Текст
                    АЦÆМÆЗ ÆМÆ ДЗЕРАССÆЙÆН


ХЪАЙТТАТЫ СЕРГЕЙ ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР» ОРДЖОНИКИДЗЕ • 1987
840сет X 18 Хъайттаты С. X 18 Пьесæтæ: Орджоникидзе: Ир, 1987,—294 с. Кайтов С. Пьесы. В пер.: 2 р. В книгу вошли лучшие пьесы известного осетинского драматурга«Ахсар и Дзерасса», «Таймураз», «Второй отец» и другие, неоднократно ставив- шиеся на сцене осетинского драмтеатра. Книга выходит к 70-летию автора. 4702470000—32 К • 31—87 840сет М131(03)-87 © Издательство «Ир», 1987
ÆХСАР ÆМÆ ДЗЕРАССÆ ЦЫППАР АРХАЙДЫ АРХАЙДЖЫТÆ: Т а м б и — 60-аздзыд. Г о с г а — йæ ус, 50-аздзыд. Дзерассæ — сæ чызг, 18-аздзыд. С æ н и а т — сыхаг ус, 50-аздзыд. Æ х с а р — йæ фырт, 18-аздзыд. М а м с ы р — хъæздыг лæппу, 18-аздзыд. X ъæ р æ у — йе ’мбал, 25-аздзыд. А йтег — Тамбийы æфсымæры фырт, 20-аздзыд. Джеуæрджи — Мамсыры фыды æфсымæр, хъæздыг лæг, 80-аздзыд. С о л т а н — хъæуы уæлыгæс, 12-аздзыд. С а ф и а т — йæ хо, 19-аздзыд. Б и б о X а т у фыййæуттæ. С а ла м X ъ æ у ы ц æ р д ж ы т æ. Пролоджы архайынц: С о л т а н — куырм лæг, 60-аздзыд. Д а д о — колхозы сæрдар, Солтаиы хæрæфырт, 30-аздзыд. Т а м а р æ — дохтыр, 22-аздзыд Н и н æ — рынчындоны кусæг, 25-аздзыд. В а л о д я I Солтаны хæрæфырттæ. ПРОЛОГ Рынчындоны кæрт. Дидинджыты æхсæн — Ленины бюст. Дыууæ рынчы- ны хъазынц шахмæттæй. Чысыл дарддæр даргъ бандоныл бадынц Кларæ æмæ Валодя дидинджыты пуцæлттимæ. Дардæй зыны æдзæрæг хъæу. Хъæу- гæрон цъæх фæзы — стыр кæрдо æмæ фæткъуы бæлæстæ уалдзыгон фæлы-
сты. Радиойæ хъуысы ирон музыкæйы концерт. Рацæуы Тамарæ. Валодя æмæ йæм Кларæ базгъордтой. Кларæ. Тамарæ Сергеевнæ, дада нæма ракаст? Т а м а р æ (рæвдауы йæ). Нæма, Кларæ, нæма. В ал о д я. Æмæ кæд ракæсдзæн? Тамарæ (хъуыдыгæнгæ). Ракæсдзæн... Абон хъуамæ ракæ- са. (Кларæ æмæ Валодя сцин кодтой, уынгмæ азгъордтой.) Фæ- лæуут-ма, æмæ лагертæм та цæуылнæ ацыдыстут? К л а р æ. Дадайы æнæ фенгæ? Валодя. Пионерты иннæ къордимæ ацæудзыстæм, Тамарæ Сергеевиæ. Н и н æ (рахызт). Тамарæ Сергеевнæ! Цавæрдæр «Победæ», йæ рыг йæ сæрыл сисгæйæ, стындзы: кæд ма исты зонын, уæд Дадойы машинæ у. Т’амарæ (фефсæрмы). Ссæуы та? Н и н æ (хин худт бакодта). Дæлæ æрбахæццæ! 'Æдде хъуысы машинæйы хъæр, Тамарæ ацыдис. Фæлидзыс та?.. .Уый дæр йæ фæстæ ацыд. Æрбахызт Дадо сывæллæттимæ, йæ къухы — хъисфæндыр. Да до (пионертæм). Уæдæ, зæгъут, дадамæ рынчынфæрсæг æрбауадыстут, гъи? Валодя. Дбон дадайы цæстытæн операци кæнынц... Д адо. Операци нæ. Дадайæн операци раджы скодтой. Кл а р æ. Уæдæ? , Дадо. Уæдæмæ йын абон фыццаг хатт райхалдзысты йæ цæстыты бæттæн операцийы фæстæ. В а л од я. Æцæг? Дадо. О. К л а рæ (лæппумæ). А-гъа, æз цы загътон? Д а д о (æркаст сахатмæ). Кæцы у йæ рудзынг? К л а р æ. Уæртæ. Дадо фæцæуы рудзынгмæ. Кларæ æмæ Валодя хъазынц нуварс. Кæрты фæзынд Тамарæ. Д а д о. Дæ бон хорз... Т а м а р æ. Æгас цу... Д а д о (стыхст). Куыд стут? Т а м а р æ. Бузныг. Куыд дæ равдæлд ахæм кусгæ бон? Д а д о. Мæнæ МТС-мæ суадтæн æмæ, з-æгъын, æххæст Сол- таны абæрæг кæнон. Цы хуызæн у мæ мады æфсым-æр? Тама р æ. Дзæбæх у. Д а д о. Операци фæрæстмæ? Ракаст Солтан? Тамарæ. Ракаст, зæгъгæ, дын нæ загътон!.. Куы ракæса, уæд дæм Нинæ ныдздзурдзæн.
Дадо. Тамарæ! Абоны хуызæн фæлурсæй дæ никуы ма федтон, тæрсыс? Т а м а р æ. Мæ-гъа... Чи зоны, тæрсгæ дæр кæнын. Уый: мæ фыццаг операци у Филатовы методмæ гæсгæ... Æппæты фыццаг ын кард йæ цæстытæм куы систон, уæд мæм афтæ фæкаст, цы- ма йæ цæстытыл цæссыгтæ фæзынд. Стæй йæ бафарстон, кард уыныс æви нæ, зæгъгæ, æмæ, дам, нæ. Æртиссæдз азæй æхёæз æмæ дыууиссæдзы куырмæй фæцæр? Д а д о. 0, цыппæрдæсаздзыдæй бакурым. Фæзынд Нниæ, бахудт, фæстæмæ аздæхт. Тамарæ (хъисфæндырмæ амоны). Ай та дын циу? Дадо. Хъисфæндыр. Бирæ зарджытæ нын фæкодта зæронд хъисфæндырæй... Кæд æй фена, уæд ын æй балæвар кæндаы- нæн. Т а м а р æ. О, хæдæгай, хъисфæндырæй дæсны куы у. Æмæ йæ куынæ фена, уæд та? Д а д о (ныуулæфыд). Уæддæр... Тамарæ (æркаст сахатмæ). О, афон у. (Фæцæйцыд, æр- лæууыд.) Уый мæ сæр не ’рцахста, исты лæвар ын бацæттæ хъуыд. Д адо. Куырм адæймаджы йæ цæстæй ракæсын кæн, уымæй ма хуыздæр лæвар цы уа? Там’арæ. Нæ фыдæлты загъдау, дæ ныхас сæдæйы фыц- цаг фæуæд. Телефоны хъæр фæцыд, ракæнынц Солтаны, йæ цæстытæ баст, æрбадын ай кодтой. Кл а рæ. Дада! Та.мар æ. Цæй, куыд у, нæ фыды хай? С о л т а н. Нæ зонын, мæ хур, Тамарæ. Д а д о. Æнæниз у, Солтан. С о л т а н. Ды дæр ам дæ, агитатор? (Уынгты ногдзаутæ ма- шинæйы заргæ фæцæуынц.) Дадо! Акæс-ма, мæ ’пионертæ уыдо- пимæ не сты? Д а д о. Дæ пионертæ дæ разы лæууынц, Солтан. .Солтан. Ау! Æмæ мæ хъæбысмæ куыд нæ згъорынц? Ра- уайут-ма мæм. Сывæллæттæ базгъордтой. Кл а рæ. Дада! С о л т а н. Мæ чысыл Кларæ, Валодя... Мидæгæй телефоны хъæр дæуы. Тамарæ (æркаст сахатмæ). Цæй, цом, Солтан, афон’у, райхалæм дын дæ цæстыты бæттæн. С о л т а н. Райхал, райхал, мæ хур, цом. 7
Нинæ (рахызт). Тамарæ Сергеевнæ! Горæтæй дзурынц, фæрсынц Солтаны операцийы тыххæй. С о л т а н. Горæтæй? Тамарæ (тыхстæй). Ныртæккæ. Солтан. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы æз нал уынын цæс- тæй, æхсæз æмæ дыууиссæдз азы мæ. развæндаг агуырдтон уыр- зæй. Цал хатты фæндыд мæн уалдзæг фенын! Цал æмæ цал хатты фæндыд мæн æдæрсгæ азгъорын ме ’взонг бонты! (Вало- дяйырдæм.) Ау! Ныртæккæ фендзынæн сымах, дадайы хуртæ! (Рацыд раздæр.) Æви тар мигъ сбаддзæн мæ цæстыты раз фыц- цагау: цæй, цы уа, уый уæд. (Бацыд мидæмæ Тамарæ æмæ Ни- нæимæ.) Валодя. Дада ракæсдзæн? Д а д о. Ракæсдзæн... Хъуамæ ракæса. Валодя. (Кларæмæ). Дада куы базона, мах ыи цы лæвар бацæттæ кодтам, уый, уæд ын куыд æхсызгон уыдзæн!.. Д а д о. Цы лæвар ын бацæттæ кодтат уагæр? В а л о д я. Нæ лæвар ын æз дæ хъисфæндырæй зæгъдзынæн. К л а р æ. Иæ цагъд ын сахуыр кодта. Дадо. Сс... рацæуынц. Солтан рахызт, йæ цæстыты бæттæн — йæ къухы, йæ фæйнæфарс Тама- рæ, Нинæ, адæм æрбамбырд сты. Вал 1Тя. } Ракаст... Солтан. Уалдзæг! Уалдзæг! Бæлас! Дур! Кæрдæг! Зæхх! Арв! Адæм! Дуне! Кларæ! Валодя! (Цины цæссыгтæ.) Куыд æхсызгон у адæмы уынын!.. (Ауыдта дидинджыты æхсæн Лени- ны бюст, бацыд æм хæстæг.) Ленин! Цас адæмæн фенын код- тай рухс? Д а до. Солтан! Дæ рæсугъд зарджытæм дын арæх чи хъуы- ста, уы’цы колхозонты лæвар. (Дæтты йæм хъисфæндыр.) Солтан арæхстгай авæрдта хъисфæндыр Валодямæ æмæ дидинджыты Æаст дыууæ днхы акодта. С о л т а н. Сымах амондджынæй цы зæххыл цæрут, уый æна- люнд уыд кæддæр. (Дидинджытæ байуæрста Тамарæ æмæ Да- дойæн.) Дадо. Солтан! Мæнæн та цæмæн? Операци Тамарæ... С о л т а н. Нæ, рæдигæ нæ фæкодтои. Цæстуынгæйæ рæди- йæн нæй. Æз куырм уыдтæн, саугуырм, фæлæ мæнæн дæр мæ риуы зæрдæ ис, æмæ уый æппæт дæр æмбæрста. Æз уыдтон уарзондзинад уе ’хсæн... Сыгъдæг уарзондзинад. Бахъахъхъæ- нут æй кæронмæ, макуы йæ фесафут. Бамбийы тулдз бæлас æд уидæгтæ, ныххуыскъ вæййы æнæкæрон денджыз, сау фæнык иыввæййынц фыдæлтыккон хæхтæ, æрмæстдæр уарзондзинадæн амæлæн нæй. (Ныджджих, фахсыл цы дыууæ бæласы æрзад, 6
уыдонмæ. Валодя хъисфæндырæй цæгъды «Æхсар æмæ Дзе- рассæйы» цагъд.) О, цæргæ мын кæнай, сахуыр кодта, кæй йьщ амыдтон, уыцы кадæг. (Фæкомкоммæ фахсыл æдзæрæг хъæу- мæ.) Мæ чысыл кæрдо бæлас æмæ фæткъуы бæлас, цæй бæрзонд фæцыдыстут —Æхсар æмæ Дзерассæ! (Иу-цалдæрæй афарстой: Цы? Чи?) Фыдæлты мæлинаг æгъдæутты азарæй басыгъдысты дыууæ рæсугъд хæххои дидинæджы. Цæйбæрц уарзтат Цард æмæ куыд байсæфтыстут æдзардæй! Дадо. Цы сыл æрцыд. Солтан, радзур-ма нын æй? Солтан. Цæгъд, цæгъд, Валодя, мæ хур. Уыдоныл цы æрцыд, уый макуы æрцæуæд сымахыл, мæ хъæбултæ! Уыцы æдзæрæг хъæуæн кæддæр йæ хæдзæртты тохынатæй фæздæг пиллон уагъта, царды цалх дзы æнæрæнцойæ зылди. Уый ра- лжы уыдис, мæныл цыдис уæд æрмæст цыппæрдæс азы... Цып- пæрдæс азы... Сценæйы рухс сындæггай ахуыссыд, стæй та срухс, æмæ разынд ног иыв.. Æмбæрзæн. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГНЫВ Ирон хæххон хъæу Цъамад — сæрдыгон фæлысты. Дардæй зынынц хæх- тæ. Тамбиты кæрт, астæуæй бæхбæттæн, чысыл дарддæр стыр дуры раз — бæлас. Уынгæн иннæрдыгæй зыны Æхсарты кæрт. Кæрты — ног сагъд фæт- къуы æмæ кæрдо бæлæстæ. Солтан бады сæ цуры, цыдæртæ архайы. Чысыл- гай æрныгуылы хур. С æ н и а т (æрбахызт æд æхсырф). Солтан! Мæ хур! С о л т а н. Цы кæныс, Гыцца? С æ н и а т. Уыцы лæппу нæма æрцыд? Солтан. Æхсарæй зæгъыс? Нæма. Зноны барæг чысыл раздæр ам уыд. С æ н и а т. Схæццæ? С о л т а н. Чи у, чи, Гыцца? С æ и и а т. Фæсхохаг. (Ацыд.) С о л т а н. Фæсхохаг? Æмæ ам цы агуры? Ау! Æхсары æх- хуырсты дæтты Гыцца? (Кæйдæр ауыдта, сыстад.) Джеуæрджи (æрбахызт). Лæппу! Дæ уæрыччытæ æн- дæр кæм хизай, уый дын нæй, мæ хуымтæм дзы исчи куы æр- баирвæзтаид, уæд та? Нæма æрцыд Сæниаты фырт? Солтан. Нæма. Джеуæрджи (аздæхт Тамбитырдæм). Ам уæ исчи ис? Йæ, Тамби! Солта-н. Нæма ссыдысты уыдон дæр хуымæй. (Ацыд.) Джеуæрджи. Дысон-бонмæ хуыссæджы цъыртт нæ фед- тон. Тæрсын, нæ тæизæрдæ кайысаг зионы уынаффæ кæронмæ куы нæ ахæццæ кæна, уæд дыууæ мыггагæй дæр зарæггаг фæ- 9
уыдзыстæм. Хъуамæ Сæниаты фырт тæккæ абон мауал уа ам. Сæфтмæ цæуынц адæм, сæфтмæ. Къулбадджктæ сæ цæсгæмттæ суагътой, æгъдау сын æгъдау нал у, æфсарм — æфсарм (Ацыд, паузæ.) I Æрбацыдысты Тамби, Солтан æмæ Госга, æрæвæрдтой æхсырф, цæвæг, кæрдæг. Госга. Охх, охх, цы тæвд бон скодта, ма та рауара! Т а м б и. Цæй раджы æртардтай ацы изæр дæ уæрыччытæ, Солтаи? Солтан. Раджы ма у, Бæппу? Т а м б и. Нæу, нæу, цу хъаз, цу. (Радта йын сæнчытæ.) < С о л т а н. Уæ уæрькччыты уын донмæ ныскъæрдтои, Бæппу. Г о с г а. Стыр лæг ау. (Солтан азгъордта.) Т а м б и. Æхгæд та куы у дуар. Оу, адонæй хæдзары куыд ничи лæууы.! Кæм ис уыцы чызг? Дзела! , Г о с г а. Æрыскъæфмæ цæуинаг уыдис, æнхъæлдæн, чызджы- тимæ. Т а м б и. О, уæдæ та афонмæ Богазоны цъуппытыл разгъор- базгъор кæнынц. Нæ чындздзон чызг æрыскъæфдзуан.. Госга. Æ, уайых æрбауай, куынæ мын æй ачындз кæнай, уæд! Дæу бауадз, уæд æй уайтагъддæр æрбауæй кæнис. Тамби. Цæй, уагæр ма мын фырт куы ныййардтаис? (Ба-, хызтысты мидæмæ.) Æрбацæуынц Мамсыр æмæ Хъæрæу чысыл нозтджынæй. М а м с ы р. Гъемæ дын уый дзырдтон, бæхæй рахаудтæн æмæ чысыл ма бахъæуа, мæ зæнг мæ быны ма фæуа... (Дзыхъ- лæудфæкодта.) Гъей, Хъæрæу!.. Хъæрæу (рог къæзæнæг ныхас). Цъамады хъæузæдыстæн, Мамсыр, нæ та уæндыс цæуын ацы уынгты. М а*м сы р. Цы? Хъæрæу (иуырдæм). Дзортт... дзортт-дзорттыстæн, æп- пындæр н-ал хъусы фыруарзтæй. Дæуæй йæ, зæгъын, хъæздыгдæр лæппу ахæсдзæн. М а м с ы р (гуымиры уæзбын иыхас). Баздæх, бавдæл... Ныицъыхтай та дзы. .Хъæрæу (иуварсмæ). О, о, фехъуыста мæ. Ахиз мидæмæ. Мамсыр. Габанты хардзæй та дзы ануазыимæ хъавыс, æвæццæгæн. Хъæрæу. Хур кæцырдыгæй тава, уыцырдæм бадын хъæуы. Мæнаххос нæу. Дзортт... дзортт... дзорттыстæн, зæгъгæ, дын зæгъын, Мамсыр, куыддæр фындзыл арахъхъы тæф оæмбæлы, афтæ мæ къæхтæ мæ быны нал фæцæуынц, мæ хъустыл ауайы сыкъаты алыхуызон хъæлæс: «Хъæрæу, мидæмæ, Хъæрæу, ми- дæмæ». Хъемæ цæсгом армы дзаг йедтæмæ нæу, æмæ та æз дæр... Мамсыр. Уым смидæг вæййыс? Цæй хиуарзон дæ!.. 10
Хъæрæу. Амæлæд, йæхи’чи нæ уарзы, уый... О, о, уæд адæмæй иу дæр уæлæуыл нал баззаид, æмæ ма Госгайы арахъхъ чи нуазид? Мамсыр. Цæйбæрц ныхæстæ дæм ис! Госга^æ... Хъæрæу. Дæуæн уый загъд-æуа,, бирæ ма дзур, мндæмæ ахиз æмæ та æз дæр сиахсы руаджы иу арахъхъ. бануазон Га- бамты хардзæй. . Мамсыр. Хъæрæу! Бавдæл æмæ иннæ уынгты цом. (Аз- дæхт фæстæмæ.) Хъæрæу (уромы йæ). Кæдæм? Кæдæм хæссыс пыхс дæ сæрыл? Æмæ дæ уæд исчи тыхæй, даргъ сагойæ æрбаппæрста? Худинаг у. М а м с ы р. Цæй, ды та дзы ,де стыр кадæн тæрсыс? Хъæрæу. Гъæ-гъа, уæдæ, уый та дзы мæнæн! Æз та дын цы зæгъын, уый зоныс? Æгæр стырзæрдæ дæ. Абон æрыскъæф- мæ цæуыннæ ацыдтæ семæ? Мамсыр. Омæ мæм, Хъæрæу, нæ цыд æрыскъæф хæрын. X ъ æ р æ у. Æрыскъæф дарæг дæ ма уæд, Дзерассæитимæ цæуылнæ ацыдтæ? Мамсыр. Ды мын куы загътай, уæд ацыдтæн, фæлæ Æх- сар цыдæр дугъ æрхъуыды кодта æмæ... Хъæрæу. Æшæ та фæсте баззадтæ. Ибон дæм Джеуæр- джи куы’ хæцыд,уыцы чызджы Сæииаты фыртимæ хъазыи ма уадз, зæгъгæ. Хъуыды ма кæныс, уый фæстæ дый Æхсар куыд загъта ’ (фæзмæгау): «Дзерассæйы ды нæ, фæлæ Джеуæрджи дæр нæ балхæндзæн>\ Уæдæй нырмæ дæ фыды æфсымæр артау судзы.-Ды та, æрыскъæф дæ хъæуы æви нæ, ууыл хъуыды кæ- иыс. Бамбар, ны’хас дæ мыггаджы сæрыл у. (Фæзмы.) «Æрыс: къæфтæ хæрын мæм нæ цæуы». Уымæй уæлдай куы ницы змæ- лой, уæд дын Сæниаты фырт дæ бæлоиы йæ ахстонæй аскъæф- дзæн. М змсы р. Чи, кæй? Хъæрæу. Æхсар Дзерассæйы. Æз сæ мæхæдæг цалдæр хатты иумæ сусу-бусугæнгæ федтон. М а м с ы р. Райдыдтай та. Хъæрæу. Иу хатт ма дын æй, зæгъын: кæрæдзи уарзынц, муыд иæ дæ.уыриы?; М а м с ы р. Хъæрæу... X ъ æр æ у. Джеуæрджийы хъустыл та цыдæртæ æрцыд, иосн сæ иумæ лæугæ дæр федта æмæ йæ хъæлæсæй æхсидæвтæ хауд. Тамбяимæ дæр хæцыд, акса, абон дæр та æрыскъæфмæ куы сты. Цон Джеуæрджимæ. (Азгъордта.) М а м с ы р. Хъæрæу! Хъæрæу! Иæ фæстæ фæцæуы. Госга рахызт, цыдæртæ архайы. Тамби (рахызт). Арв та хъулæттæ кæны, тæссаг у, куы 1^'уара, уымæн...- Нæ сиахсаг, цыма, нæ дуармæ лæууыд. Уæртæ, Æ^зæццæгæн, фефсæрмы. Хъæздыг хæдзары фырт... 11
;.\ ГосУа. Гормон! Дыууæ хъусы кæуыл ис, иу ахæм дæр ьш ’хæлæг кæныс дæ иунæг чызгæн? Тамби. Æмæ цæмæн у иунæг, бæргæ, куьт йын уаид авд æфсымæры, уæвгæ сылгоймагимæ дзурын — хърихъупп фистæ- гæй’куы сурай, уымæй уæлдай нæу... Госга (кæсы). Цæй, ма та райдай, уæртæ дæ сиахсаджы фыды æфсымæр комкоммæ махырдæм æрбацæуы. Та’м’б-и. Джеуæрджи? Уый, æвæццæгæн, йæ уазæджы тых- хæй æрбацæуы. ГбсГа. М ’арт бауазал, сразы Сæниат йæ иунæджы æх- .хуйрсты арвитиныл? Т а м б и. Уæдæ сæ цæмæй цæрын кæныс? . Г о с г а*. Цавæр зæрдæ дын ис? Æппын ницы, фæлæ йыл 1?рм уæддæр сæвæрдтай. Т а м б и. Цæй, Æхсары мæнæй с^ылдæр нæ уарзыс. Лæг у :иыр, стдæсаздзыд лæг, уадз æмæ хæдзар дара. Ауай хъæмæ, сæ мыггаджы хистæр æрбацæуы. Г о с г а. Фæсхох... Тамби. Цу, цу Сæнйатмæ, дзæгъæл дзырд ма кæн. (Гос- га ацыд.) А фæстаг бонты мын Джеуæрджи мæ зæрдæйы цы- дæр дызæрдыгдзинад бауагъта, æмæ дзы рагацау ме уæнгтæ ризынц. Нæ мæ фæнды баууæндын нæдæр мæ хъустйл, нæдæр Джеуæрджийыл, фæлæ тасдзинад тынгæй-тынгдæр кæиы. Чы- сылæй нырмæ иумæ схъомыл сты Æхсар æмæ мæ чызг, æнæ кæрæдзи цъусдуг нæ лæууынц. Цы ракодтои хуыцауæн, цæмæй мыл ахæм æнамонддзинад æруадза?! Д ж е у æр д ж и (æрбахызт). Фæдæ дæ гæппæл карст? Т а м б и. О!.. Мидæмæ, Джеуæрджи! Джеуæрджи. Мидæмæ мæ не ’вдæлы, Æхсарæн зæгъ æмæ йæхи апæттæ кæна, худинаг у уазæгæй. Т а м б и. Мидæмæ рахиз, Джеуæрджи, иу арахъхъ... Джеуæрджи. Бузныг, цыдæр хъуыддæгтæ ма мæ ис æмæ сæ акæнон, ст;æй æгæр байрæджы уыдзæн. Дженардыхъойæн, рарвит-иу уыцы лæппуйы. О, æртæ фысы æмæ хоры голлаг æр- ласта Дженардыхъо Сæниатæи йæ фырты мызды иыхмæ, изæ- ры-иу сæм суайæд... Чъынды лæг иæу... (Араст, æрбаздæхт.) Дæ цæстæнгас мæ зæрдæмæ нæ цæуы, ма та аив дæ фæнд, æгæр тæнзæрдæ вæййыс хатгай. ,Т а м б и. Джеуæрджи!.. Д ж е у æ р д ж и. Цы у уый? Иу зарæг æнæ хъырнæгæй дык- каг хатт нæ фæчындæуы. Г а м б и. Зын мын у йæ адыд, лæг ма куыдзыл дæр куы сахуыр вæййы. Джеуæрджи. Куыдз хи фосмæ куы фæлæбуры, уæд куыдзæппарæн был йæ хос. Тамби. Ныххатыр кæн, фæлæ... Д’’ж е у æ р д ж и: Нæ дыууæ мыггагæй Сæниаты фыртæй дын зынаргъдæр чи у? Кæй кад хъуамæ хъахъхъæнай? Искуыдæр > • 12
ма уый æрцыд? Кæд мæ æнæ дзургæ нал уадзыс, уæд дæ чызг фидыд у ’махимæ, æмæ худинаг у Æхсарæн искæйы фидыд чыз- гимæ.гæды æмæ мыстæй хъазын. Дæуæн дæхи аххос у, дæ зæр- дыл ма лæудзæн, цыппар азы размæ уыгæрдæны, дуры сæр кæ- рæдзиуыл куыд ныттыхстысты, уый. Уæддæр дын дзырдтон, ды та: «Сывæллæттæ сты». Сывæллоны зынгимæ хъазын бауадз æмæ дын дæ хæдзар басудза. Куыд дæ бамбæрстæуа? Мыгга- гыл нæ нæ нымайыс? Æви дын дæ ирæд кæй нæма бафыстам, уый тыххæй дызæрдыг кæныс? Кæд афтæ у, уæд тæккæ райсом дæ ирæд дæ хæдзары уыдзæн. Т а м б и. Хорз. Æппæт дæр сараздзынæн, знон мын куыд загътай, афтæ. Джеуæрджи. Табу -хуыцауæн, ахсæв æнæмæтæй бафы- нæй уыдзынæн. (Ацыд.) Т а м б и. Æхсар ницыма зоны, мæгуыр. Зын уыдзæн мæнæн дæр, хи хъæбулы хуызæн зæрдæ <йæм дарын. Фæлæ сæ фæлтау рагацау фæхицæн кæнæм. . Рацыдысты Госга æмæ Сæниат. Госга бахызт сæхимæ. Зноны уазæг сыздæхт. Сæниат. Уæууа, уый бынтондæр де уæнгтæ куы æруагътай, Черчесон... Ахæм фадат арæх нæ вæййы. С.æниат. Риуæй зæрдæ сисыны фадат арæх нæ вæййы, Бæппу. Ды раст зæгъыс. Тамб и. Кæд дæм мæ фæндон раст нæ фæкаст, Сæниат, уæд аххос мæхимæ исын, фæлæ хуыцау ме ’вдисæн, кæд сымахæн хуыздæр цæмæй уа, ууыл нæ архайдтон. Æз та афтæ æнхъæлд- тон, знон сразы дæ Æхсары æххуырсты арвитыныл. Иу-дыууæ азы цы сты? Ас лæгæй нæм æрыздæхдзæн. Стæй йын рæхджы .хъуыддаг кæнын хъæуы, хъуыддаг,% æмæ афтид , армæй... О, .хæдæгай, æртæ фысы æмæ уал уыи хоры голлаг æрласта. Цу, ацæттæ йæ, кæн. Дженардыхъойы не ’вдæлы, Джеуæрджитæм æм æнхъæлмæ кæсы. Цон, æз д’æр дæм фæкæсон. С а ф и а т (æрбазынд, айхъуыста Тамбийы фæстаг ныхæ- стæ). Цы? Æхсары æххуырсты дæттынц? Кæд мæ хъустыл ау- ад? Нæ, нæ ауад мæ хъустыл. С æ н и а т. Цы’ сты иу-дыууæ азы?« Мæ цæссыгимæ йын дзи- дзи фæдардтон. Цума кæнынхъом куы фæци, уæдæй нырмæ æн- цад иикуы æрбадт. Хосгæрдæнты — хосдзау, хуымгæрдæнты — мæкъуыл амайæг. Сугмæ мæ никуы ауагъта, хуыммæ иннæ с^.хæм! Цы уыдзынæн æиæ дæу, мæ иунæг! Цы уыдзынæ дæхæ- дæг та æнæ Гыцца фæсхох, чи дын кæндзæн зымæгон даргъ æхсæвты дæ уарзон аргъæуттæ? С а ф и а т. Гыцца! Æхсар фæсхохмæ цæуы? С æ н и а т., Фæлтау мæхæдæг мæрдтæм куы ацыдаин... Æх- сæвыцæстæй йе ссибииагмæ ауад. Цы афон ма ацæудзысты? Цом, мæ.хур, Сафиат, фæкæс мæм. Цæмæндæр æрæджы кæны ацы хатт. (Бахызт.) 13
Сафиат. Мады зæрдæ риссаг у, фæлæ дæуæн дæ-бон у, æмæ хъæрæй кæуай... Æдде сыхъуыст лæппуты ныхас. Æрбацыдысты иукъорд чызджы æмæ лæппуйы æрыскъæфтимæ. Ч ы з г. Тагъддæр, къæвда нæ æрæййафдзæн. Л æ п п у. Кæсыс? Æрæййæфтой нæ Æхсаритæ. Фæстейы чи баззайа, ууыл чъиппа. (Фезгъорынц.) , ’ С а ф и а т (кæсы). Æрызгъорынц Дзерассæимæ. Цас арæх- дæр уынын Æхсары, уыйас мæ зæрдæ тынгдæр, риссы., Тæрсын, фæлæ цæм’æй, уый мæхæдæг дæр йæ зонын. Ау! Мæнæй амонд- джындæр разывдзæн Дзерассæ? Æнæ.кæрæдзи хъазгæ дæр нæ кæны-нц. Фæлæ нæ, Дзерассæ, цыфæнДьг уарзт æй куы кæнай, уæддæр дæ Тамби уьшæн нæ ратдзæн. Дæ фыд Мамсыры фыд- , имæ,, цы бон, райгуырДыстут, уыцы бонæй фæстæмæ фидыд у. « Хуыцау, ныххатыр мын кæн, цытæ дзурын ^Æхсарæй, мæ удæй йæ фылдæр куы уарзын. ÆрбазгъорынЦ... Нæ, нæ, ’тæригъæд у ахæм амондмæ къух бакæнын. Ныххатыр мын кæн, м.е ’взонг бонты æмбал Дзерассæ, ды дæр, ард дын хæрьш: никуы ничи / бамбардзæн м,æ уарзондзинад. (Бацыд Сæниаттæм.) Арв ферттывта, цалдæр’ хатты ныннæрыд, æрбазгъордтой хъæлдзæгæй Æхсар æмæ1 Дзерассæ. Æхсары къухты—халамæрзæн æмæ чыргъæдтæ. Дзе- рассæйы къухы — сæрбæттæн. ’ > Дзерассæ. Йæ бæласмæ чи фæраздæр уа? Æ.хсар.' Цæй-ма. (Æрбазгъордтой. Æхсар’ барæй фæраз- дæр кодта Дзерассæйы; уый йæ бамбæрста, æмæ йæ циндзинад æмбæхсы.) Дзер^ссæ (зары): , Сæууон хуры тынтæм ■ Райсомæй раджы, гъей^ , Сæхи^фæйвазынц дыууæ бæласы, Дыууæ бæласы, тъей. Уалдзæджы уддзæфсемæ фæхъазы. Семæ фæхъазы, гъей. Æ х с а р. Азар! Мацы ферох кæн дæ- зарæджы ныхæстæй, æз дын кæсдзынæн дæ цæстытæм. Уадз, æрцæуæд сау тымыгъ нæ фæндагыл, мах ыл æмбæлдзыстæм ныфсджынæй. Дзерассæ (зары): ’ , , Кæрæдзи уындæй, дидинæШ калгæйæ, Дидинæг калгæйæ, гъей. < Мæйы чызджытимæ арæх фæхъазынц, Арæх фæхъазынц, гъей. Æхсар (иуварсмæ). Булæмæргъ бах&лæг кæнид дæ зард- мæ, фесЬсæрмы уаиккой мæйы чызджытæ дæ цуры, ныллæууид дын ’æхсæвгæс мæ зæрдæ. / Д з ер а ссæ (зары): < , , , Цъæх-цъæхид куы дарынц уалдзыгон бæлæстæ, ^ 1*
Уалдзыгон<бæлæстæ, гъей. Сæ нæуæг сыфтæртæй сæхи рæвдауынц, Сæхи рæвдауынц, гъей. , V ÆЖс а р. Ацы хатт ды фæраздæр дæ фæткъуы бæласмæ, фæ- лæ мæиæц та мæ кæрдо бæлас бæрзонддæр у. ’ ’ Дзерассæ. Æмæ дæхæдæг дæр, æвæццæгæи, фылдæр фæ- цæрдздоæ мæнæй. ,' ; 1 ’ , , Æ х с а р. Нæгъ, ды... Д з е р а с с æ. Нæгъ, ды. Æ х с а р. Æмæ бæлæстæ иу бон куы ныссагътам. Дзерассæ. Гъемæ бæлæсты æмбæрц фæцæрдзыстæм мах’ дæр. I | у , • Æхсар. Æндæр нæ? (Дзерассæ йæм бакаст, Æхсар феф- сæрмы.) Гъеыыр дæр ма тæрсыс арвы нæр!дæй? ’ Д з е р а с с æ. Нал. (Фæцæуы.) Æхсар (иуырдæм).О. куыд тапщ фæдæ, диссаджы бон? ’ Дзера’ссæ (æрлæууыд). Тагъд, зæгъыс? : Æхсар (фефсæрмы). Тагъд, тынг тагъд/Дзерассæ. Дзерассæ. Чи’зоны, раст дæ ды. Æ х с а р. Фæцыд дæ зæрдæмæ дæр ацы сæрдыгон ’&онг Д з е р а с с æ. Фæцыд. Сæниат..'. Фæцæй йæм згъордта фыццагау хъæлдзæгæй, фæлæ тынг фефсæрмы,1 ин- нæрдæм’алыгъд Æхсар йæ фæдыл кæсы. 1 Æ х с,а р. «Фæцыд»... Дзерассæйы цур вæййын хъæлдзæг, зæрдæмæ ныккæсынц хуры тынтæ, æхсæв æй мæ фыны фæуы- нын, райсомæй хуры окастимæ æнхъæлмæ фæка^сын йæ уынд- мæ. Цы сирвæзт мæ дзыхæй? Ау, уый гæнæн дæр ис? Дзерас- сæ’ чысылæй нырмæ Мамсыримæ’фидыд у, æмæ чи атондзæн уыцы болат рæхыс? Т а м б и (рахызт). Кæм и, кæ? Æрхæццæ дæ, Æхсар? Æрæ- вæр ма дæ халамæрзæн. Дзела! Радав-ма,, къулыл цы гæрзтæ ис, уыдон. (Дзерассæ ацьф.) Дфон у. Де схъомылмæ дын фен- хъæлмæ кастæн, г;ьеныр æрхæццæ уыцы амондджын ббн. (Ра- хызт Дзерассæ æхсаргард æмæ дамбацаимæ.) Айс сæ! Æмæ сæ мæ номыл фæдар. Æ х с а р. Бузныг, Бæппу, сæ дыууæйыл дæр мæ сахуыр код- тай ды, цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæндзынæи. Т а м б и. Слас-ма, уæдæ, д.æ дамбаца æмæ кæс. (Ныхъхъа- выд, фехста, æрхауди маргъ:) Кæсыс? Фехс’ ма дыккаг цъиахы ды. ; • ’ ’ Рахызтысты Сæниат, Сафиат Æхсар. Хатыр^ бакæн, Бæппу, фыццаг хатт хизын дæ ны- хасы сæрты. Чй зсны, уыцы цъиахмæ æнхъæлмæ^ кæсынц йæ ахстоны йæ чысыл лæппынтæ, зын сын уыдзæн, æххормаг æмæ сидзæрæй) куы баззайой, уæд. Æз фехсдзынæн,- цъæхснаг уис, ка^д мын бар дæттыс, уæд. 15
Т а м б и. Фехс, фæлæ зон, лыстæг уисæн акъуырæн нæй, нæ мæ фæндыд дæ дзæгъæлæхст фенын... Тамби йæ ныхас кæронмæ нæма фæци. Æхсар фехста, уисы æрдæг æр- хауд Тамби цин кæны Æ х с а р. Гыцца! Уый дæхи кæдæмдæр куы рарæвдз код- тай. Ибонау та мæ иунæгæй ма ныууадз! С æ н и а т. Æрхæццæ дæ, мæ къона. Æз та .ма дыл мæт кодтон... Госга, Дзерассæ æмæ Сафиат ацыдысты. Т а м б и (иуварсмæ). Нæ, нæ, тæригъæд ныхас дзы загъ- тон. Сæхи бар сæ бауадзон. Æхсар (хъæлдзæгæй дæтты чыргъæд). Гыцца! Ацы хатт дзы куы нæ бахæрай, уæд дæ нæ ныууадздзынæн. С æ н и а т. Хорз, хорз, Гыццайы хур. Æз дæр дын замма- найы лæвар сцæттæ кодтон. Æ х с а р. Æцæг? Цы у, цымæ, базонæн ын нæй? С æ н и а т. Æххуырсты дæ дæттын, мæ хур, фæсхохмæ. Æ х с а р. Æххуырсты?.. С æ н и а т. Дæ цæсгом цикъæйæ фæлурсдæр куы аци, мæ хъæбул... Цы гæнæи ис, адæймаг фыдæбонæн равзæрд. Де ’ххуырсты мыздæн дын йе ’мбис рагацау æрластой. Æ х с а р. Æмæ Бæппу та цы зæгъы? С æ н и а т. Бæппуйы фæнды афтæ, мæ хур. Æ х с а р. Бæппуйы? С æ н и а т. Худæн ыл нæй. Чи зоны, стыхсти æдзух махæн æххуыс кæнынæй... О, нæ фенамондгæнæг хуыцау! Дæ фыд дæ авдæнæй рахизгæ нæ федта, демæ хъазынæй нæ бафсæст, цæ- мæй зыдта, æмæ искуы йæ иунæджы æнахъомæй хæдзардарын хъæудзæн. Фæлæ, мæ хур, мæгуырæи йæ род — гал, йæ лæппу— хæдзардар! Цалынмæ ныхас афтид кæрдзын æмæ дон амал кæ- ныныл цыди, уæдмæ æз дæр ницæуыл хъуыды кодтон... Фæлæ афтæмæй дæр куыд цардæуа, дæ рын бахæрон? Бæппуйы загъ- дау, мæгуыры æвджид чи бакæндзæн иæ чызджы! Æ х с а р. Кæугæ нæ, Гыцца, ингæнмæ мæ куынæ æрвитыс, мыййаг. Иу-дыууæ азы цы сты! Æгайтма мæ бон исты фех- хуыс кæнын у нæ хæдзарæн. (Сæниат æнæ иу сныХасæй ацыд.) Гыцца!.. Дзерассæ (рахызт). Æхсар! Кæдæм цæуыс? Цытæ дзу- ры Сæниат? Фæлæуу! Ма батагъд кæн дзуаппыл. Æ х с а р (хъазæгау). Кæдæм? Фæсхохмæ. Дзерассæ. Цы сфæнд кодтай? Æ х с а р. Цы сфæнд кодтон? (Сусæгæй.) Дæу аскъæфын... Тамби æрбахызт, фæкаст сæм. Дзерассæ. Бæппу! Æххуырсты цæмæн æрвитут Æхсары? Т а м б и. О, æз та дæ æмбаргæ чызг хуыдтон, афтæмæй æх- 16
хуырсты цæмæн фæцæуыиц, уый дæр нæ зоныс. Цæрын хъæуы-к мæ хур, цæрын. Цæрынæн та — кусын. Сæниат рахаста Æхсары дзаумæттæ. С æ н и а т. Цу, исты уал ахæр. Æ х с а р. Хæрын мæм нæ цæуы, Гыцца. (Дзерассæ азгъорд- та.) С æ н и а т. Цу, уæдæ, мæ хур. (Дзаумæттæ йæм радта.) Æ х с а р. Афтæ тагъд цæуын хъæуы, Гыцца? Т а м б и. Дженардыхъо Джеуæрджиатæм ис, Æхсар, дæумæ- æнхъæлмæ кæсы, уартæ дын саргъыбæх ныууагъта. Зын у, Æх- сар... Æхсар. О, Бæппу, ме схъомылгæнæг, дыууæ азы æххуыр- сты фæцæуын зын нæу; зын, æрмæстдæр сымах кæй нæ уындзы- нæн, уый у. Т а м б и (иуварсмæ). Хуыиау, ныххатыр мын кæн ацы хъуыддаг. Дзерассæ (рахаста кæрдзын). Æхсар! Фæндагыл сæххор- маг уыдзынæ. Æхсар. Бузныг... Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Д з е р а с с æ. Кæд æрцæудзынæ? Æ х с а р. Нæ зонын, æз цæуын, фæлæ мæ зæрдæ ам уьь дзæн... Къæвда тынгæй-тынгдæр уары, хъуысы арвы нæрд. Д з е р а с с æ. Бæппу, къæвда куы уары, райсом ацæудзæн.. Т а м б и (фæдызæрдыг йæ чызгыл). Цæй къæвда у, иугай æртæхтæ. Æ х с а р (æрæджиау). Цæй, Бæппу! Тамби. Фæндараст, Æхсар! Æхсар (Сæниатмæ). Цæй, Гыцца. Уæууа, кæугæ та куы кæныс! С æ н и а т. Бынтон иунæгæй мæ ма ныууадз, мæ хъæбул. Æ х с а р. Цытæ дзурыс, Гыцца! С æ н и а т. Лæгты дзуары уазæг у. Джеуæрджи (æрбахызт). Рæвдз у? Мæнæ уæ хор æмæ уæ фыстæ дæр. (Æддæмæ.) Лæппу! Æрбайс голджытæ мидæ- мæ, фыстыл дуар бахгæн. Æ х с а р. Цæй... (Ацыд стыр зæрдæхсайгæйæ.) Æдде бæхты къæхты хъæр. Адæм иууылдæр кæртмæ рауадысты, кæсынц Æхсары фæстæ. Арв тынгæй-тынгдæр нæры. Дзерассæ (фезгъоры). Æхсар! Тамби. Кæдæм ды та? (Дзерассæ æрлæууыд, Тамби тынг фæдызæрдыг.) Уый циу? Ау, цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыд? Кæрæдзи уарзынц? С а ф и а т (арвы нæрдмæ). Æркæл, æркæл, сау хох, цæмæ- 2 Хъайттаты Сергей 17т
ма кæсыс, сæхгæн æфцæг, фæндæгты дæ сау къæйты бын фæ- кæн!.. (Кæуы.) Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Уалдзæг Фæсхох. Изæр. Æдде хъуысы фыййауы зарын. Æрбазынд. Æх- сар æд нымæт, æд лæдзæг, æд хызын. Æрлæууыд. Бирæ фæкаст Уæлладжы- ры комы ’рдæм. Æ х с а р. Цалынмæ мæ фос ацы рагъмæ фæтæрын, уалынмæ мæ цæстытæ ныйирд вæййынц. Цъамад... Хур хæхты аууон фæ- ци. Гыцца, цымæ цы ми кæныс афонмæ, хуыцау зоны. Хъуамæ та искæйы хуымы æвæллайгæ кусыс. Афоимæ хуымæй сыздæхы Бæппу, Дзерассæ цыхцырæгæй схæссы дон. Дзерассæ! Цæмæн дæм афтæ тынг æхсайы мæ зæрдæ? (Æрбадт, æрбайхъуыст бæх- ты къæхты хъæр.) Цымæ уыцы бæлццон та чи у? Мамсыр? (Иннæрдæм аздæхт.) М а м с ы р (æдде). Дырр! (Æрбахызт къуылых нозтджы- иæй.) Дæ фос бирæ, фыййау! (Базыдта Æхсары.) А, уын ды куы дæ! Бирæ азты фæцæуай фыййау! (Æхсар æм æнæуынон цæстæй бакаст.) Æгæр фыдуаг ахуыр дæ кæны, æнхъæлдæн, мæ мады ’фсымæр Дженардыхъо. Æххуырст-иу афтæ нæ фæда- ры йæхи. О, о, уый мæсты кæнын дæр куы зоиыс, дæ цæстытæ фаттæ куы фестиккой, уæд мæ иннæрдæм ахнзЬккой! Цæй, æм- гармæ мæсты нæ фæ?;æнынц. Кæд искæмæн салам æрвитыс. Рай- сом фæстæмæ цæудзынæн. Æ х с а р. Бузныг. М а м с ы р. Амонд дæ нæ фæци. Æ х с а р. Ома? М а м с ы р. Ома, зæгъын, дзæгъæлы райгуырдтæ æз æмæ Дзерассæпмæ иу >бон; нæ зæрдæтæ иу тугдадзинæй кусыиц Дзе- рассæимæ. Æ х с а р (худы йыл). Ды, зæрдæ цы у, уый зоиыс? М а м с ы р. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæн? Уæвгæ, йæ зæр- дæ дæу фæуæд. Цæй, мæн не ’вдæлы. (Фæцæуы, æдде.) Дырр... Гъ’ей, Хъауырбеджы фырт, мыййаг, дымгæ хæхтæм хъæуæй фæндыры цагъд куы схæсса, уæд-пу фæзын нæ чындзæхсæвмæ. Дженардыхъоимæ-иу рацу. (Ныххудт.) Æ х с а р (фæджих.) Цымæ цы зæгъынмæ хъавыд уымæй? Æлæг кæд исты хъуыддаг кæнынц... Ау! Мæн барæй рарвыстой æххуырсты? Иæ, нæ, Бæппу афтæ нæ бакæндзæн... Нæ, æгæр раджы цин кæнут... (Фæцæуы Уæлладжыры комырдæм, æрлæу- уыд.) Ме ’ххуырсты мыздæн йе ’мбис фыст у, æмæ куыд ных- лæссон маст ме -фхæрд ныййарæгмæ! Ехх! (Ныджджих.) С а л а м (æрбахызт заргæ): Гæкку мæ Макъарæн нал дæтты, '*8
Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. Æхсар, цы джихтæ кæныс, дæ фос дзæгъæл куы ныууагъ-. тай... Æтссар (фæлыгъдысты йæ хъуыдытæ). Цы? Фос? (X (Ацыд.) Салам (зары): Гæкку мæ Макъарæн нал дæтты... Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. (Лыстæн кæны, æрбахызт Xату сугтимæ). X а т у. Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды, гъи. Са л а м: Агуат дурынæн нал бæззы. Гагуат курынæн нал бæззы, 0, рæсугъд Аминæт Ацы лыстæныл дæр барвæсдзæн. Æрбахызтысты Бибо æмæ Æхсар. . Б и б о. Æнхъæлмæ кæс... С а л а м. Бибо, бахатыр кæн, суанг ма йæ дысон мæ фыньг дæр федтон. X а т у. Стæй фехъал дæ æмæ дæ фарсмæ — мæ къах æд къогъодзи, æд фæсал. С а л а м. Фæлтау куы нæ райхъал уыдаин, куыддæр мæ зæр- диаг ныхасмæ бахæццæ дæн... Б и б о. Афтæ Хатуйы къогъодзийы фæсалмæ æрæхснырстай æмæ фехъал дæ. Худынц. Арт тынгдæр ссыгъд æмæ ныррухс кодта фыннæутты цæсгæмт- тæ. Æхсар бады сагъæсгæнгæ, Салам ныззарыд, æмæ йын иннæтæ бахъыр- ныдтой. Хату. Æвæццæгæн та дæ уарзоныл амбæлдтæ, æгæр хъæл- дзæг дæ абон, Салам... Салам. Фæрæдыдтæ, Хату. Бибо бахатыр кæнæд, фæлæ Аминæты æз æнæхъæн къуыри дæр нæма федтон. Б и б о. Уæдæ цæуыл хъæлдзæг дæ? Салам (систа чыссæ). Мæнæ ацы ран ис Аминæт, абон мæ ирæд сæххæст. Хату. Уæдæ Аминæты фыдмæ хæрзæггурæггаг цæуын æз. (Худы.) С а л а м. Æртæ азы фæллой... (Зары): Уæ, сау рæсугъд Аминæт, Дæ тызмæг фыд мæм нал хæцдзæн. Б и б о. Иу къухылхæцæг æз. X а т у. Иннæ та æз. С а л а м. Дыууæ къухылхæцæджы — дыууæ фыййауы. Иу дзы хъæуæй уæддæр фæкæнут. X а ту. Аминæт хъæумæ не ’нтысы, фæлæуу, хызисæг та?
Б и б о. Хызисæг та Уæлладжырæй— Æхсар. Салам. Æхсар? Разы дæн. Цæуыл æнкъард дæ, цæ, Æх- <:ар? Æви дæ нæ фæнды?.. Æхсар (фæцух йæ хъуыдыйæ). Цы? Хызисæг? Разы дæн, Салам. Кæд æй хæссæм? С а л а м. Æхсар! Ныббар мыи, фæлæ æз не ’мбарын, абон дыл цы æрцыд, уый. Мах зарæм, ды — нæ, мах худæм, ды — нæ. .Дæхи афтæ цæмæн дарыс? Цавæр сагъæс ис уагæр дæ зæр- дæйы? Æ х с а р. Мæ сагъæстæ уе сныхасы аргъ дæр не сты. Цы хъуамæ уа мæ зæрдæйы, цы нæ ацардтæн, уый? Ехх, куы зо- нис, Салам, куыд æхсызгон мын у дæ цин! Æз дæр кæддæр аф- тæ цмн кодтон. Ныббар, Бибо, ды не ’ппæтæй хистæр дæ, фæлæ мæ .кæм фæрсут, уым уын з^егъын... Авдæнæй нæма рахызтæн, афтæ мæ фыд амард. Иунæгæй баззадтæн мæ мадæн; зынтæй схъомыл вæййы иунæг... Уыдис мæ фыдæн иу хæлар — Бæппу, æмæ дзы фыды рæздыд зонын... Фæлæ йын, æвæццæгæн, ме схъомыл йæ хæдзармæ фыдбылыз æрхаста. С а л а м. Цæмæн? Æхсар. Цæмæн? Фыдбылыз фæрсгæ нæ фæкæны. Бæппу- йæн ис чызг — Дзерассæ... С а л а м. Кæрæдзи уарзут? Б и б о. Салам, чысыл фæлæуу. Æхсар. Уарзондзинад æдых у ам. Æз æмæ Дзерассæ цы ^боп райгуырдыстæм, уыцы бон ма иу амондджын райгуырд. X а т у. Кæй аæгъын æй хъæуы, хъæздыг хæдзары. Æ х с а р. О! Фыдæй йын баззад хъæздыгдзинад æмæ сæ мулк гуыбынмæ бафидауын кодта. Уыдон фидыд уыдысты, рæз- гæ та мемæ скодта Дзерассæ. Мах никуы ахъуыды кодтам сæ фидыдыл. Бæппу мæ йæхи хъæбулау уарзта, фæлæ, æвæццæгæн, * фыдбылызæй тæрсгæйæ, мæн æххуырсты рарвыста. X а т у. Ау! Æ х с а р. Афтæ мæм дзуры мæ зæрдæ. Цы амондджын гуырды кой кодтон, уый та, æрдæбон, комы тæргæ бæхæй чи сцæйцыди, уый у. Б и б о. Мамсыр? Æхсар. Чи зоны, йæ чындзæхсæвмæ йæ мады æфсымæры хуыдта. (Паузæйы фæстæ.) Гъе уый уын мæ сагъæстæ, мæ цард. Ныххатыр кæнут, мæ хъуыдытæй мæ фарстат æмæ уын зæр- дæйы дуар йæхæдæг байгом. С а л а м. Цæугæ у дæуæн тæккæ абон хъæумæ. X а т у. Раст зæгъы Салам. Æ х с а р. Хъæумæ... Нæ, уырдæм мын цæуæн нæй. Мæ афæ- дзы мызд ист у, ахæм маст Гыццамæ ныххæссын мæ бон нæ ба- уыдзæн. С а л а м. Бафид æй фæстæмæ. Æ х с а р (бахудт). Бафид? Цæмæй? ’2?
С а л а м. Мах дын феххуыс кæндзыстæм. Æ х с а р. Нæ, нæ... Æгæр дард ацыд мæ таурæгъ. Бибо, æз фос абæрæг кæнон. Б и б о. Фæлæуу. Фосæн ницы у, адæймагыл цæуы ныхас, сбад-ма. Кæстæртæ рæдыд ныхас нæ зæгъынц, мæнæн сæ мæ зæрдæ барухс. Салам. Мæнæн мад дæр æмæ фыд дæр ис. Хæрын дын ард, цы уарзондзинад сæм дарын, уымæй —дæ таурæгъ кæрон- мæ нæма фæдæ... Æз мæ ирæды аргъ дæуæн дæттын. Æ х с а р. Салам, иунæг ныхас дæр нал! Салам. Æфхæрдмæ мын æй ма бамбар, Æхсар, сомы дын кæнын. (Систа ныссæ.) Хату. Салам! Абонæй фæстæмæ дæ уæлдай фылдæр уарз- дзынæн. (Систа уый дæр æхца.) Æхсар! Æз мæхи амондджын хонин, не ’ххуыс дын куы нæ фæхъыг уаид, уæд. Б и б о (æрæвæрдта æхца). Æтт! Сидзæр, фидар вæййы, Æх- сар! Дæхимæ уый бæрц тых ссар, галиумæ нæ ма бамбар — нæ лæвар нын айс! , Æхсар (бынтон æрæджиау). Мæнæн мæ бон сымахæн дзуапп раттын нæу. Бибо! Дæ бирæ даринæгтæ цæстытыл куы ауайынц, уæд зæрдæ куы суынгæг вæййы... Кæнæ Хату, дæ рын- чын мад, æхсæвæй-бонæй дæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы мады фæллой... Бузныг дæн уе ’ппæтæй дæр, фæлæ уын хъыг ’ма уæд: уæ фæндоныл сразы уæвын мæ бон нæу. Салам. Карздæр æфхæрд мæ ничима бакодта. X а т у. Æз дæр ахæм дзуапмæ не ’нхъæлмæ кастæн, Æх- сар. Æ х с а р. Нæ, нæ, цыфæнды худт мыл фæкæнæд уæ зæрдæ... С а л а м. Æхсар! Фæйнæ чысылы нæ уæд та айс. Бибо, цæ- уылнæ йын зæгъыс исты? Б и б о (чысыл ахъуыдыйы фæстæ). Æхсар! Афтид дæхи уды кой ма кæн. Дæуыл ныффæдзæхста йæхи æвзонг сылгоймаг. Уый де ’ххуысмæ æнхъæлмæ кæсы æмæ хъуамæ йæ уæлхъус уай. Кæд ма хистæр æмæ æмгары ныхас ныхас у, уæд нæ лæ- рарыл сразы у æмæ тæккæ райсом ацу, æнхъæлмæ дæм кæм кæсынц, уырдæм. С а л а м. Æхсар! X а т у. Æхсар! Æ х с а р (æрæджиау). Бузныг. Стыр ныфс сæвзæрдис сы- мах руаджы мæ риуы; ард уын хæрыи, æз никуы ферох кæн- дзынæн ацы :бон! Æмбæрзæн.
ДЫККАГ АРХДЙД ÆРТЫККАГНЫВ Тамбийы кæрт, куыд ~ уыдис, ’ афтæ Мæйрухсизæр , Хæдзарæйг’ хъуыщ* х лæгты ныхас Мамсыры фйдауджытæ бадынц мидæгæй Т а м б и (рахызт). Хъуыддæгтæ иууылдæр хорз цæуынц„ тынг’ хорз... Нырт&ккæ бафидаудзы,стæад. Бузрйг, Джеуæрджи, фервæзт худинагæй н^е’ мыггаг. / ’ \ \ ’»’ ,' Æрбацæуы ’ Сæниат, йæ’ дæларм — тыхтон ^ Т а’м б и. ^ё/зæр хорчз, Чёрчес^н., ’ '| Сæниа^ Кæй изæр у,,у'ый хорзæх^ дæ’ уæд, Бæпцу. Т а м б и. Кæм ^уыдтæ ацафон дзаг, дæлармимæ;? , >' Сæниат. ^æртæ Косертæм; бауадтæн,- Æхсарæн дъуйъхъа „Чуыцын ’æмæ йæ, зæгъын, Косеры лæппуйыл абарор. Т.амби. Равдис-ма’ й&, (Райхæлдта, тыхтон.) Уæ, амонд^ джыи дарæс ьш фæуа| Дæкъухтæ фæрнæй фæдар^хорз лæвар ын бацæттæ кодтай. ч * * ’ , Сæниат! Кæймæ сæ арвыстæуа, ^афонмæ йæ ’уæлæскæ^ни1* 1 наг нал йс.( 1 , "- % , ’ % Тамб’й. Х^уыдайнат ’уйрдæм’ цæуы; сомизæр-ку æм сæ " сдаз: ■' ’ ’’ ’ * ^ ’ "// ’ { < < \ , !',/ < % Сæкиат. Хуыздæр фæу^ æз та ма мæт кодто’и. (Б^ацыдсæ- химæ.) Цæхæрадонæй уатмæ бараст Сафиат , Т/амби (йæ фæдыл). Сафиат... У^здайд^р. чызгæн ^ск^ен йæй. Мæ дæлар Хъауьфбег! Инлæнмæ ^ъш1 дзырд дæттый, дæ’ фы’рт Æхсарæн дын къараг есардтон — Сафиат.. / / 4. й т е г (ракйст)^Бæпцу, ^жеуæрджи дæда Азуры.' Т а м б й. '•' Фæцæуын. (Ай’гег ацы&.{ Æрбацæуы 1(йæ >фæдыл’ Дзерассæ.) Цон, кæннод та кæудзæн.(' ,1 ’Дзерассæ (рауадхцæхæрадонæй)} Ц&ст сын (нал хæцы* сæ митыл, тæхуды-тæхуд^ф. Бæппу а^ндæр’æбон Дзыщдейы Щ цæгатмæ | арзыс^а, уæй мæ кæны фо^ау. Уæд ма 1 ыцца’, куы фæзынид æмæ нæм уый д&р æввахс нал цæуы (4уы$та^Сæ- ниаты.) Гыцца? Хуыцау, нйфс мын’ раттч’Цы кæйой?'^гъдауы сæрты ахизон? Цæй, к*Д мцн æй ныббарид! Гьщца’ Сæниат фæкаст Дзерассæ цыдæр ’ сцæйдзырдта, стаэй нуьку^дта ^ æмæ’ йæ уатмæ балыгъд, Сæниат с’агъæсхуызæй бахызт Дзбрассæйы фйзста? Фæ- ^ зындыстц Мамсыр æмæ Хъæрæ^ нсзтджыцæй • • ’, Хъæрæу (зары). Цæуылнæ зарæ’м* пæуылнæ’кафæм? Кæ-т мæй цы дарæм? Кæй цы хъыгдарæм? Йæ Мамсыр гæр Мамсы- ры хуызæн ^сæмæн вæййы... Цы фæдæ?*' (Яæ тæрггыл ык хæцсч.) ’Мамсыр.’Су’адз! Къæдзæхыл дæхи цы хойыс ,22
’ Хъ.æрæу. Уæдæ<цы'ныхъхъус дæ? 'Æви та/къабускайы хьæд а|йыхъуырд4гай? < , ’ * ’ ч . ',, ?' Д1а}м’сы р. Афтаё æнхъæлыс^ æмæ д#м, смæсты уыдзынæн? Абон ’æз ^ппындæр’ никæмæ мæсты кæнын, ц&фæнды фйдис дæр *æн.' м' :/ > ',,•>,'* * > ’’ ’ , Xъ æ р æу. Дзортт... дзортт. Дзорттыстæн,уæ уæллаг уыгабр- дæн’ мæн;бацис, дæ дзырд.дæ ферох? , ’ , ,Мамсырк Цы, уый зоныс? Бавдæл æмæцом тагъддæ^. , ’Хъа&рæу! Æфсæрм’ы кæнын дæр куы базыдтай. < % », М а м с ц рп Мах сæр дзы ницæмæнуал хъæуы. , ■ ’ Х’ьæразу. Ма;зæгъ; лырма нæма ’бафидыдтой. Уæвгæ, хæ- дæгай; гуыбынмæ фидыд куы ^туг..1. (Иуырдæм.)Цыма йын ха- лок та^ъусы ныууасыд, уый каст та кæщл. У&д та. азæ^Дтытæ кæниккам., (Зарынц): '., * ’ \ > » < "’. / , \ ’ » / Дагомы сæрм’æ мый кæрдæг куы у’аид,, лцей!» к ^Кæрдæг ,куы уаид; гьей! , >\ ’ ’ ’, ’ , ’ ^абойы бæсты мæ Гæндзæг куььуаид, гъей! ’ ; о ,. * ^ • Гæндзæг куы уайд, гъёй! • '< , < ■ •' М а и с ы р. <Ис .. Х^усдцЦ нæ. *«',,'' < * ,' Х’ъæр æу. Чи?,;' ,/>'»>' ’, ./^1 а м с ы р. >Хъæуы сæр, куы æрæхршрсай, уæд ^ын хъæуы ’бМ’^хайыр» ЗæгъдзЫбтьь * ’ ’ (\ I • , !' ° (\< ’ (|у л\ьæрæу.. Сс... Ам тæрсын нæ хъæуы. ^Фæсхох Æхс|ары цур ^æлда^' ныхас з^гътай æмæ йæм æнхъæлмæ кæс, '/’рæхджь* ам уыдзæн. : I 1( ч х' , 'Ма^м^ыр. Акса, цом, дадайæн æй зæгъæм,'х.æцдзæн та. " Ацыдысты. Сæниат уатæй рацыд 'Дзерцссæ рахызт йæ фæстæ кæуыц- , лзастæй ’ { ’ <, \ К \ ’ ’^ , \ ’ < Д э(ер;а сс æ. Гыцца! Ныббар мын, рагæй мæ риуы æмбæхг ставинцы фæ^ардтои, уыйсхъæр кодтон дæуæн. Йæ- койæ^дæр дæ цæсгом куы ны’ффæлурс.. ^рæ н и а т (тарст&й). Цытæ• фæдзырдтай? Куыд’^ бауæнды- дьШтут’ахæм хъуыдда^ь^/гх’&уыды акæнын та? ( / Д(зерассæ. Гыйца! Æз ка,дæуыл мæ зæрдæ куы дардтон æм^& ’мæм æцæгæлоны каст куы кæныс, цавддурау куы фæдæ. ’ 1 р^ениат. Цавддур куы фестадаин фæлтау. Цы зæгъдзæн дæ фыд! ’ . I , Ш зе р а с С æ. Бæппу фыд-зæрдæ нæу, йæ маст бирæ нæ хæс- съц чи зоны, йæ хорз зæрдæйыл фæуа. Уыйбæрц^ .фæцардтæн’ æмæ дзь! нæ зонь^й схуыст ны^ас. « ,1 , ^ ,\С æ Н и а т. Джеуæрджцтæ сæ ирæд æрбарвыстой4, ’ды та Мам- сЫр’имæ туыбынмæ фидыд’ дæ, дæ фыд та номæв^рæгуÆхса- . |>æйг. Уыныс, Цы æфсæн рæхы’стæй баст сты,уе* уæнгтæ,'уый? » Д З’ер а[ссæ. Гыцца! „ ’ " ’ ^ , С æ н и а т. Сразы ут ^æ хъысм’æтыл, мæх хуртæ. Уый махæй * аразгæ нæу.'( Кæд мын ницы хъæр кодтат, уæддæр æмбæрстон æппæ^ ^р, мады за^рдæ зонаг у. Фа^лæ цы зæгъдаæн^дæ фыд? ^23
Сразы уыдзæн йемæ Æгкар йæхæдæг дæр, уый дыууæ никуыма загъта Бæппуйы ныхасыл. Ахъуыды кæнут, мæ хуртæ, сывæл- лæттæ нал стут. Дзерассæ. Гыцца! Сæниат. Уыдон тыхджын мыггаг сты æмæ мын мæ иунæ- гæн исты кæндзысты. Д з е р а с с æ. Нæ, нæ... Фæлтау цыфæнды баййафæд мæ сæр.. С æ н и а т. Гъе уæдæ, мæ хур, баууæндут уе ’намондыл. Тамбж (мидæгæй). Айтег! Уæ, Айтег! С æ н и а т. Дæ фыд рацæуы. Дзерассæ. Фыццаг хатт бафæндыд мæн Бæппуйы разæй алидзын. Ау! Афтæ уыдзæн цæрæнбонты дæр, Бæппу... (Азгъорд- та цæхæрадонмæ.) С æ н и а т. Ацы æнамонддзинад та мæм кæцæй каст? Бæп- пу... Цы зæгъдзæн Бæппу? Иæ дзæбæхдзинæдтæн ын мастæй радтæм дзуапп? Æгкар?! Æнæ Бæппу иу цъусдуг куынæ лæу- уыдтæ! Уæд ын йæ зæрдæйы кард куыд ныссадздзынæ? Къуы- былой æгæр ныссуйтæ, тæрсын, æнæ аскъуыигæ куынæуал рай- хæла, уымæй. Т а м б и (рахызт хъæлдзæгæй). Арвы дуар фегом, Черчесон. Гъер ма Æхсары куы фенин, уæд мæ æндæр ницыуал хъæуы. Мæ царды амондджындæр бонтæй иу у, Дзела æмæ Мамсыр цы бон райгуырдысты, уый. Цæуыл кæуыс, цæ, Сæниат? Сæниат (æрæджиау). Мамсыр æмæ Дзела цы бон рай- гуырдысты, уыцы бон ма иу .æнамонд райгуырд. (Ацыд.) Тамби (фæджих). Цы зæгъынмæ хъавыд, цьшæ? (Цавд- •дурау фæци.) Ау! Мæ дзæбæхдзинæдтæн мьш æндæр аргъ не скодта Æхсар, мæ фæхудииаг æй фæнды? Нæ, нæ мæ уырны. Марæн кард нæ цыргъ кодтон ацал-ауал азы мæхицæн. Уый та- цы хъуамæ уа? (Хъусы.) Кæуы Дзела, кæуы! Æрбацыд Айтег. Айтёг. Кæцæйдæр Джеуæрджийы хъустыл хабар æрцыд, Æхсар фæсхохæй рацыд, зæгъгæ, æмæ мæ ардæм æрбарвыста, фæлæ куыд райдайон дзурын? Цæй, цы уа, уый уæд. (Йæ раз- мæ фæци.) Ныббар мын, Бæппу, æз зонын, дæ масты сæр цæ- уыл у, уый æмæ мæ ных æрбатардтон дыууæ ныхасы зæгъыймæ, кæд мын бар радтай, уæд. I Т а м б и. Дзур! I Айтег. Мæ ныхасæй нæ фенцондæр уыдзæн дæ маст. Æх- сар, дам, æрыздæхт, дзурынц... Т а м б и (тарстæй). Чи зæгъы? А й т е г. Джеуæрджи. Т а м б и. О хуыцау, цæуыл мæм сфыдæх дæ? Куыд никуы скастæн хæрдмæ! Ацал-ауал азы дур ауыгъд уыд мæ сæрмæ æмæ йæ бæттæн бонæй-бон лыстæгдæр кæй сси, уый нæ уыд- тон. Къул’бадджытæ! Кæрæдзиуыл æгæр фæцахуыр. сты, рага- цау сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын хъуыд. 24
А й т е г. Мæхи дæ разы аххосджын хонын, æз уыдтæн Æхсар æмæ Дзелайы уарзондзинадæи æвдисæн. Никуы дæм бауæндыд- тæн, мæнæй къаддæр нæ уарзтай Æхсары æмæ мæ нæ фæиды- ди дæуæн маст скæнын. Т а м б и. Дæу нæ бафæндыд мæнæн маст скæнын æмæ ныр ме ’намондæн æвдисæн дæ, фæхудинаг дæ фыды æфсымæр, фæхудинаг æгас мыггаг дæр! Адæммæ ма мæ цæсгом куыд рав- дисдзынæн? А й т е г. Ныббар мын, Бæппу, æгæр дзурын, фæлæ худина- гæй хуыцау бахизæд... Дзела, Бæппуйы коммæ чи нæ бакæса, ахæм чызг нæу. Æхсар та ам нæма ис... Т а м б и. Фæлæуу! Мæ хъуыдытæ мын ма змæнт. А й т е г. Ныбба’р, Бæппу! Дæумæ афтæ дзурын нæ бауæнды- даин, мастæй тас куы нæ уаид, уæд. Æхсар дæр дæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн, кæд æм Дзелайы тыххæй цыфæнды хæрам дæн, уæддæр. Дæ фæндоны сæрты никуы ахиздзæн. х Тамби. Раст дæ ды, Айтег: Ахсар мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæи, исчи мын нæу. Цом, ныр та уал Дзелаимæ аныхас кæнон. Мæхи фæхудинаг кæнын нæ бауадздзынæн. Айтег. Бар ратт, Бæпсту... Æз ацæудзынæн Æхсары раз- мæ. Дæ зындзинад феныны бæсты алцы дæр сараздзынæн. Кæд дæ фæнды, уæд Æхсар æппындæр. нал æрбаздæхдзæн хъæумæ. Т а м б и (фæджих). Цу, мæ хур, Айтег, цу. (Айтег фæцæ- уы.) Фæлæуу, æцæг æй ма ама-р, бафæстиат æй кæн иу-дыууæ боны. Айтег. Хорз. (Иуырдæм.). Нæ, дæ зындзинадмæ кæсын мæ бон иæу, мæ уарзон фыды æфсымæр! Маргæ æрмæст, маргæ. (Азгъордта.) Т а м б и. Айтег! Ацыд. Мацы йын кæнæд. Æгæр фæлурс уыд йæ цæсгом, æгæр фæлурс. (Бахызт мидæмæ.) Дзерассæ (цæхæрадонæй рацыд). Цымæ цы загъта Бæп- иу? Сафиат (рахызт). Бынтондæр дæ хуызы цъыртт куы нал ис, дæ фыдæй худииаг у, ацу мидæмæ, фæрсынц дæ. Дзерассæ. Цавæр зæрдæ дын ис, Сафиат? Уæй мæ кæм кæиынц, ды та мæ уырдæм æрвитыс. С а ф и а т. Кæсыс? Сæ хъæлдзæгдзинад уæларвмæ хъуысы. Дзерассæ. Кæм ис хъæлдзæгдзинад? Ау, ацы митæ иу- уылдæр æцæг сты? (Бацыд хæстæгдæр Æхсарты кæртырдæм, йæ цæссыгтæ сæрфы.) Сафиат (иуварсмæ). Цин кæнон æви хъыг, ,нæ зонын. Дзерассæйы Мамсырæн дæттынц, амонд мæм комкоммæ кæсы. Дæ-дæ-дæй, хуыцау, ныббар м^, искæй æнамонддзинадыл хи амонд саразын!.. Стæй кæй амондыл? Æхсар æмæ Дзерассæйы? Нæ, нæ! Фæлтау æз цыфæнды уон: уæнт амондджын Æхсар æмæ Дзерассæ, æндæр амондмæ нæ бæллын. Дзерассæ. Базыртæ сыл базад. 25
Рахызт Тамби. Дзерассæитæ йæ нæ уынынц. Бæппу мыл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцыд, ныр та... Фæлмæк хъуынайы бын — къæйдур... ’Тамби. Фæлмæн хъуынайы бын къæйдур арæх вæййы, мæ чызг, раст дæ, фæлæ мыл дæ зæрдæ цæмæй худы? Уагæр цы ра- кодтон æмæ мыл Дзела йæ къух сиса? Сафнат ацыд. < « Дзерассæ (скуыдта). Бæппу! Дæхæдæг мыл систай дæ къух. Æвæндонæй мæ дæттыс, фæрсгæ дæр мæ нæ бакодтай. Т а м б и. Чи загъта уый æмæ æз мæ уарзон чызджы ма ба- фæрсои? Уæдæ ма бакæнæд исчи мæ хæдзары тыхми! Д з е р а с сæ. Бæппу!.. (Кæуы фырцинæй.) Т а м б и. Хъуамæ ахсæвæй фæстæмæ амондджын уай. Дæ амондыл ныхас кæнынц уæртæ уым фидауджытæ. Дзерассæ. Ахæм амонд нæ хъæуы мæн. Т а м б и. Ахæм амонд æидæр ран кæй не ссардзынæ, уый бамбар. Дзерассæ. Æз амондджын уыдтæн æрмæст абоны онг. Т а м б и. Мæгуырæн адæм дардмæ лидзынц, амонд та йæм хæстæг нæ цæуы, мæ хур. Дзерассæ. Бæппу! Ма мæ ауæй кæн мулкыл, фæлтау æх- хуырсты бацæудзынæн æмæ дын кусдзынæн. Т а М’б и. Банцай! Дзеоассæ (иуварсмæ). Ай сæфгæ куы кæнын æмæ мæ куынæма уырны... Æрæмбар, дам, дæхи æмæ де ’намонддзина- дыл баууæнд. О, цæй зын мын у, Бæппу, дæуæй ахæм ныхас хъусын... Рахызт Джеуæрджи. Дзерассæ йæм тарст каст бакодта æмæ алыгъд. Джеуæрджи (Тамбимæ). Куы та ’руагътай дæхи! Æх- хæст кæугæ скæн, кæд лæдзæг райсын дæ бон нæу, уæд. Нæ фос дæ кулдуарьг мидæгæй фесты. Сæниаты фырт куы æрцæуа, уæд сын кулдуар байгом уыдзæн фæстæмæ. Æз æмæ дæуыл та зарджытæ скæидзысты... Афон у, æрхъуыды кæн исты, гормон> худ куы хæссыс... Тамби æнæ дзургæйæ ацыд. Гъы? Цыфæнды фæуæд, фидыдæн фехалæн нæй. Æрбазындысты Хъæрæу æмæ Мамсыр. Цы ма агурут ам? ’ Ма мсы р. Хæхтæм цæуæм, дада. Джеуæрджи. Зонут, сымах куы фæивгъуыйат, уæд.уый кæй нæ фæивгъуыйдзæн. Цъиуы цæст уæларвмæ къахы, йæхи марæг фæуа. Цæут, хур сымахмæ не ’нхъæлмæ кæсдзæн. *в
Мамсыр æмæ Хъæрæу азгъордтой, Джеуæрджи йæ мидбылты бахудт, йæ зачъс дауы. Æмбæрзæн. ЦЫППÆРÆМ НЫВ Уæлхох ’быдыр, тæрхæг-дуры раз. Дардæй зыны æфцæг, карст уыгæр- дæнтæ, амад мæкъуылтæ. Изæрырдæм. С о л т а н (æдде). Фырры!.. Фырры!.. Дзæгъæс! (Æрбазынд, йæ уæлæ — нымæт, хызын, иæ къухы — лæдзæг). Фрр!.. Изæр дæр нал кæны, из-æр! (Æрруыссыд уæлгоммæ. Æрфынæй.), . Æрбазындысты Мамсыр æмæ Хъæрæу. Мамсыр. Цымæ цæмæн æрæгмæ зыной Айтеджитæ? Хъæрæу. Айтег, йæ фæнд, чи аива. ахæм лæппу нæу. Мамсыр. Хуыцау, Хъауырбеджы срырты тагъддæр рауадз, цалынмæ тугмондаг дæн, уæдмæ. Хъæрæу. Мамсыр, æз иу хъуыддаг не ’мбарын. Дысон Дзерассæим,æ бафидыдтат. Цæмæн ма хъæуы Хъауырбеджы фырты марын? М а м с ы р. Æхсар æмæ Дзерассæ кæрæдзийы уарзынц. Уый чи нæ зоны, ахæм нæй. Иу хъæуьг цæргæйæ, æдзух мæ усы зæр- дæ уымæ æхсайа? Уый цалынмæ уæлæуыл уа, уæдмæ мæнæн худинаг уыдзæн адæмы астæумæ рацæуын, ныридæгæн мын æй длчи’мæ цæстмæ куы дары. • Хъæрæу. Кæс-ма. (Амоны Солтанмæ.) Мамсыр. Ацы къулбадæг ам куы баззайа, уæд мын мæ хъуыддаг халы. Хъуамæ мачи уа нæ цуры. Фæцæуы йæм, куыд æм фæцæйæвнæлдта, афтæ сыхъуыст Сафиаты хъæр. С а ф и а т’ (æдде). Солтаи! ’ М а м’с ы р. Иæ хо схæццæ. Алыгъдысты. Сафиат (æрхызт). Солтан! (Агуры.) Уæдæ кæм уа, ц& уæрыччытæ ам куы сты. Мæ къæхтæ мæ быны нал цæуынц. Цæ- мæн æрæгмæ зыны ацы изæр? Мæгуыры бонтæ, мацы йыл æр- цæуæд, ацафон нæхимæ куы вæпйы. (Солтаны ауыдта, цин кæ- ны.) Солтан, мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад. Фынæй у. (Æр- бадт йæ уæлхъус.) О сидзæр, цæй мæгуыр дæ; уæрæх быдыры дæр уыцы тымбылæй куы хуыссыс. Фæзынди Тамби. Тамби. Мæ зæрдæ хæлд мæсыгау ныууæззау. Дысон-бон- мæ хуыссæджы цъыртт нæ федтон. Тæрсын... Мæ сæры дыууæ хъуыдыйы нæма банцадысты ’сæ тохæй. Мæ зæрдæ цæмæдæр æхсайы аёмæ ардæм дæр уымæн ссыдтæн. 27
С а ф и а т. Солтан! Тамби йæ ауыдта. Т а м б и (иуварсмæ). Сафиат, æз ма мæхинымæр дæу æмæ Æхсары хъысмæтыл куы хъуыды кодтон. Аныхасæн хуыздæр фадат нæй. Джеуæрджийы загъдау, мæ амонд мæ разæй цæуьи С а ф и а т (нæ йæ уыны). Солтан! Цом, байрæджы. Солтан базмæлыд. Т а м б и. Сафиат! С а ф и а т (фыццаг фæтарст, стæй). Гъа, Бæппу дæ, фæтар- стæн дæ. Т а м б и. Ссывд а’бон раджы куы фæдæ... С а ф и а т. Солтан æрæгмæ зынд æмæ... Мæнæ йæ тарфы- нæйæ ссардтон ам. Тамби. Уæууа, уый нын нæ уæрыччыты куы сæфта! С а ф и а т. Адæм хъæумæ цæуынц, Бæппу, ды та уыгæрдæн- мæ. Тамби. Из’æры уазалы мæ гæппæл ракæрдон æххæст. (Æр- бадт.) Сафиат, цæмæйдæр дæ афæрсынмæ хъавыдтæн, нæ зо- нын, куыд дæм фæкæсдзæн:.. Хæстæгдæр ма мæм рацу... Иу цы- быр дзырдæй, Сафиат, мæ хур, мæ иунæг чызджы бæрц дæ уар- зын... С а ф и а т. Бæп.пу... Т а м б и. Байхъус, мæ хур, кæронмæ. Арвæй зæхмæ Æхса- рæн лæууын мæкъæхтыл. Æз зæронд дæн, мыггагмæ нае цæр- дзынæн, цалынмæ æгас дæн, уæдмæ уæ дыууæ дæр амонд куы ссариккат, уый мæ фæнды. Абон ардæм хъæуы Æхсары. С а ф и а т. Æрцæуы Æхсар... Цæуон Дзерассæмæ! Азгъордта. Там’би. Сафиат! Цы кодтай? Солтан (фехъал). Бæппу! (Шæ цæстытæ аууæрста.) Баи- зæр? Тамби. Баизæр, мæ хур, баизæр. Цу, аскъæр дæ уæрыччы- тæ хъæумæ. (Дæтты йын къæбæр.) Солтан. Фырры!.. Фырры!.. Дзæгъæс!.. (Фæаууон.) Т а м б и. Цæмæн алыгъд Сафиат? Мæ ныхæстæй йæм исты хъыг фæкаст? Ахæмæй куьг иицы загътон. Нæ, нæ, хъуамæ сра- зы уа, æндæр гæнæн нæй... Чи зоны, æз раст нæ дæн, чи зоны, не сты раст Джеуæрджиитæ дæр. Фæлæ сыл мæ къух куыд си- сон? Нæ, нæ! Нæу афтæ бакæнын мæ бон! (Сивгъуыдта.) Айтег (æрбахызт, хъахъхъæнгæ). Æхсар! Ардæм! Мæнæ дæ уарзон бынат. Æ х с а р (æрбахызт). Тæрхæг-дур. Куыд æхсызгон у ногæй дæ быны абадын! А й т е г (иуварсмæ). Цæмæй зоныс, ацы тæрхæг-дуры бын æнусмæ кæй бацъьинд уыдзынæ, уый. 28
Æ х с а р. Цы зæгъыс, Айтег? А й т е г. Куы ницы, Æхсар. Æхсар. Кæд, зæгъын, исты загътай. Хъуыды ма кæныс, Айтег, иу хатт нæ къæвда куы ’рцахста æмæ ам куы бафынæйг гтæм? А й т е г. Куыд нæ? Дæс азæй къаддæр нæ рацыд уæдæй ныр- мæ. Цæй хорз ма лæууы дæ зæрдыл? Æ х с а р. Ахæм бонтæн рох гæнæн нæй, Айтег. Мæ зæрдыл лæууы: æрыхъал стæм, æмæ мæй уæлиау ссыд. Айтег. Æмæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæ, хъæуы балæууы- дыстæм. Æхсар. Ды дæр ма йæ хорз хъуыды кæныс. (Архайы цæ- уыныл.) • , Айтег. Уæд та уал нæ фæллад суадзиккам иучысыл? Æ х с а р. Æмæ та нæ бафынæй уыдзыстæм иухаттау, Айтег? А й т е г. Цавæр у, сабитæ куынæуал стæм. Æхсар. Абадæм. (Æрбадт.) Гъе, тæрхæг-дур, кæддæрау та .дыл фæдзæхсын мæхи. (Æрхуыссыд уæлгоммæ.) Айтег (иуварсмæ). Раст зæгъыс, дæс азы размæ уыдыстæм дыууæйæ ам, æцæг уæд хъæумæ дæр дыууæйæ нйццыдыстæм. (Дызæрдыг кæны.) Æ х с а р. Цæуылнæ уадзыс дæ фæллад, Айтег? Цыдæр тыхстхуыз дæ. Цы кæныс? А й т е г. Куы ницы. Æ х с а р. Нæ, нæ. Цыдæр мæ æмбæхсыс. А й т е г. Сомы дын кæнын, ницы дæ æмбæхсын. (Иуырдæм.) Дысон-бонмæ фыдфынты хай фæдæн... Æхсар. Айтег, абондæргъы мæм иу хатт дæр комкоммæ иæма æрбакастæ. Цæмæн мæ æмбæхсыс дæ цæстæнгас. Кæд мын раст нæ радзырдтай хъæуы хабæрттæ? Кæд, мыййаг, Мамсыр æмæ Дзерассæ ’бафидыдтой? Айтег (хъазæгау). Æмæ, Æхсар, бафидыдтой, зæгъгæ, уæд цы бакæнис? Æ х с а р (тарстæй). Нæ, нæ, Айтег! Айтег йæ сæр æруагъта. Бафидыдтой? А й т е г. О. Æ х с а р. Ау, уый æцæг у? Уæдæ мæн барæй арвыстой æх- хуырсты? Бæппу! Лæгмар куынæ бакодтаид афтæ, уæд куыд. сразы дæ ды ахæм фæндыл? Нæ мæ уырны, нæ мæ уырны... Фæцæуы, Айтег æй уромы. Айтег. Æхсар, фæлæуу! Фæхæц дæхиуыл. Æз никуы æн- хъæлдтон, ды искуы Бæппуйы фæндоны сæрты ахиздзынæ, уый. Æ х с а р. Бæппу, фыды ад куы кодтай мæнæн. Куыд æхсыз- гон-иу мын уыди дæ къух райсын! Æз æууæндыдтæн, уыцы къух 29
мæн кæй никуы асхойдзæн, ууыл. Мæ хъыджы бон-иу дæцæс- гомыл цæссыгтæ куы федтои... Айтег. Цæмæн дын афтæ хъыг у дæ хойы амрнд? Æ х с а р. Дзерассæ мæ хо мæу, уый хорз куы зоныс, Айтег. Мæ рагбонты дын куы схъæр кодтон мæ сусæг фæнд... Уарзон- ,дзинад циу, уый нæма æмбæрстон, фæлæ-иу мын афтид йæ фенд дæр уыди стыр амонд. Мæхи никуы хуыдтон сидзæр, мæ зæр- дæ æдзух йедзаг уыд ныфс æмæ цинæй. Мах уарзтам кæрæ- дзийы, суанг зонынхъом куы фестæм, уæдæй фæстæмæ. Æрæг- мæ-иу ыл куы æмбæлдтæн, уæд-иу мæм цыфæнды хур бон дæр каст асæст æмæ-иу мæхицæн бынат нал ардтон. Айтег! Хистæр дæ, ныббар мын, фæлæ уый вæййы царды иунæг хатт! Айтег зæрдиагæй хъусы, йæ цæсгомыл зыны разыидзинад, стæй æрæджи- ау сдзуры. А й т е г. Æз зыдтон æмæ зонын, Æхсар, Дзерассæимæ кæрæ- дзийы кæй уарзут, уый. Фæлæ Бæппуйы фæндон æндæр у. Дыу- уæ мыггаджы бафидыдтой, хистæртæ кæрæдзимæ радтой сæ къухтæ. Сразы, æвæццæгæн, йæ хъыомæтимæ мæ хо дæр. Ахъуы- ды-ма кæн, куыд уыдзæн дæ фæзынд? Дæ масты фæдыл ма ацу... Кæд æцæг уарзыс Дзерассæйы, уæд ын нæ фехалдзынæ йæ амонд. Æ х с а р. Амонд... Бæлас бæласыл сыздыхсы æмæ арвмæ бæрзснд фæцæуынц. Дидинджытæ ка&рæдзийæн сæ буц сæртæй фæкувынц. Уыцы бар нæй дыууæ уарзаг зæрдæйæн. Айтег. Æхсар! Ды кæддæриддæр хæларзæрдæ уыдтæ. Ба- уарзæд ацы хатт дæр дæ цæст... Фæлæуу! Мацы- ма сдзур, зо- нын, дæ алы ныхас дæр раст у, фæлæ мæм байхъус уæддæр. Дзерассæ .дæу уарзы æнæкæрон уарзтæй, фæлæ йæ рæдийын ма бауадз. Уыйбæрц тых ссар дæхимæ. Æ х с а р. Айтег, ме знаг куынæ дæ. А й т е г. С]разы у мемæ, æрмæстдæр Дзерассæйы тыххæй. Чызг уайтагъддæр ферох кæндзæн йæ рагбонтæ æмæ амонд- джын царды бахаудзæн. Æ х с а р (бынтон æрæдокиау). Чи зоны, æмæ раст дæ... Фæ- лæ мæ зæрдæ мæ коммæ куынæ кæсы, уæд цы кæнон? Лйтег. Нырма лæппу дæ.4 Бауарздзынæ та ногæй æмæ дын уæд къухылхæцæг чи иыллæудзæн, уый æз. Æ х с а р. Æз та æнæмæтæй схуыссыдтæн дысон... Айтег (иуварсмæ). Нæ, нæу йæ амарыи мæ бон. Хуыцау- л!æ дæр раст нæ фæкæсдзæи уыцы хъуыддаг. Мæ цæстытæ ба- куырм уыдзысты, Æхсары уæлсынт куы фенон, уæд. Æрбазыидысты Мамсыр æмæ Хъæрæу. Лнтег сæм нуцъусдуг фæджих, •стæй Æхсары йæ аууон бакодта æмæ сæм мæстыпæ йæ къухæй ацамыдта: ^«Тагъд ардыгæй цæугæут». Мамсыритæ аизгъуыдтой. Цæуон сæ фæстæ, куыд вæййьг, цы вæййы... '.30
Æхсар. Кæдæм цæуыс, Айтег? Куынæуал лæууыс мæнмæ дæр. А й т е г. Æхсар! (Тыхстæй.) Мæрдырох мыл бахæцыд. Да- гоммæ мæ иыууайын хъæуы. Æ х с а р. Дагоммæ? Айтег. О, хъæуы сæрмæ дæ аййафдзынæн æз дæр. (Ацыд.) Æ х с а р. Ницы æмбарын. Бафидыдтой. Са’бырдæр, мæнæй уый, дæхиуыл хæц, тагъд фæуыдзæн тымыгъ, ныйирд та уыдзæи бон. Фæзыид Сафиат. Сафиат (иуварсмæ). Æхсар, мæ зæрдæйы мын ахстон сбыдтай æмæ йæм иу хатт дæр никуы æртахтæ... Æрхæццæ дæ, Æхсар? Æ х с а р. Сафиат? Сафиат. Æз æмæ Дзерассæ ам бафæстиат стæм. Æ х с а р. Ам ис уый дæр? (Фæцæуы.) С а ф и а т. Æхсар! Ма ацу! Æхсар. Ехх, Сафиат, куы зонис ды... Уæвгæ... амондджын дæ, уарзондзинад кæй нæма æмбарыс, уымæй. Сафиат (рог, æнæбаст ныхас). О, амондджын дæн æз, тынг амондджын. (Кæуы, худы.) Цæмæн уон хъуамæ æнамонд? Ау, мæнЫæ амоиды бар нæ хауы? Æ х с а р. Сафиат? Худыс, кæуыс... цæуыл? С а-ф и а т. Æз амондджын дæн, уарзондзинад кæй нæма зонын, уымæй. Нæу амондджын Дзерассæ... Дзерассæ (æрбазынд). Æхсар! Æ х с а р (иуырдæм). Иæ, Айтег, æнхъæлдæн æмæ мæ дзырд сæххæст кæнын нæ бауыдзæн мæ бон. Хъæрæу (æрбазынд). Уый та куыд? Згъоргæ Мамсырмæ, мæнæй уый! А’згъордта. Сафиат æй ауыдта æмæ йæ фæдыл ахызт. Дзерассæ. Æхсар! Ды дæ уый? Æхсар. Æз, æз, Дзерассæ. Дзерассæ. Нæ, уый нæ дæ... Ныббар мын| мæ цæсгом ба- хордтон, æфсарм ферох кодтон... Æз дæ æдзухдæр уыдтон, æрыс- къæфтæй цы бон æрцыдыстæм, уыцы бон цы хуызæн уыдтæ, ахæмæй. Æ х с а р. Уыцы бонæй амондджындæр бон нæ уыд мæнæн мæ царды. Дзерассæ. О, уый диссаджы бон уыдис, фæлæ нын æй’ цæссыгæй ныксын кодтой. Дзуарзæнджы фæндагмæ-иу ссыдтæн æмæ, æфцæгмæ кæсгæйæ, мæ рæстæг æрвыстон, фæлæ дзы ды: никуыуал æрхызтæ. Æ х с а р. Амал нæ уыд, кæд мæ зæрдæ æппынæдзух ам уыд,. уæддæр. Мæ фос-иу дзæгъæл ныууагътои, схызтæн-иу Сау Хо- хы сæрмæ æм^е-иу ацырдæм бирæ фæкастæн. О, куыд фæндыд 31
^æн маргъ фестын æмæ ардæм тæхын! Ныр дæр уыгæрдæнты сæрты, зæрватыккау цингæнгæ, тахтæн. Цæмæй зыдтон, æмæ мæ базыртæ æваст æрхаудзысты. Амондджын дæ, зæгъгæ, зæ- гъынц... Фыццаг хатт мæ асайдтай æмæ дын хатыр фæуæд. Дзерассæ. Дæуæй æрмæст æфхæрд уæвыныл нæ, фæлæ дæ къухæй мæлæт ссарыныл дæр разы дæн. Амонд мæнмæ нæ хауы, чи зоны, макуыуал фембæлæм. Ныббар мын, æз дæ асайд- тон, сæттын ыл æмæ цин кæнын, уымæн æмæ дæуæн тас на.т: у... Æ х с а р. Цы? Дзерассæ. Ныр дæу ничиуал амардзæн. Æз цы уинаг уыдтæн, уый бадæн, чи зоны, кæд ды амондджындæр разынис. Æ х с а р. Цыдæр æмбæхсыс мæнæй, Дзерассæ! Д з е р а с с æ. Мауал мæ фæрс. Чи зоны, хуыцау загъта афтæ. (Кæуы.) Æз сразы дæн мæ хъысмæтимæ. Бæппуимæ... Афтæ фæндыд Гыццайы дæр. Æ х с а р. Ау! Гьщца?.. Дзерассæ. Гыцца аххосджын нæу. Дыууæ мыггаджы æрт- хъирæн кодтой дæумæ æмæ мæм дысон, йæ цæссыг калгæ, æр- бацыд: «Мæ иулæг хъæбул — де уазæг»... Æ х с а р. Гъей, Бæппу, Гыцца, фæхудæд мыл ацы хатт уæ зæрдæ! Дзерассæ. Цы сфæнд кодтай, Æхсар? Æ х с а р. Уираг дур фестын хосдзауы цæвæджы раз æмæ дидинæг бахъахъхъæнын. Д з е р а с с æ. Цыдæр æнахуыр тас ме уæнгты бацыд, Æх- сар. Нæ нын ныббардзæн Бæппу. Æхсар. Ныббардзæн, Дзерассæ, кæд нæ æцæг уарзта, уæд. Дзерассæ. Нæ, нæ. Дæуыл исты æрцæуыны бæсты, фæл- тау цыфæнды баййафæд мæ сæр. Æ х с а р. Ард хæрын нæ уарзон хъазæн бынаты, æз дæу æф- хæрын кæй нæ бауадздзынæн... æмæ хæй никæмæн ратдзынæн мæ амонд. Дзерассæ. Æз дæр ма мæ амондыл æууæндон?! Æ х с а р. Æууæнд, æууæнд, Дзерассаь! Æрбазындысты Мамсыр æмæ Хъæрæу. Дзерассæ. Хæрын дын ард, æз æнæ дæу никуы бацагур- дзынæн амонд. Мæиæ сæ фидыды рæхыс. (Фехста йæ къухда- рæн.) Мамсыр йæ гæрзтæм февнæлдта, Хъæрæу æй уромы. X ъ æ р æ у. Фæлæуу! Сылгоймаджы уал ауадз... Æ х с а р. Дывыдон арты куы судзон, уæддæр нæ ферох кæн- дзынæн де 'уУæнк- (Систа зæлдаджы тыхтæй къухдарæн, дæт- ты йæ нызгмæ.) -Дзерассæ. Цы митæ нын не 'м«бæлы, ахæмтæ кæнæм. 22
: Æ хс а р. Ау, нæ бæлæстæн куы ис фæрсæй-фæрстæм рæзы- яы бар; уæд махæн нæй? Дзерассæ. Ис. Цæй, нæ бæлæстæм та фæраздæр уон.æз. Æхсар. Хорз, хорз, Дзерассæ! Дзерассæ азгъордта, Æхсар хъæлдзæгæй кæсы пæ фæстæ, М а м с ы р (æд гæрзтæ æрбахызт Æхсары размæ). Ды кæй куырд усимæ лæууыдтæ ацы ран ныртæккæ, кæй худинаг кæныс? Æхсар. Нæ мæ фæнды маст агурын, мæ зæрдæ хъæлдзæг у циндзинадæй. (Фæцæуы.) М а м с ы р. Æз дын дæ цин дæ хъуыры хуынкъæй сласдзы- нæн ныртæккæ. (Р1æ фæндагыл ын æрлæууыд.) Æ х с а р. Зон, дæ ныхæстæ нæ фæуыдаис кæронмæ дзырд, хатыр дын фæуæд ацы хатт. Нæ мæ фæиды туг ныккалын абон. Аиуварс кодта Мамсыры, фæцæуы. Мамсыр фæстæты Æхсармæ хъамаи- мæ фæлæбуры. X ъ æ р æ у. Ц-цæв æй! Мамсыр æй куыд фæцæйцавта, афтæ Æхсар фæцарæхст, стыдта йын йæ къухæй хъама. Æ х с а р. Æнцад! Хæцынц та. Уымæ — хъама, Мамсырмæ — æхсаргард. X ъ æ р æ у. Ц-цон Тамбимæ. (Азгъордта.) Тамби, Тамби, фæдис! Хъауырбеджы фырт дын де сиахсы амардта. М а м с ы р. Æз дæ æрцахуыр кæндзынæн. Мамсыр йæ тых-йæ бонæй Æхсары гуымиры риуыгъд ныккодта, Æхсар Лæхн фæсайдта, Мамсыр йæхи уæзæй æрхауд, Æхсар ын ныллæууыд йе ’хсаргардыл. Æ х с а р. Иу бон райгуырдыстæм æмæ мæ нæ фæнды, мæ къухæй мæрдтæм куы бацæуис, уый. Мамсыр та лæбуры. Ка^æй хæст. Сæ дыууæ дæр нæ базыдтой, былмæ куыд схæццæ сты, уый. Мамсыр фæкалд, фæхауы, Æхсар йæ хæцын ныу- уагъта. Æхсар. Нæ хыл ныууадзæм. Хауыс! Æри дæ къух!! М а м с ы р. Иуварс дæ дæрзæг къухтæ! Æ х с а р. Куыстдомд къух райсын худинаг нæу. М а м с ы р. Иуварс! (Февзыста, ахауд, дæле хъуысы йæ хъæр.) Т а м б и (æрбазынд). Цæй фæдис у уый? Цы кодтай, Мам- сыр? (Фæаууон.) Æ х с а р (æркаст хъамамæ). О фыдбылызы хотых, цæмæн февзæрдтæ мæ къухы? Цæй уазал дæ цыфæнды хъарм бон дæр! Мæнæн ныр ам фæцæрæн нал ис — Дзерассæ дæр мæ лæгмар схондзæн. (Хъамамæ.) Хъусыс? Æз кувдзынæн хуыцаумæ, цæ- ■3 Хъайттаты Сергей 33
мæй уæлæуыл баззайа дæ хицау, ды та дæлдзæх фæу. (Фехста йæ.) Т а м б и (æрбазынд æд хъримаг). Хи хъæбулау дæ схастонг фæлæ мæ фенамонд кодтай æмæ хъахъхъæн дæхи!.. Æхса р. Бæппу!.. Т а-м б и. Дæуæн Бæппу нал ис, дæ гæрзтæ сис! Æ х с а р. Канд хистæр нæ дæ, Бæппу. Ном дæр мыл ды сæ- вæрдтай. Кæд æнæ æхсгæ нæй, уæд фыццаг æхсты бар дæуæн. Тамби. Мæ царды амондджындæр бонтыл нымадтон æз, дæ сывæллонæй мемæ цы ацардтæ, уыдоны. Фæлæ мын мæ хæ- дзармæ фыдбылыз æрхастай, мæ худинаджы хъæр айхъуысти. Лæджы дзуапп радтай, фæлæ хъуамæ нæ дыууæйæ хъæумæ иу мауал ныццæуа. Æ х с а р. Фехс, мæ номæвæрæг! Т а м б и. Ном дын радтон æмæ дын æй фæстæмæ исын дæ цардимæ. (Фехста, Æхсар фæцæф.) Æхсар! Хуыцау, нæ амард... • Æ х с а р. Мæ рахиз къух лыгмæ радтаин, цæйнæфæлтау дæу- мæ мæ гæрзтæ систаин.. (Сласта дамбаца.) Топпæй æхсын мæ сахуыр кодтай, афтæмæй та дын дæхи бахъуаджы - сахат дæ хъримаг фæсайдта. Тамби. Зоньгн æй, æхсынмæ дæсны дæ, фæлæ ды-н фæдзæх^ сын. Ды искуы мæ чызгмæ дæ усы номæй куы сдзурай, уæд мæрдты дыккаг мард кæндзынæн. Дæуæн та-иу мæ дзæбæхдзи- нæдтæ хæрам фæуæнт. Æхсар. Цин кæн, дæ хæдфæстæ сау мæрмæ хизын мæхй къахæй æз дæр. Дæ фæндон сæххæст уыдзæн. Т а м б и. Æууæндын дыл... Нæ, нæ, мæ фыдæбæттæ дзæгъæ- лы нæ фесты, фехс, мæ хъæбул. Æхсар. Туг тугæй нæ фехсадæуы, Бæппу, фæлæ æз дæр мæ.мадæн лæппуйæн райгуырдтæн. Мæ тугæй ахуырст у дæ нæ- мыг. Фæкæс-ма уæдæ, мæ номисæг, дæхимæ. (Хъавы, æруагъта дамбаца.) Мæ бон нæу, ацьг ран «бирæ фæхастай мæн мæ са- бийæ де ’ккой. Т а м б и. Фехс! Æхсар. Нæу мæ бон, бахуыскъ уыдзæн мæ цонг, Бæппу! Мæ гæрзтæ дæм систон, ныббар мын. Æрбазгъордта Дзерассæ. Дзерассæ. Æхсар! Бæппумæ дæ дамбаца сластай? Т а м б и. Иуварс лæуу! Æхсты бар уымæн ис. Æ х с а р. Æз дзы спайда кæндзынæн æндæр хатт. Цæй æх- сызгон сахат фæзындтæ, Дзерассæ?! Чи зоны, чысыл фæстæдæр нæ дыууæйæ иуы дæр нал æрбаййæфтаис. Дзерассæ. Цы сарæзтай, Æхсар? Ахæм цины бон дæ цы фыдбылыз фæрæдийын кодта? Æхсар. Ард дын хæрын дæ фыды раз: нæ дæи аххосджын, топпы дзыхимæ мыл сæмбæлд дæ фыд. Æдде хъæр. ц
Д з е р а с с æ. Фæдисæттæ æрцæуынц. Дæхи айс! Т а м б и (чызгмæ). Хæстæг æм ма цу! Дзерассæ (ауыдта Æхсары туг). Цæф дæ? Чи дын уы- ди? Тамби. Æз! (Фæкæны йæ чызджы.) Æ х с а р. Абонæй фæстæмæ мæ сабыр цард фæцис. Дуртæ мыл хæрдмæ тулын байдыдтой, кæд æппындæр ницы аххос- джын дæи, уæддæр... Ехх, Гыцца, иунæгæй та куы баззадтæ! Фæраз. Быхсыи ахуыр куы дæ, æртæ куы бавæрдтай дæ бинон- ты хуыздæртæй, уæд иу зындзинадæн нал бафæраздзынæ? Æрбатахтысты Сафиат æмæ Солтаи. С а ф и а т. Æхсар! Фæдисæгтæ... С о л т а н. Æрцæуыиц дæм, Æгкар... Удæгас у Мамсыр, фæ- лæ сæ мыггаг фæфæдис сты. Æ х с а р. Солтан! Гыццайæн-иу зæгъ, Хъæриуы хохы рæбын- мæ, зæгъ, цæуын. Аххосджын нæ дæн... Сафиат, Дзерассæйæ мын хатыр ракур. Чи зоны, кæд амондджындæр разынид уый. Хæрзбон, мæ райгуырæн хъæу, хæрзбон, æз афтæ бирæ цы цъæх фæзтæ уарзтон, уьидон дæр. (Ацыд.) Æдде гæрæхтæ, фæдисы хъæр, æрбауадысты чызджытæ дæр, се ’хсæ- нæй зыны Дзерассæ. Айтег (æрбазынд). Фæцæуы уæлæ! (Хъавы.) Дзерассæ. Мары йæ!.. Фхцæуы, уромыиц æй. Айтег сæ нæ уыны, арвмæ фехста æмæ æнцад зерлæууыд, æрбазгъордтой фæдисæттæ. Джеуæрджи (Айтегмæ). Цы лæууыс ам? Цы фæци? Айтег (амоны иннæрдæм). Æнхъæлдæн, ацырдæм алыгъд. Д ж е у æ р д ж и. Иæ фæдыл!.. Уæла&ты йæ размæ. Лйтег кæдæм бацамыдта, фæдисæттæ уыцырдæм азгъордтон. Дзерассæ. Айтег!.. (Ныттыхст ыл, Айтег æй сабыргай аиуварс кодта æмæ хъæуырдæм ацыд.) Æдде хъæртæ: «Рагъæй фæхнзы! Тагъддæр, тагъддæр!» С к ф и а т. Хуыцау дæ фæндараст фæкæнæд! Д з е р а сс æ. Æхсар! Сæниат (æрбазынд). М’ арт бауазал, цы кодтай, мæ иу- нæг? Нæмгуытæ дыл ихуарæгау куы кæнынц!.. С о л т а н. Æрхауд! (Ныккуыдта.) С æ и и а т. Мæ бон куыд бакалд. (Фезгъоры.) Айтег (фæзынд). Уырдæм цæуæн нæй. Нæмгуытæ дзы «хуарæгау кæнынц. (Уромы йæ.) Солтан. Аирвæзт! Аирвæзт! ..'.. Джеуæрджи (фæзынд). Нæ аирвæзт, нæма ’аирвæзт! 35
(Сæниатырдæм.) Хæйрæг ныййардтай. Иæ къух нæм систа, кæйдæр куырд усы тыххæй иста. Абонæй фæстæмæ... А й тег. Баба! С æ н и а т (æрхауд йæ уæрджытыл). М’ арт бауазал, хъо- ды нæ, æз — уæ мад, уæ фыды уазæг, ма мын бацарæфтыд кæ- нут- мæ иунæджы... Джеуæрджи. Хъоды, æрмæстдæр хъоды... Абонæй фæс- тæмæ ма йын йæ хæдзары дуар чи байгом кæна, цæхх-кæрдзын ын чи радта... Т а м б и. Джеуæрджи!.. Джеуæрджи. Хъоды йыл кæнæм. (Дзерассæ æрхауд.) С æ н и а т. Æгкар! (Ныккуыдта.) Æмбæрзæн. ÆРТЫККАГ АРХАЙД ФÆНДЗÆМ НЫВ Тамбиты кæрт. Уалдзæг. Мæнрухс изæр, хæдзæрттæй зыны мыиæг рухс. Æрбазынд Солтан. Кæсы Сæниаттæм, стæй та Дзерассæйы уаты рудзгуы- тæм. С о л т а н. Изæрсарæй сæм чидæртæ бады, кæй фидауджытæ сты, хуыцау зоны. Æфцæгмæ æнæ уый базонгæйæ цæуæн нæй. (Æрæмбæхст.) Дзерассæ (ракаст фæлурс, рынчынхуызæй). Кæцы дæ? Чи дæ?.. Цалдæр боны нæ цæхæрадонмæ чидæртæ цæуы. Кæд Æхсар искуыцæй фæзынд æмæ ам æмбæхстæй цæры. Æви та мæ хъустыл ауад? Цытæ дзурын, уый цыфæндыйæ дæр ссарид мæн. Кæд мæнæн тæрсы, хъодыгондимæ иыхасгæнæн нæй, зæгъ- гæ. Уæд рæдыйыс, Æхсар. Хъоды нæ бауромдзæн мæн, цы у æнæ дæу мæ цард! (Кæуы.) Кæмдæр, дам, хохы рæбын йæ цæф-4 тæ дзæбæх кæны. Кæм дæ, Æхсар, кæдæм дæм фæцæуон? С о л т а н (иуварсмæ). Цытæ уын бавзарын кодтон! Дзерассæ. Солтан æнафон нæ кæрты. фæзыны, бирæ фæ- кæсы Гыццатæм, махмæ. Кæд ым исты фæдзæхст ис, кæд уый исты зоны Æхсарæи. Фæлæ ныхасмæ нæ лæууы, дуар нæма ба- кæнын, афтæ фæдæлдзæх вæййы. Ау! Æхсарæй æрвыст куы уа- ид, уæд мæнæй лидзид? Кæд ыл исты æрцыд æмæ мын æй зж- гъын нæ уæнды. Солтан (иуварсмæ). Куыд мæ ф-æнды дæ размæ базгъо- рын æмæ мæ хъæлæсы дзаг зæгъын, «Æхсары федтон», зæгъгæ, фæлæ мын уый бар нæй. Дзерассæ. Адæмæй æнамонддæр цæмæн фестæм? Нæ мйдбылты худгæйæ, æмбæлдыстæм цардыл, уый та иыл йæхи атигъ кодта. з&
Солтан. Æхсар, мæ ирвæзынгæнæг, бар мын ратт, дæ ны- хасы сæрты хизын. (Хъæрæй.) Дзера!.. (Ахгæдта йæ дзых.) Фæ- раз! Фæраз, мæнæй уый. Ау, кæддæр мæ зæйы дурты бынæй чи скъахта, уый дзырд куыд нæ сæххæст кæндзынæн? (Бамбæхст та.) Дзерасеæ. Нæ, нæ, кæд нæ сæрра дæн, уæд мæ иом фе- хъуьгстон. С о л т а н (иуварсмæ). Дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсыс Æхсар- мæ. Цæмæй зоныс, уый йæ хъарм хуыссæн къæйдурæй кæй ра- ивта, Хъæриуы хохы бын кæй рахау-бахау кæны. Дзерассæ. О уæлæ мæй, цæй ирд дæ, афтæмæй куыд уа- зал цæстæй кæсыс. Бацыд, æвналы дыууæ бæласы къалиуæй нумæ, стæй ахизы уатмæ „ С о л т а н. Фæраз, Дзерассæ. Уæдæ Гыцца куыд фæразы, уый йæ сабыр ныхас хæкъуырццæг куыдæй куы аивта. Æрбацæуы Айтег. Солтан амбæхст. С о л т а н. Айтег ам дзæгъæл-хуымæтæджьг нæй. Айтег (æрбазынд). Цы мæ кæны Бæппу, хуыцау зоны. (Мидæмæ дзуры.) Ам стут? (Бацыд.) С о л т а н. Диссаг у. Джеуæрджи ардыгæй нал цæуы, цал- дæр боны цæуылдæр сусæг ныхас кæнынц... Æрбахызт Хъæрæу, «Солтан та амбæхсти. Хъæрæу. Мамсыр мæ æрбарвыста ардæм. Фæцу, дам, Дзе- рассæмæ мæ номæй, нæ, дам, мæ фæнды йæ аскъæфын, уарзгæ, дам, æй кæнын. ’Мæгуырæг, уарзондзинады йæ дыууæ хъусмæ аныгъуылд. Иæхæдæг нæ уæнды, дзырддзæугæдæр хоны мæн. Кæд, дам, сарæхсай, уæд нæ уæллаг уыгæрдæн дæу. Цæй, зæ- гъæм, хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ Дзерассæ йæхæдæг ардæм рацыд, цы йын зæгъин, цымæ? Афæлварон... (Кауимæ ныхас кæны.) Дæ... дæ... дæ тæккæ изæр хорз! Бузныг, бузныг, алæудзынæн. Дзерассæ, æз æрбацыдтæн... Мæи æрбарвыста... Цæвиттон... (Иуварсмæ.) Фесæфт мæ дзырдарæхстдзинад, нып- пырх сты мæ хъуыдытæ. Иу цыбыр дзырдæй, æз мæнæ дæн. (Стыхсти.) Ныр мæ цæй гуыбынниз тылдта! Исчи мæ ам уар- зон ныхæстæ кæнгæ куы фена, уæд цы зæгъдзæи? Нуазын мæ нæ бауагъта Мамсыр, цæмæй зоны, æнæуи ме ’взаг мæ коммæ кæй нæ фæкæсы. (Уымæ.) Дзерассæ! Ды ныббар, æгæр дæ лæу- уын кæнын. Дзортт... Дзортт... Дзорттыстæн. (Систа авдоюы дзаг.) Цæй, дæ нуазæн бирæ. («Нуазы».) Уф! Уф! Хуыцау! Ма- цы мын кæн æмæ дын мацы кæнон. (Ныфсджынæй.) Амонд- джын дæ, Дзерассæ, Мамсыр дын йæ мæлæтдзаг цæфæй ферв... ферв...— Хуьщау дæ мауал суадзæд! — фервæзт. Уарзы дæ мæ- нæй фылдæр, дæ коймæ ныфсæрмы вæййы. (Иуварсмæ) Ау! Гъер ацы ныхас иу уыгæрдæны аргъ нæу? Цæуыл кæуыс, цæ? Фырцинæй? Ма ку. Сомизæр ам уыдзыстæм скъæфджытимæ. 37
Кæуылты дæ афардæг кæндзыстæм? Мæнæ ауылты... Мæ уд, мæ дзæцц — хъазты чегъре алæууьш. Дзерассæимæ «лæгæй лæгмæ» аныхас кодтон. Цон Мамсырмæ хæрзæггурæггаг. (Азгъордта.) Рахызтысты Джеуæрджи æмæ Тамби. Джеуæрджи. Гъе, уæдæ куыд баныхас кодтам, афтæ. Куыддæр адзæбæх уа нæ чындз, афтæ хæсгæ нал, фæлæ скъæф- тæ. Уыцы хъуыддаджы сылгоймаджы фæрсын нæ хъæуы... Тамби. Бæргæ нæ бакодтаин афтæ, фæлæ æйдæр мадзал нæй, фæсфидыд «нæгъгъыл» ныллæууыд æмæ йыи йæ хурхыл кард куыд сæвæрон? \ Джеуæрджи. Худинагæй фервæзтыстæм, табу йæхицæн, ис хуыцау, уый æппæт дæр уыны. Цæй, хæрзæхсæв. Мауал цу, арвы кæрон нæ цæрын. Разыйæ ацыд, ахызт йæ фæдыл Тамбм дæр, джихтæгæнгæ. Т а м б и (æрбахызт). О хуыцау, мæ чызджы мын цæстуын- гæйæ скъæфдзысты, хъæр мæм кæндзæн æмæ йыи мæ ’бон бах- хуыс нæ уыдзæн. Хъауырбеджы фырты мæ зæрдæйы тугдадзин- тимæ чи сбаста, уыцы бон æлгъыст фæуæд. Уый фынддæс азы размæ уыд. Фондз азы сæххæст уæд Æхсарыл: быдырæй æрбаз- дæхтæн, уый та уæлæ уыцы уæлхæдзары хъазыд. Мæ размæ «Бæппу», «Бæппу» кæнгæ разгъордта, стæй бынмæ æрхаудта. Дæ фыдгул мæ бынаты куы уыдаид уыцы сахат. Мæ цæстытæ атартæ сты... Куы ’рцъицыдтон, уæд кæсын æмæ Æхсар мæ хъæ- бысы худы. Иæ цард м.æ къухы уыдис æмæ йæ не ’руагътон зæхмæ. Ныр мæ ныхмæ йæ гæрзтæ систа. (Бацыд хæдзармæ.) Солтан (разынд йе ’мбæхст ранæй). Мæ бон нал у ацы кæртмæ æдзух хъуызын. Уæлæ Гыцца, æвæццæгæн, Æхсары агуырдта. Фæцæуы æнкъардæй, Дзерассæ рахызт, ауыдта йæ. Дзерассæ. Цыфæнды куы фæуа, уæддæр æй ацы ха1тт нал ауадздзынæн. Солтан фестъæлфыд, архайы лидзыиыл, фæлæ йæ Дзерассæ нæ уадзы. С о л т а н. Ауадз мæ! Дзерассæ. Нæ, нæ! (Хæцы йыл.) Æз зонын, Солтан, цы- дæр мæ æмбæхсыс. Солтан (иуварсмæ). Фæхудæд мыл дæ зæрдæ, Æхсар, дæ ныхасы сæрты хизын. Дзерассæ. О хуыцау! Цыдæр сдзырдта Солтан. С о л т а н (æрæджиау). Æхсар... Байгом хæдзары дуар, рахызт Айтег, Солтан æм ауыдта, æрæмбæхст. Айтег (ныггуыпп ласта дуар). Нæ! Цы кæнут, уый уæхæ- дæг кæнут! Уаэхæдæг! (Фæцæуы тагъд-тагъд.) Дзерассæ. Айтег! Айтег! (Разгъордта.) Айтёг! Цы ’рцыд? ЗД
Комкоммæ ма мæм æрбакæс. Цæмæн æмбæхсыс мæнæй дæ цæстæнгас? А й т е г. Нæ зонын, цы дын зæгъон, ме ’фхæрд хо, нæ дзы барухс уыдзæн дæ зæрдæ. Дзерассæ. Айтег... Айтег. Уым цæуыл ньгхас кодтой, уый базонынмæ ма бæлл. Ма мæ фæрс, фæлтау цæугæ дæ уатмæ, æмæ ’бафынæй у ахсæв. Рæхджы дæ нал равдæлдзæн уымæ. Фæцæуы. С о л т а н. Цæуын Æхсармæ. Азгъордта. Дзерассæ. Айтег! Ау, куыд сæ бауадздзынæ? А й т е г. Нæ хистæртæ ахæм уынаффæ кæм рахастой, уым мæ бон циу? Ехх! (Ацыд.) , Дзерассæ. Айтег! Айтег... Солтан! Рахиз, Солтан. Уый Айтег уыди. Солтан, Æхсар кæм ис? Æрбазынд Сæниат. С æ н и а т. Æгъгъæд у цæссыгтæн, мæ хъæбул. Дзерассæ. Гыцца, иунæгæй та куы раздæхтæ. С æ н и а т. Ма ку. Кæуынæй исты куы уаид, уæд æй æз зо* нин. Дзерассæ. Цас (Ьыдæбæттæ бавзæрстай мах тыххæй. С æ н и а т. Хъысмæт махæй аразгæ нæу, мæ къона. Мæхи хъæбулау дæ уарзтон, фæлæ ацы хъуыддаджы, æвæццæгæн, хуыцау нæ фарс нæу. Дзерассæ. Гыцца! Сæниат. Ма ку, Гыццайы хур, махæй ма æнамонддæртæ ис. (Бацыд сæхимæ.) Дзерассæ. Ис ма æнамонддæртæ, Гыцца. Раст зæгъыс, Æхсар æнамонддæр у. Дидинæгау сыгъдæг зæрдæимæ схъомыл æмæ йыл бахъоды кодтой. Нæ, æгъатыр хъысмæт! Дæуæн нæ бантысдзæн мах фæхицæн кæнын. Зарджытæ дæр мыл скæнæнт, уæддæр цæуын Æхсары агурæг. (Фæуайы.) Т а м б и (йæ размæ фæци). Кæдæм? Дзерассæ тыиг ныккуыдта. Æмбæрзæн. ÆХСÆЗÆМ НЫВ Сæниаты хæдзар. Пец. Хъæдын сынтæг, йæ сæрмæ гауызыл — топп, æх- саргард, хъама. Рудзынджы æддс дыууæ бæласы дзæбæх зынынц Æрбахьнт Сæниат бæндæн æмæ фæрæтнмæ. С æ н и а т. Кæдмæ фæраздзынæн афтæмæй? Уæ, нæ удты тафигъæд сæ фæдыл æфтыд фæуа! (Скаст къулыл хуызистмæ, *?
рааста йæ. Æрбадт Æхсары сынтæгыл.) Дæ фыд дæ уындæй нæ бафсæст, дæ авдæны раз-иу йæ зонгуытыл лæугæйæ, дæ ба- худтмæ бирæ фенхъæлмæ каст. Куы мардис, уæд дæ, цæссыг калгæ, йæ хæларыл фæдзæхста... Бæппу дын цы кæнинаг уыд, уый бакодта, Æгкар! Кæм дæ? Кæдмæ ныхас кæндзынæи хуы- зистимæ? Цы хъомыс стæм хуыцауæн? Цæмæн нæм сфыдæх? (Æдде къæхты хъæр ссыд. Сæниат рудзынгæй акаст.) Мачи мын фенæд мæ сагъæс, мæ цæссыг. (Архайы хъæлдзæгæй ба- зарыныл, фæлæ йæ зард хъуысы хъарæггæнæгау.) Æрбахызт Æхсар. Æ х с а р. Гыцца!.. Сæниат. Мæ хъæбул! (К&рæдзиуыл ныттыхстысты.) Æ х с а р. Гыцца... С æ н и а т. Æгкар, мæ зæрдæдарæн! Уый ды дæ? Кæм ра- хау-бахау кодтай æххормагæй? Куыд никуы равдыстай дæхи, кæрдзын дын уæддæр хастаин, уыцы зындзинад та ма мын цæ- мæн бавзарын кодтай? Æ х с а р. Куыд æнцон мын у дæ цуры, Гыцца. Бæргæ дæм- иу æрызгъордтаин, Гыцца, фæлæ тарстæн, цæрæнбонты цы- рагъдар кæмæн фæлæууыдтæ, уыдон дыл куы бахъоды кæной, уымæй. Ныр мауал тæрс, Гыцца, фыццаг кæркуасæнты ацæу- дзынæн, стæй та дæм иуахæмы æруайдзынæн. С æ н и а т. Хъоды мыл бакæндзысты, уый æз ницæмæ дард- тон, фæлæ æнæ дæу фенгæ куы амæлон, уымæй тарстæн. Ныр мæрдтæм бацæуыныл дæр разы дæн, мæ иунæг... Æххормаг уы- ’дзынæ, хæринаг дын акæнон. Æхсар. Гыцца! Чысыл уал мæ цуры абад, хæринаг дæр баййафдзыстæм. Сæниат. Абаддзынæн, мæ хур, абаддзынæн, ныртæккæ. (Ауад.) Æ х с а р (рудзынгæй æддæмæ кæсы). Нæ чысыл бæлæстæ цæййас сысты! Цас фæхъазыдыстæм уæ разы! Уыцы бонты зæр- дæ цардæй куыд ради! Нæ хъазынмæ-иу мæргътæ фæсындæг- дæр кодтой сæ тахт, фæуагъта-иу булæмаргъ йæ зарын. Сæниат æрбахызт сугтимæ. Æхсар раздæхт йæ мадмæ. Æнæ мæн куыд цардтæ, Гыцца? С æ н и а т. Бонæддæдæр кодтон, Гыццайы хур. (Æрбадты- сты). Æ х с а р. Цæй, цæуыл та æрæнкъард дæ? Сæниат. Æгкар! Æгъдаумæ гæсгæ, ныхасмæ дæ зонгуы- тыл бацу... Æ х с а р. Гыцца... С æ н и а т. О, о, Гыццайы хур, хистæрты размæ дæ зонгуы- !тыл бацу æмæ дын ныххатыр кæндзысты. Æхсар (фидарæй). Кæд нæ хистæрты мæ цард хъæуы, уæд сын æй дæттын, фæлæ мын хæрам фестæд дæ фæллой, дæ 40
фырт искæй раз рæстæй йæ зонгуытыл . куы, æрлæууа, уæд. С æ н и а т. Цытæ дзурыс, Гыццайы хур?! Æ х с а р. Ныббар мын, Гыцца, быхс! Зынтыл ахуыр куы дæ. (Æрæвæрдта йæ мады уæрдокытыл йæ сæр.) Гыцца! Дæ къухтæ ма мæм авæр. Афтæ дæм нæ кæсы, цыма ацы хатт уал- дзæг æгæр æрæгмæ цæуы? С æ н и а т., Фендзыстæм та уалдзæг дæр, Гыццайы хур, фен- дзыстæм. Æхсар. Фендзыстæм, Гыцца, фендзыстæм. (Æрфынæй йæ мады хъæбысы.). Саниат. Æгкар! Афынæй. Цæмæн афтæ хæстулæфт кæ- ныс де ’рыгон рæуджытæй, мæ фæрстæ дын айхæлой? {Систа йын йæ къух.) Куыд тагъд айрæзтысты дæ чысыл хæмпус гук- кытæ! Куыд нæ райхъал уа, афтæ арæхстгай йæ кæлмæрзæн йæ сæрæй систа æмæ дзы Æхсары æмбæрзы. Лæппу фынæй тсæ- ны. Æддейы цыдæр уынæр цæуы. Сæниат арæхстгай сыстад. Рудзынгмæ бацыд æмæ кæсы æддæмæ.) Дæ-дæ-дæй, мачл йæ фенæд. Æрбахызт тагъд-тагъд Дзерассæ. Уый Дзерæссæ куы дæ! Дзерассæ. Гыцца! Ныххатыр кæн, цы кæнон?! Нæ фæс- къул чидæртæ зилы... Бынат нал арын мæхицæм. Айтег дæр хæстæг нал цæуы... Цы ма фæуон!.. Ныббар мын... Сæниат бакаст, Æхсар кæм фынæй кæны, уырдæм, уыцырдæм фæкаст Дзерассæ дæр. Æхсар? (Фæцæуы йæм.) Сæниат. Ма йæ райхъал кæн, мæ хур, фæллад у, тынг фæллад..; (Дзерассæ фефсæрмы.) Чи зилы уæ фæскъул аца- фон? Акæсон сæм. (Сæниат ауад.) Дзерассæ. Хуыцау, Гыццайы дзырд сæххæст кæнынæн мын хъару ратт. Куыд зæрдиаг фынæй кæны. (Кæсы йæм.) Иæ сæры æнафоны урсытæ фæзынди. Куыд æрæгмæ цыдтæ? О, о, зонын æй, амал нæ уыд. Æгъатыр хъысмæт. Куыд сфыдхуыз кодтай, дæу афтæ бирæ чи уарзта, уый? Кæрчытæ фыццаг уаст ныккодтой. Æхсар базмæлыд. Дзерассæ акаст, фæцæуы. Фæидараст-иу фæу! Дзерассæ дуармæ куыддæр бавнæлдта, афтæ та уасæг ныууасыд, æмæ Æхсар фехъал. Æ х с а р. Гыцца! Байрæджы? (Ауыдта Дзерассæйы.) Дзе- рассæ!? (Фæцæуынц дыууæйæ дæр кæрæдзимæ нæдзургæйæ.) Æ х с а р. Хуыцау, кæд фынæй дæн, уæд мæ мауал райхъал кæн! Дзерассæ. Æхсар! 41
Æ х с а р. Дзерассæ! Тагъд-тагъд æрбахызт Айтег. Айтег! Айтег. Аипп ма уæд: æнæ бафæрсгæйæ æрбацыдтæн, æп- дæр гæнæн нæй. Сæниат (æрбахызт тарстхуызæй). М’ арт бауазал!.. Айтег. Мамсыр фæфæдис Джеуæрджимæ. Сæниат, дам, йæ фырты йæ хæдзармæ бауагъта. Æхсар, дæхи уал айс, тæс- саг у, Сæниатыл дæр куы бахъоды кæной, уымæй. Сæниат. Бузныг, мæ хур, Айтег. Сæниат хъодыгондæй фыддæр у. Айтег (акаст рудзынгæй). Уæлæсыхы цыдæр змæлд пс, Æхсар. Цом. Æхса р. Айтёг. Дæ риуы ахæм диссаджы зæрдæ ис, уый æз нæ зыдтон. Æхсар æрæнцой кодта Айтегыл, рацæуы, Сæннат йæ размæ æрлæууыд, Дзсрассæ тарстхуызæй лæууы. С æ н и а т. Бакæнæнт мыл хъоды, уæддæр дæ мæнæй нал атондзысты. Æхсар. О Гыцца, дæуыл хъоды? Уыцы зындзннадæн нал бафæраздзынæн æз. Айтег хъахъхъæны. Сæниат (æддæмæ). О æгъатыр хъодыгæнджытæ! Сымах зонут, хъоды цы у, уый? Искуы уæ искæйы лæппу уазал хохы сæр æххормагæй баззад! Искуы уæ исчи йæ цардыл куыдта? Цы аххосджын вæййы, йе ’взонг бонтæ сидзæрæй чи арвиты æмæ йæ мад йæ дзидзи цæссыгтимæ кæмæн фæдары, уый? Уæ цæстытæм уын комкоммæ куы бакæсы, уæд ыл уайтагъд хъоды куы бакæнут. Фæсурут æй, цы хæдзары райгуырд, уырдыгæй, æмæ ныффæдзæхсут: йæхимæ йæ хæстæг мачи бауадзæд! Суанг ма йæ мады бон дæр нæу йæ хъæбулы барæвдауын. (Иæ хъæ- бысы йæ æрбакодта.) Фæлæ сымах зонут, уыцы ныййарæг, йæ хъæбулы мысгæйæ, цы хъарджытæ фæкæны, уый? Æ.хсар. Гыцца!. Айтег. Æхсар, бар мын ратт æмæ дæ нымайон мæхицæн æфсымæрыл. Æхсар. Гыцца! Дыккаг лæппу дын мæнæ. (Йæ хъæбмсы ць^ккодта Айтеджы.) , Дзерассæ (кæсы рудзынгæй). Сæ цырæгъты рухс -зыны уыигты... г Æхсар. Цæй, Гыцца! Цас зындзинæдтæ дын бавзарын кодтон! Ныббар: (Йæ хъæбысы йæ ныккодта) ! Сæниат. Ныббар мын, Æгкар, мæ хур, ды дæр. Æвæц- цæгæн, дæ хъизæмæрттæ бавзарынæн ныййардтон. Æхсар (Айтеджырдæм фидарæй). Цом, ме ’фсымæр. 42
А й т е г. Цом. (Ацыдысты.) Дзерассæ. Æхсар... Æмбæрзæн. ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Ногæй та уæлхох быдыр, тæрхæг-дуры раз. Уалдзыгон изæр. Лрв у уарынхуыз. Æрбахызт фæлмæстæй Сæииат, йæ къухы — лæдзæг. Сæниат. Хуыцау! Цавæр зындзинæдтæ ма мын бавза- рым кæнынмæ хъавыс, цæуылнæ мæ марыс? Æгкар! Кæм дæ, мæ хур? Дæ мады дын куы расырдтой хъæуæй, уæд мæм цæ- уылнæ искуыцæй фæзыныс?.. Дзерассæ фесæфт, агурынц æй æмæ йæ нæ арынц. Нæ чындзыл, дам, цы ’рцыд, уый сымах тых- хæй. Ссар, дам, æй кæннод, дам, дæ æд хæдзар судзæм... Абон- дæргъы хæхты къахихсыд бадæн æмæ йæ куынæ арын, уæд цы кæнон, куыд ныццæуон хъæумæ? Куыд баззайон ам дæр. (Хъæр кæны.) Дзерассæ! Дзерассæ! Хъуысы дымгæимæ бирæгъы уаст. Паузæ. Æрбазынд Хъæрæу, лæгæтмæ бакаст, стæй рахызт. Хъæрæу. Нæй ам дæр. (Æддæмæ.) Мамсыр! Афтид у лæгæт. Кæд, мыййаг, нæ чындз хохы цъассы бамбæхсти. 4 М а м с ы р (æрбахызт). Нæй? (Агуры лæгæты, рахызт.) Цом, басудзæм сын сæ хæдзар. Хъæрæу. Фæлæуу! Сæниаты хæдзар нын никуыдæм аир- вæздзæн. М а м с ы р. Уадз, йæ хæдзары арты рухсмæ агура йæ «чындзаджы». Кæд баиу сты искуы йæ фыртимæ. Цы лæгæты сын æнхъæлдтон, уырдæм фондз æхсты фæкодтон, фæлæ дзы ничи разынд. Хъæрæу. Ды ма лæгæтмæ æхстай, фæлæ æз мæ нæм- гуытæ уыдоны æфсонæй иу æхсæлыйы къудзийыл куы фез- гъæлдтон... Ницы кæны, мах нæ чындзы ссардзыстæм. Æхса- рæй рагæй дæр ницы хабар ис, æнæ уый дардмæ нæ ацæудзæн дæ Дзерассæ дæр. (Зæххы ауыдта хъама.) Кæс-ма, мæнæ хъа- ма! М а м с ы р (уыны йæ). Мæ хъама. X ъ æ р æ у. Кæдæй фæлæууыд ам!.. Сау згæ сси. Мамсыр. Æри-ма йæ ардæм, æз æй мæ марæджы тугæй ныхсдзынæн. Хъæрæу. Æмæ ма дзы цæй туг ис, уæдæй нырмæ хæхты чи рахау-бахау кæны, уый мидæг? Ды сæрæгас, æнæиизæй баз- задтæ. 43
Мамсыр. Цæмæн æй уарзы Дзераассæ мæнæй фылдæр, цæмæн? X ъ æ р æ у. Цæмæн? Æз ын цы зонын? М а м с ы р. Фыдæлтæй нын цы æгъдæуттæ баззад, уыдон кæй халы, уый тыххæй? X ъ æ р æ у. Дæ зæрдæ мыл фæхудæд, фæлæ дзортт... дзорт- тыстæн, æз ахæм хъуыддæгты фæстæ Дзерассæйы нал ракурин. М а м с ы р. Цыфæнды фæуæд, мардæй йæ куы ссарон, уæд- дæр æй хъуамæ æз баныгæнон, æз, æмбарыс? Уый нæ, фæлæ æз! Хъæрæу, цом! Хъæрæу. Цом! (Ацыдысты.) Сæниат (æрбахызт). Уыст! Бирæгът?е æрбацæуынц? О ме ’намонд скæнæг! Мæ къæхтæ мæ быны нал цæуынц. (Хъуы- сы уаст, систа фæрæт.) Уыст! Фæдис! Фæдис! (Сыхъуыст гæ- рах. Сыхъуыст дыккаг гæрах.) Фæлидзы! (Тасдзинад фæци, Сæниат æрсабыр, æрбадт æмæ «охх!», зæгъгæ, ныдздзынæзта.) Чи у мæ ирвæзынгæнæг? Цуанæттæ сты, æвæццæгæн. Чидæрид- дæр дæ, дæцæрæнбон бирæ, дæ ныййарджытæ дæ уындæй баф- сæдæнт. (Ацыд.) Æхс.ар (æдда). Чи ис ам? (Æрбахызт, йæ къухы—топп.) Сылгоймаджы хъæлæс... Чи уыдзæн, цымæ, уыцы балбирæгътæ кæуыл æртыхстысты? Цы фæуыдаид уæдæ Солтан, цæй æрæг- мæзыны? Кæд хъæуы исты æрцыд? Фæзынди Солтан. Солтан! Ардæм! (Æрбахызт.) Цæй æрæгмæ цыдтæ ацы хатт, Солтан, мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. С о-л т а н. Амал нæ уыд, Æгкар, ныр дæр сусæгæй рацыд- тæн. Æхсар. Цæуылдæр æнкъард дæ, исты æвзæр хабар?.. Солтан (дæтты хызын). Исты уал ахæр. (Сбадтысты.) Æ х.с а р. Хæрын мæм нæ цæуы. Цы ми кæны Бæппу? С о л т а н. Уæддæр та «Бæппу». Æндæр исчи дæ бынаты афонмæ Бæппуйы... Æ х с а р (йæ былтæ йын ахгæдта). Солтан! Макуыуал схауæд уыцы ныхас дæ дзыхæй. Сол-тан. Ныббар мын, Æгкар, хистæр дæ, фæлæ номæ- вæрæг ничи никæмæн уыд? Ард дыи хæрын, æз æй раджы ба- гæрах кодтаин. Æ х с а р. Мæн дæр багæрах кæнис? Солтан (фæкуыддæр). Дæу? Ды мæн зæйы бынæй скъахтай. Æ х с а р. Мæн та, Бæппу... Сол тан. Цы?.. Æхсар. Æрыгон дæ ахæм ныхæстæн иырма, фæлтау-ма зæгъ—федтай Дзерассæйы? Цы хуызæн у Гыцца та? .. Солтан. Дзæбæху Гыцца. (Сыстад, кæсы.) Ныртæккæ ам-дæлæмæ фæцæуы. •■ :-44
Æ х с а р. Гыцца? (Фестад, фæуайы.) Солтан (уромы йæ). Сабыр у, Мамсыр æмæ Хъæрæу уыцырдæм фæцæуынц. Æгкар! (Нæ хъусы.) Æгкар! Æ хс а р. Гъы? С о л т а н. Дзерассæ фесæфт... Æхсар (тарст каст æм бакодта). Цы? Куыд фесæфт? С о л т а н. Абонрайсом, дам, хæхтæм алыгъд. Æ х с а р. Куыд хæхтæм? (Акаст алырдæм.) Солтан (æрдæгхъæлæсæй). Гыцца дæр алыгъд. Дзерас- сæ, дам, дæ фыртмæ фæцыд æмæ, дам, æй ссар... Кæннод, дам... (Ныккуыдта.) Æ х с а р. Цъаммартæ! Цы стут сымах? Тæрсынгæнджытæ? Уæ риуы зæрдæтæ куынæ ис, уæд адæймæгты хуызæн цæмæн цæут? С о л т а н. Æгкар!.. Æ х с а р. Солтан, цæугæ уæллаг лæгæтмæ, мæ дзаумæт- тæ-уым сты, фæстаг хатт ма сзын кæн дæхицæн æмæ сæ æр- хæсс. С о л т а н. Æз ныртæккæ ам уыдзыиæн, Æгкар. (Азгъорд- та.) Æ х с а р. Æз дæм банхъæлмæ кæсдзынæн ам. Æгъгъæд, æгъгъæд! Мæнæй уый, утæппæт зындзинæдтæ иу бинонтæн æгæр сты, скæн сын кæрон. (Ацыд, лæгæты размæ æрлæууыд.) Арв—уæрæх, зæхх — стыр. Ау, уæд æз æмæ Дзерассæйы амонд баиу кæнынæн ахæм чысыл цæмæн разыидысты? Кæм уа, цы- мæ, кæд хъæдмæ бацыд, мыййаг... Уым бирæгътæ дыууæрдæм куы кæнынц. (Фæаууон.) Паузæ. Æрбахызтысты Дзерассæ æмæ Сафиат. Дзерассæ. Æфцæг дард нал у. Цæй амæй уæлдæр ма- уал цу, Сафиат! Бузныг дæ фыдæбоиæй. Хи мады зæнæгæй мыл æнувыддæр дæ, чи дын бафиддзæи дæ дзæбæхтæ! Згъоргæ фæстæмæ, Сафиат, кæннод мæн тыххæй ды дæр масты хауыс. Мæ зæрдæ дын зæгъы, æз зынтæ цас федтон, уы-йас ды та цян æмæ амонд фен. С а ф и а т (иуварсмæ). Æхсар уарзы дæу æмæ амонд- джын у — æндæр амрндмæ нæ бæллын æз дæр. Фæлæ дæхи æрæмбар. Дзерассæ. Мæиæн æндæр фæидаг нæй, Сафиат. (Фæ- цæуы.). Сафиат (уромы йæ). Кæдæм, Дзерассæ?! Дзерассæ. Мæ зæрдæ мæ æнæбын цъасмæ фæхæссы, фæлæ йæм цæуын, цæуын ныфсджынæй. С а ф и а т. Цы дæ зæгъдзысты?.. Дзерассæ. Цыфæиды зæгъæнт. Æз цæуыи Æхсармæ. С а ф и а т. Бæппу дæ ацыд куы базона, уæд фæфæдис кæн- дзæн. 45
Дзерассæ. Мæнæн уæлдай нал у. Цæй, баталынг уы- дзæн. Аздæх хъæумæ, Сафиат. Сзындысты Айтег æмæ ма иу фæдисон. Фæдисон. Мæнæ сты, Айтег. А й т е г. Кæм? Ф æ д и с о н. Мæнæ. Ам лæуу! Æз цæуын адагмæ, Тамби- мæ. (Азгъордта.) Дзерассæ (нæ сæ уынынц). Цæй... С а ф и а т. Фæндараст фæу, фæндараст. Саламтæ-иу ратт Æхсарæн... Дзерассæ. Бузныг, Сафиат. Цæмæн афтæ фæлурс дæ? Цæмæн кæлынц дæ цæссыгтæ донау? Ф æ д и с о н (æддæдæрæй). Тамби, ардæм, мæнæ сты... (Нæ зыны.) С а ф и а т. Сæййæфтой нæ. Ауыдтой фæдисæтты. Сзынд Айтег дæр. А й т е г (æргæпп кодта йæ размæ). Бахатыр кæн, Дзерас- сæ: Бæппуйæ ахæм дзырд ис æмæ хъуамæ йе ссыдмæ ам баз- зайай. Д з е р а с с æ. Нæ мæ уырны: ды афтæ нæ бакæндзынæ. Ды дзы æфсымæр загътай. Айтег. Дзерассæ! (Уромы йæ.) Хуыцауы хатыр бакæн. Дзерассæ. О, цавæр адæм стут? Айтег. Бафхæр мæ, чи зоны, раст дæ ды, фæлæ Бæппуйæ хистæр нæ мыггаджы нæй, уый ныхасы сæрты ахизын зын уг Æхсары дæр фыдбылызы мауал æфтау. Дзерассæ. Курын дæ, ауадз мæ. Айтег. Дзерассæ, бамбар, æнафон у ныр, искуы дæ би- рæгътæ бахæрдзысты. Д з е р а с с æ. Никуы дын ферох кæндзынæн дæ хорздзи- над, Айтег; мæ амæлæты бонмæ йæ мæ зæрдыл дардзынæн. Айтег (чысыл ахъуыдыйы фæстæ). Цу! Цыфæнды мын кæнæнт, цæугæ! Талынджы мацæмæй тæрс, æз дæ иунæгæй нæ ныууадздзынæн. Дзерассæ. Бузиыг, Айтег! Ма мыл фæхудæд дæ зæрдæ. (Фезгъоры.) Т а м б и (рагъæй, нæ зыны Дзерассæитæм). Кæм ис иæ ху- динаггæнæг? (Фæаууон.) С а ф и а т. Бæппуитæ!.. Айтег. Лидзгæ, æз æй бауромдзынæн. (Айтег ахызт йæ размæ). Дзерассæ. Нæ, уырдæм — нал, сæййафдзысты мæ. Уæдæ хъæумæ дæр — нал, фæлтау мæхи былæй аппардзынæн. (Был- мæ фезгъоры.) ’ С а ф и а т (хъæрæй). Дзерассæ! Дзерассæ! Дзерассæ былмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ йæ размæ фæци Æхсар. 46
А х с а р. Дзерассæ! Дзерассæ. Æхсар! Сафиат иуварс лæууы, фæдисæттæ рагъæй нæ зынынц, Æхсар. Цытæ цæуы ам? Дзерассæ. Цавæр зæдмæ кувон, дæу мæ размæ чи ра- рвыста? Æхсар. Чидæр ныхъхъæр кодта дæ ном... Дзерæссæ! Æз æхсæвæй-бонæй кувдзынæн, дæу ардæм цы æхсидгæ зæрдæсха- ста, уымæи æмæ йын цæрæнбонты цырагъдар уыдзынæн. Кæцæйдæр хъуысы хъæртæ, змæлд. Дзерасрсæ. Схæццæ кæнынц... Æхсар! Æз — де уазæг, байс мæ бирæгъты дзыхæй. Æхсар. Тæрсгæ ма кæн, Дзерассæ. Æз сын бирæ фæбар- стон, фæлæ алцæмæн дæр кæрон ис. Фæдисæттæ сзындысты. Æрлæуут! Æгъатыр хъодыгæнджытæ! Цæуылнæ-иу бакæнут хъоды тыхмийыл? Цæуылнæ-иу фæсурут, бирæгъау чызг чи аскъæфы, уыдоны тар хъæдмæ, сырдтæм? Цæмæн калут уæ маст уарзондзинадыл? Æгъгъæд фæуæд! Лæгдæр уæ чи у, уый ма нæ ныхмæ рацæуæд. Æз дæи рæстæй хъодыгонд. Мæнæ уый та æнаххос Дзерассæ. Фæдисæттæ цавддуртау фесты. Æхсар Дзерассæны къухыл ахæцыд, æмæ ныфсджынæй фæцæуынц. Тамби топп аифтыгъта æмæ ныхъхъавыд Æхсармæ. Солтан (топпы хæтæл иуварс кæны). Бæппу! Æгкары марыс!.. Сыхъуыст гæрах, Æхсар фæцудыдта, Солтаны цæстытæ басыгъдысты тоихосæй, æрхауд. Дзерассæ. Æхсар! С а ф н а т. Солтан! (Базгъордта йæм.) Æхсар (сыстад тыххæй)._Цы кодтай ды та, Солтан? Солтан. Цæф нæ дæн, Æгкар! (Архайы ракæсыныл, нал ракаст.) Чысыл мæ цæстыты топхос бакалд. Акодтон йæ, Тамби та ногæй ифтындзы топп. Æхсар (цæстыфæныкъуылдмæ дамбаца фелвæста). Æгæр фæтагъд кодтай, мæ номæвæрæг, дыккаг æхст дæу нæ уыди, æгъдауджын лæг.куы уыдтæ. Тамби æруагъта йæ хъримаг. Бæппу! Куыд бирæ дæ уарзтон!.. Дæумæ æз хæцæнгарз ни- куы систаин, фæлæ йæ кæм систон, уым та йæ уадзгæ нал æр- кæндзынæн... мæ зæрдæ нал кæсы мæ коммæ... (Сарæзта иæм дамбаца.) Ь
Т а м б и. Æхсар!.. Æ х с а р. Дæуæн Æхсар нал ис. Дæ рахиз къух хуыскъыл нымай. (Фехста æнæ хъавгæйæ, Тамбийы рахиз къухæй топп æрхауд, хъавы та.) Мæ номæвæрæг, ныр та дæхимæ фæкæс! Дзерассæ (Тамбийы йæ аууон бакодта). Амар фæлтау мæн. Æхсар. Дзерассæ, уæддæр нæ фæлæууыдтæ! Цæй лæ-. мæгъ дæ, сылгоймаджы зæрдæ! (Тамбимæ.) Дæ удыл мæ бар нæ цæуы, дæ цæсгомы бар дын æй кæнын. Хъус Джеуæрджи- мæ, бафсæдут мулкæй! Т а м б и. Æгъгъæд! Æгъгъæд! Фехс! Дыккаг æхсты бар дæу у! Фæци нæ ныхас! Æхсар (йæ цæфыл хæцгæ). Цæмæн? Нæма фæци кæрон- мæ нæ тох: уадзг иучысыл базоной адæм нæ рæстдзинад. Чызг æмæ лæппу кæрæдзийы нæ фæзонынц,— сымах уæ мулк гуы- бынмæ бафидауын кæны. Дыууæ адæймаджы кæрæдзийы уар- зынц,—уый сымах хъуыддаг нæу. Кæнæ ирæд. Цы аххосджын у, чызджы чи бауарзы æмæ йæ бон ирæд бафидын кæмæн нæ вæййы, уый? Цæуылнæ йын фæкæсут йæ зæрдæйы хъæздыгдзи- надмæ? Айтег. Бæппу! Ныббар мын, фæлæ æз зæгъин мæ дзыхы дзаг: «Марынмæ кæй агуырдтам, уый цæрын аккаг у!» Т а м б и. Дæу ничи фæрсы æмæ банцай! Антег мæсты зылд фæкодта, ацыд. Дзерассæ. Бæппу!. Ныххатыр нын кæн. Бирæ нæ куы уарзтай. Барæвдау та нæ фыццагау, курæм дæ дыууæйæ дæр. Афтæ-иу куы дзырдтай: «Ахæм заман никуы æрцæудзæн æмæ æз мæ иунæг чызджы фæндон ма сæххæст кæнон...» Та.мби. Мæнæн чызг нал ис, йæ бæсты ма мын баззади маст„.ничиуал ис мæнæн, ничи! Дзерассæ (æрхауд йæ уæрджытыл). Курæм дæ дыу- уæйæ дæр, Бæппу, фыд куы хуыйныс. Æрбазынд Солтан йæ цæстытæ æууæрдгæ, ничи йæ уыны. Т а м б и. Ингæн — хуыздæр, сымах фæндон сæххæст кæны- нæй (Æхсармæ.) Залиаг калм мæ роны куы фæдардтаин фæл- тау, дæу схъомылы бæсты. (Дзерассæмæ амоны) Акæнут æй тагъд фæсхохмæ Дженардыхъотæм. Æхсар æмæ Дзерассæ фæхизынц айнæгæн йæ цъупмæ. Алидзæнтæ æрцахсут, сæрра сты! Мамсыр сæм фелвæста дамбаца. Цæстыфæныкъуылдмæ Айтеджы æхсар- гард ферттывта йæ сæрмæ. А й т е г. Дæ дамбаца æруадз, кæннод дын дæ къæхтæм æр- тулын кæндзынæн дæ сæр! Мамсыр фæджих. 48
Тамби. Лæппу! Нывæр де ’хсаргард йæ кæрддзæмы! Айтег иæ хъусы, йæ цæстытæ цæхæрау æрттивынц. Айтег (ныкъкъуырдта Мамсыры дамбаца). Æз дын, дæ дамбаца æруадз, куы загътон. Мамсыры дамбаца атахт, сагъдæй лæууы йæ хицау. Æхсарнтæ адард сты, нæ уыныиц, ам цытæ цæуы, уый. Æхсар! Æхсар ракаст Айтегмæ, схæццæ сты былмæ. С а ф и а т (тарстæй). Былæй сæхи æппарынц! Æхсар æмæ Дзерассæ, кæрæдзи къухтыл хæцгæ, былмæ фæцæуынц. Дард кæцæйдæр фæцыд Сæниаты хъæр: «Æгкар!..» Æхсар æмæ Дзерассæ, ма, Сæниаты хъæр кæцæй фехъуыст, уыцырдæм иу каст фæкодтой æмæ сæ- хи былæй аппæрстой. Цæф арсы богъ ныккодта Тамби, адæм пууылдæр цавддуртау фестыэ æрбахызт мæрдон фæлурсæй Сæниат, йæ кæлмæрзæн йæ къухы, афтæмæй. Сæниат. Мæ бон куыд бакалд, кæм дæ, цæй æрæгмæ мæм зыныс, мæ къона? Фæцæуы йæ размæ Айтег. А й т е г. Гыцца... Сæниат тарстæй йе ’ргом фездæхта, йæ фырты номæй йæм чи сдзырд- та, уымæ. Чидæртæ азгъордтой, Дзерассæ æмæ Æхсар кæдæм ахаудысты, уырдæм. Сæннат, йæ кæлмæрзæн йæ фæдыл ласгæ, фæцæуы былмæ. Был- гæрон ын Айтег æмæ Сафиат йæ цæнгтыл ныххæцыдысты. Уый ну каст акод- та былæй, ныцъцъæхахст ласта æмæ Айтеджы уæхскыл æрхауд, стæн йæ хъæлæсыдзаг ныккуыдта. Сæниат (Тамбийы дзыназынмæ). Ку! Ку! Нал сты уы- дон. Иал сын ныхсдзынæ сæ тæригъæд дæ цæссыгтæй. (Хъуы- сы æрвнæрæгау йæ хъæлæс.) Нæ, ма ’нхъæлмæ кæсут, æгъа- тыртæ! Æз нæ аппардзынæн былæй мæхи, не ’рхаудзынæн мæ зонгуытыл уæ размæ, лæгмарджытæ! Æз цæрдзынæн, цæмæй уын уæ фыдми уæ цæстмæ дарон!.. Æрбахастой Æхсар æмæ Дзерассæйы, æрæвæрдтой сæ фæрсæй-фæрстæм, Сæниат сыл æрхауд. Мæ хъæбултæ!.. Кæрон 4 Хъайттаты Сергсй 49
ТАЙМУРАЗ ЦЫППАР АРХАЙДЫ ЛРХЛЙДЖЫТÆ: ’Т а й м у р а з — 25-аздзыд. Д з и ц ц а — йæ мад, 50-аздзыд. Батрадз — Таймуразы кæнгæ æфсымæр, 25-аздзыд. Г æ с т и — Таймуразы номæвæрæг, 80-аздзыд. Т у г ъ а н — хъæуы хистæртæй иу, 70-аздзыд. Чабæхан-Таймуразы хо, 20-аздзыд. Лгуындæ — Таймуразы уарзон, 20-аздзыд. Госæда- Агуындæйы мад, 60-аздзыд. М а рков — уырыссаг, географийы ахуыргæнæг, 45-аздзыд. Николаич— йе ’ххуырст, 50-аздзыд. Сæхмæрза — ирон æлдар, 55-аздзыд. Хъуыдæберд— æлдар, 40-аздзыд. Хъазджерн — Сæхмæрзайы фырт, 30-аздзыд. С а ф а р -г Сæхмæрзайы æххуырст, 25-аздзыд. "Т у з 9 Р — Таймуразты сидзæр лæппу, 12-аздзыд. Ф нднуæг | Джена хът>'ы ч*РД*ь1тæ. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Ирон хæххои хъæу Саниба. Нарæг уынг. Иуæрдыгæй — Агуишдæйы кæрт. Икиæрдыгæй кауын быруйы æддс — Таймуразы кæрт. Уым бады Ту- зар, архайы йæ фатимæ, æмæ зары. Æрбахызт Госæда суджы æргъомимæ. Т у з а р. Æмæ ма Дзицца кæм и, Госæда? Госæда. Æрхæццæ уый дæр, Тузар, мæ хур. Дæлæ сн- сыл банцой кодта. (Бахызт сæ кæртмæ.) Чызг, уæ, чызг! Тузар (фæцæуы Дзиццайы размæ.) Агуыидæйы агурыс, Госæда? ^О
Г о с æ д а. О, нæ йыл æрхæцыд дæ цæст? Тузар. Дон хæссыимæ ацыд. (Азгъордта.) Афонмæ ссæ- уы... Госæда. Уыссиу! Хъæрццыгъайы амæттаг фæуат! (Фæау- уон.) Æрбахызт Дзицца суджы æргъомимæ. Тузар ын æххуы’с кæны. Д з и ц ц а (æрæвæрдта йе ’ргъом). Охх, охх, æна, цæй фæл- лад бакодтон! Мæ уæрджытæ мæ быны нал цæуынц. Не ’иа- монд скæнæг хуыцау!.. Хъæд — нæ тæккæ раз, афтæмæй авд. рагъы фæстейæ та суг хæссæм. Т у з а р. Цæй æрæгмæ цыдыстут, Дзицца? Дзицца. Уæнгæл ын куы фестид, уастæн, Сæхмæрзайæн,. æвналын цы хъæдмæ нæ уадзы, уый! Хуыцау йæ быны цы сфæлдыста, уыдон сæхи бакодтой Хъуыдæбердимæ. . Т у з а р. Сæ мусты цалгай цъынатæ æрцамадтой? Дзйцца. Сæхмæрзатæ æмæ Хъуыдæбердтимæ хи барæн нæй, мæ хур, уыдон æлдæрттæ сты. (Кæсы.) Гъæйттæй най кæ- нынц, сæ бонæй уæнт!.. Кæд фидæны мах дæр фæхъæздыгдæр уаиккам... (Бахызт хæдзармæ, ралæвæрдта къæрта.) Цу, Ту- зар, дæ рын бахæрон, иучысыл дон сдав суадонæй. (Къæрта кæртæй ахизæны æрæвæрдта.) Агуындæ æрбазынд, гогоны дои Дзиццайы къæртайы кæиы. Тузар æй. раййæфта. Тузар. Мæхæдæг сдавдзынæн, Агуындæ. А г у ы н д æ. Ницы кæны. Æмæ Чабæхан кæм ис? Т у з а р. Ацыд хъæдмæ — хуым кæрдынмæ. А г у ы н д æ. Иунæгæй? Тузар. Тайму æмæ Баппиимæ. Мæхæдæг сдавтаин. Д з и ц ц а (рахызт). Бузныг, Агуындæ, мæ хур. Агуындæ аздæхт донмæ. У-у, тæхуды, иу ахæм чындзмæ акæс дæ кæрты!.. Т у з а р (кæсы). Дзицца! Сæхмæрза æрбацæуы. Д з и ц ц а. Кæм?. Т у з а р. Цон, лидзон, фæнæмдзæн та мæ. (Ацыд.) Дзицца. Мæ арт бауазал!.. У-у, Лæгтыдзуар æй иувæр- / сты ацæуын кæнæд. (Ацыд.) Сæхмæрза (æрбахызт Хъуыдæбердимæ.) Кæм цы къул- бадæджы сæныкк ис, уыдон хъæуы хынджылæггагмæ æртард- той. Хъæрццыгъайы ахстон... Алы аз хъалонисджыты масты бафтауы. X ъ у ы д æ б е р д. Æвæццæгæн та нæ ацы хъалонисæг дыу- уæ боны дæр æвыдæй нæ ныууадздзæн. С æ х м æ р з а. Судзаг пысыра сæвзæрд нæ хъæуæн нæ тæк- кæ бæрæг астæу æмæ йе стонынæн ницы амал ис. Хъуыдæберд. Судзгæ кæны, судзгæ.
Сæхмæрза. Фæлæууæд, æз ын йæ алыварс бахуыскъ кæндзынæн, стæй йæ уæд æд уидæгтæ стондзынæн. Хъуыдæберд.^ Æргомæй нæм систа йæ къух, бахуыскъ ын уа! Абон мах уымæн куы ныббарæм, уæд райсом бынтон- дæр нæ сæрмæ схиздзæн... С æ х м æ р з а. Галтæн сæ сæрбосыл фидар куы нæ хæцай, уæд фæйнæрдæм хæцынц. Уымæн йæ фæсонæрхæджы дæр чи нæй, æз ын ахæм æфхæрд бакæндзынæн... Уалæ кæмдæр хъæ- ды хуым бакодта æмæ йæ, æнхъæлдæн, абон кæрдынц, райсом та мæкъуыл мæ мусы уыдзæн. (Худынц.) Хъæугæ дæр мæ ни- чердæм кæны, фæлæ уадз æмæ зона, æз чи дæн, уый. Хъуыдæберд. Æддæмæ ма уæ исчи ракæсæд! Дзицца рахызт. С æ х м æ р з а. Кæм и дæ фырт? - Д з и ц ц а. Æгас цæут! Сæхмæрза. Дæ фырт йæ фыды кæнон куы кæиа, уæд ын йæ хал ахæрдзæн... Иу сем уын сем нæу! Д з и ц ц а. Цы та кодтам? Хъуыдæберд. Цы та кодтат, уын нæ зонут? Иæ хуым ын афæлдæхта дæ фырт. Дзицца. Мæ арт бауазал!.. Кæм? Хъуыдæберд. Хъæдьт. Дзицца. Хъæды? Сæхмæрза. Уый йын æгъгъæд нæ фæци, ныр та йæ сау цæсгом батардта æмæ йæм абон кæрдыимæ ацыд. Йæ джиауыр митæй мæм адæмы æркæсыи кодта, фæлæууæд!.. Акæс-ма уы- мæ, хуыцауы тыххæй! Д з и ц ц а. Загъд ма скæн, дæ рын бахæрон. Сæхмæрза. Къулбадæг у дæ фырт, æмæ йын «макæ» нæ зæгъыс ды дæр. Чи йын уыди уыцы зондамонæг, æмæ нын фыдæлтæй цы рæсугъд æгъдæуттæ баззад, уыдон хала? Ис- куы дæр-ма уый æрцыд?.. Адæмы ардауы, хъалон фидыи сæ нæ уадзы. Æмæ йын уый æгъгъæд нæу, ныр та мын мæ зæхх... Дзицца. Бахатыр ын кæн, дæ рын бахæрон, сывæллон сонт у. Сæхмæрза. Цы дзы раласа, уый йæ лæппутæ фендзысты! (Фæзылд æмæ ацыд). Дзицца. Дæ фарсæй фæуæд! Хъæды æрдузтæ дæр йæхи бакодта, бæрц ницæмæйуал зоны. Тæхуды, уый та мæ лæппуйы хъустыл куы ’рцæуа, куы нæ та баурома иæхи, æмæ мыи Сæх- мæрза мæ нуиæгæи исты куы кæна! Уæ, нæ мæгуыр удты тæ- ригъæд фæхæссат, махæн ацы цæрдтытæ чи æвзарын кæмы! Мæ иунæгæн мын ныридæгæн сагъæс йæ зæрдæйы бауагътой. Уастæн, цы зæгъон йæ фыдæн, æнæ рæвдыд, æнæ зæрдæрухсæй йй чи ныууагъта æмæ мæрдтæм чи фæлыгъди! О Мадымай- рæм! Куы никæмæн ницы кодтам, уæд ахæм æнамоид цæмæн стæм? Й
Госæда (рахызт). Цæмæ та уæм æрбацыди Сæхмæрза? Дзицца. Не ’намонд скæнæг хуыцау!.. Сывæллонау цин кодта йæ гæппæлыл, уырзæй йын æхсæста йæ хуыр. Афæдзæй- афæдзмæ йын йæ бæлæсты бындзæфхæдтæ фæкъахтой Батра- дзимæ. Цы та кæндзыстæм ныр, Тайму! Мæ дарæг! Фæлтау ма æххуырсты куы цыдаис. Госæда. Цытæ дзурыс! Фæстæмæ та æххуырсты æрвитыс дæ иунæджы? Дзицца. О, æххуырсты, Госæда! Иæ афæдзы мызд ныи хъалонваг уæддæр кæнид. Госæда. Æз цы Таймуразы зонын, уый æххуырсты нал бацæудзæн. Т у з а р (æдде). Цæй-ма, раййаф мæ!.. Госæда (æддæмæ). Тузар! Т у з а р. Циу? Госæда. Чызг куы ссæуа, уæд-иу, зæгъ, сугтæ хурмæ ра- пырх кæн, æз куыройгур ауайон. (Ацыд.) Т у з а р. Хорз! (Хъуысы Таймуразы зарын.) Дзицца. Уæртæ æрбацæуы. Мæ фæрстæ йын айхæлой, йæхæдæг дæр афтæ куы загъта: «Сыдæй куы мæлон, Дзицца, уæддæр мæ æххуырсты мауал арвит». Иæ цæрынæй-хæрыммæ зындзинадæй цы нæ бавзæрста, иу ахæм нал баззад... Таймураз (æдде). Цом уал мидæмæ, Батрадз. Батрадз. Ныртæккæ, мæ цæвæг уал авæрон. Мæнæи дæр хæдзар ис. Таймураз (æрбахызт). Ам дæ, Дзицца? Дзицца. Ам, мæ хур Таймураз, ам, фестут карст? Таймураз. О, фестæм. Цæуылдæр та æнкъард дæ? Д з и ц ц а. Куынæ дæн. Таймураз. Æнкъард ма кæн, Дзицца. Ра^сом мах дæр най кæндзыстæм. Нæ хуымы гæппæлы ахæм хор æрзад, ахæм æмæ тугыл аскъуыд. Д з и ц ц а. Æмæ кæй зæхх у, мæ хуртæ, уый та? Т а й м у р а з. Куыд кæй зæхх у! Хъæды астæу æрдуз кæй хъуамæ уа? Цæуылдæр æнкъард дæ, Дзицца? Д з и ц ц а. Куыницæуыл, мæ къона. Таймураз. Уæдæ æнкъард ма кæн, Дзицца. Иæ дыл фи- дауы... Цæй-ма, схæц де уæнгтыл... Афтæ, гъе!.. Д з и ц ц а. Сугмæ уыдтæн æмæ бафæлладтæн. (Райста Таймуразы куырæт, æмпъузы йæ.) Таймураз. Омæ дын цал хатты загътон, сугмæ ма цу, зæгъгæ. Уæртæ нæм зымæгваг куы ис. Стæй уыцы куырæты къæрид мауал рампъуз-бампъуз кæн, цæмæн ма бæззы? (Æр- бадт.) Дæхи цы хурхæй марыс? Дзицца. Бæргæ, исчи мæ куы раивид, ,мæ хъæбул. Таймураз. Цытæ дзурыс, Дзицца? (Фефсæрмы.) Дзицца. Æгъгъæд фæуæд, мæ хур, цуанæн дæр æгъгъæд афрн у... Афтæмæй цас фаг суыдзынæ, æз дæр мæ къæхтыл уæ 53
Дыууæйы тыххæй цæуын. Ды та хæхтæй дæлæмæ нæ хизыс, ферох нæ кодтай. Таймураз. Нæ, Дзицца, кæмдæриддæр уон — цæстыфæ- иыкъуылды бæрц дæр мæ зæрдæйæ никуы фæцух вæййыс. Д з ицца. Дæ фыды æрцыдмæ фæцæр... Т а й м у р а з. Мæ фыды æрцыдмæ зæгъыс? Фæцæрдзынæн;, æнæмæнг, фæцæрдзынæн. Гъе, æцæг та йыи ахсæв Батрадзи- мæ уыцы сау бæгæныйæ йæ ном куы ссариккам... Марадз, Дзицца... (Йæ фæстæ.) Гъе стæй цыма уæливыхтæ кæнинаг дæр уыдтæ. (Худынц.) Дзицца (сыстад, фæцæуы). Ныртæккæ, Дзиццайы хур.. (Бацыд мидæмæ.) Тапмураз архайы сугтимæ. Т у з а р (æдде). Агуындæ, Госæда куыроймæ гцыд... Сугтæ,. дам-иу хурмæ рапырх кæн... Т а й м у р а з. Агуындæ? Кæд схæццæ йæ мады æрвадæлтæй? Агуындæ. Хорз, Тузар... (Æрбазынд æд къæртатæ.) Таймураз. Æгас цу, дæ уазал донæй мын куы авæрис. Цæмæн æй ныууагътай иунæгæй? Агуындæ. Кæй? ^ Т а й м у р а з. Госæдайы. А г у ы н д æ. Æмæ сыхбæстæ ам нæ уыдысты? Таймураз. Дæ диссаджы цæстытæ цæмæн æмбæхсыс мæнæй? А г у ы н д æ. Цæстыты иууылдæр иухызон скодта хуыцау. Таймураз. Нæ, мæ зынаргъ, бирæ æндæр цæстыты цур* æз уайтагъд раиртасдзынæн уыцы дыууæ бонвæрноны. Арвыл стъалытæ куыд сæрттивой, афтæ сзынынц уыдон дæр дæ даргъ цæстыхауты бынæй. Агуындæ. Ахæм ныхæстæ ма кæн, нæ дыл фидауынц... Хай.мураз. Дзых зæрдæйы дуар у. Чи зоны,. мæнæн аф- тæ дзурын дæр не ’мбæлы... бафхæр мæ. Цæй амондджын уаин! Нæ рацæуид хуыцау дæр нæ ныхмæ ацы хъуыддаджы. А г у ы н д æ. Худинаг у, ам нæ исчи куы фена, уæд. Т а й м у р а з. Ау, æмæ-иу æдзух доны был куы хъазыдыс- тæм, уæд куы нæ уыд худинаг! Агуындæ. Уæд ма сабитæ уыдыстæм. Таймураз. Уæд ма сабитæ уыдыстæм... Цæй диссаджьг æнæферохгæнгæ бонтæ аззад нæ фæстæ! Уалдзыгон бонау хъаз. дæхи фæндиаг, малусæгау рæз æнæмæтæй. Цæй арф фæд кыу- уадзынц уыцы бонтæ адæймаджы зæрдæйы! Фидиуæг (дардæй). О-о, Саниба, райсом хъалонисæн бон у! Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд! Таймураз. Гъе, гъе, фыдбоны фидиуæг та нæ къæсæрæб æрбауасыд! А г у ы н д æ. Æз цæуын. (Ацыд.) Ф и д и у æ г (æрбацыд). «Нæ фехъуыстои» мачи зæгъæд, 54
райсом хъалонисæн бон у! Таймураз, «нæ фехъуыстон» ма зæгъ! Таймураз. Дæ хæрзæггурæггаг — мæнмæ.• Ахæм цинтæ дыл æмбæлæд. Ф и д и у æ г (хъæр кæны). О-о-о!.. Б а т р а д з. Мæнæ ма нæ хъæуы фидауцы федтои! Тайму- раз, дæ кæртмæ булæмаргъ куы æрбатахт. Цæй, цы æрцыд, цæуыл та æрдиаг кæныс? Фидиуæг йе ’хсаргардмæ февнæлдта. Æллæх-æллæх, туг ма ныккал, табу — де стырдзинадæн. Ничи сæм кæсы, сæ хъалон ист ацы аз куыд фæтагъддæр кодтой, нырма нæ хоры муртæ æфснайд дæр нæма фестæм. Т а й м у р а з. Афæдзæй-афæдзмæ дæ сау туг кал æмæ дæм цы чысыл фæллой æрбафта, уый та хъалонæн фид? С а ф а р (æрбахызт). Таймураз, Батрадз, фехъуыстат? Сæх- мæрзаитæ сæхи цæттæ кæнынц хъалон исынмæ. Адæм ныхасмæ æмбырд кæнынц. Тугъан (загъд кæны). Хъалонæн æнæ фидгæ нæй. Цæ- виттон, хуыцау æмæ æлдæртты фыдæх нæхимæ цæмæн здахæм, загъд цæмæн хъæуы? Хъалон нын фыдæлтæй баззад, хуыцау æп сныв кодта. Г æ с т и. Хъалон махæн фыдæлтæй бæргæ нæ баззад, Ту- гъам, æлдæрттæй нын баззад. Адæймагæн йе ’хсæрфарс куы ныццавдæуа, æмæ йын уый дзуапп куы нæ радта, уæд та йæ дыккаг хатт дæр ныкъкъæрцц ластæуыдзæн, стæй фæстагмæ бынтондæр йе ’ккрй сб^аддзæн. Цы зæгъдзыстут сымах та, фæ- сквæд? Фехъуыстат хабар? '<■ Т а й м у р а з. Бахатыр кæн, Тугъан, фæлæ Гæсти раст у. Нæ туг иын æхсныфæи нуазынц, сæфтмæ нæ æртардтой. Хын- джылæг иæ кæнынц фыдæй-фыртмæ, адæмыл’нæ нæ нымайынц. Азым нæм хæссынц, кæй райгуырдыстæм, уымæй æмæ, дам, ирвæзгæ дæр кæнут, цæмæй уæ фæнды ,уымæй. Фосыл дæр ма сыкъатæ ис сæхи хъахъхъæнынæн, уæд мах адæм куы стæм. Нæ нымæц фылдæр куы у, хъæздыгдзинадæй йедтæмæ тыхæй домбайдæр куы не сты махæй, уæд нæ цæмæн хынджылæг кæ- нынц Сæхмæрзаитæ? Т у г ъ а н. Мæнæ бацæудзыстæм æмæ не ’лдæрттæм нæ хъаст бахæсдзыстæм, кæд нын фæтæригъæд кæниккой. Б а т р а д з. Цæмæ цæуæм Сæхмæрзаитæм, цы нын зæгъ- дзьгсты ногæй? Никæмæй ницы дарæм æмæ æгъгъæд фидæм хъалон! Адæм йæ фарс хæцынц. Тугъан. Гъе, хуыцау, ныббар сын, лæппутæ сты нырма! Цы ми кæнут? Цæуылнæ сын исты зæгъыс, Тæсти? Адзурын ни- цы хъыгдары, Таймураз, Батрадз, мæ хуртæ. ^5
Таймураз. Ныххатыр кæн, Тугъан, дæ ныхасы сæрты хизын ацы хатт. Æгъгъæд барæм нæ сæры цæф, худтæ дарæм æмæ нын худинаг у, æгæр нæ ныйиугæйттæ кодтой. Т у г ъ а н. Æмæ, мæ хуртæ, цы нæ бон у, цы? Т а й м у р а з. Куыд цы нæ бон у? Уартæ Уæлладжыргом сы’стадысты æмæ хъалон нал фидынц, мах та сæ нæ сæрмæсхи- зын кодтам. Тугъан. Ехх, фæсивæд, фæсивæд! Сымах ницы ма фед- тат царды. Æгæр сонт санчъехтæ ма кæнут! Аныхас хъæуы се- мæ. Ау, æппынфæстаг, адæм не сты? Нæ нæ бамбардзысты? Т а й м у р а з. Ау, ныронг никуыма федтой нæ фæсомты хид не ’лдæрттæ? Æви сын нæ куыствæллад къухты тæппæлттæ зындгоид не сты? Нæ, Гæсти, Тугъан, æфсæст æххормаджы рис нæ зоны. Ч а б æх а н (кæртæй). Таймураз! Таймураз! (Æрбазгъорд- та æд æхсырфытæ). Дзицца! Д з и ц ц а. Цы кодтай, чызг? Мæ арт бауазал! Т а й м у р а з. Цы хабар у, Чабæ? Ч а б æ х а н. Дæ хæдфæстæ Сæхмæрзаитæ уым балæууы- дысты æмæ нын нæ хорæй сæхицæн мæкъуыл самадтой. Таймураз. Цы? Ч а б æ х а н. Мæ зæхх, дам, у! Т а й м у р а з. Ау, куыд уый зæхх у? Хъæды цы æрдузтæ ис, уыдон дæр та уый сты? Батрадз. Æгъгъæд! Алцæмæн дæр барæн ис, фæлæ сæ- ры цæфæи барæн нæй. (Æвналы хæцæнгæрзтæм, адæм сызмæ- лыдысты, Батрадз азгъордта.) Т а й м у р а з. Уынут? Сымах та нæ худаистæй лæгъстæмæ æрвитут... Нæ, мæ номæвæрæг, бирæгъы дзыхæй стæг æндæр хуызы ласын хъæуы. (Æддæмæ.) . Æгæр раджы цин кæиыс, Сæхмæрза! (Раскъæфта топп.). Дзицца. Цы сфæнд кодтай, Тайму, мæ хур! Цы фыдбы- лыз мæм æнхъæлмæ кæсы? Та.ймураз. Дзицца! Зæрдæ дын бавæрдтон, абои дæ кæрты хоры мæкъуыл уыдзæн, зæгъгæ, æмæ æз мæ дзырд иæ фæсайдзынæн. Гæсти. Мацы бæллæх сараз! Мах — дæ мад, дæ фыды уазæг: Таймураз. Ехх, куыд дын амардтæн, Гæсти, сæры цæф барыныл мæ куы никуы ахуыр кодтай! Ма ныл фæхудут, цæ буц хистæртæ! Уæхæдæг — æвдисæн алцæмæн дæр. Дзицца. Мацы сфæнд кæн, Тайму. Иуиæгæй мæ ма ныу- уадз. Таймураз. Ма æфхæр дæхи, Дзицца. Хæрам мын фес- тæд дæ фæллой, цæйнæфæлтау, ды адæмы астæу дæ урс дада- литимæ æфхæрд æмæ сæргуыбырæй цæуай. Дзицца. Тайму!.. 56
Таймураз. Ард дын хæрын, мах нæ хидæйдзаг фæллой ие знагæн никуыуал ратдзыстæм. Гæсти. Таймураз, ныууадз! Æнæзонд ми нæ бакæндзы- иæ, фæлæ та мæнæ Тугъанмæ дæр байхъусæм. Хуыцауы æм- дых сты Сæхмæрзатæ, семæ хъæбысæй хæцæн нæй. Батрадз (æд хъримаг æрбауад). Уæдæ сæ нæ сæрмæ схизын кæнæм? Г æ с т и. Уыдон бирæгътæ сты, Батрадз, æмæ сæ хъуыддаг лæбурынæй байдайынц. Фæлæ мах уыдоны цы фæзмæм? Кад æмæ сæм æгъдауæй бацæуæм, нæ хъаст ракæнæм, чи зоны, Ту- гъаны загъдау: сæ хорз зæрдæтыл фæуой. Таймураз (йæ хотых æруагъта). Нæ цыд дзæгъæлы у, фæлæ хистæртæм кæд нал хъусæм, ахæм дуне ныл ма скæнæд. Бафæлварæм, цомут Сæхмæрзамæ. (Ацыдысты.) Æмбæрзæн. ДЫККАГ КЫВ Ирон æлдар Сæхмæрзайы уæрæх кæрт, бæрзоид сисын быру. Рæсугъд ьулдуар. Зыны хæдзары^ къул, дуар æмæ рудзгуытæ. Кæрты бæласы быи — бандонгонд. Æрбацыдысты Сæхмæрза, Хъуыдæберд. Хъудæберд. Дæхиуыл фæхæц, Сæхмæрза. Иудадзыг масты фæдыл цæуын хорз нæу. Сæхмæрза. Куыд мæ хæцын кæныс мæхиуыл, Хъуыдæ- берд, хъалон куы нæ фидынц? Хъуыдæберд. Иæ бæллæх гъе уый мидæг ис, æмæ æгæр. бададта дзидзи, стæй иунæг нæу. Сæхмæрза. Æмæ ма уыдон цыфæнды кæнæнт, фæлæ а зæрæдтæ та цæуыл сæрра сты? Сывæллоны хъуыст æм кæнынц. Фæлæуут, Таймуразтæ æмæ Батрадзтæ, æз уæ æрцахуыр кæн- дзынæн! Дæ рохтыл дын æрхæцдзынæн. Дзиццайы дзидзидай, æгæр фæхызтæ нæ зæххыл!.. Хъуыдæберд. Сызмæстытæ стæм... Хъуыддæгтæ ныо- суйтæ сты. Сæхмæрза (схызт бандонмæ, кæсы). Цæй æрæгмæ зы- ны лæппу та? Кæд мыл Хамбийы зæрдæ истæмæй фæхудт, иу бон фæсивæдæй чидæртæ сæ ныхмæ кæй сдзырдта, уый тых- хæй? Ацы Таймуразы тыххæй куы ницы бæллæхты бахауин! Ахиз мидæмæ, Хъуыдæберд! С а ф а р (кæрты цыдæртæ архайы). Бон-изæрмæ йын хæ- рæджы куыст кæнын, уæддæр мын æдзух «лæвархор, лæвар- хор» байдаиы Сæхмæрза. Афтæмæй йæхи бинонтæй, фæрæты хъæдыл чердæм ныххæцын хъæуы, уый дæр ничи зоны. Хъæ- уæй уæлæмæ скаст никæйы уадзы. Мæрддзæст, зыд æмæ кæ- рæф! 57
Сæхмæрза (рахызт). Кæдæй нырмæ сым-сым кæныс, хуырым? Семæ хъæбысæй куы нæ хæцыс, мыййаг? Нæма яс зынæг? С а ф а р (æрлæууыд). Нæма. (Бахаста саст сугтæ хæдзар- мæ.) Сæхмæрза (иунæгæй). Мæ дыууæ æрфыджы астæу мæ æлхысчъытæ кæны. Цы маст та мæм æнхъæлмæ кæсы, хуыцау йæ зонæг!.. Уæдæ цæмæн æрæгмæ цæуа лæппу та Биаслантæй? Ницыуал æмбарын... С а фа р (рахызт, иуварсæрдæм). Дысоиæй нырмæ иу ран нæма æрбадт нæ арс, богътæ кæны, æвæццæгæн та кæрдо цæгъдынмæ хъавы. ’ Сæхмæрза (ауыдта йæ). Цы хъуыр-хъуыр кæныс, лæ- вархор? Ахæсс дæ фæрæт æмæ дæ къодах, стæй хæцаг галы каст кæн. (Кæсы кулдуарæш) Цы джихтæ кæныс, æфснайд куы нæма фæдæ, уæд? Хæргæйæ дæр афтæ куы джихтæ кæнис!. С а ф а р (иуварсæрдæм). Бирæ дæм хæрын!.. С æ х м æ р з а. Уæддæр ма хъуыр-хъуыр кæны! Згъоргæ тагъд мусонгмæ æмæ кæвдæсы хос æрæвæр бæхтæн! С а ф а р. Радтон сын. Сæхмæрза (мæстыйæ). Æз дын уыдоны кой нæ кæнын. Абон Биаслантæн хъалонисæн бон у. Мыййаг нæм дзы исчи куы фæзына, уæд та? Гъы! Ныккæс мæм! Марадз, кæвдæсы сын хос авæр. С а ф а р. Биаслантæн кæвдæсы хос! (Ацыд.) Сæхмæрза. У-у, хæрæджы сæфтæг, акæс-ма, уымæ. Æдде бæхты къæхты хъæр. А-а, æрбахæццæ дæ, лæппу! Цæй æрæгмæ цыдтæ? Хъазджери (æрбахызт). Афæстиат дæн, баба. Сæ х м æ р з а. Цæй, куыд у? Хъазджери. Табу хуыцауæн... Сæхмæрза. Гъы, æмæ куыд уæддæр? Истæмæй мыл фæ- худт сæ зæрдæ Хамбиитæн? Мæ кой сæм уыд? Цы загътой? X ъ а з д ж е р и. Тынг мæсты уыд Хамби. Абон сæ ничи æлбацæудзæн. Æлымбылд, дам, уал кæнут хъалон, стæй, дам, уæм мах дæл зындзыстæм. Сæхмæрза. Гъы? Зыдтон æй уайтагъддæр, айразмæ сыл цы фыд æрцыд, уый фæстæ... Хъазджери. Баба, атæппæт нын иууылдæл уалтæ Тай- мулазы аххос сты. Сæхмæрза. Уый у, уый сæ амидин кодта. Æмæ канд Таймураз куы уаид, уæд ма йын лæг бæргæ исты кæнид, фæ- лæ ма дзы чердæм цы чындæуа?А Гæститæ æмæ Батрадзтæ дæр сæ сæртæ куы систой. Хъазджери. Батладзы кой дæл сæм уыдис. Сæхмæрза. Цæуылнæ сын загътай, уæхи сау адæмæй дæр сын æххуысгæнджытæ ис, зæгъгæ? 58
Хъазджери. Уый дæл сын загътон, æмæ, дам, сæ нæхи бал уадз. Уыдонæн, дам, сæ удхос мæ алмы дзыхъхъы ис. Сæхмæрза. Биаслантæ мыл сæ арм куынæуал дарой, уæд мын хъæуы цæрджытæ æртасын нал бакомдзысты. Æгæр мæм уæндын байдыдта уæ Таймураз. Йæ цæстыты æрттывдæй йын мæ уæдхæссæг федтон. Бынтондæр йе ’взаг суагъта æмæ ма иннæты дæр ардауы. Сымах дæр дзы лæгтæ стут! Хъазджери. Иæ фенд дæл мын туасы лæхуыстæй фыд- дæл у, баба, ме сæфт дзы федтон, фæлæ маст лайсынæн æлæ- джы никуы у. Сæхмæрза. Кæм и цымæ уыцы дзæгъæлдзых йæхæдæг та? Хъазджери. Таймулаз? Сæхмæрза. О. Хъазджери. Искуы та цуаны уыдзæн, æндæл кæм уы- дзæн? Уымæн æнæ цуангæнгæ ис? Сыдæй ныммæлой? Сæхмæрза. Хуыцау æй искуы къæдзæхæй ратулыи кæ- нæд, йæ мард,дæр ын куыднæуал ссарой!.. Нæ мæ фæндыд абон йæ фанын. (Бахызтысты мидæмæ). Сафар (фæзынд). Цыдæр тыхстхуыз сты. Цæй, æз цон, Таймуразитæн æй фехъусын кæнон. (Фæцæйцыд). Æрбахызтысты Гæсти, Тугъан, Таймураз æмæ Батрадз. Гæсти. Сафар! Фæдзур-ма, мæ хур, Сæхмæрзамæ. Сафар бахызт мидæмæ. Т у г ъ а н. Хæрзаг æхсызгон ын уыдзæн нæ фенд. Рахызтысты Сæхмæрзаитæ. Сæхмæрза (хин лæгъстæ кæны). О-о, æгас цæут æмæ хуыцауы хорзæхæй хайджын ут! Г æ с т и. Арфæгоид у, Сæхмæрза... Сæхмæ.рза. Æгайтма æрбацыдыстут, æз та ма уæм æр- витынмæ хъавыдтæн... Сафар, марадз, бандæттæ радав Гæс- тиитæн. Г æ с т и. Нæ хъæуы, бузныг! Батрадз (Таймуразырдæм). Ахæм ма дзы цæсгом уа! Зæд фестади. Æдде бакæсгæйæ — лæг, мидæгæй та — калм. Т а й м у р а з. Калмыл — адæймаджы сæр. Сафар æрæвæрдта бандæттæ. С æ х м æ р з а. Сбадут, Гæсти, Тугъан... Цы хабæрттæ ис? Гæсти. Бузныг... Бахатыр кæн, Сæхмæрза, мæ хур, мах хъæубæстæ æрбаминæвар кодтой дæумæ. Тыкг зынтæй фидæм хъалон. Хуым бакæнынмæ зæхх махмæ нæй, хос кæрдыимæ — нцнæ ахæм. Ам, хохы цъассы, цæмæйдæрты ирвæзæм, нæ бон ды нæу, уый фидæм, иæхи æххормаг ныууадзгæйæ. Мах курæг 59
стæм, Сæхмæрза, æркæсут нын нæ мæгуыр цардмæ, чысыл нын фæкъаддæр кæнут нæ хъалон. Сæхмæрза (хин худт кæны). Табу йæхицæн æрбауа, хуыцауы æвастæй ницы ис æмæ цы нæ бон у! , Фæразын ын хъæуы, уæллаг кæмæм цы саккаг кодта, уымæн. Нæ равзæрдæн куыд не стæм хицау ,нæ амæлæтæн дæр афтæ, æмæ хæссын хъæуы, йе ’ргъомы кæмæн цы баст фæцис, уый. Айфыццаг нæ аудæг Хамби, дуне рафæлдисæг стыр хуыцау ын нæ гыццыл фæллойæ цы хай сныв кодта, уый исынмæ куы ’рбацыд, уæд ын иæ фæсивæдæй чидæртæ смаст кодтой... Хуыцау сæм хуыздæр зонд æруадзæд. Гæсти, Тугъан, хистæртæ стут, уæндгæ дæр уæм нæ кæнын, фæлæ уæ æз курæг дæн хуыцауы номæй дæр æмæ мæхи номæй дæр: зæгъут нæ фæсивæдæн, ацы хатт се ’рра зонды фæдыл куыднæуал ацæуой, афтæ. Г æ с т и. Фæсивæд дæр ахæмæй куы ницы загътой. Фæлæ хъалон фидгæ у æмæ йæ фидын хъæуы. Дæхи загъдау, сымах æмæ хуыцау кæй сныв кодтат, уымæн æнæ ’ххæстгæнгæ ис?* Фæлæ нын нæ уавæртæм æркæсут æмæ нын нæ уаргъ фæрог- дæр кæнут, нæ бон æй хæссын куыд уа, афтæ. Тугъан. Ай-гъай, уæ рын бахæрон. Гъе стæй цавæр фæ- дис у? Фæгæдзæ кæнут, мæнæ нæ фæллойы муртæ æфснайд. фæуæм. Сæхмæрза. Хъалонæн нæдæр дарддæрмæ аргъæвæн ису нæдæр фæкъаддæр кæнæн. Хъалон фиддзыстут, ныронг куыд фыстат, афтæ. Тугъан. Цы гæнæи ис! Тыхы-дон хæрдмæ ласы. Иунæг хуыцау ныл йæ бæллæх сæвæрдта æмæ сæвæрдта. Хъуыдæберд. Цæй-ма, Гæсти, мах не ’ппæт дæр фи- дæм хъалон, истæмæйты сæ фиддзыстæм, амалджын лæг дæ... Гæсти. Дæумæ ис æмæ ай-гъай фиддзынæ, махимæ дæхи барыс? Ничи йæМ кæсы? Бафиддзыстæм. Дæуæн дæ рæгъæут- тæ æмæ дæ зæххытыл цæст не ’ххæсы æмæ цæуылнæ фидай! Стæй фидгæ та кæд цы кодтат? Далæ Биаслантæ æмæ Тугъаи- ты æлдæрттимæ уæхи сбастат æмæ нын фос фосы бынаты нал уадзут, зæхх — зæххы бынаты. Уæ ратона митæй нал фæразæм. Нæ бон уæ иал у. Иу кусарт дыууæ стыгъды кæнут. Хъуыдæберд (лæбуры). Куыд уæндыс афтæ дзурын? Цы дзæгъ-дзæгъ кæныс? Гæсти. Куыд, куыд загътай? Ау! Æз урсзачъе зæронд лæг куы дæн, ды та мæ цуры — сывæллон, уæд мæм цы дзыхы уагæй дзурыс? Сæхмæрза. Зачъе зачъе у, фæлæ хъалон фидыи хъæуы! Б а т р а д з. Бахатыр кæнут, Гæсти, Тугъан! Уæ иыхасы сæрты хизын (Сæхмæрзамæ.) Адæймаг æфсæрмæй фидауы, сы- махæн та уæ цæсгом уæ фыдраконддзинæдтæй сырх дæр нæ кæн(ы. Мах фыстам сымахæн хъалон, кæд уæ æппындæр ницы дардтам, уæддæр. Фæлæ сымах æфсис ницæмæйуал зонут æмæ æгæргæнæг та... 6»
Хъуыдæберд. Дзеудзæлæй, хистæрмæ дзы афтæ куы- цæ дзырдæуа! Уый та уын уæ хæдæфсарм кæстæртæ! Таймураз. Бахатыр кæнут, мах зонæм аргъ кæнын нæ хистæртæн. Ау!.. Гæсти æмæ уын Тугъан уæ райгуырд куы зо- нынц, хъæуы чъирикувджытæ куы сты, адæмы номæй уæм ха- тæг куы ’рбацыдысты, уæд сын сæ ныхасæн аргъ куыннæ кæ- нут? Махæн ис буц хистæртæ’æмæ сæ æфхæрын нæ бауадздзы- стæм. Сымахæн та нæ хистæр ис, нæ — кæстæр. Уæ цæсгом уæ хъæздыгдзинады хуылфы ис. Сæхмæрза. Цæй, æгъгъæд! Мах ма аныхас кæндзыс- тæм. Æз уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн ацы бон. ■ Т а й м у р а з. Æртхъирæн нæм цæмæн кæнут, исты уæ да- рæм? Уæ фæллойæ цæрæм, æви цы аххосджын стæм? Сымах дæр — адæм æмæ мах дæр — адæм. Зæххытæ уæхи бакодтат, дзыллæйы фосыл нымайут. Ау, æфсæрм нал ис? Сæхмæрза. Мæ хъæубæстыл дæ аудæг ничи скодта, мæнæй сæ фылдæр нæ уарзыс. Таймураз. Æмæ сæ кæд фылдæр уарзыс, уæд сыи сæ фос цæмæн исыс? Цæмæн ниуынц дæ митæй мæгуыр адæм? Цæмæн хъуысы дæ цъæхснаг уисы бын сывæллæтты тарст цъæ- хахст? Сæхмæрза. Цæй, æгъгъæд! Атæппæт амидингæнæг ды дæ, фæлæуу! Таймураз. Иууылдæр дæу аххос сты. Ды бакодтай дæ- хи адæмы зæххытæ. Ды уæй кæныс дæ дзыллæйы, дæхæдæгта дæхи хуызæн бирæгътимæ Дайраны комы алы.бон æнаххос адæмы стигъыс æмæ марыс. Фæлæ хæрз дзæгъæлы нæ ны- майут адæмы фарн... Лæгдæр уæ чи у, уый-иу рацæуæд хъалон исынмæ. Гæсти. Цомут! (Ацыдысты. Пауза.) Сæхмæрза. Уыдонимæ нæ тæвдæй ницы бакæндзыстæм, Хъуыдæберд. Фидиуæг!.. Æз сын ацы хатт æндæр фæнд æр- хъуыды кодтон... (Хин худт кæны.) Цин уал кæнæнт, сысджычы хуыммæ дæр ма боны рад æрхауы. Æрбахызтысты Хъазджери æмæ фндиуæг. Фехъусын кæн Санибайæн, хъалонисæн бон фæстæдæрмæ æргъæвд æрцыд, зæгъгæ. Фндиуæг азгъордта. Ха-ха-а! Зонæнт, æз дæр мæ хъæубæстыл кæй «аудын», уый... Æгæр сдзырдтон Гæстиитæм дæр æргомæй. Уадз, ферох кæной хъалон исыны хабар, стæй чи цуаны цæудзæн, чи та — уыгæрдæнмæ, æмæ сын афтæмæй сæ фосыл ныццæвдзыстæм нæхи. (Худы та.) Хъуыдæберд. Хуыздæр фæндæн æрхъуыды кæнæн нæй, Сæхмæрза!.. 6Г
Фидиуæг (æдде). Гъе, Саниба! Чи хъусы, уый æрбай- хъусæд!.. Æмбæрзæн. ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Уæлхох. Иуырдыгæй зыны айнæг. Айнæджы сæр — бæлас, бынæй — лæ- .тæт. Дардæн зынынц Урс хох æмæ Сау хох. Хъуысы æддозæй зарæг. Б а т р а д з (æдде). Таймураз! (Æрбахызт фæлладæй, йæ къухы —хуыргарчы мард.) Таймураз! Нæй та ам дæр... Кæдæм та >йæ асайдтой сырдтæ сæ фæдыл, хуыцау зоны. (Кæсы.) Уæлæ- З’æлæ-уæлæ, æрзынд рагъæй!.. О-о-о-о-о-ой! Таймураз (дардæй). О-о-о-ой! Б а т р а д з’ (ныззарыд)! Гъей, гъей, мæ фосы дзугтæ, гъей, Бæрзæндтыл хизут, гъей, гъей, Æмæ уын зарон, гъей... Гъей, гъей, райсом-изæрмæ, гъей, Зилут мæ фæстæ, Гъей, гъей, сойджын кæрдæгыл, гъей, Гъей, гъей, арф комы сæрмæ, гъей, Хæххон сау лæппу, Гъей, гъей, рындзыл æрбады, гъей. Таймураз (хæстæгæй): Гъей, гъей, махæн Батрадз Уæй’лаг нымæтыл Гъей, гъей, йæ фосæн зары, гъей. Б а т р а д з. Уый æз? Гъей, гъей, сагæй, сæгуытæй, гъей, Сычъийæ, арсæй, Гъей, гъей, дæ хъавд куы зонынц, гъей. . Æрхæссы та Æфсатийы хорзæхæй хай. Æлæ-лæлæлæй, ха- уыс! Кæуылты тæхыс? (Хуыргарк бамбæхста.) Æрзынд Таймураз. Т а й м у р а з. Мæ разæй куы фæдæ, Батрадз! Æрæгмæ кæй цыдтæн, уый тыххæй — хатыр. Иууыл рæдæуттæй нæ уыд абон Æфсати. (Батрадзмæ æрæппæрста садоюы мард.) 1 Батрадз. Гъе уый номыл фæцыдтæ хохы цъупмæ? Т а й м у р а з. Æмæ уагæр дæ цуан та куыд уыди? Б а т р а д з. Арс дын рафæлдæхтон, Таймураз, цъæх арс. 42
Таймураз. Æцæг? Батрадз. Уæдæ! Иæ дзыхы иунæг дæндаг дæр нал ис,. ахæм арс. Таймураз. Кæм и? Батрадз. Уæртæ йæ, куыннæ сæвзæр уа, афтæ дуры ау- уон æрæвæрдтон. Таймураз (ауыдта хуыргарк). Хуыцауы тыххæй, æмæ йæ фæразгæ та куыд æркодтай? Б а т р а д з. Зиу æм ракодтон. (Худынц.) Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — хуыргарк. (Цæгъды уадындзæй.) ^ Таймураз (кæсы). Куыд рæсугъд у ацы ран! Уалæ кæ- сыс, Батрадз? Бæрзонд хохы цъуппытæ, фыдæлтыккон бæлæ- стæ, æмæ ма суанг алы тихалæг дæр æмбарынц мах. (Æрхуыс- сыд кæрдæгыл.) Ехх, цæй диссаг дæ, цард, кæд дæм цыфæнды зындзииæдтæ ис, уæддæр цæй хъæздыг дæ циндзинæдтæй дæр! Цæй амоидджын скæиыс иуæй-иу хатт адæймаджы! Сисыс æй бумбулиау дæ уæлныхты, йæ уæнгты йын бауадзыс ахæм ныфс, æмæцæттæ вæййы уæйгуытимæ рахæцынмæ дæр! Б а т р а д з. Дæ ныхæстæ дæ уæлæрвты фæхæссынц, Тай- мураз. Фæлæуу, фæлæуу, æрдзы æфсон æй ма кæн, ам канд. уый нæу аххосджын, схъæргæнæн нæй уыцы сусæг фæндагæн? Чи зоны, æмæ ма искæйы дæр бафæнда уырдæм стæхын. Таймураз. Дысон изæр ыл фембæлдтæн... Батра.дз. Кæуыл? Таймураз. Афтæ мæм касти, цыма нæ алфамбылай æрдз фæхъус... Иæ мидбылты бахудтмæ цъæх кæрдæгæй алы- хуызон рæсугъд дидинджытæ сæ буц сæртæ сдардтой. Куыд арф ахъардта йæ уарзон мидбылты бахудт ме уæнгты!.. Уый уыд æнæкæрон рухс дуне. Б а т р а д з. Мæ рахиз къабаз лыгмæ дæттын æмæ мын йæ ном зæгъ. Таймураз. Тынг дæ фæнды йæ базонын? Б а т р а д з. Фæмæлын фырцымыдисæй, тагъддæр! Т а й м у р а з. Кæд æй ныронг нæма базыдтай, уæд ныр байрæджы. Чи зоны, му æмæ дыууæ хатты нæ кафыдтæ йæ цагъдмæ, йæ диссаджы... Б а т р а д з. Æгъгъæд! Агуындæ нæу? Т а й м у р а з. О, Агуындæ... Батрадз (йæ рихи йын сивæзта). Ничи йæм кæсы, ничи! Раздæр мын куыд ницы загъта, йæхи куыд ныхъхъус кодта. Æрдз, дам... фæхæссы мын æй уæлæрвты. Æз иттæг разы дæн, мæ рахиз къабаз кæй тыххæй лæвæрдтон, уый Агуындæ кæй разынд, уымæй. Таймураз. Æцæг? Б а т р а д з. Æцæг. Никуы дын æй бауæндыдтæн зæгъын, Таймураз, уымæн æмæ дæ фæнд дæ зæрдæйы æмбæхстæй дард- тай. Никуы уæ федтон, нæдæр ныхасгæнгæ, нæдæр иумæ лæу- гæ, фæлæ уыл-иу цæмæндæр гуырысхо кодтон. Уыгæрдæнмæ 63
цæугæйæ-иу дыл Агуындæ куы амбæлд, уæд-иу куыд уæнгро- гæй карстай хос! Уыцы бои йедтæмæ-иу мыл никуы фæуæлахиз дæ. Науæд Агуындæ та? Иунæгæй-иу куы ’рыздæхтæн уыгæр- дæнæй, уæд-иу цикъæйæ фæлурсдæр йыцци. Мæнмæ афтæ каст, цыма йæ рæсугъд сау цæстытæ æдзухдæр дæу агуырдтой. Таймураз. Ехх, Агуындæ!.. (Батрадзы цонгыл æрхæ- цыд.) Б а т р а д з. Фæлæуу, фæлæуу, æз Агуындæ нæ дæн. Дæ бонæй у..! Ды дæ амонд ссардтай... Фæлæ... (Фæкъуылым- пы). Т а й м у р а з. Цыдæр зæгъын ма дæ фæндыд.' Кæд мын ды дæр дæ цардæмбалы кой кæнынмæ хъавыс, йе та мæ æдылы хоныс ме ’нæрхъуыды ныхæсты тыххæй. Батрадз. Æнæрхъуыды ныхас дæуыл фидаугæ дæр не скæнид, æвæдза. Мæ хъуыды та мын раст бамбæрстай, кæй- дæр кой кæнын дын уыд мæ зæрды, фæлæ нæ зонын... Таймураз. Æз загътон дæуæй æфсымæр, ма мæ бамбæхс .дæ фæндтæ... Б а т р а д з. Æнæнхъæлæджы бахаудтон зын раны, уарзæн кæмæн нæй, ахæмы бауарзтон. Таймураз. Сомы дын кæнын: ахæм нæй, æмæ уарзæн кæмæн нæй, кæд аккаг у, уæд. Батрадз. Уарзын аккаг та куыд иæу, фæлæ ме уæнгтæ болат рæхыстæй баст сты... Таймураз. Уарзондзинады болат рæхыстæ нæ уромынц... Мæн нттæг зæрдиагæй фæнды дæ царды дæхицæн æмбал куы ссарис, уый. Фæлæуу, фæлæуу, не ’лдæрттæй макæй хойы ба- уарз? Б а т р а д з. Æлдары хо куы разындаид фæлтау, фæлæ уый баст у æрдхорд æмæ æмгары рæхыстæй. Дæу аххос уыди, фæл- тау мæ куы нæ акодтаис ибон демæ Кæсæгмæ. Т а й м у р а з. Мæ кæсгон æфсымæр Барысбийы хо ма уæд? Б а т р а д з. Гъе уый у. Т а й м у р а з. Залихан? Батрадз. Залихан... Ард йæ къонайы, фыдбылызы мæ баппæрстай. Таймураз. Ахæм фыдбылызтæ-иу ныл цæуæд æдзухдæр. Ничи йæм кæсы, ничи, раздæр мын куыд ницы загъта, йæхи куыд ныхъхъус кодта! (Хъыдзы йæ кæны. Батрадз къæдзæхмæ сгæпп кодта.) Батрадз. Таймураз, лæгæн йæ лæмæгъ бынатмæ ма- куы хъав. Мæ царды хъыдзыйæ тынгдæр ницæмæй тæрсын. (Къæдзæхæй кæсы, хъуыдытæ кæны.) Т а й м у р а з. Æгæр ма хъуыды кæн, науæд кæм дæ, уый дæр дæ.ферох уыдзæн æмæ къæдзæхæй. атулдзынæ... (Худыиц.) » Батрадз. Гъы, гъы, дæ хъустæ бахъил кæн, ме ’ххуыр- сты мызд дæуæн куыд баззайа, афтæ! ■ Т а й м у р а з. Бирæ дзы ныууадздзынæ! 64
Батрадз. Цасфæнды уæд, хъалонæн сæ дæттын нал хъæуы^хъуыстай Сæхмæрзайы фидиуæгмæ? Т а й м у р а з.. Фидиуæг циу? Сæхмæрза Гæстимæ хатыр ку- рæг кæй бацыд, йæхи хъæуыл аудæг кæй скодта, уый дæм дис- саг нæ кæсы? Уæллæй, нæ зонын, Батрадз, бирæгъ йæ кæнон зæнгыл дæр ныууадза... Æдде уынæр. Б а т р а д з. Кæс-ма: абоны стай! Таймураз. Стай? Азгъордтой. Фæзынд М а р к о в. У М а р к о в. Николаич, ардæм, ардæм! Дæлæты рацу. Фæн- даг амонæгæн зæгъ æмæ-иу нæм æртыццæджы фæзына. (Лæ- гæтмæ бакаст.) Гъе, гъе, ам иæ размæ чидæр уыди! Николаич (æрбахызт). Цæй бæрзонд у ам! Георгий Александрович, цымæ ацы ран адæймаджы къах искуы уыдг’ М а р к о в. Алы бон дæр, Николаич. Уартæ уыдон та дын хæ^хон хъæуты уыгæрдæнтæ. Николаич (иуварсæрдæм). Адон та—махæй мæгуыр- дæр. Хуыцау бахизæд; алы аз уæртæ уыцы къæдзæхты сæрты хос тихалæггай æмбырд кæнын. М а р к о в. Цы гæнæн ис, мæ хæлар, уыдон дæр се ’ппæтмæ нæ хауынц. Æри-ма картæ. (Райста йæ æмæ йыл цыдæр бæ- рæггæнæнтæ кæны.) Диссаджы рæсугъд ран, дзæнæт у æмæ дзæнæт ам нывгæнæгæн! Рæсугъддæр ма цæмæ бакæса адæй- маг! Уæлæ Хъазыбеджы хох, Хъæриу. Кæс-ма, уæртæ уыцы къæдзæх бæрæггонд нæу картæйыл. (Архайы картæимæ.) Дæ- лæ Саниба, ардыгæй ныххизæн ис Куырттаты ком æмæ Уæлла- джыры коммæ. Арвы ком галиуырдыгæй баззад. Николаич. Диссаджы лæг дæ, Георгий Александрович... Суанг адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, уым цавæр маргъы мыггæгтæ, цавæр сырдтæ, бæлæстæ, дидинджытæ, зай- æгойтæ ис, уыдон иууылдæр куы зонис, уый дæ фæнды. Марков. Цы гæнæн ис, Николаич, мах сомбоны сæрап- понд кусæм. Ехх, зæронд, нæ фыдæбæттæ фидæны фæлтæрæн исты пайда фæуыдзысты, зæгъгæ, лæг куы ахъуыды кæны, уæд зæрдæ цинæй байдзаг вæййы! Фæлæ уал иыр зындзинæд- тæ æмæ фыдæбæттæ фæсте аззадысты... Иу-цалдæр боны ма, æмæ — нæхимæ. Николаич. Нæхимæ зæгъыс? (Фырцинæй кафы.) Ехх, нæхимæ, нæхимæ! Марков. Æнхъæлдæн, стыхстæ хæхты сæрты мемæ рацу- бацу кæнынæй. Николаич. Цытæ дзурыс, Георгий Александрович. Æз æххæст кæнын мæ хæс. Уымæй уæлдай ма мын æхсызгон у, дæ размæ цы хъуыддаг æрæвæрдтай, уый дæ къухы кæй бафтыд, Уый. 5 ХъаЛттаты Сергей 65
Топпы гæрах фæцыд. Фæлæ тагъддæр куы кæниккам, уæд хуыздæр уаид, тæссар у ам. М а р к о в. Цæмæй тæссаг у? Николаич. Сыхаг хъæуты дзырдтой, зæгъгæ, ацы комы чи фæцæуы, уыдонæй дæр Хъобан æмæ Санибайы æлдæрттсе фæагурынц ууылты цæуæггаг æмæ та ибонау искуы нæ размæ исчи куы бабада? Гæрах фехъуыст хæстæгæй. М а р к о в. Ногæй та гæрах? Николаич. Цымæ цæй гæрæхтæ уой? М а р к о в. Цуанæттæ сты, æвæццæгæн. Николаич. Кæс-ма, чидæр стай фæцæф кодта. Мар.ков. Стай? (Райста топп.) Хъыг куы уа цуанонтæн... Цæй, уæд та... (Азгъордта, фехста.) Николаич (æдде). Æрхауд, Георгий Александровичг рауай, йæ ца.рм ын астигъæм. (Æрбадтысты.) Марков. Нæ хъæуы, Николаич, ардæм. Æнхъæлдæн,, хорз нæ бакодтам, федтай цуанæтты? Сырд уыдоны у, æнæ- мæнг. Æрбахызтысты Таймуразитæ. Таймураз. Цы нæ фаг кæны цымæ æлдæрттæн та сæ- лæгъз быдырты, æви бынтондæр мах дуртæм æрхаудтой? Марков. Æнæзонгæ адæймагмæ æваст мæсты кæнын хорз нæу, сахъгуырд. Т а й м у р а з. Хæрзæмбæлæг ут æмæ æгас хæдзар ссарутГ Фæнды мæ базонын, чи фæкодта сырды мемæ æмцæф, мæгуыр лæджы бирæ нæ хъæуы, фыдæй йын нæ баззад. Нæ базыд кæн- дзынæн уæдæ æз дæр, бафидаудзыстæм. М а р к о в. Бафидаудзыстæм, æнæмæнг бафидаудзыстæм, фæлæ, дæхи загъдау, нæ хотыхты нæмгуытæ иу сырдыл сæм- бæлдысты æмæ уал базонгæ уæм. Георгий Марков. (Йæ къух ын исы.) Т а й м у р а з. Таймураз мæ ном. Б а т р а д з (йæ къух ынисы). Бузныг! Т а й м у р а з (Марковмæ). .Чи стут, уагæр? Цы ’взагыя уын раттæм салам? Марков. Мадæлон æвзагыл. Мах рагæй стæм Кæсæг æмæ Ирыстоны. Архайæм Кавказ бæлвырд базоныныл, стæм уырыссæгтæ. Т а й м у р а з (Батрадзмæ). Уырыссæгтæ? Хуыцау нæ- амондджын бон фембæлын кæнæд. Бар нын ратт, цæмæй дæ , нæ уазæгыл нымайæм, уымæн. Рæстдзæф дæ, куыд кæсын, аф- тæмæй ивгъуыйгæ нæ кæныс. Сырд амардтам иумæ æмæ дын фысым стæм. 66
Марков (æркаст сахатмæ): Стыр бузныг, фæлæ мах æн- дæр бынат ссардзыстæм. » Таймураз. Æнафон у ныр, кæдæм ма фæцæудзыстут? Къахвæндæгтæ пыхсыты бын фесты. М а р к о в. Нæ мæ ф^ендыд искæйы хъыгдарын. Таймураз. Цытæ дзурыс? Уазæг — хуыцауы уазæг. Уе ’хсæв арвитдзыстут махимæ. Æхсæвæр æмæ аходæн бахæрдзы- стæм иумæ, стæй уæд уæ балцы кой дæр кæндзыстут. Марков. Николаич! Цæй, уæд та... Таймураз. Батрадз, ма фæзивæг кæн, дæ хорзæхæй, нæ уазджыты саджы фыдæй хорз фенæм. Б а т р а д з. Ныртæккæ физонджытæ цæттæ уыдзысты. (Ахаста бæлццæтты дзаумæттæ лæгæтмæ.). Николаич. Цæуон, æз та стайы царм астигъон. Т а й м у р а з. Æз дæр дæм фæкæсдзынæн. (Ацыдысты.) М а р к о в. Иæхи бар æй уадз, зæронд цуанон у Николаич, уый йæ цæстыфæныкъуылдмæ астигъдзæн. (Зары.) Æрбацыд Таймураз. А-а, уьтй ды куы дæ! Мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. Мæ зæр- дыл æрбалæууыд Петербург, мæ райгуырæн бæстæ, рагæй дзы нал уыдтæн. Афонмæ мæ, чи зоны, мардыл банымадтой. Т а й м у р а з. Бафæрсын аипп ма уæд, цы хур, цы къæвда уæ æрбахаста ардæм? М а р к о в. Цæмæн у аипп бафæрсын? (Æрбадтысты.) Æз дæн географийы ахуыргæнæг, æгас дунейы зæххы уæлцъар куыд арæзт у, уый базоныныл архайæг. Таймураз. Ды дæр зæххы уæлцъар ахуыр кæныс? Æвæ- дза, уый æлдæрттæй хуыздæр зындгонд никæмæн у, халæттау се уæны кæсынц. Искуы хорз мæнæу æрзайæд, уыййедтæмæ йыл уайтагъд мæтыхтау амбырд вæййынц. Хъалон исын афон куы ’рцæуы, уæд хъамылы бын фæндæгтæ дæр ссарынц. Хос- гæрдæнты нæ фарсмæ цæвæгджын никуы æрбалæууыд, ссивæн- ты халамæрзæнджын — иннæ ахæм, афтæмæй нын фæззæг нæ фæллой æвзонгæй астигъынц. Фæлæ дын раст куы зæгъон, уæд уыдон дæ- хуызæн фистæгæй нæ хырхынц, стæй сыл топп куы ныццæвай, уæддæр дæуау иунæгæй нæ ацæудзысты. Марков. О. Тыхгæнæгæн йæ фæндæгтæ. хицæн сты. Тых- ми æмæ ахуырадæн иумæйагæй ницы ис. Æлдар хъæрццыгъай- ау йæ холымæ зыд кæны æмæ тæрсы... Æз та цæмæй фæтæр- сон, æлдар нæ дæн, æз ахуыр кæнын, æрдзы цы хъæздыгдзи- нæдтæ ис, уыдон, ссарын сæ æмæ сæ хæццæ кæныи адæммæ — райгуырæн бæстæм. Гъеныр мæнæ ацы хох картæйыл бæрæг- гонд нæу. Чи зоны, уым ис æфсæйнаг. Уый куы ссарай, уæд дзы саразæн ис бирæ кусæндзауматæ æмæ адæмæн фенцондæр уыдзæн фæллой кæнын, цæрын. Чи зоны, нæ хæдфарсмæ искуы ис, уæрдон кæм атулдзæн, ахæм фæндаг, мах æй нæ зонæм æмæ хæхты цъуппытыл удхарæй мæлæм. Науæд, зæгъæм афтæ: дар- 67
да&й дæм кæцæйдæр зыны, цыма арвгæрон мигъ зæххыл æнгом ныббадт, афтæ. Цæуыс, цæуыс æмæ йæм куыд хæстæгдæр кæ- ныс, афтæ уый дæр стырæй-стырдæр кæны. Бахæццæ йæм дæ, æмæ мæнæ дæ разы денджыз абухы. Чысыл урс стъæлф фурд фестадис. Чи йæ ссардта, уый йæ адæмæн балæвар кодта йæ бирæ цæрæгойтæ æмæ фæндæгтимæ. Мах бæстæиы та фæндæг- тæ бирæ хъæуы иннæ адæмтимæ базарад кæнынæн. Т а й м ур а з. Зæгъ-ма, Уæрæсе стыр у? Марков. Чысыл нæу. (Æвдисы картæ.) Мæнæ дын ай Уæрæсе, далæ дын уый та Ирыстон. Т а й м у р а з. Уæд мæнæ ацы хъулæттæ та цы сты? Ма р к о в. Адон — денджызтæ, Турк, Перс. Т а й м у р а з. Æмæ мæнæ уæ алыварс чи ис, уыдон уæм нæ лæбурынц? М а р к о в. Лæбурынц. Хæрз æрæджы туркæгтæ æрбабыр- стой æмæ сæ хæдзар «сарæзтой», æвæццæгæн, сæ цæргæ-цæ- рæнбонты дæр никуыуал æрбакæсдзысты нæ арæны сæрты. Таймураз. Цы хорз у адæмы зонын, дунетыл хæтын, се- мæ хæларæй цæрын! Уый у стыр амонд. Мах ам хохы цъассы æлдæртты над æмæ сырдты йедтæмæ уынгæ дæр ницы кæ- нæм... Кæд базондзыстæм мах та, амонд циу, уый? Хæстæгнæм æй нæ уадзынц не ’лдæрттæ, йæ бæсты нын æнауæрдонæй фыд- былыз хæссынц, цагъары къæлæтты бын нæ ныккодтой, фæлæ мах уырны: амонд ис... М а р к о в. Амондыл кæй æууæндут, уый хорз у. Николаич заргæ стайы царм æрбахаста. Замманай царм!.. Т а й м у р а з. Ныббар, Георгий, фæлæ æнæзонгæ лæджы нæмыгимæ мæ нæмыг сырдыл фыццаг хатт сæмбæлд, æмæ дыи æй лæвар кæнын. Марков æй раздæр иæ куымдта, стæй йæ райста. Марков. Бузныг, уый иттæг хорз лæвар у Уæрæсейы географийы ахуыргæнджытæн. (Иуварсæрдæм.) Николаич, ибон нын кæй кой кодтой, уыцы Таймураз ма уæд?.. Сырды мард æмæ мын йæ ном мæ зæрдыл æрлæууын кодтой иу ха- бар. Ацы хæхты, дам, кæмдæр цæры иу номдзыд цуанон, уы- мæн дæр йæ ном — Таймураз, кæд уын зын нæ уыдзæи, уæд байхъусут. Иу уалдзыгон райсом Таймураз цуаны ацыд. Бон-изæрмæ фæцуан кодта, фæлæ йæ цæст тæрхъусыл дæр не ’рхæцыд. Ху- ры йæ аныгуылынмæ бирæ нал хъуыд. Таймураз сфæнд кодта йе ’хсæв рындзыл арвитын. Уым баззад, уæдæ цы! Дыккаг бон рафæлдæхта сæрджын саг дæр, фæлæ куыддæр физонджытæ кæныныл æрбадт, афтæ йыл дыууæ æлдары æрбафтыдысты.— Бæрст куывд уай, лæппу! — æрдзырдта æлдæрттæй иу. — Дæ- 68
лæмæ æрхизут æмæ уæ саджы физонæгæй хорз фенон,—дзуапп радта цуанон. — Дæ саджы мард дæр мах куы у æмæ дæхæдæг дæр,— фæхъыг ис æлдæрттæн, хонынмæ сæм йæ ныфс кæй ба- хаста, уый, æмæ йæ сæ хистæр æрæхста, фæлæ йæ февгъуыдта. Таймураз æм фæцарæхст æмæ йæ æрфæлдæхта. Иннæ æлда- рæн фыртæссæй йæ хъримаг йæ къухæй æрхауд æмæ йæ хъæ- лæсы дзаг ныхъхъæр кодта: — Иунæг хуыцау дын æй ма ныб- барæд, куы фехсай, уæд! Ныххатыр кæн зæронд сæлхæрæн, уæздан гуырд куы дæ!—Иу ма нæ хъæргæнæг уæд та ныууадз! Гъемæ, дам, ын Таймураз фæтæригъæд кодта æмæ йæ ауагъта. Б а т р а д з. Нæ, уый афтæ нæ уыд, тæригъæд ын фæкодта, уый тыххæй йæ нæ ауагъта. Æгæр стыр маст дзы бацыди хъал уазджытæй. Уыцы цуанон æфхæрд кæмæй зоны, уыдонæн тæ- ригъæдгæнаг нæу, уый йæ æндæр цæйдæр тйххæй уагъта... М а р к о в. Уæдæ цæй тыххæй? Батрадз. Мæнæ йын йæхи бафæрс. Т а й м у р а з. Æз æй уый тыххæй ауагътон, æмæ мæм фыц- цаджыдæр, худинаг фæкаст æнæхæцæнгарз адæймагыл фæуæ-' лахиз уæвын. Дыккагæй та, æнхъæлдтон, кæд æппын бам’ба- риккой æмæ нын алы бон нæ фæллоймæ кардæлвæстæй нал лæ- буриккой. Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл дæр нæ уадзы, фæлæ мах дæр, знаджы уынгæйæ, нæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты нæ сызгæ кæндзыстæм. Николаич. Таймураз? М а р к о в. Бар мын ратт дыккаг хатт дæ къух райсынæн. Саккаг кæн уæдæ ды та ацы лæвар мæнæй, уырыссаг хæцæн- гарз, нæ дæ фæсайдзæн бахъуаджы сахат. (Дæтты дамбаца.) Таймураз. Цæсты гагуыйау хъахъхъæндзынæн дæ лæ- вар æмæ йæ кæддæриддæр мæхицæн нымайдзынæн ныфсыл... Батрадз (разынд). Цæй, фынджы уæлхъус фæуыдзыстут уæ ныхас. Æхсæвæр цæттæ у, физонджытæ уæм æнхъæлмæ кæ- сынц. Таймураз. Цом, Георгий, ахизут мидæмæ. Бахызтысты. Паузæ. Чысыл фæстæдæр æрбазындысты Хъуыдæберд, Хъазджери æмæ сæ фидиуæг. Хъуыдæберд. Цы фæуыдаиккой уæдæ уыцы дыууæ уырыссаджы? Хъазджери. Цыфæнды куы фæуой, уæддæл сæ ссалын хъæуы. Æнæ бастигъгæ сын нæй. Фæстæмæ афтидæй нæ аздæх- дзыстæм. Фæлæ цымæ цы агулынц ам? Хъуыдæберд. Мæ хъустыл куыд æрцыд, афтæмæй хæх- ты бæрзæндтæ барынц, кæм цы фæндаг ис, уый бæрæг кæныиц. Фæлæ уыдæттимæ мах ницы хъуыддаг ис. Цы сæ байсæм, г уый — нæхи. Хъазджери. Хъуыдæбелд, лæгæты чидæл ис. Хъуыдæберд (бакаст ). Ам сты. Æрæмбæхсут, уæртæ йæхæдæг дæр рацæуы. 69
Марков (рахызт, кæсы). Диссаджы æрдз, кавказаг изæр! X ъ у ы д æ б е р д. Де ’зæр хорз, бæлццон! (Рахызтысты Хъуыдæберд, Хъазджери æмæ иу лæг æхстæввонгæй.) М а р к о в. Æгас цæут! Мидæмæ! Хъуыдæберд. Бузныг, «мидæмæ» дын хъуамæ мах зæ- гъæм, зæхх мах у. М а р к о в. Хъусын уæм... Хъуыдæберд. Санибайы æлдæрттæ базыдтой уазæ- джы балц æмæ сын тынг æхсызгон у. Гъе, æцæг ацы комы цæууæггаг бафидын хъæуы. ’М а рк о в. Бахатыр кæнут, фæлæ цæмæ гæсгæ? Ацы хæх- тæн сæ хицау адæм куы сты! Хъуыдæберд.. Ацы хæхтæн сæ хицау мах стæм, æмæ æнæ уæлдай ныхасæй бафид, цы ’мбæлы, уый. Нæ нæ ’вдæлы, æнафон у. Марков. Æз уæ нæ уромын, фæндараст фæут. Ам мæныл чи æмбæла, уыдонæн се ’ппæтæн комы цæуæггаг куы фидон, уæд мæ сæрыхъуынтæ дæр куынæ сфаг уыдзысты. Хъуыдæберд. Хъыгаг у, хæцæнгæрзтæм æвналын нæ ’ кæй бахъуыдис, уый. М а р к о в. Мæнæ диссаг! Фыццаг хатт уынын Ирыстоиы æнæ хæцæнгæрзтæ лæгмæ хæцæнгæрзтæ сисгаг! Худинаг уын фæуæд! Хъуыдæберд. Дзæбæх æм хъавут, æз лæгæтмæ бакæ- сон. (Фæцæуы.) Таймураз (йæ размæ фæци). Æгæр фæтагъд кодтат, æнафоны бæлццæттæ, уæ хæцæнгæрзтæм. Мæ уазæджы сæры- хъуынтæй æрду дæр куы фæхъæуа, уæд уæ сæртæ дæр нал ахæсдзыстут ардыгæй. Хъуыдæберд. Нæ фыдбылыз та нæ размæ фæцис. Тай- мураз, уый ’рбацыд æмæ ацæудзæн, фæлæ мах иумæ цæрын хъæуы. Чифæнды фестæд, уæддæр мах кæрæдзимæ хæстæгдæр стæм. Хъазджери. Ай-гъай, дон фæцæуы, дул баззайы, иу туг, иу стæг стæм мах. (Хъавы.) Таймураз. Æнцад! Куыд никуы ’рлæууыдысты ’уыцы ныхæстæ уæ зæрдыл, уæ зæххытæ куы уæрстат, уæд? Цы нын ис уемæ иумæйагæй! Цæугæут ардыгæй! Ацы хæхтæ сымах нæ- ма сты. Ма нын худинаг кæнут нæ хъæубæстæ! Хъуыдæберд. Хъæубæстæн цæуæггаг исын цæуылнæ уадзыс? Т а й м у р а з. Сайыс! Хъæу ницы агуры. Хъуыдæберд æмæ Сæхмæрза хъæу не сты. Хъуыдæберд. Мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн, æз дæуæн ацы бон дæ зæрдыл куы иæ ^рлæууып кæмон! | Т а й м у р а з. Уыцы æртхъирæнтимæ ма дæ зонд æмæ ныфс дæр хъуыди, «хъæбатыр»! 70
Б а т р а д з. Хæрæг, дам, сыкъатæ агурæг фæцыд, æмæ йæ . дыууæ хъусы дæр нал æрхаста. ’ 1 . Æлдæрттæ ацыдысты. М а р к о в. Бузныг, мæ хæлæрттæ! / ’ Æмбæрзæн. ÆРТЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ* Суадоны раз. Рахизæрдыгæй — обаугонд, бæлæстæ. Галиуæрдыгæй — фæз, алыхуызон дидинджытæ,' кæрдæг. Дардæй зынынц Урс хох æмæ Сау хох. Æрбацæуы Дгуындæ æдгогон, йæ фæдыл —Тузар, йæ уæхскыл — фат æмæ æрдын. Тузар. Цæй, æрхæццæ дæ кодтон,.,гъеныр æз цæуын. Агуындæ. Фæлæуу, мæ хур, Тузар, ныртæккæ мæ гогон куы айдзаг уа, уæд иумæ ацæудзыстæм. Т у з а р. Хуыцауыстæн, ды боиыгон дæр иунæгæй нæ уæн- дыс æмæ мæ уымæн ракодтай. Агуындæ. Æнæнтыст макуы фæуай! Цæмæй йæ базыд- тай? Т у з а р. Æмæ дын ныр æз цы пайда дæн, Агуындæ, скъæф- гæ дæ куы чындæуа, уæддæр? (Архайы æрдынимæ.) Агуындæ. Куыд цы пайда дæ? Дæ фат æмæ де ’рдынмæ цыфæнды скъæфæг дæр хæстæг не ’рбауæнддзæн. Т у з а р (хъавы). Фæкæс-ма уæдæ иыртæккæ дæ гогонмæ! Агуындæ. Цæй-ма, уæдæ, кæддæра йæ акъуырис. Т а й м у р а з (’рбахызт Батрадзимæ, йе уæхскыл— сæгуы- ты мард). Хуыцауы тыххæй, адон цы ми кæнынц? Б а т р а д з. Дондзау æмаё æнахъом цуанон. Т у з а р (суагъта æрдын, нæ акъуырдта). Æллæх! Агуындæ (худы йыл). Мæхинымæр загътон: ныртæккæ мын мæ гогон фæхуынкъ кæндзæн æмæ ма нæхимæ дон цæм ахæсдзынæн? Тузар. Фæлæуу-фæлæуу, иу æхст ма, иу æхст. (Фат но~ гæй æвæры.) Æниу мæнмæ куы уаид Таймуразы хъримаджы хуызæн... Агуындæ. Æмæ йæ, дæумæ гæсгæ, Таймураз акъуырид? Т у з а р. Уастырджийыстæн, Таймураз æй хурыхуыфийы хуызæн акæнид. (Хъавы.) Агуындæ. Цæй, уый Таймураз никуы акъуырдзæн, фæ- лæ фехс æмæ цом. Б а т р а д з (дæтты дур). Сæр х\æ бахъуыд. 71
Таймураз. Афтæ у? Фæкæс-ма йæм уæдæ. (Бахста ОурА акъуырдта йæ.) Агуындæитæ сагъдауæй аззадысты. Ма фæтæрсут! Т у з а р. Æз æппындæр нæ тæрсын, уый мæ мæнæ донмæ йемæ нæуæндаг ракодта. Б а т р а д з. Æццæй, афтæ у, Агуындæ? А г у ы н д æ. Æмæ цы диссаг у нæ уæндын? Батрадз. Цæй, æз сæгуыты мард Дзиццамæ схæццæ кæ- нон... (Бахудт, фæцæуы.) Тузар. Иæ сыкъатæ æмæ йæ хъултæ мæн уыдзысты. (Азгъордта йæ фæстæ.) А г у ы н д æ. Тузар, фæлæуу. (Исы йæ гогон.) Т а й м у р а з. Кæдæм тагъд кæныс? А г у ы н д æ. Ныртæккæ чындзыты донмæ ракæндзысты. Таймураз (айста афтид гогон). Донмæ, зæгъыс? Афтид гогонимæ куы сыздæхай, уæд дыл чызджытæ фæхуддзысты. (Æвæры йæ цыхцырæджы раз.) А г у ы н д æ. Бузныг! Таймураз. Агуындæ, æрдæбон ам Тузаримæ куы хъа- зыдыстут æмæ уæм уæлæ уырдыгæй куы ’ркастæн, уæд нæ са- бийы бонтæ мæ цæстытыл ауадысты. Хæрз æрæджы дæр ма-иу бон-сихорафон иумæ хъазыдыстæм. Балгæйттæй цыдыстæм мæ- нæргъы æмæ саунæмыгмæ. Диссаг куыд нæу, æвæдза, æнæ кæ- рæдзи-иу цъусдуг нæ фæрæзтам. Агуындæ. Ибон дæр нæ, æвæццæгæн, уымæн фæндыд, ногæй та сабитæ куы фестиккам, уый? Таймураз. Чи зоны, зæрдæмæ ныккæсæн нæй, фæзæ- г.ъынц, фæлæ мæн фæнды æууæндын мæ амондыл. А г у ы н д æ. Æмæ йыл не ’ууæидыс? Таймураз. ’ Æууæндын, фæлæ арæх дæ цæсгомыл ца- вæрдæр тасдзинад фæзыны æмæ ма мæн дæр сагъæссаг кæны. Цæуылнæ исты дзурыс? Агуындæ. Курйн дæ, Таймураз, цуаны мауал цу. Таймураз. Цæуылнæ? Зæгъ мын, цæуыл гуырысхо кæ- ныс, уый? Агуындæ. Мæхæдæг дæр æй бæлвырд не ’мбарын, фæлæ зонын уый, æмæ дын тас кæй у. Таймураз. Бæргæ, дæ зæрдæйы фæндон дæхицæн æнцзд- æнцойæ цæр. Фæлæ сæ бон ныккалæнт не ’лдæрттæ! Уыдонмæ æндæр уынаффæтæ ис. Лæг сæ цуаны нæ, фæлæ зæххы кæрон- мæ куыннæ фæлидзы! Агуындæ. О хуыцау, цæмæн афтæ арæзт у цард! Цы чындæуа! Таймураз. Æфхæрджытимæ тох кæиын хъæуы, Агуын- дæ, фæлæ уыцы тохы тасдзинад куы уа, уæд уæнгтæ мары.
Агуындæ. О, фæлæ хи хъахъхъæный тæппуддзинад нæу. рох дæ ма уæд, дæуæн ис мад, хо... Таймур.аз. Стæй... Цас фенхъæлмæ кастæн æз ацы ны- хæстæм! Ногæй та мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æз афтæ бирæ кæй уарзтон, уыцы рагбонтæ. Хорз, мæхи хъахъхъæндзынæн мæ мад, мæ хо æмæ Агуындæйы сæраппонд... Æдде фæидырдзагъд хъуысы. А г у ы н д æ (Таймуразырдæм). Чындзы æрхонынц! Цæй, æз згъорон... ^ Таймураз. Цæй, æз дæ Тузары бæсты чысыл уæлдæр схæццæ кæнон. А г у ы н д æ. Нæ хъæуы. Таймураз. Бон-сихорафон дæ исчи куы аскъæфа, уæд... Агуындæ. Æмæ исты ды ам нæ уыдзæнæ?.. (Ацыд.) Таймураз (ахъуыды кодта, хъæлорæгæй). Мæнæ йæм цытæ бауæндыдтæн, мæнæ! Куыддæр мæхи нал фембарын æмæ йын сæнттæ цæгъдæгау мæ ныхæстæ фæкæ\шн. Цыфæнды маст мæ куы вæййы, уæддæр Агуындæйы куы фенын, уæд мæ зæрдæ- мæ цавæрдæр æхсызгон рухс ныккæсы. Цак уарзондзинад уыд йæ цæстæнгасы, цæй арф ахъардта йæ мидбылты бахудт ме уæнгты! Кæд ралæудзæн нæ цины бон, цæй амондджын уыдзы- стæм, Агуындæ! (Фæаууон.) Æрбацыдысты чызг-фæсивæд, фæндырæй цæгъдгæ, заргæ. Чындзы æр- ^æууын кодтой. Ч ы з г. Чызджытæ, мæнæ Дзицца донмæ рацыд. Балæгъ- стæ йын кæнæм, æмæ нын нæ чъиритæ акува. Дзиццайы æрбакодтой, нуазæн æм авæрдтой. Д з и ц ц а. Абон стыр Уациллайы бон у 1æмæ хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодта, уый æмбал мах дæр фæкæнæд. Гъе, Уацилла! Хоры Уацилла дæ, æмæ нæ дæбæркады бынфæкæи... Уациллайы бонты доны былмæ амондджындæр! цы сылгоймаг æрцыд, уый æмбал ацы чындзы дæр фæкæн. Дбны чызджытæ, ацы чындз-иу уæ разы куы ’рбалæууа, уæд æм дзаг армæй куыд цæуат, йæ рæсугъддзинадмæ йын куьгд бæшлат; йæ къæр- татæм ын цы сыгъдæг дон уадзат, афтæ сЫгъдрг куыд уа йæ цард. \ Хуыцау, æз кувын нæ зонын, фæлæ йæ ^уывдтытæ кæмæн айстай, уый æмбал сæ фæкæн. У-у, иу кæстæр! Ацахуыста кæстæр, нуазыны цагъд. Ч ы з д ж ы т æ. Дзиццайæн иу кафт, иу кас Схор-хор кодтой, фæндыр сцагъта. Дзицца иу ус кафыди. Фæци, æмæ йын хъæбыстæ кæнынц. Æрбацыд дæр. |1 1Мæ рахызт æмæ æр- лæппу-фæсивæдæй чи- 73
/ ’ • Ч е г ъ р е. Уæ циндзинадмæ лæппутæн æрбацæуæн ис, кæн- нод иунæгæй æз дæр Ды кæнон? Д з и ц ц а. Ис, иС, дæ рын бахæрон, ракæн сæ! Лæппу ацыд. Гъеныр ма мын чыидз йæхи къухтæй дон куы бадарид, уæд хорз уаид. Чындз æд гогон ракафыд, - дон систа æмæ йæ радта Дзиццамæ. Æрба- цыдысты Хъуыдæберд, Хъазджери æмæ чидæртæ. Хъуыдæберд. Ца^й, цы хабар у? Бæстæ уæ сæрыл куы систат! ’ 7 . , Дзицца. Мæнæ темболтæ сæ чындзы донмæ ракодтой. . Хъуыдæберд. Æмæ æндæр кæм æрлæууа, уый нал ис? Ныртæккæ ардæм Елберды чындзы ракæндзыстæм. Тугъантæй дæр дзы чидæртæ уыдзæн. Цæугæут ардыгæй! Таймураз (фæсивæдимæ фæзынд). Фарн уæ хъазты! Дæ хорзæхæй, Хъуыдæберд, нæ циндзинад нын цæмæн халут? X ъ уы д æ б е р д. Шыртæккæ Мысыкаты Елберды чындзы ардæм ракæндзыстæл/. Кафынмæ амæй хуыздæр никуы у. Уаз- джытæ дæр нæм ис. Т а й м у р а з. Æмæ Мысыкаты Елберды чындзы æндæр ран зæхх нал уромы? Хъуыдæберд, кæд дæ маст ссарын нæ фæиды, уæд дæхи айс дзæбæхæй, нæ бæрæгбон нын ма хал. ’ Хъуыдæберд. Бæрæгбоны хатыр уал дын фод, æндæр ницы зæгъын. (Фæйæуы.) . Ч е г ъ р е. Хъшлдæберд, дæ хорзæхæй, иу кафт. X ъ у ы д æ б е р д.. Бузныг! Чегъре. Цæй, уæдæ, фæсивæд, чындзимæ чи ракафдзæн, йæ ныфс чи бахæсдзæн? , Хъуыдæбе/рд (фæлæууыд). Чындзимæ ракафынæн дзы æгъдау раттын тæуы, исты балæвар кæнын. Æмæ сымахмæта цы ис? Дæ разы(йын кæд Таймураз йæ сафайы рæхыс балæ- вар кæна. Агуындæ фæндыЬæй æрцагъта, Таймураз рахызти. Т а й м у р а з. ахæм лæвар, нæ ног чындзы къæхты бын аив чи уа. Батрадз, ме ’рдхорд! Бацæттæ-ма мын кæн буц хистæрты раз æрæвæрын аккаг куыд уа, к Батрадз азгъордта. Даймураз кафы чындзимæ: фыццаг — «хонгæ кафт>, стæн «зилгæ кафт». Ажем сæрыстыр сты Таймуразæй. Хъуыдæберд, Хъаз- джери æмæ ма чидæртæ та мæсты кæнынц. Кафты кæронмæ Батрадз æрба- хаста сæгуыты мард. / Гъæтт, Батрадз’, нæхи цуаноны кафт-ма æркæн! .. Батрадз фæидырь рог цагъдмæ кафы. Хъуыдæбердитæ ацыдысты. Бат- радз кафт фæци æма| сæгуыты мард чындзы къæхты раз æрæвæрдта. 74
Ч е г ъ р е. Ныр та — симгæ, фæсивæд, ардыгæй суанг уæр- тæ фаллаг фæзмæ. Фæсивæд симгæ ацыдысты, чындзы дæр акодтой, сценæ сафтид. Æрба- цыдысты Сæхмæрза, Хъуыдæберд. Сæхмæрза. Цал хатты дын загътон, семæ тызмæгæй ма дзур, зæгъгæ. Хъуыдæберд. Омæ йæм баст куыдз куы нæ бауром- дзæн йæхи! Сæхмæрза. Æз хъуыддаг аразын, ды та — халгæ. X ъ у ы д æ б е р д. Æмæ сын уæдæ бытъу-бытъу кæнæм? Нæ сæрмæ сæ хизын суадзæм? С æ х м æ р з а. Кæд ма дын дæ мукъутыл цъутта сæвæрон. Æрæууæндын сæ кæнæм нæхиуыл, зæгъгæ, архайдтон, ды та... Чындзы кæдæм рахондзысты, уый сæйраг хъуыддаг нæу, ахс-(. джиагдæр хъалон у. Хъуыдæберд. Аргæвд мæ* уæддæр æм мæхи уромын нæ фæразын. ’ Сæхмæрза. Æз дын афтæ куы загътон: йемæ сабыргай баныхас кæн, ды та загъд самадтай. Ныр ма уый дæумæ бай- хъусдзæн? Гъенрр æм де ’нæсæрфат миты тыххæй хъуамæ лæгъстæмæ бацæуон... Марадз, искæй йæм барвит, æз мæхæдæг аныхас кæндзынæн йемæ. Дард ма ацу, хъæудзынæ мæ. Хъуыдæберд ацыд. Фæхицæн æй кæнын хъæуы адæмæй... Фæлæ куыд?.. Мулк! Уый ныхмæ ничй фæлæудзæн... Æмæ иугæр бындз мыды куы ныххауа... Æрбацæуы... Уый Батрадз дæр йемæ куы ис. (Ацыд.) Батрадз æрбазгъордта, суадоны дон нуазы. Таймураз (дардæй). Батрадз, цы фæдæ? Б а т р а д з. Мæнæ! Таймураз (æрбахызт). Батрадз, байхъус-ма, байхъус, Агуындæ цы рæсугъд цæгъды! Батрадз (йæ цурмæ бауад). Нæ хъæуы чындзыты иу- уылдæр куыд ракодтой донмæ! Фæлæ дæм диссаг нæ кæсы, Ел- берд та ма кæдæм рарвыста йæ чындзы, йæхи айсын дæр куы-. нæуал фæразы, уæд? Т а й м у р а з. Абон Уациллайы бон у, Уациллайы. Батрадз. Табу йæхицæн Уациллайæн, фæлæ цымæ йемæ афтæ баныхас кæнæн нæй, йæ иннæ абон Агуындæйы дæр ар- дæм куыд ракæнæм? Таймураз. Æмæ уымæй Уациллайы цы фæрсыс? Уыцы хъуыддаджы Уациллатæ мах — нæхæдæг... Сæхмæрза (æрбацыд). Таймураз, ныхасæн мæ хъæуыс, Батрадз, ды бахатыр кæн. Б а т р а д з. Æз уал кафгæ дæр акæндзынæн. (Ацыд.) Таймураз. Табуафси! 75
Сæхмæрза. Диссаг дæм ма фæкæсæд нæ сæмбæлд. Фæ- лæ зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу... Лæгæн йæ фарсмæ чи æрбалæууа, ахæм фидар кæстæртæ куы нæ уа... Таймураз! Санибагом дыууæ æндон цæджындзыл æнцайы, уыдонæй иуды дæ æмæ кæрæдзийы бамбарæм. Таймураз. Мæнмæ гæсгæ, мах кæрæдзийы раджы бам- бæрстам. Сæхмæрза. Нæма... Æз мæ сæрмæ хæссын мæ рæды- дыл басæттын... Æз бирæ фæсагъæс кодтон... Дæ лæгдзинад, дæ тых, мæ уæздандзинады фарсмæ æрæвæрын аккаг сты. Хъуа- мæ ды дæр мауал фидай хъалон. Таймураз. Хъалонæй мæ суæгъд кæнынмæ хъавыс? Сæхмæрза. Канд хъалонæй нæ... Дуне мулкыл лæууы... æмæ, зæгъын, мæ фарс куы рахæцис, уæд мах... Таймураз. Фæлæуу, фæлæуу Сæхмæрза, æмæ уæд ин- нæтæ та? Сæхмæрза. Дæуæн уыдонимæ иумæйагæй ницы ис... Адæмæн се ’ппæтыл хур дæр не ’ххæссы. Таймураз. Æмæ мæ уæдæ хъалонæй ссæрибар кодтат, нæ? Сæхмæрза. Раст афтæ. Таймураз. Гъемæ стыр бузныг, фæлæ ма уæхицæн уæл- дай фыдæбон цы кодтат, æз уын æнæуи дæр хъалон фидинаг куы нæ уыдтæн. Стæй канд æз нæ. Уый тыххæй дын мæ хъуы- дытæ дæхи.кæрты куы загътон. Балхæнынмæ мæ хъавут? Хæрз дзæгъæлы! Таймураз сымахау уæйгæнæг нæу! Цæй, уæгъд ны- хæстæм мæ не ’вдæлы. Æз ма иу симд акæнон. (Ацыд.) Хъуыдæберд (йæ дамбацамæ фæлæбурдта). Гъы, хæрæджы сæфтæг! Сæхмæрза. Ма фехс! Афтæмæй ницы. Æвæстиатæй Ту- гъантæм æмæ Биаслантæм цæуын хъæуы. Æнæ уыдоны æххуы- сæй йын нæхæдæг ницы бакæндзыстæм! Хъуыдæберд, дæхиба- хъæудзæн цæуын, Зæгъ сын: уе ’ххуысы сæр, зæгъ, нæ бахъуы- дис æмæ нæм тагъд гæрзифтонгæй фæзынут! X ъ у ы д æ б е р д. Хорз! Æмбæрзæн. ФÆНДЗÆМ НЫВ Таймуразы кæрт, фыццаг нывы куыд уыдис, афтæ. Дзицца сырдты цæрмттæ хурмæ рахаста. Батрадз (æрбахызт). Дæ райсом хорз, Дзицца! Д з и ц ц а. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. ’ Б а т р а д з. Æмæ Таймураз кæм ис? ’Дзицца. Уæртæ Гæститырдæм бауад. Сбад уал. Б а т р а д з. Бузныг, Дзицца, нæ мæ ’вдæлы. 76
Д з и ц ц а. Иучысыл абад, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. Кзедæй-уæдæй абон мæ цуры стут, мæ хуртæ. Фæлæ мын мæ сидзæр лæппу Тузары кæм ныууагътат ныр дыууæ боны? Б а т р а д з. Уыцы уырыссæгтимæ йæ ныууагътам. Ницы тас ын’ у. Фæлæ, Дзицца, цæмæй æдзухдæр дæ цуры уæм, уы- мæн ис хорз фадат. Д з и ц ц а. Бæргæ мын радта Тайму дзырд, цуаны арæх нал цæудзынæн, зæгъгæ, кæд хуыцауы бафæнда, уæд. Батрадз. Уый ницы у, Дзицца, тæрхæджы къахмæ йæ бабæттын хъæуы. Дзицца. Дзицца дæ рынтæ бахæра, бæргæ, фæлæ кæм, мæ хур, йæ зæрды, æнхъæлдæн, куы ничи ис, уæд. Б а т р а д з. Ма зæгъ, Дзицца, ис, хъæбулы ад кæмæй фен- дзынæ, ахæм. Дзицца. Æмæ чи у, мæ къона. Ды мын æй уæддæр ма басусæг кæн, Батрадз. Б а т р а д з. Бæргæ дын æй зæгъин, фæлæ мæ ком ныххус <æмæ ме ’взаг мæ дзыхы нал арæхсы. Дзицца (къахæгау). Æмæ уымæн ницы хос и? Б а т р а д з. Цæуылнæ! Сау бæгæны. (Худынц.) Дзицца. Уæдæ мын æй зæгъ, уыййедтæмæ дзы сау бæ- гæны дæр разындзæн. Б а т р а д з. Æцæг? Уæдæ уæм дард нæ цæры. Мæнæ суг- сæттæн къуыдырыл алæуу æмæ йæм сисы сæрты ныккæс. Агуыидæ, Дзицца, Агуындæ! Дзицца. Æцæг, Батрадз? Тæхуды, Агуындæ мæ чындз куы баиуд! Фæлæ нын бакомдзæн? Батрадз. Бакомдзæн, кæрæдзи бирæ уарзынц. Тæхудиаг ^ербауай, Дзицца, йæ цонгыл дын куы ’рхæцон æмæ дæм мæнæ уырдыгæй куы ’рбазарон: «Гъей, фарн фæцæуы, фысымтæ!...» (Зары, Дзицца худы.) Дзицца. Ду1нейы фарн æй куы зæгъид! У-у, Мадымай- рæм, дæ фæдзæхст, де уазæг фæуæд!.. Батрадз. Кæс-ма, уæртæ сиахс дæр æрбацæуы. (Æрæм- бæхст.) Гъы, гъы, Агуындæ мидæмæ балыгъд! Таймураз (æрбацыд). Ам дæ, Батрадз? Батрадз. Утт! Мардтаиккой дæ, кæй рæзты ’рбахызтæ, уымæ исты куы сдзырдтаис, уæд! Таймураз (Дзиццайæ ’мбæхсы). Цæй æнæмæт дæ! Батрадз. Æмæ цæуыл хъуамæ мæт кæнон? Нæ хортæ найгонд фестæм. Нæхи цæттæ кæнæм чындзæхсæвмæ. О, о, чындзæхсæвмæ. Цæй, дæ цæстытæ мæм цы дзагъултæ кæныс* Дзицца æппæт дæр зоны. Фат æрдынæй феуæгъд æмæ йæ нал оерцахсдзынæ. Дзицца мидæмæ бацыд. Таймураз. Æрра сдæ æви?.. Тæрсын, циндзинадмæ нæ куынæма равдæла, уымæй. 77
Б а т р а д з. Уый æз хъазгæ кæнын, фæлæ ды дæр исты фехъуыстай! Т а й м у р а з. Æмæ цы хабар У? Батрадз. Сафар куыд зæгъы, афтæмæй Сæхмæрза Ту- гъанты æлдæрттæм арвыста, уе ’ххуысы , сæр нæ хъæуы æмæ гæрзифтонгæй рацæут, зæгъгæ. Таймураз. Кæд арвыста? Б а т р а д з. Знон, сæумæцъæхæй. Таймураз. Кæй? Б а т р а д з. Хъуыдæберды. Таймураз. Ау, æмæ нын уæд Сафар ныронг куыд ницы загъта? Батрадз. Иæхæдæг дæр æй нырма æрдæбон базыдта. Сæхмæрзаиты ныхæстæм сусæгæй байхъуыста. Абон куы фæзы- ной, уымæй æдас нæу. Таймураз. Уæдæ уымæн ныхъхъус сты, уымæн! Уай- тагъддæр сыл мæ зæрдæ къæпп кодта. Гъемæ рацæуæнт, мах дæр мæиæ стæм. Кæд —тох, уæд — тох. Фæсивæдæн ма иу хатт зæгъын хъæуы, сæхи цæттæйæ куыд дарой... Фæлæ уæд цы чындæуа Георгийтæн та, цæугæ куы кæнынц! «Хæрзбон» сын куынæ зæгъæм, уæд худинаг у. Ацæуиккам, фæлæ Сæхмæрзаи- тæ куы базоной, ам не стæм, уый æмæ хъалон исынмæ куы бавналой. Б а т р а д з. Таймураз, цом, Сæхмæрзаитæ нæ куыннæ ба- ’ фиппайой, афтæ. «Фæндараст» сын зæгъдзыстæм æмæ фæстæмæ фездæхдзыстæм. Таймураз. Цæй, хорз! Дзиццайæн зæгъдзыстæм, куыд никæмæн ницы ской кæна, афтæ. Стæй Сафарæн бафæдзæхс, мыййаг, исты фыдбылыз куы уа, уæд нæм хабар куыд кæна. Батрадз. Уый мæ бар уадз. Таймураз. Цу, ацæттæ кæн дæхи æмæ мæм суадоны раз фæлæуу. Батрадз. Хорз! (Ацыд.) Т а й м у р а з (йæхи рæвдзытæ кæны). Дзицца, цы фæдæ? Д з и ц ц а (рахызт). Æмæ Батрадз цы фæци? Т а й м у р а з. Аивгъуыдта. Д з и ц ц а. Уæууа, æмæ уын æз аходæн куы ацæттæ код- тон. Тайм’ураз. Гъемæ хорз, дæ разы ма сæ хордзены авæр. Цæуын та, Дзицца, Урс хохы бынмæ. ’ Дзицца ацыд. Фæрсгæ дæр мæ нæ бакодта. О, æууæнкджын ныййарæджы зæрдæ, цы не ’мбарыс ды зæххыл! Чи дыи бафиддзæн дæ фæл- лой! Чабæхан (æрбахызт). Æццæй, цуаны та цæуыс, Тай- мураз? Таймураз. Чи дын æй загъта, чи? 78
Чабæхан. Батрадз. Æмæ нырма ибоны дзæбидыры мард уæртæ къæбицы æнæхъæнæй куы лæууы. Æдзух нæ дзæгъæл яыууадзыс. Таймураз, Мæсты мæм ма кæн,, мæ иунæг хо. Ч а б æ х а н (хъ&лизæгæи). 1 агъд æрбацæудзынæ, Тайму- раз? ч Т а й м у р а_з (хъæлдзæгæй). Тагъд! Æмæ тагъд æрыздæхын дъæудзæн? Ч а б æ х а н. О, тынг тагъд! Цон, мах дæр Агуындæимæ донмæ ныууаинаг уыдыстæм. Дон нуазын дæм куы цæуа, Гай- мураз, уæд-иу суадоныл дæ фæндаг ракæн. (Ацыд.) Т а й м у р а з. Куыд ааджын у цард æмæ нæм æй æмгæрон куыд нæ уадзынц! Дзицца (рахызт æнкъардæй). Тайму, мæ хур, хъæбул зынаргъ у, ныййарæг та —мæгуыр. Хъæдты, хæхты æхсæвæд- дæ ьл^ниыс æмæ мын зын у дæуыл мæт кæнын. Де знæгтæ дæ фæдыл зилынц æмæ дыл исты куы ’рцæуа. 1 а й"м у р а з. Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, Дзицца. Иунæг нæ дæн, тас мын нæу, кæй цы хъыгдарын? Д з и ц ц а. Аххосджын та нæ куы хрнынц, дæ рын бахæ- рон. Т а й м у р а з. Ма *фхæр дæхи, Дзицца, ницы аххосджын дæн. Мæ бинонтæ, мæ хъæубæстæй хынджылæг кæнын кæй нæ оауагътон, уый тыххæй зылынджын дæн.^ Худинаг дæ сæрмæ макуы рхæсс, зæгъгæ-иу мын куы дзырдтай. Дзицца. ^æргæ дын-иу дзырдтон, Дзиццайы хур, фæлæ уæддæр æлдæрттæ тыхджындæр сты. Сæ хъалбон ныккалой! Аинæи дыл куы рацæуой, уæд ма цы хурмæ ниудзынæн, мæ да- рæг? Таймураз (фидарæй). Тохы амæлæн ис, Дзицца, фæлæ, зон, æгады адзал дын нæ раисдзынæн. Дзицца. Хуыцау бахизæд мæлынæй, фæлæ мын знон дзырд куы радтаи, арæх нал цæудзынæн, зæгъгæ, æмæ та дæ цæстытæ цуан мондагæй куы ’рттивынц. Мæт, сагъæс та мæныл афуадздзыеты сæ уæз, уæдæ йыл афонмæ кæд исты æрцыд, зæгъгæ. Дæ ныхас-иу куы никуы аивтай, уæд... 1 а й м у р а з. Раст зæгъыс, Дзицца, знон дын дзырд рад- тон, цуаны арæх кæй нал цæудзынæн, уый тыххæй. Фæлæ аоон мæ цуаны сæр æндæр у. Мæнæ дын цы уырыссæгты кой фæкæ- нын, уыдон цæугæ кæнынц æмæ сын «фæндараст» куы нæ зæ- гъон, Дзицца, уæд худинаг у. Дзицца. Уаих æрбауай, мæ лæппу, ацы хатт дæм уæз- дандзииад цæуылнæ разынд? Дæ зæрдæйæн афтæ адджын чи фæци, уыдонæн ныронг дæ хæдзар цæуылнæ фенын кодтай? у-инæуи мæгуыр стæм, фæлæ сæ хæларзæрдæ æмæ рæвдыд ны- хасæй уæддæр сбуц кодтаиккам. Т а й м у р а з. Мæн аххос уыди, Дзицца, сæттын мæ рæды- дыл, фæлæ уыдонæи дæр сæ рæстæг нæ амыдта. Иу хъуыдда- 79
гæй дæ афæрсынмæ хъавыдтæн, нæ зонын, к/ыд дæм фæкæс- дзæн. Д з и ц ц а. Афæрс, мæ къона, афæрс. Т а й м у р а з. Мæхæдæг дæр æй бæлвырд нæ зонын, уыцы Георгийы мæ зæрдæ йæхимæ цæмæн афтæ хæстæг æрбайста, уый: æвæццæгæн, хуымæтæджы адæймагæн аргъ кæй кæны, уый тыххæй. Æмæ мæ тынг фæнды, исты лæвар куы ахæссид йемæ Уæрæсемæ æмæ йæ ирон лæджы номыл куы дарид, уый. Дзицца. Дзицца дæ рынтæ бахæра, æгайтма дæм ахæм хъуыдытæ, ахæм уынаффæ ис. Уый, æвæццæгæн мах лæвæртты хъуаг нæу, фæлæ, чи зоны, йæ бæстæмæ куы ’фæцæуа, уæд æй фæрсджытæ уыдзæн, гъы, цавæр адæм сты, махæй уыдон та, зæгъгæ. Уадз æмæ сын радзура, кæд æнæиу мæгуыр стæм, уæд- дæр зæрдæйæ хъæздыг кæй стæм, уый. Уæдæ æрмæст Сæхмæр- зайы кой куы ракæна, уæд Уæрæсейы ирон лæджы ном худи- наг куы кæны. Фæлæ нæм лæвары аккаг уæртæ нымæт йедтæ- мæ ницы ис æмæ дын æй рахæссон, кæд дæ афтæ фæнды, уæд. Т а й м у р а з. О, Дзицца, мæхимæ дæр ахæм уынаффæ уыд, уæдæ нæм æндæр цы ис! Дзицца мидæмæ бацыд. Бузныг, стыр хуыцау, адæймагæн йæ алы хъуыды, йæ алы сулæфт, йæ алы фæзылд чи хаты, ахæм Дзиццайы мын кæй раттай, уый тыххæй! Цæмæй дын фиддзынæн цымæ æз та дæ фæллæйттæ? Д з и ц ц а (рацыд). Гъа, мæ хур. Мæхи къухты фæллой у. Дæ фыдæн æй, куырдуаты бадгæйæ, баууæрстон. Даргæ дæр æй ницы акодта, мæгуыр. Куы амард, уæд æй дæуæн бафснайд- тон, искуы мын, зæгъын, слæг уыдзынæ æмæйæ батонын дæ фыдæн нæ бантыст, фæлæ йæ, зæгъын, мæ хъ’æбул фæдардзæн. Таймураз. Дзицца, кæд дын, мыййаг, зын у, уæд æй фæлтау уадз. Дзицца. Нæ, нæ, Дзиццайы хур, нæу мын зын. Фурды дон куы ныххуыскъ уыдзæн, Дзицца йæ уарзон хъæбулы фæн- дон куы нæ сæххæст кæна, уæд. Таймураз. Цæй, уæдæ бузныг! Дæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд. Æрмæст мын мæ ацыд Сæхмæрзаитæ куыннæ зоной, афтæ. Цæй, цæуыл та æрæнкъард дæ, Дзицца, акæс-ма: цы хурбон у! (Ацыд.) Дзицца. Фæндараст фæу, мæ хъæбул. Урс хохы рухс дзуæрттæ, сымахыл æй фæдзæхсын, фыдбылызæй йæ хъахъ- хъæнут!.. Чызг, уæ, чызг! * Ч а б æ х а н (æдде). Циу, Дзицца? Дзицца. Макуыдæм ацу, æз искæмæй куырой ракурон. (Ацыд.) Чабæхан æрбахызт. 80
Ч а б æ х а н. Иунæгæй та мæ ныууагътой. (Хæдзармæ ба~ цыд.) Фæзынд Хъуыдæберд. Фидиуæг йæ размæ фæци. Ф и д и у æ г. Хъуыдæберд! Таймураз æмæ Батрадз цуаны фæцæуынц. Хъуыдæберд. Иттæг хорз! Марадз æмæ йæ Сæхмæр- зайæн бамбарын кæн. Райдайæд уым хъалон исын, адоны мас бар уадз. (Ацыдысты.) Чабæхан (фæзынд). Уæд та Агуындæ куы ’рбацæуид,. фæлæ дын ма ’рбакома, суадонмæ дæр мын куынæуал акуымд- та! Исты амæлттæй йæ ’рбасайын хъæуы. Агуындæ! Уыссиу! Агуындæ! Уæ хуртуан уын кæрчытæ ба- хордтой. Агуындæ разынд. Ардæм ма уал рауай. Дзицца куыроймæ ацыдис æмæ иунæ- гæй æнкъард кæнын. Агуындæ. Нæ мæ ’вдæлы, хуртуаны раз ничи ис. Ч а б æ х а н. Арыдгæй йæм нæ цæст дардзыстæм. Рауай, æ& дын мæ фын радзурон. А г у ы н д æ. Кæй та федтай дæ фыны? Ч а б æ х а н. Рацу, диссаджы фын федтон. А г у ы н д æ. Æз фынтæн ницы ’мбарын, уæлæ йæ Дзыгы- нæн радзур. Ч а б æ х а н (йæхицæн). Куыннæ комы сайын! Рауай-маг мæнæ мæм алдымбыдтæ бийынмæ фæкæс. Агуындæ. Дæхи цы хурхæй марыс, рацу, æз дын ратдзы- нæн. Ч а б æ х а н. Гъа, афтæ у, уæдæ нæ комыс ардæм? Æз та дæуæй — æррадæр! Нæ цæуыс, дæхицæн — фыддæр... Иæхицæн мын лæгъстæ агуры... (Ныхъхъæр кодта.) Æллæх, Дзицца, дæ- дæ-дæ-дæй, мæ къух!.. Агуындæ. Цы дыл æрцыд, мæ хæдзарыл! Чабæхаи. Ме ’нгуылдз ахауын кодтон. Тагъд, Агуындæ^ хæлуарæджы тын! Хæдзары, хæдзары! Агуындæ мидæмæ бахызт, Чабæхан ыл дуар ахгæдта. Чызг аскъæфтон! А г у ы н д æ. Чабæ, нæ арын хæлуарæджы тынтæ. Ч а б æх а н.'Ахæм гыгы дзы нæй, хæлуарæджы тынтæ кæй къулыл ссарай. Мæ сайд фæу! Агуындæ (дуар хойы). Дуар бакæн! Дзиццайæ худи- наг у. (Рудзынгæй ракаст.) Ч а б æ х а н. Уæртæ цы дзæбæх фидауы, уæртæ! Мæ мард фен, къуымы чи нæ алæууа! Гъе уый дын ног чындз, гъе! Ны- ридæгæн нын нæ дуæрттæ куыд сæтты! Дуар ын бакодта. 6 Хъайттаты Сергей , 8*
А г у ы н д æ. Гъеныр цы митæ кæныс? Ч а б æ х а н. Афтæ дын хъæуы. Нырма никуы бæхы хуыр- рытт, никуы ехсы къæрцц, афтæмæй не ’мгæрæтты дæр нал цæ- уыс! Агуындæ. Куыннæ цæуын, ам нæ вæййын æдзухдæр? Цы диссаг дæ, гъеныр мæ уæ бинонтæй ам исчи куы ’рбаййæф-. таид, уæд та?.. . Ч а б æ х а н. Цæй, æз дæр бынтон æрра нæма дæн, чи дæ .æрбаййафдзæн? Дзицца у, æмæ куыроймæ ацыд, куы дын æй загътон... Таймураз Батрадзимæ — цуаны. Агуындæ (тарстхуызæй). Ацыди та? (Фефсæрмы, кæй .фæтарст, уымæй.) Ч а б æ х а н (бамбæрста йæ). Агуындæ... (Ныхъхъæбыс ын кодта). Æз цы нæ базондзынæн, ахæм нæй, мæнæй йæ дзæгъæ- .лы сусæг кæныс... А г у ы н д æ (тагъд.) Иæхæдæг дын æй загъта? Ч а б æх а н. О, зæгъдзыстут сымах, уæ дыууæйæн дæр уæ хуымгæнд авд дæлзæххы бын ис. Фæлæ хуым æгæр куы скæр- динаг вæййы, уæд æй алчи дæр фæуыны. А г у ы н д æ. Хæйрæг! ,". Ч а б æ х а н. Ибон дæ мадырвадæлтæм куы уыдтæ Хъоба- ны, уæд цуанæй æрцыд... Кæсын æм æмæ кæрты цæф арсау рауай-бауай кæны. Дзурын, мæм нæ бауæндыд «кæм и», зæгъ- тæ, фæлæ йæ æз уайтагъддæр базыдтон. Амæстæймарынмæ йæ хъавыдтæн æмæ мыл къæртайы дзаг дон бакалдта. Агуындæ. Æцæг? Ч а б æ х а н. Уæдæй нырмæ мæ ницыуал æмбæхсы. Зæгъ- ма, Агуындæ, гъеныр дæм куы ныххатин, уæд мын мæ фæндон яæ сæххæст кæиис? Агуындæ. Басомы ма кæн! Уæууа, мæ хуртуан!.. Ч а б æ х а н. Цæмæй йын тæрсыс? Кæрчытæ уым не сты... Зæрдиагæй дæ фæрсын, мæ фæндон мын сæххæст кæндзынæ æви нæ? ^ Агуындæ. Уагæр цавæр фæндон у, базонæн ын нæй? Чабæхан. Нæ, зæгъ уал. Агуындæ. Цæй, сæххæст кæндзынæн, зæгъ æй. Ч а б æ х а н. Гъе уæдæ уый мæ ингæны ныккæсæд, Тайму- разы уарзон цагъд чи нæ акæна. Тасолтанты фæндыр нырма иæхимæ ис. Рахаста фæндыр. Агуындæ фыццаг нæ разы кодта, стæй райдыдта цæгъ- дын. Уыцы рæстæджы иуæрдыгæй фæзындысты Хъуыдæберд æмæ Хъаздже- ри. Хъуыдæберд. Тæхудиаг, цæй хъæлдзæг сты! Фæлæуут, иыртæккæ уæ æгæр дæр ма «схъæлдзæг» кæндзыстæм. Æз мæ мас^г райсдзынæи. Таймураз фæцæуы цуаны, иннæбонæй раз- дæр не ’рыздæхдзæн, уæдмæ мах нæ хъуыддаг бакæндзыстæм. Хъазджери. Йæ амалын хуыздæл уаид, бæлгæ. 62
Хъуыдæберд. Ай-гъай, маргæ. Ахæсдзыстæм ын ныр~ тæккæ йæ хо æмæ йæ уарзоны. Сæ фæдыл зындзæн. Æмæ йæ афтæмæй бахъуыддаг кæндзыстæм. Æз æй æрцахуыр кæндзы- нæн, хъалон куыд фидгæ у, ууыл. Хъазджери. Холз уаид, æвæдза... Саг йæхæдæг фæ- лæтмæ æлцæуид. Хъуыдæберд. Æрцæудзæн, мæ мад, мæ фыдыстæн... Æ$ ын йæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн йæ уырыссаджы дæр. Хъазджери. Бахатыл кæн, хисдæл дæ, фæлæ уæддæл фыдбылызæй хи хъахъхъæнын хъæуы, куы ’лбахæццæ уа, уы- мæй тæссаг у. Хъуыдæберд. Не ’рхæццæ уыдзæн, нæ, нырма ныртæк- кæ куы ацыдысты. Фæсдзæуин (æрбахызт). Нæ кадджын æлдар, хъуыд-" даг хорз нæ рауад. Адæм хъалон нæ фидынц. Хъуыдæберд. Хорз! Цæугæ! Фарн уæ хъазты, чызджы- тæ! Бадут, бадут! Æмæ уын Таймураз кæм ис? Дзицца (æрбахызт). Æгас цæут, мидæмæ нæм рахизут. Хъуыдæберд.. Бузцыг!.. Мидæмæ нæ не ’вдæлы. Æмæ дæ фырт кæм ис? Д з и ц ц а. Уый дæр уæм зындзæнис, кæд уæ афтæ æхсыз- гон хъæуы, уæд. [ X ъ у ы д æ б е р д. Кæд, мыййаг, мæнæй бамбæхсти? Д з и ц ц а. Лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппу мын нæу. Хъуыдæберд. Цæй, æгъгъæд! Фæлтау ма мын зæгъ^ хъалон фидыс æви нæ? Дзицца. Уый та куыд, уæздан æлдар, аив нæу лæджы хъалон сылгоймагæй домын. X ъ у ы д æ б е р д. Уæдæ кæд хъалон нæ фидыс, уæд ра- рæвдз кæн балцы уæртæ дæ чызг æмæ дæ чындзаджы. (Хъаз- джерийæн.) Биаслантæн сæ ныууæй кæндзыстæм, æхсызгою сын уыдзæн ,ахæм рæсугъд фæндырцæгъдаг чызджытæ сын лæггад куы кæной уæд. Чызджытæ фæтарстысты. Д з и ц ц а. Ма кæут, мæ хуртæ, уæздан æлдар у, афтæ нæ бакæндзæн, ма тæрсут. Хъуыдæберд. Бакæндзынæн, мæ мад, мæ фыдыстæнг мæ уæздандзинад мæ домы уый. Кæд зынаргъ уой дæ фыртæн йæ хо æмæ йæ рæсугъд Агуындæ, уæд сæм зындзæн. Дзицца. Уæздан æлдар, афтæ не ^мбæлы. Дæ мыггаджы, дæ хуыцауы хатырæй, ма нæ фæхудинаг кæн! Чыэджыты ныу~ уадз. Хъуыдæберд (фæхæцыд сыл). Фадат ис дæ фыртæк йæ лæгдзинад бавзарынæн. Дыккаг хатт зондзыстут уæ бынат. Д з и ц ц а. У-у, дæ фæхъхъау фæуон, ма мæ фæхудинаг кæн, мах — дæ мад, дæ фыды уазæг! Ныууадзут нын нæ чыз- джыты! Мад дын куы ис! 8$
Хъуыдæберд. Ныр цы бирæ дзæгъæлы дзурыс! Сæхмæрза (æрбахызт). Кæдæй нырмæ сым-сым кæнут? 'Фезмæлут, хур арвы астæумæ схæццæ! Хъуыдæберд. Марадз, Хъазджери, Айтег! Мæ фæдыл! ХХæдзармæ бабырстой). Дзицца (æрæппæрста йæ кæлмæрзæн Сæхмæрзайы раз). ;У-у, дæ фæхъхъау фæуон, ма нæ фæхудинаг кæнут, мах — уæ мад, уæ фыды уазæг! • Сæхмæрза (асхуыста кæлмæрзæн ехсы бырынкъæц). Банцай! Æгæр бирæ дæр ма дæм фæхъуыстон... Уæ ч’ызджытæ цæ, фæлæ ма дын дæ хæдзарыл дæр арт бандзардзынæн. Ды та цæугæ, уартæ цалдæр азы дæ хъыбылы кæм фæхъомыл код- тай, уыцы дуры бынмæ. Чызджыты акодтой. Дзицца. Хорз, кæнут уал фыдмитæ, фæлæ йæзонут, ху- динаг мæ фырт йæ сæрмæ кæй не ’рхæсдзæн, кæй уын нæ иых- хатыр кæндзæн ацы цъаммар хъуыддаг! Тайму, мæ дарæг, цæй иунæгæй мæ ныууагътай, куы нæ фæхынджылæг кодтой! Кæд ма мæ бахъæудзынæ! Куыд æрæгмæ нæм зыныс? (Фезгъоры.) Æмбæрзæн. ЦЫППÆРÆМ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ Уæлхох быдыр, æртыккаг нывы куыд уыд, афтæ. Таймуразы лæгæты ,раз — стайы царм тыгъд. Николаич архайы дзаумæттимæ. Зары. Мар.ков (æрбацыд). Николаич, цы фæдæ? Цæй, рæвдз сгæм фæндагмæ? Николаич. Рæвдз стæм, рæвдз. М а р к о в. Уæдæ æз дæр дзæгъæл цыд нæ фæдæн. Кæсыс, дæумæ гæсгæ, ай циу? Николаич. Дидинæг у, хуымæтæджы дидинæг. М а р к о в, Нæ, уый хуымæтæджы дидинæг нæу. Æз Петер- бурджы ацы дидинæгæй кæйдæрты дзыхтæ бамыр кæндзынæн. Уæдæ мæнæ уый та циу? (Æрбаппæрста йæм æрзæты къæртт.) Николаич. Дур уаид æмæ æгæр уæззау у. Æвæццæгæн, зды у. М а р к о в. Ай-гъай, зды. Цас хъæздыгдзинæдтæ ис ацы хæх- ты, фæлæ сæ адæм та — мæгуыр!.. Николаич. Сæхæдæг тыхст сты, афтæмæй та махæн хæ- ринаг сæрвыстой. Ацы ран хохы цъупмæ, æрмæстдæр мæргътæ йедтæмæ кæдæм ницы хæццæ кæны, уым дæр ис æфхæрджытæ ;æмæ æфхæрдтытæ. 64
М а р к о в. Адæм стыхстысты æнæ зæхх, &н* фæЛæууæндо- нæй. Æмбисонды хорз адæм, æргомдзырд, хæларзæрдæ, куыст- уарзаг, фæлæ æнамонд. Цæй хъæлдзæг вæййынц, иучысыл сæ сæ маст куы айрох вæййы, уæд! Николаич. Таймураз куыд фенкъард, а дыууæ боны цæу- гæ кæнын, зæгъгæ, куы загътай, уæд... Марков. Сахъгуырд у Таймураз, мæнæ ды куыд фæзæ- гъыс: «Домбай — сывæллоны зæрдæимæ». Хъуыды ма кæныс, зæронд, куыд зæрдæхæларæй ныл сæмбæлд. Н и к о л а и ч. Æмæ ныл се ’лдæрттæ дæр хорз куы сæмбæл- дысты. (Фæзмы.) «Санибайы бонджынтæ базыдтой уазæджы балц æмæ загътой: «Тынг æхсызгон нын у, гъе æцæг ацы комыл цæуæггаг бафидут». Уыдон ахæм цъаммар сты, æмæ сæ цуры куы ’рæхснырсай, уæд дын сæ «хайыр» ничи зæгъдзæн. М а р к о в. Ды æдзухдæр раст фæдзурыс, мæ хæлар. Æдде Тузар æхситт кæны, æрбацыд цавæрдæр маргъы мардимæ. Николаич. Кæс-ма, Тузармæ, хуыцауы тыххæй!.. Т у з а р. Фатæй йæ фехстон æмæ йыл хорз не суад. Фæцæй мын лыгъд æмæ йæ уырдыгмæ дурæй ныццавтон. (Тузар æрбадт, рафæлдах-бафæлдах кæны чиныг.) М а р к’о в. Уагæр цы уыди? Т у з а р. Ха#он. (Æвдисы йæ.) Н и к о л а и ч. Дæ’разы уыдон дæр хæсдзыстæм, Георгий Александрович? М а р к о в (фыссы.) Æнæмæнг... Тузар кæсы, Марков цы ми кæны, уымæ. Николаич дзаумæттæ æфснайы, зарынц. Батрадз (фæзынд Таймуразимæ). Ам сты... (Фæцæуы.) Т а й м у р а з (уромы йæ). Фæлæуу-ма. Диссаджы зарæг!., Ма сæ бахъыгдар. Т у з а р (ауыдта сæ). Тайму! М а р к о в. Гъа, уазджытæ!.. Схæццæ стут? Æгас цæут! Т а й м у р а з. Уæ бон хорз! Марков. Цæй дард лæуут? Т а й м у р а з. Раст зæгъгæйæ, чысыл раздæр ссыдыстæм, «фæлæ нæ уæ зарæг фехалын нæ фæндыд... Мар;ков. А-а! (Николаичырдæм). Уый нæ зæронд булæ- мæргъ у... (Худынц. Сбадтысты.) Цæй... Цы хабæрттæ ис, дзу- рут. Т а й м у р а з. Хабæрттæ — хæрх, фæлæ цæмæй райдайон, уый нæ зонын. М а р к о в. Кæд циндзинад у, уæд йæ кæронæй, кæд хъыг- дзинад, уæд та йæ тæккæ сæрæй... Т а й м у р а з. Нæ уавæртæ дын æнæзындгонд не сты... Хъа- лоны бын нæ фæкодтой, мæнæ сымахæй комы цæуæггаг чй .агуырдта, уыдон. Ба.тра дз. Сывæллонау фæцин кæнæм, исчи нæ сæрыл куы 85
сдзуры, уæд. Бæллæм не уæнгтæ аивазынмæ æмæ нæ бон нæу. Цæрын нæ фæнды æмæ нæ нæ уадзынц. Т а й м у р а з (Марковмæ). Цы чындæуа, куыд ис феуæгъд уæвæн нæ фыдбылызæй? М а р к о в (бирæ ахъуыдыйы фæстæ). Цы дын зæгъон, нæ зонын, Таймураз, сагъæсы мæ бафтыдтай... Уæ хъысмæт бæл- лиццаг нæу... Фæлæ цард агургæ нæ кæнынц, тох ыл хъæуы, мæ лымæн. Бирæтæ уыцы тохæй нал раздæхынц, фæлæ уыдон фæ- зонынц сæ нысан, æмæ уый сæрвæлтау нывондæн æрхæссынц сæхи. Гъе æцæг адæмæн арæх сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бады. Иуы сæ куы фефхæрынц, уæд иннæ фенхъæлы, мæнæн ницы уы- дзæн, зæгъгæ. Н и к о л а и ч. Куырис судзы, бæттæн худы. М а р к о в. Иттæг раст æй загътай, мæ хæлар... Куырис су- дзы, бæттæн худы... Уый канд сымах хъысмæт нæу... Гъе афтæ фесæфт, æрдæбон кæй зарæгмæ хъуыстат, уый, афтæ фæцис йæ балц,.ибон дын кæй кой кодтон, уый дæр— Емельян Пугачев. 'Никрлаич. Емелька Пугачев... уый лæг уыди, лæг. Т а й м у р а з. Раст загътай, Георгий, тынг раст — нæ фыд- былыз дæр гъе уый мидæг ис, æмæ кæрæдзимæ кæй нæ хъусæм, кæрæдзийы кæй не ’мбарæм. Николаич (Тузармæ). Цæй, куыд сахуыр кодтай, кæй: дын бацамыдтон, уый? Мæнæ уый цавæр дамгъæ у? Тузар. Т. Николаич. Мæнæ уЫй та? Т у з а р. У. Николаич. Дарддæр? Т у з а р. Нал æй зонын. Н и к о л а и ч. 3. Тузар. 3. Николаич. Мæнæ уый та? Т у з а р. А. Николаич. Æмæ æппынфæстаг. (Амоны) Ту за р. Р. Николаич. Цæй-ма, гъеныр сæ ногæй радзур. (Амоны.) Т у з а р. Т. У. 3. А. Р. Мæнæ ма: Тузар!.. М а р к о в. «Тузар». Иттæг хорз!.. Зæрдæргъæвд лæппу. (Ху- дынц.) Батрадз. Ничи йæм кæсы, хъулон гæххæтт æвзарын ба- зыдта. М а р к о в. Тузар, акса, мæнæ мæ куыд фæцæйрох кодта... Мæнæ.дын æрттиваг дур ссардтон... (Радта йын æй.) Тузар (фæкомкоммæ Марковы чиныгмæ). Мæнæ ма мын ацы чиныг ратт. Марков. Ацы чиныг, зæгъыс? (Йæ уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта.) Хорз, дæу фæуæд. Николаич. Уый та куыд? Æдзух хæхты цъуппытыл дæ- хицæн лæг-æмбалыл кæй нымадтай, уый ам уадзыс? 86
М а р к о в. Ницы кæны, нæхимæ ма мæм ис. Б а т р а д з. Æмæ дзы цæуыл дзурынц, Георгий? М а р к о в (райста чиныг). Ацы чиныджы. ныхас цæуы ца- гъайраджы царды ныхмæ тохы тыххæй, бонджынты хоны æнæ- ,фсис цъулбертæ, хъæддаг сырдтæ. Радищев фыссы, зæгъгæ, ис- джынтæн сæ мулк давæггаг у .æмæ сиды ахæм ца.рдæн кæрон скæнынмæ. (Кзесы.) Ацы чиныджы тыххæй йæ фыссæгæн пад- дзахы хицауад рахаста марыны тæрхбн. Б а т р а д з. Æмæ йæ амардтой? Марков. Нæгъ... Марын æй <нæ бауæндыдысты, фæлæ йæ Сыбыры хай ба(кодтой. Таймураз. Гъей-джиди, махмæ дæр иу ахæм лæг куы разынид, нæ сæрыл чи сдзурйд! Иуæй-иутæ сæ туг куы калынц, аннæтæ та æввонгæй куы хæрьшц, уæд кæм ис рæстдзинад? Цы уæлдай хорз ма дын ракодтой æввонгхрртæ, тыхгæнджы- тæ? Уæдæ дæм кувгæ дæр фылдæр æнæбонтæ куы кæнынц.. Ныббар нын, н.æ <буц уазæг, дæу дæр ма нæ мастæй хайджын фæкодтам. М а р к о в. Цы гæнæн ис! Мастæй хайдл^ын бирæтæ сты. Æдде фæндагамонæг йæ хæрæгыл хъæр кæны. Æнхъæлдæн, нæ фæндагамонæг схæццæ. Фæндагамон/æг. Цæй, нæ байрæджы кодтон? Уæ бон- тæ хорз! М а р к о в. Нæ байрæджы кодтай, нæ. Ныртæккæ. Цæй, ба- хатыр кæнут, махæн цæуын .афон у. Николаич. Уырыссаг æгъдаумæ гæсгæ балцы агъоммæ ■абадын æмбæлы. Марков. Цæй, Таймураз, сбадæм, кæннод ныл зæронды зæрдæ фæхуддзæни. Батрадз. Æмæ цы кæны, нырма бон бирæ у, абадæм. Бадынц, стæй фестадысты. Батрадз æмæ Таймураз дис кæнынц. М а р к о в. Уый не ’гъдау афтæ амоны. Николаич æмæ фæндагамонæг дзаумæттæ хæссынц. Æз иттæг разы дæн, цы хъысмæт нæ фембæлын кодта, уымæй. Таймураз. Дæхи нын бауарзын кодтай æмæ кæй цæуыс, З’ый ны»н тынг зым у. Мах никуы федтам уырыссаг лæг хæстæг- мæ. Кæй бон у нæ уавæрты Уæрæсемæ афтын! Иæ бон кæмæн у, уыдон-иу уæ .æндæр цыдæртæ дзырдтой. Хæдзар нæ никæ- мæн скодтай, Георгий, иу иннæйы дарæг нæу, фæлæ нæ дæ фæлмæн лыхас, дæ сыгъдæгзæрдæ æмæ рухс цæстæнгасæй бал- хæдтай... Нæ ’бон дын ницы у, фæлæ нæ фæнды, мæнæ ацы ны- ълæт нæ номыл куы фæдарис, уый. (Æрбакодта йыл æй.) Н и к о л а и ч. Георгий Александрович, мæнæ дыл куыд дзæбæх фидауы! Марков. Бузныг уæ лæварæй! Стыр бузныг! Ардæм куы 87
цыдтæн, уæд мын дзырдтой, «хæхты тас у», зæгъгæ. Фæлæ дзы æз сæмбæлдтæн, мæнæ ныртæкюæ дæхæдæг куыд загътай, аф- •тæ фæлмæн ныхас, сыгъдæгзæрдæ æмæ рухс цæстæнгасыл... Ард хæрын, цы цæхх æмæ мæ кæрдзынæй суазæг кодтат, цы дзæбæх цæстæнгас мæм равдыстат, уый уын (никуы ферох кæн- дзынæн! Т а й м у р а з. Нæ хæдзар нын кæй нæ базыдтай, уый хорз нæу, Дзицца дæр мæ бафхæрдта. Марков. Уый тыххæй бузныг. Нæ фадат нæ фæци. Дæ мадæй дæр хатыр ракур :æм,æ йын «стыр бузныг» зæгъ мæ но- мæй. Б а т р а д з. Цæй, æнхъæлмæ уæм кæсынц уарзон бинонт’æ æмæ æгас хæдзар ссарут. Марков. Бузныг!^ Тузар, дæ чиныг ма фесаф, хъусыс, ис- куы йæ бакæсдзынæ. (Йæ хъæбысы йæ кæны.) Т у з а р. Нæ йæ фесафдзынæн, ма тæрс. М а р к о в. Цæй, сымах лæуут. Б а т р а д з. Чысыл дæ ахæццæ кæнæм. М а р к о в. Нæ, нæ, стыр бузныг. Мах ацырдæм цæуын ; хъæуы, сымах та — мæнæ иннæрдæм. Ам фем’бæлдыстæм фыц- цаг хатт, кæрæдзи а-м базыдтам æм,æ «хæрзбон» дæр ам зæ- гъæм кæрæдзийæн. Махмæ афтæ фæзæгъынц, хох, дам, хохыл нæ сæмбæлы, фæлæ, дам, адæймаг адæймагыл сæмбæлы. Чи зоны, æмæ та искуы сæмбæлæм. Таймураз. Ах<æм амондмæ тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсиккам. Марков æмæ Николаич ацыдысты. Сæ зарæг дардæй-дарддæрæй хъуысы. Батрадз. Тигъы аууон фесты. Николаичы зарæг ма мæ хъустыл азæлы ныр дæр. Таймураз йæ хъуыдыты адзæгъæл. Диссаджы лæг у, æвæдза, Георгий! Хуымæтæджы адæмыл куыд иузæрдион у! Таймураз. Нæ зæрдæты нын æгæрон циндзинад ныу- уагъта. Батрадз. Ехх, адæймаг æппæты фыццаг хъуамæ уарза адæймаджы! Т а й м у р а з. Раст зæгъыс, Батрадз! Куыд адджын нын вæййынц нæ зæронд лæгты барджын ныхас, нæ фæсивæды за- рын, нæ чызджыты фæндыры цагъд æмæ ма суанг чысыл сы- вæллæтты цъæхснаг хъæртæ дæр! Балцæй цыфæнды фæллад æмæ мæстджынæй куы ’рыздæхæм æмæ нæ хъæуты куы фе- нæм, уæд не уæнгтæ срог вæййынц. Цы уаиккам æнæ кæрæ- дзи, æнæ Гæсти, æнæ Дзицца!.. Ц а т р а д з. Æнæ Агуындæ... Т а й м у р а з (фефсæрмы.) О, æнæ Агуындæ, стæй æнæ За- лихан. (Худынц.) 88
Б а т р а д з. Гъемæ ныууадз дæ цуан кæнын, Таймураз. Таймураз. Омæ афтæ æнхъæлыс, Батрадз, мæ хъæзнæй цуан кæнын. Ирвæзын хъæуы истæмæйты. Мæлæты хуымты хи- дау, мыййаг, куы нæ стæм ды дæр æмæ æз дæр. Батрадз. Цæй, исты амæлттæ кæндзыстæм, Таймураз. Дзицца дæуыл мæт кæнынæй,фылдæр нæу. С а ф а р (дардæй). Таймураз, Таймураз! Таймураз. Мæ хъусыл цыма кæйдæр хъæр ауад... Чи у уый? Батрадз (кæсы). Æцæг, æцæг, дæу агуры. Фæдзур æм. (Хъæр кæны.) Гъей, чи дæ, мæнæ стæм, ардæм! С а ф а р (æдде). Гъе-е, Таймураз! Т а й м у р а з. Сафар? Батрадз. Сафар! Ардæм! Хуьщау, фыдбылызæй нæ ба- уъахъхъæн! Æрбахызт Сафар, йæ къæхтыл ма тыххæй лæууы. С а ф а р. Тагъддæр — хъæумæ! Тугъанты ’лдæрттæ гæрз- ифтонгæй ’рбахæццæ сты. Сæхмæрзаитæ адæмы фос тæрынц, судзынц хæдзæрттæ, нæ чызджыты нын цагъары фæкæнынц. Таймураз. Уый та куыд? Б а т р а д з. Гъе, уæууæй, нæ худинаджы хъæр айхъуыст! Цы цæсгомæй м-а ис рацæуæн ’адæмы астæумæ!.. С а ф а р. Хуыцау! Нæ тæригъæд сын ма ныббар!.. Таймураз (иуварсмæ). «Цардыл тох кæнын хъæуы»... Раст уыдтæ, Георгий, тынг раст... Ацал-ауал азы нæ алыварс æртыхстысты маргджын кæлмытæ, мах та сæ уæдæй нырмæ не ’ууæнкдзинадæй хъарм кæнæм... Батрадз, кæдæм? Б а т р а д з. Сæхмæрзамæ! Таймураз. Фæлæуу, афтæмæй ницы. Тагъд — Хъобан- мæ!.. Зæгъ фæсивæдæн, хъалондар чи у, уыдон ракæн. Æрв- дзавд дуры раз сæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм... Тыхгæнджытæн ууылты уыдзæн сæ фæндаг... Хъæуæй рацæуæн æндæр никæ- З’ылты ис. Б а т р а д з. Хур бæндæнбæрц нæма суайдзæн арвыл, афтæ Хъобаны фæсивæд уым уыдзысты. Таймураз. Сафар! Ды та цæугæ дæллаг хъæумæ! Не ’рдхорд Хъауырбегæн хабар фехъусын кæи, цы хъæуы, уый йæ- хæдæг зондзæн... Æрвдзæвд дуры раз ссардзыстут мах дæр. Тузар, ды та — хосдзаутæм! С а ф а р. Хорз. (Ауад.) Б а т р а д з. Æтт, Таймураз, сæр нæ бахъуыд! Таймураз. Абонæй фæстæмæ ма йе ’фхæрд чи ныббара, уый æцæгдæр адæймаджы ном макуыуал фæхæссæд! Æмбæрзæн. 89
ÆВДÆМ НЫВ Хæхты астæу фæндаг. Батрадз къæдзæхæй йæ сæр сдардта æмæ фех- ситт кодта. Таймураз æрбацыд. Б а т р а д з. Æрбацæуынц. Таймураз. Фæсивæд. Фæсивæд сзындысты. Хæстæгдæр сæ ’рбауадзут, цалынмæ уыи зæгъон, уæдмæ иу æхст дæр куыд ничи фæкæна, афтæ. Тузар, ды та ам цы ми кæныс? Дæуæн ам лæууæн нæй, ныртæккæ нæмгуытæ дыууæ- рдæм æхситт кæндзысты. Цæугæ хъæумæ! Тембол, æрхы фале йæ фæкæн. Т у з а р. Æз мæхæдæг ацæудзынæн. (Ацыд.) Б а т р а д з. Лæбырдмæ ’рбахæццæ сты. Д ж е н а. Бирæ сты? Б а т р а д з. Чысыл не сты. Таймураз. Лæгдзинад равдисыны фадат уын æрцыдис, мæ хæлæрттæ. Сæр у.æ бахъуыди. Джена. Æллæх, æллæх, дæлæ цас сты! Ныр цы кæндзы- стæм уыдонимæ? Батрадз. Ома, куыд цы? Д ж е н а. Иу хуыскъ хъуг мæм уыдис æмæ сын амæттаг фæуæд, нæхи та ма цæуыл цæгъдын кæнæм? Уыдон гæрзиф- тонг сты, мах та—афтидарм. Т а й м у р а з. Банцай! Зын у карз тохы« агъоммæ ахæм ныхас хъусын, тынг зын. Хъыгаг у, кæрæдзийы фаг нæма æм- барæм, нæ ныхас иу кæй нæу, кæрæдзийы сæрыл кæй нæ хæ- цæм. Чындзхæссæг нæ цæуæм, хуынды — иннæ ахæм, тохмæ цæуæм, карз тохмæ... Бирæтæм уæ æнхъæлмæ кæсынц уарзон бинонтæ; мад, сабитæ, æрыгон чындзытæ... Хъалондар уæвын кæй фæнды æмæ худинаг йæ сæрмæ чи хæссы, уьшæн бар ис. (Амоны.) Ардыгæй хъæдмæ фæндаг æдас у. Джена фæцæйцыд. Батрадз февнæлдта хъримагмæ. Б а т р а д з. Ау!.. Мæлæтæй фæтарст^е? Т а й м у р а з (фæурæдта йæ). Ма фехс! Хъæугæрон кæ- уынц нæ урссæр ныййарджытæ, -не ’нахъом сабитæ сисы цъас- сыты бамбæхстысты. Ау, не ’фхæрд сын куыд ныббарæм? С а ф а р. Н:æ ныббардзыстæм не ’фхæрд. Д ж е н а (æрбаздæхт). Ныббар мын, Таймураз, мæ лæ- мæгъдзинад, мæ сабитæ сидзæрæй куы баззайой, уымæй фæ- тарстæн. Таймураз. Ницы кæны, мæ хæлар, ацы ран тох кæн- дзыстæм нæ сабиты амондыл. Цæугæ де ’мбæлттæм! Б а т р а д з. Хъæу та судзы. Таймураз. Кæсут æмæ йæ уæ зæрдыл дарут, судзынц 90
яын нæ хæдэæрттæ, нæ мæгуыр адæмы нын бастыгътой. Æмæ сын æгъгъæд нæу, нæ хæдæфсарм хоты та нын цагъарæн ныу- уæй кæнынмæ хъавынц. (Сласта йæ кард.) Хæрам ын фестæд йæ ныййарæджы фæллой, лæг ма хуинæд, знаг уынгæйæ, йæ кард йæ кæрддзæмæй чи не сласа! Ард хæрæм! Иууылдæр. Ард хæрæм! Б а т р а д з. Æрбахæццæ кæнынц. Таймураз. Мæ хæлæрттæ! Топпыхос кæмæ нал уа, уый цæвæд кардæй, йæ кард кæмæн асæтта, уый — лæгдыхæй. Не ’лдæрттимæ карз тохы бацыдыстæм æмæ бынæй хъуамæ уыдон фæуой. Уæ бынæттæм! Иууылдæр сæ бынæтты æрæмбæхстысты. Дардæй хъуысы сылгоймæгты цъæхахст. X ъ у ы д æ»б е р д (æрбацыд). Ракæнут сæ тагъддæр! Æрбакодтой Агуындæ, Чабæхан æмæ иннæ чызджыты. Хъазджери. Цæй, цы ’лдиаг -кæнут, лазмæ! Хъуыдæберд. Фæстæмæ цы фæкæс-фæкæс кæнут? Адон мын Таймуразæй æхсарджын уыдысты! Гъы, кæм ис уæ Тай- мураз? (Еха бæрзонд фæхаста. Фæцыд гæрах. Ехс æрхауд: Ауыдтой Таймуразы æмæ фæпырх сты.) Т а й м у |р а з. Мæн агуырдтай, æнхъæлдæн! Чызджытæ, уæхи фæфæсвæд кæнут! Сафар, марадз, фæкæс сæм. Фæсивæд, ацырдæм! Хæст стынг. Иу рæстæджы Батрадз Хъуыдæберды æрбаййæфта. Батрадз. Чъылдымæй марын мын мæ фыдæй нæ баззад, Хъуыдæберд, æмæ де ’ргом раздах. (Хæцынц хъаматæй, Бат- радз æй амардта.) Хæст ноджы тынгдæр кæны. Æрбазындысты Таймураз æмæ Сæхмæрза, >æцыиц кæрдтæй. Фæаууон сты. Фæзынд Хъазджери. Хъазджери. Дæлæ куы дæ, дæлæ, Таймулаз! Фæлæуу! Дулы бын хъомылгонд дæ .æмæ дæ æз уылдæм ’балвитдзынæн. (Иыхъхъавыд. Тузар æм фæстæты бахъуызыд æмæ йын йæ фæ- сонты кард ныссагъта, йæхæдæг алыгъд.) Фæзындысты та Таймураз æмæ Сæхмæрза, Таймураз ын йæ кард акъуырдта. Т а й м у р а з. Дæ къухтæ дæ коммæ нал кæсынц, Сæхмæр- за, æгæр зыр-зыр кæнынц! Сис дæ кард, науæд æнкъард кæ- ны ме ’хсаргард! Сæхм.æрза. Дзæгъæлы цин кæныс, мæрдтæм мæ разæй бацæудзынæ. (Кæмæдæр дзуры) Цæв æй! ^идæр Танмуразмæ æрбахъуызыд. Таймураз æй багæрах кодта. Хæцы та Сæхмæрзаимæ. Айнæгмæ йæ стардта æмæ нæ уырдыгæй аппæрста. 91
Таймураз (бæрзонддæр суад). Цы фестут, фæсивæд? (Фæцыд гæрах, Таймураз ныццудыдта æмæ ’рхауд, фæсте йæм чидæр бахъуызы. Батрадз знаджы багæрах кодта. Б а т р а д з. Таймураз, цæф дæ? Т а й м у р а з. Батрадз, куыд æхсызгон нын у, фыдгултæй нæ маст кæй райстам, уый! Хъалон кæй нал фиддзыстæм... Фæ- лæ тæрсын, ацы хатт дæ хъæумæ æнæ мæн цæуын куы бахъæ- уа, уымæй... Т у з а р. Тайму! (Кæуы.) Таймураз. А-гъа, Тузар! Ма ку, Тузар!.. Ма ку! Æмæ дæ чиныг кæм ис? Хъахъхъæн æй, цæсты гагуыйау. (Кæсьс дамбацамæ.) Батрадз, хæц æмæ йæ нæ хæлары номыл фæдар. Цæй зын у м-æлын, куыд фидар у адæймаджы зæрдæ, куыднæ йæ фæнды мæлын! Батрадз, чызджытæ цы фесты? Чызджытæ æрбацыдысты. Чабæхан йæ разы æрхауд. Æмæ ма... (Агуындæмæ скасти.) А-а-а... Дзицца ма кæм и,. уæдæ?.. Дзицца, мæ хъæдгæмттæ ма мын æрбабæтт. Тæхуды,. Дзиццамæ мын чи бадзурдзæн? Оæрджым саг дын, зæгъ, ра- мардтон, хъыг дæр ыл ма ракæн, иттæг цин дæр ыл ма бакæ... Мæ хъæдгæмттæ ма мын жрбабæтт, Дзицца... Куыд æрæгмæ мæм цæуыс, Дзицца? (Амард.) Иууылдæр ныккуыдтой. Æдде «Таймуразы зарæг» хъуысы. Б а т р а д з. Дидинæг тугæй сахуырсти, нæ цæстысыгæй йæ æхсæм. Стыр карз хæсты бацыдыстæм, фæсивæд, царды сæрап- понд. (Таймуразы кард систа.) Ард бахæрæм адæймадЖы ту- гæйдзаг зæххæй, худинаг нæ сæрмæ кæй не ’рхæсдзыстæм! К æро н
ХАДЗЫМУРАТ АРХАЙДЖЫТÆ: Уборевич — бригады командир. Дзæрæхохты Хадзымурат— бæхджын отряды хомандир, 45-' аздзыд. С о к о л — отряды комиссар, 30-аздзыд. К л е щ о в — разведчик, 30-аздзыд. Керенский— Рæстæгмæ хнцауады сæрдар. Ч у м а к — булкъон, 50-аздзыд. Снегирев (Сорокæ) — поручик, 25-аздзыд. Аслæнджери — салдат, 30-аздзыд. Дыккаг салдат — 25-аздзыд. Андрей, Савельевнæйы фырт — партизан, 30-аздзыд. М а р и я — 23-аздзыд. Юсу п —Хадзымураты ординарец, 30-аздзыд. Е г о р —- 60-аздзыд. Б а х м а ч — Керенскийы секретарь, 28-аздзыд. Колокольчнк — сырхæфсæддон, 26-аздзыд. Джексон-америкаг æфсады капитан, 35-аздзыд. Хъахъхъæнæг Сомов, сырхæфсæддонтæ, урсытæ, чызджытæ. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ 1917 аз. Сентябрь. Петроградмæ хæстæг. Æмбæрзæны байгомимæ рай- хъуыст салдæтты хъæлæба. Архайд цæуы къазармайы кæрты. Сокол сал- даты дарæсы пулеметы тачанкæйы лæууы, йæ алыварс — салдæттæ. Иутæ йæ æддæмæ æппарынц, аниæтæ йыл хæцынц. Колокольчик (цыма йæ алфамбылай цытæ цæуы, уы- дон.æппындæр ницæмæ дары, уыйау баянæй цæгъды æмæ за- ры). 93?
Æз дæс чызджы уа-арзтон, Фараст мæ дзы ферох! Охх! Иуæн дзы рохгæнæн дæр нæй! Юсуп (сгæпп ласта, йæ фарсмæ алæууыд). Байхъусут! Бауадзут -æй дзурын, кæд <йæ дзыхæй сызгъæринтæ схаудзæн, уæд та? Аслæнджери. Цæмæ йæм хъусæм?.. Хицауадæй уый хуыздæр зоны хъуыддæгтæ? Дыккаг салдат. Раппарут æй! Ахсинаг у. . А с л æ н д ж е р и. Ахсинаг нæ, фæлæ æхсинаг. Сокол. Æрцахсут мæ, фæлæ уын æз хъуамæ< зæгъон!.. Ю с у п. Дзур! (Нæ йæм уадзы æвналын.) С о к о л. Керенский æмæ йæ хицауад сæ тыхтæ пролетари- .аты ныхм,æ сарæзтой. Петрограды цы революцион æфсæддон хæйттæ ис, уыдоны хæстмæ цæгъдынмæ тæрынц. А дыууæ бо- *ны Петроградмæ бырсдзыстут англисаг броневикты æххуы- сæй... Сымах бакалынмæ хъавынц. Рæстæгмæ хицауад аппа- рынмæ цæттæ чи у, уыцы революцион тыхты ныддæрæн кæ- -нынмæ. Аслæнджери. Сайыс! Дыккаг салдат. Къалатимæ йæ!.. Юсуп. Сабыр! Сокол. Афицертæ уын уæ сæры зонд разилын кодтой... Раппæрстой йæ, фæйнæрдæм æй тонынц, йе скъуыд хæдоны мидæгæй -разынд матросы дæргъытæ тельняшкæ. Аслæнджери. Большевиччыты шпион!.. Фæлæбурдтой та йæм: чи йæ цæвынмæ хъавы, чи та йæ хъахъхъæны- »ыл архайы. Фыццаг салдат. Ахæстонм.æ!.. Сыхъуыст бæхты къæхты хъæр. Фæзынд Хадзымурат, цалдæр æхсты хæрдмæ фæкодта, иууылдæр æмраст алæууыдысты. Хадзымуратыл — сау ны- мæт, æд пъагæттæ цухъхъа, бухархуд, кæсæнцæстытæ. Иæ бæрцыты æдде — дыууæ абоймæйы, йæ риуыл — цыппар «Георгийы», йæ къухы — ехс. X а д з ы м у р а т. Цы хабар у? Фыццаг салдат. Большевиччыты агитатор, господин урядник. Аслæнджери (Соколы уачъийæн иу ныддаудта.) Уæй- гæнæг! Хадзымурат (Соколы алыварс æрзылд.) Афтæ у? Сокол (чи загъта, уымæ). Керенскийы иузæрдион салда- тæн уæйгæнæг мæнмæ нæ хауы. Фæцæй та йæм лæбурдтой, фæлæ сыл Хадзымурат фæхъæр кодта. Хадзымурат. Æнцад! (Фæхъус сты.) Худинаг уын ■*4
нæу?! Æгас эскадронæй иу лæджы ныхм.æ... (Уымæ.) Кæд’. ахæм хъæбатыр дæ, уæд ма дæ хъуыды кæронмæ зæгъ. С о к о л (линейкæмæ сгæпп кодта, систа йæ ронæй гæх- хæтт, кæсы). «Пъамещиктæ æмæ буржуйтæ, сæ сæргъы кадет- ты парти, афтæмæй сæмвар>с сты инæлæрттæ æмæ афицерти- мæ. Уыдон суынаффæ кодтой, чи никуыма æрцыд, ахаэм æбуалгъ ми — Ригæ æмæ Петроград немыцæн раттын, немы- цæн фронт байгом кæнын, стæй уæд «хъæддаг дивизиимæ» нæ райгуырæн бæстæйы столицæмæ ныббырсын. Уыдон утæппæг’ митæ кæнынц, цæмæй хицаудзинад иууылдæр байсой буржуй- тæ, цæмæй цæрæнбонты хъæуты æлдариуæг кæной пъамещик- тæ, цæмæй кусæг æмæ зæхкусæджы туг æнæвгъау ныккæла... Л ени н». Иууылдæр цавддуртау лæууынц. Хадзымурат бацыд, скаст Соколмæ, райста йын йæ гæххæтт, æркаст æм. Сокол æрхызт. Хадзымурат. Хъæбатыр дæ... Фæндараст! (Сокол ацыд.) Сæрибар стут сымах дæр. Салдæттæ апырх сты, Хадзымурат æрбадт æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Аслæнджери. Дзæгъæлы йæ ауагътай. Ныхас дæм æр- хаудзæн. Хадзымурат. Хадзымуратæн иæхиуыл ис сæр. Аслæнджери. Ме ’мбæстаг, дæ сæр алыхуызон хъуыды- тæй ма риссыгн кæн... Мæнмæ æнщæр сагъæстæ ис, Микъала-пад- дзах уа, Керенский-паддзах — уæлдай мын нæу, æз сæ салдат дæн... Мæнæн мæ размæ ис хæс — рæхджы хъуамæ суон афицер. О, о. афицер! Æз мæхицæн дзырд радтон æмæ суыдзынæн æнæ- мæнг... (Æртхъирæнæй.) Уыцы фæндагыл æз никæуыл бацауæрд- дзынæн, суанг мæ мадызæнæг æфсымæр куы уа, уæддæр. Хадзымурат (фæхъыг ын). Дæ бынат зон, «ме ’мбæс- таг»! Аслæнджери. Ныббар, господин урядник, фæлæ нæ эс- кадроны дыууæ ироны йедтæмæ не стæм... Стæй дын ард хæрын, тагъд дæ сæййафдзынæн... Фыццагдæр цы хæст уа, уым... Хадзымурат. Гъемæ уæд ме ’мсæр уыдзынæ. Аслæнджери. Хатыр... (Фæцæйцыд, æрлæууыд.) Фæлæ... Ха д з ы м у р а т. Цæугæ... Лыстæг сырдтæ фæстæдæр^ бахæр- дзысты æхсæвæр. Аздæхт, йæ лулæйы тамако нæмы. Аслæнджери. Цы, цы? X а д з ы м у р а т. Ам ма дæ? Аслæнджерн фæаууон. Хадзымурат кæсы, Соколæй цы гæххæтт райста^ уымæ... Æрбацæуы булкъон Чумак. Хадзымурат ын нæ сыстад. Хадзымурат (йæхицæн). Господин булкъон мах сайын- 95
вæнд скодта. (Уымæ.) Æрдæбон та нын цытæ дзырдтат? Цæмæ цæуæм Петроградмæ? Ч у м а к. Господин урядник!.. Хадзымурат. Мæн адæм равзæрстой полчъы комитетмæ. Чумак. Æз та уыцы полкъæн йæ командир дæн нырма! Хадзымурат. Мæн фæнды базонын рæстдзинад. (Дæтты, Соколæй цы гæххæтт райста, уый, булкъон æй кæсы.) Раст фыс- сынц уым? Ч у м а к. Петрограды цæуы тынг змæстытæ. Æвæстиатæй ахуыссын кæнын хъæуы большевиччыты артдзæст, науæд байрæ- джы уыдзæн. Бамбар, хъæбатыр, æрмæстдæр Керенский æмæ Корнилов фервæзын кæндзырты сæрсæфæнæй Уæрæсейы. Хадзымурат (сыстад, райста йæ гæххæтт). Петрограды ис кусæг адæм... Уыдоны нæдæр Керенский хъæуы, нæдæр Кор- нилов. Уыдоны Ленин хъæуы. Булкъон йæхи тыххæй уромы. Иуварсæрдыгæй аууоны фехсынæввонг цæттæйæ лæууы, Хадзымурат кæй нæ зоны, ахæм поручик, Снегирев. Ч у м а к. Кæд дæ крестытæ æмæ дæ цытæй дæ ныфс хæссыс,, уæд уыдоны ницæмæуал æрдардзынæн æз. Хадзымурат. Æз та, дæ сæр уæхсчытыл æгæр уæлиау æвæрд кæй у, уымæ дын нæ фæкæсдзынæн. Ацы ’хсаргард уæл- дæртæм дæр сæххæссыд. Чумак. Хъæддаг Шамил! Хадзымурат. Шамил нæ дæн, Хадзымурат дæн æз. Ч у м а к. Дæуæн дæ сæр чи разилын кодта, уый ахст у... О, о. Ам дзырд нæма фæци, афтæ къалатийы смидæг. Хадзымурат (йæ размæ балæууыд). Уый ауагътон æз! Ч у м а к. Ауындзгæ та йæ æркæндзынæн æз. Хадзымурат (йæ цырыхъхъы хъус ехсæй ныкъкъæрцц яаста). Чи бахаста йæ ныфс Хадзымураты бардзырд аивынмæ? Ч у м а к. Иæ командир. Салдæттæ сæм хæстæг æрбацыдысты. Хадзымурат. Мæнæн иунæг командир ис æрмæст—Рæст- дзинад!.. (Цæстыфæныкъуылдмæ йæм хъама фелвæста.) Ныр- тæккæ йæ суæгъд кæн! Салдæтты фылдæр йæ фарсмæ æрбалæууыд. Ч у м а к. Хъæддаг адæм!.. (Аууоны цы поручик лæууыд, уы- мæ йæ сæрæй ацамыдта, ракæнут æй, зæгъгæ. Салдæттæм.) Уæ .ардхæрд ферох кодтат!!! Хадзымурат. Байхъус ма, булкъон, хъæрæй хæдзар ара- :зæи куы уаид, уæд хæрæгæй стырдæр хæдзар ничи саразид. Ч у м а к. Сæрсæфæнмæ уæхи къахæй цæут. Худинаг у уæрæ- <сейаг салдæттæн сæхи афтæ дарын. Булкъоны фарс чи уыд, уыдон схъуырдухæн сты, Хадзымураты фарс чи укд, уыдонимæ. 96
Колокольчик (цагъдмæ зары): Æз дæс чызджы уа-арзтон, Фараст мæ дзы ферох, Охх! Иуæн дзы рохгæнæн дæр нæй. Хадзымурат дыууæты æхсæн æхсаргард ныцъцъыллинг ласта. Фæсабыр сты, æрбакодтой Соколы. Хадзымурат (салдæттæм). Сæрибар стут сымах! Юсуп, бæх ын! Ю с у п. Ис! (Азгъордта.) Хадзымурат (салдæттæм). Нæ ныхас фехъуыстат бул- къонимæ. Æз уæ уадзын ам. Хадзымурат йæхæдæг дæр кусæг лæг у, паддзахы знаг... Æмæ кусæг адæмы марынмæ нæ ацæу- дзæн, нæдæр уæ фæдыл, нæдæр уæ разæй! Юсуп, мæ бæх! Ю су п. Хъусын. Хадзымурат (Соколмæ). Цом, лæппу, æвæццæгæн, иу- мæ у нæ фæндаг. Юсуп (æрбаздæхт). Ныххатыр кæн, командир. Мах бирæ хæстыты фестæм иумæ. Ды кæдæм цæуай, æз дæр,— уырдæм;.. Салдæттæй бирæтæ разыйы ныхас скодтой. Хадзымурат. Уæдæ уæ йе ’фсымæрты марыныл разы чи иæ у, уый — йæ бæхмæ! Салдæттæй, искуы-иуæй фæстæмæ, азгъордтой, сыхъуыст уынæр, бæхты къæхты хъæр. Ю су п. Дæ бæх цæттæ у, командир! Чу м а к. Цы ми кæнут?! Хадзымурат. Иуварс! Фæаууон сты Юсупимæ. Бæхты къæхты хъæр адард. Сценæны ма баз- зад булкъон. Поручик æм размæ рацыд. Иппæрдæй лæууынц иукъорд сал- даты, се ’хсæнæй зыны Аслæнджери. П о р у ч и к (кæсы, нымайы, цалынмæ бæхты къæхты хъæр бынтон нæ басабыр, уæдмæ). Æртæ фондзыссæдзы... Аслæнджери (бацыд булкъоны размæ). Господин бул- къон, мæнæн тынг худинаг у ме ’мбæстаджы чъизи ми... Булкъон ын йæ крестытæм бавиæлдта. Ч у м а к. Ды уымæй æнæлæгдæр нæ дæ. Аслæнджери. Бар ратт, чи ма дзы баззад, уыдонимæ йæ ныхмæ схæцынæн: Ч у м а к. Прапорщичы пъагæттæ йын!.. Снегирев. Хъусын! Аслæнджери. Паддзах æмæ райгуырæн бæстæйы сæр- аæлтау нæ бавгъау кæндзынæн мæ уд! Цалынмæ ам ахæм митæ цыд, уæдмæ сæм Колокольчик фæкаст, стæй (Зацыд æмæ Аслæнджерийы раз дæргъвæтинæй сцагъта. *7 Хъайттаты Сергей 97
• Колокольчик. ; * Эх, я.блочко, куда котишься, Попадешь ко мне в рот, не воротишься. Азгъордта, иннæтæ кæдæм ацыдысты, уыцырдæм. Чумак (Аслæнджеримæ). Прапорщик, салдæтты .къазар- мамæ акæн., . Аслæнджери. Хъусын, господин булкъон! (Ацыд. Фæау- уон сты салдæттæ дæр йæ фæстæ.) Ч у м а к. Штабс-капитан Снегирев! С н е г и р е в. Поручик, господин булкъон. , Чумак. Штабс-капитан Снсгирев! Снегирев. Бузныг, господин булкъон! Ч у м а к. Сбад дæ бæхыл æмæ сæ баййаф. Кæмфæнды уа,— йе ’мдзу кæн... Снегирев.'Хъусын, господин булкъон! Ч у м а к. Йемæ чи ацыд, уыцы абырджытæй дæ исчи зоны? ’Снегирев. Не ’нхъæлын. Ч у м а к. Иттæг хорз (æвдисы йæ къухдарæн.). Мæнæ дæм- ацы къухдарæн чи æвдиса, ууыл-иу æууæнд. йæ ныхас уыдзæн; мæ ныхас. Снегирев. Хъусын! Ч у м а к. Фæндараст! (Штабс-капитан фæаууон.) Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Керенскийы кусæн уатмæ бахизæны. Аив æфснайд кабпнет. Стъолыл — телефоны аппарат, къулыл — Кереискийы ныв. Зыны мидæггаг уатмæ бахн- зæны бæрзонд рæсугъд дуар. Бахмач бады телефоны уæлхъус, цыдæртæ- фыссы, тамако дымгæ, йæ уæлæ — æфсæддон хæдон, ронбаст, сау ибкæ,.. къуырддзыкку; Ранхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Б д.х м а ч. Хъусын. (Сыстад.) Хъусын, господин инæлар... Господин Керенскин нæмаæрбацыд. Хорз, æнæмæнг уæм фæ- дзурдзынæн. (Сбадт, дыккаг твлефоны дзæнгæрæг.) Хъусын. Ныртæккæ. (Исы гæххæтт, кърандас. Фыссы. Фæци.) Ис. Хорз. Куыддæр æрбацæуа, афтæ йын æй фехъусын кæкдзынæн. Ч у м а к (æрбацыд). Мæнмæ спдтис госполин Керенский. Б а х м а ч. .Алсксандр Федорозпч тагъд æрбацæудзæн, абад уал, господин булкъон. Ч у м а к. Нæ йæ зоныс, цæмæн мæм дзырдта, уЬш? Б а х м а ч. Бахмач Бахмач уымæн у, æмæ алцы дæр зона. Арфæ дын кæныи, булкъон. Дæ службæны дæ фæуæлдæр код- той, стыр æфсæддон хæйтты сæргъы.нысангоид æрцыдтæ Цæгатг мæ. Ч у м а к. Бузныг... 1 Б а х м а ч. Амондджын дæ, булкъон. Æз дзы иыр цас курынг. хæстмæ мæ ауадз, зæгъгæ, æмæ марадз зæгъай, кæд мæ уадзьк.
Ч у м а к. Ды хъæбатыр сылгоймаг дæ. Стæй дæ хуызæн рæ- -сугъд хи цурæй ауадзын раст нæ уаид. Мæнмæ гæсгæ, Александр. .федорович нæ рæдийы. Бахмач. Рæсугъд... Ссардта мын рæсугъд! Хъус-ма, госпо- дин булкъон, хуыцауæй курæгау дæ курын: акæн мæ демæ хæст- мæ... Дæн журналисткæ, уыдтæн редактор... Ч у м а к. Редактор? Б ах м а ч. О. Ч у м а к. Хорз, æз ахъуыды кæндзынæн. Б а х м а ч. Уæдæ мæ зæрдæ дарон? Ч у м а к. Рагацау зын зæгъæн у. Б а х м а ч. Нæ, нæ. Байхъусдзæн дæм. Уый дæуæн стыр аргъ кæны. Чумак. Чи зоны... Не ’взонг бонтæ иумæ арвыстам... Са- шæ... Б а х м а ч (йæ разы æмраст слæууыд). Мæ фидæны хицау! Чу м а к (бахудт). О, фæлæ уал нырма мæ хицау ды дæ... Цæй, æз æм æдде банхъæлмæ кæсон. (Ацыд.) Б а х м а ч. Нæ, нæ, хъуамæ мæ ауадза. Æз уарзын... хæсты тымыгътæ... Змæст хъуыдытæ. Романтикæ... Экзотикæ, пæллахъ- гæнгæ цард... Кæрты уынæр, бæхты къæхты хъæр. Къæсæрыл февзæрд Хадзымурат. Зыны, хъахъхъæнæг æй куыд нæ уадзы, уый. Бахмач. Цы хабар у? Хъахъхъæнæг. Мæнæ иу цыдæр абырæг! Б а х м а ч (ауыдта «Георгийы кресттæ»). Æрбауадз æй! (Æрбацыд Хадзымурат, абырæг æй чи схуыдта, уымæ кæсы.) Ныххатыр кæн, господин урядник, чи зоны, уый ахæм дарæс фыццаг хатт уыны æмæ дыл æдылыйау йæхи уымæн ныццавта. Хадзымурат. Гъемæ йын йе ’дылыйы хатыр фæуæд. (Хъахъхъæнæг фæаууон.) Бахмач (æрбадт йæ кусæн стъолы уæлхъус). Хъусын дæм, чи дæ? Хадзымурат. Дзæрæхохты Уарийы фырт дæн. Б а х м а ч (бахудт). Хатыр. Фыццаг хатт хъусын ахæм мыг- гаг. Хадзымурат. Хадзымурат... Б а х м а ч (фестад). Хадзымурат? Хадзымурат. Æдас у, æз сылгоймæгтимæ нæ хæцын. Мæн «æмбал» Керенский хъæуы. Б а х м а ч. Александр Федорович ам нæй. X а д з ы м у р а т. Сайыс! Фæцæуы йын йæ дуармæ. Бахмач йæ размæ æрлæууыд. Б а х м а ч. Уырдæм цæуæн нæй! Хадзымурат (иуварс æй кæны). Адæмæй цы хицауы æм- <бæхсут, уый адæмы ницæмæн хъæуы. 99
Б а х м а ч. Æз афтæ зæгъын: ам нæй! Хадзымурат. Ды та нын чи дæ, ды? Мæнæ æнæсæртæ- кæй фæхонынц, уыцы партийæ ма у? Раст сæ нывтæ газетты дæ хуызæттæ вæййынц. Б а х м а ч. Æнæсæртæ нæ, фæлæ эсертæ. Уæрæсейы тæккæ* революциондæр парти. Хадзымурат. Æмæ уæ парти иууылдæр дæ хуызæттæ сты? Б а х м а ч. Ома?.. Хадзымурат. Ома, зæгъын, ахæм сылгоймæгтæ сты иу- уылдæр?.. Æниу ды цæй сылгоймаг дæ! Æддаг хæлаф хъуаг дæ æрмæст... Б а х м а ч. Хъус-ма, æддаг хæлафы хицау! Хадзымурат рудзынгæй акаст, цырд фæцæуы Керенскийы кусæнуатма*.. Сылгоймаг йæ размæ æрлæууыд. Сомов! Хадзымурат. Иуварс! Æддаг дуарыл фæзынд Керенский. Мæн фæнды нæ хицауы фенын. Б а х м а ч (ауыдта Керенскийы). Ныххатыр кæн, Александр’ Федорович! К е р е н с к и н (кæрдæгхуыз кителы, йæ дæларм — пъарт- фел, йæ риуыл — сырх бант, галифе хæлаф ыл, цырыхъхъытæ, йæ сæрыхъуынтæ цыбыр, «уызын» æлвыд, йæ хъустæ чысыл хъил.) Ницы кæны, бауадз æй мидæмæ. (Хадзымуратмæ.) Дæ- хорзæхæй!.. X а д з ы м у р а т. Æз мæ зæгъинаг ам дæр зæгъдзынæн... КеренскиП. Хъусын дæм, сбад. (Æрбадт йæхæдæг.) Хадзымурат. Æз ардæм бадынмæ не ’рбацыдтæн. (Га- згт Керенскийы раз æрæзæрдта.) Цæмæн, фыссынц дæ адæм Ха- дзымуратыл гæды ныхæстæ? К е р с н с к и й. А, уæдæ уыцы Хадзымурат ды дæ? Хадзымурат. О, Дзæрæхохты Уарийы фырт. Циу, зæ- гъын, уый? К е р е и с к и й. Цы фыст дзы ис? Бакæс-ма йæ. X а д з ы м у р а т. Ироиау фыст иæу. К е р е н с к н ч (сскргтсимæ). Бакæс æй ды. Б а х м а ч. Хъусын! (Кæсы, Хадзымурат ехсы бырынкъæй’ кæдæм бацамыдта, уым.) «Ахсджиаг хъусынгæнинаг. Кавказаг «хъæддаг дивизинæ» Дзæрæхохты Хадзымураты фæдыл абырæг- цы 350 барæджы алыгъд, уыдон сты хъæды æмæ сабырцæрæг адæмы хъыгдарынц... Сæ мулк сын исынц!» Хадзымурат. Уый раст нæу. Æз исын, фæлæ кæмæй?* Хъæздыджытæи. Дæтгæ та сæ кæиын кæмæн? Мæгуыртæн... I К е р е н с к и й. Алцæмæн дæр ис æгъдау, хицауад кæй сфи- дар кодта, ахæм закъон. Паддзахы рæстæг нал у. Хадзымурат. Уæ иуыл — хъисын, иннæуыл — голлаг! 100
Керенский. Цы? Цы? Хадзымурат. Ома, зæгъын... Куыдфæнды йæ æмбар... Б а х м а ч. Господин... Цы дæ схонон, нæ зонын! Ды ныхас кæиыс Уæрæсены хнцауады сæргълæууæгимæ. Бафыдæбон кæн, дæхи куыд æмбæлы, афтæ дарыныл. К е р е н с к и й (бахудт). Уадз æй. Уый хæххон лæг у. Хохæг- тæ иууылдæр джигиттæ сты. Джигиттæн та аргъ кæнын хъæуы... Мæнæн дзырдтой, зæгъгæ, дам, ды бирæ бæстæты фæдæ. Хадзымурат. Мæ хорз цардæй куыстагур фæцыдтæн Амырыкмæ. Керенский. Æмæ?.. Хадзымурат. Кусæг лæджы уавæртæ алы ран дæр иу фæрæтхъæдæй барст сты. К е р е н с к и й. Стæй, дам, цыма уырдыгæй писмо дæр ныф- фыстай суанг паддзахмæ. Хадзымурат. О, фыстон... Ды, паддзах — Микъала Дык- каг, хуыцау дæ фæстаг фæкæна, зæгъгæ, йæм фыстон. Дунейы алы къуымты, зæгъын, дæу тыххæй цæмæн рахау-бахау кæнын æз? Керенский. Стæй ма? X а д з ы м у р а т. Рæхысæй бæттинаг куыдз æй схуыдтон, адæмыл хъадамантæ кæй сæвæрдта æмæ сæ Сыбыры бинагкъæ- йы хай кæи бакодта, уый йын йæ цæстмæ бадардтон æмæ йын загътон, уыцы митæ куы нæ ныууадза, уæд ын хуыздæр кæй нæ уыдзæн. Керенский (ныххудт). Афтæ æрдхъирæн бауæндыдтæ паддзахмæ? Хадзымурат. Æмæ исты мæ фыд у? К ер е н с к и й. Æз та дæн, паддзахы чи аппæрста, уыдонæн ИУ- Хадзымурат. Паддзахы аппæрстай æмæ йын дæхæдæг йæ бынаты сбадтæ. К е р е н с к и й. О, æцæг мæн æвзаргæ ракодтой... Хадзыму- рат, æз иттæг амондджын уаин, ды æд отряд ног революцион хи- цауад хъахъхъæныныл куы сразы уаис, уæд. Хадзымурат. Ды революцийы хъуыддаг ауæй кодтай, худинаг дын фæуæд! Кере’нский (секретармæ). Æрцахсут æй. (Сыстад, мидæ- мæ фæцæуы.) Бахмач. Сомов! (Хъахъхъæнæг æрбахызт.) Хадзымурат. Афæлварут. (Рудзынг айтыгъта.) Сыхъуыст йæ отряды æртхъирæи хъæр, ахсджытæ сагъдауæй аззады- сты. X а д з ы м у р а т (Керенскимæ). Æз цæуын. Мах никæцы паддзах хъæуы, хъусыс? Уыи æз зæгъын — Дзæрæхохты Хадзы- мурат! Æмбæрзæн. 101
ÆРТЫККАГ НЫВ Горæт Шенкурскмæ хæстæг. Цæгатаг хъызт зымæг. Бады хæдзары зæ- ронд ус. Æдде тымыгъхæссæг дымгæ къуыс-къуыс кæны. Савельевнæ (йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта). Хуыцау, табу дæхицæн, хуыцау!.. (Кæсы къулыл йæ партизан-фырты къаммæ.) Кæм дæ афонмæ ды та, мæ иунæг, хуыцау зрны... (Ар- тимæ архайы, дуар æрбахостæуыд.) Кæцы дæ? М а р и я (æдде). Савельевнæ! Æз дæн уый. Савельевнæ. Мария! Мидæмæ, мидæмæ, мæ хур, мæ чындзаг. Мария. Ме ’нафоны æрбацыд мын ныббар. Зæрдæ æхса- йы... Савельевнæ. Андрюшæ зæххы скъуыды ныххауд... Ныр дзы æнæхъæн мæй хабар нæй. М а р и я. Афицертæ уынгты хъæхъхъаг куыйтау зилынц. Сæ иу раст уæ уынджы тигъы онг мæ фæстæ фæцыд. Савельевнæ. Америкаг уыд æви уырыссаг? М а р и я. Нæ йæ раиртæстон талынджы. Савельевнæ. Æгъдæуттæ æвæрынмæ, дам, нæм фæцы- ды^ты Америкæй, мæ хур. (Цай кæны.) Мæ хъæбулы тæригъæд сæ *фæдыл æфтыд фæуæд. М а р и я. Андрюшæ тæригъæддаг нæу, уый партизан у... Савельевнæ. Афонмæ уын чындзæхсæв скодтаин, бæргæ, æмæ ма кæд æз дæр иу чысыл сабийæ барухс кодтаин мæ зæр- дæ. (Мария фефсæрмы.) Устытæ алы ныхæстæ кæнынц. Дзу- рынц, зæгъгæ, дам, цавæрдæр кавказаг йæ сау нымæты базыр- тыл бæрзонд хæхтæй æртахт. Нæдæр, дам, æй кард кæрды, на^- дæр дзы топпы нæмыг хизы. Тутыры чиныг, дам, æм ис. Ссæуы, дам, дон-дон, хъæутæ сæрибар кæны урсытæй. Мария. Чи зоны, Андрей дæр уым ис. Савельевнæ. Æмæ-гъа, фæлæ цыма уый æндæртимæ ис. М а р и я. Кæд дзы, зæгъын, ды исты фехъуыстай? Савельевнæ. Фын цы фенын, æндæр ницы. Бацыд йæ фырты къаммæ, кæсы. Дуар тынг схостæуыд, æрбачындæуыд æй. Æрбагæппытæ кодтой иу афицер æмæ дыууæ салдаты, иуварс асхуыстои зæронды æмæ æнæ иу сныхасæй джигул кæнынц. Д ж е к с о н. Цæмæ дæм æрбацыд ацы сылгоймаг? Кæм æм- бæхсыс дæ абырæг фырты? Савельевнæ. Цымæ цы уавæры уаис, дæ мадыл дын ис- чи дæ цуры афтæ куы хъæртæ кæнид, уæд? Мæ фырт ам куы уаид, уæд дын уый, æвæццæгæн, мæ бæсты дзуапп раттид. Д ж е ксон. А-а! Сокол цыдæр сцæйдзырдта, Хадзымурат æй фæурæдта. ; 102
. Мæ фæдыл! Савельевнæ. Дæ бæрзæй асæттæд. Уæ фарсæй фæуæнт, гагадзагъд фæут, уый уын мæ хуыздæр арфæ! Бирæ фæбадт, сæрфы йæ цæссыг, дуарыл фæзынд йæ партизан-фырт салдаты дарæсы. Мидæмæ æрбахызт. А н д р е й. Кæимæ хæцыс, мамæ? Савельевнæ. Андрюшæ ,мæ хъæбул! (Ныхъхъæбыс ын кодта.) М а р и я. Андрей!.. Андрей. Мария! Савельевнæ. Тæссаг у, мæ къона, æз акæсон, мачи дæ бафиппайæд. А н д р е й. Ма тæрс, мамæ... Савельевнæ. Æз уын исты хæринаг ацæттæ кæнон. А н д р е й (фæурæдта йæ). Нæ хъæуы, ’мамæ, рæстæг мын нæй. Мæнæн ардæм цæуыны дзырд нæ уыд, фæлæ... Мæхи нал баурæдтон. Дæумæ ма ’рбауай, уæд мын æй, дæхи загъдау, хуы- цау дæр нæ ныббарстаид. Савельевнæ. Цæййас лæг сдæ!.. Дæ фыды æрцыдмæ фæ- цæр... Цæй, æз акæсон. (Ацыд.) Андрен. Мария! М а р и я. Андрей! (Кæрæдзиуыл ныттыхстысты.) Цæй æрæг- мæ зындтæ? А н д р е й. Фадат нæ уыд... Ныр дæр æхсгæ-уад æрбакодтон... Куыдтæ цæрыс? М а р и я. Цæрын... Дæхæдæг та? Цæй фыдхуыз сдæ?.. Андрей. Æз.дæр... цæрын... Кæддæр нын нæ фембæлд чи фехæлдта доны был, уыдонæй хъуамæ нæ маст райсæм. М а р и я. Æз никуы ферох кæндзынæн уыцы бон... Бадæм доны был... Алыварс æрдз ныхъхъус, æрмæст ма мæргътæ алы- хуызон æвзæгтæй зарынц... А н д р е й. Нæ уарзондзинадыл. М а р и я. Нæ уарзондзинадыл... Уалынмæ арв ’ æмгуыр-гуыр скодта. Цыма денджыз йæ былтæй акалд раст... Цавæрдæр æнæ- зонгæ наутæ, æххормаг кæфхъуындартау, æрбаввахс сты нæ цур- мæ... Салдæттæ дысфæлдæхтæй гæппытæ кæныиц... Стигъынц, марынц... (Иæ цæсгом къухтæй бамбæрзта.) Хæдзæрттыл арт æфтауынц. А н д р е й (къæсæрыл фæзынд Савельевнæ). Нæ хъæуы, Ма- рия... Цæй, æз цæуын. Савельевнæ. Афтæ тагъд? А и д р е й. О, тынг тагъд кæнын... Сымахæн алцыдæр ис зæ- гъæн. Ам, дам, хæстæг цавæрдæр Хадзымураты бæхджын отряд знаджы чъылдыммæ фæзынд... Æмæ сæ удаист кæны. Командир мæ рарвыста, йемæ, дам, бастдзинад сараз... Мæ дарæсмæ мын ма кæс, салдаты дарæс... Уый дæр уымæн у, цæмæй мыл урсытæ 103
ма фæгуырысхо уой. Чи зоны, фæстæмæ цæугæйæ уæ аб’æрæг кæ- нон... Джексон æмæ йæ салдæттæ æхстæввонгæй гом дуарыл фæзындысты. Аидрей йæ гæрзтæм фæцæйæвнæлдта. Джексон. Иу уæлдай змæлд ма æмæ дæ мад ’ дæ размæ мардæй æрхаудзæн. Савельевнæ. Дæ мад дæ иунæгæй баззайæд! Д ж е к с о н. Гъы, бахаудтай дзы, «хъæбатыр»? Иæ къухтæ йын бæттынц. Гæрæхтæ хæстæгæй. Акæнут æй! Савельевнæ. Мæ хъæбул! (Йæ къухтæ йæм ивазы, уро- мынц æй.) Андрей. Нæ хъæуы, мамæ. (Аивæй Мариямæ.) Хадзыму- раты отряд цъымараджын хъæды. Мария фæцæйцыд, фæстæмæ йæ æрбаппæрстой. Савельевнæ (сæ разы йæ зонгуытыл æрхауд). Хуыцауæй курæгау уæ курын: мæ фырты мын раттут, мадæлтæ уæ куы ныййардтой! Салдæттæй иу йæ фондзæхстон зæххыл ныццавта, йæ пъагæттæ тоны, фæцæуы, дуары æдде йæ афицер фехста. Андрей. Уæлæмæ сыст, мамæ! Кæсыс, кæй разы æрхауд- тæ дæ зонгуытыл, уымæ? Д ж е к с о н (гæрæхтæм). Рæвдздæр! Андрей. Уы’й Хадзымурат у, мамæ... А-а! Тæрсут? Уæ иу- гай гæрæхтæ уæ нал фервæзын кæндзысты. Лæбуры сæм, фæкæнынц æй. Фидар лæуут, мамæ, Мария!.. Мария Андрейы фæстæ ахызт, мад æрхауд пъолыл. Дуæрттæ — тыгъд. Дымгæйы къуыс-къуыс, мады кæуын гæрæхты бын фесты. Гæрæхтæ... гæ- рæхтæ... бæхты къæхты хъæр, цалдæр сырхæфсæддоиы æрбагæппытæ код- той Клещовимæ, цъупхудтæ сыл, цинелтæ, æхсаргæрдтæ, цыбыр кæрæбиитæ, нуыл та дзы — кавказаг дарæс. Клещов. Ничи ис ам. Колокольчик (схæцыд Савельевнæйыл). Нæ мады хаи, пъол чъизи у. (Сбадын æй кодта.) К л е що в. Цом! , 1 Азгъордтой. Савельевнæйы къухы ницыуал сныхас бафтыд. Къæсæрыл фæзынд йæ фырт Андрюшæ. 104
А н д р ё й. Мамæ! Савельевнæь Цы зæд, цы дуагмæ кувон? А н д р е й. Уый фæстæ, мамæ. Æз æрбазгъордтон, цæмæй дын фехъусын кæнон æрмæст, æгас кæй дæн. Савельевнæ. Нæ, нæ! Нал дæ ауадздзынæн! Æнæ дарæ- гæй баззайдзынæн. Ан д р е й. Мамæ!.. Савельевнæ (æрæджиау). Цу! (Андрей азгъордта.) Æз кувдзынæн хуыцаумæ, цæмæй фæстæмæ æрбаздæхай. М а р и я (цингæнгæ æрбазгъордта). Савельевнæ, Хадзыму- рат! Æмбæрзæн. ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Хадзымураты отряд цы ран æрбынат кодта, ахæм хæдзар. Телефон,. къуымы — сырх тырыса. Писыр, раздæры штабс-капитан Снегирев цыдæртæ фыссы. Кæсы листовкæмæ. С н е ги р е в. Гъы, йæ амарæггаг дæс мины!.. Æмæ йæм иу дæр йæ ныфс нæ хæссы... Тæссаг у, фæстагмæ мæхи дæр куы ба- уырна, тутыры чиныг æм ис, уый, уымæй. Уæд та йæ мæхæдæг... Сыхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Снегирев. Дзæрæхохты Хадзымураты бæхджын отряды писыр Сорока. Хъусын, æмбал штабы хицау! Хъæуы æгъдау æвæ- рынц. Комиссар ам ис... Хъусын!.. (Хæтæл стъолыл æрæвæрдта, æддæмæ дзуры.) Комиссар Сокол, телефонмæ! Æдде дæр сыхъуыст: «Комиссар Сокол, телефонмæ!» С о к о л (æрбахызт. Снегирев сыстад). Чи у? С н е г и р е в. Бригады штабы хицау, æмбал комиссар. Сокол. Комиссар Сокол... (Телефоны хъуысы загъд.) Æм- бал штабы хицау, Хадзымураты хуызæн командиртæ... Æз разьг нæ дæн демæ... О, æз зонын, парти мæн цæмæ рарвыста, уый...: Ахæм уайдзæф уымæ нæ хауы. Уборевичы телеграммæ? Райс- тон... Æндæрæбон... Нæма йæм æй равдыстон... Фадат нæ фæцис,. хæцгæ кодтам! Хорз, хæрзæхсæв! (Æрæвæрдта хæтæл.) Устав... Нæ отряд Уставмæ гæсгæ куы хæцид ацы цъымараты, уæд афон- мæ искуы ныссагъдаиккам æмæ нын кæфты цагъд ныккодтаик- кои. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хадзымурат раст у. О, фæлæ æп- пындæр фæрсгæ никæй кæны æмæ... Иæ ныхмæ сысты. Бæхты къæхты хъæр. Æрбахызт Хадзымурат, йæ фæдыл — Юсуп. Йæ уæллаг дзаумæттæ йын къулыл ауындзы. 10?
Хадзымурат. Уыдон мæхи бар уадз. Цу, æхсæвæр бахæр. (Юсуп ацыд.) Цы кодтай? Цы та ныл æрцыд, комиссар? Сокол. Ахæмæй ницы... Штабы хицау афтæ, зæгъгæ, дам, мæм-иу сдзурæд. Хадзымурат. Æмæ та цы кодта? С о к о л. Нæ зонын, йæ приказы сæрты йын кæй ахызтæ, кæд уый тыххæй... Хадзымурат. Æз комбриджы раз йедтæмæ уый раз мæ митыл дзуапп дæттæг нæ дæн. С о к о л. Дæ. , Хадзымурат. Кæд æй хъæуон, уæд мæм йæхæдæг дзур- дзæн! С о к о л. Уый хистæр командир у. X а д з ы м у р а т. Æз та дзы азтæй хистæр дæн... Телефонæй хъæртæ кæнын зонынц æрмæст! Клещовæй исты хабар ис? Сокол. Нæй. Хадзымурат. Цæмæн афтæ æрæгмæ здæхы ацы хатт? Мацы йыл æрцæуæд! Сокол. Зындзæн, фыццаг хатт ын нæу. Хадзымурат, сдзур штабы хицаумæ... Æнхъæлмæ дæм кæсы. X а д з ы м у р а т.. Кæд æй хъæуон, уæд мæм йæхæдæг дзур- дзæн. Æз ын... Сокол телефон æрзылдта, къухæй амоны, дæ хорзæхæй, мацы та йæм сдзур, зæгъгæ. X а д з ы м у р а т. Æз дæн... Телефонæй цæуы хъæр. Хадзымуратæн Сокол бадон радта. Хъуысы та хъæлæба. Хадзымурат хæтæл æрæвæрдта. Æгæр тæвд у, æруазал уа. С о к о л. Хадзымурат... Телефоны дзæнгæрæг та цæгъды. Хадзымурат. Цы, уый зоныс, штабы хицау? Дыууæ азы размæ ма Керенский æнæхъæн паддзахады сæргъы куы лæууыд, уæд ын йæ кусæнуаты алывыд фæкалдтон, фæлæ мыл уæддæр уый афтæ нæ фæхъæртæ кодта, ды мыл куыд хъæртæ кæныс... Байхъус мæнмæ дæр. Дыккаг хъæу уымæн байстам, цæмæй знаг донæй адард уа, цæмæй нæ фæстæмæ ма ’рæлваса... Гъемæ уын кæд уыцы хъæуы æмгъуыдæй раздæры ссæрибар уæ фæндтæ фе- хæлдта, уæд æз ацы хъуыддаг мæхимæ исын... Хорз, хъаст кæн, кæдæм дæ фæнды, уырдæм: Уборевичмæ нæ, фæлæ кæд Зилгæ- йы дзуæрттæм хъаст кæныс, уæддæр дæ бар ис! (Æрæвæрдта хæтæл.) 1 С о к о л. Дзæгъæлы ахæм дæрзæг ныхас кæныс йемæ, Хадзы- мурат. Ибон дæр æм фæстæмæ кæй сдзырдтай, уый тыххæй Æф- сæддон советы уæнгмæ бахъаст кодта. 106
Хадзымурат. Гъемæ æххæст сæрбæттæн бабæттæд. Нæл- гоймаг хъуамæ йæ хъаст макæмæн кæна. Сокол (хъазгæмхасæнæй). О, фæлæ дæуæн уый фыццаг _хатт иæу. Мæн нæ фæндыд зноны хæстыты размæ дæ хъæлдзæг хъуыдытæ фехалын... Дыууæ боны ацы тел мæ дзыппы хæссын. Хадзымурат. Кæмæй у? С о к о л. Къамандæгæнæгæй. Хадзымурат. Уборевичæй? Сокол. О. X а д з ы м у р а т. Кæсгæ. Сокол (кæсы). «Æз зонын Хадзымураты. Хадзымурат зо- ны мæн. Фæлæ уый ферох кодта æфсæддон æгъдау... Никæмæ- уал хъусы. Иæ уæлахиздзинæдтæ йын йæ сæр разилын кодтой... Афтæ дарддæр дæр куы уа...» Хадзымурат (ратыдта телеграммæ). Атæппæт мын иу- уылдæр дæу аххос сты. Знон мæм æй куы радтаис, уæд ныртæк- кæ уыцы... Иемæ нал фæхыл уыдаин. Дыууæйæ дæр ныххудтысты. Ю с у п (æрбахызт). Æмбал командир, бар ратт æмæ комис- сарæн фехъусын кæнон. . Уый йæ сæрæй р’азыйы дзуапп радта. Æмбал комиссар, æртыккаг взводы партион æмбырдмæ цас- уинаг куы уыдгæ. С о к о л. Æз сæм бакæсон... Хадзымурат. Знон сæ чи фесгуыхт, уыдоны кой ракæнын дæ ма ферох уæд... (Нымайы кæйдæрты.) Сокол. Хорз. Цом. Клещов (æрбазынд). Ахиз, ахиз. Æфсæрмы ма кæн. Ма- хырдыгонау схуыстæй йедтæмæ уæздан ныхасæй не ’мбары. Æм- бал командир, дæ дзырд дын сæххæст кодтон. (Æрбакодта Джексоны.) Хадзымурат. Кæм æрцахстай ацы кæфы? К л е щ о в. Архангельскæй Шенкурскмæ фæндагыл. Марадз- зæгъай, кæд иу фарстæн дæр дзуапп радта. Хадзымурат (америкагмæ). Уырыссагау зоныс? (Ницы дзуапп дæтты. Хадзымурат гæххæттытæм кæсы. Клещовмæ.) Лæппутæ иууылдæр дзæбæхæй æрбаздæхтысты? К л е щ о в. О. Хадзымурат. Фæрс дæ уацайраджы. К л е щ б в. Ницы дзуры. Хадзымурат. Ницы кæны, иу хатт ма йæ бафæрс. К л е щ о в. Чи дæ, кæцæй цыдтæ, кæдæм æмæ цæмæ? (Ныхъ- хъус.) Хадзымурат (æрæджиау). Уæлæмæ, хъамылы хуы, на- уæд дæ сæр дæ къæхты бынмæ æртулдзæн! Демæ Хадзымурат дзуры! (Джексон фæгæпп кодта æмæ æмраст алæууыд.) Нæ сы- 107
стад, зæгъгæ, уæд ын йæ сæр акъуырдтаин. (Джексон æм тарст каст бакодта. Фæрсы та йæ англисагау.) Чи дæ, кæцæй цыдтæ, кæдæм æмæ цæмæ?.. Д ж е к с о н (англисагау). Джексон, америкаг æфсады капи- тан. Цыдтæн Архангельскмæ, булкъон Чумачы штабмæ... (Уы- рыссагау.) Мæ брн у дзуапп дæттын уырыссагау. Клещов. Ай, æвæццæгæн, ахæм хъуыддагмæ рагæй кæй цæттæ кодтой, ахæм у. Хадзымурат. Цал амырыкаг æфсæддоны ис Цæгаты? Джексон. Уый æгæр стыр фарст у мæнæн... Уый зонынц æрмæстдæр уæлдæр къамандæгæнджытæ. Хадзымурат. Сæрмагондæй ды цæмæ æрбацыдтæ Амы- рыкæй ардæм, Уæрæсемæ? Д ж е к со н. Æз салдат дæн æмæ æххæст кæнын бардзырд. Хадзымурат (гыццылгай мæсты кæны). Ома дын загъ- той: ацу æцæгæлон бæстæмæ æмæ мар, стигъ... Урсдадали ный- йарджыты æмæ сидзæр сывæллæтты доны кал! Нæ? (Мæстæй ссыгъди.) Фæци дæ балц, капитан! Æз дын æй зæгъон, цæмæ æр- ;бацыдтæ, уый? Сымах хъæуы Архангельск, Мурманск, сымах хъæуы нефть, æрхуы, хъæд. Сымах хъæуынц нæ Цæгаты нау- .лæууæнтæ, цæмæи нын уый фæстæ нæ хурхыл ныллæууат. Д ж е к с о н. Ард хæрын, уыдæттæ иæ зонын æз. Хадзымурат. Сайыс! Алцы дæр хорз зоныс! Д ж е к с о н. Махæн дзырдтой, Уæрæсе ссæрибар кæнЫнмæ цæут, зæгъгæ. К л е щ о в. Кæмæй? (Паузæ). Хадзымурат. Уыдæттæ нæ бамбардзæн, æмбал Клещов. (Джексонмæ.) Сымах нæ бамбардзыстут, цагъайраджы æфсон^ дзы бын бахауыны бæсты нæ уд мæлæтмæ кæй ратдзыстæм, уый. Акæнут æй! Д ж е к с о н. Фехсдзысты мæ? Хадзымурат. Уый æфсæддон тæрхондоны равзардзысты. Хæсты быдыры та йæ æз равзæрстаин. Джексон (англисагау). Мæнæн мæхи стыр æхцайæ бал- хæиын мæ бон бауид, суанг сызгъæринæй, хъæбатыр Хадзыму- рат мыл куы баууæндид, уæд. Хадзымурат. Цы загътай, уый уырыссагау зæгъ. Д ж е к с о н (загъта йæ уырыссагау). Хатыр... Хадзымурат йæ сæрæй амоны, акæнут æй, зæгъгæ. Хъахъхъæнæг йæ фæ- стæ æрлæууыд. Хадзымурат (афицеры гæххæттытæм кæсы). Поручик Коцюба, сæйраг штабимæ сæрмагонд бастдзинады афицер, айта ма чи у? ’Клещов. Уый фæстæмæ цæугæйæ нæ размæ фæци бæхыл. Мах куы ауыдта, уæд фыццаг фæлæууыд, стæй лыгъд радта... Афтæмæй йæ... 108
Хадзымурат (цыдæр ахъуыдыйы фæстæ). Поручик Ко- щоба. Фæзынд Снегирев, хъусы, нæ йæ уынынц. Æмæ ныр, зæгъæм, поручик Коцюба нæ амард, уæд та? Клещов. Æмбарын дæ... Цыдæр та сфæнд кодтай, æмбал командир, дæ цæстытæ та дзæгъæлы нæ калынц цæхæр. Хадзымурат. Клещов... Цæмæй лæгдæр уыд Коцюба Клещовæй? Клещов (æмраст слæууыд). Поручик Коцюба, господин булкъон, Чумак. Хадзымурат. Лæг дæ! (Сорокæмæ.) Цы зæгъыс? Снегирев. Æмбал Клещовмæ йе ’мбæлттæ æнхъæлмæкæ- сынц æхсæвæрмæ. Хадзымурат. Ацу, бахæр æмæ баулæф... Райсом аныхас кæндзыстæм... К л е щ о в. Фæллад нæ дæн. X а д з ы м у р а т. Иу ныхас дæр нал. Фæндараст. К л е щ о в. Хæрзæхсæв. С н е,г и р е в. Курдиатджын, цæрдæг. Ахæмтæ хъуамæ ахуыр кæниккой, бæргæ. Хадзымурат. Сахуыр кæндзæи, æрыгон у нырма. Писыр йæхи листовкæмæ кæсæг скодта, систа пæ. С н е г’и р е в. Æнаккæгтæ, чидæр æй ардæм æрбаппæрста. Хадзымурат. Циу уый? (Райста йæ.) Мæ къам? Снегирев. Уый та æндæр у. Фыццаджы дæ къам нæ уыд. Хадзымурат. Бакæс-ма йæ, кæд мын мæ аргъ фæуæл- дæр кодтой. С и с г и р е в (кæсы). «Ацы кавказаг абырæджы мардæй кæ- иæ æгасæй урсытæм чи сæмбæлын кæна, уымæн лæвæрд æрцæу- дзæн дæс мин сомы...» X а д з ы м у р а т. Нæ загътон? Знон дæр ма фондз мины аргъ уыдтæн. Снегирев. Цымæ йæ чи аппæрстаид ам? X а д з ы м у р а т. Ам ды уыдтæ, фæрсгæ та дзы мæн кæныс? С н ег и р е в. Ам абон цъиуызмæлæг дæр нæ уыд... Иу хатт’ ды... Æртæ хатты комиссар... Æз... Нæ, хуыцауæй ард хæрын, æндæр дзы ничи уыд. Хадзымурат. Уæларвæй æрхауд, æвæццæгæн. С н е г и р е в. Уæдæ чи уыдаид? (Цыма хъуыды кæны, уый- су.) Зæгъ-ма, æмбал командир, комиссары рагæй зоныс? Хъыг дын ма уæд мæ фарст. X а д з ы м у р а т. О, пагæн. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? С н е г и р е в. Ардæм уын йедтæмæ ничи цæуы. Хадзымурат. Æмæ ды æнхъæлыс?.. Снегирев. Æхсгæ дæр мæ фæкæн мæ гуырысходзинады тыххæй, фæлæ... Кæд... 109
X а д з ы м у р а т. Цы загътай? Иу хатт’ма йæ зæгъ! Снегирев. Ныххатыр кæн, æмбал командир, афтæ дæуар- зын, æмæ тæрсын, дæу сæрыл фæстагмæ мæхиуыл дæр куынæ- уал æууæндон, уымæй. ’ Хадзымурат æм йе ’нгуылдзæй, ардæм-ма рацу, зæгъгæ, сиды, уый йæм„. тæрсгæ, фæцæуы. X а д з ы м у р а т. Дæ хæдон ралас. Снегирев (ласгæ-ласын). Цæмæн, æмбал командир? Хадзымурат. Ралас! (Раласта йæ.) С н е г и р е в. Ныххатыр кæн... Хадзымурат (дзæхст-дзæхстæй йыл ралæууыд ехсæй). Æз дын комиссары тыххæй дæ чъизи хъуыды дæ сæрæй фæсур- дзынæн... С н е г и р е в. Æмбал командир, æмбал командир!.. Комиссар сæ æрбаййæфта, Хадзымураты ехс ацахста. С о к о л. Цы кусыс, æмбал командир? Хадзымурат æмæ Снегнрев фæкуыддæр сты. Уый дæр ма дæ нæ айхъуыст!., Снегирев. Хъазгæ кæнæм командиримæ... Нæ хъару æв- зæрстам. Хадзымурат æмæ Снегирев дыууæйæ дæр ныххудтысты, фæлæ комиссар цæуылдæр фæгуырысхо, радта Снегиревы хæдои. С о к о л. Уый хорз хъазт нæу. С н е г и р е в (йæхи адзæбæхтæ кодта, командиры раз слæу- уыд). Æмбал командир... Фæлæ уæддæр дæ къух нæ рисськ (Мидбылты худгæ ацыд.) .-.•■, Хадзымурат (иуварсмæ). Уый дæ уд зоны, хæрæджы. хъыбыл. Сокол цыдæр сцæйдзырдта, Хадзымурат æй фæурæдта. Курын дæ, ма мæ бафæрс, цæмæн æй фæнадтон, уый тыххæй. С о к о л (фæзын ын). Хорз. Æцæг йæ хæдон ласт цæмæн уыд, уый мын зæгъ. X а д з ы м у р а т. Нæ мæ фæндыд, сырхæфсæддон дарæсыл мæ ехс æруайа... С о к о л (листовкæмæ). Адон цы сты? X а д з ы м у р а т. Ницы. Мæ аргъмæ мын бафтыдтой. Сокол. Типографийы мыхуыргонд. Дысон уынджы æндæр- тæ ныхæст уыд. Кæцæй æрбахаудаид ардæм? X а д з ы м у р а т. Нæ зонын. (Иуварсмæ.) Мах дæр гъе ууыл ныхас кодтам ныртæккæ... С о к о л. Сынтæджы цæуылнæ хуыссыс? Хадзымурат. Цас зæхмæ хæстæгдæр уон, уыйас хуыздæр’ хъусын. 110
Дзурынц, сæ дзаумæттæ ласгæ. С о к о л. Дæ цардæй ма мын истытæ радзур. Диссæгтæ, дам, ^авзæрстай, и? Хадзымурат. Диссагæй дзы ницы ис. С о к о л. Уæддæр?.. Бирæ бæстæты, дам, уыдтæ. X а д з ы м у р а т. Уыдтæн кæмдæрты. Куыстон заводы, æф- ссенвæндаг арæзтам... Фæцыдтæн паддзахы Уæрæсейæ амонд- ^гурæг. С о к о л. Америчы дæр уыдтæ? X а д з ы м у р а т. Абæрæг сæ кодтон. Сокол. Æмæ? .Хадзымурат. Æцæгæлон бæстæйы амонд кæй не ссар- дзынæ, уый дзы бамбæрстон. Паузæ. Сокол. Стæй? Хадзымурат. Стæй фæстæмæ æрцыдтæн, паддзахы сидт- зиæ мæ акодтой æфсадмæ. Дунеон хæст... С о к () л. Бирæ фæхæцыдтæ? X а д з ы м у р а т. Æртæ азы бæрц. С о к о л. Цыппар «Георгийы» дзы схастай, и? Хадзымурат трубкæйы тамако нæмы. Хадзымурат, дæ хъæбатырдзинады кой айхъуыст. Зæгъ-ма, •ннкуы фæтарстæ? Хадзымурат. Нал бафынæй уыдзынæ, æви?.. С о к о л. Нæ, зæгъ-ма, ау, ахæм сахат никуы скодта, æмæ Хадзымурат фæтæрса? Хадзымурат. Иухатт тынг фæтарстæн, комиссар. Æмæ ма тарст дæр тарсты хуызæн куы уыдаид: мæ уд мæ къæхты бы- иæй ауад раст. Сокол. Хуыцауы тыххæй! Куыд? X а д з ы м у р а т. Иухатт æнафон нæ хъæуы уынгты фæцæй- цыдтæн. Æнæнхъæлæджы мæ тæккæ зæвæты цур иучысыл къæ- была афтæ срæйдта, афтæ, æмæ, чысыл ма бахъæуа, мæ зæнгтæ мæ быны ма фæдыдггъ уой! Худынц. Юсуп (æрбсщыд). Æмбал командир, цавæрдæр зæронд усы дæу фенын тынг æхсызгон фæнды. Иемæ ма дыууæ адæймаджы. С о к о л. Ацафон? Юсуп. Дзырдтон сын, æмæ, дам, райсом ам куынæуал уа, уæд та? Хадзымурат. Рауадз сæ. Юсуп. Хъусыи! Сæ дзаумæттæ кæнынц. 111
Хадзымурат. Ды та, æвæццæгæн, æнхъæлдтай, æз никуьв фæтарстæн. Сокол. Мæ цæстытыл уайы, дæ нымæтыл дын йæхи куыд. иыццавта, уый. Дуар æрбайгом. Мидæмæ! Æрбахызтысты Савельевнæ, Мария, Андрей. Хадзымурат. Æгас цæут, уазджытæ. Сбадут. Савельевнæ. Уæдæ уый ды дæ? (Кувы йын.) Хадзымурат. Цы ми кæныс, зæронд, Уастырджи дын куынæ дæн, мыййаг?! Савельевнæ. Кард дæ нæ кæрды, нæмыг дæ нæ хизы: Уастырджи дæ, уæдæ цы дæ?.. Сокол. Ацы ус, йæ лæппуйы ауындзæнæй кæмæн райстам,. уый у. Хадзымурат (бацыд лæппумæ). Лæппу тæппудтæй нæу„ ф.æлæ мæ отрядмæ нæ бакуымдта. С о к о л. Андрей партизан у. А н д р е й. Ныр дæр мæ æртæ сахаты æмгъуыдмæ рауагъта нæ командир. Савельевнæ (Хадзымуратмæ). Цы зæд, цы дуаг, зæгъын,. дæ?.. Хадзымурат. Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр—Хадзымурат. Савельевнæ. Афтæ куы зæгъынц, Кавказæй дæ. Цы дым- гæ дæ æрхаста ардæм, Цæгатмæ? Хадзымурат. Цы дымгæ, зæгъыс? Большевикон тымыгъ,, нæ мады хай. Савельевнæ. Ахæм дымгæ дзы нæма фехъуыстон... Гъе- мæ уæдæ хъус. Адон дыууæ æрыгон зæрдæйы сты, сæ баиу сыи стæрхон кодта, æвæццæгæн, Уæллаг... Ды та йæ ирвæзынгæнæг дæ. Сразы у йемæ аргъуанмæ ацæуын æмæ йæ фыд уæвыныл. А н д р е й. Нæ ацæудзынæн, мамæ, æз аргъуанмæ. Савельевнæ. Æнцад бад. Уый дæ хъуыддаг нæу Хадзымурат. Аргъуанмæ, зæгъыс? (Паузæ.? Юсуп! Фæ- дзур-ма фæсивæдмæ!.. Уæдæ, зæгъыс, æз ирвæзынгæнæг дæн?.. Ома зæд! (Æвиппайды йæ хъама фелвæста.) Гъемæ, хорз. Иры- стоны ис ахæм æгъдау: хъамайы ис диссаджы тых. Стæй йын дзæгъæл ласт кæнæн дæр нæй. Иугæр æй сластай, уæд хъуамæ хъуыддаг бакæна. Махмæ хъамайæ хæрынц ард. (Лæппу æмæ чызгмæ.) Хæстæгдæр-ма рацæут! (Лæппумæ.) Ды зæрдæйæ уар- зыс ацы чызджы? А н д р е \\. О. Хадзымурат (чызгмæ). Ды та? Мария. Æз дæр. Х’адзымурат. Бандзæвут дыууæйæ дæр хъамайыл. (Бан- дзæвдысты.) Ард бахæрут, уæ хæс уæ ныййарджыты æмæ Рай- 112
гуырæн бæстæйы раз кæй нæ ферох кæндзыстут, уый тыххæй. Æрбацыдысты фæсивæд, Колокольчик — йæ баянимæ. Колокольчик (йæ анархист-митæ дзы бынтон нæма фе- рох сты, зары)./Æз дæс чызджы уа-а... (Ауыдта Хадзымураты.) «Вихри враждебные веют над нами...» Хадзымурат ын йæ цагъд фæурæдта. Хадзымурат. Комиссар! Тырыса!.. Комиссар сæм тырыса байгом кодта. Амондджын ут! «Тымбыл кафт» кæны. Савельевнæ та — «Барыня». Фæскафт Савёльевна* кæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Æрбагæпп кодта Цæф партизан. Партизан. Хадзымурат чи у? Хадзымурат. Цы хабар у? Партизан. Æз Щениковы партизанты отрядæй дæн... Нæ бырст фæсыкк! Нæ командир мæ дæумæ рарвыста, æртыхстыс- ты ныл. Андрей фезгъоры, Хадзымурат æй фæурæдта. Хадзымурат. Кæдæм? Уæ гæрзтæм! Æдде змæлд. Æмбæрзæн. ФÆНДЗÆМ НЫВ Антантæйы минæвæртты номыл булкъон Чумакмæ стыр бал. Арæзт сыл- гоймæгтæ, афицертæ, цалдæр горæтаджы. Се ’хсæн поручик Аслæнджери — урс цухъхъайы, адъютанты пъагæттæ йыл, америкаг капитан Джексон. Ацьг ран ис Клещов дæр афицеры дарæсы, рихитæ йыл, кæсæнцæстытæ бакодта. Æмбæрзæны байгомимæ райхъуыст музыкæ. Дуарæй фæзынд Снегирев, фæ- аууон. Фæзынд Чумак хæрзарæзтæй, йемæ — Бахмач, кæдæй-уæдæй — къа- байы. Ч у м а к. Ныббарут, господа! Афæстиат дæн. Хæстон рæс- тæг... Аслæнджери (ставд господинмæ амоны). Тынуафæн фа- бричы хицау. Чу м а к. Уый зонын, стæй канд æз нæ... Уый ма нын куы схъарм кæны нæ салдæтты буар. Тынуафæны хнцау, редактор æмæ булкъон кæрæдзнйæн сæ сæртæй акуывтой, Бахмач ын йæ къух райста. Поручнк сылгоймæгты ’рдæм амоны, цыдæр сцæйдзырдта. Ч у м а к. Адъютант, сылгоймæгтимæ базоныны фадат фæс- 8 Хъайттаты Сергей 113
тæдæрмæ аргъæвæм... Мæнæ нæ сахъ æфсæддон æмцæдисонти- ;мæ иууыл зонгæ нæ дæн... Джексон. Джексон, америкаг æфсады капитан... Булкъон ын йæ къух исы. Аслæнджери (йæ булкъоны хъусы дзурæгау). Фоидз ми- ,ны æмæ дыууæ сæдæ æфсæддоны... Клещов æм хæстæг слæууыд, хъусы. Англисаг афицер. Майор Уолтер. Аслæнджери. Æртындæс мины æмæ фæндзай æфсæд- лоны. Къухист. Бахмач фелвæста йæ чыссæйæ чысыл блокнот, фыссы. Францусаг афицер. Дæлбулкъон Сорель. Аслæнджери. Дыууæ мины æртæ сæдæ æмæ æртын иу .-æфсæддоны. (Къухист.) Чумак (Бахмачмæ). Дæ блокнот фæстæмæ нывæр, уыдон хæстон сусæгдзинад сты. Б а х м а ч. Суанг редакцийæн дæр? Ч у м а к. Суанг редакцийæн дæр. Италийаг афицер. Капитан Марцелини. А с л æ н д ж е р и. Иу мин дыууæ сæдæ фæндзай иу æфсæд- .дон. Клещов (иуварсмæ). Æдæппæт... Иу æмæ ссæдз мины аст ^æдæ æртын дыууæ... Урсытæн сæхн кæ нымайгæйæ. Булкъон Клещовы ’рдæм бакаст. Аслæнджери. Поручик Коцюба. Сæйраг штабимæ сæр- магонд бастдзинады афицер, чи фæмард, уый бæсты. Ч у м а к. Фæмард афицерты хуыздæртæй иу знаджы къу- хæй... Уырны мæ, нæ зæрдыл нын æй кæй æрлæууын кæндзынæ дæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй. Клещов. Иттæг зæрдиагæй бацархайдзынæн, господин •булкъон! Чумак Бахмачмæ йæ сæрæй амоиы, уазджытæн «æгас цæуай» зæгъ, .оæгъгæ. Б а х м а ч. Господа! Мах æрæмбырд стæм ардæм, цæмæй иу- чысыл айрох кæнæм нæ хæстон зындзинæдтæ... Аирхæфсæм нæ- хи æмæ та сомбокы тохтæм уæнгрогæи цæуæм. Æз сидтытæ уа- дзын нæ зонын... Зæгъын æрмæст уыи, æмæ адæймаджы цард хæрз цыбыр кæй у æмæ дзы адæм паида кæиын кæй нæма зо- нынц. Æваст фæзынынц кæцæйдæр сау тыхтæ... Æххуырст сисы йæ хицаумæ йæ ехс... Цардæй арвистон рауайы... Иучысыл зын уавæры бахаудыстæм мах дæрæмæ нæм мæнæ не ’мцæдисонтæй æххуыс афоныл фæзынд... Æз зæгъын сымахæи æгас Уæрæсейы 114
номæй дæр стыр бузныг. (Бакъуырцц кодтой дзаг агуывзæтæ^ нуазынц.) Чу м а к. Господа! Ныртæккæ не ’хсæн ис, Уæрæсейы сæрап- понд диссаджы хъæбатырдзинæдтæ чи равдыста, ахæм адæймаг. Йæ бирæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй уын зæгъдзынæн æрмæстдæр- ну: уый руаджы фервæзтысты сырхыты уацарæй Керенскийьг адъютант æмæ инæлар Краснов. Уый, знаджы цæхæры уæвгæйæ^ никуы федта нæдæр йæ капитаны мундир, иæдæр нæ бирæ хæр- зиуджытæ... Райгуырæн бæстæйы уыцы хъæбатыр цæргæс хæра азнæнхъæлæджы æмæ хæрз цыбыр рæстæгмæ фæзынд ам, æмæ* йын æз бар радтон йæ дарæс фынддæс минуты адарынæн... Стæй та — салдат... Фыдыбæстæйы иузæрдион салдат. «Браво!» Æрæмдзæгъд кодтой. Булкъон сусæг дуармæ бацыд. Господа! Ахуыссын кæнут цырæгътæ... Æз афтæ æнхъæлын, æмæ йæ феиынæн æгъгъæд уыдзæн мæйы æвзист тын. Рухс ахуыссыд. Булкъон дуар бакодта, рахызт капитан Снегирев тынг арæзтæй, йæ риуыл—æртæ хæрзиуæджы, йæ цæстытыл — маскæ, æрæмдзæгъд. ын кодтой. Иæ сæрæй сын салам радта. Маэстро! Музыкæ цæгъды. Кафынц, чызджытæ йыл æрæмбырд сты. Б а х м а ч (Чумакмæ). Уый у, булкъон йæ редакторæн кæй^ не схъæр кодта, уыцы фыццаг хъуыддаг (фæхъыг ын.) Ч у м а к (йæ къухæн ын аба кодта). Æмæ фæстаг хъуыддаг,. мæ зыиаргъ. Абон уæлдай рæсугъддæр дæ... (Кафынц.) Ч ы з г. Цал азы дыл цæуы? И н н æ. Рæсугъд дæ? Æ р т ы к к а г. Кæд та фæзындзынæ? Ц ы п п æ р æ м. Тынг тæссаг раны дæ? Сæ иуы фарстæн дæр нæ радта дзуапп Снегирев. Иуимæ дзы акафыд.. К æ и м æ к а ф ы, у ы ц ы ч ы з г. Куы нæ дæ фенон, уæд ах* сæв-бонмæ нал бафынæй уыдзынæн... Уымæй уæлдай ницы сдзур- дзынæ? Æз кафын фæсномыг хъæбатыримæ. (Ницы дзуры лæп- пу.) Зæгъ-ма, цæмæн равзæрстай мæн? Дæ зæрдæмæ цæуын? (Лæппу йæ сæр «о»} зæгъгæ, батылдта.) Уæдæ мæм уæд иуцъус- дуг дæ цæсгом равдис. (Лæппу, «нæ», зæгъгæ, йæ сæр банкъуы- ста.) Булкъон сæм бацыд. Ч у м а к (чызгмæ). Хатыр, уæ фембæлд фæци. Лæппу чызджы йæ лæууæнмæ бакодта æмæ булкъоимæ æрбаздæ’хт. Цæй, куыд у, капитан, разы дæ дæ сахаты æрдæджы «служ- бæйæ»? С н е г и р е в. Æнусмæ йæ бадардзынæн мæ зæрдыл. 115
Ч у м а к (чызджытырдæм). Стæй ма ноджыдæр кæйдæр... Капитан, уæдæ, зæгъыс, дæумæ гæсгæ, кæй фæдыл рацыдтæ, уый æнæмæнг хъуамæ горæты уа? Снегирев. Уый дызæрдыггаг нæу. Кафт фесты/ Клещов (бацыд). Бар ратт, æмæ дын райсон дæ къух, хъæбатыр гуырд. О, о, де ’нгуылдзтæй иу, æнхъæлдæн, ауæлдай кодтай Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Мæн уырны: уыйбæрц ныфс дæм разындзæн, æмæ нын дыууæ ныхасы зæгъдзынæ, цæ- мæи нæ зæрдæты баззайа хъæбатырæн йæ хъæлæс. Паузæ. Снегирев (бынтон æрæджиау). Иунæг хъуыды зæгъын у æрмæст мæ бон. Сымах ам куывды куы бадут, уыцы сахат сыр- хытæ Цæгат хъæугай ахсынц... Хорз уаид, фæскуывд уæ хъарм хуыссæнтæм ацæуыны бæсты, уе ’фсæддон хæйттæм куы ацæуик- кат, уæд. «Браво». Æмдзæгъд. Клещов фæаууон. Б а х м а ч (Снегиревмæ). Цæй æхсызгонæн ныммыхуыр кæ- нин дæ къам æз мæ газеты!.. Ч у м а к. Æрцæудзæн ахæм рæстæг дæр. Ныр та — мидæмæ, уазджытæ! Фынгтæ сымахмæ æнхъæлмæ кæсынц. Озалия, уаз- джыты мидæмæ акæн. Б а х м а ч. Господа!.. С н е г и р е в. Хатыр, господин булкъон, мæн æвæстиатæй цæуын хъæуы фæстæмæ. Д ж е к с о н (бацыд æм). Мæнмæ дæ хъæлæс тынг зонгæ фæ- каст... Цыма мæ ирвæзынгæнæг ды дæ..: С н е г и р е в. Рæдийыс, капитан, фыццаг хатт дæ уынын. Д ж е к с о н. Сырхыты ахæстоны бадтæн. Æвæццæгæн, мæ хъысмæт уыд лыггонд, хъуамæ хурыскаст мауал федтаин, фæлæ уыцы рæстæг мæ амондæн абырджытæ кæдæмдæр фæфæдис сты, æмæ мæм иу сахъгуырд фæзынд. Сæрибар, дам, дæ, капитан, цæугæ хъæдмæ. Уырдыгæй та, кæдæм дæ хъуыд цæуын, уырдæм, æмæ дæ хъуыддаг æххæст кæи... Æз æй бафарстон, чи дæ, зæгъ- гæ, уый мыл%фæхъæр ласта: «Тагъддæр, цирчы нæ дæ!..» Аслæнджери. Ау, æмæ куыд нæ бадардтай дæ зæрдыл .дæ ирвæзынгæнæгæн йæ цæсгом? Джексон. (Нæ йæ равдыста. Снегирев. Хæсты канД æз иæ дæн. Д ж е к с о и. Хъыгаг у. (Ацыд.) С н е г и р е в. Мæ цæсгом мын нæ федта. Ч у м а к. Дæ хъæлæс дын бадардта йæ зæрдыл. (С н е г и р е в. Хъæлæс... Хъæлæс. (Фестъæлфыд.) Адæмы æхсæн мæ чи сдзурын кодта, уыцы поручик чи у? Ч у м а к. Ног афицер, поручик Коцюба. 116
С н е г и р е в. Поручик Коцюба? (Фестъæлфыд.) Æрцахсут æй! Уый у! Хадзымураты разведкæйы хицау. Д ж е к с о н. Хадзымурат!.. Чызджытæ ныцъцъæхахст кодтой. Снегирев. Æдас ут! Чу м а к. Цы фæци? Дуæрттæ сæхгæнут, рухс!.. Иæ фæдыл! Снеги рев. Мауал фыдæбон кæн, господин булкъон. Уый иугæр дуары æдде фæци, уæд йæ агурын дзæгъæл фыдæбон у. Ч у м а к. Базыдта дæ? С н е г и р е в. Ныртæккæ æппæт дæр аразгæ у хорз бæхæй. Ч у м а к (Аслæнджеримæ). Поручик! Мæ бæх — капитанæн! Аслæнджери. Хъусын! (Азгъордта.) Снегирев. Фæранк!.. (Р1æ кител ласы.) Цыфæндыйæ дæр хъуамæ йæ разæй фæуон... Æмбæрзæн. ÆХСÆЗÆМ НЫВ Изæрæй акъоппы. Бадынц сырхæфсæддонтæ. Чысыл дарддæр зыны лъахъхъæнæг. Колокольчик куплеттæ зары æд фæндыр... Худынц... Хъахъхъæнæг. Æгæр хъæрæй ма зарут... Науæд уын америкаг сармадзаны нæмыг бахъырндзæн. Колокольчик (хъахъхъæнæгмæ). Хъус-ма... Цы, уый зо- ныс? Дæ сахат мьш ратт, уæддæр дæу ницæмæн хъæуы. Хъахъхъæнæг. Цæмæн дын æй радтон, гугукгæнаг? Ау, мæн куыд нæ хъæуы? Колокольчик. Æркæс-ма йæм, цал сахаты у? Хъахъхъæнæг. Фæсæмбисæхсæвы иу сахат. Колокольчик. Иу сахат... Кæд федтай, æмæ уыцы афон англисагæй, америкагæй фынæй мачи кæна? Хъахъхъæнæг йæ къух ауыгъта, рацу-бацу кæны. Хъæлдзæгæн зары Ко- локольчик: Мундир — аиглисаг, Мундир ныскъуыдтæ, Пъагон — францусаг, Пъагон æрзæбул, Тамако — япойнаг, Тамако фæдымди, Хицау та — омскаг. Хицау фæлыгъди. Сырхæфсæддон. Ныр æдзух уыцы хъæлдзæг дырринг- мырринг цы кæныс?.. Иу хатт ма, зæрдæйы иннæрдæм чи ахъа- ра, ахæм зарæг дæр акæн. К р л о к о л ь ч и к. Дæуыл? Табуафси! (Цæгъды æмæ зары.) Цæй, куыд у? Æрæнкъард дæ? Хъахъхъæнæг. Тæхуды, æмæ дæ ацафон Хадзымурат ам хъир-хъургæнгæ куы æрб^ййафид! 117
Колокольчик. Хъир-хъур нæ, фæлæ цæгъдгæ æмæ зар- гæ. (Фæхъус.) Хадзымурат, зæгъыс?.. Зары, Керенскиимæ фем- бæлды тыххæй йыл цы куплет скодта, уый. «Фыццаг æй паддзахæй федта. Стæй та сылгоймаджы къабайы. Сыл у æви нæл, Уый кавказаг нæ иртæста...» (Худынц. Фæндыры тæнтæ кæ- рæдзимæ æрбалвæста.) Æз уын цæгатаг таурæгъ ракæион... (Хъахъхъæнæгмæ.) Бар ис? Хъахъхъæнæг. Дзур... Уæддæр нæ бауромдзынæ дæхн. Дзæнгæрæг! К о л о к о л ь ч и к. Бузныг. Æдзух мын мæ хъуыды куы не ’мбарис, уæд цы уыдаин? Фæнды уæ, æз уын диссаджы таурæгъ. ракæнон? Сæ иу. Цæй-ма, цæй! Колокольчик. Мæтыхтау, дам, сæхи ныццавтой фурды фалейаг хъæрццыгъатæ Уæрæсейы цæгатаг хайыл... Сæ салдат кæуылты ацыд, уым зæхх сыгъди... Адæм фæлыгъдысты хъæд- мæ, хъæдæй лыгъдысты сырдтæ... Дæтты кæсаг нал уыд... Мæргъ- тæ уæлæрвты зилдух кодтой, зæххыл кæм æрбадтаиккой, уый нæ уыд. Уæд, дам, мæргътæм сдзынæзта æххуысагур урсдадали зæ- ронд ус. Фехъуыста, дам, ын йæ сагъæс урсдæллагхъуыр бæлон æмæ Мæскуымæ фæтахт... Их æй хоста, къæвда йыл цыди, æрха- уынмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ Ильичы рудзынгыл абадт. Фе- хъусын кодта хабар æмæ уаты астæумæ мардæй æрхауд... Иæ хуыздæр æфсæддонты рарвыста Ленин Цæгатмæ. Уыдоны æх- сæн, дам, уыдис иу ацæргæ хæстон сау нымæтджын. Иæ нымæ- ты фæдджи-иу куы систа, уæд-иу сбон, куы-иу æй æруагъта, уæд- иу бахсæв. Ие ’хсаргард — арвы фатау... Не ’нæхуынд уазджы- тæн, дам, сæ сæр сæ кой сси... Сæрибаргонд цæуынц хъæутæ, ны- мæтджыныл цæст нæ хæцы. Фæлæ, дам, уæддæр иу хъæуы адæм*> йæ размæ "фесты. — Чи дæ ды? — фæрсынц æй. — Хадзымурат,— дзуапп дæтты барæг. — Нæ, ды Хйдзымурат нæ дæ... Уый уæларвон у, йæ нымæт,.. йе ’хсаргард дæр — уæларвон. Барæг бахудт, æрхызт йæ бæхæй æмæ хистæртæм бацыд... Уый æз дæн, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — Хадзымурат, уæлар- вон нæ, фæлæ зилгæйаг. Ис, дам, ахæм хъæу Ирыстоны... Æрбахызт Хадзымурат, фестадысты йын. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ!" Бæрæг у, Хадзымурат Колокольчикы фæстаг ныхæстæ кæй айхъуыста^. уый. Хадзымурат (хъахъхъæнæгмæ). Дæ лæууæн бЫнаты цæ- уылнæ дæ? 118
Хъахъхъæнæг (цы дзура, уый нал зоны). Хатыр, æмбал командир... Ахæм таурæгътæ кæны, æмæ мæхи нал баурæдтон... Хадзымурат. Дæхи нал баурæдтай... Æмæ ныртæккæ знаг куы æрбахъуызыдаид æмæ уæ иууылдæр куы ныргæвстаид, уæд та?.. Хъахъхъæнæг. Ме ’мбал уартæ æддæдæр лæууы... Хъахъхъæны. Хадзымурат. Уый де ’мбал у, ды та дæхи тыххæй дæтт дзуапп. Хъа-хъхъæнæг. Аххосджын дæн. , Колокольчик. Мæн аххос у, æмбал командир. Хадзымурат. Дæуæн та цы зæгъон, уый зоныс, артист?.. Цы æнæхуыссæг кæныс адæмы? Куырысдзау дæ? Раст тæрхон- донмæ раттынмæ бæззыс! (Иæхи æруагъта.) Сбадут. Сырхæфсæддон (Колокольникæн йæ хъусы). Йæ уар- зои зарæг! Колокольчик. Ис! I Цæгъды Хадзымураты уарзон зарæг «Вихри враждебные веют над нами». Чысылгай йын бахъырныдтой. Хадзымурат. Куыддæр амырыкæгты атæрæм æмæ хæст фæуа, афтæ иууылдæр ахуыр кæнынмæ цæугæут. Иу ацæргæ æфсæддон. Æмбал командир, Архан- гсльск тагъд райсдзысты? Хадзымурат. Цæмæн «райсдзысты»? Райсдзыстæм. Ис- чи дын дзы ис? Æфсæддон. О. Иннæ æфсæддон. Ныр зæххытæ та куыд уыдзысты? Фæзынд Снегирев, аивæй æрбадт. Хадзымурат. Цы, зæххытæ? Зæххытæ уыдзысты, фæл- лой сыл чи зоны кæныи, уыдоны. Ацæргæ æфсæддон (тынг тыхстæй). Æмæ йед та. Со- ветон хицауад нæм тауинагæй фæкæсдзæн?.. Науæд уалдзæг æр- хæццæ кæны æмæ... С а л д а т. Куыд уыдзæн дарддæр цард? Д ы к к а г. Бæхтæ нын ратдзысты? Хадзымурат. Чингуытæ нæ бакастæн, уымæн æмæ ахуыр- гонд нæ дæи. Кæсын, фыссын дæр хæсты сахуыр дæн. Хадзыму- рат дзурдзæн, йæ сæр цы ахсы, уый. Раст уа, нæ уа — уый-иу мын фæстæдæр зæгъут... Нырма рафæрс-бафæрсæн раджы у, мæ- нæ уал нæ зæхх ссæрибар кæнæм... Стæй уæд алцæй тыххæй дæр уыдзæн ныхас: зæхх уа, бæх уа, тауинаг уа... Цæвиттон, уæд æн- цоидæр дзурæн уыдзæн. Коммунизм араздзыстæм. Снегирев. Æмбал командир, куыд уыдзæн цард комму- низмы? Æфсæддон. О, о! Циу коммуиизм? Хадзымурат (стыхст, иуварсмæ). Хуыцауы тыххæй, нæ 119
крмиссар кæм ис?.. Кæд ма мæ бахъæудзæн, нæ зонын? (Стыр паузæйы фæстæ.) Цæвиттон, зæхх иууылдæр адæмы куы бауа æмæ йыл иунæг лæвархор дæр куынæуал быра, уæд уый хуыйн- дзæн коммунизм. Ацæргæ æфсæддон. Æмæ цы кæны? Хуыцауыстæн, тынг хорз у. Æрбацыд комиссар. Сыстадысты йын. Сбадын æй кодтой. ?1 ; X а д з ы м у р ат. Хуыцауы тыххæй, кæм фесæфтæ? С о к о л. Цы æрцыди? Хадзымурат. Фæрстыты бын мæ фæкодтой... Фæлтау абанамæ ацыдаий... Колокольчик. Æмбал командир, æццæй, Октябры рево- люцийы фыццаг æхсæв Петрограды уыдтæ? -’ Хадзымурат. Уыдтæн... Замманай лæппутæ дзы • фæ- мард... Æфсæддон (дисгæнгæйæ). Æмæ Ленины дæр федтай? Хадзымурат. Цæуылнæ йæ федтон! Колокольчик. Æмæ стыр лæг у? Хадзымурат. Стыр. Хуры йас... Æцæг асæй нæ — зондæй. Тагъд-тагъд æрбацыд Клещов, Хадзымурат æмæ Соколы иуварсмæ ахуыдта. Клещов. Æмбал командир, тагъд сбæрæг хъæуы, нæ адæ- мæй ам чи нæ ис, уый. Хадзымурат. Цы хабар у? К л е щ о в. Булкъон Чумачы сусæг агент, мæнмæ гæсгæ, ис мах отряды. Чысыл раздæр сæ куывды уыд. С о кол. Æмæ?.. К л е щ о в. Нæ йæ базыдтон. Цырагъ ахуыссын кодтой, стæй . йын уыд кæнгæ цæсгом... Иæ хъæлæс мæм диссаджы зонгæ фæ- каст. Хадзымурат. Ныртæккæ сæм бабырсдзыстæм... С о к о л. Æнæ бардзырдæй? К л е щ о в. Горæты æфсæддон хæйттæ æгæр бирæ ис. (Иу- варсмæ.) Уæдæ чи уа?.. Снегирев (æфсæддонтæм). Хæрзæхсæв, лæппутæ! Клещов ыл фæхæцыд, Снегнрев хæлар худт бакодта. Цы кæныс, æмбал Клещов? Клещов. Мæ сæр разылд. Æз æй уым ныууагътон. (Ха- дзымуратмæ.) О, иæ рахиз къухыл цыппар æнгуылдзы æрмæст. С о к о л (Хадзымуратмæ). Слæууын кæнæм отряды. X а д з ы м у р а т. Уæ бæхтæм! Æмбæрзæн.
ÆРТЫККАП АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Урсгвардионты штаб. Къулыл — картæ, стъолыл— телефон. Инæлар Чу- мак роялæй цæгъды. Дуар æрбахостæуыд. Æрбахызт Бахмач. Керенскимæ ма куы куыста, уæд ыл цы дзаумæттæ уыдис, уыдон ыл, йæ фарсыл — мау- ’ зер, йæ къухы — æрдæгцæттæ газет. . Б а х м а ч. Господин инæлар... . Ч у м а к. А-а, Озалия! Б а х м а ч. Господин инæлар, газет цæттæ у. (Дæтты йæм æй.) Ч у м а к. Газет никуыдæм аирвæздзæн... Æрцу-ма, (Бадын æй кæны йæ фарсмæ диваныл.) Б а х м а ч (дæрзæг цин). Господин инæлар... Госп... Инæлар æй дзурын нал бауагъта. Чумак. Æппынфæстаг, мах дæр адæм стæм. Бахмач. Дæхиуыл фæхæц, уыдæттæм нæ не ’вдæлы. . Чу м а к. А-а-а!.. Б а х м а ч. Дæхиуыл мæ ма ахуыр кæн. ! Чум а к. Озалия!.. Дуар æрбахостæуыд, сæхи адзæбæхтæ кодтой, инæлар газетмæ кæсы. Бахмач йæ размæ лæууы. Мидæмæ! _ : I Æрбахызти Аслæиджери. Цæй, хорз, редактор, рауадз дæ газет. Б а х м а ч. Хъусын. Ч у м а к. Хъусын дæм, поручик. Чумак сыстад. Картæмæ бацыдысты. Аслæнджери. Господин булкъ... Ныббар... Господин инæ- лар. Чумак. Поручик, цы ис ног хабарæй? Аслæнджери (амоны картæйыл). Æхсæзæм сырх æфса- ■ ды-штаб æрæнцад Вологдæйы. Се ’фсæдтæ æрцахстой суанг Пе- чорæйы доны онг. Се ’ппæт тыхтæ дæр ацы сахат арæзт сты, Во- логдæйæ Архангельскмæ цы æфсæйнаг фæндаг ис, уый фæйнæ фæрсты, стæй Урс денджызы Цæгат Котласимæ чи иу кæны, уы- цы цæугæдонмæ. Ч у м а к. Цы уавæры ис ныртæккæ Астæуккаг Мехренгæ та? Аслæнджери. Астæуккаг Мехренгæйы махæн цы мин .æмæ æрдæг æфсæддоны ис, уыдоныл æртыхст Уборевичы бригад. Ч у м а к. Раирвæзыныл архайдтой сæхæдæг? Аслæнджери. Архайдтой, господин булкъон, фæлæ... 121
Емецкæй сæм æххуыс кæнынмæ цы резерв арвыстам, уый фæн- даг Хадзымураты отряд алыг кодта... Ч у м а к. Куыд у йæ хъысмæт резервæн? Аслæнджери. Ныххæлиу, господин булкъон. Ч у м а к (тызмæгæй). Ныххæлиу æви фæцагъды? Аслæнджери. Фæцагъды. Паузæ. Ч у м а к. Цы уавæр ис мæнæ ам та? Аслæнджери. Чысыл раздæр уырдæм бабырстой Щени- ковы партизантæ æмæ сæхæдæг къæппæджы бахаудысты нæхн- онтæм:.. Фæлæ... Ч у м а к. Фæлæ? А с л æ н д ж е р и. Æмбисæхсæвы Хадзымураты хъæддæгтæ уым балæууыдысты æмæ... Ч у м а к. Уæддæр та Хадзымурат! Иу хъæддаг гæдыйы æр- цахсынæн не сты! Аслæнджери. Мæ бон у бафиппайын, господин булкъон.. Хадзымурат у æрдзæй æхсарджын хæстон. Царды зилдухæнты æгæр чн бахаудта, ахæм хæдахуыр командир. Цыфæнды уавæ- ры дæр. тынг арæхсы. Уæлдай тыигдæр арæхсы æхсæвыгон, уы~ гæй уæлдай нæу. Йæ разведкæ тыхджын у. Ч у м а к. Йæ сæйраг тактикæ?.. Аслæнджер иг Æнæнхъæлæджы искуыцæй æваст фæзы- ны, йæ размæ цы фæуа, уый æнауæрдонæй къуыхтæ кæны... Иу- хатт мæйдар æхсæв фондз æмæ ссæдз барæгимæ знаджы полкъ- мæ бабырста æмæ йæ ныххæлиу кодта... Фæсахсæвæр афицерты æд штаб сæ бæхты фæсарц æрбахастои. Æппынфæстаг, уый æр- цахста инæлар Красновы... Мæнæ ацы зылды цыдæриддæр хъæу- тæ ис, уыдон иууылдæр бацахста. Йемæ ис Щениковы отряд дæр. Ч у м а к. Цы мæрддаг у уыцы Хадзымурат?!. Паддзахы æф- сады уыд, Фыдыбæстæ æмæ паддзахы сæраппонд цыппар «Геор- гийы» ранста... (Паузæ.) Куыд дæм кæсы, йемæ уæхирдыгонау куы аныхас кæнис, уæд? Аслæнджери. Тæрсын, господин булкъон, куы ницы дзьг рауайа, уымæн... Иу хатт фæлвæрдтон... Чумак. Афæлвар-ма коджы иу хатт. (Йæхи рæвдз кæны цæуынмæ.) А с л æ н д ж е р и. Хъусын, господин булкъон... Æдас нæу ам. дæр. Ч у м а к. Кæмæй? Аслæнджери. Хионтæй... Салдæтты æхсæн амæнтджытге- сарæх, къазарматы ранæй-рæтты рауайы загъд, хъæлæба. Ч у м а к (Ахлæнджерийы картæйы размæ бакодта.) Куынæ сразы уа, уæд ын йæ сæр голладжы æрбахæсс æмæ ды дæр райсдзынæ цыппæрæм крест... Сæр дæ бахъуыд, мæ лымæн- лæггаг... Ацы сахат Хадзымураты отряд ис мæнæ ам! Фæнда- раст. 122
Аслæнджери ацыд. Гæрæхтæ. Чумак телефонæй дзуры. ’ Бахмач æмæ Чумаг амбæхстысты, æрбахызтысты Клещовитæ. Бахмач. Господин инæлар, Хадзымурат нæм æрбабыр- ста! Колоколчик (рахæр-хæр кодта Бахмачы). Æмбал Кле- щов, мæнæ Махно. Къудзиты бын æй ссардтам., Клещов. Сæ газеты редактор... Колокольчик. Махно! (Хæстæг æм бацыд.) Бахмач. Махно нæ, фæлæ Бахмач. К л е щ о в (йæ къух ауыгъта, «уый уæлдай нæу», зæгъгæ, кæсы йæм). Ды, Керенскийы тыргъты баст чи уыд, уый нæ дæ? Бахмач. О. Цæй, цæмæ ма у каст? Дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсыс, æз кæйдæртау æмризæджы не сриздзынæн уæ разы, слас дæ кард. Акъуыр мын мæ сæр, æндæр цы зонут? Клещов. Дæ сæр дын нæ акъуырдзынæн, фæлæ æгæр къæбæда куы уай, уæд дын дæ былтæ ракъуырдзынæн. Фесæф мæ цурæй тагъд! Бахмач æм кæсы, нæ йæ æмбары. Колокольчик. Уæгъд æй кæныс, æмбал Клещов? К л е щ о в. Хадзымурат сылгоймæгтимæ нæ хæцы. Бахмач фæстæмæ-фæстæмæ фæцæуы пыхцылсæрæй. Колокольчик (йæ размæ цæгъды, зары): Æз дæс чызджы уа-уарзтон, Фараст мæ дзы ферох, Охх, иуæн дзы рохгæнæн дæр нæй. Ракодтой инæлары дæр. Клещов (дисхуызæй). Ииæлар? Хаткр. Талынджы йæ нæ равзæрстам, инæлар сдæ уый?.. Колокольчик. Канд инæлар нæ, æмбал Клещов, йæ риумæ-ма йын бакæс — америкаг хæрзиуæг, К л е щ о в. Америкаг? Кæцы у? Колокольчик (амоны). Мæнæ. (Рафтыдта йæ.) Ай хъуамæ Хадзымураты уыдаид, хæрæджы куыст дзы уый куы фæкодта Америчы. К л е щ о в. Фæлæуу-ма, æмæ дын æй цæй тыххæй радтой уа- гæр? Цы сын сарæзтай? К о л о к о л ь ч и к. Куыд цы? Вашингтон хъахъхъæдта ам, Архангельсчы цур. Чумак (тæрсы.) Бауырнæд дæ, мæнæн иттæг æхсызгон у уæ фенд. Клещов æм хъусы. Салдæттæн уæ фæзминагæн хастон, газеттььуын кодтам уæ... «хъæбатырдзинады» кой. 123
К л е щ о в. Хъырнæг дæ нæ хъæуы? Ч у м а к. Нæ дæ æмбарын? К л е щ о в. Зарæг æнæ хъырнæгæй нæ фидауы... (Мæстыйæ.у О, кастыстæм уын уæ газеттæ, къултыл ныхæст уыдысты... Сы- мах Хадзымураты сæр зынаргъæй æлхæдтат, фæлæ дæ сæр йæ* размæ лæвар æртулдзæн. Ч у м а к. Ард хæрын, мæн нæ фæндыд уемæ хæцын. К л е щ о в. Ныхъхъус у, лæгсырд! Ды рувас дæ, тæппуд... Ч у м а к (фæхъыг ын). Инæлар Чумак! Сырхæфсæддон (дуармæ фæзынд). Хадзымурат фæцæфГ Клещов, Колокольчик æмæ дыууæ сырхæфсæддоны федде сты. Б а х м а ч (систа йе ’мбæхст ранæй чысыл дамбаца). Инæ- лар нæ, фæлæ булкъон дæр нал дæ. (Багæрах æй кодта.) Уæ- рæсе бабын. (Амардта йæхи дæр.) Хадзымурат (æрбахызт цæфæщ йæ фæдыл — Сокол, Клещов æмæ иннæтæ. Соколæн.) Фехъусын кæнут Уборевичæн: Шенкурок мах у! Æмбæрзæн. ÆСТÆМ НЫВ Хадзымураты штаб. Хадзымурат æмæ Сокол картæйы уæлхъус. Хадзы- мурат йæ лæдзæг иуварс фехста. Хадзымурат. Худинаг! Се ’мбис алыгъд... С о к о л. О, фæлæ горæт... Снегирев (æрбахызт). Æмбал командир, телеграммæ дæм... Хадзымурат. Кæцæй? (Райста йæ.) Снегирев. Нæ зонын. Хадз’ымурат (бакодта йæ кæсæнцæстытæ, ракæс-бакæс æм кæны... Зыны йæ былты змæлын... Йæ кæсæнцæстытæ фел- вæста æмæ гæххæтт мæстыйæ Соколмæ радта). Гъа, кæсгæ. Ды ахуыргонд дæ... Кæд æй ды уæддæр бамбарис... Цæмæндæр мæм сидынц штабмæ... Сокол (акаст æй йæхинымæр, бакаст Хадзымуратмæ). Ревтрибуналмæдæм сидынц. X а д з ы м у р а т. Цæмæ? Сокол. Куыд цæмæ? (Æрбамæсты, цыма ацы хъуыддаджы уый дæр æнаххос нæу, уыйау.) Ибон знагæй цы хæлц æмæ бæх- тæ байстам, уыдон адæмыл нæ байуæрстам?.. Нæ байуæрстай? Хадзымурат. Байуæрстон... Æмæ уы-м æвзæрæй цы ис? Сокол. Уын, æмæ сæ раттын хъуыд æфсадмæ... Штабмæ. X а д з ы м у р а т.% Штабы чи ис, уыдон, æвæццæгæн, никуы федтой нæдæр æххормйг лæг, нæдæр æнæ бæх кусæг лæг... Æз æмæ сæ ды та федтам... Мæ бынаты цыфæнды командир дæр 124
бакодтаид афтæ... Уалдзæг у ныр, адæмы хуым кæнын хъæуы, Шта€... Цы у шта/б? Гæххæттыты къуту, нæ сæ зонын? Со кол. Раст нæ дæ. Штабы кусджыты иу барæнæй ма бар. Хадзымурат (ратыдта гæххæтт). Уæдæ ахæм æртхъирæ-- ны гæххæттытæ цы æрвитынц, ам сын исчи Корнилов у? (Гьщ- цылгай-гыццылгай смæсты.) Гъы! Мæнæн тæрхон кæнынмæ хъа- вынц?.. (Анцъылдтæ кодта гæххæтт æмæ йæ аппæрста, дзургæ- дзурын æй фæуагъта, феддæдуар, æрбаздæхт сыджыты армы- дзагимæ.) Ай циу, уый зоныс?.. Зæхх... Æркæс-ма йæм, куыд згъæлы, уымæ. Æмæ йæ кусын.хъæуы... Цæмæй йæ хъуамæ ба- хуым кæна кусæг лæг?.. Штабмæ æнхъæлмæ кæса, цалынмæ йын бæх радта, уæдмæ? Цæй комиссар ма дæ, кæд уалдзæг циу, уын дæм нæ хъары, уæд? Снегирев гæххæтт снста, алæгъз æй кодта, стъолыл æй æрæвæрдта æмæ феддæдуар. Сокол (иуварсмæ). Цымæ сæм чи фæхабар кодтаид? (Систа тел, кæсы.) «Æвæстиатæй фæзын»... Кæд цæуыс? Хадзымурат. Кæд сæ мемæ исты ныхасаг ис, уæд æр- цæуæнт ардæм, мæн уырдæм не ’вдæлы... С о к о л. О, фæлæ уый бардзырд у. X а д з ы м у р а т. Нычъчъыртт ма йыл кæн! (Рацу-бацу сис-- та, æваст фæлæууыд, ехсæй йæ цырыхъхъы хъус ныцъцъыкк ласта.) Æз Хадзымурат ма фæхуыйнон, ацы гæххæт ныффыссæ- джы сæр куынæ акъуырон! (Бынтон æрæджиау æм бахъардта æмæ смæсты.) Юсуп! Ю с у п (æрбазынд). Хъусын, æмбал командир! Хадзымурат. Бæх мын! Сокол (Юсупмæ). Нæ хъæуы... Цæугæ. Хадзымурат. Сæвæр бæхыл саргъ! Юсуп сабыргай ахгæдта йæ фæдыл дуар. Хадзымурат рацæуы. Сокол. Æмбал командир! Куыддæр ацы къæсæрæй ахизай,. афтæ дæхи ахстыл нымай. X а д з ы м у р а т. Цы?! С о к о л. Афтæ! Хадзымурат. Хъус-ма, лæппу... Сокол. Комиссар!.. Хадзымурат. Гъемæ комиссар дæр фест. Сокол. Сбад-ма, æппынфæстаг, аныхас кæнæм лæгæй-лæг- мæ. Хадзымурат, днсгæнгæ, æрбадт, ай мын цы дзурдзæн, зæгъгæ. Æрбадт йæ фарсмæ комнссар дæр. Иуцасдæр ныхъхъус сты. Хадзымурат. Фæдæ дæ ныхас?.. (Иæ лулæйы тамако нæ- мы.) Бадымон? Сокол. Цалынмæ кæронмæ мæ ныхас фæуон, уæдмæ мæ ма бахъыгдар... 12&
X а д з ы м у р а т. Дымыны бар ис? С о к о л. Ныртæккæ цы кæнынмæ хъавыдтæ, уый куы ба- гкодтаис, уæд дæхæдæг дæр бабьгн уыдаис, æмæ æгас отряды та пырх ныккодтаиккой. (Паузæ.) Гъер æй бамбæрстай?.. Нæ, нæ, зæгъ-ма, дæу фæнды, цæмæй нын нæ отряд ныппырх кæной, уый? Цæмæ мæм кæсыс? Хадзымурат. Гъер ды ирон куы уыдаис, уæд афтæ нæ ’бакодтаис. С о ко л. Ома? Хадзымурат. Хистæр дæн азтæй... Ныр мæм куыд ныл- .лæууыдтæ фæстæмæ? Сокол (комиссар йæ ныхас фæлæмæгъдæр кодта). Хадзы- мурат, нæ дыууæ дæр Сырх Æфсады стæм, æфсæддои æгъдау *фидар цæмæй хъуамæ уа, ууыл архайæм... Ды та?.. Ацы гæх- хæтт ныффыссæгимæ æхсаргардæй ныхас нæ хъæуы, фæлæ за- къонæй ныхас хъæуы. Хадзымурат. Нæ йæм бауромдзынæн мæхи. Мæн аххос нæу, мæ туг ахæм у. С о к о л. Æз ацæудзынæн дæ бæсты... Хадзымурат (фестад). Хадзымураты бæсты никуыдæм :ма ничи ацыд. Сокол. Хадзымурат... Хадзымурат. Уæвгæ хорз... Сымах ахуыргонд адæм стут .æмæ кæрæдзийы хуыздæр бамбардзыстут... О, фæлæ дæ сæры- л-ъуынтæй иу æрду дæр куы... • Сокол. Хорз, хорз... Ю с у п (æрбахызт, хъæлдзæгæй сæ фенгæйæ, йæ цæсгом фæ- $ухс). Æмбал командир, бæхтæ цæттæ сты! Сокол (йæ къурткæ сынтæгмæ баппæрста). ’ Æз цæуын, Юсуп. Хадзымурат (Соколмæ). Мæ бæхыл ацу. Комнссар атахт... Хадзымурат Соколы къурткæ сынтæгæй систа æмæ йæ <сауыгъта. Ю с у п (комиссары фæдыл кæсы, стæй Хадзымуратмæ). Хъуыраныстæн... Нæ комиссар... Хадзымурат. Лæг у... Ю с у п. О, о. Æмæ йæ амæйразмæ лæпну куы хуыдтай? • X а д з ы м у р а т. Лæг кæй у, æз уый кæд бамбæрстон, уый .зоныс?.. (Йæ цухъхъайы ронæй сласта, фыццаг нывы Соколæй цы гæххæтт райста, уый.) Юсуп. Ильичы писмо... Ау, утæппæт рæстæг?.. X а д з ы м у р а т. Карз хæсты тьшыгъты æз уый мæ зæр’- дæйы фарсмæ фæхастон... (Юсупмæ ныккаст.) (Ю с у п. Цы кæныс? Хадзымурат. Æз арæх цæуыл * фæхъуыды кæнын, уый зоныс, Юсуп? 126
Юсуп. Цас зонииаг у! Æнафоны та искæцы штабмæ ба- бырсын æмæ... Хадзымурат. Нæ... Юсу п. Цæуыл ма, уæдæ, æндæр? Хадзымурат. 17-æм »аз ма хъуыды кæныс? Нæ иутæ бул- къоны фарс куы фесты, уæд мемæ цæмæн рацыдтæ? Ю с у п. Æмæ ды афтæ нæ бакодтаис? Паузæ. Хадзымурат. Ды афтæ нæ бакодтай, зæгъгæ, уæд, чи зо- ны, уыйбæрц/’нæ бауыдаиккам... Исчи мæ куы агура, уæд æз- уыдзынæн акъоппыты. Юсуп. Кæдæм цæуыс цæфæй? Æз сæ абæрæг кæндзынæн. Хадзымурат. Клещовæн зæгъ æмæ алырдæм развед- кæйы арвита. Юсуп.Хорз. X а д з ы м у р а т. Сæвæрæд хъахъхъæнджытæ кæрæтты, иу- ты та дзы раст знагæн йæ тæккæ фындзы бынмæ арвитæд. Ю су п. Хорз, дæ зæрдæ ма ’хсайæд. Баулæф. Хадзымурат.' Улæфгæ — уый фæстæ. (Ахъуыды кодта.) Цом-ма. (Аивгъуыдтой.) Æрбахызт Снегпрев. Цыдæртæ фыссы. Хъахъхъæнæг (æрбакаст). Æмбал Сорокæ, мæнæ хъæ- уæй чидæр æрцыд, кома»ндиры агуры. Снегирев. Рауадз æй. X ъ а х ъ х ъ æ н æ г. Марадз... Æрбауагъта йæ. Æрбахызт Аслæнджери хуымæтæджы зæхкусæджы да- рæсы. А с л а н д ж е р и. Уе ’хсæв хорз! Снегирев. Æгас цу, сбад. Хъусын дæм. Аслæнджери. Ды Снегирев. дæ? С н е г и р е в. Æз... (Фæкуыддæр.) Рæдийыс, æз Сорокæ дæн. Аслæнджери. Ацы къухдарæн никуы никæуыл федтай? Снегирев (фестад). Федтон. Аслæнджери. Иæ хицауы фæнды, отрядмæ хæстæгдæр^ рæстæджы цы фæндтæ ис, уыдон базонын. Снегирев. Цæй æрæгмæ фæзындыстут? А с л æ н д ж е р и. Фадат нæ уыд. Снегирев. Мæнæ ам отряды боныг æмæ йæ фæндтæ, мæ- хи чиныг фыссæг скодтон æмæ сæ уый хуызы фыссын. А с л æ н д ж е р и. Хорз, «Хуыцауы æрвыст лæг» кæй схуыд- той Цæгаты цæрджытæ, æз ныртæккæ хъуамæ уыимæ аныхас кæнон. С неги р ев. Ды? Аслæнджери. О. Æмæ кæд мæ ныхасы фæстæ ам баз- 127
зайа, уæд хъуамæ дыууæ-æртæ бонмæ мард æрцæуа. Снегирев. Хуыздæр уаид, дæхæдæг... Аслæнджери (паузæйы фæстæ). Ахæм хъуыды. дæр уы- ди, фæлæ булкъон не сразы. Снегирев. Ацы тæтæйраг... Фыййау куьтдзы хъахъхъæд яей кæны. Гъемæ хорз, чи йæ бахъуыддаг кæна, ахæм лæг дæр ис. Аслæнджери. Инæлар Снегирев тынг разы у йæ капи- тан-фыртæй. С н е г и р е в. Бузныг. Æдде бæхты къæхты хъæр. Æрбацæуы... Цæй, ауынаффæтæ кæнæм. (Аивгъуыдтой.) Фæзындысты Хадзымурат æмæ Клещов. Клещов (дуарæй). Санитаркæ! Хадзымурат. Уый та ма цав’æр санитаркæ у? К л е щ о в. Нæ ног сырхæфсæддон Мария. Хадзымурат (бахудт). Иæ мой партизантимæ ацыд, уый та ам... К л е щ о в. Ницы кæны. Фембæлдзысты, сæ фæндаг иу у. М а р и я (æрбахызт). Дзырдтат мæм? Клещов. О. Дæ ’бар æй кæнын. (Ацыд. Мария йын йæ жъахы цæф бæтты. Хадзымурат худы.) М а р и я. Риссы? Хадзымурат. Уæд худгæ кæнин? М а р и я. Уæдæ цæуыл худыс? Хадзымурат. Ныртæккæ мæм дæ лæджы мад искуыцæй куы ’рбакæсид!.. Савельевнæ афтæ загъта, нæмыг, дам, дьтл ъæ уайы. Уæдæ уый циу? Æццæй, нæ, Мария, искуы ма дзуар къуылых вæййы? М а р и я. Куыд худыс? Хадзымурат. Уæдæ кæугæ кæнон? Ай хорз хъуыддаг лæу, ног чындз мын мæ къæхтæ æхсы... Ацу, ацу, бузныг. Мария. Чысыл дæ фæллад æруадз. Хæст бгнцад. Хадзымурат. Рæстæгмæ. Хорз, хорз. Ацу. Баулæфдзы- нæн, цæмæ мæм кæсыс? Мария. Афтæ. Иухатт, чысыл ма бахъæуа, æцæг ма бау- уæндон устыты ныхæстыл. Уæларвон дæ кæй хуыдтой, ууыл. X а д з ы м у р а т. Æцæг? М а р и я. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, дыл кæмдæр хъæды знæг- тæ æртыхстысты æмæ, дам, дын сæ бон куы ницы бацис, уæд дæ алыварс бæлæстæ ак^лдтой, фæлæ, дам, ды бæлæсты сæр- ты агæпп кодтай, дæ урс бæх дæм кæм æнхъæлмæ каст, уы- цырдæм æмæ уæлæрвты атахтæ. X а д з ы м у р а т. Уый æцæг уыдис, Мария, гъе æцæг уæлæрв- ты нæ атахтæн, фæлæ дæлæрвты, зæххыл. М а р и я. Æцæг? Я28
X а д з ы м у р а т. О. М а р и я. Æмбал командир, ныр ирон адæмыл иууылдæр хъаматæ æмæ нымæттæ ис? Хадзымурат. Ай-гъай. Цы у хохаг лæг æнæ нымæт æмæ #нæ хъама? М а р и я. Чызджытæ та? X а д з ы м у р а т. Чызджытыл та ис, буар чи æмбæрзы, ахæм уæлæйы дарæс. М а р и я. Цæй-ма, æцæгæй дæ фæрсын. Хадзымурат. Æцæгæй зæгъын. Стæй къуырддзыкку не сты. Мæнæ хæст куы фæуа, уæд уæ Андреимæ нæхимæ акæн- дзынæн. Ацæудзыстут мемæ? М а р и я. Æнæмæнг... Хæрзаг рæсугъд у уым... Хадзымурат (паузæ). О, тынг рæсугъд у уым, Мария... Æмæ сæ Деникины лæгсырд-æрдонгтæ сæ къæхты бын змæн- тынц. ч Йæ хъуыдыйы адзæгъæл. Мария, йæ сагъæстæ йын куыд нæ бахъыгда- ра, афтæ арæхстгай ацыд. Хадзымурат йæхинымæр базарæгау кодта иро- нау... Сокол (æрбахызт). Æтт, Хадзымурат! Диссаджы æхсыз- гон хабар! Кафгæ! Хадзымурат йæхи рæвдз кæны, фæлæ ехс хæстæг æрæвæрдта. С о к о л (ехс ауынгæйæ). Уый та ма циу? Хадзымурат. Ацы къуылыхæй дзæгъæл <кафт куы фæуон, уæд æй базондзынæ... Сокол. Разы дæн. Кафгæ, уадз æмæ дын рисса! Хадзымурат. Æтт, уæдæ! Ходон лæгæн — чъисса. Уадз æмæ йын .рисса! (Кафы.) С о к о л (æвдисы газет). Сырх Æфсад æмæ хъæбатыр ирон партизантæ Ирыстон ссæрибар кодтой Деникины балбирæгътæй. Киров æмæ Орджоникидзейы телеграммæ — газетты. Хадзымурат (ныхъхъæбыс ын кодта). Ибон мын Са- вельевнæ афтæ: дæу, дам, хуыцау æрæрвыста ардæм, Цæгатмæ... Мах ирвæзын кæнынмæ... Æз та дæуæй зæгъын, комиссар, аф- тæ: хуыцау дæ æрæрвыста мæнмæ. С о к о л (бахудт). Мæн парти æрæрвыста. Хадзымурат. Æ’мæ, дæумæ гæсгæ, мæн чи æрæрвыста? О, хæдæгай, цæй, куыд? Æрхастай бардзырд мæн æрцахсыны тыххæй? С о к о л. Ды хъазгæ кæныс, фæлæ трибуналы хицау карзæй домдта де ’рцахсын... Цы нæ йын фæкодтон!.. Иу цыбыр дзыр- дæй, æгæр дын куы старстæн, уæд Уборевичмæ смидæг дæн. X а д з ы м у р а т. Æмæ? С о к о л. Æхсызгон ын нæ уыд дæ ми, фæлæ мæхи цур три- буналы хицаумæ ныдздзырдта... Ды, дам, Хадзымурат чи у, уый зоныс?.. 9 Хъайттаты Сергей 129
Хадзымурат (æхсызгонæй). Уый лæг у, лæг... Комбриг... Ирыстоны ссæрибары тыххæй та дæ хæрзæггурæггаджы лæ- вар — дæхи дзыхæй цыдæриддæр зæгъай, уый. С о к о л. Хорз. Мæ курдиат мын сæххæст кæн. Хадзымурат. Разы дæн цыфæнды курдиат сæххæст кæ- ныныл дæр. Сокол. Уæдæ абонæй фæстæмæ хистæр командирты цур дæхи... Хадзымурат (ныххудт). Æрцахстай мæ, комиссар! Гъе- мæ хорз... Иугæр Хадзымурат ныхас загъта, уæд æй сæххæст кæндзæн... Сокол. Уырны мæ... (Радтой къухтæ). Цæй, æз ацы хабар адæмæн фехъусын кæнон. X а д зы м у р а т. Марадз. Снегирев (æрбацыд). Æм-бал командир, риссы ма дæ цæф? Хадзымурат. Ахæм иугай цъæррæмыхстытæ... Снегирев. Дæ бон уазæгимæ аныхас кæнын у? Хадзымурат. Цавæр уазæг? Снегирев. Мæнæ ам ис. Ракæнон æй? X а д з ы м у р а т. О. Снегирев ацыд, фæзынд Аслæнджери. А с л æ н д ж е р и. Дæ <бон хорз, Хадзымурат. Хадзымурат (фестад). Аслæнджери?! Аслæнджери (бынтон æрæджиау). Марай мæ, нæ, æз хъуамæ мæ ныхас сæххæст кæнон. Мæн æрбарвыста инæлар Петренко. Хадзымурат. Уый уый амоны, æмæ уал ды дæ фыццаг ныхас сæххæст кодтай: афицер сдæ. А с л æ н д ж е р и. О. Цæй, уымæй уæлдай уазæгæн «сбад» дæр нæ зæгъдзынæ? Хадзымурат. Табуафси! Сбадтысты. ^ ! Аслæнджери. Бузныг. Хадзымурат. Хъусын дæм. Аслæнджери. Нæ зонын, мæ ныхас дæ зæрдæмæ фæ- цæудзæн æви нæ æмæ дыл, де ’рра туг дын зонгæйæ, рагацау мæхи фæдзæхсын. Ирон æгъдаумæ гæсгæ — æз де уазæг! Хадзымурат. Дзур! Аслæяджери (фæкъуылымпы). Булкъон Чумак стыр аргъ кæны дæ лъæбатырдзинадæн, дæ хæстон сгуыхтдзинæд- тæн... Иу цыбыр дзырдæй, фæнды йæ, куы сразы уай, уæд... X а д з ы м у р <а т (фестад). Дæ булкъонимæ кæрæдзийы ма- дыл.., Æрбахызх Сокад АС)?æнд^'ери сыстад.
Хъус-ма, инæлары æрвыст лæг... Дæ амонд у, æмæ дæхи ра- гаиау ныффæдзæхстай, фæлæ хъахъхъæ... Хæсты быдыры фем- Пæлдзыстæм. Сокол (дис хуызæй). Афтæ мæстыйæ дæ никуыма федтон. Хадзымурат. Заргæ куыд нæ кæнын!.. Ме ’мбæстаг мæм ялхæнынмæ .æрбацыд. Сокол æй базыдта. Булкъон Чумак æй æрбарвыста. Фесæф мæ цурæй, лæджы иом худинаггæнæг! Хохаг æгъдæуттæм гæсгæ дыл де знаг йæ- хи куы ныффæдзæхса, уæд ын уыцы рæстæг марæн нæй. Уый- йедтæмæ йын æз... (Хадзымурат фæгуырысхо, Сокол Аслæнджё- римæ цы цæстæй каст, уымæ. Аслæнджерийы тæрттæ ацахста.) Фæлæуу-ма, фæлæуу, иу хатт дæ ай нæ ныццавта? Сокол. Ауадз æй... Йæхи дыл ныффæдзæхста. (Аслæндже- ри тагъд-тагъд ацыд.) Хадзымурат. Куыдзы хъыбыл!.. Фæлæуу! (Йæ лæдзæг исы.) Сокол. Æрсабыр у, дæ цæф... Хадзымурат. Æз хъахъхъæнджыты абæрæг кæнон... Ацы халæттæ хуымæтæджы нæ уасьгнц... С о к о л. Æз дæр — демæ. (Ацыдысты.) Æрбахызт Снегирев, йæ фæстæ — Егор. Егор (тагъд-тагъд). Нæ, нæ... Гъа мæнæ де ’хца æмæ дæ дамбаца. (Æрæвæрдта сæ, Снегирев сæ лагъзы амбæхста.) Снегирев. Цы ма ’рцыд? Е г о р. Нæ йæм батасыд мæ къух. Æвæццæгæн æм æцæг йс тутыры чиныг... Знон мын бæх радта, йæ дзабыртæ мын йæ къа- лæй раласта. Снегирев. Гъы, бæх ын радта!.. Зæронд сæлхæр!. Ныр уал дын æй радта, стæй дæ æд »бæх фесафдзæн, дæ фырттæ афицер- тæ сты, уый куы базона, уæд. Мæнæ сæ къгмтæ...(Æвдисы сæ. Зæронд сæм фæцæйæвнæлдта, Снегирев сæ йæ дзыппы авæрд- та.) Афон куы ’рцæуа, уæд ,æм сæ æз мæхæдæг ратдзынæн... Афицертæн цы фæкæны, уый та дын æнæ зонгæ нæу. Знон фед- тай?.. Æрсабыр у, сывæллон нал дæ. Нывæр хæцæнгарз фæстæ- мæ... Мæнæ уал,дæ мыздæн йе ’мбис... Егор. Нæ, нæ... Си.етирев. Ныртæккæйæ хуыздæр фадат нæй... Хъæдмæ далдæр санчъехы æрмæст. (Листовкæ æмæ йын æхца йæ дзып- лы нытътъыста, радта йæм дамбаца дæр. Æдде уынæр.) Æр- <бацæуынц. Дæхиуыл хæц... Æрбахызтысты Хадзымурат æмæ Сокол. X а д з ы м у р а т. Егор? Æгас цу. Цы хур> цы къæвда дæ æрбахаста ацафон ардæм? 131
Егор цавддурау лæууы, стæй, листовкæ æмæ æхца цы дзыппы уыдысты, уыцырдæм нывнæлдта. Снегирев ис зын уавæры, стæн фехста зæронды. Егор æрхауд. Хадзымурат. Цы бакодтай? Снегирев. Хатыр!.. (Зæронды дзыппæй систа æхца, лис- товкæ, дамбаца.) Уайтагъддæр æй мæ зæрдæ зыдта... Ахсæв, дам, дæуæй уый æнæ фенгæ нæй... Знаг, кълассон знаг. Ахæр-хæр æй кодта, гæрахмæ æрбазгъордта Клещов, Снегирев дамбаца хуымпъыры æвæры. К л е щ о в. Цæмæн æй фехстай? Снегирев. Куыд цæмæн? Цæмæй командиры ма амара, уый тыххæй. Абан дæр ма уыд ам... Дызæрдыггаг нæу, ацы листовкæ дæр уый ныууагъта. К л е щ о в. Нæ йæ хъуыд марын... Æхсын мæ хъуыддæг у. Снегирев. Хатыр... Клещов. Дæ гæрзтæ!.. Снегирев (йæ хъуырæгънæг уæгъд кæны). Æмбал Кле- щов, ды... ды дзуапп ратдзынæ... Клещов (ауыдта къух, ацахста йæ, дамбаца дæр). Æмбал командир! Мæнæ цыппар æнгуылдзы, хицау. Хадзымурат. Тæрхондонмæ!.. Æфсæддон тæрхондонмæ раттын хъæуьг ацы хæрæджы хъыбылы... Акæнут æй! Сокол (фæцыд телефоны хъæр). Хъусын. Комиссар Со- кол... Кæй æхсæв у, уый хорзæх дæ уæд, æмбал комбриг. Хадзымурат. Уборевич? Цы та кодтон? Сокол. Хъусын... Æз? Æмбал комбриг!.. (Æрæвæрдта хæ- тæл.) Хадзымурат. Цы хабар у? С о.к о л (йæхæдæг дæр æй нæ зоны, цы хабар у, уый). Æм- бал Уборевич (бардзырд радта, цæмæй æз æвæстиатæй слæууьщ кæнон отряд. Хадзымурат. Ды?.. Æмбæрзæн ФАРÆСТÆМ НЫВ Тыгъд быдыр. Дардæй зыны æгæрон денджыз, йæ былгæрон — горæт.,. Денджызы — наутæ. Лæууы Дзæрæхохты Хадзымураты отряд. Рахизæрды- гæй тырысайы цур — Хадзымурат, йæ фарсмæ — Сокол, Клещов æмæ иннæ- тæ... Сыхъуыст бæхты къæхты хъæр. С о к о л. Æрхæццæ! ,Х а д з ы м у р а т. Цæугæ... Æрбахызт Уборевич* Сокол йæ размæ рацыд. 132
С о к о л. Æмбал Уборевич, отряд дæ бардзырдмæ гæсгæ слæууыд! Уборевич. Командир Хадзымурат! (Къухæй амоны, раз- мæ рахиз, зæгъгæ.) Табуафси! Хадзымурат (рацыд). Æз мæнæ... Дыууæйæн дæр се ’ргæмттæ адæмы ’рдæм. Уборевич. Уæрæсейы Æфсæддон Революцион Совет уы- наффæ рахаста... Дзæрæхохты Хадзымуратæн... йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Сырх Тырысайы Орден раттын. (Хъуы- сы «Ура», Уборевич Хадзымураты риуыл хорзæх æрсагъта, ныхъ- хъæбыс ын кодта.) Æмбæлттæ! Знаг тырныдта, Сыбырырдыгæй цы æрдонгтæ бырсынц, уыдонимæ ам, Цæгаты, баиу уæвынмæ. Стæй империалистты æххуысæй нæ Райгуырæн бæстæйы столи- цæмæ ныббырсын, нæ хурхыл нын бахæцын... Мах æхсæзæм Сырх Æфсадæн æмбал Ленин сæвæрдта хæс — знаджы уыцы фæндтæ фехалын æмæ сæ фехæлдтам. Нæ разæй — Архангельск! Хадзымурат. Уæ бæхтæм! Згъорынц, хъуысы фæдисы уадындзы уаст. Хадзымурат Уборевичы раз ле ’хсаргард йæ ны’хмæ фелвæста. Систа йæ къух йæ худмæ Уборевич дæр. Хадзымурат цырд фæзылд, фæаууон. Мæ фæдыл, хъæбатыр джигиттæ! Бæхты къæхты хъæр хæстон уадындзы мырты бын фæци. Кæр о н
ЧЫЗГАЙЫ КУЫ ХАСТОЙ... ДЫУУÆ АРХАЙДЫ АРХАЙДЖЫТÆ: Т а м а р æ — 65-аздзыд. А л и х а н — йæ фырт, 45-аздзыд. Д з и р æ т — 23-аздзыд. Т а н я — санинструктор, 23-аздзыд. Комиссар — 50-аздзыд. С а л д а т — 25-аздзыд. Дзирæты ф ы д —50-аздзыд. 3 о н д — зæронд лæджы хуызы. Уарзондзинад— æвзонг чызджы хуызы. И р б е г — фыссæг, 25-аздзыд. ФЫЦЦАГ АРХАЙД Æмбæрзæн байгом уæвыны агъоммæ чысылгай хъуысы «Цициляйы цагъд», стынг. Рахызт Ирбег, йæ уæлæ —сау костюм. æмæ урс хæдон. Цагъд æваст фæхъус. Ирбег. «Адæймагæн й-æ цард у алцæмæй зынаргъдæр, уый йын лæвæрд цæуы иунæг хатт æмæ йæ ацæрын хъæуы афтæ, цæмæй йæ уый фæстæ йæ ивгъуыд бонтыл фæсмон кæнын ма бахъæуа, цæмæй, йæ уд исгæйæ, йæ бон зæгъын уа: «Ме ’ппæт цард, ме ’ппæт хъарутæ дæр радтон дунейы рæсугъддæр хъуыд- дагæн — адæймаджы сæрвæлтау цард нывондæн æрхæссынæн». Хъуысы та фæндырдзагъд. Æмбæрзæн байгом. Разынд ма иу тæнæг æмбæрзæн, йæ тæккæ бæрæг астæу —ирон фæндыр æмæ цæссыгкалгæ ди- дннæджы нывæфтыдтæ. Цагъд мынæгæй-мынæгдæр кæны. Ирбег. Æрымысæм-ма уæдæ мах дæр нæ ивгъуыд бонтæ, ць|мæ дзы исты фæсмойнаг ис? Цымæ раст фæцардыстæм? Фæндыр фæхъус. 134
Æз ракæндзынæн сымахæн ахæм хабар, æмæ мæхæдæг æв- дисæн кæмæн уыдтæн царды. (Ацыд, сценæ байгом.) Уалдзæг. Дардæй зынынц цъитиджын хæхтæ. Горæтаг хæдзары хæрзæфс- цайд кæрт. Мидæгæй хъуысы чындзæхсæвы къæрццæмдзæгъд, фæндыры иагъд, хъазты зарæг æмæ хъæлдзæг ныхас. Хъазты уынæр фæсабыр. Рай- хъуыст «Цициляйы» мелоди. Кæрты фæзынд Дзирæт, йæ уæлæ—чындздзои дарæс, урс туфлитæ, къаба, йæ тæнæг урс кæлмæрзæн йе уæхсчытæм æрха- хх У сагъæсхуыз. Кæд абон йæ чындзæхсæо у, уæддæр цин иæ кæны, ца- кæрдæр уæззау мæт ын йæ зæрдæ калмау æууилы. > Д з и.р æ т. Хæрзбон, мæ чызгон бонтæ!.. О чызгои боитæ, уал- дзæгæй уæлдай куы не стут! Дидинæг рафтаут, дунемæ мид- былты рæвдаугæ худт бакæнут æмæ æрбатар вæййут! Фæлæ уæддæр цас цин бавзары зæрдæ! Фыццаг уарзондзи- над... Æвзонг зæрдæйы сæнттæ! Сæнттæ?.. Æз дæр уарзтон. О, о, фæлæ йæ сыгъдæг æнкъарæнтæ фæсмойнаг фесты. Фæсмой- наг? О, фæлæ мæ чындзæхсæвмæ та цæуылнæ æрбацыд? Нæ, нæ! Нæ мæ фæнды йæ фенын! Нæ фæнды? Чызг сагъдауæй аззад. Иæ сырхфарс уадултыл цыкурайы фæрдгуытау, агрызгъордтой цæссыгтæ. Ныджджих, стæй цыма хæххон æхсииæг хъæрц- цыгъайæ фæтарст, уыйау цыдæр æрбаци. Хæдзары фæсте æнкъардæй æрба- цæуы Алихан. Мидæгæй фыдæнæнау райхъуыст чындзхонты зард æмæ фæи- дыры хъæлдзæг зæлтæ. Лæппуйы цæсгомыл зыны катай. Ранхъуыстысты за- рæг «Чызгайы куы хастой»-ы ныхæстæ. Æз авд азы дæргъы мæ судзгæ зæрдæйы, Хæххон дидинæгау, дæ сурæт фæхастон. Нанайы рæсугъд чызг, дæ алы фæзылд дæр Къахдзæфтæй куы барстои. Кæйдæр лæппумæ мын иыр моймæ фæцыдтæ. Æмæ кæд дæ зарæг мæ уатæй нæ хъуысы, Уæддæр дæ, мæ бæлон, мæ хæххон æхсинæг, Æз арæх фæмысын. Сæрдыгои æхсæвтæ, цæй даргъ-иу ныйистут, Чызгайы’фæзындмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ! Мæ сау дыууæ цæсты куыд нæ рахаудысты, Чызгайы куы хастой? Лæппу ацыд æмæ ма фыдæнæнау зарæджы фæстаг ныхæстæ азæлы- дысты: Мæ сау дыууæ цæсты куыд нæ рахаудысты, Чызгайы куы хастой?.. Æрхауд дидннæгджын æмбæрзæн, Ирбег разынд. Ирбег. Дзæгъæлы бафхæрдтай Алиханы, Дзирæт. Уый дæ ^ындзæхсæвмæ æрбацыд, фæлæ йын кæйдæр фæндыры цины 133
мыртæ йæ фæллад зæрдæ быдираг ихау фæхостой. Алиханы хъусты азæлынц æрдæбоны зарæджы фæстаг ныхæстæ, æмæ тындзы сæхимæ. Уым æм æнхъæлмæ кæсы, йæ иунæгæн чи фæ- бадт, уыцы мад. (Ирбег ацыд.) Сценæ байгом. Тамарæтæм... Хæрзæфсиайд райдзаст уат. Мидæгæй ма зыны дуар. Стъолы уæлхъус бады Тамарæ. Бæрæг кæны скъоладзауты тет- рæдтæ. Рог гаруз йе уæхсчытыл конд, сæрбæттæн фæстæмæ абырыд æмæ зынынц йæ урс-урсид, фæлæ нырма бæзджын сæрыхъуынтæ. Раднойæ хъуы- сы Лекъты Таймуразы «Хонгæ цагъд». Хуры рухс тынтæ рудзынгæй æрба- калдысты. Ранхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Тамарæ баурæдта радно, бацыд телефонмæ. Тамарæ. Хъусын. А-а, Мисурæт?! Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд. Цы, цы? Чындзы, Дзирæт? Æмæ мын раздæр куыд ни- цы загътай? Знон? Æнæнтыст!.. Бузныг. Мæнæ ма мын цалдæр тетрады аззад, æмæ сæ куыддæр фæуон, афтæ фæцæуьгн. Чи йæ ракуырдта? Цытæ дзурыс? Чызджы зæрдæ чи бамбардэæн!.. Хорз... Амондджын хъуыддаг фæуæд!.. (Хъусæн хæтæл æрæ- вæрдта.) Чындзы цæуы Дзирæт?! Æрбахызт Алихан. Йæ мады цурмæ бацыд, æркасти иукъорд тетрадмæ, фæджих. Алихан. Гыцци, хуыцаубоны ма-иу уæддæр баулæф. Тамарæ. О, Гыццийы хур акæнай, мæн дæр .бæргæ фæнды баулæфын, фæлæ мæм райсом уроктæ ис. Алихан. Гьщцийы хур!.. Уыцы Гыццийы хурыл ныр цас цæуы, уый зоныс?.. Т а м а р æ. Цасфæнды йыл цæуæд, уæддæр нырма Гыццийы хур у мæнæн. А л и х а н. Дыууиссæдз азæй фылдæр. Тамарæ. Ныртæккæ та мæм йæ мад дзырдта... Абон йæ чындэæхсæв у. Хуын хæссын мæ хъæуы. А л и х а н. Хуьш? Тамаре Уы.й æцæг чысыл саби куы- дæ!.. А л и х а н. Кæдмæ мæ афтæ хондзынæ? Т-амарæ. Цалынмæ, кæй рæвдауон, ахæм фæзына, уæдмæ. А л и х а н. Райдыдтай та... Тамарæ. Дæхи арæвдз кæн æмæ цом. А л и х а н. Чи йæ ракуырдта? Т а м а р æ. Иу æрыгон фысоæг... Дзирæт, дам, æнæхъæн къуыри кæугæ фæкодта. Ал их а н. Кæугæ?! Тамар-æ. Чи ’рцæуа, уымæн хос нал ис. Æз мæхи арæвдз кæнон... 1 Фаллаг уатмæ бахызт, йæ фæдцл дуар бахгæдта. Алцхан рудзынгмæ бацыд, кæсы. 136
Алихан. Цæмæй зоныс, Гыцци, дæ урссæр фыртæн йæ зæрдæйы хъæдгом кæй нал байгас уыдзæн! Цæмæй зоныс ды, кæд Дзирæт моймæ цæуы, уæддæр йæ зæрдæ мемæ кæй баззай- дзæн! Стъолы уæлхъусмæ бацыд. Иæ дзыппæй систа писмо æмæ йæм кæсы. Дзирæты- х ъ æ л æ с. Æз бирæ фæхъуыды кодтон: пис- мо дæм фыссон >æви нæ? Цал æмæ цал хатты систон ручкæ, фæ- лæ та-иу мæ къух гæххæттыл æвæрдæй баззад. Сæры алыхуы- зон хъуыдытæ тох кодтой. Цасдæр афæлвæрдтон мæхицæй дæ сурæт асурыныл, уæддæр мæ цæстытыл уад ’æмæ фæстагмæ фæ- уæлахиз. Алихан. Дзирæт!.. Мæ зæрдæйы бирæ азты фынæй цьг уарзондзинад уыд, уый мын райхъал кодтай. Æз та дын дæ хъæлдзæг худт сагъæсæй раивтон. Ныббар!.. Æз æрмæст дæу амондæн... Гьщци, ма-иу фæтæрс, дæ «гыццыл хуры» сæрыл та уæл- дай халас куы фенай, уæд. (Зард). Фæрсыс мæ,Тыцци, цæмæн ныхъхъус дæн, гъей, Мæ сау сæрыхъуын цæмæй фæхалас, Цæмзэн фæцыдис сæ хуыз мæ рустæи. Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст. Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди, Бæрзонд арвæй мæм цы< стъалы хъазыд, Уый ацы уалдзæг .æрбайсæфт, Гыцци. Мæ сæр куы сурс и, мæ сæр <куы разылд. Уæдæй фæстæмæ цъæх арв — мæ хæтæн, Мæ сагъæс дзурын мæйрухс ’æхсæвтæн. Цы фæуон, Гыцци, кæнын дзæгъæлтæ, Мæ зæрдæ фæдих цыргъ карды цæфтæй... Зард фæцис. Алиханы сæнтты февзæрд Дзирæт æмæ йемæ ныхас кæны. Прожекторы рухсмæ зыны йæ цæсгом. А л и х а н. Хъуыды ма кæныс ацы зарæг? Д з и р æ т. Æз æм бирæ уарзтон хъусын. А л и х а н. Мæйрухс æхсæвты-иу Терчы был бадтыстæм. Дзирæт. Æмæ мын ды кодтай мæ уарзон зарæг. Алихан. Ды та-иу дæ сæр ме уæхскыл сæвæрдтай æмæ рæвдаугæ кастæ мæймæ. Дæ цыллæ дзыккутæ-иу мæ риуыл æр- калдысты. Дзирæт. Ды сæ-иу дæ къухтæм райстай æмæ сæ хæрдгæ- быдау дё ’нгуылдзтыл тыхтай. А л и х а н. Мæй-иу луæрста йæ тынты халбыдæй дæ рæсугъд сурæт. Дзирæт. Æмæ йæ ды Терчы уылæнты уыдтай. 137
А л и х а н. Мæнæн та-иу мæ къæмисæнтæ урс-урсид дардтой. Д з и р æ т. Мæнмæ та аргъауы цокораджын лæппуйы хуы- зæн кастæ. А л и х а н. Æз-иу мæ карæй æфсæрмы кодтон. Д з и р æ т. Мæнæй та-иу ферох дæ кар. Афтæ мæм каст, цы- ма æмгæрттæ стæм. Алихан. Мæ рустыл рæстæг æмæ цард цы дзывырвæдтæ ныууагътой, уыдон-иу мæйы рухсмæ тынгдæр зыидысты æмæ тарстæн. Д з и р æ т. Æз иухатт уыдоныл цæссыттæ федтон. А л и х а н. Ныххатыр кæн... Æз сæ æмбæхсынмæ хъавыд- тæн. Д з и р æ т. Фæлæ сæ æз кæрдæгхуыз къухмæрзæнæй ныс- сæрфтон. А л и х а н. Кæрдæгхуыз къухмæрзæнæй? Д з и р æ т. Уый уыдис фыццаг лæвар мæнæн. Алихан. Хæстæй сыздæхтæн уæд. Хъуыды ма кæныс уы- цы бонтæ? Д з и р æ т. Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайынц. Алихан. Æрлæууын та ма оæ кæнæм уæдæ нæ зæрдыл ногæй. Д з и р æ т. Разы дæн. Дидинæгджын æмбæрзæн сценæйы æрхауд. И р б е г. Цæй-ма, уæдæ акæсæм сæ ивгъуыд бонтæм, Æр- лæууын кæнæм нæ зæрдыл, куыд равзæрд сæ фыццаг уарзон- дзинад. Уый уыди афтæ. Фæталынг. Срухс. Хæдзар. Тамарæ бады стъолы уæлхъус æмæ цыдæр- тæ фыссы. Фæкомкоммæ йæ фырты писмомæ. Иæ куыст ныууагъта. Сыстад. К.ъулæй райста хуызист æмæ йæм æдзынæг кæсы. Алиханы хъæлæс. «Гыцщ{, мæхи Гыцци, дæ фæллад салдат фæх-æццæ Берлинмæ! Уæлахизы бон!.. Ныронг дæм ни- куы ныффыстон мæ хабæрттæ, фæлæ мæ тых æмæ мæ.хъару фæстæмæ ме уæнгты бацыдысты, мæ уæззау цæфтæ байгас сты. Дæ зæрдæ м»æм ма ’хсайæд. Тæхуды, тагъддæр дæ куы фении! Цы хабæрттæ ис Ирыстоны? Дæ цард куыд у? Фæнды мæ-дæ хъарм хъæбысы сабийау афын.æй кæнын, фыццагау. Дæ фæл- мæн къухты рæвдыд мьгсынц мæ рустæ. О, фæлæ ныр мæ сæр нучысыл фæхалас. Нæ командир мæ, хъазгæйæ, «зæронд лæг» фæхоны. Тыхсгæ ма кæн, Гыцци, рæхджы нæхимæ уыдзынæн... О, хæдæгай, иу æхсæв дыл фæстох талынг акъоппы зарæг скод- тон... Искуы дын æй азардзынæн... Цæй, хæрзбон уал». Тамарæ. Мæ хъæбул, мæ зараг лæппу, х.æст куы фæцис, уæд цæй æрæгмæ цæуыс!.. Де ’мгæрттæ æгас хæдзар куы ссард- той!.. Мæ сæр, дам, фæхалас... Дзирæты хъæр (æдде). Тамарæ!.. Тамарæ!.. 138
’Тамарæ къам стъолыл тагъд-тагъд авæрдта æмæ дуармæ фæуайы. Ду- ар фегом, æмæ Дзнрæт æхсинæгау хæдзары къуымты ратæх-батæх кæны. Дзирæт. Тамарæ!.. Тамарæ!.. Дæ хæрзæггурæггаг мæн. Тамарæ. Цы ха-бар у, мæ къона? Дзирæт. Раздæр уал — хæрзæггурæггаг!.. Тамарæ. Цы зæгъаи, уый —дæ фæхъхъау. Дзургæ, мæ зæрдæ ратоны. Д з и р æ т. Ма тæрс, дæ разы æрыгон дохтыр — Дзирæт.. Т а м а рæ. Цæй-ма, мауал мæ тухæнæй мар! Дзирæт патефонæй цæгъды «Ирон хонгæ кафт». Тамарæйы рахизыж кодта. Тамарæ кафы, фæлæ чызг йæхи нал баурæдта. Дзирæт. Каф, каф дæ къах-къухтыл! Алихан ссыд! Т а м а р æ. Мæ хъæбул ссыд, мæ хъæбул!.. Мад чызджы йæ хъæбысы ныккодта, стæй æддæмæ азгъордта. Дзирæт Тамарæйы кафт «фæзмы, фæлæ патефоиы цагъд фæурæдта æмæ хъуыдытц аныгъуылд. Дзирæт. Фæлæуу-ма, фæлæуу... Æмæ дзы ныр хæрзæггу- рæггаг та ды райсон? Иæ ныййарæгимæ æрбахызт Алихан капитаны дарæсы. Йæ риуыл — хæрзиуджытæ. Т а ьлгр æ. Мæ чысыл хъæбул!.. Алихаан. Гыцци, цæй-ма, цы хуызæтт.æ дæ, куыд цæрыс? Тамарæ. Стæ-ма, æз дын дæ цæстытæм бакæсон. Мæ сæр, дам, фæхалас! Куы сурс дæ уый бынтондæр! Алихан. Уый ницы 4сæны, Гыцци. Урс уæрьцск дæр у. Тама р æ. Мæ урс уæрыкк! (Сгары йæ фырты цæнгтæ, æгас буар дæр~) Алихан. Мæхи къæхтыл лæууын, ма тæрс, уæдæ къухтæ дæр... Т а м а р æ. О мæ ахсджиаг!.. Алихан Дзирæтмæ фæкомкоммæ, бæрæг у, кæйдæр ын æваст йæ зæр- дыл кæй æрлæууын кодта. А л и х а н. Гыцци, ацы дзæбæх чызг та чи у? Т а м а р æ. Базои-ма й*æ! Алихан. Уæллæй, Гыцци, нæ зонын... Тамарæ. Уый Дзирæт у, Дзирæт, нæ сыхаг чызг. Хъуыды ма йæ кæныс? Гыццылæй дæуыл куыд ахуыр уыд? Алихан. Ау, Дзирæт ахæм чызг ссис?! Йæ хъæбысы Аæ ныккодта. Чызджы фæсонты тæвд лæппуйы къухтæ асыгъта, æмæ йæ суагъта, фæлæ байрæджы. Дзирæты цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, .зына-нæзына бахудт. Тамарæ. Ацы аз мединститут каст фæцис. 139
А л и х а н. Мединститут? Уæдæ уæд иумæ кусдзыстæм. Æз — хирург, ды та — мæ хæдивæг... Тамарæ дæтты Дзирæтæн чиныг. Т а м а р æ. Хæрзæггурæггаджы лæвар... Д з и р æ т. Бузныг! А л и х а н. Æмæ æфсæрмы та цæмæн кæныс? Т а м а р æ. Æмæ цæуылнæ хъуамæ кæна æфсæрмы? Ныр чындздзон чызг у! Алихан. Абоны хуызæн мæ зæрдыл лæууы. Ныр ма йæм бакæс! Чындздзон чызг! Т а м а р æ. Абадут, мæ хуртæ, æз ныртæккæ исты ацæттæ кæнон. Тамарæ ацыд. Сбадтысты диваныл. Алихан. Гыцци дын иухатт гуыл куы окодта... Æз тагъд- тагъд кæцæйдæр æрбауадтæн æмæ дæ хæргæ æрбаййæфтон. Цалынмæ Гыцци .мæнæн хæринаг лæвæрдта, уæдмæ дьгн дæ гуы- лы æрдæг... Д з и р æ т. Ивгъуыд бонтæ... А л и х а н. Ды куыдтай ,æмæ дын æз «Сидзæр сæныччы» ар- гъау ракодтон. Йæ армыл ын бандзæвыди, чызг калмы цæфау фестъæлфыд, фæлæ йæ къух нæ атыдта... Стæй фестад, иу хатт ма фæкаст лæппумæ æмæ алыгъд. Ирбеджы хъæлæс. Гъе, афтæ!.. Хохаг дурты ’хсæн хуры тынтæм хжххон суадон куы стона, уыйау райгуырд Али- хан æмæ Дзирæты фыццаг уарзондзинад. А л и х а н. Цæмжн мæм афтæ æдзынæгæй каст? Таняимæ кæ- рæдзи цæрмыстыгъд бакодтой. Дзирæт нырма сывæллон у мæ разы... Нæ, нæ, уымæн уæвæн нæй. Ме ’взонг, мæ хуыздæр азгæ арвыстон царды тымыгъты... Кæд фыццаг уарзондзинад хорз иæ •бамбæрстон, мæд мæ хъæдгæмттæй æгæр бирæ туг фæцыд, уæддæр мæм афтæ кæсы, цыма абон ме ’вддæоæм уалдзæг ра- лæууыд. Таня... Дзирæт... О, о, куыд æнгæстæ стут!.. Фæталынг. Прожекторы тынтæ рацахстой Таняйы цæсгом. У Дзнрæты ’ æнгæс, йæ уæлæ — æфсæддон дарæс. Хъуысы Таняйы хъæлæс. Таняйы хъæлæс. Æмбал капитан!.. Алихан!.. Нал мæ хъуыды кæныс? Уый æз.дæн, Таня, дæ ротæйы санинструктор. Дæ зæрдыл нал лæууы? Сталинграды цур куы фæмард дæн. Дæхæдæг м-æ куы баныгæдтай. Ды дæ уарзоидзинад æмбæхстай, мæнæн та йæ мæ бон бамбæхсын иæ бацис: дæ цæстытæм дын- иу кастæн... Мæ ингæны раз æхсæв-бонмæ зьгбыты иунæгæй фæ- лæууыдтæ. Урс дидинджытæ мын æрхастай. Дæ цæссыгтæ дæр дын федтон. Нæ куыдтай, зæгъыс? Уæдæ уæд дидинджытæ цæ- маЬй суымæл сты? Æви сæууон -æртæхы надтой сæхи мæрдвæ- лурсæй? ’ Дидинæг нывæфтыд æмбæрзæн æрхауд сценæйы. 140
И р б е г. Фæхæссынц йæ хъуыдытæ Алиханы уæды тæссаг бонтæм. Цоодут семæ мах дæр. Хæстоны зæрдæхудт ма рай- сæм. Уый мах сæрвæлтау хаста йæ сæр. (Йæ цæстытыл та ауад ныв: цыма тохы сау мигътæ арв сæхгæдтой, йæ хъустыл уайынц сармадзанты богъ-богъ, хæдтæхджыты гуыв-гуыв, пулеметты æнæрынцой къæр-къæр. Цыма та бæстæ уæдау мæрдон фынæй бацис. Зынынц æм цонгсаст бæлæстæ, пырх фæндæгтæ.) Цæй, уыцы нывмæ бакæсæм мах дæр, тыфылтæ чи не ’рæййæфта, уы- дон. (Зæлынц æфсæддон зарæджы мыртæ.). Фæталынг. Авансценæйы. Ногæй та фæзынд Таняйы цæсгом. Таняйы хъæлæс. Ды уыцы зарæг никуы кодтай мæ- нæн? Ныббар мын. Алихан... Дæ мастыл та дын цæхх зæрдын. Рæхджы мæм, æвæццæгæн, уый бар нал хаудзæн... Дæ зæрдæйы дын ахстон сбидзæн хæххон æхсинæг. Æрымыс-иу ивгъуыд бон- тæ. Хъуыды ма кæныс? Ды цыдтæ разведкæйы, чи зоны, фæстаг хатт... Сценæ байгом. Срухс. Мæй кæсы. Æрдузы кæрон бæласы бын—æф- сæддон цатыр. Рахызтысты комиссар æмæ капитан Алихан. К о м и с с а р. «Зæронд», æмбисонды мæйрухс æхсæв... Алихан. Ахæм æхсæв-иу æз, æмбал комиссар, уарзтон хъæмпы цъынайы сæр хуыссын. (Ныххудтысты.) Комиссар. Цæй, хорз! Иу хатт ма дын фæдзæхсын, ка- питан, тынг -æхсызгон хъуьиддагмæ цæуыс ацы æхсæв. Хуры скастмæ мах хъуамæ абьирсæм размæ. Нæ дивизийы акомкоммæ цы немыцаг æфсæддон хæйттæ ис, уыдон бæлвырд базоныны тыххæй хъæуы «æвзаг». А л и х а н. Бамбæрстон, æм«бал комиссар! Комиссар. Дæ гæххæттытæ æри. А л и х а н. Хъусьш. Алихаи йæ докумеиттæ комиссармæ дæтты. Комиссар йæ сахатмæ æр- каст. \ Комиссар. О, иучысыл-ма баулæфын дæ бон у. Алихан. Уьий фæстæ баулæфдзынæн, æмбал комиссар. Комиссар Таняйы ауыдта, йæ мидбылты бахудт æмæ дæлгоммæ ныхас кæны. Комиссар. Дæхи хъахъхъæн... фæндараст-иу фæу. А л и х а н. Бузныг, .æмбал комиссар. Комиссар ацыд. Алих.ан. Мæ гæххæттытæ комиссармæ. Мæнмæ ма баззад хæцæнпæрзтæ æмæ Таняйы къам... Цæмæндæр мæ йæ фенын тынг фæнды. Мæнæ та куыд лæмæгъ разындтæн! Цæуын, æнæ «хæрзбон» зæгъгæйæ, кæннод та мæм йæ зæрдæ æхсайдзæн. Алихан фæцæйцыд, фæлæ Таня йæ размæ фæцис. 141
Т а н я. Æмбал капитан!.. Алихан. Таня?! Т а н я. Куыд дурзæрдæ дæ, куыд никуы акæныс мæн демæ?Г Алихан. Таня, цытæ дзурыс? Никуыдæм цæуын. Т а н я. Сайыс. Хатыр... Бæлццонхуыз дæ. Разведкæйы та: цæуыс? А л их а н. Таня!.. Т а н я. Фæндараст... Алихан. Гъе уый æндæр хъуыддаг у! Цæй, хорз уал бай- рай! Алихан ацыд. Таня йæ фæстæ кæсгæйæ баззад. Т а н я. Фæндараст... Алихам!.. Бæласы æнцой слæууыд. Чысыл фæстæдæр райхъуыст. зарын: Уæ, мæ хур, чи уарзы иудадзыг, Уый у тæхудиаг, амондджын, Де сдзьирд, дæ бахудт, дæ фидауцæй Абон фæдæн æз уæззау рынчьш. Нал ис мæнæй хъалдæр арвы ’бын, Зарын дыл æмæ дыл зардзынæн. Цæй-ма, -кæд уыдзæнис, йарæбын, Афон у исты дзуапп раттынæн. Усгур лæппутæн цæй адджын дæ! — Уыдон дæм къахихсыд баисты. • Фæлæ дæ буц хорз ныййарджыты Никæмæн ратдзынæн кайыстæн. Фæталынг. Хъæды къох. Алихан æмæ йе ’мбал салдаты немыц бафип- пайдтой æмæ сыл æрхъула сты. Тох цæуы цардæй мæлæты æхсæн. А л и х а н. Цъаммартæ, нæ .алыварс æртыхстысты! Салдат. Æмбал капитан, цом, иу фæлвæрд-ма скæнæм, кæд аирвæзиккам. Алихан. Дыууæйæ нæ аирвæздзыстæм, фæлтау ды быргæ, æз сæ бауромдзынæн. С а л д а т. Уый та куыд, æмбал капитан?! Æз дæу ам иунæ- гæй нæ ныууадздзьинæн, цæф дæ!.. Ал и х а н. Æххæст кæн бардзырд! Ацы картæ комиссармæ ратдзынæ. Курьш дæ, фæстиат нал!.. С а л д а т. Хъусын, æмбал капитан! Салдат ацыд. Капитан æнауæрдон тох кæны. Фæталынг. Ногæй та æрдузы кæрон бæласы бын — æфсæддон халагъуд. Иæ разы кæрдæгæй конд хуыссæ- ныл — Алнхан, йæ ных бинтæй баст. Йæ уæлхъус — комиссар. Фæдисхуызæй фæзынд Таня. Т а н я. Алихан!.. 142
Комиссар. Фæллад у, тынг фæллад. Тькххæй ма йæ бай- стам знаджы дзæмбытæй. Бауадз æй иучысыл. Куы райхъал уа, уæд мæм-иу фæдзур. Таня. Хъусын, æмбал комиссар! Æдде хъуысы сармадзанты нæрын, хæдтæхджыты гуыв-гуыв, бомбæты гыбар-гыбур. Уæлдæфон фæдисмæ сиды уадындз. Таня рæвдз азгъордта. Бæ- стæ сæнкъуыст. Алихан архайы сыстыныл, фæлæ йæ бон нæ бацис. Уæлдæфон хæст фæсабыр. Æрбацыд комиссар, йæ хъæбысы — мардæй Таня. Алихан. Таня!.. ’ , Фæталынг. Фæзынд та прожекторты рухсмæ Таняйы цæсгом. Т а н я й ы х ъ æ л >æ с: «Фæстаг хатт»!.. Æз дын фервæзын æнхъæл нал уыдтæн. Д.æ цæфтæ дын æрмæст иунæг баст ба- кодтон. Дарддæр мæ къухы нал бафтыд... Знаджы нæмыг мын ахуыссын кодта мæ цард. Æмбисыл аскъуьгд ме стыр уарзты рæсугъд зарæг. Ды та абон æгас хæдзар ссардтай. Цин дыл кæны дæ ныййарæг, рæвдауы дæ, фæлæ, цымæ, мæ мад та цы ми кæны? Зон, уый йæ иунæг чызджы марды тыххæй йæ саутæ нал раласдзæн. Дидинæгджын æмбæрзæн. Авансценæйы прожекторы рухсмæ. Алихан. Таня... Мæхи къухтæй дæ куы баныгæдтон!.. Ба- ныгæдтон? Нæ, нæ! Цытæ дзурьш! Таня, ды мард нæ дæ! Чы- сыл раздæр тæ цурæй алыгъдтæ. Дæ лæвар ^ъухмæрзæн фæс- тæмæ ахастай? Нæ, уый Дзирæт уыдис. Æви мæм æвзонджы хукзы фæзындтæ? Мве мадмæ хæрзæггурæггаг даёхæдæг фæдæ? Нæ, уый Дзирæт уыдис. Уæвгæ ды дæр ныр афтæ æрыгонæй баззайдзьшæ. Æнахъомæй чи амæлы, уыдон зæронд нæ фæкæ- нынц. Авансценæйы иннæ кæрон прожекторы рухсмæ зыны Ирбег. Ир’б’ёг. Æгъгъæд, ^ахъ хæстон! Скæн дæ фæллад хъуыды- тæн кæрон... Ивгъуыд бонтæн раздахæн нал ис. Акæс-ма, куыд рæсугъд у дуне... Дæ зæрдыл ма лæууы, иухатт Дзирæтимæ уыгæрдæны сабитау куыд хъазыдькртут? Сценæ байгом. Хъуысы ирон музыкæ. Сæрдыгон зад дидинæгджын уы- гæрдæны фæзындысты Алихан æмæ Дзирæт. Сæ къухты — дидинджытæ. Рæ- сугъд бæрз бæласы бынмæ зæрватыккау æрбатахт Дзирæт, йæ рог къабайы кæрæттæ йын дымгæ фæйлауы. Бæласыл ныттыхст, цнн кæны. Иæ уæлхъус афр’балæууыд Алихан. Ницы дзурынц, фæлæ сæ цин, сæ цæстæнгасæй бæрæг у, амондджын кæй сты. Арф комæй хъуысы хæххон знæт доны зарæг. Алихан. Дæ бонтæ хорз, мæ фыдæлты зæхх! Куыд адджын у дæ иу фенд дæр! Ды фæллад бæлццæтты барæвдауыс, ный- йарæг >мадау, оæ зæрдæйы хъæдгæмттæ сын бадзæбæх кæнью дæ комы улæфтæй. О айнæг хæхтæ, радзурут-ма, фыдæй-фырт- мæ цы федтат? О хæххон дæттæ, радзурут-ма, цæуыл у уе ’ну- 143
сон зарæг? Цæуылнæ зæгъут исты, айнæг-къæдзæхтæ? Равди- сут-ма .нæ фыдæлты зæппæдзты сусæгдзинæдтæ, оæ маст æмæ сæ цин. Цæуыл цагъта гуырвидауц чыз-г, цæуыл куыдтой йæ фæндыры тæнтæ? (Рындзæй цæргæсау фæлгæсы.) Ирбег. Нæ фыдæлты зæппæдзтæ, уæ фарн ын ныххатыр кæнæд, кæд йæ сонт митæм уæ худтæ дæлдæр æркодтат, мый- йаг... Уый уæ фæллад дард бæлццон у. Федта хæсты зындзи- нæдтæ, царды дæрзæг фæндæгтæ, хъахъхъæдта уæ знаджы чъи- зи къухтæй... Нæ йæ -равдæлди рæсугъд чызджы уарзондзинад- мæ... Фæлæ та йæм раздæхтысты йæ рагбонтæ, уалдзæг æм йæ мидбылты худы. Иæ ныхæсты рæстдзинад, йæ цин ын йæ уар- зоны сау цæстыты фендзыстут. Дзирæт (æдде). Алихан, ардæм рацу, дидинджытæ æр- тонæм! А л и х а н. Фæцæуын! (Азгъордта.) Ирбег. Уæлмигъты амонды сидтмæ бумбулиау фæтæхы Алихан. Тæхы, фæлæ йæ сæрыл тох кæнынц Зонд æмæ Уарзон- дзинад... Чи сæ фæуæлахиз уыдзæн, цу æмæ йæ ды равзар!.. Куы уаид адæймаджы хъуыдытæ фенæн, куы уаид зæрдæмæ ныккæсæн, у.æд мах фениккам мæнæ ахæм ныв. Сыхъуыст «Фæндарасты цагъд». Фæзуаты цъæх кæрдæгыл фæзынд Уар- зондзинад рæсугъд чызджы хуызы. Доны чызджытимæ йыл кафт бацайдагъ. И р б е г. Кæсут, уый та уьш Уарзондзинад йæхæдæг! Чыз- джы хуызы нæм фæзыны... Кафы... Уый уарзы æмæ йæ ницæ- уыл хъуыды кæньш фæнды ныртæккæ... О, фæлæ алцæмæн дæр ис æгъдауæвæрæг. Царды æмдых кæй хонынц, уыцы Уарзондзи- надыл дæр ис рохтæ—Зонд. Иæ размæ ’рбацæуы уый ныр урс- зачъе зæронд лæджы хуызы. Æрбахызт Зонд. Цагъд æрдæгыл аскъуыд, фæпырх сты доны чызджытæ. Уарзондзинад ахст цъиуау иунæгæй аззад. Зонд. Циу ай, Уарзондзинад, цæмæн рæдийын к-æныс дыу- уæ уды? У а р зондзинад. Мæн аххос нæу, Зонд. Зын фæндæгтыл рацыд Алихаи. Æз ын йе ’взонджы бонты цы уарзондзинад ба- лæвар кодтон, уый хæст ахаста æмæ та йæм ныр фæстæмæ æрыздæхт. 3 о н д. Иæ кары уарзт ын ратт. Уарзондзинад. Уый мæнæй аразгæ нæу. Зонд. О мæ хур, Уарзондзинад, цард æнæ дæу æнкъард, æвидауц уаид, фæлæ дыууæ уды дæ уацары куы бахауынц, уæд- дæр æдзух оæ амонд дæргъвæтин нæ вæййы. Уарзондзинад. Æмæ уый мæн аххос у? Зонд. О, дæу аххос, уымæн æмæ дыууæ адæймаджы ды баиу кæныс, йæ удыхъæд дзы кæм:æн цавæр у, уый нæ раирта- сыс, афтæмæй. Уарзондзинад. Дæ бонæй уай, Зонд! Æз, дымгæ мæ- 144
нæуы хуым фæйлаугæ куы ацæуы, уыйау алкæмæн дæр йæ ри« уы бацæуын, стæй уæд уыдон сæхæдæг кæрæдзийы фæагурынц. Уæдæ куыд? 3 о н д. Куыд? Мæнмæ-иу сæ.æрбарвит зондагур. Уарзондзинад. Бахатыр кæн, хистæр дæ, Зонд, фæлæ уьщы х’æс æз .мæхимæ нæ исын. Æз кæй зæрдæйы ссудзон, уы- мæн дæ бон ницыуал суыдзæн. 3 о н д. Раст .нæ дæ. У а р з о н д з и н а д. Ам ды мæнæй æдыхдæр дæ. 3 о н д. Уый раст у, уарзондзинады зæд ды дæ, фæлæ ма мын зæгъ, цы *орздзинад ма у дæ бон адæмæн фæуын? Уарзондзинад. Цы хорздзинад? Ау æмæ уый нæ зоныс? Ныббар мын, хистæрмæ афтæ къæйных дзурын хорз нæу, фæ- лæ æндæр гæнæн нал ис. 3 о н д. Дзур! Уарзондзинад. Зæгъ-ма, ды нæ уарзыс? 3 о нд. Мисхалы бæрц дæр нæ! Уарзондзииад. Дзæгъæлы хъуыды кæныс афтæ. Уæдæ цæмæн тыхсыс ацы дыууæ уды хъысмæтыл? Зонд. Æ<мæ, дæумæ гæспæ, æнæ уарзгæйæ адæймаджы хъысмæтыл тыхсæн нæй? Уарзондзинад. Нæй. ’Ахъуыды-ма кæн дæхæдæг... 3 о н д. Раст мæ зæгъыс, Уарзондзинад. Суанг ма мæнæн дæр дæхи зондамонæг скодтай. Уарзондзинад. Ныббар мын, кæд дæ истæмæй баф- хæрдтон, уæд... Дардæй цæуы Алихан æмæ Дзирæты худын. Уарзондзинад. Фæлæ-ма хъус дыууæ уарзæгоймæ, куыд ныррухс сæ уындæй дуне, дидинджытæ сæм мидбылты куыд ху- дынц. Зо«д. О, тæрсын, уыцы диссаджы уарзондзинад цы аæрдæ- ты фыцы, уыдоны хæрамдзинад фæстæдæр цъæх арт куы уадза. Уарзондзинад. Уымæн дæр ис хос. Мах æмвæнд куы уæм, уæд сæ цард никуы фехæлдзæн. 3 о н д. Æз æнæсæрфат хъуыддажды демæ цæдисон нæ дæн. У а рзондзинад. Куыд æгъатьгр дæ, цæмæн калыс уар- зондзинады артыл ихджын дон?! 3 о н д. Мæнæн мæ хæс у уарзт æмæ сæнттæн сæ рохтыл хæ- цын. Адæймаг зæххыл æппæты барджындæр мæ фæрцы у. Уарзондзинад. Уый раст у, фæлæ йын йæ миддунемæ искуы .ныккастæ, йæ рæсугъд æнкъарæнты змæлдæн ыи исты зоныс? Зонд. Уый мæ хъуыддаг нæу. Цæй, хæрзбон, æрбацæуынц дæ уарзæттæ. Нæ мæ фæнды сæ фенын. Уарзондзинад. Æз дæр цæуьш. Нæ мæ фæнды сæ хъыгдарын. 10 Хъайттаты Сергей 145
Зонд. Фæвдараст! Æрмæст дæ зæрдыл дар: мах нырма атох кæндзыстæм!.. Зонд æмæ Уарзондзинад фæйнæрдæм ацыдысты. Худгæ æрбазгъордтой Алихан æмæ Дзирæт. Сæ къухты — алыхуызон ди- динджытæ. (Зард): Цымæ уæ дуæртты чи ’руайы Изæрдалынгты тагъдгоодау, Æмæ дæ уаты рудзьшпæй Кæмæ ракæсыс аивæй? Цымæ «тæхуды... тæхуды», Зæгъгæ, цæй охыл акæныс? Цымæ нæ тымбыл хъазты та Кæй ном фæмысыс фæндырæй? Цым.æ уый афтæ амондджьш Иæ цæргæ бонты чи уыдзæн? Уæд та зæрдæйæ зæрдæмæ ( Ныккæсæн к’уаид, æй-джиди! Дзирæт. Мæрдты исты куы уаид, уæд уыдон рацæуиккой æмæ ацы зарæгмæ хъусиккой. Кæс-ма, æз дьш ныртæккæ дæ уыцы рæсугъд зарæджы тыхх1æй диссаджы дидинæг æрбахæс- дзынæн. Æрдæбон æй æртонынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæм куы бавнæлдтон, уæд цыма йæ цæссыгтæ æркалдта. Ныр æй æртон-» дзынæн. (Дзирæт азгъордта.) Алиха-н. Нæ хъæуы... «Фæлæ йæм куы «бавнæлдтон/уæд цыма йæ цæссыгтæ æркалдта». Æз дæр уымгæй тæрсын... Зонды хъæлæс. Раст зæгъыс, <м.æ уд — дæ фæхъхъау. А л и х а 1Н. Фæлæ æнæ дæу цы уыдзæн мæ цард?! Уар.зондзинады ^ъæлæс. Ууыл дæ ахъуыды кæнын хъæуы!.. . Алихан дидиндæжы бастæй иу дидинæг раласта æмæ йемæ ныхас кæны. Алихан. Зæгъ-ма »мын ды, æвзонпдзинады минæвар, Дзи- рæт мемæ амондджын уыдзæн? 3 о н д ы х ъ æ л .æ с. Никæд! Уарзондзинады хъæлæс. Мыггагмæ амондджын! Алихан. Æви дæуау, тынд дидинæгау, баруайдзæн? 3 о н д ы х ъ æ л æ с. Æнæмæнг афтæ уыдзæн. Уарзондзинады хъæлæс. Æгонгæй. Баууæнд дæ уарзтйл. Алихан. О, мæ Зонд æмæ мæ Уарзт, иæмæн ныссуйтæ стут; иу уæ иннæйы ныхас цæуылнæуал æмба-ры? Цы кæнон уайдæ ныр? Дзирæт... Дзирæт... Дидинæг куы ’ртонон æмæ куы бахус уа, уæд зад уыгæрдæны ног æртондзынæн.' Фæлæ, Дзи- рæт, дæунмæ мæ хъысмæт куы бабæттон, æмæ дын дæ судзгæ 146
уарзтæн дзуапп раттын мæ бон куынæ бауа, куьг баруайай, уæд; ма дæ иæм агурдзынæн? (Зард): Тæрсын æз, мæ ныхы æнцъылдты Куы фæкæлай, чызгай, мыййаг. Дæу аккаг куьшæ суой мæ дзырдтæ, Мæ.зæрдæ куы нæ суа дæ фаг... Зонды хъæлæс. Æнхъæлдæн, уæлахиз кæнын. Уарзондзинады хъæлæс. Фендзыстæм. Дæхи загъ- дау: «Мах нырода (атох кæндзыстæм». Дзирæт (æрбазгъордта). Диссаг! Алихан, куьг йæ а&ртыд- тон, уæд мыл мыдыбындз йæхи ныццавта, æмæ мæм цæмæн- дæр кæуын æрцыд. Алихан. Мыдыбындзæн дидинæг йæ дарæг у, æмæ йæ хъахъхъæнгæ кæны. * Дзирæт. Зæгъ-ма, Алихан, дидинджытæ иууылдæр иухуы- зон цæуылнæ сты? А л и х а н. Диссаджы фарст! Д з и р æ т. Уæдæ-ма сæм лыстæг æркæс! Алихан. Æмбарын дæ, Дзирæт, æмбарын. Фæлæ ма мын ды зæгъ: искуы дыууæ иухуызон адæймаджы федтай? Д з и рæт. Никуы! Алихан. Уæдæ æз федтон дыууæ иухуызон адæймаджы.... дидинæджы. Д з и рæт. Алихан, ды искуы искæйы уарзтай? А л и х а н. Æ’мæ ды искуы дыууæ иухуызои дидинæджы фед- тай? Дзирæт. Никуы. А л и х а н. Уæдæ <æз федтон... Дзирæт, куыд æнхъæл дæ: мад æмæ фыд сæ сывæллæтæй исты фæсусæг кæнынц? Д з и р æ т. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? А л и х а н. Ницы. Афтæ æнæуи бафарстон. Дзирæт. Алихан, цæмæн мын риссын кæныс мæ зæрдæ? Алихан. Хатыр дæ курын. Мæ мидхъуыдыты ацыдтæи æмæ мæ ферох, дæ мад мард у? Дзирæт, дæ фыды искуы фед- тай? Мард у? Дзирæт. Мæнæн фыд нæй. Хæрз чысыл ма куы уыдтæн, уæд мæ мад уæззау рынчын фæци. Мæ фыд уый федта æмæ фæлыгъд. Фæкæсæг æм нæ уыд. Амард мæ мад. Уæдæй фæстæ- мæ мæ фыды дæр мардыл банымадтон. Цасдæр рæстæг ннцы дзурынц. Хъуысы Зонд æмæ Уарзондзинады ныхас. 3 о н д ы х ъ æ л æ с. Гъе, кæсыс, Уарзондзинад, цы стыр тæригъæд сарæзта-й, уымæ! Æнæ де ’ххуыс нæ баиу уыдаиккой. У-арзондзи-’Нады хъæлæс. Дæу аххос у!.. Цæуылнæ ныл фæтых дæ? Уый никуьг ныууагътаид йæ зыиаргъ -æмбалы. Дзирæт. Æрæджы фæзынд. Кæрты дуарæй æрбахызт æмæ хатыр куырдта мæ фьгд... 147
Фæталынг. Кæрты астæу сæргуыбырæй лæууы йæ фыд. Дзирæт æм ком- ломмæ сæрбæрзондæй кæсы. Фыд. Мæ зынаргъ чызг, уый æз дæн, нал м»æ базыдтай? Д з и р æ т. Мæ мад мын афтæ загъта, фыд, дам, дын нал ис. Ф ы д. Цы? Дзирæт. Афтæ мын загъта, раджы, дам, амард. Ф ы д. Уьгй гæды иыхас у, æз æгас дæн; мæнæ дæ разы лæу- уын. Дзирæт. Мæ разы лæууыс! Мæ рынчьгн мады та удисгæ ныууагътай. Ф ы д. Фæрæдыдтæн, ныххатыр мын юæн, цом мемæ, æз дын мæ цард нывондæн æрхæсдзынæн. Д з и р æ т. Фæндараст!.. Фæталынг. Ногæй та уыгæрдæны фæзуат. Дзирæт æмæ Алихан æнæ дзургæйæ бадынц. » А л и х а н. Раст бакодтай, Дзирæт, фæлæ уыцы маст æгæр дæ зæрдæмæ ма ис. Бакæс-ма, дæ хуыз куыд фæцыд! Д з и р æ т. Зын мын у йе ’рымысын дæр. Алйхан (йæ сагъæстæ йын суры). Дзирæт, ардыгæй мæ фыдæлтæ куы нæ алыгъдаиккой, уæд никуы фембæлдаиккам. Кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ дардмæ кæсынц, фæлæ сæ цæ- стæигасы цин æви сагъæс ис, уый бæрæг нæу. Æрвнæрæгау хъуысы «Цици- ляйы цагъд», цыма фæндыр йæхæдæг уарзæтты амондыл йæ диссаджы мыр- тæй æрцагъта. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД Ногæй та «Чызгайы куы хастой»-ы мелоди. Дидинæг-нывæфтыд æмбæр- зæн. Ирбег (рахызт). Цæуы рæстæг. Ие ’мдзу кæны цард дæр, сæ балцæн нæй кæрон. Заманы цалх æнæрынцойæ тулы, тулы æмæ йын бауромæн нæй. Куы мидбылты бахуды адæймагмæ, куы та йьш уæззау уаргъæй йе ’ккойыл æрæнцайы. Сцснæ байгом. Терчы был. Æнусон бæлæстæ арвыл æмбæлынц. Æрæг- вæззæг. Бандоныл, йæ дыууæ къухы йæ сæрмæ сарæзта, афтæмæй бады Али- хан. У сагъæсхуыз. Зарынц фидауджытæ. Фæсивæд кафынц, фæлæ уыдон нæ .хъуысынц Алиханмæ. И р б е г. Уадз, зарæнт фидауджытæ, кафæнт фæсивæд, уадз, уым уаты чындздзон чызджы лæуд кæна Дзирæт. Алихан мы- сы, »куыд бадт кæддæр йæ уарзоиимæ ам... Ма ма йын аскъуы- нæм йæ хъуыдыты хал, чи зоны, сæ фæстаг фембæлды... Уый уыд афтæ. ,148
Доны уылæнтæ, цыма Алиханы аныхъуырынмæ хъавынц, уыйау сæхи «фехсынц дурджын былгæронмæ æмæ фæркгай фæйнæрдæм фæтæхынц. Алихан >сæм кæсгæйæ баззад. Фæзынд Дзирæт. Дзирæты х ъ æ л æ с. Мæ къæхтæ та мæ ардæм æрба- хастой. Ам-иу фембæлдыстæм, нымадтам стъалыты хуртуан, ацы ран-иу мын кодта йе стыр уарзондзинады зарджытæ. Цæ- уыл у йæ сагъæс? Æргом мын куы ницы дзуры. Кæд, мыййаг, æндæр искæйы уарзьг, ау, уæд мын æй цæуылнæ зæгъы? Æви тæппуд разынд? Нæ! Уылæнтæ, уылæнтæ, уæд та мын сымах зæгъут: кæм ис Алихан? Ауыдта ла’ппуйы. Фескъуыдта йæ хъуыдыты халбыд æмæ йæм фæцæуы. Дярдæй зыны Алиханы цæсгом. А л и х а н ы х ъ у ы д ы т æ. Цы ’рцыдис? Мæ зæрдæ мæ ар- дæм тыххæй тæрæгау цæмæн тæры? Æви мæ зонд мæ уарзтыл уæлахиз кæны? Зонды хъæлæс. Хъусыс, Уарзондзинад, мæ бар’пæ сæ тыхы бацыдысты! Ха-ха-ха!.. У,а рзондзинад. Æпæр раджы цин кæныс, мæ фыды хай. Алиханы хъуыдытæ. Уарзондзинад!.. Цæуылнæ дыл сæмбæлдтæн раздæр? Цæй æрæгмæ мæм фæзындтæ? Ныр ты- мыгъ сыстад мæ зæрдæйы. Мæ рустыл цалдæр æнцъылды фæ- зьшд. Кæддæры сонт мидбылхудты бæсты былтæ —æнгом æвæрд. Мæ цæстыты зынг фыццагау нал æрттивы. Мæ сæр ха- лас адардта. Зонды хъæл æс. Иæхиуыл æрхудти. Уарзондзинады хъæ л æс. ^Багъæц, æрбацæуы Дзи- рæт! Алихан цады уыны йæ хуыз. Фæстæты арæхстгай æрбацыд Дзирæт, йæ хæдфарсмæ æрлæууыд, цады дидинæг ныппæрста, æмæ æрбайхæлд Алиханы сурæт. Лæппу фæстæмæ фæкаст, ауыдта Дзирæты. Бацыдысты бандонмæ кæ- рæдзийы къухтыл хæцгæ æмæ сбадтысты. Ницы дзурынц. Уарзондзинады хъæлæс. Федтай? А л и х а н. Мæ хъуыдыты адзæгъæл дæн. Д з и р æ т. Ды кастæ цадмæ, дæхи дзы уыдтай æмæ сагъæ- стæ кодтай. А л и х а н. Æз кастæн цадмæ. Уыдтон дзы дæу æмæ демæ лыхæстæ кодтон. Д з и р æ т. Цад! Алихан, кæс-ма, куыд рæсугъд у! А л и х а н. Доны айдæн рæстдзинадыл дзуры. Дзирæт Æнкъард адæймагæн та йæ сагъæстæ суры. Ал-ихан. Кæмæн та йæ сагъæстыл сагъæстæ æфтауы. Д з и р æ т. Цæмæн афтæ хæстæг исыс æппæт дæр дæ зæр- дæмæ? А л н х а н. Бæргæ, лæгæн-иу йæ хуыз йæ зæрдæйау рæсугъд куы уаид. 149
Д з и р æ т. Уæд зæххыл дæуæй æвзонгдæр нæ уаид. А л и х а н. Цæуыл’нæ аивгъуыдта ме стьир уарзт одæ рагбон- тимæ?! Д з и р æ т. Уарзондзинад зæронд нæ кæны. А л и х а н. Æрдз рæдыд æруагъта. Дзирæт. Искуы адæм æрымысдзысты мыггагмæ æрыгонæй цæры’Ны хос. Алихан. О, фæлæ нырма нæ зæрдæты фæндон нæ коммæ нæ кæсы. Дзир’æт. Зæрдæйьг фæндон рæсугъд куы уа, уæд æй хъыг- дарын нæ хъæуы. А л и х а н. Æмæ дæ сæрсæфæнмæ бакæна. Дзирæт. Алихан, зæгъ-ма æргом, цæуыл у дæ сагъæс? Комкоммæ ма мын мæ цæстытæм æрбакæс. Алихан. Кæсын. Д з и р æ т. Цы уьшыс? Алихан. Æрдз йæ «быны рæсугъддæр æмæ бæллиццагдæр цы рафæлдыста, уый. Дзирæт. Æз дæр »дæ цæстыты раст уый уьинын. Фæлæ ма сæ тас дæр хатын. А л и х а н. Бæрæг нæй, сидзæр сæныккау дæ иунæгæй куы ныууадзон..., Д з и р æ т. Нæ, нæ... афтæ ма дзур! Алихан. Цард мæ сахуыр кодта рæстдзинадмæ комком- мæ кæсын. Д з и р æ т. Æз та æрмæст дæумæ юæсьш комкоммæ. А л и х а н. Уый нæ дыууæйæн дæр амонды хос нæу. Дз.ирæт. Ме ’ргом ныхас дæ зæрдæмæ нæ цæуыг Алихан. Цæуы, æмæ йын дзуапп дæттьш! Уæртæ Гыцци æрбацæуы! Ныртæккæ йын æргом радзурдзыстæм... Дзирæт. Нæ, нæ! Курын дæ, Алихан. Бамбæхсæм нæ уар- зондзинад. Алих а.н. Хъазыбеджы хохæн бамбæхсæн нæй. Дзирæт. Уадз æмæ йæм уæдæ дуне кæса! (Алыгъд.) А л и х а н. Фефсæрмы та Гыццийæ. Лæппу йæ хъуыдыты ацыд. Тамарæ фæзынд æмæ йæ хæдфæстæ æрлæу- уыд, бирæ нæм æдзынг фæкаст. Мад æмбары хъæбулы сагъæстæ. Хъуысынц Зонд æмæ Уарзондзннады хъæлæстæ. Зонды хъæлæс. Ныййарæг, мæ ныхас дæуимæ у. Ма бауадз .дæ хъæбулы рæдийын. У а р з о н дз и н а д ы хъæлæс. Ныййарæг, ма йын фехал йæ зæрдæйы рæсугъд уарзоидзинады ахстон. М а д ы х ъ у ы д ы тæ. О мæ чысыл хур. Нæ мæ фæндыд дæ рæсугъд, зарæг аскъуынын, фæлæ цымæ амондджьш уыдзы- стут? Цы бакæнон? Æз цшн кæнын, мæ хъæбулы рызт зæрдæйы æвзонгдзинады арт кæй судзы, ууыл... Фæлæ уый хъуамæ ах- уысса. 150
Зонды хъæлæс. Ха-ха-ха!.. (Худтæн хъуысы йæ азæлд ■дæр.) Райхъуыстис Уарзондзинады кæуын: Тамарæ æрбадт Алнханы фарсмæ. А л и х а н. Гыцци?! Тамарæ. Цы кæНыс, Гыццийы хур, цы? Алихан. Гьщци, гаги м(æ кæй хоныс, уый раст у. Ныртæк- кæ сабийау æдых дæн. Т а м а р æ. Цы кæныс, мæ хъæбул? Алихан. Мæхи та дыл фæдзæхсын. Мæ сусæг сагъæстæ дæуæй мæ бон æмбæхсын нал у. Т а м а р æ. Ардыгæй куыд алыгъд, уый федтон... А л и х а .н. Барæвдау та мæ фыццагау. Тамарж. Æмæ хорз ахъуыщы кодтат, мæ хъæбултæ? Алиха-н. Æз о, уый — нæ. Т а м арее. Сагъæсты мæ бафтыдтай, мæ лъæбул. (Сыстади, цæуынмæ хъавы.) Алихан. Гыцци, кæдæм? Т а м а р æ. Мæн фæнды, цæмæй иунæпæй бæстондæр ахъуы- ды кæнай. Алихан. Нæ!.. Фæлæуу!.. Мæ бон нæу иунæгæй. уыцы хъуыддаг алыг кæнын. Т а м а р æ. Мады зæрдæ зонаг у. Дæ цæстæнгасыл дьш уы- нын дæ хъуыды. Дæ ныхыл сагъæсы æнцъылдтæ фæзынд... Чи зоны, уыдон раст тæрхон рахæссой. Сывæллон нал иæ, æркæс дæхæаæг. Амондджын уыдзыстут? (Тагъд-тагъд аивгъуыдта.) Алихан (зард): О уарзон ныййарæг! О ме схæссæг мад! Кæд арæх æнæ мæн Фæкæныс æнкъард! Куы ’рбайхъуысы уынгæй Къæхты хъæр, ныхас. «Æрхæццæ мæ хъæбул»,— Фæзæгъыс æваст. Кæд фæндагмæ арæх Фæцæуыс уынæг, «Кæд искæцæй уаид Мæ хъæбул зынæг»,— Фæзæгъыс, фæлæ та Æнкъардæй хъæмæ Æрцæуыс, дæ зæрдæ Æхсайы м-æнмæ. 0, ма тыхс, ныййарæг! 151
О, ма кæн æнкъард! Æмæ дæу мæнæн дæр Нæу адджын мæ цард. Дæ еахъгуырд дæр, ма тæрс, Н,æ фесæфт кæмдæр, Зыадзьшæн та иу бон Нæхимæ æз дæр. Зындзынæн та ногæй Æмæ та, мæ мад, Æрвитдзыстæм хъæлдзæг Мах иумæ нæ цард. Алихан. «Амондджын уыдзыстут?» Нæ зонын, Гыцци! Зонды хъæлæс. Нæ зоныс? Уæдæ йæ æз зоньш: нæ уы- дзыстут! У<а рзон дзин а ды хъ/æлæс. Нæ, нæ, æгæр карз дæ ды, Зонд. А л и х а н. Гыцци, нæ дæ бафæндыд дæ хъæбулы рьистзæр- дæ дæрзæг ныхæстæй бафхæрын. Ф,æл1æ йæ æз зонын, Гыцци, зонын! Уарзондзинады хивæнд митæ... Æнæбадт æфсургъау мæ рындзмæ куы фæхæссынц. Бауромут сæ, зонды рохтæ! (Иучы- сыл сагъдауæй аззад, йæ сагъæстæ зарæджы зæлынц): Бахсæви, бæстæ ныссабыр, Иу сыбыртт ;нал ахсы хъус. Арвæй цæлхыдзаг мæй дардыл Тауы йæ сызгъæрин рухс, Терчы был иунæгæй бадын. Худыс мæм доиы бьшæй, Рауай-ма, рауай, мæ цурмæ, Науæд <мын удæнцой нæй. Уарзын фылдæр дæу мæ удæй, Зæрдæ дæу домы æрмæст. Цардау дæ мидбылты худтæй, Де ’нгæсæй не ’фсæды цæст. Бахсæви. Бæстæ ныссабыр, Иу сыбыртт нал ахсы хъус. Арвæй цæлхыдзаг м’æй дардыл Тауы йæ сызгъæрин рухс. А л и х а н. «Терчы был иуиæгай бащын...» Ам-иу арæх бад- тыстæм. Иу хатт та ацы ран фæрсæй-фæрстæм бадтыстæм. Дзирæты хъæлæс. Æрмæст мацы дзурæм. Хъусæм Терчы аргъæуттæм, хæрисы сыр-сырмæ, цъиуты зардмæ. 152
А л и х а н. ...Æмæ та .мæн,æ ныр æз æрбацыдтæн ардæм æмæ мысын уыцы бонтæ, къустыл уайынц йæ ныхæстæ. Уыдон уы- дысты мæ царды æппæты хуыздæр бонтæ... Æз никуы ферох кæндзынæн уыдон! Зонды хъæлæс. Дæхиуыл фæхæц, кæронмæ ахæццæ кæ дæ фæнд. Уарзондзинады хъæлæс. Фæсмон кæнын, дæ риумæ дын цы сыгъдæг уарзт бауагътон, ууыл. А л и х а н. Лыг у. Мæ фæндæн ивæн нал ис. Æрбацæуы! Дзирæт. Мæ зæрдæ мæм дзырдта, ам д<æ æрбаййафдзы- нæн, зæгъгæ. Зыдтон æй, иумæ та кæй хъусдзыстæм Терчы рæ- сугъд зарджытæм. Дысон-бонмæ «æ бафьшæй дæн. Дæ ныхас дын нæ бам’бæрстон. Мæ цæстытыл уадтæ. Мæ сæнтты ныхас кодтон дæуимæ. Алихан. Чысылæй мæм-иу афтæ каст, цыма арвыл мигъ- тæ нæ, фæлæ мæй згъоры. Дзир,æт. Æмæ мæнмæ ныр дæр афтæ куы кæсы... Цымæ цæм.æн у?.. А л и х а н. Æрыгон зæрдæ рæдиаг у. Азтæ, азтæ!.. Куыд дис- саг стут, 'Куыд аивут адæймаджы зондахаст! Д з и р æ т. Цæмæн кæныс (æнкъард хъуыдытæ? Алихан. Куы фембæлæм, уæд мыл цыдæр æрцæуы. Фе- рох вæййы мæ кар, мæ дзуринаг... Афтæ мæм фæкæсы, цыма æмгæрттæ стæм. Фæфæнды мæ цæрын æмæ цæрын. Фæлæ иу- нæгæй куы баззайын, уæд мæ маройаг сагъæстæ оæ быны скæ- нынц. Мæ урс сæрыхъуынтæй фефсæрмы иæййын. Д з и р æт. Нæ мæ фæнщы ахæм «ыхæстæм хъусын. Алихан. Цæмæн фембæлдыстæм? Цавæр æнахуыр тых нæ бабаста кæрæдзийыл? Дзирæт. Сыгъдæг уарзондзинад! Æмæ нæ уый фæхицæн уæвын <нæ бауадздзæн. Куыд амондджын уыдзыстæм, уый зо- ныс?.. Алихан. Нæ, уый амонд нæу. Уый зæрдæ йе ’гоммæгæс митæй рæдыд фæндагыл аразы мах. Раст мæ бамбар. Мæнæн мæ царды дидинджытæ руайьшц, дæуæн та /æвзонджы улæфтæй улæфынц. Сæттын ыл, демæ куы вæййын, уæд ферох кæнын мæ кар. Æнæуьшон мын фестад азты карз тæрхон. Æгæр дард стæм кæрæдзийæ. Искуы дæ рæсугъд фæндтæн дзуапп раттын кæ бон куынæ бауа. Д з и р æ т. Нæ мæ фæнды ахæм иыхæстæм хъусьш. Алихан. Бæргæ, .адæймаджы рад дидинæг куы уаид! Иæ зæрдæйы арт куынæ хуыссид! Фæлæ лæджы царды æрмæст иу уалдзæг в^æййы... Мæнæн мæ уалдзæг... Дзирæт. Дæхи загъдау, нырма æз ницы федтон, ницы зо- нын. Мæ зæрдæйы дуар ’мын хуыснæгау нæ басастай. Мæхæдæг æй бакодтон. Мæ бон нæ бауыдзæн æндæр адæймагимæ мæ цинтæ дих кæнын. А л и х а н. Мæхимæ дæр афтæ каст, цыма уырдыгæй раздæ- 153
хæн нæй, фæлæ ныр фæстæмæ агурын фæндаг. Баххуыс мыи кæн. Цæудзысты азтæ... Ферох дæ уыдзынæи. Д з и р æт. Ферох!?. Алихан. Фьщцаг хатт дыл куы фембæлдтæн, уæд мæ ив- гъуыд царды бонтæ, мæ бæллиццаг уарзты мывтæ мæ разы но- гæй февзæрдысты... , Дзирæт. Нæ дæ æмбарын. Нæ мæ уьирны. Мæнмæ афтæ кæсы, цым.а..: А л и х а .н. Цыма æз никуы никæйы уарзтон. Д з и р æт. О!.. Алихан. Раст нæу уый! Царды къæсæрæй куыддæр бахыз- тæн, афтæ зæххыл ссытъди арт. Мæлæтдзаг тох цардæй мæлæ- ты ’хсæн. Туджы лæсæнтæ æнхъæвзтой дардыл, знаг цагъта дзцдзидай сабиты, сылгоймæгты, зæрæдты. Ахæм заманы ба- уарзтон æз :дæр... Дзирæт (кæуы). Дидинджытæ се ’ппæт иухуызон нæ вæй- йынц!.. Алихан (иуварсмæ). Цæмæй зоныс, мæнг ныхас дын кæй загътон... Цæмæй амондджьгн уай. Зонды хъæлæс. Афтæ уæдæ, Уарзондзинад ,царды æз хъуам.æ уон хицау. У а :р з о н д з и 1Н а д ы х ъ æ л æ с. Фæуæлахиз дæ, фæлæ уæддæр æнæ мæн цæрæн нæй. Дзирæт. Ды никуы ракодтай уый кой мæнæн. Алихан. Демæ ныхас кæнгæйæ, мæ цæстытыл йæ сурæт уад, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ цæстытæ стъалытау нал æрт- тивьшц. Хæсты быдьиры иумæ уыдыстæм. Мæ уæззау хъæдгæмт- тæ мын баста. Дзирæт. Цы бакодта уагæр, цæмæй йæ ды уый бæрц... Алихан. Иæ цард лæвæрдта, цæмæй ды цæрай. Д з и р æ т. Ныббар мын... А л и х а н. Ницы кæны. Д з ир æт (æрæджиау). Цы хуынд йæ ном? Цыма авд дæлдзæхы бын кадæг чындæуы, уыйау хæрз сындæг сыхъуысы- дысты «Фæндараст»-ы мелодийы мыртæ. А л и х а н. Хæст куы фæцис, уæд фæхицæнтæ стæм, æз фем- бæлдтæн дæуыл... æмæ мын æй мæ зæрдыл æрлæууын кодтай.... Æрмæст ды — царды дидинæг, уый та, мæнау, царды зынтæй; уысмæннад. Нæ дæ ферох, хæсты быдырæй куы ссыдтæн, уæд. дьгн цы кæрдæгхуыз къухм.æрзæн радтон, уый?.. Йæ фыццаг лæ- вар уыд. Дæуæн дæр æй фыццаг лæварæн... Æнхъæлмæ м^ем; кæсы... Дзирæт, раст мæ бамбар. Д-зирæт. Алихан, азымы дæ нæ дарын. Æвæццæгæн дын уыД зынаргъдæр у. Æз та?.. Æз та дæуæн .æрмæст уалдзыгон ди^инæг. Хъуыды ма кæныс, хохы дын цы дидинæг æртыдтон,. уый? Ныр бамбæрстон, дидинджытæ, æцæгдæр, иухуызон кæи нæ вæййынц. Мæнæ дæ къухмæрзæн. (Фæстæмæ йын &й рад- 154
та.) Ныр та хæрзбонтæ рау, мæ уындæй дын дæ зæрдæ нал риссын кæндзынæн. (Кæугæ алыгъд.) Дидинæгджын æмбæрзæн æрхауд. Т а н я (фæзынд йæ цæсгом). Цы бакодтай?.. (Фæаууон.) И р б е г. Нæ таурæгъ фæхæццæ кæны кæронмæ, фæлæ кæм пс цард, уым мадæн дæр æнæуæвгæ нæй. Ныййарæджы зæрдæ зонаг у. Байхъусæм-ма йæм уæдæ, цымæ цы стæрхон кодта уын та?... Сценæ байгом. Хъуысы та хъазты уынæр, зард. Алихан сыстад æмæ уы- цырдæм кæсы. А л и х а н. Дзирæт чындзы цæуы... Фæзынд Тамарæ, æдзынæг кæсы йæ фыртмæ. Тамарæ. Ам та куы бадыс? Алихан. Гыцци, изæрыгон мæм Терчы хъæрмæ хъусынæй хуыздæр ницы кæсы. Т а м а р æ. Уый хорз у, Терчы хъæрмæ адæймаг йæхи зæр- дæйы хъæр нал фæхъусы. А л и ха н. Зын у, Гыцци... Дæ хирург фыртæн ма æххуысгæ- нæг æмбал >сæм уыдзæн? Т а м а р»æ. Мæ хирург фырт йæхи афтæ куы хæра, уæд ын, æнхъæлдæн, йæхицæн хирурджы æххуыс бахъæудзæн. (Тамарæ ацыд.) Алихан сыстад, бирæ фæкаст йæ фæдыл. 'Алиха-н. Гыцци, Гыцци! Мæ уæззау цæфтæ мын дæ судзгæ цæссыгтæй æхсадтай... 0, цæй зын у малусæг дæрэæг къухтæй тонын! Алиханы зæрдæйы сагъæстæ зарæджы хъуысынц. Уæ, уыцы дыууæ сау цæсты, Мæ тæригъæдæй бастъæлат! Цæм»æн бахаудтæн у’ ахæсты? Цæмæн базыдтон уарзты ад? Уæ иу фæкастæй атайын, Хуссары митау, хуссары. Бæргæ уæ рохыл а-рхайын, Фæлæ уый бæрц тых чи ссары! ’ А л’и х а н (хъазты хъæрмæ). Æз кувдзынæн хуыцаумæ, цæ- :мæйчамондджын уай ды... (Доны гуылфæнтырдæм аздæхт.) Æрбахызт Ирбег, йæ пинджак — йе уæхсчытыл. Алиханы ауыигæйæ та- мако ссыгъта, уын дæр уылæнтæм кæсы. Кæцæйдæр маройау хъуысы хъисын- фæндыры цагъд. И р б е т(æрæджиау). Цымæ раст бакодтай? 155
Алихан (нæ йæ бамбæрста). Мæнмæ дзурыс? И р б е г. Мæнмæ гæсгæ, нæ дыууæ йедтæмæ ам ничи ис. А л и х а н. Нæ дæ ’м-барын. И р б е г (паузæйы фæстæ). Цард дæм фæзынд йе ’цæг рæ- сугъд хуызы, ды та йыл дæхи атигъ кодтай. Алих-ан. Æгæр æрæшæ фæзынд. Ис алцæмæн дæр афон. Ирбег. Уарзондзинадæн афон нæй. Дæ ивгъуыд бонты фæсмойнаг ницы ис, уарзондзинад цы у, уый æмбарынхъом куы фæдæ, уæд хæстмæ фæцыдтæ. А л и х а :н. Бирæ рæстæг аивгъуыдта уæдæй нырмæ. Ирбег. О, фæлæ уæддæр уарзондзинад æрцыди. Æрцыди ивылгæ донау æмæ йын нал ис бауромæн. А л и х а н. Чи нал раздæхдзæн, уыцы ’взонг бонтыл нæ тых- сын бæргæ... И р б е г. Рæстæг æгъатыр уыд. Домдта хъару, ныфс, лæг- дзинад... Кæд дæ сæр фæхалас, фыццаг уарзондзинад нæ бав- заргæйæ, кæд дæ хъæдгæмттæй дзæвгар туг фæкалд, уæд хъуа- мæ ды уыдонæй уай сæрыстыр. Алихан. Цы рæсугъд æй загътай, раст цыма мæ зæрдæ- мæ ныккастæ. Æз дыууæ уарзоны кæрæдзиуыл цингæнгæ куы фенон æмæ мæм «дадайæ» куы сдзурой, уæд мын ноджы æх- сызгондæр уыдзæни. И р б е г. Уый амоны — дзæгъæлы кæй нæ ацыдысты дæ азтæ. Алихан (иуварсмæ). О, фæлæ абон дæр æз æрыгон дæн зæрдæйæ, хъаруйæ, Дзирæт мын кæй ис дунейыл, уымæй. (Уымæ.) Æз нæ зонын, чи дæ ды, фæлæ цæмæндæр мæ зæрдæ дæ разы байгом. (Кæдæмдæр.) Уарзондзинад! Æз царды зил- духæнты куы фæдæн, ды та, æвæццæгæн, уæд фæзындтæ. Цæ- мæн ма дыл сæмбæлдтæн, <мæ царды æмбис куы фæци, уæд? (Ирбегмæ.) Фæзынд уый æмæ тымыгъ сыстад мæ зæрдæйы, стыр æхсызгои тымыгъ. Кæддæр суадонмæ, айдæнмæ кæсæгау, кастæн... Х’æххон суадоиы айдæн ницы бамбæхста мæнæй. Фæ- лæ мæнæ диссаг! Суадонмæ æнæнхъæлæджы дидииæг ныххауд. Иæ сыгъдæг айдæн æрбайхæлд. Доны зиллæччытæ фæйнæрдæм фæцыдысты <æмæ мæн сæ аууон фæкодтой. Фæстæмæ фæкас- тæн... Мæ разы, мидбылты худгæ, лæууыд Дзирæт. Цыма уы- даид зæххыл уьимæй рæсугъддæр ныв! Афтæ мæм фæкаст, цы- ма фестадтæн ссæдзаздзыд лæппу, цьгма .мæ сæрыхъуынты ха- лас æрмæст фын уыд. Зæрдæ агуырдта хъазьпн, худьш, уарзын.. (Æваст фæхъус. Ирбегмæ.) Кæстæр дæ, ныббар!.. (Кæсы доны уылæнтæм кæйдæр агурæгау.) Ир б е г (иуварсмæ). Æрмæстдæр ма ацы ныхасмæ æнхъæл- мæ каст мæ гз^ердæ. Æвæццæгæн, ме ’намондæи рацыдтæн ар- дæм, доны бдам:æ. Нæ йын зыдтон йæ катай. Цы мæ хъуыддаг уыд семæ? И&кæйы амонд хи амонд нæу. (Паузæ.) Бынтондæр схæццæ сты мæ хъуыдытæ сæры... «Искæйы амонд»? Нæ! Рæ- дийын! (Алиханмæ хъæрæй.) Рæдийыс ды дæр, сахъгуырд! (Уый йæм дисхуызæй ракаст, Ирбе$ сабырдæрæй.) Мæн нæ уырны, ды ^56
Дзирæтæн рæстдзинад загътай, уый. Дæуæн ничиуал ис. Таня^ кæй хуыдтай, уый одард у... Æз зоньин, ды уарзыс æрмæст Дзи- рæты. А л и х а н (æрæджиау). Мæнæн уый бар нæй. И р б е г. Ис! А л и х а н. Мæ рагбонтæ... И р б е г. Уыдоны’ ды хъазты нæ арвыстай* А л и х а н. Чи дын радта бар, æмæ мемæ аф’пæ дзурай? Æз ддеу нæ зонын. И р’б е г (сабырæй). Æз дæн... Дзирæты кæмæн радтой, уый. (Паузæ. Фæцæуы. Хъисынфæндыр та ниуы.) А л и х а н. Чи дæ?! Иæ зæрдæ йæ риуæй ратоныныл чи сра- зы? Ирбег фæлæууыд, хъисынфæндыры тæн аскъуыд... И р б ег. Адæймаг... Иуцасдæр алфамбылай æрдз фæхъус. Лæууынц ныхæй-ныхмæ дыууæйæ дæр цавддуртау, стæй æваст Терчы уылæнтæ айнæгыл сæхи ныццавтой, æмæ Ирбег æнцадгай ацыд. Æхсинæгау æртахт Дзирæт. Чындздзон дарæсы, цыма йæ ныртæккæ Терчы уылæнтæ уырмæ раппæрстой. Алихан не ’ууæнды йæ цæстытыл. Дард кæцæйдæр ма хъуысы зарæг. Æрхауд дидинæг-нывæфтыд æмбæрзæн æмæ уарзæтты йæ аууон бакодта. Кæрон
ф ДЫККАГ ФЫД (ÆРТÆАРХАЙДОН ДРАМÆ) АРХАЙДЖЫТÆ: Алыксаидр — партийы райкомы секретарь, 50-аздзыд Т е м ы р — булкъон, 48-аздзыд. Т у з а р — 23-аздзыд. Р и м æ — 22-аздзыд. Æ м з о р — 55-аздзыд. Нинæ Петровнæ — дохтыр, 40-аздзыд. Хасанбег — Тузары фыд, 55-аздзыд. И н а л — пенсионер, 60-аздзыд. Н а т а ш æ — тех. секретарь, 25-аздзыд. Немыцаг афицер — 25-аздзыд. Нозтджын лæппу — 23-аздзыд. Дыууæ сырхæфсæддоны. Дыууæ немыцаг салдаты. Цалдæр партизаны. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ ’Алыксандры цæрæнуат нырыккон арæзтæй. Стъолыл хæрд, нозт. Мидæгæй’ ма зыны иу дуар, уырдыгæй рахызт Алыксаидр, раздарæн ыл, йæ къухы сæ- ны авг, агуывзæтæ. Цыппар бандоны раз сæ æвæры. Алыксандр. Темырæн, Нинæйæн, Тузарæн... мæхицæн... фæлæуу-ма, хæдзары хицау хъуамæ кæм бада?.. Мæнæ ам. Ацы дидйнджытæ хъуамæ лæууой мæнæ ацы ран. Нинæйы раз. Н и н æ (æрбахызт). Хатыр, кæй байрæджы кодтон, уый тых- х^ей. А л ы кс а н д р. Сыхаг сыхагыл хъуамæ хурæй- раздæр æм- бæла. .158
Нинæ. Уæззау операци кодтам. Уый дæм æнæхъæн куывд куы ис, Алексаидр Тимофеевич. Алыксандр. О... Н и н æ. Ацы дидинджытæ хъуамæ Тузары æрбацыдмæ сæ хуыз скалой. Мæнæ ацы уардитæ цæмæндæр сæ базыртæ æру- агътой. Æвæццæгæн, тæвды... Æз сыл дон акæнон. (Кæны сыл, йæ хæдзарон фезмæлдмæ йын Алыксандр æхсызгонæй кæсы.) Æмæ кæм и йæхæдæг Тузар? Алыксандр. Тагъд æй ардæм хъæуы. Ды æнкъард ма кæн, Нинæ Петровнæ... Мæнæ журналтæ. Æхсинæг æрбатахт,. æмæ агъуыст «ныррухс. Н и н æ. Дæ хос дæр куы нæма банызтай. Нинæ цæгъды пианмнæйыл. Алыксаидр. Чи ’нхъæл уыд æмæ искуы мæнæ афтæ кæ- рæдзиуыл æм«бæлæм. Н и н æ. Цыппор æртыккæгæм аз... Никуы фёрох уыдзæн уый мæнæй. Ды мæ уæд знаджы дэæмбытæй байстай. Альиксандр. Цы хорз фæсивæд пæм уыд!.. Кæмыты сты афонмæ, хуыцау зоны. Ни)нæ. Ныртæккæ уыцы хъæдтыл æрзил! Нæ рагон фæн- дæгтæ басгар! А л ы к с а -н д р. Чи зоны, уыцы хъуыддагыл æз æмæ" ды ахъуыды кæнæм. Н и н æ. Хорз уаид... Алыксандр (æркаст сахатмæ). Цьгмæ цæмæн æрæгмæ цæуы Тузар? Н и н æ. Æвæццæгæн, йе ’м-бæлттимæ фæстиат кæны. Алыксандр. Чи зоньг! Темыр дæр никуыцæй ма зыны. Цы, уый зсшыс? Цæй æмæ нæхæдæг скувæм. Телефоны дзæнгæрæг ныццагъта. Алыксандр. Хъусьш. Нинæ Петровнæ? Ам ис. Н и н æ (трубкæ райста). Хъусын. Цы? Февзæрдæр, зæгъыс? Фæцæуын. (Шæ дзаума кæны. Дуаргæрон.) Цæй... Алыксандр. Бирæ цыдæртæ дын зæгъынмæ хъавыдтæн а изæр. Н и н æ. Хъыгаг у. А л ы к с а н д р. Нал æрблцæудзынæ? Ни1нæ. Куыд амал уа, афтæ бакæндзынæн. (Ацыд.) Алыксандр фæкомкоммæ, Нннæ цы дидинджытæ æрбахаста, уыдонмæ, стæн бацыд скъапмæ, систа арф æвæрæнæй пластинкæ, пронгрывателыл æй сæвæрдта, æрбадт. Темыр (æрбахызт). Де ’зæр ^орз, Алексаадр Тимофеевич. Алыксандр. О, о, «Александр Тимофеевич»... Нæ хæстон хæлардзинад дæр та дзы ницуал у. Т е м ы р, Сашæ... Хасанбег ссыд. „159
Алыксандр. Хасанбег?.. (Паузæ.) Æмæ уым уа-диссагæй цы ис? Йе ’мгъуыд ахицæн æм’æ ссыд. Т е м ы р. Уый ды куыд æнхъæлыс, афтæ æнæ уа-диссаг нæу. Алыксандр. Иу хатт æй бафхæрдтой. Цас ис æфхæрæн адæймаджы иу хъуыддаджы тыххæй? Т е м ы р. Гъемæ йын ратт уæдæ Тузары. Алыксандр. Цы? Нæ, «æ. Тузары æз Хасанбегæн нæ ратдзынæн. Æз æппæтдæр радзурдзынæн Тузарæн йæ фыды тыххæй. Т е м ы р. Гъе, тсæсыс, хъуыддаг дын дæхионы хъысмæт куы фæцагайдта, уæд уайтагъд алцыдæр бамбæрстай. Алыксандр. Адæймаг фыдгæнæгæй нæ райгуыры... Æвæц- цæгæн ын уый бамбарьш афон у, æмæ раст хатдзæгтæ кæна. Т е м ы р. Нæдæр хорздзинад, мæдæр æвзæрдзинад никуы рох кæнынц. Уæлдайдæр та хæсты рæстæджы цаутæ. Алыксандр. Адæмы ’хсæн, Темыр, æдзух фыдгæнæг агу- рын нæ хъæуы. Темыр. Ды æдзухдæр, адæм цы сты, уымæй сæ хуыздæр æнхъæлдтай. Алыксандр. Æппæт дунейы хæзнатæн се ’ппæты зы- наргъдæр адæймаг у, мæ хæлар. Темыр. Раст дæ ды... (Æркаст сахатмæ.) Хъыг у, цæуын хъæуы мæн иу ра<нм.æ. (Паузæ.) Ды Хасанбеджы зонгæ дæр нал бакæнис. Фыццаг зам-аны ма-иу цыдысты афтæ арæзтæй, раст Харбинæй... Сызгъæрин къухдарæн^ япойнаг чумæдан, ахуырст сæр. Алыксандр. Кæм æрфысым кодта Хасанбег? Темыр. Цыма хъæдгæсы хæдзарырдæм ацыд... Алыксаядр. Тузар йæ фыды ссыд зоны? Темыр. Нагъ. Стæй ууыл нæу. Каст чи фæци, уыдонимæ Терчы ’был тезгъо кæньшц. Фжцæуын æз. Алыксандр. Фæндараст. Фæстæмæ-иу тагъд рацу. Темыр. Хорз. (Темыр ацыд. Алыксандр рудзынг байгом кодта.) Алыксандр. О рагон хæххон дон, кæсыс? Дæ уылæнты хъазт ницы у сæ цуры. Зæронд кæнæм демæ мах. Хъуыды-ма кæныс?.. Кæддæр дæ былыл »бадтыстæм мах дæр, зарыдыстæм... (Æрбадт, фæстæмæ та йæ йæ хъуыдытæ Хасанбегмæ ахастой.) Цымæ цавæр хъуыдытимæ сыздæхт Хасанбег? Цы ’нхъæлмæ кæсы йæхимæ та Тузарæн? Куыд уыдзæн сæ фембæлд, сæ фи- дæн? Æнхъæлдæн, рæдыд æруагътон, кæддæр Тузарæн, йæ^фыд хæсты æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ, мæнг ныхас кæй загътон, уымæй. Хæрз сывæллонæй нырмæ уый æнхъæлдта йæ фыды хæстои хъæбатыр... Къуыбылой æгæр ныссуйтæ. Хос нуазы, æрбахызт сау костюмы Тузар. Т у з а р. Æз æгæр айрæджьг кодтон, нæ? Алыксандр (нуазæнтæ ныккодта). Хъуыддæгтæ афтæ 160
рауадысты, мæ хæлар, æмæ æппæт сидтытæ дæр æз æмæ дæу бар баззадысты... Цæй, уæдæ æз ацы нуазæнæй сидт уадзын, ды ахуыр кæй фæдæ, уый тыххæй. Т у з а р. Бузныг. Алыксандр. Тæхаг цъиу йæ ахстонмæ лæппынтæн йæ ко- мыкомдзаг фæхæссы, стæй уыдоныл базыртæ куы разайы, уæд кубон дард фæтæхынц æмæ æнæкæрон арвы фæтар вæййынц... Сæ фæстæ кæсгæйæ баззайы сæ мад... Чи зоны, уыцы хъысмæт æнхъæлмæ кæсы сымахæй бирæтæм абон... Гъемæ уæ базыртæ фидар куыд уой, уæ цæст уынаг, уæ фæндаг та раст! Т у з а р. Оммен. Алыксандр. Уæ фæдыл кæсгæйæ чи баззайа, уыдон дæр уæ рох куыд никуьг уой... Мæн фæнды, цæмæй уат амондджын, æнæниз. Иуныхаоæй, дæ цæрæнбоны тыххæй. (Анызта.) Тузар. Бузныг. (Ацахуыста, æрæвæрдта нуазæн.) Алыксандр. Кæм бафæстиат дæ, кæд сусæг нæу, уæд? Тузар. Кæмдæр... А л ы к с а н д р. Чи у? Т у з а р. Римæ. Алыксандр. Æз æй нæ зонын? Т у з а р. Не ’нхъæлын. Горæты нæ цæры, хъæдгæсы чызг у. Алыксандр. Мæн фæиды базонгæ уæвын йемæ. Т у з а р. Иæ адрис — зындгонд. Хъæды хъæдгæс йедтæмæ ничи цæры. Ныртæккæ дæр ам ис. А л ы к с а н д р. Куыд ам? Т у з а’р. Дæлæ уым тигъыл æнхъæлмæ кæсы. Алыксандр. Тагъд æй ныртæккæ ардæм ракæн... Акæс- ма уымæ. Тузар азгъордта. Паузæ. Тузарæн йæ фыды ссыд зæгъын иууыл æнцон хъуыддæтгæй нæу... (Æрзылдта тилифон.) Уе ’хсæв хорз... Бахатыр кæн, хи- рург Нинæ Петровнæмæ тилифонмæ фæдзурæн нæй? Операци кæны, зæгъыс? Бахатыр кæнут. (Æрæвæрдта хæтæл. Æрбахызт сагъæсхуызæй Тузар.) Иунæгæй куы ’рбацыдтæ.., Тузар. Ацыд... (Тамако судзы.) Сæхимæ, хъæдмæ. Алыксандр (райста йын йæ тамако). Тамако хæйрæджы хойраг у. Тузар. Ие ’рвад таксист, дам, æй аласта. Мæ хæлар мын афтæ, машинæйы, дам, ма иу-цавæрдæр лæг бадт, йæ ном — Хасанбег. Алыксандр. Хасанбег? Т у з а р. О. Зоныс æй? Цыдæр сагъæсхуыз дæ дæхæдæг. Цы- ма мыи цыдæр зæгъынмæ хъавыс... Алыксандр (стыр паузæйы фæстæ). Хасанбег... Уый дæ фыд у... Дæ фыд ссыд... Æмбæрзæн Ц Хъайттаты СергсП щ
ДЫККАГ НЫВ Хъæды кæрои. Зыны Æмзорты хæдзар. Рацæуынц Æмзор æмæ Инал_ Инал къуылых нозтджын, зары. И н а л. Мауал цу, Æмзор. Аздæх. Хæрзизæр. Æ м з о р. Ахсæв ам л.æуу, Инал. Инал. Цытæ дзурыс? Мæ зæронд оæр-ра уа, æиæуый дæр* ын чысыл æфеон хъæуы. Æ м з о р. Иэæрмилтæ кæны. Инал. Цæй, арвы кæрон куынæ цæрын, мыййаг. Хъæдæй. горæты астæу æрх йедтæмæ ма исты ис? Æ м з о р. Омæ ды’Н æз дæр, æрхы куы баззайай, уымæй тæр- сын. И н а л. Æмæ Берлины цур къаддæр æрхытæ уыдис, хъуы- ды-ма мæныс? Æмзор. Ды уым дæр дæ зарын нæ уагътай. И н а л. Стæй йæ >нæ ныууадздзынæн. (Зары, фæхъус.) Æвæ- дза, уæд дæ дзæгъæлы фæцæф кодтой. Мæнау Берлин нæ фед- тай. Цæй! Æ м з о р. Хур æрныгуылы. Уыцы чызг дæр цæм-æндæр æрæг- мæ цæуы. Куы йыл амбæлай искуы, уæд ма-иу æй тагъддæр рарвит. И н а л. Уьщы чызг, зæгъыс? Уыцы чызг... Уыцы чызг... Уæв- гæ Римæ уыдонæй нæу. Æмзор. Нæ дæ ’мбарын. И н а л (алфамбылай ахъахъхъæдта, стæй ныллæг хъæлæ- сæй). Дæ хорзæхæй, Æмзор, ай «æ цыбырюбкæ æмæ мæкъуыл- дзыкку фæсивæд цавæр кæфтытæ байдыдтой? Æтт, зæгъгæ, куьг сцырен вæййынц, цыма Хъарсы фидар баоæттынмæ хъавынц.... талайау ратас-батас кæньшц, сæ хид цъыкк-цъыкк кæны, цыма: сыл тыхбегара ис. Уæдæ мах дæр куы кафыдыстæм: (Фæцæй- кафыд цавæрдæр у^збын рагон зардгæнгæ.) Хатыр... Ие сæ зарджытæ!.. Мах сын цард арæзтам... Æ м з о р (тызмæгæй). Æмæ сын ныр цард арæзтой, зæгъ- гæ, уæд сын æй фæстæмæ сæ хъуыры хуынкъæн ласыс? Цы, ныртæккæйы фæсиаæд? Уыцы цыбырюбксе ’мæ мæхъуылдзыкку цы фæсивæд хоныс, уыдон сарæзтой Братск... Уыдон басастой: æдзæрæг зæххытæ, хор дзы æрзайын кодтой... Ды та? И н а л. Ды... ды хъæбатыр уыдтæ уым... (Паузæ.) Расыгмæ- мын æй ма бамбар, фæлæ м.æм афтæ кæсы, цыма хъæды æм- бæхст лæгау цæрыс, тæргайæ. Æмзор (æрсабыр). Цæмæн æмбæхст лæгау? Æз уарзын: æрдз. Никæмæй ницы хъаст кæнын... Зæронд зæхмæ цас хæс- тæгдæр уа, уыйбæрц хуыздæр. И н а л. Фучъи! Зæронд, йæд!.. Кæс-ма ныртæккæ а сау лæп- пумæ... Кæддæра куыд згъорын. Гыццыл нозтджын куынæ уаин, 162
уæд мæ зæгъинæгтæ зæгъии, фæлæ уал сæ фæстæдæрмæ аргъæ- вæм. Фенынмæ уал. (Фезгъоры.) Æмзор иучысыл йæ фæстæ кæсгæйæ аззад, стæй уый дæр ацыд сæхимæ. Æрбайхъуыст машннæйы хъæр. Æрбацыдысты Хасанбег æмæ Римæ. X а с а н б е г. Мæ фырт йæ цардвæндагыл дæу хуызæн чыз- гыл фембæлд, зæгъгæ, уый куы базонин, уæд æз мæрдтæм дæр сразы уаин. Римæ. Цытæ дзурыс? Дæ фыртæн, æвæццæгæн, мæнæй бирæ хуыздæр чызг-зонгæтæ ис. Хасанбег. Нагъ. Ды се ’ппæтæй хуыздæр дæ... Уый дæ хæдзарæй цæуы рухс? Р и м æ. О. Папæ æмæ мамæ æдзух мæнмæ фенхъæлмæ кæ- сынц. Цом. X а с а н-б е г. Нæ, Римæ, мах бакæндзыстæм афтæ: ды ацæу- дзынæ дæ фыдмæ разæй 1æмæ йын зæгъдзынæ, цы машинæ мæ, зæгъ, .æрбаласта, уым дæм иу лæг æнхъæлмæ кæсы, дæ рагон хæлар. Р и м æ. Хорз. (Ацыд.) Æ м з о р (рацыд, йæ къухы фанар, талынгмæ). Кæцы дæ уый? Чи мæ агуры, кæй бахъуыдтæн? (Хасанбегимæ хæрхæм- бæлд фесты.) Хасанбег. Де ’зæр хорз, Æмзор. Цæм.æн мæм афтæ кæ- <:ыс, нал м.æ базыдтай? Кæддæр ньгн иумæ куы æвзæрстой нæ хъуыддæгтæ. Æрлæууын ма кæн дæ зæрдыл... Æнхъæлдæн, æх> сызгон дын нæу иæ фембæлд. Афтæмæй кæддæр иумæйаг уыд не ’хсæвæр, нæ аходæн... нæ лыстæн. Æ.мзор (базыдта йæ). Мæнæн никуы ницы уыд иумæйагæй демæ, Хаса-нбег. Хасанбег. Уый дын иу <бæласы дыргътæ, гъе! Уæвгæ, ды рагæй дæр æмбæхст лæг дæ. Уым фыццаг хатт куы фембæлды- стæм, уæддæр уыцы мадзура уыдтæ (паузæ). Мæнау немыцмæ уыдтæ, служ-бæ сæм кодтам, æмæ мæнæн ссæдз азы радтой, дæуæн та... Æ м з о р. Æз никуы лæггад кодтон немыцæн. X а с а н б е г. О, фæлæ дæуыл уыдис немыцаг афицеры да- рæс... Æ м з о р. Æз советон лейтенант уыдтæн. Хасанбег (худы та). Цæй, цæй, цом-ма, æрымысæм нæ ивгъуыд бонтæ. Ам, дам, хъæдьг цæрыс, æцæг у уый? Дзæбæх галуантæ аскъæрдтай. Дзæгъæлы мæм тызмæгæй кæсыс. Цы мадзура дæ рагæй дæр. Æ м з о р. Даргъ рæхысæй цы’быр бæндæн хуыздæр. Хасанбег.' Æмæ уымæй дæр цы мæнг зæгъыс? Кæдæм ма ф-æцæуон ацафон? Ирон æгъдаумæ гæсгæ — æз де уазæг. Ах- сæв мæ фысым ды... (Йе уæхск ын æрхоста.) Уый, æнхъæлдæн, бынтондæр куы схъæддаг дæ. Дæ рæсугъд чызджы мауал схъæд- 163
даг кæн, дæхæдæг цыфæнды у. Ничиуал дын æй ракурдзæн. Æ м з о р. Мæ чызджы кой ма кæн. Хасанбег. Мæнæн ис лæппу, дæуæн чызг... Сæ амонд або- ны бон дæуæй аразгæ у... Машннæйы хъæр. Æрбацыд Тузар. Т у з а р. Папæ!.. (Кæрæдзиуыл ныттыхстысты.) Хасанбег. Тузар... Æмбæрзæн АВЛНСЦЕНÆ Æ м з о р. Лæппуйы сæры магъз ма зыгъуьгммæтæ кæн. Хасанбег. Æгъгъа уæдæ, мæ фыртьгл мæ бон нал цæуы. Цы уыдис, уый уыдис, мæ фыртимæ уæ никæй ницы хъуыддаг ис. Æмзор. Ис! Абон ды уый галиутæ кæныс, райсом та æн- дæр искæйы ныззыгъуыммæтæ кæндзынæ. Уый цы хуины, уый зоныс?.. Дæ чъизи ми, дæ фыдраконд дарддæр кæныс. (Фæ- цæуы.) Хасанбег. Мæсты ма кæн... Æз дæу тыххæй æппæтдæр базыдтон. Фæци, дæ цард, æмбал лейтенант! Æмзор (æрлæууыд). Сайыс! Мæ цард нæ, фæлæ дæ цард фæци. Дæ цард фæци, фыццаг хатт де знаджы размæ дæ зон- гуытыл куы ’рхаудтæ, уæд. Хасанбег. Мæнг ныхас! Чидæр мыл хахуыр бахаста. Æ м з о р. Уый хахуыр нæ уыд. Ды хорз зоныс, æз немыцмæ службæ кодтон уæд. X а с а н б е г. Зоньш æй. Уыцы гæххæтт дæр ды ныффыстай! Æ м з о р. Ды ауæй кодтай немыцæн, хъæды дыл æд сывæл- лон цы лыгъд ус амбæлд, уый, командиры бинонты. Ды сын банымыгътай, демæ цьг дыууæ сырхæфсæддоны уыд, уыдоны дæр. Хасанбег. Æз мæ тæрхон ахицæн кодтон, мæнæн никæй-- уал бон ницы у! Æмзор. У! Ды тæрхонгонд дæ цæрæнбонты, æмæ дæ чъи- зи цæсгом нæ иыхсдзыиæ мыггагмæ! (Æмзор фæцæуы, Хасанбеа цавддурау лæууы.) Рухс ахуыссыд. ÆРТЫККАГ НЫВ Хъæды кæрон, доны был. Райсом раджы; хъуысы мæргъты зарын. Æрба- цæуынц Хасанбег æмæ Тузар. X а с а н б е г, Цы рæсугъд ран у! , Т у з а р. Æз фыццаг хатт нæ дæн ацы ран. Алыксандримæ дæлæ уырдæм кæсаг ахсынмæ арæх фæцæуæм. X а с а н б е г. Абадæм уал, сырдтæ дæр нын- никуыдæм аир- 164
вæздзысты. ССтавд бапъироз ссыгъта.) Хурыскастыл иумæ сæмбæлæм ацал-ауал азы фыццаг хатт. Тузар. Сæмбæлæм. Фæнды мæ, æгас дуне дæр нæм куы кæсид. Хасанбег. Æри-ма дæ хъыримаг, æз дын бацамонон, куыд ифтындзгæ у, уый, науæд сырд «æваст февзæрын дæр зоны. Т у з а р. Æцæг, >æцæг. Хасанбег. Кæс, .мæнæ ай у шампал, схæц ьгл æмæ йæ фæстæмæ акæн, афтæ. Нывæр дзы гилдз, сæхгæн æй фæстæмæ, ныхъхъав æмæ фехс. (Æвдисы) Т у з а р (барæй). Фыццагдæр мын топп ифтындзын чи ба- цамыдта, уый — мæ фыд. Хасанбег. Уый уал мæ фыццаг лæвар дæуæн. Чи ’нхъæл уыд?.. Ту з а р. Цы, папæ? Хасанбег. Чи ’нхъæл уыд, ,æмæ æз æмæ ды афтæ искуы фæрсæй-фæрстæм бадæм? Зæгъ-ма, ныр æз æппын дæ зæрдыл никуы æрлæууыдтæн? Т у з а р. Цытæ дзурыс, мæ фыд? (Йæ къухдарæн цы æнгуыл- дзыл уыд, уый йын райста.) Æхсæвæй- бонæй лæууыдтæ мæ зæрдыл. Гъе æцæг дын дæ цæсгом нæ зыдтон... (Паузæ.) X а с а н б е г. Гъы, Тузар — юрист. Т у з а р. Диссаг дæм кæсы? Хасанбег. Æмæ дын цавæр хъуыддаг бабар кодтой, æм- бал прокуроры хæдивæг, кæд сусæг нæу, уæд? Кæй ныхмæ арæзт у дæ фыццаг раныхас тæрхондоны? Чи у фыдгæнæг? Давæг? Т у з а р. Фæсномыг писмотæ фыссæг... X а с а н б е г. Æмæ уый цавæр фыдраконд у? Тузар. Хъус, хъус. Æмæ сæ цы не схуыдта, стæй сыл кæ- дæм нæ фæфыста? Цæмæй йыл ма фæгуырысхо уой, уый тых- хæй фæстагмæ йæхиуыл дæр ныффыста... Ф,æлæ уæддæр йе ’наккаг цæсгом рабæрæг. Ха с а н бег. Нæ зонын, цы ис уым ахæмæй, тæрхондоны онг чи ’рцæуа... Т у з а р. Цæуылнæ? Кæд .æцæгтæ фыста, уæд цæмæй тарст? Ау, сымах куы цыдыстут уым æд гæрзтæ размæ, уæд куынæ тарстыстут! (Паузæ.) Æрбацæудзынæ тæрхондонмæ? Хасанбег. Æз ахæм хъуыддæгтæ нæ уарзын, æз уарзын æхсызгон, рæсугъд хъуыддæгтæм хъусын. (Йæ къух ауыгъта.) Цы у чъизи хъуыддæгтæм хъусын та? Т у з а р. Змæнтын с.æ хъæуы, науæд сæ хурмæ куыд ракал- дзынæ? (Лæгъстæхуызæй) Æрцу-ма-иу, папæ. ■Хасанбег. Цæй, хорз, хорз... Æд рихи лæг... Т у з а р. Дæ хæстон цардæй мын истытæ радзур. X а с а н б е г. Мæ хæстон цардæй, зæгъыс? Т у з а р. О, хæрзаг иу æмæ дыууæ хатты нæ цыдтæ карды комыл. Хасанбег. Карды ком циу? Адзалы фæндагыл... Иухатт 165
иу цавæрдæр хъæды разведкæйы уыдыстæм æртæ лæппуйæ, фæ- лæ нæ немыц бафиппайдтой æмæ ныл æртыхстысты. Мах сфæнд кодтам фæйнæрдæм иугæйттæй фæцæуын æмæ фæцыдыстæм. Уæвгæ дын æй цы дзурын-, æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ чины- джы нæ кастæ ахæм хъуыддæгты тыххæй. Фыссынц... Иууыл- дæр фысджытæй агæппытæ кодтой. Дæ Алыксандр дæр, æн- хъæлдæн, йæ хæстон сгуыхтдзииæдтыл чиныг куы ныффыста. Т у з а р. Иæхиуыл нæ, йæ хæстон хъæбатыр æмбæлттыл. X а с а н б е г. Фыссын æнцон у, ахæм хъуыддаг хи цæстæй фенын хъæуы... Т у з а р. Хорз, хорз, дзур дарддæр. X а с а н б е г. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы фæцыдтæн. Кæдæм цыдтæн, уьшæн мæхæдæг дæр ницы зыдтон. Хæргæ та кодтон, мæрдты хызынты цы ’мбыд къæбæртæ ардтон, уыдон. Цыппæрæм бон цавæрдæр лыгъд сылгоймагыл амбæлдтæн хъæ- ды йе ’ртæаздзыд чызгимæ... Сывæллон рынчын уыд, мæ хъæ- бысы йæ фæхастон. Иуныхасæй, аирвæзын сæ кодтон. Т у з а р. Куыдæй? Хасанбег. Куыдæй куы зæгъай, уæд сæ горæтмæ æрба- кодтон. Мæхæдæг хъæдмæ партизантæм ацыдтæн. Тузар. Папæ... æз уыцы писмо стыр хæзнайау бирæ азты æмбæхстæй дарын... Мамæ куы æруæззау, уæд мæм æй радта. Куы, дам, амæлон, уæд ацы писмо макуы фесаф... X а с а -н б е г. Фыстон уæм æй? Тузар. О, партизанты отрядæй, фæлæ дæ уыйфæстæ ницы- уал хабар уыд... Хасан’бег. Уыйфæстæ... (Фæкъуылымпы.) Уыйфæстæ сæр- магонд хæс æххæст кодтон æмæ .мæ уымæн нал уыд хабар... Тузар. Алыксандр мын дзырдта, æбæрæгæй, дам, фесæфт дæ фыд. Хасанбег (иуырдæм). Уæддæр та — Алыксандр. Искуы дын фæкæндзынæн мæ хабæрттæ кæрæй-кæронмæ... Тузар Ха- санбекович! (Йæ сæр ын йæхимæ æрбакодта.) Тузар. Æз-иу арæх поезды размæ рацыдт^æн æмæ сусæгæй. кастæн бæлццæттæм, фæлæ дзы никуы рахызтæ ды. Хасанбег. Стæй куы рахызтаин, уæддæр мæ ды нæ ба- зыдтаис. Уæвгæ м<æ базыдтаис. Дæхимæ айдæнмæ бакæс, дæ азтæм ма иу уыйбæрц æмæ чысыл фылдæр бафтау æмæ уый уыдаин .æз. Т у з а р. Æцæг, æцæг, кæс-ма, дæ цæстытæ, де ’рфгуытæ мæ- нонтимæ — æнгæстæ. X а с а н б е г. Мæ фарсмæ-ма .æрбалæуу. Ту з а р. Табуафси. X а с а и б е г. Бирæ дæ нал хъæуы, хæрæджы хъыбыл! Ту з а р. Гъер дæхицæй хæрæг куыд загътай? Хасанбег. Гъы, къулбадæг! (Абырсынмæ йæ хъавы.) Т у з а р. Мæхæдæг æрхуыссон? (Лæууы фидар. Худынц.) Хасан’бег. Нал и, нал, кæддæры хъару, Тузар... Дæ ка- 166
рэенæй æз дæр... Цæй, цом, науæд нæм хъуам,æ æрсытæ уæлбы- лæй циркмæ кæсæгау кæсыиц. Т у з а р. Уæлбылæй, зæгъыс? Æз сæ ныртæккæ билеттæ ба- цагурдзын.æн. Хасанбег. Цæй, ды уæлæ уыцы айнæгмæ схиз. Зæронд та мæнæ амыты искуы ацуан кæндзæн. Т у з а :р. Папæ, æз ам баззайон б.ынæй? X а с а н б ег. Айнæгæй тæрсгæ кæныс? Тузар. Нæгъ... Мах арæх фембæлæм ам. (Фæхъус.) Хасан’бег (бацыд Тузармæ, йе уæхсчытыл ын йæ къух- тæ æрæвæрдта). Кæд уыцы чызг Римæ у, уæд æз мæхи æппæ- тæй амондджындæр адæймагыл нымайын дунейыл. Тузар (йæ сæрæй «о», зæгъгæ, бакодта). Диссаг, цæмæй йæ базыдтай. . Хасанбег. Чидæр мын дысон фыны мæ хъусы сдзырдта йæ ном. Хуыздæр чындзмæ нæ бæллын. Лыг у, куыд баныхас кодтам, афтæ ацы ран æмбæлæм. (Ацыд. Æдде.) Гæрзтæм арæхстгай æвнал. Тузар æрæвæрдта топп æмæ хъатара бæласы аууон, æртæ хатты ныхситт кодта. Римæ фæстæты рахъуызыд, дидинæг нывæфтыд къаба йыл, тæнæг дза- бырты, æнæбыд дзыкку уæхсчытыл куырисау æрхауд, йæ къухы уадындз, цæгъды æмæ хынджылæг кæфтытæ кæны хъæддаг чызгау, хъазынц, худынц. Р и м æ. Афтæ, раджы кæдæм? Т у з а р. Цуаны цæуæм .мæ фыдимæ. Р и м æ. Кæм и дæ фыд? Тузар. Дагъмæ сивгъуыдта. Æз та... Сау хохы ’фсон Урс хохмæ фæдæи... Уæдæ, зæгъыс, райсом фыццаг бон цæуыс куыстмæ? Р и м æ. Тæрсын, куынæ сарæхсон, уымæй. Цымæ мæ фыццаг рынчын чи уыдзæн? Т у з а р. Æз... Мæ з-æрдæйы куыст дын æнцондæр раиртасæн уыдзæн. Р и м æ. Нæлгоймаг стырзæрдæ у. Тæрсын, æндæр чызг дæ фæрсты куы ’руайа. Т у з а р. Сæуæхсид (мæ сомыйæн æвдисæн. Р и м æ. Лæппутæ, дам, фыццаг мæлгъæвзагæй фæзарынц... (Сыхъуыст та сыкъайæ уаст.) Цæуон, уый папæ у. Чи зоны, фездæхон фæстæмæ. (Азгъордта.) Т у з а р. Булæмæргъы фæтæрсынчындæуыд æмæ бæласæй атахт. Фæд-фæдыл — дыууæ гæрахы. Тузар хъатара æмæ топп фелвæста, азгъордта. Паузæ. Сыхъуыст машинæйы хъæр, æрбаЦыд Алыксандр, сæрды- гон дарæс ыл. Алыксандр (фæзмы цъиуы æхситт). Цытæ дзурут, хуы- Цау зоны. (Æддæмæ.) Руслан! Иу сахаты фæстæ-иу фæзын. 167
(Машинæйы хъæр адард.) Уæууа, мæ тамакотæ машинæйы баз- задысш (йæ къух ауыгъта. Æрцæттæ кодта йе ’нгуыр, баппæр- ста йæ доны, цъиутæм хъазгæ æртхъирæн кæны). Сс... Тæрсын кæнут кæсæгты!.. Æрбацыд Римæ. Ацы æдзæрæг хъæды ахæм рæсугъд чызг? Фæлæуу-ма, кæд до- нычызг дæ? Р и м æ (Алыксандрæй æфсæрмыгæнгæйæ). Донычызг хъæ- ды цы агуры? Алыксандр. Цыдæр зонгæ мæм кæсыс. Р и м æ. Æз дæ зонын. Алыксандр. Нæ, кæнæ фынæй дæн, кæнæ аргъауы чызг дæ. Р и м æ. Алыксандр дæ ном. А л ы к с а н д р. Æрхъуыды й,æ кодтон, кæм дæ федтон, уый. Р и м æ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Терчы был, ннституттæ каст куы фестæм, уыцы райсом. Алыксандр. Канд уым нæ... Кæддæр ма дæлæ уым ах- стон кæсаг, Тузар та ам цавæрдæр донычызгимæ ныхæстæ код- та... Уæдæ ацы ран базонгæ стут, ацы ран? Цы агурыс ацафон йунæгæй ам? Р им æ. Цæрын. Алыксандр. Хъæды? Р и м æ. Цæмæн хъæды? Мæ хæдзары. Алыксандр. Кæимæ? Р и м æ. Куыд кæимæ? Мæ мад æм,æ мæ фыдимæ. (Ных- худт.) Алыксан др. Чи сты дæ мад æмæ дæ фыд, кæд сусæг нæу, уæд? Римæ. Мæ фыд—хъæдгаёс, мæ мад та — йæ хæдивæг. (Ацæуы.) Æ м з о р (рацыд). Чызг! Кæимæ дзæнгæда цæгъдыс? Дæ мад дæ агуры. А л ы к с а н д р. Дæ бон хорз. Æмзор. Бузныг. Алыксандр. Мæнæн дзырдтой —уыдис рæстæг, дæ хи- уылхæцындзинадмæ дын хæлæг кодтой адæм. Æмзор. Уый раджы уыд. Стæй ма мыл уыдис знаджы да- рæс дæр! О, о, знаджы дарæс, мæ иом та хуынд Пауль Бехер. Истæмæй ма мæ фæрсыс, æмбал райкомы секретарь? Паузæ. Алыксандр. Дæ ныхыл цы хъæдгом ис, уый бæрæггæ- нæн у; кæддæр дæ мæлæтмæ бирæ кæй нал хъуыд, уымæн... 13æгъ-ма, хæсты фæцæф дæ? Æ м з о р. Нæгъ, хъæды. Бæлас мыл рафæлдæхт. Алыксандр (кæсы йæм). Бæласдзæфы хуызæн нæу.
Æ м з о р. Гъемæ нæмыгдзæф дæр фæуæд. (Ацыд.) Алыксандр (æрæдоюиау). Дыккагимæ дæр базонгæ дæн. (Яе ’нгуыр та рæвдз кæны.). Гъер №а мын дзы иу баззад. (Ау- ыдта Хасанбеджы, йæхи нæуынæг скодта. Къæрныхау хъуызгæ разынд Хасанбег.) , \ Хасанбег (иуырдæм). Алыксандр?.. (Уымæ.) Бирæ ахсай! Нал мæ базыдтай? Уый æз дæн, Хасанбег, дæ кæддæры сыхаг. Алыксамдр. Базыдтон дæ, кæддæ сæрыхъуынтæ уæд урс уыдысты, ныр та — сау, уæддæр. \ X а с а н<б е г. Сахуырстон сæ, мæ хуыз аивын мæ бафæндыд. Алыксандр. Цæмæн ма уæд? Мæнмæ гæсгæ, дæ тæрхон ахицæн... \ X а с а'« б е г. Цард домы уый. (Паизæ.) Дæ фæлмæст æн- гас мæ зæрдæмæ нæ цæуы, æмбал слесттæнæг... Акса, хæдæгай, ныр уым куынæуал кусыс, æмбал... I Алыксандр. Райкомы секретарь. \ Хасанбег. Æнхъæлдæн, мæ фыртьАардæм ды фæцахуыр кодтай. \ Алыксандр. Æз. ’ \ X а с а н»б е г. Æмæ цымæ уæд цавæр кæс&г æрцахсынмæ хъа- выдтæ? \ Алыксандр. Цавæр кæсаг ахсынмæ хъавыдтæн, ахæм æрцахстон. » Хасанбег. Æмæ нæ тæрсыс, дæ къухтæй куы ацъыллинг кæна, уымæй? (Сыхъуыст фæд-фæдыл дыууæ гæрахы.) Хъусыс, уый кæддæр фондзаздзыдæй ихы къæйыл кæи фæуагътай, уый гæрæхтæ сты. Мæнæн м,æ фырт дæу аххосæй æнæ фыдæй фæ- хъомыл кодта. Алыксандр. Уый, æвæццæгæн, йæ амонд уыди. Хасанбег. Мæн фæнды, цæмæй йын мæ сыздæхт æрхæс- са амонд. * Алыксандр. Уый дæхицæй аразгæ у. ) Хасанбег. Нæу. Дæуæй. 1 А л ы к с а н д р. Ома? ( X а с а н б е г. Æз мæ фыртæн загътон, ссæдз азы дæргъы нæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ Ираны æфсæнвæндæгтæ арæз- тон. Ды хъуамæ расомы кæнай ныртæккæ, ууыл æй кæй бау- уæндын кæндзынæ, уый тыххæй. Алыксандр. Æмæ йын æххæст афтæ цæуылнæ загътай, уыцы ссæдз азы дæргъы мæйыл уыдтæн, зæгъгæ, йе Марсыл? Хасанбег (æррайау). Тузар мыл баууæндыд. Расомы кæн! Алыксандр. Никуы уыдзæн уый. Хасанбег. Хъуыды ма кæныс... (Топпы шампал æлвасы.) Иухатт дын цы загътон, уый? Æрцæудзæн рæстæг, зæгъгæ, дын загътон æмæ æрцыд... А л ы к с а н д р. Ды цы рæстæгæй æнхъæлдтай, уый не ’рцыд. Хасанбег (фæстæмæ асанчъех кодта). Æрцыдис рæстæг. Фембæлдыстæм. Нæ цуры æвдисæн нæй... 169
Алыксандр. Нæ бауæнддзынæ. X а с а н б е г. Æмæ хъуамæ цæуылнæ бауæнддзынæн уæд? Æви мæм кæддæрау дамбаца ныддарын фæцарæхсдзынæ? Алыксандр. Нæ бауæнддзынæ, уымæн æмæ тæппуд дæ. (Ие ’нгуыр доны баппæрста, йæхи цæттæ дары.) Раджы уа, æрæджы, хъуыддаг рабæр^ег уььдзæн æм.æ дæ фæстæмæ ахæр- хæр кæндзысты. Уым та, ^æд ма дæ зæрдыл лæууы, уæд улæ- фæндон нæу. Фехс, цæмæ/ма у каст... Дæ гæрзтæ куы æруагъ- тай. / Хаса«бег (иуырдæм). Нæ, мæ хæлар, уæрмæй тыххæй- фыдæй чи сирвæзы, уый/уырдæм нал фæхизы. (Уымæ.) Тæппуд нæ дæн æз... (Фæлмæстх!уызæй.) Бафæлладтæн... Алыксандр. Дзу/рынц, зæгъгæ, дам, цавæрдæр немыцаг фашист Алагирæй Æрыдонмæ фæндагыл сывæллæтты ног къахт ингæны был сл-æууынукодта, æмæ сын сæ фехсыны агъоммæ къафеттæ байуæрста^стæй сæ мидбылхудпæ иугай-дыгай агæ- рах кодта. Чи зоны, уыцы сывæллæтты ’хсæн уыдис1 дæ туг, дæ хæстæг æмæ сæм æртхъирæн кодта дæуæй. Ды та? Лæггад код- тай’лæгмартæн. / X а с а н б е г. Æгъгъæд у! (Топп иуварс аппæрста зæххыл æрбадт, йæ цæсгом бамбæхста.) О, фæлæ дæ чи кодта мæ фыр- ты сайæг? Цæмæн/ын загътай, хæсты æбæрæгæй фесæфт, зæгъ- гæ? Цæуылнæ йын загътай рæстдзинад? Ахст кæй уыдтæн, уый .чысылæй нырмæ /куы зыдтаид, уæд мæ ныр фæдфæливæн ны- хæстæ нал хъæуид. (Паузæ.) Хъизæмарæй мæ амардтай. Алыксандр. Кæд æз нæ дæн. Кæд дæ дæ цæсгом мары хъизæмарæй?... \ Хасанбег. Ау, адæймаг иу хатт куы фæрæдийа, уæд ын æй хъуамæ цæрæнбонты йæ цæстмæ дарой? Алыксандр. Нæ, æз афтæ не ’нхъæлын, кæд рæдыдтæ алыхуызон вæййынц, уæддæр. Кæд æцæг дæ рæдыд бамбæрстай æмæ раст зондыл ’ныххæцыдтæ, уæд дын дæ ивгъуыд царды чъизи митæ дæ цæстмæ никуы ничи бадардзæн... Тузарæн та рæстдзинад зæгъдз^нæ дæхæдæг. Хасанбег. Нæ, нæ!.. Мæ бон цы нæу, уый мæ ма дом. Тузар (дардæй). О-о-о-о! ■Алыксандр- (æрæджиау). Адæймаг фыдгæнæгæй нæ рай- гуыры... Ахъуыдыйæн фаг рæстæг уыд. Тузар фæзынд. Тузар. Æз та ма уæ базонгæ кæнынмæ хъавыдтæн. А л ы к с а « д р. Гъемæ нæ ’базонгæ кæн æххæст. Т у з а р. Табуафси. (Алыксандрæн Хасанбеджы амоны.) Уый дын -мæ царддæттæг, мæ фыд. (Стæй та Хасанбегæн Алыксанд- ры амоны.) Уый та дын мæ дыккаг фыд. Æмбæрзæн ,170
ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Терчы был. Рансом раджы. Хур хæхты цъуппытыл æрныдзæвд. Н и н æ (æрбацыд). Нæй та ам дæр. Уæдæ кæм уа? (Æр- каст сахатмæ.) Æрбацæуы йæ фæрсты Тузар, хæрхæмбæлд фесты. Тузар? Т у з а р. Дæ райсом хорз, Нинæ Петровнæ. Алыксандры агурыс? Н и н æ. О. Нæ йæ федтай? Конференцимæ тагъд кæнын. Т у з а р. Нагъ. Мæн дæр хъæуы... Нинæ. Иæ укол кæнын афон у æм-æ сæхимæ нæй. Кæд куыстмæ ацыд... Т у з а р. Афтæ раджы? Нийæ. Раздæр дæр ацæуы. Кæд дын зын нæу, уæд ма йæ мæ бæсты иу хатт а>бæрæг кæн. Тузар. Хорз. (Ацыд.) Н и н æ. Æгæр фæцахуыр Тузарыл ныр уал азы. Хи хъæбу- лы ад ын скодта. Уый нæ, фæлæ ма йыл æз дæр сахуыр дæн. Алыксандр (æрбацыд). Нинæ Петровнæ? Н и н æ. Æз та ма дæм Тузары арвыстон агурæг. Алыксандр. Сæуæхсидыл Терчы был æмбæлын æппæт дохтыртæн сæ хуыздæр амынд. Кæсыс уæлæ уыдонмæ!.. Поэты загъдау: «Æрттывта ма стъалы уæларвы, сæуæхсид арвгæрæт- ты ссыгъд»... Н и н æ. Мæнмæ гæсгæ, укол кæнын афон хъуамæ уæхимæ уаис... Алыксандр (æмраст алæууыд). Æмбал дохтыр! Фыцца- джыдæр уал дæ райсом хорз. Нинæ. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд... Хос бануазын дæ нæ ферох? Алыксандр. Нæ ферох... Иугæр .æдзух дæуыл хъуыды кæнын, уæд искуы ма хостæ рох кæньшц?.. Н и н æ. Кæд ныууадздзынæ дæ хынджылæг? Алыксандр (хъæрæй ныххудт). Мæнæ дæуæй хосты кой куынæуал хъусон, уæд. Н и н æ. Æз хъазгæ нæ кæнын... Отпуск райс æмæ дæхи дзæ- бæх кæнынмæ ацу. Алыксандр. Æрмæстдæр демæ. Н и н æ. Æз уыдтæн отпусчы. А л ы к с а н д р. Уæдæ æз нæ цæуын. Н и н æ. Алексаадр Тимофеевич... Дæ электрокардиограммæ мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Алыксандр. Мæхæдæг та?.. Акса, хæдæгай. Грознайы, дам, мах заводы хуызæн заводы продукцийы хиаргъ дыууæ хат- 171
ты фæкъаддæр. Мах та æнхъæлдтам, уыцы хъуыддаджы махæй раззагдæр нæй. Гъемæ йæ, зæгъын, м-æхи цæстытæй куы фе- нин. Нæ мæ ауадздзынæ райсом Грознамæ? Н и н æ. Гъемæ-иу ацу, уæддоæр дæ ничи бауромдзæн. Алыксандр. Ура! (Фæцæй йæ иста йæ хъæбысы.) Н и н æ. Гъе, гъе. Æз «æгæр уæззау дæн. Алыксяндр. Зæронд кæнæм, Нинæ Петровнæ, зæронд. Н и н æ. О, азтæ цæуьшц... Алыксандр. Æз зæронды кармæ кæй рахызтæн, уый куыд базыдтон, уый зоныс? Н ин æ. Куыд? Алыксандр. Нæ мыл фæхуддзынæ? Н и н æ. Нагъ. Алыксандр. Басомы кæн. Н и н æ. Сомы кæнын. Алыксандр. Иубон дын трамваймæ схызтæн. Кæсын æмæ дзы диссаджы рæсугъд чызг бады, цыдаид ыл иу-ссæдз азы. Æмбаргæ дæр æй нæ бакодтон, куыд æм ныккастæн, уый. Цæ- мæндæр мæм мæ зæрдæ сдзырдта — куы мæм фæкомкоммæ уа, уæд йæ мидбыл зына-нæзына бахуддзæн, зæгъгæ^ Уый мæм æцæгдæр фæкаст, фестад æмæ дзуры: «Нæ фыды хай, сбад!» Цæмæн мыл худыс, сомы куы бакодтай? Н и н æ (худгæ-худын). Дæуыл нæ худын, æнæуи худын. Алыксандр. Дæуæн худæджы хос у, фæлæ æз цалдæр боны æрмæстдæр ууыл хъуыды кодтон. Н и н æ. Æмæ дзæгъæл кæстытæ нал кодтай? Алыксандр. Нал уæндыдтæн... Гъе ’ афтæ, мæ зынаргъ дохтыр, адæймаг йæ зæронды кары цы минут бацæуы, уый зон- гæ дæр нæ ;бакæны. Æрбацæуы Тузар. Æнæдзургæйæ дурыл æрбадт. Алыксандр. А, Тузар? Æгас цу! Цыма мын цыдæр зæ- гъынмæ хъавыс... (Алыксандр Нинæмæ дæгъæлтæ дæтты.) Ни- нæ Петровнæ, æз ныртæккæ фæцæуын... Нинæ ацыд. Алыксандр Тузары фарсмæ æрбадт. Т у з а р. Мæн фæнды базонын рæстдзинад... Ды мæнæн загъ- тай кæддæр, дæ фыд æбæрæгæй фесæфт хæсты, зæгъгæ. А л ы к с а н д р. Загътон... Тузар. Цæмæн мæ асайдтай?.. Мæ фыд ахæстоны уыд. Алыксандр (æрæджиау). Уый дын йæхæдæг загъта? Тузар. Уый загъта, слест ыл ды кодтай, зæгъгæ. Иæ суд ахицæн... Ау, æз знаджы фырт дæн? Алыксандр бирæ фæхъуыды кодта, сыстад, арацу-бацу кодта, стæй Туза- ры раз æрлæууыд. Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ сыстад Тузар дæр. 1 Алыксандр (зына-нæзына йæ мидбыл бахудт). Ды дæ хæххон суадоны æртæхау сыгъдæг адæймаг... 172
Тузар. О, фæлæ мæ цыма цыдæр æмбæхсыс? Иубон дæр мьш цыдæр зæгъынм.æ хъавыдтæ æмæ мын æй нал загътай... Мæн фæнды мæ фыды тыххæй базонын рæстдзинад! Алыксандр. Тæрсын, куынæ дзы барухс уа дæ зæрдæ. Ту з а р. Уæддæр! А л ы к с а н д р (тызмæгæй). Хъус уæдæ!!! Рухс ахуыссыд, æмæ разынд ахæм ныв: ныккæндгонд горæтмæ хæстæг. Агъуысты немыцаг афицер æмæ советон разведчик Æмзор, ууыл дæр немы- цаг афицеры дарæс. Хасанбегыл сырхæфсæддоны дарæс, сержант, йæ къухтæ дармæ баст, наддзæфтæ, фæлмæст. Хасанбег. Дон... Дон... Нем. афицер. Æнхъæлдæн, фæзондджындæр дæ, сдзырд- тай. Хасанбег. Дои... Нем. афицер (йæ былтæм. ын схæссы дон). Æрмæст дæ зæрдыл дар: ацы хатт дæр ма куы ницы зæгъай, уæд дын фыц- гæ дон ауадздзынæи дæ хъуьгры. X а с а н б е г. Мæ къухтæ! (Нуазы.) Нем. афицер (салдæттæм). Суæгъд ын кæн йæ рæхы- стæ! Хасанбег фæллад бадт ракодта, æрхауд йæ сæр стъолыл, стæй йæ уæз- зау ист скодта æмæ афицеры ’рдæм бакаст. Хасанбег. Мæн фæнды цæрын... Хъусут?! Цæрын! Нем. афицер. Бæлвырд фæзондджындæр дæ, уый бæ- рæг у. Дуне холы у, адæм та — халæттæ. Цардæй цы ратонай, уый дæхи. Дæ полчъы номыр? (Афицер Æмзормæ амоны, дзу- яппытæ фысс, зæгъгæ. Æмзор фыссы.) X а с а н ’б е г. Дыууæ сæдæ æртын дыууæ. Нем. а ф ицер. Дивизи? Хасанбег. Дыууадæсæм. Нем. афицер. Полчъы командир? Хасанбег. Дæлбулкъон Шухин. Нем. афицер. Дивизийы командир? Хасанбег. Инæлар Яковлев. Нем. афицер (дæтты картæ). Уæ полкъ кæцыран ис? X а с а н б е г. Æз картæ нæ зонын, хъæды кæрон, æрдузы. Н е м. а ф и ц е р. Хъæды цы агуырдтай? Хасанбег. Разведкæйы уыдтæн. Нем. а ф и ц е р. Цалæй уыдыстут? X а с а и б е г. Æртæйæ. Н е м. а ф и ц е р. Иннæтæ кæм сты? X а с а н б е г. Нæ зоньш... Нем. а ф и ц е р (æркаст æм). Цыма рæстдзинад дзурыс, афтæ м-æм кæсы. Нæ рæдийын? (Хасанбег «нæ», зæгъгæ, йæ сæр банкъуыста.) Демæ хъæдæй цы æдсывæллон сылгоймаг ра- цыд, уый чи уыд? 173
Хасанбег. Цавæрдæр командиры бинонтæ — йæ ус æмæ* йæ чызг. Нем. афице<р. Гъер мæ бауырныдта, рæстытæ дзурыс, уый. Мах сбæлвырд кодтам, уыдон æцæгæй дæр майоры. бинон- тæ кæй сты. Драгобычæй цыдысты. Ныр та, герр Æмройы-фырт^ дæумæ æнхъæлмæ кæсы иучысыл цины хабар. (Салдатмæ.) Ракæнут ма уацайрæгты дыууæйæ дæр. Салдат ацыд æмæ æрбакодта дыууæ сырхæфсæддоны, бæрæг у, тынг сæ кæй надтон; сæ къухтæ — баст. Н е м. а ф и це р. Ды ацы хистæр сержанты зоныс? (Хасан- бегмæ амоны.) 1-аг сырхæфсæддон. Нæ зонын. Нем. афицер (дыккагмæ). Ды ацы хистæр сержанты зо« ныс? 2-аг сы рх æф сæ дд он. Нæ зонын. Нем. афицер. Герр Æмройы-фырт, ды ацы сырхæфсæд- доны зоныс? Хасанбег. О. Василий Столбов. Нем. а фи ц е р. Мæнæ уый та? Хасанбег. Уый дæр. Анатолий Кобанов, мемæ уыдысты разведкæйы. Нем. афицер (уацайраг сырхæфсæддонтæм). Сымах зонут, хæстон рæстæг уæлахиздзаутæн мæнг ныхас зæгъын цьг у, уый? 1 - а-г сырхæфсæддон. Æмройы-фырты хуызæттыл фæ- уæлахиз Уæрæсейыл фæуæлахиз нæу. Фри’ц Уæрæсейыл никуы- ма фæуæлахиз... (Хасанбегмæ.) Ды та, æнаккаг... Н е м. а ф и ц е р. Ныосъхъус у! 2 - а г с ь| р х æ ф с æ д д о 1Н. Уый зонгæйæ дын хъæды дæ хурхыл бахæцыдаиккам. Нем.. афицер (салдатмæ). Дыууæйы дæр фехс. Сырхæфсæддонты акодтой. Дæ раст раныхæсты тыххæй — бузныг. Немыцæн æххуыс кæны- ныл разы кæй дæ, уый тыххæй дæ къух бафысс. Хасанбег (æрæджиау). Пъæлицæйы службæ кæндзынæн? Нем. афицер. Нæгъ, партизанты отряды... X а с а н б е г. О, фæлæ æз нæ зонын, партизаитæ кæм сты, уый. Нем. афицер. Бацамондзысты дын сæ. Æппæтдæр бам- бæрстай? Хаса-нбег. Бамбæрстон, господин афицер. Нем. афицер. Дæ цæфтæм гæсгæ дыл баууæнддзысты... (Хæстæг æм бацыд.) Ды, æвæццæгæн, хъуыды кæныс, алидз- дзыйæн, зæгъгæ. Хасанбсг æм дисæй бакаст. Афицер æддæмæ цырд рауад. 174
Æ м з о р (хæстæг æм бацыд). Кæцон дæ? Хасанбег (дисæй). Ирон дæ? Æ м з о р. Кæцон дæ, зæгъын? X а с а н б е г. Дзæуджыхъæуккаг. Æ м з о р. ...господин лейтенант! Хасанбег. Дзæуджьгхъæуккаг, господин лейтенант. Æмзо р. Кæмæй дæ? X а с а н б е г. Æмройтæй. Æмройты Хасанбег. Æ м з о р. Дæ къух бафысс. Дæ дзуаппытæ дын раст ныф- фыстон? Хасанбег айста гæххæтт, кæсы. Æмзор цæуылдæр тынг тыхсы. Иурæстæ- джы йæм йæ пистолет дæр сцæйласта. Æрбахызт немыцаг афицер, йæ къухы хуызистытæ. Хасанбег йæ къух бафыста. Æмзор гæххæтт афицермæ дæтты. Нем. офицер (нывæрдта гæххæтт. Къамтæ Хасанбегмæ æвдисы). Ацы хуызистæн йæ быны фыст уыдзæн фондз дзырды зермæст: «Командиры бниоитæ сæ фехсты агъоммæ». Иннæрды- гæй та дæ къам. Æрдæбоны дыууæ сырхæфсæддонимæ. Уым та фыст уыдзæн сæ баны’Мудзæджы ном, дæ полчъы номыр, дæ командир дæлбулкъон Шухин æмæ афтæ дарддæр. (Худы.) Цæй, куыд?Дæ зæрдæмæ цæуы нæ куыст? Цы уаид, ацы къам мах Сырх Æфсады куы скуыси кæниккам, уæд? Уæвгæ, не ^нхъæлын æмæ не ’хоæн ахæм быцæутæ рауайа. (Салдатмæ.) Хæринаг ын, цас .æй хъæуы, уыйбæрц! Æ м з о р. Хъусын! (Ацыд.) Нем. а ф и це р.Чысыл фæстæдæр дын бæлвырддæр зæгъ- дзысты, цы дæ кæнын хъæуы, уый. Ныр та уал баулæф, мæ хæ- лар. (Æркаст сахатмæ.) Рæстæг ма дын ис æнæхъæн сахат. Рухс ахуыссыд, ссыгъд, разынд ныв: хъæды кæрои. Æрбацыд лæф-лæф- гæнгæ Хасанбег, чысыл раздæр ыл цы дзаумæттæ уыд, уыдоны. X а с а н б е г. Цы кæнон?.. Размæ цæуон æмæ — худинаг, фæстæмæ цæуон, æмæ мæ маргæ кй&ндзысты. Нæ, нæ! Æрмæст- дæр’размæ. Æппæтдæр радзурдзынæн нæхионтæн... Баууæнддзы- сты мыл. ’Мæ туга^й ныхсдзынæн мæ цæсгом. Ныххатыр мын кæвдзысты... Æмæ ме ’мбал сырхæфсæддонтæ та? Ау, сырвитой немыц уыцы æвирхъау хуызистыты? Сырвитдзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, сырвитдзысты. Нæхионтæм мæ фæндаг алыг и. Зæххыл ныддæлгом. Рухс ахуыссыд, ссыгъд, разынд ныв: ногæй та не- мыцмæ. Нем. а ф и це р. Ракæнут сæ! Æрбакодтой Нинæйы. Ыаддзæфтæ. Пыхцылсæр. Тыххæй ма лæууы йæ хъæхтыл, æрбаппæрстой Хасанбсджы дæр. Фæстаг хатт ма дæ фæрсын — кæимæ æрцы.дтæ? Кæмæ æмæ цæмæ? (Нинæ ницы дзуры, афицер Хасанбегмæ амоны.) Ацы 175
лæджы зоныс? (Нинæ «нæ», зæгъгæ, йæ сæр банкъуыста. Афи- 1\ср Хасанбеджы фæрсы.) Ды ацы сылгоймаджы зоныс? X а с а н б е г. Нагъ. Н е м. а ф и ц е р. Сайые. (Фæцæй йæ цавта.) Сайыс! Чи дæ? Цы агуырдтай хъæды? Хасанбег. Æз цы зæгъинаг уыдтæн, уый загътон... Нем. афицер (Нинæмæ). Сæн нæ ануаздзынæ? Н и н æ. Нæ нуазын. Нем. а ф и ц е р. Бапъироз? Н и нæ. Нæ дымыи. Нем. афицер. Чидæ? Н и н æ. Тамакотæуадзæн фабрикæйы кусæг. Нем. афицер. Сайыс! Пъæлицæ горæты цæрджыты ном- хыгъды дæ мыккаг не ссардта. Н и н æ. Хорз нæ агуырдтой. Нем. афицер (йе ’нгуылдзæй Нинæйы роцъойыл схæ- цыд). Æрыгон, рæсугъд... Æгæр æвгъау дæ мæрдтæм бацæуын- мæ. Ау, дæу нæ уырны нæ фæуæлахиз? Истæмæ ма æнхъæлмæ кæсыс? Уæ паддзахадон арæн — нæ къæхты бын... Н и н æ*. Ис иу фыдæлтыккон æмбисонд. Кæддæр, дам, иу бирæгъ хъæуыл йæхи ныццавта æмæ... йе стæгдар дæр нал и> хъæу ма абон дæр йæ бынаты лæууы. Нем. афицер (фæцæй йæ цавта, фæлæ цæмæндæр йæхи фæурæдта). Хуыцаумæ кув, сылгоймаг кæй дæ, уый тыххæй. Æз сылгоймагмæ нæ исын мæ къух... (Бацыд Хасанбегмæ.) Уый хыгъд мæнæ уы.й айсдзæн дæ хай. (Йæ тых-йæ бонæй йæ ныц- цавта.) Сырх куитæ! Мах Уæрæсейæ ничиуал асурдзæн... (Цæф.) Никуы! Æмбарут? И и н æ. Сталинградæй уæ ратардтой! Тæргæ нæ, дæрæн! Н е м. а ф и ц е р. Цы-ы? (Цæвы Хасанбеджы.) Уый уын Сталинграды тыххæй. (Цæф.) Не ’хсæзæм æфсады тыххæйГ (Цæф.) Фельдмаршал Паулюсы худинаджы тыххæй! (Цæф.) Н и н æ. Цæвут мæн! Уый ныууадзут! Нем. афицер. Нæ-æ! Дæуæн æз карздæр тæрхон æр- хъуыды кодтон. Ды. тæккæ а изæр суыдзынæ отæ салдæтты иу- мæйаг уарзон, æмæ кæд ахсæв сæ хъæбысы дæ уд нæ сисай, уæд дæ райсом, фыццагдæр цы бæлас фенай, ууыл æрцауындз- дзыстæм. Акæнут æй! Акодтой йæ. Хатыр, мæ хæлар, адæймаг фыдæбонæн рангуырд. (Яæ къух- мæрзæнæй йын йæ рустæ ныссæрфта, стæй йæ аивæй аппæрста, нозт ын дæтты.) Æз зыдтон, ды дæ дзырд кæй сæххæст кæн- дзынæ, уьш. Ньгрма уал хорз арæхсыс. Бузныг. Æвæццæгæн» 1^ах тынг бахæлар уыдзыстæм. Афицер ацыд. Æмзор. Хасанбегмæ дæтты хисæрфæн. Æ м з о р. Дæхи ныссæрф. 176
Хасанбег. Бузныг (сæрфы). Æмзор (дыууæ нуазæны ныккодта). Дæ балцы тыххæй^. (Бакъуырдтой, анызтой.) Отряды мæн тыххæй исты загътай?* X а с а н б е г. Ницы. Æмзор. Хъахъхъæ. Немыц уæйгæнджыты бирæ нæ уар^ зынц. (Анызтой та.) X а с а н б е г. Господин лейтенант, бафæрсæн ис? Ды кæ- цон дæ? Æ м з о р. Цæмæн дæ бахъуыд? Партизантæн мæ ауæй кæ- нынмæ хъавыс? (Хъазгæмхасæн.) Мæ сæрыл дын ницы ратдзы- сты... Æмбæрзæн. АВАНСЦЕНÆ Тузар (æрбацæуы). Худинаг!.. (Йæ цæсгом йæ къухтæЁ бамбæрзта.) Æрбацауы Римæ йæ фæстæ. Р и м æ. Цы кодтай? Т у з а р. Мæ фыд... Р и м æ. Цы, дæ фыд? Т у з а р. Æфхæрд баййæфта хæсты заман. Р и м æ. Ахæм -ма дзы каубыд уа. Т у з а р. Цавæр каубыд? Р и м æ. Æз æмæ дæу æхсæн. Т у з а р. Нæ. дæ ’м^барын. Р и м æ. Мæ фыд дæр баййæфта æфхæрд хæсты заман. Цæ- мæндæр æй партийæ аппæрстой. Тузар. Мæ фыд партийы нæ уыд. Ахæстоны уыд. (Йæхи- нымæр дзурæгау.) Гадзрахатæй цæуæг. Р и м æ (сыстад). Нæ каубыд фехæлд. Мæнæн гадзрахатæй цæуæг нæу. Т у з а р. Кæдæм тагъд кæныс? Р и м æ. Райкомы секретармæ. Т у з а р. Цæмæ? Р и м æ. Мæ фыды тыххæй. Æз хъуамæ æппæтдæр радзурон секретарæн... Мæ фыд ницы аххосджын у. Æз ын йæ гæххæтты- тæ йæ сусæг æвæрæны ссардтон. Тузар. Райкомы секретарь... Ды æнхъæлыс, секретаримæ куы аныхас кæнай, уæд... Æз дæр ныхас кодтон ныртæккæ йе- мæ... Хорз зоныс дæ фыды? Р и м æ. Тынг хорз. Т у з а р. Æз дæр афтæ хъуыды кодтон. Р и м æ. Æз сæ баууæндын кæндзынæн. Т у з а р. Æз дæр афтæ «æнхъæлдтон. Р и м æ. Дæ фыд æмæ мæ фыды иу барæнæй ма бар. Т у з а р. Цæуылнæ?.. 12 Хъайттаты Ссргей 17Т
’Римæ. Дæ фыд... Дæ фыд знаг уыд. Т у з а р. Чи дын загъта дæуæн та? Р и м æ. Мæ фыд. Т у з а р. Мæ фыд нæ зоны дæ фыды. Р и м æ. Уый хыгъд м,æ фыд хорз зоны дæ фыды... Туза<р. Æмæ дæумæ цæмæн афтæ кæсы, дæ фыд хуыздæр лУ? Римæ. Æз дæу агуырдтон, цæмæй мын баххуыс кæнай, ды та... (Тузар æм скаст.) О, о, дæу. Дæ фыдадæмы раз йæхи /фаст ’кодта, ахицæн йæ тæрхон. Ныр та хъуамæ мæ фыдæн /баххуыс кæна... Æз мæ фыды сусæг æвæрæны гæххæтт ссард- тон. Кæс-ма, цы дзы фыст ис, уымæ. Хъусыс? Дæ фыд Хасан- бегæй аразпæ у йæ хъуыддаг. Тузар (æрæджиау). Мæнæн Хасанбег фыд нæй. Рухс ахуыссыд. ФÆНДЗÆМ НЫВ Райкомы секретары кабинет. Дæргъæй-дæргъмæ стъол,! баидæттæ. Цалдæр телефоны аппараты. Къулыл Ленины хуыз. Бирæ чингуытæ скъаппы. Алык- сандр бады стъолы уæлхъус, папкæйы цы гæххæттытæ ис, уыдоны йæ къух фыссы. Иу дзы систа, кæсы йæ. Сыхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Алыксандр. Райком. О, <æз дæн... Хъусын дæм... (Паузæ.) райхъус-ма, æмбал ихиректор, афтæ дæм нæ кæсы, цыма нæ лы- мæндзинадæй раст пайда нæ кæныс?.. Ис ахæм фарстатæ, кæ- -дыты хъуамæ лыг кæна куыстуаты разамонæг йæхæдæг, цы ми дæ хъæуы, уый тыххæй алы минут райкомæмæ обкоммæ -куы дзурай, уæд ма ды та цы кусдзынæ?.. Иу хатт ма дын зæ- гъын, нæдæр райком, нæдæр обком директоры бæсты иæ кус- •дзæн... Ахицæн. Æрæвæрдта трубкæ. Кæсы дарддæр, фæци, кънопкæйыл ныххæцыд, сы- дъуыст дзæнгæрæджы хъæр, æрбахызт Наташæ, Алыксандр æм папкæ радта. Н а т а ш æ. Дохтыр дзырдта. А л ы к с а н д р. У, «æнæхъæн сахат фæивгъуыдтон... Дæ хор- -ЗÆхæй, Наташæ, дон-ма мьш авæр. Бузиыг. (Иуазы а’ос) Цы- дæр ’ног хостæ мыл фæлвары Нинæ Петровнæ. Наташæ. Æмæ исты æххуыс кæнынц? Алыксандр. Зоиыс, Наташæ, ног хосты фæрцы у, æви .æнæуый, уый нæ зонын, фæлæ тынг дзæбæх дæн а фæстаг бон- ты. Н а т а ш æ. Хуыцау зæгъæд. Алыкса н д р. Ды æууæндыс хуыцауыл? (Дыууæйæ дæр худынц.) Уыщы пенсионер нæма æрбацыд?.. Натащ’æ. Иæ уды быцъынæг ардæм тоны, иннæтыл дæр йæ маст калы. Нырма иу ран нæма æрбадт. * '1;78
А л ы к с а н д р. Рауадз^ æй. Н а т а ш æ. Æмæ иннæтæ... Алыксандр. Ницы кæны, рауадз æй. Наташæ ацыд, æрбахызт Инал. И н а л. Фарн ам уæд. А л ы к с а н д р. Фæрнæйдзаг у. (Йæ къух ын райста.) Сбад. И н а л (сбадт.) Бузныг. Æппæты фыццагдæр, æз партион на*; дæи. Алыксандр. Ома «цыбырдæр кæн» зæгъынмæ хъавыс?... Инал. Нæ. Æз иугæр ардæм æрбацыдтæн, уæд хъуамæ мæ зæгъинæгтæ зæгъон, цалынмæ мæм цæмæ фæсидтæ, уый схъæр^ кæнай, уæдмæ. Бар ис? Алыксаидр. Табуафси. И н а л. Æз ’рагæй цæуинаг уыдтæн ардæм, суанг ма обком- мæ дæр. Алыксандр. Хъусын дæм. И н а л. Хæсты уыдтæ... Ордентæ дæм уыдзæнис... Алыксандр. Ис. И н а л. Дæ хъуыддаг раст. Гъемæ-ма зæгъ, адонæй алкæмæ дæр .мæлæты фæндагыл цæуын хъуыд æви нæ? Хъуыды-ма кæ- ныс 1æнæхуыссæг æхсæвтæ, знаджы нæмгуыты æхситт, тугхъар- гæ хъæдгæмттæ?.. Алы хæрзиуæгæн дæр уыдис йæхи сæрмагонд истори, аргъ. Æз ма хъуыды кæнын, хæсты размæ-иу Ърденхæс- сæг, зæгъгæ, уæд куыд кадджын уыд, уый. Ныр та? Æмæ уый кæй аххос у? Нæхи. Гъер мæнæ ды, райкомы секретарь, йе ин- нæтæ, ’цæуылнæ радзурут телевизоры, радиойы, газетты ордены тыххæй? Зæгъ-ма, кæм сты дæ ордентæ, цæуылнæ оæ кæныс? Алыксанд^р. Алы бон?.. Орден бæрæгбоны бакæнынц. И н а л. Дæ хъуыддаг раст. Æз дæр гъеууыл куы дзурын: цæуылнæ сæ кæнынц бæрæгбонты? Мæнмæ афтæ кæсы — раджы^ уа, æрæджы, паддзахадон хæрзиуæг хъуамæ царды фæстæмæ* æнæмæнг йæ бынат æрцахса. Æз дæ цæстæнгасы уьшын, мемæ разы кæй дæ, уый. Бузныг. ...Цы м«æ кодтай, æмбал секретарь?- Ды мæм хуымæтæджы нæ арвыстаис? Алыксандр. Иу хъуыддаджы тыххæй мæ демæ аиыхас. кæнын фæндыд. Инал. Табуафси. Алыксандр. Иубон дæ нæ хъæдгæсимæ лæугæ федтон^. И н а л. А, Æмзоримæ? А л ы к с а и д р. Хорз æй зоныс? И н а л. Хорз ньиртæккæ адæймаг йæхи бинорты дæр нæ зо- ны, фæлæ йæ зонын. Алыксандр. Рагæй? Инал. О. Берлин исгæйæ базонгæ стæм. Алыксандр. Берлин исгæйæ? Инал. Æмæ уым уа-диссагæй цЫ ис? Уым бирæ ирæттæ уыдис. 179^
А л ы кс а н*д р. Мæн фæнды базонын чысыл бæлвырддæр, цы •хуызы базонгæ стут, уый... Инал. Цы хуызы? Ныббырсты агъоммæ вæм ног тыхтæ æр- :йарвыстой æмæ уый дæр уыдонимæ фæци... Æнхъæлдæн цыма уыйразмæ партизан уыди. Алыксандр. Гъы, æмæ куыд хæцыд? И н а л. Куыд хæцыд? Адæм куыд хæцыдысты, уый дæр аф- •тæ хæцыд... Мæ фарсмæ згъордта, æхстам, бырстам. Алыксандр. Стæй... Ин.ал. Стæй уый фæцæф æмæ йæ госпиталмæ аластой... Цалдæр километры нæ бахæццæ, мæгуыр, Берлинмæ. Афтæмæй }йæ куыд тынг фæндыд... А л ы к с а ’Н д р. Уыйфæстæ та? И н а л. Уыйфæстæ? Уыйфæстæ йыл а-м амбæлдтæн, хæсты ,фæуынæй бирæ рæстæг куы рацыд, уæд. А л ы к.с ан д р. Партийæ æппæрст кæй уыд, уый тыххæй ис- ;куы уе ’хсæн ныхас рауад? ;Инал. Раст дын куы зæгъон, уæд Æмзоры хæстæгмæ зон- ^æйæ иу хъуыддаг бамбарын дшæ бон нæу — куыд хъуамæ æр- дыдаид æппæрст ахæм лæг партийæ? Ныр мæ цы рафæрс-ба- фæрс кæныс? Кæд æй фæстæмæ исут, уæд йæхицæй хуыздæр .лæгæн скæнæн нæй. А л ы к с а н д р (сыстад). Бахатыр кæн, кæй дæ бахъгыдард- тон, уьш-æй. Инал. Ды та мын бахатыр кæн, кæд, мыййаг, æгæртæ фæ- дзырдтон. Цы кæнон, мæхи аххос нæу... æрдзæй афтæ фæдæн. А л ы кс а ндр. Ды чи дæ, уый зоныс, Инал? Инал. Куыннæма? Æнæпартион большевик. Цæй. Алыксандр (йæ къух æм радта). Фæндараст. Инал. Раст кусыс, секретарь. «Дæ бон хорз» кæмæн зæ- гъаи, уый дæуæн «де ’зæр хорз» зæгъдзæн. (Ацыд.) Æрбацыд Римæ. А л ы к с а 1Н д р. Римæ? Æгас цу, сбад. Р и м æ. Бузныг. (Сбадт.) Æз мæ фыды тыххæй æрбацыд- <тæн. Алыксандр. Хъусын дæм. Р и м æ. Мæ фыд кæй ницы аххосджын у, уый зоны æрмæст- дæр иу адæймаг. Алыксандр. Чи? Р и м æ. Хасанбег. Ацы ран мæ фыд фыссы, кæддæр ыл Ха- .санбег ахæстонæй хахуыртæ кæй ныффыста æмæ йæ уый тых- хæй кæй æрцахстой, уый. (Дæтты гæххæтт.) Алыксандр (сыстад). Кæм ссардтай ацы гæххæтт? (Ти~ лифонæй дзуры.) Темыр, хъæуыс мæ. (Æвæры хæтæл.) ; Р и м æ. Иæ хуыссæнуаты, къамы фæстæ. Алыксандр. Иу хъуыддаг бамбарын мæ бон нæу, цæ- ^лæн дардта ныронг ацы гæххæтт йæхимæ? 180
Р и м æ. Нæ зонъш. Æз зонын уый, æмæ цалынмæ рæстдзи- над рабæрæг уа, уæдмæ сæ нæ «ыууадздзынæн. Алы-ксандр (æрæджиау). Дæ фыд зоны, ам цæй тыххæй дæ, уый? Р и м æ. Уæд æз ам <н.æ уаин. Алыксандр (дисгæнгæ гæххæтты иу ранмæ фæкомком* мæ). Ахтыркæйы службæ кодта немыцмæ дæ фыд? Р и м æ. О, Ахтыркæйы. (Бустæйæ.) Кæд фехъуыстаис искуы ахæм горæт... уæвгæ уый ардыгæй дард у. Алыксандр (æрæджиау). Зонын, Римæ, мæ хур... Æгæр хорз дæр ма йæ зонын. Цыппор æртыккæгæм азы уым немыц фехстой мæ чысыл чызг æмæ мæ бинойнаджы. (Римæ фæкуыд- дæр.) ’ Алыксандр рудзынджы размæ бацыд. Римæ ацыд. Темыр (æрбахызт). Дзырдтай мæм? А л ы кс а ’н д р. О. Иу цыдæр хъуыддагимæ дæ базонгæ кæ- нынмæ хъавын. Т е м ы р. Фыдхуыз нæ дæ ацы хатт. Алыксандр. Ма та райдай. Т е м ы р. Ф\æлæ уæддæр хъуамæ улæфгæ фылдæр кæнис. А л ы к с а н д р. О, дæ фенын мæ уымæн фæндыд... (Паузæ.) Ис тынг ахсджиаг хъуыддаг, булкъон. Гъемæ мæ фæнды нæ зæронд хæлардзинады охыл, суанг æм ды дæхæдæг куы ’ркæ- сис, уый. Ныхас цæуы коммунистыл, æнхъæлдæн, рæстæй тæр- хонгонд кæмæн æрцьид æмæ рæдыдæй партийæ æппæрст чи ’рцыд, ахæм коммунистыл. Тем ы р. Александр Тимофеевич, дæуæй, æвæццæгæн, ферох, æз партийы контролон къамисы нæ, фæлæ п&ддзахадон æдас- дзинады комитеты кæй кусьш. Алыксандр. Партийы контролон къамисимæ мæхæдæг ныхас кæндзы.нæн. Ныхас цæуы Æмзорыл. Мæнæ ма ацы гæх- хæтт бакæс. Темыр кæсы гæххæтт. Темыр. Бынтон бæлвырд нæма ’мбарын хъуыддаг. Алыксандр. Æмзор партизанты командиры приказмæ гæсгæ службæ кодта немыцмæ, йæ ном хуыиди... (Æркаст гæх- хæтмæ.) Пауль Бехер. Иæхи цæстытæй федта, Хасанбегæй уæй- гæнæг куыд рауад, уый, æмæ отряды командирмæ фæхабар кодта... Хасаибегæн уый кæцæйдæр йæ хъустыл æрцыд, æмæ .Æмзорыл фæсномыг пиемо ныффыста — немьщмæ службæ код- та, зæгъгæ. Æмзор .æцæгæй дæр службæ кодта немыцмæ æмæ йæ куы фарстой, уæд уайтагъддæр басаст. Хъуыддаг чи зыдта, уыцы командир кæй фæмард æмæ йæ æрцахстой. Темыр. Хасанбегæн йæ тæрхон ахицæн, сразы ма уа азым йæхимæ райсьш? Не ’нхъæлын. А л ы кса н др. Хорз уаид, ацы гæххæтт æм куынæ равди- 181
сис> уый. Мæнмæ афтæ кæсы <æм& Æмзоры тыххазй мах рæст- дзинад ацы гæххæтмæ гæсг.æ æнæ Хасанбег дæр базондзыстæм, Фæлæ мæн фæнды, Хасамбег Æмзоры тыххæй рæстдзинад йæ- хæдæг куы радзурид, уый. Æмбарыс? Иæхæдæг. Æппынфæстаг æз æмæ дæу хæс у, царды йæхицæн бынат чи нал ары, уыцы адæймаджы раст фæндагыл бафтауьш. Т е м ы р. О, фæлæ уæд зылынгонд цæудзæн йæх-æдæг. Алыксандр. Уый уыдзæн йæ иунæг фадат, кæд ма йæ зæрдæйы иу рухс къуым баззад, уæд уый фенынæн... Иæ фырты раз, йæ чындзаджы раз... Адæмы раз... (Паузæ.) Темы р. Бафæрсæн ис? Алыксандр. Табуафси. Т е м ы р. Ды æууæндыс, Æмзоры цæсгом Райгуырæн бæс- тæйы раз сыгъдæг кæй у, ууыл? Алыксандр (стыр паузæйы фæстæ). Æхсæв-бон нæ зон- гæйæ хæстон фыдгæнджыты агурæм, сæ фыдмитæ сы’н хурмæ калæм, скæнæм сын карз тæрхон... Хъыгаг у, фæлæ хатгай) æппæт мадзæлттæ арæзт не ’рцæуы, рæдыдæй зылынгонд чи ’рцæуы, уыдоны сраст кæньинмæ... Хъæугæ та кæны. Мæнæ аф- тæ нæ фæзæгъынц: «Расты цæв, æмæ зылын сбæрæг уа».. Уый- тынг рæдыд -ныхас у. Цы ма уа зæрдæйæн фыддæр низ — рæс- тæи адæймаджы бафхæрынæй. Темы р. Æууæнк, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз хъуыддаг у.. Алыксандр. Æз ма дын ноджыдæр иу хатт зæгъын, Те- мыр, адæмы ’хсæн .æдзух знаг агурьщ нæ хъæуы, адæймагæй цæмæй æцæг адæймаг рауайа, ууьил тох кæнын хъæуы... Темыр. Бамбæрстон дæ, Алыксандр, æмæ цæттæ дæнг хъуыддагмæ бæстон æркæсынмæ. Алыксандр. Зоньш, Темыр, уæззау хæс исыс дæхимæ, æгæр бирæ азтæ рацыд рæстдзинад сбæрæг кæнынмæ,. фæлæ ацы ран иыхас цæуы адæймаджы хъысмæтыл. Æмбарыс, Темыр? Адæймаджы хъысмæтыл. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ Бæрзонд уæлвæз. Дзæбæх æрбарухс. Схызт фæзмæ цуанонхуызæй Тузар/ æрбадт, æрæвæрдта йæ гæрзтæ, йæ цæсгомыл зыиы сагъæс. Æрбахызт Ха- санбег. Уый дæр цуанонхуыз. Рæвдз йæ фсзмæлд, хъæлдзæг йе сныхас. X а с а н б е г. О нæ хæхтæ, нæ кæмттæ! Цæй æхсызгон мын у ногæй та уæ цуры уæвын! Æз хастон уарзондзинад сымахмæ. Ме ’взонджы бонты ам цы арвыстои, уыдон мæрдты дæр æмæ. уæлæуыл д&р — мемæ. 182
Тузар (дызæрдыгæй). Ды тынг тагъд кодтай ардæм? X а с а н б е г. О, тынг тагъд. Ау, мæргътæ дæр ма куы фæ- цин кæнымц, сæ ахстæттæм куы ’ртæхынц, уæд. Т у з а р. Уал азы æдде... Æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ хатты не ’рымысыдтæ дæ райгуырæн хъæу. Хасанбег. Æрымысын, уый æгæр рог ныхас у. Цæй амонд- .джын вæййы, йæ мад æмæ йæ фыды ингæны цур «ыгæд чи ’рцæуы... Ие стæгдар йæ райгуырæн хъæуыл кæмæн сæмбæлы. Т у з а р. Иæ райгуырæны раз сыгъдæгзæрдæ чи вæййы, Зæгъгæ, ма сæм бафтау. X а с а н б е г. Нæ дæ ’мбарын. Т у з а р. Тынг хорз мæ æмбарыс... Хасанбег (гуырысхойæ). Уагæры дæ цавæр ныхас ис ме- мæ, ардæм хæхты цъуппытæм кæй схастай? Дысон-бонмæ дæ дзыхæй ’иу дзырд не схауд. Цавæр маст ис уагæры дæ зæр- дæйьг? Т у з а р. Мæн фæнды... Хасанбег (йæ гуырысхо æрбайсæфт). Æ, ме ’дылы сæр, уый бамбарын ше бо«н нæ уыд. Дæу фæнды хъуыддаг бакæнын, æз та цæуылты >нæ' ахъуыды кодтон. Цал æмæ цал азы фен- хьæлмæ кастæн æз ацы бонмæ, цæмæй мын ды зæгъай: «Мæ фыд, мæн фæнды хъуыддаг бакæньш!» Æз бирæ æхца сластон. Чи у мæ чындзаг? Кæй зæгъын æй хъæуы, Римæ... О, цæй амонд- джын дæн! Æнахуыр цин ме уæнгты бацыд. (Йæ хъæбысы йæ кæны, фырт йæхи атыдта.) Тузар (сыстад). Нæ хъæуы мæн де ’хца, дæхицæн сæ уадз! * X а с а н б е г. Цæй дзур, цы зæгъинаг дæ? Т у з а р. Æз æнхъæлдтон, хæсты уыдтæ, æмæ зæрдæ бонæй- бон тынгдæр агуырдта дæу. Æхсæвæй-бонæй дæ сыздæхтмæ æн- ^ъæлмæ фæкастæн. Ды та ахæстоны бадтæ. Ныр ссыдтæ æмæ мæ цард арвистон сси. Нæ дын зыдтон дæ митæ... Хасанбег. Æз ницы федтон цардæй. Мæн фæндыд, цæ- мæй амондджын уай ды. Куыстон, цæмæй дын фылдæр ’бынтæ сласон. Т у з а р. Куыд никуы ахъуыды кодтай мæн фидæньпл? Хасанбег. Цард дыууæ боны йедтæмæ нæу æмæ цы ацæ- рай, уый — дæхи. Т у з а р. Уый дзуры мæ фыд... Æз къæм абадьш кæуыл ни- куы бауагътон. X а с а н б е г. Цæмæн дзурыс афтæ мемæ? Æви дын исчи истытæ фæдзырдта? Цæмæй æз дæр æнæ хъæбул аззайон, уый искæйы бафæндыд? Тузар. Нæ, .мæ фыд, хъуыддаг уый мидæг «æй. Мæн нæ фæиды, æнæ фыртæй баззайай ды, йе æнæ фыдæй — æз... Мæн æууæндын ’ фæнды дæуыл... Бæргæ, мæ гуырысходзинад мын мигътау куы ныппырх кæнид дымгæ... фæлæ уыцы æбуалгъ _ нывтæ... Раст цыма мæ цæстытыл ауадысты... 183
X а с а н б е г. Цавæр нывтæ? Тузар. Куыд банымыгътай немыцæН ’командиры бинонты, стæй уыцы дыууæ сырхæфсæддоны? X а с а н б е г. Уый раст нæу. Æз сæ аирвæзын кæнынмæ хъа- выдтæн. , ’ Т у з а р. Нæ. Ды ауæй кодтай уыдон. X а с а н б е г. Цы уыдис, уый уыдис. Ферох кæнæм не ’фхæрд,. нæ рыст. Ацæрæм... Паузæ. Т у з а р. Æз дæу афтæ бирæ уарзтон æмæ дын <мæ зæрдæйьг хуымгонд радтон. Ныссагътай дзы, цыдæриддæр дæ фæндыд,. уый. Æз-иу сæумæрайсомæй хурыскастмæ дон пырх кодтон уым„ цæмæй ма бахус уой... Изæры-иу хур куы ’рцæйныгуылд, уæд- иу сæм бирæ фæкастæн... Фæлæ сыл ды æххорм.аг арсау æрба- цыдтæ дæ къæхтæй... Æмæ сæ бындзарæй сфæйлыдтай. Хасанбег (иуварс алæууыд). Дæ сæры зонд дын рази- лынчындæуыд. Æз кину фехъуыстон, æмæ фырт сæрмагонд фæ- уа юридикон институт, цæмæй аххосджын кæна йæ фыды. Æз- фехъуыстон, йæ фыд æмæ йæ мад рынчын кæмæн вæййынц,. уый сахуыр кæны дохтырыл, цæмæй сын дзæбæх кæна сæ низ^ Т у з а р. Уый цавæр низ уа, уым-æ гæспæ у. Хасанбег. Æгæр не суагътай дæ рохтæ, къул-бадæг? Т у з а р. Мæн фæнды базонын, цы куыста хæсты рæстæдлсы мæ фыд! Хасанбег (æрæджиау, сабырæй). Ды нæ зоныс, уацар- цы у, уый? Мардтой, иадтой. Мæ уд сисынмæ мæ бирæ нал хъуыд. Т у з а р. Æмæ ды фæтарстæ. Хасанбег. О! Хæст сæрсæфæн у. Ды дзы раирвæз æмæ- куыдфæнды уæд. Туз.ар. Дæ низ цыфæнды низæй дæр тæссагдæр у! (Пау- зæ.) Иухатт >нын ахуыргæнæг урочы иу писмо каст. Фæмард хъæбатырæй лейтенант Тарасенко >æм>æ йын йæ дзыппы йæ фыртмæ æнæрвыст писмо ссардтой: «Рацæудзысты азтæ, фæуы- дзысты хæмпæлгæрдæджы ’бын знаджы ингæнтæ, сæрибаргонд Фыдыбæстæ махæн, йæ бахъахъхъæнджытæн, ныссадздзæн уæ- лахизы цырт. Кæс æм æмæ -мæн дæ зæрдыл дар!..» ...Цы дарон æз та дæуæй мæ зæрдыл? Æмбæрзæн ÆВДÆМ НЫВ Алыксандртæм, 1-аг нывы куыд уыдис, афтæ. Нинæ (цæгъды роялыл, фæци цагъд, сыстад). Æнæнцой: адæймаг, æдзух искæйы хъысмæт дæ кой. Уæд уыдис, æмæ дæ: 184
бинонты хабар, стæй та мæн ахуы<р, уый фæстæ Тузар... Ссæдз азы дæргъы кæрæдзийы фарсмæ уæвгæйæ... кæрæдзийæ афтæ дард. Диссаг дæм нæ кæсы?.. Цæй, уымæй уæлдай мын никуы ницы зæгъдзынæ? А л ы к с а н д р. Тузар цæмæндæр æрæгмæ цæуы, афтæмæй мын зæрдæ бавæрдта. Н и н æ. Æз æнхъæлдтон, ордентимæ хъæбатырдæр уыдзы- нæ. Алыксандр (стыхст). Райсом бюро рагацау куы фæуид... Нинæ. Кæд нæ рæдийын, уæд уæм алы къуыри дæр вæййы иу хатт бюро. Алыкса-ндр. Цы?.. А... О... Н и н æ (раздæхта йæ йæхимæ). Цæй-ма, иу хатт аныхас кæнæм, куыд-иу фæныхас кæнынц, афтæ... Ссæдзгай азтæ ныл куынæуал цæуы, мыййаг. А л ы к с а н д р. Аныхас кæнæм. Н и н æ. Æз дæ зæрдæмæ цыдтæн кæддæр, партизанты от- ряды куы уыдыстæм, уæд? Цæй, цыма дын уыцы хъуыддаг æнæ- зындгонд у, дæхи афтæ ма дар. Цыдтæн дæ зæрдæмæ æви нæ? Æргомдзырд куы уыдтæ, зæгъ-ма рæстдзинад. Алыксандр. Цыдтæ. Н и н æ. Хæст куы фæци, уæд мæ Ирыстонмæ сластай? Алыксандр, Сластон. Н И1Н æ. Дохтырыл мæ сахуыр кæнын кодтай? А л ы к с а н д р. О. Н и н æ. Ды зыдтай, .æз дæ рагæй кæй уарзтон, уый? Зыдтай .æви нæ зыдтай, рагæй дæ кæй уарзтон, уый? Цæй-ма, æз дæу куы фæрсын. Алыксандр. О, зыдтон, зыдтон... Н и н æ. Æз та дым æй ногæй зæгъын — .æз дæу бауарзтон, æппæты фыццаг мæ немыцы къæппæгæй куы суæгъд кодтай, уæд... Мæнæ цытæ фæдзырдтон... (Йæ ныхыл хæцы.) Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Æвронг адæймагæн йæ хъуыдыйы цы ис, уый расыгæн — йе ’взаджы алгъыл». Ныххатыр кæн, æнхъæлдæн, фæстаг >мæ нуазын нал хъуыд. (Сбадт.) Алыксандр (йæ размæ бацыд). Ды чи дæ, уый зоныс? Ды... ды дæ æппæты хуыздæр сылгоймаг. (Æрбадт йæ фарсмæ, сæрфы йын йæ цæссыгтæ.). Нинæ. Цæй, куыд рауад нæ уарзон ныхас? Литературон цæстæнгасæй йæм куы акæсай, уæд ын схонæн ис: «Уарзондзи- надыл ныхас хурныгуылды агъоммæ». Алыксандр. Цы гæнæн ис? Хурыскаст иумæ нæ федтам, хуриыгуылд уæддæр фенæм иумæ... Нæ, хурныгуылд нæ, фæлæ лурыскаст. (Райста йын йæ кщх, йæ уæрджытыл æй æрæвæрд- та.) Ссæдз азы размæ куыддæриддæр уыдысты, раст ахæм чы сыл хæмпус къухтæй баззадысты дæ къухтæ. Н и н æ. Сайыс. Æз фыссæг куы уаин, уæд сæрмагондæй ныф 185
фыссин, дыууæ рагон уарзоны-иу кæрæдзийæн цытæ дзуриккойгг уый. Алыксандр. Фыссæг .æдых у, мæ зынаргъ, ам. Алкæйы зæрдæйæн дæр хицæн дуар ис, хицæн фæндагæм агурьгн хъæуьь Н и н æ. Ды раст дæ. Ды æдзухдæр раст вæййыс. (Сыстад.у Цæй, æз цæуын. Алыксандр. Нæ, ды ардыгæй никæд <æмæ никуыдæмуал ацæудзынæ, Нинæ. Н и н æ. ...Абон мын æнæ цæугæ нæй. Æз хъуамæ абон зы- быты иунæпæй баззайон мæ хъуыдытимæ, Сашæ. Алыксандр. Зыбыты иунæгæй, зæгъыс? Гъемæ дын мæ- нæ уат (амрны* иннæ уатмæ). Дæ бон у æмæ дзы зыбыты иу- нæгæй дæр бадай... (Аба йын кодта.) Н и н æ. Сашæ... Паузæ. Алыксандр. Цæуы йæ ц’ыдæй рæстæг. Ие ’мдзу кæны цард дæр, оæ балцæн нæй кæрон. Царды цалх æнæрынцойæ зи- лы æмæ йын бауромæн нæй. Куы мидбыл бахуды адæймагмæ, куы та уæззау уаргъæй æрьинцайьг йе ’ккой. Æниу дардыл цы дзурæм — ца.рд донæн йæ тæнджыт|ы бауайæгау нæу. Æмбæрзæн ÆСТÆМ НЫВ Чысыл бульвар. Бандон. Хъуысынц хæстон зарджытæ радиойæ. Æрба- цæуы бæрæгбонарæзтæй Инал. Иæ хæрзиуджытæ иууылдæр йæ риуыл. Йæ къухы транзистор. Æрбадт, фæныллæгдæр кодта зард. Æрбацæуьшц расыгæм Тузар æмæ иу лæппу. Римæ Тузарыл хæцы. йæ дохтыры халат ыл. Тузар æмæ лæппу зарынц: Иры лæппутæй йæ сагъæстæ Ничи ма загъта æргом. Ныр æз зæгъын, чызгай, ахæсс мæ, Нал у æнæ дæу мæ бон. Мæ цæугæ хох, нæ кæнын рох Сæрдыгон изæрты дæу. Кæм дæ, фæзын, мæ бон цæрын Æнæ дæу æппындæр нæу. Р и м æ. Цы бакодтай? Т у з а р. Цы бакодтон? Дæ фыццаг рынчын æз уыдзынæн, зæгъгæ, дын загътон æмæ мæ дзырд сæххæст кодтон. (Ных- худу.) Цыхуызæнæй дæм балæууыдтæн: «Ам дохтыр Римæ чи у?» Фæхудинаг дæ кодтон? Смæсты мæм дæ? О, фæлæ ды мæн нæ расырдтай. Уый цы амоны? Уый амоны: уарзыс мæ... Уыцы 186
хъуыддаджы тыххæй дæ азымджын куы кæной, тæрхондонмæ дæ куы радтой, уæд дæ сæрылдзурæг уыдзынæн мæхæдæг, про- куратурæйы кусæг, æмбарыс? (Иналмæ.) Æццæй, раст нæ зæ- гъын, нæ фыды хай? И н а л. Тынг æнахъинон хуыз дын ис, æмбал «прокурату- рæйы кусæг». Римæ. Нæ хъæуы, нæ фыды хай. Рыст у йæ зæрдæ, зæ- гъæн куыд нæ ис, ахæм рыст. И н а л. Гъ-ы, фæрыст йæ зæрдæ... Иæ мадæй, йæ фыдæй ис- чи хохæй рахауд... Лæппу. О, о. Цæмæй й’æ базыдтай, цæ? И н а л. Сымах... Сымах ныррасыг стут. Т у з а р (лæппумæ). Зæгъ-ма, æз расыг дæн? Л æ п п у. Цытæ дзурыс? Иунæг хуыпп дæр не скодтай. Т у з а р. Сайыс! Скодтон, фæлæ ды нæ зоныс, цæмæн ба- нызтон, уый. Л æ п п у. Цымæй фæзондджындæр уай, уымæн. Т у з а р. Нæ, уымæн нæ банызтон... Æз цæй тыххæй баиыз- тон, уый иунæг мæхæдæг зонын æрмæст. Лæппу. О! 0! (Сцæйстадысты. Инал сыл æрхæцыд.) Т у з а р. Ай та нын чи у, аи? Л æ п п у. Æвæццæгæн æй исчи даргъ сайгойæ æрбаппæр- ста. Ауфидерзейн. (Честь ын дæтты, фæцæуы.) И н а л. Багъæц! Æрдæбон ды дё ’мбалы фарстай, абон цы бæрæгбон, у, уымæй... Туз а р. Æмæ? И н а л. Уæ карæнтæ сымах цæраиæн сæ туг æнæвгъау цы .хæсты ныккалдтой, уый фæуæлахизы бон у абон. Æрбацыди Алыксандр, нæ йæ уынынц. Лæппу. О, ныртæккæ райдайдзæн: Магниткæ, Каховкæ, Стэлинград... æндæр ма цы? И н а л. Уый, æмæ уыдоны се *ппæты дæр кæй уыдысты уæ фыдæлтæ. Т у з а р. Нæ фыдæлтæ... Ха-ха-ха. Æдзух хистæрмæ хъус, яхуыр ыл кæн. Хистæр кæстæрæн зондамонæг. (Римæ йæм фæ- цæйцыд, Алыксандр ын йæ цонгыл фæхæцыд.) Хистæрæн у йæ бон æмæ йæ кæстæрæй дзуапп æрцагура. Ау, æмæ æппын кæс- тæртæн бар нæй иу хатт хистæртæй, фыдæлтæй дзуапп æрдо- мын? Алыксандр. Уый цыхуызæн дæ? Тузар (йæхимидæг дзурæгау). Адæймаг фыдми цы зæх- хыл кодта, ууыл æдæрсгæ цæуы. Йæ худинаг — мæ худинаг. Алыксандр. Худииагæй куы тæрсай, уæд никуы фæху- динаг уыдзынæ. Т у з а р. Æз дзы никуы тарстæн, фæлæ... фæлæ кæсыс? Алыксандр. Æмæ дæ маст нозты бын фæкæнынмæ хъа- выс? Дæ ми тæппуддзинад у. Царды тох кæнын хъæуы. 187
Т у з а р. Кæимæ? Алыксандр. Фыццаджыдæр дæхиимæ. Л æ п п у. Хиимæ хæцын у æппæт хæстытæн сæ тæккæ зын- дæр, хиуыл фæуæлахиз та—æппæт уæлахизтæн сæ тæккæ дис- сагдæр,— загъта стыр ахуыргонд. Алыксандр. 0, фæлæ йæ уый зæрдæйæ загъта, расыг æвзагæй нæ* фæлæ... Ныххатыр мын кæн, Инал... мæ фырг ахæм кæй разынд, уый. Инал. Ницы кæны... .Цæмæн уый зæгъыс?.. Вæййы... Ныр- ма æрыгон у... (Ацыд.) Т у з а р (Алыксандрмæ баздæхт). Цæв мын ме ’хсæрфарс! Цæв! Æз домын!! Алыкс’андр (йæ риуыгънæг ын сæвæрдта, стæй цыма æппындæр ницы ’рцыд, уыйау). Цу, баулæф... Райсом дæ куыст- мæ цæуын хъæуы. Алыксандрæй фæстæмæ иууылдæр ацыдысты. Алыксандр æрбадт, хос ба- нызта. Æрбацыд Хасанбег. X а с а н б е г. Æнхъæлдæн, смаст дын кодта уыцы къулба- дæг. (Æрбадт.) Цымæ цæмæн афтæ бакодтаид, куы никуы,. дам, фæнуазы? Алыксандр. Рауад:.. Мæнæй бадомдта, цæмæй йын ра- дзурон, цы куыста хæсты рæстæджы йæ фыд. Æвæццæгæн ын загътай, ахæстоны уыдтæ, уый? X а с а нб е г (æрæджиау). О. Алыксандр. Тузар уый нæ зыдта. Уый æнхъæлдта, йæ фыд хæсты æбæрæгæй фесæфт. Хасанбег. Бамбæрстон. Иæ хъуыдытæ æгæр сызмæсты- сты. А л ы к с а и д р. Нæ йын тæрсыс ды? уХасанбег. Сывæллон нал у. Иæхæдæг — закъонтыл хæ- цæг. (Кæсы, Тузар кæдæм ацыд, уыцырдæм.) Уынджы фæзилæн- мæ фæхæццæ кæны. Кæд рахизырдæм ацæуа, уæд мæн агуры.., кæд... Сымахмæ фæцæуы... Мæн фæндыд хæрзбон зæгъын мæ фыртæн. Алыксандр/ Фæдзурон æм. Хасанбег. Нæгъ. Æнхъæлдæн, цард мæнæй иувæрсты ацыд. Ды мын ницы зæгъдзынæ фæндарастæн? Алыксандр. Зæгъдзынæн. Ды кæд дæ тæригъæдтыл басастæ кæддæр æмæ дæхи сраст кæныныл архайдтай, уæддæр дæ зæрдæйы æвирхъау æнæуынондзинад арф нымбæхстай. Гъе æрмæст дæ иу хъуыддаг ферох. Царды цалх уыдæтты тыххæй йæ размæ цыдæй нæ бакъуылымпы уыдзæн. Стæй ма дын но- джы зæгъын уый дæр, æмæ афтид фыды ном хæссынæй фыд нæй. Фыд уæвын алкæйы бон нæу. Лæг хъуамæ йæ фыртæн фы- дæн бæзза. Хасанбег. ...Адæймаг фыдгæнæгæй нæ райгуыры... Ды раст уыдтæ... Фæсмонгонд дæн æз... (Паузæ.) Æз æрбацыд- 188
тæн... Мæнæн кæд цыфæнды зын у, уæддæр æз хъуамæ зæгъо^ дæуæн... Ды раст уыдтæ... Æдзухдæр... Æз уый тынгдæр бам^ бæрстон, æрæджы мæ Темыр ногæй куы фарста, уæд. Æз æн- хъæлдтон, æрцахсдзыстут мæ... (Лаузæ.) Æмзор нйцы аххос- джын уыд. Æз æппæтдæр ныффыстон мæнæ ам... (Дæтты гæх- хæтт.) Хæрзбон... Хæрзбон... Алыксандр. Фæндараст. (Дæтты йæм йæ къух.) Хасанбег (дисæй). Ды дæ къух дæттыс мæнмæ? (Яæ дыууæ къухæй йын æй нылхъывта, ацыд.) Æрбахызтысты Æмзор æмæ Инал. И н а л . Рацу-ма ардæм, рацу. Алыксандр. Æгас цуай, Æмзор... Цæй куыд? Æмзор (æвдисы сырх книжкæ). Мæ партбилет... Алыксандр. Арфæ дын кæнын. Фыццаг хатт уыиый: тулдз бæласыл цæссыгтæ. Уæвгæ, дам, хатгай айнæг къæдзæх: дæр фæкæуы... Æмбæрзæн Кæрон Ф
КÆМ ИС МÆ ФЫРТ? (ÆРТÆАРХАЙДОН ДРАМÆ) АРХАЙДЖЫТÆ: Асæхмæт— дохтыр, 35-аздзыд. Р а я — йæ ус, 25-аздзыд. Алыксандр (Пират) — сæ фырт, 5-аздзыд. Георгий — милицæйы майор, 40-аздзыд. •С е р г е й — милицæйы лейтенант, 25-аздзыд. Н и н æ — Георгийы ус, 35-аздзыд. Аня — йæ чызг, студенткæ, 18-аздзыд. "Харитон — тæрхонгæнæг, 35-аздзыд. ’Вита лий —студент, 19-аздзыд. ’Инал (Бодз) — Раяйы ног лæг, 30-аздзыд. Кънопкæ — дзыпкъахæг, 26-аздзыд. А л и к (К о т) — дзыпкъахæг, 24-аздзыд. Агнессæ —йæ мад, 50-аздзыд. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Тæрхондоны уат. Бадынц адæм, æнхъæлмæ кæсьтнц тæрхонгæнджыты -æрбацыдмæ. Тæрхонгæнæджы стъолы иу кæрон бады секретарь, архайы гæххæттытимæ. Адæмы разæй иппæрд бандæттæм фæцæуынц Асæхмæты ус Рая, тынг хъулон-мулон арæзтæй, æмæ йæ фондзаздзыд фырт Алыксандр. »Сæ хæдфæстæ — дуканигæс Инал. 1-а г с ы л г о й м а г. Мæ уд, мæ дзæцц — тæрхондоны аба- дын. Ам лæг цынæ диссаг фехъусдзæн! 2-а г с ы л г о й м а г. Нырма кусгæ^ та кæд фæкæныс? 1-аг сылгоймаг. Цæй-ма, мæн ныууадз, уартæ уыцы лæппуйæн йæ фыд кæм ис? 1-аг л æ п п у. Уартæ сæ фæстæ бады. 1 1-а г с ы л г о й м а г. Мæ къонайыл, цы дзæбæх лæг у! Æмæ цымæ цæмæн хицæн кæнынц? 190
2-а г сылгоймаг. Уый сывæллоны фыд нæу. Уый кæй1 тыххæй хицæн кæнынц, уый у — дуканигæс Инал. 1-аг сылгоймаг. Дæ-дæ-дæй. Мæгуыр йæ бон дыд-; тайы гæбулæн. Ацæргæ лæг. Искæйы цардмæ йæ къух чи кæны, уыйг^ дзы амонд никуы ссары. Ацæргæ у с. Тæригъæд у лæппу. И н а л. Цæмæй тæригъæд у? Алыксандр. Мамæ! Цæй-ма, цом нæхимæ. Р а я . Ныртæккæ, Сашæ... Секретарь (залмæ). Сыстут! Суд рацæуы! Æрбацыдысты тæрхонгæнджытæ: Харитон’ æмæ дыууæ æмтæрхонгæнæ’-г джы. Адæм сыстадысты, тæрхонгæнджытæ стъолы уæлхъус æрбадтысты,- сбадтысты адæм дæр. X а р и т о н (секретармæ.) Æмбырд сты иууылдæр? Секретарь. Лæппуйы фыд ам нæй... Мæнæ æрбацæуы!.. Æрбацыд сабыргай, фæлладхуызæй Асæхмæт. Алыксандр (йæ размæ разгъордта). Папæ! Папæ!' Папæ! Асæхмæт (фæкæны йæ). Бахатыр кæнут, тагъд операци скæнын хъуыд, æмæ бафæстиат дæн. Алыксандр. Папæ! Цом ардыгæй. Р а я. Сашæ, сбад! Рая атыдта Алыксандры йæ фыдæй æмæ йæ йæ фарсмæ сбадын кодта.- X а р и т о н (Асæхмæтмæ). Сбад. (Асæхмæт сбадт.) X а р и т о н. Басабыр ут. (Æмтæрхонгæнджытæм.) Рай- дайæм... Тæрхондоны æрбадт нымайын гомыл, каст цæуы ахи-- цæны тыххæй хъуыддагмæ. Хъастгæнæг ам ис? Р а я (сыстад). Ам. (Сбадт.) X а р и т о н. Дзуапдæттæг? (Асæхмæт сыстад, сбадт.) X а р и т о н. Рая! (Рая сыстад.) Суд дæм хъусы, радзур, цæмæн дæ бафæндыд ахицæн уæвын Асæхмæтæй? Р а я. Мæ курдиаты йæ куы фыстон... Харитон. Ницы кæны, радзур æй, дæумæ хъусæм. Р а я (къуылымпытæй). Æз мой куы скодтон, уæд мыл цыд æддæппæт æхсæрдæс азы, дзæбæх нæ ахъуыды кодтон мæ фи- дæныл æмæ рог ми бакодтон... Æз Асæхмæты уарзтон, куыд* хорз дохтыр... Зыдтон, тынг мæ кæй уарзта уый дæр, æмæ мæ. фæрæдийын кодта. Фæлæ, фæлæ... X а р и т о н. Фæлæ? Р а я. Æнæ... æнæ уарзгæйæ чындзы ацыдтæн... Ие та, нæ° зонын, чи зоны, уарзгæ дæр æй кодтон... Асæхмæт мæнæй уыд дæс азы хистæр. ...Кæй зæгъын æй хъæуы, æз уый зыдтон. Фыццаг æртæ азы хъуыддаг... нæ цард цыдис’ хорз, стæй нал... X а р и т о н. Цæуыннæ? Ш
Р а я. Фæстаг дыууæ-æртæ азы Асæхмæт мах бынтондæр «ферох .кодта, хæдзармæ нал цыд... Иннæ фыдæлтау йæ фырти- мæ иу изæр кæронмæ никуы фæбадт, никуы фæхъазыд. Æз нæ, фæлæ ма йыл Сашæ дæр сыстырзæрдæ. X а р и т о н. Дæ мой-иу æрæгмæ куы цыд, уæд-иу кæм уыд? Р а я. Кæмфæнды уæд, уый мæ хъуыддаг нæу. Афоныл хæдзармæ нæ цыд. X а р и т о н. Искуы йыл дæ зæрдæ фæхудт, æндæр сылгой- мæгтимæ баст уыд, зæгъгæ? Рая. Нæ зонын, йæ фæдыл нæ зылдтæн. Æз зыдтон, æрæг- мæ кæй цыд, уый, цыдаид афоныл хæдзармæ. Мæ хъуыддаг нæу. Æмтæрхонгæнæг. Æмæ кæд уыцы изæрты Асæхмæт адæмы рынчынтæм цыдис, уæд та? Адæм базмæлыдысты. Харитон (дзæнгæрæг ныххоста). Сабыр! (Раямæ.) Кæд ахицæн стут? Р а я. Æхсæз мæйы размæ. X а р и т о н. Хицæнæй цæрут? Рая. О. X а р и т о н. Æмæ уæм уæдæй нырмæ ’Асæхмæт никуы уыд? Р а я (æрæджиау). Нагъ. Алыксандр. Æгонгæй, уыд, фæлæ йæ мамæ нæ уадзы. X а р и т о н. Мой скодтай? Ч и д æ р. Скодта... X а р и т о н. Цы курыс судæй? Р а я (архайы хъуыддаг тагъддæр ахицæн кæныныл). Куыд ;нæ ахицæн кæнат, афтæ. Ха.ритон. Сбад! И н а л. Раичкæ! Дæхиуыл фæхæц, зындзинад ахицæн, чы- сыл ма бафæраз. Алыксандр. Мамæ! Цы кодтай? Ч и д æ р. Цæссыгтæ фæсте сты нырма. X а р и т о н. Æнцад куынæ бадат, уæд хъуыддагмæ каст цæудзæн æнæ сымах... (Асæхмæтмæ.) Цы зæгъдзынæ, Асæхмæт, ды та? Асæхмæт (бирæ фæхъуыдыйы фæстæ). Чи зоны æмæ раст у Рая... Æз сæ иучысыл ферох кодтон. (Ныхъхъус, цыма уыцы бонты йæ зæрдыл лæууын кодта, уыйау.) Фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд. (Иæхинымæр дзурæгау.) Ау! Искæйы мæлæты .дзæмбытæй ратонгæйæ æмæ искæй амонд бахъахъхъæнгæйæ, мæхи амонд мæ къухæй аирвæзт? Цы ’рцыд, уый æрцыд. Иæхи з^гъдау, æрыгон сылгоймаг... Ссардта йæхи аккаг æмбал, рæс- тæг дæр фылдæр кæмæн ис... 192
X а р и т о н (æмтæрхонгæнджытæм). Бафæрсинаг уæ исчи у Асæхмæты? Цы курыс судæй, Асæхмæт? А с æ х м æ т. Мæн нæ фæнды нæ ахицæн, фæлæ кæд æн- дæр гæнæн нæй, уæд мæн тынг фæндид, Сашæ мемæ куы баз- заид, уый — кæд амал ис, уæд... Рая æвзæр адæймаг нæу, æну- выд у Сашæйыл дæр. Фæлæ, йæхи загъдау, æгæр .æрыгон у ныр- ма, æмæ уыцы æрыгондзинад лæппуйы æвзонг бонтыл æгæр куы фæзына, ног царды, ног бинонтимæ... Ноджы тæссагдæр та уый у, æмæ бирæ цæмæдæрты тынг куыдфæндыйы цæстæй кæсы... галиумæ мæ ма бамбарут. (Ауыдта, Рая Сашæйы йæхимæ тарст æлхъывд куыд ныккодта, уый.) Фæлæ сын кæд... кæд иу- мæ хуыздæр уыдзæн, уæд фæуæд афтæ дæр. Харитон. Сбад... Р а я. Ма ку, ныртæккæ ацæудзыстæм. X а р и т о н (сыстад, сыстадысты æмтæрхонгæнджытæ æмæ адæм дæр). Суд цæуы тæрхонхæссæн уатмæ. Ацыдысты. Адæм сбадтысты æмæ къордтæй ныхас кæнынц. Алыксандр (бацыд йæ фыдмæ).. Папæ! Цæуылнæ нæм цæуыс? Мæнæн æнæ дæу тынг æнкъард вæййы. (Сусæгæй.) Па- пæ, фæлæ та дæм æз ссæудзынæн, хорз, папæ? Цом ардыгæй иумæ, Мæскуымæ... Р а я. Сашæ! Ардæм рацу! Секретарь. Сыстут! Суд æрбацæуы! Адæм сыстадысты, æрбацыдысты тæрхонгæнджытæ, Сашæ лæугæйæ баз- зад Асæхмæт æмæ Раяйы ’хсæн. X а р и т о н. Суд йæ тæрхон рахаста — Асæхмæт æмæ Рая куыд ахицæн уой, лæппу йæ мадимæ куыд баззайа, афтæ... Уыиæр. Суды уынаффæ кæронмæ байхъусгæйæ Асæхмæт сабыргай фæ- цæуы, йæ бынатæй ничи фезмæлыд, иууылдæр йæ фæдыл акастысты, лæу- гæйæ баззадысты тæрхонгæнджытæ дæр. Алыксандр. Папæ! (Асæхмæт æм фæкаст, фæзылд, тагъд-тагъд ацыд.) Папæ! Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Зымæг Иналы хæдзар. Хъæздыг арæзт. Мидæгæй зыны иинæ уаты дуар. Бады Рая, хъусы пластинкæтæм. Алыксандр рудзынгæй кæсы. Дуар æрба- хостæуыд. Алыксандр. Папæ, папæ æрбацæуы! (Азгъоры.) Æрбахызт Нинæ кусæн дзаумæтты, Алыксандры къухыл хæцгæ. Н и н æ. Де ’зæр хорз. 13 Хъайттаты Сергей 193
Рая. Æгас цу, Нинæ. Н и н æ. Куыд рауагътай айхуызæны æддæмæ Сашæйьг æнæ палтойæ? Р а я. Æмæ йын бауромæн ис, бон-изæрмæ «папæ, папæ» кæны. Рудзынджы хъæр уа, дуары хъæр уа — папæ. Иæ фы- ны — папæ... (Мæстыйæ.) Мæ бон дзы нал у. Н и н æ. Сашæ! Уазалы æнæ палтойæ æддæмæ ма цу. Алыксандр. Хорз, тетя Нинæ. Р а я. Цу хъаз! (Алыксандр ацыд иннæ уатмæ.) Н и н æ. Æгæр тызмæг æм дæ... (Кæсы уаты къуымтæм.) Паддзахы чызджы цард куы кæныс уый. Р а я. Цæуы дæ зæрдæмæ мæ уат, Нинæ? Цы сты, цы нæм и? Н и н æ. Æвæццæгæн, бирæ мызд исы Инал? Р а я. Чысыл нæ исы. О, хæдæгай, мæ ног къаба дæм куы нæма равдыстон. (Æвдисы йæ.) Инал æй Калакæй æрбаласта... Нæ цæуы дæ зæрдæмæ? Н и н æ. Æз æй не скæнин. Р а я. Цæуылнæ? Æгæр зондджын ма у. Цом ма иннæ уат- мæ, æз дын... Н и н æ. Æз дын дæ дзаумæттæ уынынмæ не ’рбацыдтæн... Рая! Дæ алыварс куыд ницы уыныс? Зæхх судзы знаджы сар- мадзанты рæмыгъдæй, адæм сæ туг калынц уым хæсты, ды та паддзахы чызджы бадт кæныс ам, адæм дæм къухæй амонынц. Р а я. Цыфæнды дзурæнт адæм. Н и н æ. Цыфæнды дзурæнт... Р а я. Нæ ацæудзынæн æз акъоппытæ къахынмæ, ныууадз мæ, æдзух дæ... Нинæ. Зæгъ æй æххæст. Ехх„ дæс азы хæларæй фæцард- тæн æз демæ... Æнхъæлдтон æмæ ма искуы дæ зæрдæйы иу къуым æнæсауæй баззад. Р а я. Ныххатыр кæн, Нинæ... Н и н æ. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, æз ма уыдтæн сымахмæ фæстаг хатт. Ды цæуылдæр мæсты уудтæ, о, Асæх- мæт йæ куыстæй æрæгмæ кæй цыд, ууыл. ; Уалынмæ дуары хъæр ссыд, Сашæ «папæ», «папæ»-гæнгæ йæ размæ азгъордта. Æрбахызт фæлладхуызæй Асæхмæт, йе ’ккой Сашæ, афтæмæй. Сашæ куы агæпп кæнын кæны йæ фыды бæхау, куы та йæ æр- лæууыи кæны. Асæхмæт ын хъæлдзæгæй, æнæзивæг æххæст кæ- ны йæ алы фæндон дæр. Кæрон нæй сывæллоны цинæн. Асæх- мæт ауыдта дæ тызмæг цæстæнгас, хъазт та сын бацайдагъ. Са- шæ йæ гауызыл йæ быны скодта, ды сæм æхсызгонæй ныкка- стæ, цыма ахæм цардмæ бæллыдтæ, уыйау. Рая. Цæй æгъатыр дæ, Нинæ. Н и н æ. Мæнæй хуыздæр дæ ничи зоны æмæ дæм уæндгæ дæр уымæн кæнын. Афтæ æнхъæлыс æмæ дæ цæсгомыл нæ зы- ны, кæй фæрæдыдтæ, уый? Зыны, цыфæнды æмбæхст æй куы кæнай, уæддæр. 194
Р а я. Нинæ... Н и н æ. Цы «Нинæ»? Ды йын йæ цард асастай, уый та ма сымах амонды кой кæны... Худæн ыл, зæгъы, нæй, уый карæ- нæй, дам, алчидæр рæдийы... Р а я (æрæджиау). Чи зоны, æмæ раст дæ ды... Н и н æ. Асæхмæт абон хæстмæ цæуы. (Ацæуынмæ хъавы.) Р а я. Цы? Кæдæм, фæлæуу... Н и н æ. Æрбацæуы дæ паддзах, нæу æм кæсын мæ бон. (Дуарыл хæрхæмбæлд фесты Иналимæ. Нинæ ацыд.) И н а л (æрбахгæдта дуар). Цæуыл та дæ фæкæуын кодта? Разгъордта Алыксандр. Ауыдта Иналы, æнцад алæууыд. И н а л. Ай та мын цавæр судзаджы мæрддаг у, бирæгъ ахуыр кæны, уæддæр уый мæныл нæ ахуыр кæны. Алыксандр. Æз бирæгъ нæ дæн. (Инал æм басанчъех кодта.) Р а я. Инал! Мауал æй фæнæм, курын дæ. (Инал йе ’взыст хъазынырдæм аздæхта.) И н а л. Рая! Ды мæн, æвæццæгæн, бынтондæр тигр æнхъæ- лыс. Æз ын мæнæ шоколад лæвæрдтон. (Сирта шоколад.) Айс, айс... дæуæн æй балхæдтон. Р а я. Иæ уарзон къафетт. (Райста йæ æмæ йæм æй радта.) Сашæ иннæ уатмæ ацыд. Æдде хъуысы машинæйы хъæр, хæстон зарæг: «Дан приказ — ему на Запад...» Рая рудзынгæй кæсы. И н а л. Фæласынц та машинæйы дзаг хæстмæ... Р а я. О, æгъатыр хæст... И н а л. Ды тæрсгæ мацæмæй кæн, мæ зынаргъ. Мæнæн тас нæу уырдæм ацæуынæй. Уартæ уыцы стыр хæдзар уыныс? Р а я. Уынын. И н а л. Ныртæккæ æз æмæ ды уым цæриккам хъуамæ, мæ фыды хæдзар уыд уый. Р а я. Инал! И н а л. Кулак!.. Рагацау æй мæрдтæм барвыстой... Р а я. Æз Сашæйы схуыссын кæнон... Инал (фæкъуылымпы). Раичкæ! Хуыздæр нæ уаид, йæ фыдм.æ куы уаид, уæд? Тæригъæд у сывæллон, æдзух æм йæ зæрдæ афтæ æхсайы æмæ... Рая. Иæ фыд хæстмæ цæуы райсом! И н а л. Акса, хæдæгай... Æз зондджындæр æнхъæлдтон Асæхмæтæн. Уæд та Сашæйы... сывæллæтты хæдзармæ. Р а я. Инал!.. Инал. Æцæгмæ йæ бамбæрстай? Æдылы... Куыд ’ нæма мыл сахуыр дæ, хъазын дæр нæ зоныс? Æз Алыксандры искуы- дæм уадзын мæхицæй? Цæй, цæй банцай! Акса, мæрдырох мыл бахæцыд. Военком мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, хæстмæ чи цæуы, 195
уыдонæн цыдæртæ дæттын хъуыд. (Дуары æдде фæци, рацыд сабыргай иннæ уатæй Алыксандр æмæ йæ мады фæстæ слæу- уыд.) Алыксандр. Мамæ! Ма ку! Мамæ! Р а я. Сашæ! (Иæ хъæбысы йæ фелвæста.) Сашæ! Нæ, нæ, æз никæмæн ратдзынæн дæу! Дæу мын нал айсдзысты. Алыксандр. Мамæ! Æмæ мæ чи исы? Рая. Ничи, ничи, мамæйы хур, æз афтæ æнæуи дзурын. Диваныл æй æрæвæрдта. Зары йын авдæны зарæг. Алыксандр афыиæй. Чысыл фæстæдæр æддейы сыхъуыст машинæйы хъæр. Чидæр дуар æрба- хоста. Æрбахызт хæстон медицинон капитаны дарæсы Асæхмæт. Рая фæ- джих. А с æ х м æ т. Бахатыр кæн, мæн фæндыд хæрзбон зæгъын Сашæйæн. Р а я. Райхъал æй кæнон? Асæхмæт. Нæ, тæригъæд у. Р а я. Æмæ Нинæ афтæ куы загъта, райсом цæут, зæгъгæ. Асæхмæт. Нинæ?.. Приказ ис, ныртæккæ цæуæм. (Хъуы- сы машинæйы уаст, Асæхмæт тагъд-тагъд бацыд, лæппу кæм фынæй кæны, уырдæм. Дзуры, куыд нæ райхъал уа, афтæ.) Цæй, ныххатыр мын кæн, мæ хъæбул... (Систа зæлдаг къух- мæрзæны тыхтон, райхæлдта йæ, зыны гæххæтт æмæ дæгъæл.) Чи зоны, куыд вæййы, цы вæййы, мыййаг, куынæуал сыздæхон. Мæнæ ацы ран фæдзæхст — ныстуан Сашæйæн... Мæ дзаумæт- тæ, хæдзар... Мæнæ йын дæгъæлтæ дæр. (Æрæвæрдта сæ сы- вæллоны нывæрзæн. Хъуысы та машинæйы уаст. Асæхмæт Алыксандры ныхæн ныбба кодта, сыстад. Раямæ.) Цæй, иу- нæг курдиат мæм ис æрмæст, сидзæрæй йæ ма ныууадз. Цыдæр ма дын зæгъынмæ хъавыдтæн... О, тынг рæсугъд уыдтæ иубон уыцы къабайы... Цæй... (Асæхмæт дуар бакодта, фæцæуы.) Р а я. Асæхмæт! Алыксандр (æрыхъал). Папæ! (Ныттыхст ыл.) А с æ х м æ т. Сашæ! Машинæйы уаст стынг и. Асæхмæт ныбба кодта йæ фыртæн, бакгст Раямæ, атыдта сывæллонæй йæхи æмæ дуары æдде фæцис. Рая рудзынг байгом кодта, кæсынц. Алыксандр. Папæ! А с æ х м æ т (дардæй). Сашенькæ! Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Рацыд ссæдз азы бæрц уæдæй. Сæрд. Хуыцаубон. Æртæ бæрз бæласы доны был; изæрырдæм. Дардæй зьгаы горæт, Хъазыбеджы хох. Дыууæрдæм кæнынц адæм, хъуысы сæ хъæлдзæг зард, ныхæстæ, маши- нæты хъæр. Бæлæстæй чысыл дарддæр æнгуырæй дары Кънопкæ, йæ сырх 196
майкæ бæласыл ауыгъд. Кънопкæ куы йæ сахатмæ æркæсы, куы та алырдæм тыхстæй ахъахъхъæны. Г е о р г и й (æрбазынд хъæлдзæгæй, йæ къухы кæсæгты хал, йæ фæстæ цæуы Нинæ). Бирæ ахсай, лæппу! Кънопкæ (фесхъиудта). Дæ ныхас сæдæйы фыццаг фæ- уæд. Георгий. Афтæ куы .ахсай, уæд дын дæхи æрцахсдзысты кæсæгтæ. Кæсаг донмарæны фæахсынц, ардæм кæсаг уæнды? К ъ н о п к æ. Уый дæ хæдзары уынаффæ нæу. Н и н æ. Гъеуый нæ агуырдтай? (Худынц, сыхъуыст маши- нзгйы уаст, ацыдысты.) К ъ н о п к æ. Æнæхайыр фæут, мæ удæй мæ мидæг ницы- уал аззад. Дары та æнгуыр, æрбацыд иу бæрзондгомау лæг, дæлиаугонд хъæм- пын шляпæйы бынæй зыны зонгæ цæсгом, кæд ыл рихитæ фæзынд, стæй нын сау кæсæнцæстытæ йæ цæстытæ æмбæхсынц, уæддæр. Уый у Бодз — кæддæ- ры Ииал, йæ фæстæ — Алик. Бодз. Дæ бон хорз. К ъ н о п к æ. Æгас цу. Бодз (йæ плащ Аликмæ радта). Бар ис дæ цуры кæса- гахсынæн? К ъ н о п к æ. Дон мæн нæу, дæ хорзæхæй. (Зары æхсит- гæнгæ.) Б о д з. Бузныг. (Баппæрста йе ’нгуыр.) Кънопкæ. Дзурæн ис? Бодз. Дзур! Кънопкæ. Нæдæр иуæндæсыл, нæдæр дыууадæсыл ничи фæзынд. Бодз. Кæнгæ дæ дзаумæттæ. Горæтты цæрджытæй та? К ъ н о п к æ. Иу цавæрдæр сæрхъæн лæг йæ урссæр уарзо- нимæ. Бодз. Сæрхъæн? Милицæйы майор... Истæуыл фæгуырыс- хо? Кънопкæ. Нæ зонын, мæнмæ гæсгæ, майкæмæ не скаст, фæлæ мын мæ афтид ведрайыл худт, исчи, дам, ацы ран кæ~ саг ахсы? Б о д з (райста плащ.) Цæугæут! Кънопкæ. Æз не ’мбарын, чи у, ныр æртыккаг бон дзæ- гъæлы кæмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый? Бодз. Иу дæу хуызæн, хуымæтæджы къæрных, Бухарæй... Мæ рагон зонгæ... (Ныджджих, Кънопкæ æмæ Алик ацыды- сты.) Мæ рагон зонгæ, цал азы дæ нал федтон. (Кæйдæр ауыд- та, фæаууон). Æрбацыдысты Георгий æмæ Сергей. 197
Сергей. Æмбал майор, ам кæсагахсджытæй фылдæр ды ис? Цæуыл сыл ис фæгуырысхо уæвæн! Г е о р г и й. Сергей, æнæзонгæ хъуыддагæй тагъд хатдзæг- тæ макуы кæн... Ацы ран кæсаг нæй, уый сывæллон дæр зоны, стæй, кæд ма исты зонын, уæд лæппу дзыпкъахджытæй уыд, зæгъ-ма, дзыпкъахæг дзæгъæл хуымæтæджы хуыцаубон кæса- гахсынмæ ацæудзæн? ’ ’ . С е р е г е й. Мæнмæ гæсгæ... нæ. Г е о р г и й. Æз дæр афтæ хъуыды кæнын. А фæстаг бонты бæлвырд дæвтытæ фæфылдæр сты... Бæрæг у, нæ комы цавæр- дæр стай кæй фæзынд, уый. (Паузæ.) Гъе, кæсыс, дæ хуыцау: бонæй та дын кусгæбон сарæзтон. Дæхй аххос у, нæ дын дзырд- тон, мемæ улæфынмæ ма цу, зæгъгæ. С е р г е й. Ницы кæны, æмбал майор! Нинæ нæм дзуры. Г е о р г и й. Цом, науæд нæм дзы ратдзæн. (Ацыдысты.) Фæзынд æрыгон, домбай уæнгты конд кæмæн уыд ,а.хæм лæппу, кавбой- кæйы мидæгæй — матросы тельняшкæ. Уый у Пират. Пират. Æртæ бæласы мæнæ. Цалдæр боны сæ бынмæ æрбацæуын нæ уæндын, рæсугъд бæрз бæлæстæ, сæ уындæй. зæрдæ рухс кæны, цæмæн сæ хъуамæ тæрсон æз? (Æрбадт.) Хъуысы хъæлдзæг зард, йæ хæдфæрсты дзыгуырæй æрбацæуынц фæси- вæд. Уыдонимæ Аня æмæ Виталий дæр. В и т а л и й. Аня! Автобусмæ байрæджы кæндзыстæм. (Аня азгъордта, йæ фæдыл Виталий. Пират сæ фæстæ кæсгæйæ баз- зад.) П и р а т. Мæ зæрдæйы мын цавæрдæр æнахуыр æхсызгон фæд ныууагътай, чидæриддæр дæ... Чи зоны, кæд ацы ранæз дæр искуы бæгъæввадæй згъордтон. Æвæццæгæн, хæрз чысыл талатæ уыдыстут уæд сымах. Ссæдз азы размæ ма уыдтæн ам. Мæныл цыди уæд æддæппæтæй фондз азы. Æрбахызт Бодз, йæ фæстæ Алик. Бодз. Пират? ч П и р а т. Мæнмæ дзурыс? Бодз. Мæ цæстытæ дæм ныйирд сты! Кæимæдæр дзырд- тай ам. (Пират фæцæуы.) ’Пират! Æрлæуу! Ау, нал мæ базыд- тай? А, ды нæ зыдтай, мæнæн дæ сыздæхт кæй фехъусын кæн- дзысты, уый. Æз æргомæй дзурын демæ, уымæн æмæ мæ зæр- дæмæ нæ цæуы дæ цæстæнгас. П и р а т. Ау, мæн фенамонд кæныны тыххæй фæзындтæ мæ размæ? Б о д з. Цытæ дзурыс, Пират? Æз цалдæр азы нал федтон дæу, баууæнд мыл, тынг æхсызгон мын у дæ фенд... П и р а т. О, хæйрæджыты амæттаг! ’ Б о д з. Дæ риуы тæрсгæ, йе тæригъæд чи кæны, ахæм зæр- дæ дын нæ зыдтон, Пират дæ куы схуыдтой уым! Д98
П и р а т. Бодз! Курын дæ... Б о д з. Пират! Къалатимæ ма тагъд кæн. П и р а т. Иуварс мæ фæндагæМ (Фæцæуы.) Бодз. Багъæц! Бирæ азты фембæхстон æз дæуæй иу су- сæг хъуыддаг. Дæуæн ис мад æмæ фыд. Уыдон цæрынц ам, ацы горæты! Нал сты, зæгъгæ дæ сайгæ акодтон кæддæр. П и р а т. Бодз!.. Бодз. Хæрын дын ард, фæлæ хъус дарддæр. Ды мæ ком- мæ цы.бон-нæ бакæсай... Абырæджы бинонтæ. Дæхæдæг æмба- рыс... О, уыдон тынг уарзтой дæу. (Паузæ.) Цæрдзынæ уал Котмæ. Уым дыл ничи фæгуырысхо уыдзæн... (Аликмæ дæтты æхца.) Зæгъ дæ мадæн, айфыццаг, зæгъ, Бухары куы уыдтæн; уæд кæнгæ ’фсымæртæ скодтам æмæ мæм ныр уазæгуаты ссыд. (Пиратмæ.) Дæ гæххæттытæ ницы хъуаг сты. Дæ бинонтæ æр- выст уыдысты уырдæм хæсты размæ, ныр дæ хæлармæ суад- тæ... Куыстæн дæр исты амал кæндзыстæм. (Пират æххуыс агурæгау бæласыл банцой кодта, Бодз ын йе уæхскыл йæ къух æрæвæрдта.) Б о д з. Эх, Пират, Пират! Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ЦЫППÆРÆМ НЫВ Горæты уынгтæй иу, талынг. Фæйнæрдæм фæпырх сты цалдæр лæджы. Сзынд цырæгъты мынæг рухс. Æрбацæуынц дыууæ милиционеры ныхасгæнгæ. 1-аг милиционер. Цы, уый зоныс, Валодя, цом театр- мæ, нæ уынг дæр нын никуыдæм аирвæздзæн. 2-а г м и л и ц и о н е р. Дæуæн арæн дæ бар бакæн, уæд иу шпион дæр нæ бауромис. 1-аг милиционер. А, хæст раджы фæцис. Уый арæн у, ам та? Кæй цы хъæуы ам? 2-аг милиционер. Мæн иу лæппуимæ æнæмæнг фем- бæлын хъæуы сусæгæй. 1-аг милиционер. Мæ сæр дæ истæмæн хъæуы? Фæаууон сты. Сзындысты тигъæй Кънопкæ æмæ Алик. А л и к. Хъусыс сержантмæ, уый махæй загъта. Кънопкæ. Æмæ уый ме ’рдхорд куы у. А л и к. Кæцы у де ’рдхорд сержант? К ъ н о п к æ. Хуыцау бахизæд, мæнæ иннæ, театрыл зилæг... акса, ныхæстыл фестæм, Бодз нæ цæмæ рарвыста? Алик. О, хæдæгай, Пираты ссарын хъæуы æнæмæнгæй. Фæаууон сты. Æрбацæуынц Георгий æмæ Аня. 199
А н я. Папæ! Хæдæгай, куыд ницы дын дзурын! (Дæтты йæм газет.) Г е о р г и й. Циу уый? А н я. Мамæйы хуызист газеты. Г е о р г и й. Талынджы ницы уынын. Кæм фесгуыхт? А н я. Иæ хъæппæрисæй заводы арæзт æрцыд, сывæллæтты хъомыладмæ йæ цæст чи дары, ахæм къамис. Георгий. Фæлæуу, фæлæуу, ам мæн фыдæбон дæрис. Æз дæр ын цыдæртæ амыдтон... Н и н æ (æрбацыд). Аппæлыд дын æй? Георгий. Арфæ йын нæхимæ ракæндзыстæм... Фæлæуу, фæлæуу, æмæ дæ милицæйы сæр ницæмæн хъæуы? А н я. Хъæуы: афæндараст мæ кæн. Г е о р г и й. Кæдæм? А н я. Мамæйы заводмæ лекци кæсынмæ, ферох дæ? Георгий. Акса,, хæдæгай. Алæ-ма, практикант-прокурор, цы дзурдзынæ? Цæуыл у дæ лекцийы сæр? А н я. «Революцион къæрцхъусдзинады» тыххæй. Георгий. Уый хорз. Заводæн.йæхи царды тыххæй исты зæгъыс? А н я. Куыннæ? Н и н æ. Партбюройы ныхас кодтай? А н я. Кодтон. Г е о р г и й. Раппæл фæзминаг кусджытæй. Рафау расыг- гæнджыты, магусаты. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кæн... (Ауыд- та, Аня кæмæдæр зыдкаст куыд кодта, уый. Фæзынд Пират, фæаууон.) О, фæлæ ды нæ хъусыс мæнмæ. А н я. Хъусын, хъусын, папæ. Г е о р г и й. Чи у? А н я. Нæ зонын, дыккаг хатт æй уынын. Г е о р г и й. Дыккаг хатт? Æмæ йæ уæд уагæры фыццаг хатт та кæм федтай, кæд сусæг нæу, уæд? А ня. Доны был, иу хуыцаубон. Г е о р г и й. Цæй цу... Науæд дæхæдæг искæйы лекцийы койаг фæуыдзынæ. Аня. Лекцимæ нырма раджы у, папæ, нæхимæ уал цон... ныртæккæ æрцæудзынæн. Г е о р г и й. Цу, цу. (Аня фæцæуы.) Сергей (æрбацыд фæдисы хуызæй). Æмбал майор, тых-* хæй дæ ссардтон, ды раст дзырдтай æмбырды иубон. Г е о р г и й. Цæй тыххæй дзырдтон раст? С е р г е й. Фæстаг рæстæджы дæвдтыты тыххæй ды раст дзырдтай. Георгий. А-а. Æз дзырдтон æмæ дзурдзынæн — фæстаг дæвдтытæм тынг дæсны къæрныхы къух кæй хæццæ кæны, уый, уымæн æмæ æхца уыйбæрц давд нæ цæуы, документтæ цас сæ- фынц. Æвæццæгæн, уыдон зынаргъдæр æлхæнджытæ ис. Хъы- гаг у, фæлæ мемæ бирæтæ не сразы сты. 200
Сергей. Ныр сразы уыдзысты. Г е о р г и й. Цæмæн ныр? С е р г е й. Æз ныртæккæ милицæйы уыдтæн. Георгий. Æмæ? С е р г е й. Чидæр цалдæр паспорты æмæ æфсæддон биле- ты почтæйы милицæмæ æрбарвыста. Бынæй гæххæттыл фыст дыууæ ныхасы æрмæст... Г е о р г и й. «Сусæг æххуысгæнæг», зæгъгæ? С е р г е й. О. Цæмæй йæ базыдтай, æмбал майор? Георгий. Уыцы «сусæг æххуысгæнæг» ма иухатт бакод- та афтæ. С е р г е й. Чи у, зоныс æй? Г е о р г и й. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ мыдыбындз стыр *хæ- луарæджы тынмæ бахауд. Цом-ма куыстмæ... (Ацыдысты.) Фæзынд Асæхмæт. А с æ х м æ т. Уыдис бонтæ, искуыцæй-иу куы сыздæхтæн,— цингæнгæ-иу згъордтой мæ чысыл бинонты къорд мæ размæ. Ацыд, йæ хæдфæстæ æрбацыд, йæ дзыппыты йæ къухтæ, афтæмæй Пи- рат. П и р а т. Цавæрдæр амондджын йæ хæдзармæ сыздæхт, æвæццæгæн, дард балцæй. Мæ цæстытæ йæ чумæданы баззады- сты. А! (Йæ къух ауыгъта.) Æнхъæлдæн кæддæр ме ’взонг бонты уартæ уыцы сывæллæтты хæдзары дæр уыдтæн, цæмæй зыдтой мæ хъомылгæнджытæ æмæ къæрных рауайдзæн мæнæй, стæй хуымæтæджы къæрных дæр нæ... Фæлæ, горæт, ма тæрс, а фæстаг æхсæвты æз дæ уынгты давынмæ нæ зилын. Мæ уа- зал цæстытæ федтой кæйдæр. Чи зоны, ис мæнæн дæр зæрдæ мæ риуы, цæмæндæр мæ мæ къæхтæ цалдæр изæры ардæм æр- хæссынц, фæлæ цæй æрæгмæ цæуы ацы хатт? Цон уæд та йæ размæ. (Фæцæуы. Хæрхæмбæлд фёсты йæ мад Раяимæ.) Р а я (дисгæнгæ). Кæй лæппу дæ? П и р а т (тæрсæгау). Æз? Æз æрцæуæккаг дæн. (Иу каст ма фæкодта, ацыд.) Р а я. Хуыцау... Асæхмæты цæрмыстыгъд бакодта. (Ацыд. Æрбацыд сусæгæй Кънопкæ.) Къ н о п к æ. Кот! Пират... А л и к (æрбазынд). Æнцад! Бодз æрбацæуы, цæуылдæр мæстæй цæхæртæ калы. Къ о н о п к æ. Æнхъæлдæн, дæуыл дæр куы ацинтæ кодта. Бодз (æрбацыд, бапъироз ссыгъта). Цы фæци Пират? К ъ н о п к æ. Ацыд. Б о д з. Кæмæ æнхъæлмæ каст, уый та? К ъ н о п к æ. Анночкæ? Не ’рзынд ацы изæр... Бодз. Уый дæр ма нæ нæма айхъуыст, æнæуый дæр нæ фæстæ рауай-бауай кæнынц. Нæхи цы;фæкæнæм, уый нал ис, уый та сын цырагъ ныррухс кæнынмæ хъавы. 201
А л и к. Куыдæй? Б о д з. «Куыдæй». Уæ Анночкæ. майоры чызг у. К ъ н о п к æ.. Георгийы чызг? Б о д з. Чызгимæ хи сбæтгæйæ æнæ исты сдзургæ нæй, гуы- рысхо æмæ — къипп! (Йæ къухтæ кълеткæ æвæрд акодта.) Гъы, Пират буарзта. Зонгæ сты чызгимæ?, Кънопкæ. Не сты. Б о д з. Сымахæй исчи зоны чызджы? Кънопкæ. Нагъ. Б о д з. Иумæ ма лæуут! (Ацыд.) . Къ нопкæ. Абон дын цы сызгъæрин сахатджыны кой кодтон, уый æрцæуы. Алик. Кънопкæ... К ъ н о п к æ. Тæрсгæ ма ’кæн, ардыгон нæу, Ростовы уни- верситеты ахуыр кæны, йæ каникултæ æнæ сахатæй хуыздæр арвитдзæн. Ацу тигъмæ! Хъахъхъæн. (Алик ацыд.) Æрцæуы... Уый циу? Сержант... Коты къухтæ ацахста, фæкæны йæ. Цымæ йыл цæуыл фæгуырысхо сты? Ау, æндæрæбоны хъуыддаг? А... сидзæр лæппу у, рауадздзысты та йæ. Лидзин? Æмæ уæд сыз- гъæрин сахат та? Æниу ныртæккæ уыдон мæныл сты?.. Æрхæц- цæ кæны мæ сызгъæрин сахат, йæ къуырц-къуырцц ын хъусын... Ай та ма йын чи у? (Æрæмбæхст.) Виталий æмæ Аня æрбацыдысты. А н я. Мауал цу, Виталий, бузныг. Виталий. Аня! Талынг у, заводы дуармæ дæ уæддæр ныххæццæ кæнон. Аня. Нæ, нæ, иунæг санчъех дæр нал. (Фæкомкоммæ дæ~ гъæлтæм.) Кæсыс, уæ дæгъæлтæ дæумæ. Афонмæ дæ агурынц уæхимæ. В и т а л и й. У-у. (Азгъордта.) Аня. Æз бакæсон, куыд дæм хæцдзысты, уымæ! (Кæсы, худы.) Рахызт Кънопкæ, слæууыд йæ хæдфарсмæ, уый дæр кæсы, худы. К ъ н о п к æ. Нал мæ базыдтай? А н я. Чи дæ? Цы дæ хъæуы мæнæй? К ъ н о п к æ. Зæгъæм, ды мæ хъæуыс. Аня. Æнаккаг! Кънопкæ. Цал сахатыл загътай уыцы маст ныхас? Æр- кæс-ма мæ чысыл сызгъæрин сахатмæ. Сыпп дæр нæ, кæннод!.. Цæстыфæныкъуылдмæ йын йæ сахат астыгъта. Чызг хъуырдухæн кæны. Кæцæйдæр фæзынд Пират æмæ Кънопкæйыл хъæрццыгъайау йæхи пыц- цавта. 1 П и р а т. Иуварс! (Ныззылдта йæ.) Кънопкæ. Пират! П и р а т. Исты дæ байста? 202
А н я. Мæ сахат... П и р а т. Ратт сахат! Кънопкæ (кард фелвæста)., Мæнæ! (Куыд æй фæцæй- цавта, афтæ та йæ Пират нырриуыгъта. Кънпокæ æрхауд. Пи- рат систа сахат, радта йæ. Кънопкæ сыстад, цудтытæгæнгæ ацыд.) Аня. Бузныг... Чи дæ? П и р а т. Уый уæлдай нæу. А н я. Дæ ном цы хуины? П и р а т. Нæ йæ фехъуыстай? Аня. Пират? П и р а т. О... Аня. Мæ ном та Аня. (Паузæ.) П и р а т. Æз ма дæ доны былæй хъуыды кæнын. Аня., Æз дæр... Цæй, бузныг... (Йæ цæсгомыл зыны æхсыз- гондзинад.) Æдзухдæр афтæ тызмæг вæййыс?.. (Азгъордта хъæлдзæгæй.) Б о д з (рахызт). Гъеуый цæф уыдис, гъе! П и р а т. Ам уыдтæ? Бодз. Ам. Нæ мæ фæндыд уæ бахъыгдарын. (Мæстыйæ.) Ды зоныс, цы бакодтай, уый? Де ’мбæлтты сылгоймаджы къа- байыл баивтай! Зон, фыццаг цæф куы ныккодтай, уæд дыккаг цæф здыйæ райстаис ды, фæлæ мæ бон нæ бацис. Не ’нтысыс нæдæр мæрдтæм, нæдæр адæммæ. Бамбар, адæм дæ скодтой ахæм... Æнæ мад, æнæ фыд: Цы у уарзондЗинад та? П и р а т. Бодз! Бодз. Иунæг ныхас дæр нал. (Лæмæгъдæрæй.) Ацу, кæ- цæй рацыдтæ, уырдæм, ныхас мæ ис демæ. П и р а т. Мæн дæр. (Ацæуы) Бодз. Хорз, баныхас кæндзыстæм уым... Цу! Ныртæккæ фæцæуын æз дæр. Æз аныхас кæндзынæн демæ... Æрбацæуы Рая! Ныр æй дыккаг хатт хуыцау йæхæдæг рарвиты мæ размæ^ фæлæ -йæ ахсæв афтæмæй нал ауадздзынæн. Мæ сæр кæм фæ- тъыссон уый нал ис, уый хæдзарыл та гуырысхо никуы- фæуы- дзысты — хилдасæны хуыздæр кусæг. Стæй мын дзы алы къуым дæр зындгонд у, мæхи хæдзар уыдис. (Æрбацæуы Рая, Бодз йæ размæ фæци, йæ хъæлæс аивта.) Де ’зæр хорз! Кæд нæ рæдийын, уæд — Рая? Рая. Æгас цу, æз дæ нæ зонын... Бодз. Æз дын зыдтон дæ лæджы... Æфсады уыд, æнхъæл- дæн. Р а я. Ды федтай Асæхмæты? Бодз. Нагъ... Иналы... Р а я. Иналы?.. Бодз. О, уый мæнæн дзырдта — мæ рæсугъд усæн, дам’, йæ бухъцард йæ зæрдæмæ нал цыд æмæ, дам, мæ æрцахсын кодта. Р а я. Æгъгъæд! Мæн нæ фæнды хъусын дарддæр. 203,
Бодз. Мæнæн фæдзæхст уыд мæ ныхас ахæццæ кæнын кæронмæ... Иналы ахæстонæй хæстмæ акодтой, фæлæуыйæды- лы нæу. Рая. Ды?., Бодз. Æз... Инал... (Систа кæсæнцæстытæ.) Р а я. А...а...а...! Б о д з (бакодта йæ кæсæщæстытæ.) Сс... Р а я. Кæм мын байсæфтай мæ фырты? Б о д з. Детдоммæ йæ ды радтай, сафгæ та йæ æз фæкодтон? Р а я. Кæм ис мæ лæппу? Кæдæм мын æй фæхастай? Бодз. Дардмæ. Уый уыдис, кæд нæ рæдийын, уæд иу- ссæдз азы размæ. Р а я. Цы мын æй фæкодтай? Адæймаг куы хуиныс? Б о д з. Цæры, ард дын хæрын, стæй дæм, чи зоны, дард дæр нæу. Р а я (цингæнгæ). Æгас у... æга<с у? Æз зыдтон, Сашæссар- дзæн мах, мæ зæрдæ мæм дзырдта... Б о д з (худы мæстæймарæгау), «Мæ зæрдæ мæм дзырдта»... Уый никуы ссардзæн сымах. Уый уын уæ мыггаг нæ, фæлæ уæ кой дæр никуы фехъуыста. Р а я (тарстæй). Ау, йæ мыггаг дæр ын... Б о д з. О, йæ мыггаг дæр ын баивтон. Æндæр мыггаг хæс- сы ныр — мæ мыггаг. Мæнæн та иу æмæ дыууæ мыггаджы нæй. Агурут дон хиды бынты. Рая. Æнаккаг! Кæм и мæ фырт? Бодз. Дæ ахæстонæй куы ссæрибар дæн, уæд дæуæй мæ маст исгæйæ йæ детдомæй адавтон... Бухармæ... Схъомыл дын æй кодтон. Фæлæ æгъгъæд фæуæд абон. Мæн æндæр ныхас ис демæ, мæ фæдыл бафтыдысты, мæ фатер мæ ивын хъæуы, бам- бæхс мæ... Р а я. Никуы уыдзæц уый. (Хъæр кæны.) Мили... Бодз (йæ дзых ын ахгæдта). Сс!.. Хæйрæджыты амæттаг! (Кæйдæр ауыдта.) Æз цæуын, милиционер ацырдæм æрба- цæуы. Дæ зæрдыл дар, искуы дæ дзыхæй ныхас куы схауа мæн тыххæй, уæд дæ фырты мардыл нымай! Рая. Цы?! Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ Хæрзæфснайд уат. Стъол, диван, телефон. Къуылыл сызгъæриндоны- тылд рамкæйы капитаны хуызист æд хæрзиуджытæ. Куы æрхуыссы дш«а- ныл Агнессæ, куы та фесты, йæ зæрдæйæ катай кæны. ..' Агнессæ (тилифонæй). Ныххатыр кæнут... Æз та дæн. Дохтыр Асæхмæт мæм æруаинаг уыд... О. Раджы ацыд, зæ- гъыс? Бузныг,., (Нуазы хос% Асæхмæт æрбацыд.) .204
А с æ х м æ т. Цы та кодтай? А г н е с с æ. Ныххатыр кæн, Асæхмæт, æдзух... ацы хатт æгæр фæтарстæн... загътон... А с æ х м æ т (уыны йæ). Азтæ, азтæ, мæ хæлар... А г н е с с æ. Цы кæнин æнæ ацы тилифон... Æдзух дæу дæр хъыгдарын. Асæхмæт (йæ цæсгом сагъæсхуыз). Мур дæр дæ ницы риссы, мур... Цæуылдæр та смаст кодтай дæхицæн, æвæццæ- гæн... А г н е с с æ. Куынæ.., А с æ х м æ т. Æмæ Алик кæм и? Рагæй уæм нал уыдтæн. А г н е с с æ. Алик... йæ ’мбæлттимæ цавæрдæр горæтмæ цæ- уинаг уыд. А с æ х м æ т. Ахæстон кæдæй нырмæ схуынд горæт? А г н е с с æ. Ды дæр æй фехъуыстай? Асæхмæт. Суанг ма йын абон тæрхон кæй кæнынц, уый дæр зонын. Стæй ма зонын ноджы, йæ мад дæр та йæ зæрдæйæ уый тыххæй кæй ахауд, уый. (Рецепт фыссы.) Æппындæр дæ- хиуыл нæ ауæрдыс. (Арастæввонг капитаны къаммæ фæком- коммæ. Бирæ йæм фæкаст. Агнессæ сыстад, райста къамы фæ- стæйæ писмо, Асæхмæтмæ йæ радта.) А г н е с с æ. Ацы письмо ма хъуыды кæныс? Асæхмæт. Диссаг... Уый æз фыстон... хæстæй... Алик æй каст искуы? (Агнессæ йæ сæр «нæ», зæгъгæ, банкъуыста.) Дзæ- гъæлы, хæрз дзæгъæлы, писмо тынгдæр уымæ хауы. Агиессæ. Нæ мæ фæндыд йæ зæрдæйæн сзын кæнын. А с æ х м æ т. Хатгай хи зæрдæйыл ахъуыды кæнын дæр ни- цы хъыгдары. Ацы хостæ-иу райс. Лæппуйы тыххæй та афтæ... æппындæр ма мæт кæн, уым равзардзысты хъуыддаг. Кæд’ раст уа, уæд æй рауадздзысты... Кæд нæ... Агнессæ. Цы зæрдæйæ зæгъ^с ныр уый... йæ фыдимæ дыууæ ’фсымæры цард куы фæкодтат. Асæхмæт. Кæд нæ, уæд та... уæвгæ банхъæлмæ кæсæм тæрхонмæ. (Ацыд.) А г н е с с æ. Цас фыдæбон фæкодтон, цæмæй бахъомыл уа мæ иунæг... Цал æнæхуыссæг æхсæвы арвдлстон... æмæ цæмæй бафыста ныййарæджы фæллой фырт?.. Абон дæс сахатæй ныр- мæ кæнынц уымæн тæрхон. Цавæрдæр æнаккæгтимæ йæхисба- ста æмæ ракодтой фыдми — ныббарæн кæмæн нæй. (Къамы размæ бацыд.) Цымæ нæ фырт ахæм цæмæн разынд?.. «Сидзæр буц уа»-йы зæрдæ мæ фæсайдта. Ныххатыр кæн, æвæццæгæн, мæхи аххос уыди... Æнхъæлдтон, бахъомыл, сывæллон нал у... Алик æрбацыд. Пират йемæ. Мады бон ницыуал сдзурын баци, диза- ныл æрбадæгау кодта. А л и к. Ме схæссæг, мæ мад! Де ’хсæв та хорз! Агне ссæ. Алйк! (Кæрæдзиуыл ныттыхстысты.) А л и к. Ма! Цæссыгтæ нæ! (сæрфы йын сæ.) 205
А г н е с с æ. Цæй, куыд? Дзæбæх дæ? Стонджы дын нæу? Æз... Алик. Нæ хъæуы, ма! Мах абадтыстæм... Мæ бакæнæджы ралгъыстам, мæ рауадзæджы цæрæнбон банызтам... А г н е с с æ. Куыд рауад тæрхон? А л и к. Сраст мæ кодтой. Агнессæ. Сраст кодтой?.. Æмæ... Алик. Цæй-ма, ныууадз тæрхондоны кой! (Йæ хурхмæ амоны.) Иай онг дзы дæн. Фæлтау ма зæгъ, мæ магнитофонтæ- йедтæм мын исчи бавнæлдта? А г н е с с æ. Куыд рауад тæрхон? Алик. Куыд рауад? Нæ уыныс? Дæ разы лæууын. Агнессæ. Æз уыдтæн слестгæнæгмæ. Дæ миты тыххæй хъуыддаг кастæн! Алик. Ды цæрæнбонты дæр бирæ уарзтай чингуытæ кæ- сын, æмбал библиотекæр. А г н е с с æ. Хъазгæ нæ кæнын æз! А л и к. Цæй-ма, цы мæм ныккомкоммæ дæ? А г н е с с æ. Æз демæ дзурын. (Йæ зæрдæмæ та æвналы.) Алик. Гъе, кæсыс? Дæ зæрдæ та риссын кæныс. Чи та ма цин бакæны. Агнессæ. Алик!!! А^ик. Цы Алик? Æвдисæнтæ нæ уыд мæ ныхмæ! Сраст мæ кодта суд! А г н е с с æ. Æз дæ нæ раст кæнын! Уыцы ’хсæв нæхимæ нæ уыдтæ. Мæн уырны, ды ракодтай фыдраконд, фыдми. Алик. Кæм сты де ’вдисæнтæ? А г н е с с æ. Ме ’вдисæнтæ дæ тугдадзинты... Æз цард кæм баулæфыдтæн, уым. А л и к. Цард иунæг хатт вæййы æрмæст æмæ цы ацæрай, уый дæхи. А г н е с с æ. Алик! (Æрхауд.) А л и к. Мамæ! Цы кодтай, ма? (Хос агуры, фæлæ ницы ссардта. Мад æрчъицыдта.) ^Српссын та дын кодтон дæ зæрдæ... Ныббар. Ныртæккæ æз ысдавдзынæн афтекæй хос. (Пират сис-' та рецепт, ацыд.) А г н е с с æ. Мæнгæй нæ фæзæгъынц — сывæллон чысылæй удылхæцæг, стырæй — хурхылхæцæг... Алик. Мамæ, цыдæр æнахуыр фæлурс адæ... (Мад ын йæ сæр йæ риумæ нылхъывта.) А г н е с с æ. Мæ хос — мæ хъæбысы. Алик (йæхи атыдта). Уæд та мын ды ратт ахæм хос, дæ зæрдæ дын куыд нал риссын кæнон! Æри! Марг дæр уæд... Ратт мын æй! Мæн нæ фæнды, цæмæй мæн тыххæй рисса æдзух дæ зæрдæ. Хъусыс? Æри мын хос! А г н е с с æ (сыстад). Хорз. Æз ратдзынæн дæуæн хос. (Райста арф æвæрæнæй тыхтон, бирæ йæм фæкаст, стæй йæм æй дæтты.) Мæнæ дæм писмо, дæ фыдæй. 206
Алик. Цы? Цытæ дзурыс? Мамæ? (Фæкаст къулмæ. Мад иннæ уатмæ ацыд, лæппу иуцасдæр джихæй лæууы, стæй стъо- лы уæлхъус æрбадт, кæсы...) «Мæ зынаргъ Агнессæ! Мæнæ мæ хорз æмгар Асæхмæт мæ цуры бады æмæ мæ ныхæстæ -цыссыгкалгæ фыссы... Фидар лæуу! Ды командиры бинойнаг дæ... Ныр та мæ фæнды мæ фæстаг ныхас зæгъын, чи нæма рай- гуырд, мæ уыцы фыртæн, йе чызгæн... Ды зæрдæхсайгæ уыдтæ... Чи зоны, афонмæ нæм ног бæлццон фæзынд... Чызг уа, лæппу, мæн фæнды зæгъын уымæн: «Мæ зынаргъ хъæбул, æз дæу нæ федтон, фæлæ дæ тынг бирæ уарзтон... Нæ бафсæстæн демæ хъазынæй, дæ мидбылхудтмæ кæсынæй, афтæмæй уæ сæрвæл- тау, бирæ сымах хуызæтты сæрвæлтау, нывондæн æрхастон мæ цард. Ныббар мын, де ’взрнг зæрдæйы дын сагъæс уадзын. Мæн фæнды, цæмæй зонай ды* куыд уарзтон дæу æз, куыд æнхъæл- мæ дæм кастæн. Мæн фæнды, цæмæй байрæзай ды хъæлдзæг, амондджынæй; цæмæй макуы бавзарай хæст. Мæн фæнды, цæ- мæй суай стыр лæг... Мæн тыххæй адæмы раз къулбæрзæйæ ни- куы лæудзынæ... Бацархай, цæмæй ды дæр суай Райгуырæн бæстæйы аккаг хъæбул. Хæрзбон. Хæрзбон, Агнессæ, ды дæр. Мæнæн мæ бон нæу мæ къух цæттæ фыст писмойы сæвæрын. Мæ цæф ныхы тугæй писмойы кæрон ахорын... Мæ къухфыс- тыл мын æй нымайут... (Лæппу диваныл ныддæлгом.)^ Æмбæрзæн æхсæзæм ныа Чысыл уат. Ацы раи рæстæгмæ æрбынат кодта Пират. Æрбахызт расы- гæй Кънопкæ, дуар фæстæмæ йæхи дæгъæлæй сæхгæдта. Кънопкæ. Чысыл ма бахъæуа, къæппæджы ма скуыси уон. Фæлæ нæ, сержант, æз дæр лæг дæн. (Худы кæсæнмæ.) Лæг! (Райста гитарæ, цæгъдын дзы нæ зоны, фæлæ йын йæ хъир-хъурмæ зары’) Амуры фат зæрдæйы Арвы кардау ахызти, Кæм ис сæн æмæ сылгоймаг, Уырдæм та мæнæй уый батылди... Æрбахызт Алик цыдæр сагъæсхуызæй. К ъ н о к æ. А! Кот! Саламат! (Сыстад, фæцæуы йæ размæ, цудтытæгæнгæ.) Кæм фесæфтæ ацы дыууæ боны, Котик? Æвæц- цæгæн та дын дæ мад дæ хъуыраны каст, и? Гъей, ды, ма нæ яуæй кæн? Æгæр тызмæг дæ ацы хатт, фæлурс, А л и к. Бодз кæм ис? Мæн ныхас ис йемæ. К ъ н о п к æ. Ныууадзынвæнд та нæ ма скæн? Алик. Бодз... 207
К ъ н о п к æ. Бодз дæ йæхæдæг ардзæн, хъуыдтæ йæ ды дæр. А л и к. Нæ, нæ, мæн ныртæккæ хъæуы, ацы сахат, æмба- рыс? Ныртæккæ! К ъ н о п к æ. (дисгæнæгау). О-о!.. А л и к. Æз иу хатт цы усы хызын аафтид кодтон æмæ тæр- хондоны кæй тыххæй скуыси дæн, уый абон мæ размæ фæци. К ъ н о п к æ. Гъы, æмæ дæ базыдта? Алик. Æдас у... Иæ фæдыл гурæй-гурмæ фæцыдтæн... Сбæлвырд æй кодтон, чи у, уый. Иæ лæг мард, æртæ сывæлло- ны даринаг ын. Чи зоны, уæд сæм афтид армимæ æрыздæхтис, мæ цæстытыл ауад уыцы... уыцы сидзæрты цæстæнгас. (Къноп- кæ йын йæ лæмæгъ зæрдæйыл худы.) Сымах нæ бамбардзыс- тут уый... Мæнæн мад ис. Мæнæн фыд уыд.. æмæ йын йæ къам- мæ комкоммæ бакæсын мæ бон нæу. Кънопкæ. Мад ын ис, фыд ын уыд, æмæ, дæумæ гæсгæ, æз гакъайы топхосæй райгуырдтæн? А л и к. Цыфæнды кæнут, мæн ныууадзут! Фæзынд Бодз, ничи йæ уыны. Ахгæдта дуар, рудзынгæмбæрзæн. Бодз. Мæнæн цæуы мæ зæрдæмæ дæ хъæбатырдзинад... Дæ карæнæй арæх фæрæдийы адæймаг... (Йæ уæхскыл ын йæ къух æрæвæрдта.) Уæдæ, зæгъыс, сидзæрæй нæ уадзынвæнд скодтай, и? Гъемæ цу, æз разы дæн. (Сусæгæй йын йæ бæрзæй цæмæйдæр ныццавта, Алик æрхауд.) Мах цæуæм цъаймæ. Пи- рат куы ’рбацæуа, уæд-иу мæм фæлæууæд. Ацы къулбадæджы кой йын ма скæн. Галæй уæлдай нæу, æрра кæны туг фенгæйæ. (Ахаста йæ æмбæхст дуарыл. Æрбахызт сагъæсхуызæй Пират.) П и р а т. Кот ардæм не ’рбацыд? К ъ н о п к æ. Чысыл раздæр ам уыд. П и р а т. Ам уыд? Къноп,кæ. О, æмæ Бодзимæ... парчы ’рдæм ацыдысты. (Гитарæйæ хырттым-бырттым кæны.) П и р а т (йæхинымæр дзурæгау). Чидæр мын кæлæнтæ скодта. Аня мæ зæрдæйæ нал хицæн кæны. Цæмæн мæ æрба- хастой мæ фыдбылызы къæхтæ уыцы изæр доны былмæ? Адæм хъæлдзæгæй здæхынц сæ хæдзæрттæм, æз та сæм цæф сырдау знæтæй кастæн... Уалынмæ мæ размæ фæзынд уый, хърихъуп- пау фæхицæни балæй, цыдæр æнахуыр диссаджы каст мæм æр- бакодта... Фæлыгъдысты мæнæн уыцы минут ме ’ппæт зындзи- нæдтæ дæр мæ зæрдæйæ. Иæ сыгъдæг, йе ’ргом цæстæнгас ын нæ бафæрæзтон æз... Бакодтон æм дыккаг каст, æмæ мæ разы фæз — афтид. Æдзух, дам, ахæм тызмæг вæййыс? Ногæй та мæ риуы цин сæвзæрд, цыдтæн æз æдзух йæ размæ.. фæлæ йæм сдзурын никуы бауæндыдтæн... Ау, ахæм амонд дæр ис?.. (Дуар æфбахостæуыд.) Мидæмæ! (Æрбахызт Аня.) Аня!.. А н я (фефсæрмы). Ардæм цæугæ дæ федтон... Ныббар... 208
К ъ н о п к æ. Милицæимæ ис, æвæццæгæн. (Рудзынгмæ фез- гъоры.) Аня. Æдас у!.. (Уæддæр акаст дуармæ, рудзынгмæ.) Кънопкæ (æрсабыр). Æгас цу. Зæгъ-ма, ды фæскомцæ- дисон дæ? (Кæсы йын йе значокмæ.) А н я. Факультеты фæскомцæдисон организацийы секретарь. К ъ н о п к æ. Ростовы юридикон институты æртыккаг кур- сы, кæд нæ рæдийын, уæд. А н я. Рæдийыс, фæндзæмы. Кънопкæ. Рæдийын мæнæн фыдæй баззад,. Уæдæ, зæ- гъыс, махæй æппындæр нæ тæрсыс, комсомол, и? А н я. Æгæр хъæбатыр нæ кæсыс дæхимæ? Искуы уынгты æнæ цæвæнгарзæй ацыдтæ? Цы ма уа тæппуддзинаддæр, хи хъæуы, бон-сихорафон фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæйæ цæуы- нæй? (Кънопкæ æрбамæсты, фездæхт, фæлæ Аняйы ныхæстæм зæрдиагæй чи хъуыста, уымæ фæкомкоммæ уæвгæйæ дуары æд- де фæци.) Цæмæн сиу кодтай ахæмтимæ дæ цард?.. Уыдон адæ- мæй куынæ сты. Пират. Чи зоны, уый тыххæй æрмæст, цæмæй дарддæр уон цардæй. Аня. Цæмæн? (Йæхинымæр дзурæгау.) «Пират»... Æндæр дын ном нæй? Дæ ныййарджытæ дæр дæ «Пират» хуыдтой? П и р а т. Æнхъæлдæн, Сашæ... А н я. Цæмæн, «æнхъæлдæн»? Дæ цардæй мын исты ра- . дзур... П и р а т. Дæ зæрдæ дзы ницæмæй барухс уыдзæн. А н я. Цæмæн сдзырдтай иуизæр мæ сæрыл? П и р а т. Нæ зонын. А н я. Мæн уырны, сыгъдæг у дæуæн дæ зæрдæ... П и р а т. Ау? Ахæм зæрдæ дæр ис, иннæйы зæрдæйы цы ис„ уый чи фæуыны? А н я. Ис. П и р ат. О, мæн фæнды цæрын, адæм куыд цæрьшц, афтæ. Мæнæн адавдæуыд мæ сабийы бонтæ, мæ амонд, мæ цард. «Са- шæ» мæ цы папæ æмæ мамæ хуыдтой, уыдон дæр уыцы хъуыд- даджы æнæ аххос не сты. Агурын сæ мæ маст сисынмæ, æви... нæ зонын... Аня. Зæгъ-ма, ды æппындæр нæ зоныс дæ ныййарджыты? Пират. Фондз-æхсæз азы мыл куы рацыд, уæд мæ мад дзырдта — ныууагъта нæ нæ фыд. А н я. Стæй? П и р а т. Стæй? Стæй мæ мад дыккаг мой скодта. (Фæ- хъуыды кодта.) Цæмæн дын дзурын æз æппæт? Чи дæ ды? Ца- вæр хæйрæджытæ дæ æрбарвыстой? А н я. Курын дæ, дзур дарддæр, Сашæ! П и р а т. Бирæ азты уыцы номæй ничима сдзырдта мæнмæ. А н я. Кæд дын зын у, уæд нæ ныхас аргъæвæм... П и р а т. Зын... Уыйфæстæ хæст, кæйдæр къух мæ Бухары 14 Хъайттаты Сергей 209
^балæууын кодта. Хъомыл кодтон. Фæзынд мын хæлæрттæ би- рæ горæтты. О, дæ цæстæнгаоæй мын тæрхон ма хæсс, Аня. Ды нæ зоныс, æнæ мад, æнæ фыдæй схъомыл цы у, уый. Цал æмæ цал хатты фæндыди мæн.папæ æмæ мамæмæ кскуыцæй дардæй бакæсын. Бон-изæрмæ-иу рудзынгыл фæбадтæн, кæд сæ искæйы фенин дардæй, фæлæ дзы никуы ничи æрбазынд мæнмæ. (Аня йæ цæссыг аивæй асæрфта, стæй æваст Пираты къух йæ дыууæ къухæй нылхъывта æмæ алыгъд.) П и р а т. Аня! (Разгъоры, йæ размæ фæци Бодз.) Бодз (æрбадт, сдымдта тамако). Афтæтæ ’мæ уфтæтæ. П и р а т. Бодз! Мæ зонгуытыл дæ курын, суæгъд мын кæн :ме уæнгтæ, ауадз мæ, курын дæ. Бодз. Пират! Æз ма дæуыл мæ зæрдæ куы дардтон. Ме ^намондæн мæ зæрдæмæ фæцыдтæ кæддæр, æрæджиау, диди- нæгау дæ стонын куы хъуыд, уæд. Æз та дæ рæвдаугæ бакод- тон... Ды зоныс, рæвдыд цы у, уый? П и р а т. Бодз... Бодз. Нæ, нал зоныс ды уый, ферох дæуæй алцыдæр ныр- тæккæ. Æндæр горæты, æндæр хъæуы æз мад æмæ фыд дæр уыдтæн дæуæн. П и р а т. Нæ, нæ мæ ферох. Æргъæвст цъиу исчи фæнда- тыл куы ссара æмæ йæ йæ роны куы бакæна, уæд ахæм хъарм- дзинадæн искуыдæр ма ферохгæнæн ис? Фæлæ мæн нал фæн- ды афтæмæй цæрын, Бодз, нал! Æз иу хæдзармæ бацыдтæн..., бацыдтæн... (Мæстыйæ.) Расыгæй, куыд мæ ахуыр кодтай, афтæ... ’ Б о д з. Æмæ цы? Уадз æмæ дæ тæрсой... ’ П и р а т. Тæрсой... «Стыр хъæбатырдзинад у, хи хъæуы бон- сихорафон æд гæрзтæ цæуын, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ... Рынчын... урсзачъе зæронд лæгæн мæ уындæй бахъарм йæ зæр- дæ... Æнахъом саби тарст цъæхахст ныккодта, зæххы цъасы куы ныххаудаин фæлтау. Чи зоны, уыцы зæронд лæг искуы мæн ахаугæ федта сывæллонæй æмæ мæ аудгæ систа, бар)вев- дыдта мæ, æз та йæм... (Балæууыд Бодзмæ, Бодз фæстæмæ асанчъех кодта.) Ды нæ бамбардзынæ уый, дæуæн нæй зæрдæ дæ риуы! Дæу йæ чыссæ хъуыд уымæн æрмæст. Б о д з. Ды не сæххæст кодтай уæд мæ дзырд, ныр дæр та дæ цæстытæ æрттивынц. ÆвæццæЬен, хъазгæйæ не сфæнд код- тай афтæ, æз æгæр хорз зонын дæу. (Мæстыйæ.) Æмæ хъус, уæгъд дæ кæнын, фæлæ дзырдæй. П и р а т. Цыфæнды дзырд сæххæст кæныныл дæр разы дæн. Б о д з. Фыццаг — цæрæнбонты мæн тыххæй дæ дзых æхгæд. Искуы дæ исты куы сирвæза, уæд æз фæкæндзынæн дыууæ гæ- рахы. ч • П и р а т. Кæй ма? Б о д з. Дæу æмæ Аняйы. Куыд æхсын, уый зоныс. Дыккаг æмæ сæйрагдæр. Цы рынчындоны кой дынкодтон; уый сæйраг 210
дохтыры кусæнуаты ис дзыхъхъынног фæллойадон чингуытæ æфсæйнаг скъаппы. Дыууæ боны æмгъуыдмæ уыдон хъуамæ уой мæнмæ... Схон дæхи рынчын æмæ йæм бац.. Сабыр! Уыдон дæ мысайнаджы æхца сты... Рох дæ ма уæд, дæуæн ис мад„ фыд... Уарзон чызг... Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД . ÆВДÆМ НЫВ Георгийы хæдзар. Аня æмæ иукъорд чызджы цæттæ кæныиц фынг. Иу чызг цæгъды пианинæйыл, иннæ чызг æмæ лæппу кафынц. Р а я. Амондджын дæ, Нинæ. Аня институт каст фæци. (Паузæ.) Хуыцау зоны, кæм рахау-бахау кæны мæ лæппу та? Н и н æ. Дæхи аххос уыд... Р а я. Мæхи аххос уыд, æмæ мæхи дæр уымæн æфхæрын... Н и н æ. Фæрæдийын зын нæу, зын рæдыд сраст кæнын у> ды та раджы сраст кодтай дæ рæдыд, тынг раджы. Р а я. Нинæ!.. Уæдæ цæуылнæ у мæ бон бакæсын комкоммæ Асæхмæты цæстытæм? Н и н æ. Æз æмæ йæм Георгий бирæ фæфыстам æфсадмæ дæр дæу тыххæй... Куы ссыд, уæддæр нæм йемæ цалдæр хатты ныхас уыд. Уый та... Р а я. Нæ, нæ, нæ, æгæр бирæ баййæфта æнæуи дæр. Иæ зæрдæ цъæх у... Иухатт ыл амбæлдтæн, мæхимæ ссардтон ныфс æмæ йæ æрурæдтон... Мæ зæрдæ йын йæ разы байгом кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ нæ бафæрæзтон... Чысыл ма бахъуыд сæрра- мæ мæн... Æрцæйхаудтæн йæ разы мæ зонгуытыл... Æз цæуын... Н и н æ. Цы? Кæдæм? Р а я. Мæ цæстытыл уайдзæн Сашæ, нæ бафæраздзынæн. Нæ мæ фæнды Аняйы хъæлдзæгдзинад фехалын, æз æй мæхи хъæбулау уарзын. Н и н æ. Аня дæр иууыл хъæлдзæджытæй нæу абон. Р а я. Цæуылнæ? Н и н æ. Иæ... йæ хæларæй иу-цалдæр боны ницы хабар ис. Р а я. Ардæм æй хъæуы. Н и н æ. Æз дæр ын зæгъын, фæлæ уый нæ хъусы, тæрсы... Иубон, дам, мын иу лæг æнафоны афтæ зæгъы, æз, дам, уын уæ цин уæ хъуыры хуынкъæй сласдзынæн. Р а я. Чи уыд уый? Н и н æ. Цавæрдæр сау кæсæнцæстджын. Р а я. Ау? Фæзынд та ам? Н и н æ. Цы кодтай, зоныс æй? 211
Рая (фæкъуылымпы). Кæй? Нæ, кæй зонын? Цыдæриддæр дзурын, мæхæдæг дæр сæ нæ зонын. Цæй, æз цæуын... Н и н æ. Рая! Р а я. Нæ, нæ, ма мæ уром, Нинæ... (Ацыд.) Æрбацыдысты дæлбулкъон Георгий æмæ Асæхмæт. Асæхмæт. Фарн ам, æмæ Аня амондджын бон фæуæд каст институт. (Æвæры лæвар ) Н и н æ. Бузныг. Асæхмæт. Дæуæн та дидинджытæ... Г е о р г и й. О, уый рагæй дæр дидинджытæ уарзы. Н и н æ. Бузныг. (Асæхмæт пианинойæ цæгъоы «Темная ночь».). Г е о р г и й. Цæй, æз мæ ныхас сæххæст кодтон, кæм и Рая? Абон сын æнæбафидауынгæнгæ нæй. Н и н æ. Уый хыгъд æз нæ сæххæст кодтон мæ дзырд. Ацыд. Г е о р г и й. Куыд ацыд? Н и н æ. Ницы йын мæ бон баци... Аня (рахызт уатæй). Зæгъын, афтæ рæсугъд чи цæгъды? (Асæхмæт æй йæ хъæбысы акодта.) А с æ х м æ т. Арфæ дын кæнын! Аня. Бузныг.* ,Г е о р г и й. Цыдæр сагъæсхуыз дæ, цы кæныс? А н я. Папæ! Тæссаг ын у? Æмбарыс, кæмæй зæгъыи, уый... Георгий. Цы дын зæгъон, нæ.зонын, сывæллон нал дæ, •калмæн йæ сæр нырма æгас у... Бодзæй зæгъЫн. Асæхмæт. Абонрайсом иу ныв ’федтон... Скъолайы цæ- -хæрадоны æртæ æвзонг лæппуйы цыппæрæмы надтой... чи къа- хæй, чи та къухæй. Уый дæлгоммæ хуыссы. Цæвынц риу, фæр- стæ, сæр, цæсгом... Мæхи нал баурæдтон... бауадтæн сæм. Уы- дон фæпырх сты..^ Нæ дæ бауырндзæн, æдых лæппуйы зæххæй куы систон, уæд цæмæндæр мæ цæстытыл ауад мæ фырт, аф- тæ мæм фæкаст, цыма уый дæр мæнæ афтæ нæдтытæ бавзæрста ,æмæ йæ сæрыл сдзурæг нæ уыд. Æмбарыс, Георгий? Цæсгом цавтой къахæй. Г е о р г и й. Æбуалгъ ми. Асæхмæт. Уымæй æбуалгъдæр ми та... Уыцы æгъатыр цау æз дзырдтон, скъолайы кæрты цы дыууæ ахуыргæнæджы .лæууыд, уыдонæн. Дыууæ сылгоймаджы мæм мидбылхудгæ фæхъуыстой, стæй сæ иу йæ къух ауыгъта: «А, æвæццæгæн, къласы истæуыл нæ бафидыдтой». Æмæ дарддæр сæ ныхас код- ’той. Георгйй. Ис ма нæм ахæмтæ дæр. А с æ х м æ т. Георгий, æз хатгай цæуыл ахъуыды кæнын? Гъер мæнæ æз æмæ ды нæ кары бацыдыстæм... стæй бирæ мах хуызæттæ. Рæхджы пенси... Бафæрсæм ма кæрæдзи: æппæтдæр сарæзтам... сæххæст кодтам, уым кæй ныгæдтам, уыдон нын цы фæдзæхстой, уый? (Паузæ.) Кæцæй нæм фæзынд ахæм 212
куыдфæндыйы цæстæнгас цардмæ? Ау, фыдæлтæй нын баззад уыцы «хæзна»?.. Кæнæ ма райсæм фæхæцæгдзинады хъуыд- даг... Кæд æмæ дыл хорз фæхæцæг уа, уæд дын хуыздæр куыст,. æнцондæр бахауæн уæлдæр ахуырмæ. Суанг ма рынчыны рын- чындоны дзæбæхдæр ран сæвæрынмæ... Иннæ ахæм æхца... Иуырдæм — æхца, иннæрдæм — æхца... Г е о р г и й. Æгæр нæ ахызтæ, мæ хæлар, кауы сæрты? Асæхмæт. Иæ сæрмæ дæр ын нæма схызтæн... (Дæтты газет.) Æвæццæгæн нæм ахæм митæ куынæуал уаид, уæд пар- ти дæр нæ сидид сæ ныхмæ тохмæ. Ноджы ма фыст ис ам — «ахæм хъуыддæгтæ нæм нал ис», зæгъгæ, чи зæгъы, уый сæ æмбæхсгæ кæны æмæ арфдæр кæнынц. Г е о р г и й (дæтты газет фæстæмæ). Кастæн æй. А с æ х м æ т. Карз тох.. Карз тох... (Райхъуыст тилифоны дзæнгæрæг.) Г е о р г и й. Бахатыр кæн... (Систа хæтæл.) Хъусын. А, Серго? Цæуылнæ дæ, цæ, ныронг ам? Цы? Бодз? Ныртæккæ уым уыдзынæн. (Æрæвæрдта хæтæл, нывæрдта йæ дзыппы пи- столет.) Нинæ! Æз цæуын... Асæхмæт, ды бахатыр кæн... Чи зо- ны, тагъд ма ’рцæуон. Нинæ. Кæдæм? Æппындæр ницы хъуыды кæныс. Чызг каст фæци, ныртæккæ йе ’мбæлттæ ам уыдзысты, цин ыл кæн- дзысты, йæ фыд та... Г е о р г и й. Нæй гæнæн. Асæхмæт, хатыр! (Ацыд.) Нинæ. Ныр уал æмæ уал азы афтæ... (Æрбакалдысты <студенттæ, се ’хсæн — Виталий.) С т у д е н т т æ. Уе ’зæр хорз. А с æ х м æ т. Æгас цæут! Хъæлдзæг ныхæстæ. Фæхибар сты Аня æмæ Виталий. В и т а л и й. Уый циу, прокурор, дæ сæр куы æруагътай? 1-аг чызг (Аняйы хъусы). Ахсæв дæ дæ Пиратмæ не "’вдæлы. 1-аг лæппу. Басабыр ут! Мæ сæрмæ диссаджы хъуыды æрцыд. 2-а г лæппу. Ницы дзы ссардта æмæ фæстæмæ алыгъд. 1-аг лæппу. Цыбырдзырдæй, мæ сæры ницы ис, нæ? 2-а г л æ п п у. Кæд уый зоныс, уæд мæ ныхас фæстæмæ исын. 1-а г л æ п п у. Æз зæгъынмæ хъавыдтæн, æхсæвæр æрæг- мæдæр куы хæрай, уæд фылдæр нæ лæууы. И н н æ т æ. Раст у, раст у! (Æрбадтысты стъолы алыварс, Асæхмæт — уæле. Сыхъуыст тилифоны хъæр. Аня йæ систа.) А н я. Папæ? Цы? Ма дæм æнхъæлмæ кæсæм? Цæуылнæ? Тагъд не ’рцæудзынæ? Исты æвзæр хабар? Хорз. (Æрæвæрдта хæтæл.) Асæхмæт, папæмæ нал æнхъæлмæ кæсæм... А с æ х м æ т. О, уыдонæн се хæс афтæ у; адæм кæфынц, за- 213
рынц, уыдон та сæ хъуамæ хъахъхъæнгæ кæной. (Æрæджиау.) Уæдæ райдайæм, зæгъут? Иууылдæр. Райдайæм! Асæхмæт. Райдайæм... Диссаджы дзырд у, æвæдза, уый — «райдайæм». Цыфæнды хъуыддаджы размæ дæр адæй- маг сдзуры уыцы ныхас. Къласмæ фыццаг бон чи бацæуы, уый дæр фехъусы уыцы ныхас: «Райдайæм, сывæллæттæ, урок». Æа бирæ хæттыты фехъуыстон уыцы дзырд тохы, хæствæллад инæ- ларæй ныббырсты агъоммæ. Уыцы дзырд ме ’взагæй нал хицæн кæны, æмæ ныббарут, хъæуа, нæ хъæуа, уæддæр æй куы дзу- рон, уæд. Сымахæй иуæй-иутæ фесты каст институттæ. . Уый стыр хъуыддаг у, тынг стыр хъуыддаг. Сымахæн райдайдзæн уæ цард ногæй. О, о, ногæй. Ныронг сымахæй алчидæр æнхъæл- мæ каст искæйы æххуысмæ, ныр та сымах æххуысмæ кæсдзы- сты æнхъæлмæ. Уый у цард, диссаджы ног цард. Бирæтæ уæ æваст нæ фæцахуыр уыдзысты куыстыл, фæллойыл, æййафдзы- стут маст, зындзинæдтæ, архайут сыл фæуæлахиз уæвыныл (паузæ). Уарзут, уарзут æнæкæрон уарзтæй цард, уый уыдзæн уе ’ппæт циндзинæдты суадон. Мæ сидт фæуыдзынæн, цæмæй райдыдтон, ууыл. Баназæм уæдæ, мæ хæлæрттæ, уæ ног царды райдианы тыххæй! Иууылдæр. Ура! Н и н æ. Аня! Æз ныртæккæ ам уыдзынæн, Раямæ суайон. А н я. Хорз. (Нинæ ацыд.) В и т а л и й. Асæхмæт! Иу ныхасы бар... Асæхмæт. Зæгъ, зæгъ!.. В и т а л и й. Зынаргъ æмбæлттæ! Диссаджы ныхæстæ загъ- та нæ буц хистæр махæн ныртæккæ. Ахæм зæрдæ нæй, уыдон арф кæм нæ ахъардтой. Мæн фæнды зæгъын не ’ппæты номæй дæр мæ дзыхы дзаг: Асæхмæт! Нæ зынаргъ ныййарджытæ, нæ диссаджы ахуыргæнджытæ, ныббарут нын, кæд уын не ’рра бонты истæуыл смаст кодтам, уæд. Нæ ног цардæн йæ тæккæ райдайæны мах дзырд дæттæм, æппæт мадзæлттæй дæр бацар- хайдзыстæм сымахæн ма сзын кæныныл... Телефоны дзæнгæрæг. Аня систа хæтæл. Аня. Хъусын. Асæхмæт? Ис. (Асæхмæтмæ.) Сылгоймаджы кæуынхъæлæс, рынчындонæй. А с æ х м æ т. ХъусынпАгнессæ? Хорз, тæрсгæ ма кæн. Ныр- тæккæ фæцæуын. (Æрæвæрдта хæтæл.) Иæ лæппуйы йын ныц- цавдæуыд... Æмбæрзæн ÆСТÆМ НЫВ Рынчындоны сæйраг дохтыры кусæнуат. Стъолыл фондзаздзыд лæппуйы къам. Бады диваныл урс халаты Алик, йæ сæр — баст. Иæ фарсмæ йæ мад. Сæ разы лæууы Георгий, Асæхмæт бады стъолы уæлхъус. Стъолы иу кæ- рон Сергей фыссы, цы дзурынц, уый. 214
Георгий (Агнессæмæ). Хорз ус, ды бахатыр кæн. Алик. Уадз, баззайа ам. Мæнмæ мæ мадæй ницы сусæг- дзинад ис. Г е о р г и й. Кæд базонгæ дæ семæ?» А л и к. Фарон сæрд. Георгий. Куыдæй? Алик. Дойныйæ мардтæн æмæ мæ мæ фыдбылызы къæх- тæ бæгæныдонмæ бахастой... Георгий. Æмæ? Алик. Дыууæ арæзт лæппуйы мæ фæйнæфарс абадтысты... Сæхи æхца фидæг акодтой. Баназын мын кодтой арахъхъ дæр... Ницыуал бамбæрстон. Æрчъицыдтон горæты кæрон. (Агнессæ аивæй хос нуазы.) Уыцы дыууæ лæппуйы та мæ фæйнæфарс худынц, кæд, дам, махимæ разы нæ дæ, уæд, дам... Г е о р г и й. Уæд, дам?.. Алик. ...Дæ мады инвалидыл нымай... Мамæ! Афтæ мæм кæсы, цыма зындонæй раирвæзтæн. Агнессæ. Æмæ уый зындон у, уæдæ циу, мæ хъæбул. А с æ х м æ т. Хорз сæм бауæндыдтæ уæддæр. Георгий. Зæгъ-ма, знон дæ рынчындомæ чи сæмбæлын кодта? А л и к. Нæ йæ хъуыды кæнын. Георгий. Уый афтæ æмбарын хъæуы æмæ дæумæ канд махæй нæ, фæлæ дæ мадæй дæр ис сусæгдзинæдтæ? Алик. Æз ме ’муд ам æрцыдтæн. А с æ х м æ т. Раст дзуры лæппу. ’ . Георгий. Чи дæ ныццавта, уый хорз хъуыды кæныс? А л и к. Бодз. Георгий. Бодз... Уæ цуры æндæр ничи уыд... Бодз та дæ уымæн нæ ныццавта, æмæ дæ рынчындонмæ æрхæсса, фæлæ дæу уæддæр чидæр æрхаста... Чи? Æрхаста дæ рынчындоны дуаргæсы онг, дуар тынг ныххоста æмæ, дæм куы рацыдысты, уæд йæхи баууон кодта. Цæмæн? А л и к. Сомы кæнын, æз æцæг ницььхъуыйы кæнын æндæр... Агнессæ. Æз æууæндын мæ лæппуйыл, рæстытæ дзуры! Г е о р г и й. Ды загътай: Бодз æмæ Кънопкæ, æндæр ма? А л и к. Æрцахстат сæ? Г е о р г и й. Кънопкæйы — о. Бодз аирвæзт, фæлæ ды тæр- сгæ мацæмæй кæ’н. А л и к. Æз ма ноджыдæр зæгъын иу хатт — никæмæй тæр- сын æз... А г н е с сæ. Дохтыр, мæ фырт бастад. А с æ х м æ т. Георгий... Г е о р г и й. Æмæ æппынфæстаг... Рынчындонмæ дæ куы ’рхастæуыд, уæд дæ сæр баст уыд мæнæ ацы урс шарфæй. (Æв- дисы йæ.) Шарф дæу у? (Алик «нæ» зæгъгæ, йæ сæр банкъуы- ста.) Афтæ... Дæу нæу, фæлæ йæ базыдтай. Цæй, æгъгъæд фæ- уæд абон... бафæлладтæ. 215
Агнессæ (шарф систа). Диссаг, цыма ацы шарф... (Фæ- комкоммæ йæ фыртмæ, йæ цæстæнгас ын фембæрста.) Уæвгæ нæ... Г е о р г и й (ацахста уыцы цæстæнгас, фæлæ йæхи нæуы- нæг скодта). Зæгъын, æгъгъæд фæуæд абон. Хистæр лейтенант! (Сергей фестад.) Цалынмæ милиционер æрвитон, уæдмæ йæ цуры фæлæуу! С е р г е й. Хъусын. А г н е с с æ. Æмбал дæлбулкъон... Г е о р г и й. Æдасдæр уыдзæн афтæ. Хатыр, дохтыр, (Ацыд.) Агнессæ æмæ Сергей Аличчы акодтой. Асæхмæт радио сзылдта. Хъуысы симфонион музыкæ мынæг зылдæй. Дуар æрбахостæуыд. А с æ х м æ т. Мидæмæ! (Æрбахызт Пират хъахъхъæнгæ, кæ- сы къуымты, Асæхмæт æм скаст.) Æгас цу, сбад. (Пират æр- бадт.) Хъусын дæм... П и р а т (тыхстæй). Ныххатыр кæн, дохтыр, ацафон... Мæн фæндыд, куы мæ федтаис, уый. Абонрайсом мæ хъæлæсæй туг скалд... А с æ х м æ т. Дæ хæдон дæ ронæй слас. (Йæ хъусæнтæ йæ уæлæ бакодта.) П и р а т (дисæй). Ды сразы дæ мæн фенынмæ æнæ мæ ном, æнæ мæ мыггаг бафæрсгæйæ, кæцы районæй дæн, уый нæ базонгæйæ? А с æ х м æ т. Низ мыггаг æмæ номæй нæ фæрсы, рынчыны та фæфæрсынц йæ низæй. Цæй, цы мæм ныккастæ? Дæ хæдон. (Пират иæстыфæныкъуылдмæ фелвæста йæ хæдон, Асæхмæт æй уыны.) Кæд скалд, зæгъыс, дæ хъæлæсæй туг? Пират (фæкъуылымпы). Абонрайсом. (Кæсы скъапмæ.) Асæхмæт (æрæджиау). Рæуджыты тугвæд нæ уынын æз, фæлæ дæ нервытæ дæ карæнæй æнцаддæрхъуаг сты. Туг та, чи зоны, дæндæгты... Пират. О, о, мæ дæндæгты туг арæх фæцæуы, æвæццæ- гæн, дзæгъæл хуымæтæджы фæтарстæн, ныххатыр кæн. А с æ х м æ т. Ницы кæны. (Пират йæ дзаумæттæ кæны.) Кæмдæр цыма федтон æз дæу.. Кæйдæр хуызæн дæ... тынг, фæ- лæ кæй?.. . 1 П и р а т. Хуызæнæй хуызæнмæ лæг амардæуыд... Цæй, буз- ныг... * Асæхмæт. Афтæ мæм кæсы, цыма дæ бирæ азты зыдтон; зæгъ-ма, ды хæсты уыдтæ, мыййаг?.. Бирæ цæфтæ мæм æрба- хауд уым... П и р а т. Цытæ дзурыс, дохтыр, хæсты рæстæг æз чысыл ла^ппу уыдтæн!.. Дохтыр, мæнмæ гæсгæ, ды стыр зонды хицау дæ, зæгъ-ма, дæ къухтæм фыдгæнæг æрбахауд, уæд ын цы кæ- нис?.. 216
Асæхмæт (сыстад, сыстад Пират дæр). Æз ын йæ хур- хыл бахæцин. П и р а т. Æмæ дæхи фырт куы разынид, уæд та? А с æ х м æ т (фестъæлфыд). Уæддæр... (Аздæхт, фæком- комæ къаммæ. Пират аивæй фæцæуы, иу каст ма бакодта скъапмæ æмæ фæаууон. Асæхмæт раздæхт, фæджих. Агнессæ æрбазгъордта, халат ыл.) Агнессæ. Асæхмæт! Тыхсы та Алик. А с æ х м æ т. Ныртæккæ. (Кæны хъуыдытæгæнгæ йæ дзау- мæттæ.) А г н е с с æ. Рынчын дæ? Дæ цæсгом фæлурс... А с æ х м æ т. Цом! (Ацыдысты.) Дуар байгом, æрбахызтысты тагъд-тагъд Пират æмæ Кънопкæ. Къиоп- кæ йæ фæдыл дуар ахгæдта. К ъ н о п к æ. Цæй, æз мæ хæс сæххæст кодтон, цæуын... П и р а т. Курын дæ, ды бакæн ацы хъуыддаг мæ бæсты, цыдæриддæр мæм ис, уыдон дын дæттын. Кънопкæ. О, о, мæ сæр мын зынаргъдæр у. Мæнæ дын дæцъæлтæ, æфсæйнаг скъапп уартæ. Бодз æнхъæлмæ кæсдзæн. дæ рацыдмæ фæстигъ. (Пират цалынмæ уаты къуымты хъахъ- хъæдта, уæдмæ Кънопкæ феддæдуар.) Пират (систа тилифоны хæтæл, æрзылдта йæ). Алло! Георгийы фатер? Аня дæ? (Тилифоны хъуысы: «Алло» «алло». Пират æрæвæрдта фæстæмæ хæтæл... Ауыдта скъапп.) Аня, ныббар! Фæлæ мын ацы хатт æнæ адавгæ нæй, науæд мын адавдзысты дæу... Архайы скъаппы дуар кæныныл. Нæ комы. Сыхъуыст телефоны дзæн- гæрæг, Пират фæджих. Дуармæ — къæхты хъæр, ныхас; æрæмбæхст, архайы та. Байгом кодта скъаппы дуар, систа, цы агуырдта, уыдон. Чидæр дуар кæныныл архайы. Пират та амбæхст рудзынгæмбæрзæны фæстæ. Æрбацыд Асæхмæт фæлладхуызæй, йæ дохтыры хъусæнтæ йæ хъуырæй систа, рала- ста йæ халат, æрбадт. Сахат цалдæр хатты ныццавта. Сыхъуыст та тедр- фоны дзæнгæрæг. Асæх м æт. Хъусын. А, Георгий? Нæхимæ? Ныртæккæ цæудзынæн. Дзырдтай ма, зæгъыс? О, уартæ уыцы лæппу тыхстдæр уыд æмæ уый цур афæстиат дæн... Дзæбæхдæр у... Æрцахстай, зæгъыс, къуыбылойæн йæ кæрон? Цы, цы? Уымæй рæдигæ кæныс. Уыдоны ’хсæн дзæбæх лæппутæ нæ вæййы. Чи- фæнды уæд, æгæр рагацау дзурыс йæ сæрыл, бирæгъ йæ кæ- нон зæнгыл нæ уадзы. (Æрæвæрдта хæтæл, ссыгъта бапъирсз, бацыд, бирæ фæкаст сывæллоны хуызистмæ.) Цæй, цы мæм кæсыс? Мæхи та сраст кæнон дæ разы, иу дæ хуызæны мæлæ- ты дзæмбытæй байстон. Дуар æрбахостæуыд. Асæхмæт сыстад, бакодта дуар, кæйдæр ауыдта æмæ, дуар тыгъдæй ныууадзгæйæ, фæстæмæ рацæуы. Æрбацыд Рая. 217
А с æ х м æ т. Рая? ’ Р а я. Асæхмæт... Æз зонын, ды не ’нхъæлмæ кастæ мæнмæ,. ды раджы фæсырдтай дæ зæрдæйæ мæн, æмæ тынг раст бакод- тай, фæлæ мын дыууæ ныхасы зæгъыны бар ратт... (Асæхмæт ын бандон радта. Æрбадт йæхæдæг дæр.) Мæхи сраст кæнын- мæ не ’рбацыдтæн... Кæдæй нырмæ дæ нал федтон афтæ хæ- стæгмæ... А с æ х м æ т. Ссæдз азы. Р а я. Ссæдз азы фондзыссæдз азы бæрц ныддаргъ сты мæ~ ныл. Ныртæккæ дын ницы дзурын у мæ бон. Нæ зоныс ма» цард, стæй дæ йæ базонын дæр нæ фæнды; мæнæ мæ рæдыдæн йæ кæрон. (Систа йæ кæлмæрзæн, йæ сæр урс.) Асæхмæт. Рая?.. Р а я. Куыд дохтыр, афтæ мæм ма дзур... Æз цы бавзæр- стон, уый макуы бавзарæд ме знаг. Мæнæн хъысмæт иу аз адавта дыууæ царды мæ зæрдæйæ. О, æз уарзтон уыдон æнæ- кæрон уарзтæй, фæлæ мæ хæйрæджытæ фæсайдтой, фæсайд- той æмæ мын мæ цардæй зындон сарæзтой. Сашæйæн цы фæ- дзæхсты ныстуан ныууагътай, уыдон... (Æвæры сæ.) Хъуыдьг ма йæ кæнын, чысыл саби-иу дуармæ рацыд талынджы æмæ-иу кæдæмдæр ныккаст, æнхъæлмæ-иу каст дæумæ... фæлæ та-иу æнкъардæй ныххуыссыд... Куы та-иу фехъал йæ тар фынæй,. «папæ», зæгъгæ... Уæд куыд фæрæзтай ды, уыцы бонты йæ фыл- дæр куы уарзтай мæнæй? Куыд ницы дзурыс, зæрдæ куы ис дæ: риуы, уæд та мæ сургæ акæн, æнцондæр мын уыдзæн, уæддæр, афтæ æнæдзургæйæ ма бад... А с æ х м æ т. Кæм ис мæ фырт? Р а я. Нал мæ фæнды сзын кæнын дæуæн... А с æ х м æ т. Зындзинæдтыл ахуыр дæн æз. Р а я. Хъус уæдæ, фæлæ дæ рагацау курын хатыр... А с æ х м æ т. Дзур. Р а я. Æхсæз азы йыл нæма сæххæст, афтæ фесæфт... Æвæццæгæн, Инал... Асæхмæт (æрæджиау). Сидзæрæй йæ ма ныууадз, зæгъ- гæ, дæ куы куырдтон. Æппын ницы, фæлæ мад куы хуиныс, дæ туг, де стæг куы уыди. Куыд ис ахæм стырзæрдæ цæстæй кæ- сæн хъæбулмæ? Р а я. Ды раст дæ... Ды æдзухдæр раст уыдтæ, хъаруджын,. фæлæ дæм ахæм хъару нæ разынд, цæмæй ма фæрæдийок æз. Асæхмæт (æрæджиау). Ацы хатт ды дæ раст. Чи зоны,. нæ мæм разынд фаг хъару... Р а я. О, æгъатыр карз тæрхонгæнæг!.. (Ацыд.) Асæхмæт. «Карз тæрхонгæнæг...» (Сыстад. Сабыргай. ацыд.) |П и р а т (къаммæ кæсы). Фынæй дæн æви хъал? (Гæххæт- тытæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдта, иу каст ма фæкодта къаммæ æмæ дуары æдде фæцис, сыхъуыст гæрах.) 218
Пират (æдде). Æллах!.. (Сыхъуыст хъæр. Æрбахастой Лираты, йæ цонг — цæф.) А с æ х м æ т. Сабырдæр, сабырдæр æвналут. (Йæхи фис- тæг кæны цæф бæттынмæ.) П и р а т. А, дохтыр? Тугæй сахуырстæ, ныббар. А с æ х м æ т. Ницы кæны. П и р а т. Хæрзаг зæгъыс, ахæм æнамонддзинад та ма мæм кæцæй каст? Асæхмæт. ...Нæ мæ фæндыд сзын кæнын дæуæн, фæлæ мын иу фарстайæн дзуапп ратт. П и р а т. Фæрс, æз дзурдзынæн, цалынмæ мæ тугдадзин- ты иу туджы æртах уа, уæдмæ. А с æ х м æ т. Хорз уаид, ахæм рæстæг дæ уæлхъус дæ би- нонтæй исчи куы уаид, уæд. Кæм сты дæ мад, дæ фыд? П и р а т. Дæ куыст кæн, дохтыр, ахуыр дæн æз, бирæ уæз- зау низтæй фервæзтæн æнæ ныййарджыты æххуысæй. А с æ х м æ т. Æппындæр дын ничи ис? П и р а т. Ничи... (Цыма йæ зæрдыл исты æрбалæууыд, уый- ау.) Аня!.. Лейтенант! Аняйы бахъахъхъæ, дыккаг гæрах уый ^ у.Æодз! С е р г е й. Бодз? Ау, ды дæ «нæ сусæг æххуысгæнæг»? П и р а т. Тагъддæр... (Сергей азгъордта.) Æмбæрзæн ФАРÆСТÆМ НЫВ Ногæй та Анятæм. Фынгтæ, фæсхæрд куыд вæййынц, афтæ. Аня пиши- гнæйæ цæгъды. Чидæр дуар æрбахоста. Аня (фестад). Сашæ! Сашæ! (Дуар байгом, Бодз къæсæ- рыл фæзынд. Дуар ахгæдта. Аня фæстæмæ-фæстæмæ фæцæуы.) Бодз. Де ’зæр хорз, æмбал прокурор. Сашенькæмæ æн- хъæлмæ кастæ? Кæд нæ рæдийын, уæд Пиратæй рауад Сашæ! Ды аххосджын дæ ме ’ппæт хъуыддæгты тыххæй дæр. Ды атыд- тай мæнæй Пираты, уый кæйдæрты æрцахсын кодта. Фæлæ мæн не ’рцахсдзысты, никуы! Никуы! Ды та зон, зон мæрдты дæр, куыд зоны йæ маст исын Бодз! Кард куыддæр систа, афтæ дуар фегом, лæууы Сергей æхстæввонгæн. С е р г е й. Аня! Иуварс ацу! (Бодз йæ фæдыл фæласы Аняйы, цæмæй йыл нæмыг ма суайа.) Бодз. Иунæг санчъех куыддæр ракæнай, афтæ йæ мар- дыл нымай! Сергейæн æхсæн нæй. Бодз рудзынгмæ бахæстæг, байгом æй кодта. Ныр агæпп кæна, зæгъгæ, афтæ йын чидæр йæ риуыгуыдыр тымбылкъухæй яыццавта æмæ фæуæлгоммæ. 219
Сергей (йæ уæлхъус алæууыд). Æнцад! (Æрбацыд Пи- рат, йæ галиу къух — баст.). Б о д з. А, уæдæ уый дæ къухфыст у? С е р г е й. Дæ къухтæ! (Бодз йæ къухтæ сдардта, Сергей йын сæ сбаста, баджигул æм кодта. Машинæйы хъæр. Фæдис- хуызæй кæрæдзийы фæстæ æрбахызтысты Георгий æмæ Асæх- мæт, фыд æмæ чызг кæрæдзиуыл ныттыхстысты.) Бодз (Пиратмæ мæстæймарæн худт). Мæн æхсгæ нæ фæ- кæндзысты... чи зоны, фембæлæм ма. (Пират æм фæцæйцыд, Сергей йæ размæ æрлæууыд.) Кæсыс, ныццæвынæй мын куыд тæрсынц, уымæ? Г е о р г и й (Сергеймæ). Акæнут æй! (Фæкæнынц æй.) Бодз (дуарыл). Цæй, фембæлынмæ уал... Æвæццæгæн, рæхджы уым фембæлдзыстæм, Пират!.. Æз дæу мæрдты къæ- йыл дæр нæ ныууадздзынæн! Г е о р г и й. Цы? «Пират»? (Паузæ.) П и р а т. О, Пират, уый æз дæн. Мæн уыд, цы урс шарфы кой кодтай, уый дæр. Аня. Папæ!.. П и р а т. Раст загъта Бодз, мах фембæлдзыстæм рæхджы... уым... фæлæ, дæлбулкъон, нæ уыцы фембæлды агъоммæ мæн фæнды зæгъын цалдæр ныхасы дохтырæн. (Баздæхт Асæхмæт- мæ.) Æз зыдтон, де стъолыл цы къам ис, уыцы лæппуйы. <■ А с æ х м æ т. Ды зыдтай Сашæйы? П и р а т. О. Сыстыр. А с æ х м æ т. Кæм и? (Йæ тæрттыл ын фæхæцыд.) П и-р а т. Дохтыр, дохтыр... А с æ х м æ т. Кæм æй федтай? Кæд? Цы ныхъхъус дæ? П и р а т. Иумæ схъомыл стæм мах уым... Уæдæ ды дæ йæ фыд, нæ?.. А с æ х м æ т. Курын дæ... Пират. Не ’нхъæлын, уæ фембæлд дын амонд æрхæсса... Уый мæнæн дзырдта, зæгъгæ, дам, хæрз сывæллонæй нырмæ мæ цæстытыл уайы, йæ мад æмæ йæ фыд цы бон хицæн код- той, уыцы бон... Мад ахицæныл ныллæууыд. Сразы уыцы хъуыд- дагыл фыд дæр. Аххосджын нæй, кæй базылын чындæуа? Ах- хосджын нæй? Уæдæ цæмæн æрцыд хаст карз тæрхон? Кæмæн? Сывæллонæн! Ау, уый уыд аххосджын? Цæмæн ын байстой йе ’взонг бонтæ, йæ фидæн? Цæмæн ын арвитынчындæуыд йæ цард сидзæрæй? Сымах адавтат, æппæтæй уæ фылдæр чи уарз- та, уымæн йæ амонд, йæ дин, йæ цард. Цы ма уа фыддæр ра- конд уымæй? Сымах зонут, æнæ ныййарджытæ схъомыл циу, уый? Фæци йæхи æмбарынхъом. Бон-изæрмæ агуырдта йæ фы- ды, йæ мады æмæ та-иу-изæрæй æнкъардæй, цæссыгкалгæ ных- хуыссыд. Уалдзæг-иу сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ дидин- дл^ытæ тыдтой, зымæг-иу сæ хъарм тыхтæй дзоныгъты ластой, уый та-иу сæм дардæй, къулбæрзæйæ каст, уазалы, зыр-зыр- гæнгæ. Дыууæ ныхасæй ахицæн кодта мад йæ бинонты цард: 220
«Нал мæ фæнды цæрын йемæ, æмæ мæ ничиуал бацæрын кæн- дзæн». Сразы йе ’намондыл фыд дæр. Сразы рог, æнæрхъуы- дыйæ, æнæ тохæй. Цал адæймаджы цард асаст? Цал сывæлло- ны цæрынц æндæр ныййарджытимæ йе та бынтон æнæ ныййар- джытæ? (Паузæ.) Уый йæ фыдыл къæм абадын никуы бауагъ- та... фæлæ дын æз кæнын тæрхон... Ау! Цотæн сæ рауадзын йедтæмæ дзы ницы хъæуы? Кæд ма дзы исты бæрнондзинад. вæййы хъæбулы раз? Хæс! Асæх м æт. Сашæ!... Æмбæрзæн К æ р о н
ДИДИНÆГ ÆМÆ ХЪАМА (ДРАМАТИКОН ЛЕГЕНДÆ) АРХАЙДЖЫТÆ: Б у т и а н — 55-аздзыд. С а л а м — 20-аздзыд. Д ж е р и — 20-аздзыд. М н с у р æ т — 20-аздзыд. А м и н æ т — 22-аздзыд. Тасолтан — 66-аздзыд. Г у ы т а з — 55-аздзыд. Д æ г к а — 23-аздзыд. Хъæуы цæрджытæ. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Æмбæрзæн гом. Кæрæй-кæронмæ тьгд хызыл ныв: дидинæг, йæ фарсмæ аууонау дары æрдæгамад мæсыг. Сценæ разынд — хæххон фæндаг рагъыл, дардæй зынынц хæхтæ. Уал- дзæг. Чындзытæ æмæ чызджытæ æд хуынтæ, фæндырдзæгъдгæ, фæаууон сты. Æрызгъордтой Салам æмæ Джери. Зарынц. Бадын æз донгæрон, бадын, . Де ’нгæс мæм донæй кæсы. Курын дæ æмæ дæм хатын, Тагъддæр мæ цурмæ фæзын. Уарзын фылдæр дæу мæ удæй, Зæрдæ дæу агуры ’рмæст, Цардау дæ мидбылты худтæй, Де ’нгасæй не ’фсæды цæст. С а л а м. Не ссæдзгай азтæн ма иу æвдисæн — Фыццаг ауæдзы бæрæгбон. Адæм хуымы хъусмæ цæуынц. 222
Д ж е р и. Чызджытæ йæм фæраздæр сты. С а л а м. Æвæццæгæн та сæ кафын æрфæндыд. Ныр кæ^ дæй нал уыд нæ хъæуы чындзæхсæв... Джери. Æмæ ма цæмæ у каст, къухылхæцæг дын мæнæ. Æрмæстдæр мын зæгъ йæ ном... ’ Хъазынц. Æрбахызт Дæгка бæрæгбонарæзтæй. Æвæццæгæн — цæрæг хæдзарæй, фæлæ йæ конд, йе ныхас — уæдæгонд. Бæрæг у, йæ дзаумæттæ йын чысыл уæрæх ад кæй кæныц, уый. Д ж е р и. Мæнæ ма Дæгкайы федтам! Д æ г к а. Дæгка нæ, фæлæ Тæтæрхъан! Д ж е р и. Ныр дзы дæхи аккаг цухъхъа æмæ цырыхъхъы- тæ нæ уыди? Д æ г к а. Ма ’внал. Чъизи йæ кæныс. Ис «нæ»-йы хос нæу. С а л а м. Ис нæйы хос нæу, зæгъыс, Дæгка? Æмæ ныр, зæ- гъæм, хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, уæ фосы дзугтæ былæй акалдысты... зæй сæ фæласта, уæд æгуыст ахуырæй ихы къæ- йыл нæ аззаис? Дæгка. Хуыцау дæйæ-уæлæ нæ кæны æмæ. уæлейы дæр уымæн ’бады. Салам. Бындар хъæуы, Дæгка, бындар, науæд дæ мулк кæмæн баззайдзысты? Д æ г к а. Æрæвæрон искæцы сау рæсугъдыл мæ цæст? Мæ- нæ ибон Аминæт уынгтæ ахæм хæрзмарзт ныккодта, ахæм!.. Хуыцауыстæн, ууыл мын æнæ сдзургæ нæй. Лыг у. Искæйы са- мондджын хъæуы. Æрбацыд Бутиан, йемæ ма иу ус. Б у т и а н. Цæй æрæгмæ цыдтæ, лæппу? С а л а м. Джерийы мæсыг амайгæйæ афæстиат стæм. Д ж е р и. Не ссæдзгай азты нысанæн ыл фæйнæ æмхуы- зон урс дуры цæвæрдтам. Б у т и а н. Хъазтмæ-иу рацæут. С а л а м. Нæ уæндæм. Б у т и а н. Ницы кæны. Рацæут, хъазты кæрон æрлæууыны афон дæр уын у... Дæгка. Æвæдза, Салам цы амондджын у: ахæм мад дын уæд! Мæнæн дæр дзы мад æмæ фыд ис,— сдзырд сæм нæй. Æхсæвæй-бонæи сæ фысты къæдзилтæ нымайынц, мæнæн та хуырх цымдæй... Бутиан! Уæртæ ма уыцы усы дæр демæ акæн, къуыппыл иунæгæй сидзæр халоны бадт куы кæны. Бутиан æм акасти, ацыд. Салам. Кæд ын æцæгæй тæригъæд кæныс, уæд ын утæп- пæт фыстæй иу ратт... Æппындæр æм куы ницы ис. Дæгка. Ничи йын ис æмæ йæм ницы ис. Джери (хъазгæйæ). Бынтон æдылы нæ дæ, Дæгка... Д æ г к а. Æдылы нæ, фæлæ зондджын. Кæд уый бамбарын- 22$
хъом нæ дæ, уæд ды æцæг æдылы дæ. (Иуырдæм.) Ай та йæ- хæдæг чи у, ай? Чи йæ ныййардта, уый бæрæг дæр куынæ и... Æдзух фидисмæ фæраздæр вæййы... (Ацыд.) С а л а м. Кæс-ма дæ мæсыгмæ, куыд дзæбæх зыны... Джери. Цæй, абон нæ гуырæн бон, кæнгæ ’фсымæртæ суæм, Салам. С а л а м. Разы! (Къухист.) Д ж е р и. Афтæ ма фæлæуу, æз ныртæккæ... (Фезгъоры.) С а л а м. Джери! Кæдæм? (Æрбацыд Мисурæт, Саламы нæ уыны.) Мисурæт. Æз ме ’взонг бонты бирæ фæразгъор-базгъор кодтон ам. С а л а м. Цы кодтон? Иæ сау цæстыты фат ахызти мæ ри- уы... (Мисурæт йæхи цы фæкæна, уый нал зоны фырæфсæр- мæй.) М и с у р æ т. Аминæт! А м и н æ т (æрбахызт). Æллæх! М и с у р æ т, Цы кодтай? Аминæт. Туаллаг пысыра, хъахъхъæ, ма дæ басудзæд... (Аминæтæн йе сныхас, йæ фезмæлд—гæркъæраг; хъазаг, хуы- цауы ’лгъыст кæй фæхонынц, ахæм). Уартæ уый Мисурæт у, уалæ уый та Салам... Нал зонут кæрæдзийы? Кæрæдзимæ зыд каст кæнынц. Аминæт сæ алфамбылай заргæ симы. А м и н æт. Гæгку мæ Макъарæн нал дæтты, Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. Агуат дурынæн нал бæззы, Гагуат курынæн нал бæззы... ; Æппындæр куыд никæйуал уынынц. Гъей! Кæрæдзийы ма аиы- хъуырут фырцинæй... Салам. Аминæт... Аминæт. Аминæт мæ рагæй хонынц. О, æмæ дын уый .дзырдтон... Джери (дардæй). Салам! С а л а м. Фæтæхын! (Фезгъоры.) А м и н æ т. Æцæгæй мын ма бауарз мæ хæрæфырты! М и с у р æ т. Уарзондзинадæн нырма æрыгæттæ стæм. А м и н æ т. Ма зæгъ. Æрбазынд Гуытаз мæгуырарæзтæй æд лæдзæг, æд дзæкъул. Чызджытæ. М и с у р æ т. Иемæ уый та чи у? А м и н æ т. Джери. Г у ы т а з. Чи загътай? (Чызджытæ æнæзонгæ бæлццонмæ фæкуыддæр сты.) • А м и н æ т. Джери. Г у ы т а з. Кæй лæппу у? Аминæт. Никæйы... Хæрз чысыл ма куы уыд, уæд ын йæ 1224
фыды зæи фæласта, йæ мад та мой скодта Куырттатæм. Г у ы т а з. Афтæ хъуамæ ма бакодтаид мад... А м и н æ т. Гъемæ уый та бакодта афтæ. Г у ы т а з. Æмæ цы фæци ныр... йæ мад? А м и н æ т. Цалдæр азы размæ амард. Г у ы т а з. Уæдæй нырмæ лæппу иунæг уыд? Аминæт. Цæмæн иунæг? Иæ фыдыфсымæр куы амард, уæдæй нырмæ йын Бутиан дыккаг мад... (Кæсы иуварсмæ.) Схæццæ сты. М и с у р æ т. Адæм куывдмæ, уыдон та?.. А м и н æ т. Абон сыл ссæдзгай азтæ сæххæст, æмæ сæумæ- цъæхæй Джерийы мæсыгмæ фæцыдысты. Г у ы т а з. Кæй мæсыгмæ? Чызджыгæ кæрæдзимæ бакастысты. А м и н æ т. Джерийы. Никуы фехъуыстай йæ кой? Г у ы т а з. Æз ардыгон нæ дæн. Аминæт. Джери æмæ Салам куы фембаргæ сты, уæд ын Салам æфцæгыл мæсыг амайын байдыдта. Цæмæй Куыртта- тæм мадмæ зындаид. Гуытаз цырд ацыд. А м и н æ т. Цыдæр æнахуыр ус... М и с у р æ т. Æрбазгъорынц... Цом, афонмæ скуывтой. (Азгъордтой.) Тагъд-тагъд æрбацæуынц Салам æмæ Джери. Джери райхæлдта зæл- даг хæцъилы тыхт æвзист хъама. Джери. Мæ фыдæй мын ацы æвзист хъама баззад æр- мæст... Мæ номыл æй фæдар. Салам. Бузныг. Зон, искуы йæ дæ сæрыл йæ кæрддзæмæй ласын куы бахъæуа... Джер-и. Æз ууыл дызæрдыг нæ кæнын... (Салам ма хъамамæ кæстытæ кæны, Джери уæлбылмæ сызгъордта.) Фæ- лыгъд та мæ фæллад æмæ ма Мисурæтыл кæд амбæлин, зæгъ- гæ мæ мæ къæхтæ размæ хæссынц. Иыр дыккаг къуыри ис ам, нæ хъæуы. Быдыры, дам, хъомыл кодта, йæ мадырвадæлтæм. Иæ фыццаг фендæй фæстæмæ мын мæ зæрдæ бынтои йæхи ба- кодта Мисурæт. Никуы мæ бауырныдтаид — зæрдæ афтæ цин кæнын зоны, уый...Æмæ та йыл ныр амбæлдтæн. С а л а м. Фæллад куы уыдтæ, Джери, æмæ дыл ныр ба- зыртæ куы базад. Джери. О, уыдтæн, Салам, фæллад, фæлæ мыи æй цы- курайы фæрдыг фæсырдта". Дыууæнæ дæр кæсынц чызджытæм, фæлæ кæрæдзимæ нæ зынынц. С а л а м. Цыкурайы фæрдыг? (Æрбайхъуыст чызджыты худт.) Дæ ныхас дæ ма ферох уæд, Джери. Æндæр хатт æй 15 Хъайттаты Сергсй 225
ахæццæ кæндзыстæм кæронмæ. Ныр та уал хатыр, раст дæу бæрц кæй уарзын, иу ахæм адæймаг ма фæзынд. (Азгъордта.) Д ж е р и. Кæдæм фæтæхы уый уæлæрвты? Базыртæ йыл ба- зад. Хуыцау, уыцы хъæлдзæгдзинад ын йæ къухæй макуы анс. Цы, цы? Мисурæтимæ?.. Мæ цæстытæ мæ сайынц... Нæ! Уарзы йæ! Уарзынц!!! Бæрæг у се сныхас, сæ лæудыл. Æз та ма дæ- минæвар æрвитынмæ хъавыдтæн. Цингæнгæ æфсæрм ныхас кæ- нынц... Сабыр, мæ зæрдæ! Æви де ’фсымæры амондыл цин кæ- ныс, æмæ уый тыххæй ратоныс риуæй? Ме уæнгты æнахуыр тас февзæрд æваст. Æрбацæуы. Фыццаг хатт мæ бафæндыд Са- ламæй бааууон кæнын мæхи. (Фæаууон.) Салам. (æрбацыд). Куыд ын зæгъон мæ сонт уарзт, нæ- зонын... Зæгъдзынæн ын — дæ ныфсæй цæуын, сау рæсугъд, нæ- зæххыл... Куы дæ-иу уыдтон уардийы æртæхыл. Куы мæм-иу зынди Бобронæй дæ хуыз. Ныппæрста мæ æвирхъау мæт зын- доны, куыд дын зæгъон мæ бæллицтæ, нæ зонын. Куыд бадомд- та æваст сусæг катай мæн. Куы бамбарис, оххай, гъе, мæ са- гъæс. Мæ цардбæллон, æвзонг зæрдæйы уарзт. Уæд та мæм иу хатт аивæй æрбакæс. Мæ цæстытыл мæ уарзондзинад — фыст. Джери (æрбазынд). Нæ мæ хæссы мæ къах йæ цурæй^ стæй мæм йæ размæ бацæуын дæр нæ цæуы. С а л а м. Хъусыс, Джери?.. Уарзын æй, æдзухдæр æй уарз- тон! (Фелвæста йæ йæ хъæбысы.) Мæ зæрдæйы арф æвæрæны, мæ иунæг мад æмæ ме ’фсымæр Джерийы фарсмæ йæхицæн фидар бынат æркодта Мисурæт. Д ж е р и. Хуыцау, ме ’фсымæры уарзондзинад мын бахъахъ- хъæн. С а л а м. Фыццаг хатт нæ кæныс цин мæ циныл. Хæдæгай, фæллад куы дæ. Джери. Фæллад, стæй цыхуызæн фæллад... Кæд ма ссæу- дзæн уыцы фæллад?.. (Йæхицæн.) Нæ! Хъоды дæр мыл бакæ- нæд... Цыфæнды худт дæр мыл фæкæнæд, æз ын уæддæр мæ- уарзондзинад зæгъдзынæн. Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Цъæ.хиæуу фæз. Кафынц чызджытæ сæхнцæп. Лæппу-фæсивæдæй ми- дæртæ æрбахъуызыд, аууонæй сæм кæсынц. Бутиан иу усимæ уæлбыл ба- дынц. Чызджытæ сæ кафтмæ зарынц: Тар хъæды бæлас калын нæ комы, Куы кæла, уæддæр хъæды кæронмæ. Нанайы буц чызг чындзы нæ цæуы, Куы цæуа, уæддæр хъæуы кæронмæ. ’ Хуссары хуымты — хъæдуры гага, Тынг дымгæ бон дæр йæ зæнгыл лæууы, 226
Мæнæн мæ уарзон мæ уды гага, Æппынæдзухæй мæ зæрдыл лæууы. Булæмæргъ цъиу, дам, нæ мусы фæстæ Зæланг хъæлæсæй къалиуæй уасы. Нацайы буц чызг лæппуты цæстмæ Иæ хъуымбыл дзыкку галиумæ фасы. Дæргъæвсы комы æртæ урс дуры, Æппын сæ дон дæр куынæуал ласы. Нанайы кæрты æртæ усгуры, Фæлæ дзы йæ чызг никæйы уарзы. Лæппутæ æрбакалдысты. Чызджыты хъазт фехæлд. Æрбацыд Тасолтан, IIæ къухы нуазæн. Тасолтан. Æтт, фæсивæд! Уæртæ уым хистæртæ ба- дынц... Сидтытæ уадзынц. Цæй, уæдæ нæ уалдзæг къуыбыр- джын куыд уа! Нæ фæззæг — мæкъуылджын! Нæ хордæттæ — дзаджджын! Адæм. Нæ хордæттæ — дзаджджын! Тасолтан. Нæ уалдзæг, нæ фæззæджы куысты бæркад куыд уа; нæ фыццаг ауæдзæн йæ фидæн — сау бæгæны сыр- сыргæнгæ; бур физонæг цъыс-цъысгæнгæ! Адæм. Оммен! Тасолтан нуазы, зарынц ын «Æйтт»-ы зарæг. Тасолтан (дæтты къус Бутианмæ). Æтт, Бутиан! Нæ куыстытæн се ’мбис сылгоймæгтыл æвæрд ис. Дыууæ ныхасы сæ номæй! Б у т и а н. Ног чындзы цъылын — сыгъдæг мæрзаг! Иæ гуыры конд — хъæуы фидауц! Иæ цæстæнгас — цъæх-цъæхид арв! Бутиан рæсугъд фæндыры цагъдмæ къус йæ дзыхмæ схаста, стæй йæ дзывырмæ фæхæссы. Тасолтан. Абон кафæм! Абон зарæм! Нæ фыццаг; ауæ- дзыл цин кæнæм! Райсом нæ дыстæ бафæлдахдзыстæм! Райсом нæ кусæнгæрзтæ райсдзыстæм. Нæ уалдзæгæн хъæлдзæг фæл- лойæ, уæнгрог фæллойæ «æгасцуай» зæгъдзыстæм! Кафут, фæ- сивæд! Зарут, фæсивæд! Иæ хуыцау! Рæстауæдз нæ фæкæн! Фæцæуынц. «Æйтт»-ы зарæг хъуысы дарддæр. Хистæртæ фæаууон сты. Дæгка комкоммæ Бутианмæ бацыд. Д æ г к а. Гъер ды Мадымайрæм нæ дæ? Б у т и а н. Алы сылгоймаг дæр Мадымайрæм у. Д æ г к а. Тæхуды, мæн дæр дзы иу куы фæуид уыцы^ Ма- дымайрæмтæй... (Гуытазмæ.) Хъусыс? Ды дæр Мадымайрæм дæ! Дзыхъхъынног æмдзæгъд! Мадымайрæм кафы! Бутианы акафын кодтой хонгæ кафт. Мисурæт фæиуварс, бæрæг у — кæйдæр агуры. Аминæт æм бауад. 227
А м и н æ т. Кæй агурыс?.. М и с у р æ т. Цымæ цæмæн æрæгмæ цæуынц? Аминæт. Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы... Нæ загътон... Æрбазгъорынц Салам æмæ Джери, мады кафтмæ æхсызгонæй кæсыпц, къæрццæмдзæгъд систон, уый дæр сæм мидбыл худы. Кафт ахицæн. Бутиан. Цæй, мах акæсæм, цымæ ауæдз раст ахастой æви нæ. Устытæ ацыдысты. Дæгка. Симд, фæсивæд! Цалынмæ нæ ауæдздзаутæ фæ- стæмæ здæхой, уæдмæхимгæ... Адæм симгæ фæцæуынц. Зыиынц ма Джери æмæ Дæгка. Джери. Мæ хъустыл æрцыд, Аминæты, дам, уарзыс. Д æ г к а. Мæнæн та гъер цæуы мæ хъустыл хæрæджы уаст. Д ж е р и. Цæй хорз, хорз! Дæгка. Цымæ йæ цæмæй базыдта? Де уæны кæсыс? Д ж е р и. Асимын дæ кæнон йемæ? Дæгка. Хæрæджы дымæг асимын кæндзынæ! (Джери фезгъоры.) Уæвгæ мæнмæ дæр иу симды бар хауы. Æрбакæ- ны йæ... Мæ зæнгтæ куыройы фыдтæ фестадысты. Æниу дзы цæмæй тæрсын? Кæд ма йын зæгъдзынæн мæ сæнттæ? Джери (æрбазынд Аминæтимæ). Аминæт, мæ мард фен... Д æ г к а. Уæд та мæхи айсин?.. А м и н æ т. Цы та æрхъуыды кодтай, æвирхъау? Д ж е р и. Курын дæ... Удыбæстæ скæн дæхицæн. Аминæт. Цæй-ма, ныфсæрмы йæ кодтай. Тæригъæд у. Дæгка (иуырдæм). Цæй, ракæ йæ, куыдзæйгуырд, цалын- мæ мыл ницы бæллæх æрцыд, уæдмæ. Аминæт. Æццæй мемæ дæ асимын фæнды, Дæгка? Джери, хнн кастгæнгæ, фæаууон. Д æ г к а (æфсæрмы кæны. Хъамайæ, ронывзагæй, цухъхъайи кæронæй, иууылдæр сæ йе ’нгуылдзыл стыхта). Æгас цæуай» Аминæт! А м и н æ т. Бузныг... Д æ г к а (тынг стыхст). Уæ сугтæ уын ныссæттон? А м и н æ т (бахудт). Асимæм уал... Дæгка. Омæ асимæм, кæд дзы æнæ симгæ нæй, уæд. (Æрхæцыд ыл, иуырдæм.) Кæд æм мæ цонджы мæкъуыстæджы хъару бахъарид. (Фæцæуынц куыддæртæ симгæ ) Аминæт. Æццæй искæйы бауарзтай? Дæгка. Ау, сысджыйы хуыммæ дæр ма боны рад куы ’рхауы... Салам æмæ Мисурæт симгæ фæхибар сты. Мисурæт. Æгæр иувæрсты нæ цæуæм?
С а л а м. Цардæй? М и с у р æ т. Уæ мæсыг та амадтат? Салам. О. М и с у р æ т. Куыствæлладхуыз нæ дæ. С а л а м. Дæ фæндыры цагъдмæ мæ "фæллад дымгæйау æр- байсæфт. Мисурæт. Нæ, уый дын хъазт фæсырдта дæ фæллад. С а л а м. Суадонмæ ныггуыбыр кодтон æмæ мæм дымгæ мæстæймарæгау æрбаскъæфта дæ цагъд. Уайтагъд мæ фæллад фæлыгъд. Бутиан (зыны). Æнæнхъæлæджы фæдæн æвдисæн æрдзы хорз ракæндæн, æнхъæлдæн, мæ фыртимæ кæрæдзи уарзынц. Лæгтыдзуар, дæ фæдзхæст, де уазæг сæ бакæн... (Фæаууон.) Салам. Тæрсын, куы байрох кæнай искуы, мæйрухс æх- сæвты-иу куыд хъазыдыстæм, уый. Даргъ сæрдыгон бон’нæм-иу хæрзцыбыр стъалыйы атахтау куы каст. М и с у р æ т. Бынтон сабитæ ма уыдыстæм уæд. С а л а м. Æз ме ’ппæт цард дæр уыцы бонтæй иуыл раттин. Мисурæт. Æз дæр... Зыны знæт сырдау Джери. С а л а м. Цытæ фæдзырдтон?.. Ныббар мын, Мисурæт... Фе: рох мæ, дæ фыд мæ мадæн хуызисæг кæй уыд. Æрдæбон мын æй Джери мæ зæрдыл æрлæууын кодта. Хойы уарзт дæ кæн- дзынæн. Мисурæт цыдæр сцæйдзырдта, не сфæрæзта, алыгъд. Д ж е р и. Хатыр, ме ’фсымæр, æз уын^ фехъуыстон Мисурæ: тймæ уæ ныхас. С а л а м. Джери! Нæ дæн раст, фæлæ йæ уарзын. Æхсæв-иу æй æдзух мæ фыны уыдтон. Райсомæй-иу хурыскастимæ æи- хъæлмæ кастæн йæ фендмæ. Нæ зæрдæтæ æнæрынцой агуырд-* той кæрæдзи... Джери! Афтæ æрмæстдæр иунæг хатт ис бауар- зæн... Цæй æрæгмæ хæссыс дæ тæрхон? Цæуылнæ исты дзурыс? Джери. Чи зоны, æз хорз нæма зонын, уарзондзинад цы у, уый... Фæлæ мæм афтæ кæсы, Салам, цыма æрдæбон растдæр уыдтæ, ныр та цыма æгъдауы сæрты хизыс. Салам. Æгъдауы сæрты æз нæ хизын, уарзондзинад ууый. Д ж е р и. Уарзондзинадæн дæр ис, æвæццæгæн, рохтæ. С а л а м. Чи зоны... ныббарой мын æй, Джери... Д ж е р и. Æвæццæгæн, раст дæ... С а л а м. Гъе, кæсыс? Ды мын æй барыс, кæд мын æй ныб- бариккой уыдон дæр. Нæ, ницæуыл фæнды мæн хъуыды кæнын ныртæккæ. Мæ зæрдæ йедзаг у цинæй. (Хъуысы фæндыры цагъд.) Д ж е р и. Цæгъды та Мисурæт... С а л а м. Цы кæныс, цы? Хуызы цъыртт дæ нæй. Д ж е р и. Куы ницы. Симын мæ фæнды. 22д
Д æ г к а. Симын, зæгъыс? Мæ фæдыл! (Фæкæны йæ ком- коммæ Мисурæтмæ, йе ’мкафæджы йын аивта, Фæхицæн сты дыгæйттæй.) С а л а м (кæсы Мисурæт æмæ Джеримæ). Мæ^къухылхæцæг, ме ’фсымæр... Хуыцау! Мæ сонт хъуыды мын ныббар... . Д ж е р й (ныллæууыд). Мисурæт. Д æ г к а (Джеримæ). Нал кафыс æви? (Саламы асимын код- та Мисурæтимæ.) Чызджы кафгæ ныууадз?! Хæлиудзых! Джери иуварс азгъордта. Салам æй ауыдта. Мисурæты Дæгкайы бар фæуагъта, уыдон дæр симгæ фæаууон сты. С а л а м. Джери, цы кодтай? Д ж е р и. Ницы. Тигъæй нæ мæсыгмæ фæкомкоммæ дæн. С а л а м. О, дардмæ зынын байдыдта. Д ж е р и. Уæдæ ныр Куырттатæм дæр зындзæн. Хъыгаг у, нал æй федта, мæ мады ном чи хаста, уый. С а л а м. Уæддæр ын æрыхъуыстаид йæ кой., Д ж е р и. Фыццаг дур дзы ды сæвæрдтай уæд... Мæ номыл. С а л а м. Хъуыды ма кæныс уыцы бон? Д ж е р и. Уыцы бон никуы ферох кæндзынæн æз. С а л а м. Мæнæй дæр нæ ферох уыдзæн. Цом, цом нæхимæ, Джери. Дыдта æмæ Мисурæтитæ дæр фæцæуынц... Д ж е р и. Æз ма æххæст нæ цæхæрадонмæ дон ауадзон. С а л а м. Изæры-иу нæхимæ рацу, Дыдта уæлибæхтæ кæни- наг уыд. Д ж е р и. Хорз. (Салам ацыд.) Цынæ фæкодтон Мисурæты мæ зæрдæйæ фæсурынæн, фæлæ, фыдæнæнау, зæрдæмæ арфæй- арфдæр хизы. Бауарзтон æй... æнæкæрон уарзтæй... Фæлæ ахсто-: ны дыууæ зæрватыккæн бынат нæ вæййы. Иу зæрдæйы та дыу- уæ уарзонæн. Мисурæты æвзонг зæрдæйы сбыдæуыд ахстон æмæ йæм æртахт... Салам... Цас сæ уарзондзинад тыхджындæр кæны, уыйбæрц мæ риуы дæр æхсиды маст. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Зыны Бутианы чысыл хæдзаргонд, кæрт, бæхбæттæн. Д ж е р и. Нæ, нæ фæрæдыдтæн, Мисурæты цагъд у уый. Цы- ма мæм нæ бæлæстæ сдзырдтой, дымгæйау хъустыл ауади йæ зæл. Кæд мæхи урæдтон, уæддæр та мæ мæ сусæг уарзт дым- гæйау раскъæфта ардæм. Гъей-джиди, ныр дæ зæрдæмæ нык- кæс!.. Уæвгæ йæм цы кæсон, ме ’мгарыл куы у цагъд? (Цагъд фæхъус.) \ Д æ г к а (æрбацыд). Ай æдзух мæнæй фæхынджылæг кæны. Фæлæуу, æз дын... (хъæрæй). Куы та ныджджих дæ йæ цагъдмæ. Джери. Фесæф мæ цæурæй, зыгуымы голлаг!.. (Дæгка 230
фæаууон.) Мæ уарзтыл мын æнхъизæн ныккодта. Æнæуый дæр артау судзы риу... Сæ зæрдæтæ бæрзы къалиутау кæрæдзиуыл сыздыхтысты. Тæрсын, куы схæрам уон Саламмæ. Æцæгæлон мын куы суа... Æрбацæуы... (Ацыд.) Мисурæт (рацыд). Ныр цалдæр боны не ’вдисы йæхи Са- лам. О, фæлæ йын æз йæ цæстыты уарзондзинад федтон... Нæ дыууæйæ дæр басусæг кæй хъавыд. (Æрбацæуы Тасолтан, йæ къухы бæндæн æмæ сагой.) Т а с 6 л т а н. Цæуыл та джихтæ кæныс, мæ хъæбул? Дæ цæстæнгас æнкъард. Цы маст ис уагæры де ’взонг зæрдæйы? М и с у р æ т. Баба, цæй æхсызгонæй дын радзурин мæ зæр- дæйы фæндтæ... Фæлæ мæ бон нæу... (Ацыд.) Тасолтан. Куыд тагъд згъорынц бонтæ. Хæрз æрæджы дæр ма мæ уæрджытыл хъазыд. Æнæмæт йе сныхас, йæ худт, Кæс, ныр мæ разы чындздзон чызг лæууы. Зонгæ дæр нæ ба- кодтон, куыд айрæзт, уый, Фæлæ кæд йæ зæрдæ Саламмæ... Куыд фæнды мæн дæу амондджынæй фенын! Фæлæ куыд? Нæй æрцæуæн уымæн!!! Бутиан (æрбацыд). «Куыд фæнды мæн дæу амондджы- нæй фенын!» Æмæ дæ чи хъыгдары? Тасолтан. Ды фехъуыстай нæ ныхас? 4) Бутиан. О. Т а с о л т а н. Нæ фæцыд, æвæццæгæн, дæ зæрдæмæ дæр нæ сывæллæтты фæнд. Б у т и а н. Сывæллæттæ... Ссæдзгай азтæ сыл сæххæст. Тасолтан. Фыдæлты æгъдæуттæ мах не ’рхъуыды ксд- там. Б у т и а н. Ныхас хъæбулы амонды хæлдыл кæм цæуы, уым исын фыдæлты æгъдæуттыл мæ къух. ТасЬлтан. Ды нæ систай уыдоныл ссæдз азы размæдæ къух... Æз ма хъуыды кæнын — бирæ курджытæ дæ уыд æмæ... æмæ не смой кодтай... Б у т и а н. Не смой кодтон уымæн, цæмæй мæ сывæллон баззадаид мемæ, цæмæй амондджын уыдаид. Тасолтан. Ды рæсугъд уыдтæ уæд, æрыгон, æмæ барæй фенамонд кодтай дæхи. Æз ма хъуыды кæнын: мыггаг дын бар лæвæрдтой. Бутиан. Бар лæвæрдтой, фæлæ мын нæ радтаиккой мæ лæппуиы... Æз мæ иунæгæн фæбадтæн. Хъусыс! Цы бон ды си- сай уыдоны амондмæ дæ къух — ды мæнæн æфсымæр нал дæ. Тасолтан. Бамбар, хызисæг дæн æз дæуæн." Бутиан. Тугхæстæг не стæм... Цыфæнды æфсымæр мын у, мæ зæрдæйæ дæ аппардзынæн. Тасолтан. Бутиан... Бутиан. Уыдоны цин чи фехала, уымæн йæхиуыл маст æрцæудзæн. (Ацыд.) Тасолтан дæр ацыд. Фæзынд Салам. 231
Дæгка (æрбацыд). Æдзух дæр ауылты фæцæуы Аминæт дрнмæ ацафон. Уыцы фидисгæнаг сæрхъæн та мæ ма ’рбаййа- фæд. Дæлæ Аминæт... (Æрбацыд Аминæт. Дæгка та ныккуыд- дæртæ.) Æри, æз сдавон дæ бæсты дон. А м и н æ т. Лæппу дон нæ фæхæссы. Д æ г к а. Уæдæ? А м и н æ т. Уæдæмæ... сугтæ фæсæтты... Д æ г к а. Уæ-джиди, фæрæт та кæм æвæрд ис? А м и н æ т. Тарвазы бын. (Худгæ фæуайы.) Ус ракур, Дæг- ка, ус... (Фæаууон.) ч Дæгка. Куыд ус? Æз дæу... фæ... фæлæуу-ма... Пысыра- ты аууон фæци... Ус, дам, ракур. Фæлæуу-ма, кæд йæхи курын кæны? Ард мæ хæдзары, æз уæм тæккæ ахсæв куынæ барви- тон минæвар... Ма дын бакома а лæппуйæн?. Цон æмæ сын сæ кæвдæс сбийон. Уадз, мæ хъару мын зона... Æнæуи йын æй кæм равдисон... Цымæ сæ куыдз баст у?.. Уый дæр цавæр у, мæныл йедтæмæ рæйгæ дæр никæуыл кæны, Куыдзæппарæн былæй дæ аппæрстæуа! (Æдде — бæхты къæхты хъæр.) Мæнæ та ис. (Ацыд.) Д ж е р и (æрбацыд, бæлццонхуыз, йæ къухы ехс). Бауро- мут мæ, уæларвон зæдтæ! Хæйрæджыты амæттаг Мисурæт, цæ- стытыл та ауад дæ сурæт! Æмгары бакодта йæ аууон... Салам мын йæ сусæгтæ фæдзуры, æз та мæстæй хъулæттæ фæкæнын. Цæмæидæр мæ бафæндыд абон Саламы исчердæм акæнын... Рахызтысты Бутиан æмæ Салам. Бутианыл раздарæн, йæ дыстæ мндæ- мæ тылд, бæрæг у, кæрдзыи кæй кодта, уый. С а л а. м. Кæдæм уый? Д ж е р и (фæкъуылымпы). Барзыхъæумæ: Мæ фыдыхо, дам, тыхст рынчын у æмæ йæм рынчынфæрсæг суайон. Б у т и а н. Уæууа, æмæ цымæ цы кодта Дунетхан? Д ж е р и. Æнхъæлдæн, суазал. Цæй, Салам, кæд дзæбæх- дæр уа, уæд мæ райсом фæстæмæ ардæм хъæуы. С а л а м. Фæлæуу. Дагоммæ, мыййаг, нæ цæуыс. Д ж е р и. Ды лæуу. С а л а м. Фæсæфцæг мæнæ нæй. (Райста саргъ, фæхæссы йæ.) Фæйнæ гуылы та ма нын ракæн, Дыдта, фæндагмæ. Б у т и а н. Ныртæккæ, Дыдтайы хуртæ. (Мидæмæ бахызт.) Джери. Фæлтау куынæ сразы уыдаис... Салам! Æз дын дæ бæхыл саргъ авæрон. (Ацыд.) С а л а м. Хорз, Джери... Мисурæт (рацыд, йæ къухы чыссæ). Бæлццонхуыз куы дæ? С а л а м. Барзыхъæумæ цæуæм Джериимæ. М и с у р æ т. Чыссæ дын скодтон бæрæгбонмæ. С а л а м (кæны дзы сыджыт). Хæрын дын ард ацы сы- джыты армыдзагæй, нæ хъазæн кæрты зæхх æмæ дæ уарзон- дзинад цæрæнбонты мæ зæрдæйы фарсмæ хæсдзынæн. (Æвæ- ^232
ры йæ. Бутиан сæм ракаст. Зыны æнæкæрон æхсызгондзинад йæ цæсгомыл. Фæаууон. Хъуысы цагъд.) М и с у р æ т. Хъусыс? Сыхы чызджытæ цæгъдынц. Уый æз æмæ дæу цагъд у. Дзурынц, зæгъгæ, дам, æй скодтой дымгæ æмæ хæхтæ. Салам (базарыд). Ды куы дæ, мæ иунæг, Зынаргъдæр мæ цардæй, Æсрухс кæн мæ зæрдæ, гъей! ’ М и с у р æ т (базарыд). Дæ уарзондзинадæй Мæн ахæссы дымгæ Цъæх арвы хъæбысмæ, гъей! И у м æ. 0 фехъус, сæрæнгуырд (чызг), Мæ цардæн йæ бæлон Ды кæй дæ, уый базон, гъей! Зæгъын дын æргомæй Мæ зæрдæйы фæндон — Ды кæй дæ мæ дуне, гъей! С а л а м. Æдзухдæр, рæсугъд чызг, Мæ цæстытыл уайынц Дæ къæлæт æрфгуытæ, гъей! М и с у р æ т. Дæ сæрæндзинадæй, Дæ уарзондзинадæй Мæ зæрдæ куы тайы, гъей! И у м æ. Хæрын дын стыр ард,— Дæуæй мын зынаргъдæр Кæй нæ у мæ цард дæр, гъей! Зæгъын дын æргомæй Мæ зæрдæйы фæндон — Ды кæй дæ мæ дуне, гъей! Æрбазынд Джери, кæсы сæм, бынат нал ары йæхицæн. Д ж е р и. Æгайтма сразы дæ мемæ... Салам. Ныббар, мæнæй ныртæккæ алцыдæр ферох, æмæ дын мæ уарзондзинады кой фæкодтон. 23Э
Мйсурæт. Æз дæр, кæд нын æй ныббарид хуыцау. С а л а м. Дыдта нæ фарс у ацы хъуыддаджы. М и с у р æ т. Цы? Салам. Æз æй Дыдтайæн радзырдтон... М и с у р æ т. Æз та Бабайæн. Кæрæдзийы къухтыл куыд ныххæцыдысты, афтæ сæм Джери рахызт. Д ж е р и. Цæттæ дæ, Салам? Салам. Цæттæ. Мæ басылыхъхъ ма райсон. (Ацыд.) Д ж е р и. Де ’зæр хорз, Мисурæт! М и с у р æ т. Бузныг... Салам раздæхт басылыхъхъимæ. С а л а м. Дæ къулæн дын гауызваг æрхæссон дидинджытæ? (Джери йæхи афтæ дары, цыма йын сæ уарзон ныхас хъыг нæу.) М и с у р æ т. Чи фæсайа... . Рахызт Бутиан. Радта хордзен. Б у т и а н. Фæндагыл уæхи хъахъхъæнут, мæ хуртæ. С а л а м. Ма тæрс, Дыдта... Ныхæстæ бæхты къæхты хъæры бын фесты. Æмбæрзæк ЦЫППÆРÆМ НЫВ Дыккаг бон. Хъæриуы хохы айнæгтæй иу. Тæккæ цъуппыл æрдæгамад мæсыг. Хуры тынтæ ма йæ цъуппыл зынынц. Хъуысы хосдзауты зард. Дæгка (сзынд). Нæ загътон, уыгæрдæны йæ ссардзы- нæн? Ай дæр йæ чызджы Саламæн нæ дæтты, афтæмæй йæм бакæс, уæд коммæгæс, куырм гал... Тасолтан, кæд амал ис, уæд мæ дыууæ ныхасæн хъæуыс... Хатыр бакæ! Тасолтан. Æгас цуай, Тæтæрхъан. Дæгка. Бузныг, ме ’цæг номæй мæм кæй сдзырдтай, уы- мæй. Тасолтан. Æмæ куыд сыфтыдтæ ардæм? Дæгка. Дæу агурæг. Тасолтан. Хъусын дæм. Дæгка. Цæвиттон... Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, фæлæ... Тасолтан. Утт! Зæгъ æй æххæст! Æнæуи булæмæргъ куы фестыс. Дæгка. Тасолтан... Уæ, Тасолтан... Иуныхасæй, ус мын ракур. Тасолтан, Ус? Д æ г к а. О. Минæвар дæ кæнын. Дадамæ нæ уæндын. Цы~ 234
дæр схуыст ныхасгæнаг сси а фæстаг азты... Мæхи’ йæм куынæ бауромон, æмæ мын куынæуал ракура ус... Тасолтан. Фæлæуу, фæлæуу. Æмæ ды мæн кæмæ кæ- иыс минæвар? Дæ фыдмæ æви чызгмæ? Д æ г к а (ныфсджынæй). Сæ дыууæмæ дæр. Тасолтан. Æмæ цы кæны. Гъе æцæг ма мын, чызг чи у, уый дæр куы загътаис æххæст. Дæгка. Ау, æмæ дын æй нæма загътон? (Алфамбылай ахъахъхъæдта.) Цом-ма... ам нæ исчи фехъусдзæн... уæртæ та уыцы дзæгъæл ус дæр ам куы ис. Баба æдзух афтæ фæдзуры, сусæг зарæг, дам, хъæрæй нæ чындæуы. Тасолтан (барæй сусæгæй). Гъемæ хорз, цом æрхмæ. Фæлæуу-ма. Чызгимæ дæр аныхас кодтай? Д æ г к а. Цы у чызгимæ ныхас та? Цы йæ фæрсыс? Уый- фæстæ æрцымыллагъи уыдзæн... Дæхицæй йæ нæ зоныс? Фæаууон сты. Æрбацыд Мисурæт. Мисурæт. Дыууæ барæджы Куырттатæй фаттау сæ сау- лохтыл стæхынц. Кæд Салам æмæ Джеристы... Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон сты. Урс бæх æмæ сау бæх. Æрхызтысты ададжы... Сæ бæхтæн дон дарынц... Хъазыныл фесты сæхæдæг... Тасолтан (сыздæхт æм). Æнкъард та куы дæ, мæ чызг. Мисурæт. Уый дæумæ афтæ фæкаст, Бæппу. Æз уæд байхъуыстон дæумæ... Тасолтан. Худыс... кæуыс... уый афтæ æмбарын хъæуы, æмæ ма йæ уарзыс? Æз æрыхъуыстон... Фыццаг уарзондзинад, дам, зæй ракалдæй уæлдай нæу. Æвиппайды арвы гуыр-гуыр ссæуы, стæй фенцайы æваст. Аминæт (дардæй). Мисурæт! Мисурæт. Ды мын диссаджы фыд дæ, Баба. Цæуон, Аминæт мæм дзуры. (Азгъоры.) Тасолтан. Цу, мæ хур, цу. Хуыцау, хъуыддæгтæ иууыл дæуæй аразгæ сты. (Ацæуы.) Г у ы т а з (æрбазынд). Аныхас кæнын мæ фæнды демæ... Фехъуыстои... дæ хъæбулы амонд халæг кæй разындтæ... Ды мæнмæ ахæм цæстæй ма кæс; æз дæр æцæг адæймаг уыдтæн кæддæр. Ма къуылымпы кæн Бутианы, йæ бон тох кæнын кæ- мæн у. Мæнæ мæнæн мæ бон никуы ницы уыд æмæ ницæмæй баззадтæн. Уый та хурау хæссы йæ дыууæ сывæллонæн амонд æмæ йын æххуыс кæныи хъæуы, къуылцмпы нæ, фæлæ. Æз та мæ сау дарæсау — талынг. Мæ цардæй никуы никæйы батавтон æмæ азимаг мæ сæр. (Бацыд мæсыгмæ. Дуртыл йæ арм æрха~ ста.) Ацы мæс;ыгæн йæ дуртæй сæ иу мæ зæрдæ у... Фидæны фæлтæртæм хъæргæнæгау мæ маст, мæ худинаг хæсдзæн. Кæд- мæ зилдзынæн йæ фæдыл, кæдмæ йыл цин кæндзынæн дардæй. О Хъæриуы рухс дзуæрттæ! Раттут мын тых æмæ йын зæгъон, йæ мад кæй дæн. Фæлæ нæ. Нæ дæ фæхудинаг кæндзынæн мæ 235
бацыдæй дæ размæ. Цæмæн дын бафидис кæна исчи. (Куырт- татырдæм ацыд.) Æрбацыдысты хъæлдзæгæй Салам æмæ Джери. Джери фæстæты мæ- сыгмæ схызт. Д ж е р и. Кæс-ма, Дзуарзæнг. Цъамады хъæвзæд мæм ай- дæнау зыны... Схызт Салам дæр уырдæм. С а л а м. Мæ цард-цæрæнбонты ахæм дидинджытæ никуы- ма федтон. (Æрхызт, тоны дидинджытæ. Цжерийы цæсгом та фæтар.) Джери. Иæ зæрдыкæрон дæр нæй. Лæууын йæ уæлхъус æз — йæ ’мгар... «Æмгар»? Нæ, уый æгæр стыр дзырд у. Иæ хорз æмгарæн ма баззад æрмæстдæр йæ аууон. Хъуыдытæ сæ- ры дыууæрдæм кæнынц, иутæ дзы йæ ныхмæ сты, аннæтæ — йæ фарс. Цымæ дзы кæцытæ фæуæлахиз уыдзысты? Кæй зæ- гъын æй хъæуы, йæ фарс дзы чи у, уыдон. (Базгъордта йæм, йе ’мзард кæны.) > С а л а м (дисæй). Цы дыл æрцыд уагæры? Дысон-бонмæ дæ иунæг ныхас не схауд, ныр... . Джери. Курын дæ, ма мæ бафæрс мæ цинæй. Уый уы- дзæн мæ царды æрмæстдæр иунæг сусæгдзинад дæуæй. Дзырд мын ратт, кæй мæ никуы бафæрсдзынæ, уымæй. Салам. Цæй, хорз. Д ж е р и. Нæ, дзырд мын ратт./ С а л а м. Ард хæрын дæуæй. Кæд. йæ базонынмæ мæ уды быцъынæг тонын, уæддæр. • Д ж е р и (йæ хъæбысы йæ фелвæста). Цæй диссаг у цард!., Зæрдæ райы. Салам. Макæйы бауарз? . Д ж е р и. Нæ ныл баталынг уыдзæн? С а л а м. Цавæр у? Нырма йын гауызваг куы нæма æр- тыдтон, уæд куыд аныгуылдзæн хур? Дидинджытæ, дам, уар- зондзинады базыртæ сты... Дысон фыны, цыма Дзуарзæнгмæ нæ размæ ссыд, агуырдта йæ дидинджыты хай... Джери (йæхи нал баурæдта). Хур хæхтæй фæхицæн... С а л а м. Нæма... Нырма йæ тын дæ мæсыгыл хъазы... Мæ- нæ ацы дидинæгау. Д ж е р и. Нæ тагъд кæны хъæумæ. Æвиппайды Саламы хъустыл ауади сæ фæндыры цагъд, хъусы, ди- динджыты баст нæууыл авæрдта æмæ Джерийыл ныттыхст. С а л а м. Джери! Хъусыс уыцы цагъд? Д ж е р и. Цавæр цагъд? . Салам. Ау, куыннæ йæ хъусыс? Уый æз æмæ Мисурæты з.арæг у... Дзурынц, зæгъгæ, дам, æй дымгæ æмæ хæхтæ скод- той... Æмæ та мын æй зарынц... Ды нæма зоныс, уарзондзинад 236
циу, уый... Æрæгмæ йæ куы фæуынын, уæд мын цыдæр нæ фæ- /фаг кæны царды. Æдзух цæстытыл уайынц йæ сау цæстытæ, йæ бæрзонд къæлæт æрфгуытæ, йе ’фсарм мидбылхудт. Сæумæрай- сом, хурыскастау, фенхъæлмæ кæсын йæ фендмæ... Иæ цæстæн- гас, йæ мидбылхудты йын уарзондзинад фенын... Дидинæг циу? Уæларвмæ стæхин æмæ йын æппæтæй рæсугъддæр стъалы æрыскъæфин. Ехх! Искуы йæ базондзынæ, уарзондзинад, циу, уый. Джери (сæрсæфæнæй кæсы). Салам! Кæс-ма, диссаджы дидинæг, стыр дурыл цы нæууы гæппæл ис, уым. Салам. Æцæгæй дæр м’а — дидинджытæн се ’ппæты фи- дауц, æмæ фыдæнæнау кæм æрзад? Цæмæй йæ макуы мачи æртона. Джери. Макуы мачи æртона? Æмæ ныртæккæ дæр ма цæттæ куы уыдтæ уæларвæй стъалы æрыскъæфынмæМисурæ- тæн, уæд ын уыцы дидинæг афтæ зын æртонæн у? Салам. Æмæ уæд цы ’нхъæл дæ, нæ йæ ’ртондзынæн? Фæкæс-ма уæдæ. (Ныггæпп æм кодта. Сыхъуыст дуры ахауды хъæр. Джери, цыма цы ’рцыд, уый гъеныр бамбæрста, уыйау герра хъæр ныккодта.) Джери. Салам! Гъей!!! (Азгъордта. Паузæ. Æрбахæссы Джери йæ хъæбысы Саламы, арæхстгай йæ æрæвæрдта. Сала- мы хъама æрхауд. Йæ къух дидинæгыл нындзыг.) С а л а м. Ацы дидинæг-иу... Уæвгæ нæ... Уадз... Иæ амонд... ссара... Д ж е р и. Салам... Салам. Хъусыс, ме ’фсымæр, Дыдтайы дыл фæдзæхсын... Дыдта де уазæг... Иунæгæй йæ ма ныууадз. Æри-ма дæ къух... Афтæ, гъе, иумæ хъазынæй нæ бафсæстыстæм æмæ дын... дæ сурæт мемæ хæссын... Д ж е р н. Нæ! (Йæ къух атыдта.) Æз уый аккаг нæ дæн... Мæи аххос уыди! С а л а м. Нæ... (Амард дидинæгыл хæцгæ.) Джери. Салам! (Ныддæлгом ыл дзыназгæ.) Цы бакод- тон? Цæмæн ын бацамыдтон уыцы æнæхайыры дидинæг? Æл- гъыст фæуæд мæ уарзондзинад, кæд мын йемæ цы ’рхаста марг!.. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ФÆНДЗÆМ НЫВ Бутиаиы кæрт. Æрбахæссы Бутиан суджы æргъом. Саутæ йыл. Æрæ- вæрдта йе ’ргъом. Тыргъы тъахтиныл æрбадт. Б у т и а н. Бонтæ цæуынц. Ивгъуийынц къуыритæ, цæрынц та хъæубæстæ фыццагау. Сæ куыстытæ бакодтой адæм. Усгур- 237
тæ чындзытæ хæссынц. Бонтæ цæуынц, згъорынц къуыритæ.. Дзурыиц, зæгъгæ, дам, адæймаг цыфæнды зынæн дæр фæразы. Бабыхсы, сахуыр ыл вæййы. Нæ, уый ныр мæнмæ нæ хауьк Мæнæн мæ иунæджы рыстæй мæ цæссыгтæн сæ суадон бахус. Рыстзæрдæ хъарæгæй ныддур. Цас рацыд, мæ иунæджы куьг баныгæдтон, уæдæй? Мæнæй ферох сты бонтæ, æхсæвтæ... Æрбахаста кæрдæджы æргъом Тасолтан. Фæскъул æй æрæвæрдта. Тасолтан, хурхæй дæ марын... Тасолтан. Æгæртæ дæ фæкодтон. Хурмæ-иу æй ракал. Бутиан. Цы кæнин æнæ сымах... Тасолтан. Æгъгъæд фæуæд æнкъард бонтæн, Бутиан. Табу йæхицæн, хуыцауы æвастæй ницы ис. Радта йæ... Æмæ йæ айста. Бутиан. Æз ма хорз хъуыды кæнын, ном ыл куы ’вæрд- . тат, уый дæр. Тасолтан. Æвæццæгæн нын нæ куывд уæларвон зæдтæ нæ айстой. Б у т и а н. Уый хыгъд ын айстой йæхи... Тасолтан. Хъæубæстæ дын дæ хъаруйæ æппæлынц, сæ куывдты дын арынц дæ ном. Уæлæсыхы фæсивæд дыл хъæба- тыры зарæг скодтой. Комы айхъуысти дæ кой. Æгъгъæд, Бу- тиан. Ис алцæмæн дæр кæрон. Афæдз кæд æмæ кæд рацыд. Сис дæ саутæ... (Ацыд.) Б у т и а н. Раст дæ, Тасолтан, ис алцæмæн дæр кæрон. Фæ- лæ мæ зæрдæ куынæ коммæ кæсы, уæд цы кæнон?. Æрбацæуы Мисурæт, сау кæлмæрзæн ыл. Систа къæрта æмæ йæ Бутиа- ны уатмæ бахаста. Бутиан. Нæ хъæуы. Мæхæдæг æй бахастаин. (Мисурæг раздæхт, фæцæуы.) Бузныг, Мисурæт! (Мисурæт æрлæууыО.) Дæ саутæ сис, мæ хур, не ’мбæлы уыйбæрц. Дæу нырма дæ- амонд агурын хъæуы. Бæргæ, мæ чындз куы бауыдаис, хуыздæр амондмæ нæ бæллыдтæн. Фæлæ хъысмæт махæй аразгæ нæу. Фæсур дæ зæрдæйæ æнкъарддзинад, рис. Мæ лæппу æнкъард кæнын нæ уарзта. Фæлтау та ма йын иу изæры дæ фæндырæй йæ уарзон цагъд акæн. М и с у р æ т. Дыдта, цы зæрдæйæ, кæмæн?.. Б у т и а н. Тæккæ а изæр-иу мын йæ уарзон цагъд акæн, . стæй мæ фæнды, цæмæй дыл сау кæлмæрзæн мауал уа уайтæк- кæ... Æри-ма йæ ардæм. (Систа йын æй.) М и с у р æ т. Дыдта, цы зæгъдзысты адæм? Б у т и а н. Зæгъ-иу сын, Бутиан мын, зæгъ, мæ сау кæл- мæрзæн мæ сæрæй систа. Гъемыр цу... (Мисурæт ацыд. Бутиая иунæгæй.) Цæгъд... Мах та дæм хъусдзыстæм ’ фыццагау, дыу- уæйæ. (Бацыд мидæмæ.) М и с у р æ т (донмæ рацæуы). Мæ саутæ мын сисын кодта, йæхицæн нырма йе ’рфгуытæ æлхынцъ. Арæх æй уæлмæрдтьг 238
фенын. Æнкъардæй фæцæйцæуы цыртыты ’хсæнтьГ, стæй йæ хъæбулы ингæнмæ куы бахæццæ вæййы, уæд йæ цуры бæласы лыг къалиуау æдых хауд æркæны. (Ацыд.) Джери (æрбацыд). Нæ, нæ ауад мæ цæстытыл. Систа Мисурæт йæ саутæ. Фæлыгъд уыцы æнамонд бон мæ сонт зæр- дæйæ. Фæлæ ныр фæстæмæ æртахт. Зæрдæ фыццагау — æнæн- цой. Мæ хæйрæджытæ та мæ ногæй сайынц. Цыма йын дысон урс уарди дидинæг æртыдтон... О, фæлæ уый фын уыд... Уæд- ’ дæр æй куы базонин, цæмæ у ме ’нхъæлмæ каст... Æмбæрзæн ÆХСÆЗÆМ НЫВ Цыхцырæджы раз. Дыккаг нывы куыд уыдис, афтæ. Дæгка (лæууы уæлбыл). Ссæуы Аминæт... Ибон Тасол- танæн ницы дзуапп радта... Ныр мæхæдæг рацыдтæн йæ раз- мæ... (Ныфсджынæй.) Цы уа, уый уæд. Ме стыр кадæн дзы тæрсын? Æз хъуамæ... Схæццæ кæны. Цæмæндæр мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц... Уæд та алидзин? Нагъ. . Æрбазынд Аминæт. Æрлæууыд, йæ худын тыххæй уромы. Аминæт. Чи ’нхъæл уыд æмæ мæм ахæм амонд æрхау- дзæн... (Æвгæны къусæй дон гогоны, зары хинхудтгæнгæ.) 1 Гæгку мæ Макъарæн нал дæтты, Æрæджиау мæхи дæр нал фæнды. Агуат дурынæн нал бæззы, Гагуат курынæн нал бæззы. Дæгка хæстæг-хæстæг æрцыд. Дæгка куы дæ уый... Дæгка (ныккуыддæртæ та). Уæ сугтæ уын ныссæттон?.. А м и н æт. Æмæ сæ иу саст куы ныккодтай, Дæгка! Д æ г к а (архайы сдзурыныл, сфæрæзта). Тасолтан дын шщытæ дзырдта? А м и н æ т. Цæй тыххæй? Дæгка. Куыд цæй тыххæй? (Йæ къухæй амоны, æз æмæ дæу тыххæй, зæгъгæ.) Дæу ракурын мæ æрфæндыд, Аминæт. Баком мын... А м и н æт. Æз мойгæнæг чызг нæ дæн, Дæгка, уыййедтæмæ дæуæй хуыздæр никæмæн бакомин. Дæгка (тынг дисæй). Куыд нæ дæ мойгæнæг чызг?... Чызгæй та мойгæнæг чи нæ вæййы? Мæ ингæныстæн, тынг хорз дæ... Гъер нæ хъæуы лæппутæй кæй бауарзай, ахæм чи ис? Са- лам уыдис æмæ нал и. Дж^ри у æмæ цæмæндæр æрра кæны. Мæн йедтæмæ дæ курæг нал ис. Мæнæн дæр мæ зæрдæ фæл- 239
мæн, дæуæн дæр — фæлмæн æмæ фæлмæнæй цæрдзыстæм. Æз дæу аккаг нæ дæн, фæлæ... А м и н æ т. Цытæ дзурыс, æцпын дын ницы бамбæрстои. Д æ г к а. Æмæ сæ, дæумæ гæсгæ, æз бамбæрстон? Аминæт фæцæуы, фæлæ Дæгкайы диссаджы зæрдæбын зардмæ фæлæу- уыд. Д æ г к а (æвиппайды ныццæлхъ ласта). Зилгæмæ цæугæйæ Цы суадон ныууагътон Цæугæ ’мæ зилгæйæ... Ингæнмæ цæугæйæ Цы уарзон ныууагътон Кæугæ ’мæ ниугæйæ... Райсомæй — хурыскаст, Изæрæй — хурныгуылд, , Уæуу, нал дын фæразын, гъей! Аминæт мидбылхудгæ фæаууон. Дæгка ныхъхъуыды кодта. Цымæ мæ æнамондæй, æнæ искæйы аккагæй цæмæн сфæл- дыста хуыцау? Зонын æй—нæ дæн Аминæты аккаг. Уæдæ йæ цæмæн уарзын? Цæмæй æвзæр дæн? Фыдуынд, фыдцъылыс? Æмæ цы? Кæд мæ удыхъæд рæсугъд æмæ хæрзконд у, уæд та?.. Ацы цард, æвæццæгæн, йæ рафæлдисæг дæр иæ бамбар- дзæн... Мисурæт æрбацæуы. Гъай дæр ахæм рæсугъд цæмæн фæци? Уæд та ма иу æууылд бакæнин мæ хъул. Чи зоны, сах абада... Аныхас кæнон йемæ Аминæты тыххæй. (Æрбацыд Ми- сурæт.) Мисурæт! Уæ Мисурæт... М и с у р æ т. Цы зæгъыс, Дæгка? . Д æ г к а. Бауарзтон æй. Нæмыг топпы хæтæлæй атахт æмæ йын æрцахсæн нал ис. Аминæтмæ сфæрæзтон ныхас, æмæ йыл фæсмон нæ кæнын. М и с у р æ т. Аминæт та? Цы зæгъы йæхæдæг? Дæгка. Æмæ йын цы зонын? Нæ сугтæ, дам, сæттынхъуаг не сты. Уæд та ма ды адзур йемæ... (Кæйдæр ауыдта.) Мæ хæй- рæджы хай дæр та мæ размæ фæци... Хатыр, Мисурæт, мах ма аныхас кæндзыстæм. (Федде, æрбахызт Джери.) Д ж е р и. Цæуыл худыс, Мисурæт? М и с у р æт. А, уый Джери куы ’дæ. Куыннæ худон? Дæгка нын Аминæты уарзы. Д ж е р и. Æцæг? (Кæсы йæм æдзынæг.) М и с у р æ т. -А, уый мын Дыдта сисын кодта мæ саутæ. Джери. Диссаг дын куыннæ дзурын... Дысон мыц цыма мæ фыны иу чызг дидинæг æртыдта. М и с у р æ т. Æцæг? Æмæ цымæ чи уыд? Джери. Нæ зонын... Иæ цæсгом ын дзæбæх нæ федтон. Цыма зæрдæйæ дунейы ныхæстæ фæдавтон... Фæндаг сæм нæ зыдтон, стæй сæм ссардтон. 240
М и с у р æ т. Ау, æппын ын йæ цæсгом нæ федтай? Джери. Нагъ. Фефсæрмы... Алыгъд мæ цурæй. Дидинæг йæ къухы цырагъау сыгъди... Иæхæдæг та лыгъди ’мæ лыгъди. Цыма йæм дзырдтон: «О чызгай, нæй хицæй фæлидзæн.» М и с у р æ т. Тæхуды, куы фæцадаин æз дæ цуры... Цыфæн- дыйæ дæр æй баййæфтаин æмæ дæм равдисын кодтаин йæ цæс- гом. Д ж е р и. Стæй цыма йæ бынаты февзæрд Аминæт... Уый- фæстæ та ды... Стæй цыма чызджы æртæйæ дæр агуырдтам иу- мæ... М и с у р æ т. Æмæ? Ау, æз æмæ йын Аминæты бон дæр ни- цы бацис? Д ж е р и. Цыма йæм ды бахæццæ дæ... Æмæ цæмæндæр- тарст хъæр фæкодтай. М и с у р æ т. Æз? Диссаг, цымæ цæмæн? Д ж е р и. Нæ зонын. Дæ хъæрмæ фехъал дæн æз. М и с у р æ т. Ацы хатт-иу дæ нывæрзæн хæсгард бавæр • æмæ нал уындзынæ фыдфынтæ. Джери (йæхиимæ дзурæгау). Нæ, уый фыдфын нæ уыд. Мисурæт. Джери, махмæ нæ цæуыс? Баба кусарт кæ- нинаг уыд. Д ж е р и. Чи зоны, суайон. М и с у р æ т. Рацу-иу. Джери. Уый мæм æфсымæры цæстæй кæсы, мæнæн та кæй онг ахæццæ сты мæ хъуыдытæ. Мисурæт. Ибон дын дæ уат æфснайдтон... Дæ рудзын- гыл цы рæсугъд дидинæг уыд, уый диссаджы бæрзонд фæцыд.. Иæ сыджыт дæр та йын аивтон... (Паузæ.) Д ж е р и. Уый... дæу дидинæг уыди... Æвиппайды рухс ахуыссыд æмæ та ссыгъд. Цæй æрæгмæ хæссыс дæ тæрхон, Мисурæт? М и с у р æт. Цытæ фæдзырдтай? Джери. Тынг рагæй мæ риуы кæй дарын, уый ныр схъæр кодтон дæуæн. М и с у р æ т. Цы зæххыл цæуыс, уый фарнæй уæд та феф- сæрмы у. Æрбацæуы Бутиан, йæ къухы къæрта. Айхъуыста сын сæ ныхас, æр- лæууыд. Джери (къæмдзæстыгхуызæй). Бафхæр .мæ, разы дæн алцæуыл дæр. Гъе æрмæст мын мæ ныхас æфхæрдмæ ма бгм- бар... Куы зæгъын, тынг рагæй дардтон æз æмбæхст мæ зæр- дæйы уыцы хъуыды. Ныббар мын, Мисурæт. Нæ мæ фæндыд ме ’фсымæры сæрты ахизын. Мисурæт. Нырма Саламьь ингæны сыджыт куы нæма бахус... Нырма йæ мад куы нæма систа йæ саутæ... Д ж е р и. Мæрдтæй никуыма ничи раздæхт... Ныббар... йæ- 16 Хъайттаты Сергей 24Г
?си чи амардта, уый æз... Мисурæт! Зæгъ-ма, куыд бафæнды- д;аид Саламы?.. Мæнмæ афтæ кæсы, уый никуы бафæндыдаид æз æмæ дæу æнамондæй фенын... Ныр та?.. Æз дæр æнамонд æм& ды дæр. Бутиан (тынг дисæй). Мæнæ диссæгтæ. Джери дæр æй уарзта... (Ацыд цыхцырæгмæ.) Д ж е р и. Зон, æрмæстдæр дæ уарзондзинады фæрцы цаф- дзынæн. Мисурæт (æрæджиау). Дидинæг иу зæнгыл фæзайы... к(Ацыд.) Джери. Цæмæн ма мæ хъæуы æниу уарзондзинад дæр? ^Раст у Мисурæт, афтæ мын хъæуы. (Хъæрæй.) Мæн азарæй ба- ,дыд ме ’фсымæр мæрдтæм!!! (Ныддæлгом зæххыл.) Б у т и а н (æррайау). Цы загътай?!! Æрхауд йæ къухæи къæрта. Фæцудыдта, фæлæ нæ ахауд. Паузæ. Ба- цыд Джерийы уæлхъусмæ, бирæ йæм фæкаст. Адæйма.г... Куыд ахизон адæймаджы сæрты?.. Чи худы, уый ’мыл фæхудæд, æз нал бауадздзынæн уый былæй хауын. Туг тугæй нæ фехсадæуы. Алы маст, алы фыдбылызæн дæр йæ кæ- рон фидыдмæ цæуы, суаиг ма стыр хæстæн дæр; уæд адон æф- ^сымæртæ куы уыдысты. Æмбæрзæн ÆВДÆМ НЫВ Бутианты кæрт. Æрбацыд Джери æд цæвæг. Сауыгъта йæ. Адзæгъæл #æ хъуыдыты. Д ж е р и. Абонрайсом æфцæгмæ фæцыдтæн. Схызтæн фы- дохы айнæджы сæрмæ. Мæ цæстытыл та ауад æвйрхъауы сау- дарæн изæр. Æрхæццæ дæн Дзуарзæнгмæ кæугæ. Мæ хъæбы- сы æрхæссын ме ’фсымæры мард. Нæ саргъы бæхтæ нæ фæдыл идæдзæй, мæрддзыгойау, цæуынц. Æгас хъæубæстæ рафæдис иæ размæ, судзаггаг мардыл куыдтоы. Дæ мад дæм куы ракаст кæугæ, йæ бæрзæй æруагъта дæлæмæ... Сынты базыртау гаруз уæхсчытæм æрхауд... Адæм ын сæргуыбырæй фæндаг лæвæрд- той... Ныр йæ фырты сафæгæй скодта йæхицæн фырт. Цæуын- нæ мæм разынд хъару? Цæуыннæ йын загътон, æппæтдæр мæн аххос кæй уыд?.. Дæгка (æрбацыд). Джери, йæ Джери! Аминæт сымахмæ нæй? Д ж е р и. Нæй. Дæгка. Уæдæ кæм уа? Æппындæр мæ бон æнæ уый нал у. Бахаудтæн дзы... Д ж е р и. Тыхсгæ ма кæн, зындзæн. Д æ г к а. Фыццаг-иу мæл.æты хъæлдзæг уыдтæ. Исты дæ риссы? 242
Джери. Риссы, Дæгка, риссы. Цæй амондджыи дæ, зæр- дæниз чи нæ зоны. Дæгка. Циу зæрдæниз та?.. Уæвгæ æз дæр иуæй-иу хатт цыдæр фыдфынтæ фæуынын. Нæ дæ уырны? Мæ ингæныстæн. Гъер дысон дæр, цыма нын нæ Милайы бирæгътæ аскъæфтой^ Гъей, ,-хъус-ма, дысонизæр Аминæттæм уыдтæн... Æмæ мæ йæ. уарзондзинады бæсты арахъхъæй фæрасыг кодта. Д ж е р и. Гъер амæй мæнæй цы хъауджыдæр ис? Д æ г к а (айхъуыста йæ). О. Æмхуызæттæ стæм... Мæнæ ма;, дысон мын уыиджы куитæ мæ цухъхъа ныттыдтой. Д ж е р и. Мæн та цард... ныттыдта. Д æ г к а. Æмæ сæ цы уæлдай ис? Д ж е р и. Æз æнхъæлдтон, амондджын дæ ды. Д æ г к а. Ома цæмæй амондджын дæн? Д ж е р и. Уарзондзинад циу, уый кæй нæ зоныс, уымæй. Д æ г к а. О нæ зонын! 1 Д ж е р и. Уарзондзинад амонд нæ хæссы... Æрмæстдæр. хъизæмардзинад æрхæссы. Д æ г к а. Хуыцау куы радтид ахæм хъизæмар. Æз æй иуæй-иу хатт мæ фыны бавзарын уыцы хъизæмар, стæй... стæй: æрыхъал вæййын æмæ мæ хъæбысы — мутака... Ехх! (Дже- рийыл ныттыхст.) Д ж е р и. Иуварс. (Асхуыста йæ.) Дæгка. Ма кæн! (Иæ риу хойы.) Кæннод дыл исты цæуы искæйы аххосæй. (Джери фестЪæлфыд.) Кæй зæгъын æй хъæ- уы, асхойын барæвдауынæй æнцондæр у... Æз хъайтар нæ дæн. Никæйы зæрдæмæ цæуын. Æз цæрдзынæн иунæгæй. Адæмы ху- дын кæндзынæн... мæхи зæрдæ та — æнкъард. Фæлæ искуы мæ сæр искæйы куы бахъæуа... мæнмæ афтæ кæсы, æмæ æз сарæх- син царды цыфæнды сгуыхтдзинад равдисынмæ дæр; фæлæ адæймагæн смаст кæнын? Никуы! Афтæмæй та ахæмтæ ис, лæг амарыныл фæстиат чи нæ фæуыдзæн. (Ацыд.) Джери (тынг дисæй). Кæнæ æррасдæн, кæнæ æдылы никуы уыд Дæгка... Цымæ цы зæгъынмæ хъавыд? Дызæрдыг- дзинæдтæ мын мæ зæрдæ бонæй-бон тынгдæр ихсийын кæнынц. Цы у гъер мæ цард? (Паузæ.) Цон, æппæтдæр радзурон Дыд- тайæн... Кæй хъаруйæ? Ау, лæг байсафынмæ куы бахастай дæ ныфс! Нæ, уый тæппуддзинад уыдис. Уæд та фæлидзон а бæс- тæи дард. Æмæ уæд Дыдта та куыд цæрдзæн? Чи йын кæндзæ- ни йæ уалдзæг, йæ фæззæджы куыстытæ? Мæныл æй куы ныф- фæдзæхста Салам. (Гуытаз сабыргай æрбацыд, бирæ йæм фæ- каст.) Г у ы т а з. ^’Едзух де ’рфгуытæ тар, æнкъард де сныхас, дæ хъуыды... Д ж е р и. Царды бирæ сагъæссæгтæ ис, нæ мады хай. Уæл- дайдæр та æнæ мад, æнæ фыдæй куы схъомыл уай, уæд. Г у ы т а з. Дæуæн дæр, дам, уыдис мад. Д.ж е р и (фæкъæртт). Уыдис, æмæ нал ис! 243
Гуытаз. Диссаг, дæ мады коймæ дæхи фæхъуынтъыз кодтай... Джери (ныхъхъуыды кодта). Мад... Нæ, ахæм амонд доæнмæ не ’рхауд. . Г у ы т а з. Дæ мад цыфæнды уæд, макуы йæ ферох кæн. Хæсс æй дæ зæрдæйы... Уый дæ йæ зæрдæйы бын куыд фæха- сста, афтæ. Д ж е р и. Уый мæнæн адавта мæ сабийы бонтæ, мæ цард. .Гу ыт а з. Дæ мад... Джери (æррайау). Цы мæрдты ис, уым авд дæлдзæхы -ныххауæд! (Стрср паузæ.) Ныббар, дæу дæр ма мæ мастæй хай- джын фæкодтон... Æртхъирæн æм кæиын, фæлæ, чи зоны, аф- тид йæ уындæй дæр ферох уыдаид мæ маст. (Гуытаз фæцæуы.) Хорз ус! Фæлæуу... Цæмæн мæм афтæ кæсыс? Дæ цæсгом фæ- лурс... Исты дæ риссы?.. Мæ бон дын исты баххуыс у? (Гуытаз йæ сæр «нæ», зæгъгæ, банкъуыста æмæ ацыд.) Б у т и а н (рацыд, йæ саутæ ист). Кæм уыдтæ, мæ хъæбул? .Мæ цæстытæ дæм куы ныйирд сты... Джери (сыстад). Нæ уыгæрдæны афæстиат дæн..: Дыдта, ,дæ саутæ куы систай... Б у т и а н. Фæсивæд чындзæхсæвы бадынц уæлæсыхы, ды та?... Сбад, фæллад дæ. (Джери не сбадт) Уыгæрдæнмæ фæ- цыдтæ. Ацы хатт æнæ бафæрсгæйæ ацыдтæ... Мæнæн та мæ зæрдæ кæдæмты нæ ахæццæ... Джери. Хатыр, Дыдта, æнæ дæу бафæрсгæйæ никуыуал .ацæудзынæн. Б у т и а н. Цом, исты бахæр. Д ж е р и. Бузныг, Дыдта, хæрдджын дæн. Бутиан. Цæугæ уæдæ чындзæхсæвмæ. Хонæг нæм уыд. "Худинаг у адæмæй. Хъуамæ æз æмæ ды се ’хсæн къуылбæр- зæйæ ма лæууæм. Д жер и. Дыдта, æппындæр мæ зæрдæ нæ зæгъы... Б у т и а н. Ацы хæдзары цалынмæ змæлæг уа, уæдмæ хъуа- мæ нæ зынг бынтон ма ахуысса. Цу, цу, мæ хур. (Джери фæцæ- уы.) Уæвгæ фæлæуу. Цу мидæмæ, де ’фсымæры дарæс дын сын- -тæгыл æрæвæрдтон. Скæн сæ ныр ды. Д ж е р и. Дыдта! Б у т и.а н. Нæ, нæ, уадз æмæ къулыл ауыгъды бæсты адæй- магыл уои. Джихтæ ма кæн, мæ хур. Дæуыл сæ куы фенон, æхсызгон мын уыдзæн уæд. Цу, цу. (Джери уатмæ бахызт.) Иу бон фæзындысты дунемæ. Иу бон сдзырдтой, иу бон ауадысты къахыл. (Паузæ.) Ныртæккæ йын йæ дарæсы рахиздзæн. Цæ- мæндæр ме уæнгты тас бацыд. Æнгæстæ уыдысты иучысыл. Куынæ бауромон мæхи, куы йæ фенон, уæд... Джери рахызт урс цухъхъайы. Бутиан æм кæсгæйæ баззад. Хæстæгдæр-ма мæм рацу. Цæй, цæй. Де уæнгтыл схæц, сæ хи- цау æнкъард кæнын нæ уарзта... Цу, æз дæм акæсон фæсте. 244
Д ж е р и. Дыдта, æппындæр мæ нæ фæнды цæуын хъазт- мæ... Фæлæ цæуын, æрмæст цæмæй дæуæн æхсызгон уа, уымæн. Б у т и а н. Бузныг, Дыдтайы хур. Джери ацыд. Бутиан йæ фæдыл кæсы æмæ кæсы. Зыны Гуытаз дæр. Фæаууон. сты. Æрбацæуы æххуырсты дзаумæтты Дæгка. Аминæтимæ хæр- хæмбæлд фесты. Аминæт (дисæй). Уый дæ хæрв куы аппæрстай, Дæгка. Æххуырсты цæуынвæнд ма скæн. Д æ г к а. Æххуырсты нæ цæуын. Усгур цæуын Захъамæ, Калоты хъæумæ. Аминæт. Æмæ уæд алчи йæхи тынгдæр куы саразы. Д æ г к а. Гъер дæу зондæй бафæрс... Ды туаллаг лæджы хорз нæ зоныс. Арæзт лæджы æнæбон хъал хонынц. Ома, ма- гусайæ цæлуарзаг. А м и н æ т. Æмæ дæ цæмæн хъæуы кусын? Бынтæ хъуаг дæ? Уæ фосы дзугтæ... Да§гка. Фосы дзугтæ... Æмæ, зæгъæм, хуыцау . ныддæлæ- уæлæ кодта æмæ былæй акалдысты, зæй сæ фæласта... уæд æгуыст ахуырæй ихьт къæйыл нæ аззайдзынæн? А-гъа, ныхъ- хъуыды кодтай? Бынтон æдылытæй нæ дæн... Цæй... Хæрзбон... (Ацæуы. Дардæй хъуысы йæ зарæг.) Уæу, мæ тæригъæдæй Зилгæйы цъæх суадон Иæ быныл бахус уа, гъей! А м и н æ т (æрбаздæхт). Захъамæ цæуы... Ус курынмæ... Цы- мæ мæм цæмæн хъыг фæкаст уый? Иуæй-иу хатт мын цыма йæ фенын æхсызгон вæййы, цыма мæхи нал æмбарын? Æмбæрзæн ÆСТÆМ НЫВ Æхсæвыгон. Бутиаитæм. Тыргъы тъахтиныл æд дзаумæттæ хуыссы Дже- ри. Æрбацыд Гуытаз, бирæ фæкаст Джеримæ. Г у ы т а з. Цæмæй зоныс, дæ хъама цы бон фесæфт, уыцы бон æз дæр æфцæгыл кæй уыдтæн. (Æриста йæ кæлмæрзæны бынæй хъама.) Дæ фыды æвзист хъама... (Ацæуы.) Джери (фехъал, тарстæй). Уый циу? Фын... Хъизæмар... (Тъахтиныл æрхауд.) Бутиан (рацыд мидæгæй). Цы бакодтай? Мидæгæй дæ уат конд... Д ж е р и. Дыдта... Куы дæ, зæгъын, райхъал кæнон... Б у т и а н. Цæй, куыд рауад чындзæхсæв? Сбад. (Сбадты- сты.) 245
Д ж е р и. Дæ зарæг та дын кодтой..; Бутиан. Сæ цæрæнбон бирæ. (СтЫр паузæ.) Лæппу!.. Æгъгъæд фæуæд саударæн бонтæн. Бирæ фæхъыг кодтай де ’фсымæрыл, ныр та... зиан æмæ ции æфсымæртæ сты, фæзæ- гъынц... Мисурæт мæ чындз бауинаг уыд; æмæ ныр кæд мæ иу фырт æгас нал у, уæддæр мæ чыидзаджы никуыдæм уадзын æз* (Джерийыл цыма фыцгæ дон бакалдæуыд, уыйау фæгæпп код- та). Сбад, нæма фæдæн мæ ныхас... Хуыцауц раз кæй не ’фсæр- мы кæнæм, уый нæхицæй нæ хъæуы æмбæхсын... Д ж е р и (йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд). Дыдта... Бутиан. Дызæрдыг ма кæи йæ бакомыныл, мæ чындзаг уыд...æмæ йын æз мæхæдæг зæгъдзынæн... - , Джери. Дыдта! (Хъæрæй ныккуыдта æмæ алыгъд.) Б у т и а н (паузæйы фæстæ). Æфхæрдмæ йæ ма бамбарæд. Мисурæтимæ сын иу кæнын сæ амонд. Цымæ раст фæнд у æви рæдийгæ кæнын? Конд æмæ уындæй ницы хъуаг у Джери. Раст ын цыма уыцы æрдзон миниуджытæ ме ’дзард лæппу зæрдыл- дарынæн ныууагъта. (Ацыд.) Джери (æрбаздæхт). Мисурæты дзыккуты митау урсы- тæ фæзынд. Фæлæ уæддæр фыццагау хурæмдых йе ’рвхуыз цæ- стытæн се ’нгас... Ныр æм Дыдта йæхæдæг мæн тыххæй цæуы.. (Ауыдта хъама, фæтарст.) Цы?! Нæ загътон, хæйрæджытæ йæ* аскъæфтой, зæгъгæ... (Райста хъама.) Уæвгæ нæ, зæдтæ уыды- сты уыдон, æмæ мын дзы ныр мæхи марын кæнынц. (Фелвæста хъама, кæрддзæм æрхауд.) О, разы дæн æз уемæ. (Хъама риу- упæ ныдзæвы.) Æцæг ме ’фсымæры цур... Фæцæуы хъамалвæстæй. Фæзынд фæдисонау Гуытаз, рудзынг хойы.- Б у т и а н. Ды? Ацафон ам? Гуытаз. Мад куы хуиныс, уæд ын цæй арф ныссагътай йæ зæрдæйы дæ кард? Б у т и а н. Цæй кард? Кæй зæрдæйы? Г у ы т а з. Джерийы... Бутиан. Чи дæ? Мæ зæрдæйы арф æвæрæнтæ мын чи. змæнты? Г у ы т а з. Иæ мад... Бутиан. Цы? (Рацыд æм.) Нæ, нæ! Уымæн мад нæй, ра- джы амард. Гуытаз (хæстæг æм бацыд). Дзæбæх ма мæм æрракæс. Бутиан (тынг дисæй). Гуытаз?.. О, фæлæ загътой; раджы амардтæ ды... Г у ы т а з. Æз амардтæн æрмæст Джерийæн... Ихы къæйыл æй куы ныууагътон, уæд... (Йæ зонгуытыл æрхауд.) Хуыцауæй курæгау дæ курын, байуар æй. Ахицæн ут... Цас æй тынгдæр рæвдауыс, уыйас ын йæ зæрдæйы арфдæр тъыссыс кард... Бутианы къухы ницыуал сдзурыи бафтыд. Æрхауд, бауадзыг. Æ’рчъицыдта. Б у т и а н. Фынæй дæн æви хъал?.. 246
Г у ы т а з. Мады рæвдыдæй исыс дæ маст. Уый... Уый æгæр карз тæрхон у! Б у т и а н. Тæрхон... Æз мæ тæрхон раджы рахастон — мæ- ХйЦæн дзы лæппу куы загътон, уæд. Г у ы т а з. Ды зыдтай, Джерийы аххосæй?.. Б у т и а н. Туг тугæй нæ фехсадæуы. Г у ы т а з. Бутиан... Бутиан. Цы Бутиан?! Мæнмæ афтæ каст æмæ æз хабар кæй зыдтон, уыцы хъуыддаг Джери куынæ ’мбара, уæд ын æн- цондæр уыдзæн. Уымæн æй рæвдыдтон мæ ахсджиаг хъæбулау. Ауыдтой хъамайы кæрддзæм. Т у ы т а з. Уæдæ уæд цыдæр ныффæнд кодта Джери. Аййа- •фæм æй! Бутиан (тарст хъæр фæкодта). Лæппу! (Фезгъоры.) /ДжериШ Æмбæрзæн ФАРÆСТÆМ НЫВ Иппæрд ингæны раз. Бутиан исы Джерийы хъама. Иннæ къухыл хæцы Туытаз. Б у ти а н (рцтыдта хъама). Æгъгъæд у тугæн!!! Джери. Нæ, нæ, нæ! Æз удæгас нал дæн. Æз амардтæн, адæймаджы ном куы фæчъизи кодтон, уæд. Бутиан. Банцай! Д ж е р и. Ды нæ зоныс... Бутиан. Зонын... Æз æппæтдæр зыдтон. Æз зонын, æры- гон зæрдæ, сонт туг рæдийаг у. Царды зын фæзилæнты зæрдæ .æгоммæгæс вæййы æмæ уæд æфсымæр æфсымæры нæ,— йæхи дæр амары. Джери. ..Уæдæ мын цы кæнын кæныс, Дыдта? Бутиан. Щæрын!.. Мæ хъæбулы уарзты дидинæг ацы :хъамайæ луггонд не ’рцыд... (Аппæрста хъама.) Æмбæрзæн К æро н
МАДЫ ЗÆРДÆ ÆРТÆ АРХАЙДЫ АРХАЙДЖЫТÆ: Бæройты Серге й—хистæр лейтенант, 55-аздзыд. Бæройты Нинæ — йæус, 45-аздзыд. Бæройты Хъазы бег —сæ фырт, 25-аздзыд. Б æ р о й т ы А л л æ — йæ ус, 20-аздзыд. Ковалев Алексей — Нинæйы кæнгæфырт, 23-аздзыд. Ковалева Мария — Алексейы мад, 43-аздзыд. Алихан — ахуыргæнæг, 50-аздзыд. В е р æ — театры актрисæ, 20-аздзыд. К Р ы л о в — дохтыр, 45-аздзыд. Трофимовна — сывæллонмæгæсæг, 60-аздзыд. Р а я — рынчындоны кусæг, 25-аздзыд. 3 и ф —- Аллæйы æмбал, 20-аздзыд. Постхæссæг. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ПРОЛОГ 1941 аз. Июнь. Бресты фидар. Дардæй хъуысы хæдтæхæджы æмæ сзр- мадзаиты нæрын. Рацæуы хистæр лейтенант Бæройты Сергей. Сергей. Æмбæлттæ! Иунæг ныббырстæй Бресты фидар байсыны тыххæй немыцаг фашистты фæнд фæсыкк. Ныр сæ ных сарæзтой нæ алыварс æртыхсынмæ æмæ уый сæ къухы куы бафта, уæд Бресты фидар къæппæджы бахаудзæн. Командирты бинонты ардыгæй аласыны тыххæй бардзырд ис. Цыфæндыйæ* дæр фидар бахъахъхъæнын хъæуы. Нæ зя\*:лæй иу гæбаз дæр знаг,æн нæ ратдзыстæм! Крылов (æрбазгъордта). Æмбал командир, десант! Райхъуыст пулеметы къæр-къæр. 248
С е р г е й. Ме фæдыл! Азгъордтой, дыууæрдæм кæнынц хæстонтæ; сылгоймæгтæ лидзынц æд тыхтонтæ сæ сывæллæттимæ. Нинæ йæ дæсаздзыд лæппу Хъазыбегимæ æд дзæкъул æрбатахт, кæйдæр агурынц, æрлæууыдысты. Н и н æ. Уæдæ цы фæуыдаид дæ фыд? (Хъæр кæны.) Сер- гей! Сергей! X ъ а з ы б е г. Гыцци! Цæй гæрæхтæ сты уыдон? Н и н æ. Æнамонддзинады гæрæхтæ, мæ къона, Хъазыбег. Хæст райдыдта. (Хъæр кæны.) Сергей! Хъазыбег (тарст хъæр кæны). Баба! Баба! Н и н æ. Ма ку, ма ку, Хъазыбег! Ссардзыстæм æй! Кæнæ... Иукъордæй сæ фæрсты азгъордтой. Крылов (æрбазынд). Хорз ус, цы ми кæнут ам? Цæугæут фæндаджы фæзилæнмæ, уым уæм машинæ æнхъæлмæ кæсы. (Фæгуырысхо.) Нинæ Иналовнæ? Бахатыр кæн, нæ дæ базыд- тон. Н и н æ. Цы фæци Сергей? Æгас у? Ницы йыл æрцыд? Нæ йæ федтай? Крылов. Æгас у, æгас! Фæлæуут мæм... (Азгъордта.) Æрбазынд Мария фæлмæстхуызæй, фæцæуы, пулеметы нæмгуыты къæр- къæр кæцæй хъуысы, уыцырдæм. М а р и я. Алешæ, Алешæ, мæ хъæбул, кæм дæ? Н и н æ .. Фæлæуу! Кæдæм цæуыс нæмгуыты бынмæ? Фа- шисттæ къазарматæ бацахстой. Мария. Мæ хъæбул!.. Мæ лæппу уым и!.. Алешæ!.. Але- шæ!.. Цæугæ йæм кæнын! Н и н æ (уромы йæ). Фæлæуу!.. М а р и я. Ауадз мæ! (Алыгъди.) Хъазыбег (кæйдæр ауыдта). Баба! Баба! (Разгъордта йæм). Н и.н æ. Хъазыбег! Кæдæм?.. Æрбахызтысты Сергей, Хъазыбег æмæ Крылов, Сергейы къухы — тин- тычъи кæлмæрзæн. Крылов ацыд. С ер ге й. Нинæ!.. Нинæ (ныттыхст ыл). Куынæуал дæ фенон, уымæй фæтар- стæн. Сергей. Нинæ, алы минут дæр зынаргъ у. Æвæстиатæй цæугæут фæндаджы фæзилæнмæ. Уе ’ппæтмæ дæр æнхъæлмæ кæсы машинæ. Цы амал ис, уымæй цæугæут Ирыстонмæ! Н и н æ. Сергей! Сергей. Нинæ, ныббар. Фæстиатгæнæн мын нал ис. Ме ’фсæддонтæ хæцгæ кæнынцуым. Цæй, хæсты цы нæ æрцæуы! Сывæллон нал дæ, ныббар, кæд дын искуы маст скодтон... цар- ды алцыдæр вæййы... 249
Н и н æ (ныккуыдта). Æз дæр демæ... Нæ дæ ныууадздзы- нæн... Сергей (уайдзæфгæнæгау). Нинæ, рох дæ ма уæд нæ- лæппу... Н и н æ (йæхиуыл фæхæцыд). Хорз. Нал кæуын... Æнхъæл- мæ дæм кæсдзы... (Ныккуыдта та.) С е р г е й. Кæугæ нæ, Нинычкæ, кæугæ нæ! (Сергей йæ фыр- ты раз дзуццæджы абадт.) Æдцæй нæ, Хъазыбег?.. X ъ а з ы б е г. Æз тæрсгæ кæнын... С е р г е й. Тæрсгæ? Тæрсгæ æз дæр кæнын иугыццыл. Цæй,. Гыццийæн-иу æххуыс кæн... Хъа з ы бег. Баба!.. Ма ацу!.. , Сергей. Лæгау лæг у! (Сыстад.) Цæй... Æнхъæлмæ кæ- сут мæ писмотæм. (АЬгъордта.) Хъазыбег. Баба!.. Баба!.. Н и н æ. Баба фæстæмæ арыздæхдзæн, Хъазыбег. Æрыздæх- дзæн. Фашистыты фæсурдзæн æмæ та нæхимæ уыдзæн. (Иæ хъæбысы йæ кæны.) Æнæ æрыздæхгæ йын нæй! Нæмгуытæ дыууæрдæм къуыззитт кæнынц. Æрбазгъордта Мария йæ астаздзыд фырт Алешæимæ. Мария. Мæ хъæбул!.. Мæ ахсджиаг!.. Æз æй зыдтон... Зыдтон æй, æгас мын кæй дæ!.. (Нинæйæн.) Федтай?.. Федтай?.. Ды мæ нæ уагътай... Æз мæхи фæгуыбыр кодтон... Æмæ згъор- гæ... Н и н æ. Гъемæ тынг хорз, æхсыЗгон мын у. Æз дæ æмба- рын. Фашистон хæдтæхæг ныллæг æрбатахт, райхъуыст йæ пуле’меты хъæр„ Мария æрхауд. Алексей. Мамæ!.. Мамæ!.. , М а р и я (æрчъицыдта). Алешæ!.. Нин,æ. Цы кодтай, æнамонд сылгоймаг? Уæззау цæф дæ? Мария. Цæф нæ дæн... мард дæн... Алешенькæ... Цы ма уыдзынæ?.. Н и н æ. Æнцад æруадз дæхи, æз дын. бабæтдзынæн дæ цæфтæ. М а р и я. Байрæджы!.. Алешæ... (Нинæйы къухтæм фæлæ- бурдта.) О ныййарæг, æрмæстдæр ды бамбардзынæ мæн. Чи- дæриддæр дæ, мæ иунæг — де уазæг: Алешæ, Ковалев йæ мыг- гаг, Ковалев. (Банцад.) Алексей. Мамæ! Мамæ! Ныртæккæ дын бабæтдзынæн дæ цæф. Уæлæмæ... Цом... æз дæ ахæсдзынæн. Н и н æ. Цом, цом, Алешæ... Цом махимæ... Дæ мамæйы/ дын амардтой. (Тыххæй йæ раскъуыдта йæ мадæй æмæ æртæ- йæ’ ацыдысты.) Хæст хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Фæзындысты иукъорд æфсæддоны хистæр лейтенант Бæройы-фыртимæ. 250
’С е р г е й. УыцьГ устытæ æмæ сывæллæттæ машинæмæ цæ- уылнæ хизынц, цæуылнæ ацæуынц? Арвитут сæ! К р ы л о в. Хъусын, æмбал командир! (Мариямæ амоны.) С е р г е й. Хорз ус... (Æргуыбыр æм кодта.) Марды æфсон æгас сылгоймаджы ныууагъдæуыд. Иванов, хæсгæ йæ машинæ- мæ! Æфсæддон систа Марияйы æмæ йæ ахаста. С е р г е й. Нæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд! Нæ бинонты тыххæй! Нæ сабиты тыххæй! Цæвут!.. Æхст стынг ис. Рухс ахуыссыд. ФЫЦЦАГ НЫВ 15 азы рацыд. Бæройты Нинæйы хæдзар. Къулыл — хистæр лейтенант Сергейы къам стыр истæй. йæ фæйнæфарс — Хъазыбег æмæ Алешæйы нывтæ. Уат уыйбæрц хъæздыг арæзт нæу, бæрæг у, чи фæтыхст, ахæм адæй- маг дзы кæй цæры, фæлæ — сыгъдæг æмæ хæрзæфснайд. Мидæгæй ма зы- ны иу уаты дуар. В е р æ (рацыд мидæггаг уатæй Кручининæйы* дарæсы). «Æбуалгъ ми... Æбуалгъ ми... Æз мæ лæппуйы мысгæйæ катай кæнын, мæхи марыны онг сдæн, æмæ мæ баууæндын кодтой— -амарди, æз мæ цæссыгæй мæхи æхсгæйæ дардмæ лидзын, дун- дунейы иу къуымы кæд мæ маст, мæ рыст ферох кæнин, зæгъ- гæ, мæ хъæбул та мæм йæ гыццыл къухтæ тилы æмæ хъæр кæ- <ны: мамæ! мамæ! Æбуалгъ ми...» Æрбабад Нинæ, йæ кухы — телеграммæ. Н и н æ. Ам дæ, Верæ? Верæ дзуапп нæ дæтты. Дæ цæстытæ та уыцы кæуындзаст куы сты, хъуамæ та ре- летици кодтай. В е р æ. Афтæ тæрсын, афтæ, æмæ... Фыццаг хатт хъазын ахæм роль. , Н и н æ. Кручининæйы роль? Ахъаздзынæ йæ. Фæкæс-ма-иу. Уæдæ ма цæй актрисæ дæ? Дæ хъуыддаг та хорз рауайдзæн. (Æрæджиау.) Мæныл та ахæм цины хабар æрцыд, ахæм, æмæ йæ зæгъын дæр нæ уæндын, æнхъæл дæр æй нæ дæн мæхицæн. В е р æ. Цавæр цины хабар, Нинæ? Цæй-ма, Нинæ, зæгъ ^ей тагъддæр! Н и н æ. Нæ лæппуты ныртæккæ ардæм хъæуы. В е р æ. Хъазыбег дын институт каст фæци? Н и н æ. Тел дзы райстон Калакæй. (Дæтты йæ.) Островскийы пьесæ «Æнæ аххосæй аххосджынтæ», зæгъгæ, уый архайæг. 251
В е р æ (кæсы). «Каст фæдæн институт. Фæцæуын. Æцæп иунæгæй нæ»... Уæдæ кæимæ? Н и н æ. Алешæимæ. Верæ. Нæ зонын... Æмæ, Алешæ кæй хоныс, уый нырма. дыууæ азы куы хъæуы ахуыр кæнын, æнхъæлдæн. Н и н æ (фæгуызавæ). О. Фæлæ ды... В е р æ. Цы нæ вæййы? Лæппу ус курын дæр зоны. Н и н æ. Цыт& дзурыс? Уый та куыд! Ау, уæд мæм æй нæ ныффыстаид Хъазыбег? (Кæсы Сергейы къаммæ ) Тæхуды ’мæ ныртæккæ дæ лæппумæ куы бакæсис, Сергей! (Верæйæн.) Або: ны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы. Брест... Хæст... Бæстæ судзы. Хъазыбег йæ фыды раз лæууы, йæ цæссыг калгæ. Уæд æм Сер- гей дзурыг: «Хъазыбег, Хъазыбег! Ныр лæг дæ, æмæ лæгæн кæуын не ’мбæлы». Æмæ нын æцæг слæг ис! Дæ мадæн дам-иу æххуыс кæн... В е р æ. Нинæ, цины бон кæуын не ’мбæлы... Нинæ... Н и н æ. Уыдон цины цæссыгтæ сты. В е р æ. Æмбойны æрбахъæздыг уыдзынæ, Ницæ, дæ иу фырт — дохтыр, иннæ дыууæ азы фæстæ инженер суыдзæн. Н и н æ. Охх, тагъддæр, тагъддæр куы ’рхæццæ уаид уыцы бон! Верæ, ныр та уал, кæд дын зын нæу, уæд ацы кæлмæрзæн,. цæттæ дзаумæттæ кæм фелхæнынц, уырдæм ныддав, худинаг у, æцæг йемæ исчи куы ’рцæуа. (Дæтты йæм кæлмæрзæн.) В е р æ. Дæ лæджы лæвар? Ницæйы тыххæй! Æз ныртæк- кæ ссардзынæн æхца. Н и н æ. Нæ, нæ! Кой дæр æй ма скæн. В е р æ. Уый фæстæ сæ дæ пенсийæ бафиддзынæ. Н и н æ. Мæ пенсийы æхца сын фæндаггагæн арвыстон. Ду- канинæ дæр-иу исты рахæсс. В е р æ. Хорз. (Ацыд.) Н и н æ (къамтæм). Цæй, цы мæм кæсут? И?.. Худæг уæм кæсы?...Гъемæ худут! Æз дæр худын, цин кæнын!.. Кæугæ дæр бирæ фæкодтон. Хъуыды ма кæныс, Хъазыбег? Иухатт мын куыд фæцæй... Арв æмæ зæхх кæрæдзй хостой. Мах Алешæимæ удаистæй... (Иæ цæстытыл ауад уыцы ныв) Сцеиæйы рухс ахуыссыд. Уынг. Æмафон. Тыхджын къæвда. Æрба- тындзы Нинæ. Н и н æ. Нæ, нæ. Нæ дæ ратдзынæн, мæ хъæбул, нæ дæ рат- дзынæн мæлæтæн. Зындоны арты цæхæрæй дæ уымæн нæ ра- хастон, æмæ дæ ныр æгъатыр низæн радтон! У-у, æгъатыр низ! Фæлтау æз куы фæуыдаин дæ амæттаг... Рухс цæуы рынчыидо- нæй. (Алешæмæ.) Алешæ, цы ми кæныс, мæ хур? Алешæйы хъæлæс. Дохтыртæ дыууæрдæм кæнынц.... Мæн нæ уадзынц мидæмæ. 1 Н и н æ. ^Мæн бауадздзысты. Бауадздзысты мæ. Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны... Мæ зæнгтæ мæ быны нал цæуынц. Хъазы- бег, мæ хъæбул, фæцæуын дæм. 252
Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Хъазыбег рынчындоны — тыхтæй. Иæ уæл— хъус — дохтыр Крылов æмæ Рая. Крылов йæ хъусæнтæй бирæ фæхъуыста рынчынмæ, стæй йæм сагъæсхуызæй ныккаст. Дуар байгом. Æрбахызт Ни~ нæ, фæцæуы йæ фырты сынтæгмæ, æрбадт йæ разы. Н и н æ. Хъазыбег... X ъ а з ы б е г (сæнттæ цæгъды). Алешæ, цом, скъоламæ ньда байрæджы уыдзæн. Алешæ, фæлæуу... Н и н æ (сыстад. Крыловмæ). Дохтыр... К р ы л ов. Нинæ... Н и н æ (ракаст). Алихан... Алихан ам нæ уыд? Р а я. Телефонмæ азгъордта. К р ы л о в. Калакмæ дзуры, уыцы профессормæ. А л и х а н (æрбахызт, æфсæддон дарæсы, æнæ пъагæттæй). Профессор не ’рцæудзæн. Нæй йын амал. Н и н æ. (фидарæй). Иæхи йын аласæм уырдæм. Алихан дохтырмæ фæрсæгау бакаст, уый йын йæ сæрæй разыйы дзуашг радта. Нинчæ (Хъазыбегмæ). Фидар лæуу, мæ хур, фидар лæууГ Адзæбæх уыдзыиæ... Мах дæ Калакмæ аласдзыстæм, Калакмæ! Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Сылгоймаджы хъæлæс микрофоны: «Орджони- кидзе! Орджоникидзе! Орджоникидзе! Æз Тбилиси дæн! Орджоникидзе! Дзу- рут Тбилнсиимæ! Орджоникидзе, фæндзæм кабинæмæ!» Н и н æ (телефонæй). Алло! Алло! Орджоникидзе? Алихан дæ? Цы дын зæгъон? Ницы хуыздæр у... Дæ сæр та мæ ба- хъуыд, Алихан, кæд дын цыфæнды зын у, уæддæр æндæр гæ- нæн нæй.Мæ хуыйæн машинæ ауæй кæн æмæ мын тагъд — æхца. Бакумæ йæ ласын. Кæд ма Бакуйы дæр... Уæд, æвæццæ- гæн, Мæскуымæ... Алихан, Алешæ кæм ис? Цы хуызæн у? Ных- хатыр кæк, дæу дæр ма хурхæй марын. Хъусыс, Алихан, Алешæ* де уазæг! Сценæ фæталынг, срухс. Алиханы уат. Стъол æд телефон. Дзæнгæрæг. Алихан (хъусы). Баку? Хъусын. Нинæ? Цы? Мæскуы... Мæскуыйы дæ? Диссаг! Æмæ куыд у? (Цинæй.) Фæдзæбæх- дæр? Дæ хæрзæггурæггаг мæнмæ. Уыциу ласт æй уырдæм хъуыди бæргæ. Цы? Пианио? Хъус-ма, Нинæ... Омæ дæм Сер- гейæ æндæр куы ницыуал баззад зæрдыл дарынæн. Цæй, хорз, хорз! Æнхъæлмæ кæс. Хорз. Мæнæй та цы æфсæрмы?.. Алешæ? Дзæбæх у. Ахуыр кæиы. Хорз! Саламтæ Хъазыбегæн! (Æрæ- вæрдта хæтæл.) Цы диссаг дæ, цы мады зæрдæ!.. (Æвиппайды цинæй.) Алешæ! Алешæ! Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Нннæ посылкæйы асыкк æрбахæссы, Алиханы хъæлæс... А л и х а н. Нинæ, Нинæ! Цавæр хабар у? Уæд дын сабитæ 25$.
уыдысты, уый фæстæ уыцы фыдбылызы рынчын!.. Æри-ма дæ уаргъ. (Исы йæ.) Н и н æ. Ныр та студенттæ! Æххормагæй сæрмæ ницы цæ- уы... Алихан. Уымæй раст зæгъыс, студент йæ гуыбынмæ куы хъуса, уæд йæ сæрмæ ницы фæцæуы. Уалынмæ дæ кæрты куы æрбалæууой!.. Фæаууон сты. Нинæ, къамтæм кæсгæйæ, йæ хъуыдыты куыд адзæгъæл, афтæ кæртæй æрбайхъуыст машинæйы уасын. Хъазыбег (æдде). Гыцци! Н и н æ. Æрхæццæ сты мæ хъæбултæ. (Азгъордта. Цины хъæртæ хъуысы, æрбацæуынц.) Конд æмæ уындæй дæ фыдæй фæсте ницыуал ныууагътай. X ъ а з ы б е г. Æрмæстдæр конд æмæ уындæй? Н и н æ. Цæййас лæг сдæ!.. (Йæ ных ын хойы.) Афæдз- афæдзы дæргъы иу писмо, гормон, уæд та искæмæн ныффыссын кодтаис. Хъазыбег. Арвы кæрондын, мы.ййаг, куы нæ уыдтæн. Н и нæ. Стырзæрдæ мыл дæ рагæй дæр, стырзæрдæ. X ъ а з ы б е г. Цæй... Хорз! Сæттын мæ рæдыдыл! О, хæдæ- гай! (Æддæмæ ракаст.) Аллæ! Аллычкæ! Æрбахызт Аллæ, кæсæнцæстытæ йыл. Зыны, зæрдæхсайгæ кæй у, уый -дæр. А л л æ. Уæ бон хорз! Н и н æ (фæджих). Æгас цу! X ъ а з ы б е г. Гыцци... (Райста Аллæйы сумкæ.) Гыцци, -гъеуый... фарон дæм... О, хæдæгай, куынæуал дæм æй ныффыс- тон... Ныххатыр кæн, æвиппаиды иумæ кæй æрцыдыстæм, уый. А л л æ. Ау, уæдæй ныомæ йын ницыма загътай? Хъазыбег (йæ мады русæн аба кодта, базарыд). Гыцци бараг у. Нинæ (ныхъхъæбыс кодта Аллæйæн). Æгас цу, мæ хур! (Цин кæны, цыма уыцы бонмæ æнхъæлмæ каст, уыйау). Амонд- ;джын уазæг у! А л л æ. Бузныг. Н и н æ. Хъазыбег, æмæ де ’фсымæр кæм ис. каникултæ сын нæй? Хъазыбег (æцæгхуызæй). Цавæр æфсымæр? А-а, нæ си- дзæр лæппу? Н и н æ. Ныууадз дæ хъазын! Кæм ис де ’фсьшæр? Хъазыбег. Гыцци, ныббар, хъазгæ кодтон! Ме ’фсымæр Алексей ам ис... Фæндагыл уый мæн иунæгæй уадзы? Алексей хуымæтæджы арæзтæй æрбахызт. А л е к с е й. Гыцци!.. ;
Нинæ. Алешæ! (Алешæйæн хъæбыс кæнгæйæ, Хъазыбегмзе дзуры.) Уæд исчи афтæ кæны? Алексей. Исты та æрхъуыды кодта? X ъ а з ы б е г. Уæд мард у а сау лæппу! Æрбацыд Верæ. йæ къухты, цы балхæдта, уыдон. Н инæ. Базонгæ ут, мæ хуртæ, Верычкæимæ. Нæ горæты те^ атры актрисæ. А л е к с е й. Мах базонгæ стæм дуканийы. В е р æ. О, æцæг, æцæг! Иæ рад мын радта. Xъазыбег. Ф.атеры нæм цæры, зæгъгæ, цы актрисæйы тых< хæй фыстай, уый ма уæд, Гьщци? В е р æ. Нæ фæрæдыдтæ, æз дæн уый. X ъ а з ы б е г. Хъазыбег. В е р æ. Верæ. А л л æ. Аллæ. Н и н æ. Чызджы ад дзы зонын. В е р æ. Цытæ дзурыс, Нинæ! Н и н æ. Нæ, нæ, уадз æмæ ,йæ зоной. Алексей. Бар мын ратт, уый тыххæй дьгн дыккаг хатт* райсон дæ къух. (Фемдзаст сты.) Хъазыбег (хуызистмæ). Аллæ, мæнæ дын мæ фыд, мæ- нæ уый та æз, уый та Алексей. Алл æ. Чи уæ кæцы у, уый куынæ базонон, уымæй тæрсыс?4 Æмæ м.ард фæци хæсты дæ фыд? (Нинæ йæм тарст каст фæ- кодта... Зын уавæр...) Алексей. Гыцци, нæ уазджыты мидæмæ акæнæм. Нинæ. Акæнут, акæнут, Верæ, фынджы куыст бакæн. Хъазыбег. Æвæццæгæн, артисты цардæй диссагдæр ницы ис зæххыл. В е р æ. Цæмæн дæм афтæ кæсы? X ъ а з ы б е г. Зонын æй. В е р æ. Куыд кæсын, афтæмæй театр бирæ уарзыс. Хъазыбег. О, æз дæр хъазыдтæн... Институты драмкъор- ды. Фæлæ сценæйы хъæуы курдиат! Уарзон чызджыты рольтæ арæх фæхъазыс, Верæ? В е р æ. Фылдæр ахæм рольтæ фæхъазын, фæлæ ныр мады роль хъаздзынæн. Хъ а з ы б ег. Мады? Уæдæ дæм бакæсын хъæудзæн! Æц- цæй нæ, Аллæ? А л л æ. Куыд дæ фæнды, афтæ. А л е к с е й. Цом, Аллæ. Бацыдысты Верæ, Алексей æмæ Аллæ. X ъ а з ы б е г. "Охх, Гыцци, куыд æнкъард кодтон æнæ дæуГ А л л æ (мидæгæй). Хъазыбег! Хъазыбег (фестъæлфыд, сонтæй). И? О, фæцæуын!... (Фæтæхы.) Æз... æз...ныртæккæ... 255:
А л е к с е й. Марадз, артист! Хъазыбег ацыди. Алексей æмæ Нинæ йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. Алексей (æрæджиау). Гыцци, дæхæдæг куыд фæзæгъыс, афтæ: бирæ — гуыбынæн, чысыл — зæрдæйæн. (Йе уæхсчытыл ын æркодта кæлмæрзæн.) Н и н æ. Алешæ... Де стипендийы капеччытæ... Хæргæ та цы кодтай? Алексей. Иумæ дын æй балхæдтам Хъазыбегимæ, Гыцци. Н и н æ. Цæй, уæ лæвар бирæ. Алексей. Гыцци, мидæмæ ацу, худинаг у уазæг чызг... уа- зæгæй... Н и н æ. Зæгъ-ма, мæ хъæбул, чи у? А л е к с е й. Дæ чындз. Н и н æ. Æз дæ уымæй нæ фæрсын. Чи у? Кæцон у? Алексей. Балаты чызг... Калакаг. Нинæ (æрæджиау). Æмæ рагæй цæрынц иумæ? А л е к с е й. Фаронæй нырмæ. Н и н æ. Æм<æ йæ ды дæр басусæг кодтай!.. А л е кс е й. О. Н и н æ. Æмбарын дæ... Æнхъæлмæ кастæ, цалынмæ мын æй Хъазыбег йæхæдæг фехъусын кæна, уæдмæ. Ал е ксе й. О. Нинæ (ныуулæфыд). Фыдæнхъæл фæдæ... А л е к с е й (фæкъуылымпы). Бирæ й-æ уарзы Хъазыбег. Н и н\æ. Чызг йæхæдæг т.а? Алексей. Гыцци, Хъазыбегæн адджын чи у, уый хъуамæ махæн дæр адджын уа. Н и н æ. Раст зæгъыс. Æрмæст мын сæхуыдтæг амондджын уæнт. Хъазыбег (ракаст). Гыцци, мæ хъустæ азæлынц, æвæц- цæпæн та Лешæ мæ фыдгой фæкодта... А-а, уый дын замманай кæлмæрзæн куы ис!.. Цæй, мидæмæ рацу, фынг дæумæ æнхъæл- мæ кæсы. Нинæ. Фæцæуын, мæ хур, фæцæуын, мæнæ ма дзаумæттæ «афснайон. А л е к с е й. Ацу, Гыцци, уыдон æз афснайдзынæн... Хъазыбег æмæ йæ мад уатмæ бацыдысты. Алексей дзаумæттæ æфснайы, рахызт Верæ. В е р æ (бирæ йæм фæкаст). Ау, ацы хæдзары иунæг сыл- гоймаг дæр нæй? (Исы тæбæгътæ скъаппæй.) А л е к с е й. А-а, уый ды дæ?.. Тæбæгъты дзыгъал-мыгъул :куы ссæуы, уæд уæлдай арфдæр бахъары лæгмæ, йæхи хæдзары кæй ис, уый. В е р æ. Цæй, цом, уыдон .æфснайæг уыдзæн. (Ацыд.) А л е кс е й. Цом. Цы кодтон, цæуыл сæрра вæййы мæ зæрдæ ацы чызджы уынгæйæ? Цыма йæ тынг рагæй зонын... Афтæмæй .256
йæ фыццаг хатт федтон. Цæмæндæр йæ фæлмæи ныхас ме уæнгты ахъардта. Алексей бацыд уатмæ, хъусы мидæгæй хъæлдзæг ныхæстæ, зард. Аллæйы кæлкæлæй худт. Хъазыбег æмæ Нинæ кафгæйæ фæзындысты. А л е к с е й. Хъазыбег, ныр та æз кафын Гыцциимæ. Ды Ал- лæ, Верæ кæнæ æндæр искæимæ каф. (Алексей Нинæимæ ака- фыд. Симынц. Нинæ бафæллад. Æрбадт.) А л е ксе й. Гыцци!.. Н и н æ. Ницы кæны, ницы кæны, Алешæ! Уый фырцинæй... Цу, цу, акаф... Хъазыбег (Верæимæ æрсимдта). Алешæ, Верæимæ ма иу зылд куы ’ркæнон, уæд.. .дæу мæт мæ нæй, фæлæ мын Аллæ мæхи сæрыхъуынтæ куы ныттона, уымæй тæрсын. Алешæ. Дæ сæрыхъуынтæй иунæг æрду фæхъæуыны бæ- сты æз Верæимæ сæдæ азы дæр фæсимдзынæн. (Байста чызджы. Асимдтой.) Хъазыбег (Нинæмæ йæхи баппæрста). Нæ, Гыцци, цы- фæнды куы зæгъай, уæддæр дзы нæхимæйæн æмбал нæй. Аллæ (худгæйæ %разгъордта). Хъазыбег! Хъазыбег! Æз бынтон дзæгъæлæй... Бахатьир кæнут... Нинæ (æрæджиау, фæлмæнæй). Цу, цу, кафут... Хъазыбег. Нæ фæлæ æртæйæ дæр иумæ асимæм. (Ху- дынц.) Аллæ. Сымах асимут, æртæйæ симæн нæй, сæ иу уæлдай у... Нин,æ Асимут, мæ хуртæ, асимут, æз уæм бакæсон, кæд- дæра куыд фидаут. (Фæсимынц.) Уæлдай... Нæ, мæ хуртæ, сим- ды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы. Симдзыстæм. Æмбæрзæн. ДЫККАГ НЫВ Нинæйы уаты. Стъолыл — хæрд, нозты уæлдæйттæ. Бæрæг у, ам хæрз ■æрæджы дзаг фынджы уæлхъус кæй бадтысты, уын. Аллæ (æрбацыд). Ацыд Алексей. Сахаты фæстæ æфцæгæй ахиздзæн, стæй Калак — мæ зынаргъ Тбилиси... Мæ мад æмæ мæ фыд уым, æз та... Тæхуды, дæуæй чи у, Алексей! Хъазыбег (æрбацыд). Автобусы арастмж уæддæр фæ- лæууыдаис... Аллæ. Æцæг æдылы дæ æви дæхи барæй афтæ дæрыс? Хъазыбег. Аллæ!.. Аллæ. Ферох дæ, æз... Абондæргъы уырдыг лæууын. Æмæ фæразын уыйбæрц? Хъзыбег. Бахатыр кæн, фербх мæ, дыууæ стут, уый. Мæ- нæ ма, дæ къух чернилæйæ сахуырст. Аллæ йæ къухы уæларммæ æркаст. 17 Хъайттаты Ссргей 257
А-гъа, лæппу уыдзæн, дæ армытъæпæй куы равдыстаис, уæдг; ын æнæ чызг хос нæ уыд. А л л-æ. Æм:ар сæ цы уæлдай ис? Цы фæци Нинæ? X ъ а з ы б е г. Аллæ, .æртыккаг мæй цæрыс йемæ, æмæ йæм Гыцци, зæгъгæ, никуы.ма сдзырдтай... Аллæ. Гыцци мады фæхонынц, уый та мын æфсин у. Ис- куыдæр ма чындзы зæрдæмæ йе ’фсин цыд? Кæнæ «æфсины зæрдæмæ чындз? Цы мæм кæсыс? Афтæ н.æу? Хъазыбег. Аллæ, афтæ мæм кæсы, цыма уый ды нæ- загътай. Ды иннæты хуызæн нæ дæ... Ды хъазгæ кодтай. Дæуæьг ахæм зжрдæ нæй... Аллæ. Æмæ зæрдæны дуар дзых нæу? Уадз æмæ мæ уый дæр ма уарзæд — нæ йæм фæхæрам уыдзынжн. Ды йæм куы- нæ хæрам кæныс, Алексейы дæуæй фылдæр кæй уарзы, уый тыххæй. Хъазыбег цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ Пæхи баурæдта. Цæй, цы ныхъхъус дæ? Хъазыбег. Алексейæн ныййарджытæ нæй, æмæ йæм кæд Гыцци хуыздæр цæстæй кæсы, уæддæр уымæн, æмæ йæхæдæг дæр сидзæрæй баззад кæддæр æмæ зоны, сабийæн мады рæв- дыд цы у, уый... А л л æ. Цæй, фæпысыра та у! Хъааæн ныхас зæгъæн дæр’ нал и?.. Хъазыбег.Дæ цæсгомыл бæрæг нæ уыди, хъазгæ кодтай,. уый. Цæмæн афтæ зæрдиагæй арханыс мæн мæ мадæй фæхи- цæн кæныныл? Уый йæ удæй арт цæгъды бинонты цард фидар- дæр кæныныл, ды та... А л л æ. Цы? Зæгъ æй ааххæст. Ницы дзурыс? Дæуæн дæхи мад у зынаргъ, мæнæн та мæхи мад. Æрмæст дæуæн дæ разы ис, мæнæн та... Афтæ æнхъæл дæ, мæн >нæ фæнды мæ мады уынын? Дæуæй та схуыст ныхас йедтæмæ ницы хъусын... Цьгма’ дæумæ дæр æмæ дæ мадмæ дæр æххуырсты æрбацыдтæн! Сы- махæн гæрстæхсæг дæн? Къустæхсæг? X ъ а з ы б е г. Де ’взаг та куыд батасыд уый зæгъын? Аллæ. Æмæ афтæ нæу? Мæхи мад мын мæ къух уазал доны атулын дæр иикуы бауагъта. Ам та... Цыфæндьг куыст куы кæнан, уæддæр «баулæф» ничн зæгъдзæн. Тагъд мын сывæллон кæй уыдзæн... Хъазыбег (йæ маст уромгæйæ). Уый дæр дын бар нæ дæтты мæнг дзурынæн... Æз хорз зонын мæ м.ады. Уы.й йæ уд. мæлæтмæ ратдзæн, цæйнæфæлтау дæу уæззау куыст кæньпг бауадза. А л л æ. Мæн рог куыст кæнын дæр нæ фæнды. Уый тыххæй’ нæ цыдтæн ардæм. (Кæуы.) Уайтагъддæр ,æй зыдтон, дæуæн æз: нæ, фæлæ дæ мад кæй у æппæтæй зынаргъдæр... Уый дæ рацæ- уын кодта Калакæй. Уый мæнæй дæр лæвар æххуырст саразын- мæ хъавы... 258
Хъазыбег. Банцай! Дæ зæрдæ та’куыд бакуымдта афтæ зæгъын? Аллæ! Мæ хур, баууæндын мæ кæн, хъазгæ кæй кæ- ныс, ууыл... Аллæ. Хъазгæ иæньш, уæдæ æцæг дзурын, фæлæ раст куы зæгъон, Хъазыбег, уæд дын нæма бамбæрстон дæ мады... Хат» тæй-хатт мæ кусын дæр нæ фæуадзы, мæхæдæг сæ афснайдзы- нæн, зæгъгæ, хаттæй-хатт та: «Кæд дын зын нæу, уæд афтæ акæн, уфтæ акæн.» Æрбаиыд Нинæ. Нæ йæ уынынц. Хъазыбег. Банцай! Ма мын æфхæр мæ мады. Кæннод дын... Н и н æ. Лæппу! Нæлгоймаг йæ хъару æндæр ран февзары! X ъ а з ы б е г. И-æхи аххос уыди. Н и н æ. Уый уæлдай нæу! Лæджы хуызæн лæг сылгоймагмæ йæ къу’х хъуамæ макуы сиса. X ъ а з ы б е г. Цытæ фæдзырдта, уый куы зонис!.. Н и н æ. Сæ зонын дæр мæ нæ фæнды. X ъ а з ы б е г. Гъемæ хæц, хæц йæ оæрыл, сдзырд æм ма бауадз! Куы йæм байхъуыстаис... Аллæ. Æндæр ма исты зоныс, загъд /æмæ фыдгой кæнын Ледтæмæ! Дохтыр, интеллигент! Зæрдæхæццæгæнæн! Фæлтау ма йын радзур, цæуыл аргъуыдтай ам? Æмæ цæй тыххæй, ба- .фæрс-ма йæ! Æцæгдзинад ,кæй загътон, уый тыххæй! Нинæ (бахудт сæм). Банцайут уæ дыууæ дæр. Исчи хæр- заг ма зæгъа, уе ’хсæн æцæг исты ис. X ъ а з Ы’ б е г. Гъемæ хæц йæ сæрыл. (Арахъхъы агуывзæ «ныххуыфыд».) Н и« æ (йæ агуывзæ йын раскъæфта). Зондджындæр дзы фæуыдзынæ? Æви тыхджындæр? X ъ а з ы б е г. Ныххатыр кæн... Н и н æ. Бафидаут ныртæкюæ! X ъ а з ы б е г. Æнхъæлмæ кæсæд. Аллæ (къæйныхæй). Хæцут мыл, фезгъорын хатыр курын- мæ. Хъазыбег. Дæ цæсгом бахæр! (Февзыста, Аллæ ныцъ- цъæхахст ласта, Нинæйы фæстæ амбæхст.) Н и н æ (Хъазыбегмæ). Фесæф мæ цурæй дард! Хъазыбег ацыд. Аллæ кæуьт. Ма ку, ма ку, мæ хур! Аллæ (цæссыг калгæйæ). Цыма йын фос дæн, уый богътæ мыл кæны. Æниу мæнæн куы уаиккой мæ мад æмæ мæ фыд ам... Фæлæ мæм æрцæудзысты... Нинæ. Æмæ цас тагъддæр æрцæуой, уыйас хуыздæр. Ный- йарæг мады ничи раивдзæи, Аллæ... Стæй мойы дæр афтæ. Аку, *аку, уый ницы кæны. Фæлæ кæрæдзийæн фыдæнæн митæ кæнын 259
нæ хъæуы. Лæг æмæ усы æхсæн зæгъдтытæй фылдæр цы вæй- йы? Аллæ. Уæдæ, дæумæ гæсгæ, мæ зонгуытыл æрлæууон дæ фырты раз? Иæ къæхтæ йын æхсон? Нæ, мæ хур, паддзахы за- ман нал у. Нинæ. Иæ къæхтæ йын æхсын нæ хъæуы, фæлæ йын йæхи иуæй-иу хатт змисæй куы ныххафай, уæд ницы кЗены, æмбарыс? Змисæй. Насхафæнæй нæ фæлæ! А л л æ. Ардæм куы æрцыди, уæд бынтон фендæрхуызон. Н и н æ. Уæдæ, æвæцщæгæн, æз дæр æнаххос нæ дæн, æмæ йыл ахъуыды кæндзынæн. Ссардзынæн, кæм фæрæдыдтæн, уый. Кæд æй ды зоныс, уæд мын æй зæгъ. Æви хæдзары хъуыддæг- тæй истæмж куынæ фæарæхсыс, уæд дын æй кæй ацамонын, уый дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Фæлæ гæнæн нæй, бинонты царды алцыдæр зонын хъæуы. Хъуамæ хорзæн дæр æмæ æвз/æрæн дæр фæразай. А л л æ. Æмæ гъе уый тыххæй фæцæуынц моймæ? Н и н æ. Уарзон адæймагмæ куы цæуай, уæд — о, уый тых- хæй дæр. Аллæ. Уарзондзинад! Уарзондзинад та циу? Зæронд чин- гуытæй ист аргъау. Нинæ (æнкъардæй). Уæдæ, æвæццæгæн, ды никуы уарзтай Хъазыбеджы. Аллæ цыдæр сцæйдзырдта. Нæ, нæ, уый дæу аххос нæу. Мæ лæппуйæн йæхи аххос уыд. Уый хъуамæ йæхæдæг ’бамбæрстаид... Аллæ. Уый раст нæу! Æз уарзтон Хъазыбеджы! Ныр дæр æй уарзын. Тынг! Фæлæ хъуамæ мæхи уа, æрмæстдæр мæхи! Æндæр никæйы! Ау, уый бар мæм нæ хауы? Зæгъ-ма! Н и н æ (сагъæсхуызæй). Æцæг уарзт фæкæнынц æрмæст- дæр иу адæймаджы. (Фæллад худт бакодта.) Æвæццæгæн дæм хауы ахæм бар, Алычкæ. Аллæ стъол æфснаны. Цу, цу, баулæф. Мæхæдæг сæ бафснайдзынæн. Дæ цæссыг- т,æ асæрф, уадз æмæ сæ мгчи фена æз æмæ дæу йедтæмæ. Аллæ ацыд. Нинæ æфснайы. Æрбацыд Хъазыбег. ХъазЫ’бег (расыгæй). Гьщци... Æз æгæр ратæвд дæн... Ныббар, фæлæ иæхи аххос уыди... Афтæ мын зæгъы... Н и н æ. Æз уæ никуы домдтон, уе ’хсæн цы ныхæстæ цæуы, уыдон мæнæн дзурыныл... X ъ а з ы б е г. Гыцци... Н и н æ. Фæлæуу! Æрыгон у нырма. Æрæмбардзæн йæхи... -^з ын исчи кæй нæ дæн, уый дæр <æм бахъардзæн. Хъазыбег. Нæ, нæ! Никуы! Уый агуыры æфсад дæр нæ басæтдзысты. Ахæм... 260
Нинж. Ды расыг дæ!.. Хъазыбег. Ра-сыг?! Иунæг хуыпп дæр нæ... Ард дын хæ- рьгн... (Цыма æвиппайды йæ нозт фæцыдæр, уыйау.) Кæугæ кæ- ныс? Чи дæ бафхæрдта? Аллæ? Кæм и, кæ?.. Æз æй ныртæккæ!.. уЕз ын ныртæккæ... Уе ’ппæты дæр фæсурдзынæн æз! Уый дæр, дæу дæр! (Æваст.) И? Уый та чи загъта? (Сонт зылд фæкодта дуары рдæм. Зæрдæсастæй.) Ничи!.. Ничи!.. Диваныл бахауд. Афынæй. Нинæ цавддурау лæууы. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ. Дыккаг нывы бынат та. Хъазыбег хъуыдыты аныгъуылд. X ъ а з ы б е г. Оу, мæнæ кæуыл худтæн, уыдон хал куыд ахордтон. Нæ зонын, нæ зонын. Йæ фыццаг æрбакъахдзæфæй фæстæмæ йæ удхæссæг федта м-æ мадæй... Цьша йын сывæллон у, уый ныхас кæны йемæ, хъæр, хъæлæба, фæстæмæ йæм дзу- ры... Æз та? Æз та дыууæ цæхæры астæу физонæг кæнын. Мæ мады сæрыл рахæцыдтæн, уæд иу мардæрцыд — загъд-замана. Ницы сæм дзурын, уæд та дыууæ мардæрцыды. Ехх, ацы сы- вæллон куынæ фæуыдаид, уæд æй... Цы>? Ницы. Уæддæр æй мæ бон нæ бауыдаид мæ зæрдæйæ стонын... Иæ цæссыгтæ йын куы фенын, уæд мæ зæрдæ фæцæйтоны, зулмæ мæм куы ’рбакæсы, уæд мæ хъару асæтты... Омæ йæ æз уарзгæ кæнын, фæлæ Гыц- цийыл та цы æрцыд, къæм абадын ыл цæуылнæ уадзы? Цæмæн ын бары?.. Цыма йæхи хъæбул у... Нæу, ницы оакæнын у мæ бон. Æви йæ ме ’намондæн афтæ бауарзтон? Уæд та мæ йæхæ- дæг куы нæ уарзид!.. Нæ зонын, нæ зонын. Иннæ уатæй рахызти Аллæ. Йæ лæгмæ «цы йын акæноны» цæстæн ба- каст. Аллæ (цыма уымæ нæ дзуры, уыйау æцæгхуызæй). Мæ цæрæнбонты тæргæйттæгæнаг моймæ фæбæллыдтæн! (Бакасти та йæм. Æндæр хъæлæсыуагæй.) Адæмы мыггаг лæгау хуыцау- бон хæдзары исты куыст бакæныны бæсты. йæхи ныддымсы æмæ... мæнг нæ фæзæгъынц: «Фæныкгуыз хохаг...» Хъазыбег. Байхъус-ма, быдираг, иу хуыцаубон мæ уæд- дæр фервæзьпн кæн дæ «лекцитæй». Сывæллоиы кæуын райхъуыст. Цы бадыс, марадз, фæкæс сывæллонмæ. А л л æ. Дæуыл дæр æууæндын. Хъазыбег мæсты цыд акодта. 261
Нæ зонын, нæ зонын. Цы ма йын æрхъуыды кæнон, куыд æй атонон ардыгæй? Кæдмæ фæразон ацы?.. Уæд мын фидарæй загъта: «Куы нæ фæцæуа дæ зæрдæмæ ам, уæд фæстæмæ ра- цæудзыстæм Тбилисимæ. Кæдмæ фæразон ацы?.. Нæу мæ бон æнæ мæхи ныййарджытæй цæрын. Фæлæ Хъазыбеджы ныууа- дзын дæр куынæ у мæ бон. Уый та йæ мады нæ ныууадздзæн. Ам уал сæ исты хуызы куы фæхицæн кæнин, фæлæ куыд? Иæ мад дæр цы мæрдтаг у! Цыма йын зæрдæ дæр нæй. Цыфæнды маст ын куы кæнай, уæдæр дæ уый рæвдауы-ныл сбæндæн вæй- йы. Нæ, ам, загъдæй ницы... Мадимæ хинæй... Хъазыбегимæ... Рæвдыд æмæ уарзондзинадæй... Хъазыбег рацыд. Аллæ йæм базгъордта, йæ бæрзæйыл ын ныттыхст. Хъазыбег, мæ зæрдыл цы ’рлæууыд, уый зоныс: иухатт Кала- чы фуникулеры æнафонмæ куы баззадыстæм... Хъуыды ма кæ- ныс, мæй бæрзонд сфардæг... Мах рестораны ’бадæм, уæларвон галуанты бадæгау, бынæй та нæм Калачы дуне цырæгътæ тæ- мæнтæ калыни. Хъазыбегæн йæ маст сæфын байдыдта. Ды мын фæцæй ба кодтай, æз дæ нæ бауагътон... X ъ а з ы б е г. Фæлæ дын уæддæр аба кодтон! Алла. Мæхæдæг! Гъæ, тæхуды, уырдыгæй ма ракæс! Ма дæ хæдзары м.æт уа, ма — сывæллоны. Хъазыбег. Цытæ дзурыс, Аллæ? Æмæ Вовæйы иу бахуд- ты аргъ куы нæ у дæ Калак æд фуникулер... А л л æ. Ахæм фыдуаг сси гъе уый дæр, ахæм, æмæ... Нинæйы хурхæй амардта... . X ъ а з ы б е г. Гыцци ахæмтыл ахуыр у. А л л æ. Нæ фæлæ цы, уый зоныс, Хъазыбег, нæ сывæлло- нæн фæкæоæг баххуырсæм. % Хъазыбег. Цы, цы?.. Аллæ. Нæ лæппуйæн, зæгъын, фæкæсæг баххуырсæм. X ъ а з ы б е г. Сывæллоны -м-æ мадæй хуыздæр фæкæсæг нæ хъæуы! Ал л æ. Дæ мад... дæ мад æгæр... сывæллон нал.у, т^еригъæд дæр ын нæ кæныс? Хъазыбег. Уымæй йын ма тæригъæд кæн. Гыцци схъо- мыл кодта мæн, Алексейы. Сывæллоны дæр схæсдзæн. А л л æ. Омæ зæронд у, рынчи’н... Хъазыбег ницы дзуры. Стæй мæн афтæ фæнды, цæмæй мæ сабийæн ахуыргонд фæ- кæсæг уа. Культурон! X ъ а з ы б е г. Ницы кæны, мæ мад кæд стыр ахуыргонд нæу, уæддæр... Аллæ. Цæй... Адæймагау демæ никуы баныхас кæндзынæ. :262
(Æндæр хъæлæсыуагæй.) Кæд хæрыс, уæд ацу, хæринаг стъо- лыл. Хъазыбег. Æххæст Гыцци æрбацæуа. Иумæ бахæрдзы- стæм. А л л æ. Æмæ изæрмæ куынæ æрбацæуа, уæд та? Хъазыбег (æрбатæвд). Райдыдтай та? Худинаг дæм куын-нæ кæсы? (Æваст фæфæлмæн уæвгæйæ.) Аллæ, мæнмæ гæсгæ, ды иу хъуыддагæй раст дæ. Аллæ. Хуыцауæй разы, æгайтма — иу хъуыддагæй. Æмæ цы у уыцы иу хъуыддаг? . X ъ а з ы б е г. Раст загътай, нæ сывæллоны фарсмæ хъуамæ уа культурон, ахуыргонд адæймаг, уымæ гæсгæ, цымæ хорз нæ уаид, ды изæры скъола каст куы фæуис æмæ институтмæ куы бацæуис, уæд? Аллæ. А-а... Уыцырдæм æй ныццавтай?! Хъазьгбег. О, уыцырдæм. Уæд м.æ мады дæр афтæ арæх нал уындзынæ. Стæй ахæм рæстæг дæр æрцæудзæн, æмæ æн- къард кæнын ’ба.йдайдзынæ æнæ уый. Аллæ (хынджылæгæй). Æмæ цы кæны? Раст зæгъыс. Бæ- гуыдæр ис афтæ бакæнæн. X ъ а з ы б е г. Аллæ! Цæй æмæ иу хатт баныхас кæнæм, хъомыл адæмæн куыд æмбæлы, афтæ. Галиумæ мæ’ма бамбар... Гыццимæ цы цæстæнгас дарыс, уый æдзух мæ; зæрдæмæ нæ цæуы: схуыст ныхас, зулкаст. Хорз, зæгъæм, сывæллонмæ куы æнхъæлмæ кастæ, уæд дын дæ алы къахдзæф кæй хъахъхъæд- та, уымæй тыхстæ. Фæлæ ныр та? Ау, æз куы цæфсæрмы вæй- йын, Гыцци стъолыл хæринаг куы февæры, йе фæсхæрд тæбæгъ- тæ куы фефснайы, уæд. Ды та æрыгон, æнæниз сылгоймаг куы дæ, уæд дæм худинаг нæ кæсы гъеуымæ æнцад кæсын? Аллæ. (дурзæрдæйæ). Цы ма зæгъдзынæ?.. X ъ а з ы б е г. Уымæй æбуалгъдæр та уый у, æмæ немæ фын- гыл куы фæбады, уæд дæ удæй арт цæгъдын байдайыс, цæмæй бамбара, æнæбары, æлгъгæнгæйæ, кæй бадыс йæ цуры, уый. (Паузæ.) Уæвгæ уый мæ аххос дæр у... Ныронг дын никуы ра- дзырдтон, мæ мад цы фыдæбæттæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрста,' уыдон. А л л æ. Раст у, æгæр мæстыгæр дæн. Æмæ афтæ æнхъæл дæ, уый мæхи аххос у, м.æ хорз цардæй у? Фадæттæ мын сараз, æмæ æз дæр... X ъ а з ы б е г. Фадæттæ?! Æмæ цы хъуаг дæ? Æххормаг дæ? Бæгънæг? Бæгъæввад? Аллæ. Ма хъæр кæн, сывæллоны хъал кæныс. «Бæгъæв- вад»! Æмæ афтæ .æнхъæл дæ, амонд æрмæстдæр уыдоны мидæг ис? Дæуæн циу, ды адæмы астæу кусыс, дæ зæрдæ рухс кæны, адæймагмæ куы фæзилыс æмæ дын куы сдзæбæх вæййы, уæд! Æз та? Цæмæй рухс кæна мæ зæрдæ? Авдæны хæцъилтæй? Къустæ, къоппытæй? 2ба
Хъазыбег. Уым-æй дæр та раст дæ. Цыма нын кæлæнтæ • счындæуыд... Аллæ (Хъазыбегæн хъæбыс кæны). Иу кæлæн дæр нын ничи скодта. Кæд скодта, уæддæр дзы фервæзæн ис. Ды бирæ уарзыс дæ мады, æз дæр æй... Æз дæр ын аргъ кæнын. О, аргъ ын кæнын. Гъёмæ йын, цæй æмæ фæтæригъæд кæнæм, зæронд у ныр, æмæ йæ мауал хъыгдарæм... Фатер баххуырсæм. Хъазыбег. Никæддæр! Кой дæр мын æй макуал скæн, хъусыс?! А л л æ. Æмæ дзы æвзæрæй цы ис? Афтæмæй хæстæгдæр уы- , дзыстæм, фьглдæр уарздзыстæм кæрæдзи. Науæд мæнæн дæр мæхи ахстон сбийыны бар нæй? X ъ а з ы б е г. Æмæ нын цæмæй æвзæр у ам? А л л æ. Гъемæ æмбисонды хорз дæр фæуæд. Фæлæ мæн хицæнæй цæрын фæнды, æмбарыс, хицæнæй! Кæд æз дæр мæ- хи равдисын базонин, æмæ мæ а фæстаг рæстæджы куыд ни- цæйаг хоныс, кæд ахæм нал уаин. Æрбахызт йæ базары хызынимæ Нинæ, бæрæг у, Аллæйы фæстаг ны- хæстæ кæй фехъуыста, уый. А-а, Гыцци, мах та дæумæ æнхъæлмæ кæсæм, ацы хуыцау- бон уæддæр бахæр махи»мæ сихор. (Æвæры тæбæгътæ.) Н и н æ, Бузныг, Алычкæ, хæрдджын дæн. Мидæгæй цыдæр гуыппытæ райхъуыст. А л л æ. Сьивæллонмæ бакæс. X ъ а з ы б е г. Дæуыл дæр æууæндын. Нинæ. Лæппу.. Нæ уыныс, Аллæйы не ’вдæлы. Хъазыбег ацыд. А л л æ. Уæддæр ма дæ ко.мм.æ кæй кæсы... Н й н æ. Дæумæ дæр хъусид, æгæр тызмæг æм куынæ дзурис, уæд. Иуæй-иу хатт ыл йе ’мгæртты цур дæр схъæртæ кæныс. Стæй йæм мæ цуры дæр æгæр къæйныхæй ма дзур. Зын ын вæййы... Аллæ (æваст, мæстыйæ). Кæд уæ хъыгдарьш, уæд ацæу- дзынæн, ацæудзынæн æндæр фатермæ, иунæгæй цæрдзынæн... Уымæ дæр ма сдзур, дæумæ дæр... Цыма мæ,уæ хуымы кæрон ссардтат... Н и н æ. Аллычкæ, цытæ дзурыс? Аллæ. Уый дын цытæ дзурыс!.. Нæ фæлæ дæ хъыгдарæм дыууæйæ дæр, æмæ... Хъазыбег (рахызт мæстыйæ). Гыццийы йас дур дæ акъуырæд, кæд де ’мгарим-æ нæ дзурыс!.. ; А л л æ. Сывæллоны иунæгæй ма уадз. Хъазыбег. Сывæллонæн дæ хъæр хуыссæджы хос у, афы- нæй та. 264
Аллæ. Мæстæй мæ марыс? Цæй, хорз, демæ ма аныхас кæндзынæн æз. Æз... æз... X ъ а з ы б е г. Худинаг у сыхæгтæй. Н и н æ. Ма йæ хъыгдар, уадз æмæ зæгъа, цы йæ зæгъын фæнды, уыдон иууылдæр. А л л æ. Нал уæ фæразын! Нал! (Алыгъди.) Стыр паузæ. Н и н æ. Абон дæр пост нæма уыд? Хъазыбег. Нæма. Н и н æ. Цæмæн æрæгмæ фыссы Алешæ писмо, ма фæрынчын уæд. Хъазыбег. Уанцон нæу, Гыцци... Н и н æ. Гъа, иу фæткъуы ахæр, стæй цу æмæ Аллычкæйæн дæр авæр. X ъ а з ы б е г. Кæм дын уыдис, Гыцци, æхца? ) Н и н æ. Куыд кæм? Мæ мызд райстон. Хъазыбег. О, хæдæгай, кусьш куы райдыдтай. Æмæ дæ дæ зæрдзе нал фæхъыгдары? Цыдæр фæлурс дæ, исты дæ рис- сы? Н и н æ. Нæ, нæ, мæ бон... X ъ а з ы б е г. Дæ хуыйынæгтæ дæр та демæ куы схастай. (Йæ усы сусæгæй.) Мæнæ дын дыууæ туманы, æмбæхсгæ сæ ба- кодтон мæ мыздæй, уый сæ нæ зоны. Гыцци, куынæ сæ айсай, уæд мын тьинг зын уыдзæни. Н и н æ (райста сæ). Бузныг... Сбад-ма мæ фарсмæ... (Пау- зæ.) Чи зоны, Аллæ раст у. Чи зоиы, .æцæг уыдзæн хуыздæр— хицæнæй цæрын... Хъазыбег. Ды... ды нын нæ ныхас фехъуыстай? Н и н æ. Фехъуыстон! Æз -мæхæдæг дæр бирæ хæттыты ахъуыды кодтон уыцы хъуыддагыл. Гæды ныхас циу — æнцон мын нæ уыдзæн æнæ сымах, æнæ Вовæчкæ... (Йæ къух Хъазы- беджы къухыл æрæвæрдта рæвдауæгау.) Ацæрут хицæнæй, мæ хур, ацæрут. Хъазьгбег (фæдызæрдыг). Æмæ уæд... Ды та? Н и н æ. Исты амæлттæй цæрдзынæн... Цы мын уыдзæн? Хъазыбег (фæгæпп ласта). «Исты амæлттæй!» Йæ мар- дæрцыд дæр гъеуый у. (Фидарæй.) Мæн нæ фæнды, исты амæлттæй цæрай, уый! Н и н æ. Аллæ смæстыгæр. Æдзух загъд кæнут. Мæн нæ фæн- ды, сывæллон уыи алы бон уæ хъæлæбамæ хъуса, уый. Цу, цу, Аллæйы басабыр кæн. Ма халут уæ амонд. Æрмæстдæр мын сымах амондджын ут. Хъазыбег (сонт зылд фæкодта). Амонд, амонд! Кæм ис амонд? Цæй-ма, æз дæу куы фæрсын: кæм ис амонд? Кæм ын и ссарæн? Нинæ. Царды!.. Царды ис амонд! Æрмæст æй агурын 265
хъæуы. Аразын. Хъыгаг у, ныронг уый бамбарын дæ боя кæГц нæ баци. X ъ а з ы б е г. Хорз мæ нæ зоныс. Н и л æ. Æгæр хорз дæ зонын, æмæ ды« тæрсгæ дæр уымæн кæнын. Хъазыбек Бæргæ, æз дæр дæ уарзон фырт Алешæйы хуызæн куы уаин, фæлæ кæм и? Раст загъта Аллæ... Н и н æ. Уæ дыууæйыл дæр бирæ фыдæбон кæнын бахъуы- ди... Хъазыбег. «Фыдæбон»! Мады фæллой!.. Ды хъуамæ мæ- нæн «бузныг» зæгъай, Калакæй дæу тыххæй кæй æрцыдтæн... Нинæ (сабырæй). Цу Вовæмæ, Хъазыбег... Цу, курын дæ... Хъазыбег ацыд. Ау, йæ удæй фылдæр цы сылгоймаджы уарзы, уый йæ сзы- гъуыммæ кодта? Ницуал æм’барын æз — хорз у мæ фырт æви æвз<æр? О хуыщау, куыд кæсын,, афтæмæй æппындæр нæ зонын мæ фырты... Дард, тынг адард мæнæй, куыд æрцыдаид ахæм бæллæх, куыд æгъдауæй адард мæнæй мæ хъæбул? Æрбацыд Алихан. А л и х а н. Дæ бон хорз! . Н и я æ. А-а, Алихан! Рагæй дын нал фехъуыстон дæ хъæ- лæс. Алихан. Æз дæр дын рагæй нал федтон дæ цæстытæ аф- тæ æнкъардæй... (Бакаст æли) Сагъæсæйдзаг та дын цæмæн сты? .. Н и н æ. Кæцы зæдæн бакувон, чи дæ æрбахаста дæ хæлары хæдзармæ? А л и х а н. Мæхицæн мын кув. Н и нæ. Депутат дæ куы равзæрстой, уæдæй нырмæ цал хат- ты æрбахызтæ ацы къæсæрæй? Алихан. Раст ды« куы зæгъои, уæд сæ нымайгæ нæ ба- кодтон, гъё фæлæ ма уæм фæндаг зонын. Н и н æ. Нæ фæлæ фæхъал дæ... Алихан. Уæдæ куыд .æнхъæл уыдтæ? Кæд цыфæнды хъал фæдæн, уæддæр, уыныс — æрбацыдтæн. Нинæ. Бузныг, Алихан. Стыр бузныг. Куыд æцæг хæлар уыдтæ Сергейæн, афтæ æцæг хæларæй баззадтæ. Фæлæ хуымæ- тæджы не ’рбацыдтæ... . Алихан. Æнхъæлдæн æмæ халонау де уæны кæсыс, Ни- нæ. (Паузæ.у Дæ фырт æмæ дæ чындз ам цæрьшц, демæ? Н и н æ. О. Алихан. Мæ къуымых фарсты тыххæй хатыр... Цæрут, хæрут иумæ? 1 Н и н æ (æрбамæсты). Гъеуыимæ та кæй цы хъуыддаг ис? А л и х а н. Мæн. (Паузæ.) Иу-цалдæр боны размæ дæ чындз уыди дрокуратурæйы .æмæ фарста: куыд ахицæн уæвæн ис дæ- 266
уæй? Стæй куы ахицæн уой, уæд дын дæ фырт цас фиддзæн æх- ца? Н и н æ. Худинаг! Фæлтау мын мæ мардмæ куьг æрбацыдаис... А л и х а н. Дæхиуыл фæхæц. Нинæ, зындзинæдтæн фæразы- ныл дæ ахуыр кæнын куынæ хъæуы. Н и н æ. Гъы, æмæ цæуыл ахицæн?.. Алихан. Цæуыл хъуамæ ахицæн уа? Раст гъеуыцы бонты мæнмæ дæр, депутат куыд дæн, уымæ гæсгæ писмо æрбацыд... Йе ’рбарвитæджы цæмæндæр нæ «бафæндыд йæ ном раргом кæ- нын, афтæмæй фыссы, цыма дæ д.æ фырт æмæ дæ чындз сæхи- цæн кусæг сарæзтой, цыма дын æппындæр ницы æххуыс кæ- нынц... . Нинæ, Чи ныффыста уыцы æбуалгъ писмо? Алих-ан. Дæ цард дын хорз чи зоны æмæ дæ тынг«бирæ чи уарзы,х ахæм адæймаг, æвæццæгæн. Мæ уынаффæ дын — кæд сæ нæ фæнды демæ цæрын, уæд сæ ауадз æмæ ацæрæнт, куыд арæхсыцц, афтæ... Н и н æ. О, фæлæ. кæй зæрдæйæ? Алих’ан. Ахъуыды кæн дæхи зæрдæйыл. Ма тагъд кæн ингæнмæ. Цы хуызæн сдæ, уымæ ма бакæс. Н и н æ. Цас фидын, дам, ын бахъæудзæн, и? Цæмæй зоны, æгас дунейы хæзнатæй хъæбулы иунæг рæвдыд зынаргъдæр кæй у ныййарæгæн. Цæмæй зонынц, æгас дунейыл дæр ахæм мад кæй никуы ис, йæ хъæбулы фæлмæн ныкас фехъусыныл йæ уд чи нæ раттид. Алихан. Æвæццæгæн, иуæй-иу хъæбул ахæм ныййарæджы уарзты аккаг «æу. Нинæ. Нæ, нæ! Ахæм дурзæрдæ нæу м,æ хъæбул! Ды йæ хорз нæ зоныс... Куыд сæ ауадзон? Куыд сæ атонон мæхицæй? Куыд цæрдзынæн? Мæ зæрдæ куы аскъуындзæн æнæ Вовæ... А л и х а н. Уæлладжырмæ цæугæйæ, хъæугæрон фæндаджы был фондз цырты федтаис. Н и н æ. Федтон. А л и х а н. Уыдон Хъалæгаты Хангуассæйьг фондз фырты сты, хæстæй нал сыздæхтысты, æмæ сын сæ мад цыртытæ ныс- сагъта. Æмæ ма бафæрс, искуы йын исчи йæ цæссыгтæ федта? Æви уымæн æнцон уыди? Уымæн æппындæр куы нал сты, дæ- уæн та!.. ■ > Нинæ. Чи зоны, раст у... Чи зоны, раст дæ, Алихан... Æз ахъуыды кæндзынæн. Алиха н. Гъемæ хорз. Цæй, æз та уæ абæрæг кæндзынæн! Н и н æ. Бузныг. Ма нæ рох кæн. А л и х а н (æцæгхуызæй). Зын у, фæлæ бацархайдзынæн. Нин-æ. Фæндараст... Чи зоны, раст у Алихан... Чи зоны... Чи зоны... Æрбацыд расыгæй Хъазыбег. X ъ а з ы б е г. Ныртæккæ мæ Алихан бафхæрдта. Æвзæр 267
фырт, дам, дæ. Цы ми кодта ам? Цæмæ æрбацыд? Свидани йын уыди демæ? Н и н æ (Хъазыбегмæ бацыд æмæ йын йæ уадул ныццавта). Æнаккаг! X ъ а з ы б е г. О, æнаккаг дæр æз! Уе сæфт мæ федтат иу- уылдæр, гъемæ хорз, æз ацæудзынæн, хур уыл скæсæд æнæ мæн. Æз бынтондæр ацæудзынæн. (Ацыд, йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта.) А л е к с е й (æддейæ), Хъазыбег! Кæдæм цæуыс? Фæлæуу- ма, Хъазыбег! Нинæ, дзой-дзойгæнгæ, бацыд, сынтæгыл уæззау бадт æркодта. А л е к с е й. Гыцци, кæдæм фæтæхы Хъазыбег? Цæхæртæ куы калы. Цы æрцыд ам? Нинæ. Раздæр ма уал мын дæхæдæг ратт дзуапп: цæмæн дæ ам? Цæмæн ныууагътай дæ ахуыр? Алексей. Командировкæйы мæ æрæрвыстой, Гыцци. Н и н æ. Сайыс, Алешæ! А л е к с е й. Æцæг зæгъын, Гыцци... (Фæлæ сайгæ кæй кæ ны, уый йыл зыны.) Н и н æ. Равдис-ма дæ фæндаджы гæххæтт. А л е к с е й. Табуафси! (Писмо йæм дæтты къонверты.) Н и н æ (писмо бакаст йæхинымæр). Чи дæм æй ныффыста? А л е к с е й. Нæ зонын. Фæлæ, æвæццæгæн, йæ риуы зæрдæ кæмæн ис, ахæм адæймаг. Н и н æ (Алешæмæ йæ къухтæ бадаргъгæнгæйæ). Цæмæн ныууагътай мæн тыххæй дæ ахуыр, Алешæ? Алексей. Ды «тыххæй» нæ дæ, Гыоди... Ды мад дæ... Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ Дыккаг нывы декораци. Хæдзары дзаумæттæ æндæр бынæтты æвæрд. Къуымы фæзынди чертежгæнæн стъол. Уат сыгъдæг æфснайд. Нинæ цыдæр хуыйы къа.хæйзилгæ машинæйæ. Æрбацыд постхæссæг. П о с т х æ с с æ г. Цыдæуы уæм? Н и н æ. Цыдæуы, цыдæуы, нæ уацхæссæг. Постхæссæг. Дæ бон хорз! Писмо дæм. Н и н æ (тарстæй). Ноджыдæр та?.. Постхæссæг. Нæма фæцахуыр дæ алыбон писмо^исы- ныл? Уыцы уац дыл куы рацыд, ома уырыссаг сывæллонæй дæ- хицæн лæппу скодтай, зæгъгæ, уæдæй нырмæ, дыууæ къуырийы дæргъы постæй ардæм хицæн фæндаг скодтон. (Писмо йæм дæтты.) Табуафси. (Нинæ йæм тарстхуызæй йæ къух бадардта.) Тæрсгæ ма кæн, мæнæн хорз къух ис. Фылдæр амондджын ха- бæрттæ хъусын кæнын адæмæн. 268
Н и н æ (писмо халы). Дæ фæллад уал суадз... Ныртæккæ дæ истæмæй хорз фендзынæн. Постхæссæг (бады). Фæллад суадзын дæр хорз у. Н и н æ (писмо бакаст æмæ бандоныл йæхи æруагъта.) Ко- валева... Æгасæй баззад? Фервæзт? Постхæссæг. Цы кодтай, Нинæ? Н и н æ. Цавæрдæр сылгоймаг мæ куры, цæмæй йын, куыд амал ис, афтæ тагъддæр фехъусын кæнон, Алешæ кæд æмæ куыд æгъдауæй æрбахауди мæ къухтæм. Уымæн дæр фесæфти хæсты йæ лæппу... Зæрдиагæй куры, Алешæ гыццылæй ист кæм у, ахæм къам. Постхæссæг. Æмæ йыл цы дис кæныс? Иннæ писмоты дæр дæ куырдтой уый. Цал æмæ цал азы рацыд уыцы фыдбы- былызы хæстæй, фæлæ ма уæддæр агурынц; чи йæ сывæллæт- ты, чи йæ ныййарджыты... Н и н æ. Диссаг — уæдæй нырмæ кæм уыди ацы писмо? Æр- кæс-ма, дæс боны размæ куы ссыд ардæм... Постхæссæг. Æмæ-гъа, кæд мæ хызыны къуымы искуы... фæлæ нæ зонын... Н и н æ. Ковалева... Уый у... уый у... Мæ зæрдæ йæ зоны... Алешæйы мад... (Кæуы.) Уæд та дын цы зæгъон, Верæ, мæ уды тæригъæдæй!.. Постхæссæ г. Уæу-уа, уæу-уа, Нинæ! Афтæ хорз нæу. Н и н æ. Чи йын загъта, мæ цард мын сызмæнт, зæгъгæ? Чи йын загъта, æз æмæ Алешæйы тыххæй газетмæ ныффысс, зæгъ- гæ? Постхæссæг. Хуыздæрæн æй бакодта. Уый арфæ у. Н и н æ. Дзæбæх арфæ мын ракодта! Мæскуыйы кæй ай- у.ъуьгст йæ ном, хорз актрисæ у, эæгъгæ, уый йæ фаг нæ уыд æмæ ма дзы фыссæджы ном дæр цæмæй а.йхъуыса, уый дæр æй бафæидыд... Ныр цы кæнон?.. Ныр цы кæнон?.. Постхæссæг. Цы гæнæн ма дын и? Иугæр Алешæйæн йæ ныййарæг -мад кæм фæзынди, уым хъуамæ цин кæнай, кæу- гæ -нæ фæлæ. Нинæ. Цин? Æнæ фыртæй дæр дзы æз аззайдзынæн, цин дæр æз кæнон? Постхæссæг. Дæхи тыххæй кæугæ акæн, уыцы усы тых- хæй та — цин. Цæй, мæнæн цæуын афон у... Н и н æ. Дæ хорзæхæй, макæмæн ма мацы зæгъ. Постхæссæг (сæрыстырæй). Писмоты сусæгдзинад хъахъхъæд у закъонæй. (Ацыд.) Н и н æ (ноджыдæр та акасти писмо). Ковалева... Мария Павловнæ... Æгас... Æгас... Æгас у Алешæйы мад... Ковалева... Цымæ куыд фæкæсдзæн Алешæмæ?.ГÆрра лæн, куыд æм хъуа- мæ фæкæса? Ныййарæг! (Ахъуыды кодта. Йæ цæсгомыл цины нысантæ фæзынд.) Фервæзти, мæ хъæбысы йæ уд... Цы стыр амонд у! Куыд цин кæндзæн Алешæ!.. Æмæ мæхæдæг та? Нæ, нæ, Алешæ мæн уынджы къæйыл нæ ныууадздзæн.. .Науæд йæ- 269
хæдæг... Ног та хауæццаг фæуа... (Хъæрæй.) Нæ, н,æ! Уый гæ- нæн нæй. Æз нæ зонын иу Мария Павловнæйы дæр, нæ зонын,. æ-м-æ мæ йæ зонын дæр нæ фæнды. Мæнæн Алешæйы мыггаг у Бæройтæй. О, о, Бæройты Алексей. (Æвиппайды фæсабыр, стæй тыххæй райхъуыст йæ ныхас). Цы кæнон? Цы ма бакæнон ныр? (Къулмæ бацыд æмæ тагъдгомау уырдыгæй Алешæйы къаж рафтыдта.) Æрбацыд Верæ. В е р æ. Нинæ, цæмæн æй æфтауыс, цæ? Нинæ (тызмæгæй). Чи зоны, мæ хæдзары хицау мæхæдæг нал дæн... Æмæ м,æ цы фæнды, уьий кæнын дæр нал у мæ бон?' (Райста хуызист æмæ йæ æмбæхсы.) Верæ. Нйнæ, цы «одтай? Нинæ, æнæ дзургæйæ, рацу-бацу кæны. Мæсты мæм дæ? Цæй тыххæй? Н и н æ. Цæмæн мын байстай мæ фæстаг цин? Цæмæн мыл ныффыстай газетьи? Алешæйæ мæ æнæ хай цæмæн фæкодтай?* Верæ. Цæй-ма, цы хабар у? Ау, цы ис æвзæрæй уым, æмæ^ дын дæ диссаджы хъару, дæ фæлмæнзæрдæйы сгуыхтдзинад дзыллæтæн кæй радзырдтон? Н и н æ. Чи дæ дзурæг кодта? Верæ. Æнæнхъæлæджы рауад уый, фæлæ дзы мæнæн фæс- мойнагæй ницы ис. Спектаклы фæстæ нæм æрбацыдысты мæс- куыйаг журналисттæ. Æз сын радзырдтон, дæумæ куыд цард- тæн, цы ныййарæджы роль хъазыдтæн, уый хуыздæр цæмæй: бамбæрстаин, уьимæн мын цас феххуыс дæ цард, дæ диссаджьг эæрдæ... Уыдон мæ ракуырдтой, цæмæй сæм ныффыстаин дæу тыххæй, æмæ «ыффьгстон. Гъеныр уым æвзæрæй цы ис? Зæгъ- ма мын æй! Н и н æ. Кæсгæ. (Писмо йæм дæтты.) В е’р æ (бакаст писмо). Мæнæ цы амондджын дæн! (Цин кæ- ны.) Уымæй хуыздæр ма цы уа! Æгас у Алешæйы мад! ÆгасГ Мæ уацхъуыд сын баххуыс кодта сæ кæрæдзи ссарынæн. Мæнæ цы амоидджын дæн! Мæнæ цы амондджын дæн! Н и н æ. Æз нæ ратдзынæн Алешæйы. Уымæй æнæ хай нал ?)æуыдзынæн, фæлæ мæнæ дæуæй фæдæн æнæ хай... Бузныг... #а? цæссыгтæ ныхъуыргæйæ.)- Гъеныр æмбарын байдыдтон, Алиханмæ писмо чи ныффыста Хъазыбеджы тыххæй, уый дæр æмæ, Алешæйы Калакæй чи ’рцæуын кодта, йæ ахуыр ын чи ныууадзын кодта, уый дæр... В е р æ. Уымæй нæ фæрæдыдтæ — æз сæм фыстон. Н и н æ. Ды? В е р æ. Æз. Æмæ дыл уымæй цы зиан æрцыд? Дæхимæ æф- х^ерд уæддæр нал кæсыс... Н и н æ (куыдфæндыйæ). Ныууадз мæ мæхи бар, Верæ. Æмæ ма мын кæд иунæг æртахы бæрц аргъ кæиыс, уæд ацьг 270
дшсмойы тыххæй никуы ницы зæгъдзынæ Алешæйæн. (Аскъуыд- ха писмо.) Верæ. Уый... уымæн æнæ зæгъгæ нæй... Уый æбуалгъдзи- над уаид!.. Н и н æ. Æз нæ ратдзынæн Алешæйы. Нæдæр дæуæн, нæ- дæр уыцы усæн. Стæй дæ зæрдыл бадар: ацы фырты дæр ма мын куы байсат, уæд æз мæхицæн цард аккаг нал скæндзы- нæн... В е р æ. Нинæ... Н и н æ. Фестæм нæ ныхас... (Верæ ацыд. Нинæ йæ хуыйæн машинæйы раз æрбадт, мийыл фæлвары, фæлæ йæ къух нæ тасы.) Æмæ кæд дзæгъæлы тыхсын, уæд та? Кæд æрмæстдæр иу .мыггагæй сты, уæд та? Нæ, Алешæ хорз хъуыды кæны, йæ мад Мария кæй хуынди, уьий... (Асагъæс кодта.) Мария... (Ду- ар æрбахости.) Мидæмæ! Æрбацыд Мария Павловнæ. Мария Павловнæ. Бахатыр кæнут. Уæ бонтæ хорз. Н и н æ. Æгас цу! (Æвиппайды.) Ды Ковалева дæ? Мария (фестъæлфыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.) Ковале- ва?.. Цавæр Ковалева? Н и н æ. Охх! Мæнæ куыд фæтарстæн!.. Мидæмæ рахиз, та- буафси. Мария. Сымахмæ мæ сардыди, фатеры, дам, дæттут иу уат. (Куынæ йын сразы уой, цыма уымæй фæтарсти.) Бирæ рæстæг нæ. Æрмæстдæр цалдæр боны. Æз ам командировкæйы дæн. Уæ горæты фысымуæтты та бынат нæй. ’ Н и н æ. Чи дын загъта, æз уат фатеры дæттын, уый? М а р и я. Мæиæ уæ дуармæ иу дзæбæх æрыгон чызгыл ам- бæлдтæн. Н и н æ. Верæ! Ам дæр та — уый?! М а р и я. Дзæбæх дæ не ’мбарын... Н и н æ. Ис ахæм адæм, æмæ дæ фыдбылызы æппардзæн, йæхæдæг та афтæ æнхъæл вæййы, цыма дын хорздзинад кæны... М а р и я. Уый мæнæй зæгъыс? Н и н æ. Цы чызг дыл амбæлд, уымæй. Мæнмæ царди кæд- дæр. Уый афтæ фæнды, цæмæй æз мæгуыр цард ма кæнон. Ра- гæй нал дæттын ,æз мæ уат фатеры. М а р и я. Бахатыр кæн. Уый зонгæйæ дæ нæ батыхсын код- таин... Æвæццæгæн, æнæниз нæ дæ, нæ? Æз куы æрбахызтæн, уæд аæ цæсгом тынг афæлурс. Н и н æ. Фæтарстæн... Æви цин кодтон, мæхæдæг дæр æй нæ зонын. М а р н я. Тæрсгæ? Цæмæй? Н и н æ. Афтæ мæм фæкаст, цыма ды Ковалева дæ æмæ дæ фыртмæ ссыдтæ. М а р и я (куыннæ йыл фæгуырысхо уа, уый тыххæй). А-а, 271
гъо... Газеты йæ куы кастæн... Æм<æ уæд афтæмæй цин та цæ- уыл хъуамæ кодтаис? Нинæ (джихауæй хъуыды кæны). Ковалева куы ссыдаид, уæд? Уый цинаг нæу? Иæ ныййарæг мад фæзынди... М а р и я (æнæнхъæлæджы). Бузныг!.. Нинæ (фæгуызавæ). Цæй тыхх<æй мын арфæ кæныс? М а р и я. Удаист дæ фæкодтон. Фæхæрзбон уал у! Нинæ. Махм,æ баззай. Ныр ма куыд?.. Кæдæм-ма фæцæу- дзынæ? Кæд дæм ам хорз фæкæса, уæд... М а р и я. Мæнмæ алцыдæр, алцыдæр фæкæсдзæн хорз... Н и н æ. Гъе уæдæ уæд кæрæдзи базонæм. Мæн хонынц Ни- нæ. М а р и я. Мæн та... Еленæ Федоровнæ... Н и н æ. Гъе афтæ, гъе... Æз дын уат ацæттæ кæнон, Еленæ Федоровнæ. (Ацыд.) М а р и я. Мæ зæрдæ м,æ риуæй ратоны... Нæ мæ ’базыдта... Гъе уый та уын мæ хъæбулы схæссæг, æмбисонды сылгоймаг... Тæрсын, мæ ф’æзынд æй мæрдтæм куы барвита, уымæй, цæмæ ссыдтæн, уый куы вазона, уæд... Фæлæ мьш мæхиуыл та чи батыхсдзæн? Чи мын фæтæригъæд кæндзæн? Чи мæ бамбар- дзæн? Нæ, нæ, ницæуыл ;мæ фæнды хъуыды кæнын «ыртæккæ, мæнæ мæхи Алешæйы куы фенон... (Къулыл Сергей æмæ Хъа- зыбеджы къамтæ ауыдта, тагъдгомау сæм бауад, кæсы сæм.) Нæ, ацы лæппу мæхи Алешæ н>æу... Кæд ам цæры, уæд йæ къам цæуыннæ ис къулыл? Мæ цæсты кæронæй дæ уæддæр куы фе- нин, ’мæ ахсджиаг хъæбул! Цал азы дæ фæцагуырдтон! Ссард- тон дæ! (Къулы сахат цъыкк-цъыкк кæны.) Куыд æрæгмæ зы- ны! Æнхъæлдæн æмæ ныртæккæ сæрра уыдзынæн!.. Æрбацыд Нинæ. Н и н æ. Нæ мæгуырдзинады тыххæй ныл ма фæхуд, æнæ сæрыхицауæй цæрын, лæппутæн та лырма сæхицæн æххуыс хъæ- уы. М а р и я. Дæ кæнгæфырт, .æнхъæлдæн, институты ахуыр кæ- ны, нæ? Н и н æ. Бон кусгæ кæны, изæр та — ахуыр. М а р и я. Дæ хистæр фырт та, кæд иæ рæдийьш, уæд дох- тыр у. Н и н æ (æвæндонæй). Уый ам нæ цæры. Уымæн йæхицæн бинонтæ ис. Алексей (æддейæ). Изæры-ма-иу рацу, æз дын мæ ног куыст фенын кæнон. Мария Павловмæ фæ^удыдта, тарвазыл баицон кодта, куы ахауа, уымæй тæрсгæйæ. Н и н æ. Цы кодтай? Мария. Хæдтæхæджы фæтахтæн, æмæ... Мæ сæр цъилау зилы. (Йæхи уатмæ бахызт.) 272
Æрбацыд Алексей. Алексей. Гыцци, дæ бон хорз! Кæд ма дæ истæмæн хъæ- ’ уын, уæд мæ фервæзын кæн æххормаг мæлæтæй. Нин æ. Сихорæн дын цы æхца ныууагътон, уыдон цæуын- нæ ахастай? Ал е ксей. Хуыцауæй дын ард хæрын: ферох мæ сты. Ни-нæ. О хуыцау! Æнæхъæн бон æххормаг!.. (Æрæвæрдтæ йын фынг, Алексей зæрдиагæй хæры. Мария Павловнæ сæм дуа- ры аууонæй кæсы сусæгæй.) ч Алексе.й. Фараст бирæгъы хуызæн сæххормаг дæн ацы бон. Цыма æнæхъæн дыууиссæдз азы хъарм хойраг нæ федтон. Мария (сабырæй). Ныртæккæ æрхаудзынæн... Мæ бон нæ- бауыдзæн... (Фæаууон.) Н и н æ. Нæ мын тæригъæд кæныс, Алешæ, æппыадæр мын нæ тæригъæд кæныс! (Тæбæгъ æвæры.) А л е.к с ей. Гыцци, ма загъд кæн. Ныртæккæ æнæхъæн къуы- рийы фаг -бахæрдзынæн. Н и н æ. Хæргæ, хæргæ, мæ бон. Хæлар дын уæд. Æз та аф- текмæ ныууайон. А л е к с е й. Дæ зæрдæ та дæ хъыгдары? (Сагъæсхуызæй.) О, хæдæгай, цæмæн та ацыдтæ абон кусьшмæ? Ныха’с куы ба- кодтам, мæ бынаты мæ куы фæуæлдæр кæной, уæд æрмæст хæ- дзары кæй архайдзынæ, уый тыххæй. Н и н æ. Мурдæр мæ ницы риссы, Алешæ. Æрмæст мæ хуыс- сæг «æ ахсы. А л е к с ей. Æри-ма ардæм дæ рецепт. Мæхæдæг ныууайдзы- нæн афтекмæ. Н и н æ. Нæ, нæ, ды .ахæр. Уæлдæфмæ мын æнцондæр вæййы^ (Фæцæуы. Раздæхти.) Уазæг нæм ис, Алешæ, иу дардбæстаг. Фысымуæтты бынат мæй, æмæ... Дæ чертежтæ куы аразай, уæд та-иу хъæрæй ма зар... А л е кс е й. Æгайтма мын æй фехъусын кодтай. Кæннод мæм абон зарын тынг цæуы. (Хъазгæйæ.) Фæлæ иугæр афтæ кæм у, уым мæ зарæгæн йæ хурхыл бахæцдзынæн. Н и н æ. Табуафси, сабыргай зар... Нæ дуармæ куььæрбахæц- цæ уон, уæд ’дæм æз дæр байхъусдзынæн... (Ацыд.) Алексей стъолы цур æрбадт, чертежгæиæн дзаумæттæ райста. Верæйы къам систа æмæ иæ йæ размæ æрæвæрдта. Алексей. Салам, Верæ! Дæ гастрольтæ кæй фесты, уый тыххæй дын арфæ кæнын. Гъеныр та æвæстиатæй ардæм згъор- гæ, хъусыс? Тæхуды æмæ куы зонис, куыд æхсызгон мæ хъæуыс ныртæккæ, ахæм сахат, зын мын куы вæййы... Зын, тынг зын мын у, Верæ... Иуæй заводы ныффæллайы лæг, иинæмæй экза- ментæ æрхæстæг сты... Фæлæ архайын хъæуы... Хъæуы!.. Уы- мæ гæсгæ бавдæл, æмæ мæ кусын уадз... (Къам иуварс авæрд- та, чертеж кæнын байдыдта. Бакасти та йæм.) Куыд рæсугъд у 18 Хъайттаты Сергей 273
дæ мидбылты худт! Цæй, цæй, ма мæм кæс, ма мæ хъыгдар... ^(Сабыргай зары): Нæ бæрзонд урс хæхтæ, нæ цъæхгауыз кæмттæ, Хæууон хуры тынтæм цæхæртæ куы калут. ;У.æд куыд æгомыгæй фæкæсут мæ уарзтмæ? гКуыд нæ уæм фæхъары мæ сагъæс, мæ зарæг? Мария (дуарæй кæсы, лæппу йæ нæ уыны). Алешæ!.. Алексей: Мæ уаты рудзынгæй сусæгæй, хуыснæгау, И,æ алы фæзындм.æ -æнхъæлмæ фæкæсын. .Мæ сонт зæрдæйæ йы.н мæ хъæлдзæг зардæй чСæрдыгон æхсæвты йæ буц ном фæмысын. "Мари я. Цы чындæуа? Куыд ын фæдыууæ дихы кæнон йæ зæрдæ дыууæ мады ’хсæн (Фæаууон.) Ал е ксе й: Куы ’рбамбырд вæййынц нæ сыхы чызджытæ, Æмæ дæ мидбылты рухс хурау куы схудыс, Гъеуæд мæм фæкæсы, цыма уый мæнимæ, Æрмæстдæр м.æнимæ сусæгæй фæдзурыс. Верæйы къамæн аба кодта. Авджы састы дзыгъал-мыгъул райхъуыст -мидæгæй. Алексей фæгæпп ласта. Дуарæй разынд Мария Павловнæ. Алексей (къæмдзæстыгæй). Райхъал дæ кодтон? Ныббар мын, «æрбайрох мæ... Мария. Уый ды... бахатыр кæн... Агуывзæ асастон... Дон ма мын авæр... Дæ хорзæхæй... А л е к с е й. Ныртæккæ, ныртæккæ! (Æрбаскъæфта йын дон.) Цыма цæуылдæр тыхст дæ? М а р и к (агуывзæ фæстæмæ дæтты). Бузныг... Ал’ексей. Нькббар мын, «дæ бон хорз» дæр дын нæ загъ- тон... Иучысыл тæрсгæ дæр фæкодтон... Чертежимæ архайгæйæ, ^ъуыдытыл фæдæн. ’ М а р и я (йæ мидбылты худы). Не ’ппæт дæр уыдыстæм æрыгæттæ, Алешæ... Алексе й. Мæ ном дæр мын зоныс? М а р и я. Дæ мад мын .æй загъта. А л е к с е й. Уый зæгъдзæн. М а р и я. Ды... Тьшг æй уарзыс? Алексей. Искуыдæр ма мады нæ фæуарзтæуы? М а р и я. Бæгуы... бæгуыдæр, ’бæгуы... (Катайгæнгæйæ.) Уæ- дæ мын афтæ куы загъта, цыма дæ ныййарæг мад хæсты за- ман фесæфт. , Алексей (æнкъардæй). О... Бресты фидары... Мæныл аст азы цыди уæд... Мæ зæрдыл ма лæууы, куыд æй амардтой, уый... Æз хъæр кодтон, куыдтон, фæлæ мæ,цæмæндæр цæссыг 574
нæ хауди... Æвæццæгæн, фыртæссæй... Ахæм зындоны арт сыгъ- ди, ахæм, æмæ... М а р и я. Гъеуый ма дæ зæрдыл лæууы, мæ хур? (Фæкъуых^ цы). Хъуыды ма йæ кæныс, Алешæ? А л е к с е й (Марияйы ныхæстæ йæхирдыгонау бамбаргæйæ)щ. Дæуæй дæр исчи фæмарди уæд? М а р и я. О. Паузæ А л е к с е й. Бахатыр кæн, æз институтмæ бауайон. Истытæ’ уал архай. Гыццийы дæр ныртæккæ ардæм хъæуы. (Фæцæуы.) М а р и я. Цу, цу, Алешæ. (Марияйæн иуцасдæр йæ бон сдзу- рын нал у.) Мæ дидинæг кæйдæр цæхæрадоны байрæзти... Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ, Хъазыбег кæм æрцард, уыцы хæдзары цæхæрадон. Быруйы æдде—- уынг. Мидæгæй зыны къул. Рудзгуытæ, дуар. Бæлæстыл гамак тыгъд. Тро- фимовнæ Вовæйы фынæй кæны Трофимовнæ: Ахуьгсс, цæй, мæ гыццыл карк, Ды та, халон, алйдз тагъд! Тæрхъус .нæм æрбацæудзæн, Вовкæйы нæ ахæсдзæн! Доны был æм фæлæуут, Вовкæ уырдæм фæцæуы!.. Хæдзарæй хъæлдзæгæй рацыдысты Аллæ æмæ Зиф. А л л æ. Утæппæт чингуытæй иу дæр кæронмæ бакæсын мæ- бон нæу. Уый æмæ дын, цы хуынди, уьщы чиныг... О, «Адæм иууылдæр зиæгтæ». Катæ æмæ йæ уарзон Тони бæгънæгæй хъарм ныхæстæ куыд кодтой!.. 3 и ф. Нæ зонын. Нæ йæ кастæн. (Цымыдисæй.) Диссаджы чиныг у, зæгъыс, .нæ? Аллæ. Ахх!.. 3 и ф. Æм’барын дæ... А л л æ. Дæ къух дæр мацæмæуал бакæн, хъусыс, Зиф, æмæ йæ æвæстиатæй кæронмæ бакæс. Нæ, нæ! Кæроимæ нæ. Уым дæр бирæ лакъон-макъонтæ ис! Æз чиныгæн йæ дзæбæхты, йæ дзаджджын бынæттæ ссарыныл фæцахуыр дæн. Иннæтæ иууыл- дæр дзæгъæл сæнттæ сты. * 3 и ф. Раст — мæ халдих! Æниу сæ дзаджджынтæ йедтæмæ иннæтæ кæй хъæуынц! (Хъæрæй худынц.) Трофимовнæ. Бирæ хорз чингуытæ ис дунейыл. Фæлæ 275
*орз сты, кæсын сæ чи зоны, уыдонæн. Алы адæймагæн дæр Æазонæн ис, цы чиныг кæсы, уымæ гæсгæ. 3 и ф. Ды дæр зоныс кæсьгн? Аллæ. О, махæн нæ няня ахуыргонд адæймаг у, интелли- гент! 3 и ф. Мæнæ диссаг! Уæдæ йæ æз куынæ зыдтон. Трофимовнæ (Зифы æлхыскъ кæны). Æвзæр чиныг дæр ;иуæй-иу æвзæр æмбалæи уæлдай нæу адæймаджы халынмæ. 3 и ф. Æгъа, æгъа, уæдæ! Аллæ. Дæ разы сывæллоны хъахъхъæн! Хъæндил кæнæ :йæм æндæр исты хилæг ма сбырæд. Троф-нмовнæ. Хъæндил... Хилæг... Зæххыл хилджытæ *бирæ ис. (Чызджытырдæм бакæсгæйæ.) Бирæ... А л л æ Цæй, цæй, .æз бирæ дзурын кæ уарзын! Кæд сывæл- лон бафьинæй, уæд хæдзар афс-най. Зиф, хъусыс, »ауылты-иу ра- цу. Ма дæ ферох уæд кино — фондз сахаты æмæ æрдæгыл. 3 и ф. Æмæ Хъазыбеджы билет та? Аллæ. Уый районмæ цæуы. Фæлæ уæдмæ зындзæни. .3 и ф. Хорз. Фенынмæ уал, Трофимовнæ! (Ацыд.) 'Аллæ мидæмæ бахызт. Трофимовнæ. Фенынмæ, фенынмæ. Цыма мæ хъæуы? Дæу куы фенон. Машинæны хъæр æрбайхъуыст. Æрбацыд шофыр. Ш о ф ы р. Дæ райсом хорз, нæ мады хай! Трофи-мовнæ. Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд. Ш о ф ы р. Дохтыр Бæройы-фырт ам цæрыг Трофимов1нæ. О, ам. Ш о ф ы р. Дæ хорзæхæй, бадзур-ма йæм, районмæ цæуииаг уыд министры хæдивæгим’æ. Машинæ йæм æнхъæлмæ кæсы. Трофимовнæ. Ныртæккæ. (Мидæмæ бауад.) Ш о ф ы р. Бузныг. (Иуварс ацыд.) Фæзындысты Верæ æмæ Алексей. В е р æ. Мæнæ дын уый сæ галуантæ. А л е к с е й. Дардæй сæ зонын, бæргæ... В е р æ. Æ>мæ дæ хæстæгмæ чи нæ уагъта? Алексей (амоны йæ зæрдæмæ). Мæнæ ам чи ныддур, уый. В е р æ. Æмæ уый. æфсымæры уарзт у? Алексей. Куынæ йæ уарзтаин, уæд æм мæсты дæр нæ уаин. В е р æ. Уымæй не сраст кæндзынæ дæхи... Кæй зæгъын æй хъæуы, ды, дæ бон цы у, уый кæныс уæ мадæн... ’ Алексей. Мур дæр ницы кæнын, мæ хæс цы у, уымæй уæлдай. В е р æ. Æфсымæр та былæй дæр ахауæд, -нæ? 276
А л е к с е й. Мæ бон ын нæу ныббарын... В е р æ. Уарзаг зæрдæ бараг у. Алексей.Омæ ма дæ цы фæнды? Куыд бадзырдтам, аф- -тæ æрбацыдтæн... Баныхас кæндзыстæм... В е р æ. «Кæндзыстæм» <нæ, фæлæ кæндзынæ. Мæнæн аив нæу æфсьшæрты астæу мæхи тъысеьгн. Алексей. Гъемæ хорз. Чидæр сæ рацæуы. Ацу уал. Æз афæлвардзынæн... Верæ фæаууон. Алешæ йæ фæстæ кæсы. Рацыд Хъазыбег. Паузæ. Хъазыбег (Алексейы шофыр фæхуыдта). Цæй, кæм и дæ машинæ? Цом... (Алешæ раздæхт.) А-а, уый ды... Ал е ксе й. Æз. Паузæ. Хъазыбег. Куыд фæрæдыдтæ? Алексей (йæ цæст ахаста йæ алфамбылай). Æвзæр нæ цæрыс. Хъазыбег. Цæрын. А л е к с е й. Фатеры мызд бирæ фидыс? л ’ Хъазыбег. Фидын. А л ексей. Бирæ? X ъ,а з ы б е г. Мæ мызды æмбис. Цæй ма, мауал мын лас мæ зæрдæйы уидæгтæ. Алексей (зарæгау). Уидæгтæ, уидæгтæ, зæрдæйы уидæг- тæ... X ъ а з ы б е г. Куыд у... Гыцци? Алек.сей. Гыцци? Дæс ,æмæ йыл дыууиссæдз азы оæх- хæст... X ъ а з ът б е г. Кæд? А л е к с е й. Куыд «кæд»? Ау, æмæ йæ нæ зыдтай? Цыдæр дын ,куы бавæййы. Хъазыбег (æрæджиау). Ферох мæ. А л е кс е й (йæхинымæр дзурæгау-зарæгау). «Ферох...» «Фе- рох...» Уæдæ Гыцци, ^аз нæ, ф.æлæ ыг цы мæй, цы бон æмæ са- хат райгуырдтæ, уый дæр хорз хъуыды кæны. Хъазы’бег. Дæс <æмæ дыууиссæдз азы... Æрбацыд Аллæ. А л л æ (Алексейы ауынгæйæ). Нæ мæ уырны, Алешæ мах кæрты ис, уый! Алексей (хъазгæмхасæн). Ау, æмæ мæн куы бауырныд- та, мæ чындз æмæ ме ’фсым.æр нæхи кæрты кæй нал сты, уый... Хъазыбег. Алешæ! Ныууадз!.. Дæ алы ныхас дæр... А л е к с е й. Туасы рæхуыст. Ал лæ. Фыддæр. Алекхей. Мæ дзæбæх чындз, мæ ныхас уал ме ’фсымÆри- мæ у... 277
X ъ а з ы б е г. Кæд т.а нæ мады кой кæндзынæ, уæд дын ра- гацау зæгъьш, æз æнæ дæу дæр мæ мады фæллæйттæ цæмæй бафидон... А л е к с е й «Уыйбæрц æхца исын» зæгъыс? Хъазыбег. Мæ мад ницы хъуаг у: пенси исы, æз дæр ы’н æрвитын æхца. у : А л е кс е й. «Æхца»! «Ницы хъуаг у»! Ау, æмæ дæхицæн дæ чысыл саби куы скæуы, уæд дæ цæссыгтæ куы æркæлынц, куы дæм бахуды, уæд фырцинæй куы скафые, афтæмæй куыд никуы ахъуыды кодтай, дæ фæлмæн ныхас цас цин уаид нæ мадæн, ууыл? Хъазыбег. Цæй, æгъгъæд, æгъгъæд! Нал уæ фæразынуе ’ппæтæй дæр. Аллæ. Цæй, цы хабар у? Цы дзы агурут, уый æргом зæ- гъут. А л е к с е й. Æз ницы. Мæн фæнды, цæмæй нæ рынчын ма- ды ма рох кæна. А л л æ. Хъазыбег хирург у... Зæрдæйы дохтыр нæу. Хъазы’бег. Аллæ... А л е к с е й. Ис ахæм низтæ, æмæ дзы хатгай хирурджы цыргъ карды бæсты фæхъæуы хъæбулы рæвдыд ны-хас... Куыд ферох кодтай?.. 1 X ъ а з ы б е г. Цы ферох кодтон? Алексей. Æндæр мацы фæуæд, фæл.æ мæлæтдзаг рынчы» куы уыдтæ... X ъ а з ы б е г. Æмæ мыл дохтыртæ сæ къухтæ куы ауыгътой. Алексей. О. Ауыгътой! Фæлæ мады зæрдæ зыдта, мады зæрдæ домдта, цæмæй ды цæрай! Уый мулкыл дæр «æ бацауæр- ста, .æмæ дæ цы горæты нæ балæууын кодта, ахæм нал баззади. Дыууæ азы дæргъы дæ цурæй ничердæм ацыди. Цас/ цæссыг фæкалдта сусæгæй дæ уæлхъус!.. Хъазьгбег. Алексей!.. Алексей. Бауадз. мæ мæ тыппыртæ суадзын, дыууæ азы сæ фæурæдтон. Дæуæй ферох сты, цал æнæхуыссæг æхсæвьг. арвыста, æз æмæ дæуæн зæрдæтæ .æвæргæйæ... А л л æ. Омæ ныр уый дæр йæ цæссыг кала?.. Алексей. Æз афтæ æнхъæл дæн, ды мæ тынг хорз æмба- рыс... А л л æ. Цы ’мбарын? Алексей. Ау, афтæ куы фæзæгъыс, æнæ дæ ныййарджы- тæ цæрын ’дæ бон нæу! Афтæ куы фагзæгъыс, дæ ныййарджытæ Калачы дæ уындмæ бæллынц, уæд куыд æнхъæлыс, мах ный- йарæджы риуы зæрдæйы бæсты дур ис? Уый нæ фæнды йæ’ хъæбулы уынын? Æви нын кæддæр нæ мад цы æмбисонд æр- хаста, уый дæумæ дæр хауы? ’Хъ а з ы б ег. Ныууадз, Алешæ, ницæмæи æй хъæуы .уыцы рагон таурЗегъ! А л л æ (ницы æмбаргæйæ). Цавæр æмбисонд? 278
Алексей. Нæ, нæ! Уадз æмæ йæ збНа. Æнæкæрон уарз- тæй, дам, уарзта мад йæ фырты, фырт та ахæм æнæкæрон уарзт кодта йæ усы... Уæд, зæгъы, иу бон ус йæ лæгмæ дзуры: «Æз дæ уарзондзинадыл баууæнддзынæн æрмæстдæр уæд, æмæ дæ /мады куы амарай æмæ мын йæ зæрдæ куы æрбахæссай». Амард- -та фырт й-æ мады, дунемæ йæ чи рауагъта, номы, рæсугъддзи- :над, зонд æмæ’йын хъару чи радта, уыцы ныййарæджы. Иæ лæппу асинтыл куы ’рцæйхызт, уæд фæкалд, иуварс ахаудта ма- ды зæрдæ .йæ къухæй æмæ йæ фыртмæ дзуры: «Дæхи нæ ныц- цавтай, мæ хъæбул?» Гъеуый та уын «мады зæрдæ... Аллæ. Æцæг диссаджы æмбисонд у, фæл,æ махмæ цы бар дары, æххæст ма нын уый дæр зæгъ. Алексей. Æз цы зæгъинаг уыдтæн, уый загътон, мæ зы- иаргъ чындз «æмæ мæ уарзон æфсымæр. Хъуыды та йыл сымах акæнут. (Ацыд.) Хъазыбег æмæ Аллæ цавддуртау лæууынц. Ш о ф ы р (оыруйы сæрты æрбакаст. Иæхинымæр). Адон цæ- -уынвæнд нал кæнынц æви? (Фæаууон.) Машинæйы уасын æрбайхъуыст. Аллæ. Цæй, цæй! Дæхимæ хъусыныл ма фæу! Ахæм дис- , еагæй дзы ницы ис. Кæд,г мыййаг, æцæг у æхцахъуаг, уæд ын с фылдæр арвитдзыстæм. (Машинæйы уасын.) Хъазыбег (йæ бынатæй змæлгæ дæр нæма фæкодта, ,, джихæй). «Фылдæр æхца». Хъазыбег никæмæ фæкаст, афтæмæй араст æмæ фæаууон. Машинæ аивгъуыдта. Аллæ гамакмæ бацыд æмæ херы кæны. Уыцы рæстæджы фæ- зыпди Трофимовиæ. Т р.оф и м ов н-æ. Æз дæуæй куы уаин, уæд уыцы хызыл нæ . хъеллау кæнин... Алл« (йæ херы фæуагъта). Уæдæ цæуыл? Трофимовнæ. Ауындзæныл. Аллæ (гамакæй рагæпп ласта). Цы? Цы загътай? Иу хатт • ма йæ зæгъ! Трофимовнæ. Цы фехъуыстай, уый загътон. Нæ дын ; ныббардзæн хуыцау, дæ лæджы йæ ныййарæг мадмæ цæуын кæй нæ уадзыс, уый. Цавæр уарзондзинады маргæй йын сарыд- тай йæ зæрдæ? Адæймаджы хуызæн куынæуал у. Цыма дæхæдæг ныййарæг мадæй нæ райгуырдтæ, цыма ныййарæджы дзидзи нæ 1 бададтай... Калм!.. К^алм дæр калм, æмæ ды дæр калм!.. Аллæ. Фесæф, фесæф, зæронд!.. Фесæф, усбирæгъ! Т р о ф и м о в н æ. Мæхæдæг дæр дæм уымæн раздæхтæн,— мæнæ дæ куатæ айс! (Фехста йын йæ куатæ.) Аллæ.’Нняня, няня! Цавæр у! Хъазгæ кодтон æз. Т р о ф и м о в н æ. Иуварс! Ма мыл æндзæв! . Ал.л æ (тынг лæгъстæйæ). Ныббар мын, Вовычкæйæн уæд- 279
дæр фæтæригъæд кæн, уый дæу не ’ппæтæй тынгдæр уарзы, Трофимовнæ (бирæ фæкаст, Вовæ кæм фынæй кодта, уыцырдæм, рацæуы). Ехх!.. Аллæ. Трофимовнæ, дæ мыздыл дьш бафтаудзынæн. Сау- куыстæй дæр дæ фервæзын кæндзынæн. Троф-и-м овн-æ. Фервæзын мæ кæн дæхицæй! (Ацыд.) Аллæ. Няня! Няня! (Дуар ныггуыпп ласта.) Цымæ ахæм æнамонд цæмæн фæдæн!.. Æмбæрзæн ÆХСÆЗÆМ НЫВ Рынчындон. Хъазыбеджы кусæнуаты раз бæласы бын — бандон. Алихан æдде бады æмæ газеты кæсы, бæрæг у, кæмæдæр кæй æнхъæл- мæ кæсы, уый. Хъазыбег (æрбацыд). Алихан куы дæ! А л и х а н. Алихан, мæ мад, мæ фыдыстæн, Алихан! Дæ кæд- дæры ахуыргæнæг. Хъ.азыбег. Цы хур, цы къæвда?.. Ма фæры-нчын у? А л и х а н. Хуьщауæй разы, низæй хызт дæн. Тамако куы нал дымын, уæдæй нырмæ цыма раст ног райгуырдтæн. (Лыстæг æм. кæсы.) Хъазыбег тамако дымы. Фæлæ мæнæ ды... X ъ а з ы б е г. Раст зæгъыс, Алихан, <æз тынг дымын. Уæл- дайдæр та а фæстаг р.æстæджы. Цом мæ кабинетмæ. Нырма кыртæккæ сыздæхтæн районтæй. Æвæццæгæн мæ рынчынтæм кæсын нал хъæудзæн, æмæ аныхас кæнæм... А л и х а н. Кæд гæнæн ис, уæд... Мæнмæ ам хуыздæр кæсы... Хъазы’бег. Гъемæ ам дæр фæуæд. Сбад. Алихан. «Сбад, сыст, дæ урок радзур»... Афтæ-иу кæддæр æз дзырдтон дæуæн, хъуы-ды мг кæныс? Ныр та... Хъазыбег. Царды рад, царды рад, Алихан. Рæстæг рæс- тæджы ивы, адæм—адæмы. Иуныхасæй, заманты цалх зуыгъ- зуыгъ кæны размæ. Алихан. Æмæ йæ ничи бауромдзæн; Хъазыбег, уымæй раст зæгъыс... (Паузæ.) Афтæ... Рагæй мæ ис демæ иу ныхас... Зæгъ-ма мын, Хъазыбег, цы дыл æрцыд? Раздæр ахæм дурзæр- дæ куы никуы уыдтæ? (Тыхстæй.) Ныр а фæстаг дыууæ азы дæргъы ды цы митæ кæныс, уыдон бамбарынæн ницы амал арын. Институт каст нæма фæдæ, афтæ ус ракуырдтан, дæ ный- йарæджы нæ бафарстай... Уый фæстæ дæ хæдзарæй рацыдтæ. Уальгнмæ дæ млдæн æхца фидыны хъуыддаг тæрхон.доимæ рад- тат... Ныр дзы ^арзы талынгты лидзыс... 280
Хъазыбег. Уыдон иууылдæр, ды куыд .æнхъæл дæ, уымæй зындæр равзарæн сты... Алихан (тызмæгæй). Цæй, цæй! «Зын равзарæн». Зынæй дзы ницы ис! Æрмæст- дæ... Цыбыр дзырдæй, дæ бинойнаг дæ цъыфдзасты ныссагъта... Хъазыбег. Ныббар, Алихан. Ау, уарзын дæр та фыдра- конд у? Ал.ихан. Уарзондзинад калмау къæхтыл куы тыхса æмæ йæ фæстæ маргæйдзаг фæд куы уадза, уæд, о — фыдраконд. Хъазыбег (сыстад). Цы дзурыс уый?.. Алихан (фидарæй). Сбад! Нæма фæдæн... Раст ныхасæй алидзынмæ хъавыс? Хъазыбег. Лидзгæ нæ, фæлæ цæугæ! Ацæудзынæн! Ацæу- дзынæн ардыгæй! Бынтондæр! Алихан. Афтæ æнхъæлыс, дæхицæй кæм бамбæхсай, ахæм бынат ис зæххыл? (Чысыл паузæ.) Хъазы’бег. Алихан, æз... Алихан. Хъус! Ды зын операци куы фæкæныс, уæд дæ мад рынчындоны алывæрсты фæзилы катайтæгæнгæ. Æмæ, дæ рын- чын куы фервæзид, æндæр хуыздæр ницæмæуал фæбæллы. Дæ бинойнаг та..* Хъазыбег. Цæй, хорз! Æз сывæллон нал дæн, мæхи цард саразынма^мæхæдæг сарæхсдзынæн. Алихан. Хорз бамбæрстай цард. «Æз», «мæхи цард», «мæ- хæдæг»! Араз дæ цард, уарз дæ усы, куыддæриддæр дæ фæнды, афтæ, фæлæ, дæ сæрыл худ кæй дарыс, уый дæр ма рох кæн! Тæккæ абон бацæут дæ мадмæ, хатыр дзы ражурут уæ ницæй- йаг миты тыххæй «æмæ цæрын райдайут, адæмы мыггаг чи у, уы- донæн куыд æмбæлы, афтæ. Гъе уый дын мæ фæстаг ныхас, дæ фыды хæлары мыхас. (Сыстад. Фæцæуы, æрлæууыд.) Хъусыс, Хъазыбег. Иæ ныййарæг -мады чи нæ уарзы, уый никæй бауарз- дзæн... (Ацыди.) , Хъязыбег (æнæзмæлгæйæ бады. Бынтон æрæджиау). Чи зоны, ,раст зæгъы Алихан... Ау, ахæм амондмæ æнхъæлмæ каст мæ мад? Р а я (рахызт). Схæццæ дæ, Хъазыбег? Æгас цу! Хъазыбег. Бузныг. Исчи мæм æнхъæлмæ кæсы? Р а я. Абон ссæудзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ никæй ныффыстон. Фæлæ уæддæр цалдæрæй бадынц. Хъазыбег. Гъемæ хорз. Цом. (Фæцæуы мидæмæ.) А л л æ (æдде). Хъазыбег!.. Хъ а з ьгб е г (Раяйы фæстæ). Ныртæккæ фæцæуын, Рая. Аллæ. Билеттæ райстон киномæ. Цом, байрæджы кæндзы- стæм. Дыууиссæдз минуты йедтæмæ нын нал и. Хъазыбег. Уый хыгъд ма кусгæ боны кæронм,æ ис саха- тырдæг. Аллæ (чиныг рафæлдах-бафæлдах кæны). Нæ фæлæ мæ нал уарзыс. Нæ? 281
Хъазыбег. Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын: уыцы фарстæнг мæ дзуапп дæттын алы бон дæр хъæуы? А л л æ. Нагъ. Абон нæ хъæуьг. Абон мын æрмæстдæр уыцьр сахатырдæг балæвар кæн. (Билеттæ æвдисьи) Мæнæ-ма кæс,, байрæджы кæндзыстæм. X ъ а з ы б е г. Мæ бон нæу. А л л æ. Уæдæ йунæгæй ацæудзьшæн æз. X ъ а з ы б е г. Куыд дæ фæнды, афтæ, Аллæ, ’рьгнчынтæ мæм æнхъæлмæ кæсынц. А л л æ (фæлмæн æм бахудт). Хъазыбег, цыдæр æхгæд-зæр- дæ сдæ, мадзура. Æввахс мæм нал цæуыс. Иу судзгæ ба нæ,. фæлæ дæ рæвдауæн ныхас дæр нал хъусын. X ъ а з ы б е г. Æндæр бынат не ссардтай ахæм ныхæстæ кæ- ньгнæн? А л л æ. Гъемæ мæ цæв, гъе уый тыххæй, гъа... Фæлæ дæ нæ хæдзары дæр куынæ фæнды мемæ ныхас кæнын. Хъазыбег (йæхиуыл хæцгæйæ). Абон дын зæрдæ æвæ- рын... Алл æ. Ницуал дын.æмбарын. Фыццаг нæ æнæ загъдæй цæ~ рын дæ мад хъыгдардта. Фæлæ ныр та? Ныр та дæ цы хъыг- дары, хъæлдзæг цæмæй уай æмæ мæн рæвдауай?.. . Хъазыбег. Аллæ, иу хатт ма дын зæгъын — рынчынтæ* мæнмæ æнхъæлмæ кæсынц. А л л æ. Згъорын, згъорын, науæд Вовæ иунæг у. X ъ а з ы б е г. Куыд иунæг? Цæмæ у иунæг? Трофимовиæ кæм ис? Аллæ. Нæхимæ дын æй радзурдзынæн!.. (Дуаргæронæй, йе ’взаг ауагъта.) Изæ.ры... бафидаудзыстæм, нæ?.. Æнæ æвдисæ- нæй... Хъусыс, Хъазыбег, »æнæ æвдисæнæй... (Ацыд.) X ъ а з ы б е г. Рая, ракæн рынчынты! Рая (æрбацыд). Ничиуал.дзы ис. (Ацыд.) Хъазыбег (сагъдауæй баззад). Ничиуал... Диссаг нæуГ (Сахатмæ кæсьи) Раст бакодтой, дохтыр Бæройы-фырт. Уыдон бынаты уæвгæйæ, ды дæр раст афтæ бакодтаис. (Йæ халат ра- ласта.) Р а я (æрбазгъордта). Хъазыбег! Иу лæппу машинæйы бын- мæ бахауд... Ахæм уæззау цæфтæ у, æмæ... Машинæ дæм æн- хъæлмæ кæсы дуармæ, мæнæ адрис... Хистæр дохтыр куры... X ъ а з ы б е г. Нæ мæ æвдæлы... Р а я . Хъазыбег!.. Дыккаг хирург операци кæнынмæ ис, æр- мæстдæр дæуæн у дæ бон... X ъ а з ы б е г. Нæу... Нæу мæ бон... Æрæджы кæнын нæхи- мæ. Дохтыр Крылов къæсæрыл фæзынд. Рая ацыд. Крылов. Мæн нæ уырны, уыцы ныхас ды загътай, уый. Хъазыбег. Æз æй дыккаг хатт дæр зæгъдзынæн. Мæч 282
кусгæ <5он фæци, æмæ никæйы ’брн.у мæн рынчындоны бауро- мын. , .. * ; Араст, Крылов къæсæрыл йæ размæ æрлæууыд. Мæ хæдзармæ ацæуыны бар мын ис, æппынфæстаг, æви нæй? К р ы л о в. Нæй! Хирург Бæройы-фырт, ды ныртæккæ сбад- дзынæ машинæйы æмæ ацæудзынæ сывæллоны фервæзын кæ- нынмæ. Гъе уый у ахæм сахат, æмæ хирургмæ дæр æмæ æцæг адæймагмæ дæр цы иунæг бар хауы. Хъазыбег. Æмбал Крылов, ды хистæр дохтыр нæ дæ, æмæ мыл дæ бон нæ цæуы. Æви кæд парторганизацийы секре- тарь кæй дæ, уый дын ахæм бар дæтты, уæд æз партион нæ дæн... Крылов. Дæ фыд уыди партион, æмбал Бæройы-фырт... Æмбарыс?.. Мæнæ ацы къухтыл амарди уæззау цæфтæй. Хъа з ы б ег. Цы?.. Крылов. Фырт фыдæн цырт у, фæзæгъынц...-Мæн нæ ба- фæндид ахæм цырт мæ ингæныл... Хъазыбег. Æмбал Крылов... К р ы л о в. Скæн дæ халат, дохтыр Бæройы-фырт. Рая, ин- струменттæ-ма фен! Фæстиат гæнæн нал ис. Рая æрбахызт. Р а я. Машинæйы бьшмæ чи бахауд, уыцы лæппуйæн йæхи зербахастой. Аллæ (æддейæ тарст хъæр кæны). Вовæ!.. Вовæ!.. X ъ а з Ы’ б е г. Вовычкæ!.. Æнхъæлдæн, байрæджы кодтон... Æ^бæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД Æвдæм ныв. Ногæй та Нинæйы хæдзар. Уаты дзуамæттыл ма бафтыдн телефон. Стъолыл — алы минас. Изæр. Н и н æ (йæ мойы хуызистмæ). Афтæ, гъе, Сергей, дæс æмæ мыл дыууиссæдз азы агæпп ласта... Алешæйь) бафæндыд мæ- нæн бæрæгбон скæнын. Мæ гуырæн бон... Хъазыбег та мæм арфæ кæиынмæ дæр не ’рбацыд. Зы-н дын у, ацы ныхæстæ хъу- сын, нæ? Зонын æй... Ныццагъта телефоны дзæнгæрæг, Нинæ фæкуыддæр, дзæнгæрæг кæцæй у, уый нæ бамбæрста. Æрæджиау бацыд телефонмæ. Хъусын дæм. Чи дæ? А-а, Алихан?! (Цингæнгæйæ.) Фьщцаг 283
дзæнгæрæг дæр та дæуæй... Бузныг. Хъусыс, æнæ ’рбацæугæ ма фæу. Сергейы сы.къа дæумæ æнхъаглмæ кæсдзæн. Ницы кæ- ны, бануаздзынæ... (Æрæвæрдта хæтæл.) Хорз хæлар дын уы- дис, Сергей... Æрбацыд постхæссæг. П о с т х æ с с æ г. Де ’зæр хорз, Нинæ! Н и н æ (фестъæлфыди). Цы та у? Постхæссæг. Ныр дæумæ нæу. Ацы хатт уæ фатерьгба- дæг усмæ у. Абон райсомæй нырмæ тел уым лæууы. Уый йæм йæхæдæг хъуамæ ссыдаид. Кæд, зæгъын, тагъд хъуыддаджы тел у. Æмæ йын.æй æрхастон. Н и н æ. Ныртæккæ йæ ардæм хъæуы. (Фенцондæр ын.) Æ$ та, зæгъын, кæд мæнмæ у. Айфыццаг мæ куыд фæтæрсын код- тай... Дæ зæрдыл ма лæууы? Постхæссæг. Куыннæ ма! Æмæ дзæгъæлы куы фæтар- стæ... Н и н æ. Абад, фæлæуу æм. Кæнæ та йæ ам уадз. Ныр нæм- иу телефонæй дæр æрдзур, æмæ-иу нæхæдæг дæр суайдзыстæм.. Постхæссæг (дисгæнгæйæ). Телефонæй?! Нинæ. Алешæ мын ныр инженер у, æмæ мын мæ гуырæн бонмæ телефон балæвар кодта. Постхæссæг. Абон дæ гуырæн бон у? Цал азы дыл цæ- уы, уы.мæй фæрсын аив нæу, фæлæ дын зæрдæйæ арфæ кæнын. Н и н æ. Бузныг. Махæн алкæддæр æхсызгон вæййы дæ уынд. Постхæссæг. Æмæ йæ нæ зонын? Кæй дуар бахойын — профессорæй, дохтырæй, фыссæгæй — сæ алкæмæй дæр разы дæн... Нинæ (худгæйæ). Куыд дзурынц, афтæмæй, горæты пост кæмæ хæссыс, уыдонæн се ’ппæты цард дæр дæ фондз æнгуыл- дзау зоныс... Постхæссæг. Уымæй раст зæгъыс. Сæ цин дæр æмæ сæ хъыг дæр... Фæл-æ куыд кæсын, афтæмæй дæ фатерыбадæг тагъд не ’рбаздæхдзæн. Ды нын-иу æй ратт, дæ хорзæхæй. (Цалдæр телы систа.) Цы фæци, цы? Ковалева... Ковалева Мария Пав- ловнæ... Н и нæ (тарстæй.) Цы, цы? Чи у, зæгъыс? Кæмæ у тел? Ко- валевамæ? Цавæр Ковалевамæ? Махмæ иу Ковалева дæр нæй. Постхæссæг. Куьтд нæй? Æмæ алы бон дæр махмæ куы вæййы, посты. Раст сымахмæ куы æрцард, гъе уыцы бонæй фæстæмæ. Н и н æ (хъуыддаг бамбæрста). О, хæдæгай! % (Зæронд лæг куыд нæ фæгуырысхо уа, ууыл архайы.) Æцæг, æцæг! Мæнæн та кæдæм адзæгъæл мæ зæрдæ... Ковалева, уæдæ цы! Мария Павловнæ Ковалева. (Бауадзыг уæвынмæ йæ бирæ нал хъæуы.) Постхæссæг (хабар нæ бамбæрста). Æрдæбон æй дæхæ- дæг дæр куы æрымысыдтæ, йæ писмойы дæ Алешæйы хуызйст 284
куы куырдта. Иæ хабæрттæ нын иууылдæр фæдзырдта. (Тел хм дæтты.) Мæнæ гъе <ам дæ къух бафысс. Ни’нæ. Нæ, нæ... Мæ -бон нæу... йæхæдæг æм ссæудзæн постмæ. Æз ын зæгъдзьшæй... Постхæссæг. Уый гæнæн дæр ис. Хабуафси. Хæрзизæр. (Ацыд.) Н и н æ (сцоппай). Уый у!.. Уый у!.. Еленæ Федоро&нæ схуыд- та йæхи... Æнхъæлмæ кæсы иу фæзилæнмæ... Ц^емæй мын мæ- зæрдæ фæрæхойа... Мæлæтдзаг рæхуыст... О хуыцау! Æз таг сæрхъæн... Æз та йын мæ зæрдæйы æвæрæнтæ скалдтон... Цьг кæнон ныр? (Телефоны дзæнгæрæг. Нинæ хæтæл систа.) О. Кæй изæр у, уый хорзæх!.. (Бахудыныл архайы.) Бузныг, бузиыг. (Хæтæл æрæвæрдта.) Нæ хъæуы, нæ мæ хъæуы иу бæрæгбон дæр... Æз ныр... Мардæй уæлдай нал дæн... (Телефоны дзæн- гæрæг та цæгъды.) О. Æз... Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. (Цы дзуры, уый йæхæдæг дæр нæ зоны.) Бузныг. (Уæнгмардæй æруагъта хæтæл.) Цæй тыххæй мын арфæтæ кæнынц, цæ? Иу- нæг фырт дæр мьш кæй нал и, уый тыххæй? (Фырмастæлгъæ- дæй ницыуал æмбары.) Ис! Ис мын фырттæ! Сæ иуы дæр ни- кæм.æн ратдзынæн æз! Нæ ратдзьшæн!.. (Уаты къуымты та ра- уай-бауай кæны.) Æрбацыд Мария Павловнæ. М а р и я (уайдзæфгæнæгау). Фынг иунæгæй æрæвæрдтай?V Тагъд æрбаздæхдзынæн дын куы загътон. Н и н æ (тызмæгхуызæй). Еленæ Федоровнæ!.. М а р и я. Цæмæн мæм афтæ кæсыс? Н и н æ (фефсæрмы, иннæрдæм аздæхт). Бафæлладтæн... М а р и я (йæхирдыгонау æй бамбæрста). Хæринаг иунæгæйг кодтай? Хæдзары дæр, дуканитæм дæр дæхæдæг?.. Гъеныр дын худинаг нæу, мæнмæ-иу банхъæлмæ кæс дын куы загътон... Æгас бон уырдыг фæлæуу... Н и н æ. Æвæццæгæн, хæххон нæзы бæласау уырдыг лæу- гæйæ амæлдзынæн. М а р и я. Уæу-уа, Нинæ, абон дæ цины бон!.. Н и н æ. Дзæгъæлы æрымысыд Алешæ ацы бæрæгбон... Мария. Нæ, уый дзæгъæлы нæу! Хъæбул мадæн зæрдæл-- хæнæн куы кæна, уæд уымæй стырдæр амонд нæй. Æз ахæм хъæбулы... (Фæкъуылымпы.) Баууæнд мыл, дæ лæппу Алешæйы дын æз дæр бауарзтон, мад йæхи хъæбулы куыд бауарзы, аф- тæ. Нинæ (комкоммæ йæм кæсы.) Дæуæн тынг хæлар зæрдæ- ис, Еленæ Федоровнæ... Мадæн æцæг нæй стырдæр амонд хъæ- булы цинæй... Уырнгæ дæр мæ нæма кæны, Алеш.æ мын афтæ бахъомыл, уый. Телефон мьш сæвæрдта. Æ«иу мæ цæмæн хъæ- уы? Кæимæ дзы дзурдзынæн? М а р и я. Алешæйæн йæхиимæ... йæ куысты куы уа, уæд уыр- дæм кæнæ институтмæ... Æз та иу сахаты фæстæ цæугæ кæнын.. 285-
Н и н æ. Кæдæм? Бынтондæр? М а р и я. Дæ цинмæ фæлæууын мæ б.æргæ фæндыд, фæлæ ;гæнæн нæй. Ни«нæ (йæ цин дæр не ’мбæхсы). Хъыгаг у, тынг хъыгаг! М а р и я (æнкъардæй). Мæнæн дæр у хъыг... Н и н æ (аивæй). Æмæ иунæгæй... цæуыс? М а р и я. Иунæгæй. Ныртæккæ мæ чумæдан бафснайдзынæн æмæ — хæрзбон. Æрбацыд Алешæ дидинджыты стыр пуцалимæ. . Алексей. Де ’зæр хорз, Гыцци. Де ’зæр хорз, Еленæ Фе- доровнæ. . Н и н æ. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд, мæ хъæбул. М а р и я. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. А л е к с е й. Гыцци, -мæнæ дын дидинджытæ. Уыдон рæсугъд <сты, фæлæ ды рæсугъддæр дæ. Уыдон æртæ боны фæстæ бам- лылдтæ уыдзысты, ды та мын æрттив фондзыссæдз азы. Н и н æ. Бузныг, мæ хъæбул. Æз сæ доны цæвæрон... Алексей. Фæлæуу, Гыцци, мæнæ дын мæ лæвар — къаба. {Дæтты йæм æхца дæр.) Адон та, мæ мыздæй ма чи аззад, уы- дон... Знон дæм сæ уымæн «æ радтон, æмæ мæ уæд нæ бауагъ- таис дæхицæн исты æлхæнын. Н и н æ. Бузныг, мæ лæппу. Ацы къаба мын фылдæр цæмæй фæлæууа, уый тыххæй йæ дардзынæн æрмæстдæр бæрæгбæтты. «Фæлæ æз та дæуæн цы балæвар кæнон? Алексей. А фæстаг рæстæджы мын дзæбæхдæр дæ, æмæ •мæн уьшæй хуыздæр лæвар нæ хъæуы. Нинæ. Нæ, нæ, мæ хур... Æз ныртæккæ... (Ацыд.) А л е кс е й (æрæджиау). Ныртæккæ та исты æрхъуыды кæн- дзæн... Худæг у, худæг, мæ дзæбæх мад. Нырма мæ сывæллон .хоны, æмæ мын мæ алы къахдзæфмæ дæр. йæ цæст дары. М а р и я (зынæй). Мад... (Йæ зæрдæ суынгæг.) А л е к с е й. Кæугæ кæныс? Мария. Искæйы амонд дæр хъары адæймаджы зæрдæмæ, Алешæ. Æрбацыд Ни»æ. Æрбахаста ирон чындздзон дарæс. Н и н æ. Ацы чындздзон дарæс мæхи къухæй ’бахуыдтон, Алешæ. Балæвар-иу сæ кæн, кæй бауарзай, уымæн. А л е к с е й. О, фæлæ... Цы чызджы уарзын, уы.й... Н и н æ. Мæнæн æхсызгон уыдзæн ацы дарæсы Верæйы фе- «ын... А л е к с е й (йæХи йæм баппæрста.) Гыцци! Ды алцыдæр зоныс? Н и н æ. Алцыдæр, мæ хъæбул. Алексей. Æмæ йæ... Æрбахонон æй абон ардæм? 1'Нинæ. Æрбахон. Абои Верæ нæ кадджындæр уазæг цæмæй -уа, уый аккаг у. (Мария Павловнæйæн.) Раст нæ зæгъын? 286
Мария. Æз... Æз та цы зонын?.. (Йе уæхсчытыл схæцыд.у Н и н æ. Уæдæ йæ æз зонын, у. Алексей (амондджынæй). Бузныг, Гыцци! Æз æм згъо- рын. Æз ын зæгъдзынæн... Абон бирæ уазджытæ уыдзæн махмæ, Гыцци. Заводы æм,æ нæм институты фæсивæд дæр æрбацæудзы- сты. ’ . -’ Н и н æ. Нæ агъуысты куынæ бацæуой, уæд кæртмæ аивдзы-- стæм. Æмæ... Хъазыбег æмæ Аллæ дæр уыдзысты ам? Алексей (фидарæй). Уыдзысты. Н и н æ. Загътай сьш? А л е к с е й. Нæ, Гыцци, Хъазыбег хъуамæ зона, абон дæ’ гуырæн бон кæй у, уый. Æм.æ ды тыхсгæ ма кæн, уыдон æрба- цæудзысты. Æнæ ’рбацæугæ сын нæй. Н и н æ (джихауæй). Абон сæ рæзты æрцæйцыдтæн æмæ’ Вовæйы ауыдтон... Фынæй уыд. (Æвиппайды.) Бауай сæм, Але- шæ! А л е к с е й. Нæ, Гыцци. Мæн фæнды фæстаг хатт Хъазыбе- джы бафæлварын. (Гыццийæн аба кодта.) Æз цæуын Верæмæ. (Атындзыдта.) Н и н æ. Алешæ... Алешæ... Куыд дард аззадысты зын бонтæ! Æхсæв-иу æвиппайды фехъал æмæ-иу йæ мад, йæ фыды агу- рын байдыдта... Дуары хъæр-иу фæцыдаид, кæнæ дымгæ ру- дзынг фегом кодта, уæд та-иу хъæр байдыдта йæ мадмæ, Мæн- мæ-иу йæ къухтæ æрбаива^зта, стæй-иу басабыр. Æз-иу ын ар- гъæуттæ кæнын байдыдтон нæ хæхтæ, нæ кæмтты тыххæй... Æмæ дзы-иу уæд йæ ныййарæг æрбайрох æмæ та-иу афынæй... Стæй куы бахъомыл’, уæд... (Фæкъæмдзæстыгхуыз.) О, ныхæстыл дæ ныддардтон, Еленæ Федоровнæ. Мария (иуварсырдæм). Æз дæм хъусин. Хъусин æхсæвæй- бонæй... Н и н æ. Акæс-ма, куыд м.æ ферох... Кæцæйдæр дæм тел. Мария. Бузныг. Райстон æй... Нæ лæгæй... Тагъддæр, дам,. рацу нæхимæ. Æрыгон ма куы уыдтæн, уæд мын нæ тарсти, фæ- лæ мыл ныр... Н и н æ. Уыныс, дæуæн лæг уæддæр ис... О, хæдæгай... Æз^ дидинджытыл дон акæнон. (Ацыд.) Мария (скатай, кæсы къаммæ). Мæ бон бауыдзæни цы-. мæ æнæ дæу ацы хæдзары дуарыл ахизын, мæ хъæбул? (Къу- лæй Алешæйы хуызист райста æмæ йын батæ кæны.) О хуыцау,. æппындæр мæхн уромын нал фæразын. Мæ уд сисдзынæн ацы ран, дæ фарсмæ. Ныр цалдæр боны мæ зæрдæ судзы. (Ныв йæ- риумæ æрбалвæста.) Дуаргæрон фæзынди Иинæ æмæ амбæхст. Мариямæ хъусы æмæ мæм æдзынæг кæськ Мæхи сын схъæр кæнон? Æппæт дæр радзурон? Æмæ дын дæ ног мады куы амарон, Алешæ. Иæ бауромдзæн ахæм цæф... Æгæр дæ уарзы... О, фæлæ æз дæр мад дæн. Нæ, нæ, зæгъдзы- 287"
яæн сын... (Æваст.) Æмæ дын цым(æ уый æхсызгон уыдзæн æви хъыг, Алешæ? Цы бачындæуа? Куыд бачындæуа? Цы радзур- дзынæн дæ фыдæн? Тынг дæм куы æнхъæлмæ кæсы... (Къамы йæ бынаты æрцауыгъта.) Нæ, мæ хъæбул, нæ дын схауæццаг кæндзын-æн дæ амонд... Фæлтау фырсагъæсæй мæхи зæрдæ ба- судзæд... Мæхи зæрдæ... Хæрзбон, Алешæ, хæрзбон, мæ хъæбул! (Бахызт йæ уатмæ.) Н и н æ (Марияйы фæдыл кæсгæйæ, йæхи уæззау æруагъта бандоныл). Цавæр домбай хъаруйы хицау разынд, куыд фæра- зы?.. Мæнæн тæригъæд кæны... Иæхи мæт æй нæй... (Яæ зæрдæ <фæрухс.) Ацæудзæн... Ферох дзы уыдзæн... Æрæнцайдзæн... ,Адæймаг цыфæнды рыстыл дæр сахуыр вæййы... Бабыхсы йын... (Иæхимидæг тох кæны). Æмæ уæд æз та? Искæйы æнамондæй саразон мæхи амонд? Нæ, нæ! (Йæ зæрдæмæ фæлæбурдта.) Цæ- ^ылнæ ис исчи мæ разы? (Æндæр хъæлæсыуагæй.) Нæ, Мария, нæ уыдзæн... Дæуæй та бузныг, хæларзæрдæ адæймаг. Бузныг, л*æн дæр æмæ Алешæйы дæр уыйбæрц кæй бауарзтай, уымæй. Фæлæ афтæмæй нæ ацæудзынæ, искæйы номимæ... Ай:гъай, уый гæнæн нæй, нæй... Æрбацыд Алихан. А л и х а н. Æнхъæлдæн, абон дæ хæдзары дуæрттæ алы хорз адæмтæн гом сты, Нинæ. Н ин æ. Мидæмæ уæдæ ды дæр. Алихан. Де ’зæр хорз, æмæ ма «оджыдæр æртæ ахæм дарды фæцæр! Н и н æ. Æз мæ иу цардæй дæр бафæлладтæн, Алихан. Алихан. Дæ цæстытæ амондæй хорз æрттивынц... Н и н æ. Цæссыгтæй. А л и х а н. Гъе-е... Уый дзы нæ рауайдзæн. Ды хъуамæ абон ^съæлдзæг уай, кафгæ <кæнай, ардыгæй райсоммæ. Н и н æ. Кафдзынæн, кафдзынæн, Алихан! А л и х а н. Гъе уый дын лæджы ныхас. Гъемæ дæм ахæм <сæрæндзинад кæм разынд, уым айс мæ лæвар — чиныг. Уым а лæппу фыссы, не ’м’бæстæгтæ хæсты куыд фесгуыхтысты, уый тыххæй. Уæлдайдæр та нæхи Сергей. Н и н æ. Бузныг, Алихан. Дæуæн сызгъæрин зæрдæ ис. Алихан (хъазгæйæ). Уый, æвæдза, сызгъæрин куы уаид, уæд ,æй æз нæ паддзахадмæ раджы радтаин... Н и н æ. Ме ’нкъард хъуыдытæ та мын фæсырдтай, Алихан. Алихан. Цалынмæ æгас уон, уæдмæ дын кæуыны бар нæ ^ратдзынæн, уый зон. Бахъæлдзæг кæнын та зын у, цы? Æрбацыдысты Алексен æмæ Верæ. В е р æ. Уе ’зæртæ хорз! ьАлихан. А-а, кæй изæр у, уый хорзæх уæ уæд! Верæ. Нинæ, арфæ дын кæнын дæ райгуырæн бон... Мæ .зæрдæ дын зæгъы æрмæстдæр иу хорздзинад — æнæниз нын у. 1288
Н и н æ. Бузныг, мæ чызг,( бузныг. Верæ. Æмæ дын мæнæ’.иучысыл лæвар. (Радта йæм, кæд- д&Р Уæ&мæ кæ& арвыста, уьщы кæлмæрзæн.) Нинæ (фырдисæй сагъдауæй аззад). Мæхи кæлмæрзæн? Мæ уарзон кæлмæрзæн? Сергейы лæвар... Цы дын зйегъон, цы хорз дын фæуон?.. В е р<æ (сабырæй). Ницы, ницы мæ хъæуы, Нинæ. Æрбацыдысты уазджытæ — Алексейы æмбæлттæ завод æмæ институтæй. Нииæ æмæ Алексейы алыварс æрбамбырд сты. Нинæ дидинджытæ исы. Ар- фæ йын кæнынц. Уынæр, худт... Се ’хсæнæй зыны Крылов дæр. А л и х а н. Обадут уал. К р ы л о в. Бадгæ? Нæ! Нинæ Иналовнæ, хъуыды ма кæныс, Бресты дьш дæ фондз æмæ ссæдз азы бон цы загътон, уый? Н и н æ. Мæ дæс æмæ дыууиссæдз азы бон мемæ ирон кафт кæндзынæ, зæгъгæ. К р ы л о в. Æмæ нæ кафæм? Фæндыр! Табуафси. Крылов æмæ Нинæ кæныц «Хонгæ кафт>. Верæ (иуварсырдыгæй лæугæйæ аззад, йæхинымæр.) Куыд сын зæгъон, срастгæнæн кæмæн нал ис, ахæм фыдбылыз кæй æрцыд? Куыд сын фехъусын кæнон, Хъазыбеджы чысыл Вовæ цæрæнбонты сахъатæй кæй баззад?.. Алешæ мын мæ цæстытæм кæсы, худы, хъазы, мæнæн та мæ игæр артыл судзы... Фæндырдзагъд. Чызджытæ æмæ лæппутæ кафын райдыдтой. Æрбацы- дысты Хъазыбег æмæ Аллæ. Алексей (хъæрæй). Фæндыр бауром! Гыцци, акæс-ма, чи сты уыдон? Мæ хæлæрттæ! Мæнæ уын ме ’фсымæр Хъазыбег æмæ йæ къай Аллæ! Хъазыбсг æмæ Аллæ, цы акæной, уый нал зонынц æмæ къæсæрыл цы- дæр тæригъæддаджы лæудæй лæууынц. Куыд зыны, афтæмæй, уыйбæрц адæмыл сæмбæлдзысты ам, уый æнхъæл нæ уыдысты. Хъазыбег. Уе ’зæр хорз!.. Де ’зæр хорз, Гыцци! Æз... Мах... Арфæ кæнæм Алексейæн... институт каст кæй фæци, уый тыххæй... Ничнуал ницы дзуры. Æнаив хъус ныйисты. Алексей Хъазыбегæн къу- хæй амоны, ацы хъæлдзæгдзинад уый тыххæй нæ, фæлæ Гыццийы тыххæй у, зæгъгæ. X ъ а з ы б е г. Арфæ кæнын дæуæн, Гыцци... Алексей та йын къухæй амоны. Гыццийы гуырæн бон у, зæгъгæ. Æп- пынфæстаг æй бамбæрста Хъазыбег. Арфæ дын кæнын, Гыцци, дæ гуырæн бон... Ныббар нын, мах... Мах лæвар дæр дыл æмбæлдзæн! Н и н æ. Æппæтæй хуыздæр лæвар, мæ лæппу — ды кæй æр- 19 Хъайттаты Сергей ?89
бацыдтæ, уый. (Аллæмæ.) Стæй ды, Аллæ... Бузныг, уæ дыу- уæйæ дæр, мæ хъæбултæ... Æмæ Вовæ?.. В е р æ (уыцы хъизæмары ныхасæй фервæзын кæныныл ар- хайгæйæ). Нинæ, фæхъæр-ма мыл лас, æмæ æз исты зилахартæ акæнон хæдзары. Нинæ æмæ Верæ стъолы размæ бацыдысты. X ъ а з ы б е г (сусæгæй). Аллæ, Гыцци хъуамæ абон Во- вæйы тыххæй .мацы базона. А л л æ. О... Хъазыбег. Мæ мады гуырæн бон ферох кодтон. Фæлтау мæ амæлæт хуыздæр. Аллæ. Хъазыбег, мæнæн мæ бон нæ ’бауыдзæн ам бадын. Ныртæккæ ныккæудзынæн. Æз рынчындонмæ цæуьш... Вовæ- м<æ... X ъ а з ы б е г. Аллæ, уый гæнæн нæй... А л л æ. О, уый æмбарын, фæлæ... Хъазыбег. Курын дæ, æмæ дæхи хъæлдзæг дар. А л е к с е й. Фæндыр! Ме ’фсымæримæ кæй фæнды кафын, уый йын йæ бæрзæйыл хæцæд, æз та йын йæ бинойнагимæ каф- дзынæн. Верьгч’кæ, бар мы« дæттыс? В е р æ. Табуафси. Фæлæ уæд æз та Хъазыбеджимæ кафын! Кафынц. Æрбацыд Мария Павловнæ. Куыд ничи йæ фена, афтæмæй йæхи уатмæ бахызт. В е р æ (Хъазыбеджимæ кафгæйæ). Æз Вовæйы хабар зо- нын, Хъазьибег. Операци куы фæдæ, уæд уыциу цыдæй рацыды- стут ардæм? Куыд у? X ъа з ы б е г. Цы дын зæгъон? Хорз нæу йæ хъуыддаг. Куыд цæрдзьшæн амæй фæстæмæ!.. В е р æ. Ды нæлгоймаг дæ, фæлæ Алл«æ... А л е к с е й (Аллæимæ кафгæйæ). Цæмæн ахуыссыд, мæ чындз, абон дæ цæстыты цæхæр? А л л æ (йæ цæссыгтæ уромгæйæ). Алешæ, мацæмæй мæ фæрс. А л’ е к с е й. Хъазыбеджимæ та фæхыл стут? А л л æ. Алешæ, ма мæ фæрс... Марня Павловнæ йæ уатæй æд чумæдан рахызт. Куыд ничи йæ фсна, афтæмæй фæцæуы уынджырдæм. Алексей. Аллычкæ, ахæм бон кæугæ?.. Сымах æй не ’мбарут, Гыццийы зæрдæ уæ куыд барухс, уый. Æз æй зыдтон, кæй æрбацæудзыстут... (Æвиппайды.) Бахатыр кæн. (Аллæйы фæуагъта, Мария Павловнæмæ базгъордта æмæ йын йæ нумæ- дд.н исы.) Мæ хæлæрттæ! Дыууæ къуыримæ ’ввахс нæ хæдзары фæцарди æмбисонды уырыссаг сылгоймаг... (Хъазæгау.) Уыры- сæн сæ лæппутæ дæр сахъгуырдтæ сты, хуыцауæй ард хæрын... 290
Мæхицæй йæ зонын... Фæлæ уæддæр сæ сылгоймæгтæн æмбал нæй... Верæ. Алешæ!.. Алексей. Æмæ ацы х-æдзары канд ныхæстæ нæ, фæлæ дзы зæрдæйæ хæлардзинад кæм ис, уым уынаффæ хæссын — Еленæ Федоровнæйæ курæм, цæмæй ны« бар ратта æмæ мах, хæххон цæргæстæ, маргъæй тагъддæр атæхæм вагзалмæ æмæ йын йæ билет фæстæмæ æрбасатар кæнæм, йæхæдæг та нæ ци- ныл куыд цин кæна, афтæ! Иууылдæр сæмдзæгъд кодтой. М а р и я. Нæ, нæ, Алешæ! Нæй гæнæн!.. X ъ æ л æ с т æ. Дæ хорзæхæй, Еленæ Федоровнæ! — Курæм дæ! — Ма ацу! Ал иха н (Мариямæ). Махæн уазæг уарзын нæ фыдæй баз- зад. Æмæ куы ацæуай, уæд нæ бафхæрдзынæ. Баззай нæм. Дæ хорзæхæй. М ар и я (йæхиимæ тох кæны). Мæ бон нæу... Нæу мæ бон... (Нинæмæ бацыд.) Мæнæ... мæ адрис... Ныффысс-иу .мæм... Ис- куы... ( Н и н æ. Ныффысдзынæн. Æиæмæнг дæм ныффысдзынæн. М а р и я. Хæрзбон ут! А л е к с е й. Уæд та дæ таксийы сбадын кæнæм. М а р и я. Уый—табуафси... Мария Павловнæ, Алексей æмæ цалдæр лæппуйы фæцæуынц. Н и н æ (тынг тыхстæй). Фæлæуут! Фæлæуут! Фæндараст цæмæй фæуа, уый тыххæй фæйнæ нуазæны. (Верæйæн.) Верæ, Алешæ, Хъазыбег, Аллычкæ, байдзаг кæнут агуывзæтæ... (Агуыв- зæты нозт ныккодтой.) Баназæм уæдæ æмбисонды сылгоймаг æмæ .диссаджы мад Мария Павловнæ Ковалевайы тыххæй... Иууылдæр дисы бацыдысты. . А л е к с е й. Куыд? Ковалевайы?.. Мария Павловнæйы?.. Гыцци, кæй кой кæныс? (Мария Павловнæйæн.) Еленæ Федо- ровнæ, кæмæй зæгъы? Нæ йæ æмбарын... Н и н «æ. Ныртæккæ йæ бамбардзынæ, м-æ лæппу... (Бацыд Мария Павловнæмæ.) Æндæр адæймаг куы уыдаис... Æнæзæр- дæ... Уал азы кæй уындмæ бæллыдтæ, уыцы хъæбулæй дæхи мæт тынгдæр куы кодтаис, æмæ, Алешæйы æз куыд уарзын, уы- мæн аргъ куы нæ скодтаис, уæд дын æй нæ раттин, Мария Пав- ловнæ. Фæлæ Алешæйы уарзондзинад нæ дыууæйы фаг дæр у... (Лæппумæ). Алешæ, дæ ныййарæг, дæуæн дæ зæрдæ цæмæй ма 2д1
фæсаджил кæна, æмæ дын зæрдæниз ма скæна, уый тыххæй цалдæр боны йæхи æндæр номæй кæй рахуыдта, уый дын хъыг ма уæд. А л е к с е й (хъавгæ бацыд Мария Павловнæмæ, йæ цуры æнæныфс лæуд æркодта). Ды... мæ мад?1 Мария Павловнæ æмæ йæ лæппу фырдисæй цавддуртау лæууынц. А л е к с е й (Мария Павловнæмæ йæхи баппæрста æмæ йыл ныттыхст). Мамæ! Ау, куыд ацыдаис ардыгæй, мæнæн ницы зæгъгæйæ?! Мария. Мацæмæй мæ фæрс, мæ хъæбул, ныртæккæ!.. Але- шæ!.. Алексей. Хорз, хорз, нæ дæ фæрсын... (Æндæр ныхасыуа- гæй.) Мæнæ дын уый ме ’фсымæр Хъазыбег. Мæнæ уыи йæ би- нойнаг, мæнæ уый Алихаи — нæ хæдзарвæндаджы хæлар æмæ Хъазыбеджы ахуыргæнæг. Мæнæ уый Верæ... Мæнæ адон та (сæрыстырæй) мæ лымæнтæ. Æмæ æз се ’ппæты дæр бирæ уар- зын. Æрмæст сын хъыг ма уæд, Верычкæ дæр мæм ма фæхæ- рам уæд: æз м,æ. мад Нинæйы æппæтæй фылдæр уарзын, стæй дæу, мамæ... (Йæхимæ сæ æрбалвæста.) Н и н æ. Уынут, бафидауый нæ кодта. Мæ хъæбултæ, Але- шæ, Хъазыбег, Аллæ, Верæ... (Йæ зæрдыл æрбалæууы.) Фæ- лæуу, фæлæуу, æмæ Вовæ та?.. Кæм и?.. Хъазыбег. Гыцци... Вовæ... А л л æ (йæхи нал баурæдта, ныккуыдта, Нинæйы раз йæ зонгуытыл æрхауд). Гыцци!.. Гыцци!.. Нин<æ. Цы кодтай, мæ хъæбул? Цы æрцыди? Исты æна- монд хабар! Хъазыбег. О, æнамонд хабар! Абон Вовæ машинæйы бынмæ ’бахауд... Н и н æ. Цы?!. (Фæцудыдта.) К р ы л о в. Ма фæтæрс. Ницы йын уыдзæн. Нинæ æрцæйхауд. Алексей йæ ацахста. М а р и я. Нинæ, дæхиуыл фæхæц... Н и н æ (æрчъицыдта). Дурзæрдæтæ... Æмæ мæнæн цæуыл- нæ исты загътат?.. А л л æ. Афтæ æнамонд цæмæн фæдæн?.. Хъазыбег. Атæппæт уый аххос у... Вовæ цæрæнбонты са- хъатæй баззад... Мæхи дыууæ къухæй йын... (Аллæмæ.) Уый ды, ды уыдтæ! Дæу хъазтизæрты .æмæ кинотыл зилын йедтæмæ ницы мæт уыди... Вовæ дæуæй мады ад никуы зыдта... Æз дын уый никуы ныббардзынæн... Н и н æ (тызмæгæй). Ныхъхъус у! (Иæ зæрдæмæ фæлæбурд- ту.) Уæ дыууæ дæр аххосджын стут... Рох дæ ма уæд, Хъазы- бег... Цæй, кæрæдзийы уарзут... Царды сæраппонд... Вовычкæйы сæраппонд... 292
Фæцæуы Верæйы æххуысæй иннæ уатмæ, сценæйы уæвджытæ йæ фæ- дыл кæсынц, стæй, Нинæ! зæгъгæ, Верæйы тарст цъæхахст мидæгæй куы фæцыд, уæд сагъдауæй аззадысты. Хъазыбег. Гыцци!.. Верæ (йæ размæ фæци). Уый дæ нал фехъусдзæн ныр, Хъазыбег... Алексей (Хъазыбег æмæ Аллæмæ). Цæмæн, цæмæн аф- тæ бакодтат?! К æр о н
ЗАУЫР ÆМÆ ЗÆЙРÆТХАН (ÆРТÆАРХАЙДОН ДРАМÆ) АРХАЙДЖЫТÆ: Зæйрæтхан — 25-аздзыд. 3 а у ы р — 25-аздзыд. М а й р æ м — штабс-капитан, 45-аздзыд. М ы с о с т — 60-аздзыд. А м и н æ т, йæ чызг — 23-аздзыд. Аслæнбег, поручик — 30-аздзыд. Д з а б о, куыройы хицау — 60-аздзыд. Батырбег, партизан —25-аздзыд. С о з о, партизан — 30-аздзыд. Р а г у л и н, партизан — 30-аздзыд. ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Æмбæрзæны байгомимæ райхъуыст фæдисы дзæнгæрæг. Фæззæг, хъæугæ- рон. Суадонджын обауы раз. Дардæй зынынц хæхтæ. Фидиуæджыхъæлæс (æдде). Байхъусут, байхъусут! Хæцæнгарз хæссынхъом чи у, уыдон Суадонджын обаумæ рацæ- уæнт! Æрбазынд Дзабо, Батырбег фезгъоры. Б а т ы р б е г. Фæдис! Д з а б о. Цы хабар у, лæппу, цæй фæдис у? Б а т ы р б е г. Шкуройы æфсæдтæ сыхаг хъæу бацахстой! (Фæаууон. Хъуысы сармадзанты нæрын.) Д з а б о. Хуыцау, табу дæхицæн. Уæдæ цы фæуыдаид мæ хæрæфырт? (Фæаууон.) Ф и д и у «æ г. Байхъусут, байхъусут! Фæдис! 294
Æрбахызтысты Зауыр æмæ Аминæт. Чызгыл ирон дарæс, йæ къухы го- гон, лæппуйыл цыбыр сæрак кæрц, æфсæддон худ, цырыхъхъытæ. 3 а у ы р (тагъд кæны). Цæй!.. Ам инæт. Афтæ тагъд? 3 а у ы р. Чи зоны, рæхджьг мауал фембæлæм... Хъæдмæ уал нæхи иоæм. Кæм æрæнцайæм, уырдыгæй дæм хабар уыдзæн. Паузæ. Цыдæр загътай, Аминæт? А м и н æ т. Нæ, уый нартхоры сыбар-сыбур ауад дæ хъустыл. Зауыр. Æз зонын, ды мын.мæ фарстæн дзуапп цæуылнæ дæттыс, уый. Зæронд æгъдæуттæй тæрсыс. Дæ-хъысмæт дæ ме- мæ бабæ’ттын нæ фæнды, уымæн æмæ ацы хъуыддаджы дæ фыд нæ ныхмæ у. А м и н æ т. Тæригъæд у баба, иунæг, рынчын... 3 а у ы р. Ды æнхъæлыс, дæ ном, хъæуы рæсугъддæр чызджы- тæй иуы ном адæмы дзыхы бафтдзæн, хистæртæ йыл ныхасы хъоды бакæндзысты. Амин æт. Фыдæлты æгъдæутпæ мах. не ’рхъуыды кодтам. Ды ахуыр кодтай, Зауыр, чингуытæ кастæ, бирæ цыдæртæ фед- тай горæты... Махмæ та нæхи æгъдæуттæ ис. 3 а у ы р. Æз бирæ фенхъæлмæ кастæн ацы фембæлдмæ. Хъуысы бæхты къæхты хъæр. Батырбег (æрбахызт). ...Зауыр! (Иæ хъусы йын цыдæр дзуры.) 3 а у ы р. Аминæт, хатыр. Зауыр æмæ Батырбег цырд ацыдысты. Хъуысы та бæхты къæхты хъæр, адард. Амннæт дон æвгæны. Фæндагмæ рахызт Дзабо. Д з а б о. Гъы? Цы дзурынц нæ зоидамонджытæ, бæстырæ- сугъд Аминæт? Цы хабæрттæ ис горæты? Цæмæн у кæддæры æхсарджын къамандир афтæ удайст? Æви йæ инæлар Шкуройы сармадзаны нæмгуытæ æлхысчъытæ юæнынц? Аминæт æм ницы дзуры, йæ фæрсты адыд. Хъуысы Дзабойы хии худт. Ницы кæны, хъазут уал, худут. Уарзут! Рæхджы уæ уымæ нал равдæлдзæн!.. Хъуысы та фæдисы дзæнгæрæг. Адæм æмбырд кæнынц. Дзабо йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Ацыд. Æрбауад Зауыр. Кæсы, Амииæт кæдæм ацыд, уы- цырдæм. Фæаууон. Æрбацыдысты Дзабо æмæ Аслæнбег. Аслæнбегыл пъал- тойы мидæгæй зыны æфсæддон дарæс Аслæнбег. Æз не ’мбарын, Дзабо, цæмæн мæ æмбæхсыс> уый. Д з а б о. Нæ мæ уырны, сырхытæ чекайæ дзæгъæл хуымæ- тæджы афицеры рауадзой, уый. Ам исты хин ми ис, мæ хæрæ- фырт. 295
Аслæнбег. Нæ зонын... Стæй мæ зылын та хъуамæ цæмæй бакодтаиккой? Д з а б о. Куыд цæмæй? Сæ ныхмæ нæ хæцыдтæ? Аслæнбег. Æз салдат дæн. Бардзырд æххæст кодтон. Дзабо. Гъемæ дæ афæдзы æрдæг фæдардтой. Фæлæ ницы кæны, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Аслæнбег. Ома? Д з а б о . Ома, зæгъын, æрбацæуынц де ’мпъагонджынтæ... Фæлæ æгæр æргомæй дæр нæ хъæуы архайын, дымгæ та кæцыр- дыгæй рацæудзæн — хуыцау йæ зонæг. Æдде хъуысы ныхæстæ, уынæрГ" Батырбеджы хъæлæс. Уæ хорзæхæй, басабыр ут! Зауыры хъæлæс. Мæ ныхас цæмæй райдайон, нæ зо- нын, мæ хæлæрттæ. Революци ис тынг тæссаг уавæры... Дени- кины æфсад бырсы горæтмæ. Алфамбылай цæуы карз хæстытæ... Иуцыбырдзырдæй, ныртæккæ бирæ ныхæстæн рæстæг нæй, стæй хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц. Алы хæстхъом адæймаг дæр хъуамæ райса хæцæнгарз æмæ бахъахъхъæна йæ бинонты, йæ хъæубæстæ. Цы къордтæ сарæзтам, уыдон хъуамæ ацæуой хъæд- тæм, хæхтæм... Мах цæуæм, фæлæ рæхджы ам уыдзыстæм Сырх Æфсадимæ. Аслæн’бег. Чи у уый, скъоладзаутау æм куыд хъусынц? Д з а б о. Сæ ячейкæ у, циу, уый хицау, Туккаты фыййау. Зауыр (æдде). Гæрзтæ кæм<æн дæттынц, уыдон мæнæ ацырдæм рацæуæнт. Хъуысы ныхæстæ: «Иууылдæр райстам хæцæнгæрзтæ, цæттæ стæм!» 3 а у ы р ы х ъ æ л æ с. Æмбал Орджоникидзе сиды хæхбæсты æппæт фæллойпæнджытæм дæр, цæмæй æд гæрзтæ сыстæм Де- никины балбирæгъты ныхмæ... Разыйы уынæр. Аслæнбег. Цом сæм хæстæгдæр. Д з а б о. Нæ, нæ... Чидæр сæ рацæуы... Аслæнбег фæаууон, рацæуы Мысост. А, Мысост! (Йæхи йемæ цæуæг акодта.) Цом, цом ардыгæй, Мысост. Ам мах ницы хъуыддаг ис. Уый нырма мах власт »æ- ма у. Аминæт иу чызгимæ æмбырдмæ фæуайы. М ы с о с т. Чызг! Кæдæм? Аминæт (æрлæууыд, йе ’мбалы хъусы цыдæр адзырдта, уый æмбырдмæ ацыд). Ма мæсты кæн, Бæппу, Ниффæ цæфтæ- бæттæгæй цæуы, æмæ йæ «æз æрхæццæ кодтон... 1 М ы с о с т (мæстыйæ). Уый дын «æрхæццæ кодтон»... Хæдза- рæй цæмæн рацыдтæ? Цы дын загътон æз, къулбадæг? 296
Д з а б о. Мысост, Мысост... Æгæр тызмæг дзурыс дæ иунæ- гимæ... Мæ-гъа, мæнæн, искæйы цæхдоны мæ къæбæр тъыссын не ’м’бæлы, фæлæ... куы дын æй загътон, кæй аххостæ сты, уый. Æрбацыдысты Зауыр æмæ Батырбег, семæ хъæуы цæрджытæ, 3 а у ы р. Æгас цæут. Дзабо. Салам-алейкум! (Исы къухтæ. Мысост æм дисхуы- зæй кæсы. Хъуысы та сармадзанты абухын.) Б а т ы р б е г. Сосавæндаджырдыгæй... 3 а у ы р. Æнхъæлдæн. (Тагъд-тагъд ацыд.) М ы с о с т (Аминæтмæ). Тагъд, хъæм.æ! Аминæт ацыди. Дзабо (сармадзанты уынæрмæ). Тагъддæр, тагъддæр. Уыцы сармадзанты нæрын æрбахæсдзæн мах-æн фæстæмæ нæхи власт... Мæ хъæуыйаргъ куырой... 1-а г хъæ л æс. Куыд уыдзыстæм, цы уыдзыстæм—нæ зоныи- 2-аг хъæлæс. Хуыцау, дæ фæдзæхст, де уазæг. М ы с о с т. Фарон большевик’лæ хицауад байстой. Ныртæккæ та инæлæрттимæ хæцынц. Мах уыцы хылы нæхи нæ тъысдзы- стæм. Фырытæ хæцынц — далыстæ хизынц. Махæн нæ фæси- вæдæй иутæ сырхыты фарс куы фæуой, иннæтæ та — урсыты, уæд куыд рауайдзæн? Тугуарæн скæндзæн, нæ чысыл адæм кæ- рæдзийы ныццæгъддзысты. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Арс цы кæрдо бæласыл бады/ уый ма уигъ». Мах банхъæлмæ кæс- дзыстæм... Нæхи нæ хъысмæты ба^р бакæнæм æмæ æнцад-æн- цойæ цæрæм. 1-аг хъæ л æ с. Ай-ай... Б а т ы р б е г. Æз фыццаг хатт дзурын ныхасы... Ныббарæнт мын нæ хистæртæ, фæлæ æнхъæлмæ кæсынæй... Ацæуын хъæуы хæхтæм иннæтимæ, нæ фос, нæ хор дæр немæ. Урсытæн æппын- дæр мацы ныууадзæм — Зауыр куыд загъта, афтæ. Д з а б о. Ды та дзы дæ кæцы фосæн тæрсыс, дæ хæдзары гæды куы фæтæрса, уæд дзы йæхи цæуыл скъуыра, уый куы нæ ис? Батырбег (фæкъуылымпы). Мæнм-æ фос, мулк нæй, фæ- лæ йннæтæм ис... (Скатай, дзура ма æви нал, ууыл. Лæгтæй чи- дæр схи-хи кодта, æмæ Батырбег азгъордта.) , Д з а б о. Уæдæ кæд æнæ дзургæ нæй, уæд æз та афтæ зæ- гъын, мæ хæлæрттæ, æмæ сбæттæм сырххæлафджынты æмæ сæ нæ уазджыты æрбацыдмæ ахæстоны бакæнæм, цæхх æмæ кæр- дзынимæ сæмбæлæм йæ иууылбæрзонддзинад инæлар Шкуро- йыл. Æниу афтæ зæгъæм, мах сразы стæм Советтимæ, зæгъгæ... Æмæ чи сразы семæ? Сæ хæдзæртты кæрдзын бахæрынмæ кæ- мæн нæй, уыдон? Стæй кæм и, цы власты кой кæнут, уый? Фæ- лыгъд... Фæлыгъдысты... Нал и. Зауыр уайсахат йæ балшавик- абырджыты хъæдмæ акодта. Чи ма ис ам? Цæй-ма, хорз адæм, æз сымах куы фæрсын — кæм ’и уыцы власт? 297
Зауыры хъæлæс (æдде.) Мæйæ! Æрбахь&тысты Зауыр æмæ Батырбег. Дзабо. Хæцут сыл, Сбæттут сæ! Уæддабр сæ ауьшдзгæ кæндзысты! Батырбсг дамбаца сласта. Хистæртæм. Нæ уынут? Марынц мæ! Бахъахъхъæиут мæ! Адæм иугай-дыгай сæхи айстой. Дзабо дæр фæцæйцыд, фæлаэ йын Ба- тырбег йæ фæндаг алыг кодта, йæ къухтæ йын фæстæмæ абаста. Райхъуыст цалдæр гæрахы. Дзæнгæрæг ныццагъта. Дзабо йæ зонгуытыл æрхауд. Д з а б о. Зауыр! Ма мæ бацарæфтыд кæнут. Уый æз æнæуи дзырдтон. Ацы æнæхайыры арахъхъ мын мæ сæрызонд сызмæ- ста... Батырбег дамбаца сæргъæвта. Дзабо тарст хъæр фæкодта. 3 э У ы р. Фæлæуу, Батырбег, ма фехс. Афтæ раст нæу, æнæ . суд&й... Б а т ы р б е г. Цы «æнæ судæй»? Уыдон дæр нын судтæм æн- хъæлмæ кастаиккой? 3 а у ы р. Уыдон уыдонсты, мах та — мах. Дзабойы хуызæт- тæ нæ аирвæздзысты... Цом! Д з а б о. Мæ цæргæ-цæрæнбонты кувдзынæн Советон хица- уадæн. Мæ дзыхмæ арахъхъ никуыуал схæсдзынæн... Созо (æдде). Зауыр! Зауыр! (Æрбазынд). Урсытæ! Батырбег, Зауыр æмæ Созо азгъордтой. Д з а б о. Урсытæ? Чырысти райгас! (Атындзыдта, йæ бæт- тæнтæ халы. Фæхъуыды кодта.) Æниу сæ цы халынУ Цон баст къухтимæ ног хицауадмæ. Уадз æмæ мæ феной афтæмæй... Гъе- и!.. Чырысти райгас! Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Зæйрæтханы æрцыды тыххæй бæрæгбон Туккатæм. Стыр райдзаст агъуысты мидæгæй зыны уæрæх æмæ рæсугъд дуар. Алыхуызон ахорæнтæй фæлыст авджын тыргъты æдде зыны дидинджыты цæхæрадон. Аслæнбег (рахызт бæрæгбонарæзтæй, къуылыхнозтджын, йæ къухы авг æмæ агуывзæ). Алæ-ма, кæм и нæ зынаргъ уазæг, нæ буц бæлццон? Зæйрæтхан!.. Зæйрæтхан (мидæмæ дыргътæ фæхæссы). Хъусын дæм, поручик. Аслæнбег. Поручик, мæ мад, мæфыдыстæн, Зæйрæтхан! Алыбон æгас ’цу хæстæгмæ. Уæртæ уым де ’рыздæхты тыххæй кувынц хистæртæ æмæ алыбон æгас цу! (Ануæзта.) 298
Зæйрæтхан. Вузныг, бузныг, Аслæнбег. Цом мидæмæ. (Ацыд.) Аслæнбег. Мидæмæ? Цом. (Хæрхæмбæлд фæци, Майрæ- мимæ.) Господин штабс-капитан... Майрæм, бæлццон алыбон æгас цæуæд! М а й рæм. Бузныг. А с л æ н б е г. Цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу. Чердæм æй фæкъул кæнай, уыцырдæм кæлгæ кæны... Фæлæ æз дæуæн зæгъын, Майрæм, уыдоны, ’хсæн дæр ис лæгтæ... М а й р æ м. Аслæнбег, службæйы тыххæй нæ дзурдзыстæм абон. Асл.æнбег. Нæ, афицер йæ службæ хъуамæ макуы рох кæна... Фæлæ дын зæгъын — уыдоны ’хсæн дæр ис лæгтæ. Майржм (алфамбылай акаст). Аслæнбег... Аслæнбег. Цы «Аслæнбег?» Æз сæм афæдзы æрдæг че- кайы фæбадтæн... Мæн ничи ныццавта, мæн н»æ фехстой... Зæгъ- ма, цы хъауджыдæр ис фосæй адæмæй? Нæ зоныс? Уæдæ йæ æз зонын: æрмæстдæр адæймаджы бон у йæ цард фидæны сæрап- понд раттын. Уый мæнæн сырх комиссар загъта. Фæлæ уыдонæн нæй хуыцау. Иугæр хуыцау нæй, уæд мæрдты дæр ницы ис. Æмæ кæд никуы ницы ис, уæд цавæр фидæныл хъуамæ цæуа ныхас?.. М а й р æ м. Иучысыл сатæджы абадæм. Аслæнбег. Сатæг... Æз бадтæн сатæджы... Куы цыдтæн, уæд мын æрыгон сырхæфсæддон йæ дзулы хай радта, фæндагыл, дам, сæххормаг уыдзынæ. (Йæ къух ауыгъта.) Афтæмæй, дам, махонтæ амардтой уымæн йæ фыды... Уый мын йæ дзулы хай радта, æмбарыс, Майрæм? Æз та йæ, чи зоны, марынмæ агурын! М а й р æ м. Дæлæ-ма, бæласы бын бæлæтты ’хсæн цы ’хси- нæг бады, уымæ акæс. Аслæнбег. Аминæт? (Аминæтырдæм фæцæуы.) Майрæм мидæмæ фæхизы. Зæйрæтхан йæ размæ фæци. М а й р æ м. Цæй, куыд, мæ зырнагъ хо? Нæ хъæу дын Пет- роград дæ зæрдыл нæма æрлæууын кодта? 3 æ й р æ т х а н. Фæстаг хатт ма уыдтæн уæд паддзахы галу- анты. Мæ мадыфсымæр мæ йемæ акодта... Куыд арæзт уыдысты сылгоймæгтæ!.. Куыд цæхæртæ калдтой афицертæ! Ныр дæр ма се ’рттиваг пъагæттæ мæ цæстытыл уайынц... Сæ гæрзын рæтты тæф... Æмæ уыдоны ’хсæн уыдтæн æз дæр. Мах хуызæн чысыл адæмæй дæр паддзахы галуанты уыдис змæл’æг. Цы сæрыстыр кастæн мæхимæ... Кафыдыстæм, худтыстæм... Уалынмæ рацыд паддзах Микъала йæхæдæг... Уæздан... Сæрыстыр... Хæрзконд... Кафыд немæ, хъазæн ныхæстæм худт. Æз æй никуы ферох кæн- дзынæн. Уый уыдис зæрин хур... Æмæ сау мигъты ’хсæн фæци. (Майрæммæ.) Уæвгæ уын афтæ хъуыд. Тæппудтæ уыдыстут, æмæ уын хорз фесты. 299
Майрæм. Дæу.афицер цы хуыцау нæ фæкодта, уымæн та цы загъдæуа. 3 æ. й р æ т х а н (æрæджиау)« Канд сызгъæрин пъагæттæй афицер нæй, ме ’фсымæр, нæй... (Паузæ.) Иу хъуыддаг бамба^ рын мæ бон нæу. Сымахмæ — .æфсад, хæцæнгæрзтæ, уæддæр уæ фæуæлахизыл не ’ууæндут. Уыдон — бæгънæг, бæгъæввад, сæм- пæрчъи, æнæ хæцæнгарз, уæддæр — ныфсхаст... М а й р æ м. Ды нырма бирæ хъуыддæгтæ нæйа æмбарыс... Зæйрæтхан. Чи зоны... Цæй, æз чызджытæм акæсон. (Ацыд.) ^ Мидæмæ бацыд Майрæм дæр. Фæзынд Батырбег. Æрбацæуынц фæсивæд фæндыримæ. Се ’хсæнæй зынынц Зæйрæтхан, Аминæт, Аслæнбег, Батырбег фæаууон. Аслæнбег. Хъазт! Мæн кафын фæнды. Зæйрæтхан. Нæ. Бæркад уал зæгъут. Мидæгæй сымахмæ æнхъæлмæ кæсынц. Ас л æ н б е г. Мæ фæдыл! (Ацыд.) Зæйрæтхан æмæ Аминæт фæхибар сты. А м и н æ т. Зæйр’æтхан... 3 «æй р æ т х а н. О, о, æмбарын æй. Æнкъард кæныс ам. . А м и н æ т. Куы нæ... Фæлæ мæ куы ауагътаис... Бæппу рæх- джы хъæдæй æрыздæхдзæн... Зæйрæтхан. Гъемæ йæ ардæм æркæндзыстæм.... Цæмæн- дæр дæ мæ зæрдæмæ хæстæг айстон. Æвæццæгæн, нæ хъысмæт- тæ æнгæстæ сты... Æз зонын: ды уарзыс уыцы абырджыты къор- ды раздзæуæджы.. Кæнæ та йæ куыд хонынц? Уыцы фиййауы... Уый кой йедтæмж куы ницыуал ис зæххыл... Суанг ма мæнмæ дæр æрцыдис йæ фенын. Ирон Дубровский. О, фæлæ хуымæтæ- джы фиййау у... Æмбарын, зын дын сты мæ ныхæстæ, Аминæт... Фиййæуттæ æдзух амондхæссæг не сты... Æз дæр уарзтон кæд- дæр иу фиййауы. Хъуысынц рагон цагъды зæлтæ. Уыдис нæм æххуырст, йæ конд, йæ уындмæ гæсгæ нарты Ацæмæз суинаг чи уыд, ахæм... Аминæт (иуварсмæ). Цы? Зæйрæтхан. Уарзондзинад циу, уымæн ницыма æмбæр^ стон, фæлæ-иу йемæ хъазгæйæ цæмæндæр ме уæнгтæ срог сты. Зæрдæмæ-иу баирвæзт диссаджы æхсызгон хъуыдытæ. Искæ- дæм-иу куы ацыд, уæд-иу бон-изæрмæ рудзынгæй фæндагмæ кастæн... Стæй-иу куы ’рцыд... Æз ын уарзтон йæ фæллад фез- мæлдмæ кæсын... Кæрты-иу дурыл æцæг лæгау æрбадт... Афтæ мæм каст, цыма фыццаг ’эемæ фæстаг хатт ’бауарзтон... ’Аминæт (цымыдисæй). Уый та? Уарзта дæ уый дæр? З.æйрæтхан. Нæ зонын. Æз ууыл никуы ахъуыды код^ зоо
тон... Мæнмæ гæсгæ, уарзта... Кæнæ та мæнмæ афтæ каст. Нæ, нæ... Уымæй мæхи сайын... Уый никуы уарзта мæн! Паузæ. А м и н æ т. Стæй уæд? 3 æ й р æ т х а н. Стæй уæд... Бирæ азты йæ нал федтон... Аз- тæ... рæстæг... Цыфæнды хъæдгом дæр байгас кæнынц. Чысыл- гай ферох... Ферох? Нæ, уый .æгæр æгъатыр дзырд у. Иубон та нæ хъазæн обауы цур дзыхъхъынногæй мæ цæстытыл ауадысты ме ’взонджы бонтæ. Афтæ мæм фæкаст, цыма та суад хъæдмæ æмæ изæры æрыздæхдзæн фæлладæй. Хъаздзыстæм та, худдзы- стæм... Æз дæм ныртæккæ цыдæр равдисдзынæн. (Азгъордта.) Б а т ы р б е г (аууонæй). Аминæт! А м и н æ т. Батырбег? Цы агурыс ам? Æрцахсдзысты дæ! Б а т ы р б е г. Зауыр мæ рарвыста. Къамандир фæрсы: цы базыдтай, цы фæндтæ сæм ис? А м и н æ т. Æппæлыдысты, а дыууæ боны, дам, хъæды иу партизан дæр нал уыдзæн. Б а т ы р б е г. Растдæр зæгъгæйæ та —»- иу хъæд дæр æнæ пар- тизан нал уыдзæн. Дарддæр... Аминæт. Хъæугæрон цы акъоппытæ ис, уырдæм цыдæр сармадзантæ арвитыны кой кодтой... Б а т ы р б е г. Читæ дзы ис? Аминæт. Дзабо, Майрæм, Аслæнбег æмæ цавæрдæр горæ- таг булкъон. Б а т ы р б е г. Се ’мбырды сæр цæуыл у? А м и н .æ т. Чидæр сæ рацæуы, лидзгæ! Б а т ы р б е г. Ног хæс: Зауыр домы, цæмæй ды истыхуызы бамбарын кæнай... А м и н æ т. Цы? Б а т ы р б е г. Абонæй фæстæмæ ма Майрæм партизанты бк- нонтæй искæй куы бахъыгдара, уæд-иу хъаст кæнæд йæхицæй. Дуар байгом. Батырбег фæаууон. Рацыд Зæйрæтхан, йæ къухы фиййауы лæдзæг. Зæйрæтхан. Хæрз æрæджы ацы лæдзæг, амонд ссарæгау, нæ цары ссардтон. Аминæт райста лæдзæг, бирæ йæм фæкаст. А м и н æ т. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — фиййауы лæ- дзæг... Зæронд хъæдгом агайын хорз нæу. Бæппуйæн хорз лæ- дзæг уаид. Уæддæр æй ды аппардзынæ... Зæйрæтхан. Гъемæ йын æй ахæсс. А м и н æ т. Бузныг, Зæйрæтхан, дæуæн хорз зæрдæ ис... Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, фæлæ мæ тынг фæндыд демæ аны- хас кæнын... Зæйрæтхан. Иттæг æхсызгон мын уыдзæн. 301
Аминæт. Знон салдæттæ Уырысбийы куы сауыгътой, уæд йæ чысыл чызг фæтарст æмæ фесæфт... Паузæ. Салдæттæ адæмы æфхæрынц, сæ ис, сæ бон сын исынц. Зæйрæтхан. О, фæлæ не ’мбарын, ам мæ бон бакæнын циу? А м и н æ т. Бирæ. Салдæттæн сæ хицау — Майрæм... Зæйрæтхан. Майрæмæй ма дзы уæлдæр хицæуттæ дæр ис. Аминæт. О, фæлæ Майрæм... 3 æ й р æ т х а н. Стæй кæй стигъынц?.. Куыд дын æй бамба- рын кæнон... Иуцыбырдзырдæй, Аминæт, уыцы зæххытæ, уыцы фос, ныртæккæ сæ кæмæй исынц, уыдоны нæ уыдысты, уыдон дæр сæ кæмæйдæр байстой... Æмæ ныр алчидæр йæхион агуры. А м и н æ т. Мæнмæ афтæ кæсы æмæ сæ ныр кæмæй исынц, уыдонæн фыццаг дæр æмæ ныр дæр сæхи хидвæллой уыдысты æмæ сыл сæ бон цæуы. Зæйрæтхан (иуварсмæ). Цæмæты æрхаудтам?.. Уый дзу- ры хæххон чызг! (Аминæтмæ.) Бузныг, Аминæт. Æз мæ зæрдæ- мæ тынг арф айстон дæ ныхæстæ. Ныр дæ мæхицæй никуыдæ- муал ауадздзынæн. А м и н æ т. Уæдæ дæ нæ ферох уыдзæн Майрæмæн зæгъын?. Зæйрæтхан. Цы? А м и н æ т. Хъæды чи ис, уыдоны бинонтæй ма искæй куы бахъыгдара... 3 æ й р æ т х а н. Æгæр дард ацыд нæ ныхас!.. Исдуг кæрæдзимæ комкоммæ кæсынд. Æмбæрзæн ДЫККАГАРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Майрæмы кусæн уат. Стъол, телефон, æфсæйнаг скъапп, диван, къæлæт- джын, гауыз. Къулыл паддзахы хуызист. Майрæм- фыссы. Фыст фæци. Те- лефоны дзуры. Мæйрæм. Алло! Аслæнбег дæ? Кæд чысыл февдæлон дæ, уæд-ма ацырдæм рацу. (Æрæвæрдта хæтæл.) Æрбацыд Дзабо. Д з а б о. Хуыцауæй — разы, ирон адæмы сæрылхæцæджы хæстæгмæ уынын... Лæгæй-лæгмæ. М а й р æ м. Хъусын дæм. Д з а б о. Иуцыбырдзырдæй, дæ къордмæ мæ фæнды. Мæнæ дын ай та, партизанты бинонтæй ма æнæахст чи у, уыдоны ном- 302
I хыгъд. (Æрдæгхъæлæсæй.) Уыцы Зауыр æмæ Мысосты чызг Ами- нæт уарзæттæ сты. М а й р æ м (æркаст номхыгъдмæ, йæ дзыппы йæ нывæрдта). Саргъы’бæх дæм ис? Д з а б о. Цы у ирон лæг æнæ саргъыбæх? Дыууæ., М а й р æ м. Цухъхъа, нымæт, хъазахъхъаг худ? Д з а б о. Æрджынарæгæй нæма схызтыстут, афтæ мын цæт- тæ уыдысты. М а й р æ м. Райсом-иу поручик Уырысы-фыртмæ бацу. Д з а б о. Хорз... Хъусын, господин... сотник! М а й р æ м. Штабс-капитан. Д з а б о. Господин штабс-капитан, хæрзæхсæв. (Ацыд.) Аслæнбег (дуар бакодта). Бацæуæн ис? М а й р æ м. Мидæмæ. Æрбацыди Аслæнбег. Сбад. Мысост æмæ йæ чызгмæ искæйы арвыстай? Ас л æ н б е г. Арвыстон. М а й рæ м. ^Æз æмæ ды тæккæ ахсæв Мысост <æмæ йæ чыз- джы æххуысæй сбæлвырд кæндзыстæм, партизантæ кæм сты, уый. А с л æ н ’б е г. Куыдæй? М а й р æ м. Ныртæккæ йæ бамбардзынæ. Æдде хъуысы уынæр, рудзынгæй акаст. Зæйрæтхан? Хорз афон не ’рбацыд... Аслæнбег, дæ хорзæхæй, Мысоститæ куы фæзыной, уæд-иу сæ ракæн. Аслæнбег. Хорз. (Ацыд.) Æрбацыд Зæйрæтхан. М а й р æ м. Нæма схуыссыдтæ? Цы кæныс? 3 æ й р æ т х а н. Куы ницы. Мæнæ чиныг кастæн. Майрæм. Цавæр чиныг? Зæйрæтхан. «Капитаны чызг». Майрæм. Æмæ? Зæйрæтхан. Æргом зæгъгæйæ, старстæн. М а й р æ м. Кæмæй? Пугачевæй? Зæйрæтхан. Æвæдза, цы хъæхъхъаг сырд уыд. М а й р æ м. Хъæхъхъаг сырд уыд æмæ къаланчойы смидæг. 3 æ й р æ т х а н. Се ’ппæтдæр уым... Фæлæ уæддæр æз Пуга- чевæй нæ фæтарстæн. М а й р æ м. Уæдæ? Зæйрæтхан. Иæ фæдыл цы дыкъахыг сырдтæ ныххæр- рæтт кодта, уыдонæй... М ы с о с т. Æмбæлы уæм? Æрбахызтысты Мысост, Аминæт æмæ Аслæнбег. М а й р æ м. Мидæмæ, мидæмæ, Мысост. Æгас цæут. (Райста къухтæ.) Сбадут. 303
М ы с о с т. Бузныг... Сбадтысты. Майрæм (Аминæтмæ). Мах дæ фыд Мысостимæ рагæй зо- нæм кæрæдзийы. Хуыцауытыххæй, ма уын фæхъыг уæд, кæй уæм арвыстон, уый... М ы с о с т. Ницы кæны. М а й р æ м. Зæйрæт, мæнæ уал Аминæтимæ фаллаг уатмæ ахизут. Аминæт’ бахатыр кæнæд, мах уæддæр та нæлгоймæгтæ... Чыздкытæ ацыдысты. (Мысостмæ.) Раст зæгъгæйæ, тынг хъыг мын уыдис, дæ чызг уыцы змæнтæгимæ йæхи кæй сбаста, уый... Цы сын ис иумæйа- гæй? Дæумæ — зæхх, фос, хæдзар... Цæрæг лæг кæмæй фæзæ- гъынц... Уæвгæ, уарзаг зæрдæ бонджын æмæ æххуырст не ’вза- ры. (Æркаст сахатмæ.) Иуныхасæй, цæмæй уæлдай туг ма нык- кæла, уый тыххæй мæ фæнды уыцы къамандирмæ дыууæ ныха- сы ныффыссын, гъемæ йæм æй чи фæхæццæ кæна, уый нæй... Абырджыты къорд кæм и, уый, æвæццæгæн, Аминæт ^æнæзонгæ нæ уыдзæн. Мысост æмæ Аслæнбег кæрæдзимæ бакастысты. Бамбар, мæн фæнды Мысосты.кад бахъахъхъæнын, исчи мын не стут. Æппын ницы, фæлæ ирæттæ уæддæр стæм. Мысост ницы сдзырдта, сыстад æмæ ацыд. Уый разыйы дзуапп у. Кæннод йæ чызджы йемæ акодтаид. Аминæтæй дæ цæстытæ мауал суадз цух... Иæ аууонау йæ фарс- мæ цу, сбæлвырд кæн, сæ ахстон кæм ис, уый... Аслæнбег. Хорз. (Ацыд.) М а й р æ м. Зæйрæт! Аминæт! А^æстоны дарæгау уæ уым фæдардтон, хатыр. Хæстон рæстæг афтæ дæр вæййы. Ами-нæт. Цы фæци Бæппу? М а й р æ м. Аминæт... Мах ныртæккæ дæ фыдимæ иу хъуыд- дагыл баныхас кодтам, фæлæ йын æнæ дæу сæххæстгæнæн нæй. А м и н æ т. Хъусын дæм, Майрæм... Майрæм. Æмæ дзы уадиссагæй дæр ницы ис. Цæвиттон, Аминæт, цыфæнды карз хæстыты рæстæг дæр æфсæдтæ кæрæ- дзимæ фервитынц минæвæрттæ... ,Иуцыбырдзырдæй, мæнæ ацы пакет хъуамæ фæхæццæ уа партизанты къамандирмæ... Л м и н æ т. Æз нæ зонын, партизантæ кæм сты, уый. М а й р сз м. Зоныс. Тыхдзырд мæ ма скæнын кæн, хæстон лæг дæн. Аминæт (иуварсмæ). Æвæццæгæн ын йæ хо ницы загъта. (Майрæммæ.) Æртæ боны мын ратт рæстæг. М а й р æ м. Дыууæ. А м и н æ т. Хорз. М а й р æ м (æддæмæ). Схæццæ йæ кæнут! 304
А м и н æ т. Бузныг... Нæ хъæуы. Майрæм. Нæ, нæ. Æнафон у. Рæстæг тæссаг у... Аминæт ацыд. Хъуамæ сразы уа. Иæ амарæггаг ам дæс мины ис. (Амоны æфсæйнаг скъапмæ.) 3 æ й р æ т х а н. Чи у, йæ сæрыл уыйбæрц æхца кæмæн сны- сан кодтой, уый? М а й р æ м. Хуымæтæджы фиййау. Зæйрæтхан. Æмæ йæ уæд æд фос цæуылнæ .æлхæнут? Майрæм. Æгæр бирæ уæтæртæ сын бахъæудзæн, стæй бын- тон æрмахуыр фос не сты, сыкъатæ сын и. Паузæ. Зæйрæтхан. Иуæй-иу хатт дын дæ цæстыты ауынын са- гъæс, цыма ахуыссы сæ рухс... Ау, гуырысхо кæныс? М а й р æ м (æрæджиау). Нæ зонын... Зæй ракалд æмæ ауæз- тытæ ласы. Зæйрæтхан. Æгæр лæмæгъ цæджындзтæ уыди ауæзты. М а й р æ м. Зæйрæт, куы м-æ ныууадзис, æнæуи дæр фæл- лад дæн... Стæй ацафонмæ хæдзары цæуылнæ дæ? Зæйрæтхан. Хæдзары. Кæм ис дæ хæдзар?.. Фæчъизи нæ кадджын фыдæлты цæсгом, фæчъизи Туккаты уæздан туг. Пад- дзахы лæвар зæххытæ, сæ кад, се ’гъдау сын цавæрдæр сæм- пæрчъи фиййæуттæ сæ къухтæй байстой... Паддзах йæ сæрмæ æрхаста уемæ ныхас кæнын, ном уын скодта, æмæ йæ бахъуа- джы сахат ихы къæйыл ныууагътат. Афицертæ у’æ скодта, сыз- гъæрин пъагæттæ уын фæуæрста, æмæ йын йæ кувæндонмæ му- зуккаг ’ æнæдаст салдаты бауагътат. О, о! Музуккаг æнæдаст салдаты! М а й р æ м. ^Зæйрæт! Зæйрæтхан. Ды дæр хъæбатырдæр никæмæй разындтæ, мæ сахъ æфсымæр. Фæйнæрдæм уæ фæсырдтой. М а й р æ м. Ныхъхъус у! Æз, фæйнæрдæм чи фæлыгъд, уы- донимæ нæ уыдтæн. Æз мæ ардхæрд никуы аивтон. Зæйрæтхæн. Ардхæрд... Уый уæ фесæфта, уый. Майрæм. Æз радтон Фыдыбæстæ æмæ паддзахы сæрвæл- тау мæ цонг. Зæйрæтхан. Æз нæ ’бавгъау кодтаин мæ цард дæр... Стæй канд паддзахы сæрвæлтау нæ... (Æваст ныккуыдта.) М а й р æ м. Зæйрæт! Цы кодтай? Æз никуы федтон дæу кæугæ. Зæйрæтхан. Æрра куыннæ свæййын! Цытæ бавзæрстон... Чи ратдзæн фондз æмæ ссæдз азы мæнæн? (Паузæ.) Хатгай, дам, айнæг хо’х дæр фæкæуы. (Сыстад, сабыргай бацыд Майрæммæ, стыхта йын тамако.) Ныххатыр кæн, мæ уарзон æф- сымæр, сзын дын кодтон. Хæрзæхсæв. М а й р æ м. Хæрзæхсæв. « Зæйрæтхан. Тагъд æрцæудзынæ?' 20 Хъайттаты Сергей Ш
М а й р æ м. Тынг тагъд. Мæнæ ма постытæ абæрæг кæнон æмæ фæцæуын. Бахæццæ йæ кæнут! С а л д а т (æдде). Хъусын. Зæйрæтхан ацыд. Майрæм. Чи зоны, раст у мæ хо. Чи зоны, фаг мадзæлттæ нæ сарæзтам, цæмæй ма ракæла зæй? Нæ, раст нæ дæ, мæ хо. Чингуытæ дæ æгæр ахастой сæ уæлныхты... Дон æгæр бирæ кул- тæ куы кæна, уæд зæйæн æнæ ракæлгæ нæй... Гъы, æвæццæгæн, дам, фидар цæджындзтæ нæ уыд ауæзтæн... Зонды къуыбар... Кæд бирæ нæма рацард, уæддæр уынгæ бирæ фæкодта... Федта, йæ цæстыты раз ын йё схъомылгæнæг, йæ булкъон мадыфсымæ- ры куыд фехстой, уый дæр. (Кæны йæ дзаумæттæ.) Мысост (æрбахызт фæдисонхуызæй). Цы фæци? Майрæм. Цы кодтай, Мысост? Мысост. Цы фæци мæ чызг? М а й р æ м. Ацыд уæхимæ... дæ фæнд аивтай? М ы с о с т. Аивтон. (Фæцæуы.) Майрæм (йæ фæндаг ын алыг кодта). Хорз ахъуыды код- тай? М ы с о с т. О! (Аиуварс кодта Майрæмы, ацыд.) М а й р æ м. Гъемæ хорз, цæугæ уал! Æз дæ ахæстоны бам- бийын кæндзынæн... (Телефоны дзуры.) Алло! Поручик Уыры- сы-фырт кæм ис? Фæзынд Зауыр, нæ йæ уыны. Куыддæр фæзына, афтæ Мысосты æрцахсæд! 3 а у ы р. Дæ къухтæ!.. Майрæм (йæ къухтæ сдардта). Уæдæ уыцы фиййау ды дæ? 3 а у ы р. Æз. Сымахмæ мын куы радтой уыцы «æфсæддон» дин. М а.й р æ м. Цы сфæнд кодтай? 3 а у ы р. Ды ныртæккæ ацæудзынæ махимæ... Чысыл ма куы уыдтæн, уæд мæ къухы нæ бафтыд, цæмæй дын уæ хизæнуæттæ фенын кæнон... Хуыздæр фадатæн скæнæн нæй... Цом! Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ Уат Мысосты хæдзары. Ирон арæзт. Мидæгæй ма зыны ноджы иу уаты дуар. Æрбахызтысты Аслæнбег æмæ Аминæт. А м и н æ т. Бузцыг. Аслæн’бег. Мæн фæндыд нæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæ- нын. | Аминæт. Бæппу ам нæй æмæ... Аслæнбег (йæ худ систа). Бæппу махмæ ис, кæй мыл не ’ууæндыс, уый та мын æхсæрфарсы цæф у. . Ш
А м и н æ т. Сбад. Аслæнбег. Бузныг. А м и н æ т. Хъусын дæм. Аслæнбег. Æгъгъæд у, Аминæт, ацы хауæггаг цардæн. Аминæт. Уыцы тæригъæдгæнагæй кæм уыдтæ, Туккайы- фырт адæмы хæдзæрттыл арт куы ’фтыдта, уæд? Аслæнбег. Æз ам нæ уыдтæн, Аминæт, уыцы рæстæджы... А м и н æ т. Æмæ ам куы уыдаис, уæд та?.. Аслæнбег. Æз салдат дæн. А м и н æ т. Æмæ йæм æниу бауæндыдаис сдзурын... Салдат... Аслæнбег. Æз дæ цуры дæн афтæ лæмæгъ... мæнмæ дæу йедтæмæ афтæ никуыма ничи сдзырдта. А м и н æ т. Деникины афицертæ та? Аслæнбег. Æгъгъæд нæма у уайдзæфтæн? (Тамако ссыгъ- та.) Аминæт, зоныс æй, æз мæ чысылæй нырмæ дæу куыд уар- зын, уый. Гъеныр дæм æрбацыдтæн фæстаг хатт. А м и н æ т. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? Аслæнбег. Уымæй æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ мæ фæндоныл сразы у... Бацæрæм иумæ... Ницы хъуаг уыдзыстæм. Аминæт. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, Аслæнбег: рæхджы нæхи- онты ардæм хъæуы, цы фæуыдзынæ уæд ды та? Аслæнбег (фестад). Уыдон иууылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, Зауыры ныхæстæ сты. А м и н æ т. Чи зоны... Фæлæ Сырх Æфсад кæй схæццæ кæ- ны, уый уе шта’бы фехъуыстон. Аслæнбег. Кæмæй? Аминæт. Дæуæй... Аслæнбег. Сайыс! Уыцы ныхæсты тыххæй... Аминæт. Æмæ ма цæмæ у каст?.. Аслæнбег. Æгъгъæд! Алцæмæн дæр ис кæрон... Æз кув- дзынæн хуыцаумæ, цæмæй хæсты лæгæй-лæгмæ фембæлæм дæ фиййауимæ. (Феддæдуар.) Аминæт райста лæдзæг, бирæ йæм фæкаст. М ы с о с т (æрбахызт). Нæма схуыссыдтæ? Цы дын дзырдта Туккайы-фырт? А м и н æ т. Хъæдмæ мын писмо хæссын кæны. Мысост. Мах никуы ницы хъуыддаг ис. (Къулмæ йæ би- нойнаджы къаммæ кæсы.) Куы æрбакæсид ныр искуыцæй дæ мад... Иæ чызг — йындздзон чызг... Цæй, æз баулæфон... (Ба- цыд мидæггаг уатмæ.) Хъуысы дуары къуырцц-къуырцц. Аминæт. Кæцы дæ? Зауы р.чАминæт, бакæн дуар! Аминæт дуар фегом кодта. Æрбахызт Зауыр. А м и н æ т. Зауыр? 307
.... Мысост уаты дуарæй ракаст, базыдта Зауыры æмæ фæаууон. 3 а у ы р. Бирæ ныхæстæн рæстæг нæй... Мысост кæм ис? . Аминæт. Хуыссы. Худинаг у, исчи ацафон мæ уатæй нæл- тоймаг ахизгæ куы фена... 3 а у ы р. Æхсгæуад æрбакодтон... Цæуын. Иуныхасæй, ах- сæв Мысосты ахсдзысты. Аминæт.Цы? 3 а у ы р. ИстыХуызы йын бамбарын к-æн... Кæдæм цæуын хьæуы, уый зоныс. Аминæт. Хорз. 3 а у ы р. Цæй. А м и н æ т. Афтæ тагъд? 3 а у ы р. Амал нæй. А м и н æ т- Фæлæуу... (Къуымæй лæдзæг райста.) 3 а у ы р. Мæ лæдзæг? Кæцæй дæм æрбахауд? Æдде уынæр хъуысы. Зауыр рудзынгæй акаст. Æртыхстысты мыл! А м и н æт. Зауыр!.. Аслæнбег (æдде). Дуар бакæнут, науæд ныртæккæ хæ-, лзарыл арт æфтауæм... Немæ ис Мысост дæр... Дыууæйæ дæр уæ судзæм! Дæхи ратт! Аминæт. Бандзарæнт арт. М ы с о с т. Чызг, дуар бакæн! 3 а у ы р. Бакæн дуар. А м и н æт. Зауыр! 3 а у ы р. Асламæй сын нæ ратдзынæн мæхи. А м и н æ т. Амардзысты дæ! 3 а у ы р. Мидæмæ ацу, гæрæхтæ уыдзæн ам... А м и н æ т. Ницыхуызы. 3 а у ы р. Хъыгдаргæ мæ кæныс! Аминæт ацыд. Зауыр дуар байтыгъта. Мидæмæ! Æрбацыд Мысост, йæ фæстæ æрбахызт Аслæнбег, йæхи Мысосты аууон кæны. Аслæнбег. Нæ мæ фæнды туг ныккалын... Дæ гæрзтæ .æрæвæр. 3 а у ы р. Цасыл мæ ауæй кодтай, Мысост? Æвиппайды æдде æрбайхъуыст гæрæхтæ. Дзабо æрбазгъордта. Д з а б о. Господин поручик, партизантæ! Аслæнбег (Мысостмæ). Дзабоимæ дуары æдде лæуут! Хæдзарæй мачи рацæуæд. (Мысосты аууон ацыди.) Зауыр (рудзынгæй кæсы). Диссаг... Партизантæ? Рагулин уаид, æмæ йæ хъæугæрон куы ныууагътон. 308
Аминæт (æрбауад). Зауыр! Рудзынджы раз ничи ис... Ауылты ахиз! 3 а у ы р. Чи уа уый? А м и н æ т. Зауыр... 3 а у ы р. Цæй! (Рудзынгыл агæпп кодта.) Аслæнбег (дыууæ хъазахъхъаджы фæстæ æрбагæпп крд- та, Дзабо сæ фæдыл). Цы фæци Зауыр? (Уаты къуымты азылд; гом рудзынг ауыдта). Ауагътат æй! (Хъазахъхъаджы ныццавта, Мысосты дæр фæцæйцавта.) Уе ’ппæты дæр æрцауындздзынæн! Æрбаппæрстой Рагулины, йæ къухтæ баст, йæ цæсгом тугæйдзæгтæ. Р а г у л и н (Аминæтмæ). Аирвæзт къамандир? Аминæт. О. Р а г у л и н. Хуыцауæй разы... А м и н æ т. Чи дæ? Р а гул и н. Салдат... Аслæнбег. Ахæстонмæ. Сæ дыууæйы дæр ахæстонмæ! Дзабо Аминæты къухтæ абаста. М ы с о с т. Мæ чызджы мын уадзут, дзырд мын куы радтат. Д з а б о.' Иуварс! (Асхуыста Мысосты.) А м и н æ т. Бæппу, æз æнхъæлдтон, хион æмæ æцæгæлон æв- зарынхъом фæдæ... М ы с о с т. Аминæт... А м и н æ т. Фæрæдыдтæ!.. Аминæт æмæ Рагулины акодтой. Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ 3-æм нывы декораци. Аслæнбег цыдæртæ фыссы. Æрбахызт Дзабо. Аслæнбег (сыстад). Дзабо? Дза«бо. Лæппу, а фæстаг бонты хæдзармæ нал цæуыс æмæ, лæг демæ кæм аныхас кæна, уый дæр нæй. Аслæнбег. Уавæр ахæм у. Д з а б о. Уавæр дæр хицæй аразгæ у. Аслæнбег. Бахатыр кæн, фæлæ раст æдылы Дженайы ны- хæстæ кæныс. Д з а б о. Æдылымæ дæр зондджын хъусæг хъæуы... А фæстаг бонты мæ цыдæр æмбæхсыс. Уæлдайдæр Майрæмы адавды фæ- стæ адæм цыдæртæ хъус-хъус дзурынц. Цыма, дам, Деникин фæстæмæ Уæрæсейы ’рдæм фессæста. Ома, лидзгæ... Æмæ, дам, цыма ардыгæй дæр лидзынц се ’фсад. Аслæнбег. Уæллæй, хæстон уавæр нæ булкъонæй хуыздæр зоныс, мæ мадыфсымæр. Стæй дзы ды та цæмæй тæрсыс? Ды зæронд лæг дæ... 309
Дзабо. Искуыдæрма адæймагæн йæ иу цонг куы лыг кæ- ной, уæд æдас вæййы? Аслæнбег. Ома? Д з а б о. Цæмæй зыдтон, дымгæ та чердыгæй сыстдзæн, уый. Фæлæ... фæлæ ныр дæр ма бынтон æрæджы нæу... Æдылы кæй хоныс, уыдонмæ дæр цыдæр фæндтæ вæййы... Аслæнбег. Байрæджы. Д з а б о. Цæй, цæй, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы... Уæд та уæ кад бахъахъхъæнут... Уæ райгуырæн зæ^х! Аслæнбег. Кæмæй? (Паузæ.) Мысостимæ ныхас кодтай? Д з а б о. О. Ницы ком радта... Худинаг. Афицеры адавтой, стæй кæй? Аслæнбег. Туккайы-фырт хорз афицер уыдис. Д з а б о. Хорз афицерты давгæ нæ кæнынц... Аслæнбег (æддæмæ). Ахст хъазахъхъаджы-ма æрбакæ- нут. Д з а б о. Зæгъын хъæуы Зауырæн, æмæ Туккайы-фырты йæ усагыл сæрмæ-сæр ба.ива. Аслæнбег. Арвыстон æм дысон. Д з а б о. Æмæ? Аслæнбег. Къордæн ссарæн нæй. Куы хъæды фæзыны, куы — хохы рæгътыл. Æрбакодтой Рагулины. Д з а б о. Æз цæуын. (Ацыд.) Аслæнбег. Дæ мыггаг, дæ ном? Р а г у л и н. Рагулин Семен. А с л æ н б е г. Сыгъдæг хъазахъхъаг. Куыд сæмхæццæ дæ ды та уыдонимæ? Цы фæндæгтыл сæм бафтыдтæ? Зоныс, дæ цард дæхи къухы кæй ис, уый? Р а гу л и н. Ома? Аслæнбег. Æмбаргæ, коммæгæс куы уай, уæд цæрдзынæ. Р а гу л и н. Бузныг, господин афицер. А с л æ н б ет. Нæ загътон, хæлуарæджы тынмæ кæй басайд- той, ахæм æнаххос хъазахъхъаг у, зæгъгæ. Зæгъ-ма, цавæр æф- сæддон хайы службæ кодтай? Р а г у л и н. Партизанты къорды. Аслæнбег (фесхъиудта). Раст мæ нæ бамбæрстай. Æз дæ фæрсын, салдат ма куы уыдтæ, уæды службæйæ... Рагулин. Раст дæ бамбæрстон, æз ныр дæр салдат дæн. Аслæн-бег (тамако сдымдта, сыстад). Рагулин, дыккаг фарстайæн дæр ма ахæм дзуапп куы радтай, уæд æртыккаг фарст нал фехъусдзынæ. Хорз мæ бамбæрстай? Р а г у л и н. Искуыдæрма нæ, дæ бæрзонддзинад. Аслæнбег. Зæгъ-ма, кæцы ран сты сæ сæйрагдæр тыхтæ... Пулеметтæ сын кæм æвæрд ис, кæм ис се штаб? Рагулин. Господин поручик, уый зын зæгъæн у. Аслæнбег. Цæмæн? 310
Ра гу л и н. Уымæн æмæ хъæд иууылдæр партизанæй йедзаг у. Чи сæ фæнымайдзæн. Аслæнбег. Мæнмæ гæсгæ, махæн уыдон банымайынæн баххуыс кæндзæн паддзах æмæ Фыдыбæстæйы салдат. Р а г у л и н. Паддзахы сЫмах хъахъхъæдтат æмæ уын дзы ницы рауад, Фыдыбæстæйæ куы зæгъæм, уæд... Уый мах æнæ сы- мах дæр бахъа... Аслæнбег. Æгъгъæд! (Феддæдуар æй кодта.) Бакæнут æй фæстæмæ! (Уаты астæу æрлæууыд, ныджджих.). Цас уавæр æв- зæрæй-æвзæрдæр кæны, уыйас адон дæр цъаммарæй-цъаммар- дæр кæнынц. (Систа газет. Йæхиимæ дзуры.) «Æфсæддон хæйт- тæ цæуынц Кавказæй»... Уый куыд æмбаргæ у, уый зоныс, по- ручик? Зоныс, фæлæ нæ уæндыс дзурын. Тæрсай, ма тæрсай — мах хъуамæ нæхимæ ныхас ма æруадзæм. Цыфæндыйæ дæр уы- цы абырджыты къорды раздзæуæг хъуамæ а дыууæ боны уа мæ къухы. Кæнæ мардæй, кæнæ æгасæй... Æрбацыд Зæйрæтхан. Зæйрæтхан. Мæн хъæуы поручик Уырысы-фырт. Аслæнбег (дисгæнгæ). Зæйрæтхан, цытæ дзурыс? Уый æз дæн, Аслæнбег. Зæйрæтхан. Мæн Аслæнбег нæ, фæлæ поручик Уырысы- ^фырт хъæуы. Паддзах афицер кæй скодта æмæ йæ зæххон хуы- цауы раз ард чи бахордта, уыцы афицер. Аслæнбег. Поручик Уырысы-фырт дæ разы лæууы. Зæйрæтхан. Æз штабс-капитан Туккайы-фырты хо дæн. Аслæнбег. Зæйрæтхан:.. 3 æ й р æ т х а н. О. Знон Фыдыбæстæйы знæгтæ адавтой :штабс-капитаиы. А с л æ н б е г. Хъыгаг у. 3 æ й р æ т х а н. Æндæр ницы? Аслæнбег. Хуыцау — ме ’вдисæн, мадзæлттæ арæзтон... Зæйрæтхан (цæ ныхас ын фæлыг кодта). Æз уын ссар- . дзынæн уæ афицеры, господин поручик. Аслæнбег. Кæд дæ раст бамбæрстон, уæд хъуамæ дæ .:дзаумæттæ аивай æмæ ссарай партизанты къорд? Зæйрæтхан. Æз æм агурæг ацæудзынæн арвы кæронмæ ..дæр. Аслæнбег. Дæуæн зындгонд у, уыцы партизанты къаман- диры амарæггаг ам дæс мины æвæрд кæй ис, уый? Зæйрæтхан. Æз дæ бамбæрстон, поручик... Хорз, æз амар- дзын&н къамандиры. Аслæнбег (райста æхца æфсæйнаг скъаппæй). Дыууæ ми- . иы уал дын, иннæтæ — уыйфæстæ. Зæйрæтхан (æхца аиуварс кодта). Туккатæ сæ мыгга- джы цыт æхцайæ нæ барынц. Хæцæнгарз! Аслæибег (радта йæм йæхи дамбаца). Сахаты æмгъуыд- : мæ дæ сахуыр кæндзынæн гæрзтимæ архайын. 311
Зæйрæтхан (аифтыгъта дамбаца, цæмæдæр фæхъавыд, акъуырдта йæ). Æз афицеры хо дæн... Хатыр... Кæцы ран ис абырджыты къорд? Аслæнбег. Иæ мардæрцыд дæр уый у, æмæ сын сæ дарæ- ныл ничи хæст кæны. Зæйрæтхан. Æз сын ссардзынæн сæ дарæн. Аслæнбег. Хъæуы цæрджытæй хъæды чи ис, уыдон дæ базондзысты. Зæйрæтхан. Хъæуы цæрджытæ... Æвæццæгæн, мæ мад мæрдтæй куы рацæуид, уæд мæ уый дæр нал базонид... Стæй... Мæнæ — сæ рæвдыд! (Йæ кæнгæ дзыкку æрæппæрста, разынды- сты, æнафоны урс-урсид чи сси, уыцы сæрыхилтæ.) Барвыстон мæрдтæм ме схъомылгæнæджы марæгæн йæхи, фæлæ йæ фæс- таг цæф мæ уæлæ Æрфæныфæдау «баззад: иунæг сахатмæ фыр- тæссæй сурс дæн. (Паузæ.) О, фæлæ уый уæд уыди! Мисхалмæ дæр сæ нал дарын!.. Тæссаг бонтæ фесты! Дисгæнгæ мæм ма кæс, поручик, кæддæр, дам, тынг рæсугъд уыдтæн æз. Хæрзæх- сæв! Аслæнбег. Иу ныхас... Къамандиры амарын æнцондæр у, къорд хæцгæ куы кæна, уæд. Зæйрæтхан. Бузныг. (Ацыд.) Аслæнбег. Куыддæр фыццаг æхст фæкæнай, афтæ уый тыххæй хъуыстгонд æрцæудзæн йæ иуылбæрзонддзинад госпо- дин Деникинæн. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ Хъæды кæрон. Рæсугъд фæзгонд. Æрбахызт фæлмæцыдхуызæй Зæйрæт- хан, йæ къухы лæдзæг, дзæкъул. Базонæн ын нæй — урсдадали сылгоймаг. Зæйрæтхан. Уæдæ ацы фæндаг кæдæм цæуа? Ныр дык- каг бон рахау-бахау кæнын, фæлæ никуы æмæ ницы. Нæ уы- гæрдæнтæ зынынц..*. Æнхъæлдæн, кæддæр ма уыдтæн ам, чысы- лæй... О, о, уыдтæн... Зауыримæ нæ хосдзаутæн кæрдзын схас- там. Згъорынц бонтæ, сæ иуæй иннæ фыддæр. Фæдисонау тагъд кодтон Ирыстонмæ, æнхъæлдтон, тæссаг бонтæ фесты, ноджы цыфыддæр та ам... (Æрбадт, æртыдта дидинæг, бирæ йæм фæ- каст, фехста йæ иуварс, йæ ронæй сласта дамбаца, бæхты къæх- ты хъæр райхъуыст, дамбаца фæстæмæ амбæхста.) Æнхъæлдæн, сæхæдæг мæ ссардтой! Æрбахызт Батырбег. Зæйрæтхан сыстад. Б а т ы р б е г. Чи дæ? Цы агурыс ам? 312
Зæйрæтхан (цыма ницы æмбары, уыйау ын дисгæнгæ. йæ хæцæнгæрзтæм бавнæлдта.) Партизан, партизан, ссардтон сæ!.. (Кзеуы, худы, йæхи Батырбегыл баппæрста.) Б а т ы р б ег. Нæ дæ æмбарын... .Зæйрæтхан. Ныр уæ цал боны фæцагуырдтон... Æз са- лыгæрдæйнаг дæн. Урсытæ мын мæ иунæг æфсымæры амардтой... Б а т ы р б е г. Ма ку, ма ку! (Æддæмæ.) Æмбал къамандир! (Азгъордта.) Зæйрæтхан (цавддурау фæци). Зауыр?.. Нæ, нæ! Мæ цæ- стытæ мæ сайынц... (Ныццудыдта, æрхауд.) Æрбахызтысты Зауыр æмæ Батырбег. 3 а у ы р (Зæйрæтханы сæрыл схæцыд). Хорз ус... Зæйрæтхан (æрчъицыдта). Ныххатыр кæнут... 3 а у ы р. Цы ’рцыд? Хабар-ма бæлвырддæр радзур... Чи дæ? Зæйрæтхан. Мисурæт. Цалдæр боны размæ Салыгæрдæ- ны фæсивæды хуыздæрты урсытæ фехстой. 3 а у ы р. Фехъуыстон... Зæйрæтхан. Уыдонимæ уыдис мæ иунæг æфсымæр дæр. (Фестад.) Æмбал къамандир! Ме ’фсымæры мын урсытæ амард- той... Тыххæйты уæ ссардтон... Мæн хæцын фæнды æд гæрзтæ!.. Хъусыс, æмбал къамандир! Хæцын! (Кæуы.) Æмбæрзæн ÆВДÆМ НЫВ Уалдзæг. Уæлхох быдыр Сау хъæды. Хъуысы гæрæхтæ. Дуртæ, бæлæстæ, къуыппыты аууонæй зынынц Зауыр, Батырбег æмæ цалдæр партизаны. Æх- сынц. Сæхирдæм дæр нæмгуытæ къуыззитт кæнынц. Бæласы аууонæй фон- дзæхстонæй æхсы Зæйрæтхан дæр. йæ уæлæ сырхæфсæддоны хæдон, юбкæ, ирон дзабыртæ, йæ урс-урсид дзыккутæ къуырд. Батырбег (йæ цуры æрæнцад). Цæй куыд у, Мисурæт? Нæ тæрсыс нæмгуытæй? Зæйрæтхан. Æргом ныхас, Батырбег: чысыл’ тæрсын. (Æхсы.) Б а т ы р’б е г. О, о, уый ды фехстай? Зæйрæтхан (цингæнгæ). Суадис ыл? Б а т ы р б е г. Фæуæлгоммæ! Мисурæт, дæуæй рауайдзæн хъæбатыр сырхæфсæддон. 3 æ й р æ т х а н. Дæу æмæ къамандиры руаджы. Б а т ы р б е г. Хъуыды-ма кæныс? (Фæзмы йæ.) «Æмбал къа- мандир, ме ’фсымæры мын урсытæ амардтой... Тыххæйты уæ ссардтон... Мæн хæцын фæнды æд гæрзтæ...» Зæйрæтхан. Батырбег... Б а т ы р б е г. Хорз, хорз. (Кæдæмдæр.) Цæмæн ныхъхъус лулемет? Мисурæт, къанау-къанау фæстæмæ абыр æмæ Ниффæ- 313
мæ фæкæс цæфтæ бæттынмæ... Стæй сихоры куыст бакæнут. (Ацыд.) Зæйрæтхан. Хорз. (Иунæгæй.) Цæй æхсызгонæй дын ныццæвин æз де стыр ныхыл дамбаца, мæ хæлар. (Кæйдæр ауыдта.) Кæнæ дæуыл, мæ кæддæры æвзонг æмбал. Партизан (æдде). Æмбал къамандир, урсытæ фæстæмæ фæцæуынц айнæджы аууонмæ. 3 а у ы р. Мауал æхсут! Гæрæхтæ банцадысты. Зæйрæтхан. Зауыр... (Топп иуварс æрæвæрдта, дамбаца систа.) Зауыр бииоклæй кæсы. 3 а у ы р. Фæстæрдæм фессæстой. Зæйрæтхан Зауырмæ куыд ныхъхъавыд, афтæ Батырбег æрбацыд. Б а т ы р б е г. Мæ сæр лыгмæ дæттын, сихор хæрынмæ.та аз- дæхтысты. Зæйрæтхан (æмбæхсы дамбаца). Ту! Ныр дыккаг хатт... 3 а у ы р. Уæдæ цæй æрæгмæ цæуа ревкомæй Созо? Мацы йыл æрцæуæд? Б а т ы р б е г. Уæд та йæм æз суаин? 3 а у ы р. Ардыгæй ма йæм изæрмæ банхъæлмæ кæсæм. Адæ- мæн сихор бахæрын кæнут... Иу партизан (хъазгæмхасæнты). Æмбал къамандир, уыдоны сихор хъармдæр æмæ дзаджджындæр уыдзæн; уæд та сæм æз æмæ Гуыба ныууаиккам? Б а т ы р б е г. Иу, дам, йæ гуыбыны фæдыл ацыд æмæ нал æрыздæхт... Уæйгуытæ йæ бахордтой... Зæйрæтхан хæринаг рахаста. Хæрынц. Зæйрæтхан. Батырбег, хъаст дæм хæссынц: нырма къа- мандир аходæн дæр нæма бахордта. Б а т ы р 6 е г. Гадзрахатдзинад! Зæйрæтхан фæкуыддæр. Мæнæн та афтæ загъта, бахордтон, зæгъгæ... О, хæдæгай, нæ афицер æнæхъæн суткæ йæ дзыхмæ хæринаг нæма схаста, бунт кæцы- 3 а у ы р. Æмæ кæмæн ;йæхи буц кæны? Б а т ы р б е г. Мæ-гъа, Ниффæ хъаст кодта... Зæйрæтхан (иуырдæм). Мæ зæрдæ ратоны! Майрæм... Б а т ы р б е г. Куы сæххормаг уа, уæд мæ куыдзы хæрд кæн- дзæн. Зæйрæгхан (йæхи тыххæй баурæдта. Иуварсмæ.) Цæвон сæ дыууæйы дæр? Нæ бæззы мæ фæнд, мæн дæр æмæ Майрæ- мы дæр фехсдзысты. 314
Батырбег. Мнсурæт, кæлæнгæнæг ма у, дæхиимæ цыма ныхæстæ кодтай? Зæйрæтхан (фæтарст). Æз уын уæ афицерæн хæринаг куыд радтаин, уый фæлвæрдтон мæхинымæр. 3 а у ы р. Æцæг? Бафæлвар-ма. 3 æ й р æ т х а н. Æцæг афæлварон? Батырбег. Бафæлвар. 3 а у ы р. Дæ минас бирæ, Мисурæт. Сыстадысты. Б а т ы р б е г (хъахъхъæнæгмæ). Гуыба! Дæ афицеры сихор хæрынмæ ракæн. (Зæйрæтханмæ). Куы нæ хæра, уæд ын- иу æгæр лæгъстæ ма бакæн. (Ацыд.) Зæйрæтхан. Цъаммартæ! Дыууæйæ дæр ме ’фсымæры иу сныхасы аргъ не стут... Ракæны йæ... Куы нæ бауромон мæхи... Куы мæ базона афонæй раздæр... Æрбакодтой Майрæмы. Тамако стухыныл архайы, чызг тыххæй йæхи уромы. (Иуварсмæ.) Фæуром дæхи, мæнæй уы... Иннæрдæм кæсгæйæ Майрæмы цур хæринаг æвæры. Майрæм хæринаг йæ къахæй фæцæйсхуыста, фæлæ Зæйрæтхан фæрæвдз æмæ хæринаг аиуварс кодта. Майрæм! Куыддæр исты уæлдай ныхас скæнай, афтæ бабын стæм дыууæйæ дæр! М а й р æ м. Зæйрæт! Зæйрæтхан. Мисурæт мæ ном. М а й р æ м. Цы агурыс ам? Зæйрæтхан. Хæргæ. Майрæм хæры. Дыууæ хæсы. Фыццаг —дæу ссæрибар кæнын... Дыккаг — ацы абырджыты къамандиры амарын. Майрæм. Хæцæнгарз дæм ис? Зæйрæтхан. Ис. М а й р æ м. Æри йæ. Зæйрæтхан. Æнæсæр ми! Иу дамбаца фондзыссæдз лæ- джы ныхмæ. М а й р æ м. Марынмæ кæй агурыс, уый чи у, уый зоныс? Зæйрæтхан (æрæджиау). О. М а й р æ м. Уый дæр дæ базыдта? Зæйрæтхан. Цытæ дзурыс? Уæд афонмæ нæ дыууæйæ иу дæр нал уаид... (Иуварсмæ.) Нæ, нæ... Фын уынын, тарф фын..\ Хуыцау, æрыхъал мæ кæн тагъддæр! Цыма та хæрз æрæджы хъазыдыстæм Суадонджын обауы раз... Æрыскъæры изæрыгон фос æмæ йæм æз аууонæй кæсын... Цыма та кæрты къодахыл бады, æз æм бахъуызыдтæн фæстæты æмæ йы’н йæ худ дард ««.
фехстон... Уый мæм æрмахуыр уæрыккау скаст, стæй сабыргай сыстад æмæ æнæ иу сныхас йæ худмæ ацыд... Зауыр... (Дамба- цамæ тарст каст фæкодта.) Нырма йæ фиййаулæдзæг æгас... Фиййаулæдзæг? Æз уый радтон... (Æррайау.) Дæ Аминæтæн.., (Азгъордта, Зауыримæ хæрхæмбæлд фæци.) 3 а у ы р. Цы кодтай, Мисурæт? Цæссыгтæ? Зæйрæтхан. Ныххатыр кæн, æмбал къамандир... Чи. зо- ны, мæн æфсымæр дæр искуы афтæ... (Алыгъд.) 3 а у ы р (Майрæммæ). Æгæр тæригъæддаг æм нæ фæкастæ? М а й р æ м. Æз тæригъæддаг никуы æмæ никæд дæр уыдзы- нæн... 3 а у ы р. Æгæр гыццыл бафæрæзтай дæхйуыл хæцын. Æгæр тагъд аппæрстай дæ хæрв. Майрæм. 0, аппæрстон. Кæд уыдыстут сæрмæ хæссинаг сымах? Цы ном, цы бартæ уæм ис? Цы стут? Зæгъ-ма: куы нæ уæм æфсад ис, куы иæ хæцæнгарз, уæд уæ ныфс цæмæй хæссут? 3 а у ы р. Æвæццæгæн, адæм æфсадæй фылдæр сты æмæ тых- джындæр... Стæй æдгæрзтæ æфсад кæй хоныс, уыдон дæр, æвæц- цæгæн, адæмæй сты... Адæмы бон та... М а й р æ м, Æмæ, дæумæ гæсгæ, мах адæм не стæм? Зауыр. Дæхи загъдау, сымах уæздæттæй стут... Сымахæн уæ райгуырæн бæстæ уæ хъæздыгдзинады хуылфы ис. М а й р æ м. Дæумæ гæсгæ, махæн райгуырæн бæстæ нæй? 3 а у ы р. Нæй. М а й р æ м. Ау, далæ уыцы хæдзар мæн нæу? Кæнæ уартæ уыцы дидинæгджын уыгæрдæнтæ мах не сты? 3 а у ы р. Зæгъ-ма, уæ уыгæрдæнты цы дидинджытæ зайы, уыдон сымах ныссагътат? М а >й р æ м. Цы зæгъынмæ хъавыс уымæй? 3 а у ы р. Уый, æмæ уæ зæххытыл адæм куыстой. Хъæд сьь мах нæ ныссагътат, дидинджытæ дæр афтæ... Стæй уыдон ныр- ма райгуырæн бæстæ нæма сты. . Майрæм (мæстæймарæгау). Сахуыр-ма кæн мæн дæр рай- гуырæн бæстæ уарзын, «æмбал къамандир»! 3 а у ы р.' Ууыл ахуыр кæнын нæ хъæуы, господин афицер. М а й р æ м. Уæдæ? 3 а у ы р. Уæдæмæ райсомраджы адæймаг куы фенай, уæд ыл бацин кæн, сыгъдæгзæрдæйæ йын арфæ ракæн... Уæвгæ, ды уыдæттæ нæ бамбардзынæ. Майрæм. Ха-ха-ха! Зауыр (хъахъхъæнæгæн). Акæн æй йæ бынатмæ! Хъахъхъæнæг. Хъусын! (Майрæмы акодта.) Партизан (æдде). Æмбал къамандир, цавæрдæр лæджы скæнынц æрхæй. 3 а у ы р (кæсы). Уынын æй... Æдде хъæлæстæ: — Созо шпион æрцахста! 316
— Кæйдæр фиййауы æнæ фос фæкодта! 3 а у ы р. Батырбег! Батырбег æрбацыд. Б а т ы р б е г. Дзырдтай мæм? 3 а у ы р. Созо æрыздæхт ревкомæй. Б а т ы р б е г. Стæй, æнхъæлдæн, афтидармæй дæр нæ. 3 а у ы р. Кæд Рагулин у?.. Б а т ы р б е г. Нæ, Рагулины хуызæн нæу. 3 а у ы р. Диссаг, цы фæуыдаид Рагулин?^ Б а т ы р б е г. Нæ зонын... Уыцы æхсæвæй фæстæмæ зæххы скъуыды ныххауд. 3 а у ы р (дисгæнгæ). Мæ цæстытæ мæ сайынц, Батырбег. Б а т ы р б е г. Мысост? Созо æрбакодта Мысосты. Алырдыгæй хъазæн ныхæстæ. — Æзынма инæлар Вадбольскийы æрцахста. — Шкуройы!.. — Кæд ирон дзаумæттæ скодта инæлар барæй? Б а т ы р б е г. Басабыр ут! Созо. Æмбал къамандир, дæ дзырд дын сæххæст кодтон. Ревком ныббырсыны бар дæтты. 3 а у ы р. Хорз. (Мысостмæ кæсы.) С о з о. А-а, уый далæ хъæды кæрон цыдæр агуырдта, æмæ; йыл фæдызæрдыг дæн. Батырбег (Мысостмæ). Кæй агуырдтай? М ы с о с т (тызмæгæй). Сымах. Батырбег (Созомæ). Исты йын кодтай? С о з о. Ницы... Куынæуал-иу коммæ каст, уæд-иу æй чысыл басхуыстон. 3 а у ы р. Дæ фæллад уал суадз, Созо. Созо ацыд. Батырбег Зауырбæ бакаст, «фæрсон», зæгъгæ, æмæ Зауыр йæ сæрæй разыйы дзуапп радта. Б а т ы р б е г. Сбад. Мысост сбадти. Уæдæ, зæгъыс, мах агуырдтай? Мысост. Æз ссыдтæн гæрзтæм! Æриут мын хæцæнгарз!.. (Сыстад.) Мæн сымахмæ не ’вдæлы. Б а т ы р б е г. Тагъд дон фурды не ’ййафы, цæмæн дæ ба- х’ъуыд хæцæнгарз? М ы с о с т. Мæ чызджы суæгъд кæнон. 3 а у ы р. Нæма йæ рауагътой? М ы с о с т. Хæцæнгарз!.. 3 а у ы р. Тæвд нæ, Мысост... Батырбег раст у... Радзур-ма, цы* ’рцыдис? Мысост (бынтон æрæджиау). Дæу куы ахстой, уæд сыл 31Г
цавæрдæр хъазахъхъаг топпæй ралæууыд... Стæй йæ цæфæй æр- цахстой æмæ йæ махмæ æрбакодтой... 3 а у ы р. Кæсæнцæстытæ йыл нæ уыд? Мысост. Уыдис. 3 а у ы р. Рагулин... Уайтагъддæр æй зыдтон! Æз æй хъæугæ- рон ныууагътон... М ы с о с т. Иæхи хуызæн нал у мæ чызг... 3 а у ы р (хъахъхъæнæгмæ), Созомæ фæдзур. Созо (æрбацыд). Хъусын, æмбал къамандир. 3 а у ы р. Чысыл аулæф æмæ фæстæмæ — Урс хохы бынмæ. Зæйрæтхан сæм хъусы. : С о з о. Хъусын, æмбал къамандир. , 3 а у ы р. Иу партизаны демæ айс æмæ Туккайы-фырты рев- коммæ схæццæ кæнут. Куыд ничи уæ фена, афтæ. Созо. Уый дын мæ уды бар. Акса, хæдæгай, Киров нын га- зет сæрвыста. Мæнæ дзы Ирыстоны тыххæй дæр. (Зауырмæ га- зет радта.) 3 а у ы р. Батырбег! Слæууын кæн адæмы! Б а т ы р б е г. Хъусын! (Ацыд.) 3 а у ы р. Бузныг, Созо. Цæугæ, уæдæ: куыд баныхас кодтам, афтæ. С о з о. Хъусын. (Ацыд.) Зæйрæтхан фæаууон. Хъуысы уадындзы цагъд. Зауыр газет кæсы, æдде Батырбеджы хъæлæс: «Къорд, слæуут!» Æрбацыд Батырбег. Батырбег. Æмбал къамандир, дæ бардзырдмæ гæсгæ къорд слæууыд. Зауыр (адæммæ). Æмбæлттæ! Сырх Æфсад Ирыстонмæ схæццæ кæны... Лидзынц Шкуройы балбирæгътæ. Ис бардзырд: хъуамæ сæ чъылдымырдыгæй ныццæвæм. Лидзгæ-лидзыны уы- дон ницæуыл бацауæрддзысты — судздзысты хæдзæрттæ, хъæу- тæ, мардзысты ахст адæмы... Нæ бауадздзыстæм мах уый... Хъæлæстæ. Нæ бауадздзыстæм! 3 а у ы р. Ирыстоны хъæуты урсытæ цы фыдмитæ бакодтой, уый тыххæй æмбал Киров газет «Правдæ»-йы ныффыста... Бай- хъусут æм... (Кæсы. Тексты бæсты хъуысы æнкъард музыкæ. Паузæ. Кæсы дарддæр.) Гъе, афтæ саст æрцыд, Ирыстоны ма Советон хицауад фæстагмæ цы хъæуы баззад, уый. Дæрæнгонд .æрцыд æгас ком. Æнæуи дæр тыхтæ-амæлттæй чи аирвæзт кæр- дзыны мурæй, уыцы мæгуыр фæллойгæнæг адæмы бастыгътой сызгъæринпъагонджынтæ, хулиганты æрдонгтæ. Цымæ искуы ферох кæндзысты уыдæттæ Иры фæллойгæнæг адæм? Никуы! Хæххон адæм знаджы ныхмæ тохы сæ зæрдæты арфы ныуурæд- той сæ маст, æмæ йæ Сырх Æфсады размæбырсты фыццаг уы- лæн+æ уайтагъд æрыхъал кæндзысты. Сергей Мироны фырт Киров. ^18
ÆСТÆМ НЫВ Уынг. Зыны ахæстон. Бон цъæхтæ кæны. Хъазахъхъæгтæ гуыбыр-гуыбыр дыууæрдæм кæнынц. Хатгай райхъуысы бæхты къæхты хъæр, гæрах. Сценæйы астæу лæууы Аслæнбег. Æрбацыд салдат. С а л д а т. Господин поручик, пакет штабæй. ’, Аслæнбег (кæсы). «Артиллерийы æмæ хойраджы скълæдтæ æвæстиатæй ласгæут! Сæ хæдфæстæ та — комендату- рæ. Дæ сæрмагонд къорд рæстæгмæ «баззайæд уым æмæ æппæт мадзæлттæ дæр саразæд ацы бардзырд сæххæст кæнынæн...» (Салдатмæ). Ахæстоны чи ис, уыдоны се ’ппæты дæр фехсут. Фæдзур-ма хъалагъурты хйцаумæ. С а л д а т. Хъусын, господин поручик (Ацыд.) Аслæнбег. Лидзæм... Кæдæм?.. Тæрсгæ ма кæн, поручик. Фæстаг тохы агъоммæ хъæбатыр афицерыл æнкъард хъуыды нæ фидауы. Æрбацыди Дзабо, йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Д з а б о. Сусæг ныхас мæ ис дёмæ. Аслæнбег. Цавæр сусæг ныхас? Дзур> Д з а б о. Дард æрвадæлтæ дæр ахæм заман тынг бахæстæг вæййынц. А с л æ н б е г. Хъусын дæм. Д з а б о. Хъазахъхъ фæоцани сты. Сырхытæм, дам, сарма- дзантæ ис. Бабын стæм. Аслæн;бег. Цæй сармадзан сæм ис? Дзабо. Иæ хæтæл, дам, рæтæнагъдæй даргъдæр... Исты ныхъхъуыды хъæуы... Аслæнбег. Гъы, æмæ цы ныхъхъуыды кодтай? Дзабо. Лидзын. Æртæ боны размæ мæ зонгæ ам уыд, го- рæтæй æрцыд. Дзурынц, зæгъгæ, дам, не ’фсад фæсарæнмæ цæ- уы. Петровскы наулæууæнæй нæ наутæ цæуынц Персырдæм. Инæлæрттæ сæ мулк æмæ сæ устыты фæласынц. Ам нæ фæрсæй- фæрстæм æрцауындздзысты. Аслæнбег. Дарддæр? Д з а б о. Аслæнбег, мæ хур, мæнмæ ис сызгъæрин хъусцæ- джытæ, сахæттæ, цæнгдарæнтæ, сызгъæрин æхца... Мæ цæргæ- бонты сæ фембырд кодтон... Немæ хъахъхъæнджытæ акæнæм æмæ цом хæхтæм, æфцæгыл Калакмæ ахиздзыстæм, стæй уæд — Туркмæ. Турчы, дам, ирон адæм... Хæдзар балхæндзыстæм... Ныртæккæ æз мæ сызгъæринтæ æрдавдзынæн... (Иуварсмæ.) Æнахуыргонд дæн æмæ искуы Абæйы цæххы путы сæфт фæкæн- дзынæн, æндæра мæ ды хуынкъ суарийæн дæр бæргæ ничердæм хъæуыс. (Ацыди.) Райхъуыст сармадзаны гæрах. А с л æ н б е г. Афтæ тагъд? Фæдис! 319
Хъуысы фæдисы уадындзы цагъд. Рухс ахуыссыд. Ссыгъд фæстæмæ. Ра- зынд ныв: лæууы Аслæнбег. Иæ разы ма иу афицер. Гæрæхтæ хæстæгæй- хæстæгдæр кæнынц. Аслæнбег (афицермæ). Дыууæ взводимæ стыр уынджы «фæйнæфарс æрцахс хъæуы астæу. Пулеметтæ бæрзонддæр хæ- дзæртты уæлхæдзар сæвæр! Иу взводы æрдæг мæн бæрны уæр- тæ уым ныууадз. Артиллерийы скълад ласгæуæнт æвæстиатæй! А ф и ц е р. Хъусын. (Ацыд.) Гæрæхтæ стынг сты. Лслæнбег азгъордта. Æрбазынд Дзабо чысыл дзæ- къулимæ. Д з а б о. Уæуу, мæнæ доны къусы сæфт куыд кæнын... Ли- дзынæй ницыуал... Уæдæ цы фæуыдаид поручик? Æрбацыд Аслæнбег. Иемæ дыууæ афицеры æмæ цалдæр хъазахъхъаджы. Дзабойы нæ уынынц. Аслæнбег. Бæхджын взводимæ сыхаг хъæумæ фæндаг æрцахсут! А ф и ц е р. Хъусын! (Азгъордта.) Аслæнбег. Ахæстоны дæгъæлтæ кæм сты? Хъазахъхъаг. Мæнмæ. Аслæнбег. Æри сæ. Хъазахъхъаг. Иæ иууыл бæрзонддзинад... Аслæнбег. Дæгъæлтæ! (Райста сæ.) Хъахъхъæнджыты сис -æмæ горæтмæ — тагъд! Хъазахъхъаг. Хъусын... Фæлæ, господин поручик, ахст адæм... Аслæнбег. Æз зонын, цы сын кæнын хъæуы, уый. Æххæст кæн бардзырд. Хъазахъхъаг. Хъусын! (Ацыд.) Аслæнбег (афицермæ). Иукъорд салдаты хъæуы сæрмæ арвит: базонæнт, фистæг батальон æрцæуы æви нæ. Ацу дæхæ- дæг дæр’ семæ. А ф и ц е р. Хъусын! (Ацыд.) Аслæнбег (иунæгæй). Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ба- тальои афонмæ йæ сæфтджытæ нымайгæ фæстæмæ горæтмæ фæ- хæццæ кæны... Æрбацæуынц иу къорд хъазахъхъаджы, кæйдæр æрбахæссынц. Цы хабар у? Хъазахъхъаг. Мурат фæмард. Аслæнбег. Иу фæмард, ссæдзæй та йæ хæсгæ кæнут? Фæс- тæмæ акъоппытæм! Тагъд! Ничи йæм байхъуыста, хъазахъхъæгтæ фæхæссынц марды. «Дзабо (разынд). Æз дæ мад, дæ фыды, уазæг, æрцахс :мæ... Большевиччытæ æрбацæуынц. Дæуæн циу? Ды ацæудзы- ^20
нæ, æрыгон... Фæлæ æз ’зæронд лæг, даринæгтæ... Æрцахс мæ... Зæгъдзынæн, фæрæдыдтæн, мæ сабиты хатыр мын бакæндзы- сты. Аслæнбег Дзабойы ахæстоны фæмидæг кодта, Дзабо йæ сæр радардта, Фæлæуу-ма, æмæ мыл ныр куы нæ баууæндой æмæ мæ куы акъæрцц ласой, уæд та? А с л æ н б е г. Чи зоны... Д з а б о. Фæлæуу! Суæгъд мæ кæн фæстæмæ, амардзысты мæ! Аслæнбег æм нæ хъусы. Гадзрахатæйцæуæг... Аслæнбег æм фæкаст, Дзабо амбæхст, фæзынд тя. Сырхытæн дæхи ауæй кодтай! Аслæнбег æй фехста. Дзабо нал зыны. Афицер (æрбазгъордта). Господин поручик, Сау хъæдыр- дыгæй æмбырст æркæнынц. Аслæнбег. Æвæстиатæй стыр фæндагмæ... æмæ горæтыр- дæм цæугæут! А ф и ц е р. Хъусын! (Азгъордта.) Аслæнбег кæсы дæгъæлтæм, ахæстоны рудзынгмæ бацыд. Аслæнбег. Аминæт! Аминæт рудзынгæй разынд. Аслæнбег дæн æз. Афтæ мæм ма кæс, сырд нæ дæн... Æз уарзтон дæу... (Паузæ.) Мах цæуæм. Гъа, мæнæ дын дæгъæлтæ. Ныртæккæ уал дын æдасдæр у уым, уыйфæстæ сæ уæхионтæй искæмæ раппардзынæ. Хæрзбон, Аминæт... Хуыцауы уазæг у... Ныххатыр мын кæн æппæтдæр. (Ацыд.) Дзабо (рудзынгæй, Аслæнбеджы фæстæ). Куыдзы ауыгъд дын скæнын хъæуы! Хъазахъхъ лидзынц. Æфсымæртæ, æз фитъфебел дæн, ферох мæ кодтой! Æнæуи æрбауадтæн ардæм, æмæ мыл дуар ахгæдтой. Суæгъд мæ кæнут. Мæнæ мæ фарсмæ иннæ уаты балшавиччытæ... Дуар басæттут 5емæ сæ ныммарут... Мæнæ ам сты. Хъазахъхъаг. Кæм? Д з а б о. Мæиæ уыцыуаты! Хъазахъхъæгтæ хъил æрбахастой, дуар байгом кæныныл архайынц. Дуар нæ комы. Топпæй сæ цæвут! Хъазахъхъæгтæ рудзынгæй мидæмæ æхсынц. 21 Хъайттаты Сергсй 321
Мæн суадзут! Тынг хæстæг фехæлд сармадзаны нæмыг. Хъазахъ лидзынц, лидзгæ-ли^. дзыны ахæстонмæ гæрах кæнынц. Бæхты къæхты хъæр. Æрбабырстой партизантæ æмæ сырхæфсæддонтæ, сырх тырыса уæлхæдзар*; садзынц. Д з а б о. Бакæнут дуар! Цъаммар урсытæ мæ ам батардтой_ Дуар, мæ хъæбултæ! Рауагътой йæ. Ме ссæрибаргæнджытæ!.. (Иæ хъæлæсы дзаг.) Æгас цæуæд Советон хицауад! (Мысост æм топп куыд фæдардта, уый ауыд- та.) Гъа-а-а1! Мысост æй багæрах кодта. Партизан. Цы бакодтай? М ы с о с т. Уый Дзабо уыдис. Партизантæ марды ахæр-хæр кодтой. М ы с о с т. Аминæт! Кæм дæ? Рудзынгæй дæгъæлтæ раппæрстæуыд. Бакодтой дуар. Ахстытæ рацыды- сты. Мысост Аминæты рахаста. Фæзынд Зауыр. 3 а у ы р. Аминдет! Аминæт (лæмæгъæй). Зауыр, цæй æрæгмæ фæзындтæ?... 3 а у ы р. Цы фæци Рагулин? Аминæт. Куы ’хстой... Уæд мæ йæ аууон бакодта... Зауыр базгъордта мидæмæ. Б а т ы р б е г. Дохтыр! Аминæты акодтоп. Æрбацыд Зауыр. Иæ худ йæ къухы, иннæтæ дæр сæ’ худтæ систой. 3 а у ы р. Нал и нæ тырысахæссæг!.. Батырбег (æрбазгъордта). Æмбал къамандир, æнамонд. хабар... Созоимæ чи ацыд, уый уæззау цæфæй æрыздæхт... Фæ- мард Созо. Туккайы-фырт алыгъд. 3 а у ы р. Цы?. Б а т ы р б е г. Чидæр, дам, нæ размæ бабадт хъæды... Цæф- сæнттæ цæгъды... Сылгоймаджы хуызæн, дам, мæм фæкаст. 3 а у ы р. Кæм и цæф? Цом-ма! (Азгъордтой.) Хъуысынц ма иугай гæрæхтæ. Æрбацыд Зæйрæтхан. 3 æ й р æ т х а н. Иу хъуыддаг ма мын баззад, æмæ уæд мæ хæс баххæст кодток Стæй уæд лидзгæ, мæнæй уый, ардыгæй... Нæ, ме ’взонг бонты æмбал, дæу ам нæ ныууадздзынæн æз... Нæ хъазт кæронмæ ахæццæ кæнæм. Æрбацыди Зауыр. 322
3 а у ы р. Мисурæт? Зæйрæтхан. Зæйрæтхан... (Зауыры багæрах кодта.) Зауыр фæцæф. Батырбег Зæйрæтханы къух ацахста. 3 а у ы р. Фæлæуут! Ма йæ фехсут! Æгæр рог тæрхон ын уыдзæн уый... Уадз цæрæнбонты йæ цæстытæ æвдисæн уой йæ .фыдми æмæ йæ саузæрдæйæн... Уадз цæрæнбонты йæ хъустæ æвдисæн уой сывæллæтты амондджын зардæн... Зæйрæтхан. Иуварс уæ чъизи къухтæ!.. Ме ’нæуынон стут иууылдæр! Æлгъыст фæут! Æлгъыст фæуæд, сымах цы хуы- цау равзæрын кодта, уый!!! Пар.тизан (æрбазгъордта хъæлдзæгæй, йæ къухы гæх- хæтт). Телеграммæ! Киров æмæ Орджоникидзейæ телеграммæ! 3 а у ы р. Размæ! Владикавказмæ! Æмбæрзæн Кæрон
НАРТЫ СОСЛАН ДЫУУÆАРХАЙДОН ПЬЕСÆ (ЭПОСЫ МОТИВТÆМ ГÆСГÆ) АРХАЙДЖЫТÆ: Сослан. Сатана. А ц ы р у х с. Сырдон. Т о т р а д з. А й с æ д у. К е с æ. Æ ф с æ р о н. Хæйрæджыты паддзах. А л д ы н , л д ы н | •ыдтын) р. , , ( иæ чызджытæ. Б о р æ х ы з. А р с æ м æ г У р с æ м æ г \ уæйгуытæ. Бурсæмæг Иарты фæсивæд. Донбеттыры чызджытæ. Хæйрæджытæ. Пьесæйы хъуысынц хъæлæстæ: Зæрватыкк. Тулдз. X а л о н. Б æ р з. С ы н т. Ф æ р в. Б а л с æ г. С у с х ъ æ д. Балсæджы цалх. Фатхъæд. Хуымæллæг. 324
ФЫЦЦАГ АРХАЙД 1 - а г ныв СОСЛАНЫ РАЙГУЫРД Æмбæрзæны байгомимæ райхъуыст нæртон зард, бæхты къæхты гыбар- гыбур, дардæй-дарддæр кæнынц. Уалдзæг. Доны был. Зынынц бæрзонд ирд хæхтæ, сæ хъæбысы—хъæу. Нарты сылгоймæгтæ сæ къухтæ æмæ сæ сæр- бæттæнтæй фæндараст зæгъынц, чи адард, уыцы бæлццæттæн. Къуыппыл йæ лæдзæджы ’нцой лæууы урсзачъе зæронд лæг. Иæ фæйнæфарс дыууæ ’взонг лæппуйы, уыдоныл дæр нæртон дарæс. Хæрз чысыл лæппу æмæ чызг лæууынц сæ нынйарджыты раз нæртон дарæсы. Лæппу йе ’хсаргард йæ фæдыл ласы. Пæ иу къухы уадындз. Сырдон (æрбацæуы). Фæцæуынц та нарты гуыппырсартæ цуаны, мæн нæ акодтой семæ, бæх, дам, дæм нæй. Цæмæн хъæ- уы Сырдоны уæ бæх?.. Фæкæсут-ма, кæддæра уæ разæй нæ фæ- уаин... Стæй ма-иу мын ма бакæнут хай... Уæ фæсарц дæр ма мæ хæсдзыстут. (Фæаууон.) Зард æмæ бæхты къæхты хъæр нал хъуысынц. Дыууæ лæппуйы ’ххуысæй сыстад зæронд лæг. Фæкæнынц æй. Ацыдысты устытæ дæр. Чызджытæ фæ- хибар сты, хъазынц. Сæ иу (гыщыл лæппумæ). Ацæмæз, уæ Ацæмæз! Æццæй, Æфсати дын уадындз балæвар кодта? А ц æ м æ з. О. И н н æ. Æмæ дзы цæгъдын зоныс? Ацæмæз систа уадындз, цæгъды. Иæ диссаджы цагъдмæ чызджытæн ка- фын бацайдагъ. Фесты. Фелвæстой лæппуйы, фескъæфынц æй кæл-кæлгæнгæ. А ц æ м æз. Агуындæ! Агуындæ!.. Гыццыл чызг сæ фæстæ фезгъоры. Фæаууон сты. Уæззау цыд æрбакæны Сатана. Сатана. Уырызмæг... Сæрæгасæй мын æрыздæх. Ныххатыр кæн, дæ фæдыл нæ рацыдтæн ацы хатт... Нæ рауæндыдтæн хис- тæрты размæ. Абонрайсом дæ бындар мæ зæрдæйы бынæй стæлфыд. (Дурыл æнцадгай æрбадт.) Змæлы та, йæ гæндзæхтæ цæгъды... Хъуысы уынæр бæрзондæй. Хохы цъуппæй мæм цыдæр комкоммæ æртæхы... авдсæрон зали- аг калм. О, фæлæ нæу сыстын мæ бон. Адæймаг фестад... Уынæр æрбахæстæг. Фæзынд Æфсæрон. Æфсæрон? Æ ф с æ р о н. О, уый æз дæн, хæхты ’бардуаг Æфсæрон. 325
С а т а н а. Фыццаг хатт равдыстай адæммæ дæхи. Æ ф с æ р о н. Дæумæ, æрмæстдæр дæумæ, бæстырæсугъд Са- тана... Фæлæ-ма зæгъ, цæуыл у дæ хъуыды, дæ сагъæс. Нæ фи- дауы ахæм рæсугъд цæсгомыл æнкъард... Сатана. Куы нæ дæн æнкъард. Æфсæрон. Дæ рæсугъддзинад æнхъæлмæ кæсы уарзтмæ, дæ судзаг былтæ домынц ба, дæ иу ныхъхъæбысы — уæларвон т’ых... Уырызмæг балцы. Бæрæг нæй — дæ мой ма æрбаздæхдзæн æви нæ. Де ’ргом мæнырдæм раздах. С а т а н а. Дæ ныхæстæ уæларвон не сты, афтæмæй уырды- гæй æртахтæ. Æ ф с æ р о н. Ме ’нкъарæнтæн мын уарзондзинад ратт æмæ хæхты цъуппытыл адджын цард кæндзынæ. Иуныхасæй, æз дæн минæвар дæумæ мæхицæй. Уый хъуамæ дæуæн кад уа, стыр кад... Æз æнæмæлгæ дæн, ды та — зæххон. С а т а н а. Кад нæу уый мæнæн. Æгад у. Æ ф с æ р о н. Цы, цы? С а т а н а. Дæу никуы уыдзынæн æз. Æ ф с æ р о н. Æгæр тагъд кæныс дзуапиыл, ахъуыды кæн. С а т а н а. Хъуыдыгонд фæдæн æз. Æ ф с æ р о н. Уæдæ хъус, нæртон чызг, хъус ды, мæ фæндыл дыууæ зæгъынмæ чи бахаста йæ ныфс. Уадз хъуса æппæтрафæл- дисæг йæхæдæг дæр: ард хæрын йæ быны, ды уыдзынæ мæн! О! О! Мæн! Удæгасæй мæм уазал цæстæй ракастæ, мардæй та мын кæдæм цæудзынæ? С а т а н а. Цы? Æ ф с æ р о н. Ме ’ппæт хъару, ме ’ппæт бартæ дæр снывонд кæндзынæн æмæ талынг æхсæвы базыртыл дæ зæппадзмæ æр- хæсдзынæн судэгæ уарзондзинад æмæ монцтæ. Æз кæндзыйæн ба дæ мæрдонæхгæд цæстытæн. Дæ рустæй дын дæ уарзондзи- над æнæвгъау цъирдзынæн. Мæ карз батæм байгом уыдзысты де ’мæхгæд -былтæ, æрыгас дын кæндзынæн дæ буар дæр... Дæ бу- ар. О,- уынын æй рагацау мæ разы. Дæ къæбæлдзыг дзыккутæ дын ме ’нгуылдзтыл тухдзынæн, хъаздзынæн сæ мæйы ’взист тынтæм. Мæ уарзт, мæ монцтæ, мæ хъарм хъæбыстæм де ’муд æрцæудзынæ, æмæ уæд уыдзынæ мæн... Хъусыс — мæн! Мæн! Ард хæрын! С а т а н а. Æгъгъæд! Тæригъæд у ахæм дзырдтæ уæларвæй хæссын. Æниу, цæй уæларвон дæ ды? Мæ мой балцы... Æз зæр- дæхсайгæ... Æ ф с æ р о н. Зæрдæхсайгæ нал дæ! Дæ уæз, цы дурыл ба- дыс, уый хуылфы февзæрд. Сатана. Фæлывд!.. Æ ф с æ р о н. Кæд дæ нæ уырны, уæд фест. Раст чызгæй уы- дзынæ рогдæр. Сатана рогæн фестад, дисы бацыд. Цы зæгъдзынæ ныр та? Кæсыс? Змæлы дур, Уырызмæджы 326
бындар йæ бæттæнтæ тоны. Цом мемæ! Сæрибар дæ ныр! С а т а н а. Никæд! Æ ф с æ р о н. Цъæх арты басудз, мæнæ дур, дæ хуылфы чи ис, уый сау пиллон куыд феста! Дуры алыварс ссыгъд. С а т а н а. Фæдис, Нартæ! Асæттут дур! Уæ хъæстæ фыдгулы фæндиаг кæны! Æфсæрон (худы). Нарты фæсивæд — балцы. Тæхон, сæ размæ сын хæхтæ фестын кæион. (Атахт.) С а т а н а. Æлгъыст фæу! Уырызмæг! (Йæ зонгуытыл æрха- уд.) Уæларв ^уырдалæгон! Баххуыс кæн! Дæ хæлары бындар. цъæх арты судзы! Райхъуыстысты дзæбуджы уæззау цæфтæ. Дур фехæлд. Сатана сывæл- лоны систа. Бузныг, Куырдалæгон! Нæдæр Сатана, нæдæр сывæллои нал зынынц арты аууонæй, хъуысынц сæ хъæлæстæ: Сатанайы хъæлæс. Сослан!.. Сосланы хъæлæс. Тагъддæр мæ доны ныппар... Бахси- дон уым! Доны фыцыны фæздæг уæларвмæ фæцыд. Сосланы х ъ æ л æ с. Ноджыдæр! Ноджыдæр! (Сыхъуыст йæ худын, кæмттæ ныййазæлыдысты.) Афтæ, гъе! Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ СОСЛАНЫ ÆНÆНЫЙЙАРГÆ МАД САТАНА Нарты урсзачъе зæрæдтæ ныхасы тæрхон кæнынц. 1-аг хистæр. Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой кæрæдзи сæрыл, сæ дзыхæй рæстдзинад йедтæмæ куы ницы хауд, ронгæй бæрц куы зыдтой, кæстæр хистæры куы ’мбæрста. 2-аг хистæр. Ивгъуыд бонтæ знонау аивгъуыдтой, нæй сын фæстæмæ раздахæн. Нæ фидæныл ахъуыды кæнæм. Айдагъ цуанæй цард нæй. 1 - а г х и с т æ р. Искæйы рæгъæуттæ тæрын дæр æдзух рæст- мæ нæ кæны. Ис ма махæй тыхджындæртæ. Айфыццаг Сырдон куы нæ уыдаид, уæд бынсæфт кодтам. 2-аг хистæр. Нæ сæрæн исты хос скæнæм. 1 - а г х и с т æ р. Хъуыды ма кæнут, иухатт ныл æххормаг 327
аз куы скодта, уæд нæ Сатана куыд аирвæзын кодта, уый? Са*< танамæ та арвитæм ныр дæр. Бафæрсæм æй зондæй. Цу, лæппу, • фæдзур æм... Афтæ æмæ, зæгъ, афтæ, нæ хистæрты размæ фæзын!' Лæппу ацыд. 2-аг хистæр. Æмæ уæддæр куыд рауад Сырдонимæ уæ. балц? 1-аг хистæр. Иæхæдæг дзырдарæхстдæр у. Дæлæ æр- бацæуы, цинæй мæлгæ уын æй дзурдзæн. Сырцон æрбацыд. Сырдон. Фарн уæ ныхасы. X и с т æ р. Фæрнæйдзаг у, Сырдон... Æццæй, Гæтæджы фырт, . айфыццаг нарты гуыппырсарты куыд аирвæзын кодтай? С ы р д о н. Уыдон та, æвæццæгæн, хъазгæ кæнынц мæнæй, фæлæ æз семæ куы нæ фæуыдаин, уæд ныффæлвых уыдаиккой. 2-аг хистæр. Айс уый тыххæй нæ арфæтæ. (Худы.) Сырдон æм къæсса бадардта. Циу уый? С ы р д о н. Æнæбын къæсса. Куы нæ дзы, зæгъьш, бацæуой уæ арфæтæ. Худынц. 2-аг хистæр. Æмæ уæддæр куыд рауад хъуыддаг? Ра- дзур-ма нын æй сæрæй бынмæ. С ы р д о н. Нæ бæхты фæсарц дæ хæсдзыстæм, зæгъгæ мæ семæ хъазæнхъулæн акодтой. Æз дæр дзы куыд кæй фæсарц бадтæн, афтæ сын’се ’рцъыккысхонтæ æмбæхстон. Стæй арт кæ* нын афон куы ’рцыд, уæд сæ уæйгуыты хæдзармæ зынггур цæ- уын бахъуыд. Иугай куыд цыдысты, афтæ сын уæйгуытæ сæ бандæттыл сасм кодтой, æмæ уым ныхæстæй баззадысты. Г-а г хистæр. Уырызмæг дæр, дам, уым куы уыд. С ы р д о н. Раст æппæты уæле ’бадт. Гъа ныр сæ фыцгæ аджы ныппарой, афтæ сæм æз дæр фæзындтæн, кæй зæрдæ сæм лæу- уыд... Кæстæр. Æмæ уæддæр ды куыд аирвæзтæ? С ы р д о н. Æз Гæтæджы фырт дæн. Бадын мæ кодтой, фæ- лæ хъуыддаг фембæрстон æмæ уæйгуытæн афтæ бакодтон: «Æз сæ цуры нæ фæбадын, фæлæ ма дæлæ мемæ æдде чидæртæ ис се \мсæр, æмæ сæм акæсут». Уыдон æддæмæ куы фесты, уæд æз фыцгæ дон бандæттыл аскъæрдтон, феуæгъд сты нартæ. К æ с т æ р. Æмæ уæд уæйгуытæ цы фесты? Сырдон. Сосланы уæгъдæй куы ауыдтой, йæ хъоппæг цæ- стытæ мæстæй туджызылдæй, уæд арвы кæрон балæууыдысты... X и с т æ р. Нартæ хъуамæ дæ цæрæнбонмæ кувой æдзух. Сырдон. Æмæ куы зæгъын: уæдæй нырмæ æнæбын къæс- са ме ’ккой хæссын... Куы нæ дзы, зæгъын, бацæуой уæ арфæтæ. 328
• Æрбацыд Сатана. Сатана. Цæмæн бахъуыд Нарты буц хистæрты мæ сæр,' нывонд уын фæуа? X и с т æ р. Дæ сæр фæрнæй дар, йæ зондæй та нæ хъæуы чы- сыл хай. Хæстæгдæр нæм æрбалæуу, чындз, нæ фидæныл хъуы- ды кæнæм.., Иудадзыг цуанæй цард нæй, искæйы рæгъæуттæ тæрын дæр æдзух рæстмæ нæ кæны, ис ма махæй тыхджындæр- тæ. Исты уынаффæ нын зæгъ ды дæр. С а т а н а. Кæд уыд кæлмæрзæн æмбар худимæ? Уæхæдæг мæ фыдуаг кæнут, фæлæ мæ иугæр фæрсут... X и с т æ р. Дзур, дзур, Сатана! Сатана. Ме ’нæныййаргæ фырт Сосланмæ ис æнæкæрон хъару æмæ ныфс. Уый уæларвæй дæлæмæ нал цæуы. Тæккæ а изæр уæларв Сафа куывд кæны зæдтæ æмæ дауджытæн. Бад- дзысты дауджытæ Сафайы хæдзары, сау ’бæгæны нуаздзысты дзæбидырæй. Уырдыгыстæг та сын уыдзæн Сафайы буц хъан — Нарты Сослан. Уæ туг, Æхсæртæгкаты туг хъазы йе уæнгты. Абон æй фæндараст кæнынц ардæм. Уый номыл у куывд дæр. Æз ын йæ хъусы бацæгъддзынæн, цæмæй уый ракура: Уастыр- джийæ—фæринк тыхгæнæг уын тых куыд нæ ара, Æфсатийæ — бирæ фос, Уациллайæ—хоры нæмгуытæ. Хоры нæмгуытæн нæй афтид къухæй тауæн. Сослан Куырдалæгонæй ракурдзæн æфсæн дзывыр. Уæдæ Галæгон дæр Сосланы æнæ лæвар кæм уадздзæн: нæ хоры кæритæ сыгъдæг кæнынмæ-иу нæм рог дымгæ рарвит- дзæн. Æппынфæстаг ын номдзыд Донбеттыр зæгъдзæн: мæ цæугæдæттыл-иу куырæйттæ саразут. Уый йæ чызджытæн ба- фæдзæхсдзæн, цæмæй куыройыфыдтæ рæвдз зилой... Гъе, утæп- пæт хорздзинæдтæ нæм æрхæсдзæн уæ буц кæстæр Сослан. Нартæ сыстадысты. Хистæр Сатанайы размæ бацыд. Систа йæ худ. X и с т æ р. Амæй. фæстæмæ худ æмæ кæлмæрзæн æмуæзтæ уæнт, æмвæнд, æмзонд. Ацс уæдæ ды дæр чысыд лæвар махæй, Æтт, фæсивæд, номдзыд Сатанайы зарæг! Зарынц. ÆРТЫККАГ НЫВ СОСЛАН ÆМÆ ТОТРАДЗ Зилахар. Кафынц Донбеттыры чызджытæ. 1 - а г ч ы з г. Абон та æмбисонды хъæзтытæ- уыдзæн аму Нарты хъазæн фæзы. 2 - а г ч ы з г. Уæдæ та Сослан дæр ам уыдзæн. 1 - а г ч ы з г. Æз дзы æндæр кæмæдæр æнхъæлмæ кæсын,. Тотрадзмæ. 2 - а г чызт. Тотрадз авдæны ис нырма. 1 - а г чызг, Тотрадз йæ бæхыл хъазы. 329«
Кæсынц, кæйдæр ауыдтой. Æрбацæуынц нарт сæ хъазæн фæзмæ, Зилахар мах нал у... Фæаууон сты. Æрбацыд Сырдон. Сырдон. Абон та нарт сæ хъæзтытæ кæндзысты ам... Уас- тæн цы зæгъон сæ дурæйгуырд богал Сосланæн, ам мын кæддæр мæ фырты зынг чи ахуыссын кодта. (Кæсы.) Чидæр тæргæбæ- хæй æрбацæуы... Сослан у, æнхъæлдæн. Нæ, уый нæу. Сосланы æз йæ цыдæй авд хохы фæстæмæ дæр базондзынæн. Хæлиувад æмæ хъоппæгдзæст. Æрбацыд Тотрадз. Т о т р а д з. Дæ фæндаг раст, хорз лæг! Сырдон. Дæ хъуыддаг раст, цæринаг. Чи дæ? А бæстыл дæ фыццаг хатт уынын. . Т о т р а д з. Алыбеджы фырт Тотрадз. . Сырдон. .Алыбеджы фырт Тотрадзæн йæ номæвæрæг æз дæн... О, фæлæ уый нырма абонрайсом дæр йæ авдæны фынæй кодта. Тотрадз. Тотрадз —уый æз дæн. Ды та дæ мæ номæвæ- рæг, Гæтæджы фырт Сырдон. Сырдон. Царциатæ... Æмæ дæ авдæн... Т о т р а д з. Фæйнæрдæм фæтахт..., С ы р д о н. Иæ иу ных асхъиудта æмæ, кæм сæмбæлдис, уым Урс хох Сау хохæй феуæгъд; йе ’ннæ ных сæмбæлдис быдыры, æмæ дзы æрхытæ фæзынд; фæрстæй иу сæмбæлдис хъæдыл, уæ- дæй нырмæ хъæд фæци бындзыггай; иннæ сæмбæлди доныл, æмæ дзы сакъадæхтæ фæзынд. Уæдæ уый дæу авдæн уыд? , Т о т р а д з. Уый мæн авдæн уыд. С ы р д о н. Кæдæм рараст кодтай, Алыбеджы фырт Тотрадз, æххæст-ма уый дæр зæгъ дæ номæвæрæгæн. Тотрадз. Сосланы агурæг рацыдтæн æз. Куы райгуырд- тæн, уæдæй нырмæ «Сослан», «Сослан» хъусын... Æнæ бавзаргæ мын æй нæй. С ы р д о н. Дæ фæнд аив. Уый æхсæв уылынг рæзы, бон та уыдисн. Тотрадз. Æз та иунæг бонмæ сырæзтæн. Мæ номæвæрæ- гæй, æвæццæгæн, ферох, мæ риу иууыл æндон кæй у. Сырдон. Къæбутырдыгæй дæ ныццæвдзæн. Мæнгард у, йæ мадау — зондджын æмæ хин... Т о т р а д з. Мæ фæнд нæ аивдзынæн æз. С ы р д о н. Ууыл никуыма ничи фæуæлахиз. Т о т р а д з. Мæн фæнды йемæ рахæцын. Сырдон. Уæдæ хъус: йæ уæрджытæм ын хъав. Бирæгъы æхрыры йæ цы бæлæгъы æхсыстой, æз уый барæй фæкъаддæр кæнын кодтон, æмæ дзы йæ уæрджытæ нал бацыдысты. Т отр а д з. Цæуыл æм уыдтæ ахæм мæсты уагæры? ззб ;
С ы р д о н. Мæ фырты мын фатæй фехста. Т о т р а д з. Æз фехъуыстон, нæ, дам, уыд аххосджын Сос- лан. Дæхæдæг æрæвæрдтай дæ фырты мысанæн. С ы р д о н. Нартæ мæ фырты акъуырынæн ницы фæрæзтой, хæснаг æз æмбылдтон. Уалынмæ кæцæйдæр фæзынд Сослан. Тотрадз. Куыд кæсын, афтæмæй ды æппæт дæр зоныс. Зæгъ-ма, уæдæ, кæм ис ныртæккæ Сослан? Сырдон. Джимараиы хохы фахсыл, йæ фыды ’рдхорд Га- лæгоны фырт Сафамæ. Хъанæй цард уым. Дысонизæр сæм уы- дис куывд. Фæндарастæн ын зæдтæ æмæ дауджытæ бирæ лæ- вæрттæ фæкодтой. ■ Т о т р а д з. Цымæ цытæ? С ы р д о н. Уастырджи йын радта фæринк кард, Уацилла — хоры нæмгуытæ, Куырдалæгон — дзывыр, Галæгон — зилгæдым- гæ, Æфсати — фос, Донбеттыр — цæугæдон. Т о т р а д з. Мæнæн ме ’ххуысгæнджытæ — мæ хъару, мæ фьь ды хæцæнгæрзтæ æмæ мæ бæх. С ы р д о н. Дæ бæх дæлимонты лæвар уыд дæ фыдæн. Фæ- лæ ма ис иу цæлхдур — Сосланы мад Сатана. Дыкаг ахæм сыл- гоймаг нæй. Нæлгоймæгтимæ — нæлгоймаг, сылгоймæгтимæ — сылгоймаг. Нарты хистæртæ йæ зондæй фæрсынц. Иæ къух — бæркад, йæ ракæнд — рæдау. Т о т р а д з. Арвы бын мæ мадæй хуыздæр нæй! С ы р д о н. Хъус дарддæр. Сафа Сосланы сахуыр кодта хъа- зын, худын æмæ зарын. Бацамыдта йын сырдты æмæ мæргъты ’взаг. Тотрадз. Æгъгъæд, дæ ныхæстæ мын ныфссасты хос фе- сты. \ С ы р д о н. Нæ, ныр фæстæмæ здæхæн нал ис, цæттæ дæ код- тон æз. Абон æй ардæм хъæуы. Бавзар дæ хъару. Фæлæ дын фæдзæхсын — уæрджытæм-иу хъав. Дзыгуыртæ-дзыгуыртæй æрбацæуынц Нарты фæсивæд. Нæртон симд, кæфтытæ, фæндыры цагъд, зард. Адæм Тотрадзы кафтыл сæ цæст æрæвæрд- той. Хъазынæй уа, мысан æхсынæй уа —се ’ппæты дæр амбылдта. Зыны Са- таиа дæр. 1 - а г лæппу. Диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ: хъæуырдыгæй сау мигъы’ къуыбылой фæзындис. 2-аг лæппу. Сау мигъы къуыбылойæн йæ сæрты сау ха- лæттæ тæхынц. С а т а и а. Сау мигъы къуыбылой кæй хонут, уый сау мигъы къуыбылой нæу. Уый ме ’нæныййаргæ фырт Сосланы бæхы ко- мытæф у. Сау халæттæ кæй хонут, уыдон халæттæ не сты, фæ- лæ бæх нæ цæфхæдтæй цы сыджыты къуыбæрттæ æппары, уы- дон сты. (Сосланы размæ рацыд.) 1 - а г ч ыз г. Кæсут-ма, æрхызт йæ бæхæй дурæй гуырд, йæ мады раз æрлæууыд. Бæхыл Сатана йæхæдæг абадт, хъæуыр- дæм ныййарц. 331
Хъуысы Сосланы худын. С ы р д о н. Цыдæр та æрхъуыды кодта Сатана... Æрбацыд Сослан. Нартæ йыл цинтæ кæнынц. Т о т р а д з. Дзурынц, зæгъгæ, дам, дæ зонд дæ сæрыкæхцы нал цæуы. Кæд æцæг истытæ зоныс, уæд-ма сæ махæн дæр ра- дзур, ахудын нæ кæн. Равдисæм нæ арæхстдзинад хъазты. Уа- стырджийы фæринк кард дыл ис, æмæ дзы кæд нæ арæхсыс, уæд та? Хъуысы бæхты къæхты хъæр. Æрбацыд Сатана. Сослан. Цы кæныс, Алыбеджы фырт? Дæ фыд дын мæр- гътæн байуардзынæн, де стджытæ та куитæн. Т о т р а д з. Ницы кæны, ахъазæм иумæ, »бавзарæм нæ лæг- дзинад. С о с л а н. Æмæ дын бæх та кæм уыдэæн? Тотрадз ныхситт кодта. Æдде бæхы къæхты хъæр æмæ бæхы уасын æр- байхъуыст. Тотрадз. Кæд æз цы хъæбатыр Сосланы кой хъуыстон, уый дæ, уæд дæм хъазæн фæзы æнхъæлмæ кæсдзынæн. (Ацыди.) Сослан ныхситт кодта, суасыд уымæн дæр йæ бæх. Фæцæуы. Сатана къæс- саимæ йæ размæ фæци. С а т а н а. Фæлæуу, куыд ын æнхъæлыс, ахæм хъуымыздзых нæу. Æмдыхтæ стут. Æз æмбæрстон хъуыддаг æмæ хъæумæ дæр уымæн фæуадтæн дæ бæхыл. Мæнæ ацы къæссайы ис кæрц. Уый хуымæтæджы кæрц нæу. Бирæгъты ногстыгъд цæрмттæй конд у. Тотрадзы фыдæн уыцы бæх дæлимонты лæвар уыд. Кæрц куы скæнай, уæд лæппуйы бæх дæ разæй лидздзæн. Уæ- ларв Куырдалæгонæй дын ракуырдтон сæдæ хъуытазы æмæ сæ- дæ мырмыраджы, уыдон та дæ бæхы барцыл бабæтт. Иæ лыгъд фæцырддæр кæндзæн уæд Тотрадзы бæх. Æмæ-иу æй уæд фæ- сте цæв. Разырдыгæй йын мæлæт нæй, болатриу у. Хуыцау æв- дисæн, йæхæдæг ракъахта загъд... Сослан ацыд. Хъуысы тохы уынæр. Сатана ацыд. Фæсивæд æмбырдтæ кæнынц. Донбеттыры чызджытæ дæр кæсынц тохмæ. 1 - а г ч ы з г. Фæныхæй-ныхмæ сты! 2 - а г ч ы з г. Кæрæдзийы риутæ кæрдтæй ныццавтой! 1 - а г ч ы з г. Фæлидзы Тотрадз! 2 - а г ч ы з г. Иæ бæх цæмæйдæр фæтарст!.. 1 - а г ч ы з г. Цытæ дзурыс? Лидзы. Хæцынц та. 2 - а г ч ы з г. Бæхтæ кæрæдзимæ лæбурынц! • 1-агчызг. Фæлидзы Тотрадз! 2 - а г ч ы з г. Иæ бæх у... 1 - а г ч ы з г. Феййафы йæ Сослан! 332
2 - а г ч ы з г. Тотрадз, хъахъхъæ! Цæвы дæ фæсте! (Йæ цæс~ гом йæ къухтæй амбæрзта.) 1 - а г ч ы з г. Тотрадз йæ бæхæй æрхауд. Тох банцад. Æрбацыд цудтытæгæнгæ Тотрадз, йæ фæсонты арц сагъд. Æрбацыд Сослан, фæринк кард ныццæвынæввонг йæ къухы. Т о т р а д з. Хинæй амардæуæд дæу дæр. (Амард.) Донбеттыры чызг Тотрадзы уæлхъус лæууы. Сослан ацыд. Æрбацыд Ай- •сæду. А й сæду (дæрддзæфæй). Кæд разæй цæф у мæ фырт, уæд мын æй зæгъут, æз кæуынæй мæхи бафсадон æмæ йæ нæ уæл- мæрдты бавæрæм. Чызг ацыд æнкъардæй. Кæд къæбутырдыгæй цæф у... (Арц федта.) Уæлмæрдты ак- каг нæу! Хæрам дын фестæд ме ’хсыры цъыртт! Бæстыл цыдæ- риддæр æххормаг сырд æмæ халон ис — фæзынæнт æм ахсæв, йе стæгдар дæр куыд нæуал баззайа... Мæнæн мæ урс сæр чи фæхудинаг кодта! (Ацыд.) Æрталынг. Мæй сзынди. Сырдтæ, халæттæ уасынц. Æрбацыд Донбетты- ры чызг, Тотрадзы йæ аууон бакодта. Иуырдыгæй æрбацыд Айсæду, иннæр- .дыгæй — Сатана. А й с æ д у. Чи ахор’ы худинагæй йæхи. Æз загътон: адæйма- джы ном худинаггæнæг разынд мæ фырт. С а т а н а. Дæ фырты æгæр азымджын кæныс. Айсæду. Фыдбылыз нын ныййардтай! С а т а н а. Сабыр... Æрбацæуы Сослан, рыст æмæ мастæй 11едзаг у йæ риу... Ахæм заман æм хæстæг цæуæн нæй. Æрбацыд Сослан, стыдта арц Тотрадзы фæсонтæй, ныммуртæ йæ кодта, дурыл æрбадт. Сосл а н. Уæ мыггаджы иунæг ды уыдтæ цæрыны аккаг» æмæ ,дæ хæйрæджытæ мæныл сардыдтой. Æфсымæрæн мын бæззыд- таб æмæ ме знаг схуыдтай дæхи. Фæлæ ард хæрын, æз дæу ка- лимæ бавæрдзынæн Нартæн се ’ппæты хуыздæр зæппадзы, (Чызгмæ.) Иæ нывæрзæн ын зæлдаг кæлмæрзæн бакæн. Чызг сæххæст кодта Сосланы ныхас. С а т а н а. Лидзгæйæ цæф нæу дæ фырт... А й с æ д у. Цы? Сослаи йæ худ систа. С а т а н а. Фыццаг хатт систа ме ’нæныййаргæ фырт искæйы раз йæ худ... Хуры скастимæ дын радзурдзынæн æппæт дæр. Ныр та уал цом. (Иуварсмæ.) Сайдæй йыл кæй рацыд Сослан æмæ йæ афтæмæй кæй амардта, уый тыххæй мæрдты хæцгæ ззз
кæндзысты Алæгаты Алыбеджы фырт Тотрадз æмæ Æхсæртæг- гаты болат-æндон Сослан. Æмæ диссаг уыдзæни уыдоны хæст: мæрдтæ сæм кæсынмæ æмбырд кæндзысты. Хъабахъхъ кæмæнх уыд мæрдтæй, уый йæ хъабахъхъæй кæсдзæни, цырт кæмæн уыд,. уый — йæ цыртæй, дугъ кæмæн уыдис, уый та бæхы рагъæй кæс- дзæни уыцы хæстмæ... Кæнæ æфсымæртæ суыдзысты, кæнæ кæ- рæдзийы акæндзысты дыккаг мард. Сырдтæ, халæттæ суасыдысты. А й с æ д у. Ме ’лгъыст ыл æрцыд мæ лæппуйыл — фæз æх- хормаг бирæгъ æмæ стонг халонæй байдзаг. Сослан фелвæста йæ фæринк кард. Са.тана. Нæ, ныр ын уыдонæй тас нал у. Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ СОСЛАН ÆМÆ АЦЫРУХС Тыгъд быдыр. Денджызы был. Æрбацæуы Сырдон. Æфсæрон йæ размæ фæци. Æ ф с æ р о н. Нæ фæндаг иу у, æмæ нын æнæ фембæлгæ нæ уыд. Ды уыдтæ дæ мады ’рвадæлтæм, тæрхон кодтат, Сосланæй, дæ маст цыхуызы райсай, ууыл. С ы р д о н. Ницы уынаффæ рахастам. Донбеттыры нæ фæн- ды хæцын йæ ныхмæ. Æ ф с æ р о н. Иæ сырæзт мын маст æрхæсдзæн искуы, мæ сомы мын нæ бауадздзæн æххæст кæнын, афойнадыл æй ба- хъуыддаг хъæуы. С ы р д о н. Байрæджы. Æ ф сæ р о н. Нæма. Абон Ацырухсы рæсугъд йæхицæн мо- йаг æвзардзæн: йæ мæсыгмæ кæй фат схауа, уый — йæ мойаг... Фæлæ никуы никæйы фат схауд нырма уырдæм... Фæстагмæ ус- гур чызджы уæйыг-æфсымæртæн кæнæ æхсæвæр разыны, кæ- нæ — аходæн. Сырдон. Цæуон, йæ хъусы йын æй бацæгъдон, сывæлло- нау коммæгæс æмæ æууæндаг у. Фæйнæрдæм ацыдысты. Рацыдысты Донбеттыры чызджытæ донæй. Ка- фынц. Æртахт мæсыг. Ацырулс дзы рахызт, семæ кафы. Уынæр. Ауыдтой ба- рæг. Сæ иу. Хъæуырдыгæй сау мигъы къуыбылой фæзынд, йæ- л.æрты сау халæттæ тæхынц. Ацырухс. Уый Нарты номдзыд Сослан у. Фендзыстæм,. кæддæра йæ фæттæ - кæйонг схауиккой... (Мæсыджы абадт,. атахт.) 334
Чызджытæ доны баивгъуыдтой. Æрбахæстæг уынæр. Бæхæй æрфистæг <Сослан. Æрбацыд. Ацырухсы хъæлæс (уæларвæй). Нарты дурæйгуырд Сослан, цæй иунæг дæ? С о с л а н. Искæйы фат дæм раздæр куы схауа, зæгъгæ, фæ- •тагъд кодтон. А ц ы р у х с. Ныронг мæм никæйы ма фат схаудта. С о с л & н. Диссаг, дæ тæхгæ мæсыг мæм зынгæ дæр нал кæ- ны, афтæмæй дæ хъæлæс раст цыма мæ уæлхъус и... А ц ы р у х с (ныххудт). Фæтарстæ, дæ фат мæм куы нæ сха- уа, уымæй? Сослан. Нæ, уымæй нæ тæрсын. А ц ы р у х с. Райдай уæдæ. Ныртæккæ фæзы азмæлæнтæ нал З’ыдзæн. С о с л а н. Фæхъахъхъæн-ма уæдæ мæсыгæн йæ рахиз тарваз! (Фат фехста.) А ц ы р у х с. Æристон дын тарвазæй дæ фат, фæлæ иу фат дымгæ сх’æссын дæр^зоны... С о с л а н. Фæхъахъхъæн-ма уæдæ Талиу тарваз! (Фехста.) Мæсыг зæххыл æрбадт, рахызт дзы Ацырухс, йæ къухы дыууæ фаты. -Сосланы раз æрлæууыд. Ацырухс. Адон кæй фæттæ сты, уый — мæ мойаг... Цу <фен, дæ фæттæ кæм суадысты, уый, рæстдзæф Сослан. Сослан мæсыджы фæмидæг, мæсыг уæларвмæ атахт, чызг худæгæй ба- къæцæл. Сосланы хъæлæс. Уыцы налат мæ фæсайдта! А цы р у хс. Цæуон тархъæдмæ, ме схæссæг уæйыг-æфсымæр- тæм.' Фæзынд Æфсæрон. Æфсæрон (арвмæ кæсы). Разыввытт кодта йæхи! Уыцы æндонрйуы нæ бауромдзæн зæхх æМæ ныртæккæ авд дæлдзæхы <5ын балæудзæн. Хæйрæджыты паддзахы раз. Уырдыгæй никуы- лма ничи раздæхт. Арвы нæрдау цыдæр гыбар-цыбур сыхъуыст. ФÆНДЗÆМ НЫВ СОСЛАН АВД ДÆЛДЗÆХЫ БЫН Бады Хæйрæджыты паддзах. Иæ фæсдзæуинтæ, нæ дæлбартæ йæ хъæл- .дзæг кæнынц. Иæ дыууæ чызджы йæ уæлхъус. Æвиппайды арвы гуыр-гуыр райхъуыст. Хæйрæджытæ фæгæппытæ ластой. Иууылдæр алыгъдысты хъахъ- хъæнджытæй фæстæмæ. Сосланы гуыпп Хæйрæджыты паддзахы къæлæтджы- »иы раз фæцыд, цырд йæ къæхтыл алæууыд. 335
С о с л а н. Кæм дæн? Хъахъæнджыты х и ц а у. Авд дæлдзæхы бын. Хæйрæ- джыты паддзахы галуаны. Хъахъхъæнджытæ йыл/Сæхи ныццавтой. Фæуæлахиз сыл рогæн; фæстаг тох куыд кодта, кæрæдзиуыл сæ куыд самадта, афтæ рахызт Хæйрæджыты паддзах. Хæйрæджыты паддзах. Уазæг, æгас цу. С о с л а н. А, уæдæ сæ сæр ды дæ? П а д д з а х. Фæлæуу! Бамбæхс дæ фæринк кард — Уастыр- джийы лæвар. Нæ уæлхæдзар нын куы ’ртыдтай, уæд дын ба- зыдтон дæ хъару. Нæ мæ фæнды, æмæ Нарты болат Сослан уа ме знаг. Ме сиахс бауа хъуамæ. Сослан. Уæ хъæстæйæ нæм иу ис, æгъгъæд у фыдбылы- зæн — Сырдон. Паддзах. А, Гæтæджы фырт? Цы кæниккат æнæ уый> Фыдбылызмæ уæ кæд бакæны, уæддæр уæ фыдбылызæй дæр ракæны. Уæдæ афтæ, Сатанайы æнæныййаргæ лæппу. Дæ хъа- руйæн æмбал кæм нæй, уым дыи мæ дыууæ чызджы дæттын... (Иæ къухтæ кæрæдзиуыл æркъуырдта.) Рацыдысты Алдын æмæ Быдтын. А л д ы н (Сосланмæ). Мæнæ цы и, мæнæ... Рæсугъд нæ дæн? С о с л а н. Дæу кондæн æмбал а бæстыл нæ федтон. Алдын (Быдтынæн). Бауарзта мæ! (Сосланы размæ бацыд, кæсы йæм цымыдисæй. Йæ фыды размæ базгъордта.) Æз разьг дæн, мæ рафæлдисæг!.. Быдтын (Сосланмæ). Дæлæ цы и, дæлæ... Рæсугъд дæн? С о с л а н. Зæххыл дыккаг дæу хуызæн нæй. Быдтын (Алдынæн). Мæн у!.. (Кæсы Сосланмæ, йæ фыды размæ базгъордта). Æз разы дæн, мæ рафæлдисæг!.. Уынæр, хъæр-хъæлæба æдде. Хъахъхъæнджыты хицау. Нæ кадджын паддзах^ нæ рæгъау нын фæтардæуы! Паддзах. Чи? X ъ. х и ц а у. Дзала-паддзах. ’П а д д з а х. Сæхгæнут дуæрттæ! Чи зоны, ацырдæм дæр фæ- уа. Рагæй мын хъавы мæ бирæ хæзнатæм. Мæ чызджытæ, мæ чызджытæ, алчи уæ йæ сæр æфснайæд, тыхгæнæг та нæм фæ- зынд! С о с л а н. Бæх мын!!! П а д д з а х. Мæ бæх ын! Сослан фæаууон. Бæхы къæхты хъæр хъуысы. А л д ы н. Баййæфта йæ! Быдтын. Дзала-паддзахимæ сын тох бацайдагъ. Паддзах. Дзæгъæлы мæсты кæны Дзала-паддзахы. Бын- 336
тондæр нæ ныггаффутт кæндзæн... Кæс-ма... Æрцахста й’æ-.не сиахс. А л д ы н. Байста рæгъау... Цæуон, мæ чындздзон дарæс скæ- нон. Б ы д т ы н. Æрбаскъæры сæ... Цæуон, мæ чындздзон дарæе скæнон. Фезгъорынц, кæрæдзийæн бар нæ дæттынц. П а д д з а х. Циу уый йе ’ккойы? Хъ. хицау. Байсафæм ын йæхи дæр, искæдбон нæм куы’ фæзыиа... П а д д з а х. С-сс... Мæ аласа-бæх мæнæн æппæт дæр радзур- дзæн — ис ын мæлæт, æви нæ. Бæхы къæхты хъæр стынг. - X ъ. х и ц а у. Æрбахæццæ... Æрбахызт Сослан, йе ’ккойы голлаг. П а д д з а х. Уый циу, нæртон гуырд? Сослан. Дзала-паддзах. Дæхицæн дзы æххуырст сараз. Амæй фæстæмæ дын коммæгæс сывæллонау дæ рæгъæуттæ хиз- дзæн. П а д д з а х. Æмæ йе ’фсад... С о с л а н. Æфсад æм нал и. На уый нæй, æз æй... (Кар& фелвæста.) Голлаг тынг сызмæлыд, алфамбылай уæвджытæ амбæхстысты. П а д д з а х. Нæ, нæ! Нæ мæ хъæуы... Фыдбылыз у... Дæхи къухæй йæ ауадз. С о с л а н. Суазæг мæ кодтай, æмæ дын æххæст кæнын дæ дзырд (голлагмæ.) Цæугæ! (Асхуыста йæ.) Æрбацыдысты Паддзахы чызджытæ чындздзонарæзтæй. П а д д з а х. Хæстæгдæр... Хæстæгдæр... Мæ чызджытæ фыр- моймондагæй сæ хуыз скалдтой. Зæгъ-ма, цæуынц дæ зæрдæ- мæ?.. Уагæры ма сын сæ мады куы фенис! Иæ цæгаты ис... С о с л а н. Рæсугъддæр дæ чызджытæй скæнæн нæй. П а д д з а х. Уæдæ ам баззай. С о с л а н. Бузныг. Паддзах. Ницы хъуаг уыдзынæ. Бæсты хæзнатæ мæнмæ сты. С о с л а н. Мæ хæзна — Нартæ. Уым ис мæ мад Сатана. Уым ис Ацырухсы рæсугъд. П а д д з а х. Сатана? Ацырухс? Табуафси! Сатана æмæ Ацырухс Сосланы цур февзæрдысты. С о с л а н. Нæ, уыдон хæйрæджытæ сты... Æцæг Нартæй дæл- дзæх ныртæккæ мæхи йедтæмæ ничи ис. (Кард фелвæста, æн- 22 ХъаПттаты Сергсй 337*
.дæрджытæ æрбайсæфтысты. Сослан худы.) Мæн сайынвæнд скодтай? Тагъд мæ уæлзæхх балæууын кæн æмæ Ацырухсы фе- нон. Уырдæм у мæ балц. Чызджытæ ныккуыдтой, ацыдысты. Паддзах. Уæдæ хъус, болат Сослан. Ды махæн баххуыс :кодтай æмæ дæ фæндон æххæст уыдзæн. Цы бæхыл бадтæ, уый .дæ цæстыфæныкъуылдмæ балæууын кæндзæн уæлзæхх. Хизы уым дæу бæх дæр. Фæлæ дæ дæ бæхыл бадынмæ нæма равдæл- дзæн. Куыддæр зæххыл æрлæууай, афтæ дæ размæ сызгъæрин- сыкъа саг февзæрдзæн. Ныхъхъавдзынæ йæм, фæлæ дæ фат дæ къæхты размæ æрхаудзæн. Згъордзынæ йæ фæдыл, фæлæ уымæн ^аййафæн нæй, уый дæ хæццæ кæндзæн Ацырухсмæ. Ацырухс хуымæтæджы чызг нæу, хуры чызг у. ...Кæддæр хуры тыныл зæхмæ æртахт æмæ фæдзæгъæл. Уæдæйнырмæ хур уый агурæг йæ хæтæнæй фæцуды. Буцхаст, æвирхъау æмæ фыдуаг у. С о с л а н. Мæ къухы бафтдзæн æви нæ? Паддзах. Уый зоныны -бар мæм нæи. Æз зонын æрмæст _уый, æмæ дын бирæ зындзинæдтæ кæй бавзарын кæндзæн. Сослан. Бæх мын! П а д д з а х. Мæ бæх ын! Сослан фæаууон. Уынæр. Уынæр адард. Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ÆХСÆЗÆМ НЫВ СОСЛАН УÆЙГУЫТЫ ЛÆГÆТЫ Лæгæт. Æртæ уæйыджы кæрæдзийы нæмынц. Æрбацыд Сырдон. Сырдон. Уæ, байриат, къобор уæйгуытæ. Цы кæнут, кæ- -рæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæныи хорз нæу, фæлæ худинагу! А р с æ м æ г. Уаргæ кæнæм æмæ нæ фидауæм. У р с æ м æ г. О, уаргæ... Бурсæмæг. Нæ фидауæм. Сырдон. Зæгъут-ма, уагæры цы уарут? Кæд уæ æз бафи- дауын кæнин. А р с æ м æ г. Ис нæм æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн. Æрчъиаг- мæ ис ахæм миниуæг, æмæ йыл куы сбадай, уæд дæ, кæдæм дæ фæнда, уырдæм бахæццæ кæндзæн. Б у р с æ м æ г. Фынджы та нымæтын ехсæй куы ’рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг вæййы. У р с æ м æ г. Бæндæнæй та цасфæнды хор, хос куы сбæттай, уæддæр дын уæз нæ кæндзысты. :338
Сырд.он. Уæдæ кæд мæнмæ хъусут, уæд уæ æз бафидауынр кæндзынæн. Æз фехсдзынæн сымахæн уæ фæттæ æртæрдæм^ æмæ мæм йæ фат тагъддæр чи ’рхæсса, уымæн —фыццаг бар„ уый фæстагæн — дыккаг бар, æртыккагæн та — фæстаг бар. У æйгу ы тæ. Разы... Сырдон уæйгуыты фæттæ æртæрдæм ауагъта, радта сын сæ æрдынтæ,, Сырдон. Уайгæут ныр! Уæйгуытæ фæцагайдтой фæйнæрдæм, кæрæдзийы сæрты схъиудтытæгæнпе; Цæуон æмæ Нартæн куывд скæнон, æмæ сæхицæй мауал æппæлой. (Æрчъиагыл ’фынг авæрдта, йæ къухмæ бæндæн рай- ста æмæ абадти æрчъиигыл.) Нæ уæлхæдзар мæ фестын кæн!.. Рухс ахуыссыд, ссыгъд. Сырдон уым нал. Æрбазынд сызгъæринсыкъа- джын саджы сæр. Рæсугъд чызг фестад — Ацырухс. Ацырухс (лæф-лæф кæны. Йæ къухы саджы сызгъæрин (сыкъатæ). Чысыл ма бахъæуа, æмæ мыл суайа Сосланы фат- Хуыцау хорз æмæ йын хуры тын йæ фат йæ къæхты бынмæ æрæп- пæрста. Фæлæ ма цы фæуон? Æрбахæццæ кæны... Мæ уæйыг- æфсымæртæ — цуаны. Цæуон ме.’мбæхсæндонмæ! (Ацыд.) Æрбацыд Сослан. Иæ къухы фат æмæ æрдын фехсынæввонгæй. Сослан. Уæдæ цы фæуыдаид, ацырдæм куы ’рбалы’гъд?... Куыддæр уæлзæхх фестадтæн, афтæ мæ размæ сызгъæринсыкъа- джын саг фæзынд. Ныхъхъавыдтæн æм, суагътон ме ’рдын, æмæ фат мæ къæхты размæ æрхауд. Бонсауизæрмæ йæ фæдыл фæ- рахау-бахау кодтон, ныр йæ фæд ам лæгæты дуармæ æрбай- сæфт. (Райста къулæй хъисфæндыр, цæгъды. Сауыгъта фæндыр.у Суадзон иучысыл мæ фæллад. (Иæхи уæлгоммæ ауагъта, æрфы- нæй.) Фæзынд Ацырухс, йæ сызгъæрин сыкъатæ къулыл æрцауыгъта. А ц ы р у х .с. Æнхъæлдæн, зæххон уарзондзинад тыхджындæр. у уæларвонæй. Уый та куыд? Цы зæгъдзысты ме схæссæг уæйыг- æфсымæртæ? Куы йæ амарой, уый дæр мæ нæ фæнды. Цæуон сæ размæ. (Ацыд.) Æрбацыд Æфсæрон. Æфсæрон (цæмæйдæр æрцæйцавта Сосланы, фæурæдта йæхи). Иæ хъару йын бæлвырд нæ зонын дурæйгуырдæн... Дæ мæлæт мæ къухæй нæу... Фæлæ æрхæцца? кæны. Ныртæккæ дæ уæйгуытæ ныргæвддзысты. Æрмæстдæр иунæг ды лæууыс цæлх- дурæй мæ сомы сæххæст кæныны фæндагыл, Сатана куы амæ- ла, уæд. Фендзыстæм, цы ма ацæуай ардыгæй, уый. (Ацыд.) Æрбацыдысты уæйгуытæ, ауыдтой Сосланы. А р с æ м æ г. Асайдта нæ! 339
У р с æ м æ г. Бæтгæут æй! Бурсæмæг. Æфсæн рæхыстæ йыл бакæнæм! Сосланы сбастой. -А р с æ м æ г. Кæм и æрчъиаг? У р с æ м æ г. Фынг? 25 у р с æ м æ г. Бæндæн? Сослан. Уæдæ сымах асайдта Сырдон? Ныртæккæ уæ-* лæрвты фæцæйтахт Нарты хъæумæ. А р с æ м æ г. Уый нæу... У р с æ м æ г. Чи дæ? _Б У р с æ м æ г. Кæм и уæд нæ хо та? .'Уæйгуытæ сæ кæрдтæ сластой. ’С о с л а н. Ард хæрын — уæ хойы агурын æз дæр. ЗБурсæмæг. Замманайы кусæрттаг нæм йæхи къахæй æр- цыд. У р с æ м æ г. Ничи йæм кæсы ацы дæркъæйзадмæ — Ацы- рухсмæ нын йæ ныфс бахаста. Арсæмæг, Æрхæццæ дæ мæлæт! Уæйгуытæ Сосланы къæйыл æрæвæрдтой, сæ кæрдтæ дауынц. .Сослан худы. Арсæмæг. Нæ кусæрттаг цы хъæлдзæг у! Бурсæмæг. Фыртæссæй ферра... Кард.ын йæ хурхыл æрбавæрдтой, ахæц-ахæц кæнынц, лыг кæнын сын }\дд комы. Кæрæдзимæ бакастысты. Æрбацыд Ацырухс. Сослан æй нæ уыиы. А р с æ м æ г. Цæй, иу хатт ма йæ æмцæф ныккæнæм. Систой бæрзонд сæ кæрдтæ. А ц ы р у х с. Ма ныццæвут. Сослан рабадт, лыстæг æндæхтау хъадамантæ аскъуыдта æмæ дуар ба- цахста, йæ кард сласта. С о с л а н. Ардыгæй æнæ уæрагсаст ничиуал ацæудзæн. (Ацырухсмæ.) Ныр мын нал аирвæздзынæ! Бурсæмæг. Ма ныццæв! Хуры чызг у уый!.. Ацырухс. Уый Нарты дурæйгуырд у, Сатанайы æнæный- иаргæ фырт Сослан. У æ й г у ы т æ. Сослан?! А ц ы р у х с. Раттут мæ уымæн... Æвæццæгæн, мæ амонд у : уый... (Сосланæн.) Кæд дæ æрмæстдæр коммæгæс ус хъæуы, уæд æз цæттæ, табуафси, уымæн æмæ фæуæлахиз дæ, цæуы мыл дæ бар; фæлæ дæ кæд, мæ уарзон мой суай, уый фæнды, уæд та ’ мæ адæмымыггаг хаст æркæн... С о с л а н. Разы. Зæгъ дæ домæнтæ. А ц ы р у х с. Фыццаг хатт цы доны был сæмбæлдыстæм, уы-
цы ран мын æфсэейнаг&й сараз раст мæхи мæсыджы халдих. Уымæй дарддæр мæ уæйыг-æфсымæртæн æрбаскъæр æртæсæдæ сырды: сæдæ дзы сагтæ куыд уа, сæдæ — дзæбидыртæ, сæдæ та — алымыггаг æндæр сырдтæ. Æмæ, æппынфæстаг, æфсæйнаг галуанæн йæ алы фисыныл дæр Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа9 афтæ... У æ й г у ы т æ. Аза-бæлас??? А ц ы р у х с. Цæттæ уыдзынæн уæд æз демæ арвы кæронмæ . дæр. Дæ тæрхон рахæсс... Кæныс мæ ныртæккæ дæхицæн, куыд ус-уацайраг, афтæ? Æви æцæг чындзхаст æмæ æцæг уарзон- дзинад? Сослан. (æрæджиау). Цыдæр та æрхъуыды кодтай, хуы- цауы ’лгъыст, фæлæ разы дæн æз. Мæн фæнды уарзон мой уæ- вын. Æфсæрон (иуварсмæ). Йæ сæр фесафыныл сразы. Аза- бæлас мæрдтыбæсты зайы æрмæст. (Хъæлдзæгæй ацыд.) Ацырухс (йе ’фсымæртæм). Бабуц кæнут уе сиахсаджы, мæ сахъ æфсымæртæ! Æр&вæрут фынгтæ. Уырдыгыстæг ын лæу- дзыиæн мæхæдæг! Уæйгуытæ фынгтæ æвæрынц. Ацырухс райста йæ сызгъæрин сыкъатæ, йæ ;уæлæ сæ æркодта. Сослан æмæ Ацырухс фæрсæй-фæрстæм лæууынц. Æмбæрзæн ÆВДÆМ НЫВ СОСЛАН ÆМÆ ЗÆРВАТЫКК Тыгъд быдыр. Къæдзæх. Иæ уæлæ бады Æфсæрон. Æ ф с æ р о н. Æрбацæуы! (Йæ къухтæ арвмæ сивæзта.) Ты- •мыгъ, сыст! Æрцу, тыгъдызæй! Хæхтæ, кæрæдзиуыл уæхи ных- хойут! Тымыгъ сыстад, зæй рацыд, хæхты гыбар-гыбур цæуы. Æфсæрон фæау- уон. Æрбацыд Сослан. С о с л а н. Замманайы тæрккъæвда, науæд æгæр стæвд мæ •буар. Иннæ ахæм тымыгъ—ме уæнг*гæ мын рог кæны. ’Уæдæ чидæр хæхтæ кæрæдзиуыл кæй хойы, уый дæр — хорз, кæннод мæ хуыссæг фæцæйахста. (Къæдзæхы рæбын æрдæгмард зæр- ватыкк ауыдта, систа йæ.) Зæрватыкк. Иæ базыртæ йын их ныххоста, баргъæвст. (Хъарм æй кæны йæ комытæфæй.) Цу, тæх арвы астæуты, ныр дын тас нал у. (Ауагъта йæ.) Зæрватыкк (æдде). Бузныг, мæ ирвæзынгæнæг, Нарты фидауц Сослан! Дæ цæстæнгас — æнкъард, дæ хъуыды — арф... 'Цæуыл у уагæры дæ сагъæс? Сослан. Сагъæссаг фæдæн... Ныртæккæ иунæг Сатанайы ^бон у мæнæн баххуыс, фæлæ тынг дард у мæнæй. 341
3 æ р в а т ы к к. Зæгъ дæ курди^т. Дæ хъуЫДытæ нæма ахæц- цæ уыдзысты кæронмæ, афтæ «æз уæ хæдзары уæлтарваз уыдзы- нæн. Сослан. Зæгъ уæдæ Сатанайæн, де ’нæныййаргæ фырты дын, зæгъ, уæнтæхъил, сæргуыбырæй федтон... Ацырухсы рæ- сугъд, зæгъ, домы ирæд: денджызы был сау æфоæйнагæй галу- ан, йæ цыппар фисыны Аза-бæласы сыфтæ сагъд куыд уа, аф- тæмæй. Стæй æртæсæдæ сырды: уыдонæй сæдæ сагтæ куыд уа„ сæдæ — дзæбидыртæ, сæдæ та — алымыггаг сырдтæ. Зæрватыкк атахт. Куыддæр Сослан дуарыл æрцæйбадт, афтæ райхъуыст: сылгоймаджы хъæлæс, дзыназын. Æрбацыд Кесæ. Сылгоймаг —ацы æдзæрæг ран? Цы хабар у, хорз ус? Цæ- уыл дзыназыс? Дæ рустæ — тынд, скъуыдтæ — дæ дарæс... К е с æ. Куыннæ дзыназон: иунæг лæппу мын уыд, сидзæргæ- сæй йын фæбадтæн æмæ мын æй тъыфыл цæргæс фæхæссы. Сослан фатмæ февнæлдта. Сылгоймаг æй уромы. Ма фехс, сывæллоныл суайдзæн! С о с л а н. Никуыма фæивгъуыдта Сослан. К е с æ. Ма фехс! Куы ’рхауа, уæд йæхи ныццæвдзæн.... Сослан. Денджызы сæрмæ сты, ма тæрс! (Фат ауагъта:, Азгъордта.) Кесæ (цингæнгæ). Æрбахæссы йæ! Æгас у! (Фезгъоры.у Сослан (æрбацыд. Æддæмæ дзуры). Комкоммæ дæ фæд- дæ фæд цу. Мацæмæй тæрс. Фæндаг хорз зыны ардæм мæнмæ.. Кесæ (дардæй). Бузныг! Кæд цуаны дæ, уæд Æфсатийы; хорзæхæй хайджын у, кæд бæлццон дæ, уæд æгас хæдзар ссар.. Сослан (æрбадт дурыл). «Æгас хæдзар ссар»... Æнцон у йæ зæгъын. Хъусы Зæрватыччы цъыбар-цъыбур. С о с л а н. Цы уац мæм æрхастай, Зæрватыкк, Сатанайæ?" Зæрватыкк. Сатана загъта: «Æфсæн мæсыг æмæ. сырд- фос ирæдыл ма тыхс, уыдон æз мæхим-æ исын. Фæлæ Аза-бæла- сы сыфтæ ацы дунейыл никуы ссардзынæ, уыдон ракурын хъæ- уы мæрдтыбæсты хицау Барастырæй. Фæцу уырдæм; де. ’нæр- хаст, ,де ’дзард ус Бедуха дын Барастырæй ракурдзæн Аза-бæ-. ласы сыфтæ». Æмæ ма бафтыдта «Дæ хъандзалсæфтæг бæхдæр/ ныртæккæ зындзæн. Бæх фæндаг зоны мæрдтыбæстæм». (Атахт.)» С о с л а н. Бузныг, Зæрватыкк! Хъуысы бæхы къæхты хъæр. Мæ бæх! (Фезгъоры йæм.) Æмбæрзæн 342
ÆСТÆМ НЫВ СОСЛАН СЫЗДÆХТ МÆРДТЫБÆСТÆЙ Денджызы был. Сатана æнхъæлмæ кæсы. Кæйдæр ауыдта. С а т а н а. Сыздæхт мæрдтыбæстæй мæ фырт... Фæлæ йæ бæх кæм и? Иæ саргъ йе ’ккойы куы ’рбахæссы. С о с л а н (дардæй). Сатана! С а т а н а. Сослан! Аза-бæлас йæ къухы, цингæнгæ æрбазгъо- ры... (Фенкъард.) Уый мæм цины хабар хæссы, æз та йын хъуа- ыæ фехъусын кæнон фыдуац... Балсæг сфæнд кодта йæ цалх Нарты хуымтыл рауадзын, Сослан Уациллайæ Нартæн цы хо- ры нæмгуытæ æрхаста, уыдоны æвзар бынсæфт фæкæнын. Æрбацыд Сослан, йæ саргъ æрæвæрдта. Дæ цæсгомыл уынын цин æмæ æнкъард. С о с л а н. Цин кæнын уымæн, æмæ Аза-бæлас схастон, æн- къард та уымæн дæн, <æмæ Бедуха-рæсугъды федтон æрхæндаб- гæй. С а т а н а. Æнæмæлгæ дуне нæй. Фæлæ, æнхъæлдæн, канд уый тыххæй æнкъард нæ дæ... Кæм ис, дæ ’бæх?.. Цæмæн æрба- хастай дæ саргъ де ’ккойы? Сослан. Туацъæйы мæ бæхæй æрхызтæн, бæласмæ йæ ба- бастон, йæ саргъ ын систон, стæй какон сындз райстон >æмæ йæ мæ тых-мæ бонæй фæнадтон. Сатана. Цæмæн уæд? С о с л а н. Нæ мын хъæр кодта, йæ мæлæт цæмæй уыдзæн, уый. «Мæ адзал — мæ сæфтджытæй»,— загъта бæх, гæнæн ын куы нæуал уыд, уæд. «Уæдæ уæд æххæст зæгъ, мæхи адзал цæ- мæй уыдзæн, уый дæр»,—бадомдтон æз. «Балсæджы цалхæй у дæ мæлæт»,— загъта уый. С а т а н а. Балсæджы цалхæй? С о с л а н. О. Чысыл куы рауадыстæм, уæд мæ ронæй цавæр- дæр худ схауд æмæ йæ дымгæ фæхаста. Зæххы бынæй уæларв- мæ судзгæ фæттæ тахт, мæ бæхы сæфтджытыл уадысты бынæй, æмæ фæмард. С а т а н а. Æфсæрон уыди уый... Худы хуызы дæ роны бам- бæхст, стæй бæхы сусæгтæ куы фехъуыста, уæд хæйрæджыты паддзахмæ фæфæдис... Судзгæ фæттæ дæлдзæхæй æхстой. С о с л а н. Æфсæрон? Чи у уый та? С а т а н а. Уый тыххæй — фæстæдæр. Æри-ма дæ Аза-бæласы сыфтæ. (Райста сæ, рафтыдта йæ къухдарæн.) Мæнæ къухдарæн! Æрцараз-ма ацы ран сау æфсæйнагæй мæсыг, раст Ацырухсы галуаны халдих, йæ цыппар фисыныл ацы Аза-бæласы сыфтæ куыд фестой, афтæ. Рухс ахуыссыд, ссыгъд, æмæ разынд галуан. Сатана Сосланмæ дæтты ; уадындз. 343
Ныууас Æфсатийы уадындзæй. Сослан уасы. Цæттæ у дæ сырдвос ирæд дæр... Сослан! Сатана, цæмæй дын бафиддзынæн дæ хæрзтæ?" Сатана. Ды дæ хæстæ бафыстай, кæй мын райгуырдтæ, уымæй. Æдде — æрттывдтытæ, цагъды зæлтæ. С о с л а н. Диссаг, Зилахармæ сызгъæриндзалх уæрдон æр- батуЛы. С а т а н а. Хуры чызг дзы бады, Ацырухсы рæсугъд. Цом нæ чындзæн йæ размæ... Ацыдысты. Иуæрдыгæй æрбацыд Сырдон, иннæрдыгæй — Æфсæрон. Æ ф с æ р о н. Фæйнæ фæндагыл фæцыдыстæм, фæлæ нæ фæн- даг баиу. Сырдон. Иу фæндагыл цыдыстæм... Фæлæ йын ницы ба- цис нæ бон. Мæлæт ын нæй. Æ ф с æ р о н. Ис... Иæ мæлæт — Балоæджы цалхæй. Фæаууон сты. Æрбацыдысты Сатана, Ацырухс æмæ Сослан, Ацырухс у чындзарæзт. С а т а н а. Фарны къах æрбавæр. А ц ы р у х с (Сатанайæн йæ сæрæй акуывта. Раздæхт Сос-- л^нмæ). Айс мæнæй дæр лæвар, мæ хур-фыд æй йæ тынтæйп скодта. У ахæм кæрц, æмæ йæ хъуырæй заргæ кæны, йæ дыс- тæй — æмдзæгъд, йæ фæдджитæй — кафгæ. С о с л а н (кæрц райста). Бузныг. С а т а н а. Ныхъхъæр кæн Нартæм! С о с л а н. Сæхæдæг æрбацæуынц! Фæсивæд æрбацыдысты. Хъазт. Зард. Кафт. Сатана æмæ Сослан ф’æиу- варс сты. Сослан. Дæ сагъæс мыи кæронмæ нæ загътай. Цы у мæ-- нæн Æфсæрон? Зæгъ мын, цавæр зæрдæрыст ма ис дæ риуы?: С а т а н а. Ма бæлл йæ базонынмæ. Сослан. Æнæ уый базонгæ мын ад дæр не скæндзæн мæл чындзæхсæв... Зæгъ мын æй! Сатана. Нартæн сæ зын аз æрхæццæ. Балсæг сфæнд код- та нæ зад хоры хуымтыл йæ цалх раскъæрын. Æмæ уæд не стыр Нарт сыдæй иугай-дыгай мæлдзысты. ( С о с л а н. Цæуын æз Балсæджы цалхæн йæ размæ. Сатана. Дæ мæлæт Балсæджы цалхæи у, куы загътай?.. С о с л а н. Уæддæр... (Фæцæуы.) С а т а н а. Фæлæуу! Кæдæм? Сослан. Мæ мад... Нартæ — тæссаг раиы, æз та цин кæ- нон? 344
С а т а н а. Нæ, нæ! Абон нæ! Æнæ бындар нæ ма ныууадз. С о с л а н. Бон нæма æрбацъæх уыдзæн, афтæ фæндагыл уы- дзынæн. С а т а н а. Фæуæд, дæу куыд фæнды, афтæ. Ныр та хъуамæ уа, мæн куыд фæнды, афтæ... (Сосланы скафын кодта Ацырух- симæ.) Æмбæрзæн ФАРÆСТÆМ НЫЕ СОСЛАНЫ МÆЛÆТ Æфсæроны цæрæнбынат. Æ ф с æ р о н. Æрбацæуы мæ хæхтæм Сослан. Нæ, æнхъæл- дæн, цуан нæ кæны. Бирæ сырдтæ йыл амбæлд, æмæ дзы иуы дæр нæ фехста. Æвæццæгæн, мæн агуры. Рьемæ хорз, æз дæу- мæ ме ’цæг хуызы фæзындзынæн, кæддæра кæмæн нæй нæ дыу- уæйæ мæлæт. (Фæаууон.) Æрбацыд Сослан. Ацырухсы лæвар кæрц йæ уæлæ. С о с л а н. О! О! О! Иæ хæхтæй фæлыгъди Æфсæрон, кæм- дæр мыстау бамбæхст. (Кæсы фæссценæмæ) Æмбисонды рæ- сугъд хъуаз -æрбатæхы суадонмæ, дон нуазынмæ. Чи зоны, Æф- сæрон у уый — хъуазы хуызы мæм фæзынд. (Фат фелвæста, аи- еæзта æрдын. Æваст æй фæстæмæ æруагъта.) Уый циу? Чызг фестад... Æрбацыд Борæхыз. Б о р æ х ы з. Æгас æрцæуай, Сослан. Сослан. Хорз амонд дæ хай, хорз чызг. Æз загътон, Æф- сæрон дæ æмæ мæм хъуазы хуызы фæзындтæ. Б о р æ х ы з. Æфсæронæн дыууæ хуызы ис æрмæст — адæй- маг æмæ авдсæрон залиаг калм. С о с л а н. Бузныг де ’ргом дзырдæй. Б о р æ х ы з. Сослан, æз уæларвæй зæхмæ дæу фенынмæ куы ^рцæуын æмæ дыл куы никуы сæмбæлын, уæд кæм вæййыс? Ацал-ауал азы дæм æнхъæлмæ фæкастæн... Ныр мæ дæхицæн бинонтæн фæхон. С о с л а н. Ам дзæгъæл чызгæй кæй арон, уыдон мæхицæн -бинонтæн куы хонон, уæд Нарты хъæуы дæр куы нæ бацæудзы- <сты. Б о р æ х ы з. Ма кæн, фæсмон кæндзынæ. С о с л а н. Мæнмæ æнхъæлмæ кæсы, арв йæ быны хæрзконд- дæрæн кæй сфæлыста, уый — Ацырухс. Б о р æ х ы з (иуварсмæ). Уæдæ фендзыстæм, дæ рæсугъдмæ ма цы ныццæуай, уый. (Сосланмæ.) Балсæджы чызг дæн æз. Паузæ. 345
Чи зоны, хуыздæр фæнд дæм æрцыд? С о с л а н. Дæ фыд нарты хор сафынвæнд скодта. Б о р æ х ы з. Мæ фыд йæ фæнд нæ фæивы. С о с л а н. Фесæфдзысты æххормагæй Нарт. Б о р æ х ы з. Цы мæт ис дæу? Ды уыдзынæ алцæмæй æххæсг æмæ æфсæст. (Сосланы æфцæгыл ныттыхст.) Æрбакæс-ма, мæ мидбылхудт — хурау, мæ дæллагхъуыр Бонвæрнонау тыбар-ты- бур кæны... Ферох дæ уыдзæн дæ рæсугъд Ацырухс мæ цуры. С о с л а н. Ды раст дæ... Дæ цуры цыфæнды рæсугъдæн дæр^ ферохгæнæн ис. Нæй ферохгæнæн Нартæн. Б о р æ х ы з. Æз дын балæвар кæндзынæн уæларвон уарзон- дзинад. С о с л а н. Дзæгъæлы мын кæныс кæлæнтæ, хорз чызг, мæ: хæс нæ ферох уыдзæн мæвæй — Нарты сæрыл дæн ам. Æвиппайды чызг йæ цæнгтæ айтыгъта, базыртæ йыл фестад, Сослан ма йæм бæргæ фæлæбурдта, фæлæ уый атахт. Борæхыз (æдде). Нæртон Сослан, ды нæ бакастæ мæ коммæ, Балсæджы чызджы коммæ, æмæ бæрæг уыдзæн, цы бахъахъхъæнай Нарты, уый! Сослан аджих. Фæзынд Æфсæрон. Æ ф с æ р о н. Дызæрдыджы хай фæци, цæвон ын йæ уæрджы- тæ, цалынмæ... Сосланы уæрджытæ куыд æрцæйцавта, афтæ. Сослаи фæцарæхст, йæ уæр- джытæ кардæй амбæрзта. С о с л а н. Гъæ, мæнгард, æз дæу куы агурын! Æ ф с æ р о н. Æз — мæнæ! С о с л а н. Уæдæ ды, мæ мады мæлæтмæ чи ’нхъæлмæ кæсы,. уый дæ? Æфсæрон. О, уый дæн æз. Уæ фос уын хизæнуатмæ чи нæ уадзы, дурты зæйы бын уæ чи фæкæны, дæ мады мæлæтмæ дын чи ’нхъæлмæ кæсы. Æвæццæгæн дын æппæт нæ загъта дæ мад — мæнæн мæлæт нæй! Арв нырттывта, ныггуыр-гуыр кодта. Æфсæрон залиаг калм фестад, йæ алы хъæлæсæй судзгæ æхсидæвтæ хауы. С о с л а н. Фæхъахъхъæн-ма уæдæ! Залиаг калм нæ, фæлæ амайгæ хох куы фестай, уæддæр нал аирвæздзынæ. Сæ тох фæссценæмæ ахызт, æдде сæ тохы уынæр хъуысы. Куы. фæаууон: вæйнынц, куы та фæзынынц. Фæстагмæ Сослан амардта Æфсæроны. Хæхтæ ныййазæлыдысты. Тынг фæлладæй æрбацæуы Сосла.н, йæхи уæлгоммæ ауагъта. Балсæджы хъæлæс. Нæртон гуырд Сослан! Ныртæк- кæ уæ хуымтæн се ’фсир гагадзагъд кæндзæн, хурмæ хус кæн- дзæн, чи ма дзы аирвæза, уый та лыстæг кæрдæнтæ кæндзæн мæ цалх! 346
С о с л а н. Балсæг куы дæ уый. Æрфæныфæдæн йæ бæрæга- -стæу лæууын. Цы ’рвитай нæ хор сафынмæ — мæныл у йæ фæн- даг., Б а л с æ г. Уæдæ уал амæл дæхæдабг. С о с л а н. Æмæ дæм цавæр хæцæнгарз ис? Цæмæй мæ ама- рьшмæ хъавыс? Б а л с æ г. Цæвæн дзаума дæм фæцæуы! С о с л а н. Æмæ йæм цы бадарон? , Б а л с æ г. Дæ ных æм бадар, кæд лæг дæ, уæд. Сослан. Табуафси, раскъæр дæ марæн цалх. (Дары йæ иых.) Бæстæ æмгуыр-гуыр сси. Фæзынд Цалх. Сосланы ныхæй фæстæмæ фес- дъиудта,» алыгъд. Б а л с æ г. Фæцæуы та дæм! С о с л а н. Цы йæм бадарон? Б а л с æ г. Дæ риу-ма йæм бадар. С о с л а н. Табуафси! (Дары йæ риу.) Цалх та асхъиудта фæстæмæ, фæцæйлыгъд, фæлæ йæ Сослан ацахста, пиæ быны йæ æркодта. Б. ц а л х. Мæ уд мын ма аскъуын, Сослан, æмæ мæхи «Бал- •сæджы цалх» нал схондзынæн, хондзынæн мæхи «Сосланы <цалх». С о с л а н. Фæсайдзынæ мæ, Балсæджы цалх! Б. ц а л х. Хуыцауæй дын ард хæрын! С о с л а н. Гъемæ тулгæ дæ фæд-дæ фæд. Хуыцауы ардхæрды сæрты ахизын нæу дæ бон... Æз та уал суадонæн йæ гуырæнæй .мæ ком ауазал кæнон. (Ацыд.) Фæзынд Сырдон. Сырдон. Гъе, фесæфай, Балсæджы цалх! Дæ бирæ тых цæуыл фесæфт? Де стыр кад цæуыл фесæфт? Фæхудинаг ис Балсæджы Борæхыз-чызг, фæхудинаг кодтай Балсæгæн йæхи дæр. Б. ц а л х. Ма дзур, Сырдон, ардхæрд лæг дæн. С ы р д о н. Дæ кæстæр .æнгуылдзæй туг рауадз, уымæй дæ .ард ссæудзæн. Сосланæн йæ адзал æрмæстдæр дæуæй у, æмæ ма йыл иу скъæрд ракæн дæхи. Б. ц а л х. Фыдбоны лæг у уый, иу хæст ма мыл куы фæуа, уæд мæ лыстæг мур ныккæндзæн, аскъуындзæн мын мæ уд. Бо- латы æхсыст у. Сырдон. Иæ уæрджытыл ын атул... Иæ уæрджытæ бола- ты ’хсыст не сты. Æрбацæуы. Ам уæлгоммæ хуыссын фæуарзы. Хъусыс, йæ уæрджытыл ын атул, æцæг — æнæ гуыр-гуырæй. Сырдон æмæ Б. цалх ацыдысты. Æрбацыд Сослан. Иæ къухы æфсирты ^баст. 347
Сослан. Тугыл аскъуыд нæ хор! (Æрбадт. Уæлгоммæ æр- хуыссыд. Б. цалх æнæуынæрæй йæ уæрджытыл атылд. Сослан ма йæм фæлæбурдта, фæлæ Цалх аирвæзт.) Мæнгарды хæтæнты фæхæт! (Архайы сыстыныл. Йæ бон нæу.) Ма ауадз, дæ хорза:- хæй, фæрв, ме знаджы! Ф æ р в. Нæ бауыдзæн мæ бон. Сослан. Хъæды фыддæр фæу, дæ цъар дын ахорæнæн куыд стигъой, дæхæдæг та хуыскъ куыд кæнай! Гъæйтт, сус- хъæд, ме знаджы мын бауром! Сусхъæд. Ставд бæргæ дæн, фæлæ йæ бауромын мæ бон. иæу, æгæр фæлмæн дæн. Сослан. Æлгъыст фæу уæдæ ды дæр —дидинæг рæсугъд. куыд калай, дыргъ дыл куыд нæ зайа, афтæ, адæм дæ ’рмæст: дæ цъары тыххæй куыд агурой! Фатхъæд... Ф а т х ъ æ д. Нæ «бауыдзæн мæ бон. С о с л а н. Арты судзынæн дæ агурæнт адæм! Тулдз! Ды мын: уæддæр бауром ме знаджы. Т у л д з. Нæ. Ды-иу фæттæ арæзтай мæнæй. С о с л а н. Дæ уæлæ гыркъо зайæд, хæрынæн дын ма бæз- зæд. Æнтт, бæрз, марадз, чысыл-иу мын ме знаджы æруром! Б æ р з. Дæуæн знаг чи у, уый мæнæн дæр знаг у, æз ын йæ размæ. æруадздзынæн мæ лыстæг къæбæлдзыг къалиутæ. Сослан. Бæлæсты хуыздæр фæу, бæрз, дæ уис дын физо- нæджы уæхстæн куыд агурой адæм! Æхсæры къутæрыл хуымæл- лæг стыхст, цы зæгъдзынæ ды та? ХуымаЁллæг. Æз мæ бæндæнтæ æруадздзынæн, Балсæ- джы цалхыл стыхсдзысты, æмæ йæ ныууромдзынæн. С о с л а н. Æхсæр бæлас, адæмæн дыл адджын дыргъ куыд зайа æмæ дæ дардмæ куыд агурой, уыцы хорздзинад дæ уæд.. Хуымæллæг, дæу та адæм сæ хъæлдзæджы рæстæджы куыд агу- рой нуæзтыл кæнынмæ, ахæм дæ хуыцау фестын кæнæд. Уæ цуры йæм банхъæлмæ кæсдзынæн æз... (Йæ фазыл фæбыры.у Бæстæ’та гуыр-гуыр ссн. Æрбатулы йæ фæд-йæ фæд Балсæджы цалх.. Бæрз ыл йæ къалиутæ æрæппæрста. Цалхы тылд фæсындæг, æхсæр æмæ- хуымæллæджы нынныхст. Сослан æм фæлæбурдта, фæрскгай йæ кæны, фæлæ Цалх æрдæгсæстытæй аирвæзт уæларвмæ. Тæ^ ныр, кæдæм дæ фæнды, уырдæм... Дæ бон ницуал бауы- дзæн... (Иæ уд исы.) Æтт, Æхсæртæггатæм мын фæдисхъæргæ- нæг чи фæуыдзæн! Хъуысы Зæрватыччы цъыбар-цъыбур. 0 уæлæ Зæрватыкк, фæтæх Нартæм, Сосланæн уын, зæгъ^ Балсæджы цалх йæ уæрджытæ ахауын кодта æмæ уæлхох бы- дыр æнæ цæстытылхæцæгæй мæлы. Зæрватыччы цъыбар-цъыбур адард. 348
Адæмæн уарзон маргъ фæу. Хъуысы Сынты уаст. , С ы н т. Цы ма кæндзынæн, Сослан, дæ фæстæ, мæ гуыбын" мын æфсæстæй ды куы дардтай. Дæу фæрцы-иу мын алы ком, алы адаг фыдæй йе дзаг куы уыдйс? С о с л а н. Хъыгæй ницуал ис, Сынт, фæлæ æртæх æмæ мæ тугæй дæхи ’бафсад. С ы н т. Гъе, уæууæй, Сослан, уый мын цæмæн афтæ загътай, æз дыл хъыг куы кæнын? Сослан. Арвы кæрон куы уа холы, уæддæр-иу æй куыд. ссарай, уыцы арфæ дæ уæд. Сынт атахт. X а л о н. О, нæ алыбоны дзаг фынг, алы ком нын фыдæйг дзаг чи дардта, куыд ма цæрдзыстæм дæ фæстæ? Сослан. Халон куы дæ уый. Рацу, дæхи бафсад, хъыг кæ- нынæй пайда нал и. X а л о н. Ныртæккæ... (Æрбатæхы.) Сослан (февзыста йæм, Халон атахт). Бон-изæрмæ адæ- мы куыд æлгъитай, фæлæ сыл де ’лгъыст куыд нæ цæуа æмæ- æхсæв-бонмæ бæласы къалиуыл ауыгъдæй куыд лæууай, афтæ- мæй дæ цард æрвит. Æрбацыд Сырдон. Сосланмæ хæстæг нæ уæнды. С ы р д о н. Гъе, уæуæй, Сослан, ныры онг дæр дæ мæльш куы хъуыдис, дæ хъæу рацæуынц чыртæ-чыртæй, семæ — фæйнæ зарæгамонæджы. Кæуыны бæсты зарынц... Нæ дыл хъыг кæ- нынц мурдæр. Сослан ныккæрзыдта. Æрбатахт Зæрватыкк. Зæрватыкк. Æрбацæуынц рустæтындæй Нартæ. Сæ ра- зæй Сатана æмæ бæстырæсугъд Ацырухс... Се ’ппæты разæй та дæ чысыл хæрæфырт. Уый ард бахордта: Балсæджы цалх дын дыууæ дихæй лæ ингæныл ныссадздзæн цыртæн. Иæ ардхæрд. ын айста хуыцау. (Атахт.) С о с л а н. Ныр амæлæн дæр ис! С ы р д о н. Æнæмæлæт Æфсæрон дæ къухæй мæрдтæм ба- цыд... Чи зоны, уый тыххæй дæ ралгъыста хуыцау... Мæнг дзу- ры уыцы урсгуыбын цъиу. Сослан. Цæрæнбонты мæнгард æмæ гæдыйæ фæцардтæ.., Мæнгард — дæ хъуыды, дæ ми... Хистæр дæ, стæй Нарты ном хæссыс, нæ дæм сисдзынæн мæ къух, уыййедтæмæ дæ мæ кард дыууæ дихы фæкæнид. Сырдон фæаууон. Хъуысы адæмы уынæр дардæй. Сослан рабадт. Нал мæ æрбаййафдзыстут... Мæ лæвæрттæ уын мæнæ. (Рай- хæлдта йæ рон æд кард, æрæвæрдта сæ, сæ фарсмæ сын æрæ- 34»
,зæрдта æфсирты баст. Раласта йæ лæвар кæрц, уый дæр сык сæ фарсмæ æрæвæрдта.) Иу зард ма мын уæд та куы акодтаис, Ацырухсы лæвар. Кæрц зары, цæгъды, æмдзæгъд кæны. Сослан мидбылхудгæ йæ уд систа. Æрбацыдысты Нартæ. Се ’хсæнæй зынынц Сатана æмæ Ацырухс. ’ ’ Сатана (систа Сосланы кард). Кард уын ныууагъта, Нарт! '(Дæтты кард кæстæрмæ, æфсирты баст дæтты хистæрмæ.) ЛБахъахъхъæдта уын уæ фæллой! (Кæрц Ацырухсмæ дæтты.).Лæ лæвар дын здахы... Фæнды йæ, цæмæй ссарай ног амонд! Цæс- сыгтæ нæ, æгæр сфæлмæн уыдзæн зæхх æмæ йæ нæ бауромдзæн! Æркъул кæнут уæ сæртæ йæ разы, номдзыд Нартæ! Фидæны фæлтæртæм уын уæ ном æмæ уæ кад цырагъау хæсдзæн Нарты <Сослан! Æмбæрзæн Кæрон
АВДÆН (ДЫУУÆАРХАЙДОН ПЬЕСÆ) АРХИАДЖЫТÆ Ф ы с с æ г. А р т и с т. Кадæггæнæг. У а р д и. С æ х æ м. Хъаллæ. М а й р æ м. Æ м з о р. М у р а д и. М а м а й ы-ф ы р т. Дрис. Мæди. Бег. Ф а р и. 1 - а г л æ п п у. 2-аг лæппу. 1 - а г л æ г. 2 - а г л æ г. 3 - а г л æ г. 1 - а г ч ы з г. 2 - а г ч ы з г. 3 - а г ч ы з г. Хъахъхъæнæг. Ф ы й й а у. А ф и ц е р. 35Г
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Куырттаты ком. Зынынц хæхтæ, хъæу, мæсыг. Фæзы бадынц зæрæдтæ. Кадæггæнæг æд хъисынфæндыр се ’хсæн; чысыл лæппу йæ уæлхъус лæууы. <1>æсивæд лæууынц. Хъуысы «Æфхæрдты Хæсанæйы кадæг». X и с т æ р. Фæрнæй фæдар дæ фæндыр. Сывæллæттæ Кадæггæнæджы раз амбырд сты. 1 - а г л æ п п у. Дæ къæцæлын чындзытæ-ма нын равдис. 2 - а г л <æ п п у. Ахъазын-ма сæ кæн. Кадæггæнæг. Хорз, хорз, дадайы хуртæ. (Дзуры лæппу- мæ.) Сис-ма сæ уæлæмæ. Æрæвæр-ма сæ, дысон уæлхæдзар куыд æвæрд уыдысты, афтæ. Æри-ма ныр æндæхтæн сæ кæрæт- тæ ардæм. (Æрхъазын, æркафын сæ кодта. Уыцы рæстæджы æр- бацыдысты Фыссæг æмæ Сæхæм. Фыссæгыл ирон дарæс.) Ф ы с с æ г. Амондджын бæрæгбонтæ кæнут! 1 - а г л æ г. Алыбон æгас цæут, уазджытæ. (Кадæггæнæг- мæ.) Уый Цопаны лæппу у. Кадæггæнæг. Æгас цæуай! Дзæуджыхъæуы, дам, вæй- Аыс... Ф ы с с æ г. О. Кадæггæнæг. Дæ цæрæнбон бирæ, дæ цæрæнбон. Æр- хæцут-ма кæрæдзийы цæнгтыл, мæ къæцæлын чындзытæ, нæ уаз- джытыл бацин кæнæм. Кадæггæн æ.г. Уæй-рирæ, чепена, Уæй-уæй, чепена! Чепена у.æ чи нæ ’ркæна, Уæй-уæй, чепена! Уымæн йæ гал æрбамæлæд, Уæй-уæй, чепена! 1 - а г л æ г (Кадæггæнæгмæ). Цом фынгмæ, уадз фæсивæд зарой, кафой, мах та сын сæ цæрæнбонæн бакувæм. (Фыссæг- мæ,) Ракæн-иу уазæджы. Фыссæг. Хорз. Кадæггæнæг (Фыссæгмæ). Фидар фæлæуу, мæ хур, дæ фыдæй дын бынтæ нæ баззад. Уæвгæ/бынтæ уадзын никæмæн хъæуы — нæдæр æвзæрæн, нæдæр хорзæн. Хорз йæхæдæг скæн- дзæн бынтæ, æвзæр та сæ сафгæ фæкæндзæн. Ацыдысты. Æваст адæмы æхсæн фæзынд Майрæм манмулийы цæсгомы, зыгъуыммæ кæрцы. Йæ зыгъуыммæ худыл сæгъы сыкъатæ. Фыссæг ын æваст йæхи тæлмацгæнæг акодта. Майрæм дзуры тæлмацгæнæджы хъусы, алыхуы- зон змæлдтытæ кæны. Фыссæг тæлмац кæны. Ф ы с с æ г. Нæй, дам, æнамонддæр мæнæй. 2 - а г л æ г. Цæмæй та нæу разы бынты-быны маймули? 352
Фыссæг. Сывæллæттæн, дам, исты зæгъут! Хынджылæг, дам, мæ кæнынц. Мæ хъæдын хъама æмæ берданкæ сæ зæрдæ- мæ нæ цæуынц. Ме стыр дзыхыл мын худынц. Цæмæн, дам, дыл ис фындзы бæсты сыкъатæ? Фыссæг ацыд. 1 - а г л æ п п у (Майрæммæ). Ие ’хца йын байсæм! Æри, цы æхца æрæмбырд кодтай, уыдон. Майрæм йæ сæр тилы, хъæдын хъамайæ сæ асырдта æмæ та æхца æм- бырд кæнын райдыдта. Цæмæй æхца æрæмбырд кæна, уый тыххæй кæны аф- тæ: искæйы размæ бакафы æмæ йын йæ хъæдыи берданкæ пе ’ккойы бап- пары. Йæхи чи нæ фæсайы, уый ратты æхца. Бегыл ацауыгъта берданкæ, уый йæм кæсы, радта йын æй, æхца нæ радта. Уыцы рæстæг фæзынди Фыссæг бæгæныйы къусимæ. Ф ы с с æ г. Ам та дæн æз дæр. Æфсинтæ чъынды нæ разын- дысты. Майрæм (сусæгæй). Æз ацы хъамайæ мæхи марын. Фыссæг. Хъама дын никуыдæм аирвæздзæн, махсымæ уал фен. М а й р æ м (райсы куыси, кæсы). Ай циу? Раст мæм къусæй иу ме ’нгæс кæсы. (Яæхи тæрсæгау æвдисы.) Фыссæг. Ма дзы тæрс. М а й р æ м. Мæ хæйрæджы хай! Ф ы с с æ г. Дæуæн хæйрæджы хай нæй. Майрæм берданкæ Фыссæджы æфцæгыл баппæрста, уый йæхи нæ фæсайд- та, дæтты æхца. М а й р æ м. Ард хæрын — ацы æхца не схардз кæндзынæн æз. Зæрдыл дарынæн сæ арф æвæрæны бафснайдзынæн. 1 - а г л æ п п у. Маймули сдзырдта. Ф ы с с æ г. Чи дæ? М а й р æ м. Æз зонын дæу. Фыссæг. Æцæг? М а й р æ м. Фыссæг, мæнæ уый та дæ горæтаг хæлар, Сæ- хæм. Ф ы с с æ г. О, фæлæ ды чи дæ? М а й р æ м. Ардыгон. Ахуыр кæнын горæты. Ф ы с с æ г. Дæ хъæлæс мæм тынг зонгæ фæкаст. М а й р æ м (систа йæ кæнгæ цæсгом). Æз... Фыссæг. Майрæм? Уый цæййас лæг сдæ? Майрæм. Нанайы загъдау — мæгуыры род тагъд гал кæ- ны. (Акодта йæ маймули.) Нæй æнамонддæр мæнæй... Æз ацы хъамайæ мæхи марын. (Азгъордта, фæсивæд йæ фæдыл аивыл- дысты.) Ф ы с с æ г. Уый та дын нæ театр. На адæм куыстмæ куыд арæхсынц, аивадмæ дæр афтæ, Уарзынц зарын, кафын, Цæй 23 Хъайттвты СергеЧ 353
хорз уаид, искуы махмæ дæр театр куы уаид, уæд. (Иæ хъуы- дыты ацыд.) Сæхæм. А фæстаг бонты æгæр «^еатр-театр» кæныс. Ни- цы мæ æмбæхсыс? Æрбазынд Дрис. Фыссæг. Æмбæхсын, пьесæ ныффыстон. С æ х æ м. Æцæг? Уый уыдзæн фыццаг ирон пьесæ! Фыссæг. «Худинаджы бæсты мæлæт». Дысон æй Дрисæн кастæн. С æ х æ м. Цом-ма уæртæ къуыпмæ, истытæ мын дзы радзур. Ф ы с с æ г. Цом. Ацыдысты. Разынд Дрис, йæ уæлæ посты кусæджы дарæс. Д р и с. Иæ хæларæн æй æппæлы. Ирон æвзагыл иунæг пье- сæ дæр нæма ис; мæн фæндыд, цæмæй фыццаг ныффыстаин æз. Ныр цал азы хастон уыцы хъуыды мæ риуы... Фæразæй уый. Иæ пьесæ фыдæнæнау мæ зæрдæмæ фæцыд... Радтон æм мæхи- он дæр кæсынмæ. Хъыг, дам, дын ма уæд, нæ бæззы дæ фыст. Цæуылнæ уæд? Къоста мын, миййаг, куы нæ у! Ирон цардыл, дам, куы фыссыс, уæд дæ цæмæн ’бахъуыд, æмæ Шиллеры «Абырджутæй» ныв райсай... Сызгъæрины, дам, цыфæнды æм- бæхст куы бакæнай, уæддæр искуы æнæ разынгæ нæ фæуыдзæн, уæлдайдæр æрхуыйы кæрдæнты æхсæн... (Ацыд.) Æрбакалдысты лæппутæ. 1 - а г л æ п п у. Алæ-ма, Фыссæг дын цы радта? 2-аг лæппу. Хъулон кърандас. 1 - а г л æ п п у. Мæнæн та нывты чиныг. (Æвдисы, кæ- сынц.) 2-аг лæппу. А-гъа, æмæ мæнæн йе ’мбал чингуытæ æл- хæнынæн æхца куы радта. Лæппутæ дзолгъо-молгъо кæнынц. Æрбайхъуыст файтоны дзæнгæрæджы хъæр. 1 - а г л æ п п у. Уæртæ-ма, Тезиаты файтоны халдих. (Аз- гъордтой.) Æрбацыдысты Мурадн æмæ Хъаллæ, сæ рыгтæ сæрфынц. Муради у капитан, йæ урс цухъхъайыл цыппар «Георгийы», йæ галиу цонг сахъат. Хъуысы симды цагъд. X ъ а л л æ. Æмбисонды ран!.. М у р а д и (алырдæм фæлгæсы). Ацонæга, Хъæриу. Уæлгъæу,. Хъугом... Куыд æхсызгон у ногæй уæ фенд!.. Хъаллæ. Кæцы у дæ хъæу? Муради. Ацонæга... Цымæ цы ис зынаргъдæр, адæймаг æвзонджы бонтæ кæм арвыста, уыцы уæзæгæй? X ъ а л л æ. Раджы алыпьдыстут горæтмæ? 354
Муради. 0. X ъ а л л æ. Æцæг у рæсугъд хъæу. М у р а д и. Æмæ йæм ныр зæд æртахт... Бузныг, Хъаллæ, ардæм рацæуыны тыххæй мын мæ фæндоныл кæй сразы дæ, уы- мæй. X ъ а л л æ. Уый æз хъуамæ зæгъон дæуæн бузныг, ацы рæ- сугъд хæхтæ мын чи фенын кодта. М у р а д и. Хъаллæ, ныббар мын, чи зоны, хуыцау афтæ сныв кодта, æмæ фыццаг хатт æз æмæ ды ам зæгъæм кæрæ- дзийæн нæ уарзт. Хъаллæ (ныххудт). «Нæ уарзт»? Ау, мæ зæрдæйы арф æм- бæхсæнтæ дæм сзындысты? Нæ мæ уырны. М у р а д и. Цæуылнæ? Хъаллæ. Уымæн æмæ уæд федтаис, кæй никæмæн ма ис уым ахстон быд. М у р а д и. Хъаллæ... Хъаллæ. Уæртæ уыцы былæй акæсын фæнды мæн. М у р а д и. Цом уал хæстæгдæр куывдмæ, хъазтмæ. X ъ а л л æ. Ныртæккæ. (Фæцæуы былмæ.) М у р а д и. Ахауынæй тæссаг у. X ъ а л л æ. Æмæ æри дæ къух. Фæаууон сты. Æрбацæуы Фыссæг, йæ фæстæ — Сæхæм. С æ х æ м. Цы дыл æрбамбæлд? Цы кодтай? Фыссæг.Чиу уый? С æ х æ м. Хъаллæ. Иемæ уый та йæ къайаг. Фыссжг. Цы?.. Сæхæм. Капитан Азийы-фырт, хæсты хъæбатыр, о, фæлæ ды æппындæр нæ хъусыс мæнмæ. \ Ф ы с с æ г. Цалдæр хатты йæ горæты федтон... Тынг мæ фæн- дыд, йемæ куы базонгæ уыдаин, уый, фæлæ фадат нæ фæци... Арæх-иу ыл хъуыды кодтон æмæ мæнæ ныр... Цы ма дзы зоныс æндæр? Сæхæм. Хæрз чысыл, фæлæ дзы цы хæрз чысыл зонын, уый дæр фаг у, цæмæй йæ æнцад ныууадзай, уымæн... Афтæ мæм фæкаст, цыма æваст дæ зæрдæ риуы æнахуыр гуыпп-гуыпп скодта. Фыссæг. Æгæр æрыгон дæ нырма уыдæттæ бамбарынæн... фæлтау-ма мын зæгъ... Цы ма дзы зоныс æндæр? С æ х æ м. Æцæг хъазгæ куы нæуал кæныс. Ф ьрссæг. Дзур. Сæхæм. Иу-цалдæр хатты нæм уыдис йæ фыдимæ. Иæ фыд ме ’фсымæры хæлар у. Ф ы с с æг. Куыд никуы мын ракодтай йæ кой? Æрбацæуынц. Æрбацыдысты Муради æмæ Хъаллæ. Фыссæг æмæ Хъаллæ кæрæдзимæ фемдзаст сты. X ъ а л л æ. А-а, Сæхæм? 355
С æ х æ м. Алыбон æгас цæут, уазджытæ! М у р а д и. Æз ам уазæг нæ дæн. Ф ы с с æ г. Æз дæр. С æ х æ м. Уæдæ уæд, æвæццæгæн, æз æмæ Хъаллæ стæм уаз- джытæ ам. Базонгæ ут. (Зонгæ сæ кæны.) Хъаллæ, Муради;,. Мæнæ уый та... (Хъаллæмæ.) Никуы æрхæцыд ацы къæсхуы- рыл горæты стыр уынджы дæ цæст? X ъ а л л æ. Уынг стыр, горæт та ноджы стырдæр. (Фыссæг- мæ.) Кæм ахуыр кæныс? Фыссæг. Цы афон ма мын у? Ды ахуыр кæныс? Сæхæм æмæ Муради ацыдысты. X ъ а л л æ. Ды дæр ардыгон дæ? Ф ы с с æ г. Стыр уынджы цæрут? X ъ а л л æ. Сæхæмы хуызæнæй дæм æппындæр ницы ис... Фыццаг хатт дæ ам? Ф ы с с æ г. О... куыд фыццаг хатт? Æз ардыгон дæн. X ъ а л л æ. Хæхтæ афтæ хæстæгмæ никуыма федтон. Фыссæг. Кæцы хæсты уыдис Муради?./(Ææ/?æг у, æндæр цыдæр зæгъынмæ хъавыд.) Æрбацыдысты Муради æмæ Сæхæм. Му р а д и. Мæ хъустæ арауынц... Нæ мæ уырны, мæ кой уæм нæ рауадаид, уый. X ъ а л л æ. Фæрсы, кæцы хæсты, дам, уыдтæ? М у р а д и. Апоны. Ды та? Ф ы с с æ г. Æз хæстон нæ дæн. С æ х æ м. Уымæн йæ хæстытæ фæсте сты нырма. Æрбайхъуыст чепенагæнджыты зард. Æрбацыдысты. Зарæг амоны Май- рæм. Иуварслæуджыты æхсæнæй зынынц Дрис æмæ Бег. Майрæм. Ой-рирæ, чепёна, А д æ м. Уæй-уæй, чепена! М а й р æ м. Бæбийы лæдзæг уæхсты хуызæн! А д æ м. Уæй-уæй, чепена! М а й р æ м. Нæ пъырыстыф мысты хуызæн! А д æ м. Уæй-уæй, чепена!.. Б е г. Цы, дам, цы?! Куыд схуыдтай ды паддзахы æрвыст лæ- джы? (Мурадимæ.) Господин капитан, гæххæтт ыл сараз. Мæ- нæ дын æвдисæн. (Йæ риу ныххоста.) Хъаллæ. Нæ уарзын æз загъд, уæлдайдæр та ахæм бон. (Мурадийы цонгыл ахæцыд, ацыдысты.) Бег (Майрæмы тæрттæм фæлзгбурдта). Æз дæу Сыбыры хай бакæндзынæн! Майрæм. Иуварс мæ разæй! (Асхуыста йæ, Бег ахауд.) Б ег. Марынц мæ! , Беджы хъæрмæ куывдæй рауад цавæрдæр афицер йе ’мбæлттимæ. Афицер Майрæмы ехсæй ныццавта. 356
Сæхæм (афицермæ). Иæ фыды æмгар куы дæ, худинаг дын нæу? А ф и ц е р. Ахъуытты у ды дæр! (Ехс æм фелвæста, фæлæ йын Фыссæг йæ ехс ацахста.) Ф ы с с æ г. Цы ран, цы адæмыхатты æхсæн у кадджын ми- йыл нымад уазæгмæ къух сисын? (Йæ ехс ын йæ къæхты бын- мæ баппæрста.) Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Стыргомау сара у дыууæ дихы; иуы бадынц хъæуы цæрджытæ, ам сты Фыссæг, Хъаллæ æмæ Сæхæм дæр. Сарайæн йæ нннæ æрдæджы сценæгон- ды æвдыст цæуы пьесæ «Худинаджы бæсты мæлæт». Спектакль кæронмæ фæ- хæццæ кæны. Сценæйы Ахмæт, Хъырым æмæ Газакк. Г а з а к к (йæхи уæгъд кæнгæйæ). Ау, æмæ мæ афтæмæй æрбаййафа Ахмæт! (Хъамайæ бæндæн лыг кæны.) Ныр та мæ рад у дæуæй хынджылæг кæнын, Хъырым! (Сыстад, æдде гæ- рæхтæ цæуы.) О хуыцау, фыдбылызæй бахиз! Ахмæты бахъахъ- хъæн, Уастырджи! (Азгъордта. Гæрæхтæ хъуысынц хæстæгдæ- рæй.) Ахмæт (æдде). Цы фæдæ, Газакк? Дæлæты йæ размæ, къæдзæхы нарæгмæ! Г а з а к к. Хорз! (Азгъордта.) Ахмæт. Хъахъхъæ дæхи. Хъахъхъæ дæхи, дæ хуыздæр амард! (Гæрах.) Хъырым (æдде). Æллæх! (Лæф-лæфгæнгæйæ, йæ галиу къухыл хæцгæйæ æрбазгъордта.) Нæй, æвæццæгæн, мæ мæлæт ам у’. (Гилдз æвæры.) Фынддæс азы фыдæбон иу бæхы тых- хæй сæфы... Мæлæт!.. Æз æм рагæй дæр цæттæ уыдтæн, фæлæ иунæгæй разы нæ дæн! Ме ’рдхордимæ мæрдты дæр хъуамæ иу- мæ уæм! Æрбацæуы! Ахмæт куы æрбазынд, уæд æй Хъырым бахста, уый дæр æй æрбахста. Гæрæхтæ иумæ æрцыдысты. Лæгтæ дæр иумæ æрхаудысты. Газакк (Хъырымы куы федта, уæд). Гъеныр дæр ма дæ лидздзысты дардмæ рæгъаугæстæ? (Ахмæты куы ауыдта, уæд ныккуыдта.) Æтт, мæ хæдзар мын байхæлдта уыцы джауыр, æнхъæлдæн! Ахмæт! Ахмæт! Нал у... Ахмæт. Охх!.. Дон!.. Цы фæци, фæласы бæх? (Нуазы.) Газакк. Нæ фæласы, фæцæф уый дæр. Ахмæт. Хорз, уæдæ! Охх! Тых нал ис. Бинонтæ де уазæг... Цæр! Худинаг дæ сæрмæ ма х...æсс! (Амард.) Г а з а к к (кæуы). Æтт, мæ хæдзар куыд фехæлд, гъе! (Фез- дæхт Хъырыммæ, хъамаимæ йæм фæцæйцыд). Æмæ афтæмæй баззайа? 357
Хъырым (фæхъил). Гъа! Æллæх! Цæй тыхджын хоныс дæхи, лæг! Цæй æдых дæ! (Æрхауд, амард.) Газакк сагъдауæй баззад. Сарайы сценæйы цы æмбæрзæн уыд, уый тагъд-тагъд бахгæдæуыд. Иннæрдыгæй иуцасдæр фæкуыддæр сты. Сценæ фæстæмæ байгом, разындысты Хъырым, Ахмæт, Газакк. ... Æрæмдзæгъд сын кодтой. Хъуысынц ныхæстæ: «Хорз уыди!», «Уæ цæрæнбон бирæ!» Артист (сценæйæ). Диссаджы уазджытæ нæм. Пьесæ чи ныффыста, уый. (Фыссæджы сценæмæ ракодта.) 3 - а г л æ г. Дæ цæрæнбон бирæ, махæн утæппæт диссæгтæ чи фенын кодта. А р т и с т. Абон фыццаг хатт ирон адæмы æхсæн æвдыст æр- цыд фыццаг ирон пьесæ. Уый амоны: ноггуырд нæм фæзынд, йæ авдæны уæлхъус ын лæууæм. 3 - а г л æ г. Цæрæццаг гуырд фæуæд! Ф ы с с æ г. Нæ зæрдыл æй бадарæм, уæдæ, хорз адæм... Абон, мин фарастсæдæ цыппæрæм азы ссæдзæм июны мæнæ ам, Олгинскæйы хъæуы, Карсанты Газийы кæрты уыцы ног- гуырд ракодта уæндон санчъех. А д æ м. Фидар санчъехтæ кæнæд! Хъуысы «Чермены зарæг». Ф ы с с æ г . (Майрæмæн). Хорз сарæхстæ. С æ х æ м. Уыдтæн æз æддæ, суанг Парижы дæр. Федтон пьесæтæ, фæлæ мын’ дзы мæ зæрдæ афтæ ничи фæцагайдта. Афтæ арф дзы ничи бахызт мæ риумæ. X ъ а л л æ. Арфæ дын кæнын. Æз нæдæр Парижы уыдтæн, нæдæр æндæр искуы, фæлæ иттæг разы дæн Сæхæмимæ. Фыссæг. Бузныг. Цæуылдæр ныхъхъуыды кодтай, Сæхæм! С æ х æ м. Ацы хъæуыл ном сæвæрдта паддзах, йæ чызджы иом. Фæлæ цымæ хуыздæр нæ уыдаид, уыйбæсты сьгн, пьесæтæ кæм æвдисой, ахæм къуым куы сарæзтаид, уæд? 1-аг.лæг æрбаздæхт иу лæгимæ ныхасгæнгæ. 1 - а г л æ г. Гъер худинаг нæу Ванойæн, йæ фырт йæхицæй адæмæн хъазæнхъул цы сарæзта? 2 - а г л æ г. Уыйбæсты исты мийыл ныххæц! 1 - а г л æ г. Зæгъын ын хъæуы йæ фыдæн. 2 - а г л æ г. Цыргъ Обауыстæн, йæ фырты мæнмæ раттæд æмæ йын дзы æз лæг рауайын кæнон, сæудæджергæнæг. (Фæау- уон сты.) Фыссæг фæджих, ницы дзурынц йе ’мбæлттæ дæр. А р т и с т. Не спектаклимæ нæ Æрыдонмæ хонынц, семинары лæппутæй ам иу-цалдæр ис. Ф ы с с æ г. Уый хорз. А р т и с т. Мæн уырны, иннæ хъæуты дæр иæм æнхъæлмæ кæсдзысты. 358
С æ х æ м. Стæй горæты дæр. Артист (Фыссæгмæ). Æз сфæнд кодтон Мæскуымæ теат- рыл ахуыр кæнынмæ фæцæуын. Ф ы с с æ г. Ацу, ацу. Сахуыр кæн æмæ фæстæмæ куы сыздæ- хай, уæд мах иумæ араздзыстæм стыр хъуыддаг—æз пьесæтæ фысдзынæн, ды та сæ æвæргæ кæндзынæ. Иукъорд чызджы Фыссæджырдæм æрбацæуы, се ’хсæнæй зыны Уарди. Мæди. Цом йæ цурмæ, уæд нæ куынæуал уагътай. У а р д и. Фæлæуут, чызджытæ. Артист (Фыссæгмæ). Горæты гимназы ахуыр кæнынц. Дæ пьесæ уынынмæ æрцыдысты. М æ д и. Махмæ дæр ис фыссæг. (Уардийы размæ кæны, уый ныфсæрмы.) Ф ы с с æ г. Æцæг, æви? У а р д и. Ма сæм хъус... Ф ы с с æ г. Дæ ном цы хуины? У а р д и. Уарди. 3 - а г л æ г. Æтт, фæсивæд! Ныр та кафт, хъазт... Цин иог- гуырдыл. Райхъуыст фæндыры рог цагъд. А р т и с т. Уазæгæн иу кафт! Ф ы с с æ г. Амонæджы вæййы! Артист æмæ Уарди кафынц. Æмбæрзæн АВАНСЦЕНÆ Æрбацыд Мамайы-фырт, йæ уæлæ европæйаг дарæс. Кæмæдæр æнхъæл- мæ кæсы, сдыууæрдæм. Фæзынд Дрис. М а м а й ы - ф ы р т. Дрис? Д р и с. Хатыр, æз нæ зонын дæу. М а м а й ы - ф ы р т. Дæ фæсномыг писмо дын райстам. Д р и с. Цавæр фæсиомыг писмо? Ды чи дæ? М а м а й ы - ф ы р т. Ротмистры зоныс. Харбины ис балцы. Уымæн афтæ рауад нæ фембæлд. Д р и с. Æз нæ зонын нæдæр... М а м а й ы - ф ы р т. Цæй хорз, хорз. (Æвдисы йе ’вдисæн- дар.) Æз чи дæн, уый зын базонæн нæу. Кæцы ран фембырд кæнынц? Д р и с. Хуызисæг Садуллæмæ. Уый сын фæскуыст йе стыр хуызисæн уат ратты. М а м а й ы - ф ы р т. Чи у сæ разамонæг? Д р и с. Олгинскæйаг, йæ хæстæджытæм цæры ам. Иæ удæй 359
арт цæгъды артист суæвыныл. Пьесæтæ æвæрыны хъуыдытæ йæ уæлæрвты раскъæф-баскъæф кæнынц. Мæнмæ гæсгæ, политикæ- мæ дард лæууы. М а м а й ы - ф ы р т. Ахæм къордты райдайынц сæ сусу-бусу- тæ. Ирон драмон къорд... Æппæты хуыздæр уаид — сæ дзыхтыл сын цъуттатæ сæвæрыц... ÆРТЫККАГ НЫВ Мамайы-фырты кусæн уат. Владикавказы полицмейстсры къæнцылары. Къулыл паддзахы ныв. Мамайы-фырт лæууы стъолы уæлхъус. Сæхæм иуварс бады бандоныл. М а м а й ы - ф ы р т. Бахатыр кæн, Сæхæм. Иу хатт ма дæ бахъыгдарæм. (Сусæг дуар байгом кодта, рахызт дзы Бег. Æм- раст алæууыд.) Уыцы загъды рæстæг мæнæ ацы адæймаджы нæ федтай? Сæхæм (базыдта йæ). Нæ, загъды йæ нæ федтон, фæлæ цыма... М а м а й ы - ф ы р т. Цыма?.. С æ х æ м. Мæнмæ гæсгæ, «Чепена» кафджытимæ уыдис, гъе, æцæг заргæ кодта, нæ, уый нæ хъуыды кæныи. Мамайы-фырт сæрæй ацамыдта, Бег ацыд. М а м а й ы - ф ы р т. Æргом зæгъгæйæ, мæн фыццаг уырнгæ дæр нæ бакодта, уыцы загъды ды ницы сдзырдтай, уый. Схауы дæ хатгай. Сæхæм. Нæ дзы бахъуыд, æвæццæгæн, ацы хатт мæ сæр. М а м а й ы - ф ы р т. Иу хъуыддаг бамбарын мæ бон нæу... Ды, цæрæг хæдзарæй рацæугæ... Куыд сбастай семæ дæхи? Ца- вæр кæлæнтæ дын скодтой? Сæхæм. Уыцы кæлæнтæн ис ном — адæймаг уæвын. М а м а й ы - ф ы р т. Уæд уы&ис æмæ Бакуйы куы ахуыр кодтай, уæд цавæрдæр къордты смидæг дæ. Чысыл ма бахъæу.а, ма дæ æрцахсой. С æ х æ м. Уыцы къордтæн дæр ис ном — революцион къорд- тæ. ^ М а м а й ы - ф ы р т. Ныр та ам гимназы... Сæхæм. Æгæр дæрдтыл нæ азылдтæ, Мамайы-фырт? (Паузæ.) М а м а й ы - ф ы р т. Уæдæ, зæгъыс, «Чепена» кафджытимæ уыдис. Сæхæм (хъазæгау). Нæ бæллын æз, «Чепена» кафджытæ цы паддзахадон бындур банкъуысын кодтой, уыцы паддзахад хъахъхъæнджытæм. ’ Мамай.ы-фырт. Господин... Не ’мб^æлы хъæмпы цъынайы сæр æхсидæвтæй хъазын... Де ’фсымæр нымад чиновник у. 360
Сæхæм. Бузныг, æгайтма мын æй æрлæууын кодтай мæ зæрдыл. М а м а й ы - ф ы р т. Иучысыл истæуыл ахъуыды æмбæлы. С æ х æ м. Хæрзизæр» (Ацыд.) М а м а й ы - ф ы р т. Къулбадæг! Ахæм лæгæн — ахæм æф- сымæр?.» М у р а д и (æрбацыд). Уæ бон хорз. Мамайы-фырт (сыстад). Æгас цу, господин капитан. Бузныг, æгайтма нæ фæзивæг кодтай. Сбад. Ротмистры фæндыд. демæ аныхас кæнын... Хъыгаг у, балцы ис... Уæвгæ, хъуыддаг мæнæн зындгонд у... Æмæ иугæр æрбацыдтæ... М у р а д и. Хъусын дæм. Мамайы-фырты сæры амындмæ Бег æмбæхст дуарæй рахызт, йæ къухы. ,доны графин, агуывзæ; стъолыл сæ æрæвæрдта. Мамайы-фырт (Бегмæ). Ефрейтор, сæрибар дæ ды,, Бег. Хъусын, господин поручик. (Ацыд.) Мам а й ы - ф ы рт (паузæйы фæстæ). Господин капитан, даргъ таурæгътæн рæстæг нæй. Афицеры бынат нæм суæгъд. Ды — Апоны хæсты хъæбатыр. Ис дæм паддзахы гæххæтт. Мах нæхицæн кадыл нымаиккам, нæ рæнхъыты куы уаис, уæд. Ар- дыгон. Адæмы зоныс, сæ хорз, се ’взæр дæр. (Паузæ.) Ротмистр сæрмагондæй ныхас кæндзæн дæу тыххæй облæсты хицауади- мæ. Æнхъæлæм, уыдон бар ратдзысты... Мура ди. Бузныг уе ’ууæнкæй, фæлæ æз салдат дæн. Ма-майы-фырт. Мах иууылдæр паддзах æмæ Фыдыбæ- стæйы салдæттæ стæм. Муради. Паддзах æмæ Фыдыбæстæйы раз хæсджын нал дæв. М а м а й ы - ф ы р т. О, фæлæ дæ уыдон дæр хæсджынæй нæ баззадысты. Фыдыбæстæ дын дæ хъæбатырдзинадæн аргъ скод- та — дæ риуыл цыппар «Георгийы», паддзах та дын зæххытæ радта. Муради (сыстад). Уыдон мæ тугæй æлхæд сты, поручик, æмæ мын сæ мæ цæстмæ дарын нæ хъæуы. Мамайы-фыр т. Хатыр, æз æй æфхæрынæн нæ загътон, Мурадл. Зæгъ дæ ротмистрæн: хæст куы уа, гъе райгуы- рæныл тæссаг уавæр куы скæна — йæ хъахъхъæнджыты рæнхъы- ты уыдзынæн. Мамайы-фырт. Хъыгаг у, кæй не ’мбары господин Азийы-фырт, ныртæккæйы змæстыты Фыдыбæстæ къаддæр хъахъхъæнинаг кæй нæу. Уæд та ма ахъуыды кæнис? Муради. Уыцы хъуыддагыл нал дзурдзыстæм. (Сыстад цæуынæввонг.) М а м а й ы - ф ы р т. Уæдæ уæд нæ сæйраг ныхасмæ рахизæм. (Йæ къухы амындæй йæ сбадын кодта фæстæмæ, рацу-бацу кæ- ны, æрлæуиыд.) Айфыццаг, Дзывгъисы дзуары бон, ды уыдтæ æвдисæн :иу хъуыддагæн, «Чепена»-кафты зарæгамонæг загъта: 361
«Нæ пъырыстыф мысты хуызæн». Ефрейтор Бег дзуапп æрца- гуьфдта паддзахы æрвыст лæгыл цъыфкалæгæй, фæлæ йæ ба- хъыгдардæуыд. Уый тыххæй цы зæгъдзынæ? Æнхъæлдæн, хæс- тæг сæм куы лæууыдтæ... М у р а д и (æрæджиау). Æз хъазт йедтæмæ хыл нæ федтон. М а м а й ы - ф ы р т. Ефрейтор æххуысæнхъæл капитанмæ ба- каст, фæлæ уымæй иучысыл йæ хæс айрох... Ныр фадат ис уы- цы афицерæн йæхи сраст кæиынæн. М у р а д и. Господин поручик... Мамай’ы-фырт. Мæсты нæ... Æфхæрд æрцыд, ды йæ сæраппонд æнæвгъау дæ туг кæмæн ныккалдтай... Муради. Иу хатт ма йæ зæгъын: æз ницы федтон. М а м а й ы - ф ы р т. Хъыгаг у.. Афтæ мæм кæсы, хъæбатыр афицер йе ’фсæддон службæ нæма ферох кодта. Ам цы ныхæ- стæ æрцæуы, уыдон хъуамæ дуары æдде ма фæуой. Ныхæстæ баззайынц ам. Муради фæцæуы. Дæ хорзæхæй, мæнæ ацы дуарыл... Азийы-фырт, кæй зæгъын æй хъæуы, уынгæ дæр нæ фæкодта, уыцы бон йæ къайаг æмæ Фыссæг... (Мурадийы тызмæг æнгасмæ фæхъус.) Муради ацыд. Мамайы-фырт ныхъхъуыды кодта. Бег (æрбацыд). Господин поручик, æддаг уаты æнхъæлмæ кæсы Фыссæг. Мамайы-фырт (сыстад, вивæй дуары зыхъхъырæй кæ- сы). Ногæй та куры, цæмæй сын бар раттæм ам, горæты, ирон драмон къорд саразынæн... Нæ, æндæр хъуыддаджы фæдыл хъуыдтæ мæн... Æрбацæуæд. Бег ацыд, Мамайы-фырт папкæйæ гæххæтт систа. Мамайы-фырт (кæсы). «Райгуырд Дæллагхъæуы, мин астсæдæ стай фыццæгæм азы, дæсæм мартъийы. Иæ пьесæтæ «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау» цыппæпæм а:*ы æвдыст æрцыдысты Дæллагхъæуы, Олгинскæйы æмæ Æрыдоны семинары. Айфыццаджы куывды базонгæ ардыгон чызгимæ, йæ ном — Хъаллæ. Фæлæ чызджы йыййарджытæ фидыд сты, æфса- дæй чи рацыд, ахæм капитан Азийы-фырты ныййарджытимæ. Дрис». Ф ы с с æ г (æрбацыд). Уæ бон хорз. Ма м а й ы -ф ы рт \папкæ бахгæдта). Æгас цу (Сыстад, амоны бандонмæ. Сбадтысты.) Хъусыи дæм! Ф ы с с æ г. Æвæццæгæн дын зындгонд у ме ’рбацыды сæр. М а м а й ы - ф ы р т. Зæгъæм, фæуæд афтæ. 1 Фыссæг. Мæн фæнды баныхас кæнын пъæлицæйы хайади- мæ, цæмæй нæ алы хатт, алы пьесæйы равдысты тыххæй ардæм цæуын ма хъæуа. Фæнды нæ, цæмæй нын раттат бар иудадзыг 362
драйюн ’къорД ^аразынæн æмæ ирон пьесæтæ æвдисынæн. Мамайы-фырт. Иудадзыг драмон къорд... Уый йæхæдæг театр куы у. Театр байгом кæнынæн та хъæуы бардзырд суанг... Æппынфæстаг, нæ горæты ис театр, уырыссаг театр. Ф ы с с æ г. Мæнмæ гæсгæ, сымахæн æнæзындгонд не сты уыцы театрдзаутæ... Ирон драмон к’Ьорд ис Тифлисы, Бакуйы^ уæд мах Ирыстоны куы цæрæм... М а м а й ы - ф ы р т. Тифлис æмæ Бакуйы ис сæхи закъоитæ» махмæ та — нæхи. Иуныхасæй, бадзурдзыстæм афтæ: алы пье- сæ, алы спектаклæн дæр уыдзæн сæрмагондæй бар лæвæрд.. Стæй, кæй зæгъын æи хъæуы, алкæцыйæн нæ. Ныртæккæ сæрма- гондæй цавæр уацмысыл цæуы ныхас? Фыссæг æм пьесæ дæтты. Господин Фыссæг, ды, миййаг, мæнæ ахæм уацмыс нæ зоныс?' (Систайæ лагъзæй гæххæтт, кæсы.) «Нæ пъырыстыф сæрра». Фыссæг, Зонын. Уый у Уардийы комеди, нырыккон цар- дæй. Æвдыст дзы цæуы мæгуыр лæджы цыргъзонд æмæ.... «æн- гуыр тæрхъус æрцахста, къæппæг та — кæсаг», зæгъгæ, ууыл чи> баууæндыд, ахæм пъырыстыфы æдылыдзинад. Мамайы-фы’рт.- Уæдæ, зæгъыс, нырыккон цардæй, и? Ф ы с с æ г. О. М а м а й ы - ф ы р т. Иуныхасæй, дæ а’бырæгæн йæ царды уа- вæртæ йæ зæрдæмæ нæ цæуынц, Уардийæн йæ пъырыстыф сæр- ра... Уыдон иууыл куыд æмбаргæ сты? Фыссæг. Куыд фыст сты, афтæ. (Паузæ.) Хорз арæхсут. Хабæрттæ уæм тынг бæлвырдæй хæццæ чындæуы. Мамайы-фырт (рафæлдæхта папрæ). Мах ма ноджы зонæм, ахуыргæнæджы хæстæ куыд æххæст кодтай, уый дæр. Мин фарастсæдæ фæндзæм аз, æхсæзæм июнь, фæссихор. Дæл- лагхъæуы цæрджыты сардыдæуыд æмæ уыдон хъæууон уынаф- фæдонмæ бабырстой. Хъæр кодтой: «Нæ нæ хъæуы паддзах!» Хъахъхъæнæджы дæгъæлтæ "байстой. Амидингæнæг — ды. Мин фарастсæдæ æхсæзæм аз, дыууæ æмæ ссæдзæм январы æртæ уырыссаг студент-революционеры Орлов, Коршунов æмæ Жи- ров — уыдысты æмбæхст Дæллагхъæуы. Се ’мбæхсджытæ Арби* ты Микъала, Гуыриаты Дæхци æмæ ды... Уæвгæ нæм, хæдæгай, бынтон уыдæтты тыххæй куы не ’рбацыдтæ. Куыд ницы дзурыс? Ф ы ссæг. Хуыцау адæймагæн иунæг дзых йедтæмæ нæ рад- та, хъустæ та — дыууæ, цæмæй дзургæ къаддæр кæна, хъусгæ та — фылдæр. Уæвгæ, зæгъдзынæн: иухатт Кадæггæнæджы хъис- фæндыр ныхасы мæ къухмæ райстои... Фыст уæм нæу уый? М а м а й ы - ф ы р т. Стæй Дзывгъисы дзуары боны цаутæ.... Иæ нæм сты уыдон дæр фыст... Уыцы асинтæ кæдæм цæуынц, уый зоныс? Ф ы с с æ г. Уæларвмæ асинтæ нæ уыдзысты. М а м а й ы - ф ы р т. Гъемæ дæ цæмæн хъæуынц? Уæвгæ, га- лиу зондæн ис рæстырдæм саразæн. заз
Фыссæг. Нæй раст зондæн галиуырдæм сараз&й. Мамайы-фырт. Паддзах æмæ Фыдыбæстæ кæмæн нæй, уымæн нæй цæсгом! Ф ы с с æ г. Паддзах æмæ Фыдыбæстæ иу не сты! М а м а й ы - ф ы р т. Уый цъыфкалæн у Уырысы стыр пад- дзахыл. Ф ы с сæ г. Уырысы стыр паддзахыл нæ, фæлæ стыр Уырысы паддзахыл! Адæмы адæмыл нымайын хъæуы. М а м а й ы - ф ы р т. Цы сты адæм? Фос! Ф ы с с æ г. Иу къуырма, дам, æппæт адæмы дæр къуырма хуыдта. М а м а й ы - ф ы р т. Æгæр куырмæджы нæ цæуыс? Æгæр уæззау уаргъ нæ исыс дæхимæ? Сæхæмимæ хъæуи-хъæу зилут, адæмы змæнтут, сæ зонд сын зыгъуыммæ кæнут... Ф ы с с æ г. Дæ ныхæстæ сты æхсæрдзæнмæ кардæлвæстæй лæбурæгау. М а м а й ы - ф ы р т. Хъахъхъæ... Иуæй-иу хатт уыцы æхсæр- дзæнæй дуртæ дæр фæх’ауы. Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ Уат. Чызджытæ сæхн цæттæ кæнынц спектакль равдисынмæ. Се ’хсæн зыиы Уарди. Цалдæр чызгыл дзы нæлгоймæгты дарæс, сæ иуыл та зæронд усы дзаумæттæ. Рудзынгыл фæндыр. Мæди (пъырыстыфы китель ыл). Иу нæлгоймаг нæ сомы- хъомæн уæд та куы уаид. 1 - а г ч ы з г. Де ’фсымæр дæ ардыгæй дæ къабазæй куыд адава, афтæ? 2 - а г ч ы з г. Алæ-ма, куыд у нæ пъырыстыф? Мæди. Джызæлы пъырыстыфы цæрмыстыгъд бакодтон. 2 - а г ч ы з г. Аслæнбег дæ уыцы рихитимæ куы фенид... Æнæуарзонæй дзы аззаис. У а р д и. Чызджыт*æ... 3 - а г ч ы з г. Дæ зæрдæйы гуыпп:гуыпп æддæмæ куы хъуы- сы? Тæрсыс? Мæди. Куыннæ ма гуыпп-гуыпп кæна йæ зæрдæ, кæд æмæ йыи ныртæккæ Фыссæг йæ пьесæ уынынмæ æрцæудзæн. 2 - а г ч ы з г. Æцæг? У а р д и. Зæрдæ бавæрдта. 1 - а г ч ы з г. Æццæй, пьесæ йæ зæрдæмæ фæцыд? Мæди. «Фæцыд» цы хоныс? Раппæлыд дзы, йæхи та йын курдиатджын рахуыдта. (Исы фæндыр. Уардимæ.) Мæ мард фен, уыцы заманхъуйлаг чызджы зарæг чи нæ акæна... Нырма раджы у. (Цæгъды, «Лæппу» æмæ чызг кафынц.) 364
Уарди фæндыримæ зары: «Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын...» Зард æмæ кафт фесты. Фари (æрбакаст). Æдде адæм æрæмбырд сты, бакæнон ДУаР? У а р д и. Раджы ма у, Фари, чысыл фæлæуу. Ф а р и. Зæгъут-иу мын уæд. (Фæаууон) А р т и с т (æрбацыд). Фæстиат кæны. У а р д и. Æвæццæгæн, не ’рбацæудзæн. А р т и с т. Кæд æй нæ равдæлд? У а р д и. Чи зоны... А р т и с т. Бакæнæм дуар, æмæ адæм сбадой. У а р д и. Гъемæ хорз. (Адзырдта.) Бакæ, Фари, дуар. Артист. Ды æппындæр тыхсгæ ма кæн, Уарди, дæ хъуыд- даг кæн. Уарди (тагъд-тагъд фæст^г амонæнтæ кæны Мæдийæн). Дæ зæрдыл бадар, канд нæлгоймаг нæ дæ, пъырыстыф дæ. Ды та Умархан — ацæргæ лæг. 1 - а г ч ы з г. Дуар байгом. 2 - а г ч ы з г. Дæлæ дзы цас адæм æрбакалд. У а р д и (рйздæхт пъырыстыфмæ). Цæй, нæ пъырыстыф, æп- пæт дæр дæуæй аразгæ у. М æ д и. Гæртам исын мæ бар уадз. У а рд и. Канд гæртам нæ... М æ д и. Уæдæ æдылы митæм дæр фæсте нæ баззайдзынæн. Уарди йын ахъæбыс кодта. Æвиппайды фæрсаг дуар фегом, æрбалæбурд- та Бег. Б е г. Уæдæ æцæг дзырдтой? (Мæдимæ.) Дæхицæй маймули цы сарæзтай? Цæугæ нæ хæдзармæ тагъд! М æ д и. Бег!.. Б е г. Цы «Бег»? Цом-ма ныртæккæ ацы хуызæнæй бабамæ! (Фæкæны йæ йæ къ^базæй.) У а р д и. Бег, курын дæ, ма йæ акæн. Б е г. Дæуæн дæр худинаг фæуæд! (Мæдимæ.) Æз кæмæ дзурын? А р т и с т. Цы сæрра дæ? Цæуыл гæппытæ кæныс? Дæ зонд фæцыд? Чызджы цæмæн тæрсын кæныс? Б е г. Уыцы зондджынæй дæхи маймули митыл ахъуыды кæн. (Мæдимæ.) Ралас уыцы дарæс! Мæди ацыд. Артист. Махæн нæ хъуыддаг маймулиты ныхмæ у, æмæ нæ ма хъыгдарут. Бамбарут, канд фосы æмæ быдыры куыстæй нæу цард. Цыдæртæ ма дзы и. Мæди æрбацыд. Æрæвæрдта бандоныл йæ дарæс. Б е г. Гъемæ дæ хæдзары кæн уыцы «цыдæртæ». Цыдæр-мы- 365
дæртæй цард нæ вæййы. Ууыл ахицæн нæ ныхас. Рараст у мæ фæдыл. (Ахæцыд Мæдийы цонгыл.) Бег æмæ Мæди ацыдысты. А р т и с т. Æмæ, дам, адонимæ афтæмæй исты сараз. Цы са- разæн ис ахæм хуырымтимæ? Кæд бамбардзыстæм адæмы хъæр? Сылгоймаджы сценæмæ æрбакæнын хъæуы, уæд хо æфсымæрмæ амоны, æфсымæр — мадмæ, мад — фыдмæ... (Паузæ. Уардимæ.) Æтт, мæ хъаймæты хо, цæмæй æнæ пъырыстыф дæ ды? (Дæт- ты йæм дарæс.) Ч ы з д ж ы т æ (цингæнгæйæ). Æцæгæн дæр ма... Æрбацыд Майрæм. М а й р æ м. Фыссæг æмæ Сæхæмы æрцахстой! Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ФÆНДЗÆМ НЫВ Мамайы-фырты кусæн уат. Æнафон. Судзы цырагъ. Стъолы уæлхъус ба- ды мидæггаг хæдоны Мамайы-фырт, йæ кнтель бандоныл тыгъд. Цыдæртæ фыссы. Фæци, сыстад, рудзынг бакодта, йе уæнгтæ аивæзта, райста скрипкæ æмæ дзы цæгъды. Бег (æрбацыд). Господин цоручик... Хатыр, господин есаул, æнахуыр уазæг. М а м а й ы - ф ы рт. Чи у, цы йæ хъæуы? Бег. Ницы дзуры. Лæгæй-лæгмæ ныхас, дам, мæ и. М.амайы-фырт (йæ дзаумæттæ кæны). Æрбауадз æй. Бег ацæуы. Дуар æрбахостæуыд. Мидæмæ! Æрбацыд Уарди. У а р д и. Мæн ис ахсджиаг ныхас. М а м а й ы - ф ы р т. Чи дæ? Æгас цу... Уарди. Нæ дæ хъæуынц мæ ном, мæ мыггаг. Уæвгæ дын сæ нæ ныхасы кæрон зæгъдзынæн. , М а м а й ы - ф ы р т. Хъусын дæм. Сбад. . Уарди. Бузныг. Ирон интеллигенци ныффыстой хъаст пад- дзахмæ. Мæнæ уыцы гæххæтт. Ацы гæххæтт бадæттыны агъом- мæ мæн фæндыд фембæлын... Мамайы-фырт. Табуафси, бæлвырддæр. 1 У а р д и (амоны гæххæтмæ). Куыд уыныс, афтæмæй ам фыст сты, паддзахы раз уæ цæмæй азыммæ хæссынц, уыдæттæ. 366
М а м а й ы - ф ы р т. Мах... У а р д и. Хатыр... (Райста гæххæтт. Кæсы.) «...Жандармты. утæппæт æнæзакъон митæй хохæгтæ паддзахы ныхмæ систы...» Мамайы-фырт (базыдта йæ). Ды, æвæццæгæн, Уарди кæй хонынц, уый дæ?.. Шантаж? У а р д и. Куыдфæнды йæ схон. М а м а й ы - ф ы р т. Æмæ дæхæдæг нæ тæрсыс, ардыгæй куы нæуал ацæуай, уымæй? (Дуарæй адзырдта.) Ефрейтор! У а р д и. Нæ, æз закъонтæ зонын. Рардæуыд мæм сымахмæ фыстæг æмæ уыл æй сæмбæлын кодтон. Б е г (æрбацыд). Хъусын, господин есаул. Мамайы-фырт (къахæгау). Цы саразгæ у махæй? У а р д и. Æвæстиатæй Фыссæджы ссæрибар кæнын... Сымах зонут, талынг ахæстоны кæй смидæг кодтат, уый? Уый ирон адæмæн уыдзæн... Островский уырыссаг адæмæн куыд у, аф- тæ. Сæ зонд, сæ хъуыдытæ, сæ цард сценæйы æвдисæг. М а м а й ы - ф ы р т. Ефрейтор, госпожа гимназисткæйы са- тæгмæ акæн, æгæр æнтæф у ам. У а р д и. Ацы фыстæгæн йæ халдих ис Петрограды. Æнхъæл- мæ кæсынц мæнмæ, уæ дзуапмæ. Мамайы-фырт. Ефрейтор! Б е г. Хъусын, господин есаул. (Дамбаца фелвæста.) У а р д и. Хорзæй баззай, есаул, кæд ма дæм а дыууæ боны уыцы номæй исчи сдзура, уæд. Ды нæма зоныс, Зымæгон галуа- ны хъуыддæгтæ куыд февзарынц, уый. Ёег æмæ Уарди ацыдысты. М а м а й ы - ф ы р т. Гæххæтты бын йæ къух чи бафыста, уы- донимæ æцæгæйдæр ис дзырддзæугæ лæгтæ. ХъуаМæ паддзахы къæнцылармæ мацы хуызы бахауа... Нæ! Æндæр исты æрхъуы- ды хъæуы ам. (Хъæр кæны дуарæй.) Ефрейтор! Æмбæрзæн ÆХСÆЗÆМ НЫВ Ахæстон. Дурæй амад æмæхгæд къултæ. Дыууæ хъæдын тъахтины. Сæ- хæм тъахтиныл бады, йæ къухы гæххæты сыфтæ. Фыссæг лæууы. С æ х æ м. «...Æмбарыс, дæсны Хъамболат, цы зондахаст сын ис, уый? Фыссæг. Кæннод æй кæд не ’мбæрстон? Сымах æй не ’мба- рут. Аст азы æнæсæрфатæй йæ фыды уæларт чи бады? Ханыси- ат. Аст азы алы фидис, алы хъоды, алы уайдзæф чи хъусы? Иæ дзыхыдзаг чи никуы ныххудт, йæ цæстыдзаг чи никуы’ акаст? Дуне талынг кæуыл у? Ханысиатыл. Уыцы мæтты цур уæ мæт- тæ ницы сты. С æ х æ м. Куыд ницы? 367
Ф ы с с æ г. Ницы. Дæхи буцдæр цæмæн кæныс, уый нæ зо- нын. Сæхæм (мæстыйæ). Дæ хорзæхæй, уыцы дæсныйæ дæ хæ- дзары кæрдзын бахæрынæн цæуылнæ ис? Фыссæг. Зондджын йæ зондæй æфсæст у, кæрдзынтæ та æдылыты фæуæнт...» Æвиппайды сæ «загъд» хъазынмæ раздæхт. С æ х æ м. Ныхасы афтæмæй баззайдзæн, пьесæ «Дыууæ хойы» фыссын райдыдтай ахæстоны, зæгъгæ. Мæ хъустыл æр- цыд, кæддæр, дам, дын дæ хо Чабæханы аскъæфтæуыд. Фыссæг. Нæ, мæ хойы тыххæй нæу, кæд фысгæ-фыссыны уыцы скъæфт мæ цæстытыл фæуайы, уæддæр. Гал æфсондзыл куыд сахуыр уа, афтæ ирон сылгоймæгтæ дæр сахуыр сты цагъай- раджы къæлæтыл æмæ дзургæ кæнынц, фæлæ сæм сызмæлыны ныфс нæй. Цæвын хъæуы хъадамантæ æмæ ныппырх уой. Сæхæм чысылгай «Софиайы зарæг» бакодта. Ф ы с с æ г. Тæхуды, уый дæ хъæлæсыдзаг сис! С æ х æ æм. Æмæ ахæстоны хицау йæхæдæг ам æрбалæууа... (Зары та.) Фыссæг. Зарæг,. æрмæстдæр дæуыл нæй æвæрæн хъада- мантæ! Зæрдæ куыннæ аскъуийы риуы? Адæймаджы хидвæллой мурмæ дæр нæ дарынц. Исчи йæ бартыл куы сдзуры, уæд та фыдохы арты цæхæры басудзы. Баззайынц æнæ дарæг бинон- тæ. Цæй æдых, цæй тæригъæддаг дæ, мæгуыр хæххон лæг?.. Уæвгæ, тæригъæддаг нæ. Уыдонæй æгады цард йæ сæрмæ ни- куыма ничи æрхаста. Уадз фæмард уæнт, адæм сын сæ хъæба- тырдзинадыл зарджытæ скæнынц, кæмтты фæзæлынц уыцы зар- джытæ. Зарæг у адæмы хъæлæс, сæ зонд, се ’хсар! Зарынц. Дуар тынг æрбахостæуыд. Хъ.ахъхъæнæг (æдде). Ахæстоны зарыны дзырд нæй! Ф ы с с æ г. Уый та дын «хъæрæй зард»! Сæхæм. Кæрты цыдæр змæлд ис. Ахæстоны хицау райсом- сарæй цалдæр хатты кулдуары цур фæзынд. Фыссæг. Æнтæф бон куыдз йæ къæдзил цы фæкæна, уый куыднæуал фæзоиы, уый катай ссис. Хъахъхъæнæг (æрбацыд). Цал хатты уын загътон: ам хъазæн фæз нæу, ахæстон у. Зарæн дзы нæй, хъæрæй ныхас гæ- нæн дæр афтæ! (Сусæгæй дæтты Сæхæммæ гæххæтт. Ацыд загъдгæнгæ.) Цыма сæ фыды хæдзар у... Уаты къулы æдде æрбазыны Мамайы-фырт. С æ х æ м (кæсы, хъахъхъæнæг æм цы гæххæтт радта, уый). Никуы уыдзæн уый! (Фыссæгмæ радта гæххæтт.) ■ Фыссæг (кæсы). «Бинонты ныххудинаг кодтай, сæфты гуырд! Облæсты хицаумæ курдиат ныффысс. Æрфæсмон кæн дæ 368
митыл. Чи зоны, уæд дын бауа мæ бон баххуыс кæнын дæр»? (Фæхъуыды кодта). Дзæгъæл хуымæтæджы нæ ныффыстаид уый афтæ... Ам цыдæр ис, фæлæ цы, уый не ’мбарын. Де ’фсымæры къухфыст у бæлвырд? С æ х æ м. О, йæ алы дамгъæ дæр ын зонын. Ф ы с с æ г. Æмæ? Цы фæнд дæм исг С æ х æ м. Æз загътон мæ фæнд... Æрбацыд Хъаллæ, дидинджыты баст йæ къухы. Фыссæг. Хъаллæ?.. Бузныг, уалдзæг нын фенын кодтай. Сæхæм. Уалдзæг циу? Цард. Æгас цу, Хъаллæ. (Райста дидинджытæ, зынгæ ран сæ æвæры.) Хъахъхъæнæг. Фондз минуты уын рæстæг. Хъаллæ (кæсы уаты къуымтæм). Æбуалгъ ми... Куыд ис ахæм уавæры цæрæн? С æ х æ м. Куыд уыныс, афтæ. Фыссæг. Цы хуызæттæ стут? X ъ а л л æ. Кæй бафæрсай — иууылдæр дзæбæх. Ф ы с с æ г. Куыд у драмон къорд?.. X ъ а л л æ. Уардийы пьесæ цæттæ кæнæм. Фыссæг (цинхуызæй). Æцæг? Суинаг чызг у Уарди. Кæд-. дæр нын йæ пьесæ феныны фадат нал фæцис. Сæхæм. О, ротмистр нæ уыцы æхсæв уырдæм файтоны куыннæ баласта! Хъахъхъæнæг. Рацыд дыууæ минуты! Ф ы с с æ г. Цыма мын цыдæр зæгъынмæ хъавыс? Хъаллæ. О, хъавын. Фæлæ цæмæй райдайон, уый нæ зо-. нын... Чи зыдта, æмæ ахæм уавæры цæрдзыстут... Курын дæ, ма дзур афтæ карз сæ ныхмæ... Цæмæн уæ бахъуыд æмæ... ахæм; уавæртæм. æрхауат? Фыссæг (сыстад, Сæхæм сæм ракаст). Зæгъ дæ хъуыды- æргомдæр. X ъ а л л æ. Адæмыл чи ауда, уый ис. Ф ы с с æ г. Хъахъхъæнæг! Дæ сахат ныллæууыд! X ъ а л л æ. Ма мæ сур... Курын дæ. Æрбазынд та Мамайы-фырт, фæаууон. Цæуылнæ йыи исты зæгъыс, Сæхæм? С æ х æ м. Зоныс, Хъаллæ, ды афтæ кæмæй зæгъыс, «адæмыл чи ауда, уый ис», зæгъгæ, уый æрæджы Петрограды уынгты туг ныккалдта. Уыдон та йæм фæцæйцыдысты... сæ къухты хæцæн- гæрзты бæсты зæдтæ æмæ дауджыты нывтæ хастой сызгъæрин- донытылд рамкæты. Фыссæг (дидинджытæ райста). Нырма никуы никæй къу- х’ы бафтыд, æмæ уыциу рæстæг йæхи хурмæ дæр тава æмæ мæй- рухсмæ дæр бада... Ахæсс адон фæстæмæ, æнæ хуры рухсæй бан- дзыг уыдзысты. X ъ а л л æ. Нæ, нæ. Ницы хуызы. 24 Хъайттаты Сергей 369
Хъахъхъæнæг. Уæ рæстæг фæци! Ф ы с с.æ г. Иунæг фарстæн мын дзуапп ратт æрмæст... Зæгъ- ма, дидинджытæ мын æрхастай æви... Æви уыцы уæззау ныхæ- сты уаргъ? Хъа ллæ (бынтон æрæдоюиау). Дидинджытæ... Уыцы уæз- зау ныхæстæ æцæг уыдысты мæ уæлæ уаргъæй. (Азгъордта.) Сæхæм. Æвæдза, фыд-зæрдæ дæ. Иу рæвдауæн ныхас дæ не схауд. Фыссæг. Цы ’мбарыс ды та рæвдауæн ныхæстæн? Сæхæм. Ма зæгъ. (Къухфыстмæ амоны). Пупæйы зæрдæ ис мæ риуы. Æрбацыдысты хъахъхъæнæг æмæ Мамайы-фырт. О, о!.. Мамайы-фырт! Кæс-ма, цы кад нын скодта! Цы хур, цы къæвда? ■х М а м а й ы -ф ы р т. Фыццаджыдæр, уæ бонтæ хорз. С æ х æ æм. Бузныг. Сæхæм (Мамайы-фыртæн). Сбад, сбад. Искуы дæ ардæм хъæуы. Сбад, зæгъын, джьгбытæй ма тæрс. Æфсæст сты тугæй. Xъахъхъæнæг (тызмæгæй). Кæд ныууадздзынæ дæ ми- тæ? С æ х æ м. Нæ бынæттæ куы баивæм, уæд. М а м а й ы - ф ы р т. Æмæ дæ хицау-æфсымæр дæр афтæ зæгъы? Ф ы с с æ г. Бынаты тыххæй та афтæ. Цæвиттон, дам, бирæгъ сæгъы расырдта. Лидзы сæгъ. Фыртæссæц, йæ уд æрдуйæ нарæг- дæр сси. Фæстæмæ лæгъстæгæнæгау ракæсы, зæрдæуынгæгæй ныууасы. Иуцасдæр ма, æмæ бирæгъы амæттаг кæндзæн. Уалын- мæ йæ размæ сис фæци, сгæпп кодта æмæ уырдыгæй уæле бын- мæ бирæгъæн алывыд калы... Бирæгъ æм скаст æмæ йын афтæ: «Уый ды нæ дзурыс, дæ бынат дзуры». Хъахъхъæнæг. Уымæй уæлдай сæ лæг рæстмæ ныхас нæ фехъусдзæн. М а м а й ы - ф ы р т. Иууыл раст нæ дæ... Мæнæн хæсгонд у базонын, чи уæ цæуыл хъаст кæны, уый. Фыссæг. Цæуыл хъуамæ хъаст кæнæм? Паддзахы, æппæт Уæрæсейы ахæстæтты дæр иунæг æгъдау ис. М а м а й ы - ф ы р т. Ома? Ф ы с с æ г. Ома — дзыхыл цъутта, фæрсджытæн — лæдзæг, уæнгтыл — хъадамантæ. Мамайы-фырт фестад. С æ х æ м. Бад, бад, бузныг. Бафæрсæн ис? М а м а й ы - ф ы р т. Сæхæм раст у — хæххон цæргæсæн къа- латийы зын бадæн у... (Ауыдта гæххæттытæ, сыстад. Фыссæг- мæ.) Ног истæмæй та нын нæ зæрдæ барухс кæнынмæ хъавыс? Кæд сусæггаг нæу, уæд сæм æркæсæн ис? (Ф ыс с æ г дæтты къухфыст.) «Дыууæ хойы»... Табу хуыцауæн, нæ сылгоймæгтæ 370
загъд-замана аразынхъом не сты. Хуыцау æй сæдæйы фыццаг фæкæнæд... Фæлæ нырма æрдæгфыст... (Дæлгоммæ ныхас.) Гæх- хæтт, кърандасæй хъуаг не сут, æвæццæгæн? (Хъахьхъæнæгмæ.) Мæн фæнды мæ хорз зонгæтимæ хибарæй аныхас кæнын. Хахъхъæнæг. Дæ хорзæхæй. (Фæцæуы.) Мамайы-фырт (дуары онг йемæ рацыд. Аивæй æм дзуры.) Адон иу хъуыддаджы тыххæй куы бадынц, уæд иуран цæмæн сты? Хъахъхъæнæг. Барæй. Фыццаг хицæн рæтты уыдысты. Кæддæра ныр та цы дзуриккой? (Ацыд.) М а м а й ы - ф ы р т. Сæхæм, Фыссæгимæ мæ ныхас ис... Уæв- гæ, нæ нæ бахъыгдардзынæ. Ф ы с с æ г. Хъусын дæм." М а м а й ы - ф ы р т. Иу диссаджы хъуыды сæвзæрд мæ сæ- ры. Уыцы хъуыдыйыл ды дæр куы сразы уай, уæд тæккæ абон ардыгæй ацæудзынæ. Æз разы дæн демæ, дæ иухатты ныхæс- тæй мæм иуæй-иутæ раст фæкастысты. Æцæгæй дæр театр хъуа- мæ уа нацийы сæрыстырдзинад. Ис саразæн, цы иудадзыг дра- мон къорды кой кодтай, уымæн. Гъе æцæг... Иуныхасæй, хъæуы Фыдыбæстæйæн лæггад кæнын... Мæ хъуыды афтæ æмбаргæ у,. æмæ Фыдыбæстæ æмæ паддзах кæрæдзийæ дихгæнгæ не сты.... Цæр, бинонты кой бакæн, фысс... Фыссæг. Дæ фæндон у æнæуаг, нæу сæрмæхæссинаг. М а м а й ы - ф ы р т. Цыбыр дзуаппытæ æдзух раст фæндаг амонæг нæ вæййынц. Хъыгаг у. Тынг æнхъæлмæ кастæуыд дæ дзуапмæ... Стæй драмон къорды уæнгтæ дæр. Ныр нын кæдæй нырмæ ницыуал фенын кодтой. Цы гæнæн ис? Хуыцау дæм хуыз- дæр зонд æруадзæд. (Сыстад.) Хъыгаг у, хъыгаг. Цæй! (Сæхæ- мы раз æрлæууыд.) Ды та? Никæмæ ницы фæдзæхсыс? Сæхæм. Цæуылнæ. Мæнæ ма-иу. ацы гæххæтт йæ ныффыс- сæгмæ фæстæмæ ратт... Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ сымах куыст у уый... Сымах ын ныффыссын кодтат, афтæ уæ бафæндыд, цæ- мæй мах уæ зарæг кæнæм... Дæ зæрдыл бадар, Мамайы-фырт... М а м а й ы - ф ы р т. Дзæгъæлы нæ байхъуыстат нæ фæндон- мæ. Ф ы с с æ г. Искуы дæр ма зылын лæдзæгæн раст аууон вæй- йы? Махæн не ’мгъуыд фæхицæн кæны. Ничиуал нæм ницыуал бар дары. М а м а й ы - ф ы р т. Дары. Дæуæн тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ Ирыстоны цæрыны бар нæй, цалынмæ Кавказæй хæстон уавæр ист æрцæуа, уæдмæ. Булкъоны бон у... Æз уый æвастæй нæ дæн ам. Бег (æрбацыд). Господии есаул, немæ цы сылгонмаг æр- цыд, уый тыхсы. Ахæстоны хицау фæрсы... Фыссæг. «Есаул», гъы? Фарон дæр ма поручик куы уыд- тæ. Дард ацæудзынæ, дæ ротмистр дæ куы нæ баурома, уæд. Мамайы-фырт. Нæ дæ бамбæрстон. Сæхæм. Цас æмбаринаг у? Цавæр хицауы бафæнддзæн, æмæ дзы йæ дæлбар зондджындæр уа? Иæ бынат ын бацахса? 371
Ф ы с с æ г. Иæ ронбæгъдмæ йын ма кæс, хъахъхъæ, ды йын куыд æнхъæл дæ, уымæй бирæ зондджындæр у дæ хицау. С æх æм. Фæлæ дæ уæддæр иу хатт ахæм цæф ныккæндзæн, æмæ цæрæнбонты дæ мидбынаты цуркау къуырдæй баззайдзы- нæ. Ф ы с с æ г. Æгонгæй, хæсс æм дæ адæмыл дзырдтæ... Бузныг дын зæгъдзæн, Б е г. Ротмистр... (Ныххудт.) Ротмистры æндæр ранмæ ра- джы аивтой... Хйцау господин есаул у. М а м а й ы - ф ы р т. Фæндараст, ефрейтор! Бег ацыд. Хорз кæрды уе ’взаг, мæ фыдгул уæ дзыхы ахæсты бахауа. Фæлæ æз, йæ хъуыды раив-баив чи кæны, уыдонæй нæ дæн. (Фыссæгмæ.) Фæсивæды зонд зыгъуыммæ кæныс. Уыцы чызджы змæнтæн пьесæ куы бакастæ, уæд ын макæ нæ загътай, фæлæ йыл ды ноджы базыртæ басагътай. Ф ы с с æ г. Базыртимæ мæм æртахт йæхæдæг. Уардийы хуы- зæн чызджытæм æнхъæлмæ кæсы рухс фидæн. Уæвгæ,' ды уый нæ бамбардзынæ. Мамайы-фырт. Нæ бамбардзынæн... Искуыдæр ма уый æрцыд, æмæ сылгоймаг нæлгоймаджы цухъхъайы рацæуа, йæ худ ын ныккæна... Сылгоймаг йе г’ъдау, йе ’фсармæй фидауы... Цавæр æгъдау, цавæр æфсарм бацагурæн ис, дæ Уарди нæлгой- маджы дарæс кæуыл скодта, уыцы чызджытæй? Цавæр фидæн сæм æнхъæлмæ кæсы? Цавæр хæдзарæй рацыдысты, зæгъгæ, сæ нæ фæрсдзысты? Фыссæг. Талынг æгъдæуттæ хæххон сылгоймаджы уæлæ- мæ скаст нæ уадзынц, нæлгоймæгты рольтæ дæр уымæн хъазы- дысты. Лæггад кæнут нардуатæй сымах дæр уыцы мæлинаг æгъдæуттæн. М а м а й ы - ф ы р т. Ничи уæ басæтдзæн... (Сæхæммæ.) Дæу- мæ æнхъæлмæ каст де ’фсымæр горæты, дæумæ та ахæстоны кæрты Хъаллæ. Æнхъæлдтон, цыппарæй дæр ацæудзыстæм иу- мæ... Уæдæ уæ æндæр ныхасаг нæй? Фыссæг. Ис! Ис нæм: æрцæудзæн рæстæг, мах гæды æмæ мыстæй нал хъаздзыстæм уемæ! Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ АРХАЙД АВАНСЦЕНÆ Д р и с (æрбацæуы, кæдæмдæр цымыдисæй кæсгæ). Фыссæг? Фæсвæдты фæцæуы. Ахæстонæй суæгъд, уый фехъуыстон, уыди Бакуйы, уый зонын. Ныр, дам, ахуыр кæны Петрограды... О, фæлæ ардыгæй хаст у, нæй йыи цæуыны дзырд ардæм... Æвæц- цæгæн, каникулты ссыд... Кæй зæгъын æй хъæуы, сусæгæй. Цæу- 572
гæ, мæнæй уый, бацæгъд хабар Мамайы-фырты хъусы, цы уæл- дай ма дын у, уæддæр дæ ном — дæ уæлæ... Мамайы-фырт (æрбацыд). Стыр курдиат нæм ис дæу- мæ, Дрис... Иуцыбырдзырдæй, йæ писмотæм нæ зæрдæ æхсайы. О, о, ссыд Фыссæг. Махæн аив нæу, ды та — посты бæрнон ку- сæг, кæй къухы бафтдзæн уыцы хъуыддаг дæуæй хуыздæр? Куы зæгъын, курдиат у уый. Д р и с. Æз... Æз ыл мæ тæвдæй ныффыстон уæд... (Фæцæуы.) М а м а й ы - ф ы р т. Багъæц! Тæссаг хидыл иуырдæм куы бацæуай, уæд фæстæмæ цæугæйæ æдасдæр нæ вæййы... Баны- хас кодтам... (Ацыд.) Дрис (паузæйы фæстæ). Цы ’рцыд, уый æрцыд. Цæуон æмæ йæм мæ ног пьесæ кæсынмæ раттон. æвдæм ныв Хъаллæты уат. Арæзт. Мидæгæй ма зыны иу уаты дуар. Хъаллæ цæгъды пианннойыл. Муради къæлæтджыны бады. Муради. Хъаллæ! Мæ ныййарджытæ тагъд кæнынц, ху- дæн сыл нæй, азтæ згъорынц. Фæнды ма сæ сæ хæдзары чындз фенын... Кæд æрбарвитон? Хъаллæ (сыстад). Чызджытæ бирæ, Муради. М у р а д и. Цы загътай, Хъаллæ? Куы ис арв, хуыцау... Раз- дæр-иу нæ дзырдтай афтæ? Хъаллæ. Муради, демæ мæм хыл кæнынвæнд нæй. Афтæ мæм кæсы... Исчи мын нæ дæ. М у р а д и. Мемæ — хыл? Бирæ цыдæртæ не ’мбарын а фæс- таг рæстæг. Æдзух вæййыс сагъæсхуыз, æнкъард... Цы ’рцыди, Хъаллæ? Ау, афтæ ныггæлиртæ кодта мæн хæст? Мæ сæр фæха- лас, о, фæлæ уый мæн аххос нæу, топпы дзыхмæ мидбылхудгæ нæ цыдтæн. X ъ а л л æ. Дæ урс сæрæй буц уыдтæн æз кæддæр, фæлæ бамбар... М у р а д и. Зæрдæйæ-зæрдæмæ ныккæсæн нæй, мæн фæнды дæ зæрдæмæ ныккæсын. Фæцыд дуары къуырцц-къуырцц. Ф ы с с æ г (æрбацыд). Уæ бонтæ хорз! Хъаллæ (фæхъæлдзæг). Куыд æрæгмæ зындтæ? Фыссæг. Хъæуы уыдтæн дысон. Къостайы «Сидзæргæс» æвдыстой скъоладзаутæ. X ъ а л л æ. Хорз рауад? Фыссæг бацыд пианиномæ, цæгъды «Сидзæргæс»-ы мелоди иу æнгуыл- дзæй; Хъаллæ цагъд айста. Ф ы с с æ г. Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы — сидзæргæс йæ цæссыгтæ уромгæйæ йæ моймæ хæцы, азымы йæ дары, цæмæн 373
фæлыгъд ингæнмæ тæргай? Сывæллæттæ кæсынц, дуртæ цы аджы фыцынц, уырдæм... (Цæгъды та.) Муради. Хатыр. Мæн цæуын хъæуы, хæрзизæртæ. (Ацыд.) X ъ а л л æ. Хорз нæ рауад. Ф ы с с æ г. Æнхъæлдæн... X ъ а л л æ. Ныр, цымæ, махæй сабитæй цы хъауджыдæр ис? Фыссæг (хъазæгау). Ис. Саби алцæмæ дæр кæсы цымы- дисæй, фæфæнды йæ алцыппæт базонын. Адæмæн уыцы хъуыд- даджы сабитæ фæзминаг сты. Хъаллæ. Иуæй-иу хатт хъазгæйæ ахæм ныхас скæныс, æмæ йын цу йæ хъуыды бамбар. Мæкæ ныр дæр цы ’мбæхст ис дæ дæлгоммæ дзырды — хуыцау йæ зонæг. Фыссæг (иуварсмæ). Хохаг дурты æхсæн хуры тынтæм хæххон суадон куы стона, уыйау риуы уарзоидзинад равзæрд. Цæмæн дыл сæмбæлдтæн? Цардтæн... Фæзындтæ ды, æмæ ты- мыгъ сыстад мæ зæрдæйы, æнахуыр æхсызгон тымыгъ... Цымæ раст кæнын? Цал æмæ цал хатты афæлвæрдтон мæ цæстыты разæй дæ^ сурæт асурын, фæлæ дзæгъæлы. Мæ сæнттæ фæуæла- хиз сты мæ фæндтыл. Хъаллæ (иуварсмæ). Мæ зæрдæйы дуар мын хуыснæгау байгом кодта. Фæлæ... йæ хъуыдытæ — æмбæхст, раст цыма ри- уы, сау зæрдæ сау фæндтæ кæны. Хатт та йæхи афтæ дары, цы- ма дунейыл дыккаг ахæм нæй. Адæймаг ын æхсызгонæи райсы йæ къух... Д р и с (æрбацыд). Æнæ дуар хойгæйæ уæм смидæг дæн. Де ’зæр хорз, Хъаллæ, хатыр. (Фыссæгмæ.) Нал уыд мæ бон æн- хъæлмæ кæсын... Ардæм цæугæ дæ фёдтон. Цæй куыд? Фæцыд дæ зæрдæмæ пьесæ? X ъ а л л æ. Æз мæ ’къæбицмæ бакæсон. Д р и с. Нæ, нæ. Уадз уай. æвдисæн мæ циндзинадæн, йе та... Хъаллæ. Ахæм заман, дам, нæлгоймæгты загъдау, хъуыд- дæгтæ æнæ нозтæй зын равзарæн вæййынц. Д р и’с. Гъемæ хорз. Хъаллæ ацыд. Паузæ. Фæлæуу, мацы ма зæгъ. Æз дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн. Мæ цæстытыл уадысты мæ пьесæйы архайджытæ. Хуыцау дæ мæ амондæн æвдисæн фæкæнæд. Фыссæг. Дрис, зæгъ-ма, дæхицæн мæ хæларыл нымайыс? Д р и с. Амæлæты бонмæ, стыр хæларыл. Ф ы с с æ г. Амæлæты бонмæ? Д р и с. О, фæлæ æз не ’мбарын... Ф ы с с æ г (æрæджиау). Ды хорз кусæг дæ, Дрис, тынг хорз кусæг. Ис дæм уыцы хъуыддаджы курдиат, фæлæ... Д р и с. Фæлæ? ,Ф ы с с æ г. Дрис, фæйнæхуызон зарæджы кæнæм демæ. Ды уæларвмæ сисынмæ кæй хъавыс, уыдон сынтытæ æмæ сау халæт- тæ сты. Æмæ ма сæ æппæлгæ дæр адæмымыггаг куы кæнис... 374
фыссыс: «Быдираг хъазау нæ рацыд — уæздан», «Нæхимæ хохаг нæл сæгъау — сæрыстыр»... Нæ бæззы дæ пьесæ. Нæй дзы апп, хъуыды. Иу сурæт дæр дзы æххæст арæзт нæу. Архайджытæй кæй цы хъæуы,чи дзы цæуыл тох кæны, уый бæрæг нæу. Иуцы- бырдзырдæй, хъыг дын ма уæд, зылын фæрв сугтæ нæдæр ар- тæн бæззынц, нæдæр æидзæлмттæн. (Паузæ.) Ныххатыр мын кæн мæ дæрзæг ’дзырдтæ... Зоныс, Дрис, адæм хъуамæ литера- турæйы фæрцы, уæлдайдæр та пьесæйы фæрцы феной æмæ бæс- тондæр æркæсой сæ цардмæ. Аивад рæсугъддæр æмæ бæрзонд- дæр кæны адæймаджы миддуне, рухсдæр фидæнмæ йæ тырнын кæны, уымæ гæсгæ пьесæ хъуамæ афтæ арæзт уа... æмæ... Дрис (нал æй бауагъта кæронмæ дзурын). Гъемæ хорз, иунæг дæу йедтæмæ нæм ма уæд пьесæтæ фыссæг. Фæу фыццаг дæр æмæ фæстаг дæр.. (Тагъд-тагъд фæцæуы, дуарыл хæрхæм- бæлд фæци Хъаллæйыл, уый къухы нозт, хæринæгтæ. Дрис йæ фæрсты цæф сырдау федде) Ф ы с с æ г. Нæ загътон? Мæ хуыздæр хæдæрттæй иуæй æнæ хæларæй аззадтæн. Хъаллæ. Æвæццæгæн, дæ хуыздæр хæлæрттæй нæ-уыд. Мæди (æрбацыд). Кæдæм фæтæхы уый Дрис? Салам рат- тын дæр дзы ферох. Фыссæг. Иæ куыстмæ тагъд кодта, æвæццæгæн. Мæди. Кæдæй-уæдæй мæхицæн роль ссардтон. Æри-ма мæ хъæбысы дæ акæнон. Хъаллæ, ды мæм ма фæхæрам у. (Хъæбыс кæны Фыссæгæн.) Ф ы с с æ г. Диссаг, цымæ кæцы фæцыд дæ зæрдæмæ дыууæ хойæ? Мæди. Кæй зæгъын æй хъæуы, Асиат. Стæй Ханысиаты роль æнæуи дæр мæнмæ нæ хауы. Мæнмæ гæсгæ, Ханысиаты су- рæт ды Хъаллæйæн сныв кодтай. ч Фыссæг. Нæ фæрæдыдтæ. Фæлæ дын ард хæрын, Асиаты роль дæуæн фыст у. Мæди. Мæнæн нæ, фæлæ — мæнæй! Уымæн æмæ Асиат бынтондæр ме ’нгæстæ у. (Фæкъуылымпы.) Æз иунæг нæ дæн... (Иæ сæрæй дуарырдæм амоны.) Фыссæг ацыд. X ъ а л л æ. Æппындæр дæ сæры ницы ис. Куыд æй ныууагъ- тай æдде? М æ д и. Ног чындзæй æфсæрмыгæнагдæр у. Пупæ у æмæ Пу- пæ. Æрбацыдысты Фыссæг æмæ Артист. А р т и с т. Де ’зæр хорз, Хъаллæ. X ъ а л л æ. Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уæд. Ф ы с с æ г. Æнæхъæн дыууæ азы — театры, уымæй дæр кæм? Мæскуыйы. Фыццаг ирон артист. Артист. Цы фæсивæд нæм æрбамбырд, уый куы зонис: 375
Къолаты Надя, Тотиты Аврам, Калоты Надя, Кæсæбиты Варя,* Дзанайты Сæлимæт... ф’ыссæг. Садуллæтæм ма фембырд кæнут? Артист. О. Мæди афтæ, ног пьесæ, дам, ныффыстай. Æп- пæлы æмæ дзы æппæлы. Ф ы с с æ г. Фæстаг ныв фыст нæма у. Ныртæккæ нын дзы скъуыддзаг æвдисдзысты, кæмæдæрты ма æнхъæлмæ кæсæм. А р т и с т. Æмæ йæ æз кæд акæсдзынæн? Ф ы с с æ г. Тæккæ а изæр. Пупæ, зæгъгæ, дзы кæуыл æмбæ- лай, уый ды дæ. Фæтагъд хъæуы. Цы минут мæ фæдæле кæн- дзысты, уый бæрæг нæй. Сусæгæй ссыдтæн каникулты. Хъаллæ. Мах æрцæттæ кæнæм нæ «Дыууæ хойы». Ф ы с с æ г. Табуафси. Чызджытæ ацыдысты. Уырысы культурæимæ хæстæг- кæй базонгæ дæ, уый хорз. Æгайтма ссыдтæ. Мах иумæ стыр хъуыддаг кæндзыстæм... Пу- пæйы ролы тынг сарæхсдзынæ. Артист. Уый амоны: абырæг Хъырымы ролы дæ зæрдæмæ нæ фæцыдтæн. Фыссæг. Нæ фæцыдтæ, зæгъгæ, уый иууыл рæстытæй нæу. Зоныс, Хъырым тызмæг лæг у, «барджын æмæ ныфсджын; царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл чи ауад, ахæм. Ие сныхас, йæ фезмæлд дæр хъуамæ ахæм уой сценæйы. Ды та... Æвæццæгæн, хæлар- зæрдæ æрдзæй рахастай. Уымæ гæсгæ дын Хъырым дæр рауад æгæр хæларзæрдæ. Ацы хатт ма-иу æй тызмæгдæрæй ахъаз, мæстæлгъæддæрæй. Æрæвæр ма йæ уавæрты дæхи’ Де сныхас, дæ фезмæлды, дæ цæстæнгасы иын йæ хъысмæт равдис. А р т и с т. Ды раст дæ, æз уый æрæджиау мæхæдæг дæр бамбæрстон. Ф ы с с æ г. Гъемæ иттæг хорз. Æрбацыдысты Сæхæм, Уарди, Дрис æмæ Майрæм. С æ х æ м. Фарн ам уæд. Дрис (Фыссæгмæ). Ныххатыр мын кæн, мæ тыфтырыкъо зондыл фæдæн æмæ... Æз Сæхæмæн æппæтдæр радзырдтон. С æ х æ м. Бафидаут ныртæккæ! Ф ы с с æ г. Мæнмæ гæсгæ, мах нæма фæхыл стæм. (Дæтты йæ къух.) Д р и с. Æмæ никуыдæр фæхыл уыдзыстæм. Фыссæг (Майрæммæ). Ацы пьесæйы дæуæн уыдзæн сæр- магонд роль. М а й р æ м. Мæ кæддæры фæзмæгой? Ф ы с с æ г. Нæ. Рагацау мæ уырны, хорз æй ахъаздзынæ... Хъаллæ, диссаджы уазджытæ уæм. X ъ а л л æ. Чи сты? Д р и с. Æз, Сæхæм, Уарди æмæ Майрæм. X ъ а л л æ. Иттæг æхсызгон мын у. 376
У а р д и. Ханысиат æмæ Асиат æрымысгæ сты? Ф ы с с æ г. Æрымысгæ? Æмæ нырма Асиат æгас куы у. Райхъуыст фæндыры цагъд. Разынд ныв. Бадынц сынтæгыл фæрсæй- фæрстæм хотæ, иуы къухы фæндыр. Ханысиат — Хъаллæ; Асиат — Мæди. Ханысиат. Мæ сæнтты дын цы амонд мысыдтæн, уый рай- сом мæ цæстæй фендзынæн. Райсом Пупæйы фидауджытæ æр- бацæудзысты. Тæтæрхъанæн дæр фос йæ фаг куы фæуа, уæд басабыр уыдзæн. Къуыримæ дæ ачындз кæндзынæн. (Хъæлдзæ- гæй.) Цæуыл ма мæт кæнон? А с и а т. Махмæ ачындз кæнинаг ды куы дæ. Цалынмæ ды ачындз уай, уалынмæ мæнмæ ахæм хъуыддаджы тыххæй мачи мацы дзурæд. Дзуаппæнхъæлмæ мæм мачи кæсæд. Ханысиат. Æз дæ ратдзынæн. Мæ ныхмæ тыхджынæй ныллæууын та дæ дæ зæрдæйы уарзондзинад нæ бауадздзæн. Асиат (фенкъард). Æмбæлы мын уыцы уайдзæф. Хæрзаг зæгъыс: дæ зæрдæйы низ дын нæ зонын. Дзурын дæм нæ уæн- дын, фæлæ мæнæн дæр мæ зæрдæ дæумæ æхсайы. Мæ мæтæй хус кæныс, æмæ дæ дæхи сагъæс дæр кæй ферох, уый нæ уы- нын? Æз дæу ацы бирæгъты æхсæн уадзын? Мачи мын кæнæд р ахæм койтæ, никæмæ байхъусдзынæн, мæрдты мæ ныййарæг мад куы рабада, уæддæр. X а н ы с и а т. Æбуалгъ фæуай! Уæдæ цы дæ зæрды ис? А с и а т. Дæ фарсмæ бадын æмæ цинæй дæр, æнкъардæй дæр иæ хай цы фæуа, уый дыууæ дихы кæнын. X а н ы с и а т. Æмæ нæ нæ сахъ æфсымæртæ куы фæхицæн кæной, уæд та? А с и а т. Нал бауæнддзысты... (Ханысиат чысылгай цæгъды.) У а р д и (иуварсмæ). Иры чызджытæ! Сæрибардзинады тых- хæй дзургæ бирæ дæр бæргæ кæнæм, фæлæ хъуыддагмæ куы æрцæуæм, уæд нæ бон ницы свæййы... Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ талынг ахæстæтты куы мæлынц, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: «Æз дæ хъæбул дæн æмæ мæ цагъайраджы уæй ма кæн». Фыссæджы загъдау, гал æфсондзыл куыд сахуыр уа, афтæ ирон сылгоймаг дæр сахуыр цагъайраджы къæлæты бын æмæ дзургæ кæнынц, фæлæ сæм сызмæлыны ныфс нæй. Цæвын хъæуы хъадамантæ æмæ ныппырх уой! Фыссæг (уый дæр иуварсмæ). Æз пьесæтæ фыстон æмæ хъуыды кодтон — ныр сæ хъазгæ та чи акæндзæн. Мæ сæнттæ мын адæммæ чи фæхæццæ кæндзæн?.. Мæн уырны: Ирыстоны уыдзæн нæхи театр! Ирон театр!.. Æмбæрзæн 377
АВАНСЦЕНÆ Дрис дæтты гæххæтт Мамайы-фыртмæ. М а м а й ы - ф ы р т. Циу уый? Д р и с. Иæ писмо Æмбалты Цоцкомæ. М а м а й ы - ф ы р т. Чи у Цоцко? Дрис (æрæджиау). Йрыстоны рухстауджытæй иу. Мамайы-фырт (кæсы). «Чем больше я всматриваюсь в жизнь нашего народа, тем мрачнее делæтся на душе. ...Ты ви- дишь, что старые устои рушатся с каждым днем, старая жизнь расползæтся по швам... И вот, дорогой Цоцко, я возомнил, что мы должны взять на себя задачу влиять на народ и направлять его в сторону наибольшей для него пользы... Адæмæн сæхицæн куыд пайдадæр у, уыцырдæм сæ здахын...» Мамайы-фырт æмæ Дрис кæрæдзнмæ кæсынц. ÆСТÆМ НЫВ Æрæгвæззæг. Уæлхох быдыр. Уæлвæзмæ схызтысты цуанонарæзтæГг Фыс- сæг, Сæхæм æмæ Дрис. Ф ы с с æ г. Цы ма уа рæсугъддæр ацы ранæй!.. Сæхæм (фæдтæм). Чысыл раздæр ам уыд сычъитæ æмæ„ æвæццæгæн, мах куы федтой, уæд сæхи айстой. Д р и с. Ма зæгъ. Ам ма ис суанг Фиййау дæр. Кæсыс уар- тæ, йæ фос дагъы сыздæхта. Ф ы с с æ г. Фиййау?! С æ х æ м. Æгæр нæ ’аджих дæ? Цом уæллаг айнæгмæ, ца- лынмæ сырдтæ уырдыгæй дæр сæхи нæ айстой, уæдмæ. Фыссæг. Тæрсын, уырдæм уæ æнæ мæн схизын куы ба- хъæуа. Д р и с. Цæмæн?.. С æ х æ м. Цуан кæнынвæнд нал кæныс? Ф ы с с æ г. Кзенын... Фæлæ, æнхъæлдæн, ацы хатт. хъырима- гæй нæ. Æваст сæр цыдæр хъуыдытæй айдзаг. Æвæццæгæн мын кърандасæй цуангæнгæ æрцæудзæн. Нывтæ мæ цæстытыл уайынц,. фыссон сæ, цалынмæ иæ фæлыгъдысты, уæдмæ. Сæхæм æмæ Дрис фæйнæрдæм ацыдысты. Зæгъæм, уæд та мæ пьесæйы фæстаг цаутæ æрцыдысты ацы ран... Цуан кæны ам кæмдæр хæхты Пупæ. Уый йæ зынаргъ Асиатæн зæрдæ бавæрдта, цæмæй йæ уаты сычъийы сыкъайæ рагъæн уыдаид... Хъуысы Артисты хъæлæс — Фыссæджы хъуыдытæ. Кæдæм цæуон? Фæстæмæ æви размæ? Мæ уарзон, мæ хуры хай Асиат, кæд дæм афонмæ бирæгъты къухтæ бахæццæ сты... 378
/Егомыг къæдзæх, ды—ме ’вдисæн, кæд исчи Асиатмæ йæ ныфс бахаста, кæд æй исчи бафхæрдта... Æвиппайды Фиййауы зарын æрбайхъуыст, æмæ Фыссæджы хъуыдыты хал аскъуыд. Ф и й и а у (æдде). Бон хурмæ нывæнды Рæсугъд хуры тын, Æхсæв æй æрфæнды Мæимæ хæтын. Ф ы с с æ г. Ацырдæм æрбацæуы. Нæ мæ фæнды йæ зарæг фе- халын. (Æраууон, зыны.) Ф и й й а у (æрбацыд). Æлгъыстæй, уæд надæй Цы нæ бавзæрстон, Уæддæр-иу «дæ-да-дæй» Куы ныццæлхъ ластон! Афонмæ та нæ хъæуы рæсугъдтæ фæзы рæнхъæй ралæууыды- сты. Ехх, ныртæккæ уым, хъазты кæрон уæд та фест!.. (Зары.) Кæй барвитон курæг, Кæй та равдæла, Цæй мæгуыр дæ, иунæг, Дæ мад амæла. Ф и й й а у (сихор хæрыныл æрбадт). Æрбазынд Фыссæг, Фиййау фестад. Мæнæ-ма! Мæнæ—Кьоста... Æвæццæгæн, цуаны ссыд. (Йæ размæ цырд рацæуы.) Ф ы с с æ г. Дæ бон хорз. Ф и й й а у. Æгас цæуай... Цуаны уыдзынæ... Ф ы с с æ г. О. Ф и й й а у. Къоста, чи дын радзырдта, чи, мæ цард? Ф ы с æ г. Æз Къоста нæ дæн. Ф и й й а у. Ма сай. Ф ы с с.æ г. Ард дын хæрын. Ф и й й а у. О, нæ дæ... Уæд та — йе ’фсымæр... Фыссæг. Нæ дæн’ йе ’фсымæр дæр... Æмæ йын кастæ йæ чиныг, цæй хорз ын зоныс йæ зарджытæ? Ф и й й а у (худы). Æмæ зарæг базонынæн чиныг кæсын цæ- мæн хъæуы? Исчи йæ азардзæн æмæ йæм байхъус. Мæ аходæ- ныл мын барвæсс... Табуафси, цыхт æмæ кæрдзын... Кæд дæ фæнды, уæд дын цъынæр æхсыр дæр радуцдзынæн. Ф ы с с æ г. Бузныг, мæнæ цыхт æмæ кæрдзын æгъгъæд сты. Ф и й й а у. Ахæр, уæдæ. Фыссæг. Цы хъæбæр кæрдзын у? Раст фарон кæй счындæ- уыд, ахæм. (Тыххæй йæ сæтты.) Ф и й й а у (тынг ныххудт). Цæмæй йæ «базыдтай, цæ? Ф ы с с æ г. Цас зонинаг у?... Ф и й й а у. Æрра дæ... Уæдæ мын алыбон сойыфыхтæ кæ- ной..г Къостайы загъдау... (Ныззарыд та.) 379
Фиййауæн уæлæфтау — Хæлын худ, хызын, Фыссæг дæр базарыд. Иæ къæбæр — æнæвгъау, Иæ куыст нæу уæд зын. Ф и й й а у (æмбырд кæны йæ хæлц). Цыдæр дзæбæх лæг дæ, хъазаг... Нæ, ды уæддæр Къостайæн цыдæр бавæййыс. Фыссæг (иуырдæм). Чи йын халы йæ хъæлдзæгдзинад?.. (Фиййаумæ.) Бузныг дæ минасæй... Дæ ном цы хуины? Ф и й й а у. Мыггагæй мæ ма фæрс, Уæздан лæг нæ дæн... (Æддæмæ.) Дзæгъæс, дарæг дæ мауал баззайа!.. Ф ы с с æ г. Æмæ дæхицæн ничи ис? Мад, фыд? Ф и й й а у. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, Нæ зонын мæ мады рæвдыд. Фыссæг (систа æхца). Æфхæрдмæ мын æй ма бамбар... Мæнæ адонæй дæхицæн хæлаф, хæдон балхæн. Ф и ц й а у (хъыг ын уыд). Цы, дам, цы? Ф ы с с æ г. Куы зæгъын, æфхæрдмæ мын æй ма бамбар... Адæймаг адæймагæн хъуамæ æххуыс кæна. Ф и й й а у. Мæ афæдзы мызд куы райсон, уæд аивдзынæн мæ четæн дарæс’ (Йæ маст та ссыд.) Уæвгæ, дæ уæздан ныхæ- стæн бузныг... Мæнæ уæрыккафон мæхи куы æрцарæзтытæ кæ- нон... (Дызæрдыггæнгæ фæцæуы. Æрлæууыд. Иуварсмæ.) Уæд- дæр кæд Къоста у æмæ йæхи не схъæр кодта. Кæд та йæ фæ- дыл зилынц, дзæгъæлы не ссыди ардæм. (Ацыд. Æдде хъуысы «дзæгъæс!», стæй зарын.) Кæй барвитон курæг, Кæй та равдæла... (3&рæг адард.) .Фыссæг. Коммæгæс, «бæгъæввад, хæхты цъуппытыл йæ «хорз»^ хицауы фос хизы. Йæ аходæн, нæ сихор — иу. Æрыгон уæвгæйæ, царды æнкъард хъуыдыты аныгъуылд. Сау мигътæ — йæ фидæн. Зæрдæ риуы судзы, фæлæ кæмæн ракæна йæ хъаст? Кæмæ бадзура? Нæу йæ бон йæ уæззау хъуыдытæ фæсурын йæ сæрæй... Æмæ та уæд æгъатыр хъысмæты фыдæнæн ныззары... Æгомыг къæдзæхтæн йæ хъаст кæны. (Ауыдта Сæхæмы.) Куы ницы амардтай... Афтидармæй цæмæн æрыздæхтæ? Сæхæм (æрбацыд). Æргом зæгъгæйæ, мæнæн мæ зæрды цуан кæнынвæнд дæр нæ уыд. Ф ы с с æ г. Дæ цæстытæ цæхæртæ калдтой раст. С æ х æ м. Мæн фæидыд демæ аныхас кæнын. Ф ы с с æ г. Мемæ? Диссаг, цымæ цæуыл. Сæхæм (æрæджиау). Дæ фыст дын кастæн. Фыццаг мæ уырнгæ дæр нæ бакодта, ды йæ ныффыстай, уый. Ф ы с с æ г. Цæуылнæ? . С æ х æ м. Ау, афтæ дæ нал уырны, адæмæн сæ бон паддза- хы уаргъ аппарын кæй у# уый? 380
Ф ы с с æ г. Адæмы уал фыццаг истæуыл сахуыр хъæуы. Сæ культурон царды рæзт, сæ миддуне сын фæбæрзонддæр кæнын хъæуы. Сæхæм. Гъе, уый тыххæй аныхас кæнын фæнды мæн демæ. Ф ы с с æ г. Хъусын дæм, мæ хæлар. Фæсур сагъæс дæ цæс- гомæй, нæ дыл фидауы... Ацы цардæн афтид йæ хъæндзинæдтæ фæнымайынæн дæр иу адæймаджы цард фаг нæу. С æх æ м. Æз хъазгæ нæ кæнын. (Æвдисы фыст.) Афтæ дæм нæ кæсы, æмæ уый митын мæсгуытæ амайæгау у? (Кæсы.) «Иу- цыбырдзырдæй, ирон адæмы æхсæн ницы ахæм къластæ ис æмæ сæ агурын дæр нæ хъæуы»... Уый дзуры, кæддæр йæ революцион хъуыддæгты тыххæй ахæстоны чи бадт, уый. К&ддæр салдæтты раз йæ хъæлæсыдзаг Къостайы сидт чи ныхъхъæр кодта! «Минуттæ сты нымад, фæдисмæ сидынц алкæм... Сæуæхсид джебогътыл тыбар-тыбур кæны!» Ф ы с с æ г. Æмæ цы? Æз гъеныр дæр дæн паддзахы хицау- иуæджы ныхмæ! С æ х æ м. Уый у мæнæ раст тъæнджымæй хуры цæст фен- гæйæ кæрц аппарæгау. Ф ы с с æ г. Литературæ хъуамæ махæн суа не стъалыйы хай, Нæ хур. Æнæ хуры цæст фенгæйæ та халсар дæр нæ рæзы. Уæвгæ, хуры тын дидинæг æмæ7 фаджыс æмхуызон тавы. Хæх- хон лæг чиныг кæсын нæ зоны. Къостайы зарджытæ дæр хъусæг- гагæй кæны. (Цæуынæввонг.) Иучысыл ацуан кæнон æз дæр. Рæхджы дæм кæсынмæ ратдзынæн дзыхъхъыннæуæг пьесæ.., (Ацæуы. Æдде.) Æмæ уæд нæ ныхас ахæццæ кæндзыстæм кæ- ронмæ. Сæхæм газет сабыргай, лыстæг скъуыдтæ кæны. Æрбацыд Дрис. Д р и с. Хъыг дын ма уæд, æз уын фехъуыстон уæ ныхас, Галиумæ мæ ма бамбар, фæлæ... (Ныхас иннæрдæм здахы.) Раппæлинаг хъуыддаг у, къорд фыссæджы нæм фæзынд. Сæхæм. Иуæй-иутæ дзы хъæмпын арт кæнынц: ныггуыпп кæны, ссуДзы, стæй дымгæ куы рацæуы, уæд йе ’ртхутæг дæр нал аззайы. Д р и с. Табу хуыцауæн, уыдонæй нæу. Сæхæм. Хъус-ма, Дрис, ды йæ цыхуызы зæгъыс, æз нæ зонын, фæлæ уый тулдзæй арт кæны. Дымгæ цас тыхджындæр кæна, уыйбæрц тынгдæр судзы. Д р и с. Уый афтæ у, фæлæ... С æ х æ м/Фæлæ? Д р и с. Куы зæгъын, хъыг дын ма уæд, фæлæ уын æз фе- хъуыстон æрдæбон уæ ныхас. Æниу мæ галиумæ ма бамбар... Фæлæ дæм афтæ нæ фæкаст, цыма нæ пьесæ «Уæрæседзау»-ы... Ома, йе схъис мæнмæ дæр хауы, уый тыххæй нæ зæгъын, æз дæр ауæдтытæ кодтон... Кæйдæр загъдау, хæтæнты ахаттæн, гъе, æцæг урядникæи нæ, æз къæнцылары службæ кодтон... Æгæр 381
эегады бынатмæ нæ тæры, Уæрæсейы чи ацард, уыцы Муссæйы? Æгæр ыл нæ худы’? Сæхæм. Куырм ткаркмæ та афтæ кæсы, цыма йæ алыварс иууыл мæнæу у... Муссæ у адæймаджы ном худинаггæнæг. Кæм- дæр къупецаджы уæлдæйттыл чи зылд, ахæм. Д р и с. 0, фæлæ Муссæ æххуырст уыд. С æ х æ м. Æхуырст нæ, фæлæ лæггадгæнæг. Æххуырст æмæ лæггадгæнæг иу не сты. Бæхтæм зилын æмæ цырыхъхъытæ сæр- фын йедтæмæ ницæуыл сахуыр. Д рис (бахудт). Æвæццæгæн, бæхтæм зилын æмæ цырыхъ- хъытæ сæрфык дæр алкæуыл не ’ууæндынц. Культурæйы тых* хæй та... Сæхæм. Цымæ цы хоныс ды культурæ? Муссæйау хистæ- рæн æгъдау нæ раттын, æмгæрттыл былысчъилтæ кæнын? Æр- дæгцъæррæмыхст арвистон æвзагæй дзурын?.. Мæнæ стыр Уы- рысы стыр культурæ чи федта, уый — Артист, аныхас-ма кæн йемæ... Д р и с. Бузныг, Сæхæм. Мæ тар хъуыдытæ мын фæсырдтай. С æ х æ м. Уацмыс ныффыссынæн дзы хид ракæнын хъæуы, мæ хæлар. Фыссæг кæдæм ацыд, уыцырдыгæй сыхъуыст гæрах, хæхтæ ныццарыд- той. Сæхæм. О! О! О! (Хъæр кæны.) Ф ы ссæг (дардæй). О! О! О! Æмбæрзæн АВАНСЦЕНÆ Паркæй хъуысы оркестры цагъд. Дрис кæмæдæр æнхъæлмæ кæсы. Æрбацыд Мамайы-фырт, йе ’фсæддон дарæс ыл. М а м а й ы - ф ы р т. Хатыр, иучысыл афæстиат дæн. Цæмæн мæм афтæ æдзынæг кæсыс? Д р и с. Ахæм дарæс дыл фыццаг хатт уынын. Мамайы-фырт, Бæрæгбон бæрæгбоны дараёс фæдардæ- уы. А изæр ирон интеллигенци паркмæ куы æмбырд кæнынц. Цыдæр сагъæсхуыз дæ, æви дæ хæлары сгуыхтдзинадыл ныттар сты де ’рфгуытæ. Æнхъæлдæн, ахсæв уæм спектакль куы ис. Чи зоны, дæумæ къаддæр курдиат нæй, фæлæ ма искуыдæр иу ар- выл дыууæ хуры вæййы? Д р и с. Æз кæддæр рæдыд æруагътон, мæ хиуарзоиы тых- хæй хæларыл æвзаг куы бахастон, уæд. М а м а й ы - ф ы р т. Уый хиуарзон ми нæу. Дæу фæндыд, цæ- мæй æрцыдаис нымад фыццаг ирон пьесæ ныффыссæгыл æмæ йыл æрцæудзынæ, уымæн æмæ уый пьесæтæ сты змæст дон, иу дæр сæ паддзах. æмæ Фыдыбæстæиы охыл нæу. Ды та шффыс* 382
дзыиæ ахæм. (Æмраст алæууыд.у Бар ратт булкъоны номæй дæуæн номылдаргæ сызгъæрин сахат балæвар кæнын. Д р и с. Нæ мæ хъæуы уæ сахат, æз раст нæ уыдтæн. Мамайы-фырт. Сис куы хæла, уæд æм дæ фæсонтæ бы- цæуæн ма араз. Тæрсгæ дзы кæныс? Дзæгъæлы. (Æркаст сахат- мæ.) Ацы рæстæг дæ зæрдыл бадар. (Сахат ын йæ дзыппы æвæ- ры.) Ныр афтæ, ахсджиаг хæс дын — се спектакль сын фехал ахсæв. Уадз æмæ сæм дыккаг хатт мачиуал æрцæуа, фæхуди- наг уой. Д р и с. Цы? Куыд æгъдауæй? М а м а й ы - ф ы р т. Куыд æгъдауæй? Ма бацу, ма ахъаз. Фæрыичыч дæ уæд та. Д р и с. О, фæлæ æз хъазын сæйраг рольтæй иу. М а м а й ы - ф ы р т. Уый бардзырд’у. Д р и с. Уый гæнæн нæй. Цы зæгъдзысты адæм, ме ’мбæлттæ? М а м а й ы - ф ы р т. Бардзырд, зæгъын, у уый! Де ’мбæлттæ. Æмæ цы зæгъдзысты де ’мбæлттæ, ныртæккæ сæм мæнæ ацы фыстæг куы равдисон, уæд?.. Цæй, цæй. Хъахъхъæ, уасджытæй раздæр чи ныууасы, хъæрццыгъа дæр уый фæхæссы. (Сусæгго- мауæй.) Никуы фехъуыстай? Сæр, дам, дзыхмæ курæг цыд, ма мæ фæнæмын кæн, зæгъгæ? (Ацыд.) Д р и с. Æниу, чй зоны, Мамайы-фырт раст у. Сæйраг роль- тæй иу,— Касалы-фырт, раст мын æй цыма фыдæнæн радтой,. цæрмыстыгъд бакодтам кæрæдзи. (Ацыд.) фарæстæм ныв Фæлладуадзæн парк. Уæдыккон афишæ: «Дыууæ хойы». Мæйрухс æхсæв.. Судзынц алырдыгæй цырæгътæ. Тыхджын къухæмдзæгъд. Фæци спектакль. Рацыд иуырдыгæй Фиййау, хызын, лæдзæг æм. Ф и й й а у. Цытæ радзырдтой? (Худы.) Иу та дзы мæ хал- дих уыд... Алæ-ма, цы фæци? Æвæццæгæн, йæ фосмæ ацыд. (Адæмы фæстæ кæсы, йæ сæр тилы. Иу сылгоймаг æм дзы фем- дзаст.) / С ы л г о й м а г. Мæнæ-ма, æрдæбоны артист, фиййауы роль чи хъазыд, уый. Ф и й й а у. Дзыгы-дзыгы-дзыгы! Сылгоймаг алыгъд. Уый дын æрдæбоиы артист! 'Бег (рацыд, ииварсмæ). Фæлæуу, изæры дæ нæхимæ наэ хъæуы. (Ауыота Фиййауы, йæ цуры æрлæууыд.) Цы хооз сфæл- гонц. кодтай фиййауы сурæт, лæппу. Иттæг хорз æй рафæзмыд-ч тай. Ног артист дæ? Фиййау ын йæ сæрмæ амоны, «хъуаг» дæ, зæгъгæ. А-а-а!.. Уый ды куы нæ дæ... Цытæ амоныс, цы? Ф и й й а у, Ома, зæгъын, куысыфтæгсæр дæ. 383.
Б е г. Уый æз? Куыд загътай ды мæнæй? Уый тыххæй дын цы бакæидзысты, уый зоныс? Къалатийы смидæг уыдзынæ. Ф и й й а у. ’ Хъус-ма. (Цыма йын тынг сусæгæй исты зæгъын- мæ хъавы, уыйау.) Æмæ йед та... Къалати та циу? Бег (фестад). Уæлæмæ! Ф и й й а у. Гъер цæй хуызæн дæ, уый зоныс? Иу дæркъæйзад цæукъа мæм ис, æмæ раст уый митæ кæныс. Бег (дамбаца йæм фæдардта). Цæугæ мæ разæй дын зæ- гъын, науæд дыл дамбаца ныффæздæг кæндзынæн! Ф и й й а у (хъæрдæрæй). Дзæгъæс! Б е г. Уый та ма циу? Ф и й й а у. Куыд циу? Уыцы дзырд фехъусгæйæ афонмæ мæ цæукъа йæхи иуварс айстаид. Уый мын мæ золочъийы ахаст хорз зоны. Бег ныхситт кодта æмæ ауад. Акæс-ма уымæ, мæн ардæм Фыссæг йæхæдæг æрхуыдта, уый 1а... (Ацыд.) Æрбацыдысты Уарди æмæ чызджытæ æд дидинджытæ. У а р д и. Ахæм нывтæ никуы федтон æз, нæдæр царды, нæ- дæр сæ чингуыты бакастæн. Мæди. Æниу Фыссæг йæхæдæг та? Касалы-фырты роль куыд хорз ахъазыд. У а р д и. Уыцы роль хъуамæ Дрис хъазыдаид, фæлæ, дам, æваст фæрынчын. (Кæйдæр ауыдта.) Æрбацæуы! Æрбацæуынц хъæлдзæгæй Фыссæг, ’Артист, Хъаллæ, Сæхæм, Майрæм. Фыссæг европæйаг костюмы, йæ галстук бæтты. Уарди Фыссæгмæ бауад, дæт- ты йын дидинджытæ. Уый сæ дыууæ дихы акодта, дыууæ хойæн сæ дæтты. Фыссæг. Хъыг дын нæ уыдзæн, Уарди? У а р д и. Цæмæн уый зæгъыс! С æ х æ м. Хорз адæм! Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ абон у ирон аивады бæрæгбон; Ханысиат æмæ Асиаты бæрæгбон... Фыццаг хатт ирон сылгоймаг сдзырдта йæ бартыл хъæрæй. Æз уынын диссаджы фидæн ацы пьесæйæн... Ф ы с с æ г. Цæй куыд у, Пупæ? А р т и с т. Ме уæнгты дыз-дыз ныр дæр нæма ссыд. Фыссæг. Мæнæй цы зæгъыс. (Ауыдтой Мамайы-фырты фæ- цæйцæугæ.) Уæртæ уыцы мæлхъы уыныс? Мæ зæрдæ мæм дзу- ры — дзæгъæл хуымæтæджы нæй ам. А р т и с т. Нæ бауæнддзысты ахæм бон адæмы хъæлдзæгдзи- над фехалын... Уæлдайдæр та — кæм? Фæлладуадзæн парчы. . Ф ы с с æ г. Знон уырыссаг театры куы уыдыстæм, уæд дæр Ыл цыма мæ цæст æрхæцыд. ( А р т и с т. Уыдаид. Фæцыд дæ зæрдæмæ уырыссаг артистты хъазт? Къостайы «Дуня» куыд ахъазыдысты?.. Ф ы с с æ г. Чи куыд ахъазыд, ууыл нæ дзурдзыстæм... Знон
æз æмæ ды федтам фыццаг ирон лæджы пьесæ театры сценæйы, сæйрагдæр хъуыддаг уый у. Чызджытæ Уардийы размæ кæнынц. 1 - а г ч ы з г. Уарди ног пьесæ ныффыста. М æ д и. «Зæхх — ме ’вдисæн, хур — мæ комдзог». Ф ы с с æ г. Æвæджиауы сæргонд... Æмæ мæм æй кæд рат- дзынæ кæсынмæ?.. (Кæйдæр ауыдта.) Бахатыр кæнут (Фæуагъ- та сæ.) А р т и с т. Мæ фæдыл, ме ’рра пъырыстыфтæ, буфетмæ! (Ацыдысты.) Д р и с (æрбацыд). Фыдфынты хай фæдæн. Цыма уыдыстæм йемæ цуаны. Топп мæм феваст, уый мын баста мæ цæф. Æз дзырдтон: «Ныууадз мæ, уый аккаг нæ дæн, аххосджын дæн дæ разы...» Æмæ мын цыма уый афтæ бакодта: «Ныхъхъус у, æз гыдтон уый!» «Нæ, ды æппæт нæ зоныс!» — ныхъхъæр кодтон мæ хъæлæсыдзаг. Æппынфæстаг йæ алфамбылай акаст æмæ хæрзныллæг хъæлæсæй фæрсы: «Ды, дам, искуы фехъуыстай, кæд сырдтæ уæлæмæ нæ дзурынц, уæддæр æмбаргæ кæй кæнынц, уый?» Стæй мыл фæтъæлланг кодта: «Чи зоны, искуыцæй нæм кæсыиц, нæ мæ фæнды, адæймаджы ном фæхудинаг уа сæ ра- зы!» (Паузæ.) Æрыхъал дæн, мæ сурхид мæ къæхты бынæй калд. Фæлтау куы нæуал райхъал уыдаин. Аххосджын дæн йæ разы.. Уый хуымæтæджы фын нæ уыд. Ме ’нæхуыссæг æхсæвтæн сæ кæрон уыд. Нал у мæ бон афтæмæй цæрын... «Ис знагæй хæлар скæ- нæн, хæларæй знаг кæнын нæ ’бæззы».— Иæхи ныхæстæ сты уы- дон! Уæд та йæм бацæуон æмæ йын æппæтдæр зæгъон... Кæй ныфсæй? Æрбацæуы. Нæ йын бауромдзынæн йæ цæстæнгас. (Тагъд-тагъд ацыд.) Æрбацæуынц Фыссæг æмæ Фиййау. Ф ы с с æ г. Раджы æрцыдтæ? Ф и й й а у. Мæнæ Пупæ чи хуынд, уый цуанонтимæ уæлвæз- мæ куыддæр схызт, афтæ. Ф ы с с æ г. Æмæ?.. Ф и й й а у. Нал дæ базыдтон уыцы æвзæр лæджы дарæсы. Уыцы лæппу та æцæг ме ’нгæстæ уыд. Цы хорз нын рафæзмыд- тай нæ иухатты ныхæстæ. Нæ загътон: дыккаджы Къоста. Ф ы с с æ г. Цæй, нæма æрцыд уæрыккафон? Ф и й й а у. Ивгъуигæ дæр ма акодта. Ф ы с с æ г. Æмæ уæдæ дæхи цæуылнæ æрцарæзтытæ кодтай? Ф и й й а у. Мадæл фыстæй дыууæ фесæфт... Ф ы с с æ г. Æмæ дын дæ афæдзы фæллой уымæ баурæдта? Ф и й й а у. Æз цæуын, кæйдæр бар сты мæ фос... Мæ хицау уый куы базона... (Адæммæ фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ фæ- цæуы, фæаууон. Фыссæг йæ фæдыл бирæ фæкаст, йæ хъуыдытæ йын’ фæсырдта Артист.) 25 Хъайтгаты Ссргей 385
А р т и с т. Ныр та — нæхимæ ирон кафт. Хъаллæ, дыууæ ба- рæй дæ бар ис: кæнæ нын фæндырæй ацæгъд, кæнæ та — иу кафт. Мæди систа фæндыр, цæгъды. Æтт, иу сагсур лæппу! Фыссæг æмæ Хъаллæйы ракафын кодтой. Фæсивæд фæндыримæ зарынц. Фæзынд Мамайы-фырт, йемæ Бег. М а м а й ы - ф ы р т. Господин Фыссæг! Терчы зылды хицауы бардзырдмæ гæсгæ ды æвæстиатæй æрвыст цæуыс Ирыстонæй. Табуафси, саккаг кæн мæ фæдыл, С æ х æ м. Уый та куыд? Адæмы циндзинад цæмæн халут? Уый гуымиры ми у! М а м а й ы - ф Ь1 р т. Ма хъыгдар! Фыссæг. Сæхæм... Хъузон у Мамайы-фырт æрмæст, бар- дзырд æххæст кæны. Ф и й й а у (лæф-лæфгæнгæ æрбазгъоры, джихæй сæм кæсы, стæй Мамайы-фырты раз балæууыд). Хорз лæг... Æз цæуын йæ бæсты ахæстонмæ. Уый... Уый хæххон лæджы худ бæрзоид хæс- сы. М а м а й ы - ф ы р т. Ай та ма дзы чи у?! (Худы йыл.) Фыссæг (тызмæгæй бакаст Мамайы-фыртмæ, уый фæ- хъус). Ды уымæн йæ иу сныхасы аргъ дæр нæ дæ. (Фиййаумæ.) Нæ, мæ хæлар, æз сæ хъæуын. Дæуæн та фузныг. Дæ зæрдыл бадар, уæрыккафон скæндзæн искуы. (Фæцæуы.) Муради Фыссæджы размæ æмраст слæууыд. Иæ къух йæ худмæ систа. Мæн фæндид базонын, цæй тыххæй мын ахæм кад кæныс, господин Азййы-фырт, уый. Му р а д и. Æз никуы æмбæрстон дæ революцион хъуыддæг- тæ, фæлæ сæркъулæй лæууын дæ ныфс æмæ де ’рдзæй рахæсгæ курдиаты раз. Ф ы с с æ г. Бузныг, Муради... Мæн æдзухдæр уырныдта, Хъаллæ хæлæрттæ æвзарын кæй зоны. М а м а й ы - ф ы р т. Фæтагъддæр кæн! Му р а д и. Есаул! Хистæр афицеры раз дæхи дарын зон! Мамайы-фырт. Хъусын, господин капитан. Ф ы с с æ г. Хъаллæ, æз уадзын ацы къухфыст дæумæ. (Хъаллæмæ къухфыст радта, Мамайы-фырт æй айста.) Мамайы-фырт (кæсы). «Æртæархайдон пьесæ». (Ра- фæлдæхтытæ йæ кодта.) «Æлгъысты ком ныррухс, талынг ми- гъы тымыгъ асырдта, æмæ хур дæ талынг лæгæтмæ йæ тынтæ æнæвгъау калы»... Господин Фыссæгæй, -æвæццæгæн, ферох, пье- сæтæ фыццаг кæм каст вæййынц, уый... . М у р а д и. Есаул! Къухфыст кæмæ лæвæрд у, уымæ йæ ратт. Мамайы-фырт. Хъусын, господин капитан. (Къухфыст 386
дæтты Хъаллæмæ.) Æз æнхъæл дæн, ацы къухфыст ничердæм фæуыдзæн. (Фыссæгмæ.) Табуафси. Ф ы с с æ г. Ма тыхсут,. цырагъ ссыгъд. Уый ничиуал ахуыс- сын кæндзæн. Цавæр цырагъ?.. Фæринчы риуыгъдау кæмæй стъæлфой! Иæ фыррастæй мæнгарды цæст чи къаха. Мæгуыр лæджы йæ фыдæбæтты фæстæ чи фæхудын кæна, йæ фидæны хъысмæтыл æй мæты чи бафтауа. Райхъуыст «Дыууæ хойы» фæндырдзагъд. Хъусут? Ирон театры зæлтæ сты уыдон... Æмбæрзæн Кæро н •
ИССÆЙЫ ФЫЦЦАГ БАЛЦ (МЫХУЫР ЦÆУЫ ЦЫБЫРГОНДÆЙ) АРХАЙДЖЫТÆ: Плит’Ы Иссæ — дивизийы къамандир. Тугъанты Михал — йæ адъютант. Ш у б и н — дивизийы комиссар. Р е б р и н — штабы хицау. В о л о в с к и й — полчъы къамандир. Хандажов — эскадроны къамандир. С и м о в — Сæрмагонд хайады хицау. Л и з æ — раднсткæ. Бастдзинады хицау. К о ц ю б а Аслæнбег Ш кребец Та ймураз Дзæрæхохты Хадзымурат. Субботин — хъæусоветы сæрдар. В а л я — нæ чызг. Валерик — пирнер. Штраус И о а х и м — немыцаг инæлар. Штраус Пауль — йе ’фсымæры фырт, СС-ы капитан. Ш т а у б е — ннæлары адъютант. Немыц.аг æфсады дæлбулкъон. Н е м ы ц а г дохтыр, афицер. К в а с о в — гадзрахатæйцæуæг. Хъæуы цæрджытæ. Сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ, советон æфсæддонтæ æмæ къамандиртæ. Немыцаг салдæттæ. Архайд цæуы 1941 азы фæззæджы, Мæскуымæ хæстæг. эазведчиктæ. .?88
ФЫЦЦАГ АРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Хъæугæрон. Зынынц ирон хæдзæрттæ. Сæ акомкоммæ — бæрзонд хæхтæ. Адæм хæстмæ фæндараст кæнынц сæ ахсджиæгты. Размæ рацыд мидхæсты хъæбатыр Дзæрæхохты Хадзымурат. Хадзымурат. Хорз адæм! Тохы бон ныккодта, хъæбатыр тохы бон. Фыдгулæн йæ цæстысындз фестадысты нæ дзыллæйы бартæ, нæ амонд, нæ диссаджы хъуыддæгтæ. Нæ бæстæ ис зыи уавæры. Зын уавæры уыдис мидхæсты рæстæг дæр. Уæд махæн нæ Райгуырæн бæстæ æрыгон уыд, æнæхъару, лæмæгъ, афтæ- мæй йæм æрбалæбурдтой фæсарæйнаг цъулбертæ, фæлæ пырх- гонд æрцыдысты. Ныртæккæ дæр та нæм æрбабырстой немыцаг тыхгæнджытæ, ныххурх кæнынмæ нæ хъавынц, фæлæ мах нæ фæтæрсдзыстæм. Мæныл цæуы дæс æмæ æртиссæдз азæй фыл- дæр, фæлæ афтæ зæронд нæма дæн, æмæ куы бахъæуа, уæд Дзæрæхохты Уарийы фырт Хадзымурат знаджы ныхмæ ма ’рлæууа... Кавказæгты хæххон цæргæстæ хуыдтой хæсты, æгаддзинад сæрмæ никуы æрхастой. Дард, Мæскуыйы цур, Гитлеримæ æна- уæрдон тох кæны нæ хæххон цæргæс Плиты Иссæ. Уый сæрвы- ста йæ минæвары ардæм, Иры лæппутæм... Æххуыс æй бахъуыд. Мæнæ уыцы минæвар йæхæдæг дæр. (Амоны булкъон Волов- скиймæ.) Фæндараст, нæ буц кæстæртæ, нæртоны ном ма феса- фут... Кадимæ ахæссут нæ хъæбатыр фыдæлты ном. (Фехста маузерæй. Систа йе уæхскæй номылдаргæ æхсаргард æмæ йæ Таймуразмæ дæтты.) Таймураз. Ард хæрæм: фыдгулы цур нæ зонгуытыл не ’рлæудзыстæм! Нæ райгуырæн ’бæстæ бахъахъхъæндзыстæм! (Пъа кæны æхсаргардæн.) Воловский. Мæхи амондджын хонын, булкъон Плиты Иссæйы дивизийы кæй дæн, уымæй... Фæлæ æз хуыздæр æппæ- лæн ныхæстæ не ссардзынæн, нæ чызджытæ йыл цы зарæг скод- той, уымæй: Он застенчив, наш Исса, и не речист, Гордый сын, орел Кавказа. Словно снежный пик Кавказа, Он душою чист. Ахæм у уæ адæмы хъæбул. Хъæбатырты хъæбатырдæр, хæдæф- сæрмтты хæдæфсармдæр... Цы ма уын зæгъои æндæр, æмбæлт- тæ? Гитлер йе ’фсæдтæн бардзырд радта æхсæз къуыримæ Сырх Æфсад ныппырх кæнын æмæ ацы азы æхсæзæм августы хæст рамбулын. Фæсыкк сты йæ фæндтæ. Мах фашистон æрдонгты æнæхъæн мæй æм.æ æрдæг баурæдтам Смоленск æмæ Витебскы, Волоколамск æмæ Мæскуымæ æрбахизæнты... Æмæ кæсут? Фæ- вæййы октябрь дæр, фæлæ Мæскуы фыццагау йæ бынаты æндон 389
мæсыгау лæууы... (Бæлщæттæм.) Уырны мæ, нæ фæчъизи кæн- дзыстут уæ ныййарджыты дадалитæ, сæххæст кæндзыстут уæ хис- тæрты фæдзæхст! дыккаг ныв Æрæгвæззæг. Хъæды кæрои. Разведчиктæ акъопп къахынц. К о ц ю б а (схызт акъоппæй.) Лæппутæ, тамако адымæм. Разындысты Шкребец, Аслæнбег, Таймураз. Шкребец (зæрдиагæй). Уый дын куы зыдтаин, мæнæй хъубайнаг хъазахъхъагæй зыгъарæг сараздзысты æмæ мын мæ фындзыхъæлæй зæхх къахын к-æндзысты, зæгъгæ, уæд æз ахæм ранмæ цыдтæн? Æнхъæлдтон, уæлбæхæн немыцæгты сæртæ цъыкк кæндзынæн... Ам та? К о ц ю б а. Æмæ цы уæлдай у? Ды йын йæ сæр атæхын кæн æмæ йын æй фæнды уæлбæхæй акъуыр, фæнды хæдтæхæгæй. Ш к р е б е ц. Худгæ ма кæн, Сергей. Мæнæ-ма Аслæнбеджы бафæрс, кæнæ Таймуразы: æхсызгон сын у бæхыл ныббырсты- тæ æрмæст сæ фыны уынын? Замманайы æвзыгъд барджытæ... Æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн лидзынц немыцæгтæй Мæскуыйыр- дæм? Бон та фоидз хатты хъахъхъæнæн акъоппытæ къахæм, бæхыл кардæлвæстæй размæ дугъ кæныны бæсты. Аслæнбег. Знон мæ мæ бæх Эльвирæ зонгæ дæр нал ба- кодта. Æз æм дзул дарын, уый йæ мукъутæ иннæрдæм акодта æмæ мыи мæ бæхмæзилæгæн ба кæны. Шкребец. Гъе, кæсыс? Суанг ма бæх дæр фæтæргай æмæ йæ хицауыл йæ зæрдæ сивта. Таймураз. Мæнæн мæ фыд дзырдта, йæ бæх мын куы лæ- вæрдта уæд: «Æгъатырæй-цъыкк кæн, лæппу, фашистты уæл- бæхæй!..»- Æниу мын Хадзымурат цы номылдаргæ æхсаргард балæвар кодта, уый та? Иæ фарсыл фыст: «Мидхæсты хъæбатыр Дзæрæхохты Хадзымуратæн — Буденныйæ». Мæнæй та ам ба- рæг нæ — фистæг æфсæддон рауад. Зæхкъахæг... Æвæццæгæн, саргъыл бадын зонгæ дæр нал бакæнин. К о ц ю б а. Цы ма уын баззад æнæзагъд, мæ хъаймæты кав- казаг хæлæрттæ? Скалут сæ æххæст, ракæнут уæ хъæстытæ иу- уыл. Æз та уын хъуамæ уе ’ппæт æнæрхъуыды ныхæстæм дæр хъусон, куыд уæ къамандир, афтæ, æмæ хатдзæгтæ кæнон. А с л æ н»б е г. Даргъ цирхъыл хæцын сахуыр кодтон, æхсар- гардæй дыууæрдæм цъыкк кæнын зочнын... Ам та мæ къухы акъопкъахæн белгонд æмæ теллыггæнæн фæрæт- Цыма сын са- пер дæн... Коцюба. Ныууадзут уæ дзæнгæда! Чи стут сымах? Сымах стут булкъон Плийы-фырты барджытæ, стæй хуымæтæджы бар- джытæ дæр нæ — разведчиктæ! Чи у булкъон Плийы-фырт? 390
Сырх Æфсады хъæбатыр къамандир. Чи нын у уæд Сырх Æф- сад та? Сырх Æфсад у советон адæмæн йе ’мбаргæдæр хай. Ш к р е б е ц. Кæсын дæм, Серго, æмæ мæ дисы бафтыдтай: дзурынмæ куыд сдæсны дæ. К о ц ю б а. Æз — дзурынмæ, ды та — алйа-уылимæ. III к р е б е ц. Уый та циу — алйа-уыли? Коцюб’а. Махырдыгонау, ома, денджызон флоты æвзагыл — хи расай-басай кæнын. Т а й м у р а з. Моряк уыдтæ? Ш к р е<б е ц. Уыди, уыди, уæдæ... Цæмæй æгас бæхджын æф- сады ’хсæн дæр хъомыладон куыст кæна, уый тыххæй йæ нæ комдив йæхæдæг суанг денджызы бынæй сласта. Коц ю б а. Тынгдæр дын цæй тыххæй аргъ кæнын, уый зо- ныс, Грицко? Ш к р е б е ц. Зонын. Мæ цыргъзонд ныхасы тыххæй. Коцюба. Нагъ. Æрмæстдæр дæ пыррыкк рихиты тыххæй. Худынц. Цæй, хъазæн ныхæстæн æгъгъæд фæуæд. Мæ фæдыл, кусынмæ! Т а й м у р а з. Мах æй нæхæдæг фæуыдзыстæм къахт, æмбал къамандир, æрмæст нын радзур — æцæг дын лæвæрдта ком- див йæ бæх? Коцюба. Гъе! (Шкребецмæ.) Уыцы цау æцæг у хъомыла- дон фæрæз, Грицко, уымæ гæсгæ йæм ды уæлдай лæмбынæг хъус. Уæдæ афтæ... Смоленсчы цур æрцыд хъуыддаг. Фæдзырд- та нæм комдив: иуныхасæй, хъæуы, дам, немыцаг афицер самал кæнын, стæй хуымæтæджы афицер дæр нæ. (Аслæнбегмæ.) Хъуыды ма кæныс, Асланчик, уыцы хабар? Аслæнбег. Цæмæн æй хъуамæ ферох кæнон? Коцюба. Уæвгæ, уыцы хъуыддаджы ды уæлдай тынг фес- гуыхтæ. Т а й м у р а з (цымыдисæй). Дарддæр, дарддæр, æмбал къа- мандир. • К о ц ю б а. Бахъуызыдыстæм дын фрицты фæсчъылдыммæ: æз, Асланчик, Нурий — уыдис нæм ахæм лæппу, Ярцевы горæты цур фæмард. Фæхъуызæм... Ныр — мæйдар æхсæв, цæсты къух атъыссæн нæй. Кæсæм, фæндагыл мотоцикл æрбацæуы. Мах уайтагъд фæндаджы фæйнæфарсмæ тел айвæзтам... Тел мæнæ уый зондæй ахастам немæ. (Æркъуырдта Аслæнбеджы уæхск.) Мотоцикл фæфæлдæхт... Æртæ лæджы дзы бадт. Нæхи сыл ныццавтам. Кæсæм — афицер сæ ничи... Дæ фыдгул — афтæ... Хъыпп-сыпп скæнын дæр сæ къухы нал бафтыд... Къанауы сæ пыхсыты бын фæкодтам. Сæ дзаумæттæ сын нæ уæлæ акодтам... Нурий мотоциклет скъæрын зыдта, абадтыстæм æмæ немыцæг- тæм дæр ма бакæс æмæ махмæ дæр... Æфсæйнаг каскæйæ, ав- томатæй æндæрæй... Ныр цæуæм, фæлæ кæдæм? Кæм ссарæм «хорз» афицер? Кæсæм дын æмæ мæнæ æфсæнвæндаджы ваг- зал. Иæ тæккæ дуармæ бахизæны æрлæууыдыстæм. Æртæйæ дæр æнхъæлмæкæсæн залмæ бараст стæм. Немыц хуыррытт кæ- 391
нынц. Чи — бандоныл, чи — пъолыл. Равзар, цавæр кусæрттаг дæ хъæуы, ахæм. Фæлæ дзы мах чи хъуыд, ахæмæй — ницы. Уыциу цыдæй дын станцæйы хицауы кабинеты куы смидæг уа- иккам. Кæсæм æмæ дын цавæрдæр æвзистпъагонджын кæуыл- дæр тилифоны хъæртæ кæны. Иннæ афицер йæ фарсмæ лæууы, фыртæссæй ныффæлурс... Аслæнбег. Æз ын уайтагъд мæ кардæй «капут» акодтон. Коцюба. «Капут»... Чысыл ма бахъæуа, хъуыддаг ма фе- хæла... Аслæнбег. Уæдæ йæм æз «хенде хох» хъæр кæнын, уый иуырдæм дæр нал, æмæ иннæрдæм дæр... Цæуылнæ систа йæ къухтæ? ^оцюба. Уæвгæ йын афтæ хъуыд. Таймураз. Дыккаг та, дыккаг, æвзистпъагонджын? Коцюба. Уымæн æз афтæ: пардон, зæгъын, господин афи- цер, æз немыцагау нæ зонын. Цом немæ тæлмацгæнæгмæ. Аслæнбег. Раст афтæ уыдис. Æнæгæдыйæ сæ дзуры. К о ц ю б а. Мæ карæнæй — гæдыныхæстæ?.. Æмæ мын сæ уæд мæ райгуырæн Одессæ ныббарид? Таймураз. Дарддæр дзур, æмбал къамандир, дарддæр. К о ц ю б а. Дарддæр та уыдис афтæ: хæрзсывæллонау æй мотоциклы рæвдаугæ сбадын кодтам... Мотоциклæй йæ бæхмæ раргъæвтам — Аслæнбеджы фæсарцмæ. Бæхæй куы ’рхызт, уæд та фистæгæй — нæ булкъоны размæ. Стыр мæлхъ, дам, разын^ нæ афицер... Фæдзырдта дын мæм комдив æмæ фæрсы: «Цавæр хæрзиуджытæ уын раттон, æмбал Коцюба, ахæм ахъаззаг «æв- заг» кæй самал кодтат, уый тыххæй?» Аслæнбег æмæ, зæгъын, Нурийæн, æмбал булкъон, «Хъæбатырдзинады майдантæ» рат- тут. Мæнæн та, зæгъын, дæ саулохаг бæх Терк!.. Мæ цæстытæ атартæ сты, фæлæ мæ афтæ сирвæзт, æмæ ма йын цы акодта- ин?.. Шкребец'1, ч ~ тт ~ Т а й м у р а з ) (иУмæ)- Æмæ Цы загъта? К.о ц ю б а. Комдив иучысыл ахъуыды кодта, стæй афтæ: айс, дам, æй, Коцюба, æз, дам, дæуæн ницы бавгъау кæндзынæн. Æз хорз зыдтон, йæ бæхы цас уарзта, уый æмæ йын æй нæ бакуымдтон... Æмæ мын уæд йæ зараг сахат балæвар кодта. Гъе, ахæм у махæн нæ комдив... Æрбацыдысты Воловскнй æмæ Хандажов. Коцюба фестад. Æмраст слæуут! Æмбал полчъы къамандир... Воловский. Бадут, æм>бæлттæ. Немыц уыл куы ныкка- лой, уымæй нæ тæрсут? Коцюб’а. Мах ацы нæзы бæлæстæ бахъахъхъæндзысты.. Фрицы автоматы нæмыг сæ иннæрдæм нæ ахиздзæн. Воловский. О, хорз нæзь>1 бæлæстæ сты, фыдæлтыккон.... Æвæццæгæн, бирæ цыдæртæ хъуыды кæнынц... (Паузæ.) Фед- там уын æмбал Хандажовимæ уæ акъопп, стæй пулеметæйæхсæк Щ
бынат. Дзæбæх сты, алцыдæр — нывыл. Иуныхасæй, уæхи хорз бацæттæ кодтат нæ хæддзу «уазджытыл» сæмбæлынмæ. Коцюба. Æмбал булкъон схъыг стæм фæстæмæ-фæстæмæ цæуынæй. Афон нæу фрицæн йæ ’бырынчъытæ ныццæвынæн? Воловский. Уый махæн нæхицæй аразгæ, у æмбæлттæ. К о ц ю б а. Мæнæ фистæг барджытæ хъуыр-хъуыр кæнынц: акъоппытæ къахын, дам, мах хъуыддаг нæу. Хъуамæ, дам, раз- мæ бырсæм, атакæйы цæуæм... бæхтыл. Воловский. Æз уæ хорз æмбарын, мæ хæлæрттæ, рагон барæг дæн мæхæдæг дæр. Фæлæ уал размæ абырсыны агъом- мæ фашистты бауромын хъæуы. Бауромын цыфæндыйæ дæр. Уый тыххæй нæ нæ цард ауæлдай кæнын куы бахъæуа, уæддæр. Иунæг немыцаг дæр хъуамæ Мæскуымæ ма баирвæза! Таймураз. Бæхыл бадын мæ фæнды, æмбал къамандир! Дугъ кæ’нын, размæ! Воловский. Раст дæ ’бæхæн йæхи дæр афтæ фæнды, Тай- мураз, зонын æй. Æнхъæлмæ кæсы уый дæр, кæд абырсдзыстæм, уымæ* Æмбæлттæ!.. Сымах зонут, ацы хæххон лæппуйы хæстмæ чи фæндараст кодта, уый? Мидхæсты зындгонд хъæбатыр Дзæ- рæхохты Хадзымурат, Буденныйы хæлар. К о ц ю б а. Таймураз æвзыгъд барæг у, æмбал булкъон. Бæ- хыл ныббырстыты иумæ нæма уыдыстæм, фæлæ æхсæвыгон ар- хайдтыты иттæг арæхстджынæй равдыста йæхи... Æвиппайды сармадзаны нæмгуытæ хæлын байдыдтой, æрбайхъуыст пу- леметты æмæ автоматты къæр-къæр. Воловский. Уæ бынæттæм! Коцюбаитæ акъоппытæм гæппытæ кæнынц. Сармадзаны нæмыг тынг хæс- тæг фехæлд. Воловский æрхауд. Хандажов (базгъордта йæм). Æмбал полчъы къамандир! Æмбал булкъон!.. Воловский. Æз... фæцæф дæн... æнхъæлдæн, уæззау цæф... Капитан! Разамынд дæтт тохæн. Ма æрбауадзут знаджы уæ хъахъхъæнæн бынæттæм!.. Хандажов. Хъусын! Коцюба, пулеметмæ! Хæстæгдæр сæ æрбауадзут!.. Иæмгуытыл фæцауæрдут! Ноджы хæстæгдæр!.. Æхсут! Гæрæхтæ стынг сты. Хъуысы хъæрзын, немыцæгты хъæртæ. Коцюба! Булкъоны цæф бабæтт! Аслæнбег! Коцюбайы бæсты пулемет райс! ,А с л æ н б е г. Хъусын! Коцюба фæбыры йæ гуыбынынцъарыл Воловскиймæ. Коцюба. Æм’бал булкъон Æмбал булкъон!.. Ныртæккæ дын æз абæтдзынæн дæ цæф. (Архайы.) Воловский. Байрæджы. Æз æнхъæлдæн... 393
Коцюба. Нæ, нæ, æмбал булкъон! (Тагъд-тагъд бæтты•:■'; цæф.) Мах ма ацæрдзыстæм... Ахæцдзыстæм нырма... Хандажов. Шкребец! АслæнбегГ Уе ’хсыны куыст! Тай* мураз! Цыфæндыйæ дæр полчъы къамандиры аирвæзын кæн* хъæдмæ! Æвæстиатæй хъæдмæ, æдас ранмæ! К о ц ю б а. Мæ бæхыл æй авæрæд! III к р е б е ц. Немыц... Коцюба (æрцæттæ кбдта гранаттæ). Рауадз-ма сæ! (Во- ловскиймæ.) Æмбал булкъон, дæу ныртæккæ Таймураз æдас ранмæ ахæццæ кæндзæн. Воловский. Æз мæхæдæг... Исты амæлттæ кæндзынæн... Ам ныртæккæ алы а’дæймаг дæр... зынаргъ у... Цыфæндыйæдæр хæцæн бынат бахъахъхъæнут!.. Ма раттут къуылдым!.. Таймураз хæссæгау акодта булкъоны. Пулеметæй æхсæг фæцæф. Хандажов æй раивта. Хъуысы немыцæгты хъæр. Хандажов. Коцюба! Цæв гранаттæй! Коцюба. Хъусын! (Æхсы гранаттæ, хъуысынц се срæ- мыгъдтытæ, немыцæгты хъæр.) Гъа! Гъа! Цъаммар куитæ! Уый • та уын нæ къамандиры тыххæй! Рухс ахуыссыд. ÆРТЫККАГ НЫВ Дивизийы штаб. Уæрæхгомау ныккæнд. Ребрин, Хандажов, Симов, пол- чъыты къамандиртæ. Ребрин (кæсы йæ сахатмæ). Бамбар мæ, æмбал майор, иу-дыууæ минуты фæстæ хъуамæ нæ оперативон æмбырд рай- дайа. Ныртæккæ дивизийы къамандиры ардæм хъæуы... Симо в. О, фæлæ æз капитан Хандажовы цæмæйбафæрсын- мæ хъавын, уыдон мæхи хæдзары хъуыддæгтæ не сты, полчъы къамандир булкъон Воловскийы хъысмæтыл цæуы ныхас. Р е б р й н (æлхынцъæрфыгæй). Фæрс. С и м о в. Æмбал эскадроны къамандир! Булкъон Воловски- йæн йæ буар цы ран уыди цæф? Хандажов. Булкъон Воловскийæн фæцæф йæ рахиз си- ны сæр, сармадзаны нæмыджы схъис ыл суад С.имов. Цæф дæхæдæг федтай? Хандажов. Федтон. Æмæ бамбæрстон, иу къах йедтæмæ йын кæй нал уыдзæн, уый. Туг дзы уыйас бирæ нæ рацыд, фæ- лæ хъæдгом егъаугомау уыд. Симов. Цæмæн бафæдзæхстай ахæм ахсджиаг хъуыддаг — полчъы къамандиры æдас ранмæ фæхæццæ кæнын — æрыгон, æвæлтæрд æфсæддонæн? Коцюбайæн æй йæхицæн цæуылнæ ба- бæрны кодтай? Хандажов. Коцюба уым тынгдæр хъуыди, хæцæн бына- 394
тЬ1... Таймуразы тыххæй та афтæ: уыцы лæппу ахæм хъуыддæг- ты æнарæхст нæу. Хъæбатыр, джигит... Æз мæ уынаффæйыл фæсмон нæ кæнын. С и м о в. Хатдзæгтæ скæныныл тагъд мама кæн, капитан. /Енæхъæн иуæндæс суткæйы мах Воловскийы мард агурæм æмæ йæ нæ арæм. Нæ арæм, хъæбатыр джигит кæй хоныс, уыцы лæп- пуйы дæр. Бæрæг нæу, сæ бæхтæ цы фесты, уый... (Паузæ.) Аф- тæ дæм нæ кæсы, цыма Воловский æмæ Таймураз уацары бахау- дысты? Хандажов. Не ’нхъæлын. Цырд æрбацыдысты Плиты Иссæ, комиссар Шубин æмæ комдивы адъю- тант. Иууылдæр фестадысты. Иссæ йæ нымæт, ’автомат æмæ бинокль адъю- таитмæ дæтты. Æркаст сахатмæ. Иссæ. Хатыр, æмбæлттæ. Афæстиат дæн, къамандыгæнæги- мæ ныхас кодтон. (Симовмæ.) Æмбал майор! Цы ног хабар ис булкъон Воловскийæ? Симов. Кæд мын бар ратдзынæ, æмбал дивизийы къаман- дир, уæд дын уыцы хъуыддаджы тыххæй оперативон æмбырды фæстæ сæрмагондæй фехъусын кæндзынæн... И с с æ. Дæттын бар. (Паузæ.) Æмбæлттæ къамандиртæ! Сержант Коцюбайы разведчиктæ цы немыцаг булкъоны фæуа- цар кодтой, Вальтер Эггерсы, уымæ разынд иттæг ахсджиаг гæххæттытæ. Уыдонимæ — фашисттæ Мæскуы бацарæфтыд кæ- ныны тыххæй цы æгъатыр сусæгвæнд сарæзтой, уый. Операци хуины «Тайфун». Гитлеры уыцы æнаккаг фæндмæ гæсгæ нæ Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæт Мæскуыйæ хъуамæ дур ду- рыл мауал баззайа, зыбыты бындзарæй хæлд æрцæуа сарма- дзаны нæмгуытæй æмæ хæдтæхджыты бомбæтæй. (Паузæ.) Гит- лер йе ’фсæдтæй бадомдта Мæскуы фæдæлдон кæнын, цæмæй, ныртæккæ горæт кæм и, уым сæвзæра денджыз. Бардзырд рад- та ноджы, цæмæй бындзагъд æрцæуой Мæскуыйы цæрджытæ. (Паузæ.) Сæвзæрд тынг тæссаг уавæр... Знаджы æфсæдтæй Мæскуыйы æхсæн ис æдæппæт æртиссæдз километры... Уымæ гæсгæ æз мæ фæнд фехъусын кодтон сæйраг къамаи- дыгæнæгæн — æгас дивизийæ дæр знаджы фæсфронтмæ абалц кæнын, чъылдымырдыгæй йæ ныццæвын, æфсæнвæндæгтæ, хид- тæ, сосавæндæгтæ фехалын. Иуныхасæй, Мæскуыйырдæм сын сæ ныббырст бакъуылымпы кæнын. Мæн фæиды, æмбæлттæ къа- мандиртæ, уыцы хъуыддагыл æрныхас кæнын ам сымахимæ... Р е б р и н (паузæйы фæстæ). §ар ис, æмбал булкъон? Табуафси, хъусын уæм. И с с æ. Хъусын дæм, штабы хицау. Р е б р и н. Мæнмæ афтæ кæсы, æмбал дивизийы къамандир... Дæ фæнд, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæр нæу, фæлæ... И с с æ. Дæумæ хъусын. Р е б р и н. Цæмæй знаджы фæсчъылдым бæхтыл ныббырстæ уа, уый тыххæйнæм хъуамæ уа знагæй дзæвгар фылдæр тыхтæ. 395
Уæлдайдæр та — техникæ... Мах та абоны бон уыдæттæй иууьщ рæвдз не стæм... Фыццаг къамандир. Æз разы дæн штабы хицауимге. Ноджы ма зæгъын уый, æмæ ’бæхджын æфсадæн чысыл къорд- тæй æнцондæр архайæн у. Дарддæр... Нырыккон хæсты бæхтæй атакæ иууыл арæхтæй нал у. Æмæ, æппынфæстаг, кæд бынток æргом дзурæм, уæд бæхтæй дæр фаг рæвдз не стæм... Ноджы сын семæ хъæуы холлаг æфтауц кæнын дæр. Р е б р и н. Цыппор æвдæм полчъы къамандир цы загъта, уьь мæ ма мæ бон бафтауын у: бæхджын æфсады ныртæккæйы рæс- тæг бæхтæмзилджытæ æгæр бирæ хъæуы. Уымæ гæсгæ, æхсар- гардæйхæцджыты нымæц дзæвгар къаддæр кæны... (Паузæ.) Æз ма йæ ноджы иу хатт зæгъын, æмбал комдив. знаджы фæс- чъылдыммæ ахæм балцытæ мидхæсты рæстæджы уыдысты хорз... Ш у б и н. Ныхасы бар мын ратт, æм<бал комдив. И с с æ. Хъусын дæм, æмбал комиссар. Ш у б и н. Мæн фæнды ацы хъуыддагæн йæ моралон-полити- кон ахадындзинад бафиппайын. Тынг ахъаззаг у. Раст нæу уый, æмæ ахæм ныббырстытæ æрмæстдæр мидхæсты рæстæг уыдысты хорз. Уыдон тынг хъæуынц ныртæккæйы рæстæг дæр... О, о! Ныртæккæйы рæстæг. Ребрин. Алы километрыл дæр сармадзаны дыууиссæдз нæмыджы куы уайы, уæд? Ш у б и н. О, алы километрыл дæр сармадзаны дыууиссæдз нæмыджы куы уайы уæд, æмбал штабы хицау. Уымæн æмæ цас знаджы бон фылдæр æхсын уа, уыйбæрц «бæхджын æфсад арæх- дæр хъуамæ ивой сæ лæууæнбынат. Нæ дивизи немыцæгты фæс^ чъылдым куы фæзына, уæд сæ тас бауадздзæн... Ныссуйтæ уы- дзысты... Уæдæ Сырх Æфсады уыйбæрц тыхты фенд уым сове- тон адæмæн цас æхсызгон уыдзæн, уый дæр хъуыдыйаг у...— афтæ æмбарын æз дивизийы къамандиры хъуыды... Р е б р и н. Афтæ дæм нæ кæсы, æмбал комиссар, æмæ нæ дивизи немыцæгты фæстæ куы февзæра, уæд æй алырдыгæй кæй цæвдзысты: разæй, фæсте, фæйнæфæрстæй? Хæдтæхджытæ ныл бомбæтæ згъалдзысты... Знаг ныл йæ тыхджын резервтæ рас- къæрдзæн... Ш у б и н. Æз уыдæттыл ахъуыды кодтон, æмбал булкъон... Комдивы загъдау — «чындзæхссæг нæ цæуæм!» И с с æ. Æм’бал Хандажов, исты зæгъыс? Хандажов. Бæгуыдæр зæгъын... Цæмæн дзы хъæуы бирæ загъта-багъта, бирæ архайын куы хъæуы, уæд? Æз дæн, цæмæй æвæстиатæй абалц кæнæм, уыцы фæндоны фарс. Дыккаг къамандир. Уый та дын нæ кæддæры мадзу: ра къамандир, Алекси... Хандажов (ницæмæ сын æрдардта сæ ныхас). Сæрниз ; æмæ къуылымпыйы хос у бирæ дзырд. Кæй хъæуы уый? Барæ- 1 джы та сыгъдæг уæлдæф хъæуы... Зарæг... Уаддымгæ хъæуы барæджы.., ■'.••-•• Щ
Иссæ (фестад, рацу-бацу кæны). Штабы хицау æмæ йе ’мварсуæвджытæ иу хъуыддагæй раст сты — зын у, тынг зын у утæппæт тыхтимæ знаджы фæсчъылдым балæууын: цыппар мин барæджы, танктæ, сармадзантæ, пулеметтæ, минометтæ, лазарет- тæ, хæлц... Бирæ уæрдæттæ... Фæлæ иннæ хъуыддагæй раст не сты штабы хицау.æмæ йе ’мварсдзурджытæ. Дивизийы комиссар #мæ эскадроны къамандир хорз бафиппайдтой: æцæг æнтыст къухы бафты æрмæст уæд, æмæ загъта-багътайы бæсты архай- гæ куы фæкæнæм... Сусæггаг нæу, никуыма æрцыд æцæгæйдæр уый, æмæ искуы исчи знаджы фæсчъылдыммæ фондзыссæдз ки- лометры бæрц —уыйас тыхтим’æ— абалц кæна... Фæлæ ныртæк- кæ лцггонд цæуы Мæскуыйы хъысмæт. Æмæ уыцы уавæр махæй домы, цæмæй цыфæнды мадзалæй дæр бацархайæм Мæскуы бахъахъхъæныныл. Нæ балцы ныхмæ дзурджы^æ не ’мбарынц ноджы иу хъуыддаг: бафæлладысты нæ барджытæ иу ран бады- нæй. Бæхджын æфсад знæгтæн сæ фæсчъылдыммæ куы баирвæ- зы, уæд йæ уавæр, кæимæ фæхæцы, уымæй бирæ хуыздæр вæй- йы. Уымæн æмæ знаг нæ зоны: кæд, кæм æмæ йæ куыд ныццав- дæуыдзæн. Уадз æмæ нæ тæрсой! (Паузæ.) Æз уынаффæ кæнын: æртæ боны фæстæ -балц кæнæм знаджы фæсчъылдыммæ. Мæ бон уын у фехъусын кæнын: кæд штабы хицау булкъон Ребрин ацы хъуыддаджы немæ бынтон разы нæу, уæддæр, нæ балцæн цы оперативон пълан бацæттæ кодта, уый йын мæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ сфидар кодтон. . Бардзырд дæттын: Полкъты къамандиртæ æвæстиатæй байдайæнт се ’фсæддон хæйттæ балцмæ цæттæ кæнын. Уæлдай тынгдæр уæ цæст дарут бастдзинад æмæ разведкæйы хъуыддагмæ. Уæ разæй, уæ фæс- тæ, уæ фæйнæфæрсты чи уа, уыдон хъуамæ æдзухæй зонат, уы- нат. Хион уа, знаг уа! Комиссар æмæ штабы хицау ам базза- йæнт! Сæрибар сты иниæтæ! Рухс ахуыссыд. ЦЫППÆРÆМ НЫВ Иссæ картæйыл бæрджытæ кæны. Æрбацыдысты Коцюба, Шкребец æмæ Аслæнбег. Коцюба. Æмбал комдив! Разведчиктæ дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзындысты! И с с’æ (сæ размæ рацыд). Æгас цæуат, мæ базырджын цæр- гæстæ! Цæй, куыд у, хъазахъхъаг джигиттæ? Æмбарын æй, æм- барым, цæргæсæи йæ базыртæ баст куы вæййынц, уæд ын цас зын у, уый. Хъазахъхъаджы зæрдæ тохы зарæг агуры, хъæба- тырдзинад домы... Афтæ нæу? К о ц ю б а. Раст афтæ, æмбал комдив! Аслæнбег. Æнкъард кæнæм, æмбал булкъон. Бæхтæ иу 307
ран лæууынæй хуыдуг кæнынц. Цард нæм кæд кæсы раст та«. лынг æхсæвау. Шкребец. Цыфæнды дæр нын бахæс кæнут, æмбал бул- къон ,æрмæст бæхтыл куыд бадæм, афтæ. Иссæ. Афтæ ’нхъæлут, мæнæн мæхи нæ фæнды бæхы рох- тыл æрбахæцын... Кьæхтæ сæхæдæг æгъдæнцæйттæм сæхи ива- зынц. Уæдæ афтæ. Æрхæццæ, цы рæстæгмæ æнхъæлмæ касты- стут, уый... Рæхджы бырсæм... Гъе, æцæг уал уый .размæ ис тагъд сæххæстгæнинаг хъуыддаг... Нæ йæ сусæг кæнын: тынг тæссаг у. Фæлæ уал — фæйнæ фарстайы (Коцюбамæ.) Бинойнаг. дын ис? Коцюба. Махмæ Одессæйы куыд фæзæгъынц, афтæ, æм- бал булкъон: уыцы хъуыддагæй мæ хуыцау бахызта... Сфæид кодтон чындзаг хæсты фæстæ равзарын. Æнхъæлын, дыууæ-æр- тæ ордены уæддæр бакусдзынæн, иу уыибæрц та — майдантæ. Сылгоймаг диДитæ бирæ уарзы. Рæсугъд чызджытæ мын мæ хæрзиуджытыл сæхи ныццæвдзысты. И с с æ (бахудт). Ныццæвдзысты... Æнæмæнг ныццæвдзысты. (Паузæ.) Æмæ уæд радисткæ Елизавета Бережная та? К о ц ю б а (æвиппайды йæ хъазæн ныхас æрбайсæфт, йæхи æрбалвæстытæ кодта, ныллæг хъæлæсæй). Уый чындзаг нæу, æмбал булкъон. Сержант Елизавета Бережная у мæ хæстон æм- бал — цæрæнбонтæм! Иссæ. Уый æндæр хъуыддаг у. (Шкребецмæ.) Цы зæгъ- дзынæ ды та? III к р е б е ц. Æз усджын дæн, æмбал булкъон. И с с æ. Сывæллæттæ дын ис? Ш к р е б е ц. Лæппу æмæ чызг. И с с æ. Стыртæ сты? Ш к р е б е ц. Нæ. Лæппуйыл цыппар азы дæр нæма сæххæст„ чызг та бынтон чысыл у нырма. И с с æ. Коммунист дæ? Ш к р е б е ц. Кодшунист. И с с æ. Уый хорз. (Аслæнбегмæ.) Ды та? Аслæнбег. Æнзораты Аслæнбег... Иунæг... И с с æ. Цы иунæг? Аслæнбег. Зæгъын, иунæг фырт мын ис æрмæст, табу дæ фарнæн. И с с æ. Ус та? Аслæнбег. Хатыр, фæлæ дзы кæд æнæдзургæ нал и, уæд кæсæджы сылгоймæгтæн се ’ппæты хуыздæр, æмбал дивизийы къамандир. Алы’бои дæр мæм писмоты фыссы: «Асланчик, æх- сæвæй-бонæй дæ нымæт уæлæмæ ма ис, ма суазал у...» И с с æ. Хорз ус у. Партийы рæнхъыты дæ? , Аслæнбег. Ха! Куыд хъуамæ уон партийы рæнхъыты, æр- тæ фрицы йедтæмæ куы нæма амардтон, уæд? Мæхицæн ныхас загътон: куыддæр дзы дæсы амарон, афтæ курдиат бадæтдзы- нæн партимæ. 398
И с с æ. Уый дæр раст у. Ныр та, хæстæгдæр-ма æрбалæуут... (Картæмæ.) Мæнæ уæ ауылты, æфсæнвæндаг æмæ сосавæнда- джы ’хсæнты бацæуын хъæуы немыцæн сæ тæккæ фæсчъылдым- мæ... Дæс æмæ цыппарыссæдз километры бæрц. Цыдæриддæр уæ фæндагыл фенат, уый хъуамæ уæ зæрдыл бадарат, картæйыл сæ сбæрæг кæнут: сармадзантæ, пулеметтæ, акъоппытæ... Сæ ре- зервтæ, æрбацæуæнтæ, техникæ. Цы амал ис, уымæй хъуамæ уæ къухы бафтой .штабы документтæ. Кæд уæ хъуыддæгтæ иууыл рæвдз цæуой, уæд хорз уаид «æвзаг» самал кæнын дæр. Стæй хуымæтæджы «æвзаг» дæр нæ. Цас фылдæр зона, уыйас хуыз- дæр. К о ц ю б а. Бамбæрстам дæ, æм’бал булкъон. И ссæ. О, хæдæгай, мæ бон у æмæ уын фехъусын кæнон: не- мыцаг булкъон Эггерсы кæй фæуацар кодтат, стæй ахсджиаг су- сæг документтæ уæ къухы кæй бафтыд, уый тыххæй æмбал Ко- цюба нысангонд æрцыд Сырх Тырысайы орденмæ, сымах та дыууæйæ дæр Сырх Стъалыйы ордентæм. Хæрзиуджыты тых- хæй гæххæттытæ æрвыст æрцыдысты ССР Цæдисы Сæйраг Со- ветмæ. К о ц ю б а. ] III к р е б е ц. | Службæ кæнæм Советон Цæдисæн! А с л æ н б е г. ] Иссæ. Кæуылты, кæд æмæ,уæ куыд цæуын хъæуы, уый уын бæстондæр радзурдзæн дивизийы. штабы хицау. Ратдзæн уын картæ дæр. Мæ зæрдæ дарын, хъæбатыр цæргæстæ, æртæйæдæр сæрæгасæй кæй æрбаздæхдзыстут. Æрбацыд Симов. С и м о в. Бар ис, æмбал булкъон?. И с с æ. Мидæмæ. К о ц ю б а. Ацæуыны бар ис, æмбал булкъон? Иссæ.Цæут. С и м о в. Æмбал Коцюба, ды фæлæуу. И с с æ. Цы хабар у? Сæрмагонд хæс райста æмæ хъуамæ æвæстиатæй ацæуа йæ баххæст кæнынмæ. С и м о в. Æмбарын дæ, æмбал ’булкъон, фæлæ ахæм уавæр сæвзæрд, æмæ хъуамæ сержанты цæмæйдæрты æрфæрстытæ кæ- нон... И с с æ. Æрфæрстытæ?.. Коцюбайы? Симов. О. Куыд дивизийы сæрмагонд хайады хицау, афтæ мæн фæнды сбæлвырд кæнын чысыл цыдæртæ булкъон Волов- скийы «æнахуыр» фесæфты тыххæй. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ булкъон Воловский бахауд немыцмæ. Уыцы хъуыддаг æцæг куы разына, уæд нæ зиаджы фæсчъылдыммæ нæ балц æндæр хатмæ аргъæвын бахъæудзæн. И с с æ (Коцюбамæ). Æххæст кæиут бардзырд!: Коцюба æмæ йе ’мбæлиæ цырд фæзыллысты,. ацыдысты. 39»
С и м о в. О, фæлæ... æмбал булкъон... Цы ’бартæ мæм лæ- вæрд ис, уыдон зонгæйæ... Æгæр бæрнондзинад нæ исыс дæхи- мæ? Иссæ йæ мидбылты бахудти. С и м о в. Уый худæг нæу, æмбал дивизийы къамандир. Æз демæ иыхас кæнын официалон æгъдауæй... Уыцы бартæ мæм лæвæрд стьГæфсады сæрмагонд хайадæй, æмæ дзуапп дæр дæт- тын æрмæстдæр уый раз. И с с æ. Æмæ, зæгъын, уæддæр цæуыл хъуамæ дæттæм дзу- апп? Булкъон Воловский тохы уæззау цæф кæй фæци, ууыл? О, фæлæ ахæм бæллæх æрцæуын зоны мæныл дæр æмæ дæуыл дæр. С и м о в. Иæ байсæфты хабар бæлвырдгонд нæу. Уыцы хæ- стыты йемæ чи уыд, уыдон дзурынц, зæгъгæ, дам, хъазахъхъæг- тæн бардзырд радта, фæстаг гилдзы онг æхсут, зæгъгæ, йæхæ- дæг къутæртæм йæ гуыбыны цъарыл абырыд. Уæдæй нырмæ йæ иу адæймаг уынæг нæ фæци. И с с æ. Бафтау-ма йæм ноджы, æмбал майор: къутæртæм ба- бырыд йæ туг калгæ, дамбацайы фæстаг гилдз йæхицæн ныу- уагъта, афтæмæй. С и м о в. Иæ кой йын афтæ сæрыстырæй кæныс, цыма стыр хъæбатыр басгуыхт. И с с æ. Тохæн разамынд лæвæрдта булкъон Воловский нæ, фæлæ эскадроны къамандир капитан Хандажов. Сырхæфсæддон Берозы-фыртæн дæр бардзырд уый радта, цæф булкъоны æдас ранмæ ахæццæ кæн, зæгъгæ. Æз сæ дыууæйыл дæр æууæндын. Нæ раттаиккой уацары удæгасæй сæхи! Ницыхуызы! С и м о в. Дæ цæсты булкъон Воловский хъæбатыр у æмæ хъæбатыр!.. И с с æ. Æмæ уæдæ дæу куыд фæнды? Ссæдзæм азæй нырмæ парти æмæ Сырх Æфсады иузæрдион хъæбулæй кæй зонын, уы- цы адæймагыл ныр мæ къух сисон? Гадзрахатæйцæуæг æй схо- нон? С и м о в. Цæмæн дзы хъæуы ахæм стыр ныхæстæ, æмбал Плийы-фырт? Æнæзындгонд дын нæу, Воловский базаргæнæ- джы фырт кæй у. Зоныс ноджы, фыццаг дунеон хæсты прапор- щик кæй уыд паддзахы æфсады. И с с æ. Æмæ ды зоныс, Воловский æстдæсæм азы бархийæ Сырх Æфсадмæ кæй бацыд, ссæдзæм азæй нырмæ та партийы рæнхъыты кæй ис, уый? Дæуæн зындгонд у, Воловский мидхæ- сты рæстæг æртæ хатты тифæй рынчын кæй уыд, фæлæ уæддæр урсытимæ йæ хæцын кæй нæ ныууагъта, уый? С и м о в. Ссæдз азмæ царды бирæ ивддзинæдтæ æрцæуæн ис, æмбал Плийы-фырт. И с с æ. Мæнæн ис æфсæддои цин... Æфсады ’гъдау ма хал. ’ Симов (фæкуыддæр). Хатыр, æмбал булкъон... Сержант Коцюбайы бафæрсын мæ кæй нæ бауагътай, уый тыххæй та æз 400
хъуамæ мæхи хицауадæн фехъусын кæнон. Воловскийы хъуыд- даг, æз куыд æнхъæл дæн, афтæ куы рауайа... И с с æ. Цæмæн афтæ тынг ныххæцыдтæ уыцы хъуыдыйыл — булкъон æнæмæнг немыцмæ уацары бахауд, зæгъгæ?.. Æмæ кæд партизантæм ис, йе та йæ кæд хъæуы цæрджытæ искуы цæфæй ссардтой æмæ йæ немыцæй бамбæхстой, уæд та? Стæй дæм, æп- пынфæстаг, цавæр бæлвырдгонд фиппаинæгтæ ис, цæмæй хъæ- батыр къамандиры граждайнаг æмæ партион цæсгом дызæрдыг- гаг скæнай? С и м о в. Уыцы бафиппаинæгтæн сæ ном хуины къæрцхъус- дзинад... И с с æ. Дæ хæстæ куыд æххæстгæнгæ сты, уый дæхæдæг хуыздæр зоныс, æмбал майор, нæ дæ хъыгдарын, фæлæ къæрц- хьусдзинад уый нæ амоны, æмæ хъуыддаг нæма сбæрæггæнгæйæ адæймагыл гуырысхотæ кæнай. Афтæмæй фæрæдийæн дæр ис... (Паузæ.) Æз æнхъæлын, знаджы фæсчъылдыммæ ды дæр ацæу- дзыиæ немæ балцы? С и м о в. Уый мæ хицауадæй аразгæ у. И с с æ. Æмбарын. Уæвгæ, æнæуый дæр нæ балц дæргъвæтин у, стæй тæссаг. С и м о в. Æмбал булкъон, мæнæн Сырх Тырысайы орден Тверы бульвары тезгъо кæныны тыххæй нæ балæвар кодтой. (Æваст.) Æз æнæмæнг бацархайдзынæн, цæмæй мын раттой уе- мæ ацæуыны бар. Чи зоны, уæд иуцасдæр аивай дæ хъуыды мах тыххæй, сæрмагонд хайады кусджыты тыххæй. Адъютант æрбазгъорæгау кодта, бæрæг у, цыдæр ахсджиаг хабар фе- хьусын кæнынмæ кæй хъавы. Адъютант. Æмбал комдив, булкъон Воловский!.. И с с æ (фестад). Цы-ы?! Æрбацыд Воловский. Хуымæтæджы дарæс ыл, уый дæр скъуыдтæ. Цæуы къуылых, лæдзæджы ’нцæйтты, у æнæдæстытæ. Сергей Васильевич?! В о ло в с к и й. Æмбал булкъон... Æртын æвдæм полчъы раз- дæры къамандир... И с с æ. Уый цыхуызæн дæ? Кæцæй фæдæ?.. Воловский. Знаджы æрхъулайæ... Тархъæдты æмæ... цъы- маратыл... Хъæддаг гагатæ хæргæ... Мæн аирвæзын кодта... Бе- розты Таймураз... Уый куы нæ уыдаид... (Фæцудыдта.) Иссæ. Адъютант! Æвæстиатæй булкъоны—медсанбатмæ! А д ъ ю т а н т. Хъусын! Воловский. (æвдисы). Мæ документтæ... Æз хъуамæ ра- дзурон... хабæрттæ сымахæн... И с с æ. Уыйфæстæ, Сергей Васильевич! Хабæрттæ уыйфæ- стæ! Ныр та уал де ’муд æрцу! Дыууæ боны æмгъуыд дын дæт- тын, стæй фæстæмæ дæ полчъы сæргъы æрбалæуу. 26 Хъайиаты Сергей 401
Воловский. Æз?! Полчъы къамандиры бынатæй... истнæг дæн? И с с æ. Медсанбатмæ дæм зындзынæн. Зæгъдзынæн дын, цы кæнын хъæуы, уый. Воловский (йæ цæссыгтæ сæрфы). Æз... Æз... (Æвæры документтæ фæстæмæ.) И.ссæ. Адъютант! Зæгъ мæ номæй: булкъонæн дзыхъхъын- ног æфсæддон дарæс раттæнт. Адъютант. Ис! И с с æ. Фæдзур-ма Берозы-фыртмæ! Адъютант. Хъусын. Æмбал комдив, писмо. (Писмо йæм. радта, ацыд ) Симов. Ды... Воловскийы фæстæмæ полчъы къамандирæй æвæрыс?.. Æнæ сбæлвырдгæнгæйæ?.. И с с æ. Цы æнæ сбæлвырдгæнгæйæ? С и м о в. Знаджы æрхъулайы цы уавæрты бахауд, уый... Иссæ. Æз хорз сбæлвырд кодтон, полчъы къамандир Во- ловский чи у, цы у, уый — Смоленсчы цур цы хæстытæ цыд, уым. Æрбацыд Таймураз. Æнæдæстытæ, ууыл дæр скъуыдтæ дзаумæттæ. . Т а й м у р а з. Æмбал дивизийы къамандир! Разведчик Бе- розы-фырт дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзынд!- И с с æ. Полчъы къамандиры кæй аирвæзын кодтай, уый тыхг хæй — бузныг. Æз курдзынæи, цæмæй дын радтой паддзахадон хæрзиуæг. * • ТаймураЗг Службæ кæнын Советон Цæдисæн!* Иссæ. Ныр та — де взводмæ. Сержант Коцюбайы взводмæГ Таймураз. Коцюба æгас у? Шкребец æмæ Аслæнбег æгас сты? И с с æ. Æгас, æгас, æмбал Берозы-фырт. Цæугæ æмæ бау- лæф. Уæхи цæттæ кæнут ног хæс æххæст кæнынмæ. Т а й м у р а з. Хъусын! (Ацыд.) < Си мов. Бар ратт бафиппайын, æмбал дивизийы къамандир: æгæр ныфсхаст дæ бæрнондзинад химæ исыны хъуыддаджы. И с с æ. Бузныг де ’ппæлæн ныхасæй! Рухс ахуыссыд. ФÆНДЗÆМ НЫВ Хъæд фæззыгон фæлысты. Дардæй хъуысы сармадзанты абухын. Зыны хъæдгæсы хæдзаргонд. Ацы ран ис дивизийы къамандиры къамандыгæнæн пункт. Иæ рациимæ архайы Лизæ. Æрбацыд Коцюба. К о ц ю б а (схуыфыд). Æмбал Бережная... . Лизæ нæ хъусы. Л и з æ. Дыууын авд... Цыппор æртæ... Æртын цыппар... 402
Ко.цюба (хæстæгдæр бацыд). Æмбал Бережная!.. Л и з æ. Сæдæ иу... Æвддæс... Аст..г Иуæндæс... Коцюб.а (тынг хæстæг æм бацыд). Лизæ!.. Лизæ (рæвдз фездæхт, Коцюбайы уындæй асырх, йæ хъу- сæнтæ систа). Сережа! Ныртæккæ... (Акодта та хъусæнтæ, дард- дæр дзуры). Сæдæ иу... Æртын аст... Сбæрæг кодтон. Æхсæрдæс сахаты æмæ цыппар минуты. «Стрела». Салам! (Систа йæ хъу- сæнтæ.) Сережæ! Куыд æхсызгон мын у дæ фенд! К о ц ю б а. Нæ тæрсыс, рацийы цы сусæг хъуыддаг лæвæрд- тай, уый кæй фехъуыстон, уымæй? Л и з æ. Шифр у уый, æмбарыс, Сережæ, бынтон сусæг шифр... Ды нæ, фæлæ æз мæхæдæг дæр не ’мбарын, уыцы ны- ^мæцтæ се ’ппæт цы амонынц, уый. Коцюба. Уыдæттæ-йедтæ иучысыл зындгонд сты махæн. (Дæтты йæм гæххæтты сыф ) Курыи, ныр та мæнæ мæн шифров- кæ фехъусын кæн. Ацы ран дæр æрмæст нымæцтæ йедтæмæ ни- цы ис, фæлæ цы адæймагмæ æрвыст цæуынц, уый сæ бамбар- дзæн. Лизæ (мидбылхудгæ). Æри-ма сæ... Æнæмæнг сæ фехъу- сын кæндзынæн, æмбал Коцюба. (Гæххæтмæ кæсы.) Сержант Бережнаямæ? Ома — мæнмæ... К о ц ю б а. Раст афтæ... Дæ тæккæ дыууæ къухмæ. Лизæ (худы). Сереженькæ, æмæ ам нымæцты бæсты ны- хæстæ куы ис?.. К о ц ю б а. Гъемæ сæ сæмбæлын кæн бынатыл. Л и з æ (йæ дзыккутæ адзæбæх кодта). «Мæ зынаргъ...» «Мæ зæрдæдарæн...» Коцюба. Æгъгъæд! Мауал æй кæс... Мæн нæ фæнды, цæ- мæй ацы бæлæстæ, кæрдæг, зæхх æмæ уæлæ уыцы цъæх арв дарддæр хъусой, æз Лизæйæн цытæ дзурын, уый... Л и з æ. Хорз, Сережæ, æз æй фæстæдæр... (Фыстæг амбæх- сынмæ хъавы.) Коцюба. Нæ! Æрмæстдæр ныртæккæ... Гъе, æцæг æй дæ- хинымæр кæс. Фæстæдæрмæ йын аргъæвæн нæй, байрæджы уы- дзæн — цæуын сæрмагонд хæс æххæст кæныимæ... Л и з æ (тарстæй). Ногæй та? К о ц ю б а. Ногæй. Лизæ.Дард? Коцюба. Раст æртæ суткæмæ ам уыдзынæн. Л и з æ. Æнæхъæн æртæ суткæйы! Ко ц ю б а/Кæсгæ, зæгъын, дарддæр... Дæхинымæр. Лизæ кæсы. Паузæ. Зæгъ мын исты фæндарастæн^. Л и з æ. Зæгъын нымæцтæй: сæдæ... сæдæ... сæдæ... К о ц ю б а. Цы амоны уый? Л и з æ. Бон сæдæ хатты хъуыды кæндзынæн дæуыл.;. Сæдæ хатты химидæг ныхас кæндзынæн демæ... 403
К о ц ю б а. Сæдæ нæ, фæлæ йæ раст иунæг хатт куы загъта- ис... Уæддæр æз дунейыл мæхи амондджындæрыл нымаин... Л и з æ. Æмæ ныртæккæ амондджындæр нæ дæ? К о ц ю б а. Дæн! Дæн! Дæ ныхæстæ мæнæн базыртæ уыдзы- сты. Уыдон мæ фыдызнаджы нæмыгæй хиздзысты! Кæс мæм уæ- дæ, мæ зынаргъ Лизæ, æнхъæлмæ... Кæс... Æмæ-иу мын мæнæ ацы фыстæг мæ ныййарджытæм фервит. Æз сæм ам дæу тых- хæй ныффыстон... Не стыр уарзондзинады тыххæй... Нæ фидæны рæсугъд царды тыххæй. Ехх! Куы зонис, цыхуызæн уыдзæн нæ фидæн! Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн мæ райгуырæн горæт... Бауарз- дзынæ мæ хо, ме ’фсымæр, мæ ныййарджыты. Уыдон дæ зо- нынц... Ныридæгæн дæ уарзынц... Æнхъæлмæ нæм кæсынц... Л и з æ. Æцæг, Сережæ? Æз дæр. сæ рагацау уарзын. О, фæ- лæ уыдон мæн нæ зонынц. Нæ мæ уынгæ фæкодтой, нæ мын мæ хъæлæс фехъуыстой... К о ц ю б а. Уæларвон хъæлæс... Æрбацыд адъютант. Адъютант. Æмбал Коцюба! Дивизийы штабы хицау дæм дзуры. К о ц ю б а (æмраст алæууыд). Ис!. Адъютант ацыд. Хæрзбон, Лизæ! Л и з æ. «Хæрзбон?» Цæмæн «хæрзбон?» Цæуылнæ мын загъ- тай иннæ хæттытау «фенынмæ уал», зæгъгæ? К о ц ю б а. Цæмæй дæм тагъддæр кæнон... Л и з æ. Æз та — кæсон æнхъæлмæ... Коцюба. Мæ бынтæ дыл фæдзæхсын. (Дæтты чиныг.) Та- рас Шевченкойы æмдзæвгæтæ. (Хъазгæмхасæнты.) «Як помру, так поховайте мене у горищи»... Л и зæ. Цæмæн кæныс ахæм ныхæстæ?.. К о Ц ю б а (сласта дзыппыдаргæ сахат, йæ музыкæ сы- хъуыст). Цæй! Сахат сиды — цæуынафон у! Л изæ. Ахæм бон... Хъарм... Уæларвæй сызгъæриндонытылд сыфтæртæ хауы. К о ц ю б а. Ахæм изæр æз уарзтон уæларвмæ урс мигъты га- луантæм кæсын... Хърихъуппыты зардмæ хъусын... Цæмæндæр мæ ацы хатт мæ къах нæ хæссы... Уый, æвæццæгæн, дæу цурæй кæй цæуын, уый тыххæй у! Цæй! (Азгъордта.) Л и з æ (фенкъард). Цыдæр фыдбылыз цæудзæн... (Фæтарст.) Фæмард уыдзæн!.. Мæ зæрдæ мæм дзуры... Нал сыздæхдзæн... Никуыма дзырдта афтæ фæлмæн мемæ... Ахæм уарзон ныхæ- стæ... Раст мыл цыма йæхи фæдзæхста... (Тынг ныллæг хъæлæ- сæй, цæссыгкалгæ.) Сыздæх-иу мæм фæстæмæ, мæхи Сережень- кæ. Æнæмæнг-иу сыздæх. Рухс ахуыссыд. 404
ÆХСÆЗÆМ НЫВ Хъæд. Æрбацыд Исс^æ, нымæт зæхмæ йе уæнтæй æрæппæрста, уæлгоммæ йыл æрхуыссыд. Арвмæ кæсы. Фæзынд адъютант. Адъютант. Ирыстонæй цы писмо райстай, уый дæ ферох, æмбал булкъон. Иæ бакæсынæн нæ, фæлæ дын йæ байгом кæ- нынæн дæр рæстæг нæ фæци. (Дæтты къонверт.) И с с æ. Нæ уыди рæстæг, раст зæгъыс, Михал. Мæнæ ны- мæтыл мæхи æруагътон, кæсын арвы цъæхмæ. Бæлæстæ... Кæр- дæг.,. Мигътæ... Райгуырæн хъæу æрымысынæн хуыздæр рæстæ- гæн скæнæн нæй... Нæ цъитиджын хæхтæ... Нæ ферох сты дæуæй, Михал! Адъютант. Нæ ферох сты, æмбал комдив. Ныййарæг мад æмæ уарзон чызгæн рохгæнæн куыд нæй, афтæ нæ цъитиджын хæхтæн дæр... И с с æ. Иттæг хорз æй загътай. (Паузæ.) Рагæй дæ иу хъуыд- дагæй бафæрсынмæ хъавын... Ф.æуыдзæн хæст. Сыздæхдзыстæм нæхи Ирыстонмæ. Цы кусдзынæ, æфсадæй куы рацæуай, уæд? Адъютант. Цирчы, æмбал булкъон. И ’с с æ (рабадт дисгæнгæ). Цирчы? Æмæ уагæры цавæр цар- циаты диссæгтæ æвдисдзынæ? г Адъютант. Мæнмæ уыдзæн барджыты къорд — джигит- тæ... Адæмæн æвдисдзынæн, нæ хъæбатыр барджытæ знаджы фæсчъылдымы фрицты куыд дæрæн кодтой, уый. И с,с æ. Хорз фæндтæ дæм ис!.. О, фæлæ нырма знаджы фæс- чъылдыммæ балц дæр куы нæма акодтам, ды та нын ныридæ- гæн, не сгуыхтдзинæдтæ куыд æвдисдзынæ, уый сагъæстæ кæныс? Уый дын хъуыддаг, гъе! «Тугъанты Михалы барджыты къорд»... Иттæг хорз... (Паузæ.) Адъютант. Æмбал комдив! Бафæрсæн ис? ’ И сс æ. Табуафси. Адъютант. Гитлер æгас дунейыл айхъуысын кодта, хæрз- цыбыр рæстæгмæ хæст рамбулдзынæн, зæгъгæ. Куыд хъуыды кæныс ды та? И с с æ. Хæст уыдзæн дæргъвæтин æмæ уæззау. Адъютант. Дæргъвæтин? Цæмæн дæм афтæ кæсы? Иссæ. Митæй мæсгуытæ нæ амайдзыстæм, адъютант... Кæй дзы сайæм? (Систа блокнот, байгом æй кодта, дæтты йæ.) А д ъ ю т а н т. Уый циу? И с с æ. Рæстæмбис нымадæй, ацы хæсты дыууæрдыгæй дæр цас тыхтæ архайы, уый. А д ъ ю т а н т (кæсы). Ноджы се ’мцæдисонтæ... И с с æ. Ацы хæсты мах дæр æнæ ’мцæдисон нæ уыдзыстæм... Адъютант (паузæйы фæстæ). Нæ балцмæ ма баззад авд сахаты æрмæст, æмбал булкъон... Баулæфын дæ хъæуы... И с с æ. Раст дæ, адъютант. Дард балцы размæ баулæфын фæхъæуы. (Сыгом кодта къонверт.) Цымæ мæм цы фыссынц 405
ме ’мбæстæгтæ? О! Кэес-ма, Михал, зæронд джигитæй куы у пис- мо, Дзæрæхохты Хадзымуратæй... Зыны Хадзымурат, хъуысы йæ хъæлæс: Хадзымурат. «Мах дæ фыд Алыксандримæ амондагур дунейы къуымты зылдыстæм, нæ игæрæй сау сыджыт хафтам. Нæ Иры лæппутæй бирæтæ æцæгæлон бæсты дæ фыдау æнæ ирон хъарæгæй мæрдтæм бацыдысты. Ирон хъазты сæ уарзон чызджытимæ нæртон симд нал æркодтой...» (Иссæ арæхстгай, цыма йын æрхауынæй тарст, уыйау писмо фæстæмæ æрбадыдагъ кодта.) И с с æ. Чи зоны, фæхæрам мæм уаис, зæронд, куы зонис, Иссæ дын дæ писмо ныр æртыккаг бон халгæ дæр нæма ракод- та, уый, уæд... Нæ фæци рæстæг.. Ныххатыр кæн... (Паузæ.) Коцюба нæма æрбаздæхт? Адъюта нт. Нæма. И с с æ. Æртæ боны. Кæсдзыстæм æм æнхъæлмæ. Адъютант. Иучысыл уал афынæй кæ, æмбал булкъон. (Аиыд.) Сцеиæйы рухс сабыргай ахуыссыд. Фæстæмæ ссыгъди. Æрбазгъоры адъютант. Адъютант. Æмбал булкъон!.. Æмбал булкъон!.. II с с æ (цырд фестад). Цы хабар у?! А д ъ ю т а н т. Разведчик Шкребец фæмард! Коцюба уæззау цæф фæци... (Амоны къухæй.) Уым баззад... Аслæнбег развед- кæйы хабæрттимæ æрбаздæхт... Штабы хицауæн сæ дзуры... Ды раст уыдтæ: нæ балцæн цы фæндаг снысан кодтай, уый æппæ- ты æдасдæр разынд... И ссæ. Цал сахаты у? Адъютант. Æхсæвы æртæ сахаты, æмбал комдив! И с с æ. Ракетæтæ суадзæнт! Адъютант- Ис! И с с æ. Уадындзæйцйегъдджытæ! Адъютант. Цæттæ сты. И с с æ. Мæ бæх! А д ъ ю т а н т. Æвæрд у саргъ. И с с æ. Згъоргæ! Адъютант. Хъусын! (Азгъордта.) Иссæ нымæт йе уæнгтыл æрбаппæрста. Æмбæрзæн
ДЫККАГ АРХАЙД ÆВДÆМ НЫВ Рæстæгмæ немыцы къухтæм чи бахауд, ахæм хъæу. Зыны ауындзæн. Хъæуы цæрджытæ: сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ. Немыцаг салдæттæ. Пауль. Мах уæ æрæмбырд кодтам, цæмæй уæхи цæстæй фенат, немыцаг къамандыга^нынады бардзьфдтæ куыд æнæмæнг æххæстгæнгæ сты, уый. Сымахæн хъуыстгонд уыд: иунæг немы- цаг салдат кæнæ афицер амарæггаг уæ хъæуты цæрджытæй мард кæй цæудзæн æртиссæдз-фондзыссæдзы... Фæлæ абон мах æрца- уындздзыстæм æрмæстдæр хъæусоветы раздæры сæрдары, ком- мунисты, немыц цы ног æгъдау æвæрынц, уый цыфыддæр зна- джы — Андрей Субботины. Уый иунæг’ немыцаг салдаты дæр нæ амардта* Фæлæ уæм сидт, цæмæй æнæуынон суыдаиккам уæ цæсты, адæмы нæ ныхмæ ардыдта, халæн митæ кодта. Сымах хъуамæ бамбарат: фæцис йæ дуг большевикон Уæрæсейæн. Уæртæ уын уый та уæ Мæскуы, иунæг санчъех ма йæм баззад. Кæй нæ уырны, уый йæм биноклæй акæсæд (Систа йе ’фцæгæй бинокль.) Кæй фæнды большевикон Мæскуы фæстаг хатт фе- нын! Чи акæсдзæн? В а л я. Æз! Пауль. 0! Хъæбатыр чызг! Фрейлин, фæскомцæдисон уыд- тæ? В а л >т. Æз ныр дæр дæн фæскомцæдисон. Субботин. Валя! . П а у л ь. Уæдæ дын уæд Мæскуыйæн хæрзбон зæгъын æх- сызгондæр уыдзæн. (Дæтты Валямæ бинокль.) Цы уыныс? В а л я. Берлины пырхæнтæ. П а у л ь. Цы-ы?! В а л я. Зæгъын, уынын Берлины пырхæнтæ. Субботйн. Мæ чызг!!! Квасов дамбаца фелвæста. Пауль. Ма фехс! Ахæм ныфсхаст чызг мах удæгасæй хъæ- уы. (Адæммæ.) Махæн зындгонд у, Андрей Субботин бардзырд кæй радта, цæмæй сымах немыцаг салдæттæ æмæ афицертæн хъарм дзаума æмæ хæринаг ма дæттат. Ацы сталинон къæбы- лайы æрфæндыд, цæмæй уазалæй сæлæм, æххормæгтæ æййа- фæм... Фæлæ мах, немыцæгтæ, тæригъæдгæнаг стæм. Цæстуар- зон. Андрей Субботинæн йæ уд а’ирвæзыны фæстаг фадат дæт- тæм: уадз уæд раздæрау уæ хъæуæн хицау, æцæг ард бахæрæд, амæй фæстæмæ æнувыдæй кæй лæггад кæндзæн махæн, немы- цаг ног æгъдауæвæрджытæн. Субботин. Цалынмæ ды мæнæй «хайль» фехъусай, цъам- мар фашист, уæдмæ дæр уал... Куыдзы хъæвдын! Салдат Субботиины сæр топпыхъæдæй ныццавта. Андрей ахауд, фæласынц æй. 407
Валя. Мæ фыд!Æз сæрыстыр дæн дæуæй! (Паульмæ.) Лæг- мар! Æвæццæгæн, рагæй цæттæ кодтай дæхи ардæм æрбабыр- сынмæ, иугæр махырдыгонау афтæ сыгъдæг дзурыс, уæд! П а у л ь (Квасовмæ). Дыккаг бæндæн! / К в а с о в. Цæттæ уыдзæн уайсахат, господин афицер. (Тагъд- тагъдархайы.) П а у л ь. Тæригъæддаг хъуыддаг уаид, ахæм уарзæгой фыд æмæ чызджы кæрæдзийæ фæхицæн кæнын. (Валямæ). Цымæ дæ цы хуыздæр бафæндид, фрейлин — дæ цæсты раз дын дæ фыды куыд ауындздзысты, уый фенын, æви иннæ хъуыддаг: цæмæй дæ фыд фена, дæу куыд ауындздзысты, уый? В а л я. Кæд æцæгæйдæр ахæм цæстуарзон дæ, господин афи- цер, уæд мын ссæрибар кæн мæ фыды... дæхæдæг та уый бына- ты слæуу. Æз мæхи стыр амондджын схондзынæн, ахæм рæсугъд афицеры мæ фарсмæ ауындзæны бын лæугæ куы фенон, уæд. Иуварс, мæ фыд... Фæндаг ацы хæрзкондæн! (Квасовмæ.) Кал- мæй гуырд! Сис бæндæн мæ фыды хъуырæй æмæ, йæ зæвæттæ кæмæн сдæрыс, уыцы афицеры æфцæгыл æй бафтау! Пауль (йæхиуыл хæцын нал бафæрæзта). Æрцауындзут сæ! Дыууæйæ дæр. Тагъддæр! Фæлæ уал фыццаг мæнæ ацы фæскомцæдисон дамкъайы, фыццаг уал уый! Фыццаг!!! Æвиппайды хæстæгæй æрбайхъуыст гæрæхтæ, хъæр «ура». Немыцæгты тарст хъæртæ «Хъазахъхъ!» «Партизантæ!» Æрбазгъоры немыцаг салдат. Немыцаг салдат. Господин гауптштурмфюрер! Сырх хъазахъхъæгтæ! Пауль. Тæппуд! Мæнгæвдисгæнæг! (Фёхста йæ). Хъæртæ адæмы ’хсæнæй: «Нæхиуæттæ!» «Сырх Æфсад!» П а у л ь. Хæйрæджыты амæттаг!.. (Йе ’ргъæвд дамбацаимæ азгъоры.) Рухс æрхуыссыд. Хъуысы змæлд, уынæр, бæхты уасын, сæ хуыррыттытæ, æхсаргæрдты зыланг, фашистты удаист хъæртæ. Рухс фæстæмæ куы ссыгъд, уæд та ногæй уынæм уыцы фæз, æрмæст ацы хатт ауындзæны бын лæууы староста Квасов йæхæдæг. Хъæртæ адæмы ’хсæнæй: — Æрцауындзын æй хъæуы! — Гадзрахатæйцæуæг! — Фашистты зæвæттæсдæрæг! Квасов (йæ уæрджытыл æрхауд). Ныххатыр мын кæнут! Ма мæ бацарæфтыд кæнут! Цыдæриддæр мын зæгъат, уый кæн- дзынæн... Маргæ мæ ма акæнут, хорз адæм... Ныхæстæ адæмы ’хсæнæй: — «Хорз адæм», гъи? «Хорз адæймаг» уыдзынæ, æнаккаг, дæхæдæг уыцы бæндæн куы бавзарай, уæд... . • — Де сконд ауындзæн адæймаджы бауромдзæн æви нæ, уый дæхи бæрзæйыл бавзар! 408
С и м ов.'Æмбæлттæ! Старостæ Егор Квасовмæ ссардтам, уæ хъæубæстæй немыц фехсынмæ кæй хъавыдысты, уыдоны ном- хыгъд. Мæсты хъæртæ: — Цъаммар уæйгæнæг! — Мæлæт гадзрахатæйцæуæгæн! — Ауындзгæ! Симов. Æмбæлттæ! Æмбæлттæ! Ауындзæн уымæй никуы- дæм аирвæздзæн. Ныр та уал нын хъуамæ рахабæрттæ кæна йæ «ног» хицæутты тыххæй. (Квасовмæ).,}\æ къухтæ фæстæмæ! Цæугæ мæ разæй! Квасовы акодтой, адæм йæ фæдыл аивылдысты. Æрбацæуынц Лизæ æмæ Валя, сæ хæдфæстæ — Иссæ æмæ Шубин. Иссæ (Лизæмæ). Æмбал сержант, баиу-ма мæ кæн корпу- сы штабимæ. Л и з æ. Ис! Иссæ (Валямæ). Уый ды кастæ немыцаг биноклæй Мæс- куымæ? Ды дзы федтай Берлины пырхæнтæ? Л изæ. Уый, æмбал булкъон! Хъæбатыр чызг у. В а л я (ныфсæрмы). Лизæ... Нæ хъæуы... Л и з æ. Æмбал булкъон, Валя куры... Æмбал булкъон, бар ратт æмæ Валя нæ дивизийы баззайа. Æз æй рацийыл сахуыр кæндзынæн... И с с æ (бахудт). Дæттын бар. Л из æ. Бузныг, æмбал булкъон. Валя æмæ Лизæ цырд фездæхтысты ацæуынæввонг, Субботиныл хæрхæм- бæлд фесты. Валя. Мæ фыд! Радтой мын нæхиуæттимæ ацæуыны бар. Уадзыс мæ, мæ фыд? » С у б б о т и н. Цу, мæ чызг, цу... Лизæ æмæ Валя ацыдысты. И с с æ. Æмбал Субботин! Мæ дивизи сахаты фæстæ цæугæ кæны. Немыцаг скълæдты цы хæлц ис, уый æвæстиатæй хъæуы цæрджытыл байуарут. Аласут дзы уемæ хъæдмæ дæр. Партизан- ты къамандирмæ искæйы арвыстат? Субботин. Арвыстам. II с с æ. Куыддæр фæзына, афтæ мæ æвæстиатæй ссарæд. Субботин. Хорз, æмбал Плийы-фырт. (Ацыд.) И с с æ. Комиссар, æрæмбырд кæнын кæн æфсæддонты ми- тингмæ. Нæ фыццаг стыр фæуæлахиз ам, знаджы фæсчъылдымг уыдонæн хъуамæ суа бæрæгбон. Ш у б и н. Диссаджы хъуыды, Иссæ Александрович. И с с æ. Уæлахиздзинад, Борис Иванович, æвзæр хъуыдытæ иæ гуырын кæны. Ш у б и н. Уацайрæгтæн цы кæнæм? И с с æ. Цал сты? 40»
Ш у б и н. Æртæ ’мæ æртиссæдз адæймаджы. И с с æ. Цы фæнд дæм ис? Ш у б и н. Афицертæн — тæрхон. Иннæтæн — сæ хæцæнгæрз- тæ ист. Цæуæнт, кæдæм сæ фæнды, уырдæм. И с с æ. Разы. Уадз ныххæлиу уæнт фæйнæрдæм... Айхъуысын кæнæнт не ’рбабырсты кой дæрдтыл... Æмризæджы нæ куыд ри- зой.. Цы дæ, уымæи зонды къуыбар дæ, комиссар! Ехх! Цæй хорз уаид, Борис Иванович, æз æмæ ды Берлинмæ куы фæхæц- цæ уаиккам иумæ, уæд... Уым нæ хъæбатыр барджыты Берлины стыр уынгтæй иуы слæууын кæн æмæ сын уæлахизы арфæтæ? фæкæн .'.. Уыцы бонмæ фæцæр! Ш у б и н. Фæцæрдзыстæм, Иссæ Александрович! Ныхæццæ уыдзыстæм Берлинмæ дæр! И с с æ. Нæ саулохæгтыл... Ш у б и н. Æнæмæнг... Цон, æз митинджы кой бакæнон. (Ацыд.) Æрбацыд бастдзинады хицау. Бастдзинады хи.цау. Æмбал дивизийы къамандир, нæ алфамбылайы знаджы æфсæддон хæйттимæ бастдзинад фе- хæлдтам! И с с æ. Цы? Чи дын радта бар? Бастдзинады хицау (нæ йæ ’мбары). Æмбал бул- къон... Цæмæй ма базоной, ам цытæ æрцыд, уый... Иссæ (æркаст сахатмæ).( Сахатырдæджы фæстæ, сæ баст- дзинад куыд уыд, фæстæмæ афтæ арæзт куы нæ ’рцæуа, уæд — трибунал! Бастдзинады хицау. Хъусын! (Фезгъоры.) И с с æ. Фæлæуу! Сæ афицертæй сын искæйы тилифонмæ ба- кæнут: уадз фехъусын кæной хабар. Махæн ардæм нæ ныббыр- сты, нæ балцы сæр цæй мидæг ис? Цæмæй знаг зона, мах ам кæй стæм, уый! Цæмæй нæм бырса! Цæм’æй йæ хуыздæр диви- зитæ Мæ^скуыйырдæм нæ, фæлæ махырдæм фæуой... Бастдзинады хицау. Хатыр, æмбал булкъон... Æппæт- дæр бамбæрстон. И с с æ. Агурут, æфсадæй сын Берлинмæ цы бастдзинад ис> уый æмæ йæ халут! Цæугæ! Бастдзинады хицау. Хъусын ! (Азгъордта.) Æрбацыд Ребрин. Р е б р и н. Фæсмон кæнын мæ ныхæстыл, Иссæ Александро- вич. Ахæм æнтыстдзинæдтæ æз рагæй нал федтон мæ фыныдæр. Иссæ. Гъемæ сæ ныр хъал уæвгæйæ фен, мæ хæлар. Цы бакодтат цæфтæ ’мæ мæрдтæн? Р е б р и н. Мæрдты ныгæнæм. Цæфты хъæдмæ акодтам, Строгановы къордмæ. ,' И с с æ. Бастдзинад ис къорды къамандиримæ? Р е б р и н. Ам ис йæхæдæг дæр. Субботинимæ сæ баиу код- тон. Хъæуы цæрджыты эвакуаци кæнынц. 410
Иссæ. Ныр немыц Богородскийы хъæуæй дур дурыл нал ныууадздзысты. Р е б р и н. Æмбал комдив, мæнæ Богородскийы хъæуы хæ- стыты тыххæй нæ фехъусынгæнинаг корпусы штабмæ. И с с æ. Бакæс æй. Р е б р и н. «Комкор Доватормæ. Корпусы штабы бардзырд æххæстгæнгæйæ, дивизи батыдта хъахъхъæнæн бынæттæ æмæ* знагæн йæ фæсчъылдыммæ бацыд. Богородскийы хъæу æмæ йæ алфамбылай бацахстам. Немыцæн ууылты Мæскуыйырдæм цы сосæ æмæ æфсæйиаг фæндæгтæ цæуы, уыдон бирæ рæтты хæлд æрцыдысты. Сыгъд æрцыд, танкты -æмæ æндæр техникæйы ивæн хæйттæ бирæ æвæрд кæм уыд, ахæм стыр скълад. Срæмыгътам ноджы артиллерион скълад. Дæрæнгонд æрцыд авд немыцаг танчы, аст броневичы, æвддæс машинæйы, цыппар сар- мадзаны. Нæ Оарджытæ немыцæгтæй фæмард кодтой дыууæ- фондзыссæдз салдаты æмæ дыууиссæдз афицеры. Гитлеронтæй уацары ист æрцыд æртæ æмæ æртиссæдзы. Ауындзæны бынæй райстам æмæ мæлæтæй аирвæзын кодтам хъæусоветы сæрдар Андрей Субботины æмæ йæ чызг фæскомцæдисон Валентинæйы. Бастдзинад арæзт æрцыд партизанты къорды къамандиримæ.. Ацы ран знаджы æфсæддон хæйттæ дæрæнгонд кæй æрцыдыстыу уыйадæмы зæрдæтыстыр ныфсбауагъта,знагта удайст фæци. Плийы-фырт, Шубин, Ребрин». И с с æ. Уыцы эсесовон афицер Пауль Штраусы æрцахсын уæддæр къухы нæ бафтыд? Р е б р и н. Нагъ. Раст зæххы скъуыды ныххауд. И с с æ. Старостæйы фехстой? Р е б р и н. Фехстой... Иссæ. Чи цы фæагуры, уый ссары... (Паузæ.) Хъусынгæни- наджы уæлдай ницы æфтыд æрцыд... Иууылдæр раст фыст сты? Р е б р и н (чысыл ын фæхъыг). Æз дзы мæ къух сæвæрдтон, æмбал комдив... И ссæ (гæххæтты йæ къух æвæры). Код ын сараз, æмæ йæ Бережная йæ рацийæ æвæстиатæй инæлар Доваторыл сæмбæлын кæнæд. Р е б р и н. Хъусын. Æмбал комдив, разведкæ куыд зæгъы, афтæмæй Никлино, зæгъгæ, уыцы ран разынд хæцæнгæрзты скълад. Ноджы Дмитровойы хъæугæрон æрæнцад цавæрдæр не- мыцаг стыр штаб. И с с æ. Разведчиктæ цы хъусын кæнынц, уый бæстон бæл- вырд У? Ре б р и н. Аслæнбег зæгъы, мæхи цæстæй, дам, сæ федтон. И с с æ. Уæдæ дзы уæд гуырысхойагæй ницыуал ис. (Тагъд- тагъд,картæ райгом кодта.) Уыцы хабар хъуыддаг цæхгæр ивы,. æмбал штабы хицау, стæй нæ дарддæры балцы арæзт дæр. Ба- цæттæ кæн ахæм бардзырд: «Æртын æхсæзæм полкъ æмæ танк- ты полкъ нысангонд ранырдæм нал цæуынц. Æвæстиатæй ныб- бырса^нт Никлино æмæ Дмитровомæ». 411
Р е б р и н. 0, фæлæ, æмбал булкъон, æрцыд бардзырд кор- пусы штабæй: æгас дивизийæ дæр Заболотноейы хъæуырдæм цæуын, сæумæрайсом æй куыд бацахсæм, афтæ. Иссæ. Æгас дивизийæ дæр?.. Чи бафыста йæ къух ахæм бардзырды? Доватор? Р е б р и н. Нагъ, корпусы штабы хицау. И с с æ. Равдис-ма шифровкæ. Р е б р и н. Мæнæ. (Дæтты йæ.) И с с æ (акаст æй.) Нæ райстам мах ацы радиограммæ. Р е б р и н. Куыд нæ райстам? Æз мæ къух сæвæрдтон... Иссæ. Ды дæ къух сæвæрдтай, бардзырд кæй райстай, ууыл. Мæнмæ йæ кæй радтай, ууыл дæ къух нæ сæвæрдтай. Нæ райстон æз ахæм бардзырд. Ребрин. О, фæлæ... æмбал булкъон... Бар мын ратт, æмæ ацы бардзырды тыххæй бæрнондзинад мæхицæй сисон. И с с æ. Нæ дæттын. Æфсæддон уагæвæрды фыст ис: æнæ- мæнг æххæстгæнгæ у фæстаг бардзырд. Фæстаг бардзырд та дын дæттын æз. Цæттæ кæн, Иван Семенович, Никлино æмæ Дмит- ровомæ ныббырст. Р е б р и н. Хъусын! (Чысыл паузæ.) Тактикон æгъдауæй æз разы дæн демæ, æмбал булкъон, ф’æлæ... И с с æ. «Фæлæ»-тæ дзурагæй дæ нæ зыдтон, штабы хицау... Р е б р и н. Ацæуыны бар ис?.. Йссæ. Фæлæуу. Фæлæуу, Иван Семенович... Нæ мæ уыр- ны æмæ штабы хицау ахæм бардзырд" комкоры æвастæй ратта. Лев Михайлович Доваторы фæсайыны бар та æз æмæ дæумæ нæй. Мах цы бакæндзыстæм, уый зоныс, Иван Семенович? Уы- рыссаг æмбисондау — амардзыстæм дыууæ тæрхъусы. Р е б р и н. Нæ дæ ’мбарын, æмбал булкъои. х И с с æ. Уæд та ирон æмбисонд: цæмæй уæхст дæр ма басу- дза æмæ физонæг дæр. Ахсæв æртæ хъæуы дæр бацахсдзыстæм: Заболотное, Никлино æмæ Дмитрово. Р с б р и н. Ахсæв? Полчъыты улæфын дæр нæ бауадзгæйæ? Стæй полчъытæ кæрæдзимæ дард сты... Бастдзинады афицерты бон нæ бауыдзæн бардзырд æфсæддон хæйттæм афойнадыл фæ- хæццæ кæнын. Куыд сын фехъусын чындæуыдзæн? И с с æ. Раст зæгъыс, сагъæссаг хъуыддаг... Фæлæуу-ма... æмæ рацийæ цы кæны? Р е б р и н. Полчъыты рацитæм сусæгæй дзурыны код’ нæй. Иссæ (цыдæр æрхъуыды кодта). Мах полчъытимæ ныхас кæндзыстæм æнæ кодæй... Арвит-ма Лизæмæ! Р е б р и н. Полчъытæм? Хæстон приказ... Æргомæй?.. Хатыр, æмбал булкъон, фæлæ уый... Уый æнæрхъуыды ми у. Иссæ (хъæлдзæгæй). Æдас у, штабы хицау. Афтæ ма бан- хъæл, æмæ Плийы-фыртæн йæ тæккæ лæппуйы бонты йæ зонд фæцыд... Мах рацийæ полчъытæм бардзырд фехъусын кæндзы- стæм... иронау. Æз зонын: алы æфсæддон хайы дæр иу ирон разындзæн. 412
Р-е б р и н (æхсызгонæй). Иронау? Уый æндæр хъуыддаг у... Ныртæккæ Бережная ам уыдзæн. Иуæй зын кусæн у демæ, æм- бал булкъон... иннæмæй та — æнцон... / Иссæ (ныххудт). Хæст куы фæуа, уæд уын комиссаримæ нæхимæ æнæ ахонгæ нæй. Махмæ афтæ у — æртæ лæджы истæ- уыл куы бафидауынц, уæд æртыкъахыг фынджы уæлхъус сба- дынц... Ребрин. Иттæг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсдзынæн, Иссæ Александрович. (Йæ къух йæ худмæ систа. Ацыд.) Æрбацыд адъютант. И с с æ. Цæй, куыд цæуынц хъуыддæгтæ, цирчы фидæны ар- тист Тугъанты Михал? А д ъ ю т а н т. Хъуыддæгтæ афтæ цæуынц, æмæ хуыздæр скæ- иæн нæй, æмбал булкъон. Инæлар фон Штраус Берлинмæ сæй- раг къамандыгæнынадмæ цы радиограммæ æрвыста, уый нæ тсъухы бафтыд. И с с æ (рæвдз). Акæс-ма йæ, Михал. Æрмæст афтæ: кæс æй артистау, уыцы гитлерои инæлар ныртæккæ цы уавæрты ис, уый дзæбæх куыд бамбарон... Адъютант (кæсы). «Ме ’фсад кæм æрæнцад, уым нæ фæсчъылдыммæ æрбаирвæзт дæсгай мин хъазахъхъæгтæй фыл- дæр. Ис сæм танктæ, сармадзантæ, пулеметтæ, минометтæ. Уæл- дай тæссагдæр сты сæ митæ æфсæнвæндаг æмæ сосæвæндæгтыл. Фылдæр, архайынц æхсæвыгон. Хæцæнгæрзты æмæ хæлцы скълæдтæ рæдувынц. Булкъон Плийы-фырты хъазахъхъæгтимæ тохы мæн хъæуы фистæг æфсады дыууæ дивизийы, иу дивизй танктæ; æнæмæнг уыдонимæ хъуамæ уа ноджы артиллерийы полкъ æмæ минометты батальон. Уыдон куы нæ уой, уæд Мæс- куымæ ме ’фсады дарддæры бырст хъуыдыйаг у...» Иссæ. Ха-ха! «Хъуыдыйаг», гъи? Бузныг, адъютант, инæлар> фои Штраусы «сагъæсты» тыххæй. Æрбацыд Лизæ. Л и з æ. Æмбал булкъон! Цæмæн мын загътай мæнг ныхас? Мард куы фæци Коцюба? (Кæугæ-кæуыны.) Сымах æй... зыд- тат! Зыдтат уыцы хабар æмæ йæ басусæг кодтат мæнæй. Куыд бакодтат афтæ?.. Куы зыдтат, æз... Æз æй... Иссæ (æрæджиау). Бакодтон, Лизæ. Бакодтон афтæ. Куыд дын æй схъæр кодтаин? Нæ балцы тæккæ райдианы дын дæ зæрдæ куыд асастаин? Æнхъæлмæ кæсынæй дæ æнæхай куыд фæкодтаин? Мардæн райгасгæнæн нæй. Коцюба разведкæмæ цæупæйæ зыдта, ахæм ранæй æдзух фæстæмæ кæй нал æрбаз- дæхынц, уый дæр. Зыдта, фæлæ ацыд. Куы нæ ацыдаид, йæ бæ- сты æндæр исчи куы ацыдаид, уæд та йæ ды уарзгæ дæр нал кодтаис. Зæгъ-ма, афтæ нæу? Уарзтаис ма йæ уæд ды? Ли’зæ (дзуаппы бæсты.) Æз (æй уайтагъддæр зыдтон!.. Ни- куыма мын дзырдта йæ ацыды агъоммæ ахæм... ахæм æхсызгон ныхæстæ... 413
И с с æ. Гъемæ сæ цæрæнбонты дæ зæрдыл бадар. Дæ зæр- дыл бадар ноджы иу хъуыддаг. Мах хæсты стæм... Хæсты та мæлæт немæ æмбæхсынты нæ хъазы. Уæвæн ис æмæ фæмард уон æз дæр. Кæнæ ды... Чифæнды дæр махæй. Уымæ гæсгæ, ма* уал кæнæм ацы ныхас. Уыйфæстæ, Лизæ... Фæстæдæр. Нæ бал- цæй куы баздæхæм Стыр зæхмæ фæстæмæ, уæд æз дæуæн ра- дзурдзынæн, дæхи Сергей знаджы фæсчъылдым йæхи куыд хъæ- батырæй æвдыста, уый... Уæдмæ та уал — фæуром дæхи... Л и з æ. Хорз, æмбал булкъон. (Йæ цæссыгтæ ныхъуыры, æмраст алæууыд.) Дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзындтæн! И с с æ. Ныртæккæ æз рацийæ æнæ кодæй хъусын кæндзы- нæн бардзырд полчъытæн. Л и з æ. Цæттæ дæн æз, æмбал булкъон... , И с с æ. Алы полчъы д«æр рацийы уæлхъусмæ æрбакæнæнт ироны. Семæ дзурдзынæн мæхæдæг. Л и з æ. Хъусын. Рухс ахуыссыд. ÆСТÆМ НЫВ Сценæйы галиуварс зынынц Иссæ æмæ Лизæ рацийы уæлхъус. Æртæрды- гæй радыгай зындзысты полчъыты радисттæ, сæ цуры — сæ къамандиртæ. Зыны сценæйы астæу разуæзгомау немыцаг радист. Рацийы хъуысынц Иссæйы ныхæстæ ирæттимæ. Р а ц и й ы. Æртын æвдæм æфсæддон хай. Рацийы уæлхъус Хуыбецты Григорий. И с с æ. Картæйыл квадрат цыппор фондз-цыппор аст ссарГ Р а ц и й ы. Ссардтон, æмбал фыццæгæм. Иссæ. Уым цы стыр хъæу ис, уый уыныс? Иæ ном ын ма зæгъ. Р а ц и й ы. Уынын. (Амоны Воловскийæн картæмæ.) И с с æ. Уырдæм бырсут ахсæв фараст сахатыл, дæлбулкъон Тарасенкойы æфсæйнаг уæрдæттимæ. Рацийы. Бамбæрстон, æмбал фыццаг... Немыцаг радист кæдæмдæр азгъордта. Р а ц и й ы. Тарасенкойы æсфæддон хай. Рацийы уæлхъус Тлатты Алыксандр. И с с æ. Картæйыл квадрат цыппор фондз-цыппор асты цы стыр хъæу ис, уый уыныс? Р а ц и й ы. Уынын, æмбал фыццаг. (Амоны йæ къамандирæн картæмæ.) И с с æ. Уырдæм бырсут ахсæв фараст сахатыл æртын æв- дæмимæ. Къамандиртæ фембæлæнт, кæрæдзимæ дард не сты^ ^ацийы. Ис... Немыцаг радист йе ’мбалмæ фездæхт, дисгæнгæ хъусынц. 414
Рацийы. Алло! Цыппор æртыккæгæм æфсæддон хай хъу- *сы. Дллб! И ссæ. Чи дæ? Р а ц и й ы. Куыд чи? Габолаты Будти. Иссæ. Дæ къамандирæн зæгъ, æмæ ахсæв фараст сахатыл «ыббырстмæ цæттæ куыд уой, афтæ. Р а ц и й ы. Хорз. (Бакаст йæ къамандирмæ.) И с с æ. Сахаты фæстæ мæхæдæг дæр уым уыдзынæн. Р а ц и й ы. Гъемæ хорз. И с с æ. Æфсады рагæй дæ? Р а ц и й ы. Куыд рагæй? Æнæхъæн мæйæ фылдæр. И с с æ. Иронау зарын зоныс? Р а ц и й ы. Куыд зарын? Ирон лæгæй та зарын чи нæ зоны? И с с æ. Уæдæ-ма ныццæлхъ лас, Будти. Уадз æмæ немыцæгты •сæртæ разилой. Р а ц и й ы. Уай, уай, æз мæ кайыстæм куы цæуын, Уай, Хъæстуаты Хъазыбег! Цæуылнæ мæ ауадзут, Зилгæйы родгæстæ? Хъуысы Иссæйы худын. Немыцæгтæ зарæг радиойы хъæры бын фæкæнын- •мæ хъавынц, фæлæ сын не ’нтысы. Иссæ йæхæдæг ныззарыд, ирæттæ йын .алырдыгæй рациты хъырнынц. И с с æ. Уай, уай, мах уæ афтæмæй Куы нæ ауадздзыстæм, Уай, не ’нæхонгæ уазджытæ, Мах уын уæ цъæх галифетæ Уе ’фцæджы бафтаудзыстæм Æмæ уæ афтæмæй Бынатмæ ныххæццæ кæндзыстæм... Рухс ахуыссыд. Ссыгъд фæстæмæ. Райхъуыстысты та тохы уынæртæ. Æрбазынд Иссæ æхсгæ-æхсын, йæ галиу къухæй хæцы цæф хъазахъхъа- тыл. Æруагъта йæ арæхстгай зæхмæ. Цалдæр хатты фехста автоматæй. Хъа- захъхъаджы цæф бæтты. Хъазахъхъаг. Æртыхсынц ныл... (Архайы æхрыныл, цал- дæрæхсты фæкодта.) И с с æ. Уæртæ уыцы дагъмæ дæ гуыбыны цъарыл быргæ. .Æз сæ бауромдзынæн. Æхст стынг. Хъазахъхъаг. Æмбал булкъон, хъыгдарыны хос йедтæ- мæ дын ницы дæн. И с с æ. Æз та дын æцæг хъазахъхъаг барæг æнхъæлдтон... Хъазахъхъаг. Курын дæ, ныууадз мæ ам... Мæ хъуыд- даг æз мæхæдæг æмбарын. Иссæ. Æз нырма хъуамæ дæ чындзæхоæвы скафон... 415
Æрбайхъуыст гæрæхтæ, фæзынд цалдæр немыцаджы, Иссæ сыл автомат аскъæрдта, тох чысыл фæсабыр. Хъазахъхъаг Иссæйы ныхыл туг ауыдта. Хъазахъхъаг. Æмбал булкъон, цæф дæ? Фæзындысты Хандажов æмæ адъютант. А д ъ ю т а н т. Æмбал булкъон... (Йæ цæф ын бæтты.) И с с æ. Цы баисты артиллеристтæ? X а н д а ж о в. Æдас ран сты уыдон... (Кæйдæр ауыдта.) Немыц! И с с æ. Æхсут! Æхсынц Иссæитæ дæр æмæ немыцæгтæ дæр. Рухс ахуыссыд. ФАРÆСТÆМ НЫВ. Инæлар Штраусы штаб. Тагъд-тагъд æрбацæуы адъютант Штаубе. Штаубе. Господин инæлар! Нæ радисттæ дзурынц, зæгъ- гæ, дам, ам кæмдæр хæстæг кусы цавæрдæр æнæзонгæ радиос- танцæ. Фæдзырдта фондз минутмæ æввахс. Ш т р а у с. Цавæр æвзагыл? Ш г а у б е. Ницы йын раиртæстой. Штраус. Фондз минуты дæргъы ныхас цы ’взагыл цыд, уый чи нæ иртасы, ахæм радистæн нæ бынат — акъоппы... Ш т а у б е. Ард хæрынц: нæдæр уырыссагау дзырдтой, нæ- дæр — англисагау... Фæстагмæ, дам, сæ паддзахадон гимн аза- рыдысты. Ш т р а у с. Цавæр бæстæйы гимн? Штаубе йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта. Сыхъуыст тилифоны дзæнгæрæг. Штаубе инæлармæ хæтæл дæтты. Штраус хъусы. Паузæ. Хъус-ма, булкъон, куыд дæ бамбæрстæуа? Уыдон бырсынц размæ æви мах? Мах Мæскуымæ бырсæм, уыдонæн та сæ хъа- захъхъ Берлинырдæм фессæстой?! Æз дæу куы фæрсын: размæ- чи бырсы? Уырыс æви мах?! Цавæр Плийы-фырт? Цавæр До- ватор æмæ Мельник?.. Цыппар æмæ ссæдз сахатмæ уыцы хъæу- тæ фæстæмæ ист куы нæ ’рцæуой, уæд—трибунал... (Æрæвæрд- та хæтæл, йæ адъютантмæ скаст.) Ш т а у б е. Радиограммæ Берлинæй. Ш т р а у с. Æмæ.уæд цы ныхъхъус дæ ныронг? Ш т а у б е. Мæн фæндыд... Æз хъуыды кодтон... Ш т р а у с. Сæрхъæн! (Ратонæгау кодта радиограммæ, къæ- лæтджыны йæхи æрæппæрста, бакаст æй.) Ам цы фыст ис, уый зоныс? Дæ инæлары дын цъыфимæ змæнтынц... Æртхъирæн кæ- нынц! Афтæ хорз зонынц Берлины скъаппы уырытæ, Хурыскæ- сæн,фронты цытæ цæуы,.уый. (Иуварс баппæрста гæххæтт). Цы ма? 416
Штаубе (п^пкæйы гæххæттытæ иугай исы). Иæ батальо- нæй чи фæдзæгъæл, уыцы афицерæн цы кæнæм? Ш т р а у с. Бацæттæ кæн бардзырд: æфхæрæн ротæмæ йæ арвитæнт хуымæтæджы салдатæй. Ш т а у б е. Хъусын. Уацайрæгтæ, господин инæлар? Ш т р а у с. Се ’нæнизты — концлагерьмæ... Иннæты... æцæг ам нæ... Ш т а у б е. Æмæ, æппынфæстаг... Æддаг уаты æнхъæлмæ кæсынц танкæты дыууын цыппæрæм полчъы къамандир дæлбул- къон... Ш т р а у с. Раздæры къамандир... Ш т а у б е. Раздæры къамандир... Стæй, йæ хъуырæй галстук; халын чи нæ уагъта, уыцы пионеры дæр æрбакодтой. Ш т р а у с. Фæдзур уал дæлбулкъонмæ. Ш т а у б е (дуарæй адзырдта). Дæлбулкъон Рихтенберг, та- буафси. Æрбацыд Рихтенберг. Дæлбулкъон (къух размæ раппæрста). Хайль Гитлер!: Штраус ын йав саламæн дзуапп нæ радта. Господин къамандыгæнæг! Танкæты дыууын цыппæрæм пол* чъы къамандир дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзынд. Ш т р а у с. Раздæры къамандир... Раздæры дæлбулкъон... Дæлбулкъон. Господин инæлар... Ш т р а у с. Дæ полкъ фæхудинаг кодта фюреры намысджын æфсад, полкъæн йæ къамандир та — вермахты афицеры мундир. Худинаг! Ме ’фсады хуыздæр полчъытæй иуы æндон танкæтæ хъазахъхъы гæлхæрд бæхтæй фæтарстысты æмæ сæм хъæдмæ- нæ бауæндыдысты... (Худы.) Цал танчы дын скарстой се ’хсар- гæрдтæй, Рихтенберг? Дæлбулкъон ницы дзуры. Дæу куы фæрсын æз, цал танчы скарстой се ’хсаргæрдтæй? Дæлбулкъон. Нæ полкъæй фæхъуыд æвддæс танчы... Кæрдгæ сæ нæ кодтой... Судзгæ сæ бакодтой... Ш т р а у с. Танкисттæй та физонджытæ скодтой... Афтæ æм- баргæ у дæ ныхас? Мæнæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Плийы-фырт ирон у, кавказæгтæ та физонæг уарзынц... Афтæ нæу? Дæлбулкъон. Æхсæвыгон ныббырстой... Нæ, нæ... Мæхи сраст кæныны тыххæй нæ зæгъын. Æз дзурын, хъуыддаг куыд рауад, уый. Мæ салдæттæ æмæ афицерты æз уыцы ’хсæвы хуы- зæн удаистæй никуыма федтон. Иуæй-иутæ дзы сæ танкæтæм дæр нæ бахæццæ сты... Æцæг æхсаргæрдтæй карст уым уыд... (Æмраст слæууыд.) Æз дæн аххосджын. Ш т р а у с. Æгъгъæд! Трибунал! 27 Хъайттатм Сергей 417
Инæлары\ амындмæ гæсгæ йын Штаубе йæ пъагæттæ срæмыгъта, айста ,йын йæ гæрзтæ. Дæлбулкъон. Господин инæлар, кæддæр афтæ загътай, :иу горæтаг, дам, стæм... Иу скъоламæ цыдыстæм... Ш т р а у с. Æмæ? Ау, гермайнаг афицёр бынтон ахæм æгад ранмæ æруадза йæхи, æмæ йын йæ полкъ кæй ныддæрæн код- той, уый тыххæй хатыр кура? .Дæлбулкъон. Нæ, хатыр нæ курын... Господин къаман- дыгæнæг... Дамбаца курын, иунæг гилдзимæ æрмæст. Штраус (хæстæг æм бацыд.) Хи амарын дæр тæппуддзи- нады нысан у, Рихтенберг. Ссар дæхи^æ кадимæ амæлыны хъа- ру! Акæнут æй! Ш т а у б е (æддæмæ). Хъахъхъæнджытæ! Æрбацыд дыууæ салдаты, акодтой Рихтенбергы. Штраус. Трибуналы тæрхон æвæстиатæй æххæстгонд æр- цæуæд! Фехъусын ын кæнæнт йæ бинонтæн: «Дæлбулкъон Рих- тенберг хæсты быдыры хъæбатырæй фæмард». Германы æфсады тæппудтæ нæй... (Паузæ.) Дзурынц, зæгъгæ, дам ды, Штаубе, хæсты размæ галæргæвдæны куыстай? Ш т а у б е. Господин инæлар, уый уыдис тынг раджы, æмæ йыл фæсмон кæнын. Ш т р а у с. Зæгъ-ма, гæлæргæвдæг тугæй тæрсын куы бай- ;дайы, уæд ын цы гæнгæ у? Ш т а у б е. Æвæстиатæй æндæр адæймаг райдайы йæ бæсты ’кусын. Ш т р а у с. Гъе, афтæ. Хъуамæ мах дæр тупæй ма тæрсæм. Уымæн æмæ нæхи тæппудты туг æмæ не знæгты туг æнгæстæ сты. Разы дæ мемæ? Штаубе. Æнæмæнг афтæ, господин инæлар... Æнгæстæ сты... Ш т р а у с. Уæдæ, зæгъыс, уыцы йед... Цы йæ схуыдтай?.. Пионер æддаг уаты бады? Ш т а у б е. Раст афтæ... бады. Ш т р а у с. Ракæн-ма йæ. Штаубё ацыд, æрбакодта Валеричы, Штраус стъолæй сырх галстук рай- ♦ста æмæ лæппумæ хæстæгдæр бабадт. .Ацы сырх хæцъил дæу у? В а л е р и к. Уый хæцъил нæу. Пионеры нысан у, сырх гал- ютук. " Ш т р а у с. Æмæ уæд сырх цæмæн у, уый дæр зоныс? Валерик. Зонын. Сырх революцийы хуыз у. Ш т р а у с. О, о! Мæнæн фехъусын кодтой: дамбацайы дзых дæм сарæзтой, уæддæр нæ систай дæ галстук, цалынмæ дын æй дæ хъуырæй срæмыгътой, уæдмæ... Æцæг у уый? В а л е р и к. Æцæг. Ш т р а у с. Дæ ном цы хуины? 418
В а л е р и к. Валерий. Штраус. Зæгъ-ма, Валерий, дæу цæрьгн тынг фæнды? Валерик. Цæрын алкæйы дæр фæнды. Ш т р а у с. Иттæг хорз æй загътай — цæрын алкæйы дæр фæнды. Æз зонын аргъ кæнын хъæбатыртæн. Айс дæ галстук. Валерик райста галстук, йæ хъуырыл æй бæтты, Штраус æм лæмбынæг бирæ фæкаст. Ды загътай, цæрын дæ тынг фæнды, зæгъгæ. В а л е р и к. Æз «тынг», зæгъгæ, нæ загътон. Штраус. О, о. Бахатыр кæн. Ды «тынг», зæгъгæ, нæ загъ- тай. О, фæлæ ды загътай — цæрын дæ фæнды... Гъемæ хорз... Мах балæвар кæндзыстæм дæуæн цард, æцæг хъæбатырдзинад куы равдисай,.уæд. Ды зоныс, дæ партизан фыд махмæ ахæсто- ны кæй бады. Уый немыцы ’фсæдтæн бирæ знаггад æрхаста, æмæ хъуамæ æрцæуа мард. Ныртæккæ дæ йæ цурмæ акæндзысты. Ратдзысты дæм дамбаца иунæг гилдзимæ æмæ дзы ды дæ фыды фесхдзынæ. Лæппу ныффæлурс. Иæ бон сдзурын ницуал у. Уый уыдзæн æцæг хъæбатырдзинад... Цæргæйæ баззайдзы- нæ... Хъаз де ’мгæрттимæ... Ноджы дын — хæрзиуæг... В а л е р и к (паузæйы фæстæ). Æз... Разы дæн... Штраус (æваст). Уый — хорз! Иттæг хорз! Штаубе! Ацы дзæбæх лæппуйы йæ ницæйаг фыдмæ акæн. Ш т а у б е. Хъусын. - Ш т а у б е. Акæн хуызисæджы демæ.Ныв — æвæстиатæй Гер- маны газеттæм! Ш т а у б е. Хъусын, господин инæлар... (Акодта Валеричы.) Æрбазгъорæгау кодта Пауль. Иæ дарæс скъуыдтæ, у æнæдæстытæ, чъи- зи. Иæ иу къахæй чысыл къуылых цæуы. Ш т р а у с. Кæцы дæ? Чи дæ æрбауагъта?! П а у л ь. Мæ фыдыфсымæр! Уый æз дæн... Пауль... 111 т р а у с. Пауль?! Кæцæй фæдæ? Цæф дæ? Пауль. Тынг æвзæр хабæрттæ... Рауадз-ма мын коньяк... Бастадтæн... Хуыцау! Цæй тыххæй мæ бафхæрдтай?! Цы дын кодтон? (Ныхъхъæрзыдта, бандоныл йæхи æруагъта.) Штраус (балæвæрдта йæм коньячы агуывзæ). Дзургæ! Дзургæ, мæ хъæбул! Афтид дæ уындæй дæр зæрдæ куы уазал кæны... П а у л ь (ануæзта). Ныртæккæ... Ныртæккæ... Мæ сæрмагонд къорд суанг Мæскуыйы тæккæ цурмæ бахæццæ... Æз иучысыл Богородскойы хъæуы афæстиат дæн дæ резервон корпустæй иуы. Бафæндыд мæ иу-цалдæр большевикон комиссары мæхи дыууæ къухæй æрцауындзын... Уалынмæ дын кæсын, æмæ... Хуыцау! Цытæ цæуы дæ быны?! (Иæ цæсгом дыууæ къухæй амбæрзта.) Ш т р а у с. Æз дæумæ хъусын, мæхи Пауль. П а у л ь. Нæ дæ бауырндзæн... Зындоны арт! Æз мæхи цæ- 41»
стытæй федтон, мæхæдæг... Иу хъазахъхъаг æртæ салдаты бы- руйы раз баййæфта, æррайау сыл æхсаргардæй ралæууыд уæл- бæхæй... Мæнæн сын мæ бон баххуыс кæнын ницæмæй уыд... Мæ зæнг... Зæгъ сын: ныртæккæйы сахат мын укол куы нæ скæной, уæд байсæфтæн. Ш т р а у с (тилифоны хæтæл фелвæста). Дохтыры æвæстиа- тæй ардæм! (Æрæвæрдта хæтæл.) Пауль, æз уынын... æмбарын- дын дæ уавæр, фæлæ æз хæстон дæн.. Мæн базонын хъæуы ха- бæрттæ бæлвырддæр... Цы ’рцыд? П а у л ь. Æнамонд хабар... Æз нæ сæххæст кодтон Гиммле- ;ры бардзырд, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ныр æй æххæст дæр нал скæндзынæн. Иуварсгонд æрцæудзынæн Мæскуы фæдæлдон кæныны кадджын хæсæй... Уыцы æдбæх абырджытæ мын мæ цард фехæлдтой! Цавæр æфсæдтæ ис дæ дыккаг эшелоны, инæ- лар, уырыссаг барджытæ дзы арф миты лæгæрдæгау куы æр- бакодтой. Ш т р а у с (фæхъыг ын, фæлæ йæхи фæурæдта; бынтон са- бырæй). Раст у, дæ уавæр иууыл æнцонтæй нæу, мæ хæлар. (Ра- цу-бацу кæны.) Фæлæ ма ис иу фадат, хъусыс, иунæг фадат, æр- мæст уый фæрцы дæуæн дæ бон бауыдзæн дæ кæддæры кад æмæ ном бахъахъхъæнын. П а у л ь. Зæгъ æй! Зæгъ мын æй тагъддæр. Ш т р а у с. Ды хъуамæ амарай булкъон Плийы-фырты. П а у л ь. Æгæр æгъатыр дæ, мæ фыдыфсымæр! Дæ хъæбысы мæ бирæ фæхастай... III т р а у с. О, æгъатыр дæн æз. Æрмæстдæр уыцы æгъатыр- дзииады фæрцы у аирвæзын нæ бон нæ дыууæйæн дæр нæ худи- каджы хъæрæй. Мæнæ-ма кæс, абон Берлинæй цы радиограммæ райстон, уымæ. (Кæсы йæ.) «Инæлар-лейтенант фон Штраусмæ. Бардзырд дæттын, не "’фсæдтыфæсчъылдым уырыссаг бæхджьгн æфсад архайы, зæгъ- гæ, цы цардхалæн дам-думтæ цæуы, уыдонæн æвæстиатæй кæ- рон скæнын. Бардзырд дæттын ноджы: Мæскуы бацахсыны тых- хæй цы имперон пълан арæзт æрцыд, уый дарддæр дæр хъуамæ .æнæкъуылымпыйæ æххæстгонд цæуа. Дæ зæрдыл дын лæууын кæнын: исты тæссаг дам-думтæ ма мæм куы æрыхъуыса, уæд ист æрцæудзынæ æфсады къамандыгæнæджы бынатæй æмæ дæ хъуыддаг лæвæрд æрцæудзæн хæстон трибуналмæ. Фельдмар- •шал Кейтель». Куыд уыныс,афтæмæй Плийы-фырт нæ дыууæйы дæр тынг .æхсызгон хъæуы. Дохтыр (æрбацыд). Господин инæлар... Штраус (йæ ныхас ын фæлыг кодта). Гауптштурмфюре- ры цæфмæ базил... Дохтыр цæфы уыны. Æрмæст æнæ æндæр медицинон кусæджы æххуысæй. /420
Дохтыр. Уый гæнæн нæй, господин къамандыгæнæг. Ка- шитап хъуамæ ацæуа мемæ, госпитальмæ. Ш т р а у с. Иу госпиталь дæр нæ. Хъуамæ иунæг адæймаг ,дæр ма базона хъуыддаг. Стæй цас цæф у? Цъæррæмыхст. Дохтыр. Бамбæрстон, господин инæлар. Бар ратт, æмæ медицинон инструменттæ æрбахæссон. Ш т р а у с. Цу! Дохтыр дуарырдæм фæцæуы, чысыл ма бахъæуа, Штаубе йæ ма скъуыра. .Дохтыр ацыд. Ш т а у б е (фæдисонхуызæй). Господин инæлар! Уыцы... Уы- цы куыдзы къæбыла дамбаца йæ фыдырдæм нæ, фæлæ æваст гмæнырдæм фæцарæзта!.. Мæ амонд уыди, æмæ дзы хус гилдз сæвæрдтон... афæлварон æй, зæгъын... Ныкъкъæпп æй кодта мæ- нырдæм... Ш т р а у с. Бынтон æдылы нæ дæ. Ш т а у б е (нырма ныр базыдта капитаны). Господин гаупт- литурмфюрер! Цы кодтай? Штраус (æваст цыдæр ахъуыды кодта). Штаубе!.. Уыцы хус гилдз, æнхъæлдæн, ныртæккæ бирæ ифтыгъд гилдзытæй зы- наргъдæр разындзæн махæн. Уæдæ, зæгъыс, лæппу йæ фыды •<5æсты дæу мардта? Ш т а у б е. Раст афтæ, господин инæлар. Ш т р а у с (коньячы агуывзæ рауагъта æмæ йæ Паульмæ ’дæтты). Ныххуыф æй, Пауль, æмæ фæхъæддыхдæр уай. Дæ хъуыддаг та цæуы... Амондджын бон райгуырдтæ... Лæмбынæг мæм хъус, стæй ды дæр, Штаубе. Мæхмæ уацары ис ардыгон партизан. Иæ дæсаздзыд фыртимæ. Ахæстоны бадынц, æнхъæл- мæ кæсынц сæ адзалмæ.../Уыдоны кой кæны адъютант... Куыд- дæр дын дæ цæфмæ базилой, афтæ дæ мæнæ ацы хуызæнæй уы- доны камерæйы смидæг кæндзысты. Де хæс: хъуамæ сæ дыууæ бонмæ дæхиуыл æрæууæндын кæнай. Де скъуыдтæ дарæс, дæ фæлмæстдзинад дын сæхæдæг уындзысты, дæ цæф та-иу сæм дæхæдæг равдис... Афтæ мæм кæсы — æнæмæнг дыл баууæнд- дзысты... (Баздæхт Штаубемæ.) Ды, Штаубе, дыккаг бон изæ- рæйьлæппуйæн йæ цæстыты раз йæ фыды фехс... Уадз æмæ ба- зона уыцы куыдзы къæбыла, цард æмæ мæлæт цы сты, уый... Амар лæппуйæн йæ зонд, йæ хъуыды! Асæтт ын йæ зæрдæ! Уæл- хъæдæй куыд бахус уа! Ш т а у б е. Хъусын, господин инæлар! Ш т р а у с. Пауль, мах дын баххуыс кæндзыстæм, цæмæй «алидзай» уЫрдыгæй уыцы лæппуимæ. Æмбарыс? «Алидзат»... Пауль. ...æмæ æз лæппуйæ спайда кæндзынæн ме хæс æх- хæстгæнгæйæ. Штраус. Раст мын бамбæрстай мæ хъуыды, гауптштурм- фюрер. Фæлæ йæм дæ цæст тынг дар. Зыгъуыммæ у сæ чысы- лæн дæр йæ зондахаст. Ш т а у б е. Диссаджы фæнд, господин инæлар! 421
Ш т р а у с. Демæ дын чысыл, ф,æлæ фидар къорд æрвитынг Пауль. Уый уæм цæудзæн тынг хæстæг, æд раци. (Штаубейыр- дæм.) Уыдзæн сын бастдзинад комкоммæ мемæ! Ш т а у б е (æмраст алæууыд). Хъусын, господин инæлар! Ш т р а у с. Дæ зæрдыл бадар, Пауль, цыфæндыйæ дæр хъуа- мæ уыцы кавказаг хъæддаг булкъон къухтæбастæй лæууа мæ мæ разы... Удæгасæй йæ адавын къухы куы нæ бафта, уæд та — маргæ! ( П а у л ь. Бамбæрстон æппæтдæр, господин къамандыгæнæг! Ш т р а у с. Ныр та фæндараст, Пауль! (Йæ хъæбысы йæ кæ- ны, стæй йын æвиппайды ахъаззаг цæф ныккодта йæ цæсгомæн. П ау ль ахауд.) П а у л ь (дисгæнгæ). Цæй тыххæй?.. Ш т р а у с. Уырысы хъуамæ бауырна, немыцаг тыхгæнджытæ дын фыдмитæ кæй кодтой, уый. П а у л ь. Мæнæн... Мæнæн мæ бон сыстын нæу... Ш т р а у с. Ницы кæны! Ахæсдзысты дæ... Пауль йæ цæсгомы туг сæрфы. Фюреры раз аххос тугæй æхсын хъæуы, мæ хæлар... Рухс ахуыссыд. ДÆСÆМ НЫВ Хъæд. Коцюба йæ фазыл æрбабыры тугæрхæмттæй, къудзийы аууоя фæскъуыбыр æрæмбæхст. Коцюба. Цытæ ’рцыд ам?.. Кæм дæн?.. Æвæццæгæн мæ мардыл банымадтой. Цæмæн дæн иунæг? Кæм сты нæхионтæ?.. Ницы кæны, Коцюба, ницы... Фыццаг хатт дын нæу... Бамбæр- стон хъуыддаг... Уадзыгæй уыдтæ ам уал боны. Æрбацæуы Валерик, йæ къухы бел. Валерик (ауыдта Коцюбайы). Кæс-ма... (Базгъордта йæм.) Нæхионтæй у! Нæхионтæй! (Хъал æй кæны.) Хорз лæг! Æмбал сырхæфсæддон!.. К о ц ю б а. И?.. Ды чи дæ? Валерик (фæлмæстæй). Валерий. Мæ фыды ныгæдтон. Фашисттæ йæ фехстой. Коцюба (белмæ амоны). Кæд, зæгъын, мæн ныгæнынмæ æрцыдтæ... Дæ ном цы хуины? В а л е р и к. Куы дын æй загътон — Валерий... К о ц ю б а. Лæппу... дон... Иунæг æртах уæд та... В а л е р и к. Ныртæккæ! Ныртæккæ, хорз лæг, ам хæстæг суа&он ис... (Азгъордта, йæ худы дон æрбахаста.) В а л е р и к. Ануаз! Коцюба зыд нуæзт кæны. 422
Æрбадавдзынæн ма. (Азгъордта.) Коцюба. Цард ме уæнгты ацыд... Цæрыс та, Серегæ... В а л е р и к (æрбазгъордта). Ануаз! Фæтæдздзæн... Ныххуы- .лыдз и худ... К о ц ю б а (нуазы, уымæл къухтæй йæ цæсгом хуылыдз кæ- ны, йæхи уæлгоммæ æруагъта). Бузныг, Валеркæ... Хуыцауы уа- -зæг у! Валерик. Дæуыл æртыхстысты знон ам немыц?. Коцюба. Знон?.. Нæ зонын, лæппу... Сережæ Коцюба дæ- сы онг нымайын нал зоны... Цы бон у абон? В а л е р и к. Майрæмбон. К о ц ю б а. Цалæм? Валерик. Æртæ ’мæ ссæдзæм... Коцюба. Уый амоны... Æнæхъæн къуыри æз уæлæуыл нал дæн... В а л е р и к. Æз хъæумæ сызгъорон... Æркæнон адæмы... Дæ щæфтæ дын бабæтдзыстæм... Коцюба. Цу, Валеркæ... Цу... чи зоны, ма амæлон... В а л е р и к. Нæ! Нæ! Ды нæ амæлдзынæ! Æз ныртæккæ... К о ц ю б а. Фæлæуу, ме ’фсымæры хай... Афæстиат у мæ цу- •ры... Иу-цалдæр минуты... Иунæгæй мæ ма ныууадз... Цыдæр дын зæгъынмæ хъавын... Хъусыс, Валеркæ?.. Дæ’ фыды дын... цæй тыххæй фехстой? В а л е р и к. Партизан уыд. Коц юб а. Бамбæрстон... Фриц партизанæн хатыр нæ кæ- ны... Райс йæ туг дæ фыдæн, Валеркæ... Стæй, амал куы уа... уæд мæн туг дæр... Вал е.р и к. Мах дæ аирвæзын кæндзыстæм! Коцюба. Ша! Лæппу!.. Ардæм хъус... Мæ зæрдæмæ дæ хæстæг айетон... Иу хъуыддаг дын хæс кæнын. Мæнæ... (Систа дзыпНыдаргæ сахат, кънопкæйыл ныххæцыд, хъуысы музыкæ.) . В а л е р и к. Музыкæимæ? Коцюба. Цыфæнды хæрзиуæгæй дæр зынаргъдæр у мæ- нæн... Лæвар дын æй кæнын... В а л е р и к. Нæ хъæуы, «æмбал Коцюба. Коцюба. Хон мæ Серегæ. Валеркæ... (Сахат ын йæ роны нытътъыста.) Иу хъуыддаг уал бакодтам... Ныр афтæ, Валер- кæ... Мæ уарзон чызгмæ дыууæ ныхасы ныффыстон... Йæ ном æмæ йæ мыггаг — Лизæ Бережная. Дæ зæрдыл. æй бадар: сер- жант Лизæ Бережная. Чи зоны, хæсты фæстæ йæ ссарай... Ехх, Валеркæ, куы йæ зонис, цавæр чызг у, уый!.. В а л е р и к. Хорз. Æппæтдæр сараздзынæн, куыд мын зæ- гъыс, афтæ. Ныр та бар ратт, æмæ хъæумæ азгъорон... ч К о ц ю б а (тынг æрлæмæгъ). Згъоргæ, Валерик... ■ В а л е р и к (фыстæг йæ роны æмбæхсы, стæй кæйдæр ауын- гæйæ Коцюбайы йæ буарæй амбæрзта.) Немыц!.. К о ц ю б а. Згъоргæ, Валерæ!.. ; В а л е р и к. Нæ! Нæ дæ ныууадздзынæн! 423
Бæлæсты ’хсæнцы зынынц немыцаг каскæтæ. X ъ æ л æ с. Русишен ,партизанен! Хенде хох! Коцюба. Ехх, ныр иу гранат... (Хъæрæй.) Цъаммар куи- тæ! Лидзгæ, Валерæ! Хъус мæ бардзырдмæ! В а л е р и й. Нæ! Сценæмæ æрбазгъорынц Хандажов, Аслæнбег, Таймураз æмæ ма иу~ къорд хъазахъхъаджы; сегасыл дæр немыцаг дарæс. Хандажов (базгъордта Коцюбамæ). Коцюба!.. Сёргей! Валерик (Хандажовыл йæхи ныццавта). Ма ’вналут, ма йæм цæут хæстæг! К о ц ю б а. Мæ хæлæрттæ... (Бауадзыг.) Хандажов. Аслæнбег! Хæсгæ Коцюбайы мæ бæхмæ! Уы- цыиуцыдæй — госпитальмæ... Нæ фæд-нæ фæд... Таймураз! Фех- хуыс ын кæн! (Аслæнбег æмæ Тайму раз Коцюбайы зæх- хæй систой. В алерик сæм дæндагæй лæбуры.) В а л е р и к. Ма йæм æвналут! Ауадзут æй, цъаммар.фашист- тæ! Хандажов. Иванов! Дашкевич! Фæхæцут-ма чысыл ацьг бирæгъы лæппыныл. Хъазахъхъæгтæ Валеричы Коцюбайæ атыдтой. [ Хандажов. Бамбар... Хиуæттæ стæм мах... Сырх Æфсад... Æнæхъæн аст боны йæ фæцагуырдтам... В а л е р и к. Нæ уыл æууæндын! Не ’ууæндын! Сырхæфсæд- дон никуы скæндзæн йæ уæлæ немыцаг дарæс! Ме ’нæуынон стут, фашисттæ! Ме ’нæуынон! ^ Хандажов. Оуу, мæнæ бæллæх! Лæппутæ! Аппарут уæ немыцаг хæрв! Ацы хъæбатыр лæппу фена Плиты Иссæйы бар- джыты дарæс! Æфсæддонтæ цæстыфæныкъуылдмæ се ’фсæйнаг худтæ æмæ сæ френчытæ феппæрстой, разынд сæхи дарæс. В а л е р и к. Нæхионтæ!.. Рухс ахуыссыд. ИУÆНДÆСÆМ НЫВ Æрдуз. Изæрырдæм. Хур ма бæлæсты цъуппытæ рухс кæны. Æфсæддон- тæ дзыгуырæй бадынц, сæ иу гæххæтт кæсы. Худынц. Хъазахъхъаг. Хъусут, хъусут, фриц дарддæр сæхимæ цы фыссы, уымæ: «...Æз цыдæриддæр фехъуыстон цыппæрдæсæм азы хъазахъ- хъæгты хъæхъхъаг миты тыххæй, уыдон ныртæккæйы хъазахъ- хъы хæстыты раз мурдæр ницы сты. Сырх хъазахъхъы ныббыр- стæн афтид йæ койæ дæр уæнгтæ сризынц. Чи йæ бавзæрста, 424
;уый йæ хорз зоны. Уаддымгæйау сæхи ныццæвынц, ныффалгæ- рон кæнынц алцы... Сæ ныхмæ сын нæ сармадзан раздахынмæ «фæцарæхсдзынæ, нæ танк разилынмæ. Цы æрх, цы хъæд, цы ко- мæй дæм фæзындзысты — ацу æмæ йæ ды равзар; уæлдайдæр та — æхсæвыгон. Иуныхасæй, мах хъазахъхъæй тæрсæм хуыцауы бæллæхæй тæрсæгау... Мæнмæ гæсгæ, хъазахъхъ сты дæлимонтæ. Х1,æйнæфæлтау сæ алы ’хсæв мæ фыны уынон, уый бæсты разы дæн мæлæтыл. Курт Гленвейн». 1-аг хъазахъхъаг. Гленвейны рухсаджы тыххæй — :иу кафт! 2-аг хъаз а хъхъа г. Разы! Фæгæппытæ ластой, баяны цагъдмæ «Лезгинкæ» кафынц. Æрбацæуынц .дивизийы къамандир, комиссар æмæ штабы хицау. Баянист сæ ауыдта, цагъд фæхъус. И с с æ. Уæ кафт кæнут, джигиттæ. Уæлахизы фæстæ зæр- .дæ зарын уарзы. Кафут, зарут... Ш у б и н (Ребринæн йæ хъусы дзуры, Иссæйырдæм амоны.) Ахæм ма дзы хиуылхæцгæ адæймаг уа? Иæ буар циу, уымæй кафынмондагæй жмызмæлд кæны. Уæддæр йæхи куыд ныддур ясодта. Уæд иу кафт ракæн... Р е б р и н (барæй, дисхуызæй). Цытæ дзурыс, æмбал комис- сар, мæнмæ гæсгæ, нæ комдив кафын нæ зоны. III у б и н. Ма зæгъ, æз æй айфыццаг мæхи дыууæ цæстæй ,федтон кафгæ, Туркменийæ нæм делегаци куы уыд, уæд. Р е б р и н. Бæхыл хъазгæ йæ федтон. Ш у б и н. Бæх циу? Туркменæгтæ йæ фæскафт сæ уæлных систой... Иссæ. Хъусут, хæлæрттæ, комиссар æмæ штабы хицаумæ? Ныр, цæмæй ракафон, уый мын кæныиц. (Фехста йæ нымæт. <Рæндырдзæгъдæгмæ.) Ос-са! Æри-ма йæ! («Лезгинкæ» кафы.) Æрбацыдысты Лизæ æмæ Валя. И с с æ. Лизæ! Рахиз! (Къахфындзтыл йæ размæ бакафыд.) Лизæ. Нæу мæ бон... Иссæ Александрович! (Азылд, иуварс щыд.) Валя рахызт, кафы Иссæимæ, хъазахъхъ Иссæйы кафтыл сæ цæст æрæ- вæрдтой, æмдзæгъд кæнынц, хъуысынц хъæлдзæг хъæртæ. Æрбацæуынц Хан- дажов æмæ Аслæнбег. Аслæнбеджы хъæбысы — Валерик, Иссæ сæ ауыдта, фæлæууыд, фæндыр- дзагъд æваст фæхъус. Л и з æ (базгъордта Аслæнбегмæ). Цы кодта? Хандажов. С-с!.. Тынг лæмæгъ у лæппу... Нырма ныр афынæй. Ис^сæ. .Кæй лæппу у уый? 425
Хандажов. Хъæды йæ ссардтам... Иæ фыды йын немыц фехстой... И с с æ. Аслæнбег! Ахæсс лæппуйы. (Лизæмæ.) Æмбал сер- жант, лæппуйы дæ бæрны кæнын. Л и з æ. Цомут... Аслæнбег ахаста Валеричы, йемæ ацыдысты Лизæ æмæ Валя. Иссæ (Хандажовмæ). Цæй, куыд? Ссардтат Коцюбайы?- Хандажов. Ссардтам, æмбал булкъон... - Иууылдæр Хандажовырдæм бакастысты. И с с æ. Кæм и? Хандажов. Йе ’муд нæма ’рцыд... Тынг æвзæр у йæ уа- вæр... Таймураз госпиталæй куы ’рыздæха, уæд хабар бæлвырд- дæр базондзыстæм. Дыууæ æфсæддоны æрбакæнынц Паулы. 1-аг æфсæддон. Æмбал дивизийы къамандир, æнæзон- гæ адæймаг баурæдтам. Афтæ зæгъы, партизан, дам, дæн... Нæ* фарстатæн нын дзуапп раттыныл не сразы. Бадомдта, цæмæйг. йæ комкоммæ дивизийы къамандирмæ фæхæццæ кæнæм.. И с с æ (Паукьмæ). Чи дæ? Пауль (йæ зонгуытыл æрхауд, ба кæны зæххæн). ХионГ Хион дæн æз, æмбал къамандир... Партизан... Строгановы къор- дæй... Уыдтæн разведкæйы... Дыууæйæ дæр нæ æрцахстой немы- цæгтæ... Æмбал ма уыд мемæ... Пахомов... Надтой нæ... Хъизæ- марæй нæ мардтой... Фехсынмæ нæ хъавыдысты... Æрбацæуы Валя, Паулы ауынгæйæ йæ мидбынаты лæугæйæ баззад. Мæ къухы алидзын бафтыд... Æртæ боны дæргъы ирвæзтæн’ сыфтæртæй, хордтон кæрдæг, бæласы цъæрттæ... Æфсымæртæ!.. Æмбæлттæ!.. Кæуы.) Валя хæстæгдæр бацыд Паульмæ. И с с æ. Хæринаг! Раттут ын уæлæдарæс дæр! (Паульмæ.): Сыстуæлæмæ, æмбал. Дыккаг æфсæддон. Иæ зæнг цæф у. Хæссын æй ба- хъуыд И с с æ. Бабæттæнт цæф. (Паульмæ.) Ныртæккæ дын бахæ- рын кæндзысты. Баулæфдзынæ. Уыйфæстæ-иу мæм фæзын æмæ- мын æппæтдæр радзурдзынæ. П а у л ь. Иунæг курдиат мæм ис æрмæст: кæд æмæ амæг лон — мæ туг-иу мын райсут немыцаг лæгмартæй... Æрбацыд Лизæ, Валя йæм базгъордта, йæ риумæ йæхи нылхъывта. Л и з æ. Цы дыл æрцыд, Валя, дæ буар æмризæджы куы ри^ зы? 426
В а л я. Нæ зонын... Æнхъæлдæн... Ацы лæджы кæмдæр фед- тон. Фæлæ — кæм?... Кæм?.. Мæ бон йе ’рхъуыды нæу... Л и з æ. Цавæр лæджы? Кæй кой кæныс? В а л я. Ныртæккæ махонтæ цавæрдæр лæджы æрбакодтой. Афтæ зæгъы, партизан, дам, дæн. Л и з æ. Æмæ цы? Æви партизан никуы федтай? Дæхæдæг куы загътай, дæ фыд æппынæдзух партизантимæ баст уыд, зæгъгæ... В а л я. Чи зоны, у партизан дæр. Фæлæ йæ уындæй цæмæн- Л’с р æваст мæ зæрдæ æнахуыр рæхуыст скодта... Иссæ. Æмбал Бережная, мæнæ ацы хъусынгæнинаг кор- пусы штабмæ фæхабар кæн. (Æфсæддонтæм.) Хъусут-ма, æм- бæлттæ, нæ къухы цытæ бафтыд уымæ... (Кæсы.) «Аст бонмæ бæхджын æфсæддонтæ фæцагъды кодтой немы- цаг салдæттæ æмæ афицертæй мин æмæ æртиссæдзы, ныппырх кодтой сæдæ фæндзай цыппар алыхуызон машинæйы, авд æмæ ссæдз танчы, цыппæрдæс сармадзаны, æхсæз æмæ ссæдз мино- меты, авд æмæ дыууиссæдз пулеметы. Сыгъд æрцыд хæцæнгæрз- ты ;æртæ скълады. Ныффалгæрон кодтой батальоны штабтæ дыу- уæ, полчъы штаб. Ссæрибар кодтой, знаджы ахæсты чи бахауд, ахæм сырхæфсæддонты æмæ къамандирты — æдæппæт æртæ- фондзыссæдзы»... (Дæтты гæххæтт Л из æ мæ.) Фехъусын æй кæн æвæстиатæй. Л и з æ. Æнæ кодæй? Æргомæй?! И с с æ. Æргомæй. Уадз æмæ йæм байхъусой немыц сæхæдæг дæр. (Æфсæддонтæм.) Бузныг, æмбæлттæ! Æфсæддонтæ. Ур-ра! Иссæ фæкомкоммæ зæронд хъазахъхъагмæ. Хъэзахъхъагыл — Георгийы .крест. И с с æ. Гъа-а, мæ зæронд хæлар... Зæронд хъазахъхъаг. Гуков, æмбал комдив, Семен «Семенович. Иссæ. О, о, Гуков. (Комиссармæ.) Кубаинаг дивизи куы .арæзтон, уæд мæм мæ фатермæ бацыд йæ фыртимæ. Дыууæйæ. ,дæр, дам, нæ айс. Зæронд дæ, зæгъын, баулæф. Дæхæдæг, дам, зæронд. Федтон, федтон, æхсаргардæй куыд арæхсыс, уый. Ш у б и н. Истæмæй тыхсут? Зæронд хъазахъхъаг. Уазæр æримагæнаг нæ вæййы. Ш у б и н. Мах ам уазджытæ не стæм. Зæронд хъазахъхъаг. Мæскуы... Куыд у Мæскуы? Ш у б и н. Цы уын æй сусæг кæнæм? Тæссаг уавæры ис ныр- зиа Мæскуы, карз хæстытæ цæуы йæ цуры. Мæскуыйæгтæ сæхи рæвдз кæнынц бæстæйы сæйраг горæт бахъахъхъæнынмæ. Арæзт уал дзы æрцыд ополченийы дыууадæс дивизийы. Мæскуымæ хæс- тæг цы хæстытæ цæуы, уыдон сты тынг ахсджиаг, уыдон æрхæс- ^зысты мæлæт Гятлерæн, Германы æфсæдтæн... Знаджы ныб- 427
бырст Мæскуымæ иуцасдæр кæй фæсыкк, уым мах фæллой дæр- ис. Зæронд хъазахъхъаг. Æмбал комдив, æмбал комис- сар, бафæрсæн йс? Ш у б и н. Табуафси, Семен Семенович. Зæронд хъазахъхъаг. Алы ныхæстæ кæнынц, нæ хи- цауад, дам, Мæскуыйæ Куыйбышевмæ ацыд... Ш у б и н (чысыл паузæйы фæстæ). Сталин Мæскуыйы ис. Зæронд хъазахъхъаг. Фарста нал и... Рухс ахуыссыд. ДЫУУАДÆСÆМ НЫВ Уый дæр уыцы ран. Иссæ, Ребрин, Шубин картæйы уæлхъус. Æрбацыд Симов, йæ къухы газет. И с с æ. Циу уый? С и м о в. Фашистон газет. Строгановы партизантæ йæ æрха- стой горæтæй. (Кæсы.) «Бирæ рæстæг нын хъазахъхъаг булкъон Плийы-фырты бæх- джын æфсад къæбутырдыгæй. архайгæйæ стыр зиантæ фæхаста,. йæ абырæг лæбурджытæй архайдта Мæскуымæ ныббырст ба- къуылымпы кæныныл. Фæлæ дзы ныр бахаудысты: сармадзанты æмæ сæ хæдтæхджыты бомбæты бын фæкодтам, сæ булкъон; фæмард, йæ хъазахъхъ фæйнæрдæм фæлыгъдысты...» Иссæ (райста газет, кæсы). «Æфсад», зæгъынц? Хæрæгæй гуырдтæ! Нырма арæхсгæ дæр нæма кæнут мæ хъазахъхъæгтыл бомбæтæ гæппарынмæ! (Газет фехста. Па(/зæ.) Уавæр уын æнæ- зындгонд нæу. Кæмæ уæ цы уынаффæ ис æрхъулайæ аирвæзыны. тыххæй? Æргом куы дзурæм, уæд ныл ахæм уавæр никуыма.. скодта. Æгæр бирæ æфсæдтæ ныл æртыхст ацы хатт. Ш у б и н. О, фæлæ афтæ дæр никуыма рауади, æмæ къæп- пæджы баззайæм. Р е б р и н. Мæнæ ацырдæм афæлварæм. И с с æ. Уым нæ рацыдмæ гæг1пæввонгæй лæууынц танкæты полкъ, фистæг æфсады дыууæ полчъы æмæ артиллерийы æртæ дивизионы. Ш у б и н. Уæд та мæнæ ацы хидырдæм., И с с æ. Раст уыйбæрц тыхтæ уым дæр. Ноджы — хид срæ- мудзынæввонг... Миййаг исты, уæд уыцы донæн йæ нарæджы ба- хизæн нæй... Р е б р и н. Фæстæмæ Демидово-Духовщинæйыл абырсæм, нæ’ фæд-фæд ацæуын æнхъæл нын нæ уыдзысты. И с с æ. Æмæ куы уой, уæд та? С и м о в. Фæйнæрдæм полкъгай фæцæуæм. Æрхъулайæ куьг раирвæзæм, уæд иу ранмæ æрæмбырд уыдзыстæм. Иссæ. Знаджы дæр уый фæнды, цæмæй ныйиугæйттæ уæм^. æмæ нын гагадзагъд ныккæной... 428
Ш у б и н. Æмбал булкъон, ницы нæ æмбæхеыс? И с с æ. Куы нæ. Ш у б и н. Æргом ныхас! И с с æ. Æргом ныхас. Ш у б и н. Партион цæстæнгасæй æркæсгæйæ та? И с с æ. Æмæ æргом ныхас æмæ партион цæстæнгас иу не* сты? Ш у б и н. Зæгъ-ма, тынг тæссаг уавæры стæм? Æцæг дзы нæй рацæуæн?.. (Паузæ.) Къамандирты раз дæхи афтæ дарыс. Афтæмæй та æцæгæй дæр æфсæн къæппæджы стæм. Апп-уппы сисынæй тæрсыс? Раст нæ дæ. Нæ дивизийы иунæг ахæм адæй- м’аг дæр нæ разындзæн, йæ уд мæлæтмæ чи нæ ратта. (Паузæ.) Иссæ Александрович, зæгъæм адæмæн рæстдзинад. Иссæ (æрæджиау). Штабы хицау! Къамандиртæм æхсæвы дыууадæс сахатмæ фæсид! Штабы хицау. Хъусын! Рухс ахуыссыд. ÆРТЫНДÆСÆМ НЫВ Хъæд. Æнафон. Иуварсырдыгæй зыны штаб, хъахъхъæнæг.' Къамандиртæ дзыгуырæй лæууынц. Комиссар сахатмæ æркæс-æркæс кæны. Ш у б и н. Кæд æфсæддон хæйттæй искуы афæстиат?.. Адъютант. Æфсæддон хæйтты къамандиртæ иууыл ам... 1-аг къамандир. Æхсæвы дыууадæс сахатмæ нæм фæ- сидт. (Æркаст сахатмæ.) Ныр дыккаг сахат... Воловский. Æрæджыгæнаг никуы уыд. Æрбазгъордта Валерик. Валерик. Нæмаис? Паузæ. Ш у б и н. Цал лæджы ацыд капитанимæ агурæг? Адъютант. Дæс, æмбал комиссар. Ш у б и н (Валерикмæ). Куыд ницы базыдтай ды та? В а л е р и к (кæуæгау). Иæ цонгыл бафынæй дæн. Аргъау мын кодта... Нарты Ацæмæзы арг/ьау... (Азгъордта, штабы фæ- мидæг.) Ш у б и н (адъютантмæ). Иунæг лæджы бон у дæу аирвæзын кæнын хæстон трибуналæй — уый у дивизийы къамандир... Куы» нæ фæзына... Адъютант. Æмбал комиссар... Куы зæгъын: дыууадæсæм сахат нæма райдыдта, афтæ æддæмæ рахызт, йæ иымæт йæ уæ- лæ... Мæ хуыссæг, дам, асурон... Мæнæ ацырдæм ацыд... Æгæр æрæгмæ куы зынд, уæд... уæд уæм фæфæдис дæн... Æрбайхъуыст бæхты къæхты хъæр, цырд æрбауайы капитан Хандажов. Ш у б и н. Цæй, куыд? Нæй? 4291
’Хандажов йæ къухтæ, «нæй», зæгъгæ, фæйнæрдæм акодта. Симов æрбахаста нымæт. Циу уый? С и м о в. Булкъоны нымæт, æмбал комиссар. Ш у б и н. Кæм уыд? С и м о в. Æрхы фале, иу бæласы къалиуыл. Хандажов (ратæвд). Адавтой немыцæгтæ булкъоны! Хъуыды ма кæнут, айфыццаг... Æрбазгъордта Лизæ, йæ къухы гæххæтт. Л и з æ. Æмбал комиссар, радиограммæ Стыр зæххæй! Бар ратт æмæ йæ бакæсон. (Кæсы.) «Нæ хъæбатыр хæстон æмбал Иссæ Александрович, арфæ дын кæнæм, Ленины орден æмæ дын инæлары ном кæй радтой,уый тыххæй. Василевский, Рокоссовский». Ш у б и н. Ли?æ! Л н з æ. Хъусын, æмбал комйссар. Ш у б и н. Æвæстиатæй фехъусын кæн Стыр зæхмæ... Ребрин. Нæ хъæуы, æмбал комиссар. Капитан Хандажов! Хандажов. Хъусый, æмбал штабы хицау. Р е б р и н. Дæ барджытимæ — мæ фæдыл! Хандажов. Ис! Тагъд-тагъд фæцæуынц, кæйдæр ауыдтой, фæлæууыдысты. Æрбахызт Ис- сæ, хуымæтæджы бæмбæджджын йæ уæлæ, йæ хъуырыл автомат, йæ къухы планшет æд картæ: йемæ Шкребец, Таймураз æмæ Аслæнбег, уыдон дæр æд хæцæнгæрзтæ. Æрбазгъордта Валерик, фырцинæй йæ цæссыг сæрфы. Иссæ йæ йæ хъæбысы фелвæста. И с с æ. Уазалы æнæ цинел цæмæн дæ? (Аслæнбегитæм.) Сæ- рибар стут сымах. Комиссары цæсгомыл зыны, Иссæимæ цæуылдæр разы кæй нæу, уый. Ис- сæ йæм аивæй бакаст. Автомат æмæ бæмбæджджын Валерикмæ дæтты. Ны- хæстæ хъуысы: — Разведкæйы уыд!.. — Иæхæдæг? Иссæ (планшет дæтты Ребринмæ). Куыд загътон, афтæ рауад... Р е б р и н (сахатмæ æркаст). О, фæлæ... Ш у б и н (фæгуырысхо, Ребринмæ). Уæдæ ды зыдтай?.. • И с с æ. Ахæмæй ницы æрцыд, комиссар... Æппынфæстаг, Мæскуыйы хъысмæтыл цæуы ныхас. (Къамандиртæм раздæхт, уыдон æмраст слæууыдысты.) Мах уавæры ис æрмæст дыууæ фæндаджы. Фыццаг: знагимæ ам хъæбатырæй схæцын, бйрæ зи- антæ сын скæнын æмæ афтæмæй нæхи дивизи баныгæнын — ^æгæр бирæ тыхтæ ис нæ размæ. Дыккаг — немыцæн сæхирдæм .алæгæрдын. Уæдæ иугæр нæ ацæуæнтæ ам ахст сты, уæд бырс- <430
дзыстæм хурныгуылæнырдæм. О, о! Берлинырдæм! Ныр афтæ: алы барæг дæр йæ нымæтæй ралыг кæнæд йæ бæхы цыппар сæфтæджы фаг... Знаг æнхъæлы, зæгъгæ, йе ’ндон къæппæгæй Мæскуыйырдæм фæлвардзыстæм лидзын... Цæмæй нæ йæ тан- кæты бын ныссæнда... Фучъи! Сержант Бережная! Лизæр размæ рацыд. Фехъусын кæн Стыр зæхмæ: «Тæккæ ахсæв инæлар Штраусы штаб уыдзæн пырхгонд!» Кæнæ та нæ дивизийæ нал баззайдзæн, нæ мæнг хъусынгæни- наджы тыххæй тæрхон кæмæн. скæной, иунæг ахæм удæгас адæй^ маг дæр. Уæ бæхтæм, мæ хæлæрттæ! Мæскуы нæм кæсы æн- хъæлмæ! Рухс ахуыссыд. Хъуысынц уæлахизы музыкæйы зæлтæ. Æмбæрзæн Кæрон
СÆРГÆНДТÆ Æхсар æмæ Дзерассæ. Таймураз Хадзымурат Чызгайы куы хастой Дыккаг фыд Кæм ис мæ фырт? Дидинæг æмæ хъама Мады зæрдæ Зауыр æмæ Зæйрæтхан Нарты Сослан Авдæн Иссæйы фыццаг балц 5 50 93 134 158 190 222 248 294 324 351 388 СЕРГЕЙ ТИМОФЕЕВИЧ КАЙТОВ Пьесы на осетинском языке Редактор И. Р. Цомартов Художннк Н. Ф. В а с и л е н к о Художествениый редактор У. К. Кануков Технический редактор 3. С. Мисикова Корректор Б. А. Толпарова ИБ№1481 Сдано в набор 26.12.86. Подписано к печатн 09.06.87. Формат бумаги 60х901/16. Бум. тип. № 2. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 27. Усл. кр.-отт. 27,18. Учетно-изд. листов 26,64. Тираж 1000 экз. Заказ № 3. Цена 2 руб. Издатсльство «Ир» Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по де- лам издательств, г полиграфии и книжной торговли, 362040, г. Орджоникидзс, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР пб делам издательств, полнграфни и книжной торговли, 362011, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.