Автор: Артюхова Н.М.  

Теги: æрымысгæ  

Год: 1961

Текст
                    Н. АРТЮХОВА
ЦÆГАТИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ
РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ 1961


Д Артюхова Н. М. А 86 Трудный вечер. Пер. с русского Кулае- вой Ц. Г. Орджоникидзе, Сев.-Осет. кн. изд., 1961 20 стр. с илл. (Для дошкольного воз- раста). ДЛЯ ДОШКОЛЬНОГО ВОЗРАСТА Артюхова Иина Микайловна ТРУДНЫЙ ВЕЧЕР Перевод с русского Кулаевой Ц. Г. Редактор А. И. Ц а р у к а е в. Обложка худ. X. Т. С а б а н о в а. Худ. редактор У. К. К а н у к о в. Технич. редактор А. А. Д з г о е в. Корректоры И.Д. Каболова, В. Т. Дзодзикова. Сдано в набор 6-\П-1961 г. Подписано к печати 21-\П1-1961 г. Формат бумагн 70х921/1г, Печат. листов 1,25 =1,46 усл. печ. л. Учетно-изд. листов 0,74. Заказ № 1332. Изд. № 62. Тираж 3000. Цена 4 коп. Северо-Осетниское киижное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Реснубликанская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаеиа, 20.
Папæ цыдис командировкæйы. Мамæ æмæ йæ Алёшæ рафæндараст кодтой. Папæ хаста чумæдантæ, мамæ та хæцыдис Алё- шæйы къухыл æмæ йæ афтæмæй йæ фæдыл ласта: уымæн æмæ Алёшæ нæ цыд, иннæ адæм куыд цæуынц — се ’ргом размæ, афтæ. Алёшæ йæ сæр разил-базил кодта куы ра- хизырдæм, куы галиуырдæм, фæлæ йæм з
уæддæр афтæ каст, цыма æппæты диссагдæр фæсте зайы. Перроны билеттæ уæйгæнæн кассæ, бацæуæны лæууынц контролёртæ, стыр залы адæм хæццæ-мæццæйæ бадынц дзаумæтты æхсæнты, дæргъæй-дæргъмæ платформæ, дардмæ цæуæн вагæттæ, элек- тричкæ, алы къахдзæфыл дæр марожни урс асыччыты... Папæ æрлæууыд вагоны дуармæ, йæ чу- мæдантæ æрæвæрдта платформæйыл æмæ загъта: „Гъе, афтæ уæдæ!",—æмæ Алёшæйы йæ хъæбысмæ систа. Ныр Алёшæйы бон йæ фыды хъæбысæй бирæ фылдæр диссæгтæ уынын уыдис, фæ- лæ йæм æваст диссаг ницыуал касти. Хæрз хæстæг æм уыдис йæ фыды цæсгом, йæ цæстæнгас уыдис æнкъард. — Па.пæ, æмæ дард у, дæ командировкæ кæй хоныс, уый? Тынг дынджыр у? Папæ йæ мидбылты бахудт: — Куыд дын æй зæгъон, нæ зонын... Тынг дард у. Стæй тынг стыр. Цæвиттон, Алёшæ, даргъ кæй у, бæллæх дæр уый ми- дæг ис! Ныр кæрæдзийы тагъд нал фендзыс- тæм... Дæхи хорз дар, лæппу, фыдуаг митæ ма кæ, мамæйы коммæ кæс, стæй йæ хъахъ- хъæн. 4
Алёшæ бафарста: — Æмæ куыд хъахъхъæнон мамæйы? Фæлæ уыцы минут иууылдæр базмæлы- дысты, фыд дæр фæтагъд кодта, йæ къухы ма бафтыд мамæ æмæ Алёшæйæн аба кæ- нын, чумæдантимæ сгæпп кодта вагонмæ, уæдмæ поезд араст ис. Вагæттæ райдианы тылдысты сындæггай, цыма зивæг кодтой, уыйау. Стæй тагъддæ- рæй-тагъддæргæнгæ азгъордтой æмæ ма сæ Алёшæ æмæ йæ мад тыххæй æййæфтой. Уалынмæ фæстаг вагон дæр йæхи атыдта æмæ фæдæле. Платформæ дæр цыма скъуын- гæ акодта, Алёшæмæ афтæ фæкаст. Уый разындис бæрзонд, бынæй та, æддæг-мидæг ауайгæйæ, дардмæ згъорынц æвзист рель- сытæ. — Дæхимæ кæс! — сдзырдта мамæ æмæ Алёшæйы платформæйы кæронæй иуварс акодта. Папæйы поезд адард, къаддæргæнгæ цы- ди, æмæ фæстагмæ хæдзæрттæ æмæ бæлæс- ты аууон фæци. Алёшæ куыддæр йæ фыды нал уыдта, афтæ æрæнкъард. Фæндыд æй йæ мады ба- фæрсын, йæ фыды дзырд куыд сæххæст кæ- на, уымæй: папæ йын фæдзæхста мамæйы 5
хъахъхъæнын, фæлæ куыд, уый нæ баца- мыдта. Фæлæ куыддæр ууыл ахъуыды код- та, афтæ йæ тæккæ хъусы сæрмæ цæйдæр зыланг фæцыдис, мад фæхъæр ласта: „Иу- варс!" æмæ Алёшæйы къухмæ фæлæбурдта. 6
Платформæйыл æрцæйзгъордта уæззау уæр- дон чумæдантæ æмæ чырынтæй цъупп ама- дæй, уæле та йыл урс раздарæны лæууыдис уæргътæ хæссæг. Уый йæ сæр æфхæрыны тылд бакодта, уæрдон сæ рæзты асхуыста. 7
Метройы эскалато- рыл куы æрлæууыдыс- ты, уæд та мамæ дзу- ры: „Дæхимæ кæс! Сæр- гæрзыл хæц!" Алы хатт дæр хъуыддаг афтæ уадис: Алёшæ мамæйы нæ хъахъхъæдта, фæ- лæ мамæ Алёшæйы. Æмæ æндæр цы мадзал ссардæуа, уый Алёшæ нæ зыдта. Уæдта сæ уынгыл цæхгæрмæ хизын куы бахъæуа, уæд йæ ма- мæйы къухыл ныххæ- цид æмæ йын зæгъид: „Дæхимæ кæс, мамæ! Акæс уал фыццаг га- лиуырдæм, стæй та рахизырдæм." Уæвгæ дæр афтæ куы æмбæ- лы уынджы цæуыны æгъдæуттæм гæсгæ. Фæлæ та-иу мамæ фæраздæр ис: 8
— Мæ хъæбул, фæйнæрдæм дзæгъæлгаст ма кæн. Æри:ма фæлтау дæ къух, æмæ афтæ- мæй бахизæм уынджы иннæ фарсмæ. Чи зоны, уæд та кæдхæдзары исты æр- хъуыдыгæнæн уаид? Фæлæ та мамæ сæхимæ дæр кæны йæ кæнон: — Цом, мæ къона, дæ къухтæ цæхс. р» -о о о <> о <г^ о 9
Ныртæккæ дын æз æхсыр ахъарм кæндзы- нæн. Дæу, æвæццæгæн, ныр хуыссæг ахсы. Æхсыр æгæр стæвд, æмæ йæ мад блу- дайы рауагъта, стæй йæ рудзынгыл æрæ- вæрдта: — Ма йæм æвнал, мæ хур, — тæвд у. Гыццыл багæдзæ кæн. ю
Мамæ æрбадтис диваныл, Алёшæ та йæ- хи гыццыл къæлæтджыныл, æмæ дыууæйæ дæр æнхъæлмæ кæсын байдыдтой, æхсыр кæд æруазал уыдзæн, уымæ. Алёшæйы хуыссæг тынгæй-тынгдæр ах- сын байдыдта. Ныртæккæ йæ мамæ бафсад- дзæн, йæ уæлæдарæс ын раласдзæн, сын- ***!&* '?1.ч '•*•«■•• ш УШ*>'&*^ г- 14 щ I ««^и’". «" -*ч^<*У ^. -«^> , • ^*^0к^г^С^^^ •• 11
тæджы йæ схуыссын кæндзæн — куыд хорз уыдзæнис уæд! Лæппу æнхъæлмæ кæсынæй сфæлмæцыд. — Мамæ, хуыссын мæм цæуы! Мад дзуапп нæ радта. — Ма-мæ! Æри-ма мын æхсыр! Алёшæ ма иучысыл банхъæлмæ каст, фæлæ уæддæр мамæ ницы дзырдта. Лæппу бацыд æмæ йын йæ къухыл рахæцыд: — Мамæ, хуыссын мæм цæуы! Уалынмæ ауыдта, йæ мад фынæй кæй у, уый. Уайтагъд Алёшæ йæхимæ фæкаст хæрз иунæг æмæ бынтон дзæгъæлы хуызæн. Уаты афтæ сабыр уыди, æмæ дзы лæппу уæндгæ дæр нал кодта. Алёшæ уæлдæф йæ риуы- дзаг сулæфыд æмæ хъавыд хъæрæй ныккæ- уынмæ, фæлæ фæфæсмон кодта æмæ не ’скуыдта. Мады цæсгом цæй æнцад æмæ фæллад- хуыз уыдис! Уый хуыссыди, йæ рус диваны мутакамæ цæлхъывта, йæ къæхтæ батымбыл кодта, афтæмæй, цыма йын ихæн уыд, уый- ау. Чи зоны æмæ йын кæд æцæгæй дæр ихæн у, уæд та? Алёшæ зыдта, æхсæв хъæц- цул зæхмæ куы æрбыры, уæд æхсызгон кæй нæ вæййы, уый, — хуыссæны гæртт-гæртт 12
кæныс, фæлæ æххæст райхъал уæвын нæ фæразыс. Уалынмæ дæм дæ мад бацыд, алырдыгæй дын дæ хъæццул дæ быны бан- гомдæр кодта, æмæ бахъарм дæ... Дысон дæр ма дыууæ хатты бамбæрзта Алёшæйы йæ мад. Фыццаг хатт уаты уыди талынг, æрмæстдæр стъолыл сыгъдис Алё- шæйы сынтæджырдыгæй цыдæр сау æм- бæрзæнæй æмбæрзт чысыл цырагъ. Мамæ лæууыд халаты æмæ цæ- уылдæр иту æвæрдта.Дык- каг хатт æй куы æмбæрз- та, уæд рудзынгæй æрба- зынди сырххъулæттæ арв, бон цъæх кодта, фæлæ ма чысыл цырагъ уæддæр6 сыгъди. Мамæ чумæданы’ раз дзуццæджы бадтис æмæ дзы æфснайдта па- пæйы дзаумæттæ. Уыцы рæстæг папæ æрбацыд уат- мæ æмæ загъта: „Фынæй та ма кæд кæндзынæ? Схуысс, цы
ма хъæуы, уыдон ныр мæ- хæдæг бакæндзынæн". Цæмæй бамбæрзтæуа ма- мæйы, хъарм ын куыд уа, афтæ? Алёшæ райста дон- хуыз тинтычъи стыр кæл- мæрзæн æмæ йæ, куыд амал уыд, афтæ æнцадгай æрæм- бæрзта мамæйыл, алырды- гæй йын æй йæ быны бакод- та. Лæппуйы зæрдæ барухс, йæ мад хъарм æмбæрзт кæй æрцыд, уымæй. Фæлæ уæддæр йæхи дæр хуыссæг ахста. Фæлæ Алёшæ ныр йæхимæ иунæг æмæ дзæгъæл нал каст. Уæдæмæ ныр уый йæхæ- дæг уыд хæдзары хицау. Йæ къахфындзтыл слæугæйæ, уый хъуыддагхуызæй бавнæлдта блудамæ. Æхсыр бынтон ныууазал. Уазал æхсыр цымын уыйас æхсызгон бæргæ нæу, фæлæ цы гæнæн ис! Алёшæ рудзынгмæ бан- дон бахæстæг кодта, уæрджытæй йыл слæу- уыд, афтæмæй йæ былтæ блудамæ бахаста. Афтæ, гъе! Иу хъуыддаг уал конд оу. Ныр æм фынæй кæнын тынгдæр æрцыд. Йæ дæндæгтæ æхсид —æви сæ ницæмæн хъæуы? Графины ис фых дон. Уадз æмæ уæдæ ал- 14
цыдæр уа, куыд вæййы, афтæ йæ уагыл. Алёшæ кружкæйы дон ныккодта æмæ ван- нæйы уатмæ бацыд. Ныр та æруадзын хъæуы сынтæджы фарс. Фæлæ æфсæйнаг къæпсыр тынг фи- дар тъыст уыдис йæ цæджы. Къæпсыр сæф- тауын йæ бон бацис æрмæстдæр иуырды- гæй, æмæ сеткæ чысыл йедтæмæ дæлæмæ не ’рцыд. Бандон та йын ногæй феххуыс и. Алёшæ йæ æрбахæстæг кодта сын- тæгмæ, афтæмæй бандонæй бафæлдæхт йæ базмæ. Фæлæ дзы ферох, раздæр æй йæ уæлæдарæс раласын кæй хъæуы, уый. Æппæты зындæр ын разындис дзабыртæ раласын. Цы диссаг у, ацы бæттæнтæ æмæ бантытæ мамæйы къухы куыд коммæгæс вæййынц! Фæлæ сæм. куыддæр Алёшæ бав- нæлдта, афтæ алхынцъытæ сты. Æлхынцъы- тæ райхалын æй бахъуыд дæндæгтæ æмæ къухы ныхты æххуысæй. Æппынфæстаг, йæ лæф-лæф цæугæйæ, йæ дзабыртæ ласт æр- цыдысты. Йе ’хсæвхуыссæн хæдон уыди ба- зы бын. Уый афтæ фæуæд, фæлæ йæ къан- дзол та куыд раласа, цæппузыртæ фæстæр- дыгæй куы сты, уæд? Алёшæ афæлвæрдта фыццаг уæллаг цæппузыр суæгъд кæныныл, стæй та бинаг. Йæ фæндæй ницы рауад. 15
Стæй уæд авзæрста къандзол йæ сæрты раласын. Райдианы йæ хъуыддаг хорз цыд: къандзолæн чысыл йæ пъæр-пъæр ссыд, афтæмæй фæуæле фæсонтæ æмæ риуæй, схæццæ уæхсчытæм, фæлæ уалынмæ йæ хъуырмæ хæстæг ныссагъдис æмæ Алёшæ- йæн йæ дыууæ рæмбыныкъæдзы æрбалвæста йæ сæрмæ. Суанг ма йæ зæнгты нордтæ дæр сæхи хæрдмæ сæлвæстой. Алёшæмæ афтæ фæкаст, цыма хурх кæны, æмæ хъа- выд ныхъхъæр кæнынмæ: „Мамæ!" Цыдæр ын йæ уæраг ныцъцъыкк ласта æмæ йын фæрыстис: уый галиуырдыгæй атыдта йæ къандзолы цæппузыр, æмæ фе- уæгъд йæ иу цъындабæттæн. Ныр йæ галиу фарс феуæгъддæр. Рахиз фарсырдыгæй цъындабæттæн суæгъд кæнын дæр йæ бон бацис. Агъа! Къандзол раласы! Рахауы, ра- хауы... Иучысыл ма — æмæ хидæйдзагæй, йæ цæсгом сырх-сырхид, афтæмæй Алёшæйы бон баци йæ риуыдзаг сулæфын. Цъында- тæ раласын æмæ æхсæвхуыссæн хæдон скæ- нын—уыдæттæ ныр зын нал уыдысты. Алёшæ йæ зæрдæйы фæндон йæхи ауагъ- та хуыссæны. Куыд бафæллад уæдæ! Ныр æнæмæтæй бафынæй уыдзæн. Цырагъ ын йæ тæккæ цæстытæм кæй рухс кæны, уый дæр ни- 16
цы кæны. Мамæйæн дæр комкоммæ йæ цæстытæм куы рухс кæны. Ноджы дыу- уæ цырагъы: уаты астæу ауыгъдчи у, уый, стæй фыс- сæн стъолыл чи ис, уый. Лæгау ныуулæфгæйæ, Алё- шæ йæ хъæццулы бынæй рабырыд æмæ та сынтæджы фарсы сæрты рахызт. Цæ- мæй цырагъхуыссынгæнæн- мæ сæххæсса, уый тыххæй йæм бахъуыд бандон бала- сын. Æмæ стъолыл цы цы- рагъ ис, уый та цæмæй бамбæрза? Алёшæ райста йæ дæргъытæ хæ- лаф æмæ дзы æрæмбæрзта цырагъ диваны- рдыгæй. Уый тыххæй ма йæ бахъуыди фыс- сæн стъолы цурмæ ноджыдæр иу бандон баласын. Гъеныр йæ хъуыддæгтæ конд фесты. Ныр æнæмæтæй бахуыссæн ис. Алёшæ фæ- стæмæ йæ хуыссæнмæ сынтæджы фарсы сæрты куы фæцæйхызти, уæд бандонæй æрхаудысты йæ къандзол æмæ йæ иу дза- быр. Цæй, ницы кæны. Мамæкуынæ райхъал. Фæлæ, æвæдза, хъыгаг у: папæ никуы 17
базондзæн, абон ын цы диссаджы хорз æмæ аудаг лæппу уыд, уый. Йæхæдæг та йын йæхи тыххæй куыд радзурдзæн, аив нæу. Мамæ дæр æй нæ базондзæн... Мамæйæн та уыцы сахат йæ цæстытыл уадысты алы фынтæ. Фыццаг йæ фыны уыд- та, цыма Алёшæ, агъуысты цы дзауматæ уыд, уыдон иу къуыммæ сæмбырд кодта (уый Алёшæ бандæттæ куы ралас-балас кодта, уæд). Стæй агъуысты змæлын куы нал цыд, уæд мамæ йæ фыны уыдта, цыма Алёшæ æд дзаумæттæ диваныл, цæхгæрмæ хуысгæйæ, бафынæй... тагъддæр ын йæ уæлæ- дарæс раласын хъæуы æмæ йæ сынтæджы схуыссын кæнын хъæуы. „Уæууа, куы суа- зал",—хъуыды кодта мамæ. Цалдæр хатты йæм афтæ фæкасти, цыма сыстад æмæ Алё- шæйы хуыссæны æвæры. Уый тыхамæлттæй йæхи æрæмбæрзта æмæ йæ цæстытæй ра- каст. Уаты уыдис талынггомау æмæ тынг са- быр. Диваныл цæхгæрмæ бафынæй Алёшæ нæ, фæлæ мамæ йæхæдæг. Цымæ йыл чи æрæмбæрзта кæлмæрзæн? Гæр, папæ дæр ам куы нæ ис, кæдæмдæр куы ацыд. Чи хъуамæ бакодтаид уæдæ афтæ? Кæм ис Алёшæ та? 18
Мамæ тарстхуызæй йæ алывæрстæм акаст. Алёшæ хуыссыд йæ сынтæджы, йæ уæлæда- рæс — ласт, хъæццул — йæ уæлæ, афтæмæй. Рудзынджы тæрхæгыл — афтид къус æмæ блуда. Кæд, миййаг, сыхæгтæй исчи æрба- цыд æмæ Алёшæйæн йæ уæлæдарæс рала- сынæн феххуыс кодта, уæллаг цырагъ ахуыс- сын кодта, бамбæрзта стъолыл æвæрд цырагъ? Цæмæй йæ бамбæрзта цымæ? Мамæ йæ мидбылты бахудт. Мамæ ауыд- та, бандæттæ уаты къуымты куыд ныххæлиу сты, уый. Мамæ пъолæй систа къандзол —
Мамæ йæхинымæры æхсызгон худт ба- кодта æмæ дуармæ рауад. Уый фæндыд ныртæккæ, ацы минут, искæмæн куы радзу- рид, цæй диссаджы æмбаргæ, хъомыл лæп- пу йын ис! Къæлидоры уыдис сабыр æмæ талынг, сыхæгтæ иууылдæр раджы бахуыссыдысты. Уæд мамæ æрбацыди уатмæ фæстæмæ, стъо- лы цырагъы æмбæрзæн иннæрдæм азылдта, цырагъы рухс Алёшæйы куыннæ хъыгдард- таид, афтæ... Æмæ райдыдта папæмæ даргъ, сæрыстыр, амондджын, хъæлдзæг писмо фыс- сын.