Автор: Хамицаев Ц.Х.  

Теги: аивадон литературæ  

ISBN: 5-7534-0737-A

Год: 1999

Текст
                    Æвæдза, цæй диссаг дсе, æнæнцой зæрдæ,
уыйбæрц алыхуызæн уазджытæ та кæм
æрфысым кодтой æмæ систы ацы уацмысты
архайджытæ! Чи дзы йæ рæсугъд фæндтимæ,
чи та... Æллæх, æллæх! Кæцæй дæм бырсынц?
Тухæнæй дæ марынц, æмæ мын саразыс
зындон!
Автор.


ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ ^ еиш (Пьесæтæ æмæ радзырдтæ) ДЗÆУДЖЫХЪÆУ’’ИР" 1999
840се Х-31 ХÆМЫЦАТЫ Ц. Х-31 Æнæнцой зæрдæ. Пьесæтæ æмæ радзырдтæ — Дзæуджыхъæу: ИР, 1999 — 316 ф. Хамицаев Ц. X. Неугомонное сердце КВИ 5-7534-0737-А Автор Хамицаев Ц. X. известен зрителям по пьесам "Любовь наизнанку", "Легенда о влюбленных", "Кто виноват?", "Черное дерево", "Царская дочь", "Два жениха" и др. Кроме пьес, в эту книгу включены и новые его рассказы. Произведения Царая Хамицаева всегда вызывают у зрителей и читателей живой интерес поднятыми в них актуальными нравственными и социальными проблемами. „ 4702500203 - 99 Х М131(03) - 99 Бе3 °бъЯВЛ- 840се 15В^ 5-7534-0737-4 Хамицаев Ц. Дзиова 3. Б. X., 1999 оформление, 1999
НАЦИОН ДРАМАТУРГИЙЫ НОГ ФÆЛГОНЦТÆ (Хæмыцаты Цæрайы драмон уацмысты æмбырдгæндтыл афæлгæст) 1994 азы чиныгуадзæн "Ир"-ы мыхуырæй рацыд Хæмыцаты Цæрайы пьесæты æмбырдгонд "Уарзæтты кадæг". Афæдзы фæстæ та джиппыуагъдæй фæзынди йæ пьесæты иннæ чиныг "Арвæй æрвыст лæг". Ацы чингуытæ чиныгкæсджыты цымыдисы æфтауынц актуалон проблемæтæй, æнустæм ахадгæ тематикæйæ, драматурджы профессионалон дæсныйадæй, хъæздыг сфæлдыстадон бындурыл арæзт æмæ аивадон мадзæлттæй æххæст чи у, ахæм сюжетон скондæй. Курдиатджын драматургæй ирон дзыллæйы хъысмæт домы хъомыладон куыст, аивадон мадзæлттæй удыхъæд рæсугъддæр, сыгъдæгдæр кæнын. Уый, адæмон ахурырады сгуыхт кусæг, хорз зоны, æнæ хорз фæсивæд адæмæн кæй нæй амондджын фидæн, æмæ рæзгæ фæлтæры рухс фидæнæн йæ тых, йæ хъарутыл нæ ауæрды. Цæрайæн дунейы сфæлдисæг драма — турджы курдиат цæстуарзонæй бахай кодта, æмæ уыцы ахс — джиаг хъуыддаджы бæлвырд кæй фесгуыхт, уымæн æвдисæн сты, адæмы рæгъмæ цы уацмысты æмбырдгæндтæ рахаста, уыдон. Психологион драмæ "Чи у аххосджын?" фыст у, нæ фæсивæдæй фыдгæнджыты тæссаг фæндагыл чи слæууыд, уыдоны уæззау хъысмæтыл, уыимæ та ныййарджыты бæрнон хæстыл дæр. Драмæйы бындурон темæ раргом кæныны охыл автор, над æмæ лæгьз фæндæгтæй йæхи хизгæйæ, агуры ног фæрæзтæ, ног ахорæнтæ, сценикон аивады ахсджиаг мадзæлтгæ. Ацы драмон уацмысы вазыгджын сюжеты бирæ ис дæлархайджытæ, дæлтемæтæ, кæцытæ органикон æгьдауæй æнгом баст сты пьесæйы бындурон хаххимæ — сæйраг темæимæ. Драматурджы философион хатдзæгмæ гæсгæ, хæд — зары хистæртæ сæхи уды хорзæн арæх адзæгъæл вæййынц зæрдæйы æппæрццæг миниуджыты æмæ фæлывд ницæйаг 5
монцты фæдыл. Афтæмæй фехалынц бинонты æнгомдзинад, ныппырх кæнынц хæдзары бындур. Ахæм уавæрты кæстæртæ дзæгьæл аззайынц, æнæнхъæлæджы сæ зондахастæй æрбатары вæййы рæстуд, æнæниз зонд, цæстфæлдахджытимæ сæхи сбæтгынц æмæ канд сæхицæн нæ, фæлæ ма бынтон æнаххос адæмæн дæр уæззау маст скæнынц. Драмæ "Чи у аххосджын?"-ы автор чиныгкæсджыты æмæ театрдзауты арф хъуыдытыл æфтауы æмæ сæ фæрсы, уацмысы цы стыр фыдракæндтæ æрцыд, цы туг ныккалд, рæзгæ фæлтæр цардæй кæй фæиппæрд сты, уым чи у аххосджын? Æркæсæм драмæйы сюжеты рæзтмæ. Уацмысы цы бинонты кой чындæуы, уыдоны цардæн бындур сæвæрдтой Габо æмæ Асиат. Лæг æмæ ус кæрæдзийы æнæкæрон уарзтæй уарзтой, афтæмæй фæцардысты фондз азы. Фæлæ сын цот нæ рацыд, æмæ уæд рæстуд сылгоймаг йæхицæн скодта карз тæрхон: цæмæй йæ аххосæй лæг æвæстаг ма фæуыдаид, уый тыххæй дзы ацыд. Уый фæстæ схæццæ цард. Габо бацард Нифæимæ, райгуырд сын дыууæ лæппуйы. Асиат дæр арæндонæй æрбакодта йæхицæн фырт — Зурабы. Габо йæ цоты рахъомыл кæнынæн уысмы бæрц дæр рæстæг нæ хардз кодта, æмæ йæ фыртгæ сæхи хъæдæй куыддæртæй рахъомыл сты. Кæстæр лæппу Вадим хæрамдзинады дунейы цъыфдзаст —цъымарайы йæ хъуырмæ аныгьуылд, æмæ йын "ма кæ" зæгъæг ничи ис. Райсомæй фæсахсæвæрмæ кæм фæлекка кæны, цы куыст фæкæны, уый базонын никæй бафæндыд, æмæ уый дæр йæ рохтæ уæгьдибарæй хæссы, æххæст кæны Зураб æмæ æндæр уый хуызæн фыдгæнджыты сау фæндтæ. Йæ фыд Габо сæтты йæ рæдыдыл: "Ралæггæ сты мæ фырттæ, æз та сæ нывыл дæр никуы федтон". Йæ мад Нифæ та йæ æрмæстдæр буц дардта куыд кæстæр лæппуйы. Вадим æнæнхъæлæджы йæ мады зæнæджы туджы йæ къухтæ куы сæвдылдта, уæд ма æнæмæт фыд бæргæ бахъавыд йæ фырты туджы зæйæ сласынмæ, фæлæ байрæджы кодта хъомылгæнæг! Æндæр хъуыддæгтæ йын ах — сджиагдæр уыдысты æмæ йæ дыууæ фыртæй фыдæнхъæл фæци. Курдиатджын драматург æмæ ирон дзырды дæсны, дидактикон фарстатæм арф нывналгæйæ, хъæздыг" аивадон мадзæлтты фæрцы лæмбынæг раргом кодта йæ персонажты миддуне, сæ ахастытæ сæ алфамблайы уæвæг дзыллæтæм. Стæй драмæйы хуыздæр миниуджытæй иу уый дæр у, автор шаблоны фæндагыл кæй нæ ацыд: йæ хъайтарты фыдракæн — дты тыххæй мидхъуыддæгты хайады кусджытæм нæ фæ — 6
дзырдта æххуысмæ, никæй сæ æрбакодта пьесæйы архай — джытæм. Йæ фыдгæнджытæ адæмæн цы маст, цы стыр фыд — былызтæ хæссынц, уый сæхиуыл бавзаргæйæ, сæхæдæг æр — цыдысты уæззау æмæ арф хатдзæггæм æмæ сæхæдæг сæхи — цæн скодтой карз тæрхон. Ацы пьесæ, ирон драмон театры сценæйыл цалдæр азы цæугæйæ, хуымæтæджы афтæ тынг нæ агайдта театрдзауты зæрдæтæ. Цас æнтыстджынæй цыдис сценæйыл, ууыл дзурæг у йæ юбилейон — сæдæйæм спектакль. Драмæйы актуалон темæ, хъæздыг, хицæн сценæтыл амад арф мидисджын сюжет æнусæй æнустæм ахсджиаг хотых у фидæны рæзгæ фæлтæрты хъомыладон проблемæтæн. Хуымæтæджы нæ фыста аивадиртасæг наукæты кандидат Бæциаты Агуыдз: "Хæмыцаты Цæрайы драмæ "Чи у аххосджын?"-æн ис стыр хъомыладон ахадындзинад. Автор арæхсгæ райхалы алы персонажы хъиамæты æфсойнæгтæ, йæ къухы бафтыд тызмæг рæстдзинад зæгьын, раст фæндагæй чи фæхауд, уыцы æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты æнæсæрфат митыл. Обрæзтæ сты мидхъу — ырдухæнты тыхджын æнкъуыстыл амад, уыимæ иудадзыг кæнынц рæзгæ. Драмæйы ахсджиаг хъуыды ахадгæ у, дзурæг у алы фæлтæры, ныййарджыты бæрнондзинадыл, сæ моралон- этикон æууæлтыл, адæймаджы сыгъдæг æфсармыл". Мидисджын у Хæмыцаты Цæрайы дыууæархайдон лирикон комеди "Бæсты фидауц" дæр. Мулк арæх бакуынæг кæны лæджы рæсугъд бæллицтæ, ныггоби дзы вæййы адæймаг, цæстæй раст нал фæуыны, комедийы архайæг æлдар Дзегайау фесты лæгбирæгъ — хъæды сырд. Дзега сси мулчы цагьайраг, адæймаджы уды рæсугъддзинад баивта гуыбыны хæрдыл, хъæздыгдзинадыл. Æлдар Дзегайы миниуджыты ныхмæ арæзт у йæ фырт Агуыбейы фæлгонц. Агуыбейы зæрдæйы уысмы бæрц дæр мынæг нæ кæны æгæрон уарзты цæхæр. Лæппу цæттæ у йæ исбон, йæ фыды фæллæйттæ снывонд кæнынмæ, а дунейыл йæ зæрдæйæн адджындæр чи сси, уыцы мæгуыр лæджы чызг Агуындæйы рæсугъдæн. Æмæ кæд зын — дзинæдтæ бирæ баййæфта, уæддæр лæгдыхæй æппæт ныхдурты сæрты æДасæй ахызт æмæ сæххæст кодта йæ бæллиц. Оригиналон миниуджытæй æххæст у пьесæйы архайæг Ахмæты сурæт. Кæд-иу раздæр нæ ирон драматургийы дыууæ æрдхорды, иу чызджы бауарзгæйæ, кæрæдзийæн цыфыддæр знæгтæ фестадысты, æмæ-иу дзы ныккалд туг, уæд ацы 7
пьесæйы хъайтартæ бынтон æндæр зондахаст равдыстой. Ахмæт йе’рдхорд Агуыбейæ къаддæр нæ уарзта Агуындæйы, фæлæ зоны, чызджы зæрдæ Агуыбеимæ кæй ис, æмæ йæм уыйбæрц хъару разынди, æмæ, йæ зæрдæйы тызмæг монцтыл фæуæлахиз уæвгæйæ, хæлардзинады ардбахæрды сæрты нæ ахызти. Йæ цард, йæ сæр хъизæмары хай фæкодта — Агуыбе æмæ Агуындæйы амондæн снывонд кодта йæ æгæрон æн — къарæнтæ, йе стыр бæллицтæ. Уарзондзинадæй дарддæр ма пьесæйы ис ахæм фæрсаг темæ, кæцы нацийы хиæмбарынадæн у кæддæриддæр ахсджиаг проблемæ. Пьесæйы архайæг инæлар Асахъболы зондахаст у рæсугъд æмæ бæллиццаг. Нудæсæм æнусы Уæрæсейы æфсады инæлар уæвгæйæ, йæ ирон туг, ирондзинад сур ныхæстæй нæ — хъуыддагæй уарзы. Йæ сæйраг мæт, йæ рæсугъд бæллицтæ Ирыстоныл сты. Ирыстоны хъысмæт у йæ царды бындурон нысаниуæг. Уый сæраппонд номдзыд инæлар ирон фæсивæдмæ сиды æнгомдзинадмæ. Зæрдылдаргæ сурæттæ сты æххуырст лæппу Биби æмæ мæгуыр сылгоймаг Хъызмыдæ дæр. Мæгуыр, фæлæ адæймаджы хуыздæр æууæлтæй хайджын чи у, ахæмтæ сты. Театрдзаутæй æмæ чиныгкæсджытæй автор æмбæхсы пьесæйы сæргонд "Бæсты фидауц"-ы мидис. Афтæ зыны райдианы, цыма автор Агуындæйы рæсугъды хоны бæсты фидауц. Фæлæ уацмысы кæрон рабæрæг вæййы, драматург нæ "бæсты фидауц" нæ адæмы иудзинады кæй уыны. Инæлар Асахъбол, пьесæйы иннæ хъайтарты архайд фенгæйæ, сæрыстырæй зæгъы: "Йæхи мæт уæ ничи кæны, кæрæдзийы амондыл тох кæнгæйæ! О, мæ бæсты фидауц уымæй у!" Ивгъуыд æнусты адæймаджы амондджын цардæн ныхдуртæй лæууыдысты адæмы’хсæн социалон дихдзинæдтæ. Мæгуыр лæджы фырт Хетæг хъæздыг уыд рæсугъд фæндтæй (драмæ "Уарзæтты кадæг"). Фæйнæгфарс хъæбатыр лæппу, цыфæнды зындзинæдтæ дæр ницæмæ даргæйæ, йæ риуы æмбæрц размæ бырста, агуырдта фадат, цæмæй йæ фыды туг райстаид æлдар Тасолæй. Фæлæ тугисæджы миддунейы сæвзæрд ахæм зондахаст, мæлæтдзаг тох чи самадта йæхи хъуыдыты ныхмæ: бауарзта йæ туджджыны чызджы æмæ йын æнæ уый цард ад нал кæны. Æгæрон уарзты ныхмæ йæ бон тох кæнын нæ баци Хетæгæн. Æлдары чызг Сафирæт дæр ахæм тыхджын уарзтæй бауарзта лæппуйы, фæлæ зоны, йæ зыдгæнаг æмæ тызмæг фыд æй кæй никуы саккаг кæндзæн мæгуыр лæппу Хетæгæн. Æмæ йæ амондыл стох кодта 8
йæхæдæг, æндæр æххуысмæ кæмæ фæдзура, уый нæй. Хетæгимæ сын сæ судзгæ уарзт радта æнæкæрон тых æмæ’хсар æппæт ныхдуртыл ахизынæн, æмæ баиу кодтой сæ хъысмæт. Ге’рмæст сæ амонд бирæ нæ ахаста, амардтой сæ, удыхъæдæй цъаммар æмæ ницæйаг чи уыд, уыдон. Амæлы Тасол йæхæдæг дæр. Æмæ уæдæ æндæр куыд?! "Адæмæй иутæ барджын куы вæййынц, иннæтæ та — æнæбар, уæд се’ппæтдæр æнамонд сты", — зæгъы драмæйы архайæг Гози. Драмæ кæд традицион сюжетыл арæзт у, уæддæр ын ис йæхи индивидуалон ахорæнтæ, хъæздыг у зæрдæмæхъаргæ сурæттæ æмæ цаутæй. Уымæн ахæм æнтыстджынæй цыд театры сценæйыл дæр. Романтикон драмæ "Уарзты пиллон" æмæ комеди "Паддзахы чызг" та фыст сты философион бындурыл. Автор дзы кæны егъау хатдзæгтæ. Фыццаг хъæздыг у символикон сурæттæй: Æндæрг, Хъодыгонд, Донычызг æмæ æндæртæй. Æгъатыр дунейы сау тыхтимæ тохы романтикон сгуыхтдзинад равдыста драмæйы хъайтар Нугзар. Уый, Уæрхæг æмæ Уарзет сты нæ фæсивæды типикон фæлгонцтæ. Цæмæ’ртæры хиуарзондзинад, стæй цы хъæуы Адæймаджы бæрзонд ном хæссынæн — уыцы хъуыдытæ сты уацмысы сæйраг мидис. Комеди "Паддзахы чызг"-æн йæ сюжет ист у рагон, аланты рæстæгæй, фæлæ дзы ныхас цæуы нæ ныры, стæй царды æнусон чи у, ахæм ахсджиаг моралон проблемæтыл, адæймаджы раст зонд æмæ уды сыгъдæгдзинадыл. Йæ мидис арæзт у куыд фæсивæдмæ, афтæ хистæр фæлтæрмæ дæр. Ис ын стыр хъомыладон ахадындзинад, арф хъуыдытыл æфтауы чиныгкæсджыты æмæ театрдзауты. Адæймаг арф зонд æмæ удыхъæдæй хъæздыг куы уа, уæд уымæй амондджындæр нæй. Ахæм у комедийы хъайтар Зарбег — мæгуыр лæппу. Хъæздыг усгуртæ Бекъо, Дзæбе æмæ йæм Бобо былысчъилæй кастысты, йæ мæгуырдзинад ын йæ цæстмæ дардтой æдзух, хуыдтой йæ гæвзыкк. Фæлæ фæстагмæ сæхæдæг Зарбегæн лæгъстæйаг фесты, разындысты зонд æмæ удыхъæдæй æцæг гæвзыкк æмæ ницæйаг. Пьесæйы ис арф философион хъуыды, бафтауы сагьæстыл: цавæр адæймаг хæссы иннæтæн амонд, æвадат та сын чи кæны сæ цард? Зæрдæмæ тынг арф хъарынц паддзах Мулдар æмæ дзырддзæугæ дæсны — зæронд ус Далуйы сурæттæ дæр. Автор сæ сфæлгонц кодта хъæздыг аивадон фæрæзтæй. Ирон, национ драматургийы бынтон ног фæлгонц у Ацæмæзы сурæт /драмæ "Арвæй æрвыст лæг"/. Йæ адæмы 9
иузæрдион хъæбул Ацæмæз тох кæны сæрибар царды сæ — раппонд, дзыллæты æхсæн социалон дихдзинæдты ныхмæ. Фæлæ æддагон знæгтæ куы’рбабырстой Ирыстонмæ ирон адæмы басæттынмæ, сæ исг сæ мулк байсынмæ, фыдыуæзæг сæхи бакæнынмæ, уæд Алыккаты Хазбийау сæ ныхмæ иунæгæй тох нæ кæны. Йæ уарзон Ацырухс æмæ йæ хæлар Тузаримæ фæдисонау хъæр кæнынц æппæт дзыллæтæм, сидынц иудзинадмæ, хъæздыгæй, мæгуырæй фæрсæй-фæрстæм ба — лæууынмæ æмæ иумæйаг тыхтæй Ирыстоны цыфыддæр знаджы ныддæрæн кæнынмæ. Уастырджийы ном ирон адæмимæ æнгом баст кæй уг рæстæгæй-рæстæгмæ-иу семæ дæр кæй царди, Нарты Дзерассæйæ йын цот дæр кæй рацыд, уый æвдисæнтæ сты рагон фольклорон уацмыстæ — Нарты кадджытæ. Хæмыцаты Цæрай арæхстджынæй спайда кодта дзыхæйдзургæ сфæлдыстады дæнцæгтæй. Драматурджы дæлхъуыды æргом у, ома, адæмы сæрвæлтау йæ цард æвгъау чи нæ кæны, адæмæн йæ сæр нывондæн чи хæссы, уый зæххон нæ — арвæй æрвыст лæг у. Драмæ "Арвæй æрвыст лæджы" автор сæйраг архайæг Ацæмæзы Уастырджийы хуызы кæй равдыста, уымæй бæлвырд фæхъæздыгдæр сценйкон уацмысы идейон-аивадон ахаст, сюжетон сконд, национ драматургийæн дæр у ногдзинад, ног фæлгонц. Æмæ кæннод Ацырухс та? Рагон заманты ирон сылгоймаджы ног сурæт у уый дæр нæ ирон драматургийы. Ома, фырæфсæрмæй йæ сæр æмæ йæ цæстæнгас ныллæг не’руадзы адæмы раз, фæлæ, уæздан æмæ хæдæфсарм уæв — гæйæ, зын сахат цæттæ у знæгтимæ карз тохмæ нæлгоймæгты æмрæнхъ. У дзырддзæугæ æмæ æхсарджын сылгоймаг. Драмæйы композици тынг хицæнхуыз у. Автор дзы бирæ ныхасы бар нæ дæтты æддагон лæбурджытæн — сæ фæтæг Учбей Керим —Гирейæн æмæ йæ хъузон-сгарæг Хушпарæн. Лæбурджытæ лæбурджытæ сты, æмæ æмбæрст у, цы сæ хъæуы, уый. Фæлæ семæ тохы сæйрагдæр нæ адæмы иудзинад у — æмæ уыцы ахсджиаг проблемæ лыг кæны драмæ. Драмæ æвдисы Ирыстоны бынтон зын уавæр 18-æм æнусы æмбисы, Уæрæсеимæ баиу уæвыны агъоммæ, фæлæ йæ проблематикæ куыд нырыккон у, куыд тынг дзы хъуысы нæ абоны рис, нæ абоны катай! Ирон адæмы рагфыдæлтæ фидарæй хъахъхъæдтой национ этикæ, æгьдау æмæ æвзаджы хæзнадон. Æппæт уыдæтгæй абон бирæ ирон адæймæгтæ фæиппæрд сты æмæ сæхимæ райстой, 10
ирон удыхъæдæн æцæгæлон чи у, рæзгæ фæлтæрæн та — зианхæссæг, уыцы миниуджытæ. Уыцы темæйыл фыст у Цæ — райы комеди "Дыууæ усгуры". Курдиатджын æрыгон поэт Асæбе нозтыл бафтыд æмæ дзы ферох сты канд йе сфæлдыстадон куыст нæ, фæлæ царды йе’ппæт хæстæ дæр. Сæфты фæндагыл æрлæууыд. Æмæ уæд йе’рдхорд Мухтар тох самадта, цæмæй Асæбе фервæзтаид уыцы стыр фыдбылызæй. Ацы пьесæ у бирæпроблемон. Ныхас дзы цæуы, ныййарджыты фыднозт цоты.зонд æмæ æнæниздзинадыл æвзæрырдæм куыд фæбæрæг вæййы, ууыл дæр. Кæннод нæ ирон æвзаджы проблемæ та? Чачæ, фæсарæйнаг мæнг куль — турæйы тæфæй фæхъæстæ уæвгæйæ, ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæ ницæмæ дары, чъизи сæ кæны йæ рæдыд уагахастæй. Ирон æвзаг канд дзурынæн нæу, уым ис нæ адæмы тых, нæ адæмы фæтк, зæгьы автор æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæны Чачæйы хуызæтгæй. Цыбыр дзырдæй, ацы драмон уацмысы дæр автор дзуры, нæ дуджы цы риссаг низтæй хъæрзæм, уыдæттыл. Драматург йæ ацы дыууæ чиныгмæ бахаста дæс драмон уацмысы. Се’ппæты тыххæй зæрдиагæй æрныхас кæнын æмæ сæ алкæмæн дæр аккаг аргъ скæнын зын у иунæг статьяйы. Æмткæй райсгæйæ, зæгьæн ис, алчи дæр сæ сæрмагонд ныхасы аккаг кæй у, алкæйы дæр сæ автор дзуры нæ дуджы риссаг проблемæтыл. Сæ сюжеттæ сарæзта æвæрццæг æмæ æппæрццæг фæлгонцты карз конфликты бындурыл. Иуæрдыгæй сты куыстуарзон æмæ цардаразæг адæймæгтæ, иннæрдыгæй та — æввонгхортæ, магусатæ, цардхалæг фæлитойтæ æмæ лæгмартæ. Пьесæты иууыл уыцы персонажтæ ирдæй æвдыст æрцыдысты сæ миддунеон ахастытæм гæсгæ аккаг æмæ сæрмагонд аивадон ахорæнты фæрцы, алкæмæ дæр дзы ис йæхи удыхъæд, йæхи зондахаст æмæ индивидуалон характер, йæхи æвзаг, иу дзы иннæйы æнгæс мур дæр ницæмæй у. Драматургæн йæ алы хицæн драмон уацмыс дæр æххæст у онтимистон ахастытæй, аивадон ирд ахорæнтæй, логикон æгьдауæй раст мидисджын диалоггæй. Чингуытæ хъæздыг сты арф философион хъуыдытæй, сценикон фæрæзтæй, уымæн æмæ автор йæхæдæг хъæздыг у бæрзонд кулыурæйæ, сфæл — дыстадон ахадгæ миниуджытæй, стыр курдиатæй, мадæлон æвзаджы аивадон мадзæлггæй. Уымæй дарддæр ма æнгом баст кæй у театралон цардимæ, уымæ гæсгæ йæ драмон уацмыстæй 11
алы хицæн пьесæйы алы эпизодæй дæр æргомæй хъуысы сценæйы комулæфт, авторæн ис йæхи сфæлдыстадон æрмдзæф. Йæ чингуытæ бæлвырд кæй фæхъæздыг кæндзысты национ драматургийы хæзнадон æмæ аккаг бынат кæй бацахсдзысты ирон драматургийы æмæ театралон аивады историйы, уый ды — зæрдыггаг нæу. ЧЕТИТЫ РУБЕНГ аивадиртасæг наукæты кандидат. 12
ПЬЕСÆТÆ АРВÆИ ÆРВЫСТ ЛÆГ Дыууæархайдон драмæ АРХАЙДЖЫТÆ: А ц æ м æ з, абырджыты раздзог, 26-аздзыд. X а д з ы, æлдар, 66-аздзыд. Г а б а й, йæ фырт, 22-аздзыд. Л а д и, се’ххуырст, 21-аздзыд. Д а ф а, æлдар, 52-аздзыд. А з а т, йæ фырт, 20-аздзыд. Б ы т ъ ы р, се’ххуырст, 23-аздзыд. Д а с х а н, хъæздыг идæдз ус, 45-аздзыд. А ц ы р у х с, йæ чызг, 19-аздзыд. 3 æ л д а, сæ лæггадгæнæг чызг, 18-аздзыд. Т у з а р, Ацæмæзы æрхорд, 24-аздзыд. Зæри^ С æ н и - бонджынты чызджытæ, Ацырухсы хæлæрттæ. Учбей Кери м-Г и р е й, æддагон лæбурджыты фæтæг, 60-аздзыд. X у ш п а р, йе’фсадæй, сгарæг, 50-аздзыд. Адæм, хæстонтæ, æддагон лæбурджытæ, 1-аг абырæг, 2-аг абырæг, дыууæ персайнаг чызджы, Уазæг æрцæуæг æлдæрттæй. Архайд цæуы Цæгат Ирыстоны XVIII æнусы æмбисы. ’ Пьосæйæн йæ ацы вариант у ног, дыккаг. 13
ФЫЦЦАГАРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Рагон хæххон хъæу. Хъæугæрон. Комкоммæ къæдзæхрæбын ис суадон, рахизæрдыгæй та даргь бандон. Бæрæг у, хъæуы цæрджыты уарзон бынат кæй у. Уалдзæг, дидинджытæ фæхстыл. X у ш п а р (фæзынд æд ехс, йæ сæр басылыхъхъæй тыхт, фæйнæрдæм фæлгæсы цымыдисæй). Æцæгæй алæмæты ком! Цы диссаджы уыгæрдæнтæ дзы ис! Цы зæххытæ! Дæлвæзæй, уæлвæзæй!... Стæй дзы цас фосы дзугтæ хизы! Дзæгъæлы йæ нæ хонынц Бæркады ком. (Къæдзæхы фæстæ æрбазыны Бытъыр æмæ аивæй кæсы лæгмæ.) Цы ма мæ æрбарвыста нæ фæтæг ардæм сгарæгæй, дзæбæх фен ком, зæгъгæ, йæ хабар ын куы фехъуыста, уæд? Тагъддæр ныббырсын хъæуы... Ныхкъуырд нын куы дæттой комы цæрджытæ — ныццæгьд — дзыстæм сæ! Чи фæлæудзæн нæ фæтæг æмæ нæ æнæбасæтгæ æфсады ныхмæ?! Фæстиат нал! (Фæаууон.) Б ы т ъ ы р. Фæстиат нал?!... (Фæссценæйы ссыд, чи адард, ахæм дугъон бæхы къæхты хъæр). Афардæг! (Хъæр кæны.) Фæди-ис, хъæуы адæм, нæ сæфты бон æрцæуы! Фæди-ис! (Фæзындысты Дафа, Азат, Хадзы, Габай, Лади æмæ иннæтæ. Къæдзæхы фæсте та æрбазыны Ацæмæз хæрззæронд лæджы хуызы бызгъуыр цухъхъайы, хъуынджын худ йæ сæрыл, лæдзæгыл æнцой кæны.) Д а ф а. Цы хабар у, Бытьыр, цы’рцыд? Б ы т ъ ы р. Нырма ницы, фæлæ æрцæудзæн а дыууæ боны! Ныртæккæ мæнæ ацы ран иу лæг бартхъирæнтæ кодта нæ комбæсты адæммæ. Хъуамæ нæм ныббырсой æнæхъæн æфсадæй æмæ нæ бастигъой. Стæй нæ, чи зоны, сæ дæлбар бакæнынмæ дæр хъавынц, цæмæй ныл хъалон æрæвæрой! Х’а дз ы. Ацæмæз у уый! Стыр æфсад, дам, æрæмбырд кодта абырджытæй, æмæ сæхи æмбæхсынц цавæрдæр хæхты æмæ хъæдты. Афтæмæй æлдæртгы стигьынц, сæ фос сын атæ — 14
рынц. Æмæ ма нæм ныббырсынмæ дæр хъавы сæ бодз?! Б ы т ъ ы р. Ацæмæзы æрыгон æмæ хæрзконд куы хонынц. Уыцы лæг та... Йæ цæсгом басылыхъхъæй стыхта, фæлæ дзы йæ сау фындз æддæмæ зынди халоны бырынкъау. Цæвштон, æндæр адæмыхаттæй у. X а д з ы. Уæдæ уæд Ацæмæзæн йе’рдонгтæй уыдзæн уыцы лæг! Æвæццæгæн æм иннæ адæмыхæттытæй дæр æмбырд кæнынц. Сæ къабæзтæ дæрдтыл айтыгьтой, хæрзбын бауой! Г а б а й (фырмæстæй). Уыцы Ацæмæзы куы ссарин, уæд æй дыууæ дихы фæкæнин, бæргæ! (Ацæмæз рацæуы адæммæ, баввахс вæййы Габаймæ. Иууылдæр æм цымыдисæй ныккастысты.) Д а ф а. Кæцон дæ, хорз лæг? Кæдæм у дæ фæндаг? (Ацæмæз ницы дзуры. Йе’’ргом аздахы, сæ уæхсчытыл чыргъæдты фаджыс зынтæй чи фæхæссы, уыцы лæг æмæ сылгоймагмæ.) X а д з ы (уыдонмæ). Фезмæлут, фезмæлут, Габе! Дзæбæх- иу æй ахæлиу кæнут зæххыл, сойджын фаджыс у... Æмæ иннæтæ цы фесты? Райсом хуым кæнын кæй райдайдзыстæм, уый куы зонынц! Б ы т ъ ы р. Арæби, уæ хуымтæ-йедтæ уал ныууадзут, Хадзы! Цы тæссаг уавæры стæм, ууыл ахъуыды кæнут! Нæ мæ уырны, уыцы лæг Ацæмæзы абырджытæй уа, уый! Д а ф а. Æвæццæгæн, Бытьыр раст зæгъы... (Æд гогонтæ æрбацæуынц суадонмæ чызджытæ: Ацырухс, Зæри æмæ Сæни. Æвиппайды бæстæ ныррухс.) А ц ы р у х с (уæлæмæ скаст æмæ джихау фæци). Ме сфæлдисæг! Уæлæ-ма къæдзæхы сæрмæ скæсут!. Д а ф а. Уастырджи! X а д з ы. Йæ бæхыл! Б ы т ъ ы р. Махмæ у йæ каст! Хъæлæстæ: Табу! Табу йæхицæн! (Æххуырстытæ сæ чыргъæдтæ æристой зæхмæ æмæ иннæтау сæхиуыл дзуар бафтыдтой.) Д а ф а. Фыдбылызтæй нæ бахиз, Бæрзондылбадæг! X а д з ы. Бахиз нæ Ацæмæзæй! Æрцæв æйг цалынмæ ноджы стырдæр фыдбылызтæ нæ сарæзта, уæдмæ! Б ы т ъ ы р. Стахт йæ бæхыл уæлæмæ! 15
3 æ р и. Фæцыдæр! С æ н и. Атад! А ц ы р у х с. Царциаты диссæгтæ! Д а ф а. Нæ комбæсты чи нæма æрцыд, ахæм хабар! Цымæ нæм цæмæн равдыста йæхи? Уый хуымæтæджы нæу. Б ы т ъ ы р. Куыд мæстыгæр каст кодта ацырдæм! Д а ф а. Цæмæн федта, Хадзы, де’ххуырстыты уæхсчытыл уыцы фаджыс? Чи зоны, уый йын уыд хъыг! X а д з ы. Омæ... Уалдзыгон куыстытæ кæнын нæ хъæуы, Дафа? Д а ф а. Хæрджытыл æй аласын кодтаис! X а д з ы. Хæрджытæ хизынмæ сты. Зымæгон куыстыты фæстæ смæллæг сты бынтон. (Æххуырстытæм.) Цæй, цавддуртау Ды лæуут, ахæссут уæ хæссинаг! (Лæг æмæ сылгоймаг сисынц чыргъæдтæ сæ уæхсчытæм æмæ сæ ахæссынц. Ацырухс та уæлæмæ кæсы æмæ кæсы.) 3 æ р и. Ныууадз æй, Ацырухс, нал æй фендзынæ. А ц æ м æ з {хинымæр). Ацырухс?.. (Бацæуы чызгмæ æмæ йæм джихæй ныккæсы.) А ц ы р у х с (фæтыхст). Рацæут, чызджытæ. (Иннæ чызджытимæ бацæуы суадонмæ, сæ гогонтæ донæй дзаг кæнынц.) Г а б а й (Ацæмæзæй). Ацы зæронд лæг мæм цыдæр æнахуыр кæсы. X а д з ы. Æвæццæгæн, гоби у. (Ацæмæз мæстджын каст бакодта Хадзымæ æмæ ацыд.) Хъаймæты бон! Йæ цæстыты кастæй мæ буар барызт! Д а с х а н (æрбахæссы тæбæгъы чъиритæ, йемæ Зæлда дæр бæгæныйы дурын æмæ къусимæ). Дафа, стыр хъуыдддг сæмбæлд нæ хъæуыл. Федтон æз дæр, Лæгты дзуар уæлæ къæдзæхы сæрыл куыд æрбадт, уый. Табу йæхицæн! Бакувут æм, мæнæ мæ къухты цы æрæййæфта, уымæй. Д а ф а. Амæй фæстæмæ ацы къæдзæх — зæдбадæн, а фæз та канд нæ Ныхас нал уыдзæн, фæлæ нæ кувæндон дæр. (Райсы бæгæныйы къус.) Хорз адæм! Абон нæм стыр Хуыцау рарвыста йæ минæвæрттæй иуы — цытджын Уастырджийы! Æвæццæгæн, уымæн, æмæ нæ уавæр тæссаг кæй у. Гъемæ нæм фыдгулты ныхмæ кæддæриддæр фаг тых ра3ынæд! Л æ п п у т æ: Оммен! Д а ф а (къус уæлæмæ сисы). Гъе цытджын Уастырджи, нæ ком деуазæг!.. (Æвиппайды фæтыхст.) Адæм! Скæсутта уæлæ! 16
Д а с х а н. Нæ куывд фехъуыст Лæгты дзуармæ æмæ та нæм ногæй равдыста йæхи! Д а ф а. Ацы хатт æрыгон лæппуйы хуызы! Л а д и. Æнæ бæхæй! Б ы т ъ ы р. Æрцæуы нæм! (Къæдзæхы фахсыл æрцæуы Ацæмæз фæлыстæй, урс цухъхъайы, ухæрзконд. Адæмæй бирæтæ сæ уæрджытыл æрхауынц йæ разы.) Хъæлæстæ: Табу! Табу дæхицæн, нæ цытджын Бæрзондылбадæг! А ц æ м æ з (дзуры фæлмæн хъæлæсæй). Сыстут æмæ уæ уæрджытыл макуыуал æрлæуут. (Иууылдæр сыстынц.) Ныр мæ ныууадзут (Ацырухсæй) мæнæ уыцы хуры тынимæ. Цы хъуыдытæ, цы фæндтимæ уæм æрцыдтæн, уыдон хъуамæ зæгъон æрмæст уымæн. Уый уын сæ фехъусын кæндзæн. Д а с х а н (Ацырухсмæ). Мæ чызг!.. (Иннæтимæ айсы йæхи къæдзæхы фаллаг фарсмæ.) А ц æ м æ з. Цæй, дæ бон хорз, чызгай! Куыд амондджын бон у абон мæнæн! Федтон дыууæ зæды: къæдзæхы сæрыл иуы, иннæйы та мæнæ фæзы — дæу! А ц ы р у х с (фæджих). Къæдзæхы сæрыл?! А ц æ м æ з. О, демæ йæм иумæ кастыстæм ардыгæй. А ц ы р у х с. Ды ардыгæй?! А ц æ м æ з. Цы зæронд лæг дæм бацыд æмæ дæм уыцы цымыдисæй чи ныккаст, уый æз уыдтæн. А ц ы р у х с. Ды?! Чи дæ?! А ц æ м æ з. Уе’лдæрттæ ризæгау кæмæй кæнынц, уыцы Ацæмæз! А ц ы р у х с (Фæтыхст). Ацæмæз?!.. А ц æ м æ з. Сабыр! Де’мзæххонтæн мæ куы схъæр кæнай, уæд сæ уымæй бабын кæндзынæ. А ц ы р у х с. Æртхъирæн?! А ц æ м æ з. Исты фыдми мын куы бакæной, уæд уын ме’мбæлттæ æртхутæг фестын кæндзысты уæ хъæу. А ц ы р у х с. Æмæ уæд та Ацæмæз нæ дæ? Дæ хуыз абырæджы хуызæн нæу. Дæ дарæс æлдæртты дарæсæй аивдæр. А ц æ м æ з (бахудт). Мæ хуызæн стигъæгмæ ахæм дарæсæй фылдæр цы ис! Æз фехъуыстон де’гъдау æмæ дæ хæрзуынды кой... Мæ дыууæ æфсымæры марджытæ сты æлдæрттæ, æмæ сæ исын мæ маш^Фыдмитæ-«бакæньшмæ хъавыдтæн уæ комы 2. ÆНÆНЦОЙ ЗÆРДÆ
æлдæрттæн дæр. Фæлæ уал сфæнд кодтон уый агьоммæ дæу фенын. Æмæ зæронд лæджы хуызы æрбацыдтæн уæ хъæумæ. Федтон дæ æмæ мæ маст мæ риуы тайы. Уыимæ мæ бауырныдта, уæ хъæуы цæрджытæй мæ кæй ничи базондзæн, гье уымæ гæсгæ сæм Уастырджийы хуызы равдыстон мæхи уæлæ къæдзæхы сæрæй. А ц ы р у х с. Хинæй?!.. А ц æ м æ з. Æндæр гæнæн мын нæ уыд, уымæн æмæ уæ адæм не’мбарынц, цы стыр фыдбылыз сæм кæсы, уый. Уастырджийы номæй сын мæ ныхæстæ тынгдæр фæцагайдзысты сæ зæрдæтæ. Бамбарын сын кæн, нырæй тæс — сагдæр кæй никуы уыд уæ уавæр. Цавæрдæр хъæддаг адæм Кæсæджы хъæутæ ныггаффутт кодтой, æмæ ныр иугæр се сгарæджы æрбарвыстой, уæд хъавынц ардæм ныббырсынмæ. Тынг хæцаг адæм сæ хонынц, сæ цæргæбонты лæбурджыты цардæй чи цæры, ахæмтæ сты. Тæригъæд нæ зонынц. Уе’мкоймæгтæ æвæстиатæй æрæмбырд уæнт æмæ бауынаффæ кæнæнт, стыр фыдбылызæй куыдæй фервæзат, ууыл. Ирвæзын та уæ фæкæндзæн æрмæстдæр уæ иудзинад. Зæгь адæмæн: стыр Уастырджи домы, зæгьгæ, цæмæй уæ хъæуы æмæ æгас комы цæрджытæ се’ппæтдæр ысуой æмбар æмæ æмсæр, науæд уæ адæмы’хсæн никуы уыдзæн иудзинад æмæ сæ иумæйаг знæгты ныхдоæ тохьь уæла^из^никуы бафтдзæн сæ къухы. А ц ы р у х с. Æмæ ды та?... (ферхæцыд.) А ц æ м æ з. Æз та цы? Æз фыдгултæй дæуæн тæрсын, Ацырухс. А ц ы р у х с. Цæмæй нын баххуыс кæндзынæ? А ц æ м æ з. Базондзынæ йæ... Æз уыдзынæн сымахæн Уастырджийы æххуысгæнæг... Цæй, цæуын уал. Гъе’рмæст мын ды цы зæгъыс? Дæ зæрдæмæ мын фæндаг ис æви нæй? (Чызг ницы дзуры.) Кæд нæй, уæд мын æй зæгь æргомæй. Нæ дæм фæхæрам уыдзынæн. А ц ы р у х с. Ныртæккæ дын мæ бон дзуапп раттын нæу. А ц æ м æ з. Уæдæ ахъуыды кæн дзæбæх. Мæ уадындзы хъæлæс куы фехъусай, уæд фæзын ацы суадоны цурмæ. Ам та фембæлдзыстæм æмæ мын зæгьдзынæ дæ дзуапп. Хæрзбон уал, хæххон дидинæг! (Фæаууон.) Г а б а й (фæзынд). Цы бирæ дæ ныддардта ныхæстыл, Ацырухс? Старстæн дын, уæлæрвтæм дæ куы ахæсса, уымæй. Фæлæ кæд Уастырджи, мыййаг, нæ уыд? А ц ы р у х с. Куыд бауæндыдтæ уый зæгъын та, Габай? Хатыр дзы ракур! 18
Г а б а й. Ныххатыр кæнæд, кæд фæрæдыдтæн. Ды та зон, ацы изæр дæм барвитдзынæн мæ минæвæртты. А ц ы р у х с. Цытæ дзурыс, ныртæккæ нæ ахæм хъуыддæгтæм æВдæлЬ1?| цы фесты адæм? Г а б а й. Уæртæ къæдзæхы фаллаг фарс. Зæды фæстæ кæсгæйæ, цавддуртау лæууынц. А ц ы р у х с. Фæдзур-ма сæм. Г а б а й. Уыдонмæ фæдзурдзынæн, фæлæ дын мæнæй фæхицæн уæвæн кæй нæй, уый дæ рæсугьд ныхыл ныффысс. А ц ы р у х с. Æппынфæстаг мæ разы цы ныфсæй æрлæууыс? Дæ кæцы лæгдзинадæй мын раппæлис? Г а б а й. Мæнæй хъæздыгдæр кæй зоныс не’лдæртты’хсæн? А ц ы р у х с. Уæ хъæздыгдзинæдтæ дæ фыд Хадзы самал кодта. Стæй сæ уый дæр йæ хидвæллойæ нæ бакуыста — уе’ххуырстыты фæллойæ сæ ратыдта. Ды кæм фесгуыхтæ? Æви искæй стигьын лæгдзинадыл нымайыс? Г а б а й (фæмæсты). Æфхæргæ мæ?!.. А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Ацæмæзæн æрмæст йæ койæ дæр ризæгау кæнут, не’лдæрттæ, фæлæ сымах койæ чи ризы?! Æдддгон лæбурджытæ нæм æрбалæбурынц арæх — нæ уæ тæрсынц! Г а б а й. Ацæмæзæй нын æппæлыс?! А ц ы р у х с. Уый сахъгуырд у! Сæрæн! Лæггы дзуар мын цы дзырдта, уымæй мæ ды фæрсгæ дæр нæ бакодтай, цы фыдбылыз нæм кæсы, уый мæт дæр дæ нæй — дæ минæвæртты кой кæныс! Г а б а й. Уыйбæрц тыхджын у мæ уарзт, куыннæ мæ’мбарыс?! А ц ы р у х с. Стыр дисы мæ æфтауыс ахæм сахат! Г а б а й. Ацырухс!.. А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Фæдзур адæммæ! Г а б а й. Гъемæ хорз!.. Хорз! (Ацыд.) А з а т~ (æрбацæуы). Ацырухс! Бæрзондылбадæг Уастырджийы равзæрст! Мæ дуне, æвæццæгæн, зæдтæй дæ, æндæра!... А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Мацыуал сдзур, Азат! Нæ хъæуы. Б ы т ъ ы р (фæзынд). Ацырухс, Уастырджимæ йæ бæх бауад, æмæ фатау атахтысты! (Æрбацæуынц адæм фæстæмæ.) Мах джихæй баззадыстæм, фезмæлынхъом дæр нæ ничиуал 19
уыд, Рæвдздæр дзур, цы дын загьта, науæд ныртæккæ атъæпп уыдзынæн дæ разы! Д а с х а н (цæссыгтимæ). Мæ чызг! Дзур!.. X а д з ы. Фæлæуут-ма гыццыл! Бауадзут мæ Ацырухсы бафæрсын. (Чызгмæ) Æцæгæй Уастырджи уыд? А ц ы р у х с. Æцæгæй, Хадзы. Лæгты дзуар уыд. X а д з ы. Уæдæ нæм ахæм æрыгон лæппуйы хуызы цæмæн равдыста йæхи? А ц ы р у х с. Уымæн æмæ йæ мæты сæр нæ фæсивæд сты. Разы сæ нæу. Сæ тыхджын рагфыдæлты, дам, нæ фæзмынц. Д а ф а. Æмæ? Цы йæ зæрды ис? А ц ы р у х с. Тынг нын тæрсы æддагон лæбурджытæй. Тыхджын æмæ сæ æнæхатыр хоны. Сæ ных, дам, сарæзтой ацы коммæ æмæ уын цæттæ кæнынц сæрсæфæн фыдбылыз. Се сгарæг, дам, ам дзæгъæлы нæ уыд чысыл раздæр. Б ы т ъ ы р. Хъусут?! Ды та, Хадзы, уыцы лæджы Ацæмæзы абырджытæй схуыдтай! А ц ы р у х с. Лæгты дзуар загъта, ныры хуызæн тæссаг кæй никуы уыд нæ уавæр. Æвæстиатæй, дам, æрæмбырд кæнут æгас комы адæмы æмæ бауынаффæ кæнут, уæхи куыдæй бахъахъх\æнат, ууыл, бамбарут кæрæдзийы. Рох, дам, уæ ма уæд, стыр фыдбылызæй уæ æрмæстдæр уæ иудзинад кæй фервæзын кæндзæн. Æмæ, дам, уæм цæмæй иудзинад уа, уый тыххæй хъуамæ уе’хсæн мауал уа мæгуыртæ, иууылдæр ысуат æмбар. X а д з ы. Æмбар?! Уый та куыд?! Ома, нæ исбон хъуамæ байуарæм не’ххуырстытæн? Б ы т ъ ы р. Æмæ цы?! Исты уе’ххуырстыты тугвæллойæ нæу уæ бирæ исбон?! X а д з ы. Хъаймæты бон! Бæстæ фæлдæхы иннæрдæм! Г а б а й (Бытъырмæ). Æгæр уæндыс, æххуырст! Б ы т ъ ы р. Æз уе’ххуырст нæ дæн, Дафайы хæдзары кусын! Фæлæ мах иу адæм куы стæм, уæд дыууæ дихы цæмæн кæнæм хъæздгуытæ æмæ мæгуыртыл? Æви искуы фехъуыстат ахæм адæмыхæттытæ: ирон хъæздгуытæ æмæ ирон мæгуыртæ? Иу номæй куы хонынц не’ппæты дæр: ирæттæ! Уый нæ куы кæны æмбар, уæд кæрæдзийы цæмæн æфхæрæм æмæ стигъæм? А зæхх Хуыцауы сконд куы у, уæд йæ уæлæ не’ппæтæн иухуы — зон бынат цæуылнæ ис? Г а б а й. Чи цавæр бынаты аккаг у, уым цæры, Бытъыр! Б ы т ъ ы р. Уый афтæ куы уаид, уæд хъæздгуытæй бирæтæ 20
куыйтимæ хъуамæ цæриккой, Габай! Г а б а й (йе’фцæгготмæ йын фæлæбурдта). Кæмæй зæгъыс, марина^?! X а д з ы (Габаймæ). Лæппу, фесæф! А з а т. Габай!.. (Иргъæвы сæ.) Б ы т ъ ы р. Цы мæм лæбурыс?! Хъыг дын у рæстдзинад хъусын?! Л а д и. Афтæмæй цавæр иудзинад сæвзæрдзæн не’хсæн? Кæцæй нæм æрцæудзæн ныфс æмæ æхсар, кæрæдзийы ныфсæй ныфсджын куы нæ уæм, уæд?! Д а с х а н. Бахатыр кæнут, нæ хистæртæ, фæлæ кæрæдзийы куы нæ бамбарæм, уæд уымæй баххуыс кæндзыстæм не знæгтæн, æмæ нæ сæ къæхты бын ныссæнддзысты. А ц ы р у х с. Лæгты дзуар дæр уыдзæн не’ххуысгæнæг, йæ фæндтæ йын куы баххæст кæнæм, уæд. X а д з ы. Уый гæнæн нæй! Д а ф а. Дауджыты ныхмæ чи дзуры, Хадзы? X а д з ы. Ныххатыр мын кæнæд Бæрзондылбадæг, фæлæ, æвæццæгæн, уæле дæр зонынц рæдийын. Нæ Хуыцау Есо Чырысти у. Зæххыл цы адæмтæ цæры, уыдоны уый рагæй æрæгмæ дæр дыууæ дихы кæны - хъæздгуытыл æмæ мæгу— ыртыл. Алкæмæн дæр дзы йæхи бынат саккаг кодта, фæйнæхуызы бартæ сын радта. Мæгуыртæ кæдл,æридд,æр хъуамæ лæггад кæной уæздæттæн. Æмæ ныр Уастырджи уыцы уагæвæрд халы? Есо Чырысти кæй саккаг кодта, уыцы уагæ — вæрд?! Ау, уæле дæр хистæрты фæндон ницæмæуал дарынц? Сæфты дут ныккодта?! (Æвиппайды арв ферттывта семæ ныннæрыд.) Д а с х а н (фæтарст). Мацыуал сдзур, Хадзы! X ъ æ л æ с т æ: Мацыуал! Æрцæвдзæн дæ! (Иууылдæр арвмæ тарстхуызæй кæсынц.) А ц ы р у х с. Бахатыр кæнут, нæ буц хистæртæ, кæд æмбырд кæнут нæ комы адæмы? Фæстиатгæнæн нæй. Д а ф а. Райсом! Тæккæ райсом! Мæнæ ныр фæдисæттæ арвитæм нæ комы æппæт хъæутæм, цæмæй райсом раджы æрæмбырд уой ацы фæзмæ æмæ æрныхас кæнæм бæстон, лæбурджытæй нæ сæртæ куыдæй фервæзын кæнæм, ууыл. Фехъусын кæнæм комы адæмæн, нæ сæрмæ цытджын 21
Уастырджи кæй æрбадт æмæ нæ цы бадомдта, уыдæттæ иууылдæр. Д а с х а н. Бацæттæ кæнын хъæуы фынгтæ, цæмæй райсом комы хистæртæ Лæгты дзуармæ скувой. Уадз баххуыс нын кæна, табу йæхицæн. Д а ф а. Ог фæлæ нæ ныртæккæ зæххон фæтæг хъæуы, адæмы тохмæ йæ фæдыл чи акæна, ахæм хъæбатыр. Нæ адæмæн се стырдæр фыдбылызтæй иу уый у, аккаг фæтæг нын кæй нæй. Б ы т ъ ы р. Фæтæг нын нæй уымæн, æмæ мах никуы никæмæ лæбурæм. Л а д и. Фæлæ нæ æддагон лæбурджытæ æнцад цæрын нæ уадзынц. Д а ф а. Гъе уымæн нæ хъæуы раздзог. Б ы т ъ ы р. Ау, не’ппæт ,хъæуты нæ разындзæн ахæм сахъгуырд? Д а ф а. Мауал лæуут, Бытьыр. Ракæнут хуыздæр дугьон бæхтæ æмæ æрзилут хъæутыл — фæдзурут адæммæ. Азат, Лади æмæ иннæ лæппутæ... X а д з ы (ныхас исгæйæ). Ладийы не’вдæлы! Л а д и. Цæуылнæ мæ’вдæлы, ме’лдар? Уымæй ахсджиагдæр хъуыддаг ма цы ис? X а д з ы. Куыстытæй нæ хъуырмæ стæм! Л а д и. Æмæ цалынмæ дæ куыстытæ фæуæм, лæбурджытæ уæдмæ банхъæлмæ кæсдзысты? Цомут, лæппугæ! (Фæаууон.) X а д з ы (мæстыйæ). Лади! (Ладийы фæдыл ацæуынц рæвдз Бытъыр, Азат æмæ лæппутæ, Габай йедтæмæ.) Рухс ахуыссыд. Æхсæв, æбæрæг талынг ран Ацæмæз зыны рухсы тыны йæ абырджыты’хсæн. Уым ис Тузар дæр. А ц æ м æ з. Æндæр гæнæн нæй, мæ хæлæртгæ, бамбаруг æй! Нæй! 1-аг а б ы р æ г. Не’лдæртты хъуамæ бахъахъхъæнæм знæгтæй? 2-аг а б ы р æ г. Сæ кæцыхорздзинæдтытыххæй? Сæ цъаммар митæй чи нæ хъæрзы æгас комбæсты, ахæм куынæуал ис! 22
А ц æ м æ з. Зонын æй. Мæхæдæг дæр бирæ фыдбылызтæ бавзæрстон сæ къухтæй. 1-аг а б ы р æ г. Æмæ сæ уæдæ уадз ныцъцъист кæной æддагон лæбурджытæ! 2-аг а б ы р æ г. Уыдон сын мах хуызæн нæ фæуыдзысты. А ц æ м æ з. О, фæлæ нæ мæгуыр адæмы дæр ныццæгьддзысты, æмæ ууыл у мæ катай. 1-аг а б ы р æ г. Æвæдза, хорз цæуы не’лдæрттæн сæ хъуыддаг! Цы мæхуырты стигъынц, хъуамæ уыдоны фæрцы стыр фыдбылызæй дæр фервæзой! А ц æ м æ з. Æмæ уæдæ не’лдæртгы фыддæрадæн нæ мæгуыр иубæстон адæмы рохуаты ныууадзæм? Уый сæрмæхæссинаг У? Т у з а р. Раст зæгьы Ацæмæз. Ацы ран нæ судзгæ мастыл хъуамæ фæтых уæм. Æгъатыр знæггæ не’лдæртгы дæр æмæ мæгуыр адæмы дæр куы ныццæгъдой, уæд уымæй нæ маст фæкъаддæр уыдзæн? Бынтон кæуинаг куы фæуыдзæн нæ сæр. Ирон лæг ма нæ уый фæстæ чи схондзæн йæхи? Цы цæсго—■ мæй? А ц æ м-æ з. Стæй æлдæрттæ дæр се’ппæт иухуызон цъаммар не сты. 1-аг а б ы р æ г. Бирæгътæ се’ппæтдæр — къуыбырхъустæ! Т у з а р. Уый бирæгътæ!.. л , æ м æ з. Хæхбæстæ нæ райгуырæн къуым у, йæ алы ,æр нæ ком у. Не’лдæрттæ чысыл сты, нæ мæгуыр адæм та — бирæ, æмæ хъуамæ уыдоны бахъахъхъæнæм. X ъ æ л æ с т æ: Ай-гъай! Бахъахъхъæнæм! 1-аг а б ы р æ г. Никуы мæ бауырныдтаид, Ацæмæз, дæу не’лдæртгы ныхмæ исты хуызы уавæртæ бауромой, уый. 2-аг а б ы р æ г. Цыдæр æрцыд лæнпуйыл. А ц æ м æ з (фæмæсты). Банцайуг-ма, цæй! Æгшынфæстаг!.. Мæ фæндоныл разы чи нæу, уыдон ацæуæнт махæй! Саджил хъуыдытимæ фыдгултимæ тохгæнæн нæй! (Рухсы тынтимæ атадысты се’ппæтдæр.) 23
ДЫККАГ НЫВ Къæдзæхы раз та фæзы. Сæумæрайсомæй. Æрбазгъоры Зæлда, йæ фæдыл та Бытъыр. 3 æ л д а (йæ зонгуытыл æрхаудта æмæ къæдзæхы сæрмæ йæ къухтæ ивазы). Нæ цытджын Лæгты дзуар, хъæздыгдзинæдтæй мæ бахиз! Б ы т ъ ы р. Æдылы дæ? Хъæздыгдзинæдтæй тæрсыс? 3 æ л д а. О, мæ зæрдæйыл цинты бæсты катай куы бахæца. Б ы т ъ ы р. Уый дæ зæрдæйыл, фæлæ дзы дæ гуыбын нæ фæрисдзæн. 3 æ л д а (сыстгæйæ). Бæгуыдæр фæрисдзæн. Федтай Хадзыйы? Цæмæн дзы фæци гуыбынхæлд? Б ы т ъ ы р. Уый йæ Уастырджи бафхæрдта. Знон дзы ам йæ ныхмæ цыдæртæ сирвæзт. 3 æ л д а. Рæдийыс, Бытъыр!^Йæ хъæздыгдзинæдтæй йæ мæгуыртæн бахай кæнын куы бахъæуа, уый катайæ фехæлд йæ гуыбын. (Ныххудт.) Гъе уый лæг у, анассæнæ, гъе! Цæ — хæрадонæй йæ йæ хæдзармæ нал æвдæлы. (Фæуайы, худгæйæ.) Б ы т ъ ы р. Фæлæуу-ма, Зæлда, кæдæм тагъд кæныс? 3 æ л д а. Куыд кæдæм? Уæртæ фынгаразджытæм фæкæсын нæ хъæуы? Б ы т ъ ы р. Уым æнæ дæу дæр фаг адæм ис. 3 æ л д а. Æз кæм нæ дæн, уым фаг адæм нæй, Бытъыр. Бакæсон сæм. Кæд уæдмæ иннæ хъæутæй дæр адæм æмбырд кæнын райдаиккой. Диссаджы бон у абон! Б ы т ъ ы р. Арæби, фæлæуу-ма! Æдзух сырддонцъиуау цы пæррæстытæ кæныс?! Иу ран-ма иучысыл афæстиат у! 3 æ л д а. Æнæ исты архайгæйæ, иу ран бирæ лæууын мæ бон нæу! (Фæаууон.) Б ы т ъ ы р. Куыд кæсын, афтæмæй ай никуы æрлæудзæн. Хъадамантæ йын ссарын хъæуы йæ къæхтæн. (Ауад чызджы фæдыл.) А ц ы р у х с (æрбацæуы æд гогон æмæ фæйнæрдæм кæсы). Мæ хъустыл ауад уыцы уадындзы цагъд æви? Куы ничи ис ам. Уыцы лæппу!.. Цæмæн уайы æдзух мæ цæстытыл? Нæ, нæ! Йемæ мын иумæйагæй цы ис? Ницы æппындæр! Сæдæ хатты ницы! Д а с х а н (фæзынд). Чызг, цы ми кæныс ам афтæ сæумæраджы? 24
А ц ы р у х с. Нæ зонын, гыцци. Ацы фæз мæ цæмæндæр йæхимæ ласы, Д а с х а н. Лæгты дзуаримæ фембæлды фæстæ? Дысон- бонмæ дæр уымæн нæ бафынæй дæ? А ц ы р у х с. Æмæ ды дæр куы нæ бафынæй дæ. Д а с х а н. Ме’муд нæма æрцыдтæн ныронг. А ц ы р у х с. Фæлæ мæ уавæр æндæр уг гыцци. Куы зонис хъуыддаг... Д а с х а н. Ома? (Чызг ницы дзуры.) Цы кæныс, цы? Кæд, мыййаг, искæй мæтæй... Бæргæ! Науæд дæ бирæ курджытæй дæ хъус никæмæ дарыс, æмæ дæ мæтæй стыхсын. А ц ы р у х с. Зæгъæм, кæмæ дзы æрдарон мæ хъус? Д а с х а н. Замманай дзæбæх лæппу у Дафайы фырт Азат. Уæздан, хæрзконд, хъæздыг. А ц ы р у х с. Уæздан, хæрзконд, хъæздыг!.. Æндæр ма цы зæгъæн ис не’лдæртты фырттæй? Д а с х а н. Цы ма дæ хъæуы æндæр? А ц ы р у х с. Гыцци, гыцци!.. Сæрæндзинадæй куыд ничиуал фæрсы! Д а с х а н. Чызг, мæ хур... А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Æмæ диссаг та куыннæ у! Æхсæвæй-бонæй æлдæртты æххуырстытæ кусынц, цæргæ та æлдæртты цот кæнынц. Æгуыстæй сæ рæстæг чи æрвиты, сæ къухты фæрæт æмæ цæвæг чи никуы райсы, уыдон. Аив дарæс дæр уыдон скæнынц сæ уæлæ. Фæлæ-ма уыцы дарæс æххуырстытыл скæн! Уыдоны уынд æндæр у — бирæ диссагдæр. Д а с х а н. Искæй федтай ахæм дарæсы мæгуыртæй? А ц ы р у х с. Федтон, гыцци. (Иуварс ацæуы.) Уымæн дзы æмбал нæй. Д а с х а н. Мæ бындурыл! Чи у? А ц ы р у х с. Тæрсгæ дзы кæнын. Д а с х а н. Тæрсгæ?!.. А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Кæд дæ Дафаимæ бахæстæг кæнын фæнды, уæд æз ницыуал зæгъын, гыцци. Д а с х а н. Чызг! Кæдæй-уæдæй дæ разыйы дзуапп хъусын! А ц ы р у х с. Æрмæст цас тагъддæр ахицæн уа хъуыдддг, уыйас хуыздæр. Д а с х а н. Цас тагъддæр?.. Уый та куыд бамбарын хъæуы? А ц ы р у х с. Мацæмæйуал мæ фæрс, гыцци. 25
Д а с х а н. Æниу ма дæ цы фæрсын æцæг! Æгайтма нæ уæздæттæй равзæрстай цардæмбал. А ц ы р у х с. Нæ уæздæтгæй? Æмæ чи сты уæздæттæ? Музыкæ (Мысы). Хъуыды ма кæнын, мæ чысылæй мын мæ фыды фыд куыд дзырдта... Кæддæр, дам> уыдис ахæм замантæ, адæм иууылдæр æмсæр æмæ æмбар куы уыдысты. Фæлæ заман заманы ивта. Ивтой адæмæн сæ уавæртæ дæр. Зыдгæнагдæр сæ чи уыд, уыдон мулк кæныныл фæцалх сты æмæ сæ ницыуал урæдта. Уæздандæр æмæ сæ цæсгомджындæр чи уыд, уыдон та сæхи хуымæтæг фæллойæ цæргæйæ баззадысты. Æмæ сæ уæд мулкджынтæ, царды рохтæ сæ къухтæм райсгæйæ æмæ сæ цæсгом ферох кæнгæйæ, æлхъивын райдыдтой. Уыцы мулкджынтæн сæ уидæггæ царды бынтондæр куы ныффидар сты, уæд та сæхи æнæфсæрмæй уæздæтгæ схуыдтой æмæ æппындæр кусгæ нал кодтой, сæ бæсты сын чи куыста, уыдоны та схуыдтой сау адæм æмæ сæм былысчъилæй кæсын райдыдтой. Афтæ дарынц сæхи суанг абоны онг дæр. Нæ, гыцци, уæздæттæ æрмæстдæр фæллойгæнæг адæм сты. Д а с х а н. О, фæлæ уæддæр уæздæтгы туг... А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Йæхæдæг чи нæ фæллой кæны, барвæндонæй искæй тугвæллойæ чи цæры, ахæмтæн сæ туг куыдзы туг у! Д а с х а н. Мачи дæ фехъусæд, чызг! А ц ы р у х с. Хадзы, ды цы уæздæттæй зæгъыс, уыдонæй куы нæ райгуырд, мыййаг. Зæрæдтæ арæх куы фæдзурынц, мæгуыр кусæг лæппу уыд чысылæй. Фæлæ йæ фыд сси бæх — давæг. Алы кæмтгæй-иу æвзаргæ бæхтæ атардта куы Кæсæгмæ, куы та иннæ рæттæм æмæ-иу сæ ауæй кодта бонджынтæн. Афтæмæй схъæздыг. Ныр "уæздæтгы" æмрæнхъ слæууыдысты Хадзы йæ фыртимæ, æмæ уымæй сæ туг æндæр сси? Хъыгаг у, адæймагæн йæ номгæнæг йæ исбон кæй у, уый. Д а с х а н. Æгæр арф хъуыдыты ныгьуылын райдыдтай, чызг. Уый амондмæ нæ цæуы. Нæ цард æмтъеры у, нæ рæстæг та — æгьатыр. (Фæссценæйæ æрбайхъуыст уадындзы цагъд. Ацырухс фæкъæрцхъус.) 3 æ л д а (фæзынд). Цы рæсугъд уадындзы цагьд хъуысы! 26
Цымæ чи цæгьды? Д а с х а н. Æвæццæгæн, цавæрдæр фыййау. 3 æ л д а. Афтæ аив чи цæгьды, ахæм фыййау нæ зонын нæ хъæуы. Д а с х а н. Æз мæ хуыны тæбæгь æрцæтгæ кæнон. (Ацæуы.) (Ацырухс, уадындзмæ хъусгæйæ, мидкатайы бафтыд, цы ксена, уый не’мбары.) 3 æ л д а. Æхсин, цы кæныс, дæ хуыз куы фæцыд? А ц ы р у х с (фæрæвдз). Ахæссæм дон, Зæлда! (Бацыд суадонмæ семæ йæ гогон донæй дзаг кæны.) 3 æ л д а. Фæлæуу, иучысыл ма байхъусæм уыцы уадындзмæ... (Фæссценæмæ кæсгæйæ, æвиппайды фæтарст.) Æхсин, дæлæ та æфцæгыл цавæрдæр барджытæ! Абырджыты хуызæн сты! Чи зоны, уадындзы цагьдæй нæ сæхимæ сайынц! Цом ардыгæй! Æри! (Райста Ацырухсы гогон æмæ ацæуы.) А ц ы р у х с (афæстиат, иунæгæй). Ацæмæз у уый! Цы кæнон? Куы нæ йæм фæлæууон, уæд... Мæ дзуапмæ куы’нхъæлмæ кæсы. 3 æ л д а (фæссценæйæ). Æхсин, рацу рæвдздæр, цы ма лæууыс?! А ц ы р у х с. Мæ зонд сдзæгъæлтæ!.. Лæгты дзуар, фæрæдийын мæ ма бауадз! (Уадындзы цагъд банцайы, æмæ æрбацæуы Ацæмæз зæронд лæджы хуызы, йæ рон æдхъама.) А ц æ м æ з. Бузныг, Ацырухс, кæй ссыдтæ, уымæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ уарзты хъуыдытæ дæ не скодтой ардæм, фæлæ тас. Æви рæдийын? А ц ы р у х с. Æвæццæгæн... нæ рæдийыс. А ц æ м æ з. Фæлæ æз тынгдæр тæрсын дæуæй. А ц ы р у х с. Мæнæй та цæмæн? А ц æ м æ з. Æз сдæн лæгсырд, хъæддаг, æмæ хуыздæр уыдаид, ахæмæй куы баззадаин, уый. Мæ цыфыддæр знæггæй истаин мæ маст. Фæлæ мæм ныр тых нал баззад уыдонæн фыдмитæ кæнынмæ. Дæ аххосæй! Ме знæгтæн разындтæ фервæзыны хос! Уый хыгьд мын бабын кодтай мæхи. Тæрсын, ме’фсадæн раздзогæн дæр куынал сбæззон, уымæй. Цы фæуон ныр? А ц ы р у х с (дзуры тыхæй). Æмæ дын, зæгьæм, разыйы дзуапп радтон, уæд цы фæуаин æз та? Ды цæрыс хъæдты, 27
лæгæтты. Ау, мæн дæр акæнис уырдæм? А ц æ м æ з (ныккæрзыдта æмæ иуварс ацыд). Зыдтон, уыцы фарст мæм кæй ратдзынæ!.. Нæ йæ’мбарын, куыд дæм æрбатардтон мæ цæсгом! Цы ныфсæй? Мæ зæрдæ фæтых мæ зондыл!... Дæ цæхгæр дзуаппæй мын рæвдздæр мæ зæрдæйы нытътъысс кард! Куыйты хæринаг мæ бакæн æмæ мæ атæр мæ хъæддаг лæгæтмæ! Ссар цы-фыддæр ныхæстæ! Ссар, Ацырухс!... (Чызг лæууы сагъдау.) Ницы дзурыс? Тæрсыс, уæ ком тæссаг уавæры куы ис, уæд уæ фыдбылызтæ куы фæфылдæр кæнон, уымæй. Бынтон дзæгъæлы! Сæдæ цæхгæр дзуаппæй мын мæ былтæ куы ныццæвай, уæддæр, ды кæи уæлдæфæй улæфЫСг уыцы коммæ ме’гасæй фыдгул йæ къах не’рбавæрдзæн. Зонын, комы æппæт хъæутæй ацы райсом ардæм кæй æрæмбырд уыдзысты адæм, æмæ уымæн ссыдтæн ныр, канд дæумæ нæ... Хъуамæ фембæлон семæ. Стæй иунæ — гæй не ссыдтæн. А з а т (æрбацæуы). Ацырухс!.. (Цымыдисæй бакаст Ацæмæзмæ, уый фалдсер ацсеуы.) Ацы лæг чи у? Цы агуры? А ц ы ру х с. Цы йын зонын? Цавæрдæр хæтæгхуаг. А з а т. Бахатыр кæн, мæхицæн бынат нал арын... Æхсæв уа йе бон дæ мæтæй... (Ацæмæз тыхстхуызæй хъусы ныхæстæм.) Æмбарын, цы уавæры стæм, уый. Нæ сæрмæ сау мигътæ æмбырдтæ кæнынц. Æмæ нæ нæхи хъуыддæгтæм нæма’вдæлы. Фæлæ мæм ды цы зæрдæ дарыс, уый нæма зонын æмæ уымæй тыхсын ноджы тынгдæр... Г а б а й (фæзынд мæстыйæ). Ацырухс, демæ мæ ныхасаг ис! А з а т. Æз куы нæма фæдæн йемæ мæ ныхас, Габай! Г а б а й. Чызгмæ æз цы зæрдæ дарын, уый куы зоныс, Азат! Цæуылнæ йæ ныууадзыс?! А з а т . Ахæм ныхæстæ зæгъын дын мæ бон дæр у! Г а б а й. Чызджы зæрдæ цы саджилтæ кæныс?! Кæд ныхасæй не’мбарыс, уæд слас дæ хъама! (Фелвæста йæ хъама.) А ц ы р у х с (фæтарст). Габай!... А з а т. Ацы ран хыл цæмæн хъæуы?! Чызг йæхæдæг зоны, йæхицæн кæй аккаг кæны, уый. А ц æ м æ з (бацæуы Габаймæ). Лæппу, дæ хъама нытътъысс фæстæмæ йæ кæрддзæмы. Чызджы ма тыхсын кæн! Г а б а й. Дæу та цы хъæуы, зæронд?! Дæ бынат зон! Фесæф! А ц æ м æ з. Нытътъысс, зæгъын! Науæд хъама мæнмæ 28
дæр ис, уыныс æй! Г а б а й. Цыдæр абырæг! Ацæмæзы хъузæттæй ма уа ай?! Æз дын дæ Ацæмæзы дæр æмæ дæхи дæр!.. (Ацæмæз æм уыцы мæстæлгъæдæй хæрзæввахс балæууыд. Уый йын йæ цæстыты тызмæгкаст нæ уромы, фæстæмæ дзы цæуы.) Ай мæ хæйрæджы хай у æви?! Цæстыты бæсты йæ цæсгомыл дыууæ сырх зынджы! Цæхæртæ дзы кæлы! А ц ы р у х с (йæ кæлмæрзæн се’хсæн зæхмæ æрæппæрста). Курын уæ!.. А ц æ м æ з (æрлæууыд, чысыл фæстæдæр сисы кæлмæрзæн æмæ хаты Габаймæ). Бафидаут, знæгтæ, чызджы сæраппонд! (Габай лæууы ницы дзургæйæ.) Цæмæ ма у каст?! Г а б а й. Цæй, иугæр нæ фыды хайы афтæ фæнды, уæд... (Йæ хъама йæ кæрддзæмы нытътъысгæйæ, бацæуы Азатмæ, æмæ кæрæдзийы къухтæ райсынц.) А ц æ м æ з (ратты Ацырухсæн йæ кæлмæрзæн). Фæрнæй йæ дар. (Чызг ацæуы. Йе’ртæ курæджы йæ фæдыл джихæй кæсынц. Стæй Габай æртхъирæнгæнæджы каст бакодта Азатмæ æмæ бахъавыд ацæуынмæ, фæлæ уалынмæ Зæлда æрбазгъордта.) 3 æ л д а. Акæсут-ма: ссæуынц иннæ хъæуты цæрджытæ дæлæ! Б ы т ъ ы р (фæзынд чызджы фæдыл, сусæгæй). Зæлда, цы, уый зоныс? Ацы диссаджы бон кæрæдзийæн исты дзæбæх ныхæстæ куы акæниккам. Цинтæй байдзаг кæнæм нæ зæрдæтæ. 3 æ л д а. Æнæ дзæбæх ныхæстæй дæр мæ зæрдæ цинтæхъуаг нæу. Б ы т ъ ы р. Арæби, лæппуйы зæрдæ цы хъуаг у, уый кæд бамбардзынæ, кæд?! 3 æ л д а. Нозт агуры дæ зæрдæ, мыййаг? Б ы т ъ ы р (фæмæсты). Кæд ды нозт дæ, уæд о! 3 æ л д а. Цы худæг дæ, Бытъыр! (Ныххудт.) Æллæх, цас бирæ адæм ссæуы! Фынгты уæлхъус куы сбадой, уæд сын нуазæны цагъд цæмæй кæндзыстæм? Фæндыр! (Фæаууон.) Б ы т ъ ы р. Ай хуымæтæг ныхасмæ дæр ничи æрцахсдзæн. Афтæ дзы пæррæстытæгæнгæ нæма фендæуыд! 29
(Æрбацæуынц уазæг адæм. Бæрæг у, фæссценæйы тынг бирæ ксей сты, уый.) У а з æ г (æрцæуæг æлдæрттæй). Уæ бон хорз, нæ фысымтæ! Нæ коммæ ныббырсынмæ чи хъавы, уыцы лæбурджыты хабæрттæ нын уæ фæдисонтæ ракодтой. Фæлæ Уастырджи цы ран æрбадт? Б ы т ъ ы р. Мæнæ уыцы къæдзæхы сæрыл. У а з æ г. Уæхи цæстытæй йæ федтат? Б ы т ъ ы р. Æмæ йæ уæдæ искæй цæстытæй куыд федтаиккам? (Æрбацæуынц Дафа, Лади æмæ ма чидæртæ. Рынчын Хадзыйы дæр æрбакæнынц дыууæлæджы йе’ххуырстьипæй, йæ цæш-тыл ын хæцынц, афтæмæй.) Д а ф а (уазджытæм). Æгас нæм цæут, сызгъæрин фестинæ1тæ! Амондæн уæд нæ фембæлд нæ зæдбадæн фæзы. У а з æ г . Ай нæртон диссæгтæ куы’рцыд уæ хъæуы, Дафа. Цæвиттон, дам, Уастырджи уемæ ныхас дæр кодта, табу йæхицæн. X а д з ы. Кодта, кодта, Дæхцыхъо. (Сбадын æй кæнынц бандоныл.) (Æрбацæуынц Дасхан æмæ чызджытæ: Ацырухс хуыны тæбæгъимæ, Зæри, Сæни, стæй Зæлда æд фсендыр.) Д а ф а . Зæрдиаг ныхасмæ равзæрста Уастырджи Дасханы чызджы. X а д з ы. Нæ хъæуы рухс Ацырухсы. Уæртæ хуыны тæбæгьимæ чи ис, уый. У а з æ г (кæсы чызгмæ). Хуыцауыстæн, Бæрзондылбадæг нæ фæрæдыд йæ равзæрстæй. Уыцы чызг зæдæй уæлдай нæу. Д а ф а (адæммæ). Гъер байхъусут, хорз адæм! Мæнæ зæдбадæн къæдзæхы фæстæ цы уæрæх фæз ис, уым сарæзтам цытджын Уастырджийы куывды фынггæ æмæ уырдæм саккаг кæнут, табуафси! Уым биноныг æрныхас кæндзыстæм, нæхи фыдгултæй куыд фервæзын кæнæм, уыцы фарстатыл дæр. А ц æ м æ з. Хорз лæг, хуыздæр уаид фынгты агьоммæ уал хъуыддагыл аныхас кæнын. (Бацæуы адæммæ æввахсдæр.) Æз сæрмагондæй уе’рæмбырдмæ æнхъæлмæ кастæн. Æгайтма комбæсты минæвæрттæ иууылдæр ам сты! Ныр кæрæдзимæ байхъусæм æмæ бамбарæм нæхи. 30
Да ф а . Чи дæ, æнæзонгæ лæг? X а д з ы. Мах дын гоби æнхъæл куы уыдыстæм. А ц æ м æ з. Æз... Нал уæ сусæг кæнын мæхи — æз Ацæмæзы æфсадæй дæн . (Адæм базмæлыдысты.) X а д з ы. Ацæмæзы?! Нæ цыфыддæр знаджы хъузон?! Г а б а й. Цы ми кæныс ам, абырæг?! А ц æ м æ з. Ма мæсты кæнут! Сымахмæ мæ рарвыста Ацæмæз! Г а б а й. Цæмæн? X а д з ы. Цы йæ хъæуы?! А ц æ м æ з. Сæфтмæ цæуы уæ сомбон, æмæ йæ фæнды уæ фервæзын кæнын æдддгон лæбурджытæй. X а д з ы. Хъаймæты бон! Ацæмæзæн йæхицæй куы тæрсæм! А ц æ м æ з. Тæрсут уæхицæй! Йæ фæндонмæ куы нæ байхъусат, уæд цагъды фæуыдзыстут. Лæбурджытæ уæм тугдзых сырдтау цыргъ кæнынц сæ дæндæггæ. Комы дуармæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтой Ацæмæзы æфсæддонтæ, цæмæй сæ ма’рбауадзой. Æмæ нæ уе’ххуыс хъæуы, комы цæрджытæ! Уæ лæппутæ райсæнт хæцæнгæрзтæ æмæ рацæуæнт махмæ. Слæууæнт не’мрæнхъ. Стæй нæм хæринагæй дæр фæкæсуг. Паузæ Г а б а й. Ма йыл æууæндут, хорз адæм! Ацы лæг тынг гуырысхойаг у! Знон дæр ам уыд. Æвæццæгæн æй сгарæгæй рарвиты Ацæмæз. Ныронг адæмы стыгътой, сæ фос-иу сын атардтой, ныр та курæг ссыдысты! Нард дзидзайæ нал æфсæдынц, бæрæг у! Б ы т ъ ы р. Уыдон мæгуыр адæмы никуы стыгьтой, Габай! Стыгътой æрмæстдæр æлдæртты! Л а д и. Мæгуыр адæммæ цы ис бастигъинагæй?! X а д з ы. Хъаймæты бон! Уыцы абырджыты æрдонггæм йæ лæппуйы чи ауадздзæн?! Г а б а й. Сайынц нæ сæхимæ, цæмæй нæ амынæтгæ скæной æмæ нæ хъæутæй æрдомой фос æмæ х-ьæздыгдзинæдтæ! А ц æ м æ з. Дæхи æрæмбар, лæппу, цытæ дзурыс?! Ма саф адæмы! Д а ф а. Цæмæндæр æз æууæндын ацы лæгыл. У а з æ г. Æууæндын ыл æз дæр, Хуыцауыстæн! X а д з ы. Фæлæуут-ма! Ныронг нын фыдбылызтæ чи хаста, 31
уыцы Ацæмæз ныр нæ хъахъхъæнæг сси?! А ц æ м æ з. Сси! Уымæн æмæ адæмы мæт кæны, æлдæртты мæт æй нæй! X а д з ы. Æмæ æлдæрттæ адæмæй не сты? А ц æ м æ з. Йæ æмтуг адæмы йæ дæлбар чи дары æмæ сæ чи стигъы, уыцы æлдæрттæ цæй адæм сты?! Афтæмæй та Ацæмæзы хонут стигъæг! Уый уын байсы уæхи фæллæйттæ нæ, фæлæ, уе’ххуырстытæй кæй байсут, уыцы исбон. Байсы, уымæн æмæ йæ уавæртæ ахæм сты. Æндæр гæнæн ын нæй! Сымах та барвæндæй стигъут! Кæй? Кусæг адæмы! Ныр хъуамæ Ацæмæзы æфсад уыдоны руаджы фервæзын кæна сымах дæр! Г а б а й (рамæсты). Хъус-маг зæронд, ферох дæ, кæимæ ныхас кæныс, уый! Ам дæ абырæг æмбæлттæн нæ уынаффæтæ кæныс! А ц æ м æ з. Уыцы абырæг æмбæлттæ æцæг адæймæгтæ сты! Дæ хуызæн сæ иу дæр нæу! Га б а й (йæ хъамамæ фæлæбурдта). Ныццæвдзынæн дæ! X а д з ы (йæ фыртмæ). Лæппу! Абырджытæн нæ цæгъдын кæныс?! А ц æ м æ з. Кæд ахæм сæрæнгуырд дæ, уæд равдис дæ лæгдзинад фыдгултимæ тохы! Æви афтæ æнхъæлыс, ахсджиагдæр уæртæ фынгты уæлхъус Уастырджимæ скувын у, цæмæй фервæзат уыцы фыдгултæй?! Нæ Хуыцау æмæ нын нæ дауджытæ баххуыс кæндзысты æрмæстдæр уæд, нæхæдæг исты куы архайæм. УыдонЬг бон нæу мах бæсты хæцæнгæрзтæ сæ къухтæм райсын. X а д з ы. Ацæмæз нæм йæхæдæг цæуылнæ ссыд? Хатыр нæ цæуылнæ ракуры æмæ цæуылнæ баныхас кæны немæ? Г а б а й. Тæрсгæ нæ кæны! X а д з ы. Йæхиуыл нæ цæуылнæ баууæндын кæны йæхæдæг? А ц æ м æ з. Йæхи нæ равдæлд, ком^ы æрбацæуæнтæ хъахъхъæны. Фæлæ уæм ныббырсынмæ чи хъавы, уыцы лæбурджыты сгарæджы немæ акæнын кодта ардæм. Фенын, дам, æй кæнут комы цæрджытæн, кæд сæ нæ ныхæстæ нæ бауырной, уæд. (Фæссценæмæ дзуры.) Ракæнут-ма уацайраджы! (Адæммæ.) Знон æй комы нарæг æрбацæуæны æрцахстам. Йæхи ныггоби кодта, фæлæ йæ быласыл æрцауындзынмæ куы бахъавыдыстæм, уæд сдзырдта. Уый ру— аджы бынтон бæлвырдæй базыдтам се’фсады сау фæндтæ. 32
Гъе уымæн нæ æрбарвыста Ацæмæз. Бамбарут, нал ис фæстиат кæнæн! (Дыууæ абырæджы æрбакæнынц уацайраг Хушпары, йæ къухтæ фæстæмæ баст, афтæмæй. Йæ цæсгом æмæ йæ уæлæдарæсæй бæрæг у, æндæр адæмыхаттæй кæй у, уый. Адæммæ ахст сырды каст кæны.) Д а ф а. Ай циу? Адæймаджы каст дæр куы нæ кæны? Л а д и. Йæ цæстытæй нæ макæй аныхъуыра?! У а з æ г. Хуыцауыстæн, цыдæр удхор! Б ыт ъ ы р (фемæхст). Ай у! Знон ам чи уыд, уыцы сгарæг! Йæ фындзæй бæрæг у! Федтон æй æз! Йæ басылыхъхъæй уæртæ йæ сау фындз æддæмæ зынди, хъæрццыгъайы бырынкъау! (Уацайраг Бытъырмæ мæстджын цæстытæй ныккаст.) А ц æ м æ з. Коммæ æрбаирвæзт, фæлæ дзы фæстæмæ нал аирвæзт. Б ы т ъ ы р (бацыд уацайрагмæ). Дзæгъæлхæтаг! Цы рабыр- бабыр кæныс кæйдæр бæстæты?! (Уацайраг ыл бату кодта.) Кæс-ма йæмг йæ сæт мыл куыд æрбакалдта! Теуа дæ æви?! Æз дын хъæддаг куыдз куы’нхъæлдтон! Л а д и. Ныххафт æй кæнин! А ц æ м æ з. Цæй, цы зæгъут, хорз адæм? Кæд æцæгæй афтæ æнхъæл стут, нæхимæ уæ сайæм, зæгъгæ, цæмæй уæ амынæттæ скæнæм, уæд Ацæмæзы æвзæр зонут. Цæмæн æй хъæуынц амынæттæ? Ау, уæ фосы дзугтæ æнæ уый атæрын нæ бауыдзæн йæ бон? Д а ф а. Хорз адæм, хъуыддаг æмбæрст у. Стыр фыдбылызæй нæ нæхи бахизын хъæуы, æмæ ракæ-бакæ кæнынæн рæстæг нал ис. А ц æ м æ з. Æмæ уый тыххæй Ацæмæзы фыццаджыдæр фæнды базонын, Уастырджийы домæнтæй цы баххæст кодтой а хъæуы æлдæрттæ? р|æ ха§ар ын фехъуыста æмæ уыцы до — мæнтæ тынг фæцыдысты йæ зæрдæмæ. Б ы т ъ ы р. Не’лдар Дафа махæн бахай кодта йæ зæххытæй дæр æмæ йæ фосæй дæр. Бахай кодта мæнæ Дасхан дæр 3. ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 3 3
йе’ххуырстытæн. Фæлæ иннæ æлдæрттæ никæмæн ницы бахай кодтой нырма. Цæвиттон, гуыбынхæлдтæ фесты. А ц æ м æ з. Æмæ уый куыд у? Сымахмæ дзурын, нæ уæздан æлдæрттæ! цы цæсгомæй кувдзыстут ныртæккæ цытджын Уастырджимæ фынггы уæлхъус? Сымах дæр æмæ уе’ххуырстытæ дæр уыцы иу Уастырджимæ куы кувут. Нæ Хуыцау, нæ дауджытæ иу куы сты, уæд царды та фæйнæ уавæры цæмæн стæм? X а д з ы. Цæмæн дæ хъæуы, не’ххуырстытимæ иу уавæры уæм, уый? А ц æ м æ з. Адæм иухуызон уавæрты куы нæ уой, уæд се’хсæн иудзинад нæй. Æнæ иудзинадæй та фыдгулты нæ басæтдзыстæм. Сымах та нæ чысыл адæмы дихтæ кæнут — æмæ абырджытæ дæр уымæн сæвзæрынц. (Къæдзæхы сæрмæ кæсгæйæ.) Бæрзондылбадæг Уастырджи, дæ домæнтæ æвæстиатæй чи нæ баххæст кæна, уыцы æлдæртты дæ фыдæх æрцæвæд! (Æлдæрттæй чидæртæ схъæрзæгау кодтой.) X а д з ы (фесты). Хъаймæты бон! Ахæм æлгъыст цæмæн?!.. А ц æ м æ з (ныхас исгæйæ). Æрцæудзæн уыл уыцы æлгъыст фыдгулты къухтæй, куы нæ базмæлат, уæд! Б ы т ъ ы р. Сразы ут, æлдæрттæ! Бафæзмут Дафа æмæ Дасханы! Мæрдтæм уæ исбонæй ницы ахæсдзыстут, уæлæ уæлмæрдты та уæ алчидæр ссардзæн йæ чысыл зæххы гæбаз! Л а д и . Хæрын æмæ цæрынæн а комы алцыдæр ис не’ппæты фаг. Бæркады ком ма йæ уæдæ цæмæн хонынц? Д а с х а н. Раст зæгъут, лæппутæ. (Æлдæрттæм.) Мауал дихтæ кæнæм нæхи дæр æмæ нæ уавæртæ дæр. Уæд кæрæдзийыл æнувыд уыдзыстæм æмæ нæ тыхтæн басæттæн нæ уыдзæн. Д а ф а. Гъемæ уый охыл, Хадзы, батагъд кæн ды дæр де’ххуырстытæн дæ зæххытæй бахай кæнынмæ. Стæй дæ иннæ хъæздыгдзинæдтæй дæр... X а д з ы. Омæ... ахъуыды кæндзынæн. Д а ф а. Ахъуыды кæнынæн рæстæг нал ис. Ма нæм фыдæх кæн Уастырджийы ахæм тыхст сахат. X а д з ы. Омæ... Д а ф а. Стæй нæ æфсæддонтæм дæр хæринагæй фæкæсын 34
хъæуы. Дæ бирæ фосæй сын хъуамæ ды дæр рауæлдай кæнай цалдæр стуры. X а д з ы. Цалдæр стуры, зæгъыс? Хъаймæты бон! (Къæдзæхы сæрмæ тыхстхуызæй скаст.) Омæ... Д а ф а. Стæй къæбæрæй дæр кæм æфсæдынц?.. X а д з ы. Омæ... Д а ф а. Стæй сæм уæлæдарæсæй дæр фæкæсын нæ хъæуы? X а д з ы. Омæ... Д а ф а. Стæй... X а д з ы (фемæхст фырмæстæй). Хъаймæты бон! Цал "стæйы" кæныс, Дафа?! Кæрон нал ис уыцы "стæйæн" æви? (Сфæзмыдта.) Стæй, стæй, стæй!.. Бæстæ "стæйæ" куы байдзаг кодтай! Г а б а й (сусæгæй фыдмæ). Мацыуал сдзур, баба. Уастырджи та дæ бафхæрдзæн, æмæ фæрынчын уыдзынæ ноджы тынгдæр. X а д з ы. Цы ма сдзурон, хъаймæты бон куы ралæууыд, уæд! (Уæлæмæ та скаст æмæ æвиппайды йæ гуыбыныл фæхæцыд.) Лæппу! Г а б а й (сусæгæй). Дæ гуыбын та?.. X а д з ы. Акæнут мæ нæхимæ рæвдздæр! (Йæ дыууæ æххуырсты йын йæ цæнгтыл ныххæцынц.) Хъаймæты бон! Д а ф а. Цы загьтон, уыдæттæй дæ мацы ферох уæд баххæст кæнын, Хадзы. X а д з ы (фæтъæлланг ласта). Рæвдздæр! (Акæнынц æй.) А ц æ м æ з. Сымах та цы зæгъут, иннæ хъæуты æлдæрттæ? У а з æ г. Махæн фæдисонтæ знон бамбарын кодтой Уастырджийы домæнтæ, фæлæ нæ сæ баххæст кæнынмæ нæма равдæлд. Ардæм уал батагъд кодтам. Мæнæ ныццæуæм нæхимæ... Хуыцауыстæн, тæккæ ацы изæр æрныхас кæнд — зыстæм не’лдæрттæ æмæ не’ппæт адæмимæ. Уастырджийы домæнтæ æххæст кæнгæйæ, баххуыс кæнæм Ацæмæзы æфсадæн, Хъусут, æппæт хъæуты минæвæрттæ?! Бацархайут æвæстиатæй. Нæ бæстæ бахъахъхъæнынæй зынаргъдæр махæн ницы ис! Нæ рагфыдæлты фæдонтæ не стæм æви?! Се згъæр хæдæттæ скæндзысты сæ уæлæ нæ фырттæ не’ххуырстытимæ æмæ лæбурджыты ныхмæ рацæудзысты уæндонæй!. Д а ф а. Æрвитын æз дæр уыцы тохмæ мæ лæппу Азаты æмæ ме’ххуырстыты. А з а т. Бузныг, дада! Ацæудзыстæм, фæстæмæ нæ фæкæсгæйæ! У а з æ г. Мах никæмæй тæрсæм, Хуыцауыстæн! 35
Цы’руагътам нæ сæртæ?! Фæндыр! (Зæлда æрцагъта фæндырæй. Уазæг Ацырухсмæ хаты, хоны йæ кафынмæ. Чызг йæ тæбæгъ ратта Дасханмæ æмæ кафы Уазæгимæ.) Д а ф а (кафты фæстæ). Цæй, ныр рацдеут фынгтæм! Уастырджимæ бакувæм! Уадз баиу нæ кæна зонд æмæ зæрдæйæ! Хъæлæстæ: Табу! Табу йæхицæн! А ц æ м æ з. Æз та уæ салам фæхæццæ кæндзынæн Ацæмæзмæ! Æнхъæлмæ уæм кæсдзыстæм райсом комы дуарыл! Д а ф а (Ацæмæзмæ). Фæлæуу, хорз лæг. Ды дæр уал немæ саккаг кæн фынгмæ. А ц æ м æ з. Бузныг, рæстæг нæй. Хæрзбон уал! (Фæаууон, йемæ ацæуынц йе’мбæлттæ дæр уацайрагимæ. Бытъыр сæ фæдыл кæсы, стæй фæаууон уыцырдæм.) У а з æ г (иннæтимæ къæдзæхы фаллаг фарсмæ фынгтæм араст уæвгæйæ, ныззарыд, йе’мбæлттæ та йын хъырнынц). Ойг табу дæхицæн, нæ цытджын Уастырджи, Табу дæхицæн, Бæрзондылбадæг! Зын сахат нын æххуысгæнæг уай, гъæй-джиди! Ойг ды дæ махæн нæ ныфсы кадæг!... Æмбæрзæн ДЫККАГАРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Уыцы ран та иннæ бон райсомæй. Æрбацæуы Азат тыхстхуызæй А з а т (къæдзæхы сæрмæ кæсы). Бæрзондылбадæг цытджын Уастырджи, æз цæуын Ацæмæзы æфсадмæ æмæ дыл фæдзæхсын Ацырухсы. Бахиз æй Габайæ, цæмæй йæ амæттаг ма фæуа! (Йæхицæн дзуры.) Цымæ цæуылнæ цæуы Габай æфсадмæ? Кæд исты сау фæндтæ нывæнды чызджы тыххæй. 36
Йæхирдыгæй йæ куы фæкæна, уæд ма æз мæ къæхтыл куыд цæудзынæн?! Баззаин æз дæр ам, фæлæ мæ райгуырæн зæхх та? Фыдгултæй йæ бахъахъхъæнын куы хъæуы. Мæ уарзондзинад фæхистæр кæнон? Нæ, фæлтау мæлæт! (Фæаууон.) А ц ы р у х с (чысыл фæстæдæр æрбацæуы иннæрдыгæй). Цæмæн?.. Цæмæн мæ ласут æдзух уæхимæ, нæ зæдбадæн къæдзæх æмæ ацы фæзг уæлдайдæр мæ катайы сахат? Уыцы нæртон гуырд!.. Ам дыл сæмбæлдтæн фыццаг хатт, æмæ мæ зындоны амæттаг фæкодтай. Дæ бабынгæнæг мæ хоныс, фæлæ мæн ды нæ бабын кодтай? Цæмæн дыл сæмбæлдтæн, цæмæн?! Кæрæдзимæ нын уæддæр фæндаг куы нæй! (Хъуыдыты ньиъуылгæйæ.) Æмæ ма уæдæ йæ ферох бауыдзæн мæ бон? Æппæтæй диссагдæр уый у, хæхты æмæ хъæдты ахæм тызмæг уавæрты сырды цардæй цæргæйæ, йæ зæрдæ куыд нæ ныддур! Куыд тыхджын æмæ уарзаг у уыцы зæрдæ! Йæ дзыхы ныхасæй таг æвæццæгæн, æгас ком схъарм кæнид. Нæ, ныронг нæ федтон ахæм! Д а с х а н (æрбацæуы). Цы хабар у, чызг?! Æрдæбон мын Зæлда афтæ зæгьы, дæхи, дам, иуварс айсыс æмæ кæуыс сусæгæй. Æмæ та ныр ардæм ссыдтæ — æвæццæгæн, дæ цæссыгтæ калынмæ! Цы дыл æрцыд уагæры?! Цæуыл джихтæ кæныс?! (Чызг ницы дзуры.) Цæуылнæ раттыс ком дæ бирæ курджытæй искæмæн? Азатæн бакомынмæ куы хъавыдтæ, фæлæ та дысон йæ кой скæнын дæр куы нал бауагътай! А ц ы р у х с. Нæ, гыцци. Æз никуы скæндзынæн мой. Д а с х а н. Мæ бындурыл! Цæуылнæ уæд?! А ц ы р у х с. Никæйуал уынын. Мæ алыварс бамынæг сты иууылдæр. Д а с х а н. Уый та куыд?.. Куыд дæ бамбарон, чызг? (Уый та ницы дзуры.) Нæ фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма кæйдæр мæтæй хъæрзыс. А ц ы р у х с. Ныххатыр кæн, гыцци... хъæрзын. Д а с х а н. Цæуылнæ мын æй схъæр кæныс, чи у? А ц ы р у х с. Уыцы зæд. Д а с х а н (фæджих). Чи, чи? Лæгты дзуар?! Мæ арт бауазал! Мæ чызг цыдæр кодта! Дæсныйы ссарон рæвдздæр! А ц ы р у х с. Бынтон дзæгъæлы! Ницæмæй мын баххуыс кæндзæн дæ дæсны. Д а с х а н. Сæнттæ цæгъдыс æви?! Зæдтæ æмæ хуыцæуттæм кувæм, уарзæм сæ, фæлæ ахæм уарзтæй?!.. Уыцы зæд дæ 37
уæларвмæ ахæсдзæн? Науæд дыл базыртæ разайдзæн æмæ йæм уæлæмæ стæхдзынæ?! (Чызг æвиппайды иыххудт.) Цæуыл худыс? Хъазгæ мæ кæныс?! (Чызг худы ноджы хъæрдæрæй.) Цæй-ма, ссардтай худынæн рæстæг! (Чызджы худын кæуынмæ раздæхы. Скуыдта мад дæр æмæ чызгыл ныттыхст.) Ма ку... Ма куг мæхи амардзынæн! Арвмæ кувæм, фæлæ нæ амонд зæххыл ис. Зæххыл ссар дæ цардæмбал. А ц ы р у х с. Раст зæгъыс, зæххыл ис нæ амонд дæр æмæ нæ фыдбылыз дæр. (Иуварс ацсеуы, хъуыдыты ныгъуылгæйæ.) Д а с х а н (уæлæмæ). О Лæгты дзуар, дæ фендæй цыдæр æрцыд мæ чызгыл æмæ йын баххуыс кæн. Рæдыд фæндагæй йæ бахиз! А ц ы р у х с. Рæдыд фæндагæй... Æмæ махæй та раст фæндагыл лæуд чи у? Нæ тæппуд уæздæттæ... Бирæтæ дзы сæхи къуымты æмбæхсынц ацы тæссаг сахат. Æмæ уыцы тæппудтæй иу — дæ чызг мæнæ! Д а с х а н. Ды? А ц ы р у х с. О, гыцци! Æз! Зындзинæдтæй чи фæтарст, уый! Иннæты азымы кæнын, фæлæ мæхæдæг та?!.. Лæгæтты æмæ хъæддаг сырдты’хсæн цæрынæй чи фæтарст, уый бон уарзын дæр нæу æмæ тох кæнын дæр. Уыцы тызмæг уавæрты куы фæразы цæрын... чидæр, уæд дзы æз цæмæй тæрсын? Д а с х а н. Цытæ дзурыс, чызг, нæ та дæ æмбарын! Цавæр лæгæттæ æмæ сырдты кой кæныс? А ц ы р у х с. Гыцци, кæлдæр мын нæ рагфыдæлты кой куы ракодтай. Загътай, уыдонмæ уыд хæстон сылгоймæгтæ — барджытæ. Д а с х а н. Æмæ? А ц ы р у х с. Нæ бæхтæй дугъондæр чи у, ууыл саргъ сæвæрæм. Д а с х а н (фæтыхст). Цæмæн? А ц ы р у х с. Ацæмæзы æфсадмæ цæуын. Д а с х а н. Мæ арт бауазал! Абырджытæм?! А ц ы р у х с. Ахæм тæссаг рæстæджы уыдон абырджытæ не сты — нæ зæхх хъахъхъæнджытæ сты. Нæ ирвæзын — гæнджытæ. Д а с х а н. Фыдгултимæ тох сылгоймаджы хæс нæу! 1 А ц ы р у х с. Фыдгултимæ тох не’ппæты хæс дæр у! Фæлæ йæ чи не’ххæст кæны, уадз уыцы нæлгоймæгтæ сæхиуыл æрхудой! Ныртæккæ ме’мбал чызджыты дæр сразæнгард 38
кæндзынæн. Д а с х а н. Дæхи æрæмбар, цы сæрра дæ?! А ц ы р у х с. Ма мæ уром, гыцци! Мæ фыд дæр цавæрдæр æддагон фыдгæнджыты къухтæй куы бацыд мæрдтæм. Кæдмæ нæм лæбурдзысты уыцы лæгсырдтæ?! Д а с х а н. Цы суыдзæн дæ бон?! А ц ы р у х с. Нæ зонын, фæлæ æнæ ацæугæ нæй! (Æд гогонтæ æрбацæуынц Зæлда, Сæни æмæ Зæри.) Чызджытæ, лæгæвзарæн рæстæг ралæууыд! Нæ гогонтæ аивæм хæцæнгæрзтæй æмæ æвæстиатæй ацæуæм Ацæмæзы æфсадмæ нæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Нæлгоймæгты æмрæнхъ нæ хъару равдисæм1 Д а с х а н. Банцай, чызг! 3 æ л д а. Цы диссаджы фæнд дæм фæзынд, æхсин! Мæ буар хъазы буары хуызæн аци! С æ н и . Æмæ абырджытæй нæ тæрсыс, Ацырухс?! А ц ы р у х с. Абырджытæ, мах сын куыд æнхъæл стæм, ахæм тæссаг не сты. Сылгоймæгтимæ тынг уæздан дарынц сæхи. Д а с х а н. Цы сын зоныс?! Кæм сæ федтай?! А ц ы р у х с. Мæгуыр кусæг адæмæй сты. Сæ зын цардæй хъæдтæм чи фæлыгъд, ахæмтæ. Фырхъалæй æрра митæ нæ кæнынц. Нæ цæут, чызджытæ? 3 æ л д а. Демæ æз кæдæмдæриддæр цæттæ дæн, æхсин. (Иннæ чызджытæм.) Сæни, Зæри, рацæут сымах дæр! Уым диссагуыдзæн: ирон чызджытæ хæстон хотыхтимæ!.. Фыдгултæ фырдисæй уæддæр ахаудзысты уæлгоммæ! Нæ нæлгоймæг— тæн та нæ уынд уыдзæн ныфс æмæ хъаруйы хос! С æ н и . Фæнды дæ, Зæри? 3 æ р и. Нæ зонын, нанайыстæн... Диссаг уаид æцæг, фæлæ мæ мæ ныййарджытæ ауадздзысты? А ц ы р у х с. Мæн дæр нæ уадзы гыцци, фæлæ уæддæр цæуын. Д а с х а н. Никæдæм цæуыс! А ц ы р у х с. Нал ис рæстæг.. Хуыздæр ахъуыды кæнут, чызджытæ. (Ацыд.) Д а с х а н. Мæхи мын ма амарын кæн, чызг! (Ацыд йæ фæдыл.) (Чызджытæ бацæуынц суадонмæ æмæ ссе гогонтæ донæй дзаг кæнынц.)
3 æ р и. Нæ, нæ, мæ бон нæу. 3 æ л д а. Дæу бон дæр нæу, Сæни? С æ н и. Нæма йæ зонын, цы мæ бон у, уый. 3 æ л д а. Æппын ницы, фæлæ уым нæлгоймæгты сылгоймæгты æххуыс дæр нæ хъæуы? 3 æ р и. Куыннæ —ма, Зæлда, гъе’рмæст... С æ н и. Хъæуы бæргæ, фæлæ... 3 æ л д а (тæргайгондæй). Уæдæ уæ гыцциты фæдджитыл фидар хæцут ам æмæ къобор усгуртæм æнхъæлмæ кæсут! С æ н и. Уыцы къобор усгуртæ хæсты быдыры уемæ нæ уыдзысты? 3 æ р и. Махмæ сæ равдæлдзæн æви? 3 æ л д а. Кæд фырхæлæгæй уæ цæстыты фиутæ атаиккой! (Ацыд æд гогон.) С æ н и. Зæлда йæхæдæг цæхæрæй уæлдай нæу æмæ махæй дæр уый домы. 3 æ р и (Сæниимæ сæ гогонтæ сисгæйæ). Хæрзаг та зæгъы, нанайыстæн: æлдæртты буцхаст чызджыты бон циу хæрзад хæбизджынтæ хæрын йедтæмæ! (Ацæуынц дыууæйæ дæр.) Г а б а й (æрбацыд æмæ чызджыты фæдыл кæсы). Загътон, Ацырухс семæ ис ам. Кæм æй фенон?.. X а д з ы (æрбацæуы, лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ). Лæппу, кæм фæдæлдзæх дæ, дæу куы агурын! Г а б а й. Цы’рцыд, фæдис у æви?! X а д з ы. Хъаймæты бон! Цы ма вæййы уæдæ фæдис?! Нæ галтæй нын Дафа æнæхъæн æртæ равзæрста æмæ сæ, Ацæмæзы æрдонгтæн кæй æрвитынц, уыцы стуртимæ баиу кодта! Г а б а й. Æмæ сын цы акæнон?! X а д з ы. Ныццу, аивæй сæ аиуварс кæн æмæ сæ хъæды искуы бамбæхс. Г а б а й. Гъер ма дæ галты фæдыл нæ дзортг-дзортт кодтон! Не’ххуырстытæй сæ искæмæн бахæс кæн. X а д з ы. Не’ххуырстытыл зæрдæ дарæн нал ис. Знон Ацæмæзы минæвары ныхæсты фæстæ сæ сæртæ æртхъирæнгæнæгау бæрзонд систой, нæ сæ уыныс?! Ацæмæзæй сæм ныфс фæзынд. Æмæ немæ æмбар лæгтау дзурын райдыдтой. Куыйтæ! Г а б а й. Æгæр хъæрæй та дзурыс! (Къæдзæхы сæрмсе йын ацамыдта.) X а д з ы. Омæ мæ дæ фæдыл цы ссæуын кодтай ардæм?! (Уæлæмæ скаст.) Æниу мæ ныхæстæ кæдæм хъуамæ фехъуса 40
Бæрзондылбадæг? Æдзух уæлæ уым бады æви? Куы ничи дзы зыны. Бафснай нæ галтæ, цалынмæ сæ нæ атардтой, уæдмæ! Г а б а й. Уыдоныл нæ дæн, баба! X а д з ы. Æз та дæуæй æдылыдæр, дæуæн бынтæ чи кæны! Æппындæр дæ хæдзары мæт нæй! Ау, царды хорз бахæрын æмæ дзæгъæл лекка кæнын йедтæмæ ницы хъæуы?! Г а б а й. Дзæгъæл лекка нæ кæнын, хъуыддаджы фæдыл зилын. Ды дæ галты мæтæй дæхицæн бынат нал арыс, фæлæ æз цæй мæтæй сæрра дæн, уый æмбаргæ дæр нæ кæныс! X а д з ы. Цæуыл сæрра дæг гъа-ма?! Г а б а й. Ды мæ кары цæуыл сæрра дæг æз дæр ууыл! X а д з ы. Æз дæ кары никуы сæрра дæн! Уымæн æмæ дæуау хæлиудзых нæ уыдтæн. Лæгау лæджы ми бакодтон, æмæ ахицæн хъуыддаг. Кæд дын Дасханы чызг барвæндæй нæ комы, уæд ма цæмæ кæсыс?! Г а б а й. Скъæфгæ? X а д з ы. Дæ фыды фырт нæ дæ æви?! Г а б а й (йæ цæсгом фæрухс). Гъе уый фыды ныхас у, баба! X а д з ы. Чызгæн нæдæр фыд ис, нæдæр æфсымæр. Иу куыдз дæр дыл не срæйдзæн, иу куыдз. Искæмæ ауадзинаг чызг нæу... Æнæбындар у йæ хæдзар. Сæ бирæ зæххытæ, сæ бирæ исбон мах бауиккой, бæргæ! Г а б а й. Æмæ уæдæ æз цæуыл скатай дæн, баба?! X а д з ы. Бацархай. Ацы ран уæддæр сарæхс. Мæнæ хъæуы нæлгоймæгтæ Ацæмæзы æрдонгтæм куы ацæуой, уæд дæ хъару æмæ дæхæдæг. Г а б а й. О, фæлæ адæмы бауырндзæн, мæ мад æнæнхъæлæджы уæззау рынчын кæй æрбаци æмæ æз уый тыххæй кæй нæ цæуын нæ зæхх бахъахъхъæнынмæ? Куы ницы риссы дзыццайæ, рынчыны хуызæн дæр куы нæу. Фæлтау дæхæдæг схуыссыдаис йæ бæсты. X а д з ы. Мæхицæн схуыссæн нæй. Мæ фос æмæ мæ иннæ исбонмæ чи кæсдзæн? Цæугæ, бафæсвæд кæн нæ галты, науæд... Д а ф а (æрбацæуы). Кæм сты дæ адæм, Хадзы? Кæй æрвитыс арæнтæ хъахъхъæнынмæ? X а д з ы. Мах дæр мæнæ лæппуимæ ууыл куы катай кæнæм, Дафа. Ауадз, дам, мæ... Омæ, зæгъын, дæ мад мæлгæ куы кæны, куыд æй ныууадздзынæ афтæмæй? Дысон-бонмæ йæ уæлхъус куы фæбадтыстæм, ныр ахицæн уыдзæн йæ цардæй, уæд ахицæн уыдзæн, зæгьгæ. (Габай къухмæрзæнæй асæрфта йæ цæстытæ.) "Лæппу, лæппу" кæны, йæ разæй йæ акъахдзæф кæнын никæдæм уадзы. Уый дын иу. Дыккагæй 41
та... Гъер дын раст куы зæгъон, Дафа, уæд æй ницы хуызы бамбарын у мæ бон: куыд хъуамæ арвитæм барвæндæй нæ сабиты, ныронг æхсæв дæр бафынæй кæнын кæмæй нæ уæндыдыстæм, уыцы Ацæмæзмæ? Куыд баиу уыдзысты бирæгътæ æмæ уæрыччытæ? Д а ф а. Тæссаг уавæры суанг хъæды алыхуызæн сырдтæ дæр баиу вæййынц, Хадзы. X а д з ы. Нæ мæ уырны. Уæд та ныл æцæгæй хинæй цæуы Ацæмæз. Не’ххуырстыты дæр æм куы арвитæм, уæд нæм сæ фæстæмæ нал рауадздзæн. Чи зоны, йе’рдонгты нымæц фæ — фылдæр кæнынмæ хъавы, цæмæй нæ уый фæстæ ныццæва, Нæ фыртты та амынæттæн райсдзæн. Нæ! Æртæ галы сын радтон æмæ æгъгъæд фæуæд! Д а ф а. Уый хыгъд де’ххуырстытæн дæ исбонæй ницыма бахай кодтай. X а д з ы. Мæ къух нæ тасы уыцы хъуыддагмæ. (Къæдзæхы сæрмæ кæсы.) Кæд мын æй ныххатыр кæнид Бæрзондылбадæг — фынг ын скæндзыстæм æмæ йæм бакувдзыстæм, табу йæхицæн. Чи зоны, ды æмæ Дасхан æгæр батагъд кодтат, Дафа. Цæмæн халут не’ххуырстыты зонд? Д а ф а. Æппæтæй зынаргъдæр ныртæккæ у нæ адæмы иудзинад, Хадзы, куыннæ йæ’мбарыс?! Не’ххуырстытæм æвзæр цæстæй куы кæсæм, уæд уыдон дæр хъæдмæ фæлидздзысты. Абырджытæ суыдзысты æмæ нæ сæ маст исдзысты. Фыдæхæй фыдæх гуыры. Æддагон лæбурджытæ дæр нæ афтæмæй рæв — дздæр аныхъуырдзысты. Стæй ме’ххуырстытæй æз стыр хæс дарын: мæ фырт Азаты чысылæй уыдон фервæзын кодтой мæлæтæй. Куы йæ зоныс, дæлæ уыцы доны бахаудта æмæ йæ уыцы æрра уылæнтæй уыдон байстой. X а д з ы. Уый хыгъд сын сæ гуыбынтæ не’фсадыс, Дафа? Д а ф а. Нæ, Хадзы, уыдон æфсадынц мах гуыбынтæ. X а д з ы. Хъаймæты бон! Ай цытæ дзурыс, Дафа, цытæ?! Г а б а й. Баба! (Къæдзæхы сæрмæ йын ацамыдта цæстæнгасæй.) X а д з ы. Омæ раст цы нæ зæгъын?! (Фæссценæйы ссыд дугъон бæхы къæхты хъæр, иууылдæр уыцырдæм фæкастысты.) Д а ф а. Бытъыр? X а д з ы. Уыцы фæдисонхуызæй! Кæм уыдис уагæры? Д а ф а. Знон уыцы зæронд лæгимæ Ацæмæзы æфсадмæ 42
ацыд. Фенон, дам... Б ы т ъ ы р (фæзынд зæрдæзнæтæй). Дафа, кæм сты хъæуы адæм?! Рæвдздæр сæ!.. Д а ф а. Цы хабар схастай, Бытъыр? Б ы т ъ ы р. Бон куыддæр фæрухс, афтæ комы фаллаг фарс бæрзонд хохы цъупмæ сбырыдтæн æмæ уырдыгæй дардмæ федтон лæбурджыты. Æнæхъæн тыгъд быдыр се’фсадæй сау дары! (Хъæр кæны фæссценæмæ.) Цæй-ма, хъæуы адæм! Цæуинаг чи у, уыдон рæвдздæр рацæуæнт æд хæцæнгæрзтæ! Фæдисмæ уæм дзуры Ацæмæз! Науæд сæфæм! Д а ф а. Ацæмæзæн йæхи федтай? Б ы т ъ ы р. Йæхи нæг фæлæ ам цы зæронд лæг уыд, уый йæ хæдивæгу... X а д з ы (Габаймæ). Лæппу, ацу дæ мадмæ бакæс, афонмæ та дæ агуры, мæгуыр йæ бон. (Фæзындысты Ацырухс æмæ Зæлда нæлгоймæгты уæлæдарæсы, хъаматæ сæ рæттыл, сæ къухты та ехсытæ, Ацырухсы иннæ къухы ис æхсаргард.) А ц ы р у х с. Мах цæттæ стæм! Г а б а й (фæсонт). Ацырухс! Ды Ацæмæзы æфсадмæ?!.. А ц ы р у х с (æлхыскъ ныхасæй). О, нæ иуæй-иу нæлгоймæгты бæсты! X а д з ы. Мæнæ хъаймæты бон! Б ы т ъ ы р. Зæлда, ды дæр?! 3 æ л д а. Куыд уыныс, афтæ! X а д з ы. Цы ми кæнут уый, чызджытæ, уæ зонд фæцыд?! Г а б а й. Ацырухс, ма цу!.. Раздæх фæстæмæ уæхимæ. А ц ы р у х с. Ма мæм хат, Габай! (Бæлццонарæзт æмæ гæрзифтонгæй фæзындысты Азат æмæ се’ххуырстытæ дæр.) А з а т. Ацырухс, сымах та... кæдæм? А ц ы р у х с (бахудт). Хæстмæ цæуæм мах дæр, Азат. Г а б а й (Азаты уындæй бынтондæр фæсонт). Баба, æз дæр цæуын! X а д з ы (фæтыхст). Æмæ дæ мад!.. Г а б а й (ныхас исгæйæ). Мæ мад де уазæг! X а д з ы. Хъаймæты бон! 43
(Фæзындысты бæлццонарæзтæй Хадзыйы æххуыр— стытæ, сæ разæй Лади, афтæмæй. Æртæмæ дзы ис дзаг голджытæ.) Л а д и. Мæнæ стæм мах дæр! X а д з ы (æрвдзæфау фæци). Ме’ххуырстытæ?! Сымах та кæдæм?! Иу дыууæйæ ацæут, иннæты не’вдæлы! Хуым кæнын нæ хъæуы! Л а д и. Лæбурджытæ дын дæ зæххытæ куы байсой, уæд ма цы хуым кæндзынæ, Хадзы? X а д з ы. Уæддæр мæнæй хъуамæ бар ракуырдтаиккат! Æз нырма уе’лдар дæн! Л а д и. Мах куы нæ схæцæм лæбурджытимæ, уæд не’лдар райсом кæй къæхтæ сæрфдзæн, уый бæрæг нæу. X а д з ы. Уæ голджыты та цы ис? Л а д и. Уæ дæрдджын цухъхъатæ, куырæттæ æмæ æндæр гæрстæ Ацæмæзы æфсæддонтæн. X а д з ы. Абырджытæн?! Хъаймæты бон! Ахæссут сæ фæстæмæ! Л а д и. Уый гæнæн нæй, æлдар. X а д з ы. Стигъджытæ! Ныццæгъддзынæн уæ! (Габаймæ.) Цы ныххæлиу кодтай дæ дзых, лæппу?! Рахæсс хъыримаг! Л а д и. Дæ хъыримаг дæр дын дæлæ бæхы æккой сæвæрдтам, æлдар. Хæцынмæ нæ хъæуы. X а д з ы. Бæхы æккой?!.. (Фæссценæмæ акаст.) Мæ бæхты дæр уемæ кæнут?! Л а д и. Æмæ уæдæ дæ фервæзын кæнынмæ кæй бæхтыл ацæуæм? X а д з ы (Габаймæ та). Лæппу!.. Г а б а й (ныхас исгæйæ). Дæ бæхтæ æмæ мæ дæ хъыримагмæ не’вдæлы, баба! X а д з ы. Сæрхъæн! Б ы т ъ ы р. Арæби, чызджытæ, уым тæссаг уыдзæн. Д а с х а н (фæзынд). Мæ арт бауазал! Мæ чызг сæрра! Бауромут æй! Уыцы æфсадмæ хæринæгтæй фæкæсдзынæн, æрвитын сæм ме’ппæт æххуырстыты дæр, гъе’рмæст сымах ма цæут, чызджытæ! 3 æ р и (фæзындысты Сæниимæ нæлгоймæгты уæлæдарæсы). Мауал нæ уромут, Дасхан! Д а с х а н. Сымах дæр сæрра стут, Зæри?! 3 æ р и. Æмæ уæдæ мах æнæ Ацырухс баззайæм ам? Нæ, нанайыстæн! 44
С æ н и. Стæй нæ райгуырæн зæхх уæлдайаг нæу махæн дæр. X а д з ы. Хъаймæты бон! Хъаймæты бон! Дуне сæмтъеры бынтондæр! 3 æ р и. Не’фсымæртæ уым нæ уыдзысты æви? Уыдоны ныфсæй нæ рауагътой нæ ныййарджытæ. С æ н и. Цы нын уыдзæн нæ хъæбатырты’хсæн? Б ы т ъ ы р. Ахæм богæлттæ дзы ис! Ма сæ бауарзой нæ чызджытæ?! А ц ы р у х с. Мах чызджытæ не стæм, Бытъыр, фæлæ хæстонтæ. Д а с х а н. Дæ фыды æхсаргард та ма кæдæм?... А ц ы р у х с. Уадз Ацæмæзы къухæй фыдгулты насы карст кæна. Цомут! Г а б а й (хинымæр мæстыйæ). Ацæмæзы къухæй?!.. Д а ф а. Атæрут уемæ дæлæ уыцы стуртæ дæр. (Фæцæуынц фæсивæд.) X а д з ы (Габаймæ). Лæппу, дыууæ ныхасмæ мæм фæлæуу. (Уый æрлæууыд.) Д а ф а. Афæндараст ут, мæ хуртæ! (Къæдзæхы сæрмæ.) Нæ цытджын Уастырджи, нæ хъæбултæ дæ фæзæй цæуынц фыдгултимæ тохмæ æмæ сын æххуысгæнæг у! (Ацæуы, фæ— сивæды фæндараст кæнгæйæ.) Уæлахизимæ нæм сыздæхут. Д а с х а н (цæссыгтимæ). Мæ хивæнд чызг!.. Уæхи хъахъхъæнут! (Ацæуы, уыдоны фæндараст кæнгæйæ, уый дæр.) О Лæгты дзуар, фæдзæхсын дыл сæ æз дæр! Фыдбылызтæй сæ бахиз! Г а б а й. Цы зæгьинаг ма дæ, баба? X а д з ы. Иугæр цæуыс, уæд мæ бæхтæ фæстæмæ мæ къух куыд ссарой, афтæ бакæн. Иннæмæй та... (Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта.) Куыдаæр уыцы лæбурджытыл фæуæлахиз уат, афтæ Ацæмæзы ... аивæй йæ... Г а б а й. Уый мæхи зæрды дæр ис, баба. X а д з ы. Науæд нæ цæрын нæ ныууадздзæн. Йæхи нын паддзах скæндзæн æмæ нæ ныггаффутт кæндзæн бынтондæр. Нæ исбон нын мæгуырты хъуыры ауадздзæн. Г а б а й. Æнæмæнг! X а д з ы. Стæй Ацырухсы дæр йæ цæст куы’рцахса, уæд ма йæ искæмæн радта? Г а б а й. Уыцы хъуыды мæхи сæры дæр ис, баба. Чызг 45
йæхæдæг дæр Ацæмæзы кой арæх кæны. X а д з ы. Сарæхс, лæппу, сарæхс... Г а б а й. Мауал мæ уром, баба! (Фæаууон.) X а д з ы (иунæгæй). О стыр Хуыцау, мæ лæппу—де уазæг! Мæ исбонæй дуне ахастой, фæлæ уый уæддаер искæй фыдæхæй бахиз. Мæ хъал бæхтæ, мæ сæрджын галтæ!.. Бастыгьтой мæ! Хъаймæты бон! (Нырдиаг кодта æмæ та йæ гуыбыныл фæхæцыд.) Рухс ахуыссыд. Æбæрæг ран рухсы тыны зынынц лæбурджытæ иучысыл нозтджынæй, кафынц цавæрдæр æмтъеры кафт, цыма тугкалæн хæсты стыр тохы бацыдысты æмæ искæй аныхъурынмæ хъавынц, уый хуызæн. Æппынфæстаг сæ кафт æвиппайды фæурæдтой æмæ раст алæууыдысты: æрбацыд сæ фæтæг Учбей Керим—Гирей. Учбей Кери м-Г и р е й. Мæ сахъ хæстонтæ, нæй, нал разынд ме сгарæг Хушпар. Дызæрдыггаг нал у, цыдæр бæллæх ыл кæй сæмбæлд, уый. Фæлæ уæддæр стыр Аллахы фæндо — нæй цæуæм уыцы Бæркады коммæ. Бацахсдзыстæм æй, æрбындурон дзы уыдзыстæм, стæй уый фæстæ байсдзыстæм иннæ ирон кæмттæ дæр. Фæстагмæ хъуамæ бацахсæм æппæт Цæгат Кавказ æмæ йæ адæмты сæ уæрджытыл æрлæууын кæнæм, цæмæй се’ппæтдæр райсой пысылмон дин æмæ кувой стыр Аллахмæ, махæн та фидой егъау хъалон. Нæ уыцы бæл— лиццаг нысаны охыл уæхи равдисут уæлдай хъæбатырдæрæй. Кæд нын ком барвæндонæй радтой йæ цæрджытæ, уæд хорз. Хæцынвæнд куы скæной немæ, уæд та сæ бынцагъд ныккæндзыстæм. Саби, сылгоймаг, зæронд ма’взарут! Уадз зона æгас Кавказ дæр, Учбей Керим-Гирейы æнæбасæтгæ æф — сæддонтимæ хъазæн кæй нæй! Ныр та уал бакувæм стыр Аллахмæ, цæмæй нын баххуыс кæна! (Йæ уæрджытыл иннæтимæ æруагъта йæхи æмсе намаз кæнынц. Афтæмæй атадысты рухсы тынимæ.) Æндæр ран рухсы тыны разыны Ацæмæзы цæсгом. А ц æ м æ з (хъуыдыты ныгъуылы). Диссаг фæуай, райгуырæн бæстæ! Не лдæрттæм мæ риуы цы’нæуынондзинад сæвзæрд, уый мын ныронг нæ лæвæрдта фадат, цас зынаргъ мын дæ, уый бамбарынæн. Фæлæ дæм ныр æддагон лæбур — джытæ ныббырсынмæ куы хъавынц, уæд фыр катайæ мæхицæн 46
бынат куынал арын. Куыд бауадзон тутдзыхтæн мæ мæгуыр адæмы аныхъуырын? Кæннод Ацырухсы бафхæрын?.. (Атайы рухсы тынимæ.) ЦЫППÆРÆМ НЫВ Хохрæбын. Ацæмæз фæссценæмæ кæсы. Фыццагау та у зæронд лæджы хуызы. Абырджытæ та цалдæрæй бадынц дуртыл, семæ сты 1-аг абырæг æмæ 2-аг абырæг дæр. Чи дзы йæ хæдоны скъуыд хуыйы, чи та æндæр исты архайы, афтæмæй зарынц сæхицæн. Сау мигътæ зилынц нæ сæрмæ æдзухдæр, Зилынц - ныттар вæййы сагъæстæй цард. Ногæй бырсынц та нæм тугдзых æрдонгтæ, Ногæй æссынц та нæ ныхмæ сæ кард! Фесæфа уастæн сæ кой дæр фыдгултæн, Чи хæссы адæмтæн саумаст, фыдæх. Ссардзысты а хæхты се сæфт нæ къухтæй, Цардæй зынаргъдæр нын - райгуырæн зæхх! Æй-джиди, искуы куы суаид нæ бæстæ Райдзаст, æрвылбон дæр амæндтæй дзаг! Худгæ хур кала тæмæнтæ йæ сæрмæ, Мацæмæйуал ын уа макуы тæссаг! Т у з а р (æрбацæуы, дзуры Ацæмæзæн). Хъахъхъæнджытæ сæ бынæтты сты иууылдæр. Хæхты цъуппытыл бадынц æмæ, фыдгултæ кæцæй хъуамæ фæзыной, уырдæм къæрцхъусæй сæ цæст дарынц. Куыддæр Исты, уæд цы бакæнын хъæуы, уый сæ алчи дæр хорз зоны. А ц æ м æ з. Фыдгултæн сæ раздзоджы ма бахъыгдарæнт, æрбауадзæнт æй — хъуамæ нæ къухы удæгасæй бафта. Т у з а р. Загьтон сын. Бацархайдзысты.. А ц æ м æ з. Мæхæдæг дæр сæм ссæудзынæн... Мæнæ уал нæм цы ног æфсæддонтæ фæзыной, уыдонмæ банхъæлмæ кæсон æххæст. Цымæ нæм чи æрцæудзæн æлдæртты буц фыр — тгæй? Т у з а р. Бафæразой ацы тызмæг уавæрты? А ц æ м æ з. Цы гæнæн ма сын ис! Тас цы нæ кæнын кæны! 47
Т у з а р. Дæ урс зачъе нæма æппарыс? А ц æ м æ з. Нæма. Ног æфсæддонтæ хъуамæ мама базоной, æцæгæй чи дæн, уый. Сæ разы нырма уыдзынæн Ацæмæзы хæдивæг. Т у з а р (бахудт). Æз та чи уыдзынæн уæд? А ц æ м æ з. Ды та йæ дыккаг хæдивæг, ме’рдхорд. (Бахудт.) Сæ разы мæм мæ номæй мачи сдзурæд. Комы æлдæрттæ мæм сæ дæндæгтæ æмæ сæ хъаматæ ссынц. Музыкæ (Ныуулæфгæйæ, фенкъард.) Цымæ кæдмæ уыдзæн ацы хъизæмары цард? Кæдмæ хæрдзысты адæмтæ кæрæдзийы? Кæд ныууадздзæн адæймаг йæ хъæддаг митæ? Ау, сырдтæй цæмæй хицæн кæны, ууыл уæддæр куыд нæ ахъуыды кæны? Цымæ сæдæ, кæннод дыууæсæдæ азы фæстæ дæр нæ фæзондджындæр уыдзæн? Тæхуды, уæд ингæнæй фест æмæ Ирыстоныл афæлгæс! Исчи ма йæм лæбурдзæн уæд дæр? Абоны хъæддаг зондахасты уацары чи ис, ахæм хæстмондаг лæбурджытæ ма уыдзæн? Куы уой, уæд уыдон, æвæццæгæн, адæмтæй дæр нæ уыдзысты. Сæ зондахаст бынтон ныллæг кæмæн уа, сæ зæрдæтæ афтид æмæ маргджын, сæ удыконд та —ницæйаг, ахæм адæймаджы æнгæс сырдтæ уыдзысты. Ау, никуы сын уыдзæн кæрон? Т у з а р. Æз дæр арæх фæхъуыды кæнын ууыл, мæ зынаргъ æрдхорд. Цымæ, зæгъын, адæймагæн æрдз цæмæн радта зонд? Кæрæдзийы цæгъдыны фæрæзтæ ссарынæн æви зæххыл дзæнæтон цард саразынæн? А ц æ м æ з (схъæрзæгау кодта). О, уыцы зонд!.. Т у з а р (фæссценæмæ фæкаст). Æрцæуынц! Æрцæуынц уæлæ нæ ног æфсæддонтæ! Куыд хъал цыд кæнынц сæ бæхтæ! (Бадгæ ча кодта, уыцы абырджытæ дæр сыстадысты æмæ иннæтимæ цымыдисæй кæсынц уыцырдæм.) А ц æ м æ з (йæ цæсгом ныррухс). Уастырджи, табу дæхицæн! Æвæццæгæн нæ фæндтæ нысаныл сæмбæлдысты — бахъардта нæ ныхас адæммæ! 1-аг а б ы р æ г. Стурвос дæр æртæрынц. 1 Т у з а р. Барджыты’хсæн цыма чызджытæ дæр ис! А ц æ м æ з. Цы, дам?! Т у з а р. Нæ уыныс сæ риутыл быд дзыккутæ? 48
А ц æ м æ з. Уынын, фæлæ мæ цæстытыл не’ууæндын. 1-аг а б ы р æ г. Баууæнд уæдæ! 2-аг а б ы р æ г. Ахæм диссаг дзы нæма уыд! (Чысыл фæстæдæр æрбацæуынц хæстифтонгæй Бытъыр, Азат, Габай, Лади æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Иннæты уынæр хъуысы фæссценæйы.) Л а д и. Уæ бон хорз, нæ зынаргъ фысымтæ! А ц æ м æ з. Æгас нæм цæут, æгас, не’фсымæртæ! (Габаймæ уæлдай цымыдисдæрæй бакаст.) (Æрбацæуынц нæлгоймæгты уæлæдарæсы Ацырухс, Зæлда, Зæри семæ Сæни дæр. Иннæ чызджытæй уæлдай Ацырухсы къухты ис æхсаргард.) А ц æ м æ з. Мæнæ диссæгтæ! Сымах таг чызджытæ, цæмæн?!.. 3 æ л д а. Куыд цæмæн? Махæн æппын ницы æнхъæл стут? А ц ы р у х с. Хæцæнгарз мах къухы дæр сфидаудзæн. 3 æ р и. Сфидаудзæн, нанайыстæн! С æ н;и. Бæгуыдæр! А ц ы р у х с. Рох уæ ма уæдг мах дæр нæ рагфыдæлты фæдонтæ кæй стæм, уый. А ц æ м æ з (Ацырухсмæ аджих вæййы, фæлсе иннæты раз йæхиуыл фæхæцы). Нæ, æз ницыуал æмбарын æппындæр! Ницыуал! Ахæм диссаджы бæлæттæ нæм æххуысмæ æртах — тысты?! Фынтæ уынын, æвæццæгæн! Б ы т ъ ы р. Ахæм хъæздыг фынтæ арæх фæуыныс, нæ фыды хай? А ц ы р у х с (бацæуы Ацæмæзмæ). Хорз лæг... (Барæй.) Æз нæ зонын уæ раздзог Ацæмæзы æмæ йын мæ бæсты ды ратт мæ лæвар, табуафси. (Бадардта йæм æхсаргард.) Мæ фыдæй мын баззад ацы хотых. Тохы сахат Ацæмæзæн ныфсы хос уæд кæлдæриддæр. А ц æ м æ з (райсы лæвар). Диссаджы æхсаргард! Аимæ тохы сахат састы бынаты баззайын бынтон худинаг уыдзæн лæгæн. Дæ лæвар бирæ, чызг. Т у з а р. Ныр ма ацы чызджыты раз мах чи басæтдзæн?! А з а т. Раст зæгъыс, æфсымæр. Ныфс æмæ хъару дæттынц адон. А ц æ м æ з. О, фæлæ мах нæ сæрмæ уый куыд 4 ÆНÆНЦОЙ ЗÆРДÆ 49
æрхæсдзыстæм, æмæ ацы бæлæттæ дæр уыцы сырдтимæ схæцой? Б ы т ъ ы р. Хæцгæ цæмæн? Æфсæдаонтæм æндæр ницæмæй хъæуы фæкæсын? Сылгоймаджы куыстытæ уын чи фæкæны? А ц æ м æ з. Нæхæдæг истытæ кæндзыстæм. Адонæй исчи фыдбылызы амæттаг куы фæуа... Фæлтау ацæуæнт фæстæмæ. А ц ы р у х с (фæтыхст). Фæстæмæ?! 3 æ л д а. Æз никæдæм ацæудзынæн! Хæринаг уын уæдаæр кæндзынæн. Æххормаг гуыбынтимæ цавæр фыдгулты ныдаæрæн кæндзыстут? С æ н и. Æз дæр никæдæм акъахдзæф кæндзынæн. Æфсæдаонты цæфтæ-иу уæдаæр абæтдзынæн. 3 æ р и. Æмæ æниу æз нæ сарæхсдзынæн? Тынг дзæбæх, нанайыстæн! А ц æ м æ з. Нæ, нæ, чызджытæ! Хæст хæст у. Чи зоны, хъуыдааг куыд рауайдзæн, уый? Т у з а р. Уымæй раст зæгъы Ацæмæзы хæдивæг. А ц æ м æ з. Курын уæ, аздæхут фæстæмæ. А ц ы р у х с (Ацæмæзмæ тæргайгондæй). Хорз лæг, хъыгдаргæ уæ кæндзыстæм, уый æнхъæл нæ уыдтæн. А ц æ м æ з. Хъыгдарын та цы хоныс? Дæу уынгæйæ!.. (Фæрæдыд.) Сымах уынгæйæ, нæ хæстонтæ дæс хатты хъæбатырдæр уыдзысты тохы. Гъе фæлæ... А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Фæлæйы сæр дзы нал хъæуы, нæ фыды хай. Махæн фæстæмæ фæндаг нæй, цалынмæ уæ уæлахизы хабар нæ хъæутæм нæ ахæссæм, уæдмæ. А ц æ м æ з (Азатмæ). Куыд сæ рауагътат уемæ, лæппутæ? А з а т. Æмæ ма сын бауромæн уыд? Г а б а й. Кæмæ хъусынц?! Ахæм хивæнд сты! Б ы т ъ ы р. Арæби, ныууадзут сæ. Л а д и. Ма тыхс, нæ фыды хай, мах сæ бафхæрын нæ бауадздзыстæм. А ц æ м æ з (фырцинæй). Нæ, нæ! (Ныххудт æнахуыр хъæлæсæй.) Нæма мæ уырны уæдаæр!.. Æвæццæгæн, ферра уыдзынæн ныртæккæ! Б ы т ъ ы р (Азатмæ сусæгæй). Цы’нахуыр зæронд лæг у! Цæвиттон, чызджытæм йæ зæрдæ бахъазыд. (Ацæмæзмæ.) Дæхиуыл фæхæц, нæ фыды хай, науæд уыцы æррайæ знæгтимæ куыд стох кæндзынæ? А ц æ м æ з. Нæ, знæгтæ минтæй æрлæууæнт мæ ныхмæ ацы æррайæ! Мæгуыры бон сыл акæндзæн! 50
Г а б а й. Æмæ Ацæмæз йæхæдæг кæм ис? А ц æ м æ з. Ацæмæз?.. Ды йæм афтæ тынг мæсты кодтай, лæппу, æмæ нæм æрцæудзынæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Г а б а й. Æз... А ц æ м æ з (ныхас исгæйæ). Не’фсæддонтимæ ис уæлæ хæхты цъуппытыл. Г а б а й. Ссæуæм æм. А ц æ м æ з (æфсонæн). Нæ, фæлæуут уал. Уе’рцыд сбæрæг кæнæм... (Фæссценæмæ.) Кæм сты уыцы уацайраг чызджытæ? А ц ы р у х с (фæтыхст). Уацайраг чызджытæ уæм ис? Ацæмæз.О, персайнæгтæ. Турчырдыгæй сæ Хъырыммæ уæймæ ластой цавæрдæр лæгтæ. Æвæццæгæн, ханы кæнæ æндæр искæй гареммæ. Чызджытæ куыдтой, æмæ сæ мах байстам. Раст цыма нæ хъæбултæ æмæ нæ хотæ сты, ахæм цæстæй сæм кæсæм, буц сæ дарæм. Т у з а р. Тынг бузныг нæ сты, уацарæй сæ кæй фервæзын кодтам, уæлдайдæр уый тыххæй. 1-аг а б ы р æ г. Фæлæ нæлгоймаджы рæвдыд не’ййафынц. Хæрзаг ма зæгъой... Т у з а р. Ныхъхъус-ма у, Тохти! 2-аг а б ы р æ г. Дæ сылкъи ныхæстæ!.. А ц æ м æ з. Уыцы чызджыты чи бахъыгдара, уый мæ йæхи хизæд! Т у з а р. Нæ зæды хæйттыл сæ куы нымайæм. 1-аг а б ы р æ г. Бахатыр кæнут, хъазгæ кодтон. А ц æ м æ з. Къаддæр хъаз, Тохти! (Æрцæуæг адæммæ.) Уыцы чызджыты диссаджы кафтæй зæрдæ сæнкъуысы. (Фæссценæмæ та.) Фæдзурут-ма чызджытæм! Нæ уазджыты сбуц кæнæм сæ кафтæй! Уалынмæ нæм комы иннæ хъæутæй дæр кæд зыниккой. (Фæзындысты дыууæ персайнаг чызджы æмæ скæсæйнаг кафт кæнынц.) Б ы т ъ ы р (Азатмæ сусæгæй). Сæ рæсугъд урс буар тæнæг дарæсы бын куыд дзæбæх зыны! Дæ комыдæттæ сæм нæ уайынц, Азат? А з а т. Цæй-ма, Бытъыр, ма та райдай! (Фæстæдæр кафт фæци æмæ кафæг чызджытæ фæаууон сты.) Т у з а р (фæссценæмæ акæсгæйæ). Æрцæуынц нæм уæлæ 51
иннæ хъæутæй дæр! (Иууылдæр уыцырдæм кæсынц.) Л а д и. Куыд бирæ сты! Б ы т ъ ы р. Æнæхъæн æфсад! 3 æ л д а (сусæгæй чызджытæм). Æллæх, цал сæрæн усгуры! Нæ фæлæ æцæг усгуртæ æрмæстдæр хæсты быдыры ссарæн ис. Кæйдæр хъæлæс (фæссценæйæ). Æрбабырсынц! Æрбабырсынц фыдгултæ! Комы нарæгмæ сæ ных сарæзтой! А ц æ м æ з. Æрбабырсынц?! (Иууылдæр базмæлыдысты.) 3 æ л д а. Афтæ æваст?!.. Нæ бынат нывыл куы нæма федтам! А ц æ м æ з (фæссценæмæ). Сослан, уыцы æрцæуæг æфсæддонты уæлæ мæсыджы цурмæ акæн æмæ сын сæ хæстæ бамбарын кæн! Л а д и. Мах та кæдæм? А ц æ м æ з. Мах дæр ныртæккæ уырдæм... (Фæссценæмæ та.) Батраз, ды та, уæртæ цы фос æртардтой, уыдон æмæ бæхтæм дæ цæст фæдар! Л а д и (фæссценæмæ дзуры уый дæр). Уæртæ уал голджытæ бафснай! Сымахæн дзы уæлæдарæс æрластам! А ц æ м æ з. Уæлæдарæс?! Уæ цæрæнбон бирæ æрбауа, не’фсымæртæ! Тузар, акæн мæнæ чызджыты ардыгæй иуварс! А ц ы р у х с. Нæхи бамбæхсæм?! Мах дæр уемæ цæуæм! А ц æ м æ з. Ма нæ худинаг кæнут! Не знæгты цæсты нæ ма бафтаут! Т у з а р. Цомут уал мемæ лæгæтмæ! 3 æ л д а. Цы ми кæндзынæн уæ лæгæты?! Исты уын зымæгон арс дæн æмæ лæгæты мæ дзæмбы сдæрдзынæн?! С æ н и. Фæлтау уæм истæмæй фæкæсæм. 3 æ р и Уæдæ, уæдæ?! Т у з а р. Ныртæккæ нæ уе’ххуыс нæма хъæуы. А з а т. Ацырухс, айсут уал уæхи иуварс. Ма нæ хъыгдарут. Г а б а й. Ахъуытты ут рæвдздæр! Б ы т ъ ы р. Ныхæстыл нæ мауал дарут! (Нæлгоймæгтæм.) Цомут, хæстонтæ! (Фæаууон.) (Ацæуынц Азат, Габай, Лади æмæ иннæ æфсæддонтæ дæр, Тузар æмæ Ацæмæзы йеддæмæ.) 52
Т у з а р. Чызджытæ, рацæут мæ фæдыл! А ц ы р у х с (тæргайгондæй). Акæнут нæ уæдæ нæ лæгæтмæ! Т у з а р (фæраст, фæлæ ма æрлæууыд). Уыцы уацайрагæн цы кæнæм? А ц æ м æ з. Хуыссæд уал афтæ уæнгтæбастæй. Т у з а р. Тугмондаг сырдæй фыддæр дары йæхи. Тохы сахат феуæгъдис, зæгъгæ!.. Фехсæм æй фæлтау. А ц æ м æ з. Æнæхæцæнгарз уацайраджы агæрах кæнын мæм аив нæ кæсы. Уадз уал æй. Фæлæ... (Иуварс æй акодта, сусæгæй.) Нæ ног æфсæддонтæй иу тынг гуырысхойаг у æмæ уымæ цæст фæдарын хъæуы. Мæ ныхмæ мæстæлгъæдæй дзырдта зæдбадæн хъæуы. Хорз нысанимæ не’рцыди, æвæццæгæн. Ацæмæзы агуры. Т у з а р. Кæцы дзы у? А ц æ м æ з. Цъæх цухъхъа йæ уæлæ, Габай йæ ном. (Фæаууон иннæты фседыл.) Т у з а р. Рæвдздæр, чызджытæ! (Акæны сæ.) (Сценæ цасдæр у афтид. Стæй Тузар фæзыны фæстæмæ, азгъордта иннæ æфсæддонты фæдыл.) Г а б а й (хъуызгæйæ æрбацæуы фæстæмæ хохы аууæтты). Бабын нæ ком! Уыцы знæгты чи басæтдзæн?! Цас сты, цас! Не’фсæддонты нын ныццæгъддзысты ныртæккæ, æз та ма дзæгъсэлы цы сафон мæхи?! Рухсаг ут рагацау, ме’мзæххонтæ. Дщырухсы аскъæфынæн диссаджы фадат у... Уыцы л " -рджыты дæлбар куы бахауа нæ ком, уæд дæр мæ цæрын хъæудзæн. Цы’фсонæй расайон чызджы?.. А ц ы р у х с (фæзынд). Нæ, нæ! Лæгæты æмбæхстæй бадын нæу мæ бон! (Лæппуйы ауынгæйæ, фæджих.) Габай?.. Ам иунæгæй цы ми кæныс? Г а б а й (æфсонæн). Рарвыстой мæ фæстæмæ. Чызджыты, дам, фыдбылызæй бахиз. А ц ы р у х с. Мах хъахъхъæнæг нæ хъæуы. Цом не’фсæддонтæм. Г а б а й. Ма сæм цу! Æгæрон бирæ сты лæбурджытæ. Ам чидæриддæр ис, уыдонæн фервæзæн нал ис. Фервæзын кæнон уæдаæр дæу, мæ зынаргъ. Нæ дугъонтыл рæвдздæр афардæг уæм ардыгæй, цалынмæ ма сæрæгас стæм, уæдмæ. А ц ы р у х с. Цытæ дзурыс, Габай?! Г а б а й. Ацырухс! (Ацахста йæ.) Кæд барвæндæй нæ комыс, уæд дæ æз!.. 53
А ц ы р у х с (асхуыста йæ иуварс æмæ йæ хъама фелвæста). Хæстæг ма мæм куы’рбацæуай, уæд дæ цардæн хæрзбон зæгъдзынæ! Г а б а й (мæстæлгъæд худт ныккодта). Хæстон!.. Уæ ма кæ, хъал Ацырухс, фæфæсмон кæндзынæ! А ц ы р у х с. Ацу уæртæ хæстонты æмрæнхъ слæуу! Г а б а й. Рæвдздæр фæмард уон, уый дæ фæнды?! 3 æ л д а (фæзынд). Цы фæдæ, æхсин?!.. (Фæзындысты Сæни æмæ Зæри дæр.) С æ н и. Цы хабар у? А ц ы р у х с. Аскъæфынмæ мæ хъавы ацы "хъæбатыр"! Фыдгултимæ схæцыны бæсты мемæ тох кæны ам! С æ н и. Габай! Хорз рæстæг ссардтай!.. 3 æ р и. Уæдæ, уæдæ?! 3 æ л д а (йæ цæсгом дыууæ армæй амбæрзгæйæ). Æллæх, мæ цæсгом ыссыгъд! Фидиссаг ми! Адæм фæдисмæ, Габай та!.. Г а б а й. Ма йыл æууæндут! Мæ хорздзинад мын зыгъуыммæ бамбæрста! Ацы тæссаг ранæй йæ аиуварс кæнынмæ хъавыдтæн. Фыдгултæ уæ фæхынджылæг кæндзысты, чызджытæ! Лидзгæут ардыгæй, цалынмæ нæ байрæджы! (Фæссценæйы ссыд, хæхты цъуппытæй дурты егъау зæй куыд ракалд, уый гуыр—гуыр, хæстонты хъæлæба, тарст бæхты мыр—мыр, топпыты гæрæхтæ.) 3 æ л д а. Райдыдта тугкалæн хæст! (Чызджытæ батагъд кодтой уыцырдæм.) Г а б а й. Кæдæм?!.. (Иунæгæй.) Рухсаг ут уæдæ сымах дæр, рухсаг! (Фырмæстæй.) Уæхи къахæй цы дунемæ ацыдыстут, уым зындоны амæттаг фæут! (Фæссценæйы сарсех вæййынц топппыты гæрæхтæ, хъаматæ æмæ æхсаргæрдты цъыччытæ. Габай къуыбырмæ ссыд æмæ кæсы уырдæм.) Г а б а й.Хæхты цъуппытæй сыл дурты зæй ракалдтой нæхионтæ?.. Рыг æмæ фæздæгæй ницыуал зыны. Сæмхæццæ иууылдæр бæстæ! Кæм бафснайон мæ сæр? Тохгæнджытæм уал иуварсæй фæдарон мæ цæст. Уæлахиз сæ чи кæна, уыдо — нимæ баиу уыдзынæн. Цымæ цы бауыдзæн Ацæмæз та? (Иннæрдыгæй райхъуыст нæлгоймаджы хъæрзын.) 54
Чи хъæрзы уым? (Фæаууон уыцырдæм.) (Чысыл фæстæдæр фæзындысты ирон хæстонтæ æмæ лæбурджытæ, хъаматæ æмæ æхсаргæрдтæй кæрæдзиимæ тох кæнгæйæ. Уым сты Азат, Лади, Тузар, Бытъыр, 1-аг абырæг æмæ 2-аг абырсег дæр, кæнынц хъазуатон тох знæгтимæ. Афтæмæй ацæуынц фæссценсемæ , ссе хотыхты цъыччытæ хъуысынц уырдыгæй. Мæнæ иннæрдыгæй хъуызгæйæ фæзыны Габай уацайраг Хушпаримæ.) Г а б а й. Уæдæ, зæгъыс, ирæтты раздзæуæг уыцы зæронд лæг у? Ацæмæз у уый? (Уацайраг йæ сæр базмæлын кодта, о, зæгъгæ.) Ацырухсы уындæй-иу йæ цæстытæ цæхæртæ уымæн акалдтой! Зæронд лæджы хуызы нæ куыд æмбæхсы йе’цæг цæсгом! Амар æй, уацайраг! Амар, де уæнгтæ дын чи сбæтгын кодта æмæ фырмæстæй кæй аххосæй хъæрзыдтæ, уый! Иугæр дæ суæгъд кодтон, уæд равдис лæгдзинад! (Йæ къухты йын фæтъыста кард.) Райс! Бахъуыз æм фæстæты... (Уацайраг, кардæй фæныфсджын уæвгæйæ, фæаууон, тох кæм цæуы, уырдæм.) Г а б а й. Рухсаг у, рухсаг, ды дæр, нæ абырджыты раздзæуæг! (Мæстæлгъæд худт ныккодта æмæ æдас ранмæ ахъуызыд.) (Рæзындысты та тохгæнджытæ: Ацæмæз æмæ Учбей Керим-Гирей æхсаргæрдтæй хæцынц. Уалынмæ кардимæ фæзынд уацайраг Хушпар. Фæстæты бахъуызыд Ацæмсезмæ æмæ йæ куыддсер кардæй æрцæвынмæ бахъавыд, афтæ се’хсæн фæныхст, æвиппайды чи фæзынд, уыцы Бытъыр, æмæ карды цæф ууыл сæмбæлд. Фæзынд Азат æмæ уацайраджы хъамайæ барæхуыста — Хушпар афæлдæхы зæххыл.) 3 æ л д а. Бытъыр! (Фæзынд æмæ хæцы цæф лæппуйыл.) Б ы т ъ ы р. Зæлда!... 3 æ л д а. Уарзын дæ, Бытъыр! (Ныккуыдта.) Уарзын дæ! (Акæны йæ иуварс фæссценæмæ.) (Æрбауад Тузар, уый æмæ Азат дæр карз тохы бацыдысты, Учбей Керим-Гиреймæ æххуысмæ чи фæзынд, уыцы дыууæ лæбурæгимæ,атæрынц сæ фæссценæмæ, уым тох кæнынц семæ. Габай та хъуызгæйæ фæзыны хохрæбын, хъама йæ къухы, афтæмæй, æмæ уый дæр 55
Ацæмæзы фæстейы ныццæвынмæ куыддæр бахъавыд, афтæ йын Ацырухс, фæзынгæйæ, йæ цонг хъамайæ æрцавта.) А ц ы р у х с. Гадзрахатæйцæуæг! Хуымæтæджы дæм мæ цæст нæ дардтон! (Габай йæ цонгыл фæхæцыд, йæ хъама æрхаудта зæхмæ. Ацæмæз та Учбей Керим-Гирейимæ ноджы карздæр тох кæны. Мæнæ лæбурджыты фæтæгæн йе’хсаргард Ацæмæзы тыхджын цæфæй асхъиудта иуварс. Фæзындысты Сæни Зæриимæ æмæ систой зæххæй æхсаргард æмæ хъама, адавтой сæ иуварс, цæмæй фыдгæнджыты къухтæм мауал бахауой. Фæзындысты ма Тузар, Лади æмæ Азат — иууылдæр æрхъула сты Учбей Керим-Гирейыл. Уый, тыхулæфтгæнгæ, слæууыд се’хсæн æмæ йæ сæр æруадзы.) А ц ы р у х с (хъама бæрзонд фæхаста Учбей Керим-Гирейы сæрмæ). Ныммарæм хъæдддг лæбурæджы! А ц æ м æ з (баурæдта йæ). Нæ! Хъуамæ йын адæм скæной тæрхон! Лæбурджыты раздзог у! А ц ы р у х с. Æлгъаг! (Йæ хъама æруадзы.) Цымæ дын дæхи бæстæйы цы нæ фаг кодта?! Т у з а р. Йæхи бæстæйы йын цы нæ фаг кодта, уый ссардта мах зæххыл йе’фсадимæ! А ц æ м æ з: Ирон адæм сæттын кæй нæ комынц, æвæццæгæн, уый нæ зыдтой! А ц ы ру х с. Цымæ ахæмты цы хуыцау рафæлдисы сабырцæрæг адæмты фыдбылызæн?! Т у з а р (Хушпары мардмæ ксесгæйæ). Дæлæ уыцы уацайрагæн йе уæнгтæ баст куы уыдысты. А з а т. Уый ныццавта кардæй Бытъыры. Т у з а р. Чи йæ суæгъд кодта?! (Тарстхуызæй фæзындысты дыууæ персайнаг чызджы æмæ къухтæй амонынц Габаймæ, уый суæгъд кодта уацайраджы, зæгъгæ.) А ц æ м æ з (Габаймæ). Ды?!.. Не знæгтимæ сбастай дæхи?! А ц ы’ р у х с. Габай канд уыцы фыдми нæ бакодта! А ц æ м æ з. Дæ адæмыл гадзрахатæй рацыдтæ?! Г а б а й (йæ цонгыл хæцгæйæ). Нæ!.. А ц ы р у х с (ныхас исгæйæ). Дæуæй æндæр чи уаид, уый 56
ныртæккæ йæхи амарид ацы ран, ды та сæрыстырæй лæууыс нæ разы! А ц æ м æ з. Цæй, хорз! Равзардзыстæм æппæтдæр. (Ладимæ.) Ныр та уал, сахъгуырд, ды дæ дугъоныл æрзил æгас комы хъæутыл æмæ адæмæн фехъусын кæн, цæмæй та райсом æмбисбон æрæмбырд уой зæдбадæн фæзмæ. Уым нæм æнхъæлмæ кæсæнт. Стыр ныхас нæм уыдзæн. Л а д и. Кæй номæй сын зæгъдзынæн, Ацæмæзы æви?.. А ц æ м æ з. Зæгъ сын Ацæмæзы номæй. Л а д и. Æмæ кæм ис Ацæмæз йæхæдæг? А з а т. Тохы сахат дæр ыл нæ цæст куы не’рхæцыд. А ц æ м æ з. Фендзыстут æй. Л а д и. Кæд ма? А з а т. Не’мбарын... А ц æ м æ з (ныхас исгæйæ). Бамбардзыстут æппæтдæр, сахъ хæстонтæ. Л а д и. Гъемæ уæдæ хорз! (Фæаууон, æмæ фæссценæйы ссыд дугъоны къæхты хъæр.) А ц æ м æ з. Тузар, ды та уал не’фсæддонтимæ баззайдзынæ ам, комы æрбацæуæны, хъахъхъæнут арæнтæ. Мемæ ацæудзысты, зæдбадæн хъæуæй нæм чи ис, æрмæстдæр уыдон æмæ нæхи æфсæддонтæй дыууæ. Æмбæрзæн ФÆНДЗÆМ НЫВ Ногæй та къæдзæхы раз, фæзы. Ардæм та æрæмбырд сты адæм комы алы хъæутæй æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уым сты Дафа, Дасхан, Хадзы æмæ Уазæг æлдар дæр. Д а ф а. Куыд æрæгмæ зынынц... Д а с х а н. Æвæццæгæн сæ исты бахъыгдардта. X а д з ы (иуварсмæ). Чи зоны, мæ лæппуйы къухы бафтыд, Ацæмæзы тыххæй йын цы бахæс кодтон, уый. Гъæй — джиди, бæргæ! Д а с х а н. Уæд та фæндаджы фæзилæнмæ ныццæуин æмæ сæм уырдыгæй акæсин? Д а ф а. Ам уал сæм банхъæлмæ кæсæм, Дасхан. 57
Д а с х а н (æвиппайды). Æнхъæлдæн, ссæуынц дæлæ!.. У а з æ г. Ссæуынц, Хуыцауыстæн! Д а ф а. Уæлахизимæ! Д а с х а н. Табу дæхицæн, Лæгты дзуар! Табу дæхицæн! Д а ф а. Афтæ мæм кæсы, цыма уæлæ нæ уæлмæрдты нæ рагфыдæлтæ дæр сыстадысты сæ ингæнтæй æмæ сæрбæрзондæй кæсынц сæ хъæбатыр фæдонтæм! X а д з ы (иуварсмæ та). Ау, уæдæ мæ лæппуйы къухы ницы бафтыд?.. Д а ф а. Хадзы, цыдæр тыхстхуыз дæ. Цин кæн, цин! X а д з ы. Омæ куы цин кæнын. Мæ лæппу дзы æнæмæнг уæлдай лæгдзинад равдыстайд. Тохы лæг у, тохы. Йæ бæстæйы сæраппонд йæ цардыл нæ бацауæрддзæн. Д а с х а н. Цымæ æнæфыдбылызæй баззадысты? Д а ф а. Æмæ-гъа. Лади нын бæлвырд дзуапп нæ радта. Фæуæлахиз стæм, зæгъгæ, фæхъæр кодта æмæ йæ дутъоныл фæстæмæ ныццавта. Д а с х а н. Уæрдæттæ дæр сæм куы ис. У а з æ г. Æвæццæгæн дзы цæфты сласынц. Д а ф а. Кæннод, чи зоны... (Фæтарст йæ ныхæстæй.) Нæ, нæ, Хуыцау бахизæд! Д а с х а н. Мæ бындурыл! Цымæ мæ чызг цы бацис?! X а д з ы. Мæ лæппу æнæхъыгдардæй баззайа?! Тохы арты йæхи бахъахъхъæнын нæ базыдтаид, нæ! Хъаймæты бон! (Чысыл фæстæдæр æрбацæуынц хæстонтæ. Кæмæндæрты дзы сæ цсефтæ сты бæстытæ, дыууæйæ цæуынц къуылых, лæдзджытимæ. Раззæгтимæ ис Ацæмæз, зæрондлæджы хуызы та. Уацайраг Учбей Керим- Гирей æмæ Габайы та æрбакæнынц къухтæбастæй. Уым сты Лади, Азат, стæй Ацырухс, Сæни æмсе Зæри дæр.) Д а с х а н. Мæ чызг! (Цæссыгтимæ хъæбыс кæны Ацырухсæн.) (Иннæтæй дæр чидæртæ хъæбыс кæнынц сæхионтæн.) Д а ф а (сисы йæ худ). О мæ хуртæ!.. Сызгъæрин фестат! X а д з ы (Габаймæ). Мæ лæппу! Дæ къухтæ баст цæмæн сты?! (Ацæмæзмæ.) Уый цы нысан кæны, уæртæ лæг?! Д а с х а н. Цы фесты, кæимæ хæцыдыстут, уыцы фыдгултæ? X а д з ы (фырмæстæй). Цы кодта мæ лæппу, куы фæрсын?! Л а д и. Байхъусут уæдæ, хорз адæм, æмæ бамбарат æппæтдæр. Фыццаджыдæр уал мæ фæнды зæгъын (Ацæмæзæй) 58
мæнæ уыцы зæронд лæджы тыххæй. Не’фсады разамонæг уыд. Йæ арæхстджын разамындæй æмæ йæ хъæбатырдзинады руаджы фæуæлахиз стæм фыдгултыл. Куы нæм ныббырстой, уæд сын (Учбей Керим-Гирейæй) уæртæ сæ раздзоджы йæ ахсджиагдæр хъузæттимæ æрбауагътам коммæ, иннæтыл та хæхты цъуппытæй комы нарæджы дурты егъау зæй ракалдтам, æмæ фесæфтысты. Чи ма дзы фервæзт, уыдон алыгъдысты. Коммæ дзы кæй æрбауагътам, уыдон та немæ схæцыдысты, æмæ сæ ныццагътам. Сæ раздзоджы та уæртæ уынутг райстам æй уацары æмæ уæм æй скодтам. А ц æ м æ з. Бырсгæ сымахмæ кодта — тæрхон дæр ын хъуамæ сымах скæнат. X а д з ы. Мæ лæппуйы тыххæй цы зæгъут, мæ лæппуйы?! Л а д и. Айразмæ нæм (Ацæмæзæй) мæнæ не’фсады разамонæг цы уацайраджы скодта, уый Габай карз тохы сахат сусæгæй суæгъд кодта, æмæ уацайраг бахъавыд нæ разамонæджы амарынмæ, фæсте йæм бахъуызыд, афтæмæй. Фæлæ йæм Бытьыр йæхи баппæрста, æмæ карды цæф ууыл сæмбæлд — хуыссы дæлæ уæрдоны. Чысыл фæстæдæр та зæронды амарынмæ бахъавыд Габай йæхæдæг. Куыддæр æй фæсте хъамайæ фæцæйрæхуыста, афтæ йæ, Хуыцау хорз, æмæ Ацырухс бахъыгдардта. X а д з ы. Хъаймæты бон! Тугтæ мысут мæ лæппуйыл, тугтæ! А ц ы р у х с. Нæ, Хадзы, ничи йыл мысы. Æз ын уыцы сахат йæ цонг хъамайæ æрцавтон — æндæр гæнæн нæ уыд. Фенут йæ уæртæ. X а д з ы. Цæф у йæ цонг æмæ ма йын æй афтæмæй сбастат?! О, тæригъæд чи нæ зоны, уыцы æнаккæгтæ! (Ацырухсмæ.) Абырджыты бодз Ацæмæзы хъузоны тыххæй мын мæ лæппуйы куыд ныццавтай, Дасханы чызг?! А ц æ м æ з. Нæ, хорз адæм, æз Ацæмæзы хъузон нæ дæн! Ацæмæз йæхæдæг дæн! (Аппæрста йæ цæсгомæй йæ урс зачъе, йæ хъуынджын худ æмæ йæ бызгъуыр цухъхъа — фыццагау та у æрыгон æмæ хæрзконд.) (Иууылдæр джихæй аззадысты.) X а д з ы (фæсонт). Ацæмæз?! Æлдæрттæ. Ды дæ?! Ау?! Д а с х а н. Ибон нæм Лæгты дзуар куы’рцыд, уæд уый дæр ай хуызæн нæ уыд?! А з а т. Йæ халдих! 59
Л а д и. Уый уыд æрвон Уастырджи, ай та йæ зæххон æххуысгæнæг! Йæ хуызæн уымæн у! А з а т. Нæ зæххон Уастырджи! Л а д и. Арвæй æрвыст лæг! Йæ фæрцы сæрæгасæй æмæ сæрибарæй баззадыстæм абон! Хъуамæ не’ппæтдæр йæ разы æркъул кæнæм нæ сæртæ! А ц æ м æ з. Цæмæн зæгъыс, Лади!.. (Хъуысы йæ уадындзы цагъд.) Хорз адæм! Æз уæ хуымæтæджы не’рæмбырд кодтон зæдбадæн фæзмæ. Фæнды мæ, цæмæй кæрæдзийы бамбарæм æмæ кæрæдзимæ знæгты цæстæй мауал кæсæм. Зонут æй, нæ алыварс нын цас бирæ знæгтæ ис, уый. Ныронг абырджытæ кæй хуыдтат, уыдон арæнхъахъхъæнæг æфсад систы. Нæ арæнтæ ныффидар кæнæм æмæ нæхи афтæ сæвæрæм, цæмæй æддагон лæбурджытæ мауал уæндой сæ къах нæ зæхмæ æрбавæрын. Æз арвæй æрвыст нæ дæн. Нæ дæн зæдтæй дæр! Æз дæн уæхицæй. Хуымæтæг ирон мæгуыр лæппу! Кæд Уастырджийы æнгæс дæн, уæд уымæн, æмæ Уастырджи не’ххуысгæнæг у. Æмæ мæ риуы дæр ныффидар мæ адæмæн тæссаг сахат баххуыс кæныны хъуыды. Бæргæ, цытджын Уастырджи нæ зонд æмæ нæ зæрдæты уыйас куы ныффидар уаид, цæмæй нæхæдæг не’ппæтдæр кæрæдзийæн ысуæм Уас — тырджийы зæххон æххуысгæнджытæ! Кæрæдзимæ куы кувиккам, дауджытæ æмæ Хуыцаумæ куыд кувæм, афтæ, æвæдза, цы диссаг уаид уæд цард! Зæххон дзæнæт! О, æз уыдтæн не’лдæртты цыфылдæр знаг, уымæн æмæ мыл сæ къухтæй бирæ бæллæхтæ æрцыд. Фæлæ... (Ацырухсмæ бакаст, стæй иннæрдæм азылдта йæхи.) Куы базыдтон, уæ комы адæммæ фыдбылыз йæ фæстæгтыл слæууыд, уый, уæд мыл мæгуыр адæмы мæтæй катай бахæцыд. Ныр мын уе’ппæтдæр систут зынаргъ. Æмæ та уын зæгъын: цæмæй нæ тыхтæ кæддæридаæр æнæбасæтгæ уой, уый тыххæй нæ хъæуы иудзинад. Æрмæстдæр иудзинад! Фæлæ адæмæй иутæ куы уой хъæздыг æмæ барджын, иннæтæ та мæгуыр æмæ æнæбар, уæд иудзинад никуы уыдзæн се’хсæн. Д а ф а. Раст у дæ хъуыды, Ацæмæз. (Рацæуы размæ.) Иудзинад адæмы тырыса у. Гъемæ нæм цæмæй иудзинад уа æмæ уæлахиз уæм кæддæриддæр, уый тыххæй нæ, фыццаджыдæр, аккаг фæтæг хъæуы. Фысты дзугæн дæр ма бодз куы вæййы, мах та адæм куы стæм. Ау, нарты Ацæмæзы уадындзы цагъдмæ-иу хъæдааг сырдтæ дæр куы’рыхъуыстой 60
æмæ-иу куы баиу сты йæ алыварс, уæд мах нæ баиу кæндзæн ацы сæрæн лæппуйы зæрдæбын ныхас?! Рагæй нæ чи хъуыд, ахæм нæртон гуырд нæм йæхи къахæй æрцыд мæнæ! Абонæй фæстæмæ йæ равзарæм нæ фæтæгæй! Ныронг дзы мах ризæгау кодтам, амæй фæстæмæ та дзы уадз æмæ ризæнт не знæггæ! Хъæлæстæ. Итгæг хорз фæнд у! Раст зæгъыс, Дафа! X а д з ы. О, фæлæ нæ зæххытæ, нæ исбон мæгуыртæн байуарæм?! Л а д и. Уыцы зæххытæ æмæ исбон тынгдæр Ацæмæз æмæ иннæ мæгуыртæ бахъахъхъæдтой æмæ сыл сæ бар цæуы! Бахъахъхъæдтой уын, нæ буц æлдæрттæ, уæХи дæр! Адæмæзы куы нæ саккаг кæнат фæтæгæн, уæд мах, æппæт кусæг адæм, баззайдзыстæм йемæ, сымахæн та нал кæндзыстæм дæлба — риуæг! X а д з ы. Уый цытæ дзурыс, ме’ххуырст?! А ц æ м æ з. Æвæдза, куыд диссаг у æлдары удыконд! Тохы арты æмсæр уыдыстæм не’ппæтдæр. Нæ дзы уыд бæрæг, чи у хъæздыг, чи у мæгуыр. Иумæйаг хъуыдытæ нæ разæнгард кодтой нæ иумæйаг знæгты ныхмæ. Тохы фæстæ та хъуамæ фæдихтæ уæм ногæй? Цæмæн?! Цард кæддæриддæр тох КуЫ у. Æмæ уыцы æнусон тохы цæуылнæ баззайæм æмбар, æмзондæй, цæмæй нæ рагфыдæлтау уæм тыхджын, æнæбасæтгæ?! Ау, уый бамбарыны фаг хъару нæ разындзæн нæ зонды? А з а т. Разындзæн, Ацæмæз! Æддагон лæбурджытæ нын æнцой нæ дæттынц æмæ ма нæхæдæг дæр кæрæдзимæ знæгты цæстæй кæсæм? А ц ы р у х с (рацæуы размæ). Бахатыр кæнут, не’лдæрттæ, æз уæм дзурын сылгоймæгты номæй. Мæ адæмы, сæтгын ыл, ныронг хорз нæ зыдтон. Цалынмæ нæ сахъгуырдты тохы арты нæ федтон... Æрæмбырд сты уым тынг бирæйæ мæгуырты æмæ хъæздгуыты фырттæ. Тохы арты баиу сты, систы иу буар. Æмæ уыцы иудзинад, уыцы иу буар дихгæнæн куыд ис? Ирон адæмæн сæ туджы кæй ис иудзинад, æхсар æмæ хъæбатырдзинад, уый хорз фенæн ис æрмæстдæр тохы быдыры. Курын уæ, не’лдæрттæ, ма халут уæхи къухтæй не’нæбасæтгæ фидар. Хъæздыгдзинæдтимæ тæрсгæ-ризгæйæ бонтæ æрвитын циу? Цæй цард у уый? А з а т. Цæуылнæ скæнæм нæ комбæстæйæ дзæнæт, цæмæй дзы мауал уа æфхæрд æмæ цæссыгтæ? X а д з ы (фырмæстæй). Хъаймæты бон! Цасфæнды фæдзурут, уæддæр мæнæн мæ дзæнæт мæ исбон у, æмæ йæм 61
кæй цы хъуыдддг ис?! (Æвиппайды арв ферттывта семæ ныннæрыд. Иууылдæр, уæлæмæ скæсгæйæ, фæтыхстысты.) Д а ф а. Уый Уастырджи фæмæсты дæ ныхæстæм, Хадзы! Æмбарын кæны, адæмæн куыд тæссаг сты дæ хъуыдытæ, уый. У а з æ г. Мах, иннæ хъæуты минæвæртты дæр, фæнды, Хуыцауыстæн: нæ фæтæг ысуæд Ацæмæз. Æццæй нæ, æрцæуæг æлдæрттæ? Æлдæрттæ. Разы стæм! Йæ бар кæнæм нæхи! X а д з ы (иуварсмæ). Ай цы ми кæнынц?! У а з æ г. Уый нæ цы уагæвæрд æрдома, ууыл сразы уыдзыстæм мах дæр. Хуыцауыстæн, æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ Ацæмæзимæ куы уæм, уæд не’хсæнадон уавæр ахæм тæссаг нал уыдзæн. Л а д и. Ай-гъай! А ц æ м æ з. Бузныг, комбæсты адæм! Æрмæст... Бахатыр кæнут, фæлæ мæ иугæр уæ фæтæгыл банымадтат, уæд уын æргомæй зæгъын мæ курдиат: мæ амонд уе’хсæн ссарынмæ хъавын æмæ мæ ма бахъыгдарут. Кæд мæ уæ комы фидауц Ацырухс йæхицæн аккаг кæны, уæд æй æвзарын къайæн. Л а д и. Иттæг хорз! Хæстон лæгæн Ацырухс аккаг æмбал уыдзæн. Д а с х а н (Ацырухсмæ фæрсæгау). Чызг!.. А ц ы р у х с. Бахатыр кæн, гыцци, ныххатыр мын кæнæнт мæ къæйных ныхас нæ буц хистæртæ дæр: ныфс æмæ’хсарæй æнæкæрон хайджын чи у, уымæй хуыздæр цардæмбалмæ нæ бæллын æз. Д а с х а н (фæтыхст). Уæдæ!.. (Ферхæцыд.) А ц ы р у х с. Цы зæгъыс, гыцци? Д а с х а н (чысыл фæстæдæр). Ницыуал. Ницыуал, мæ чызг! Иугæр дæм дæ зæрдæ Ацæмæзы ном сдзырдта... (Лæппумæ.) Гъе фæлæ ууыл ацы ран ныхас кæнын хъæуы? А ц æ м æ з. Мæ уавæртæ мын æндæр хуызы нæ амонынц. Минæвæрттæ барвитынмæ æмæ иннæ ахæм хъуыддæгтæ кæнынмæ мын рæстæг нæй. Комы дуармæ мæ арæнтыл уæвын хъæуы ныртæккæ, уæлдайдæр та ацы хæсты фæстæ. Цы нæ вæййы, уæд та æндæр лæбурджытæ фæзындысты. Ноджы тынгдæр æрфидар кæнын хъæуы арæнты хъахъхъæныны уагæвæрд. Æвæстиатæй мæ ацæуын хъæуы уырдæм. Ацы — рухсмæ та... хъавджытæ ис, æвæццæгæн, æмæ мæ фæнды, 62
цæмæй мæ зæрдæ ма’хсайа. Д а ф а. Æмбарæм дæ, лæппу. Фæлæ ма тыхс. Чызг зæрдæдаргæ у. Г а б а й (ныхъхъæр кодта фырмæстæй). Уыцы калм! Абырæгæй хуыздæры аккаг нæу! А ц ы р у х с. Æмæ кæй хоныс ацы "абырæгæй" хуыздæр? Дæхи? Уый карз тохы куы бацыд фыдгултимæ, уæд уыцы зын сахат ды та дæхи мæт кодтай. Де’мзæххон сахъгуырдты фарсмæ не’рлæууыдтæ тохы арты, фæлæ хъавыдтæ мæн тыхæй аскъæфынмæ æмæ тохы быдырæй алидзынмæ. Æгадæй ныммæл! X а д з ы. Ныммæл дæхæдæг, залиаг калм, кæд мæ лæппуйы куыйты хæринаг цы бакодтай! А з а т. Габай, Ацæмæз æмæ Ацырухсы уарзондзинадæй ныккæрзыдтон æз дæр... Ныббарæнт мын адæм ме’ргом ныхас, чызгмæ цы зæрдæ дарын, уый зонынц ам бирæтæ. Фæлæ мын уæддæр Ацæмæзимæ сæ амонд зынаргъ у. Ацæмæз нæ Иры хъайтар у! Йæ райгуырæн бæстæ зынаргъ кæмæн у, уымæн хъуамæ зынаргъ уой йæ хъайтартæ дæр. Ды та амарынмæ хъавыдтæ Ацæмæзы. Уымæй стыр фыдгæнон ми бакодтай нæ адæмы раз. Фыдгултæ нæ сæ къæхты бын ныссастаиккой. Ноджы Бытъырыл цы бæллæх сæмбæлд дæ аххосæй, уый та? А ц æ м æ з. Адæм, цы тæрхон кæнут ацы дыууæ фыдгæнæгæн? Л а д и (Учбей Керим-Гирейæй). Мæнæ уал лæбурджыты раздзоджы аппарæм уæртæ сæрсæфæн былæй! X а д з ы. Хъаймæты бон! Кæдæм ма йæ æппарут?! Йе’фсæдаонты йын кæй ныццагътат, уый йын æгъгъæд нæу, мæгуыр йæ бон, æмæ ма йын йæхи дæр?!.. Тæригъæд æппын куынал æмбарут! Ауадзут æй! А ц ы р у х с. Æмæ та ногæй нæ ныхмæ сæмбырд кæна æфсад? А ц æ м æ з. Айразмæ уыцы уацайрагæн фæтæригъæд кодтам æмæ нын цы фыдбылыз расайдта, уый нæ федтам? Л а д и. Стæй тæригъæд ды куыд æмбарыс, Хадзы? Дæхи адæмæн нæ тæригъæд кæныс? Нæ сын тæрсыс мæнæ ахæм лæбурджыты фыдæхæй? Д а ф а. Дæхицæй хæларзæрдæ цы аразыс, Хадзы?! Адæм дæ хорз зонынц. А ц æ м æ з. Йæ адæмы знæгтæн чи тæригъæд кæны, уый йæ адæмы цыфыдаæр знаг у. 63
Хъæлæстæ: Аппарут лæбурæджы былæй! Æрмæст Кæсæджы хъæуты цы фыдмитæ бакодта, уый дæр цас у! Аппарут æй! А ц æ м æ з. Уадз, Ирыстоны зæхх байсынмæ чи цæуы, уый Ирыстоны зæххыл ссара йæ мæлæт! (Лади æмæ Азат акæнынц Учбей Керим — Гирейы былмæ æмæ йæ аппарынц.) X а д з ы. Хъаймæты бон! А ц æ м æ з (Габайæ). Мæнæ иннæйæн та цы кæнæм? Хъæлæстæ: Аппарут уый дæр! Не’хсæн ын нал ис бынат! X а д з ы. Цы, дам?! Куыд уæндут?!... (Фæцудыдта.) Д а с х а н. Хъоды! Хъоды йыл бакæнæм, хорз адæм! Уый нæ фыдæлты æгъдау у! Г а б а й (мæстыгæр худт ныккодта). Хъоды?! Сымах мæныл?! (Ноджы хъæрдæрæй ныххудт фыддæрадæн.) О, сымах ныргæвд уе’ппæты дæр! Куыйтæ! (Фæстсемæ былмæ цæугæйæ.) Цъаммар куыйтæ! Куыйтæ!.. (Аппары йæхи бы— лæй.) X а д з ы. Лæппу!.. (Нырдиагкодта.) Бабын дæн! (Йæ риуыл фæхæцыд.) Бабын дæн!.. (Къæдзæхы фахсыл æнцæйттæ кæнгæйсе, бацыд былмæ æввахс æмæ хъавы дæлæмæ ныккæ— сынмсе, фæлæ уый дæр нал у йæ бон.) Хъаймæты бон! Сæфын! Ссæф-фын!.. (Йæ зæрдæйыл хæцгæйæ, фæцæуы адæмы цурæй, сценæйы кæрон ахауы æмæ амæлы.) (Дыууæ æфсæддоны æрбакæнынц цæф Бытъыры, йæ цæнгтыл ын хæцынц, афтæмæй. Семæ ис Зæлда дæр.) Б ы т ъ ы р (дзуры тыхæй). Æз... Æз фехъуыстон уæ ныхæстæ иууылдæр æмæ нал баурæдтон мæхи. (Ацæмæзмæ.) Ды Ацæмæз?... Раздæры зæронд лæг? Ды?.. Дæ сæраппонд мæ мæлæт ницæмæ дарын... Дæ хуызæттæ нæм фылдæр гуырæд. Нæ мæгуыр адæм де уазæг. Алырдыгæй нæм лæбурынц фыдгултæ æмæ нæ фыдæлты тыгъд быдыртæй хæхты цъассытæм батардтой. Уым дæр нæ æнцад цæрын нæ уадзынц. А ц æ м æ з. Гъемæ нæм цæмæй фыдгултæ мауал лæбурой æмæ нæ Ирыстоны æппæт адæмæн сæ бон бауа нæ тыгъд быдыртæм фæстæмæ раздæхын, уый тыххæй нæ, æвæццæ — гæн, баиу уæвын хъæуы Уæрæсеимæ. Л а д и. Уæрæсеимæ?! Æмæ уый гæнæн ис? Уæд, чи зоны, уый æвзæр фæнд нæу. 64
Ч и д æ р т æ (мæгуыртæй). Нæу, ай-гъайдæр! Ирыстон йæ сæрæн нал у æддагон лæбурджытæй! Д а ф а. Ахъуыды йыл хъæуы бæстон. Б ы т ъ ы р. О!.. Хорз фæнд... Уæрæсеимæ... (Йæ сæр йæ риумæ æрхаудта æмæ йæ, хæцгæ йыл чи кодта, уыцы æфсæддонтæй иу йæ къухты систа, афтæмæй амæлы Бытъыр.) А з а т. Амард! 3 æ л д а. Бытъыр! (Ныккуыдта.) Паузæ (Æфсæддон даргъ бандоныл æрæвæры Бытъыры мард, Сæни æмæ Зæри та бацæуынц Зæлдамæ æмæ йæ сабыр кæнынц.) Л а д и. Цыт æмæ кадимæ баныгæнæм хъæбатыры! Уæлæ йын къæдзæхы сæрыл та ныссадзæм цыртдзæвæн, цæмæй йæ алы райсом сæуæхсиды тынтимæ уынæм! А ц æ м æ з. Бытъыр мæн тыххæй радта йæ цард, æмæ ард хæрын йæ марды уæлхъус, йæ рухс ном кæй цæрдзæн мæ дарддæры хъуыддæгты! Хъæлæстæ: Не’ппæты рухс хъуыддæгты! Ард хæрдзыстæм йæ номæй! Д а ф а. Хорз адæм! Бакæнæм нæ зианы кой! Уый фæстæ та æгас комбæстæйы сараздзыстæм Ацæмæз æмæ Ацырухсы чындзæхсæв! Стæй агурдзыстæм Уæрæсемæ фæндаг! (Хъуысы музыкæ, афтæмæй хæстонтæ сисынц Бытъыры мард бæрзонд æмæ йæ сæ уæлныхты сындæггай фæхæссынц.) Æмбæрзæн. 1998 аз. 5. ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 65
ДЫУУÆ УСГУРЫ Дыууæархайдон комеди АРХАЙДЖЫТÆ: 3 æ р и н æ, 22-аздзыд. А с æ б е, йæ сиахс, 25-аздзыд. М у х т а р, Асæбейы æрдхорд, 23-аздзыд. Д ы г ы з а, 48-аздзыд. Б о х ъ и, йæ лæппу, æрыгонæй гуыбынджын чи у, ахæм, 26-аздзыд. 4 а ч æ, горæтæй æрцæуæг чызг, 19-аздзыд. Фæсивæдæй: чызг æд фæндыр, сыхаг лæппу йе’мбалимæ, стæй Бохъийы дыууæ лымæны. * Ацы пьесæ у комеди "Зæринæйы курджытæ"-йы ног вариант 66
ПРОЛОГ Хъæууынг. Комкоммæ бæласы бын стъол, йæ фæйнæфарс ис дыууæ даргъ бандоны. Фæссценæйæ хъуысы хъазтæмдзæгъд. Б о х ъ и (æрбацæуы, йæ бæрзæйыл ауыгъд гыццыл магнитофон, фæссценæмæ кæсы). Фæсивæды бæрæгбон, дам, у абон. Æмæ сæ фынгтæ кæм сты? Æххормаг гуыбынтимæ цы кафынц? Д ы г ы з а (фæзынд йæ посты хызынимæ). Лæппу, ам цы лæууыс, фæсивæдмæ бацу уæртæ. Зæринæ дæр, æвæццæгæн, уым ис... Цас дын дзурын, рæвдздæр æрсай чызджы зæрдæ. Ахæм чызг мæнæ нæй. Ноджы цы дохтыр у, уый та? Йæ къухтæй арт цæгъды. Суанг æм иннæ хъæутæй дæр цæуынц. Æгас районы дзыхты иу риссаг дæндаг нал ныууагъта. Б о х ъ и. Æмæ йæ нæ уынын, мамань? Д ы г ы з а. Адæм къæммерцитæ аразынц. Махау исчи у?! Алчи тырны схъæздыг уæвынмæ. Зæринæ та лæвар дзæбæх кæны адæмы æфсæртæ. Цæмæн, цæ? Ныр ма лæвар чи кусы? Рæвдздæр æй æрхæсс æмæ нæ хæдзары дæндæгты къæммерци байгом кæнæм. Кæдмæ ахæм æхцахъуагæй цæрдзыстæм? Б о х ъ и. Æмæ æниу æз нæ мæт кæнын ууыл? Д ы г ы з а. Тæрсын, макæй фыццаг фæуа чызг? Цалынмæ ды сым-сым кæнай... Б о х ъ и, Мухтар дæр æм хъавы. Д ы г ы з а. Мухтары хъуамæ аппарон дæ фæндагæй. Б о х ъ и. Куыдæй? Д ы г ы з а. Горæтæй йæм йæ бæлонæй фыстæг æрцыд. Б о х ъ и. Æмæ? Д ы г ы з а, Æмæ уал цы бакæнын хъуыд, ныридæгæн уый бакодтон. Дарддæр та фендзыстæм. Б о х ъ и (цинæй). Ды канд постхæссæг нæ дæ, мамань! Сусæг агент дæр дæ! Д ы г ы з а. Архай уæндондæр. Æппынфæстаг, дæумæ "Джигули" ис, маринаг! Цæй, æз мæ пост айуарон. (Ацыд.) Б о х ъ и (иунæгæй). Раст зæгъы мамань. Фæстиат кæнын налхъæуы. Зæринæ канд дзæбæх нæ кæны дæндæггæ — кæнгæ 67
дæр сæ кæны. Æртеу-теу æй кæнон æмæ нæ хæдзары хæм — худтæцалцæггæнæн коммерци байгом кæнон, сызгъæринтæ æмæ æхцатæ мæ дзыпмæ ивылд донау куыд кæлой. 3 æ р и н æ (æрбацæуы). Магнитофон балхæдтай, Бохъи? Б о х ъ и (сæрыстырæй). Апойнаг у! 3 æ р и н æ. Машинæ дæр, дам, куы балхæдтай. Б о х ъ и. "Жигули"! 3 æ р и н æ. Ныр ды тæхудиаг нæ дæ?! Б о х ъ и. Цы тæхуды кæныс, сæ хицау ды нæ уыдзынæ æви? 3 æ р и н æ. Æз?! (Ныххудт.) Куыд æгъдауæй? Б о х ъ и. Дæхи ницымбарæг ма скæн, Зæринæ. Цы зæрдæ дæм дарын, уый хъуамæ зонай. 3 æ р и н æ. Ныронг дæ ахæм ныфсхастæй нæ зыдтон, Бохъи. Б о х ъ и. Ыстыр уарзондзинад ыстыр ныфс дæтты. Дæ уарзтæй мæ зæрдæйы цы цъæх арт ыссыгъд, уымæн ахуыссæн нал ис. Тæрсын, бынтондæр дзы куы басудзон. Кæд барвитон дæ хæдзармæ мæ минæвæртты? 3 æ р и н æ. Æгæр нæ тагъд кæныс, лæппу? Мæ хæдзармæ фæндæгтæ хæлд сты. Стæй нæ асинтæ дæ быны нæ асæтдзысты ахæм гуыбынимæ мæнæ? (Ныххудт та.) Б о х ъ и. Гъерри-гъа! Мæ гуыбынæй тæрсыс? 3 æ р и н æ. Ацы æрыгонæй... Цæйас суыдзæн фæстæдæр? Б о х ъ и. Æмæ уый куынал уа, уæд та? 3 æ р и н æ (худы та). Уæд, чи зоны, ахъуыды кæнон. Б о х ъ и. Дæ иннæ курджытæй ком макæмæн ратг, Зæринæ. Ма сæ бабын кæн. Аууилдзынæн сæ æмæ сæ ату кæндзынæн! (Бохъимæ фæзындысты йæ къуыдиппарæзт дыууæ лымæны, бафтыдтой йын йæ магнитофон æмæ дзы, цы рог фæсарæйнаг музыкæ райхъуыст, уымæ кафынмæ фесты æртæйæ дæр. Афтæмæй кафгæ-кафын ацæуынц, бæрæгбоны хъазт кæм ис, уыцырдæм. Иннæрдыгæй та æрбацæуынц Асæбе тынг расыгæй æмæ Мухтар чысыл нозтджынæй.) 3 æ р и н æ. Асæбе! Цы хуызæттæ та дæ уый, мæ сиахс?! Демæ цы мæдуыры бон акодта мæ хойыл! ’Асæ.б ф (цудгæйæ). Дæ хойы нал хъæуын! 3 æ р и н æ. Дæхиуыл фæхуд!.. 68
А с æ б е (ныхас исгæйæ). Мацыуал сдзур, Зæринæ! Ногæй дæ уæддæр ницы фехъусдзынæн (Мухтармæ.) Цом, ме’рдхорд, хъазтмæ. (Ацæуы.) 3 æ р и н æ. Цы ма йын бакæнæм, нæ зонын. Цы диссаг уыд лæппуйæ! Ныр нозтыл бафтыд æмæ сæфы. Куыд хорз куыста газеты редакцийы — ныууагъта йæ куыст æмæ гъер марадз! Ноджы цы диссаджы поэт уыд! Ферох дзы йе сфæл— дыстадон куыст дæр. Фæлæ ноджы хъыгагдæр та уый у, æмæ йæ ды дæр фæзмын кæй райдыдтай, Мухтар. М у х т а р (фæтыхст). Æз?.. 3 æ р и н æ. О, ды! Дæ уагыл та дæ мæнæ? М у х т а р. Иучысыл та мæхимæ фæкастæн æцæг. 3 æ р и н æ. Рагацау уынын дæ тыхст сомбон дæр! М у х т а р. Зæринæ! Æз дæ мæтæй!... Ахæм цæстæй мæм цæмæн кæсыс? Дæ уайдзæфты бын мæ фæкæныс æдзух. 3 æ р и н æ. Цæмæй дæ раппæлон, мæ сыхаг? Уындæй хæрзконд, фæлæ æнæуи та? Чи дæ æмæ цы дæ? Бон-изæрмæ уынгты дзæгъæл хъеллау кæныс мæ сиахсимæ. Дæ хæдзармæ дæр дæ нæ равдæлы. М у х т а р. Уæдæ йæ зон, ды кæмæй зæгъыс, уыцы тыхст сомбон нæ уыдзæн никуы! Гъе стæй суанг Асæбейы дæр хъуамæ фервæзын кæнон... 3 æ р и н æ. Нæ мæ уырны. М у х т а р. Æмæ дæ куы бауырна, уæд та? 3 æ р и н æ. Уæд... Уæд разындзынæ æппæт лæппутæй сæрæндæр. (Фæзындысты чызг æд фæндыр æмæ сыхаг лæппу йе’мбалимæ.) Сыхаг лæппу. Зæринæ, хъазт æнæ дæу нæ фидауы! Рацу, науæд мæ мæ дæндæгтæ срæхойдзысты! (Чызг æрцагъта фæндырæй, æмæ сыхаг лæппу рог кафт кæны Зæринæйы раз.) Рухс ахуыссыд. 69
ФЫЦЦАГАРХАЙД ФЫЦЦАГ НЫВ Уыцы ран та. Галиуæрдыгæй фæссценæйы хъуысы Мухтары кæрт æмæ скъæтæй кæрчыты, хъазты æмæ иннæ фосы уынæр, хъуджы уасын. Уыцырдыгæй æрбацæуы Мухтар, йæ уæлæ куатæ, йæ къухты ведра æмæ уисой, йæ цæнгтæ фистæг. М у х т а р. Кæм фæдæлдзæх уæдæ? (Алырдæм кæсыг) Афонмæ та кæд искуы нозтмæ баирвæзт... А-а-аг дæлæ куы ис, дæлæ! О Хуыцау! (Æвронг æмæ æнкъардæй æрбацæуы Асæбе.) Цас дæ фæцагуырдтон! Афтæмæй та ахæм æнæвдæлон дæн, ахæм! А с æ б е (дисгæнæгау æм кæсы). Мæрзæгæй кусын райдыдтай искуы? М у х т а р. Тынг æвзæр у мæ уавæр. Гыцци æвиппайды æрбарынчын. Нæ фыд дæр командировкæйæ кæд ссæудзæн, чи зоны! Къæппæджы бахаудтæн. Кæм фесæфтæ, цæй?! Стæй цы тыхстхуыз дæ? А с æ б е. Хъаймæты бон ралæууыд мæныл дæр. Не’фсин бæстæ сызмæста. Æгас хъæуы хæдзари-хæдзар фæзылд æмæ æппæтмæ дæр бартхъирæнтæ кодта: мæ лæгæн ма, дам, нозт чи радта, уый мæ мауал рахъаст кæнæд! Марадз-зæгъай, кæд ма иу адæймаг дæр хъæмæ загъта. М у х т а р. Иттæг хорз! Дæ дзыхмæ дын уыцы æхсызгон марг сисæн кæй нал ис, уый дæ ныхыл ныффысс! А с æ б е (мæстыйæ). Æндæр ницы? Æри иу хуыпп! М у х т а р. Нозт нæм нæй, уый куы зоныс. А с æ б е. Ссар! М у х т а р. Никуы! А с æ б е. Мæ уд схауы! М у х т а р. Бафæраз! А с æ б е (Мухтары къухæй ратыдта ведра семæ йæ бæрзонд фæхаста). Мæ сæрыл æй ныцъцъæл кæндзынæн! М у х т а р. Асæбе!! (Йæхи йæм баппæрста æмæ дзы байста ведра.) Сонт кæныс æви?! А сæ б е (тыхулæфтгæнгæ лæууы цасдæр, стæй фæрæвдз). Цы кæнон уæдæ?! 70
М у х т а р. Рацу, махмæ уал цæр. Никæдæмуал дæ ауадздзынæн. А с æ б е. Цы ми уæм кæндзынæн дойныйæ? М у х т а р. Дойнымæ дæ нал равдæлдзæн. Куыстытæ нæм цас исг уый зоныс? А с æ б е. Æмæ сæ мæнæн кæнын кæныс? Ссардтай кусæг гал! М у х т а р. Иумæ сæ... Цом уал скъæтмæ. Нæ хъуджы сæрбосыл мын фæхæц, науæд дуцын нæ уадзы йæхи. А с æ б е. Æмæ мæ йæ сыкъатыл сиса? М у х т а р. Сыкъатæй не’вналы, йæ зæвæт у тæссаг. Цæй- ма! А с æ б е. Хъус-ма, ахæм куыстытæ мын дохтыр нæма рафыста! М у х т а р. Уый хыгъд дын сæ рафыстон æз! Абонæй фæстæмæ æз —дæ дохтыр! А с æ б е. Цы сæнттæ цæгъдыс?! (Фæцæуы фæстæмæ.) М у х т а р. Асæбе, æрлæуу! (Йæ фæндагыл алæууыд.) Мыййаг, дæ бинойнаг Дибæйæ нæ уæндыс махмæ баззайын? Æз ын бамбарын кæндзынæн, цæмæй дæм ацы рæстæджыты ма’нхъæлмæ кæса. А с æ б е. Цы йын æмбарын кæныс уымæн та, йемæ цæринаг куынал дæн! М у х т а р. Цы, дам?! Зæдтимæ йæ куы барстай! А с æ б е. Хъыгагæн! М у х т а р (мæстыйæ). Асæбе!.. А с æ б е (ныхас исгæйæ). Цы Асæбе?! Паузæ Цалдæр мæйы размæ нын сахъатджын сывæллон нæ райгуырд? Стæй къуырийы фæстæ нæ амард? М у х т а р. Æмæ? А с æ б е. Мæн фæазымджын кодтой дохтыртæ. Мæ хуызæн нуазагæй, дам, ахæм сахъатджын сывæллæттæ райгуырынц. Æмæ мæ ныр не’фсин йæхимæ æввахс нал уадзы. Цалынмæ, дам, дæхи æрæмбарай, уæдмæ, дам, дæуæй цот нал рауадздзынæн. М у х т а р. Æмæ раст нæ кæны? А с æ б е. Кæдмæ йæм мæ былыцъæрттæ хæрон? Нæ! Нæ мæ уарзы! М у х т а р. Уарзы дæ, уымæн дæ æввахс нæ уадзы йæхимæ! 71
Бынтондæр бамынæг уыдзæн дæ зынг, Асæбе! Æз дæр!.. Дæ ныры уавæрæй мæм зыны мæ сомбон, æмæ стыр тас гуыры мæ риуы. Цавæр чызг мын бакомдзæн афтæмæй, стæй цавæр цот скæндзынæн æз дæр?! Цавæр бинонтæ?! А с æ б е. Цы кæныс, цы? Ахæмæй дæ куы никуы федтон. М у х т а р. Дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн... А с æ б е. Зæринæ дын цæхгæр дзуапп радта, мыййаг? М у х т а р. Зæринæйы цæмæн хъæуы дыккаг Асæбе? А с æ б е. Афтæ загъта?! М у х т а р. Мæн афтæ тынг нæма æрæлхъывта нозты низ — фервæздзынæн дзы, фæлæ дæу дæхи бар куыд ныууадзон дæ сæфты фæндагыл?! Уый æрдхордыл гадзрахатæй рацæуынæй уæлдай куы нæу! А с æ б е. Цæй, бынтон сæфтыл мæ куы банымадтай! М у х т а р. Сæфт адæймаг йе сæфт нал фæуыны, Асæбе! А с æ б е (мæстыйæ). Мухтар!.. М у х т а р (ныхас исгæйæ). Цæмæн ныууагътай рохуаты де сфæлдыстадон куыст дæр?! Де’мдзæвгæты чиныг абон дæр ма адæм кæрæдзийы къухтæй скъæфынц! Ды та!.. Нæ, ды хъу— амæ ногæй райдайай фыссын. Æмæ уал, фыццаджыдæр, ра — сыггæнджытыл ныффвдс! А с æ б е. Расыггæнд^кыть1л?! Хъазгæ мæ кæныс, Мухтар?! М у х т а р. Стæй раздæхдзынæ районы газеты редакцимæ дæр! Дæ куыстмæ! А с æ б е. Ныууадз!.. Цом уал фæлтау Кцойты кæхцгæнæнмæ. М у х т а р. Хæддзуйæ?! А с æ б е. Цы гæнæн ма мын ис уæдæ?! М у х т а р. Ныртæккæ дын иу ахæм ранмæ дæр дæ къах бавæргæйæ нал у! А с æ б е. Мухтар!.. М у х т а р (ныхас исгæйæ). Чи цæуы фынгтæм хæддзуйæ, Фидиссаг уымæн йæ номг Нал тæрсы худинаг, туйæг Нæй йыл æппындæр цæсгом! Йе стырдæр мæт у йæ гуыбын, Цуан кæны уынгты æдзух. Куывдтæ’мæ хистытæй никуы, Никуы фæвæййы уый цух. 72
Рахæссут-ма йын фæлхæрдтæ - Базона искуы æфсис. Арæмудзой нын йæ тъæнгтæ - Дзуринаг дзыллæн фæцис! Ацы æмдзæвгæ, Асæбе, кæддæр дæхæдæг ныффыстай! Ферох дæ ис?! А с æ б е (хъуыдыты ныгъуылгæйæ). "Нал тæрсы худинаг, туйæ. Нæй йыл æппындæр цæсгом!.." (Схъæрзæгау кодта.) Цас ныллæг æрхаудтæн! Куыдæй?! (Йæ сæр аныгъуылд йæ къухты.) Нæ йæ бафиппайдтон! М у х т а р. Хи æрæмбарынæн, дам, диссаджы хорз æххуыс кæны йогты гимнастикæ дæр. Замманай чиныг мæм ис индийаг йоггы тыххæй. Дæ зæрдæ карз нозт куы’рцагура, уæд-иу кæнæ куыстыл ныццæв дæхи, кæнæ йогы хуызæн слæуу æмæ дæхи ныкъкъуырма кæн, æппындæр куыд ницæуыл хъуыды кæнай, афтæ: нæдæр нозтыл, нæдæр æндæр истæуыл. А с æ б е. Æмæ мæсты куы кæнон, уæд та? М у х т а р. Маст дæр афтæмæй фæсурæн ис. Рацу нæхимæ. А с æ б е. Нæ, нæхимæ цæуын. (Фæцæуы.) М у х т а р. Нæ ацæудзынæ, Асæбе! (Ныххæцыд ыл.) Сæрсæфæн былмæ дæ нæ бауадздзынæн! А с æ б е. Цымæ ма æрæджы ахæм мæгуыры бон искæуыл акодта?! Нæ хæдзары не’фсин хъæбысæй хæцы мемæ, ам та ды райдыдтай, Мухтар! Чердæм ма уæ фæлидзон?! М у х т а р. Нæ хæдзармæ! А с æ б е (фыркатайæ). Иу хуыпп!.. М у х т а р. Цæй, хорз, ссардзынæн дын уыцы хуыпп! Рацу! (Фæкæны йæ сæхимæ.) (Фæссценæйы магнитафонæй хъуысы рог эстрадон музыкæ.) А с æ б е (уыцырдæм фæкаст). Бохъи? Уый цы ми кæны? М у х т а р. Ныууадз æй, цы дзы аразыс?! А с æ б е. Фæлæуу-ма, агуырдта, дам, мæ. М у х т а р. Лæууын дæм нæ дуармæ, Асæбе! (Ацыд.) (Чысыл фæстæдæр æрбацæуы Бохъи, уæззау гантелътимæ архайгæйæ, уыцы рог эстрадон музыкæмæ кафæгау кæны, афтæмæй. Йæ бæрзæйыл та ауыгъд магнитофон.) 73
А с æ б е. Уый олимпиадæмæ цæттæ кæныс дæхи? Б о х ъ и (рафтыдта магнитофон). Хъуыддаг кæнын, гъемæ... (Йæ гуыбынмæ ацамыдта.) А с æ б е. Дæ гуыбыны фиутæ уыцы æфсæйнæгтæй æртайын кæнынмæ хъавыс? Зæринæ дын афтæмæй нæ комы? Б о х ъ и. Хивæнд у, хивæнд. А с æ б е. Хæргæ къаддæр кæн æмæ фæмæллæгдæр уай. Б о х ъ и. Мæ аппетит мæ коммæ нæ кæсы. Раст цыма куыройыл кусы. А с æ б е. Цæмæн мæ агуырдтай? Б о х ъ и. Ме’рвад дæ, Асæбе, ме’рвад. Мухтар кæд дæ лымæн уг уæлдæр дын тутæй ницы бавæййы. Æмæ, зæгъын, Зæринæимæ куы баныхас кæнис мæн тыххæй, дæ каис куы у. Нæ фæфæсмон кæндзæн, мемæ куы баиу кæна йæ цард. Æрмæст мæ фыды’фсымæр дæр цас у! Æгас Ирыстоны йæ сæр кæй нæ бахъæуы? А с æ б е. Стыр кусæг у дæ фыды’фсымæр æцæг. Уый фæрцы уæм уыйбæрц адæм æрæмбырд, дæ фыды мад куы фæзиан, уæд. Уый йедтæмæ цæмæй балхæдтаис машинæ æмæ ахæм къарейаг магнитофон уæртæ? Дæ нанайæн дзы хуымæтæг цыртдзæвæн уæддæр ныссагътаис. Б о х ъ и (фæхъыгын ис). Рæдийыс, Асæбе! (Магнитофонæй.) Апойнаг у! А с æ б е. Гъемæ хорз, æз баныхас кæндзынæн Зæринæимæ. (Мухтары фæдыл ацæугæйæ, хинымæр.) Теуа! Б о х ъ и (иунæгæй). Цымæ мын цы уайдзæфтæ кæны? Фæлæуу, мæнæ Зæринæ мæ бинойнаг бауа! Цыппар зæронды сæм ис: йæ фыды ныййарджытæ, стæй йæ мады ныййарджытæ. Хæрз зæрондæй иунæгæй цæрынц. Мæхимæ сæ æрбакæндзынæн. Уыдон æнæхъæн капитал сты! Тагъд мæлынтæ райдайдзысты — æмæ та дзы мæ дзыпп!.. Кусын та ма цæмæн хъæуы? Ноджы Зæринæимæ нæ хæдзары хæмхудтæцалцæггæнæн коммерци куы саразæм!.. Суыдзынæн бызнысмэн Бохъи! Архайгæ, мæнæй уый! (Йæ гуыбынмæ æркаст.) Ацы гуыбынæй ма искуы фервæз! Хæргæ æппындæр нал, змæлгæ фылдæр! (Бафтыдта магнитафон, æмæ та дзы цы рог музыкæ хъуысы, уымæ кафын райдыдта, гантелыпимæ архайгæйæ æмæ йæ гуыбын æнахуыр тылд кæнгæйæ.) Д ы г ы з а (фæзынд æд посты хызын). Мæггуыры тыхст бонтæ! Уыцы уæззау æфсæйнæгтæ ныууадзинаг нал дæ, лæппу?! 74
(Йæ магнитофон ын рафтыдта.) Фырхæцынæй æнæтъанг- æнæтьунг куы фæуай, уæд ма дæ сæр кæй хъæудзæн?! Фæлтау иу æртæ боны сылы фæнуаз æмæ дын уый дæ гуыбын алæгъз кæндзæн итувæрды хуызæн. Б о х ъ и (фæмæсты). Сылы?! Кæлдæр Мын æй куы баназын кодтай æмæ мæ æгас бон цæхæрадонæй хæдзармæ куы нал равдæлд! Йæ кой дæр мын макуыуал скæнг мамань! Д ы г ы з а. Иунæг хатт мæ коммæ бакастæ æмæ ууыл дæр фæсмон кæныс! Б о х ъ и. Куыд иунæг хатт? Д ы г ы з а. Æмæ уæдæ дæхи фæнд кæд нæ тæрыс æнæсæрфатæй ?! Б о х ъ и. Уагæры цы кæнын?! Д ы г ы з а. Цæмæн балхæдтай нæ зианы æхцатæй машинæ æмæ магнитофон? Хæдзары иу сом нал ныууагътай. Ноджы кусгæ нал кæныс. Дæ машинæйы алырдæм ратæх-батæх кæныс! Б о х ъ и. Цæй-ма! Уыдзæн нæм бирæ æхцатæ! Д ы г ы з а Зæринæимæ цæргæйæ, кæд дæ уаг дæр аивис. Уый ноджы ахсджиагдæр у. Б о х ъ и (фæмæсты та). Уаг, уаг!.. Уыцы уаг æмæ ды! (Магнитофон бафтыдта æмæ \фæцæуы, гантельтимæ архайгæйæ.) Д ы г ы з а. Фæцæлмартæн уыдзынæ! Ныхъхъуытты уадз уыцы æфсæйнæгтæ! Б о х ъ и (æрлæууыд). Æрра дæ, мамань?! Мæ бирæ капиталтæ мæ аирвæзой?! (Ацæуы, гантельтимæ ноджы тынгдæр архайгæйæ.) (Иннæрдыгæй æрбацæуы, фæстаг модæтыл æнувыд чи у, ахæм чызг. Йæ уæлæ хъулон-мулон хæлаф, йæ фæсонтæ—гом, йæ сæрыфаст та—бæрзонд. Уый у Чачæ.) Ч а ч æ. Пардон, тетенька. Боруаты Мухтар уæртæ уыцы хæдзары цæры? Д ы г ы з а. О-о, мæ хур. Кæцæй нæм æртахт ахæм зæды хай? Ч а ч æ. Горæтæй. Уæртæ уæ турбазæмæ улæфынмæ приехала æмæ( зæгъын, ме’рвад Мухтары куы сповидать кæнин. (Къахы.) Цæвиттон, дам, ус куры. Д ы г ы з а. Хъавы йæ сыхаг чызджы ракурынмæ. Ч а ч æ (йæ мидкатай æмбæхсгæйæ). Комы йын? Д ы г ы з а. Лæппу уындæй уындджын у, æмæ цы нæ вæййы! Ч а ч æ. А баба? 75
Д ы г ы з а. Чи, чи? Ч а ч æ. Чызг. Д ы г ы з а. Уындæй уымæн дæр ницы у. Æнæуи та агъуыд бирæгь. Мæстыйæ дæндагæй лæбуры. Рæвдз фæлæуу, де’рвады фæрæдийын ма бауадз. Гъе фæлæ дæ дæ уæлæ гæрстæ скæнын рох фæци? Ч а ч æ. Цæмæн фæрсыс, тетенька? Д ы г ы з а. Ирон чызг куы дæ. Нæ хъæуы бирæ зæрæдтæ ис æмæ... Дæ фæсонтæ истæмæй бамбæрз. Мæ куатæ дын авæрон? Ч а ч æ (ныххудт). Ну и темнота! Уæ зæрæдтæн зæгъ: мне моя одежда по кайфу. Д ы г ы з а. Сыгъдæг иронау дзур, мæ хур, дæ алы ныхас дын нæ бамбарын. Ч а ч æ. Ныртæккæ ма сыгъдæг иронау æрмæстдæр фæстæзад ирæттæ говорить кæнынц. Скъолаты æмæ телевизорты ирон æвзаг кæй стынг кодтой, уый мæм ахæм худæг кæсы! Пардон! Д ы г ы з а. Цы дон? Ч а ч æ (нуххудт та). Ужас! Надо же? (Фæцæуы.) Д ы г ы з а. Цы хуыйныс, мæ хур? Ч а ч æ (æрлæугæйæ, хинымæр). Запарила! (Усмæ.) Чачæ. Чачæ, тетенька! (Ацæуы.) Д ы г ы з а (иунæгæй). Чачæ? (Фырцинæй.) Уый у! Мæ фыстæг райста, Мухтар ус куры, зæгъгæ, æмæ куыд æрысхъæл! (Ныххудт.) Йе’рвад æй хоны! Бакæнут уæ дуæрттæ, Боруатæ, уæ чындзаг уæм фæцæуы йæ хъулон хæлафы æрдæгбæгъ — нæгæй! (Гантельтимæ архайгæйæ æмæ кафгæйæ, фæстæмæ æрбацæуы Бохъи.) Лæппу, фен уæртæ, дæ мад цас сæрæн у, уый! Мухтармæ йæ бæсты рæсугъды æрхæццæ кæнын кодтон горæтæй! Чачæйы! Б о х ъ и (йæ магнитофон рафтаугæйæ, чызджы фæдыл кæсы). Æцæгæй бæсты рæсугъд! Цы фæсонтæ йын ис, æвæдза! Д ы г ы з а (фæтызмæг). Лæппу! Цы фæсонты кой кæныс?! Б о х ъ и (хорзау нал фæцис). Ома, зæгъын, йæ фæсонтæ куыд гом сты! Цивилизаци! Д ы г ы з а. Уый та ма циу?! Б о х ъ и. Ницы. Бæгънæгæй куы фæхæтынц, уый. Д ы г ы з а. Æгайтма афтæмæй дæр æрхæццæ уыцы чызг! 76
Ныр ’кæд Мухтары Зæринæмæ нал равдæлид. Б о х ъ и. Лæг дæ, лæг, мамань! Д ы г ы з а. Дæ тъæнгтæ мауал пырх кæн, лæппу! Дæ гуыбынимæ дæр Зæринæ мах йедтæмæ никæмæуал хауы. Б о х ъ и (йæ гантелыпæ зæххыл авæрдта). Дæ хызыны уыцы авг циу? Д ы г ы з а. Уырыссаг арахъ. Уæртæ йæ дуканийы алхæдтон. Б о х ъ и. Асæбе тæригъæд у... (Авг йæ роны амбæхста, стæй магнитофон бафтыдта, систа гантельтæ æмæ ацæуы, семæ архайгæйæ.) Д ы г ы з а. Фенын кæнон Чачæйы Зæринæ æмæ йæ мадæн, стæй æгас хъæуæн! (Ацæугæйæ.) Уадз базоной иууылдæр Мухтары къайаджы! Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Æхсæвыгон. Рухсы тыны зынынц Мухтар æмæ Асæбе, йогты гимнастикæ кæнгæйæ. Фалдæр рухсы тыны разыны Бохъи дæр, йæ къухы —уырыссаг арахъы авг. Б о х ъ и (хинымæр). Ныр цал боны цæры Асæбе Мухтартæм!... Бон-изæрмæ сæ куыстытæй сæ сæртæ аныхынмæ дæр нал æвдæлы. Æхсæвыгон та-иу йогты гимнастикæ фæкæнынц. Афтæмæй иуварс кæнынц сæ хъуыдытæ нозтæй. Сæ нозт куы ныууадзой, уæд уый мæнæн стыр фыдбылыз сайы. Мухтар Зæринæйы цæсты зæды къалиу фестдзæн æмæ йæм моймæ атæррæст кæндзæн. Ме’намондæн дыууæ æрдхорды кæрæдзийæ нал хицæн кæнынц, æмæ мæ къухы не’фты Асæбемæ нозтæй фæкæсын. (Бæрзонд систа йæ авг.) Нæ, ссарын хъæуы фадат! (Атадысты æртæйæ дæр рухсы тынтимæ.) Сценæ срухс вæййы сындæггай: бæласы бын та уынджы. Рахизæрдыгæй сценæйы кæрон лæууы Мухтар, йæ уæлæ та куатæ, йæ фистæгкъухты дары, кæй ныхсадта, ахæм хæдон, æмæ йæ гыццылгай лæмары, фæссценæмæ уыцы иу каст кæнгæйæ. А с æ б е (сербацæуы галиуæрдыгæй дыууæ афтид ведраимæ, уымæн дæр йæ уæлæ куатæ, йæ къухтæ сты фистæг, 11
афтæмæй Мухтармæ кæсы). Лæппу бынтондæр йæхицæй нал у. Цæмæн та рацыдтæ æмæ та дæ дзых Зæринæты дуармæ цы ныххæлиу? Стæй уыцы хæдон ныууадзинаг нал дæ? Абонсарæй йæ бахуылыдз кæныс æмæ та йæ ныллæмарыс! Уагæры дзы цы ралæмаринаг дæ?! М у х т а р. Мæ къухтæ цы кусынц, уый мæ цæстытæ нæ уынынц, Асæбе. Æхсæв дæр, бон дæр мæ уд æмæ мæ цæстытæ уæртæ уыцы кæрты сты. Хуымæтæг сыхаг куы бацæуы уырдæм, уæд дæр мæм афтæ фæкæсы, цыма кæйдæр минæвар у Зæринæмæ. А с æ б е. Уæд та хъыримаг райсис æмæ сæ дуарыл слæууис? М у х т а р. Ау, уæдæ уыцы хабар æцæг у? Цавæр стыр ахуыргонд дзуры Зæринæйыл? А с æ б е. Зæринæмæ бирæтæ агурынц фæндаг. (Бацæуы йæм.) Мæ зынаргъ æрдхорд, уыцы дуармæ бирæ фæкастæн æз дæр, Дибæйыл куы дзырдтон, уæд. Мæ хуызæн ничи бам — барид дæ катай. Ноджы дæм бахæлæг кæнын цæмæндæр... Ссæуы дæлæ Зæринæ, аныхас кæн йемæ. Æз дон схæссон. (Ацыд.) 3 æ р и н æ (æрбацæуы чысыл фæстæдæр). Мухтар, гæрстæ æхсынмæ дæр арæхсыс? (Ныххудт). Гъе уый лæппу у, гъе! Куатæ дæ куы нал хицæн кæны. М у х т а р /фыртыхстæй хæдон лæмары æмæ лæмары). Гыцци нæма фæдзæбæх æмæ... 3 æ р и н æ. Асæбе дæр сымахмæ куы бацард, нæ дæм фæкæсы? М у х т а р. Куыннæ... Цы, уый зоныс? Зарæг дыл скодтон. 3 æ р и н æ. Æцæг? Азар-ма йæ. М у х т а р. Æмæ мæм... нæ фæмæсты уыдзынæ? 3 æ р и н æ. Цæмæн? Азар. М у х т а р (базары чызгмæ). Тырнын дæм æрвылбон, тырнын дæм, чызгай, гъей! Æрмæстдæр дæу хонын мæ амонды хай, гъей! Дæу тыххæй дзыназын, дæ мæтæй хъæрзын, гъей! Ды та мын æппындæр нæ хатыс мæ зын, гъей! Мæ зæрдæ дæ фендæй нырризы æдзух, гъей! Дæ сурæт цæстытæй нæ комы фæцух, гъей! 78
Дæ мидбылты худтæй фæтайын бынтон, гъей! Æнæ дæу фæцæрын куыд бауа мæ бонг гъей! Æнусон бæрæгбон ыскæн ды мæ цард, гъей! Уыдзынæ æвæсмон, хæрын дын æз ард, гъей! 3 æ р и н æ. Диссаджы хорз зарæг у, гъе’рмæст æй æндæр чызгæн зар. М у х т а р (тæргайгондæй). Æндæр чызгæн æз уый никуы азардзынæн, Зæринæ! Æниу дæ æмбарын! Цавæрдæр стыр ахуыргонд, дам, зилы дæ фæдыл. Чи зоны, уый зарджытæ æх — сызгондæр сты дæ зæрдæйæн! 3 æ р и н æ. Бæгуыдæр сты. Ахæм диссаджы усгур у! Суанг йæ зæвæттæ дæр размæ сты. М у х т а р. Æмæ йыл уæд сыкъатæ нæй?! 3 æ р и н æ. Нæ, сыкъатæ иннæ усгуртæн ныууагъта. М у х т а р. Ома, мæнæ мæ хуызæттæн?! (Фырмæстæй.) Гъемæ йæм!.. Гъемæ йæм (фæтъæллангласта) афæндараст у! Уымæ диплом ис! 3 æ р и н æ. Æмæ уый ницы у? А с æ б е (æрбаздæхт дзаг ведратимæ). Ахæм хотæ стут сымах! Чи зоны, дæ хойы дæр стыр ахуыргонд лæг æрхъуыд! 3 æ р и н æ. Мæнæ царциаты диссæгтæ! Мæ сиахс куатæ бабаста йæ уæлæ æмæ хæдзары куыстытæ кæны! А с æ б е. Æмæ уæдæ куыд æнхъæлдга дæ хо?! Нал мæ уарзы, зæгъгæ, уæд фесæфдзынæн?! Зæгъ ын мæнæй хæрзбон! Ссардзынæн, уарзаг æмæ рæвдауаг чи уа, ахæм æмбал! 3 æ р и н æ. Уарзаг æмæ рæвдауаг? Æмæ дæхи бон уарзын у? Чи уарзы, уый йæ уарзты охыл... А с æ б е (ныхас исгæйæ). Дойныйæ амæлид, зæгъыс? Гъемæ æрцæрæд дæ хо! Адæммæ куы бартхъирæнтæ кодта, уæдæй нырмæ мæ цинтæм дæр æмæ зиантæм дæр ничиуал агуры! 3 æ р и н æ. Æмæ афтæ хуыздæр нæу? Алы куывд, алы хистæй-иу дæ хæдзармæ цы хуызæттæй æрцыдтæ? Нозтæн ма йæ бæрц зыдтай æви? А с æ б е. Бæрц, бæрц!.. (Ведратæ нывæргæйæ.) О уыцы бæрц! 3 æ р и н æ. О! Чи фесæфт, уыцы бæрц! (Ацыд.) А с æ б е. Алкæйы уайдзæфтæй мæ сæрæн нал дæн! М у х т а р (фемæхст). Æмæ уæдæ цæмæ æнхъæлмæ кастæ?! Цæмæ?! Зæринæ мæ уарзт æрдумæ дæр нæ дары — кæй аххосæй?! пгл
А с æ б е. Мæ аххосæй? М у х т а р. Мæхи аххосæй! Фæлæ бынтон дæ аххосæй мæныл дæр нал æууæнды чызг! Æмбалæн ын сбæздзынæн, ууыл йæ зæрдæ нæ дары! Уымæн æмæ уыцы зæрдæ фæрыст дæуæй! Гъер марадз — баназ! Баназ мæ амонд, мæ цинтæ — мæ уд! Зæринæ мын куы нæ бакома, уæд ма мæ цардæй цы кæнын?! А с æ б е. Уæд та дæхи æрцауындзис? М у х т а р. Æвæццæгæн, афтæ бакæнын бахъæудзæн! (Фыртыхстæй абадт бандоныл æмæ йæ сæр йæ уæрджытæм æруагъта.) А с æ б е (сындæггай йæм бацæуы). Æрсабыр уг ме’рдхорд. Æрсабыр у... Раст у дæ уайдзæф. Ныронг мæ ме’ппæт хæстæ дæр ферох сты, ницæуылуал мæт кодтон нозт йедтæмæ. Фæлæ мæ ныр дæ мæт æрцахста. Хъуамæ баныхас кæнон Зæринæ — имæ дæу тыххæй. М у х т а р (фестад). Бынтон дзæгъæлы! Нæ дæм байхъусдзæн нырма. А с æ б е. Уæдæ кæд? М у х т а р. Нæ зонын! Цас фылдæр æй уарзын, уыйас ныллæгдæр кæсын райдыдтон мæхимæ...Тæрсын уыцы стыр ахуыргондæй дæр. А с æ б е. Уымæй ма тæрс. Федтон æй. М у х т а р. Уый дæу зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ кæд Зæринæйы зæрдæйы аныгъуылдг уæд та? А с æ б е. Нæ мæ уырны. Æниу... Мæ сагъæстæ мын сбирæ кодтай, Мухтар, æмæ та мæ æрфæндыд, фæлтау нозтджын куы уаин, уый. М у х т а р (ныуулæфыд æмæ бацыд йе’рдхордмæ). Нæ, Асæбе, нозтджын уыдзыстæм æрмæстдæр нæ уарзтæй. Дæ зæрдæйы дæр Дибæйы уарзт нæ бамынæг нырма. Дæ чындзæхсæвы агъоммæ дæ уарзтыл цы зарæг ныффыстай, абон уый сси мæ рыст дæр. Хъуыды ма йæ кæныс? (Кæрæдзийыл банцой кæнгæйæ, дыууæйæ зарынц Зæринæты хæдзары’рдæм.) Ничи дæ ахæсдзæн, ничи, мæ разæй, Макæмæн бавæр зæрдæ, гъей! Алы ныхдурæн уыдзынæн фæразон - Бамбар æй, бамбар, мæн дæ, гъей! 80
Хъуамæ мæ зæрдæйы уарзтæй ды тайай, Амæндтæй дзаг уа дæ риуг гъей! Гъемæ уæд иннæты рохы ныууадзай - Мемæ дæ фæндаг уа иу, гъей! Фидæнмæ иумæ цæудзыстæм æмзондæй, Иумæ - нæ цинтæ, нæ зардг гъей! Иумæ фæллой дæр кæндзыстæм уæнгрогæй - Диссаг уыдзæнис нæ цард, гъей! Ог бæгуыдæр уыдзæн диссаг нæ цард! Стæ-ма! (Ауад æмæ æрбахаста ноггуырд сывæллон тыхтæй.) Нæ сыхæгты ноггуырд! Знон æм цас фæкастæн! Мæ уарзондзинад цас тынгдæр æхсиды мæ риуы, уый бæрц арæхдæр мæ цæстытыл уайынц ноггуырдтæ! Кæс-ма йæм! Музыкæ Йæ фыны та мидбылты худы. Уыцы худт хурæй райдзастдæр нæу? Ай куы фæуынын, уæд мæм мæ сомбон сæуæхсидæй рæсугъдаæр фæзыны. Хъуамæ мын райгуыра æппынкъадл,æр дыууæ нæртон лæппуйы æмæ дыууæ зæды хуызæн чызджы! Æнæниз æмæ сæрæн чи уа! Мæ лæппутæ хъуамæ богæлттæ уой! (Ныххудт фырцинæй.) О, о! Богæлттæ! Асæбе (кæсы ноггуырдмæ, æмæ йæ цæсгом ныррухс). Куыд худы!.. М у х т а р. Уыцы мидбылты худты сæраппонд суанг хæхтæ дæр афæлдахæн нæй æви? А с æ б е. Куыннæ-маг Мухтар?! Уый алæмæты былтызмæлд у! Поэзи! М у х т а р (ратты йæм ноггуырды). Уæдæ уæд ард бахæр йæ номæй... Райгуыринаг ма чи у, уыцы ноггуырдты сæраппонд, Асæбе! Паузæ А с æ б е (æнкъардæй). Нæ, ныртæккæ ахæм ард бахæрын нæу мæ бон. (Бадардта ноггуырды Мухтармæ.) М у х т а р. Дæхиуыл дæ зæрдæ нæ дарыс?! А с æ б е (фыртыхстæй). Райс æй, Мухтар!.. (Мухтар райста ноггуырды, Асæбе та йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта.) Цыдæрхуызæттæ дæн! Мæ сæфт саби!.. М у х т а р (чысыл фæстæдæр). Уыцы æмдзæвгæ кæд фæуыдзынæ фыст? 6. ÆНÆНЦОЙ ЗÆРДÆ ° 1
А с æ б е. Бауадз мæ иунæгæй. (Бандоныл сбадгæйæ, йсе куатæйы дзыппæй систа гæххæт семæ кърандас. Æмдзæвгæ ныффыссыны тыххæй хъуыдыты ацæуы. Мухтар та ахæссы ноггуырды.) Б о х ъ и (йсе къахы фындзтыл хъуызгæйæ фæзыны, йæ къухты уырыссаг арахъхъы афтид дыууæ авджы. Æвгтæ бæласы фаллаг фарс нывсеры, стæй, стъолмæ бацæугæйæ, йсе ронæй систа арахъхъы дзаг авг). Асæбе, мæнæ дын мæ хуын. (Авг стъолыл нывæргæйæ, фæаууон.) А с æ б е (авгмæ ныккаст, стæй фæхъсер кодта). Нæ!! (Сыстад æмæ фалдæр ацыд.) Никуыуал! (Асæбе йогты гимнастикæ кæнынмæ фæци — уымæй суры йсе хъуыдытæ авгæй. Фæлæ фæстагмæ тыхулæфт кæнын райдыдта æмæ та авгмæ ныджджих. Нозт æй ласы йæхимæ, æмæ Асæбе архайы, цæмæй йæм баурома йæхи. Мсенæ бæласыл банцой кодта. Æппынфæстаг, авгмсе фæцæуы сындæггай. Куыддæр æм ризгæ къухæй бавнæлдта, афтæ йæ хъустыл ныййазæлыд ноггуырд сывæллоны кæуын фæдисы хуызæн, æмсе йæ хъустыл фæхæцыд. Мæнæ сонтæй систа авг æмæ йæ хъавы фехсынмæ, фæлæ нæу йæ бон, чысыл ма бахъæуа, ма йæ аназа.) М у х т а р (фæссценæйсе). Асæбе!! (Фæзынд æмæ йын йæ авг байста.) Чи дын æй радта?! Æз æй куыдзы мард акæнон! Чи у уыцы удхор?! (Уый ницы дзуры.) Чи у, зæгьгæ, дæ куы фæрсын?! А с æ б е. Ныууадз æй. Ныууадз æй, Мухтар!.. М у х т а р (авг фехста иуварс). Рацу мидæмæ! Мæхицæй дæ иу къахдзæф дæр нал ауадздзынæн! (Ведратæ сисгæйæ, ацæуы Асæбеимæ хæдзармæ.) (Фæссценæйæ хъуысы рог эстрадон музыкæ. Хъуысы та Бохъийы магнитофонæй: мæнæ æрбацæуы лæппу, гантелътимæ архайгæйæ. Уыцы афон Зæринæ мигæнæны фæхæссы гæрстæ.) Б о х ъ и. Донмæ гæрстæ æхсынмæ цæуыс, Зæринæ? 3 æ р и н æ. Æхсад сты. Анхъæвзон сæ, зæгъын. Уыцы æфсæйнæгтимæ та куы архайыс. Б о х ъ и (рафтыдта магнитофон). Бауырнæд дæ, фыркатайæ сæ рахæсс-бахæсс кæнын. 3 æ р и н æ. Цæмæй тыхсыс? 82
Б о х ъ и. Æмæ мын уæдæ, мæ хæстæг Асæбе куыд сæфы, уый уынын æнцон у? Цæмæн бацард Мухтартæм? Цæмæй фыднозтæй бынтондæр бабын уа, уый тыххæй? Æхсæвыгон мæнæ ардæм рацæуынц Мухтаримæ æмæ уырыссаг арахъ къуфынц. (Йæ гантелыпæ зæххыл нывæргæйæ, бæласы фаллаг фарс уыцы афтид дыууæ авджы систа æмæ сæ стъолыл авæрдта.) Мæнæ сын уыныс сæ æвгтæ? 3 æ р и н æ. Уынын сæ. Б о х ъ и. Кæй бар бакодтат уæ сиахсы, Зæринæ?! Айфыццаг Мухтар уæлæ Тугъанты чындзæхсæвы цы бакодта, канд уый дæр кæуылты у! Фыррасыгæй цъыфы афæлдæхт æмæ йæ цыппæртыл бырыд. 3 æ р и н æ. Уый Мухтар? Б о х ъ и. Мухтар, Мухтар! Сывæллæттæ дзы хъазыдысты, куыйтæ та йæ сдæрдтой. Ноджы куыд хæлд у, уый та? 3 æ р и н æ. Хæлд дæр у? Б о х ъ и. Æмæ уæдæ нæу? Æнæхъæн уалдзæг горæты йæ мады мадимæ нæ фæцард? Уым саубыны хæлд фæцис æмæ, дам, æй хæтаг сылтæ райваз-байваз кодтой. 3 æ р и н æ. Уанцон нæу, Бохъи! Б о х ъ и. Нæ дæ уырны? Уæдæ йыл уыцы сылтæ цæмæн райдыдтой æмбырдтæ кæнын? 3 æ р и н æ. Кæм сты? Б о х ъ и. Иу уал дзы æрХæццæ йæ хъулон хæлафы, фæсонтæгомæй. 3 æ р и н æ. Фæсонтæгомæй? Б о х ъ и. О, кæд æндæр ницыуал байгом кæна, уæд. 3 æ р и н æ (ныххудт). Диссаг фæуай, Бохъи! (Ацыд худгæйæ.) (Фæссценæйы куыйты рæйын сарæх. Уыцырдыгæй чысыл фæстæдæр æрбацæуы æдхызын Чачæ, йæ уселæ та уыцы хъулон хæлаф.) Б о х ъ и. Уый дæуыл рæйынц куыйтæ? 4 а ч æ (мæстыйæ). Чтобы они подохли! Б о х ъ и. Хъулон-мулæтгæ нæ уарзынц нæ куыйтæ. Ч а ч æ. Уымæн æмæ уæ хъæуы æппындæр цивилизацийы улæфт нæ зыны. Здесь эпоха застоя! Уæ хуыты тæфæй та уæ уынгты сулæфæн дæр нæй. (Йæ хызынæй систа духиты флакон æмæ йæм басмыста.) Дæлæ мыл уынджы фæзилæны та иу фыркъа йæхи ныццæвынмæ бахъавыд. Хорз æмæ мæ уæ або — 6. ÆПÆНЦОЙ ЗÆРДÆ 83
ригентæй чидæр фервæзын кодта от его зверского нападения. Б о х ъ и. Уый Дулаты фыркъа у. Тореадор æй хонынц. Куыддæр сырх хъулæттæ ауыны, афтæ йæ сыкъатæ уыцырдæм фæцаразы. Ч а ч æ. Емынæ, цы хуызæн у! Скотина махровая! Б о х ъ и. Æз æм дзы къæдзæй ратдзынæн, Чачæ. Ч а ч æ. Пардон, цæмæй зоныс мæ ном? Б о х ъ и. Зонын æй. Айфыццаг мæ мадимæ ныхас кодтай мæнæ ацы ран. Мæсты дæм дæн. Ч а ч æ. Странно, цæмæн? Б о х ъ и. Де’рвад Мухтары æнæ усæй цæмæн ауагътай горæтæй? Ч а ч æ. Мухтарæн ис уарзон, фæлæ йын ам уæ нахал чызджытæ йæ сæр разилын кодтой. Как им не стыдно?! Б о х ъ и. Ничи йын разилын кодта. Мæ уарзон чызджы йæ дзæмбытæ ныссагъта. Ч а ч æ. Куыд дæм уæнды? Ды ахæм богал — æмæ ахæм ницæйаг? Б о х ъ и (фæмæсты). Æмæ ды цæйаг дæ, кæд дæ уарзон лæппуйы дæхирдыгæй фæкæнын дæ бон нæу?! Ч а ч æ. Еще чего! Ме’рвад у! Б о х ъ и. Нæ сыхæгты чызгæн дæр уыдис иу ахæм æрвад — æрæджы сын чындзæхсæв уыд! Ч а ч æ (фæмæсты). Хъус-ма, лæппу! Б о х ъ и. Хъусын дæм, чызг! (Йæ цæстытæм ын ныджджих.) Цы зæрдæскъæфæн цæстытæ йын ис, удхæссæг дæ адава! Науæд ын цы пъагæнæнтæ ис! Ч а ч æ. Цы мæм ныдздзагъыр дæ?! Б о х ъ и. Дефицит къафетт! Аууилин дæ æмæ дæ аныхъуырин. Ч а ч æ. Дæ хъуыры нæ фæбаддзынæн? Б о х ъ и. Гъемæ дзы бад æмæ бад. Ч а ч æ. Уым бадынмæ мæ не’вдæлы! Б о х ъ и. Дæ ном дæр цы диссаг у, Чачæ! Гъе’рмæст чъачъайæ хъæбæрдæр дæ, дæуæй фæрасыг уæвæн ис. (Бавнæлдта йæм.) Ч а ч æ. Къухæй ма’внал! Б о х ъ и. Уæдæ дæм къахæй бавналон? Д ы г ы з а (фæзынд). Лæппу, ам цы ми кæныс?! Уæртæ доны был Зæринæйы нæ уыныс? Бацу йæм! (Бохъи сисы йæ гантельтæ æмæ ацæуы.) Кæм фесæфтæ, Чачæ? Ч а ч æ. Фæрынчын дæн æмæ цалдæр боны турбазæйы 84
лежать кæнын. Пищевое отравление. Д ы г ы з а. Не ссардтай уыцы бон Мухтары? Ч а ч æ. Нæ. Сæхимæ, дам, нæ уыд. Д ы г ы з а. Рудзынгæй дæ федта æмæ бамбæхст. Чи зоны, ныр дæр дæ уыны. Ч а ч æ. Гъер уый æфсымæр у?! Ракæн-ма мæм æй, тетенька. (Усы къухты фæтъыста æхца.) Д ы г ы з а. Æнæуи хорз лæппу у. Æнæхай дзы ма фæу, мæ хур. Ч а ч æ. Куы дын загътон, Мухтар мæ уарзон нæу. Д ы г ы з а. Æллæх, æрбайрох мæ, де’рвад кæй у! О, ацы мæрдырох! Фæлæуу, фæдзурон дын æм. Сарæхс ныхасмæ. (Ацæугæйæ, хинымæр.) Ды кæй къæсæрæй ракæсай, уый рагацау йæ хæдзарыл цъæх арт бандзарæд. Ч а ч æ (усæй). Цавæрдæр склеротичкæ! Ну, погоди, Мухтар! Загоню талынг ахæстонмæ тыхгæнæджы номимæ, куы нæ та бакомай ЗАГСмæ ныр дæр! Статья сто семнадцатая! (Чысыл фæстæдæр хæдзарæрдыгæй æрбацæуы Мухтар талыиг кæсæнцæстытимæ, йæ цæсгом у чъизийæ ахуырст, йæ хæлафæн йæ иу фадыг йæ уæрагæй дæлдæр у тынд, иннæ фадыг та у йе счъилы онг, фæлсе у скъуыдтæ. Хæдоны бсесты та йæ уæлæ стыхта цавæрдæр хæцъилтæ. Йæ сæрыхъуынтæ сты пыхцыл.) М у х т а р. А-а, Чачæ?! Цы хур, цы къæвда?!.. Куыд тынг бæллыдтæн дæ фендмæ! (Йæ чъизи къух сем бадардта.) Æгас ц^ æ бæлон! Ч а ч æ (тæрсы дзы). Чи дæ?! Мæн Мухтар хъæуы! М у х т а р. Æз дæн Мухтар! Ч а ч æ. Зверский подлог! М у х т а р. Арæби, æз дæн! Хъуыды ма кæныс, дыууæ мæйы размæ мæ горæты Терчы былмæ дæхæдæг куы акодтай æмæ æгас æхсæв уым куы баззадыстæм? Æз та уыцы сыкъадзæфæй... Цытæ фæкодтам! Райсомæй та мæ ЗАГСмæ куы кодтай æмæ дын куы нæ куымдтон, уæд дæхи доны куы баппæрстай. Æз та цас фæкастæн былæй, куыд ленк кодтай, уымæ! Фæдæлдон уæвын куы нæ бафæрæзтай, уæд дæм, уым бырæтгы’хсæн кæй ссардтон, ахæм бæндæн куы баппæрстон. Бæндæн дæ хъуырыл атыхст æмæ дæ дæ хурхæй былмæ куы’рбаластон. Ч а ч æ. Ой, не напоминай! Чуть нæ фæхуыдуг дæн! М у х т а р. Цæй, ныр дæр дæ нæма уырны, чи дæн, уый? 85
Ч а ч æ. Громкий ужас! Ай цы хуызæттæ дæ? Цы кусыс? М у х т а р. Уымæй мæ ма фæрс! Дуцгæ хъуг, хъулон хуытæ, маргъы лæппынтæ, арувинаг цæхæрадон, ахсинаг уæттæ, амæрзинаг кæрт! Уый фæстæ касг хъæрмхуыпп!.. Стæй та ногæй хъулон хуытæ, скъæт... Ч а ч æ. Фæлæуу-ма! Уый цытæ нымайыс?! М у х т а р. Мæ куыстытæ! Ч а ч æ. Ужас! Как ты дико опустился, Мух! Настоящий бомж! М у х т а р. Мæхи æхсынмæ дæр мæ нал æвдæлы иууыл уыцы куыстытæй. Æмбал мын куы уаид, уæд сæ уый кæнид. Кæм уыдтæ ныронг, Чачæ?! Ч а ч æ. Агуырдтон дæ горæты... Но ты же дезертировал сюда, в деревню. Уæддæр-таки я ждала тебя уыцы дыууæ мæйы дæргъы. Однако, увы!.. Ныр та отдыхаю амг уæ турбазæйы. М у х т а р. Æцæг?! Цом ЗАГСмæ, Чачæ! Ч а ч æ. (фæтарст та). Мух!... М у х т а р. Мæ сæраппонд! Бауарздзынæ нæ хуыты дæр, сæ бын сын скъæтæй æддæмæ ^у^ Хафай. Ч а ч æ. Ужас, затошнило! М у х т а р. Противогаз дын балхæндзынæн. Стæй нæ хъуджы дæр чи дуца? Ахæм æхсырдæттаг æмæ хæларзæрдæ хъуг у! Алы дыгъдæн дæр зæвæтæй дыууæ хатты йедтæмæ нæ цæвы. Ч а ч æ (фæмæсты). Ужас! Хынджылæг мæ?!.. Кæм ис дæ рыцарство, Мух?! Уе’рра хъуджы зæвæтмæ мæ æппарыс?! Науæд уæ тæфгæнаг хуытæм?! Это же крупное свинство! М у х т а р. Цæмæн зæгъыс, мæ зынаргъ?! Цом уал ЗАГСмæ! Ч а ч æ. Афтæмæй, дам, æндæр чызджы куы курыс ам! М у х т а р. Цытæ дзурыс, Чачæ?! Ус курынмæ ма мæ æвдæлы æви? Ч а ч æ. Ныччихать кæн уæдæ уæ фосыл æмæ афардæг уæм ардыгæй! М у х т а р. Уый гæнæн мын нæй. Ч а ч æ. Спаси себя, Мух! Беги! Суанг уырыссаг ныхæстæ дæр куынал говорить кæныс. Шпаришь только иронау! М у х т а р. Тæрсын, тагьд мæ суанг ирон ныхæстæ дæр куы ферох уой. Ч а ч æ. Уæ хуытимæ сам захрюкаешь! Упустишь цард, Мух! Аппар твои темные очки æмæ дæхимæ бакæс! 1 М у х т а р. Нал сын ис аппарæн. Мæ цæстытæ цыдæр кæнынц. Æвæццæгæн, мæ къайы мæ къухыл хæцын бахъæудзæн æмæ мæ хондзæн. Цæй-ма, цом ЗАГСмæ! 86
Ч ’а ч æ. Афтæмæй?!.. М у х т а р. Дæ хызыны уый дæ магнитафон у? Фыдуаг зарджытæ та дын дзы нæй? (Лæппу чызджы хызыны фæтъыста йæ къух æмæ бафтыдта магнитофон. Хъуысы дзы рог фæсарæйнаг музыкæ. Лæппу кафынмæ фæци. Чызгыл фæхæцыд, цæмæй уый дæр кафа йемæ. Фæлсе дзы чызг йæхи атоныныл архайы, куы счъизи уа, уымæй тæрсгæйæ. Лæппу йæ нæ усегъд кæны, тыхæй йæ кафын кæны, фелвасы йæ йæ къухты æмæ йæ ныззилы йæ алыварс, уый-иу ныцъцъæхахст кæны. Уалынмæ хъæлæбамæ фсезынд хæдзары’рдыгæй Асæбе, уынджы иннæрдыгæй та — Зæринæ æд мигæнæн гæрстимæ æмæ йсе чи æр— бакодта, уыцы Дыгыза. Фæзындысты ма хъæлсебамæ чызг æд фæндыр æмæ сыхаг лæппу дæр йе’мбалимæ, стæй Бохъийы дыууæ лымæны. фырдисæй Мухтармæ ныдздзагъыр сты сæ цæстытæ. Æппынфæстаг, Чачæ йæхи атыдта Мухтары къухтæй æмæ фæуайы, фæлæ та æвиппайды ныцъцъæхахст ласта.) Ч а ч æ. Уыцы фыркъа та! (Дыгызайы фæстæ амбæхст, Мухтар та фæаууон.) Мæнæ цы хъæддаг ранмæ æрбахаудтæн! (Рафтыдта магнитофон.) Д ы г ы з а. Ма тæрс, мæ хур, фалæмæ фæцæуы уыцы фыркъсч. Гъе’рмæст æнæгьдау ма у. Цавæр хъæддаг раны кой . '^ныг ’ а ч æ. Чи у æнæгъдау?! Æмæ уæхи æгьдау циу?! А с æ б е. Чызг, раст цыма Амырыкæйæ схæццæ дæ! Ч а ч æ. Æмæ цы? Кæйдæртау æнæфенд нæ дæн. А с æ б е. Фæлæуу-ма, фæлæуу! Уæ хорзæхæй, ай Чабæ нæу? Ч а ч æ (тызмæгæй). Чачæ, господин! А с æ б е. Тыбыттаты Тыбылы чызг Чабæ! Цъыфджын хъæуæй! Ч а ч æ. Остынь, æз уже давно городская! А с æ б е. Нал мæ хъуыды кæныс, цалдæр хатты уæм куы уыдтæн уæ хæдзары? Дæ фыды хорз зонын. Æрæджы йыл уæ хъæуы зианы сæмбæлдтæн, æмæ мын дæ æппæлыд. Цæвитгон, университеты ахуыр кæныс. Ч а ч æ. Где же иначе?! (Хинымæр.) Пристал, козел безрогий. (Хъæрæй.) Чихала крупно! (Фыддæрадæн бафтыдта магнитофон æмсе сæрыстырæй фæцæуы, йемæ Бохъийы дыууæ 87
лымæны дæр, тавицгæнгæ йын фæйнæ къафетты авæргæйæ æмæ йæ фæйнæ фарс кафгæйæ.) Д ы г ы з а (Чачæйы ацыды фæстæ). Æллæх, цы диссаджы чызг у! А с æ б е. Хъæуæй горæты парахат цардмæ чи аирвæзт, ахæм! Уæвгæ горæт цы аххосджын у? Нæхи Зæринæ дæр уым нæ ахуыр кодта æви?... Д ы г ы з а (барæй). Æвзæр дзы ма зæгъ, Асæбе. Де ’рдхорд Мухтары къайаг у Чачæ. А с æ б е (тызмæгæй). Цы загътай, Дыгыза?! Дæ фырт Бохъийæн æй æрхæсс! Д ы г ы з а. Мах чындзаг æндæр у. Уыцы чызгæй та Мухтар ахицæн уæвинаг нал у. (Фæссценæйы хæдзарæй райхъуыст Мухтары худын хъæрæй, æмæ иууылдæр уырдæм акастысты.) • Д ы г ы з а (Зæринæмæ сусæгæй). Лæппу цыдæр кодта сæрæй. Уый хъуаг ма уыд! Æмбæрзæн ДЫККАГ АРХАЙД ÆРТЫККАГ НЫВ Æхсæвыгон та. Хъуысы индиаг музыкæ. Рухсы тынты зынынц Мухтар æмæ Асæбе: ныхас кæнынц, йогты гимнастикæ кæнгæйæ, се змæлд у кафæгау. А с æ б е. Зæгъ-ма, Мухтар, цы дын бавæййы уæддзер Чачæ? М у х т а р. Горæты парчы базонгæ дæн йемæ, æмæ мын мæ фæд цух нал суагъта. Æхцаджын уыд... А с æ б е. Йæ фыд хъæздгуытæй у. М у х т а р. Арæх мæ хуыдта чызг кафе-бармæ. Йемæ ма уыд ноджыдæр дыууæ ахæм чызджы. Дымдтой тамако, нуæзтой фæсарæйнаг сæн æмæ коньяк. Æз дæр уæд семæ фæцалх дæн нозтыл... >А с æ б е. Зæринæйы нæма уарзтай уыцы рæстæджы? М у х т а р. Мæ зæрдæмæ тынг цыд. Фæлæ йæ уарзты зынг ссыгъд мæ риуы, горæтæй куы’рцыдтæн, уæд. 88
А с æ б е. Дæ дæндæгтæ дын куы дзæбæх кодта, уыцы бонты? Мухтар, О, æрмæстдæр уæд бамбæрстон, цы диссаджы чызг у, уый. А с æ б е (ныуулæфыд). Ахæм у нæ конд! Алцы дæр бамбарæм æрæджиау. Нæ зыдтон æз дæр, æхсæвыгон æрдзы хъæбысы йогты фæзмын куыд диссаг у, уый. Уыныс, нæ алыварс æппæтдæр фынæй кæны?! Æз æмæ ды та нæ риуты дзаг сулæфæм æрдзы тых! Ноджы арв цы бирæ алæмæты цырæгътæ ссыгъта нæ сæрмæ! Кæсыс уæлæ?! Худынц мæм стъалытæ арвæй фæлмæн, Хонынц мæ ногæй бæрзæндтæм! Мемæ сæ балымæн ногæй фæнды Ме сæфт уæларвон æмбæлтты! (Дыууæйæ дæр рухсы тынтимæ атадысты. Стæй срухс вæййы сценæ: ногæй та бæласы бын уынджы.) 3 æ р и н æ (æрбацæуы, хъуыдыты ныгъуылгæйæ). Уыцы лæппу... Мæхи адыл куы нал дæн. (Сценæйы фæйнæ кæрон фæзындысты Мухтар æмæ Бохъи, чызг сæ нæма уыны.) Цæмæн фæдæн æнæнцой? Мæ хуыссæг мын куы байстай. М у х т а р (хинымæр). Уый æз? Б о х ъ и (хинымæр). Уый æз? М у х т а р (хинымæр). Æви уыцы стыр ахуыргонд? 3 æ р и н æ. Загътон, мæ зæрдæмæ ничи ссардзæн фæндаг. Фæлæ дзы ды куы аныгъуылдтæ, æмæ дæ фæсурын куынал у мæ бон. М у х т а р (хинымæр). Мæнæй зæгъы? Б о х ъ и (хинымæр). Мæнæй зæгъы? М у х т а р (хинымæр). Æви уыцы стыр ахуыргондæй? 3 æ р и н æ (бацæуы бæласы бынмæ æмæ зары). Цыдæр мыл æрцыди дæ уарзтæй, мæ хур, Фырсагъæсæй зилы мæ сæр, гъей! Дæ сурæт мæ разы куы лæууы æдзух - Мæ риуы ыссыгъта цæхæр, гъей! Л æ п п у т æ (базарынц чызгмæ фæйнæрдыгæй). Ды ме’ппæт бæллиц дæ мæнæн дæрг чызгай, Æнæ дæу æнад у мæ цард, гъей! Цы уыдзæн мæ хъысмæт, куы нæ суай мæ къай - Зындонау æбуалгъ æмæ’нкъард, гъей! 89
3 æ р и н æ (зары та йæхицæн). Фæтых мыл дæ сурæт, фæтых мыл бынтон, Фæлæ ныр мæ уарзтæй тæрсын, гъей! Куы разынай сагъæссаг царды, фыдзонд - Æз уыцы хъуыдытæй тыхсын, гъей! М у х т а р (чызгмæ æнæзаргæйæ). Цæмæн?! Цæмæн хъæуы рагацау тæрсын?! Æ р т æ й æ (зарынц иумæ). Цыдæр мыл æрцыди дæ уарзтæй, мæ хур, Фырсагъæсæй зилы мæ сæр, гъей! Дæ сурæт мæ разы куы лæууы æдзух- Мæ риуы ыссыгъта цæхæр, гъей!. 3 æ р и н æ (хинымæр). Нæ, нæ, мæ зæрдæ йыл нæ дарын нырма. Асæбе дæр лæппуйæ зæды хуызæн уыд. (Ацæуынмæ бахъавыд.) М у х т а р (бацыд æм). Зæринæ, барвитон дæ хæдзармæ мæ минæвæртты? (Чызг ницы дзуры.) Зæгъ кæнæ "о", кæнæ "нæ". 3 æ р и н æ. "О" дæр нæ, "нæ" дæр нæ! (Фæуайы.) Б о х ъ и (йæ фæндагыл алæууыд). Зæринæ, барвитон дæ хæдзармæ мæ минæвæртты? (Чызг ницы дзуры.) Зæгъ кæнæ "о", кæнæ "нæ". 3 æ р и н æ, "О" дæр нæ, "нæ" дæр нæ! (Фæаууон.) (Дыууæ лæппуйы лæугæйæ аззадысты, стæй кæрæдзимæ бацæуынц мæстджын цæстæнгасимæ æмæ кæрæдзимæ ныджджих сты, не’мбарынц, чызджы равзæрст сæ кæцы у æмæ дзы иуварс ацæуын ксей хъсеуы. Уалынмæ фæзынд Асæбе æмæ се’хсæн фæныхст.) А с æ б е. Мухтар, уæ дзæргъ фындд,æс хъулон хъыбылы ныззад! М у х т а р (фырмæстæй). Фыцддæсæй йæм фылдæрмæ куы’нхъæлмæ кастæн, уымæн æмæ йæ гуыбын мæнæ Бохъийы гуыбынæй къаддæр нæ уыд! Б о х ъ и. Мæ гуыбынимæ дæ цы хъуыддаг ис?! (Йе’фцæгготмæ йын балæбурдта.) А с æ б е. Сабыр, сабыр!.. (Ахицæн сæ кæны.) (Хъæлæбамæ фæзындысты Бохъийы дыууæ лымæны, , стæй сыхаг лæппу йе’мбалимæ æмæ чызг æд фæндыр.) Цы хабар у, цы’рцыд?! 90
М у х т а р. Зæринæ бауарзта æгæрон уарзтæй. А с æ б е. Кæй? М у х т а р. Нæ йæ схъæр кодта. Б о х ъ и. Цы схъæр кæнын ма йæ хъæуы, афтæмæй дæр бæрæг нæу æви? Мæ цуры дæуæй цы аразы?! М у х т а р. Æмæ дæуæй хуым кæны?! А с æ б е. Фæлæуут-маг ацы ран загъд-хъæлæба цæмæн хъæуы? Чызгмæ æз ныртæккæ бацæудзынæн минæвар уæ дыууæйы номæй æмæ рабæрæг кæндзынæн, чи у йæ равзæрст. Уæд та сымахæй ничи у. Б о х ъ и. Бацу йæм, Асæбе! М у х т а р. Мауал лæуу! (Асæбе ацæуы.) Б о х ъ и (Мухтары фыддæрадæн). Æвгъау у мæ рæстæг æнцад лæууынæн. (Рог эстрадон кафт кæны йæ дыууæ лымæнимæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ Асæбе æрбаздæхт, æмæ Бохъиитæ банцадысты сæ кафынæй.) М у х т а р. Цы дын загъта чызг, Асæбе? А с æ б е. Ницы. Рарвыста мæ... Мæхи дæрг дам, ныртæккæ уырдæм хъæуы. Нозт æмæ чъиритимæ. М у х т ар . Уыдæттимæ та цæмæн? А с æ б е. Ницы йын зонын. Сыхаг лæппу. Цомут, фæкæсæм æм! (Ацсеуы йе’мбæлттимæ, сæ фæдыл — Бохъийы дыууæ лымæны дæр.) А с æ б е. Уæд та æз ацæуин? М у х т а р. Цæмæн? А с æ б е. Мæ бон фынджы уæлхъус сбадын нæу. Нозтмæ куы нæ бауромон мæхи. М у х т а р. Хъуамæ бауромай. Бафæлвар. Уал боны куы бафæрæзтай... А с æ б е. О, фæлæ мæ зæрдæ нозт куы’рцагуры, уæд куы фæсонт вæййын нырма. М у х т а р. Разынæд дæм йогты хъару, Асæбе! А с æ б е. Тæрсын мæхицæй. Ныр ма йæ мæ дзыхмæ систон — хосгæнæг мын хос нал ссардзæн, æвæццæгæн. М у х т а р. Фæуæлахиз у дæхиуыл! Адæймаг йæ амондыл тохы тугкалæн хæсты куы бацæуы æмæ дзы уæлахизæй куы раздæхы, уæд дæу бон дæхи басæттын нæу, цæмæй стыр фыдбылызæй фервæзай?! Ау, дæхицæн ахæм æнæбасæтгæ знаг 91
дæ?! Ма разын лæмæгъ уыцы цыфыддæр знагæн, Асæбе! Ба — хæрдзæн дæ! Паузæ А с æ б е (фидарæй). Цæйг уæдæ! Цæттæ дæн мæ сæфты монцтимæ тохмæ! М у х т а р. Нæ сомбоны ноггуырдты сæраппонд, Асæбе! А с æ б е. Цы нæ вæййы, нуазæн куы фæцæйнуазон, уæд- иу мын бынæй мæ къах дзæбæх алхъив. (Зæринæ æмæ иннæ æрыгæттæ фæндыры цагъдимæ сербахæссынц чъиритæ, арахъхъы графин æмæ агуывзæтæ — æрæвæрынц сæ стъолыл.) 3 æ р и н æ. Хæдзармæ уæ не’рбахуыдтон, Асæбе. Зонын, ацы ран уæ уарзон бынат кæй у, æмæ абадут ам. А с æ б е. О, фæлæ цæй охыл, Зæринæ? 3 æ р и н æ. Ацы бон райгуырдтæн, мæ сиахс, ацы бон. Мæн тыххæй дзы фæйнæ сыкъайы ахуыпп кæнын нæ хъæуы? А с æ б е. Æмæ нын æй раздæр цæуылнæ схъæр кодтай? Б о х ъ и. Гъерри-гъа, цы уавæры нæ нывæрдтай?! М у х т а р. Афтид къухтимæ дын арфæтæ кæнæм? 3 æ р и н æ. Раздæр уын æй уымæн не схъæр кодтон, цæмæй уæхи ма батыхсын кодтаиккат. (Сыхаглæппумæ.) Тузар, рауадз агуывзæтæм арахъхъ. Сыхаг лæппу (райста графин æмæ арахъхъ уадзы). Сбад дæхæдæг дæр, Зæринæ. 3 æ р и н æ. Нæ, мæн ныууадзут... (Фæцæуы, фæлæ ма æрлæууыд.) Чи нæ баназа, уый мæ нæ уарзы æмæ нæ нымайы. (Ацыд.) (Лæппутæ нуазæнтæ райстой лæугæйæ.) А с æ б е. Цæй, уæдæ, ацы чъиритæ кæй номæй сты, уый амондджын уæд. Йæ цард кæддæриддæр цины бæрæгбæттæй хъæздыг куыд уа Зæринæйæн! Б о х ъ и (æмæ йæ дыууæ лымæны). Аммен, Хуыцау! М у х т а р (æмæ сыхаг лæппу). Аммен! А с æ б е. Амонд ын зæгъы нæ зæрдæ, Алкæд дæр арфæйаг уæд! Лæппутæй чи у сæрæндæр, Тагъддæр нын уый хай фæуæд! 92
Сыхаг лæппу (æмæ йе’мбæлттæ, стæй Бохъийы дыууæ лымæны). Аммен! Аммен, Хуыцау! (Рахизæрдыгæй сценæйы кæрон Зæринæ фæзынд фæстæмæ æмæ аивæй йæ цæст дары Асæбе æмæ Мухтармæ, кæддæра баназдзысты, зæгъгæ.) А с æ б е. Зæринæйы гуырæн бон махæн дæр бæрæгбон уг ай-гъай. Гъе фæлæ мын бахатыр кæнæд — нуазын мæ бон нæу. (Агуывзæ нывæрдта стъолыл.) Б о х ъ и. Гъерри-гъа, Асæбе, иунæг нуазæн дын цы акæндзæн? (Систа йын йсе агуывзæ стъолæй æмæ йæм сей радта.) Зæринæйы гуырæн боны тыххæй, ме’рвад! Ма мæ худинаг кæн! М у х т а р. Йæхи бар æй уадз, Бохъи! Б о х ъ и. Дæ дзыхмæ йæ уæддæр сис, Асæбе! А с æ б е. Иугæр æй мæ дзыхмæ куы сисон... Б о х ъ и. Зæринæйы зæрдæ дыл фæхуддзæн, куы нæ дзы ахуыпп кæнай. Æфсымæры цæстæй йæм куы кæсыс! М у х т а р. Æмæ йын хъуамæ нозтæй аргъ кæна?! Б о х ъ и. Нуазæн зæрдæйы уаг æвдисæг у! Сыхаг лæппу. Мæнг у уыцы хъуыды, Бохъи! Нозт зæрдæмарæг у! Б о х ъ и. Гъерри-гъа! Иунæг нуазæнæй тæрс! Ахæм тæппуд Асæбе нæ зыдтон æз! М у х т а р. Бохъи!.. А с æ б е (ныхас исгæйæ, фæтъæлланг ласта). Банцайут- ма, мæ сæр уæ разылд! (Йæ агуывзæ хæрдмсе фæхаста.) Ацы бомбæ!.. М у х т а р. Асæбе!! (Куы аназа, уымæй фæтæрсгæйæ йын бынæй йæ къах тыхджын алхъывта.) А с æ б е (ныхъхъæр кодта). Уауу!! Сыхаг лæппу. Цы кодтай, Асæбе?! А с æ б е (нуазæн нывæргæйæ, абадт æмæ тыхулсефт кæны). Цыдæр мæ срæхуыста. Сыхаг лæппу. Уый та цавæр рæхуыст у? (Бынмæ æркаст.) А с æ б е. Тыхми цæмæн хъæуы?! (Нуазсен фалдæр авæрдта.) Мæ дзыхмæ йæ кæй нал исын, уый нæма зоны Зæринæ?! (Зсеринæйы цæсгом фырцинæй фæрухс.) Б о х ъ и. Уæддæр фынджы æгъдау кæнын нæ хъæуы? 93
А с æ б е. Нæ фынг ныл арæх гадзрахатæй рацæуы, Бохъи! М у х т а р. Тыхæй нуазын кæнын æнæгъдау æгъдау у! Фыдæхтауæг æгъдау! Сыхаг лæппу. Стæй хъæдддг лæджы хъæдааг ми| А сæ б е. Ныртæккæ мын иу нуазæн дæр стыр фыдбылыз сайы. Б о х ъ и. Цæй, уæдæ Зæринæ мæ фæндиаг æмæ йæхи фæндиаг уæд! (Чызг йæ фæндырæй нуазæны цагъд кæны. Бохъи æмæ йæ дыууæ лымæны сындæггай нуазынц фæндыры цагъдмæ.) Б о х ъ и (нуæзт фæуæвгсейæ, фынджы уæлхъус абадт). Ацы чъиритæ Зæринæйы конд сты? Ныртæккæ сæ аныхъуырдзынæн. (Хæрынмæ фæци.) А с æ б е. Тæбæгъ дæ хъуыры ма аирвæзæд, Бохъи. М у х т а р. Зæринæ алы аз дæр йæ гуырæн боныл хъæлдзæг зæрдæимæ æмбæлæд. (Нуазæнæй чысыл ацахуыста æмæ йæ æрæвæрдта фынгыл. Афтæ бакодтой сыхаг лæппу æмæ йе’— мбал дæр.) Б о х ъ и. Ды уæдаæр иу баназ, Мухтар! М у х т а р. Нæг бахатыр мын кæнæд Зæринæ. Б о х ъ и. Гъерри-гъа! Мæнæ дзы Зæринæйы куыд ничи нымайы! Афтæ æргомæй рабæрæг кæн дæхи! Зæринæйы тыххæй иу нуазæн циу? Æз æнæхъæн графин дæр аныхъуырин! А с æ б е. Уый дыг Бохъи, фæлæ махæн ахæм уæрæх гуыбынтæ нæй. Б о х ъ и. Мæ гуыбыныл та дæ тъупп куы фæцыд, Асæбе! (Зæринæ бацыд фынджы цурмæ.) А с æ б е (уый фенгæйæ, фестад). Лæппутæ, гъер уал сымах иуварс айсут уæхи. Б о х ъ и. Фæлæуу, ахæрон ма. Мæлæты адджын чъиритæ сты! А с æ б е. Уый фæстæ бахæрдзынæ, Бохъи! (Галиуырдæм фæстæмæ айстой сæхи Мухтар, сыхаг лæппу йе мбалимæ æмæ чызг æд фæндыр. Иннæрдæм та — Бохъи йæ дыууæ лымæнимæ.) 3 æ р и н æ. Цæмæн сæ аиуварс кодтай, Асæбе? А с æ б е (сусæгæй). Зæгъ, Зæринæ, Мухтар æмæ Бохъийæ ком кæмæн дæттыс? (Чызг ницы дзуры.) Зæгъ, æмæ сæ бон базоной. ~л
3 æ р и н æ. Иугæр мæ фæрсыс, Асæбе, уæд... Мухтар мæн тыххæй ма фыдæбон кæнæд. А с æ б е (фæтыхст). Зæринæ! Æрра фæдæ?! Ахæм лæппу кæм ссардзынæ?! Бакæс-ма уæртæ, сæ хæдзары цы куыстытæ кæны, уымæ. Нозтмæ та смудгæ дæр нал кæны. Суанг æз кæй нал нуазын, уый дæр уый фæрцы у. 3 æ р и н æ. Нæ, нæг Асæбе. Уый тыххæй нал хъæуы ныхас кæнын. А с æ б е. Зæринæ!.. Уæдæ Бохъиханæн та цы зæгъыс? 3 æ р и н æ. Уымæн фæстæдæр ратдзынæн дзуапп. А с æ б е. Уый зæрдæвæрæн ныхас у Бохъийæн! 3 æ р и н æ. Куыд дæ фæнды, афтæ йæ бамбар. А с æ б е. Мæнæ фæдис! Чызг цыдæр кодта сæрæй! 3 æ р и н æ. Асæбе, дæ уайдзæфтæм хъусын мæ нал фæнды. (Ацыд.) (Асæбе, чызджы фæдыл кæсгæйæ, сагъдæй баззад. Мухтар æмæ йæм Бохъи сындæггай бацæуынц фæйнæрдыгæй.) Б о х ъ и. Цæй, минæвар, цы дзуапп дын радта Зæринæ? М у х т а р. Зæгъ, Асæбе. Д ы г ы з а (фæзынд Бохъимæ). Цы фæдæ, лæппу, æххормагæй дæ уд нæма схауы?! Б о х ъ и. Асæбе!.. А с æ б е (ныхас исгæйæ). Дæуæн фæстæдæр зæгъдзæн йæ дзуапп. Æвæццæгæн, дæ хъул сах абаддзæн, Бохъихан! Ацу бафæрс чызгæн йæхи. (Мухтар æрвдзæфау фæци.) Б о х ъ и (сæрыстырæй). Æмæ йæ æниу нæ зыдтон, афтæ кæй уыдаид?! (Ауад Зæринæты’’рдæм, йæ дыууæ лымæны дæр — йæ фæдыл.) Д ы г ы з а. Лæппу! (Ацыд уый дæр.) А с æ б е. Мухтар, дæхиуыл хæц... (Асæбе æмæ Мухтары уыцы тыхстхуызæй фенгæйæ, сыхаг лæппу йе’мбæлттимæ ацæуынц.) Цæхгæр дзуаппæй мын мæ былтæ куыд ныццавта мæ каис! (Мухтар æвиппайды графинмæ фæлæбурдта æмæ фырсонтæй графины хъуырæй арахъхъ нуазынмæ фæци.) А с æ б е. Мухтар! (йæхи йæм баппæрста æмæ дзы байста графин.) Цæмæй сурыс дæ маст?! (Графин стъолыл авæрдта.) Цæуылтыхсыс, сæрхъæн?! Иугæр Зæринæ Бохъийæн нæ радта 95
цæхгæр дзуапп, уæд тыхсыны аккаг у?! М у х т а р. Нæ, уый æз нæ дæн йæ уарзты аккаг! Бохъимæ машинæ ис, мæнмæ та цы ис?! А с æ б е (æнæбары худт бакодта). Дæумæ та ис фынддæс хъулон хъыбылы! М у х т а р. Машинæмæ куыд мой кæны Зæринæ?! Ацу æмæ йын зæгъ, ма бабын кæнæд йæхи! А с æ б е. Æрсабыр уал у! М у х т а р. Куыдæй, кæд зæхх мæ быны нынкъуысы?! А с æ б е. Мæ быны дæр! Йогты бафæзмæм, Мухтар! Ныкъкъуырма та уæм, цæмæй мацæуыл хъуыды кæнæм! (Йогау слæууыд.) М у х т а р. Ацу уал Зæринæмæ! Мæ ныхас æм фæхæсс!! Ноджы йын зæгъ, æнæзæрдæ кæй у! Мæ бабынгæнæг! Ацу йæм, хъусыс?! Науæд æм мæхæдæг бацæудзынæн саубыны расыгæй! Стæй мæ нозтмæ уромгæ дæр ничиуал бакæндзæн! Уадз æрцæра уыцы дурзæрдæ! (Асæбе уыцы къуырмайæ лæууы.) Цæугæ, зæгъын дын! (Басхойы йæ.) Райхъал у фæдисмæ, йог! Дæумæ куы дзурын! (Фырмæстæй йын йе’хсæрфарс ныццавта.) Уæдæ нæ райхъал уыдзынæ?! Стæ-ма, æз дæм ныртæккæ пысырайæ хорз куы нæ фæкæсон! (Мухтар йæхи иннæрдæм куы фæзылдта, уæд ын Асæбе фæсте уыцы иу хафт нылласта — Мухтар сæрбихъуыройæ атахт æмæ афæлдæхт зæххыл. Асæбе та фыццагау йоджы позæйы алæууыд. Фæлæ Мухтар уадзыгсей хуыссы, уый куы бамбæрста, уæд æм бацыд.) А с æ б е (тилы йæ). Гъе!.. Нал улæфы? (Йæ уæрджытыл æрхаугæйæ, лæппуйы риуыл авæрдта йæ сæр æмæ йæм хъусы.) Æнхъæлдæн, амардтон лæппуйы! (Сысты тыхстхуызæй.) Кæмæ фæдзурон?!.. (Асæбе йæхи иннæрдæм куы азылдта, уæд æй ныр та Мухтар æвиппайды къахæй ныццавта, уый атахт фалдæр æмæ ахаудта, фæлæ уыцы æваст Мухтармæ фæзылдта йæхи.) Сæрæгас дæ?! (Мухтар рабадт, Асæбе йæм бабырыд æмæ йæ фарсмæ сбадт кæрдæгыл.)Æдылы! Цытæ дзурыс, уый æмбаргæ кæныс?! Куыдбаназдзынæ?!... Нæ бирæ фыдæбæттыл дæ къух уигъыс?! (Йæ цæсгом фæрухс.) Федтай, æз нозтмæ куыд бау^æдтон мæхи?! Агуры йæ мæ зæрдæ, фæлæ йæм уæддæр бафæрæзтон мæхи бауромын. Бафæрæзтон! Нæ бабын дæн бын — 96
тон! Ды та мын арфæ дæр нæ ракодтай! Мауал скæн нозты кой! Æз цы цъымарайæ рабырыдтæн, уырдæм бабырынмæ хъавыс?! Нæ! Уый гæнæн нæй, Мухтар! М у х т а р. Цы фæуон, кæд æнæ Зæринæ мæ бон нæу?! А с æ б е. Æмæ нозтæй сурыс дæ маст?! Бынтон сагъæссаг фæуа дæ сæр?! Нæ фæлæ цы лæмæгъ стæм, цы! Музыкæ (Мысы.) Мæ хæдзар куыд фæцæйхæлдтон мæхи къухтæй! Ноджы адæмы цæсты бафтыдтон мæхи. Цы аргъ кодтой ме сфæлдыстадæн! Радио æмæ-иу телевизортæй номдзыд артисттæ мæ ног æмдзæвгæтæ куы кастысты!.. Науæд поэзийы изæрты! Адæмы къухæмдзæгъдæй-иу куыд базырджын уыдтæн! Ноджы куы бауарзтон... Стъалытимæ æмдзæвгæтæй ныхас кодтон. (Фенкъард.) Уый фæстæ та фыднозт... Фесæфт æппæтдæр! М у х т а р. Æз та... Æнæмæтæй цардтæн мæхицæн æмæ æнхъæлдгон, афтæ уыдзæн кæронмæ дæр. А с æ б е. Куыд баивтон мæ базырджын бæллицтæ нозты сыкъайыл, куыд? Нæ йæ æмбарын абон дæр! Мæнгæн нæ фæзæгъынц: уæлæмæ схизын зын уг дæлæмæ æрхауын та — æнцон! М у х т а р. Университетмæ дæр нæ бахаудтæн... А с æ б е. Ма тыхс, Мухтар, ахсджиагдæр ахуыр нæу. Æз сахуыр кодтон журналистыл æмæ цы? Сæйрагдæр ныртæккæ уый у, цæмæй нын æгуыст рæстæг иу минут дæр мауал уа. Бонæй кусгæ, æхсæвæй та фыццагау йогты гимнастикæ... М у х т а р. Æмæ та дæ æгъдæутты фæдыл алы рæттæм агурын куы райдайой, уæд та? А с æ б е (мæстыйæ). Мæ дуар мачиуал бахойæд! Тæрсын райдыдтон суанг нæ фынгтæй дæр!.. О, фæлæ иппæрдæй дæр куыд цæрдзынæн?! (Ныккæрзыдта.) Цæмæн кæнæм æгæртæ, цæмæн?! Кæдæмдæриддæр дæхи азилай — алы ран дæр нозт, нозт æмæ нозт! Ау, уæдæ æнæ уымæй цæрæн нал ис?! Цас адæм дзы сæфы нæ алыварс, цас! Æнæ кард, æнæ топпы нæмыгæй сæ ингæнмæ тæры! М у х т а р (фæссценæмæ фæкаст). Уæртæ та æрбацæуынц уыцы расыггæнджытæ. Æвзæртæ, дам, сæ коймæ цæуынц. Куыд цудынц! Сæ иуы къухы æрдæгнуæзт арахъхъы авг. А с æ б е (сысты, фырмæстæй). Нæ, æгæртæ кæныны бæсты иппæрдæй цæрын — хуыздæр! (Уыцырдсем расыггæнджытæм.) 97
Хæрзбон утг мæ нуазаг æмбæлттæ, хæрзбон ут, Сымахæн мæнæй ныр нæуал ис æмбал! Тæссаг у уæ фæндаг, фæлæ йæ нæ зонут, Æз нал цæуын уемæ, ныууадзут мæг нал! Мæнг цинтæй мæ зонд æз куы нызтон æрвылбон, Мæнг цинтæй мæ зæрдæ куыд хъал уыд æдзух! Мæнг цинтæй мæ бонтæ æз сонтæй æрвыстон, Нæ зыдтон, мæ цардыл кæй истон мæ къух! Уæ ницæйаг монцты фæндагыл лæгæрдут, Лæгæрдут уæ сæрсæфæн былмæ куырмæй! Æлгьыст æмæ ’лгъагæй уæ удтæ куы хæрут, Сымахæй æнамонддæр а зæххыл нæй! Фесæфут, уæ уынд дæр мын тых кæны, монцты амæттæгтæ! (Дур сæм фелвæста фехсынæввонг.) Удæгас хæдмæлтæ! (Чысыл фæстæдæр аппары йæ дур.) Ахъуытты сты. Кæй æхсæн æмбыдтæн! М у х т а р (сыстад фырцинæй). Асæбе! Абон ногæй райгуырдтæ, зæгъгæ, йæ банымай! Ногæй райдайдзынæ дæ цард! Арфæ дын кæнын! (Ныхъхъæбыс ын кодта.) Æгайтма мæ фыдæбæттæ дзæгъæлы нæ уыдысты! А с æ б е. Бузныг, ме’рдхорд! Ме’фсымæр! М у х т а р. Уый мæ фæндыд, цæмæй уыцы æмдзæвгæ рæвдздæр райгуырдаид дæ зонды! Фысс! Фысс ноджыдæр, мауал æрлæуу, поэт! Тыхджындæр уыдзысты уæд дæ зонд, дæ хъуыды, æмæ нал фæцуддзынæ дæ фæндагæй! Дæ фидæны сабитæ уымæ бæллынц, Асæбе! А с æ б е (ныххудт). О, мæ фидæны богæлттæ!.. (Æвиппайды фенкъард.) Мæныл цин кæныс, Мухтар, æз та дæ хъыгæй... Зæринæйы ми! М у х т а р (фæрæвдз). Стæ-ма, Асæбе! Цæвиттон, Зæринæйы гуырæн бон фæззæджы кæрон вæййы! Кæдаæр мын цыма афтæ загъта. А с æ б е. Æмæ уæдæ цалдæр мæйы раздæр цæмæн скодта йæ гуырæн боны фынг? М у х т а р. Ам цыдæр хиндзинад ис. Кæд нозтæй мах фæлвæрдта, мыййаг. I А с æ б е. Æмæ нæ куы ничи банызта, уый та уæдаæр... (Фæрæвдз.) Цы, уый зоныс?! Цæхгæр дзуапп Бохъийæн нæ, 98
фæлæ дæуæн кæй радта, уым дæр цыдæр хиндзинад уынын. М у х т а р. Нæ зонын! Ницыуал æмбарын, Асæбе! А с æ б е. Æз дæр! Сæмтъеры мæ зонд бынтондæр. Ныкъкъуырма та уæм, йог! (Абадт кæрдæгыл.) Æруадз дæхи. Ницы уынæм, ницы зонæм! (Мухтар дæр сбадт кæрдæгыл æмæ дыууæйæ дæр сæ сæртæ æруагътой, афтæмæй бадынц, йогты фæзмгæйæ. Фæзынд Бохъи. Мухтар æмæ Асæбейы уæлхъус слæууыд сæрыстыр æмæ уæлахизæй.) Б о х ъ и (хинымæр). Мæгуыр сæ бон! Зæххыл мæлдзыджытæ нымайынц. Æндæр ма уæдæ цы акæной? Æнхъæлдтой, сæ нозт куы ныууадзой, уæд Зæринæ бакомдзæн Мухтарæн, зæгъгæ. (Æнахуыр худт ныккодта.) Чызг сæм фучъи бавдыста, æз та сæ аууылдтон. Ту сæ уый фæстæ акæндзынæн, мæнæ тагъд рæс — тæгмæ Зæринæйы мæ хæдзармæ куы’ртеу-теу кæнон, уæд! Д ы г ы з а (фæзынд хъæлдзæгæй). Лæппу, уæлахиз уай кæддæриддæр! Ныр æххормагæй мауал мар дæхи. Рацу бахæр. Б о х ъ и. Мамань, нæ фаллаг уат суæгъд кæн уыцы дзаумæттæй. Д ы г ы з а. Цæмæн? Б о х ъ и. Уæдæ не’фсин Зæринæимæ хæмхудты коммерци кæм сараздзыстæм? Тагъд рæстæгмæ суыдзынæ хъæздыг ус Дыгыза! Дæ кой Би-би-сийы радиойæ хъусдзынæ! Дæ фырт та суыдзæн быснысмэн Бохъи! Д ы г ы з а. О, тæхуды! (Мухтар æмæ Асæбейæ.) Адон та... Мæггуыры бонтæ, куыд æнæрхъуыдыйæ бадынц? Цавæрдæр джихтæгæнæн низæй, дам, фæрынчын сты.. Æввахс сæм ма цу, лæппу. Уæд та сæ низ хæцгæ низ у. Б о х ъ и. Адонæй мын ныр тас нал у, мамань. Сулæфынхъом дæр куы нал сты мæнæ! Д ы г ы з а. Уæдæ ма уæд бадынхъом куыд сты? (Мухтар æмæАсæбе афæлдæхтысты кæрдæгыл уæлгоммæ, ус фæтарст.) Æрраты низ! Лидзæм, науæд мах аххос фæуыдзысты! (Ацæуы Бохъиимæ.) А с æ б е (рабадт). Ничи сæм кæсы! Дыууæ сау хæйрæджы. (Рабадт Мухтар дæр.) Ч а ч æ (æрбацæуы та æдхызын уыцы уæлæдарæсы). Салам, Мух! Куыдтæ дæ, дорогой? (Мухтар æмæ Асæбе йогты хуызæн уыцы къуырмайæ бадынц, цыма чызджы фиппайгæ дæр нсе кæнынц, уыйау.) Æз афтæ тынг переживаю дæу тыххæй! Истæмæй дын хочется 7. ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ ОО
помочь. Хорз æмæ абон дæхимæ базылдтæ. Нæ хъусыс?.. Цы кæнынц адон, цы? Ах, вот что! Индиаг йогтæ! Фæлæуут-ма уæдæ! (Йæ хызын стъолыл нывæрдта, стæй дзы йæ къух фæтъыста æмæ магнитофон бафтыдта: хъуысы дзы индиаг музыкæ чызджы зарæгимæ. Чачæ индиаг кафт кæны лæппуты алыварс, кафы рæвдз, цæмæй сæ базмæлын кæна. Æппынфæстаг куы бамбæрста, лæппутæ йын йæ арæхстджын кафтмæ дæр сæ хъус кæй нæ дарынц, уый, уæд фæмæсты æмæ рафтыдта магнитофон.) Цы ныкъкъуырма стут ай?! Гъе-гъей, дыууæ гобийы! А с æ б е (сыстад). Чызг, уыйбæрц дæ куыд æвдæлы ам? Горæты куы ахуыр кæныс. Ч а ч æ. Академотпуск! А с æ б е. Æмæ дæм уæд Цъыфджын хъæуы дæ ныййарджытæ не’нхъæлмæ кæсынц? Æвæццæгæн дын ахуыр кæнын æнхъæл сты. Ч а ч æ. Мæ ныййарджытæн гыццыл саби нал дæн, мæ фæдыл нæ кæсынц. А с æ б е. Уæдæ дæ дæхи бар суагътой? Ч а ч æ. Демократия! Рæстæджы улæфт æмбарын хъæуы. Адæймаг хъуамæ цæра свободно. А с æ б е. Æгъдæутты сæр дзы уæдæ нал хъæуы? Ч а ч æ. Æгъдæуттæ уæнгтæ рæхыстæй бæттынц. Они мешают быть ультрасовременным. А с æ б е. Ау, адæм æгъдау куы нал зоной, уæд ма сæ æнæуаг митæй цы бауромдзæн? Ч а ч æ. Пардон! Æмæ сæ ныр цы уромы? Нæ сæ уыныс? И о каких æгъдауах ты говоришь? Кæм сты? На каком дереве еще цветут? А с æ б е. Ирон ныхæстæ дæр бæлæсты къалиутыл агурыс? Ч а ч æ. Ирон ныхæстæ дæр Эльхотæй фалдæр не висят ни на одном кустике. Уыдон хъæуынц æрмæстдæр, ам безвыездно чи цæры, уыцы зæрæдты. Фæлæ фæсивæд иу ран нæ лæууынц. Уыдон хъуамæ дзурой адæмты иумæйаг æвзагæй. А с æ б е. Æмæ сæ ирон æвзаг исты хъыгдары? Ч а ч æ. Ницы. Но и потеря его не велика. Афтæ говорит и папа мой. А с æ б е. Æмæ ирон æвзаг канд дзурынæн у? Уым ис адæмы уд, адæмы тых æмæ ’гъдау. Уый нарты Ацæмæз æмæ Сосланы æвзаг у! Ис дзы урсзачъейы намыс æмæ æрыгæтты уа^здандзинад. Лæджы æфсарм æмæ дзы бæрзонд хъуыдытæ хъуысы. Тохы сахат та тохмæ сиды, зæрдæйы цъæх арт чи ссудзын кæны, ахæм ныхæстæй! Нæ фыдæлтæй нын баззад 100
уыцы стыр хæзна. Ахæм æвзаг цы ирон лæг нæ нымайы, уый йæ адæмæй нæу! Ч а ч æ. Уæдæ кæмæй у? А с æ б е. Никæмæй! Дзæгъæл маргъ! Ч а ч æ. Оскорбляешь?! (Мухтармæ.) Куыд ницы йын зæгъыс, Мух?! Сыст-ма. А с æ б е. Ма йæм дзур, рынчын у лæппу. Хъусæй дæр хорз нал у, стæй цæстæй дæр. Ч а ч æ. Уæдæ мæ не’видит? А с æ б е. Уынгæ дæр нæ кæны, хъусгæ дæр. Ч а ч æ. Ужас, докатился! Мæ зонгæ дохтыртæм æй... А с æ б е. Дохтыртæм нал комы, ныууадз æй, бауадз æй ам уæлдæфы абадын. Йæ разы исчи куы змæла, уæд мæсты кæны, æмæ дзы дæхи бахиз. (Ацыд.) Ч а ч æ (цасдæр Мухтармæ нæуæндаг каст кæны, стсей йсем бацæуы æмæ йæм æргуыбыр кодта). Бедный Йорик... (Йæ рус ын куы’рдаудта, уæд ын лæппу æвиппайды йæ къухыл фæхæцыд дæндагæй, чызг ныцъцъæхахст кодта.) Мамочки! Укус от бешенства! Кæд ыл агъуыд куыдз фæхæцыд, мыййаг! Уколтæ мæ бахъуыд! (Лæппу сындæггай сысты, чызгдзы фæтарст æмæ иуварс ацыд. Лæппу та куырм æмæ гобийы хуызæн йæ къухтæ размæ дары, цыма, йæхи истæуыл куы скъуыра, уымæй тæрсы. Афтæмæй арæхстгай ацæуы сæ хæдзармæ.) Ч а ч æ. Фесæфт лæппу безнадежно! От него уже толку — как от петуха молока! Надо забыть его. Но... куыд зын у æвæдза преданный фрайер ссарын! Цал аивтон Мухтары фæстæ!.. Мемæ-иу ашури —мури кодтой, стæй-иу кæмдæр куы адæл— дзæх сты!.. Мерзкие шакалы! Цæвиттон мæ цæмæйдæр тарстысты. (Сфæзмгæйæ.) Спид æмæ иннæ ахæм низтæй сыгъдæг дæ, зæгъгæ, мæ дзы иу наглец куы бафарста!.. Æмæ уæвгæ та цы уыдысты как мужчины? Тьфу, профнепригод — ные! Мухтарæн дзы æмбал нæ уыд, æвæдза! Может, нормализуется он?.. Загътон, хъæуккаг æнæхин лæппу — и легко захвачу его. И вдруг!.. Эх, разволновалась я! Надо развеяться. (Бауад стъолмæ.) Была-не была! (Арахъхъ анызта агуывзæйæ.) Тьфу, какая гадость все-таки наш арахъ! Вонючка! (Йæ хызынæй фелвæста конъячы чысыл тъæпæн авг.) То ли дело импортный коньячок?! (Ахуыпп дзы кодта æмæ бæрзонд систа авг.) Шик! Привет Америке! Рухс ахуыссыд. 101
Уыцы ран та. Бæласы бын лæууы Мухтар æмæ тыхстхуызæй кæсы сæ сыхæгты хæдзармæ. М у х т а р. Цы мын бакодтай, Зæринæ! Куыд бафæраздзынæн ацы тухитæн? Мæ уарзты цæхæр мын мæ риуы къултæ тынгæй тынгдæр куы фыцы! (Зары.) Дæ цæстыты каст мæ нæ рæвдаудзæн никуыг Дæ мидбылты худтæй нæ тавдзынæ мæн, гъей! Дæ зæрдæйы сусæг бæллиццаджы фæндтæ Нæ дзурдзынæ хибарæй никуы мæнæн, гъей! (Æрбацæуы Зæринæ æмæ лæппумæ хъусы, уый йæ нæ уыны фæстейы.) Æфхæрд æмæ’рхæндæгæй’рвитын мæ бонтæ, Мæ уд ма æрмæстдæр æрдуйыл хæцы, гъей! Дæу тыххæй æз диссæгтæ бакæнин сонтæй, Фæлæ ныр тыхмийæ цы акæнон, цыг гъей! (Фены чызджы.) Ды дæ?.. (Хиуылхæцгæ хъæлæсæй.) Арфæ дын кæнын... Дæ равзæрст рæстмæ фæуæд. Ницæмæй дæ азымджын кæнын. Зæрдæйæн тыхми бакæнæн нæй. Амондджын у. 3 æ р и н æ (ныххудт). Амондджын дæн, Мухтар! Æз кæй бауарзтон, уымæн дзы æмбал нæй. М у х т а р (дзуры тыхæй). О... Бохъийы хуызæн ссарын æнцон нæу. 3 æ р и н æ. А фæстаг рæстæджы йæ ноджы хуыздæр рахатыдтон, сыгъдæгзæрдæ æмæ раст зонды хицау кæй у мæ зынаргь. Ноджы куыд рæсугъд у уындæй дæр! М у х т а р. О... Бохъи йæ гуыбынимæ дæр хæрзконд у. 3 æ р и н æ. Царды æмбалæн мæ зынаргъæй хуыздæр а бæсты нæй. М у х т а р (фæмæсты). Мæ фыддæрадæн нымайыс дæ зынаргъы зынаргъ миниуджытæ?! Мæ цæст дын сæ уарзы! Уарзы! 3 æ р и н æ. Мæ цæст дæр дын уарзы дæ горæтаг уарзон Чачæйы — замманай чызджы! , М у х т а р. Ог нæртон чызг у! Дæ хæстæджытæй йæ искæмæн ракурын кæн! 3 æ р и н æ. Дæ зæрдæхудты чи цæуы?! 102
М у х т а р. Мæ зæрдæхудты иу хатг хорз бацыдтæ — цы уæлдай ма дЫН у?| (фæаууон.) (Зæринæ, йæ фæдыл кæсгæйæ, худы æмæ худы.) •Бохъи (фæзынд). Цы кæл-кæл кæныс, Зæринæ? 3 æ р и н æ. Мæ амонды цинæй, Бохъи! Мæ амонды цинæй! (Уыцы худгæйæ, ацæуы.) Б о х ъ и. Цы кæны, цы? Ныридæгæн фырцинæй сонт кæны — уагæры ма йæ куы’рхæссон, уæд та цытæ кæндзæн? Д ы г ы з а (æрбацæуы йæ посты хызынимæ, йæ къухты— тетрад). Цы фæдæ, лæппу, ссарæн дын куы нæй! Мæнæ мын Зæринæ, сæ хæстæджытæй лæвæрттæ æрцæттæ кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны номхыгъд радта абон йæхæдæг. Бохъи (райста тетрад æмæ йæ фæлдахы). Гъерри-гъа! Сæдæ лæджы дзы! Сæ къабæзтæ иууыл! Д ы г ы з а. Мæггуыры тыхст бонтæ! Æмæ уыдоны зынаргъ лæвæрттæй нæг фæлæ хæмпæлгæрдæгæй дæр куы ничи бафсаддзæн! ^ Б о х ъ и. Сæрджын гал дæр нæ агурынц. Д ы г ы з а. Дæ машинæ дæ фæстæмæ ауæй кæнын бахъуыд, лæппу. Б о х ъ и. Уый — никæд! Д ы г ы з а. Æмæ уæдæ цæмæй хæссыс ус? Б о х ъ и. Самал кæндзынæн!.. (Тетрадтилы.) Сæ зæрæдты уал сын хъуымæцтæ æмæ духиты бын фæкæнон. Алкæмæн дæр дзы дыууæ метры æмæ духи, дыууæ метры æмæ духи. Д ы г ы з а. Кæцæй ракъахдзынæ уый бæрц метртæ æмæ духитæ? Искæмæй уал æхца æфстау ракурæм. Б о х ъ и. Мæхи бар мæ бауадз, мамань! (Йæ къухты йын фæтъыста тетрад.) Фæстиат нал! Размæ, мæнæй уый! (Фæаууон.) Д ы г ы з а (фæтыхст). Кæдæм?!.. О Лæгты дзуар, баххуыс ын кæн! 4 а ч æ (æрбацæуы). Æз дæу агурын, мадам! Д ы г ы з а. Цы, дам?! Ч а ч æ. Ме’рвад Мухтарæй мын куыд æппæлыдтæ? Ницы хъыгдард у? Д ы г ы з а. Фæрынчын цыдæр джихтæгæнæн низæй. Йе’рдхорд Асæбеимæ уыцы иу ранмæ ныджджих вæййынц æнæхъæн сахаты дæргъы æмæ улæфгæ дæр нал фæкæнынц. Ч а ч æ. Уый та цавæр низ у? Д ы г ы з а. Цы йын зонын, дохтыр дæн æви?! 103
Ч а ч æ. Постхæссæгæй кусыс... Зæгъ-ма без мандражки, ды Мухтары тыххæй фыстæг никуы никæмæ арвыстай? Д ы г ы з а. Мæ фыны дæр никуы, мæ мæрдтыстæн, стæй уыдоны мæрдты мæрдтыстæн дæр. (Фæмæсты.) Ныхъхъуытты- ма йæ уадз! Цы дзы аразыс ахæм рынчынæй?! Дæуæн хъæуы тызмæг, гъæйтт мардзæ къобор лæг, сызмæлын дæ чи нал суадза! Ч а ч æ. Ты о чем, лохудра?! (Балæбурдта йын йæ хызынмæ.) Д ы г ы з а. Чи у лæхурд?! Ды мæ балæхурдтай, дзæгьæлхæтæг?! (Ныццавта йæ къахæй.) Суадз мæ хызын! Ч а ч æ. Это я дзæгъæлхæтæг?! (Ныццавта йæ уый дæр къахæй.) Сорока! (Хъæлæбамæ сценæйы кæрон фæзынд Асæбе æмæ сæм аивæй кæсы, йæхицæн худгæйæ. Уыдон æй нæ уынынц.) Д ы г ы з а. Дæуыл хъадамантæ бакæнын хъæуы! (Кæрæдзийы къæхтæй нæмынц.) Гъа, уый дын лæхурд, мæнæ дын уый та лыстæг ссад! Гъа! Ды лæхурынæн дæр куы нæ бæззыс! Цавæр куырой ма дæ балæхурдзæн?! (Йæхи дзы атыдта.) Пуй, ме’нæуынон фæу, цъырцъыраг! (Ацæуы.) Ч а ч æ . Дæхæдæг ахæм! Æниу мæ рæстæг цы сафын в этой дыре с этими аборигенами?! Ныццæвын хъæуы Бетъырбухмæ мæ тетямæ. Уый фæстæ та фæсарæнмæ. Ныронг Нью-Йорчы дзæнæты уынгты мама æруæдтытæ кæн! А с æ б е (ныххудт, стæй дзуры хъæрæй.) Нæ æгъдæуттæ Чачæ нæ уарзы, Нæ ирон ныхæстæй тыхсы! Фырмæстæй куынæуал фæразы, Сæ ныхмæ уый алкуы бырсы! Æппæты уый талынг куы хоныг Хуыздæртæй фæхоны йæхи. Æфсæрмы æппындæр нæ зоны, Ог хизут дзыг хизут уæхи! Нæ зонæм, ныронг ам цы лæууыг Нæ хъæуæй куы фесæфид дард! Ог ахæм хæрзконд нæ нæ хъæуы, Æнæуаг нын кæны нæ цард! Ч а ч æ. Чихала крупно! (Æрсехснырста фыддæрадæн.) Цымæ стыр цивилизацийы тæф кæд бамбардзыстут, деревня?! 104
Гъа, сулæфут дзы иу чысыл уæлдæр уæ риумæ æмæ уæ кæд исты рауаид! (Йæ хызыны фæтъыста йæ къух æмæ бафтыдта магнитофон — ныййазæлыд цæрдæг испайнаг музыксе, æмæ чызг кафынмæ фæци Асæбейы фыддæрадæн. Мæнæ Чачæйы ныхмæ фæзындысты Сыхаглæппу йе’мбалимæ, стæй чызг æнæ фæндырæй ацы хатт, æмæ испайнаг кафт кæнынц Чачæйæ хуыздæр. Ссе кафынæй йын æмбарын кæнынц, а хъæуы фæсивæд уымæй къаддæр кæй нæ зонынц дунейы стыр культурæ.) Æмбæрзæн ЦЫППÆРÆМ НЫВ Уыцы ран та. Хъуыдыты ныгъуылгæйæ, бæласы бын лæууы Зæринæ. 3 æ р и н æ. Æмбисонды лæппу... Кæдмæ мæхицæн тыхми кæнон, æгъгъæд нæма у æви? Зæрдæ йæхион куы домы. А с æ б е (рацыд Мухтаритæй). Дæ бонæй уай, Зæринæ! Бохъитæ, дам, сæхи афтæ тынг цæттæ кæнынц чындзæхсæвмæ! Гъе фæлæ цыма уæхæдæг ницы архайут нырма. 3 æ р и н æ. Цы тагъд кæнæм? Чындзы кæмæ цæуын, уыдон дæр куы ницыма архайынц. А с æ б е (фæджих). Цы, дам, цы? Æмæ... кæмæ цæуыс чындзы? 3 æ р и н æ (бахудт). Нæ сыхæгтæм уæртæ. А с æ б е. Мухтартæм? Хъазгæ кæныс æви? 3 æ р и н æ. Ныронг ахъазыдтæн Бохъийæ æмæ æгъгъæд фæуæд. А с æ б е (фырцинæй). Мæнæ фæдисы хъæр!.. Фæлæуу-ма, æмæ Бохъи дунейы лæвæрттæ куы’рцæттæ кодта уæ хæстæджытæн. 3 æ р и н æ. Нæ хæстæджыты номхыгъд ын мæхæдæг ныффыстон. Барæй. А с æ б е. Цæмæн? 3 æ р и н æ. Иуæй мæ фæндыд, цæмæй Бохъи йæ машинæ ауæй кодтаид æмæ дзы æгуыстæй дзæгьæл лекка уæдаæр мауал кодтаид. Разыйы дзуапп ын кæй радтон, уымæй та фæлвæр — дтон Мухтары. Адæймагæн йæ хъæдгомыл ныллæуу æмæ 105
бæстон рабæрæг уыдзæн, цы у, уый. А с æ б е. Æмæ раиртæстай, Мухтар цавæр у, уый. 3 æ р и н æ. Раиртæстон, сыгъдæгзæрдæ кæй у, æфсармджын. Бохъи æмæ йæ Дыгыза та куыйты хæринаг бакодтой æгас хъæуы’хсæн. Тугъанты чындзæхсæвы, дам, фыррасыгæй йæ цыппæртыл... Уымæн та уыцы чындзæхсæвы йæ къах дæр нæ уыд. А с æ б е. Горæты йæ мады мад фæрынчын, æмæ уыцы дыууæ боны уым уыд. 3 æ р и н æ. Ноджы йæ саубыны хæлд схуыдтой Чачæйы тыххæй. Мухтар та йæхи æмбæхсы уыцы чызгæй. Гъемæ уадз ныр Бохъи æмæ йæ мад бамбарой, искæуыл цъыфкалæнтæ кæнын циу, уый дæр. А с æ б е. Æгайтма бамбæрстай æппæтдæр, Зæринæ! Гъе’рмæст Бохъитыл ацы хабар куы сæмбæла... 3 æ р и н æ. Сæмбæлд сыл афонмæ. Æрдæбон се’рвадæлты чызгæн бамбарын кодтон хъуыдадг. Фæлæ мæм диссаг кæсы, Бохъи йæ машинæ куы нæ ауæй кодта, уæд цæмæй балхæдтой уыйбæрц лæвæрттæ? А с æ б е. Чи сын цы зоны! Фæлæ-ма зæгъ æнæгæдыйæ, де’цæг гуырæн бон кæд у? 3 æ р и н æ (ныххудт). Бирæ рæстæг ма йæм ис. А с æ б е. Æмæ уæдæ айфыццаг... 3 æ р и н æ (ныхас исгæйæ). Айфыццаг мæ бафæндыд базонын, Мухтар куыд баххæст кодта йæ дзырд уæ нозты тыххæй. А с æ б е. Æмæ куы нæ банызтам. Ды та уæдаæр Мухтарæн цæхгæр дзуапп... 3 æ р и н æ (ныхас исгæйæ). Мæ зæрдæ йыл бынтон нæма дардтон. Адæймаг йæ масты ныхмæ фæлæууын куыд бафæраза, уый у йæ сæйраг фæлварæн. А с æ б е (бахудт). Диссаг дæ, æвæдза. Уæд æй нозтæй фæл— вæрдтай, ныр та мастæй? 3 æ р и н æ . О, фæлæ ды нæма цæуыс уæхимæ? Мæ хо Дибæ æнкъард кæны. А сæ б е. Раст зæгъгæйæ, мæ уагыл бынтон нæма дæн, фæлæ... 3 æ р и н æ (ныхас исгæйæ). Фæлæ сæйрагдæр уый у, Асæбе, æмæ уал дæ зонд дæ тæссаг монцтыл кæй фæуæлахиз. Дарддæр та дæхицæй кæнгæ уыдзæн æппæтдæр. А с æ б е. Хъуамæ ног фæндагыл слæууон Дибæимæ. Тæригъæд ын кæнын. Амондмæ йæ расайдтон æмæ йæ 106
фыдæнхъæл фæкодтон. 3 æ р и н æ. Куыд æхсызгон мын у, Асæбе, дæ уыцы ныхæстæ хъусын! А с æ б е. Уый тыххæй раарфæ кæн Мухтарæн. 3 æ р и н æ. Газеты редакцимæ дæр дæ агурынц фæстæмæ. Сæ куыст нывыл нал цæуы æнæ дæу. А с æ б е. Раздæхдзынæн сæм. Газеты фæрстыл самайдзынæн карз тох, бынсæфт нæ чи кæны, уыцы фыднозты ныхмæ. Ныр та уал Мухтарæн фехъусын кæнон хъуыддаг. Фæлæ тæрсын, фырцинæй йæ зонд куы фæцæуа. Цыма кæ — дæмдæр ауад. Ссарон æй. (Ацæугæйæ.) Ныр Бохъийыл ахуддзыстæм мах дæр. 3 æ р и н æ (хъæлдзæгæй).. Ногæй!.. Ногæй та хъарм хур скæсдзæн мæ хойыл! Мæ уарзты æлхынцъ дæр райхæлдтон абон! Амондджын бон! (Ацыд.) Б о х ъ и (фæзынд мæстыйæ). Хынджылæг мæнæй?! Кæй дзы аууилон æмæ ату кæнон?! Бастыгъта мæ Мухтар! Байста мын мæ бирæ капиталтæ! Мæ хæмхудты коммерци! Уæвгæ, Зæринæйы аххос у! Уый йын сæ балæвар кодта! Цъаммар сыл! Фæфæсмон кæндзæн, фæлæуу! Сæ хæдзарыл арт бафтаудзынæн! (Уынджы æрбацæуы Чачæ, цæстæнгасæй кæйдæр агургæйæ.) Кæй агурыс, Чачæ? 4 а ч æ. Ме’рвад Мухтары. Хочу выяснить кое-что. Сырдæй, дам, æнæниздæр у, мæ разы та притворяется нахально. Я проучу его! Б о х ъ и. Хъус-ма, дæ ныййарджытæ цы кусæг сты? Ч а ч æ. Мамæ — завкоммерческим кафе в районе, мæ пахан та крупный предприниматель. Ис æм егьау цех спиртных напитков. Арвиты водкæ вплоть до Камчатки. Б о х ъ и. Æллæх, æллæх! Дæу йедтæмæ ма сын цот ис? Ч а ч æ. Нæй. Æмæ мын горæты персонально дыууæ уаты балхæдтой. Б о х ъ и. Ай æцæг капитал куы дæ, Чачæ! (Иуварсмæ.) Гъер мæ нæ ирвæзт?! (Чызгмæ.) Университеты ахуыр кæныс?! Ч а ч æ. Да ну его! Алы философитæ æмæ дзы математикæтæй мæ сæр сдзæгъæлтæ ис æмæ йæ покинула. Б о х ъ и. Чачæ, нычъчъыртт кæнæм æппæтыл дæр æмæ ысиу кæнæм нæ хъысмæт. Ч а ч æ. Что, что?! 107
Б о х ъ и. Иу "что" дæр нал! Ч а ч æ. Æмæ Зæринæ та? Нал æй курыс? Б о х ъ и. Нал! Ныууагътон æй. Уымæн æмæ дæ уарзтæй мæ зæрдæйы цы цъæх арт ыссыгъд, уымæн ахуыссæн нал ис. Тæрсын, бынтондæр дзы куы басудзон. Æмæ дæ аскъæфдзынæн ныртæккæ! Ч а ч æ. Скъæфгæ?! Кæдæм? Б о х ъ и. Горæтмæ, раст дæхи дыууæ уатмæ! Ч а ч æ (фæтыхст). Æмæ... афтæ тагъд? Б о х ъ и. Уæдæ ма цæмæ у каст? Мухтармæ дæ хъус мауал дар. Амардис, рухсаг уæд. Ч а ч æ. Амардис?! Б о х ъ и. Дæуæн! Цæй-ма, Чачæ! Ч а ч æ. Ужас, куыд сцæхæр дæ! (Тайы йæ разы.) Какой ураган чувств! Надо же?! Вскружил мне голову! Да ну тебя, Боки! Б о х ъ и. Чачуля! Дæ хæстæджытæн ныридæгæн мæ лæвæрттæ цæттæ! Алкæмæн дæр дзы дыууæ метры æмæ духи, цыууæ метры æмæ духи! Асæбе (фæзынд) Бохъи!... (Иуварс æй акæны, сусæгæй). Милицæ дæ агуры. Б о х ъ и (фæтарст). Ц-цæмæн? А с æ б е. Цы ми бакодтай?! Хъобангомы дукани фæкъахтай? Б о х ъ и. Чи, æ-æ-æ-ззз?! А с æ б е. Баджигул уæм кодтой. Дуне хъуымацы тынтæ æмæ уæм духиты асыччытæ ссардтой. Б о х ъ и. Гъерри-гъа! Уыдон мæ чындзæхсæвмæ балхæдтон! Мæ каистæй алкæмæн дæр дыууæ метры æмæ духи, дыууæ метры æмæ духи. А с æ б е. Уе скъæты цы гал ссардтой, уый дæр æлхæнгæ бакодтай? Б о х ъ и. Уæдæ нæ?! А с æ б е. Ма сай! Йæ хицау æй атардта. Куырттаты комæй у уый та. Б о х ъ и. Атардта?!.. (Рафыхт йæ маст.) Уæртæ Зæринæйы аххос у æппæтдæр! Ахæм номхыгъд мæм æрбарвыста! Сæ мæлинаг зæрæдтæй дзы — Барастыры æнæхъæн дивизи! Стæй мæ сæрджын гал дæр ссарын хъуыд! А с æ б е. Цом, милицæ дæ фалæмæ ласы. Б о х ъ и. Уый мæн?! Мæ фыды’фсымæр чи у, уый нæма зонынц, æвæццæгæн! Аууилдзæн сæ æмæ сæ ату кæндзæн! 108
Стæй, æппынфæстаг!.. Чи нæ давы ныртæккæ?! Уæдæ ма демократи цæмæн у?! Йе’нæкæрон бартæй дзы мæнмæ æппын ницы хауы?!.. (Æвиппайды йæ гуыбыныл фæхæцыд.) Æллæх! А с æ б е. Цы кæныс? Дæ гуыбын?.. Б о х ъ и. Ахæм цыдæр... Сæфын! Кæй цæхæрадонмæ?!.. (Чызгмæ.) Чачæ, чысыл мæм фæлæуу ам. (Асæбемæ.) Ды та фесæф! Нæ мæ федтай! (Фæаууон.) (Фæссценæйы ссыд, Бохъийыл йæхи чи ныццавта, ахæм хъæхъхъаг куыдзы рæйын.) А с æ б е. Бахордта йæ куыдз! Ма йæм æвнал, Джульбарс, фесафдзæн дæ! (Фæаууон уыцырдæм.) Ч а ч æ (иунæгæй). Что за суета?... Ладно уж. Пузатенький он, фæлæ ницы кæны, сойдет на худой конец... Гъе стæй диссаджы рабочий конь базарæй хæринæгтæ хæссынæн!. Чи зоны, научится готовить и стирать тоже. Ну, домработник! Шик!... А вдруг зарычит? Ни шиша! Æхцатæй заткну ему глотку и будет тих, как копченая рыба. (Ныххудт.) Бедняжка! (Йæ хызынæй систа коньячы авг æмæ кувы уæлæмæ.) О Аллах всемогущий, фæрæстмæ кæн мæ фæндаг хотя бы с этим хытъынджынимæ! Къæсхуыртæ мæ аимæ цæргæйæ дæр никæдæм аирвæздзысты, уыдоны мæхи бар уадз. (Ахуыпп кодта авджы хъуырæй æмæ йæ нывæрдта фæстæмæ хызыны.) Б о х ъ и (фæзынд, йæ хæдон у иууыл скъуыдтæ, æнæ дыс). Лидзæм, Чачæ! Дæлæ уынджы фæзилæны мæ машинæ! Д ы г ы з а (æрбацыд фæдисонхуызæй). Лæппу! Бабын стæм! Б о х ъ и (мæстыйæ). Дæ аххосæй! Ды мæ сцыбæл кодтай Зæринæйы тыххæй! (Бауад æм, сусæгæй.) Цæй! Æз мæ фыды’фсымæры фенон горæты. Уыцы пъагонджынтæ дæ куы фæрсой — нæ зоныс, кæм дæн, уый! Д ы г ы з а (сусæгæй Чачæйæ). Ацы дзæгъæлхæтæг та демæ цæмæн ис? Б о х ъ и. Уый дæ чындз у ныр. Скъæфгæ йæ кæнын. Д ы г ы з а (йæ уæрджытæ серхоста). Мæ арт бауазал! Мæхи амардзынæн! Фæлтау дæ æрцахсæнт! (Хъæр кæны фæссценæмæ.) Милицæ-æ-æ!.. Б о х ъ и. Ныхъхъус у! (Йæ дзых ын ахгæдта армæй.) (Хъæлæбамæ фæзындысты Сыхаг лæппу йе’мбалимæ, стæй чызг æд фæндыр æмæ Бохъийы дыууæ лымæны.) Æдзух хъæздыгдзинæдтæм бæллыс, афтæмæй та мæ хъыгдаргæ 109
кæныс! Чачæйы ныййарджытæ чи сты, уый ды нæ зоныс! Д ы г ы з а (йæхи дзы атыдта). Нæ мæ хъæуынц сæ чызгимæ уæртæ! Б о х ъ и. Сæ разы ды цъæх гæлæбу дæр нæ дæ, мамань! Ницы дæ! Д ы г ы з а. Цы загътай?! Уыдоныл мæ ивыс, æнаккаг?! (Йæ риумæ йын балæбурдта æмæ йæ ныццавта.) Ч а ч æ. Да не трепыхайся, мамуля! (Асхуыста йæ Бохъийæ иуварс.) Чао! (Фæсивæд ныххудтысты.) Д ы г ы з а (Бохъимæ та баппæрста йæхи). Нæ дæ ауадздзынæн! Фесæфдзынæ бынтондæр! Б о х ъ и. Не терепыхайся, байрæджы уыдзæн! Чао! (Чи ныххудт, уыцы фæсивæдмæ.) Не терепыхайтесь! (Стæй залмæ фæзылдта йæхи.) Не терепыхайтесь! (Чачæмæ.) Рæвдздæр, Ча — чуля! (Фæаууон.) Д ы г ы з а. Раздæх, æнамонд!.. Цы бакодтон мæхицæн! (Ацæуы йæ фæдыл.) Сыхаг лæппу. Чи цы кæны, уый йæхицæн кæны! Ч а ч æ (усæй). Замманай кухарка! Мæ лоторея рамбылдта крупно! А с æ б е (æрбацæуы). Чызг, кæдмæ цуан кæндзынæ ам? Ч а ч æ. Чи цуан кæны?! Чихала крупно дæ Мухтарыл! А с æ б е. Уæдæ нæ фервæзын кæн дæхицæй. Ахъуытты у а хъæуæй! Ч а ч æ (фыддæрадæн). Мæнæй уын фервæзæн нал ис, господин! Уымæн æмæ æз дæн уæ сомбон! Уæ фæстаг мæнмæ нæ цæуы æви?! Уæ куыйтæ дæр мыл нал рæйынц. Тагъд фер — вæздзыстут уе’гъдæутты згæ рæхыстæй. Стыр цивилизаци наступает с Америки! Æз та дæн ее дыхание в вашу жизнь! Хъахъхъæнут! Прощай, Алания! Чао! (Ацыд.) А с æ б е (йæ фæдыл). Нæ! Нæ бауадздзыстæм дæ улæфт нæ цардмæ! Дæ ном худинагыл нымайдзыстæм кæдаæридаæр! (Сценæйы фæйнæрдыгæй фæзындысты Мухтар æмæ Зæринæ.) ~ } (кæрæдзимæ сындæггай бацæуынц заргæйæ). Цыдæр мыл æрцыди дæ уарзтæй, мæ хур, Фырсагъæсæй зилы мæ сæр, гъей! 110
Дæ сурæт мæ разы куы лæууы æдзух - Мæ риуы ыссыгъта цæхæрг гъей! М у х т а р. Цæмæн мын бавзарын кодтай уыцы тухитæ, Зæринæ?! Загътон, мæ зонд фæцæудзæн! 3 æ р и н æ (ныххудт). Хъæугæ дын кодта! М у х т а р. Уæдæ мын ибон кæй хорз миниуджытæ нымадтай? 3 æ р и н æ. Æнæмбаргæ дæ æмæ нæ базыдтай дæхи миниуджытæ. М у х т а р (фырцинæй). Бæстæ ныррухс бынтондæр! Цыдæр алæмæты бон у, Зæринæ! А с æ б е. Дæ хъизæмæрттæ кæй нал уындзынæн, ме’рдхорд! Æрдæбон дæ мадæн загътон, чындзæхсæвмæ цæттæ кæнын хъæуы, зæгъгæ, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ адзæбæх. Хуыссынмæ, дам, мæ нал æвдæлы. 3 æ р и н æ. Уый йын æз бауагътон йæ хъусы, цæмæй схуыссыдаид рынчыны æфсонæй æмæ мæнæ йæ лæппуйы дзæгъæл митæм мауал равдæлдаид. А с æ б е. Уæдæ ныл ацы ран дæр хинæй рацыдыстут? Гъемæ уын стыр бузныг зæгъæм! Мухтар, амæй фæстæмæ та чи кæндзæн хæдзары утæппæт куыстытæ? М у х т а р. Æз, Асæбе! Æз, ноджы разæнгармæрæй, мæнæ Зæринæимæ! А с æ б е. Гъемæ амондгукын ут! (Иннæтæм.) Ныр та уал сын иу кафт! Фæндыр! (Чызг æрцагъта фæндырæй, иннæтæ æмдзæгъд кæнынц. Кафынц Мухтар æмæ Зæринæ.) Æмбæрзæн 1995 аз. 111
ПАДДЗАХЫЧЫЗГ Иуактон комеди АРХАЙДЖЫТÆ: П а д д з а х, аланты паддзах Мулдар, 60-аздзыд. 3 æ и д æ, йæ чызг, 18-аздзыд. Д и ф æ, сæ лæггадгæнæг чызг, 19-аздзыд. М ы т ъ о, сæ лæггадгæнæг лæппу, 23-аздзыд. 3 а р б е г, мæгуыр лæппу, 22-аздзыд. Д а л у, зæронд ус, дæсны, 70-аздзыд. Б а д е, паддзахы фæсдзæуинтæй иу, 50-аздзыд. Б е къ о \ Д з æ б е \ хъæздыг усгуртæ, 21 азы онг. Б о б о ) Æртæ чызджы паддзахы галуаны лæггадгæнджытæй æмæ ма чидæртæ. 112
ПРОЛОГ Хæххон æрдз. Къæдзæхы сæрыл æд ехс лæууы паддзах Мулдар, фахсыл та — йæ фæсдзæуин Баде æмæ йæ лæггадгæнæг Мытъо. П а д д з а х. Æвæдза, ай диссаджы ран у. Цас зыны ацы бæрзондæй мæ бæстæйæ! Дæлæ мæ галуан æмæ кæрт та раст цыма мæнæ мæ армы тъæпæны æвæрд сты. (Бахудт.) Ардыгæй, мæ кæрты цыддæриддæр змæлд вæййы, уымæ цæст фæдарæн ис. М ы т ъ о. Ис, ис, нæ цытджын паддзах. ардыгæй дæ кæртмæ арæх дарынц сæ цæст бирæтæ. Гъе’рмæст дæумæ нæ. П а д д з а х. Уæдæ? М ы т ъ о. Дæ чызг Зæидæмæ. П а д д з а х. Чи сты? М ы т ъ о. Усгуртæ, хи-хи! Ардыгæй йæм тæхуды кæнынц. П а д д з а х (ныххудт). Тæхуды кæнынц, зæгъыс? Æмæ ардыгæй цæмæн? М ы т ъ о. Дæ галуанмæ æввахс бацæуын нæ уæндынц. Дæуæй тæрсынц. П а д д з а х. Уадз æмæ тæрсой. М ы т ъ о. О, фæлæ дæ чызгæн йæхи уавæр дæр хуыздæр куы нæу, нæ цытджын паддзах. Нæ йæ уыныс? П а д д з а х. Уынын, йæ чемы кæй нал у бынтондæр. Æнкъард кæны æдзух, арæх йæ цæссыгтæ калы. М ы т ъ о. Цыдæр ыл æрцыд. П а д д з а х. Дæумæ гæсгæ, цы? М ы т ъ о. Уымæй йын йæхи бафæрсын хъæуы. Йæ кары чызг цæмæй хъуамæ стыхса сусæг уарзт йедтæмæ? П а д д з а х (ныххудт та). Сусæг уарзт, зæгъыс?... М ы т ъ о. Уæдæ?! Хи-хи! П а д д з а х (фæтызмæг). Дæ дзых æгæр суагътай, лæггадгæнæг! Æмæ де рагъыл мæ ехсæй æрцæудзынæн! Мæ чызг никæй уарзтæй стыхст нырма! Стæй не стыхсдзæн! Тыхсæнт æмæ хъæрзæнт йæ уарзтæй усгуртæ, фæлæ уый — никуы! Кæй чызг у, уый хорз зоны! М ы т ъ о. Хатыр, нæ цытджын паддзах. Мæ дзыхæн гуыдыр нæ арын æмæ мæ уый сафы. 113
П а д д з а х. Уæвгæ... цæмæн хъæуы дæ гуыдыр? Мæн хъæуы зонын мæ алыварс æппæт хабæрттæ. Б а д е. Уæдæ уæд зон, Мулдар, дæ бæстæ бынтон æнæзмæст кæй нæу. П а д д з а х. Ома? Б а д е. Æлдæрттæ дæм ТЫНг мæсты кæнынц. Нæ бирæ исбон, дам, нын амбырд кæны хъалоны æфсон æмæ йæ арвиты Персы шах æмæ Византийы палдзахæн. Уыдон та, дам, ын æрбарвитынц сызгъæринтæ, гауызтæ æмæ иннæ ахæм зынаргъ дзаумæттæ. М ы т ъ о. Æз дæр фехъуыстон сæ хъаст. Стигъы, дам, нæ нæ зыдгæнаг паддзах. Суанг мæгуыр адæмы дæр ардауынц дæ ныхмæ. П а д д з а х. Уу-у, æфсис чи нæ зоны, уыцы кæфхъуындартæ! Б а д е. Тынгдæр та дæм уымæн мæсты кæнынц, сæ фыртты сын дæ кæртмæ æввахс кæй нæ уадзыс. Йæ чызджы фенд, дам, сын хæлæг кæны. П а д д з а х. Зонын, уый сæ бынтон кæй æрра кæны! Б а д е. Омæ сæ цæуылнæ уадзыс? П а д д з а х. Цæмæн хъуамæ агайой мæ чызджы зæрдæ? Уыдонæй йæ никæмæн саккаг кæндзынæн уæддæр. Ратдзынæн æй Персы æрыгон шахæн. Науæд, чи зоны, Византийы пад — дзахы фыртæн. Сæ дыууæйы дæр фæнды мемæ бахæстæг кæнын. Бирæ цæмæйдæрты мын зæрдæтæ æвæрынц. Гъе фæлæ уæддæр мæ чызг цы кæны?.. (Мытъомæ.) Лæггадгæнæг, æвæ — стиатæй ссар уыцы зындгонд дæсныйы. М ы т ъ о. Далуйы? П а д д з а х. О, æрбахон æй нæхимæ. (Мытъо фæаууон.) Æз æмæ ды та, Баде, иучысыл азилæм не’лдæрттыл. (Бадеимæ ацæугæйæ.) Акса-ма уыцы хæдмæлхортæм! (Æрбацæуы усгур Бекъо, къæдзæхы сæрмæ ссæуы æмæ паддзахы кæртмæ кæсы.) Б е к ъ о. Нæ паддзахы хъал чызг! Цымæ йæ фыдимæ сæхицæн цы’нхъæл сты? (Æрбацæуы иннæ усгур Дзæбе, ссæуы уый дæр къæдзæхы сæрмæ æмæ кæсы уыцырдæм.) Д з æ б е. Зæидæ нæ, фæлæ хъызт зымæг! Нырма, дам, мидбылты никуы бахудт. (Æрбацæуы æртыккаг усгур Бобо, ссæуы уый дæр къæдзæхы сæрмæ.) 114
Б о б о. Æмæ кæмæ бахуда, кæд никæй уыны?! Хæхтыстæн, куырм у. Б е к ъ о. Рæдийыс, Бобо, цæстæй хорз уыны, гъе’рмæст нæлгоймæгты нæ. Д з æ б е. Дæлæ та рацыд сæ кæртмæ уыцы æнкъардæй. Б о б о. Цыма æппæт бæстæйы сагьæстæ йæ зæрдæйы сæмбырд сты! Д з æ б е. Йæ хæлар чызджытæ йыл куыд узæлынц! Б е к ъ о. Уыдон сæ лæггадгæнæг чызджытæ сты. Б о б о. Ехх, анассæнæ, уыдонæй фест! Æз ыл аузæлин, бæргæ! Йæ гæлæбутæ йын цъæх арвмæ стæхын кæнин. 3 а р б е г (æрбацæуы бызгъуыр дарæсы æмæ хъæздыг усгуртæм уæлæмæ кæсы, худгæйæ). Гъе мæгуыр уæ бон! Уыцы бæрзондæй та уæ былыцъæрттæ куы хæрут паддзахы чызгмæ! Б е к ъ о (фæмæсты). Цæй-ма, чи хæры?! Д з æ б е. Йæ мæтæй мæлын! Б о б о. Хур боны йæ зæй фæласæд! Б е к ъ о. Фæласæд æй! (Æртæйæ дæр, кæдæм кастысты, уырдыгæй иннæрдæм азылдтой сæхи.) 3 а р б е г. Цæй, уæхицæн тыхми цы кæнут? Б е к ъ о. Хъус-ма, гæвзыкк! Ды хорз куы зоныс, мах, æппæт усгуртæ, кæй баныхас кодтам, цæмæй нæ Зæидæйы’рдæм кæсгæ дæр макуы мачи бакæна. Д з æ б е. Уадз баззайа йæ тызмæг фыды уæларт! Б о б о. Урс дадалитæ дзы куыд æруадза! Б е к ъ о. Æмæ фæсмонæй йæхи куыд хæра! Б о б о. Хæхтыстæн, йæ риуы йын зæрдæйы бæсты чидæр уазал дур бавæрдта. 3 а р б е г. Нæ, Бобо, йæ риуы уарзты цъæх арт судзы. Б е к ъ о. Цы, дам, цы, дам?! Б о б о. Арты цæхæры йæ куы баппарай, уæд ыл иу зынг куы нæ фæхæцдзæн. Д з æ б е. Уый бон судзын у æви?! 3 а р б е г. Уæдæ-ма сæ лæггадгæнæг Мытъойы бафæрсут. Б е к ъ о. Мытъойы? Уый та йын цы’мбары? 3 а р б е г. Æмбары, æвæццæгæн. Д з æ б е. Цæй æмæ уæдæ кæй бауарзта Зæидæ афтæ тынг? 3 а р б е г. Гъе уый нæма рабæрæг. Чи зоны, уæлæ уæхицæй исчи у. 8. ÆНÆНЦОЙ ЗÆРДÆ 115
Б е к ъ о. Нæхицæй? Д з æ б е. Ау?!.. (Æртæ усгуры кæрæдзимæ фæрсæгау бакастысты, кæцы нæ у чызджы равзæрст, зæгъгæ.) Б е к ъ о. Искуы дæ федта, Дзæбе? Д з æ б е. Йæ фыд балцы куы уыдг уæд иу хатг сæ рæзты æрцыдтæн. Б о б о. Æз дæр. Д з æ б е. Ацæргæ хъахъхъæнджытæ лæууыдысты сæ кæрты, чызг та уынгмæ ракаст. Б е к ъ о. Æз та æрæджы æрцыдтæн сæ рæзты. Зæидæ æддæмæ касти... Д з æ б е. Чи зоны, мæн агуырдта цæстæнгасæй. Б о б о. Кæнæ мæн. Б е к ъ о. Цæй-ма, мæн уынгæйæ ма сымах агуырдтаид?! (Æртæйæ дæр паддзахы кæрты’рдæм фыццагау азылдтой сæхи.) Рухс ахуыссыд СÆЙРАГАРХАЙД Паддзахы кæрт. Рахизæрдыгæй зыны галуаны иу фарс дуар æмæ асинтимæ. Къæлæтджыны æнкъардæй бады Зæидæ, йæ разы та кафынц Дифæ æртæ чызгимæ. П а д д з а х (æрбацæуы уынгæй, Зæидæмæ). Уыцы æнкъардæй та куы бадыс, мæ чызг. Иучысыл-ма дæхиуыл схæц. мæнæ де’мгар чызджытæ дæуæн кафынц. 3 æ и д æ (фесты). Нæ, баба, кæфтытæй не срухс кæндзыстут мæ зæрдæ. (Кафт аскъуыд.) П а д д з а х. Уагæры цы хабар у? Цæуылнæ мын раргом кæныс дæ мидкатай? 3' æ и д æ. Дæуæн æй мæ бон раргом кæнын нæу, баба. П а д д з а х. Раргом æй кæн уæдæ мæнæ де’мбал чызджытæн. 116
Д и ф æ (Зæидæмæ). Æз та йæ бамбарын кæндзынæн дæ фыдæн. П а д д з а х. Табуафси. Æнхъæлмæ кæсдзынæн уæ ныхасмæ. (Апъа кодта чызджы ныхæн æмæ ацыд галуанмæ.) Д и ф æ. Дзур, æхсин. 3 æ и д æ. Æз... Æз бауарзон æгæрон уарзтæй. Д и ф æ. Уый хатын, æхсин. Гъе фæлæ кæй? 3 æ и д æ. Нæ зонын. Нæма йæ федтон. Д и ф æ. Нæма?!.. (Ныххудт.) Афтæмæй куыд бауарзтай? 3 æ и д æ. Дыууадæс азы мыл цыд, афтæмæй мæ мад æрбахуыдта дæсныйы, Далуйы. Бафарста мын... Зæгъта, мæ чызджы кармæ куы схæццæ уон, уæд мæм цæхæркалгæ амонд æнхъæлмæ кæй кæсы. Кæй мæм фæзындзæн ахæм усгур, уындæй уындджын чи уа, зондæй зондджын, тохы та хъæбатыр. Уæдæй фæстæмæ ахæм сахъгуырды сурæт сæвзæрд мæ сæнтгы. Æстдæс азы мыл сæххæст, фæлæ мæм нæ зыны. Æхсæв мæ фыны мæ цæстытыл уайы æдзух, бонæй та йæм æнхъæлмæ кæсын æмæ кæсын. Æмæ уый нæ, фæлæ нæ фæсивæдæй уынгæ дæр куы никæй кæнын. Цы фесты? Мæ сæнтты цы сахъгуырды сурæт райгуырд æмæ кæй уарзтæй хъæрзын, уый мæм куы нæ фæзына, уæд æз амæлдзынæн. Д и ф æ. Тобæ, æхсин! Тобæ! Мæн фидарæй уырны, нæ фæсивæд дæ уындмæ сæ былыцъæрттæ кæй хæрынц. 3 æ и д æ. Дзæгъæлы дæ уырны, Дифæ. Мæ мæтæй мæлынц æви? Хæрзаг зæгъынц, паддзахы хъал чызджы риуы цæй зæрдæ ис! ’ . ф æ (фæссценæмæ амоны). Уæдæ-ма скæс уæлæ уыцы къ^г;зæхы сæрмæ. Дурты’хсæнæй дæм цал сæры кæсы?! (Зæидæ кæсы уæлæмæ.) Скæс-ма уæлæ иннæ къæдзæхмæ дæр. (Ныххудт.) Хæрзаг сулæфынхъом дæр нал сты! Ды та зæгъыс!.. 3 æ и д æ. Æмæ... аууонæй цæмæн кæсынц? Д и ф æ. Дæ фыдæй хæстæг æрцæуын нæ уæндынц. 3 æ и д æ (фæтыхст). Ацæуон ардыгæй! Д и ф æ (худы та). Ныр та сæ лидзæг фæдæ?! 3 æ и д æ. Уæдæ куыд?.. Нæ, нæ! Не’мбæлы. (Ацыдмидæмæ.) Д и ф æ. Радзурон йæ фыдæн æппæтдæр. (Ацыд уый дæр галуанмæ.) Чызджытæ кафынц сæхицæн, заргæйæ: Цæргæстæ бæрзондмæ куы тырнынц æдзухдæр, Цæхæртæ куы калы сæ цæстыты каст, гъей! Нæ усгур лæппутæ куы кæсынц уæлхохæй, Нæ кæртмæ сæ зæрдæтæ иууылдæр бастг гъей! 117
Бæрзонды нæ цъититæ тайынц та хурмæ, Сæ гуылфгæнгæ дæттæн куы хъуысы сæ зард, гъей! Æрцæут, лæппутæ, æрцæут нæ цурмæ, Ыскæнут, цæй, цинтæйдзаг махæн нæ цард, гъей! Ысамондджын кæнут уæхи дæр æнусмæ,- Ыссара уæ алчи йæхицæн æмбал, гъей! Уæ зæрдæтæ гъе уæд кæддæрид фырбуцæй Уыдзысты, уырнæд уæ, хъæлдзæг æмæ хъал, гъей! (Паддзах рацæуы галуанæй. Чызджытæ, уый фенгæйæ, банцадысты сæ зарын æмæ кафынæй æмæ ацæуынц мидæмæ.) П а д д з а х (хъуыдыты ныгъуылы). Уындæй уындджын чи уа, зондæй зондадын, тохы та хъæбатыр... Кæм ссарæм ахæм сæрæнгуырд? Хъæбатыртæ чысыл нæй, фæлæ сæ чи уындджын нæу, чи та зондджын. Персы шах æмæ Византийы паддзахы фырт дæр уындæй ницы ахæм... Æмæ уæдæ куыд?... Мæ чыз — джы сæнтты цы сахъгуырды сурæт сæвзæрд, уый куы нæ ссарон, уæд амæлдзæн мæ иунæг хъæбул. Гъе’рмæст мæм æндæр фæндтæ уыд, бæргæ. (Æрбацæуынц Мытъо æмæ Далу.) Д а л у. Дæ бон хорз, нæ номдзыд паддзах! ^æ сæрæй йын æркуывта.) П а д д з а х. Æгас цу, Далу, æгас. Д а л у. Цæмæн дæ бахъуыдтæн, дæ фæхъхъау фæуон? П а д д з а х (сбады къæлæтджыны). Мæ хъуы,ддæгтæ мæ зæрдæйы фæндиаг хорз не сты æмæ мæ де’ххуыс бахъуыд. Цæвиттон, кæлдэер мæ чызгæн зæрдæ бавæрдтай цæхæркалгæ амондæй... Йæ сæнтты йын сæвзæрын кодтай цавæрдæр бæрзонд хъуыдытæ, æмæ йæ абон тухæнæй марынц. Д а л у. Уайдзæф мын кæныс, Мулдар? П а д д з а х. Нæ. Баххуыс ын кæн дæ кæлæнтæй, цæмæй йæ бæллицтæ сæххæст уой. Гъе стæй мæ падазахы хъуыддæгтæ дæр... Д а л у. Бамбæрстон æппæтдæр. Ацы ран мæ кæлæнты сæр ницæмæн хъæуы. Ис æндæр фæрæз. П а д д з а х. Цавæр? Д а л у. Цæмæй дæ чызг æмæ дæхи хъуыддæгтæ фæрæстмæ уой, уый тыххæй хъуамæ ссарай дзуаппытæ æртæ базон- базонæн. 118
П а д д з а х (фæджих). Дзуаппытæ æртæ базон-базонæн?! (Ныххудт.) Уый та цæмæн? Д а л у. Алæмæты тых ис уыцы дзуаппыты. П а д д з а х. Æмæ сæ куы нæ ссарон, уæд та? Дæхæдæг мын сæ раргом кæндзынæ? Д а л у. Æз дын сæ куы раргом кæнон, уæд дын ницы феххуыс уыдзысты. Дæхæдæг сæ хъуамæ ссарай, Мулдар. П а д д з а х. Зæгъ уæдæ дæ базон-базонтæ. Рухс ахуыссыд. Æхсæвы тары рухсы тыны зыны паддзах. П а д д з а х. Ахæм диссаг!.. Бон фæцъæх уыдзæн тагъд, æгас æхсæв тухæнтæ кæнын, фæлæ иу дзуапп дæр не’рцахста мæ сæр. Ау, ахæм æнæбон дæн сæрæй? Паддзахы ном куы хæссын. Худинаг, худинаг!.. Æниу кæд уыцы базон-базонтæн дзуаппытæ ссарæн нæй, уæд та? (Фæмæсты.) Далуйы кæ — лæнгæнæг кæм^ер мæ чызджы сагъæсты тухиты бафтыдта, ныр та мын мæхи!... Уæвгæ мæ сæр цы риссын кæнын, нæ хъал усгуртæн цæуылнæ бахæс кæнын уыцы дзуаппытæ сса — рын? Фенон сын сæ сæрæндзинад! (Сиды.) Лæггадгæнæг, райсом æрхон мæ кæртмæ Далу æмæ иу цалдæр усгуры. (Атади рухсы тынимæ.) Сценæ срухс: кæрты къæлæтджыны бады паддзах, йæ фарсмæ та афтид къæлæтджын. Иуварс лæууынц цалдæр хъæздыг усгуры, уым сты Бекъо, Дзæбе æмæ Бобо дæр æд хъаматæ сæ рæттыл. Иннæрдыгæй та — Далу æмæ Мытъо. П а д д з а х. Далу, æз... ссардтон дзуаппытæ дæ базон- базонтæн. Фæлæ сæ нæма зæгъын. М ы т ъ о (хинымæр). Нæ мæ уырны, исты ссардтаид, уый. Хи-хи! П а д д з а х. Хъуамæ уал мæнæ нæ усгурты зондæй бафæлварон. Уыцы дзуаппытæ сæ чи ссара, уый æнæмæнг разындзæн æппæтæй зондджындæр æмæ йын йæ иннæ лæгдзинæдтæм дæр æркæсдзыстæм. Чи зоны, сиахсæн æй саккаг кæнон мæхицæн. Иннæтæ та мæ сæхи хизæнт! (Сценæйы кæронæй æрбазыны Зарбег, хъуынджын худ ын йæ цæстытæ æмбæрзы. Паддзах æй фены.) Чи у уæртæ уыцы мæгуыр та? Куыд æрбауæндыд мæ кæртмæ уыцы хуызæнæй?
3 а р б е г. Нæ цытджын паддзах, ардæм бирæ мæгуыр лæппуты фæнды æрбацæуын, фæлæ сæ мæн йедтæмæ ничи æрбауæндыд. Курын дæ, мæ бызгъуыр дарæсæй ма стыхс æмæ мæ бауадз дæ кæрты алæууын. П а д д з а х. Цы дæ хъæуы? 3 а р б е г. Ницы æппындæр. П а д д з а х. Уæдæ цæмæн æрбацыдтæ? 3 а р б е г. Иугæр уæртæ уыцы сахъ усгурты æрхуыдтай дæ кæртмæ, уæд сын, æвæццæгæн, сæ лæгдзинад фæлварыс. Æмæ мæ æрфæндыд уыдонмæ байхъусын. П а д д з а х. Цæмæн? 3 а р б е г. Кæддæра, зæгъын, сæ лæгдзинæдтæй ницы ис мæнмæ? (Чидæртæ ныххудтысты.) П а д д з а х (бахудт). Дæхи фæлварыс? Гъемæ фæуæд афтæ. (Сиды галуанмæ.) Ракæнут паддзахы чызджы! (Дифæ æмæ иннæ чызджытæ ракæнынц Зæидæйы.) Сбад, чызг. (Зæидсе сбады, паддзахы фарсмæ цы къæлæтджын лæууы, уым.) Цæй, Далу, зæгъ дæ базон-базонтæ. Д а л у. Уæдæ хъусут, нæ сæрыстыр фæсивæд, фыццаг базон —базонмæ: адæмæй чи схизы æппæтæй бæрзондаæр? Б е к ъ о. Æз! Æз, нæ цытджын падл,зах! Æрæджы уæлæ уыцы хохы цъупмæ схызтæн. Д з æ б е. Ницы йæм схызтæ, Бекъо. Хъавыдтæ, фæлæ иучысыл куы схызтæ, уæд дæ сæр разылд æмæ уызынау фæстæмæ æртылдтæ. (Зарбег ныххудт хъсерæй. Иууылдæр æм бакастысты, семæ уæд йæ худын æрбайсæфт.) Б е к ъ о (мæстыйæ). Дзæбейы хахуыргæнæг!.. Б о б о. Хахуыр нæ кæны, Бекъо. Хæхтыстæн, æз дæр уым уыдтæн уыцы сахат. П а д д з а х (Бекъомæ). Æмæ цы нысанæн хызтæ хохы цъупмæ? Б е к ъ о. Æрдзæй мын лæвæрд у бæрзондмæ тырнындзинад. Д з æ б е. Ницы дын у лæвæрд. Уайтагъд дзы куы фæсæрзилæджджын вæййыс. Ц о б о. Уыцы цъупмæ та, нæ разы цы чызджытæ уыд, уыдоны цæстмæ хызтæ. Фæлæ фахсыл куы ’ртылдтæ, уæд уыдон пыррыччытæгæнгæ фæаууон сты. 120
Б е к ъ о. Мæнæ цытæ мысынц æнæфсæрмæй! П а д д з а х. Цæй, æндæр дзуапп уæ никæмæ ис? Хуыздæр ахъуыды кæнут уе’ппæтдæр. Паузæ. Д з æ б е. Нæ зонын, чи схызтаид тæккæ бæрзонддæр цъупмæ. Б о б о. Хæхты фæхстæ æгæр лæгъз æмæ æнахъинон хæрд сты. Д а л у (бахудт). Хæхты цъуппытæ ацы базон-базонмæ æппындæр ницы бар дарынц. Д з æ б е. Ау?.. Б о б о. Уæдæ ма кæм ис бæрзонд?.. Цъæх арв? Д з æ б е. Æмæ уырдæм та маргъ йедтæмæ чи стæхдзæн? П а д д з а х (иннæ усгуртæм). Цæй, цы зæгъут сымах та? (Уыдон дæр сæ сæртæ æруагътой.) Зæгъ сын уæдæ дæ дыккаг базон-базон, Далу. Д а л у. Адæймагæн фæндæгты ’хсæн æппæтæй зындæр ссарæн кæцы у? Д з æ б е. Фæндæгты’хсæн? Д а л у. О, цæуын дæр ыл афтæ зын у. Б о б о. А-а-а! Уый зонын æз! Нæ цытджын паддзах, бахатыр кæн, фæлæ æппæтæй зындæр ссарæн фæндаг у уæртæ дæ чызгмæ! П а д д з а х. Мæ чызгмæ? (Ныххудт, ныххудтысты Далу æмæ ма чидæртæ дæр.) Б е к ъ о. Æз дæр зæгъын афтæ! Д а л у. Нæ, лæппутæ, ацы базон-базонмæ дæр та, сымах цы фæндагæн æхъæл стут, уый ницы бар дары. Б о б о. Ау, уæдæ ма, æз кæмæй зæгъын, уыцы фæндагæй зындæр ссарæн а зæххыл æндæр ис? П а д д з а х. Ахъуыды та кæнут хуыздæр. Паузæ Б о б о. Нæ зонын уæдæ, кæм ма цавæр фæндæгтæ ис. Кæдæм?.. Æз нæ комæй дарддæр никуы уыдтæн. Д з æ б е. Æз дæр. Б е к ъ о. Æз дæр. П а д д з а х (иннæтæм). Сымах дæр? (Уыдон ницы дзурынц.) Зæгъ, Далу, де’ртыккаг базон-базон. Д а л у. Адæмы’хсæн æппæтæй тыхджындæр чи у? Б е к ъ о (фæрæвдз та). Уый нæ цытджын паддзах Мулдар! 121
Д з æ б е. Ог о, Мулдар! Б о б о. Ай-гъай! Д а л у. Нæ, лæппутæ, æппæтæй тыхджындæр хицæуттæ не сты. Д з æ б е. Уæдæ уæнгты тых æмæ хъаруйæ?.. Уæд æппæтæй тыхджындæр у богал. Б о б о. Хæхтыстæн, æз дæуæй раздæр ахъуыды кодтон афтæ, Дзæбе! Б е к ъ о. Нæ, хуыцæуттыстæн, æз уæ дыууæйæ дæр раздæр сдзуринаг уыдтæн "богал"! Д а л у. Уый дæр та раст дзуапп нæу. Б е к ъ о. Нæу?! Д з æ б е. Арвыстæн, уæдæ нæ зонын... М ы т ъ о (хинымæр). Хи-хи, иу мыст дæр не’рцахста сæ къæппæг. Б о б о. Ау, богалæй тыхджындæр чи хъуамæ уа? П а д д з а х. Зондæй тыхджындæр куы уаиккат, уæд æй базыдтаиккат! Б е к ъ о. Нæ цытджын паддзах!.. П а д д з а х (ныхас исгæйæ). Æгъгъæд! Амæй райсоммæ уын дæттын рæстæг! Куы нæ ссарат уыцы æртæ дзуаппы — мæ бæстæйæ уæ фæсурдзынæн! Сымах хуызæн къуымыхзонд адæймæгтæ кæй хъæуынц?! М ы т ъ о (хинымæр). Цымæ нæ паддзах йæхи та кæцытæй хоны, хи-хи?! П а д д з а х (усгуртæм). Цæугæут! (Усгуртæ сæргуыбырæй ацæуынц. сæ фæстæ фæцæуы Зарбег дæр, фæлæ ма æрлæууыд, фæстæмæ ракаст Зæидæмæ æмæ ацыд.) 3 æ и д æ. Баба, уыцы лæппутæн дæ тæрхон æгæр карз нæу? Д а л у. Ахæм базон-базонтæн дзуаппытæ чи не ссара, уыдоны дæ бæстæйæ куы сурай, уæд дæ æгæр бирæ адæм фæсурын бахъæудзæн, Мулдар. Мытъо (сирвæзт дзы). Суанг дæхæдæг дæр... (Ферхæцыд.) П а д д з а х. Цы мæхæдæг дæр?! М ы т ъ о (æфсонсен). Дæхæдæг дæр, зæгьын, фæфæсмон кæндзынæ. Дæ бæстæйы куы ничиуал баззайа, уæд ма кæмæн уыдзынæ паддзах? П а д д з а х (Далумæ). Ау, уыйбæрц къуымых адæм ис мæ бæстæйы? 122
Д а л у. Æдаагон знæгтимæ тохы дæ адæм гуырымыхъ тыхæй тыхджын сты, нæ номдзыд паддзах, фæлæ æрхъуыдыдзинадæй та!... М ы т ъ о (сирвæзт та дзы). Æцæг, æцæг! Дæхæдæг дæр... (Ферхæцыд.) П а д д з а х. Цы мæхæдæг дæр?! М ы т ъ о. Дæхæдæг дæр æй, зæгъын, куы федтай æрдæбон. П а д д з а х. Цæвиттон, цыдæр дæлгоммæ уайдзæфтæ!..Дæ бынат зон, лæггадгæнæг! Д а л у. Хъыг дын ма уæд, нæ номдзыд паддзах, фæлæ дæ бæстæйы адæмы ницæуыл ахуыр кæныс æмæ сæ хъуыды уымæн нæу арф. Стæй сæ сурыны бæсты хъуамæ кæрæдзиуыл æмæ дæхиуыл æнгом бæттай. Нæ алыварс цы знæгтæ цæры, уый куы зоныс. Æдасдзинад та адæмæн сæ иудзинад хæссы. П а д д з а х. Зонын æй, Далу. Д а л у. Уыцы базон-базонтæн æцæгæй ссардтай дзуаппытæ? П а д д з а х. Базондзынæ йæ фæстæдæр. Ныр та уал æхсызгон хъæуы де’ххуыс мæнæ мæ чызджы. Д а л у. Дæ чызджы амонд дæр уыцы дзуаппытæй аразгæ у. П а д д з а х. Ау, уыйбæрц алæмæты тых дзы ис? Уæдæ уæд ме’ппæт бæстæйы адæмы сæ сæртыл слæууын кæндзынæн, цæмæй зæрондæй, æрыгонæй агурой^уыцы дзуаппытæ. Д а л у. Уый агъоммæ уал сæ хъуамæ дæхæдæг ссарай. П а д д з а х. Æз падазах дæн, Далу. Алцы мæхæдæг цæмæн хъуамæ кæнон? Мæ адæм ма цы кусдзысты? Æз хъуамæ уынаффæтæ кæнон, æххæст та сæ хъуамæ уыдон кæной. (Мытъо та цыдæр сдзурынмæ бахъавыд, фæлæ йæ дзыхыл фæхæцыд.) Д а л у (бахудт). О, Мулдар, Мулдар! Ныр ноджы тынгдæр æмбарын, уыцы базон-базонтæн дæ дзуаппытæ кæй æрдомдтон, уымæй тынг раст кæй бакодтон. Цæй, æз уал цæуын. П а д д з а х. Райсом дæр дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, Далу, уыцы лæппуты æрбацыдмæ. Афæндараст у. (Далу паддзахæн йæ сæрæй æркуывта æмæ ацæуы.) 3 æ и д æ. Баба, бар ратт, цæмæй ацæуон мидæмæ. П а д д з а х. Цæмæн та дæ ахæм æнкъард, Зæидæ? Цы дын нæ фаг кæны, паддзахы чызг, цы?! Æппындæр ма тыхсгæ ма кæн... Дæхи та аирхæфс мæнæ де’мбал чызджытимæ. М ы т ъ о. Æрмæст чызджытимæ кæдмæ ирхæфсдзæн йæхи? Д и ф æ. Мытъо раст зæгъы, нæ цытджын паддзах. Искуы 123
фендзыстæм, цæхæрцæст лæппутæ куыд кафынц, уый? Тынг фæнды мæнæ æхсины дæр æмæ мах дæр... П а д д з а х (ныхас исгæйæ). Цæй, цæй! Лæппутæн хиирхæфсынæн мæ кæрты бынат нæй! Кафгæ уæхæдæг! Персайнаг кафт! (Ацыд мидæмæ.) М ы т ъ о. Гъер марадз!.. Суанг мæн дæр нæ уадзы семæ кафын. (Чызджытæ æнкъардæй персайнаг кафт кæнынц.) Рухс ахуыссыд. Къæдзæхы раз та. Мæстыйæ æрбацæуынц Бекъо, Дзæбе æмæ Бобо. Б е к ъ о. Нæ фæлæ куыд цъаммар стут! Паддзах æмæ мæ йæ чызджы раз цытæ фæдзырдтат!.. (Схъæрзæгау кодта.) О, дыууæ сафинаджы! Д з æ б е. Æцæгдзинадæй цы уыди, уый загътам. Б о б о. Ай-гъай! Б е к ъ о. Куыд фæсмон кæнын, сымах æлгъаг митæ уым хурмæ кæй нæ ракалдтон, ууыл! Д з æ б е. Цавæр æлгъаг митæ?! Б е к ъ о. Æддагон знæгтæ нæм куы’рбабырстой, уæд дæуау мæ уæлæ зæронд усы къаба скодтон æмæ сылгоймæгты фæстæ бамбæхстæн?! Д з æ б е. Чи бамбæхст, æз?! Б е к ъ о. Ды, ды, хуыцæуттыстæн! Ныр та дæ паддзахы сиахс суæвын æрфæндыд, цæмæй уый фæстæ дæхæдæг ысуай нæ паддзах?! Д з æ б е. О бæрзонд арв, æрцæв æй рæвдздæр, цалынмæ ма ноджыдæр сæнттæ нæ фæцагъта! Б е к ъ о. Æрцæвæд дæу, дыдзæсгом! Мæнæ мын Бобойæ та цытæ фæдзырдтай, хахуыргæнæг?! Гуымыдза гал йедтæмæ йæ хонгæ дæр куы ницы кæныс. Б о б о. Уый æз — гуымыдза гал?! Б е к ъ о. О, ды! Уæдæ æз?! Б о б о. Дзæбе, хæхтыстæн, ды чи дæ, уый зонгæ кæныс?! Д з æ б е (фырмæстæй). Чи, чи?! Б о б о. Ничи! Чъизидзæсгом! Д з æ б е. Уæд дæ хуызæн уаин, Бо-бо-бо! 124
(Дыууæйæ дæр кæрæдзимæ сæ хъаматæ фелвæстой, æмæ бацайдагъ тох.) Б е к ъ о. Банцайут! (Се’хсæн фæныхст.) Зæххы скъуыды аныгъуылут! (Кæрæдзийыл сæ ныццавта йæ тых-йæ бонæй, æмæ уыдон ахауынц.) Афтæ уал афынæй кæнут, хъæбатыртæ! Бекъо сымах хуызæттæ бирæ федта. Гъе фæлæ нæ паддзахимæ та куыд?.. Райсом мæ нæ бæстæйæ куы фæсура! Йæхи мæ хизæд уæд. Йе’ддагон знæгтимæ сбæтдзынæн мæхи æмæ дзы райсдзынæн мæ маст дывæрæй! Мæ маргæй кæрдæг дæр нал сзайдзæн ацы ран! Басудздзынæн дзы мæ бæстæ дæр! 3 а р б ег (æрбацæуы тыхстхуызæй, зæххыл чи хуыссы, уыдонмæ кæсы). Уайтагъддæр æй зыдтон, кæрæдзийы кæй ныддæрæн кодтаиккат. Сæрæгасæй хуыссынц? Б е к ъ о. Тæригъæд сын кæныс? 3 а р б е г. Мæхицæй тæригъæддагдæр чи ис ныртæккæ! Б е к ъ о (тæргайгондæй). Кæл-кæлæй-иу ныххудтæ уæддæр паддзахы кæрты! 3 а р б е г. Фæлтау куы нæ бацыдаин уыцы кæртмæ!... Музыкæ Цæмæн федтон Зæидæйы хæстæгмæ! Зæидæ нæ, фæлæ зæд, зæд! Бынтондæр дзы мæ сæр куы разылд. Афтæ мæм кæсы, цыма зæххон цæрджытæй нæу, фæлæ йæ æрвон тыхтæ рарвыстой паддзахæн лæварæн. Уыцы цыллæхуыз дзыккутæ!... Йæ цъæх цæстытæ та йæ рухс цæсгомыл — дыууæ цъæх цады. Сæхимæ æлвасынц, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм тыхæй. Цæмæн?!... Цæмæн дзы нынныгъуылдтæн æз?! Мæ мæгуырыл цæуылнæ ныууагътон мæхи?! Б е к ъ о (джихæй йæм кæсы). Дисы мæ æфтауыс. Уыимæ дæм бахæлæг кодтон цæмæндæр. Уыцы бæрзонд, аив хъуыдытæ!.. Æз та æнхъæлдтон, цæй зæды хай ис дæуæн, дæ бызгъуырты бын цы ’мбарыс уарзондзинадæн, зæгъгæ. Цы хæ — рай, ууыл мæт кæн, гæвзыкк, уыцы уарзондзинадæй та дæм цы рхаудзæн? Дзæгъæлы дæхи тухæнæй цы марыс? 3 а р б е г. Гæвзыкк... Гæвзыкк хъæздыг дæр вæййы, Бекъо, Б е к ъ о. Сæнттæ цæгъдыс? Хъæздыг та куыд хъуамæ уа гæвзыкк? 3 а р б е г. Цæуылнæ ссардтат, нæ хъæздгуыты фырттæ, иу дзуапп уæддæр уыцы базон-базонтæн? Б е к ъ о. Нæ бынаты сæ не ссардтаис ды дæр. 3 а р б е г. Æз дæр?... Æмæ кæд ссардтон æртæ дзуаппы дæр, уæд та? 125
Б е к ъ о. Ды?! (Бахудт.) Хъазгæ кæныс æви? 3 а р б е г. Нæ дæ уырны? Уæвгæ мæгуыр лæппуйы сæры цæй зонды муртæ ис! (Фæцæуы.) Б е к ъ о. Фæлæуу-маг Зарбег! (Уый æрлæууыд.) Кæд нæ сайыс, уæд-ма мын зæгъ уыцы дзуаппытæ. 3 а р б е г. Никæмæн сæ зæгъын. (Фæцæуы та.) Б е к ъ о (йæ фæндагыл алæууыд). Фæлæуу-ма! Дæу цæмæн хъæуынц?! Сæдæ цыргъ дзуаппы куы ссарай, уæддзер паддзахы чызджы дæуæн чи ратдзæн? 3 а р б е г. Омæ йæм куы не’нхъæлмæ кæсын! Б е к ъ о. Ауæй мын сæ кæн. 3 а р б е г. Дзуаппытæ уæй?! Б е к ъ о. О! Мыды дæ стулдзынæн, стæй дæ сызгъæринты бын фæкæндзынæн! 3 а р б е г. Кæй мæтæй хъæрзын, уыцы зæдмæ искæмæн фæндаг скæнон? Нæу мæ бон! (Фæцæуы та.) Б е к ъ о (ныххæцыд ыл). Нæ дæ ауадздзынæн, Зарбег! 3 а р б е г. Зæидæ кæй уарзы, уый уе ’ртæйæ ничи у — бамбæрстон æй йæ цæстæнгасæй æрдæбон сæ кæрты. Б е к ъ о. Уæд та рæдийыс! 3 а р б е г. Нæ. Йæ равзæрст хъуамæ сымахæй макæй хуызæн уа. Б е к ъ о (фæмæсты). Зарбег! Дæумæ гæсгæ, æз нæ дæн йæ аккаг?! Мæ фыдæй хъæздыгдæр кæй зоныс нæ кæмтты?! 3 а р б е г. Чызджы зæрдæ хъæздыгдзинæдтæй нæ балхæндзынæ. Уæлдайдæр та паддзахы чызджы зæрдæ! Б е к ъ о. Ууыл та цы мæт кæныс?! Дæхи мæт кæн! Кæдмæ мæгуырæй цæрдзынæ? Ауæй мын кæн дæ дзуаппытæ æмæ схъæздыг уай! 3 а р б е г. Уыцы дзуаппытæ райсом паддзахы кæрты куы зæгъай, уæд Зæидæйы йæ фыд дæуæн тыхæй куы радта. Ахæм фыдми бакæнон мæ зынаргъæн? (Йæхи дзы ратыдта.) Нæ! Б е к ъ о (хъама йæм фелвæста). Æрлæуу, зæгъын! Афтæмæй нæ ацæудзынæ! 3 а р б е г (æрлæууыд, хинымæр). Уæдæ мæ уæд ма рахъаст кæн... (Бекъомæ.) Æниу, чи зоны, ды раст зæгъыс. Мæхи уавæртыл цæуылнæ ахъуыды кæнын! Б е к ъ о. Æмæ дын æз цы дзурын?! Паддзах æмæ йæ чызгæй дæумæ цы хауы? 3 а р б е г. Цæй, разы дæн... Б е к ъ о (фырцинæй). Æгайтма! (Йæ хъама фæстæмæ нытътъыссы йæ кæрддзæмы.) Хъусын дæ дзуаппытæм, Зарбег! 126
(Æрчъицы Дзæбе æмæ базмæлыд.) 3 а р б е г. Нæ, ам нæ... Б е к ъ о. Уæдæ? 3 а р б е г. Куы фæталынг уа, уæд дæ хъæздыгдзинæдтæй дзæвгар æрбахæсс нæхимæ. Æмæ дын уым зæгъдзынæн æппæтдæр. Гъе’рмæст дæ дæлæ уыдонæй мачи фенæд. Б е к ъ о. Фæлæуу-ма, æмæ дæ дзуаппытæ раст куы нæ разыной, уæд та? 3 а р б е г. Уæд дæ хъæздыгдзинæдтæ ахæсдзынæ фæстæмæ. Б е к ъ о. Гъе уый лæджы ныхас у! (Дзæбе фесты, сындæггай бацæуы дыууæ лæппумæ. Æвиппайды Бекъойы гуыбын ныххафт ласта. Уый ахауы.) Д з æ б е. Зарбег, цæвиттон (Бекъойæ) дæлæ уыцы калмæн цæмæйдæр зæрдæ бавæрдтай. 3 а р б е г. Æз зонын уыцы æртæ дзуаппы. Д з æ б е. Æртæ дзуаппы? (Фырцинæй.) Æртæ дзуаппы?! Æртæ?!... (Æвиппайды фæмæсты.) Æмæ сæ Бекъойæн уæй кæныс?! Дæ зондæй фæцух дæ æви цы кодтай?! Уый паддзахы сиахс куы суа, уæд ма махæн ам цæргæйæ уыдзæн? Ауæй сæ кæн мæнæн. 3 а р б е г (барæй). Нæ, иугæр Бекъойæн зæрдæ бавæрдтон... (Фæцæуы.) Д з æ б е. Стæ-ма, кæдæм фæраст дæ?! (Ацахста йæ.) Арвыстæн, æз амæлдзынæн, цæйнæфæлтау дæу афтæмæй ауадзон, мæ алæмæты хæзна! Мæ рухс амонды фæрæз! Ме’рттивгæ фидæн! Ничъчъыртт кодтам Бекъойыл! Паддзахы сиахс мæ скæн æмæ дын дæ цард рухс дзæнæт фестын кæнон. Зæгъ! Зæгъ мын, Зарбег, уыцы дзуаппытæ! Мæ зонгуытыл æрлæууон дæ разы?! 3 а р б е г. Цытæ дзурыс, Дзæбе?! Д з æ б е. Фæтæригъæд кæн Зæидæйæн дæр. Бекъойы амæттаг æй куыд кæныс?! Маргæй дзаг куы у йæ сау зæрдæ дæлæ! Цы зындонмæ æппарыс нæ хæхты зæд Зæидæйы?! Арв дæ æрцæвдзæн! (Æрчъицы Бобо æмæ базмæлыд.) 3 а р б е г. Омæ уæдæ дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд, Дзæбе. Д з æ б е. Кæд дын бахæссон мæ хъæздыгдзинæдтæй дæ хай? 127
3 а р б е г. Æмбисæхсæв, цæмæй дæ дæлæ уыдонæй мачи фена. Д з æ б е. Æмæ мын уæд раргом кæндзынæ дæ дзуаппытæ? 3 а р б е г. Уæдæ? Д з æ б е. Æмæ дæ фидарæй уырны, раст кæй сты, уый? 3 а р б е г. Раст куы нæ разыной, уæд дæ хъæздыгдзинæдтæ ахæсдзынæ фæстæмæ. Д з æ б е. Лæг дæ, лæг, Зарбег! (Бобо фесты æмæ бацæуы дыууæ лæппумæ. Æвиппайды ныххафт ласта Дзæбейы гуыбын. Уый ахауы.) Б о б о. Зарбег, цавæр дзуаппытæй зæрдæ бавæрдтай Дзæбейы хахуыргæнæгæн? 3 а р б е г. Паддзах уæ кæй домы, уыдонæй. Б о б о. Æмæ сæ ды зоныс? 3 а р б е г. Зонын, бæгуыдæр. Б о б о. Мæнæ цъæх диссæгтæ! Мæнæ нарты фæдис! Гъер ма чысыл куы афæстиат уыдаин мæрдты бæстæйы, уæд мæ нæ аирвæзтаис?! Куыд аккаг кæныс Зæидæйæн (Дзæбейæ) дæлæ уыцы æнамонды?! Бирæгътæ йын йæ къахвæд кæм базонынц, уырдыгæй дард куы лидзынц! Æрмæст йе’взаг дæр канд адæймаджы нæ, фæлæ хох дыууæ дихы куы акæндзæн! Фæлтау мæнæн зæгъ дæ дзуаппытæ æмæ дæхи дзыхæй цы курыс, уый дын радтон. 3 а р б е г (барæй). Дзæбейæн уæддæр зæрдæ бавæрдтон æмæ.. Б о б о. Дзæбе нал ис, зæгъгæ, йæ банымай дæлæ! Афонмæ мæрдты бæстæмæ бахæццæ йæ талынг уд, зындоны бадæд уым! 3 а р б е г. Нæ, нæ, мæ бон нæу... (Фæцæуы.) Б о б о. Зарбег, нæ бæрзонд хæхтæ нынкъуысой æмæ сæ уæззау дуртæ ныккалой?! (Ацахста йæ.) Мæ фидæны нæргæ амонд мын куыд сафыс?! Паддзахы сиахс суæвын мын хæлæг кæныс?! 3 а р б е г. Æгæр коммæгæс дæн æмæ мæ уый сафы. Б о б о. Мауал дывæнд кæн! 3 а р б е г. Цæй, хорз, Бобо! Б о б о. Цы дын бахæссон мæ хъæздыгдзинæдтæй? 3 а р б е г. Дæ цæсгом цы зæгъы, уый. Б о б о. Кæд? 13 а р б е г, Ахсæв боныцъæхтæм æввахс, цæмæй дæ дæлæ уыдонæй мачи фена. 128
Б о б о. Дæ дзуаппытæ та мын кæд?.. 3 а р б е г (ныхас исгæйæ). Зæгъдзынæн дын сæ, нæхимæ куы’рбацæуай, уæд. (Ацыд.) Б о б о (йæхицæн фырцинæй). О нæ цъитиджын хæхтæ! Ныр æз суыдзынæн паддзахы сиахс! Стæй цасдæр рæстæджы фæстæ та хъуамæ суон паддзах! Мулдары бæсты! Ау, кæдмæ цæринаг у?! Чи зоныг мæрдты бæстæйы йæ агурынц ныр дæр. Дæлейы дæр паддзæхтæ хъæуынц! Уæлдайдæр та ахæм фæл— тæрддзинадимæ! (Зæххыл чи хуыссы, уыдонæй.) Адонæй та мæ — хицæн къахсæрфджытæ скæндзынæн, кæд ма сæ удтæ сæ мидæг сты, уæд. Ныр та ма мæ бинойнаг Зæидæмæ ныккæсон, кæддзера афонмæ цы ми кæны сæ кæрты. (Къæдзæхы сæрмæ ссыд æмæ паддзахы кæртмæ кæсы.) Куы ничи дзы зыны. Не’фсин, æвæццæгæн, йæ фæллад уадзы. Д з æ б е (æрчъицы, йæ рæмбыны къæдзæй схæцыд йæхиуыл æмæ Бобомæ уæлæмæ кæсы, хинымæр). Гуымыдза гал!.. Стæ- ма, мæнæ а дыууæ боны падл,захы сиахс суон! Мæ къæхтæ мын де’взагæй сдæрдзынæ, дæхи та дын скъæты фосимæ дардзынæн! Б е к ъ о (æрчъицы, йæхиуыл иу чысыл схæцыд уый дæр, Дзæбемæ). Цы ми кæныс мæ фарсмæ, сафинаг?! Д з æ б е (мæстыйæ). Ды цы ми кæныс, æз дæр уый! Б е к ъ о. Фесæф мæ разæй! Дæ уынд мын тых кæны! (Бобомæ.) Кæннод уæлæ уыцы хъæндил! Фæлæуу, мæнæ тагъд рæстæгмæ паддзахы сиахс суон — æз уын фенын кæндзынæн! Уæ куыйты сæртæй мын ныллæг кувдзыстут, æз та уыл тугæ кæндзынæн! Д з æ б е. Уый уыл æз тутæ кæндзынæн! Паддзахы сиахсы бынат мæнæй дæумæ нæ хауы! Б о б о (ныххудт фыддæрадæн). Фынтæй аирхæфсут уæхи! Паддзахы сиахс ныридæгæн æз дæн. Мæ къухты стут ныр дыууæйæ дæр! Мæ разы уæ цыппæртыл бырдзыстут, æз та уæм былысчъилæй кæсдзынæн уæлейæ дæлæмæ, мæнæ нырау. Б е к ъ о. Фучъи! Д з æ б е. Фучъи æмæ’рдæг! Б о б о. Сыстут уæлæмæ, мæ лæггадгæнджытæ! Суанг Мытъойы къæхтæ дæр сæрфдзыстут! П а д д з а х (æрбацæуы æд ехс, йемæ Баде дæр). Цы хуыссут уый зæххыл? (Бекъо æмæ Дзæбе хорзау нал фесты, сыстынц.) 129
Б е к ъ о (фæрæвз). Цъæх нæууыл нæ сæртæ иучысыл аулæфын кодтам. Д з æ б е. Цæмæй уыцы дзуаппытæ рæвдздæр ссарæм. (Бобо фыддæрадæн иыххудт уæлейы.) П а д д з а х. Ды та къæдзæхы сæрыл цы ми кæныс, лæппу? Б о б о. Хæхты уддзæф, зæгъын, мæ риумæ хуыздæр сулæфон. П а д д з а х. Æмæ дæм уыцы уддзæф мæ кæртæй цæуы? Хæрзаг дæ дзых ныххæлиу уырдæм! (Ныр та Бекъо æмæ Дзæбе ныххудтысты Бобойы фыддæрадæн.) Рухс ахуыссыд. Паддзахы кæрт та. Дыууæ къæлæтджыны раз чызджыты’хсæн æнкъардæй лæууы Зæидæ, йæ къаба йын йæ уæлæ дзæбæхтæ кæны Дифæ. Д и ф æ. Чи зоны, æхсин, паддзах абон алыг кæна дæ хъысмæт, Фæсивæдæй уыцы дзуаппытæ чи ссара, уый фыццаг дæ фæкæндзæн. 3 æ и д æ. Нæ, мæ зæрдæ дзы никæй райста знон. Д и ф æ. Паддзах уый ницæмæ æрдардзæн. 3 æ и д æ. Æрдардзæн. Мæ фыд йæ иунæг чызджы уарзы. П а д д з а х (рацæуы галуанæй). Нæма зынынц нæ фæсивæд? М ы т ъ о (æрбацæуы уынгæй). Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы, нæ цытджын паддзах. Фырцинæй райынц. Цæвитгон ссардтой æртæ дзуаппы дæр. П а д д з а х. Се’ппæтдæр æви? М ы т ъ о. Цалдæрæй. П а д д з а х. Гъемæ сæ зондджындæрæй чи равдиса йæхи, уымæ ма дæ хъус хуыздæр æрдар, Зæидæ. Чи зоны, царды æмбалæн дын сбæзза. 3 æ и д æ (фæтыхст). Баба!.. Д и ф æ. Бахатыр кæн, нæ цытджын паддзах, фæлæ æхсины зæрдæмæ знон уыцы лæппутæй ничи фæцыд. П а д д з а х. Чызг, нæ фæсивæдæй куы никæй саккаг кæнай, уæд æз æндæр хуызы алыг кæндзынæн хъуыддаг. 3 æ и д æ. Ома цы хуызы, баба? П а д д з а х. Персы шах æмæ Византийы паддзахы фырты тынг фæнды мемæ бахæстæг кæнын. 3 æ и д æ. Кæйдæр бæстæмæ фæцæуон? Фæлтау æз амæлдзынæн, баба. 130
Д а л у (æрбацæугæйæ). Ма тыхсут, дысон уын хорз фын федтон. Цæвиттон, урс бæлон æртахт а кæртмæ, æмæ дзы уæ галуан ныррухс. П а д д з а х. Ныррухс уæд мæ чызджы зæрдæ, афон у! М ы т ъ о. Æрбацæуынц уæртæ... П а д д з а х. Сбад, чызг. (Сбады къæлæтджыны, йæ фарсмæ иннæ къæлæтджыны та — Зæидæ.) (Æрбацæуынц ныфсхастæй Бекъо, Дзæбе æмæ Бобо, паддзахæн сæ сæртæй æркуывтой.) П а д д з а х. Æмæ иннæтæ кæм сты? Б а д е (æрбацæугæйæ). Иннæтæй ничиуал æрбауæндыд. М ы т ъ о. Фæтарстысты, хи-хи! П а д д з а х (ныххудт). Фæтарстысты, зæгъыс?... (Усгуртæм.) Цæй куыд, нæ сахъгуырдтæ, ссардтат уыцы дзуаппытæ? Б е к ъ о. Бæгуыдæр! Д з æ б е. Тынг дзæбæх! Б о б о. Ай-гъай! Д а л у. Зæгъут уæдæ, адæмæй чи схизы æппæтæй бæрзондаæр? Б е к ъ о| Д з æ б е /^иумсе/Йæхичифеныæмæбамбары... (Ферхæцыдысты). Б о б о / (Æртæйæ дæр кæрæдзимæ дисгæнæгау бакастысты.) П а д д з а х. Уе’ппæт иу дзыхæй куыд дзурут? Уæ сæртæ кæрæдзийæ хицæн куы сты. Б е к ъ о. Æцæг, æцæг! (Дзæбе æмæ Бобомæ мæстыйæ.) Æгъдау нал ис æви? Æз уæ дыууæ мæйы хистæр уæддæр дæн æмæ уал мæн бауадзут зæгъын! Б о б о. Цытæ дзурыс, Бекъо, æз дæ æртæ мæйы хистæр куы дæн! Д з æ б е. Æз та уæ дыууæйæ дæр æртæ мæйы æмæ æрдæг хистæр дæн. (Мулдармæ.) Нæ цытджын паддзах, æппæтæй бæрзонддæр уыцы адæймаг схизы, йæхи чи фены æмæ бамбары, цы у æцæгæй! П а д д з а х. Æндæрхуызы уæ ничи хъуыды кæны? Б е к ъ о. Æз нæ. Б о б о. Æз дæр нæ. П а д д з а х. Далу, раст дзуапп у? Д а л у. Итгæг раст. П а д д з а х (усгуртæм). Æмæ иумæ агуырдтат уыцы дзуапп? 9 ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 131
Б е к ъ о. Нæ. П а д д з а х. Уæдæ уын уыцы иу хуызæн куыд рауад? Б е к ъ о. Дис кæнын æз дæр. Д з æ б е. Æз дæр. Б о б о. Æз дæр. П а д д з а х. Дыккаг базон-базонæн та уæм цы дзуапп ис? Д а л у. Ома: адæймагæн фæндæгты’хсæн æппæтæй зындæр ссарæн кæцы у? Б е к ъ о \ Д з æ б е I (иумæ та). Адæймагæн сæ йæхимæ чи цæуыг уый! Б о б о | Д а л у. Раст у ацы дзуапп дæр! П а д д з а х. О, фæлæ адонæй кæцыйы схонæм æппæтæй зондджындæр? Кæй æрхъуыды у ацы дзуапп дæр? Б е к ъ о. Хуыцæутгыстæн, мæн? Д з æ б е. Арвыстæн, сайыс, Бекъо! Б о б о. Хæхтыстæн, дыууæйæ дæр æлхæнгæ бакодтат уыцы дзуаппытæ кæмæйдæр! П а д д з а х. Æлхæнгæ?! Дзуаппытæ?! (Ныххудт.) Ахæм диссаг дзы нæма фендæуыд! Искæй зонд балхæн! Д з æ б е (фырмæстæй). Нæ фæлæ сæ дæхæдæг балхæдтай, Бо-бо-бо! * Б о б о. Нæ цытджын паддзах, æз сæ мæхи сæрæй æрхъуыды кодтон! Б е к ъ о. Æмæ дæ куысыфтæджы иу зонды мур куы нæй, уæд сæ куыд æрхъуыды кодтай?! П а д д з а х (худгæйæ). Фæлæуут-ма! Кæмæй сæ балхæдтат, уый чи у? 3 а р б е г (фæссценæйæ). Уый æз, нæ цытджын паддзах! (Æрбацæуы хъæздыджы уæлæдарæсы, у хæрзконд.) (Иууылдæр Зарбегмæ джихæй ныккастысты.) 3 æ и д æ (Дифæмæ сусæгæй). Ай уг уал азы мæ сæнтты кæй сурæт цæры, уый! Ай у, Дифæ! (Зарбегмæ зæрдæскъæфтæй кæсы.) П а д д з а х. Чи дæ? 3 а р б е г. Знон йæ бызгъуыр дарæсæй кæмæн стыхстæ æмæ мæнæ дæ кæртæй кæй сырдтай, уыцы мæгуыр лæппу Зарбег. П а д д з а х. Ды мæгуыр?.. Хъæздгуыты фырттæй фæлыстдæр! 3 а р б е г. Дысон схъæздыг дæн (усгуртæй) мæнæ ацы 132
"сæрæнгуырдты" мулкæй. Къуымы мæ бакодтой, уыцы дзуаппытæ нын ауæй кæн, зæгъгæ. Гæнæн куы нал уыд, уæд сразы дæн. Кæрæдзийы сусæгæй мæм иугай нæхимæ цыды — сты. Б е к ъ о (фырмæстæй). Мæнг зæгъыс, æз дæ ницы балхæдтон! Д з æ б е. Æз дæр! Б о б о. Æз дæр! Б е к ъ о. Уæхимæ дæр дæм никуы уыдтæн! Хуыцæуттыстæн! Д з æ б е. Æз дæр! Арвыстæн! Б о б о. Æз дæр! Хæхтыстæн! Б е к ъ о. Барæй мысы! Нæ мулк нын адавта! Д з æ б е. Адавта! Б о б о. Æрцахсын æй кæн, нæ цытджын паддзах! П а д д з а х (Зарбегмæ). Æввахс-ма мæм æрбацу, лæппу. (Уый йæм бацыд, сусæгæй.) Æртыккаг базон-базонæн мын зæгъ дæ дзуапп. (Зарбег ын йæ хъусы бадзырдта.) Гъемæ хорз. (Хъæздыг усгуртæм.) Зæгъут-ма уæдæ уе’ртыккаг дзуапп. Д а л у. Ома: адæмæй чи у æппæтæй тыхджындæр? Б е к ъ о (фæразæй). Бахъуаджы сахат йæхиуыл чи фæтых вæййы, уый! П а д д з а х (иннæтæм). Куыд хъуыды кæнут сымах та? Д з æ б е. Æз дæр афтæ. Б о б о. Æз дæр. П а д д з а х. Далу, раст дзуапп та у? Д а л у. Иттæг раст, нæ номдзыд паддзах! П а д д з а х (усгуртæм). Уыцы дзуапп мын сымах агъоммæ мæнæ Зарбег мæ хъусы æрбадзырдта æрдæбон. Куыд уæндут сайын, нæхæдæг сæ æрхъуыды кодтам, зæгъгæ?! 3 а р б е г. Алчи дæр сæ хъавы паддзахы сиахс суæвынмæ, цæмæй уый фæстæ дæ къæлæтджын бацахса. П а д д з а х. Уæдæ сæ сæйраг нысан мæ къæлæтджын у?! Æмæ сын ды цæмæн радтай фадат мæн асайынæн? 3 а р б е г. Нæ, дæу асайыны тыххæй нæ, нæ цытджын паддзах... Адон мæм æдзух былысчъилæй кæсынц, гæвзыкк, зæгьгæ. Æмæ сын сфæнд кодтон фенын кæнын, цас гæвзыкк сты сæхæдæг зондæй æмæ цæсгомæй. Адæймаджы удыхъæды тыххæй кæй уыдысты уыцы базон-базонтæ, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ фæзынд. Ды та мын ныххатыр кæн, дæу асайын сын уæддæр нæ бауагътаин, уымæн æмæ мын Зæидæйы амонд мæ цардæй зынаргъдæр у. Мæ сæр къул кæнын йæ разы. (Бацыд æмæ Зæидæйæн æркуывта сæрæй.) 133
3 æ и д æ (ныххудт фырцинæй æмæ фесты). Диссаг!... Далу, ды æрдæбон цавæр бæлоны кой?!. П а д д з а х. Чызг! 3 æ и д æ (ныхас исгæйæ). Нæ галуан ныррухс, баба! Д а л у. Уый дæ зæрдæ ныррухс, Зæидæ! 3 æ и д æ. О!.. Ды рагацау кæй фæзæгъыс, уый йæ къæхтыл куыд слæууы, Далу! (Ныххудт та æмæ фæаууон галуанмæ.) П а д д з а х. Кæдæй-уæдæй мæ чызг ныххудт йæ риуы дзаг! Тарстæн, худын нæ зоны æрдзæй, зæгъгæ! (Чызджытæм.) Бакæсут æм, мацы йыл æрцæуæд! Д и ф æ (дæлгоммæ ныхæстæй). Æрцыд ыл, нæ цытджын паддзах! (Иннæ чызджытимæ ацæуы мидæмæ, паддзах та сæ фæдыл цингæнгæ кæсы.) Б е к ъ о (хинымæр). Зарбеджы сафинаг! Æнхъæлдæн æй бауарзта Зæидæ! Б о б о (хинымæр Зарбегæй). Сфæлыста йæхи мæ лæвæрттæй æмæ йæ хуыз куыд скалдта! Хæхтæ дыл ракæлой! Д з æ б е (хинымæр Зарбегæй). Куыд нæ фæхынджылæг кодта! Арв дæ æрцæва! П а д д з а х (усгуртæм). Сымах та паддзахы асайынвæнд кæй скодтат, уый тыххæй ныртæккæ сбаддзыстут ахæстоны. Нæ бæстæйæ уæ кæй нæ сурын, уый тыххæй та мæ бузныг ут! Мæ чызджы фæрцы! Ахæм хъæлдзæгæй йæ кæй федтон, уымæй мæ зæрдæ фæфæлмæн. М ы т ъ о. Адоны зæрдæтæ та дзы ныхъхъæбæр сты, хи-хи! П а д д з а х. Цы дзуаппытæ балхæдтат, уыдоныл ахъуыды кæнынæн уын замманай фадат уыдзæн ахæстоны. Ома: фенут уæхи, уæхимæ ссарут фæндæгтæ æмæ фæтых ут уæ фæлитой удтыл! Б е к ъ о. Нæ цытджын паддзах!... П а д д з а х (ныхас исгæйæ). Æгъгъæд! Баде, акæн сæ сæ бынатмæ! 3 а р б е г. Мæнæн цы хъæздыгдзинæдтæ æрбахастой, уыдон та æз ныртæккæ байуардзынæн, кæй къухты фæллойæ сты, .уыцы мæгуыр кусæг адæмæн. П а д д з а х. Тынг раст бакæндзынæ, Зарбег. Б а д е (бацæуы усгуртæм). Цæутæут разæй! (Акæны ссе.) М ы т ъ о. Ахæм ма дзы æмбисонд уыдзæн?! Паддзахы чызг æмæ къæлæтджыны бæсты — ахæстон, хи-хи! П а д д з а х (Зарбегмæ). Ды та, лæппу, амæй фæстæмæ уыдзынæ ме’ ххуысгæнджытæй иу. Дæ зонд, де’рхъуыдыдзинад 134
мæ æхсызгон хъæуынц. Ацæут уал, уæртæ мæм уынджы фæлæуут мæнæ Мытъоимæ. Хъæудзыстут мæ. (Зарбег æмæ Мытъо ацæуынц, паддзах сæ фæдыл кæсы.) Замманай лæппу. Зарбегæй зæгъын. Канд йæ уынд дæр лæджы аргъ у. Зондæй та ноджы хуыздæр. Уый дын æцæг сæрæнгуырд, гье! Д а л у. Дæ чызджы сæнтты уал азы дæргъы уыцы лæппуйы сурæт царди. П а д д з а х (фæкъæрцхъус). Цы, дам? Д а л у. Ныр æм фæзынд лæппу, æмæ чызгыл фырцинæй базыртæ уымæн разад. Нæ йæ бамбæрстай, Мулдар? П а д д з а х. Æмæ мæгуыр лæппу кæй у, уый куы зоны мæ чызг. Д а л у. Дæ чызг æй зоны, фæлæ зæрдæ йæхион домы! Стæй мæгуыры ном уыцы лæппуйыл нæ бады. Мæгуыр, уæртæ ахæстонмæ кæй арвыстай, уыцы хъæздгуыты фырттæ сты. П а д д з а х. Уæдд,æр уыдон уæздæтты тугæй сты. Д а л у. Туг циу, Мулдар! Лæджы йæ зонд æмæ йæ хъуыдаæгтæй фæрс. 3 æ и д æ (хъæлдзæгæй рауад галуанæй). Нæ, нæ, æддейы райдзастдæр у! (Йæ фæдыл рацæуынц Дифæ æмæ иннæ чызджытæ дæр.) Баба, цы диссаджы бон у абон! Фыццаг хатт федтон, арвы риуыл хур куыд æгæрон цæхæртæ калы, уый! Хæххон уæлдæф та нырау никуы сулæфыдтæн мæ риуы дзаг! (Иннæ чызджытæ фæссценæмæ Зарбегмæ кæсынц.) Кæдæм кæсут, чызджытæ, уыцы цымыдисæй? Д и ф æ. Хур кæцæй кæсы, уырдæм! П а д д з а х (Дифæйы дæлгоммæ ныхас бамбаргæйæ). Хур иннæрдыгæй куы кæсы уæлæ! 3 æ и д æ. Нæ, нæ, баба! Ныр дыууæ хуры ис дунейы: иу арвыл, иннæ та зæххыл! П а д д з а х (фæмæсты). Зæидæ!.. 3 æ и д æ. Баба, мæсты кæныны аккаг бон нæу! П а д д з а х (иннæ чызджытæм). Ацæут уал сымах мидæмæ. (Уыдон фæаууон вæййынц). Чызг, ды цы зæххон хурæй зæгъыс, уый мах тавынæн нæу. 3 а и д æ. Цы зæгъинаг дæ уымæй, баба? П а д д з а х. Нæ гæнæнтæ бирæ сты... Уæрæх! Персы шах, кæннод Византийы паддзахы фырты бæсты цавæрдæр мæгуыр лæппумæ смой кæнай ды, паддзах Мулдары чызг?! Зарджыты заринаг фæуон? Не’лдæрттæ æмæ мæ фæсарæнты паддзæхтæ цы схондзысты?! 135
3 æ и д æ. Баба!.. (Ферхæцыд æмæ иннæрдæм азылдта йæ сæр.) Д а л у. Бахатыр кæн, Мулдар, фаелæ хъуамæ дæ ныхасæн хицау разынай. Уыцы æртæ базон-базонæн раст дзуаппытæ чи ссара, уый суыдзæн мæ сиахс, зæгъгæ, нæ загътай? П а д д з а х. Загътон, фæлæ уый мæгуыртæм нæ хауы. Д а л у. Афтæмæй та æрмæстдæр мæгуыр лæппу ссардта дзуаппытæ. П а д д з а х. Ссардта, уымæн æмæ мæгуыр адæмы зонд тыхст цард йæхæдæг æхсидын кæны. (Зæидæмæ). Чызг, кæд дæ фæсарæнты бæстæтæм нæ фæнды, уæд ам нæхи хъæздгу— ыты’хсæн разындзæн дæ аккаг сæрæнгуырд. Д а л у. Æндæр сæрæнгуырд нал срухс кæндзæн дæ чызджы зæрдæ. 3 æ и д æ. Æвæццæгæн, бабайы фæнды, цæмæй æз амæлон. П а д д з а х. Чызджы хивæнд митæ! Цæугæ мидæмæ! (Чызг, фæссценæмæ акæсгæйæ, ацæуы галуанмæ. Паддзах та сиды.) Лæггадгæнæг, Зарбегæн ардæм зæгъ. (Чысыл фæстæ— дæр æрбацæуы Зарбег.) Лæппу, мæнæй уæгъд дæ. Ацу æмæ дæхи куыстытæ кæн. 3 а р б е г (фæтыхст). Истæмæй мыл дæ зæрдæ фæхудт, нæ цытджын падазах? П а д д з а х. Ницæмæй, фæлæ мæ æххуысгæнæг нал хъæуы. 3 а р б е г (æрæджиау). Бахатыр кæн уæдæ. (Галуаны дуармсе ма бакаст æмæ ацæуы æнкъардæй.) Д а л у. Дæ чызгмæ стыр фыдбылыз æнхъæлмæ кæсы, уыцы лæппуйæ йæ куы фæхицæн кæнай, уæд. П а д д з а х. Куы баиу уа сæ хъысмæт, уæдаæр мын фыдбылыз у. Д а л у. Дæ чызгæн нæ! П а д д з а х. Мæ кадæн! Æмæ уый ницы у?! Д а л у. Кад уымæй нæу, Мулдар! Дæ чызджы амондæй зынаргъдæр дын цы ис? Ацы ран дæ дæхиуыл фæтых уæвын хъæуы æнæмæнг. П а д д з а х. Мæхиуыл? (Бахудт.) Уыцы фæлитойтæн мæхæдæг цы бахæс кодтон, уый ныр та ды мæнæн хæс кæныс? Д а л у. Уыцы фæлитойты хорз федтай, фæлæ дæхи!.. П а д д з а х. Дæумæ гæсгæ, мæхи фенынмæ куырм дæн? Д а л у. Адæймаг хорз уыны æппæтдæр йæхи йедтæмæ. , П а д д з а х. Ныр æмбарын, цæмæн мæм радтай уыцы базон-базонтæ! Д а л у. Хъыг кæнын, дæхæдæг сын кæй не ссардтай 136
дзуаппытæ, нæ номдзыд паддзах, ууыл. Нæ мæ уырны, ды искуы дæхимæ фæндаг агуырдтай, уый. Æмæ афтæмæй куыд фæуæлахиз уай дæхиуыл, кæд æмæ дард дæ дæхицæй! П а д д з а х. Æз дард дæн мæхицæй? Д а л у. О, Мулддр! Стæй зон, йæхимæ фæндаг чи нæ агуры æмæ йæхи чи нæ фены, уый йæхицæн цыфыддæр Знаг у — æмæ свæййы знаг иннæтæн дæр. Хъахъхъæн, фæсмонæй дæ дæхи хæрын ма бахъæуæд! П а д д з а х. Далу!.. Д а л у (ныхас исгæйæ). Кæд искæмæн йæ цард зын æмæ æвадат у дæ аххосæй, уæд нæма федтай дæхи! Нæма бамбæрстай, а зæххыл дæ цæмæн рафæлдыста Хуыцау! П а д д з а х. Цæй-ма, Далу! Дæумæ хъусгæйæ, мæхимæ бындзы йас дæр нал кæсын! Д а л у. Уæдæ уæд слæууыдтæ, дæхимæ цы фæндаг цæуы, ууыл. Мауал дзы ахиз иуварс, Мулдар! П а д д з а х (ныххудт). О, нæртон сылгоймаг! Дæ ныхæстæ ахъарынц мæ буары æмæ дæм мæсты дæр нæ кæнын. Ныббарын дын дæ карз уайдзæфтæ — дæ алæмæты тыхтæй мын тых кæныс, æвæццæгæн. Фæлæ мæ чызджы хъысмæт, дæу æмæ йæхи куыд фæнды, афтæ алыг кæнын нæу мæ бон! Д а л у. Мулдар!.. П а д д з а х (ныхас исгæйæ). Нæу! Æз паддзах дæн! Д а л у. Ахызтæ та дæ фæндагæй иуварс! П а д д з а х. Мæнæн ыл цæуæн нæй! Куы аивон мæ тызмæг уаг — фехæлдзæн мæ бæстæ! (Ацыд мидæмæ.) Д а л у (иунæгæй). О уыцы гуыргъахъ фæндаг! Куыд ничи дæ уарзы! Уæлдайдæр та хицæуттæ! Ехх, Мулдар, Мулдар!.. Бинойнаг дын кæй нал ис, уый дæр дыл зыны. Дæ ус Кошерхан дæм хъæддых лæууыд, бæргæ, рухсаг æрбауа! Фæлæ нæ, бынтон дæ дæхи бар ныууадзын нæ хъæуы. (Ацæуы.) (Галуанæй рацæуынц Зæидæ, Дифæ æмæ иннæ чызджытæ. Кæсынц фæссценæмæ, цæстæнгасæй агурынц Зарбеджы.) Д и ф æ. Уынджы нал ис Зарбег. 3 æ и д æ. Æвæццæгæн æй баба фæсырдта. Д и ф æ. Цы диссаджы лæппу у! 3 æ и д æ. Дыккаг ахæм зæххыл нæй! Д и ф æ. Йæхæдæг дæр дæ æгæрон уарзтæй кæй бауарзта, уый бæрæг уыд йæ цæстæнгасæй, æхсин. Æй-джиди, фадат ссар уый ардæм æрбахонынæн! 137
Ч ы з д ж ы т æ (Зæидæйы йедтæмæ базарынц фæссценæмæ). Цы фæдæг сæрæнгуырд, цы фæдæ, лæппу, Чызгайы цæстытæ куы агурынц дæу, гъей! Фæнды йæ дæ уынынг йæ размæ æрцуг Æнæ дæу цæринаг, уырнæд дæ, уый нæу, гъей! Дæ уарзтæй йæ риуы ыссыгъди цъæх арт, Йæ зæрдæмæ, рацу, дæхæдæг ныккæс, гъей! Дæ мидбылты худтæй йын дунетæ ратт, Дæ мидбылты худтæй йын рухс цинтæ хæсс, гъей! Ог дзаг уыдзæн цинтæй дæ зæрдæ дæр уæд, Уæ уарзондзинад уæ ыскæндзæн æмсæр, гъей! Тæхуды уæм кæндзысты адæм æппæт, Цæхæркалгæ амондæй зилдзæн дæ сæр, гъей! 3 æ и д æ. Æниу уал азы мæ сæнтты чи цæры, уый ныр дæр мемæ ис. Мæнæй йын фæхицæн нæй! (Зæидæйы сæнтты фæзыны Зарбег æмæ узæлы чызгыл. Иннсе чызджытæ та уарзæтты алыварс кафынц сындæггай, тæхуды сæм кæнынц.) 3 а р б е г. Зæидæ! Мæ Бонвæрнон! 3 æ и д æ. Мæ зæххон хур! 3 а р б е г. Дæ фыд нæ кæрæдзимæ æввахс не’руадздзæн, æмæ уымæй у мæ тас. Æвирхъау мæлæт райсдзынæн, дæу искæмæн куы ратта. 3 æ и д æ. Æвирхъау мæлæт райсдзынæн æз дæр, дæуæн мæ куы нæ ратта. Æниу мах фæхицæн кæныны фаг тых нæ разындзæн никæмæ, суанг мæ фыдмæ дæр. (Кафынц дыууæйæ. Чызджытсе та банцадысты сæ кафынæй æмæ сындæггай æмдзæгъд кæнынц уарзæттæн. Æппынфæстаг, галуаны дуарыл фæзынд паддзах.) П а д д з а х. Чызг, демæ мæ ныхасаг ис. (Зарбег æрбайсæфт, чызджыты циндзинад дæр — афтæ.) М ы т ъ о (фæзынд). Нæ цытджын паддзах, Зарбег йæхи æрцауыгъта!... 138
(Зæидæ фæцудыдта, Мытъо йæм фæрæвдз æмæ чызг уый къухты ахауы уадзыгæй.) П а д д з а х (рауад) Мæ чызг!... (Мытъомæ.) Сæрхъæн, афтæ æнæнхъæлæджы цы нытътъæлланг ластай?! М ы т ъ о. Омæ мæм кæронмæ нæ байхъуыста æхсин. П а д д з а х. Цы байхъусинаг ма дæм уыд?! М ы т ъ о. Сæрæгас кæй у Зарбег. Чидæртæ йæ фервæзын кодтой. П а д д з а х (фырмæстæй). Хъыгагæн! Амардаид фæлтау! М ы т ъ о. Æмæ дæ чызг та? Амæлдзæн уый дæр Нæ йæ уыныс мæнæ?! Рухс ахуыссыд. Æхсæвы тары рухсы тыны зыны паддзах. П а д д з а х (хъуыдыты ныгъуылы). Цы бакæнон, нал æй æмбарын. Зарбеджы фæсурин мæ бæстæйæ, фæлæ мæ чызг йæхицæн исты фыдбылыз куы бакæна. Æвæстиатæй арвитон Бадейы Персы шахмæ. Уадз æрцæуа... Чи зоны, мæ чызджы зæрдæмæ фæцæуа. Æмæ йæ уæд аласдзæн шах йæ бæстæмæ. Сразы кæндзынæн мæ чызджы. Куы нæ кома, уæд та мæлæты къахыл ныллæудзынæн. Ауг æз мæ чызгæн мæлæтæй куы тæрсын, уæд уый мæнæн куыннæ фæтæрсдзæн?! Æз фыд куы хуыйнын. Уымæй дæр цавæр фыд?! Паддзах! А бæстæйæ куыд тагъддæр ацæуа мæ чызг, уыйас хуыздæр. Нæ уындзæн Зарбеджы æмæ йæ ферох кæндзæн. Гъе афтæ, Далу, ацы ран хиуыл фæтых уæвæн нæй! (Фæзынд Мытъо, гыццыл мигæнæн йæ къухты.) Мытъо? Цы ми кæныс фæсæмбисæхсæв? М ы т ъ о. Æхсиныл хуыссæг нæ хæцы, æмæ суадонæй уазал дон агуры. П а д д з а х. Æмæ... исты дзы риссы? М ы т ъ о. Нæ. Афтæ æнæуи... Æмæ цæуылнæ схуыссыс ды та? П а д д з а х. Нæ мæм цæуы. М ы т ъ о. Иууылдæр æнæхуыссæг куыд фесты, æвæдза! Фæлæ æппæтæй тынгдæр катайы бафтыд Зарбег. Уæлæ къæдзæхы сæрыл бады æмæ а кæртæй йæ цæст нал исы. Цæф сырдау ныхъхъæрзы. П а д д з а х. Ныхъхъæрзы?.. Ацы хабар ма схъæр кæн мæ чызгæн, хъусыс?! Науæд бынтондæр... Зарбегмæ та ссу æмæ йæ арвит йæ хæдзармæ. Паддзах, зæгъ, нæ уадзы йæ кæртмæ 139
кæсын. Ферох кæнæд а кæрт дзæбæхæй! Ды чи дæ, зæгъ, æмæ паддзахы чызг чи у, уый дæ рох ма уæд! (Дыууæйæ дæр рухсы тынтимæ атадысты.) Талынджы рухсы тынты разынынц Мытъо æмæ Зарбег. М ы т ъ о, О, ог Зарбег, паддзах нæ уадзы... Байхъус мæм, ацу уæхимæ. Исты фыдми дын бакæндзысты... 3 а р б е г. Кæдмæ бафæраздзынæн ацы тухитæн? Мæ мæгуыры ном ме рагъæй куы нæ хизы худинаджы номау. Куыд ничи æмбары, мæгуыры риуы цы арт судзы, уый! Куыд никæмæ хъуысы йæ хъæрзын дæр! Цæмæн мæ суры паддзах йæхицæй дард?! М ы т ъ о. Нæ фынæй кæны æхсин дæр. Дæ мæтæй дзыназы. 3 а р б е г. Мæ мæтæй?! Ды ма мæ уæдаæр Ма хъаз, Мытъо! М ы т ъ о. Уырнæд дæ, Зарбег. Дифæ мын сусæгæй загъта. 3 а р б е г. Цæвиттон, Зæидæ рагæй куы уарзы... М ы т ъ о. Уарзы, йæ сæнтты чи сæвзæрд, ахæм сæрæнгуырды. Дæу куы федта, уæд бамбæрста, уыцы сæрæнгуырд ды кæй дæ. Æмæ йæхицæй нал у. Паддзах дæр æй базыдта. 3 а р б е г. Уæдæ мæ уымæн арвыста йæ кæртæй. Нæ паддзах фæтарст мæгуыр лæппуйæ! Гм! Кусæг адæмы адæмыл ма нымай æмæ афтæмæй сæ сæргъы лæуу! О мæгуыр адæм! М ы т ъ о. Мулдар йæхæдæг дæр тухиты бафтыд æгас æхсæв. Ноджы йæ æз асайдтон, ды дæхи æрцауыгътай, зæгъгæ. 3 а р б е г. Цæмæн, Мытъо?! М ы т ъ о. Уадз зона, йæ чызг æнæ дæу кæй нæ фæцæрдзæн. 3 а р б е г. Базыдта йæ? М ы т ъ о. Цы зонын ма йæ хъуыд, кæд æхсин йæ разы уадзыгæй ахаудта, дæуæн фæтæрсгæйæ! 3 а р б е г. Цы бакодтай, Мытъо?! Цæмæн мын схъæр кодтай, Зæидæ мæм цы зæрдæ дары, уый?! Фæлтау мæ йе сæфт куы уынид! Мæхи хъизæмæрттæн фæрæзтаин, фæлæ ныр æхсины тухитæн та куыд?... Кæд уый афонмæ йæ уаты къултыл хойы йæхи, æз та æгас æхсæв ам хæхты’хсæн дзæгьæлдзу кæнын æмæ мæхи сонт сырдау хойын сæ фæхстыл! Айнæг къæдзæхтæ кæуын куы зониккой, уæд афонмæ сæ цæссыгты цады нынныгъуылдаин! М ы т ъ о. Ацу, Зарбег. Фæтых у дæхиуыл. Разын ахæм тыхджын æмæ æрсабыр у. Æндæр гæнæн нæй. Нæ хъысмæт ахæм у. 3 а р б е г. Тыхджын... Нæ, Мытъо, уарзондзинад тых дæтты 140
тохы, фæлæ æнæуи та тых сæтгы. Ныртæккæ мæм афтæ кæсы, цыма мæнæй æнæбондæр а зæххыХ нæй. Ацу æмæ зæгъ паддзахæн: Зарбег ацыд сæхимæ, мауал æм мæсты кæн. (Дыууæйæ дæр атадысты рухсы тынтимæ.) Æбæрæг талынг ран та уыцы æхсæв. Рухсы тынты хъуызгæйæ æрбазынынц æртæ зæронд усы. Куыд рабæрæг уыдзæн, афтæмæй уыдон сты Бекъо, Дзæбе æмæ Бобо сау къабатæ æмæ кæлмæрзæнты мидæг. Бобойы къухы ис бæндæн. Дзæбе æмæ Бекъойы къухты та ис цавæрдæргыццыл дзæкъултæ. Б е к ъ о. Ссс, сабыр... Уæртæ ис сæ дуар. Б о б о. Æмæ нæм Зарбег куы нæ рацæуа, уæд та? Б е к ъ о. Рацæудзæн. (Рухсы тыны фæстейы æрбазыны Зарбег. Аууон ран слæууыд æмæ, йæ хæдзары дуармæ чи лæууы, уыдонмæ аивæй йæ хъус дары.) Б о б о. Фæлæуут, æз куыд зæгъын, афтæ бакæнут! Зарбег нæм куы рацæуа, уæд ын йæ дзых ахгæндзыстæм, стæй йын йе уæнгтæ абæтдзыстæм мæнæ бæндæнæй æмæ йæ дæлæ доны баппардзыстæм. Йæ мард дæр ын ничиуал ссардзæн. Б е к ъ о. Уыйбæрц архайынæн нын рæстæг нæй. Тагъд бон фæцъæх уыдзæн. (Йсе къухы фæзынд кард.) Ацы ран æй бамыр кæндзыстæм, нæхæдæг та ахæстонмæ фæстæмæ... кæуылты рабырыдыстæм, ууылты бабырдзыстæм. Д з æ б е. Гуырысхо дæр ныл ничи фæуыдзæн. Мах ахæстоны бадтыстæм æмæ Зарбеджы марджытæн цы зонæм?! Замманай фадат у, арвыстæн! Б о б о. Ай куы ныккуыйты уа, уæд паддзахы чызг махæй искæмæ æрдардзæн йæ хъус. Б е к ъ о. Дæ аххæстæ сты иууылдæр, Бобо! Зарбеджы афтæ сфæлыстай, æмæ дзы зæды къалиу рауайын кодтай! Йæ уындæй Зæидæйы зонд фæцыд! Д з æ б е. Сæрхъæн ми та бакодтай. Бобо! Б о б о (рамæсты). Райдыдтат та! Б е к ъ о. Сæр дыл нæй, сæр! Б о б о. Уæхи сæртæ фенут! Исты уын дзы куы уаид, уæд Зарбег афтæ фæхынджылæг кодтаид не’ртæйæ дæр?! Ноджы нын нæ хъæздыгдзинæдтæ мæгуыртæн байуæрста! Æмæ ма сæры кой кæнын уæндут! 141
Б е к ъ о. Ныртæккæ/йын мах фенын кæндзыстæм!... Д з æ б е (фелвæстæкард.) Рæвдздæр! 3 а р б е г (хинымæр). Бафæлварут! (Райста хъил.) Б е к ъ о. Цæттæ Дарут уæхи. (Дуар бахойынмæ сисы йæ къух.) ’ 3 а р б е г. Ма бахой, хорз ус, мæ зæронд мад фæтæрсдзæн! (Æртæйæ дæр Зарбегмæ фæстæмæ фæзылдысты.) Б е к ъ о (сылгоймаджы хъæлæсæй). Зарбег, ды дæ?... Мæнæ дын паддзахы чызг лæвæрттæ æрбарвыста. Райс сæ. (Фæцæуынц æм.) 3 а р б е г (хъилæй февзыста). Æртæйæ мæм ма’рбацæут! Иугай æриут уæ "лæвæрттæ"! (Раздæр æм чи баввахс, уыцы Бекъойы гуыбын къахæй ныццавта, æмæ уый афæлдæхт зæххыл.) Ныр та иннæ! (Дзæбейы дæр ныццавта афтæ.) Райс ды дæр мæ лæвар! (Уый дæр ахауы.) Æртыккаг! (Бобо алидзынмæ бахъавыд.) Æрлæуу, ныммардзынæн дæ! (Уый æрлæууыд, æмæ йын Зарбег йæ сæрмæ хъил бæрзонд фсехаста.) Ахæстонæй ралыгъдыстут, куыйтæ?! Б о б о. Ауадз мæ, Зарбег! Бекъо æмæ мæ Дзæбе рахуыдтой. Хæхтыстæн, нæ сын куымдтон! Мæ мады фыдымады мады ингæнæй дын ард хæрын! 3 а р б е г. Дæ къухы уыцы бæндæн мæн сбæттынмæ æрбахастай?! Æри йæ! (Райста дзы бæндæн æмæ йын йе уæнгтæ бсеттынмæ фæци.) Б о ’б о. Бæтгæ?! (Асхуыста йæ иуварс.) (Зарбег сем йæхи баппæрста, æмæ хъæбысæй хæцынц. Афтæмæй атадысты рухсы тынимæ.) Ногæй та паддзахы кæрт. Сæумæрайсом. П а д д з а х (рацæуы галуанæй). Цы уæззау æхсæв та арвыстон, æвæдза!... Ницыуал ахсы мæ зонд. Иу фæнд иннæйы ивы мæ сæры. Мæ зæрдæ мæм дзуры, мæ чызджы амонд мæхæдæг кæй сафын, фæлæ мæ мæ зонд мæ зæрдæйы ныхмæ тæры. Æвæдза, куыд зын хæссæн дæ, паддзахы ном, куыд! Б а д е (æрбацæуы). Нæ цытджын пад/узах, дысон уыцы æртæ лæппуйы ахæстонæй ралыгъдысты. П а д д з а х. Уый та куыд? Гæстæ ма цы ми кодтой? Б а д е. Бафынæй сты. > П а д д з а х. Сæхи сын бакæнут ахæстоны! Æрцахсут уыцы фæлитойты дæр! (Фæссценæйы ссыд адæмы хъæлæба, æмæ паддзах уыцырдæм фæкаст.) Чи сты уыдон та? Цæмæн ссæуы 142
уыйбæрц адæм? Цæвиттон, разæй скæнынц æртæ зæронд усы уæнгтæбастæй. (Дзуры фсессценсемсе.^Хъахъхъæнджытæ, ба — уромут сæ уым! Баде, ды та сæ размЗе ныццу, базон, цы сæ хъæуы. (Баде ацæуы. Галуанæй та рацæуынц Зæидæ, Дифæ æмæ иннæ чызджытæ. Фæссценæмæ ксесынц уыдон дæр.) 3 æ и д æ. Цы хабар у, баба? \ П а д д з а х. Сымах ацæут мидæмæ! \ (Чысыл фæстæдæр Зарбег æд хъил æрбакæны разæй Бекъо, Дзæбе æмæ Бобойы, сæ уæлæ уыцы къабатæ æмæ кæлмæрзæнтæ, сæ къухтæ та сæ чъылдымтæм баст. Сæ фæстæ æрбацæуы Далу дсер.) 3 а р б е г. Нæ цытджын паддзах, мæнæ сты, ахæстоны кæй бакæнын кодтай, уыцы "сахъгуырдтæ"! П а д д з а х. Ницы’мбарын! Æз сылгоймæгты никуыма æрцахсын кодтон. 3 а р б е г. Сылгоймæгтæ не сты. Бекъо, Дзæбе æмæ Бобо сты! П а д д з а х. Мæнæ, чи нæма’рцыд, ахæм æмбисонд! Сæ уæлæ уыцы дарæс цæмæн ис? 3 а р б е г. Цæмæй сæ уынгты мачи базыдтаид. Фæсæмбисæхсæв мæм нæхимæ фæзындысты. Мæн амарын сæ зæрды уыд. П а д д з а х. Иунæгæй сыл фæтых дæ?! (Ахст лæппутæм.) Нæ уæздæтты худинаггæнджытæ! Куыд бауæндыдыстут ахæстонæй ралидзын та?! 3 æ и д æ. Карз æфхæрды аккаг сты, баба. Б о б о. Нæ цытджын паддзах, æз... Хæхтыстæн, æз нæ хъавыдтæн ахæстонæй рабырын... (фæрæдыд) рацæуынмæ дæр! Б е к ъ о. Бæгуыдæр хъавыдтæ! Б о б о. Сымах мæ сцыбæл кодтат! Д з æ б е. Чи дæ сцыбæл кодта, гуымыдза хайуан?! Бæндæн та уæдæ цæмæн рахастай уæхицæй?! Б е к ъ о. Цы бакæнынмæ дзы хъавыдтæ, уый дæ ферох?! Б о б о. Ницы бакæнынмæ дзы хъавыдтæн, сымах мын æй радтат! Б е к ъ о. Мах?! Б о б о. Зарбеджы бафснайæм, зæгъгæ, чи загъта фыццаг?! Д з æ б е. Æз ницы загътон! Б е к ъ о. Уæдæ ма чи? Ды куы загътай, Дзæбе! Д з æ б е. Дæхæдæг куы загътай, Бекъо! Б е к ъ о (къахæй йæ ныцавта). Ма рæй! 143
Д з æ б е (къахæй йæ/ныццавта уый дæр). Дæхæдæг ма рæй! (Къæхтæй нæмынц/æртæйæ дæр кæрæдзийы.) П а д д з а х. Банцсшут! (Уыдон фæсабыр сты.) Æз та æнхъæлдтон, ахæстоньг ахъуыды кæндзыстут бæстон æмæ уæ ницæйаг удтыл фæуæлахиз уыдзыстут! Д а л у. Ахæмтæ/сæхиуыл никуы ахъуыды кæнынц, нæ. Сæхицæй афтæ дард ^ты, æмæ сæхимæ зынгæ дæр нæ кæнынц. Дæхицæн уыйас знаг у, æмæ уый ма’мбар! П а д д з а х (фæссценæмæ кæсы). Дæлæ уыцы адæмы та цы хъæуы? Мытъо (æрбацыд уыцырдыгæй). Кусæг адæм домынц, нæ цытджын паддзах, цæмæй дæ чызджы саккаг кæнай мæнæ Зарбегæн. Науæд, дам, хъуыддаг бамбардзыстæм афтæ, дæ сæрмæ нæ кæй нæ хæссыс, æмæ дын нал дæлбариуæг кæн — дзыстæм. П а д д з а х. Цы, цы? Æмæ се’хсæн æлдæрттæ дæр куы зыны. Уыдоны та цы хъæуы? Б а д е (æрбацæуы). Уыдон та домынц, цæмæй дæ чызджы фæсарæйнаг бæстæтæй макæдæм радтай моймæ. Науæд тæрсынц, фæсарæнты дæлбар куы бахауа нæ бæстæ, æмæ не’ппæт хъæздыгдзинæдтæ уырдæм куы аивылой. П а д д з а х (ныххудт). Уый циу?! Мæ ныхмæ сыстадысты?! Д а л у. Раст дын зæгъынц, нæ номдзыд паддзах. Зарбегæй хуыздæр ма дæ чи хъæуы сиахсæн?! Уындæй уындджын, зондæй зондджын, тохы та —хъæбатыр, уыныс æй уæртæ! П а д д з а х. Омæ уæдæ... Иугæр адæм домынц!... (Фæссценæмæ.) Сымах куыд фæнды, афтæ фæуæд, хорз адæм! Абонæй фæстæмæ Зарбеджы нымайын мæ фыртыл æмæ мæ хуыздæр æххуысгæнæгыл, мæ чызгæн та йæ царды æмбалыл! (Фæссценæйы ссыд адæмы цины хъæлæба, къухæмдзæгъд. Дифæ æмæ чызджытæ бамбырд сты Зæидæмæ, арфæйы хъæбыстæ йын кæнынц.) Д а л у. Æгайтма ахæм сахат дæхиуыл фæуæлахиз дæ, Мулдар! Уый сгуыхтдзинад у! (Бацыд Зæидæмæ æмæ йын хъæбыс кæны.) Амондджын у, мæ хур, амондджын! М ы т ъ о. Арфæ дын кæнын. Зарбег! (Басхуыста йæ.) Ма ахау уадзыгæй, хи-хи! П а д д з а х (Зарбегмæ). Рацу-ма, лæппу. (Уый йæм бацыд, æмæ йын паддзах ныхъхъæбыс кодта.) Б е к ъ о (сусæгæй). Ныр нæ дыккаг паддзах Зарбег суыдзæн! 144
(Ныккæрзыдта.) Мæ къæлæтджын мын байста! Д з æ б е (сусæгæй). Нæ фæлæ йæ мæнæй байста! Б о б о (сусæгæй). Нæ, мæнæй йæ байста! Сымахæн халæттæ бахæрæнт уæ мæрдтæ! П а д д з а х (ахст лæппутæй). Ацы "зæронд устыты" та, Баде, акæнут фæстæмæ æмæ сыл хъадамантæ бакæнут! М ы т ъ о. Нæ усгуртыл хъадамантæ? Хи-хи! П а д д з а х. Дæуæн та зæгъын бузныг, Далу, дæ лæггæдты тыххæй. Дæ базон-базонтæн ныр та дзуаппытæ ссарын бахæс кæндзынæн нæ бæстæйы æппæт адæмæн. Уадз æмæ сыл алчи дæр бæстон ахъуыды кæна! Æмбæрзæн 1969 аз. 145
ГУЫРÆН БОН Иуактон комеди Архайджытæ: Д а с х а н, фабрикæйы цехы хицау, 40-аздзыд. А г у ы б е, йæ лæг, 45-аздзыд. Т а з р е т, фабрикæйы директор, 50-аздзыд. Ш а м ы р, профкомы сæрдар, 25-аздзыд. Т е п к а, хуымæтæг кусæг, 43-аздзыд. 3 а р æ, йæ чызг, 18-аздзыд. С е п к а, хуымæтæг кусæг, 43-аздзыд. С о л т а н, йæ лæппу, 21-аздзыд. Д и б æ, театралон критик, 35-аздзыд. Дыууæ кафæг лæппуйы, стæй ма чидæртæ. 146
ПРОЛОГ Авансценæйы фæзынд Дибæ, йæ къухы чиныг. Д и б æ (залмæ). Æгас цæут, нæ хорз хæлæрттæ! Ацы изæр фендзыстут, нæ фабрикæтæй иуы цы хабар æрцыд, уый. Гъе’рмæст æз ацы спектаклы архайджытæй нæ дæн, се’хсæн уазæг дæн. Æз дæн театралон критик. Хъуамæ спектаклы тыххæй ныффыссон рецензи, æмæ мæ фæнды йæ архайджытæм мæ цæст хуыздæр фæдарын. Базонгæ ут семæ сымах дæр. (Байгом кодта чиныг æмæ кæсы.) Дасхан... (Фæзыны Дасхан, фæйнæрдæм хъахъхъæнгæйæ.) Цæвиттон, кæйдæр агуры. Мыййаг, йæ лæджы? (Ус ацæуы, Дибæ та кæсы чиныджы.) Агуыбе, Дасханы лæг... (Рацæуы Агуыбе, мæтгæнгæйæ. Дибæ дзуры залмæ сусæгæй.) Цыдæр тыхстхуыз у. Йæ бинойнагыл тагъд цыппор азы сæххæст уыдзæн æмæ кæд ууыл мæт кæны. Æртын азы куы сæххæст усыл, уæд ын Агуыбе бæмбæгæй конд маймули балæвар кодта сывæдæги — мæ. Уый усмæ цы хъыг фæкаст! Цалдæр боны лæгмæ дзыхæй дæр нал сдзырдта. Æмæ йын уæдæ ныр та цы балæвар кæна Агуыбе? (Лæг ацæуы, уыцы мæтгæнгæйæ.) Æниу, чи зоны, уый нæу йæ мæты сæр. Фендзыстæм æй. (Кæсы та чиныджы.) Тазрет, фабрикæйы директор... (Фæзынд Тазрет, йæ къухты газет, тилы йæ фырмæстæй, афтæмæй ацæуы, хинымæр хыл— гæнгæ.) Газеты йын йæ хъуын чидæр ацагъта. (Кæсы та чиныджы.) Тепка æмæ Сепка... (Фæйнæрдыгæй сæ сæртæ радардтой Тепка æмæ Сепка, стæй рацæуынц хъуызæгау æмæ Дибæмæ ныджджих вæййынц. Уый та кæсы чиныджы.) Зарæ, Тепкайы чызг... (Фæцæуы Зарæ.) Æмæ Солтан, Сепкайы лæппу. (Солтан иннæрдыгæй амбæлд Зарæйыл æмæ йын йæ къух ацах— ста, чызг ын йе’хсæрварс ныццавта æмæ фæаууон, лæппу йæ фæдыл ауад.) Æгæр тынг не сты адон? (Кæсы та чиныджы.) Шамыр, профкомы сæрдар... (Фæзынд Шамыр.) Стæй хихъæппæрисадæй дыууæ кафæглæппуйы. (Фæзынынц дыууæ лæппуйы, эстрадон кафт кæнгæйæ, æмсе фæаууон сты. Дибæ та устытæм бакаст.) Адон мæм цы ныджджих сты? (Усты— тæм.) Исты уæ хъæуы мæнæй? // ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 147
Т е п к а. Чи дæ? С е п к а. Стæй цы ми кæныс не’хсæн? Хонæг дæм куы нæ арвыстам. Д и б æ. Тæрсут мæ? Фæнды мæ, чи стут, уый хуыздæр базонын. Ш а м ы р. Æмæ уæдæ фæстиат нал. Рæвдздæр рафæлдах пьесæйы райдайæн! Д и б æ. Табуафси! (Рафæлдæхта чиныджы сыф, æмæ сценæйы фæталынг.) ФЫЦЦАГНЫВ Фабрикæйы кæрты. Комкоммæ зынынц слесыры æрмадзы дуар, бæлас æмæ бандон. Т е п к а (фæзынд). Кæм адæлдзæх? (Фæзынд Сепка дæр.) Нæ бафарстай Дасханы? С е п к а. Цæй тыххæй? Т е п к а. Дæ хорзæхæй, дæ уæхсчытыл сæры бæсты хæрæгнас ис æви?! Йе’фсымæры тыххæй! Æниу кæд мæнг хабар уг мыййаг. С е п к а. Нæ, Дасхан, дам, йæхæдæг загьта. Т е п к а. Дам, дам! "Дам" циу?! О, тæхуды! Мæ чызг ацы аз дæр куы нæ бахауа институгмæ, уæд мæхæдæг ингæнмæ ныххаудзынæн æнæ конкурсæй. С е п к а. Фæхæцæг дыл куы нæ уа, уæд дæ ингæны сæрыл хъен дæр слæуу. Ноджы мæ хæлиудзых лæппу чингуытимæ лымæн нæу æмæ... Куы нæ бахауа, уæд мын ахæстоны фæстæ фесæфдзæн бынтондæр. (Æрбацæуы Дасхан, кæйдæр агуры цæстæнгасæй.) Т е п к а. Дасхан... С е п к а (ныхас исгæйæ). Зæрдиаг арфæ дын кæнæм. Д а с х а н. Цæй тыххæй? Т е п к а. Де’фсымæры, дам, дын... С е п к а (ныхас исгæйæ). Институты директорæй куы сæвæрдтой. Т е п к а. Æцæг у уый? Д а с х а н (фæссценæмæ кæсгæйæ). О... С е п к а. Цæвиттон, цæмæйдæр тыхсыс, Дасхан. (Æрбацæуы Агуыбе.) 148
Т е п к а (Сепкамæ аивæй.) Кш-ш! Цом уал. (Фæаууон йемæ.) Д а с х а н. Сæрæгас дæ, нæ лæг? Кæм уыдтæ æгас æхсæв, дæ хæдзармæ дæ куы нæ равдæлд? (Агуыбе ницы дзуры, афтæмæй усы цæстытæм æдзынæг кæсы, цыма йæ фыццаг хатт уыны, уыйау.) Мæ хæдзарыл! Цы кæныс, цы? А-а! Уый æххормаг æмæ æнæ хуыссæгæй дæ цæстытæ дзæгъæлтæ кæнынц. Ацу нæхимæ. А г у ы б е. Æфсæст дæн. Ацы’хсæв дæр та нæхимæ нæ уыдзынæн. Уый зæгъынмæ дын æрбацыдтæн. (Фæцæуы.) Д а с х а н. Цы хабар у, уый бæрæг нæй æви? А г у ы б е. Æз... бауарзтон иу сылгоймаджы. Д а с х а н. Цы, дам?!.. (Ныххудт.) Ныртæккæ дыл хъазын нæ фидауы. А г у ы б е. Æмæ хъазгæ куы нæ кæнын. Куыд диссаг у уыцы сылгоймаг, Адджын йæ цæстыты каст! О, тайы йæ уындæй нæлгоймаг, Йемæ нæ базондзæн маст. Йæ мидбылты худтæй мæ зæрдæ Базырджын фесты æваст! Уæларвмæ мæ стæхын æрфæнды, Цинтæй мæ сæр зилы раст! дасхан, Суанг ыл ахæм æмдзæвгæ дæр ныффыстай?! А г у ы б е. Йæ уындмæ æдзух æз фæбæллын, Амондæй дзаг у мæ риу! Æрмæстдæр æз уымæ фæтырнын, Йемæ мæ зæрдæ у иу! (Фæаууон.) (Дасхан йæ фæдыл джихæй кæсы.) Т е п к а (фæзынд фæстæмæ Сепкаимæ). Дасхан, цыдæр кæныс. Д а с х а н. Мæ лæг... С е п к а. Цы кæны? Д а с х а н. Дысон нæхимæ нæ уыд. (Сирвæзт дзы.) Иу сылгоймаджы, дам... Т е п к а. Бауарзта? 149
Д а с х а н. Афтæ зæгъы. Т е п к а. Æргомæй?! С е н к а. Уынгæджы бонтæ! Д а с х а н. Ацы’хсæв дæр та, дам, нæхимæ нæ уыдзынæн. Т е п к а. Уæууа! Ахæм æнаккаг у?! Д а с х а н. Нæ, нæ! Мæ лæгыл ахæм сау митæ не сбаддзысты. С е п к а. Æз дæр мæ лæгыл афтæ æууæндыдтæн, цалынмæ æндæримæ нæ афардæг, сау бон ыл акæна! Уарзондзинад кæй нæ сæрра кæны! Т е п к а. Йæ рохтæ йын афоныл æрбалвас, Дасхан. Мæн бафæзм, æмæ æвæсмон уыдзынæ. Лæгтыл хъадамантæ дарын хъæуы, науæд æддæкъах сты Д а с х а н. Нæ, нæ, ам æндæр цыдæр ис. Рацæут уе станоктæм. Т е п к а. Фæлæуу-ма, Дасхан! Ай дæ хъысмæтыл куыннæ мæт кæныс?! С е п к а. Мах дæ рохуаты нæ ныууадздзыстæм, нæ цехы’ хицау. Т е п к а. Рабæрæг кæндзыстæм... С е п к а (ныхас исгæйæ). Æппæтдæр! Щæ бар æй бауадз. Т а з р е т (мæстыйæ æрбацæуы æд газет). Ай циу?! (Тилы газет.) Дæ лæг йæ зондæй фæцух, Дасхан?! Д а с х а н. Цы хабар у, Тазрет? Т а з р е т. Йæ хахуыртæй нæ цъыфты бын ныккодта мæнæ! Д а с х а н (райсы газет æмæ йæм æркаст.) Газетмæ ныффыста? Т а з р е т (фырмæстæй). Æз, директор, ахæм-ухæм! Куыйты хæринагæн дæр нал бæззын! Зæронд мадзæлтгæй архайын! Ног фæрæзтæн фæндаг нæ дæттын. Къæнсерватор! Нæ кус — джытæ та мæ фындзы бынæй давынц фабрикæйы исбон? Т е п к а. Уый ма-ах?! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Т а з р е т. Се’хсæн хъомыладон куыст нæ кæнын, æмæ афтæ дарддæр! Дæ цехмæ дæр дзы цалдæр дуры баппæрста! * Т е п к а. Уæууа! Бынтон йæ цæсгом бахордта?! Т а з р е т. Нæхи аххос у! Æгæр æй систам уæлæмæ, æмæ нæ сæрыл сбадт! (Сфæзмыдта.) "Бæрзонд квалификацийы слесыр-рационализатор!" Суанг æй Уæрæсейы сгуыхт рационализаторы кадджын номмæ дæр ма снысан кодтам! Ноджы йын цы егъау преми!... (Дасхан фæстæмæ радта газет æмæ фырмæстæй ацыд.) 150
С е п к а. Цы мæгуыры бон акодта Дасханыл ахæм лæгимæ! Т е п к а. Цæй лæг ма йын у! Кæй лæг у, уый бæрæг дæр куынал у! Т а з р е т. Уый та куыд?! Т е п к а. Цалдæр æхсæвы йæ хæдзармæ нал æрбацыд. Т а з р е т. Уæдæ кæм уыд? С е п к а. Кæйдæр сылимæ. Т а з р е т. Цæмæй йæ зонут? Т е п к а. Цы зонын ма йæ хъæуы! С е п к а. Æрдæбон тæккæ мæнæ ацы ран Агуыбе йæхæдæг йæхи дзыхæй загьта Дасханæн, мауал мæм æнхъæлмæ кæс, æз бауарзтон æндæр сылы, зæгъгæ. Т а з р е т. Æ-гъа! Уæдæ уæд нæ къухты ис! Моралон æгъдауæй чй фехæлДг ахæм! С е п к а. Адæмы нывыл уыдг бæргæ! Т е п к а. Уарзты сонтæй бабын лæг! Т а з р е т. Дасханы хуызæн сылгоймаджы бафхæр! Ноджы йын цы цот ис! С е п к а. Рæхджы йыл цыппор азы сæххæст уыдзæн æмæ йын йæ бæрæгбонмæ ахæм маст скæн! Т е п к а. Нæ цæсгомджын Агуыбе! Æмæ ма уыцы хуызæнæй газетмæ хахуыртæ ныффысс! Цы цæсгомæй?! (Йæ цæсгом дыууæ армæй амбæрзта.) Æ-гъа! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Искæй кой ракæныны бæсты æз, æвæццæгæн, мæхи уæртæ уыцы бæласыл ацауындзин. Ш а м ы р (æрбацыд). Тазрет, министерствæйæ дæ агурынц голефонæй. х1 а з р е т. Уый, æвæццæгæн, мæнæ газеты тыххæй. Бакастæ йæ, Шамыр? Ш а м ы р. Куыннæма! Т а з р е т. Уæдæ газеты редакци æмæ министерствæмæ бацæттæ кæн æрмæг, уац сæрæй бынмæ мæнг кæй у, уый тыххæй. Агуыбейы цы кадджын номмæ снысан кодтам егьау премиимæ, уымæ дæр ногæй æркæсын хъæуы. Æвæццæгæн, æгæр батагъд кодтам... Ш а м ы р. Æмæ уыцы гæххæттытæ министерствæ Мæскуымæ куы арвыста. Т а з р е т. Хъуыдддг бауромынæн нæма байрæджы. Агуыбемæ моралон цæстæнгасæй æркæсын хъæуы. Хъуамæ йын йе’дзæсгом цæсгом æвæстиатæй раргом кæнæм нæ коллектив æмæ иннæ уæлдæр кусджытæн. Науæд йæ сау митæ куы схъæр уой, уæд алчи дæр мах азымджын кæндзæн, куыннæ йæ уыдтат, зæгъгæ. 151
Ш а м ы р. Цавæр сау митæ?.. Т а з р е т. Цом, хуыздæр дын бамбарын кæнон хъуыддаг. Т е п к а. Фæлæуут уал, мæнæ уал ын æз æмæ Сепка йæ фæд ссарæм. С е п к а. Базонæм, чи у сыл. Уæд та нæхи кусджытæй исчи У- Т а з р е т. Бацархайут рæвдздæр. (Зæрдæ æвæрæгау.) Фæсмонгонд нæ уыдзыстут... (Ацыд Шамыримæ.) Т е п к а. Гъер фæстиат нал! С е п к а. Дасханæн кæм балæггад кæнæм, уый ис! Уый та нæ цотæн институты цъæх дуæрттæ байгом кæндзæн уæрæх! О Хуыцау! Т е п к а. Цавæр хуыцаумæ ма кувыс?! Махæн ныр нæ хуыцау Дасхан у! С е п к а. Æцæг, æцæг! Чырысти ма йæ разы циу?! Т е п к а. Ссарæм Агуыбейы... (Фæйнæрдæм хъахъхъæнынмæ фесты.) Цымæ кæцы корпусмæ ацыд? С е п к а. Чи зоны г фаллагмæ. Т е п к а. Кæддæра кæимæ ис æмæ цы ми кæны? Цом-ма... 3 а р æ (фæзынд). Гыцци, цехы уæ агурынц. Т е п к а. Цехмæ ма нæ’вдæлы æви? Практиканттæ уал акусæнт нæ бæсты! ( С е п к а. Нæ куыст æндæр у ныртæккæ. Бинонты цард хæлы... 3 а р æ. Кæй бинонты? Т е п к а (сусæгæй). Цин кæн, чызг, дæ рухс фидæнмæ уæрæх фæндаг ссардтон. 3 а р æ. Цæмæй зæгъыс, гыцци? Т е п к а. Базондзынæ йæ фæстæдæр. Ныр мæ ма хъыгдар. (Ацыд.) С о л т а н (фæзынд). Дзыцца.. С е п к а (ныхас исгæйæ). Нæ мæ’вдæлы! С о л т а н. Кæдæм тагъд кæныс? С е п к а (сусæгæй). Цин кæн, лæппу, дæ рухс фидæнмæ уæрæх фæндаг ссардтон. С о л т а н. Цæмæй зæгъыс, дзыцца? С е п к а. Базондзынæ йæ фæстæдæр. Ныр мæ ма хъыгдар. (Ацыд.) С о л т а н. Цавæр фæндаджы кой кæны? Мæ фидæнмæ ныридæгæн мæхæдæг куы ссардтон фæндаг. (Чызгмæ ныджджих.) Мæлæты дард у уыцы фæндаг? 3 а р æ. Уæдæ хæстæг? 152
С о л т а н. Æмæ уæдæ мæнæй дæумæ цал къахдзæфы ис мæнæ? 3 а р æ. Æз та дын цы бавæййын? С о л т а н. Ды мæ абоны бон дæр æмæ мæ сомбон дæр. (Фæцæуы йæм.) Дæ дыууæ цæстмæ кæсынæй бафсæд! Науæд дæ сырх уадултæ! Дæ диссаджы гуырыконд!... 3 а р æ. Цы сæнттæ цæгъдыс? Чи дæ æрбауагъта фабрикæйы кæртмæ?! (Фæцæуы.) С о л т а н. Дæ уромæнтæ ма иу чысыл алхъив. (Чызджы фæндагыл алæууыд.) 3 а р æ. Хъус-маг лæппу де’хсæрварс дын куы аныхон, уымæй нæ тæрсыс? С о л т а н (йæ уадул æм бадардта). Табуафси, хæры мæ. 3 а р æ. Кæм цы магуса ис, уыдоны ныхынмæ мæ не’вдæлы! Иуварс мæ фæндагæй! С о л т а н. Ма тагъд кæн, байхъус мæм! 3 а р æ. Цы зæгъинаг уыдтæ, уый загътай! Цы ма мын зæгъдзынæ æндæр. С о л т а н (тæргайгондæй). Ды, уарзондзинад циу, уый æмбаргæ дæр нæ кæныс! 3 а р æ. Æллæх, куыд хорз æй бамбæрстай ды! Цымæ цавæр бæласыл зайы, стæй йæ цæимæ хæрынц?! С о л т а н. Хъайлаимæ! Уарзондзинад йæхæдæг хæры! 3 а р æ. Дæхи дзы бахиз, науæд дæ мадæн иунæг дæ! С о л т а н. Мæхи бахизын ма дзы мæ бон куы уаид, уæд ам дæ разы цы ныхъхъил дæн?! 3 а р æ. Мæгуыр дæ бон, мацы дыл æрцæуæд! (Фæуайы та.) Солтан (йæ къух ын ацахста). Стæ-ма! 3 а р æ. Гъа уæдæ! (Йе’хсæрварс ын ныццавта.) Æгæр раджы дæ рауагътой ахæстонæй! (Фæаууон.) Рухс ахуыссыд. Уыцы ран та. Сæумæрайсом. Т е п к а (æрбацæуы хуыссæгхъуагæй, йæ къæхтыл лæууы тыхæй). Дæлдзæх нæххауай, кæд кæм фесæфтæ! Æгас æхсæв цы дзæгъæл лекка фæкодтам корпусты ’хсæн! С е п к а (иннæрдыгæй æрбацæуы ахæм фæлладæй уый дæр). Нæ йæ ссардтай ды дæр, Тепка? Т е п к а (алырдæм хъахъхъæнгæйæ). Нæ, Сепка, кæрты нæй, уый бæлвырд у. С е п к а (алырдæм хъахъхъæнгæйæ). Дуаргæсы бафарстон... 153
Знонæй нырмæ, дамг Агуыбе кæртæй æлдæмæ нæ ацыд. Т е п к а. Уæд та быруйы сæртыл ахызт. С е п к а. Уанцон нæу! Бынтон æрра у? Т е п к а. Æмæ уæдæ йæ хæдзармæ чи нал цæуы, уый ма зондджын у? С е п к а. Уæдæ уæд æз æмæ ды дæр... Т е п к а. Цы? С е п к а. Æгас æхсæв нæ хæдзæртты куы нæ уыдыстæм. Дæ лæг цалдæр хатты телефонæй æрбадзырдта дуаргæсмæ, мæ ус, дам, цы фæци? Кæд, дам, æй исчи аскъæфта, уæд скъæфæгæн раарфæ кæнут мæ бæсты. Т е п к а. Акса-ма уыцы хæлиудзыхмæ! Æз ам фыдæбæттæ æвзарын, уый та!.. С е п к а. Афтæмæй та нæ абоны куысты сменæ райдыдта. Т е п к а (мæстыйæ). Цавæр сменæйы кой?!... Æнæхуыссæгæй?! Стæй кæй æвдæлы?! Мах бинонты иудзинад хъахъхъæнæм! Бинонты!... Хæрзаг Дасхан ма зæгъа, ницы архайæм йæ лæджы сау митæ раргом кæныны охыл! С е п к а. Ехх, анассæнæ, гъер нæм Цъыруйы фæлтæрддзинад куы уаид! Т е п к а. Цъыру та чи у? С е п к а. Амырыкæйы, дам, ис ахæм лæг. Ахуыргонд куыдзæй, дам, рæвдздæр у лæджы фæд райарынмæ. Т е п к а (фæрæвдз). А-а!... Уый лæг нæу, сæрхъæн! Смудаг куыйты фермæ у. Кæддæр радиойæ фехъуыстон цыдæр^ахæм... Цъырыу. С е п к а. Уæдæ æз æмæ ды та цавæр фермæйæ стæм? Т е п к а. Де’дылы ныхæстæм та бахæццæ дæ, Сепка! (Бандоныл сбадгæйæ, йæ сæр æруагъта, æмæ чысыл фæстæдæр йæ хуыррытт ссыд.) С е п к а. Уынгæджы бонтæ! (Батылдта йæ.) Тепка! Т е п к а (райхъал). Цы, дам?! Иу сменæ дæр нæ!... (Йæ фындз æууæрдгæйæ, ныззæмбыдта, стæй æрæхснырста.) Корпусты’хсæн мæ дымгæ ныццавта. Гъер ма мæ ридикулит дæр куы’рцахса, уæд хъуыддаг бабын. Алæ-ма. (Фестад æмæ цæугæйæ фæлвары йæ син фæстейы. Æвиппайды æрмадзæй райхъуыст цавæрдæр уынæр, æмæ дыууæ усы джихау фесты.) С е п к а (сусæгæй). Йе’рмадзы ис Агуыбе. Т е п к а. Кш-ш! Æмæ æгас æхсæв ацы æрмадзмæ мæ цæст куы дардтон. С е п к а. Æвæццæгæн, дуар мидæгæй сæхгæдта. Т е п к а. Ау, туалетмæ дæр æй нæ бахъуыд рацæуын? Алæ- ма... 154
(Дыууæйæ сæ къахфындзтыл бахъуызынц дуармæ.) Кш-ш! Мауалсулæф. (Мидæмæ зыхъхъырæй арæхстгай кæсы.) С е п к а. Мидæгæй талынг куы у, уæд дзы цы фендзынæ, Тепка? Т е п к а. Мæ цæстытæ цыфæнды тар дæр айгæрдынц, Сепка. С е п к а. Исты дзы уыныс? Т е п к а. Цæвиттон дзы Агуыбе... С е п к а. Иунæгæй у? Т е п к а. Иунæджы уынæр нæу. (Фæрæвдз.) Дыууæйæ сты! Цавæрдæр сыл дзы! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Цы ми кæнынц? Т е п к а. Ахæм ран хæзгултæ цы ми фæкæнынц? Пуртийæ хъазын æнхъæл сын дæ! Цæвиттон дзы кæйдæр астæуыстæджы къæс-къæс цæуы. Тыхджын хъæбыстæй... С е п к а. Уынгæ сæ кæныс æви дæм уыдæттæ дæ хъуыдытæ дзурынц? Т е п к а. Мæ хъуыдытæ никуы фæсайынц мæ цæстыты! (Æрмадзæй райхъуыст гæдыты цъæхахст.) С е п к а. Фæсайдтой дæ дæ хъуыдытæ, Тепка. Æндæр хæзгултæ дзы ис. Т е п к а. Пуй, уыцы дзæгъæлдзу фосы мыггаг! Гыццыл ма бахъæуа, мæ цæстытæ æддæмæ ма рагæпп кæной. С е п к а (фæцырд). Гъæй, кæд, мыййаг, Агуыбе барæй гæдыты хъæлæсæй... Т е п к а. Афтæ уыдзæн! Уым ис! (Зыхъхъырæй та кæсы мидæмæ.) С е п к а. Иу зыхъхъыр йедтæмæ дзы нæй æви?! Уæд та иу хуынкъ! (Дуарыл агуры хуынкъ.) Гъе налат Агуыбе!... (Æрбацæуы Агуыбе æмæ устытæм фæстейы дисгæнæгау кæсы, уыдон æй нæ уынынц. Йæ русыл ис сырх ахорæны фæд. Æппынфæстаг лæг барæй ныххуыфыд, æмæ йæм устытæ фсестæмæ уыцы иузылд фæкодтой сæхи, хорзау нал фесты.) А г у ы б е. Цы агурут æрмадзы? Т е п к а. Мах?.. (Фæрæвдз.) Цæвиттон дзы сау гæдытæ цыдæр аппæрстой æмæ, зæгъын, мацы фыдбылыз скæнæнт... (Æвиппайды йсе хъæлсес атад, Сепкаимæ лседжы русыл уыцы сырх ахорæнмæ ныджджих уæвгæйæ.) . А г у ы б е. Уæ цæстытæ мæм цы ныдздзагъыр сты? 155
Т е п к а (дæлгоммæ нахасæй). Дæ цæсгомыл бæрæг у, кæй нæ бафынæй дæ æгас æхсæв. Æццæй нæг Сепка? С е п к а. Уæдæ, уæдæ, Тепка! Лæгæн йæ хуыз фæцыд æмæ схъулæттæ ис. Т е п к а (æвиппайды). Уæууа, Сепка, нæ куыстмæ нын байрæджы! (Дыууæ усы фæаууон сты. Агуыбе та дæгъæлæй бакæны æрмадзы дуар æмæ бацыд мидæмæ. Тепка æмæ Сепка хъуызæгау фæзындысты фæстæмæ, аууонæй сæ цæст дарынц æрмадзы дуармæ.) Т е п к а. Федтай йæ русыл былтæахорæны фæд? С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Дасханы та нæ уырныдта. Фæдзурон æм æмæ йæхи сау дыууæ цæстæй фена йæ лæджы цæсгом. Т е п к а. Фæлæуу, банхъæлмæ кæсæм æххæст... С е п к а. Цæй, Дасханæн цы радзурæм, ныридæгæн уал уый ис. Стæй ма йын ноджыдæр цы радзурæм, уый дæр йæ бынаты уыдзæн, Т е п к а. Иугæр æй Агуыбе йæхæдæг дæр нал сусæг кæны, уæд... Фæлæ йæ уæддæр цух уадзын нал хъæуы. Куы рацæуа, уæд гуырæй-гуырмæ йæ фæдыл... (Æвиппайды.) Кш-ш! Мауал сулæф! Æнхъæлдæн, Агуыбемæ йæ хæзгул æрбацæуы уæртæ! (Аууон ран слæууыдысты дыууæйæ æмæ аивæй хъахъхъæ— нынц. Æрбацæуы Дибæ æмæ бахоста æрмадзы дуар, нæ уыны устыты.) С е п к а (сусæгæй). Йæ былтæ ахуырст сты, Агуыбейы русыл цы ахорæны фæд ис, уымæй. Сæ хуыз иу у. Т е п к а. Ай йæ схъулæттæ кодта. Æнаккаг! Æм^е ма йæ фæдыл куыд æрбасхъæл! Цымæ ма дзы цы ферох? С е п к а. Кæд ма йын йæ фындзы рагъ сахорынмæ хъавы! А г у ы б е (рацыд æрмадзæй). Ды дæ? Д и б æ. Цæмæйдæрты ма дæ афæрсинаг дæн. Æвдæлы дæ? А г у ы б е. Дæ фаг рæстæг ссардзынæн. (Ахгæдта дуар дæгъæлæй.) Цом фалæмæ, уым аныхас кæндзыстæм. Д и б æ. Тынг бузныг дæ дæн, хъайтар. (Агуыбеимæ ацæугæйæ.) Сылгоймагæн аргъ кæнын зоныс. С е п к а. Цытæ хъусын бонсихорафон! Фæкæны йæ! Т е п к а (фырцымыдисæй). Сæ фæдыл размæ! Хъуамæ нæ сæ иу фезмæлд, сæ иу ныхас дæр ма аирвæза!... (Æвиппайды йæ цæстмæ фæлæбурдта.) Уауу, бабын дæн! Д а с х а н (æрбацæуы). Уæ хорзæхæй, цы фестут?... Цы 156
кодтай, Тепка? (Кæсы йын йæ цæстмæ.) Дæ цæст фездыхст? Йæ урс рагъ сзынд. С е п к а. Фырдисæй, Дасхан! Ныртæккæ ам цытæ уыд!... Т е п к а (йæ цæстыл хæцгæйæ, дзуры тагъд-тш-ъд). Ам цытæ уыд, уыдон никуыма уыдысты! Канд цæст нæ, фæлæ мæ сæры магъз куыд нæ фездыхст! С е п к а. Уынгæджы бонтæ!... Т е п к а (ныхас исгæйæ). Царциаты диссæгтæ!... С е п к а (ныхас исгæйæ). Царциаты диссæгтæй дæр диссагдæр!.. Д а с х а н. Фæлæуут, сулæфут! С е п к а. Сулæфынмæ ма нæ’вдæлы æви?!.. Т е п к а (ныхас исгæйæ). Ды сулæф, Сепка, сулæф! (Дасханмæ.) Бынтон дзæгъæлы æууæндыдтæ дæ лæгыл, Дасхан. Йæ хæзгул æм ардæм фæзынд... С е п к а (ныхас исгæйæ). Агуыбе йæм дзуры: мæ цард æмæ мæ рæстæг иууылдæр дæу сты, мæ зынаргъ! Дæу йедтæмæ мæ ничиуал хъæуы!... Т е п к а (ныхас исгæйæ). Ды сулæф, Сепка, сулæф! (Дасханмæ.) Сыл та йын афтæ: "Куыд бузныг дæ дæн, хъайтар! Ды зоныс аргъ кæнын мæнæн! Дæ уарзондзинад мын басыгъта мæ зæрдæ, æмæ кæнын сонт" Стæй мæнæ æрмадзмæ бацыдысты. С е п к а. Мах сæм хуынкъæй... Т е п к а (ныхас исгæйæ). Ды сулæф, Сепка, сулæф! (Дасханмæ.) Ды уыдоны куы федтаис дæхи сау дыууæ цæстæй! Цы’нгом’хъæбыстæ фæкодтой! Сылы астæуыстæджы къæс- къæс-иу куы ссыд! С е п к а. Кæрæдзийы фæцæйхордтой!.. Т е п к а (ныхас исгæйæ). Ды сулæф, Сепка, сулæф! (Дасханмæ.) Агуыбейы цæсгом схъулæттæ сылы былтæахорæнæй! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Искæй лæгмæ афтæ бавнал! Т е п к а. Стæй ацыдысты ардыгæй. Фалейы, дам, нын хуыздæр фадат уыдзæн кæрæдзийы арæвдауынæн. С е п к а. Æрмадзы, дам, нæдæр диван ис, нæдæр сынтæг! Т е п к а. О, куыд тыхджын у сæ уарзт! С е п к а. Афонмæ кæрæдзийæн цытæ кæнынц!... Д а с х а н. Фæлæуут, фæтæригъæд мын кæнут! (Йæ сæр разылд, æмæ бандоныл абадт.) С е п к а. Æрбацæуы Агуыбе фæстæмæ! Фен ын йæ цæсгом дæхи дыууæ цæстæй, Дасхан. 157
Т е п к а. Мауал сулæф, Сепка! Мах ницы хъуыдлдг ис. Цом! (Фæаууон сты дыууæйæ.) А г у ы б е (æрбацыд). Дасхан, цы бадыс ам? (Ус фестад, лæгмæ æввахс бацыд æмсе йын йæ цæсгоммæ кæсы.) Мæ цæсгомыл цыдæр агурыс. Д а с х а н (дæлгоммæ ныхасæй). Къæм! Егъау къæм! (Иннсердæм азылдта йæхи.) Асæрф æй, сырх стъалыйау æрттивы дæ цæсгомыл. А г у ы б е. Æз дæумæ раздæхтæн, цæмæй дын зæгьон, тагъд кæй фендзынæ уыцы диссаджы сылгоймаджы. Д а с х а н. Зæххы скъуыды ныххау йемæ! А г у ы б е. Йемæ канд зæххы скъуыды нæ — цæхæр артмæ дæр баппарин мæхи. Д а с х а н. Нæ фæлæ демæ æгæр уæздан дарын мæхи, æмæ хынджылæг скъæрыс! Цæугæ! Дæ зынаргъ хæзгул дæм æнхъæлмæ кæсы! Мæ хæдзармæ дæ къах мауал бавæр! А г у ы б е. Гъемæ хорз. (Ацыд.) Д а с х а н (цæссыгтимæ). Сæрра ис лæг! Æз та ма мæ гуырæн бонмæ йæ рæвдыдмæ æнхъæлмæ кастæн. Хæдзархæлд куы фæдæн! (Тепка æмæ Сепка рацæуынц кæугæйæ, сæ цæссыгтæ къухмæрзæнтæй сæрфынц.) С е п к а. Федтай, Дасхан, цы сау бон дыл акодта, уый?! Т е п к а. Æвæстиатæй нæ хицауадмæ бахæсс дæ хъаст, æмæ Агуыбейы хъуыдаагмæ æркæсой. С е п к а. Мах дын æвдисæнтæ. Т е п к а. Мæнæ дын мæ цæст та — вещественнæ доказательствæ! ^ Д а с х а н. Чи у сылгоймаг? С е п к а. Уындæй уындджын, цæсгомæй та æдзæсгом. Т е п к а (Сепкамæ). Уындæй дæр Дасханы раз ницы ахæм У- Д а с х а н (ныхас исгæйæ). Чи у сылгоймаг?! 3 а р æ (фæзынд фæдисонхуызæй). Авари! (Тепкамæ.) Кæм фесæфтыстут, гыцци?! Практиканттæ нæ сарæхстысты уе станоктимæ, æмæ асастысты! Т е п к а (фæтарст). Чи асаст, станоктæ æви практикантгæ?! 3 а р æ. Станоктæ! Практиканттæй та иуæн йæ къух ныцъцъæл! 158
С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Бабын стæм! 3 а р æ. "Тагъд æххуысмæ" бадзурон! Кæм ис телефон?! (Ауад.) С е п к а. Уыцы ног зынаргь станоктæ!... Æрцахсдзысты нæ! (Дасхан фыртыхстæй бандоныл æрхаудта.) Д а с х а н. Тепка, ацу дохтыртæй гæххæт райс дæ цæсты тыххæй. С е п к а. Производственнæй травмæ! Т е п к а (тыхстхуызæй). Æрдæбон дæу æмæ Агуыбемæ кæсгæйæ, мæ цæст фырдисæй фæстæмæ йæ бынаты абадт. С е п к а. Хъыгаг у уый! Т е п к а. Ма тыхсут, мæ цæст уæддæр рынчын у. Туджы æртахтæ мын дзы фæзынд. (Хинæй.) Æппындæр дзы ницы уынын! С е п к а. Ме’намондæн, æз æнæниз дæн æмæ мæн ныддæрæн кæндзысты! (Цæссыгтимæ.) Уыцы талынг ранмæ мын-иу хъарм къæбæр уæддæр æрбахæссут! Т е п к а. Фæтар кæны мæ дыккаг цæст дæр! Сымах мæ уæлхъус катайы бафтыдыстут æмæ уæ станоктæм нал равдæлд. С е п к а (фæныфсджын). Æцæг, æцæг! Т е п к а. Мæ развæндаг нал уынын! (Йæ иу къухæй бамбæрзта йæ цæстытæ, йæ иннæ къух та бадардта Сепкамæ.) Акæ мæ, Сепка! С е п к а. Поликлиникæмæ! Т е п к а. Нæ, йæ рæзты! Нæ хæдзармæ фæдзурдзынæн дохтырмæ. Уым хуыздæр бамбардзыстæм кæрæдзи. Замманай хъусцæгтæ мæм ис. С е п к а. Нæ фæлæ уал дæ нæ хицауадмæ акæнон. Хъуамæ уал дæ Тазрет йæхи дыууæ сау цæстæй фена. Т е п к а. Иттæг раст! Хаттæй-хатт дæм цы зондджын хъуыдытæ фæзыны, Сепка! Рæвдздæр! С е п к а. Фæцæуæм, Тепка! (Йæ къухыл ын ныххæцыд æмæ йæ аксены.) Есо Чырысти, баххуыс нын кæн! Д а с х а н (иунæгæй). Ме станоктæ!.. Мæ цехы химæрайст хæстæ! Мæ зонд куы фæцыд ай! О, сылгоймаджы лæмæгъдзинад!... (Фестад æмæ ацæуынмæ бахъавыд, фæлсе фæцудыдта.) Цыдæр кæнын! (Абадт бандоныл фæстæмæ.) Мæ буар судзы!.. 159
(Солтан кусæн дарæсы фæхæссы дыууæ афтид асыччы.) 3 а р æ (фæуайы фæстæмсе, лæппуйæ). Куысты ныллæууыд ам? (Хъæрæй.) Фæкæсут-ма! (Фæаууон.) (Солтан, йсе асыччытæ нывæргæйæ, ауад чызджы фæдыл.) Æмбæрзæн ДЫККАГ НЫВ Директоры кусæнуаты. Стъолы уæлхъус бады Тазрет. Уым ис Шамыр дæр. Т а з р е т (мæстыйæ). О, о, Шамыр, нæ дæ’мбарын! Хæлиудзыхæй кæсыс, ныббарæн кæмæн нæй, уыцы хъуыддæгтæм. Ш а м ы р. Цæмæн зæгъыс, Тазрет? Т а з р е т. Газеты редакци æмæ министерствæмæ ныронг ницыма ныффыстай Агуыбейы уацы ныхмæ. Цы хæрзиуджытæ йын снысан кодтам премиимæ, уыдонмæ ногæй æркæсыны охыл дæр ницы архайыс. Ш а м ы р. Уый тыххæй Агуыбейы рационализаторон æрхъуыдыдзинæдтæ нæ фабрикæйæн цы экономикон пайда радтой, уый ногæй банымайын хъæуы. Т а з р е т. Банымай йæ, инженер, бухгалтеримæ! Цал хатты дын загътон?! Ногæй нæ æгас коллективæн æмбырд саразын хъæуы уыцы фарстайы фæдыл. Æмæ уал раздæр æрмæг ба — цæттæ кæнын хъæуы. Æвæстиатæй! Бухгалтеримæ ^аныхас кодтон, æнхъæлмæ дæм кæсы, фæлæ йæм ды нæ цæуыс. Цыма хъуыддæгтæ барæй къуылымпы кæныс, афтæ мæм кæсы. Ш а м ы р (æрдæгхъæлæсæй). Цæмæн?.. Т а з р е т. Нæ рæдыдтытæ нæ сраст’кæнын нæ хъæуы? Ш а м ы р. Ох, уыцы рæдыдтытæ!.. Т а з р е т. Нæ дæм хъарынц! Хихъæппæрисадон къордимæ сбастай дæхи æмæ ма кафын дæр райдыдтай семæ! Ш а м ы р. Омæ уæдæ сæ разамонæг фæрынчын æмæ сæм фæкæсын нæ хъæуы? Т а з р е т. Дæ хæстæ æндæр сты, профкомы хицау! Кафынмæ ма нæ’вдæлы?! Нæ худинаджы хабæрттæ!... Куыд 160
ферох кодта Агуыбе йæ цæсгом æмæ йе’фсарм?! Йæ монцты фæдыл куыд ацыд, куыд?! (Шамыр ницы дзуры.) Цæй, кæм сты нæ профкомы уæнгтæ? Уæддæр уал уыдонимæ рагацау исты уынаффæ рахæссæм. Фæдзур сæм ногæй, марадз. (Шамыр ацыд.) Д а с х а н (æрбацæуы æнкъардæй). Дзырдтай мæм, Тазрет? Т а з р е т. Куыннæма, Дасхан! Сбад, дæ хорзæхæй. (Ус сбады.) Агуыбейы хъуыддагмæ æркæсын хъæуы. Махыл цъыфкалæнтæ кæй фæкодта газеты, уый мæм нымады дæр нæу. Фæлæ дæу кæй бафхæрдта, уый ныббаринаг хъуыддаг у? (Фе— стад æмæ стъолæй иуварс ацæуы.) Зæрдæйæ зæрдæмæ нык — кæсæн куы уаид. Дасхан!.. Бауырнæд дæ, дæ мæтæй мæ хуыс — сæг дæр нал ахсы. Д а с х а н. Бузныг, Тазрет. Т а з р е т. Дæ хуызæн сылгоймæгтæ бирæ нæ зонын. Агуыбе кæнæ йæ зондæй фæцух, кæнæ... Ш а м ы р (æрбацæуы). Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. Д а с х а н. Агуыбейы тыххæй æмбырд кæнут?.. Нæ хъæуы, Тазрет! Т а з р е т. Хъæуы! Лæг сæрсæфæн былмæ фæцæуы, æмæ йæм хæлиудзыхæй кæсæм? (Æрабацæуынц Тепка æмæ Сепка. Тепкайы цæст у сырх хæцъилæй баст.) Т е п к а. Нæ байрæджы кодтам, Тазрет? Т а з р е т. Нæ, сбадут. Ш а м ы р (устытæм). Уе станокты тыххæй ОБХСС-ы кусджытæ акт ныффыстой. С е п к а. Обæсхесхес та чи у? Т е п к а. Смудаг... милицæ! Т а з р е т. Фесæфтысты дзыхъхъынног станоктæ. Ноджы чызджы къух ныцъцъæл! Кæй аххосæй? Агуыбейы! (Устытæй.) Мæнæ мæгуыр сылгоймæгтæ кусынхъом дæр куынал сты. Чи дзы æнæцæст фæци, чи та йæ уагыл нал у. (Æрбацыдысты ма чидæртæ, сбадынц.) А г у ы б е (фæзынд). Фарн уе’мбырды, хорз адæм! Нæ зонын, цæмæн уæ бахъуыд мæ сæр, фæлæ уымæй 161
бакъуылымпы кодтат мæ цины фембæлд, æппæтæй мын зынаргъдæр чи у, уыцы сылгоймагимæ. Т а з р е т. Æппæтæй зынаргьдæр?!.. Т е п к а. Хъусыс, Сепка?! С е п к а. Хъусын, хъусын, Тепка! Т а з р е т. Ай бынтон дæ цæсгом куы бахордтай, Агуыбе! Мах хъæндзинæдтæ хорз уыныс, фæлæ дæхи!.. Дæ бинойнагæй зынаргъдæр дын чи ис?! А г у ы б е. Мæ бинойнагæй? (Бацыд Дасханмæ æмæ йæм кæсы.) Д а с х а н (мæстыйæ). Дæ митæй мæ цæсгом судзы! (Фестад семæ иннæрдæм азылдта йсехи.) А г у ы б е. Гъер ацы дарæс цы скодтай дæ уæлæ? Д а с х а н. Ныронг цыфæнды дарæсы дæр дæ зæрдæмæ цыдтæн! А г у ы б е. Уыцы сылгоймагæн цы уынд ис! Д а с х а н. Омæ йæм кæс ацу! А г у ы б е. Цы йæ гуырыконд!.. Д а с х а н (фырмæстæй). Ды ничи дæ! А г у ы б е. Цы йæ дзыккутæ!.. Д а с х а н. Мæхицæн æй нæ барын, афтæ æрæджиау кæй базыдтон, чи дæ, уый! Т а з р е т. Уыцы сылгоймагæй нын æппæлай, уый тыххæй дæм нæ фæдзырдтам, Агуыбе. Т е п к а. Ай-гъай! Т а з р е т. Дасханæн а дыууæ боны йæ гуырæн бон уыдзæн, ды та йын йæ бæрæгбоны агъоммæ йæ зæрдæ ныссастай!.. (Тепка æмæ Сепка ныккуыдтой хъæрæй, афтæмæй бацæуынц Дасханмæ æмæ йæ сбадын кæнынц.) А г у ы б е. Дасханыл дæс æмæ ссæдз азы куы сæххæст, уæд мæ лæвар бынтондæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Суанг мæм дзыхæй дæр нал сдзырдта дæс боны æмæ фондз рахаты цыппар минуты хъуаг. Т а з р е т. Тынг раст бакодта. Ахæм сылгоймагæн ды хъуамæ стъалы æртыдтаис арвы риуæй. (Шамырмæ.) Шамыр, Агуыбе чъыры хæлд куыд фæцис, уый дæхæдæг уыныс. Æз афтæ зæгъын, æмæ йын нæ профкомы уæнгты’хсæн бынат нал ис. Стæй стыр бафхæрды аккаг у. Цы зæгъыс ды та? Ш а м ы р. Цы зæгъон, Тазрет? Мæнæн нырма бинонтæ нæма ис æмæ искæй бинонты цардæн цы ’мбарын? Т а з р е т (нытьтъæлланг ласта). Нæ профкомы сæрдар дæ, Шамыр! 162
Ш а м ы р. О, фæлæ искæй бинонты сæрдар нæ дæн! Т а з р е т. Ау, нæ кусджыты моралон уагахастмæ ницы бар дарыс?! А г у ы б е (худы). Дæхи моралон уагахаст та дæм куыд кæсы, нæ буц хицау? Т а з р е т. Уый дæ хъуыддаг нæу! фендзыстæм, уыцы станокты аргъ цæмæй бафиддзынæ! Уыйбæрц æхца!... Ахæстонмæ цæуы дæ фæндаг! А г у ы б е (фырцинæй). Ехх, цы сылгоймаг мæм æнхъæлмæ кæсы! Сымах та мæ ныхæстыл ныдддрдтат! цы базыртæ ис мæ зæрдæйæн, æвæдза! Уæларвмæ стæхин, фæлæ мæ ацы къуындæг уаты къултæ уромынц! Куыд мæгуыр стут, уыцы базыртæ кæмæн нæй!Æнкъард — уæ цæстæнгас... (Се’ппæтмæ дæр бацæуы æмæ сын ссе цæстытæм æдзынæг кæсы.) Дæ цæст та кæцы хæсты фæцæф, Тепкайы рæсугъд? С е п к а (мæстыйæ). Вещественнæ доказательствæ! А г у ы б е. Уарзоны арф цæстытæ цы сты, уый æмбаргæ кæнут? Искуы дзы аныгъуылдыстут? Т а з р е т. Ай лæг цыдæр куы кодта сæрæй! Т е п к а (фемæхст). Æмæ ма йыл дывæнд кæнут! Пъысихты рынчындонмæ ласинаг кæй у, уый нæ уынут?! Цæмæ ма кæсут?! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Фыр уарзтæй афтæ сæрра у! А г у ы б е. Ма сæрра ут сымах! Нæ уыл сфидаудзæн. Мæнæн уадзут уæ хай æмæ дзы сонт кæнон æз ноджы тынгдæр. С е п к а. Уымæй ма ноджы тынгдæр?! Уынгæджы сау бонтæ! Т е п к а. Лидзын хъæуы ардыгæй! Ш а м ы р (æвиппайды). Ехх, сонт кæнын æрцыд мæнмæ дæр! Т а з р е т (фæджих). Дæумæ дæр?! Т е п к а. Хæцгæ низ у! Т а з р е т (фырмæстæй). Нæ профкомы сæрдар дæр!.. "Тагъд æххуысмæ" фæдис!.. (Тазрет телефонмæ куы бавнæлдта, уæд æнæнхъæлæджы фæзындысты дыууæ лæппуйы æд матитофон æмæ дзы цы рог музыкæ хъуысы, уымæ эс— традон кафт кæнынмæ фесты. Агуыбе фæаууон.) Т (1 з р е т. Ай циу?! (Ныхъхъæр кодта.) Дæ маймулиты акæн, Шамыр! (Шамыр йæхæдæг дæр кафынмæ фæци. Уæд Тазрет бынтондæр фæмæсты æмæ ацыд, йæ сæрыхъуынтæм 12. ÆНÆНЦОЙ ЗÆРАÆ ’ "-'
фæлæбургæйæ. Ацæуынц профкомы уæнгтæ дæр. Лæппутæ та кафынц Дасханы алыварс, сæ кафтæй йын сурынц йæ маст. Æппынфæстаг ын йæ къухтыл ныххæцынц æмæ йæ акæнынц, разæй кафгæйæ цæуы Шамыр.) С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Цы кодта Шамыр та?! Т е п к а. Диссаг æй цы кæныс, Сепка, ныртæккæ маг йæ зонд йæ чемы кæмæн ис, ахæмтæ кæм ссардзынæ? (Ацæугæйæ.) Бакæсæм Дасханмæ, мæгуыр йæ бон. С о л т а н (фæзынд). Дзыцца... С е п к а (ныхас исгæйæ). Лæппу, Дасханыл а дыууæ боны цыппор азы сæххæст уыдзæн. Æмæ йын хъуамæ бахæссай, йæ цæстытæ кæмæй атартæ уой, ахæм лæвар. С о л т а н. Æз? С е п к а. О, лæвар балхæндзынæн мæхæдæг, хæсгæ та йын æй... С о л т а н (ныхас исгæйæ). Хæсгæ дæр ын æй бакæн дæхæдæг. С е п к а. Нæ, æрмæстдæр ды. Гъе’рмæст æй хъуамæ Тепка æмæ иннæтæ ма базоной. С о л т а н. Цыдæр хин фæндтæ нывæндыс, дзыцца. С е п к а. Цæй хин æмæ цæй æндæр! (Кæуынхъæлæсæй.) Дасхан ныртæккæ зын уавæры ис. Йе’наккаглæг æй ныууагъта, æмæ ма йæ мах дæр рохуаты ныууадзæм? Куыд тынг æй хъæ — уынц нæ рæвдыд, нæ мидбылты худт! Т е п к а (фæзынд фæстæмæ). Цы фæдæ, Сепка?! Дасхан дæ агуры. С е п к а (ацæугæйæ). Омæ куы фæуайын. С о л т а н. Дзы’цца!.. (Ацыд йæ фæдыл.) Т е п к а (лæппуйæ). Æвæццæгæн та æхца куры йæ мадæй. 3 а р æ (фæзынд). Гыцци, Шамыр ам нæй? Агуырдта, дам, мæ. Т е п к а. Чызг, Дасханыл а дыууæ боны цыппор азы сæххæст уыдзæн, æмæ йын хъуамæ бахæссай, йæ цæстытæ кæмæй атартæ уой, ахæм лæвар. 3 а р æ. Æз? Т е п к а. О, лæвар балхæндзынæн мæхæдæг, хæсгæ та йын æй... 3 а р æ (ныхас исгæйæ). Хæсгæ дæр ын æй бакæн дæхæдæг. Т е п к а. Нæ, æрмæстдæр ды. Гъе’рмæст æй хъуамæ Сепка æмæ иннæтæ ма базоной. 3 а р æ. Цыдæр хин фæндтæ нывæндыс, гыцци. 164
Т е п к а. Цæй хин æмæ цæй æндæр! (Кæуынхъæлæсæй.) Дасхан ныртæккæ зын уавæры ис. Йе’наккаг лæг æй ныууагъта, æмæ ма йæ мах дæр рохуаты ныууадзæм? Куыд тынг æй хъæуынц нæ рæвдыд, нæ мидбылты худт! (Ивы ныхас.) Махмæ æнхъæлмæ кæсы, мæгуыр йæ бон! (Ацыд.) С о л т а н (фæзынд чызгмæ). Зарæ! (Чызг ацæуынмæ бахъавыд, фæлæ йын лæппу йæ къух ацахста.) Фæлæуу! 3 а р æ. Суадз къух! С о л т а н. Цæв мæ, цас дæ фæнды, уый бæрц! Нæ мын фæрисдзæн. Æрмæст мæм байхъус. Цæмæн мæ лидзыс дард? Æз дæу тыххæй ныллæууыдтæн ам куысты, цæмæй дæ уынон æрвылбон. Æхсæв дæр æгъуыссæг фæвæййын, дæу мысгæйæ. Ау, бынтон дæ цæстыты сындз дæн?! (Æрбацыд Тазрет. Уый фенгæйæ, чызг йæхи ратыдта æмæ фæаууон, фæаууон лæппу дæр.) Т а з р е т (ссе фæдыл кæсы). Адонмæ дæр сонт кæнын куы’рцыд. (Бацыд стъолмæ æмæхъуыдыты аныгъуылд.) Цæуыл сæрра ис Шамыр та? Цæвиттон, цыдæр хиндзинад... Ницыуал æмбарын. мæ сæр сæ сдзæгъæлтæ. Гъе фæлæ Дасхан... Цы сылгоймаг у! Рæвдздæр куы ахицæн уаид йæ лæгæй. Æниу хорз фадат у ныр дæр... Рæвдыдхъуаг у сылгоймаг. (Фæтыхст.) Æмæ мæ бинонтæ та?.. Нæ! Ай сонт кæнын куы райдыдтон æз дæр! Æмæ мæ æниу цы хъæуы, мæгуыр сылгоймагæн тæригъæд кæнын, уый йедтæмæ! Рæвдыдхъуаг у. Рæвдыдхъуаг!.. Æмбæрзæн ÆРТЫККАГ НЫВ Фабрикæй.ы кæрты та. Æрбацæуы Зарæ æмæ кæйдæр хъахъхъæны. 3 а р æ. Диссаг... Солтан мыл суртæ кæны, Шамырæн та йæ хъуыдыйы дæр нæ дæн. Афтæмæй та ацы уæрæх кæрты бон-изæрмæ мæ цæстытæ æрмæстдæр уый агурынц. Æниу æй куы нæ уынон, уæд хуыздæр. Зæрдæ, цы хивæнд дæ! Цæуылнæ мæ ныууадзыс мæ адыл! (Солтан фæхæссы цавæрдæр уæззау асыкк.) Иунæгæй йæ цы хæссыс, Солтан? Дæхи марыс æви? С о л т а н (æрæвæры асыкк). Тæрсыс мын? 3 а р æ. Тæрсын. Æргом зæгъгæйæ, ахæм разындзынæ, уый 165
æнхъæл нæ уыдтæн. Дæ домбай фæллойæ дисы бафтыдтай æппæты дæр. С о л т а н. Æппæты дæрг дæу йедтæмæ! 3 а р æ. Зæгъ-маг цæмæн дæ æрцахстой? С о л т а н. Иу хахуыргæнæджы хæмхудтæ снадтон. 3 а р æ. Бирæ абадтæ? С о л т а н. Æхсæз мæйы. 3 а р æ. Ныр та разы дæ дæ куыстæй? С о л т а н. Тынг. Бауарзтон, ам цыдæриддæр Исг уыдæттæ: станоктæ, кусджыты, бæлæстæ, дидинджытæ! Се’ппæты дæр уынын дæу æмæ мын сты æхсызгон. Уымæн нæ зонын фæллад. 3 а р æ. Зæгъ-ма, дæумæ гæсгæ, царды бындур цы у? С о л т а н. Уарзондзинад, ай-гъай. 3 а р æ. Чи зоны, раст зæгъыс. Уарзтæй райдайы æппæтдæр. Мæнмæ дæр афтæ каст кæддæр. фæлæ фабрикæйы кусын куы райдыдтон, уæд... Уыцы арæхстджын æмæ зондджын станоктæ! Кусæг адæмы диссаг дуне!.. Царды сфæлдыстадон фантази тыхджынæй слæууыд мæ разы. Æмæ мæм фæзынд ахæм ба — зырджын бæллицтæ! Куы нæ сæ баххæст кæнон, уæд нæ райгуырдтæн, зæгъгæ, йæ нымайдзынæн. Æнусмæ баззайдзынæн царды гуыбыны. С о л т а н. Дæ гуырæн бон та? 3 а р æ. Ныххахх æй кæндзынæн. Æнæ дыккаг гуырæн бон фыццаг бæрæгбон нæу. С о л т а н. Цæмæ тырныс? 3 а р æ. Хъуамæ райсон уæлдæр ахуырад æмæ суон инженер-конструктор. Цас станоктæ ис, нырма кæй не’рхъуыды кодтой, ахæмтæ! С о л т а н (ныуулæфыд). Дæ бирæ бæллицтæй дæ мæнмæ æвдæлгæ дæр нæ кæны. 3 а р æ. Ма мæм фæхæрам у, Солтан, æндæр лæппу у мæ мæт, С о л т а н (фæтыхст). Æндæр?! 3 а р æ. О, æмæ мæ хъыгдаргæ кæны. Зæрдæ хивæнд у, фæлæ йын йæ рохтæ æрбалвасдзынæн æз. Цалынмæ мæ бæллицтæ мæ къухы бафтой, уæдмæ мæ уарзт хистæр не скæндзынæн. С о л т а н. Чи у?... 3 а р æ. Иу сæрæн гуырд. Институт фæци каст, кусы ам. | Ш а м ы р (æрбацыд). Зарæ, фæскуыст-ма кафджыты къордмæ рацу. 3 а р æ. Кафджыты?.. (Хъуыдыты аныгъуылд.) Нæ, нæ! Ма 166 ^
мæ сай дæ къордмæ! Ма саф мæ сæнттæ! Се знаг дæ ды! (фæаууон.) Ш а м ы р (джихауæй аззад). Цы йын кодтон? С о л т а н. Замманай цæстытæ дын ис, фæлæ уынгæ æвзæр кæнынц. Нæ фиппайынц искæй тухитæ! Ш а м ы р. Зарæ мæн тыххæй?.. С о л т а н. Бамбарын кæн чызгæн, цæмæй ’дыл ма хъуыды кæна. Йæхи дæр афтæ фæнды. Ахуыры фæндагыл ис нырма. Куы йæ бахъыгдарай, никуы дын æй ныббардзæн. Стæй æз дæр! Ш а м ы р. Гъемæ йын зæгъ: æз ус хæссын тагъд. Фидыд дæн ныридæгæн. (Ацыд.) С о л т а н (иунæгæй). Æгайтма! С е п к а (фæзынд, йæ къухты дыууæ цъæх къоппы, иу сæ у стыр, иннæ та — гыццыл). Лæппу, Дасханæн райсом у йæ гуырæн бон æмæ йын ныр бахæсс нæ лæвар. (Ратта йæм къоппытæ.) Кæд ын нæ рæвдыд йæ рыст фенцондæр кæнид. Науæд йæ бæрæгбоныл цыхуызæнæй сæмбæлдзæн? С о л т а н (къоппытæй). Цы дзы ис? С е п к а. Ницæмæн дæ хъæуы уый зонын. С о л т а н. О, фæлæ мæм диссаг кæсы, дæхæдæг ын сæ цæуылнæ бахæссыс? С е п к а. Лæппу, æгæр цымыдис ма у! Уый хорз нæу! Цом Дасханмæ. (Ацæуынц дыууæйæ дæр.) 3 а р æ (æрбацæуы сед чиныг). Нæ, нæ. Ничи мæ хъæуы. (Чиныгæй.) Мæ ахсджиагдæр æмбал ныртæккæ — мæнæ уый. (Сбадт бандоныл æмæ кæсы чиныг.) Т е п к а (фæзынд, йæ къухты дыууæ сырх къоппы, иу сæ у стыр, иннæ та — гыццыл). Чызг, цы фæдæ? 3 а р æ. Бауадз мæ, гыцци, æмæ та улæфыны рæстæг акæсон чиныг. Институтмæ мæ мæхи бацæттæ кæнын нæ хъæуы æви? Т е п к а. Дасханæн райсом у йæ гуырæн бон æмæ йын ныр бахæсс нæ лæвар. (Ратта йсем къоппытæ.) Кæд ын нæ рæвдыд йæ рыст фенцондæр кæнид. Науæд йæ бæрæгбоныл цыхуы — зæнæй сæмбæлдзæн? 3 а р æ (къоппытæй). Цы дзы ис? Т е п к а. Ницæмæн дæ хъæуы уый зонын. 3 а р æ. О, фæлæ мæм диссаг кæсы, дæхæдæг ын сæ цæуылнæ бахæссыс? Т е п к а. Чызг, æгæр цымыдис ма у! Уый хорз нæу! Цом Дасханмæ. (Ацæуынц дыууæйæ дæр.) 167
(Æрбацæуы Дасхан, гæххæтты сыф йæ къухы, афтæмсей. Иннæрдыгæй йыл амбæлд Тазрет.) Д а с х а н. Тазрет, æз дæумæ цыдтæн. Иу дыууæ сахаты мæ ауадз куыстæй. Т а з р е т. Исты хабар?.. Д а с х а н. Тæрхондонмæ мæ хъаст хæссын, цæмæй мæ ахицæн кæной мæ лæгæй. Т а з р е т. Дасхан...чи зоны, нæ хъæуы. Д а с х а н (цæссыгтимæ). Хъæуы! Æгæр мæ бафхæрдта мæ лæг. Мæ уæрджытæ мæ быны асæттынц. Цæрынхъом нал дæн! Цæмæн! Цы кодтон мæ лæгæн?! Т а з р е т. Ахæм диссаг!.. Ахæм цъаммар разындзæн Агуыбе, уый æнхъæл та чи уыд! Кæуыл ма лæг баууæнда?!.. Ныртæккæ дæ мæ шофыр аласдзæн. (Фæссценæмæ.) Шамыр, æгас коллективæн фехъусын кæнут, иннæбон æмбырд кæй аразæм! Экстреннæ! Гæххæттыл ныффыссут хъусынгæнинаг! (Сыл— гоймагмæ.) Дасхан, мах дæ сафинаг лæгæй райсдзыстæм дæ маст. Д а с х а н. Цыдæриддæр уæ фæнды, уый кæнут, Тазрет. Т а з р е т. Мæн цы фæнды, ууыл куы сразы уаис, Дасхан!.. Ахæм тæригъæд дын кæнын, ахæм! Бауырнæд дæ, дæ мæтæй... Дæ мæтæй мæхицæн бынат нал арын. Ныртæккæ дæ искæй рæвдыд хъæуы, цæмæй ферох кæнай дæ судзгæ маст. Д а с х а н (фæтыхст). Тазрет!.. Т а з р е т. Цæй, цæй!.. Удхарæй цы марыс дæхи?! Æнустæм куы нæ цæрдзыстæм, мыййаг. Агуыбейы фыддæрадæн ды хъуамæ... (Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта.) Мæ кусæнуатмæ ма- иу арæхдæр фæзын. (Ацæугæйæ.) Кæм ис мæ шофыр? Д а с х а н (иунæгæй). Ай цытæ дзуры? Æвæццæгæн, дуне иууылдæр сæрра ис! С е п к а (æрбацæуы Солтанимæ). Дасхан, мæнæ дын нæ лæппу дæ бæрæгбонмæ гыццыл цыдæртæ алхæдта. Мæныл дæр нæ баууæндыд, йæхæдæг зылди дуканитыл. Уый дæу цас уарзы! Нал æмæ мæ нал уагъта иу ран. Рæвдздæр, дам, ын бахæссæм нæ лæвар. Райсоммæ дæр нал фæлæууыд, С о л т а н (хинымæр). Дзыцца та булæмæргъ фестад! Цал хъæлæсæй зары! С е п к а. Цæй-ма, лæппу, зæгъ дæ зæгъинаг. , С о л т а н (ратты къоппытæ Дасханæн). Стыр хорздзинад дын зæгъы мæ зæрдæ, Дасхан. Цинтæй байдзаг уæд дæ бæрæгбон. 168
С е п к а. Мæнæ дын гыццыл къопп сæрмагонд йæхи номæй, дынджыр та нæ дыууæйы номæй. Д а с х а н. Бузныг, бузныг!.. Т е п к а (Зарæимæ æрбацæугæйæ). Æмæ кæннод мæ чызг та?! Æрхъæцмæ нал лæууы уый дæр! (Зарæмæ.) Зæгъ дæ зæгъинаг, чызг. 3 а р æ (ратты къоппытæ Дасханæн). Арфæ дын кæнын дæ бæрæгбоны тыххæй... Т е п к а (фæрæвдз). Дасхан, ахæм æнкъардæй дæм кæй дзуры, уый дæм диссаг ма фæкæсæд. Дæ зын уавæры хабар зоны æмæ цас фæкуыдта! Дæу тыххæй арф доны дæр баппарид йæхи, кæд ленк кæнын нæ зоны, уæддæр. 3 а р æ. Гыцци!... Т е п к а (ныхас исгæйæ). Ма’фсæрмы кæн, чызг, уым æвзæрæй ницы ис. (Дасханмæ). Дуканитыл дæр йæхæдæг зылди, мæныл нæ баууæндыд. Мæнæ дын гыццыл къопп сæрмагонд йæхи номæй, дынджыр та нæ дыууæйы номæй. Д а с х а н. Стыр бузныг уе’ппæтæн дæр. Уый бæрц цæмæн бафыдæбон кодтат, цæмæн?!.. Ш а м ы р (фæссценæйæ). Дасхан! Рæвдздæр-ма рауай, дзурынц дæм! Д а с х а н (фæтарст). Кæдæм фæуайынц уый адæм?! Цы ног фыдбылыз та мыл?!... (Йæлæвæрттæ бандоныл нывæргæйæ, ацыд рæвдз.) (Дасханы фæдыл ацæуынц иннæтæ дæр, Тепкайы йедтæмæ.) Т е п к а (иунæгæй). Уым адæм æнæ мæн дæр фаг ис, æз та ам фенон, Сепка цы балæвар кодта Дасханæн. (Бацыд лæвæрттæм. Байгом кодта дынджыр цъæх къопп æмæ йæ къух ауыгъта.) Ай бæмбæгæй конд хъазæн. (Ахгæдта йæ, стæй байгом кодта гыццыл цъæх къопп æмæ фырдисæй аджих.) Сызгъæрин сахат æмæ хъусцæгтæ?! Уый бæрæгбоны лæвар нæу, фæлæ æнæхъæн гæртам! Гъе хинæйлзаг Сепка!... Цы чындæуа? Ацы æрттивгæ "лæварæй" мæ лæвары кад дæлæмæ хауы. (Фæцырд). Фæлæуу! Дасхан сæ нæма федта. (Фæйнæр— дæм ахъахъхъæдта.) Иугæр Сепкайы лæппу чингуытимæ лымæн нæу, уæд ахуыр нæ кæндзæн, дзæгъæлы цæмæн хъуамæ æрцахса кæйдæр бынат институты?! (Къоппæй систа сахат æмæ хъусцæгтæ.) Уал сахаты æмæ уал хъусцæджы ницæмæн хъæуынц Дасханы. (Йæ дзыппы сæ амбæхста.) Цалдæр боны 169
фæстæ сæ Сепка постæй райсдзæн. (Афтид къопп нывæрдта йæ бынаты.) Æнхъæлдæн, æрбацæуы Сепка! (Хъуызæгау фæаууон.) С е п к а (фæзыны иннæрдыгæй). Уым адæм æнæ мæн дæр фаг ис, æз та ам фенон, Тепка цы балæвар кодта Дасханæн. (Бацыд лæвæрттæм. Байгом кодта дынджыр сырх къопп æмæ йæ къух ауыгъта.) Ай бæмбæгæй конд хъазæн. (Ахгæдта йæ, стæй байгомкодта гыццыл сырх къопп æмæ фырдисæй аджих.) Сызгъæрин сахат æмæ хъусцæгтæ?! Гъе хинæйдзаг Тепка!.. Цы чындæуа? Ацы æрттивгæ "лæварæй" мæ лæвары кад дæлæмæ хауы. (Фæцырд.) Фæлæуу! Дасхан сæ нæма федта. (Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта.) Иугæр Тепкайы чызг чингуы — тыл ахæм æнувыд у, уæд æнæ æрттивгæ лæварæй дæр бахаудзæн институтмæ. Фæлæ мæ лæппуйы фидæн æнæ æрггивгæ лæварæй нæ сæрттивдзæн. (Къоппæй систа сахат æмæ хъусцæгтæ.) Уал сахаты æмæ уал хъусцæджы ницæмæн хъæуынц Дасханы. (Йæ дзыппы сæ амбæхста.) Цалдæр боны фæстæ сæ Тепка постæй райсдзæн. (Афтид къопп нывæры йæ бынаты.) Гъер мæхи айсон ардыгæй æмæ сæм аивæй фæдарон мæ цæст. (Чысыл фæстæдæр Агуыбе æмæ Шамыр æрбакæнынц Дасханы, йæ цæнгтыл ын хæцынц, афтæмæй. Сæ фæдыл фæзынынц Тепка æмæ Сепка дæр.) Ш а м ы р. Бандоныл дæхи æруадз, Дасхан. А г у ы б е. Дохтырмæ фæдзурон? Д а с х а н (йæхи ратыдта лæгæй). Ма фыдæбон кæн! Де’ххуыс ыæ ницæмæн хъæуы! Цæмæн хъуыд уыцы сонт фæдис?! А г у ы б е (ныххудт). Барæй уадзыгæй ахаудтон æмæ фæцæймардтæн, цæмæй мæм не’фсин цы зæрдæ дары, уый базонон. Науæд мæм ацы бонты ахæм’нæуынон цæстæнгасæй кæсы, æмæ фенхъæлдтон, йæ зæрдæ мыл сивта. Фæлæ йæхæдæг уадзыгæй фæцæйхаудта! Д а с х а н. Дæу тыххæй нæ! Ме знæгты дæр афтæмæй уынын нæу мæ бон! Фесæф мæ разæй! А г у ы б е. Æрсабыр у, науæд райсом дæ бæрæгбоныл цыхуызæнæй сæмбæлдзынæ? Д а с х а н. Мауал мæт кæн мæ бæрæгбоныл! Чи мыл бамæт кæна, ахæмтæ ис æнæ дæу дæр! (Фыддæрадæн лæвæрттæм ацамыдта.) Фен сæ дæхи цæстытæй мæнæ! (Байгом кодта гыццыл цъæх къопп, хъавыди йæ Агуыбемæ бав— 170
дисынмæ, фæлæ афтид кæй у, уый куы ауыдта, уæд исдугмæ цавддурау фæци.) С е п к а (фæтыхст хинымæр). Цы кæны мæ лæвар? Д а с х а н (ахгæдта къопп æмæ æнæбары худт бакодта мидбылты). Рæсутъд къопп у. (Байгом кодта гыццылк:ырх къопп, фæлæ æваст ахгæдта уый дæр, цæмæй, афтид кæй у, уый Агуыбе ма фена.) Ай дæр рæсугъд къопп у. Т е п к а (фæтыхст хинымæр). Цы кæны мæ лæвар? А г у ы б е. Цæй-ма, не’фсин, дæ цинтæ цы аныхъуырдтай? Д а с х а н (хъавыд дынджыр къоппытæ байгом кæнынмæ, фæлæ нал бауæндыд, уыдон дæр афтид куы разыной, зæгъгæ. Иуварс ацæугæйæ, хинымæр). Уый дын Тепка æмæ Сепка! А г у ы б е (дынджыр къоппытæ систа, æркаст сæм æмæ сæ æваст ахгæдта фæстæмæ. Сусæгæй Тепка æмæ Сепкамæ). Чи йын балæвар кодта ацы хъуынджын маймулитæ сывæдæг— тимæ? Тепка 1 ~ [ (сусæгæй). Æз. А г у ы б е. Бамбæхсут сæ рæвдздæр, цалынмæ сæ Дасхан нæ федта. Т е п к а. Нæ уарзы уыцы сырды мыггаг? А г у ы б е. Дзыхæй дæр уæм нал сдзурдзæн. С е п к а. Уынгæджы бонтæ! (Тепкаимæ аивæй райсынц сæ дынджыр къоппытæ.) А г у ы б е. Цæуылнæ райсыс дæ лæвæрттæ, не’фсин? Д а с х а н. Ницы дæ хъуыддаг ис мæ лæвæрттимæ! Ды мæм ницыуал бар дарыс! А дыууæ боны нæ тæрхондоны ахицæн кæндзысты закъонæй! Ныртæккæ сæм мæ хъаст ласын! Т а з р е т (фæзынд). Дасхан, уæртæ дæм машинæ æнхъæлмæ кæсы. Агу ы б е. Фæлæуу-ма, не’фсин! (Иннæтæм.)Адæм, раргом уын кæнон мæ сусæгдзинад, науæд хъуыддаг æгæр арфмæ фæцæуы, æмæ райсом нæ бæрæгбон фехæлдзæн. (Дасханмæ.) О, æз ахæм уарзтæй бауарзтон иу сылгоймаджы, æмæ а фæстаг рæстæджы æхсæв дæр æмæ бон дæр йемæ уыдтæн. Т е п к а. Искæй амонд чи халы, уыцы сылгоймаг уарзыны аккаг у?! А г у ы б е. Куыд рæсугъд у уыцы сылгоймаг! Адджын йæ цæстыты каст! О, тайы йæ уындæй нæлгоймаг. Йемæ нæ базондзæн маст. 171
(Ныххудт.) Ныртæккæ уын æй фенын кæндзынæн! (Æрмадзмæ ацыд.) Т е п к а./1?акæ-ма нæм æй, мах ын йæ хъуын ацæгъдæм! С е п к а. Бæласыл æй йæ къахæй æрцауындзæм! (Дыууæ усы сæ цæнгтæ фистæг кæнынц, цыма хъæбысхæстмæ, уыйау.) А г у ы б е (рахæссы йæ усы стыр ныв тæнæг фæйнæгыл ныхæстæй). Мæнæ ис! Цæвут æй! (Иууылдæр джихау фесты.) С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Уый Дасхан куы у! Д а с х а н (фæцудыдта). Хæцут мыл! (Шамыр æм фæрæвдз æмæ йæ сбадын кодта бандоныл. Агуыбе та æдкъæхтæ фæйнæг нывимæ сценæйы астæу нывæрдта.) А г у ы б е. Цæй куыдг не’фсин?! (Нывмæ ацамыдта.) Мæсты кæн мæнæ дæхимæ! Ныддæрæн æй кæнут! Д а с х а н. Уæдæ ды никæимæ?!.. А г у ы б е. Равдæлдаид мæ искæмæ? Ахæм цыбыр рæстæгмæ мæнæ ахæм стыр ныв скæнын æнцон уыд? Т а з р е т (мæстыйæ). Æмæ мын кæдæй нырмæ снывгæнæг Аæ?! А г у ы б е. Ме’взонджы бонты бирæ нывтæ сфæлгонц кодтон. Фæлæ ам слесырæй кусын куы райдыдтон, уæд мæ нывтæ кæнынмæ нал равдæлд. Д а с х а н. Æз та дисы бафтыдтæн, мæ гуырыконд, мæ уæлæдарæсмæ ахæм цымыдисæй цæмæн каст! (Аæгмсе.) Æмæ уæдæ цæмæн загътай, бауарзтон, зæгьгæ? А г у ы б е (нывæй). Мæ фыдбылызæн æй раджы бауарзтон! Йæ уындмæ æдзух æз фæбæллын, Амондæй дзаг у мæ риу! Æрмæстдæр æз уымæ фæтырнын, Йемæ мæ зæрдæ у иу! Т а з р е т (хинымæр). Уый дын хъуыддæгтæ, гъе! Мæ фæндтæ фæсыкк сты. Т е п к а (сусæгæй). Ай цы хабар у, Сепка?! С е п к а (сусæгæй). Ницы’мбарын, Тепка! Мæ уд схауы! Т а з р ет (Агуыбемæ). Æмæ...кæм куыстай нывыл? Ссарæн дын’куы нæ уыд. А г у ы б е. Сусæгæй уæртæ кæройнаг агъуысты. Цæмæй 172
мæ сюрприз мæ бинойнаджы бæрæгбонмæ бынтон æнæнхъæлæджы уыдаид. \ Д а с х а н (фесты). Æгæр зынаргь мын слекууыд уыцы сюрприз! Æгъуыссæг æхсæвтæ!.. \ Ш а м ы р. Агуыбейы сусæгдзинад мæн йедтæ^æ ничи зыдта. Т а з р е т (мæстыйæ). Уæдæ профкомы æмбырды дæр дæхи уымæн афтæ дардтай?! Д а с х а н (æнцон улæфт ныккодта). Райсом мæ гуырæн бон нæ уыдзæн, фæлæ мæ лæджы иузæрдиондзинады бæрæгбон! Хонын уæ, адæм! Ногæй та мыл ссæдз азы цæуы! Цыппор нæма сæххæст мæныл! Раджы у нырма! А г у ы б е. Уæддæр мæ де сæфт федтай! Ахæм стут, сылгоймæгтæ! Д а с х а н. Раст нæу! Уый тыххæй мæм ис æвдисæндар мæнæ. (Йсе риуæй систа бæмбæгæй конд гыццыл маймули сывæдæгимæ.) Уыныс? Дæс азы йæ дарын! Ацы бонты мыл дæ зæрдæ куы "ивтай", уæд мын уæлдай зынаргьдæр сси ацы фыдуынд сырды мыггаг. Т е п к а (фæныфсджын). Маймули?! (Æвдисы йæм къоппы мидæг йæ маймули.) Уæдæ дын æз дæр дæ уарзон сырды мыггаг мæнæ!... С е п к а (æвдисы уый дæр йæ маймули). Æз дæр!... Д а с х а н. Тфу, æнæхъæн дзуг! (Ивы ныхас.) Хæдæгай, цавæр сылгоймагимæ федтат Агуыбейы? А г у ы б е (фырдисæй). Мæн?! (Тепка æмæ Сепка хорзау нал сты). Т а з р е т. Цæй-ма, цы ныхъхъус стут?! Т е п к а (фемæхст). Омæ, Дасхан, сырх’ахорæны фæд дæхæдæг дæр куы федтай Агуыбейы цæсгомыл. А г у ы б е (ныххудт). Уый мæнæ нывы ахорæнæй æнæнхъæлæджы сахуырстон мæ рус. . Д а с х а н. Уæдæ æнгом хъæбыстæ та кæмæн кодта Агуыбе? А г у ы б е. Ахæм хъуыддаг дæр ма дзы уыд? Чи уыд, зæгъут æй! С е п к а (æрæджиау). Нæ йæ федтай, Тепка?.. Ау, уæдæ дæ цæст дзæгъæлы фездыхст? Уынгæджы бонтæ! Т е п к а. Раст зæгъгæйæ, иу сыл æрбацыд Агуыбемæ ардæм æмæ иумæ алæууыдысты. Гъе рмæст уый фæстæ цы ми кодтой, уый нæ зонын. Сепка, кæд æй ды зоныс, мыййаг? Д а с х а н (мæстыйæ). Нæ фæлæ гæды стут, мæнæ уæ лæвæрттау! (Байгом кодта гыццыл афтид къоппытæ.) Адон 173
цы сты? АхынДжылæг кæнынмæ мæ хъавыдыстут?! (Баппæрста сæм ссе.) ’ / Т е н к а! Чидæр адавта нæ лæвæрттæ! С е п к/а. Милицæмæ рæвдздæр!... Д а с А а н. Куыннæ стæй! Ме’фсымæрæн æндæр куыст нæй! Т е п к а. Де’фсымæр та милицæмæ цы бар дары? Институты директор куы у. Д а с х а н. Фæрæдыдыстут! Нал æй сæвæрдтой ректорæй. Милицæйы хицауæй йæ сæвæрдтой. Куыд зианхæссæг у уе’ххуыс! Зондсафджытæ! (Лæгмæ.) Агуыбе, чысыл ма бахъæуа, дæуæй мæ ма ахицæн кæной! Адоны хахуыртæ куы нæ уыдаиккой, уæд дын дæхи ныхæстыл нæ баууæндыдаин. (Йæ дзыппæй систа хъасты гæххæтт æмæ йæ аскъуыдтæ кодта.) Ш а м ы р. Уый хыгъд сæ уыцы станокты аргъ бафидын хъæудзæн. Т е п к а. Ма-ах?! С е п к а. Уынгæджы бонтæ! Цæмæн! Ш а м ы р. Уæ аххосæй нæ асастысты? Стæй чызджы къух нæ ныцъцъæл? Тæрхондонмæ фæцæуы уæ хъуыддаг. Т е п к а. Ма бакæнут! С е п к а (скуыдта). Тазрет, зæгъ сын!... Т а з р е т. Зæронд ихсыд станоктæ уыдысты, зæгъгæ, сæ сфысдзыстæм, æмæ ахицæн хъуыддæ\ Ш а м ы р. Уымæй дын ницы рауайдзæн, Тазрет! Т а з р е т. Æмæ сæ уæдæ бафидæнт, мæнæ кæй бæрны уыдысты, уыдон! Т е п к а. Уый та куыд, Тазрет?! Дæхæдæг нын куы бахæс кодтай Агуыбейы фæд ссарын! Гыццыл ма бахъæуа, æнæцæст ма фæуон. С е п к а. Производственнæй травмæ! Ш а м ы р (Тазретмæ). Ды хъомыл кæныс дзырдхæсджытæ æмæ хахуыргæнджытæ. Халыс кусджыты! Тæссаг дæ ды хицауы бынаты! Т а з р е т. Кæимæ дзурыс уый, дзидзидай?! Ш а м ы р (фæссценæмæ). Рахæссут хъу^ынгæнинаг! (Дыууæ кафæг лæппуйы æрбадавтой хъусынгæнинаг гæххæтты уæрæх сыфыл, бæласыл æй бакодтой æмæ фæаууон сты фæстæмæ.) Т а з р е т (кæсы хъусынгæнинагмæ). Æмбырды тыххæй? Нал æй аразæм. Ш а м ы р. Аразæм! Агуыбейы статьяйы фæдыл! Дæ фарста дзы æвæрæм! Афтæ фæнды не’ппæт кусджыты! 174
А г у ы б е. Министерствæ æмæ ОБХСС-æй Дæр æрбахонын хъæуы искæйты! \ \ 111 а м ы р. Ныртæккæ сæм бадзурдзынæь* телефонæй! (Фæаууон.) \ Т а з р е т. Фæлæуу-ма, Шамыр! (Ацыд йæ фæшл.) Д а с х а н. Мæ сæр зилы, Агуыбе. \ А г у ы б е. Рацу дон схуыпп кæн. (Акæны йæ æрмадзмæ.) С е п к а (ныккуыдта). Цы уынгæджы фестæм^! Уыцы станокты аргъ!.. Ноджы кæд Дасханы’фсымæр дæр ди’ректор нæу! Мæ сызгъæрин лæвæртгæ цы фесты уæд?! Т е п к а. Мæн тыххæй Есо Чырыстимæ æртæ чъирийы скув, Сепка! "Сызгъæрин" рæдыдæй дæ фервæзын кодтон. Мæ зæрдæ мæм дзырдта, бынтон дзæгьæлы сæ кæй радтай, æмæ сæ систон къоппæй. Мæхи ферох кодтон, дæуæн та фæтæригъæд кодтон, Сепка! (Ратты йын йæ сахат æмæ йæ хъусцæгтæ). С е п к а. Мæнæй дæр уæдæ рохы бынаты нæ баззадтæ, Тепка! Æз дæр дæ фервæзын кодтон "сызгьæрин" рæдыдæй. (Ратты йын уый дæр йæ сахат æмæ йæ хъусцæгтæ). Т е п к а. Ау, уæдæ кæрæдзимæ нæ цæст куы нæ дарæм, уæд куыд?! С е п к а. Уæдæ, уæдæ! Мæ фарсмæ чи æрбалæудзæн? Мæ зæрдæ уæртæ ахæм нывы ахорæнтæй чи схъарм кæна, уый дæр куы нæй. Т е п к а. Дæ ныв фенын æрфæндыд дæу дæр? Мæ хæлар. цыма нæ нывтæ мæнæ нæ къухты сты, афтæ дæм нæ кæсы? (Дыууæйæ дæр, сæ къухты къоппыты мидæг цы маймулитæ ис, уыдонмæ ныккастысты.) Т а з р е т (фæзынд фæстæмæ). Хъусут-ма... Уæлдæр хицауадæй уæ исчи куы фæрса, уæд мæ кой ма скæнут. Станокты тыххæй ма тæрсут. ОБХСС-ы мын æххуысгæнджытæ ис... (Тепкамæ сусæгæй.) Изæры-ма фæскуыст мæ кусæнуат— мæ фæзын. Æнæхъæн къуыри нал фембæлдыстæм, æмæ стыхстæн. (Фæцæуы, фæлæ ма æрлæууыд.) Хæдæгай, Сепка, æрбайхъус-ма. (Ус æм бацæуы, сусæгæй.) Райсом-ма фæскуыст мæ кусæнуатмæ фæзын. Æнæхъæн къуыри нал фембæлдыстæм, æмæ стыхстæн. (Ацыд.) Т е п к а. Уагæры дын цы бадзырдта дæ хъусы? Дæ цæсгом куы ныррухс. С е п к а. Ахæмæй ницы... (Æфсонæн.) Уæртæ, дам, кæрты уыцы цемент дæ хæдзармæ алас. 175
Т е п к а/(ф(æмæсты). Цы, дам, цы? Мауал сулæф, Сепка! Уыцы цемент мæнæн куы радта Тазрет! С е п к а. Дæ фын дæ фæсайдта, Тепка! Уыцы цемент мæн хъæуы! / Тепк а{ Ауæй та кæндзынæ уый дæр? Ды бирæ цыдæртæ фæдавтайлцы кæртæй! С е п/к а. Уынгæджы бонтæ! Нæ дыууæйæ чи фылдæр фæдавта( уымæн хæдмæл уырытæ фæлдыст фæуæнт! Т е/п к а. Аммен! Уæвгæ Тазреты аххос у! Уый дын дæтты алцы дæр. Уымæн æмæ йæ хæзгул дæ! Алкæимæ ма хæт, Сепка, цалынмæ дæ спъид не’рцахста! С е п к а. Æмæ дæхæдæг Тазреты кусæнуаты куы баззайыс фæскуыст! Фæлæуу, уый дын йæ ус базона! Стæй дæ лæг дæр! Т е п к а. Хахуыргæнæг! (Йæ дзыккутæм ын балæбурдта, фæлæ фæзынд Зарæ æд чиныг, æмæ Тепка аивта йæ уаг.) Цавæр дзыккутæ сты адон, Сепка? Ныффас-ма сæ, ныффас! (Æрбацæуы чызджы фæдыл Солтан.) 3 а р æ. Куыд у Дасхан? Т е п к а. Уый мæт та цы кæныс, чызг! Дæ ахуыры мæт кæн. Институты дуар дæхæдæг куы нæ бакæнай, уæд æндæр чи? Чи ныл фæхæцдзæн? 3 а р æ. Æмæ æз куы никæй æххуысмæ æнхъæлмæ кæсын. (Чиныгæй.) Мæнæ ацы дæгъæлæй бакæндзынæн уыцы дуар. С е п к а. Лæппу, ды та? С о л т а н. Ма тыхс, дзыцца. Ахсджиагдæр институт каст фæуын нæу. Т е п к а. Тазреты фенон. (Ацыд.) С е п к а. Уыцы цемент никæмæн ратдзынæн, Тепка! (Ацыд йæ фæдыл.) С о л т а н. Зарæ, уæдæ институтмæ ацæудзынæ? 3 а р æ. Чи зоны, фæсаууонмæ ахуыр кæнон. С о л т а н. Æмбарын дæ! Ардыгæй дæ дæ къах нæ хæссы. Уымæн æмæ Шамыр ам кусы. 3 а р æ. Мæ мæтæй мæлы æви? Царды æмбалæн ды дæр... уымæй фыддæр нæ дæ> С о л т а н. Ныхас мемæ кæныс, дæ цæстытæ та Шамыры агурынц. (Ныуулæфыд.) Нæ, ацы ран æдых стæм, Зарæ. Зæрдæйæн тыхмийæ æрсæттæн нæй. (Æрбацæуы Шамыр.) 176
3 а р æ. Ма тыхс, Солтан, цард йæхæдæг амондзæн... Ш а м ы р. Раст зæгъыс, Зарæ. С о л т а н. Шамыр... Зарæ амондджын уыдзæн æрмæстдæр демæ. 3 а р æ (фæтыхст). Солтан!.. Шамыр фидыд куы у! Ш а м ы р. Нæ дæн, Зарæ, мæнг загътон. Стæй мæ тæрсгæ дæр ма кæнг дæ бæллицтæ никуы фесафдзынæн. Уыдон суыдзысты мæ бæллицтæ дæр. С о л т а н. Амондджын ут. Æз та!.. Цæмæй дæ азымджын кæнон, Зарæ! Нæ! Нæ фæсмон кæнын мæ уарзтыл. Бузныг, кæй дыл сæмбæлдтæн царды! Мæ уарзондзинады фæрцы æз суыдзынæн, афтæ тынг кæй бауарзтон, уыцы егьау фæллойы хъайтар. Уæд райгуырдзынæн ногæй æмæ-иу алы аз мæ гуырæн бон ссардзынæн дæ ном! (Фæаууон.) Ш а м ы р (бацæуы чызгмæ). Зарæ!.. 3 а р æ (ныхас исгæйæ). Нæ хъæуы дзурын, Шамыр! (Рацæуынц æрмадзæй Дасхан æмæ Агуыбе) Д а с х а н (нывмæ кæсы). Нæ, нæ, ацы ныв æгæр у, Агуыбе. Цас тых зыны йæ цæсгомыл! Адæймаджы хуыздæр миниуджытæй хъæздыг. Нæ, уый æз нæ дæн. А г у ы б е. Уæдæ уæд нал зоныс дæхи. Д а с х а н. Æниу æмбарын дæ уайдзæф. Хæрзаг зæгъыс: кæс, Дасхан, ды ахæм нæ дæ, фæлæ мæ фæнды дæу ахæмæй уынын. Гъемæ хорз, Агуыбе. Уыдзынæн ахæм. Уыдзынæн! Афтæ мæм кæсы, цыма абон райгуырдтæн ногæй. Т е п к а (æрбацæуы Сепкаимæ, сусæгсей). Ничи кæсы Тазретмæ! Йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ телефонæй гъæй кæны алырдæм. С е п к а (сусæгæй). Бауадз æй, йæ быны фыцгæ дон бакалд. Д и б æ (æрбацæуы, чиныг кæсгæйæ. Каст фæцис, ахгæдта чиныг æмæ Агуыбемæ бацыд). Цæй, куыд рауад дæ ныв? (Кæсы нывмæ.) С е п к а (сусæгæй Тепкамæ). Уыцы сыл та! Д и б æ. Тынг аив фæлгонцгонд у. Куыд зæрдиагæй йыл куыстай! Æгайтма дæ бинойнагæн ахæм аргь кæныс, хъайтар! Тынг дæ раппæлдзынæн мæ рецензийы. (Тепка æмæ Сепкамæ.) Сымахæн та худинаг уыдзæн, бæгуы! Т е п к а. Бахатыр кæн, чи дæ? Д и б æ. Æз дæн театралон критик æмæ корресиондент! (Тепка æмæ Сепка сæ зонгуытыл æрхаудтой йæ разы.) 177
Т е п к а. Ма ныл ныффыс! С е п к а. Адæмæн нæ ма базонын кæн! Д и б æ (залмæ ацамыдта). Адæм уæ федтой уæртæ! (Тепка æмæ Сепка, залмæ ракæсгæйæ, сæ цæсгæмттæ амбæрзтой сæ къухтæй.) С е п к а. Куы нæ райгуырдаиккам фæлтау! А г у ы б е. Райгуырын диссак нæу! Ш а м ы р. Ахсджиагдæр адæмы зæрдæты цинтæ гуырын кæнын у! Дибæ. Уый кæй къухы’фты, уыдоны гуырæн бон æппæты бæрæгбон у. (Залмæ.) Сымах гуырæн бон та кæд у? Æмбæрзæн 1966 аз. \ 178
ТÆССАГ ЛЫМÆН Дыууæархайдон драмæ. АРХАИДЖЫТÆ: 3 æ м и р æ, 18-аздзыд. 3 е л и м, 18-аздзыд. Р æ х и м æ т, йæ мад, 40-аздзыд. Т о т ы р, 25-аздзыд. Ф ю ф и, 19-аздзыд. И р б е г, 16-аздзыд. М у р а т, 19-аздзыд. А л ан, æрыгон нывгæнæг, 20-аздзыд. 13. ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 179.
ПРОЛОГ Талынг сценæйы рухсы тыны зыны Рæхимæты æрхæндæг цæсгом. Р æ х и м æ т. Æвæдза, ныййарæг фидæны ныфсæй цæры кæддæриддæр. Куыд амондджын вæййы, цот ын куы фæзыны, уæд! Хъуыды ма кæнын, æстдæс азы размæ мæ лæппу Зелим куы райгуырд, уæд мын адæм цы арфæтæ фæкодтой. Куывд ын куы скодтам, уæд та зæронд Бимболат нуазæнимæ куыд куывта!.. Зæронды хъæлæс: "Стыр лæг куыд суа гыццыл Зелим! Адæмы’хсæн кадджын куыд уа! Хистæртæн лæггад кæнын куыд зона, кæстæртæн фæзминаг куыд уа! Царды рæсугъд фæндæгтыл куыд фæцæуа!" Р æ х и м æ т (ныуулæфыд). Рæсугъд фæндæгтыл!.. (Атад рухсы тынимæ.) (Изæрæй талынг уынджы фæзындысты æртсе æндæрджы. Уыдон сты Тотыр, Зелим æмæ Ирбег. Ирбег дымы тамако, Зелим та у нозтджын.) 3 е л и м (Тотырмæ). Ардæм нæ цæмæн æрбахуыдтай, Бодз? Т о т ы р. Уыцы чызг ацафон ауылты фæцæуы йæ куыстæй, зæгъгæ, нæ загътай? 3 е л и м. Æмæ? Т о т ы р. Банхъæлмæ йæм кæсæм. 3 е л и м. Цы бакæнын дæ зæрды ис? Т о т ы р. Йæ гæлæбутæ йын стæхын кæнæм, æмæ æрсабыр уай, Цъиусур. Науæд æдзух йæ кой кæныс. 3 е л и м. Уæдæ мын уымæн баназын кодтай? Т о т ы р. Цæмæй уæндондæр архайай... Уарзон ын ис, зæгъгæ, нæ загътай? 3 е л и м. О, дыууæ хатты йæ лæппуимæ федтон горæты уынджы. Т о т ы р. Æмæ йын уæдæ тыхмийæ куы ницы бакæнай, уæд цæуыл дæ зæрдæ дарыс? 180
3 е л и м. Чи зоны, уымæй раст зæгъыс. Т о т ы р. Науæд æй мæхи бар бауадз. 3 е л и м. (фæтыхст). Нæ! Ды нæ, Бодз! Æрмæстдæр мæхæдæг!.. Т о т ы р. Гъе уый лæджы ныхас у! Уæртæ йæ Терчы былмæ акæндзыстæм. (Ирбегмæ сусæгæй.) Мах дæр дзы хъуамæ нæхи аирхæфсæм, Рувас. Цæттæ дар дæхи. Ды дæр ныр лæг дæ, лæг! И р б е г. Уæдæ! Т о т ы р. Дзæбæх-ма сцъир дæ тамако. Уый хъæбатыры тых дæтгы! И р б е г. Цæвиттон, æрбацæуы чидæр! 3 е л и м. Уыцы чызг у! Т о т ы р. Уе’взæгтæ аныхъуырут æмæ уал иуварс айсæм нæхи. 3 е л и м. Уæд та йæ ныууадзиккам, Бодз? Æндæр хатт... Т о т ы р (фсемæсты). Гъемæ ацу ды! Ды ницы дæ, æвæццæгæн! 3 е л и м. Бодз!.. Уый æз ницы дæн?! Т о т ы р. Æмæ уæдæ равдис дæ лæгдзинад! 3 е л и м. Æрмæст ды нæ! Ды нæ!.. Т о т ы р. Цæй, хорз! (Акæны йæ иуварс Ирбегимæ.) (Фæзынд Зæмирæ, йæ фæндагыл алæууыдысты сертæ лæппуйы.) 3 с м и р æ (фсетарст). Чи стут? лы р-(æнахуыр хъæлæсæй). Де’взаг аныхъуыр, мæ дзæцц. Æпиындæр мацæмæй тæрс. (Йсе къухыл ын ныххæцыд.) Ме’мбал, хæц ыл уыцырдыгæй та ды, науæд куы фæкæла, мыййаг. (Зелим чызджы иннæ къухыл ныххæцыд.) '3 æ м и р æ. Иуварс уæ къухтæ! (Йæхи ссе атыдта, фæлæ йæ ацахста Тотыр.) Т о т ы р. Сабыр, рæвдыд йедтæмæ дын æвзæрæй ницы акæндзыстæм. Цом уæртæ уыцырдæм, æрмæст æнæуынæрæй. 3 æ м и р æ. Ауадзут мæ, науæд æххуысмæ фæсиддзынæн! Т о т ы р. Де’взаг аныхъуыр, мæ дзæцц, науæд дæ де’ххуысгæнджытæ æвзæрæй куы’рбаййафой, мыййаг. (Тотыр æмæ Ирбег тыхæй фæкæнынц чызджы, уый тох кæны семæ.) 3 æм и р æ. Суадзут мæ!.. (Йæ дзых ын ахгæдтой.) 181
А л а н (фæзынд). Цы ми кæнут уый?! Суадзут чызджы! (Се’хсæи фæныхст æмæ чызджы иуварс асхуыста) Лидзгæ! (Чызг фæаууон.) Т о т ы р. Æмæ йын ды та чи дæ?! Цы дæ хъæуы?! (Тотыр æмæ Ирбег Аланмæ фесты, тох самадтой йемæ. Æппынфæстаг, Тотыры цæфтæй схъæрзыд Алан æмæ йæ цæсгомыл фæхæцыд.) А л а н. Мæ цæстытæ! (Æртæ лæппуйы фæаууон сты, Алан та ахауы зæххыл. Фестын ма бафæлвæрдта, фæлæ нал баци йæ бон.) Мамæ!.. (Æрхаудта уадзыгæй.) 3 æ м и р æ (фæзынд фæстæмæ Муратимæ). Раздæр куыд нæ рацыдтæ мæ размæ?! (Фены лæппуйы зæххыл.) Мæнæ ис! Æвæццæгæн æй кардæй ныццавтой! (Скуыдта.) Рæвдздæр "Тагъд æххуысмæ"! М у р а т. Кæм ис телефон?! (Ауад.) (Рухс ахуыссыд бынтондæр.) ФЫЦЦАГ АРХАЙД. Горæтгæрон хъæды. Бандоны бæсты дзы ис хъæды лыггаг. Тотыр бады лыггагыл æмæ æнхъæлмæ кæсы. Т о т ы р. (фесты). Куыд æрæгмæ зынынц? Æвæлтæрд лæппутæ сты нырма... Рæвдздæр сæ бахсидын хъæуы, æмæ уæндонæй архайой. Уыцы изæр сæ уыцы чызгмæ дæр уымæн сцыбæл кодтон, бæргæ! Фæлæг хъыгагæн, хъуыддаг фæсыкк. Æниу коммæгæс сты... Мæ разамындæй хъуамæ дард ацæуой уыцы бырынцъаг фæндагыл. Ахæм хъуыд^æгты мæхицæн архайæн нæма ис. Ахæстонæй куы рацыдтæн, уæдæй нырмæ уыцы пъагонджынтæ мæ фæдыл къæрцхъусæй кæсынц. (Æрбацæуынц Зелим æмæ Ирбег.) Кæм фесæфтыстут?! Куыд рауад хъуыдааг? И р б е г. Тынг хорз! 3 е л и м. Бынтон хорз нæ. • И р б е г. Куыннæма, Цъиусур? Исчи нæ федта? Æнæкъуылымпыйæ нæ асыгъдæг кодтам кæйдæр фатер? 3 е л и м. Уагæры дзы цы асыгъдæг кодтам, цæй?! Ссардтам 182 /
дзы чысыл æхца æмæ иунæг сызгьæрин къухдарæн. Т о т ы р. Æри йæ. (Райсы.) И р б е г. Бодз, ды нын цы дæгьæл радтай, уымæй байгом кодтам дуар. Йæ аккаг разынд. Цæмæй йæ зыдтай?.. Т о т ы р (ныхас исгæйæ). Бынтон цымыдис ма у, саби. Мæнмæ бирæ дæгъæлтæ ис. Фæсæмбисæхсæв æз агурдзынæн сæ аккаг дуæрттæ, гом та сæ кæндзыстут сымах бонæй. Бам — бæрстай? И р б е г. Уый диссаг у!.. Т о т ы р. Гъе’рмæст къаддæр дис кæнг Рувас! Дæхицæн ахсджиагдæрыл нымайыс сгуыхтдзинад æмæ дæ уый хыгъд ферох вæййынц пайдайы’фтиæгтæ. 3 е л и м. Уыцы фатермæ куы бацыдыстæм, уæд дын ай цин кæны, цы хорз, дам, сарæхстыстæм, æнæуынæр, æнæстыфæй!.. Æз æм дзурын, къуымты хуыздæр ацагур, зæгьгæ. Ай дын къултæм хæлиудзыхæй кæсы: цы рæсугьд нывтæ, дам, сыл ис! Сæ туалет дæр, дам, цы диссаг у! И р б е г. Æмæ диссаг нæ уыдысты æви? 3 е л и м. Æмæ исты экскурсийы уыдыстæм? И р б е г. Алы фатер дæр музейæ уæлдай нæу. Т о т ы р. Рувас, ахæм хъуыддаджы агьоммæ дын уыцы тамако нал ратдзынæн. Науæд дæм искæй хæдзары æгæр романтикон хъуыдытæ фæзыны. И р б е г. Æри та мын. Т о т ы р. Нæй мæм. Ахæм тамако ссарынæн бирæ æхца хъæуы, сымах къухы та гыццыл бафтыд. И р б е г. Уый ацы хатт. ^ о т ы р. Рæвдздæр архайут. Уæхæдæг æй уынут, кооператортæ, коммерсанттæ æмæ иннæ ахæм мафийы архайджытæй куыд байдзаг бæстæ. Адæмы царм стьигъынц æмæ сæ дзыппытæ ныннæмынц. Уæлейæ сын лæвæрд сты ахæм бартæ! Уæдæ дзы махмæ дæр хауы уыцы бартæй. Нæхи кооператив сарæзтам, зæгъгæ, йæ нымайут. Æхцатæ амалгæнæн кооператив! Замманай демократи ралæууыд! Кæй цы фæнды, уый кæны. Ничи никæй хъыгдары. Ноджы адæмæй бирæтæ се’хцатæ цы фæкæной, уый зонгæ дæр нал кæнынц. Æхцатыл ма кусын цæмæн хъæуы? Бацу æмæ райс... Сарæхс... И р б е г. Уæдæ?! Сарæхс! Т о т ы р. Сыгьдæг мызды капеччытæ цы сты?! (Зелиммæ.) Цъиусур, дæ мадæн ды куы нæ æххуыс кæнай, уæд æндæр чи?! (Ирбегмæ.) Кæннод, Рувас!.. Æнæ’хцатæй дæ романтикæ циу?! Уыдон дæм куы уой, уæд улæфынмæ ныццæвдзынæ немæ Сау денджызы былмæ. Цы хуызы хъахбайтыл нæ сæмбæл — 183
дзынæ! Радыгай сæ’взар дæ зæрдæйы дзæбæхæн. Гъе уый дын романтикæ! Ды та мын кæйдæр рæсугъд туалетмæ бахæлæг кодтай, дзидзидай. (Зелиммæ.) Цъиусур, цæвиттон, дæ уагыл нæ дæ. 3 е л и м. Чызг мæ сæрæй нæ хицæн кæны. Т о т ы р (фæмæсты). Уæддæр та уыцы чызг! Ныууадзинаг æй нал дæ? 3 е л и м. Куыд æй ныууадзон, Бодз, кæд дзы мæ уд баззад?! Т о т ы р. Дæ уд дзы баззад, уый та дæ зонгæ дæр нæ кæны, куы загътай. 3 е л и м. Айфыццаг заводмæ мæ мадмæ бацыдтæн æмæ чызджы фыццаг уым федтон кæрты. Уый фæстæ ма йæм дыууæ хатты бацыдтæн, фæлæ мын йемæ базонгæ уæвынæн фадат нæ фæци. Æрмæст-иу аивæй йæ фæдыл кæсгæйæ баззадтæн. И р б е г. Уыцы изæр уыцы лæппу!.. Куыд бакъуылымпы кодта хъуыддаг! 3 е л и м. Цымæ уыцы цæфты фæстæ цы бацис? Т о т ы р. Уымæ та мах цы хъуыддаг ис? И р б е г. Хорзæй баззайа?.. 3 е л и м. Чи зоны, æгæр уыд уый. Т о т ы р. Нæ уарзын къахвæдтæм фæстæмæ кæсын! Цы бакæнай, уый ферох кæн уайтагъд æмæ тырн ног егьаудæр хъуыддæгтæм. Кæд стыр æфхæрды аккаг уыд уыцы лæппу, уæддæр ын уадиссагæй ницы акодтам. Цы фæныхст не’хсæн? Цы хъуыддаг æи уыд? Ф ю ф и (æрбацыд). Уæ бон хорз, мæ хæлæрттæ! Т о т ы р. Цæй хорз у нæ бон æнæ дæу, мæ дзæцц! (Ахъæбыс ын кодта.) Ф ю ф и. Ау, мæ хъуаг йедтæмæ цæмæй тыхсат, уый нæй? Т о т ы р. Куыннæма! Мæнæ Зелимы зæрдæйы цады иу хæрзконд аныгъуылд æмæ йæ былмæ сæппарын йæ бон нал у. Ф ю ф и. Чи у уагæры? (Фæссценæйы ссыд рог машинæйы моторы уынæр, æмæ иууылдæр уыцырдæм фæкастысты. Уынæр банцад.) 3 е л и м. Уыцы чызг!.. Ф ю ф и. Уый мæ сыхаг чызг куы у! Зæмирæ! 3 е л и м. Æцæг?! Тоты р. Цы хуыцау дæм æй сæрвыста, Зелим?! Ф ю ф и. Æмæ йын йемæ йæ Ромеойы нæ уынут? 3 е л и м. Фюфи, чызджы ма иуварс асай, цæмæй нын 184
уыцы Ромеоимæ аныхас кæнынæн фадат фæуа. Æрмæст чызгæн мæ кой ма скæн. Нæ йæ зыдтон ныронг, хъусыс? Ф ю ф и. Æмæ цæмæй фæтарстæ? 3 е л и м. (æфсонæн). Æгæр куы фæхъал уа, мыййаг. Т о т ы р (Ирбегмæ сусæгæй). Рувас, ды æрбайсæф хъæды. И р б е г. Цæмæн? Т о т ы р. Уыцы изæр дæр æртæйæ уыдыстæм, æмæ та нæ чызг æртæйæ фена, уый мæ нæ фæнды. Уæд та исты ахъуыды кодта. (Ирбег фæаууон.) Ф ю ф и. Цы сусу-бусу кæнут, Тотыр? Т о т ы р (æфсонæн). Уый уæртæ уыцы Ромеойы тыххæй. Ф ю ф и. Мацы фыдми йын акæнат? Нæг æз уын чызджы никæдæм асайдзынæн. (Ацæуы рахизæрдæм.) 3 е л и м (фсетыхст). Фюфи! Т о т ы р. Фæлæуу-ма! (Ацыд Зелимимæ йæ фседыл.) (Æрбацæуынц иннæрдыгæй Зсемирæ æмсе Мурат.) 3 æ м и р æ. Нæ, хъуамæ фенон уæртæ уыдоны дæр. М у р а т. Дзæгъæлы тухæнæй марыс дæхи. 3 æ м и р æ. Цалынмæ уыцы фыдгæнджыты ссарон!.. Удæнцой нæ саккаг кæндзынæн мæхицæн. М у р а т. Талынджы сæ куы никæй бахъуыды кодтай. 3 æ м и р æ. Чи зоны, куы сыл сæмбæлон, уæд сæ базонон. Æртæйæ уыдысты. Афтæ мæм кæсы, цыма уыцы изæр сæрмагондæй мæ размæ бабадтысты. Æвæццæгæн мæ раздæр чи зыдта, ахæмтæ сты. М у р а т. Æмæ афтæ æнхъæлыс, мæнæ ацы рæтты æмбæхсынц сæхи? 3 æ м и р æ. Ахæм æнтæф рæстæджы хъуамæ мæнæ горæтгæрон хъæды, кæнæ уæртæ цады был ирхæфсой сæхи. Арæхдæр- мæ цæуын хъæуы ахæм рæттæм. М у р а т. Ныр цалдæр боны цас фæрацу-бацу кодтам куы Сапицкий хъæды, куы та уæртæ цады алыварс? Цас фæсивæд дзы исг фæлæ дзы гуырысхо дæр куы никæуыл фæдæ. 3 æ м и р æ. Уæддæр агурдзынæн æмæ агурдзынæн æнæрынцойæ. М у р а т. Кæдмæ?! 3 æ м и р æ. Мæ цæргæбонты! М у р а т. Зæмирæ!.. 3 æ м и р æ (ныхас исгæйсе). Мацыуал сдзур, Мурат. (Иуварс ацæугсейæ.) Уыцы лæппу куы никуыуал фена ацы æрдзы рæсугъддзинад... Йæ дохтыр загъта: тæссаг у, йæ дыууæ цæсты 185
дæр куы бакуырм уой, уымæй. Уыцы æнаккæгты цæфтæй йæ иу цæст ныппырх, иннæйы та йын туг фæбадт. Курдиатджын нывгæнæг, дам, уыд. М у р а т. Æмбарын дæ тыхст... Фæлæ ма дзы цы пайда ис? Дæ катаймæ кæсын мæ бон нæу, Зæмирæ. (Йæ дзыппæй систа газет æмæ йæ рахæлиу кæны.) Абон дын ахæм бæрæгбон у! Мæнæ уыныс газеты дæ къам? Цас дæ æппæлынц! Фæллойы раззагдæртæй иу! Фæлæ ды фыртыхстæй газетмæ дæ хъус дæр не’рдардтай. 3 æ м и р æ. Ууыл нæ дæн. М у р а т. Цы бакæнон, цæмæй та фыццагау хъæлдзæгæй æрвитæм нæ бонтæ? Ф ю ф и (æрбацыд фæстæмæ). Зæмирæ! Улæфынмæ ссыдтæ? 3 æ м и р æ. Фюфи? Æмæ ды та ам цы ми кæныс? Ф ю ф и. Уæртæ мæ ме’мбæлттæ схуыдтой, сыгъдæг уæлдæф, дам, аныхъуырæм. (Æрбацæуынц Зелим æмæ Тотыр.) Базонгæут. Зелим æмæ Тотыр. 3 æ м и р æ (лæппутæм). Зæмирæ. М у р а т. Мурат. 3 е л и м. Тынг æхсызгон нын у... Ф ю ф и (фæрæвдз). Зæмирæ, нæхи хъуыддæгты фæдыл чысыл фалдæр куы ауаиккам. 3 æ м и р æ. Табуафси. (Ацæуынц чызджытæ.) Зелим (Муратмæ). Æфсымæр, дæ газеты мæлæты рæсугъд ныв ис. (Райсы газет æмæ йсем кæсы.) Зæмирæ у? Рагæй зонгæ дæ йемæ? М у р а т. Цалдæр мæйы. 3 е л и м. Æз та йæ федтон фыццаг хатт, æмæ мæ зæрдæйы цъæх арт ыссыгьд. Гъер ма уыцы чызгæй дæуæн цы пайда ис? М у р а т (фæджих). Цы загътай?! 3 е л и м. Бавдæл æмæ чызджы йæхи бар ныууадз. Т о т ы р. Æвæстиатæй! М у р а т. Уый та куыд! ? 3 е л и м. Афтæ! Абонæй фæстæмæ йыл хъуамæ макуыуал сæмбæлай. М у р а т (фæмæсты). Зæмирæимæ мах кæрæдзи æмбарæм! Т о т ы р. Æмбæрстат æмæ нал æмбарут! Алцæмæн дæр ис райдайæн æмæ кæрон! 3 е л и м. Афардæг у! Чызг хъуамæ баззайа немæ. М у р а т. Нæ уыдзæн уый! 3 е л и м. Уыдзæн! (Йæ дзыппæй фелвæста кард.) Науæд дыл мæгуыры бон акæндзæн! 186
Т о т ы р (фелвæста уый дæр кард). Æнæмæнг! 3 е л и м. Искуы ма Зæмирæйыл куы сæмбæлай — дæ цардæн хæрзбон зæгъдзынæ! Т о т ы р. Цæугæ! Мауал фæстиат кæн! М у р а т. Æнæ Зæмирæ нæ ацæудзынæн æз! Чызджыты раз кæрдтæй нæ бавналдзыстут! Т о т ы р. Уый хыгъд дæ фæхудинаг кæндзыстæм сæ разы! Æнæ хæлафæй дæ арвитæм, уый дæ фæнды? Де’взаг аныхъуыр æмæ гъæй кæн ардыгæй, цалынмæ дæ чызджытæ не’рбайй — æфтой! Паузæ. М у р а т (Зелиммæ). Æри газет. 3 е л и м. Мæхи Зæмирæйы ныв дын цæмæн хъуамæ раттон?! (Мурат фæаууон мæстджынæй. Фæссценсейы ссыд, чи афардæг, уыцы машинæйы моторы уынæр. Лæппутæ сæ кæрдтæ амбæхстой.) 3 æ м и р æ (фæзынд). Кæдæм ацыд уый Мурат? Ф ю ф и (фæзынд). Къогъо йыл фæхæцыд? 3 е л и м. Нæ зонæм... Т о т ы р. Хъуыр-хъуыр кодта, мæнæн, дам, ам ницы куыст ис. 3 æ м и р æ. Ницы ’мбарын! 3 е л и м. Арфæ дын кæнæм, Зæмирæ, мæнæ дæ газеты кæй рауагътой, уый тыххæй. 3 æ м и р æ. Мурат дын радта уыцы газет? 3 е л и м. Балæвар мын æй кодта. Т о т ы р. Цæй-ма, уæд та уал къамтæй ахъазиккам? 3 е л и м. Зæмирæ, сбад немæ. (Хъæды лыггагыл абадт, йæ дзыппæй систа къамтæ æмæ ссе уары. Зæмирæ Мураты фæдыл дисгæнæгау кæсы.) Ф ю ф и. Иугæр Мурат æнæ дæу афардæг, уæд ма йæ фæдыл та цы кæсыс, Зæмирæ? Фæлтау немæ баулæф. (Иуварс æй акæны, сусæгæй). Зелимы зæрдæ дæм рагæй æхсайы. 3 æ м и р æ (фæрæвдз). Рагæй?! Зыдта мæ? Ф ю ф и. Цæвитгон дæ кæмдæр федта æмæ уæдæй нырмæ йæхицæй нал у. 3 æ м и р æ. Стæ-ма! Цыма йæ кæмдæр федтон æз дæр... Ф ю ф и. Æвзæр лæппу нæу. Йемæ куы балымæн уаис, уæд мæнæн дæр хорз æмбал уаис ам... Æмæ дæ цæсгом цыдæрхуызæтгæ куы ацис. Цы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ? 187
3 æ м и р æ (йæ мидтыхст æмбæхсгæйæ). Уый Мураты тыххæй. Ф ю ф и. Ныууадз-ма йæг цæй! Фæлтау ахъазæм. (Бацæуы лæппутæм.) Æриут нын къамтæ. (Райсы. Зæмирæ дæр сæм бацæуы. Систа къамтæ, лæппутæм цымыдисæй кæсгæйæ.) 3 е л и м. Мæ цыд у. (Йæ къамтæй иу баппæрста Зæмирæйы размæ.) Амар-ма йæ, Зæмирæ. (Зæмирæ æрæппæрста иукъам.) Ф ю ф и (ныххудт). Цæмæй йæ марыс, Зæмирæ?! Дæ къамтæм кæсгæ дæр куы нæ кæныс! Лæппутæм куыд ныджджих! Æмæ куыннæ! Зелимы хуызæн рæсугъд лæппуйы цæстытæй ахæрын дæр æмбæлы. 3 æ м и р æ. Бахатыр кæнут, мæн ацæуын хъæуы. (Æрæвæрдта къамтæ.) 3 е л и м (фестад). Цом, ахæццæ дæ кæнон. 3 æ м и р æ. Æмбал мæ нæ хъæуы. 3 е л и м. Уæдæ иунæгæй?.. 3 æ м и р æ. Боныгон ам тæссагæй ницы уынын. Ф ю ф и. Бынтондæр чызг йæ чемы нал ис Мураты тыххæй. 3 е л и м. Фæлæуу-ма, Зæмирæ... 3 æ м и р æ (тызмæгæй). Ничи мæ хъæуы, загътон! 3 е л и м. Райсом дæр ам уыдзыстæм. Ф ю ф и. Ссæудзынæ мемæ? 3 æ м и р æ. Ссæудзынæн. Æнæмæнг. (Ацыд.) 3 е л и м (йæ фæдыл кæсы). Йæ дыууæ цæсты! Йæ нарæг астæу! Ехх, ехх æмæ ма ноджыдæр ехх! Уæд та йæ аййафин? Ф ю ф и. Ныртæккæ йæ дæумæ не’вдæлы. Мæсты у. Т о т ы р (сусæгæй). Бауадз æй æмæ уал Муратæй йæ бон базона. 3 е л и м. Ау, афтæ тынг æй уарзы? Ф ю ф и. Æмæ куыдæй арвыстат Мураты? Т о т ы р. Ничи йæ арвыста. Йæхæдæг афардæг. Ф ю ф и. Нæ мæ уырны! Æниу дын, Зелим, ахæм чызг бакома? 3 е л и м. Уæдæ мæ мадæн фырт нæ, фæлæ куыдзы дымæг фестон, Зæмирæ мæн куы нæ бауа! Кæдæм ма нæ аирвæздзæн ныр?! Схон æй райсом, Фюфи! Т о т ы р. Ссар Ирбеджы. Ныхасæн мæ хъæут... (Уый, къамтæ æмæ газет сисгæйæ, ацыд.) Исты сбæлвырд кодтай, Фюфи? Фюфи, Уæдæ нæ? (Йæ риуæй систа гæххæтты гæбаз). Мæнæ дын дыууæ адресы. Иу сæ у мæ сыхæгты хæдзар. Мæнæ уый.’Импортон магнитофонтæ æмæ иннæ ахæм хъæздыгдзи — нæдтæй йедзаг у. (Ратты гæххæтт.) Хæдзар нæ, фæлæ 188
хæзнадон. Сæ лæг цавæрдæр стыр кооперативы хицау у. Æрмæст дзы сигнализаци ис. Т о т ы р. Сигнализаци? Ф ю ф и. Дысон сæм кассеттæ курæг бацыдтæн. Т о т ы р. Хорз æфсон ссардтай. Ратгой дын? Ф ю ф и. Радтой. Диссаджы зарджытæ дзы ис. Т о т ы р. Бонæй сæхимæ исчи вæййы? Ф ю ф и. Ничи. Фæлæ сигнализаци та? Т о т ы р (гæххæтмæ кæсы). Иннæ хæдзарæй та цы зæгъыс? Ф ю ф и. Уый махæй чысыл фалдæр у. Ахæм хъæздыг у уый дæр. Фæлæ уым та хæрз зæронд ус вæййы бон-изæрмæ. Бацыдтæн æм. Зæгъын, райæххæсткомы кусын. (Худы.) Уæ пенси уын, зæгъын, цæмæй фæфылдæр кæной, уый тыххæй мæ хуыздæр сбæлвырд кæнын хъæуы уæ уавæртæ. Æмæ гæр — къæраг фестад. Т о т ы р (ныххудт). Гæркъæраг? Сыгъдæг артисткæ дæ, Фюфи! Ф ю ф и. Кæддæр мæ сæнтты уыд театралон институт. Т о т ы р. Цæй, мæлæты бирæ исынц артисттæ? Ф ю ф и. Гъе фæлæ... Хъуамæ Зелим æмæ Ирбег мæ хъуымæгты тыххæй мацы базоной. Æз æрмæстдæр дæ уарзон дæн, хъусыс? Т о т ы р. Алы хатт та мын уый дзурыс, мæ зæрватыкк. (Хъæбыс ын кæны. Стæй йæ дзыппæй сисы къухдарæн.) Æри- ма дæ рæсугъд къух, мæ дзæцц. (Йе’нгуылдзыл ын бакодта къухдарæн.) Ф ю ф и (фырцинæй). Бузныг, мæ зынаргъ! (Йæ сæр лæппуйы риумæ æруадзы.) Уарзын дæ! Уарзын æнæкæрон уарзтæй... Т о т ы р. Æмæ та уæдæ цом арфдæр бацæуæм хъæды. (Акæны йæ.) (Æрбацæуы Рæхимæт, агуры кæйдæр.) 3 е л и м (фæзынд фæстæмæ). Мамæ, мæн агурыс? Р æ х и м æ т (æфсонæн). Нæ... Мæ дохтыр мын загъта, цæмæй ацы сыгьдæг уæлдæфмæ арæх цæуон. 3 е л и м. Нæ, мамæ, ды мæн агурæг ссыдтæ. Р æ х и м æ т. Омæ фæуæд афтæ дæр. Цы ми кæныс ам? 3 е л и м. Уæртæ ме’мбæлттимæ дæн. Р æ х и м æ т. Уыцы æмбæлттæ æмæ ды! Райсом райдайдзынæ кусын. Замманай куыст дын ссардтон. 3 е л и м. Цас у йæ мызд? 189
Р æ х и м æ т. Мæхи мызды йас. 3 е л и м. Æмæ гъер ахæм мызды тыххæй æнæхъæн мæй хъорт —хъорт кæнон?.. Æз уыцы æхцатæ иунæг бонмæ самал кæндзынæн. Р æ х и м æ т. Кæм? 3 е л и м. Кæм фæкусын, уый нæ зоныс? Вагзалы. Р æ х и м æ т. Уæмæр иудадзыг куысты ныллæууын хъæуы. 3 е л и м. Иудадзыг куысты адæймаг ахст лæгæй уæлдай нæу. Р æ х и м æ т. Æмæ дзы уæдæ æз куыд фæразын уал азы? 3 е л и м. Дæ кары адæймаг уæдæ æндæр цы куса? Фæлæ ма мæн бархийæ ацæрын фæнды. Р æ х и м æ т. Цы сæнттæ цæгъдыс, уый æмбаргæ кæныс? Чысылæй адæмы нывыл уыдтæ, фæлæ ныр куы байрæзыдтæ, уæд цыдæр сонт дымгæ дæ сæры бацыд! Зелим, Æппынфæстаг, æз нырма ахуыры фæндагыл дæн. Р æ х и м æ т. Ахуыры фæндагыл?! Боны скъолайæ фæлыгътæ, æмæ дæ изæры скъоламæ тыхамæлттæй бакодтон. Чиныг дын дæ къухы нырма нæ федтон! Стæм хатт-иу фæзыныс уроктæм дæр! Цавæр ахуыр у уый!? Бон-изæрмæ кæм вæййыс, уый та зонгæ дæр нæ кæнын! 3 е л и м. Уæртæ цады раз вæййын, дын нæ загътон знон? Р æ х и м æ т. Цавæрдæр æмбæлтгимæ лекка кæныс ам æгуыстæй! Цæмæн мæ тухæнæй марыс? Дæ фæдыл зилон æви кусгæ кæнон?! Ахæм сывæллон куы нал дæ, уæд цытæ кæныс, гормон, цытæ?! 3 е л и м. Тыхсгæ-ма ма кæн, мамæ, науæд та дæ зæрдæ срæхойдзæн. Р æ х и м æ т. Мæ рынчын зæрдæйы мæт куы кæнис! 3 е л и м (хъæбыс ын кæны). Омæ ныллæудзынæн куысты, цæмæй ды ма мæт кæнай. Р æ х и м æ т. Цалæм хатт мын зæрдæ æвæрыс?! 3 е л и м. Цавæрдæр дзабыртæ балхæнинаг куы уыдтæ дæхицæн. Мæнæ уал дын... (Йæ дзыппæй фелвæста æхцатæ æмæ сæ мады къухты фæтъыста.) Р æ х и м æ т. Кæм сæ самал кодтай? 3 е л и м. Абон та вагзалы акуыстон. Р æ х и м æ т. Ибон дæр мæм мæлæты бирæ æхца не’рбахастай уыцы вагзалæй? Афтæ бирæ дзы фидынц? 3 е л и м. Уæдæ? Ме’мбæлттимæ цал вагоны равдæлон кодтам, уый куы фенис! Й р б е г (фæзынд тыхулæфтгæнгæ). Цъиусур, кæм ис Бодз?! 190
3 е л и м (фæтыхст). Цы хабар у, Ирбег?! И р б е г. Кæм ис?! (Фæцудыдта æмæ бæласыл фæхæцыд.) Кæм ис?!. Рухс ахуыссыд. Уыцы ран та хъæды. Æрбазгъордта Ирбег, сылгоймаджы хызын йæ къухы, афтæмæй. Бæласы фæстæ тыхулæфтгæнгæ алæууыд æмæ фæстæмæ хъавгæйæ акаст. Стæй хызын байгом кодта, æркаст æм — йæ цæсгом фæрухс, æмæ, фæсте йæ исчи куы’рбаййафа, уымæй тæрсгæйæ, азгъордта дарддæр. Т о т ы р (чысыл фæстæдæр æрбацæуы Зелимимæ, фæссценæмæ кæсгæйæ). Æмæ цы кодта уыцы сылгоймаг? 3 е л и м. Уадзыгæй ахаудта. Цæвиттон, дамг ын йæ хызын чидæр йæ къухтæй аскъæфта. Т о т ы р (бахудт). Уæдæ уæд хъæздыг уыд йæ хызын. 3 е л и м. Уыцы скъæфæг Ирбег ма разына? Т о т ы р. Бæргæ!.. Адæмы фатертæй нæ къухты бирæ’хца нал æфты уæддæр. 3 е л и м. Йæ хæдзары æхца дарын ничиуал уæнды. Æвæццæгæн сæ алчи йемæ хæссы, кæнæ сæ искуы арф баныгæны. Т о т ы р. Уый хыгъд сæ зынаргъ дзаумæттæ бамбæхсын сæ къухы нæ бафты. 3 е л и м. Цас нæм сæмбырд! Цы сæ фæкæнæм? Т о т ы р. Сыхаг горæтмæ сæ аласын хъæуы. Уым сæ чи ауæй кæна, ахæм сыл ис. 3 е л и м. Цæмæ ма кæсыс? Т о т ы р. Машинæ хъæуы. Ацы ран Муратæй кæнгæ у... 3 е л и м (фæджих). Муратæй?! Т о т ы р. О, хъуамæ нæм йæ машинæ авæра. 3 е л и м. Ницы ’мбарын... Т о т ы р. Дысон ыл æнæнхъæлæджы проспекты сæмбæлдтæн. Йемæ баныхас кодтон, цæмæй балымæн уа немæ. Уæд ын Зæмирæйы ратдзыстæм фæстæмæ. 3 е л и м (фæмæсты). Цытæ дзурыс, Бодз?! Т о т ы р. Машинæ йæм ис, уый æмбарыс?! Машинæ! Йæ сæр нæ кæддæрилдæр бахъæудзæн. Хъуамæ ссæуа ныртæккæ. 3 е л и м. Куыд ыл æууæндыс? Т о т ы р. Ницы йыл æууæндын, йæ цыппæрдзæлхыг-иу нæм авæрæд, уый йедтæмæ... Мæхæдæг хорз скъæрын машинæ. 191
3 е л и м. Фæлæ йын Зæмирæйы тыххæй дзæгъæлы зæрдæ бавæрдтай. Т о т ы р. Цъиусур! Чызджытæ куыдзы хъуынæй фылдæр! Ссардзынæ! 3 е л и м. Нæ, Зæмирæйы йедтæмæ дунейы ничиуал ис! Цыдæр мыл æрцыд, уый бамбар, Бодз! Т о т ы р (былысчъилæй). Судзгæ уарзондзинад, гъи?! Уый та ма цавæр гуыбынниз у?! 3 е л и м. Гуыбынниз?!. Т о т ы р. Де’взаг аныхъуыр, Цъиусур! Сылты цас къаддæр уарзай, уыйас æвæсмондæр уыдзынæ. 3 е л и м. Искуы уарзтай? Т о т ы р. Хъæрзыдтæн дзы! Фæлæ мæ уарзтæн дзуапп нæ райстон æмæ уæд сфæнд кодтон чызгæн тыхми бакæнын. Гъе’рмæст мын нæ бантыст. Мæ къухтæй йæ скъахтой æмæ мæ’рцахстой. Уый тыххæй ахæстоны фæбадтæн цалдæр азы. Уæдæй фæстæмæ уарзондзинадæн йæ койæ дæр мæ зæрдæ хæццæ кæны. Сылты удтæй та хъазин æмæ хъазин, рын сыл сыста! 3 е л и м. Æмæ уæдæ Фюфийы... Т о т ы р (ныхас исгæйæ). Фюфи мæ хъæуы! Бынтон æнæ исчи æнкъард у. Ссардзынæн дæуæн дæр иу хæтаг сыл. 3 е л и м (мæстыйæ). Бодз!.. Т о т ы р (фелвæста йæ дзыппæй бапъыроз). Сцъир дзыг æмæ дæхи æрæмбарай! 3 е л и м. Аппар æй! Т о т ы р. Цæуылнæ йæ искуы дымыс, Цъиусур? 3 е л и м. Уыцы хъылма дæхæдæг цæуылнæ дымыс? Т о т ы р. Æмæ йæ кæд дымын, уæд та? 3 е л и м. Ма сай! Никуы дæ федтон. Ф ю ф и (æд магнитофон æрбацыд Зæмирсеимæ). Уæ бон хорз, лæппутæ! Т о т ы р. Æгас цæут, нæ зæрватыччытæ! 3 е л и м. Бузныг, Зæмирæ, кæй ссыдтæ, уый тыххæй. Ф ю ф и. Йæ ныхасæн хицау у. 3 е л и м. Фюфи... Ф ю ф и (ныхас исгæйæ). Бамбæрстон дæ фæндон. Зелим! (Тотырмæ.) Цом, мæ зынаргъ, фалдæр æмæ уал байхъусæм ног зарджытæм. (Ацæуы Тотыримæ.) 3 е л и м. Зæмирæ, ма мыл фæхуд... Дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн. 3 æ м и р æ. Цæуылнæ уæд? 192
3 е л и м. Тарстæн, куы нæ ссæуай... Мæ уагыл нал дæн. Мæ зæрдæйы ахæм арф ныххызтæ!.. 3 æ м и р æ. Æмбал мын исг уый куы зоныс. 3 е л и м. Мурат дæ аккаг æмбал нæу. 3 æ м и р æ. Лæппуйæн лæппуйы фауын аив нæу, Зелим. 3 е л и м. Æвæццæгæн. Фæлæ бæлвырд у, хорз æй кæй нæ зоныс. 3 æ м и р æ. Ссæуы дæлæ. Иунæгæй мæ ныууадз. 3 е л и м. Æрмæст дард нæ ацæудзынæн, уый зон. (Ацыд.) М у р а т (чысыл фæстæдæр æрбацыд иннæрдыгæй). Зæмирæ?! (Фæджих.) 3 æ м и р æ. Ам æнхъæл мын нæ уыдтæ, ай-гъай. М у р а т. Кусгæ нæ кæныс? 3 æ м и р æ. Абон отпусчы ацыдтæн. М у р а т. Цæмæн ссыдтæ ардæм? 3 æ м и р æ. Ды та? (Лæппу ницы дзуры.) Дæ бон æй зæгъын нæу? М у р а т (æрдæгхъæлæсæй). Цæмæн дæ хъæуы йæ зонын? 3 æ м и р æ. Знон та цæмæн фæлыгъдтæ ардыгæй? (Лæппу та ницы дзуры.) Стæй уыцы газет цæмæн радтай Зелимæн? Цы’рцыди ацы лæппутимæ уе’хсæн? М у р а т. Мацæмæй мæ фæрс, Зæмирæ, æрмæст макуыуал ссу ардæм... Дæхи сæ хиз!.. 3 æ м и р æ. Цæмæн сæм ссыдтæ ды?! М у р а т. Чи зоны, дæу тыххæй. 3 æ м и р æ. Знон дæм мæн тыххæй бартхъирæн кодтой? М у р а т (æрæджиау). Цы уæлдай у! 3 æ м и р æ. Цыма Аланы бабынгæнджытæ адон сты, афтæ дæм нæ кæсы? М у р а т. Æмæ кæд адон сты, уæддæр ма сын цы акæндзынæ? Аланы ма йæ цæстытæй ракæсын кæндзысты? Цæмæн сæ ардауыс дæхиуыл? Цы дын бакæндзысты, уый æмбаргæ кæныс?! 3 æ м и р æ. Уæдæ мæ удæн тæрсгæйæ, мæхи иуварс айсон? Фыдгæнджыты та уадз мачи бахъыгдара æмæ адæмæн ноджыдæр фыдбылыз хæссой? М у р а т. Милицæ ма цы кусы? 3 æ м и р æ. Агуры сæ! Фæлæ сæ æнæ ме’ххуысæй не ссардзæн! Куыннæ йæ’мбарыс?! М у р а т. Дæуæн тæрсын. 3 æ м и р æ. Тæрсгæ?.. Æз та æнхъæлдтон, баххуыс мын кæндзынæ. Цымæ уыцы изæр Аланы бынаты ды цы ми кодтаис! М у р а т. Зæмирæ!.. Байхъус мæм, ацу ацы лæппутæй! 193
3 æ м и р æ. Ацу дæхæдæг, æз баззайдзынæн семæ. М у р а т (фæмæсты). Семæ?!. (Тæргайгондæй.) Уæдæ уæд... Зелим уындæй уындджын у... Чи зоны, дæ къах дæ нал хæссы ардыгæй. Йæхи зæрдæ дæр дæм тынг æхсайы! 3 æ м и р æ. Ацу æвæстиатæй! Стæй дæ семæ куыд никуыуал фенон, афтæ! М у р а т. Хъыгдаргæ дæ кæнын?! 3 æ м и р æ. О, мæхи бар мæ уадз! М у р а т. Гъемæ хорз! (Ацæуы мæстыйæ.) 3 æ м и р æ (иунæгæй). Уæд та милицæйæн фехъусын кæнин ацы лæнпуты тыххæй æмæ мæхи дæр тухæнæй мауал марон? Фæлæ æгæр куы батагьд кæнон, мыййаг. Цæмæй сын раргом кæндзынæн сæ аххос? Фæлтау... Зелимы зонд иннæрдæм сфæлдахон йæ уарзты æнкъарæнтæй. Уæд, чи зоны, йæхæдæг схъæр кæна æппæтдæр. 3 е л и м (æрбацыд). Ацыд Мурат? 3 æ м и р æ (барæй фæхъæлдзæгхуыз). Арвыстон æй. Ахæмимæ мын иумæйагæй ницы ис. 3 е л и м. Æгайтма йæ бамбæрстай. 3 æ м и р æ. Бамбæрстон, дæ хуызæн кæй нæу. 3 е л и м. Мæ хуызæн?.. (Фæныфсджын.) Дæ уарзтæй мæ зонд фæцыд, Зæмирæ! (Ахъæбыс кæнынмæ йын бахъавыд.) 3 æ м и р æ. Гъе’рмæст æнæ уæлдай митæй! (Иуварс ацыд.) Раст зæгъгæйæ мæм æвзæр лæипуйы хуызæн нæ кæсыс. Уæздан, æвæццæгæн, сылгоймаджы зæрдæхудты никуы бацæуис. Стæй цыма искæмæн фыдбылыз саразын дæр нæ саккаг кæнис. Нæ рæдийын? 3 е л и м. Базондзынæ мæ, Зæмирæ! 3 æ м и р æ. Кусгæ та кæм кæныс? 3 е л и м (фæтыхст). Кусгæ?... Заводы. 3 æ м и р æ. Цавæр заводы? 3 е л и м. Хъавын райдайынмæ. Æнæуи ахуыры фæндагыл дæн нырма. Изæры скъолайы... 3 æ м и р æ. Тотыр та? 3 е л и м. Кусы цавæрдæр... кооперативы. 3 æ м и р æ. Æмæ йæ уæдæ куыд æвдæлы? 3 е л и м. Æхсæвæй фæкусы. 3 æ м и р æ. Æхсæвæй?! Бæрæг у, тынг æнувыд кæй стут кæрæдзийыл. 1 3 е л и м. Æвзæр лæппу нæу. 3 æ м и р æ. Иугæр де’мбал у, уæд куыд хъуамæ уа æвзæр? 3 е л и м. Зæмирæ, дæ хуызæн чызджыты’хсæн нæй! 194
(Ахъсебыс кæнынмæ та йын бахъавыд.) 3 æ м и р æ (тызмæгæй). Зелим!.. (Лæппу йæхи фæурæдта. /Ед магнитофон хъæлдзæгæй æрбацæуы Фюфи, йæ фæдыл та — Тотыр.) ф ю ф и. Æллæх, куыд æнæуаг у Тотыр! Зæмирæ, ахæм ма разына дæ Зелим? (Магнитофон нывæры зæххыл.) Æниу æпнæтдæр у хорз! (Бафтыдта магнитофон, хъуысы дзы рог эстрадон музыкæ.) И р б е г (фæзынд, Тотырмæ сусæгæй). Бодз, æри-ма... Т о т ы р (размæ йæ ракодта, бапъироз ын ратта æмсе йын сей ссыгьта, стæй йæ фæрсы суссегæй). Уыцы усæй цы хызын аскъæфтай, уый хъæздыг разынд? И р б е г. Тынг! Тынг хъæздыг, Бодз! (Дымы.) Т о т ы р. Сæрæн дæ, Рувас! Хъайтар! (Фюфи эстрадон кафт кæнынмæ фæци. Стæй райдайынц кафын иннсетсе дсер, Зæмирсейы йедтæмæ. Кафгсейсе йсем хаты Зелим, семæ уæд уый дæр райдайы кафын. Æппынфæстаг æрбацæуы Рæхимæт тыхстхуызæй æмæ фæсивæдмæ ксесы цасдæр. Уалынмсе йæ уыдон фенынц.) 3 е л и м. Мамæ! (Кафт аскъуыд.) Ф ю ф и. Дæ мад у, Зелим? Æмæ йæ цы хуыцау схаста ардæм. Р æ х и м æ т (мæстыйæ Зелиммсе). Лæппу, дæу агурын! Т о т ы р (æвиппайды æфсонсен). Экскурсаштæ, мах нал æвдæлы ам лæууынмæ! Цомут фалдæр! (Рафтыдта магнитофон, райста йæ семсе ацæуы.) Уæлæ уынут, уый Хъазыбеджы хох у! Чысыл фалдæр та Эльбрусы риуджын хох урс цæхæртæ калы! Ф ю ф и. Цæй, уæдæ, нæ мады хай, мах фалдæр бакæсæм. (Ацæуы Ирбег семæ Зсемирæимæ.) 3 е л и м. Мамæ, æгас æхсæв куы куыстай заводы, уæд æнæхуыссæгæй цæмæн ссыдтæ? Р æ х и м æ т. Æмæ мæ хуыссæджы мæт кæныс æви? Куыстæй вагзалыл ракодтон мæ фæндаг æмæ базыдтон æппæтдæр. Нæхимæ дæ куы нæ ссардтон, уæд фырмæстæй!.. Зыдтон, ацырдыгæй та кæй уыдзынæ. Стæй, зæгьын, фенон æххæст де’мбæлтгы дæр! 3 е л и м. Цы базыдтай вагзалы? Р æ х и м æ т. Цæмæн-иу мæ асайдтай, уым вагæтгæ куы никуы æвдæлон кодтай, уæд? Уыцы æхцатæ мæм кæцæй æрхастай?! 195 14. ÆП/Ы1ЦОИ ЗÆРЛÆ У ^
3 е л и м (исдугмæ фæтыхст, стæй фæрæвдз). Йæхицæн хæдзар чи аразы, ахæм лæгæн-иу аххуыс кодтам. Р æ х и м æ т. Æцæг у уый? Уæдæ уæд уæртæ де’мбæлтты афæрсон. Ды ам фæлæуу. 3 е л и м. Ма сæм цуг мамæ! Р æ х и м æ т. Кæм ссардтай уыцы’хцатæ, зæгъын?! 3 е л и м (æрæджиау). Цæй, цы уæлдай у? Ныртæккæ алчи дæр ссары... Р æ х и м æ т. Давджытимæ сбастай дæхи?! 3 е л и м. Мамæ!.. Р æ х и м æ т (ныхас исгæйæ). Ды!.. Хъуамæ фырæфсæрмæй мæ разы дæ сæр ныллæг æруадзис æмæ ныссырх уаис! Фæлæ дæ æдзæсгом æмæ мæм кæсын уæндыс! Музыкæ. Дæ фыд цæсгомджын уыд, бæргæ! Фæллойы хъайтар! Хъайтарæй фæмард шахтæйы дæр. Ды куы райгуырдтæ, уæд фæллойы артмæ ноджы тынгдæр æппæрста йæхи. Загъта, мæ намыс мæ фæстæ чи ахæсдзæн, уыцы фырт хъуамæ сæрыстыр уа йæ фыдæй. Æз та!.. Уыцы æрыгонæй сидзæргæсæй баззадтæн. Загьтон, цалынмæ мæ лæппуйы йæ къæхтыл слæууын кæнон царды, уæдмæ мæхи бæллицтæ ницæмæ æрдардзынæн. Æмæ æхсæвæй-бонæй дугъы уайын, фæллад нæ зонгæйæ. Фæлæ абон ме’ппæт ныфсытæ дæр тайынц! (Йæ дзыппæй систа æхцатæ.) Мæнæ гъе!.. Адон сты, дæ фыды намыс, стæй дæ мады фыдæбæттæн цы аргь кæныс, уый?! (Бацыд лæппумæ æмæ йын йе’хсæрварс ныццавта.) Ацы æхцатæ мæм кæцæй æрхастай, уый мын куы нæ схъæр кæнай, уæд дæуæй мæнæн фырт нал ис! Хъусыс?!. (Адзæгъæл, фæцудыдта.) 3 е л и м. Мамæ! (Фæлæбурдта йæм æмсе йыл хæцы, афтæмæй фæссценæмæ дзуры.) Зæмирæ! Тотыр! Цы фестут? Ардæм! (Сбадын кæны мады хъæды лыггагыл.) (Фсезынынц Зæмирæ, Фюфи, Тотыр æмæ Ирбег.) Ф ю ф и. Цы кæныс, нæ мады хай? 3 е л и м. Зæрдæйæ рынчынтæгæнаг у æмæ... (Рæхимæт йæхиуыл фсехæцыд æмæ фæсивæдмæ джихæй ныккаст.) I Фюфи (усмæ). Исты зæгьын дæ фæнды? Р æ х и м æ т. Нымайын, мæ цæстытыл цы æнамонд ныййарджытæ уайынц, уыдоны. 196
Т о т ы р (фæхъыг ын). Цæмæн хъæуы ахæм ныхас?! 3 æ м и р æ. Гъе’рмæст, хорз ус, мæ ныййарджыты уыдоны нымæцмæ ма бахæсс. Р æ х и м æ т. Дæу нæ заводы фенын. Цæвиттон, уым кусыс. Æвæццæгæн, дæ улæфыны бон у. (Æлхыскъ ныхасæй.) Æмæ цы кæны, мæнæ ахæм рæтгы ахæм æмбæлттимæ атезгьо кæнын æвзæр нæу! Ф ю ф и. Цæмæйдæр нæм дæ зæрдæ æхсайы, нæ мады хай. Бынтон дзæгъæлы! Тынг уæздан дарæм нæхи. Æццæй нæ, лæппутæ? Р æ х и м æ т. Мæ зонгæ сылгоймагæн йæ цæстытæ бахус сты кæуынæй. Йæ лæппу цавæрдæр æнаккæгты цæфтæй бакуырм. Иу хæтаг чызджы тыххæй! 3 æ м и р æ (баризæгау кодта хинымæр). Уый æз хæтаг чызг?! Р æ х и м æ т. Куыд æнамонд у уыцы мад! Т о т ы р. Æмæ уый махæн цæмæн дзурыс? Р æ х и м æ т. Чи зоны, уыцы æнаккæгтæ дæр мæнæ ахæм фæсвæд къуымты æмбæхсынц сæхи. Курын уæг мæ лæппуйы иу ран ныууадзут! 3 е л и м. Мамæ! Р æ х и м æ т. Рацу нæхимæ дын зæгъын! 3 æ м и р æ (иуварс ацæугæйæ, хинымæр). Цæмæн?.. Цæмæн мæ федта ацы ус адонимæ ам? (Фидарæй.) Фæлæ нæ! Цыфæнды дæр мæ схонæд, уæддæр цы сфæнд кодтон, уый хъуамæ баххæст кæнон. (Фæссценæйæ æрбайхъуыст "Тагъд æххуысы" машинæйы сигнал.) Р æ х и м æ т (фесты). Уым кæйдæр мад мæлы цавæрдæр скъæфæг сьфды аххосæй! Инфаркт, дам, æй ныццавта! (Иууылдæр джихæй кæсынц уыцырдæм. Ирбег тыхстхуызæй рацæуы размæ. Тотыр æм бацыд æмæ йæ йæ хъæбысы бакодта, цæмæй æвæлтæрд лæппу йæхиуыл хсеца. Машинæйы сигнал та хъуысы фæдисы хуызæн ноджы тынгдæр.) Æмбæрзæн 197
ДЫККАГАРХАЙД Рынчындоны кæрт. Æрбацæуынц Зæмирæ, Зелим æмæ Ирбег. 3 е л и м. Рынчындоны кæртмæ нæ цы’рбакодтай, Зæмирæ? Киномæ нæ цæуæм? 3 æ м и р æ. Кæдæм тапзд кæныс, Зелим, нырма рæстæг ис. Иу рынчыны мæ абæрæг кæнын фæнды. 3 е л и м. Уæд та Ирбеджы ауадзиккам? 3 æ м и р æ. Нæ. Дыууæйæ куы уæм, уæд адæм исты ахъуыды кæндзысты. Нæ уарзын дам-думтæм хъусын. 3 е л и м. Алы къæмæй афтæ куы тæрсай!.. Æмæ дын цы бавæййы уыцы рынчын? 3 æ м и р æ. Уæртæ рацæуы... Музыкæ. Уый мæ фервæзын кодта тыхгæнджытæй. Йæхицæн та йын ахæм фыдми бакодтой. Уынут, йæ цæстытæ... (Æрбацæуы рьитыны дарæсы Алан, йæ цæстытæ сты баст, афтæмæй лæдзæгæй фæндаг агуры.) Дæ бон хорз, Алан! А л а н. Зæмирæ? Цæмæн фыдæбон кæныс алы бон? (Зелим æмæ Ирбег джихæй кæсынц рынчынмæ.) И р б е г (Зелиммæ сусæгæй). Уыцы лæппу у? (Тыхстхуызæй.) Бакуырм?! 3 æ м и р æ. Æмæ дæм дæ дохтыр нал хыл кæны? Æддæмæ дæ куы нæ уагьта. А л а н. Кæртмæ мæ уадзы. 3 æ м и р æ. Зын дын нæу цæуын?.. А л а н. Уæддæр хъуамæ гыццылгай сфæлтæрон, науæд алкæд мæ къухыл чи хæцдзæн? 3 æ м и р æ. Чи зоны, дæ къухыл хæцын нæ бахъæудзæн, Алан. Кæд дæ фæндаг уынын уаид дæ бон. А л а н. Æй-джиди, бæргæ! Мæ бæллицтæй исты баххæст кæнын уæддæр КуЫ бафтыдаид мæ къухы! Мæ фæстаг ныв... Кæронмæ йæ куы ахæццæ кодтаин уæд та. Дæуыл тыхгæнджытæ куы сæмбæлдысты, уыцы изæр нывгæнæн æрмадзæй ахæм цины хъуыдытимæ цыдтæн нæхимæ! Уыцы нь!выл куыстон æгас бон дæр æмæ мæ зæрдæ цыдæр базырджын уыд. 3 æ м и р æ (скуыдта). Фæсмонгонд фæуой уыцы сырдтæ! 198
А л а н. Зæмирæ, дæхи ма тыхсын кæн. Иунæг хатт уæддæр куы федтаин дæ цæсгом. Уæвгæ йæ уынын!.. Æй-джидиг уый сныв кæнын кæй къухы бафты! И р б е г (стыхст). Æз... мæн ацæуын хъæуы. А л а н. Чи ис демæ, Зæмирæ? 3 æ м и р æ. М-ме’фсымæртæ. Базонгæ ут. А л а н. Табуафси. (Бадардта сæм йæ къух.) 3 е л и м (райсы къух). Зелим. И р б е г (уый дæр райсы къух). Ирбег. А л а н. Æмæ цæмæн ризы дæ къух, Ирбег? 3 æ м и р æ. Уый хæрз æрыгон лæппу у нырма æмæ, дæ уавæр фенгæйæ, стыхст. И р б е г (æвиппайды). Байрæджы мын! (Фæаууон.) А л а н. Кæд уæ нал æвдæлы, мыййаг. Ацæут. Бузныг уе’рбацыдæй. (Ацæуы фæстæмæ, лæдзæгæй фæндаг агургæйæ.) 3 æ м и р æ. Мæгуыр йæ бон, рухс чи нал фендзæн! Æнусон æхсæв кæуыл скодта!.. Знон йе’рмадзы уыдтæн. Фенон ын, зæгьын, йæ фæллæйттæ. Йæ уыцы фæстаг ныв цы диссаг у! Музыкæ. Сæумæрайсом цырагъау ссыгъди хур æмæ йæ фыццаг тынтæ ахæлиу сты хæхты фæхстыл. Æрдз райхъал, цъиутæ хуры зæлдаг тынтимæ райдайынц ныхас кæнын. Кæрдæджы цъæх сыфтыл та алмасийау æртгивы сæууон æртæх. Мæнæ тар хъæды астæу æрдузмæ рацыд сæгуыт æмæ хуры тынты найы йæ лæппыны. (Ныуулæфыд.) Куыд уарзта Алан уыцы нæртон æрдзы нывтæ! Уымæн сæ ахæм аивæй сфæлгонц кодта. Ыыр ыл йæ хур баталынг. Цы ма уа уымæй æгьатырдæр ми! Дунейы уындæй йæ æнæхай чи фæкодта?! Чи йын байста йе’ппæт цинтæ?! 3 е л и м (йæ мидтыхст æмбæхсгæйæ). Цæй, цом, Зæмирæ. 3 æ м и р æ (æлхыскъ ныхасæй). Цыдæр фæлурс у дæ цæсгом, Зелим. 3 е л и м. Ц-цæмæн дæм афтæ кæсы?.. (Фæрæвдз.) Æниу мын æнцон у, ды рынчыныл куыд мæт кæныс, уый уынын? 3 æ м и р æ. Цæмæн дын у хъыг? 3 е л и м. Цас дæ уарзын, уый куы зоныс. / 3 æ м и р æ. Æз ницы зонын нырма. / 3 е л и м. Ау?.. 3 æ м и р æ. Алан бакуырм, дæуæн та ис цæстытæ. Фæлæ уый куырмæй цас уыны, уыйас искуы фендзынæ ды? 3 е л и м. Кæй? 3 æ м и р æ. Дунейы рухс, æрдзы улæфт æмæ адæмы! 199
3 е л и м. Зæмирæ! Цы дæлгоммæ ныхæстæ кæныс? 3 æ м и р æ. Кæд лæг хоныс дæхи æмæ æцæг уарзтæй уарзын дæ бон у, уæд хъуамæ, фыдбылыз кæй къухтæй гуыры, уыдоны ныхмæ стох кæнын уа дæ бон. 3 е л и м. Чи сты? 3 æ м и р æ. Кæй агурын, уыдон. Аланы бабынгæнджытæ. Хъуамæ мын баххуыс кæнай ды се ссарынæн. 3 е л и м (фæтыхст та). Æз?.. 3 æ м и р æ. Ог ды. Цалынмæ сæ ссарон, уæдмæ мæ мæхи амонд æмæ уарзондзинадмæ нæ равдæлдзæн. 3 е л и м. Æмæ сæ... куы никуы ссарай, уæд та? 3 æ м и р æ. Уæд ды уыдзынæ мæ цæстысындз, мæхæдæг та иунæгæй ныззæронд уыдзынæн мæ фыды уæларт. Уый мын уыдзæн аккаг тæрхон мæ лæмæгъдзинады тыххæй. М у р а т (æрбацæуы тынг расыгсей, чызджы Зелимимæ фенгæйæ, фæсонт.) Зæмирæ! Кæимæ дæ ам? Йемæ цæуын райдыдтай?! 3 æ м и р æ. Цæмæн æрбацыдтæ? М у р а т. Цæмæн?! Ардæм ацы афон æрбацæуыс æмæ дæг зæгьын, фенон. Фæлæ куы не’рбацыдаин фæлтау? Цæмæн дæ федтон ацы хæрзкондимæ! 3 е л и м (йе’ фцæгготыл ын фæхæцыд). Ныхъхъус уыдзынæ æви нæ?! М у р а т (асхуыста йæ). Иуварс! 3 æ м и р æ (се’хсæн фæныхст). Уæхи æрæмбарут! (Муратмæ.) Цæмæн банызтай?! М у р а т. Фыццаг хатт! Фæлæ мæ мастæн ницы феххуыс мæ нозт. Ды та!.. Нæг нал дæ æмбарын, Зæмирæ! 3 е л и м. Цом, Зæмирæ, науæд мæхи куы нал бауромон, уымæй тæрсын! 3 æ м и р æ. Цом! Гъе’рмæст уæртæ уынджы ацæудзынæ æнæ мæн. (Ацыд.) 3 е л и м (Муратмæ). Дæ дзыхыл хæц дын зæгъын! (Фæаууон.) М у р а т. Зæхх аскъуыйæд дæ быны! (Иунæгæй.) Цы бакæнон?!. Куыд æдых дæн, æвæдза! Рухс ахуыссыд. 200
Æхсæв. Æбæрæг ран рухсы тыны зынынц Зæмирæ æмæ Фюфи. 3 æ м и р æ. Æмæ кæм базонгæ дæ Тотыримæ? Ф ю ф и. Иу дискотекæйы. 3 æ м и р æ. Уый размæ цы лæппутимæ цыдтæ, уыдон та цы фесты? Ф ю ф и. Цы сын зонын?! 3 æ м и р æ. Тотыр дын цалæм у? Ф ю ф и. Нæ сæ нымадтон. 3 æ м и р æ (тызмæгæй). Цы фæндагыл слæууыдтæ, Фюфи?! Ф ю ф и (фæмæсты). Хъахбай мæ хоныс?! Лæппуты’хсæн мæ чи хъуыди, уый ссардтон æмæ йæ бауарзтон — уым уа- диссагæй цы ис?! Иннæтæ Тотыры раз ницы уыдысты. Чъынды æмæ лæхъир! Лæппуты’хсæн ма лæгау лæг ссарын æнцон у?! 3 æ м и р æ. Уынын, а фæстаг рæстæджы сызгъæринты бын фæдæ. Къухдарæнæй, хъусцæгæй, рæхысæй!.. Уыдон, æвæццæгæн, Тотыры лæвæрттæ сты. Ф ю ф и. Уарзы мæ. Стæй сæрæн у. 3 æ м и р æ. Фæлæ уæлдæр цæуылнæ искуы кусыс? Ф ю ф и. Канд мæн уыныс? Чысыл ис мæ хуызæттæ? 3 æ м и р æ. Æмæ кæй фæзмыс? Иуæндæс къласы фæдæ каст, фæлæ дарддæр искæдæм бацæуын фæлваргæ дæр куы нæ бакодтай. Ф ю ф и. Ды бафæлвæрдтай æмæ дæ цы рауад? 3 æ м и р æ. Уымæй раст зæгъыс. Зоныс æй, мединститутмæ цыдтæн, фæлæ нæ бахаудтæн. Æмæ хуыздæр уыд, афтæ кæй рауад, уый. Уымæн æмæ æрмæстдæр ныр бамбæрстон, мæ курдиат циу, уый, æмæ сфæнд кодтон тæрхондоны кусæг суæвын. Æвæццæгæн, уымæй ахсджиагдæр професси нæй. Фæлæ дæумæ иу рухс бæллиц дæр куы нæй. Ф ю ф и. Уыди! 3 æ м и р æ. Цы уыдзæн дæ фидæн? Ф ю ф и. Ныр ма йæ фидæн чи уыны? Стæй ма йыл мæт дæр чи кæны? 3 æ м и р æ. Цыфæнды уавæрты дæр адæймаг хъуамæ бахъахъхъæна йæ уды сыгъдæгдзинад æмæ тырна истæмæ. Ф ю ф и. Кæй хъæуынц дæ рухс бæллицтæ æмæ дæ сыгьдæгдзинад? Кооператортæ æмæ коммерсантгы цот цы бухъ царды ленк кæнынц, уый хъæуы мæн дæр! Уæрæх цард! Мæ ныййарджытæ мæгуыр, хуымæтæг кусджытæ кæй сты, уым æз ницы аххосджын дæн! Дæ ныййарджытау не сты! Дæ мад сæудæджергæнæг, дæ фыд та стыр коммерцийы кусæг! Æхцаджын! Дæуæн циу?! 3 æ м и р æ. О, æхцаджын сты мæ ныййарджытæ! Фæлæ æхцатæ æмæ дзаумæттæ мæ сæйраг нысан никуы уыдысты! 201
Дæ ныййарджытæ æнæхин æмæ сыгьдæг зæрдæйы хицау сты. Фæлæ сæм ды нæ хъусыс. Æнæзæрдæхудт фæллой кæнынц. Æмæ ахæм бынтон мæгуыр дæр не сты. Ф ю ф и (хъуыдыты ныгъуылгæйæ). Чи зоны, раст сты дæ уайдзæфтæ, гье фæлæ... Нæ зонын! (Скуыдта). Нæ зонын, Зæмирæ! Сдзæгьæлтæ мын кодтай мæ зонд! (Фæаууон.) 3 æ м и р æ (иунæгæй). О уыцы "уæрæх цард!" Зæрдæйы тырнынтæй чи нæ цæры, уыдоны худинаджы "уæрæх цард!" 3 е л и м (æрбацыд). Зæмирæ, абон рынчындоны кæртæй цыдæрхуызæттæй ацыдтæ, æмæ... 3 æ м и р æ. Тыхсыс? 3 е л и м. Райсом цæуыс мемæ киномæ? 3 æ м и р æ. Нæ, Зелим. Цалынмæ хъуыддаг рабæрæг кæнон... 3 е л и м (фыртыхстæй). Куыд хъæбатыр æнхъæлдтон мæхицæн! Загьтон, никуы ницæмæй фæтæрсдзынæн. 3 æ м и р æ. Цæмæй тæрсыс? 3 е л и м. Æрмæстдæр дæ уазал цæстæнгасæй. Дæ зæрдæйы куы судзид ахæм цъæх арт, уæд бамбарис мæ катай. 3 æ м и р æ. Мæ зæрдæйы? Æмæ дзы кæд судзы, уæд та? 3 е л и м (фæкъæрцхъус). Судзы?!. 3 æ м и р æ. О, æз бауарзтон ахæм уарзтæй!.. Мæ сæр дзы зилы. Дуне та мæ алыварс бынтондæр ныррухс æмæ мæм худы йæ алы дидинæджы сыфæй. Хаттæй-хатт та мæ цæссыгтæй æрæхсын мæхи æмæ цавæрдæр уæззау хъуыдытæй бынат дæр нал фæарын мæхицæн. 3 е л и м. Кæй?.. Кæй бауарзтай ахæм уарзтæй? 3 æ м и р æ. Уый базондзынæ, фыдгæнджыты куы ссарон, æрмæстдæр уæд. Фæтагьд кæн, мæ дзæбæх хæлар, дæуæй аразгæ у хъуыддаг. 3 е л и м. Дæ дзæбæх хæлар?.. Диссаг мæм кæсыс! Куы мын мæ зæрдæ фæцагайыс, куы та мæ дæ хъуыдытæ амбæхсыс арф. 3 æ м и р æ. Æмæ мæ ды... ницы сусæг кæныс? (Лсеппу ницы дзуры ) Диссаг у æцæг! Иу ран стæм, афтæмæй та кæрæдзийæ æмбæхсæм нæхи. Цæмæн?! 3 е л и м. Зæмирæ!.. (Ферхæцыд.) 3 æ м и р æ. Кæд ссардзынæн фыдгæнджыты? 3 е л и м. Нæ зонын. Нæ зонын, Зæмирæ! ,3 æ м и р æ. Хæрзизæр уал! (Фæаууон.) Т о т ы р (фæзынд). Цъиусур, цы фæдæ?! Уыцы хæзнадоны дуарæн ссардтон дæгъæл. Райсом бакæнут хъуыддаг. 202
3 е л и м. Нæ... Райсом нæ. Т о т ы р. Цæуылнæ? 3 е л и м. Мæ уавæр нæ амоны. Т о т ы р. Куыд уынын, афтæмæй дын уарзондзинад ныридæгæн дæ къæхтæ бæтгын райдыдта. 3 е л и м. Чи зоны. Т о т ы р. Кæдмæ аргъæвæм хъуыддаг? 3 е л и м (æрæджиау). Райсом дын зæгъдзынæн. Т о т ы р. Хорз уæдæ. (Рухсы тынимæ атадысты дыууæйæ дæр.) Рæхимæты уаты уыцы’хсæв. 3 е л и м (æрбацыд æнкъардæй). Зæмирæ, Зæмирæ!.. Æдзух уыцы дæлгоммæ ныхæстæ... Ноджы бауарзта... Кæй? Мæн æви æндæр искæй? Нæ, уый гæнæн нæй! Æндæр искæй нæ! (Æрбацсеуы Рæхимæт æрхæндæг хъуыдытимæ.) Мамæ... Р æ х и м æ т (уайдзæфгæнæгау). Ацы бонты цæмæндæр мæ зæрдыл æрлæууынц, æстдæс азы размæ ды куы райгуырдтæ, уæд мын адæм цы арфæтæ фæкодтой, уыдон. Куывд дын куы скодтам, уæд зæронд Бимболат нуазæнимæ куыд куывта!.. "Стыр лæг куыд ысуа гыццыл Зелим! Кæстæртæн фæзминаг куыд уа! Царды рæсугьд фæндæггыл куыд фæцæуа!" 3 е л и м. Цæмæн мысыс уыдæттæ, мамæ? Кæм уыдтæ уагæры, уыцы сагъæсы хъуыдытимæ куы!рбацыдтæ? Р æ х и м æ т (æлхыскъ ныхасæй). Дæ "фæндæгтыл" цыдтæн уынгты! 3 е л и м. Мæн та агуырдтай? Р æ х и м æ т. Æвæццæгæн! Цымæ ныййарæджы базырджын ныфсытæ фидæны къæсæрыл цæмæн бамынæг вæййынц?! 3 е л и м. Мамæ!.. Р æ х и м æ т (йæ дзыппæй систа гыццыл тыхтон.) Ацы ’хцатæ мæм кæцæй æрхастай, уый мын нæма загьтай! 3 е л и м (æрæджиау). Нæма йæ загьтон мæхицæн дæр. Музыкæ. Р æ х и м æ т. Æвæдза, мæгуыр ныййарджытæ!.. Куыддæр исты — куыйты хæринаг сæ бакæны алчи, цавæр лæгсырд схъомыл кодтой, зæгьгæ! Ау, æстдæс азмæ лæппу саби куы нал у! Лæг куы хуыйны! Кæддæры заманты та гьæйтг-мардзæ хæстон куы уыд! Тохы хъайтар! Хæдзары та — хæдзардарæг! Уæд ды æнусон сабийæ баззайай ныр?! О, ныййарджыты куыйтæ дæр бахæрæнт, фæлæ уæхæдæг кæм стут, фæсивæд?! 203
Уæ миты тыххæй уæхæдæг цæуылнæ дæттут дзуапп уæ цæсгомы раз?! Худинаджы ми уæм худинаг цæуылнæуал кæсы?! Гъе, уæууæй, лæппу, цæмæ’рхаудтат ды æмæ дæ хуызæтгæ? (Лæппу, ницы дзургæйæ, зæхмæ ныджджих.) Цæмæн цæуын æдзух дæ фæдыл, гормон, кæд æмæ мын хъуамæ дæхæдæг æххуыс кæнис?! Уæдæ ма цæмæн вæййы фырт?! Йæ ныййарджыты катай чи не’мбары, уый адæймаг та куыд хоны йæхи?! Уыдонæн чи нæ кæны аргъ, уый кæмæн ысаргъ кæндзæн, кæмæн?! Æрдхордæн дæр нæ бæззы, йемæ лымæн уæвын та у тæссаг! Ды дæ кæстæрты дæр хъуамæ зылын фæндæгтæй иуварс кæнис!.. И р б е г (æрбахоста дуар æмæ æрбацыд тыхстхуызæй). Уе’хсæв хорз. 3 е л и м. Ирбег, ацы афон?.. Р æ х и м æ т. Дæ ныййарджытæ дæ нæ агурынц, лæппу? (Ирбег ницы дзуры.) 3 е л и м. Мамæ, нæхи бар-ма нæ бауадз. Р æ х и м æ т (фыртмæ бадардта æхцаты тыхтон). Адонæн мæ хæдзары бынат нæй. Райс сæ æмæ сæ ахæсс, кæдæм хъæуы, уырдæм! 3 е л и м. Кæдæм?.. Р æ х и м æ т. Базон æй дæхæдæг! Хæсгæ дæр сæ дæхæдæг æрбакодтай! Райс. (Зелим райста тыхтон, мад та ацыд иннæ уатмæ.) 3 е л и м. Цæмæн æрбацыдтæ, Ирбег? И р б е г. Нæхицæй ралыгъдтæн. Мæ ныййарджытæ мæм бартхъирæн кодтой, дуæрттæ, дам, дыл сæхгæндзыстæм æмæ дæ æддæмæ нал ауадздзыстæм. Æмæ цы фæуыдзынæн уæд? Æнæ уыцы тамако... Ныр дæр Тотыры агуырдтон. Сæхимæ нæй. Нæ йæ зоныс, кæм ис? 3 е л и м. Нæ. И р б е г. Нæй дæм ахæм тамако? 3 е л и м. Нæ йæ дымын, уый куы зоныс. И р б е г. Уæдæ цы кæнон? Дымын мæм цæуы, Цъиусур! Тотыр мын, йæхи раз цы бадымын, уымæй фылдæр никуы ратты. 3 е л и м. Уымæй дæ бæтты йæхиуыл! И р б е г. Ссарон æй. (Фæцæуы.) 3 е л и м. Ма ацу, Ирбег! (Уый æрлæууыд.) Æнафон у ныр. Бафæраз райсоммæ. И р б е г. Æмæ бафæраздзынæн? 204
3 е л и м. Уыцы сылгоймагæй кæй аскъæфтай, уыцы хызыны цы уыди? И р б е г. Бирæ æхцатæ æмæ сызгьæрин сахат. 3 е л и м. Цы дын фесты? И р б е г. Тотыр сæ райста. 3 е л и м. Цæмæн ын сæ радтай? И р б е г. Уый мын тамако... 3 е л и м. Æмæ уæдæ тамакойы охыл аскъæфтай уыцы хызын? И р б е г. О, фæлæ сæйрагдæр та уый у, æмæ мæм æппынæдзух диссаг кæй кæсы сгуыхтдзинад саразын. Фæсарæйнаг кинотæм куы фæкæсын, алыхуызон видеотæм, уæд сæрра вæййын бынтон. Уымæн фæлыгьтæн скъолайæ дæр. 3 е л и м. Уымæн?! И р б е г. Бонизæрмæ къласы æнцад бадын нал уыд мæ бон. Номдартæ æмæ дзы икстæй стыхстæн. Æнæ исты архайгæйæ мæм ахуыр ницыуал каст, æмæ йæ ныууагьтон. Сæрæндзинад кæм равдыстаин, уый нæ ардтон. Иу хатт та ме’мбæлттимæ парчы уыдтæн. Цавæрдæр æнæзонгæ лæппу нæм æрбацыд æмæ нæм дзуры: уæртæ, дам, уыцы уæйгæнæгæй цыппар хъæбыны чи адава, уымæн ратдзынæн фондз туманы. Йæ тумантæ мæ нæ хъуыдысты, фæлæ мæ æрфæндыд мæ лæгдзинад бафæлварын. Адавтон уæйгæнæгæй æхсæз хъæбыны. Раппæлыд мæ æнæзонгæ лæппу æмæ мæ иуварс акодта. Стæй мæ йемæ лодкæйы сбадын кодта æмæ цады бирæ фæленк кодтам. Афтæмæй балымæн дæн йемæ. Уый уыд Тотыр. Уыцы тамако мын куы ратгы, уæд æз уæлдай тынгдæр вæййын æппæтмæ дæр цæтгæ. Уыцы видеоты хъайтар æнхъæл вæййын мæхицæн. 3 е л и м. Кæдæм дæ ахаста дæ мæнг хъуыдыты сонт дымгæ, Ирбег?! (Схъæрзæгау кодта.) Ныдздзæгъæлтæ стæм! Ныдздзæгьæлтæ! Куыннæ йæ уыдтон! Цæвитгон, ныронг фы — нæй уыдтæн!.. Райхъал у ды дæр, фен дæ фæндаг! Уыцы хъылмайы фæздæгæй та... Рынчын дæ ныридæгæн. Фехъуыстон, уыцы низæй фервæзæн нæй! И р б е г (фæтарст). Уæдæ?! Мæлгæ?!. 3 е л и м. Æниу, æвæццæгæн, мæлæт хуыздæр!.. И р б е г (скуыдта). Нæ! Нæ мæ фæнды мæлын! Нæ, Цъиусур! 3 е л и м (йæ хъæбысы йæ æрбакодта). Æрсабыр у, Ирбег, Кæд исты æрхъуыды кæниккам, цæмæй фервæзын кæнæм нæхи. Уый уаид æцæг сгуыхтдзинад! И р б е г. Æз нæ зыдтон, æнæ уыцы тамако нал бафæраздзынæн, уый! 205
3 е л и м. Мах не ’пиæтдæр нæ фæзонæм, цы ми фæкæнæм^ уый. Нæ бæллæх дæр уый у. ’ И р б е г. Зæмирæ нæ цæмæн акодта абон уыцы куырм рынчынмæ? 3 е л и м. Гуырысхо ныл кæны, йæ бабынгæнджытæ мах кæй стæм. Æмæ нын нæ цæсгом цы зæгьдзæн, æвæццæгæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы. И р б е г. Æмæ ныл цæмæн фæгуырысхо? 3 е л и м. Нæ зонын. И р б е г. Тотырмæ куыд цымыдисæй ныккæсы! Цыдæр’нæуынон цæстæнгасæй... 3 е л и м. Цæй, бафынæй уæм æмæ иучысыл фервæзæм не’рхæндæг хъуыдытæй. Æрхуысс диваныл. (Ахуыссын кодта рухс, æрмæст ма рухсы тыны зыны йсехи цæсгом, афтæмæй хъуыдыты ныгъуылы.) Зæмирæйæн куы нæ раргом кæнон хъуыддаг, уæд мæм знаджы цæстæй кæсдзæн. Куы йын раргом кæнон, уæд та ноджы фыддæр!.. Æмæ уæдæ куыд?! Куыд?! Ницыуал æмбарын! Уыцы куырм лæппу! Ахæм æвирхъау ми!.. (Йсе сæрыхъуынтæм фæлæбурдта.) Уыцы æлгъыстаг изæр!.. * (Æрхуыссыд уый дæр диванът. Ныр рухсы тыны зыны æрмæст— дæр, чи бафынæй, уыцы Ирбеджы цæсгом. Фыны йсе цæстытыл уайы: къуымæй йсем рацсеуы Алан куырмæй.) А л а н. Æриут мын мæ цæстытæ! Цы мын бакодтат! Æз нывгæнæг дæн! Цы фесты хуры царддæттæгтынтæ?! цы фесты нæ бæрзонд хæхтæ?! Чи мæ сæ байста?! Æриут! • И р б е г (чысъ1л схæцыд йæхиуыл фыны). Мæ къухы цæфтæй дыл нæ баталынг дуне. Æз уыцы изæр не’мбæрстон, ме’мбæлттимæ цы ми кодтам, уый! А л а н. Уыцы изæр не’мбæрстай, фæлæ ныр та? И р б е г. Ныр?.. Тæрсгæ кæнын! А л а н. Тæригъæддаг!.. ды æнамонддæр дæ мæнæй! (Сындæггай адард вæййы фæстæмæ.) Æнамонддæр! Æнамонддæр!.. (Æрбайсæфт, фæлæ йсе бынаты рухсы тыны разынд Зæмирсе.) 3 æ м и р æ. О, æнамонддæр! фервæзын кæн дæхи, кæй къæппæджы бахаудтæ, уыцы тæссаг лымæнæй, цалынмæ бынтон нæ байрæджы! Мæлæтмæ дæ фæкæны! Т о т ы р (иннæ къуымæй рацæуы, кард йæ къухы, афтæмæй.) Бафæлварæд уæдæ! (Ирбегмæ.) Куыддæр мæ коммæ нал кæсай!.. (Кардæй йæм февзыста.) ’ И р б е г (фæтæрсгæйæ, диванъгл дæлгоммæ серхаудта æмæ ныхъхъæр кодта.) Ма ныццæв! (Райхъал, æмæ йæ фын æрбайссефт, йсехæдæг та фæгæпп ласта, фестад Зелим дæр.) 206
Р æ х и м æ т (рауад иннсе уатæй æмæ ссьиъта рухс.) Цы хабар у?! И р б е г (Зелимыл ныттыхст). Уаты чидæртæ уыд!.. 3 е л и м. Дæ цæстытыл цы ауад?! рбег. Æри!.. Æри мын тамако! Мæлын, нал у мæ бон! Р æ х и м æ т. Фæлæуу, нæ сыхæгтæй йын ракурон. И р б е г. Ахæм тамако нæ!.. 3 е л и м (йæ дзыхыл ын фæхæцыд). Ныхъхъус у, цы сæнтгæ цæгьдыс?! И р б е г. Тамако! (Сонтæй дуармæ фæраст.) Сæфын! 3 е л и м. Æрлæуу! (Аййæфта йæ). Р æ х и м æ т. Ахæм тамако?!. (Ныккуыдта.) Мæ бон куыд бакалд! О мæ лæппу! И р б е г. Сæфын! (Æддæмæ та фæраст, фæлæ та йæ Зелим ацахста æмæ йыл хæцы.) Æриут мын! (Зелим сей ныццавта фырмсестæй, æмæ уый бынтондæр фæсонт.) Ма цæв! Æз ницы аххосджын дæн! Уый уæ аххосæй бакуырм Алан! Р æ х и м æ т. Цы, дам?! Алан?!. (Зелиммæ.) Ды дæ уыцы фыдгæнæг?! (Диваныл ахауы уадзыгæй.) 3 е л и м. Мамæ!.. Рухс ахуыссыд. Æхсæвы тары та рухсы тыны зыны Зелим. 3 е л и м (сагьæсы хъуыдыты ныгьуылы). Цæмæ цæуын ай? Иу фыдбылыз иннæйы фæдыл... Т о т ы р (фæзынд). Цъиусур, цас дæ агурын! 3 е л и м. Дæуыл нæ дæн, Бодз! Т о т ы р. Цы хабар у? 3 е л и м. Мæ мад рынчындонмæ бахаудта. Т о т ы р. Æрбацыдаис æмæ мын бамбарын кодтаис хъуыддаг. Æнæхъæн сахат дæм фæлæууыдтæн уыцы ран! 3 е л и м. Æвæццæгæн нæ кæрæдзийæ ахицæн уæвын хъæуы. Адих кæнæм не’фтиæгтæ æмæ... Т о т ы р. Цы, цы?!.. 3 е л и м (ныхас исгæйæ). Фæлæуу мæм, Бодз. Дзуры мæм уæртæ мæ сыхаг. (Фæаууон.) Т о т ы р (иунæгæй). Уый дын хъуыддæггæ! Амæй пайда нал ис. Фæлæ не’фтиæгтæй йæ хай агуры. Стæ-ма! Хъуамæ йæ мауал равдæла хай æрцагурынмæ — æрцахсын æй кæнон 207
рæвдздæр. Сигнализаци кæм ис, уыцы фатермæ йæ барвитон, давынмæ. Куыддæр фатермæ бацæуа, афтæ милицæмæ ба — дзурдзынæн, науæд сигнализаци куы нæ скуса, мыййаг. (Æрбацæуы фæстæмæ Зелим.) Уæдæ, зæгъыс, дæ хай?.. Табуафси. Гъе’рмæст ма хъуамæ райсом асыгъдæг кæнаи иу фатер. Импортон магнитофонæй-æндæрæй йæ тæккæ дзаг у. Æнæхъæн хæзнадон. Голджыты сæ рахæсдзынæ, æз(дæм уынджы фæлæудзынæн æд машинæ. Кæмæйдæр æй ракуыр — дтон. 3 е л и м. Мæнæй давæг нал ис, Бодз. Т о т ы р. Цæуылнæ? 3 е л и м. Мæ риуы цас тынгдæр судзы мæ уарзт, уыйас мæ тынгдæр тасы æфтауы. Ахæстонмæ куы бахауон, уæд... Зæмирæ кæйдæр фыццаг фæуыдзæн. Т о т ы р. Æмæ цæмæй ахæстонмæ ма бахауай, уый тыххæй райсом уыцы фатер асыгъдæг кæн, загътон. 3 е л и м. Нæ дæ бамбæрстон, Бодз. Т о т ы р. Уыцы хъуыддаг куы нæ бакæнай, уæд æз милицæйæн схъæр кæндзынæн де’ппæт фыдракæндтæ, æмæ дæ Зæмирæмæ нал равдæлдзæн. 3 е л и м (фæджих). Уæйгæнæг дæ?! Æмæ... дæхицæн нæ тæрсыс? Т о т ы р. Де’взаг аныхъуыр! Фатертæ ды къахтай Рувасимæ. 3 е л и м. Дæ разамындæй, Бодз! Стæй нын дæгъæлтæ дæр ды нæ лæвæрдтай? Т о т ы р. Кæй цæмæй баууæндын кæндзынæ ууыл? Кæйдæр фатерты æз уемæ никуы уыдтæн. 3 е л и м. Æмæ Алан та? Дæ аххосæй нæ бабын? Т о т ы р. Нæ, дæхæдæг мæ акодтай уыцы изæр Зæмирæимæ фембæлдмæ. 3 е л и м. Мæнг зæгъыс! Ды нæ куы сцыбæл кодтай Рувасимæ! Т о т ы р. Чи баууæнддзæн тæрхондоны дæ ныхæстыл? Чызджы ды уарзыс, æз нæ! Аланы дæр уæдæ ды ныццавтай. 3 е л и м (фыртыхстæй дыууæ армæй йæ цæсгом бамбæрзгæйæ, схъæрзæгау кодта). Сæрхъæн! Т о т ы р. Уый æз?! 3 е л и м. Нæ, æз! Æз!! Т о т ы р. Ныр федтай дæхи? 3 е л и м. О , æрмæстдæр ныр! Нæ зыдтон, цас тæссаг дæ, уый! Баууæндыдтæн дыл! Сæрхъæн! Т о т ы р (æввахсдæр æм бацыд). Æрсабыр у, Цъиусур. 208
Кæрæдзи Къæппæгмæ цы’пларæм? О, мах не’ппæтдæр фыдгæнджытæ стæм... Гъе’рмæст дæ уавæр мæ уавæрæй бирæ фыддæр æмæ тæссагдæр у. (Æртхъирæнгæнæгау та.) Ма бабын кæн дæхи. Бавдæл æмæ райсом хъуыддаг сараз. Фæстаг хатт! Зæмирæйы охыл! Уый фæстæ дæ куыд фæнда, афтæ кæндзынæ. Паузæ. 3 е л и м. Цæйг хорз. Т о т ы р. Райсом дæм дæс сахатыл æнхъæлмæ кæсын ацы ран. (Фæаууон. Зелим йæ фæдыл мæстджынæй кæсы, афтæмæй рухсы тынимæ атад.) Горæтгæрон хъæды та. Æрбацыд Тотыр æмæ бæласыл банцой кодта. Т о т ы р. Ай цы хабар у? Ме уæнгты зыр-зыр æгас бон куы нæ сабыр кæны. Уый, æвæццæгæн, рагæй кæй нал уыдтæн ахæм хъуыддаджы... Цы хъæздыг разынд уыцы фатер! Фæлæ уыцы зæронд усг дæлдзæх фæуа!.. Фатермæ куы бацыдтæн æмæ мæ къухы кард куы ауыдта, уæд зæххыл куыд афæлдæхт! Цымæ цы бацис? Кæд афонмæ ныххæдмæл, уæд хуыздæр. Гъе фæлæ Зелим куыд нæ разынд!.. Фæсайдта та! Ф ю ф и (фæвынд). Тотыр, цы ми бакодтай?! Т о т ы р. Цæмæй зæгъыс? Ф ю ф и. Мæ сыхæгты хæдзар асыгъдæг кодтат, фæлæ ма дзы зæронд усы амарын та цæмæн хъуыд? Æнæ уый гæнæн нæ уыд? Т о т ы р. Ай цытæ дзурыс, Фюфи?! Расыг дæ æви?! Цавæр хæдзары кой кæныс, цавæр усы кой?! Ф ю ф и. Зæронд усы мардæй ссардтой. Гæркъæраг дын кæй хуыдтон, уый. Уыйбæрц æхцатæ æмæ, дам, дзы сызгъæринтæ ахастой! Дуне адæм сæм! Ноджы милицæйæ- æндæрæй!.. Т о т ы р. Чидæр сæм фæразæй æмæ нæ бастыгьта. Ф ю ф и. Æмæ уæдæ... сымахæй ничи уыд? Т о т ы р. Ничи æмæ ничи! Ф ю ф и. Цæвиттон, дам, давæг хæдзарæй куы рацыд, уæд æй чидæр федта. Хъуамæ, дам, æй ссарой. Т о т ы р. Ссарæнт æй æмæ йæ фехсæнт! Уыцы мæгуыр зæронд ус!.. Ф ю ф и. Цыдæр фæлладхуыз дæ, Тотыр. Т о т ы р (æфсонæн). Уый рæвдыдхъуаг дæн æмæ... 209
Ф ю ф и. Бацæуæм та хъæды арфдæр, мæ зынаргь! Т о т ы р. Гъе уый æндæр ныхас уг Фюфи! Уый йедтæмæ мын ды та райдыдтай!... (Ацæуынц.) М у р а т (иннæрдыгæй æрбацæуы нозтджынæй). Чидæртæ куы зынди ам. Цы фесты?.. Уæдæ ам дæр никуы ис Зæмирæ? Æвæццæгæн, тагьд мæ зонд фæцæудзæн. Иу ран фæлæууын мæ бон куы нал у. Суанг мæ куыстмæ дæр куы нал æвдæлы!.. Ссæуы дæлæ! Зелимимæ та ис!.. (Бæласы аууон слæууыд.) 3 æ м и р æ (чысыл фæстæдæр æрбацæуы Зелимимæ). Цыдæр кæныс, Зелим. Исты дæ риссы? 3 е л и м. Мæ мад... Рынчындонмæ бахаудта. 3 æ м и р æ. Фæдзæбæх? 3 е л и м. Фенцондæр ын ис. Инфарктæй йын фæтарстæн. 3 æ м и р æ. Æвæццæгæн æй цавæрдæр маст бадомдта. Уым ды мацы аххосджын уай, Зелим? 3 е л и м. Ахæм уавæры дæн, ахæм!.. Æрмæстдæр дæуыл фæлæууы мæ зæрдæ, Зæмирæ! (Чызджы къухмæ бавнæлдта.) 3 æ м и р æ. Къухæй ма’внал, нæ уарзын. 3 е л и м (тæргайгондæй). Æппындæр мæ дæхимæ бавналын куы нæ уадзыс. 3 æ м и р æ. Дзæгъæл æвнæлдтытæ дзы нæй (Йæхæдæг лæппуйы уæхсчытыл сæвæрдта йæ къухтæ. Лæппуйы цæсгом фæрухс æмæ чызгæн ахъæбыс кæнынмæ бахъавыд.) Ды æнцад лæуу! (Лæппуйы цæстытæм æдзынæг кæсы.) Зелим (фæтыхст). Цы мæм ныджджих дæ? Цы агурыс мæ цæстыты? (Иннæрдæм азылдта йæ цæсгом.) Тухæнæй мæ цы марыс, уарзгæ мæ куы нæ кæныс, уæд? Цыдæр дæ хъæуы мæнæй, æмæ мын мæ зонд фæцæуын кодтай. Æвæццæгæн, дæлимон дæ! Зæгь, цы дæ хъæуы, уый, æмæ мæ тухæнæй мауал мар! 3 æ м и р æ. Чи бабын кодта Аланы? 3 е л и м (иуварс ацæугæйæ). Куы йæ зоныс, уæд ма мæ цы къахыс? 3 æ м и р æ. Нæ, нæ! Нæ мæ уырны, ды ахæм æгьатыр ми бакæнай, уый. 3 е л и м. Мæ къухæй нæ бакуырм Алан. 3 æ м и р æ. Уæдæ? Тотыры къухæй? 3 е л и м. Мауал мæ фæрс! 3 æ м и р æ. Мæн фæнды рæстдзинад зонын! 3 е л и м. Зонинагæй мæм ницы ис! 3 æ м и р æ. Ис! Алан уæ къухтæй бабын. Мæн фæхудинаг кæнынмæ дæр ды хъавыдтæ де’мбæлггимæ! 210
3 е л и м. Зæмирæ! Фыдгæнджыты къордыл нæ нымайыс? Афтæмæй куыд уæндыс мемæ ардæм цæуын? 3 æ м и р æ. Нæ дæ тæрсын. Цыфæнды фыдгæнæг кæд дæ, уæддæр дæ зæрдæйы цыдæр сыгъдæгдзинад уынын. Уый кæйдæр тæвагæй сонт митæ кæныс! 3 е л и м. Ногæй та мæ удхарæй марыс! Æвæццæгæн дæ ме’намондæн федтон! 3 æ м и р æ.-Чи зоны, дæ амондæн! Музыкæ. 3 е л и м. Алы бон дæр мæм цыдæр æндæрхуызæн зыныс. Цыма не’хсæн ахæм дарддзæг сæвзæрд! Ды арвы цъæх дæ — мæ къухтæ дæм ивазын, фæлæ дæм не’ххæссын. Мæ мæт цæ — мæн хъуамæ кæнай! Дæ уавæр — бæллиццаг! Дæ фæллойæ сæрыстыр дæ. Ныфсджын æмæ хæдбар! Дæ сомбонæй куы нæ тæрсыс, мыййаг! Дæ цард дæхи фæндиаг сараздзынæ кæддæриддæр. Куыд дæм хæлæг кæнын, куыд! Куыд тæрсын дæ цæхгæр дзуаппæй дæр! 3 æ м и р æ. Хæлæг цæмæн? Чи дæ нæ уадзы фæллой кæнын? 3 е л и м. Фæллой!.. Куы’мбарис мæ уавæр! Раргом дын кæнин æппæтдæр, бæргæ! Нæ дæ фæтæрсин, уымæн æмæ мын дæ къухæй мæлæт дæр уаид æхсызгон! 3 æ м и р æ. Дзур! 3 е л и м. Зæгъ мын иунæг зæрдæвæрæн ныхас, æмæ æз æппæтмæ дæр цæттæ дæн! Зæгъ! Зæгъ дæ фæстаг ныхас, Зæмирæ. 3 æ м и р æ. Мæ фæстаг ныхас дын зæгъдзынæн... 3 е л и м. Уæд кæд? 3 æ м и р æ. Æппæтдæр куы базонон, уæд! 3 е л и м (тыхулæфтгæнгæ). Æппæтдæр?!. (Хинымæр.) Нæ, мæхи уал æрæмбарон! (Чызгмæ.) Нæ!.. 3 æ м и р æ. Уæртæ-ма Фюфийæн ардæм зæгъ. 3 е л и м (фæцæуы, фæлæ ма æрлæууыд). Æрмæст зон, никæмæн дæ ратдзынæн. Никæмæн! (Ацыд.) М у р а т (рацæуы бæласы аууонæй). Никæмæн?! 3 æ м и р æ. Мурат?! М у р а т. Цыдæр мæ стардта ардæм. 3 æ м и р æ. Рагæй дæ ам? М у р а т. Æз фехъуыстон æппæтдæр! 3 æ м и р æ. Æппæтдæр? М у р а т. О. Хъыгаг у, Зелимæн дæ фæстаг ныхас ныр кæй нæ загьтай. 15 ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 211
3 æ м и р æ. Æмæ афтæ ’нхъæлыс, æвзæр ын зæгъдзынæн? М у р а т. Зæмирæ, ау, бынтон мыл сивтай дæ зæрдæ? Уарзтай мæ, уый зонын. 3 æ м и р æ. Нæ зонын, уый уарзондзинад уыд æви... М у р а т (рафыхт йæ маст). Афтæ у?! Фæлæ дæ зæрдыл бадар, Зелим йæ къæхтыл нал фæцæудзæн, куыддæр Ьш разыйы дзуапп раттай! 3 æ м и р æ. Диссаг у, æвæдза! Зелимы йæ уарзондзинад уæлæмæ исы, ды та бонæй-бонмæ дæлæмæ хауыс! М у р а т. Зæмирæ!.. 3 æ м и р æ (ныхас исгæйæ). Цæугæ ардыгæй! Æрбацæуынц! М у р а т. Æмæ æрбацæуæнт! (Æрбацæуынц Фюфи, Тотыр æмæ Зелим.) Т о т ы р. Мурат?.. Хъæуыс мæ. М у р а т (мæстыйæ ). Мæн нæ хъæуыс! Т о т ы р. Цы мæсты дæ? М у р а т. Уæ аххосæй! Т о т ы р. Лæппу, де’взаг аныхъуыр, науæд!.. М у р а т. Цæмæй мæ тæрсын кæныс? Æппынфæстаг, æз никæйы цæстытæ бахордтон нырма! (Лæппутæ фæджих сты.) Ф ю ф и. Цавæр цæстыты кой кæны? Т о т ы р (бацæуы Муратмæ). Уæдæ, зæгъыс, цæстытæ, гьи? (Дæлгоммæ ныхасæй.) Замманай цæстытæ дын ис — бахъахъхъæн сæ! М у р а т. Ницæмæйуал уæ тæрсын! Мæ амондыл балæгæрстат уæ цъыф къæхтæй, фæлæ фендзыстут, цы рамбулат! (А цыд.) Т о т ы р. Æрлæуу! (Зелиммæ.) Бауром æй! 3 е л и м. Нæ йæ уромын! Т о т ы р, Ау?.. Чызджытæ, нæхи бар-ма нæ бауадзут иучысыл. Ф ю ф и. Цом, Зæмирæ! (Ацæуы йемæ.) Т о т ы р. Мурат цы зоны цæстыты тыххæй? 3 е л и м. Цы йын зонын?! Т о т ы р. Кæм та фесæфтæ абон райсомæй?! Цас та дæм фæлæууыдтæн! Цæмæн фæсыкк кодтай хъуыддаг?! 3 е л и м. Иу хъуыддагмæ дæр мæм мауал фæдзур! Т о т ы р. Уыйбæрц хъæздыгдзинæдтæй!.. 3 е л и м (ныхас исгæйæ). Дæуæй ахицæн нымайын ме стырдæр хъæздыгдзинадыл! Æвæстиатæй цом æмæ мын нæ фæллæйтгæй ратт мæ хай! 212
Т о т ы р (хиуылхæцгæ хъæлæсæй). Æвæстиатæй, зæпзыс? фæдис у æви? 3 е л и м. Аланы Мæскуыйы дохтыртæм ласынц. Хъуамæ йын баххуыс кæнон... Т о т ы р. Æмæ йын сызгъæринтæй æххуыс кæныс? 3 е л и м. Ауæй сæ кæндзынæн искуы. Стæй дæм æхцатæ дæр чысыл нæ фæлæвæрдтам. Æри сæ! Т о т ы р. Ницы дын ратдзынæн, мæ дзæцц, мæнмæ цы ис, уый мæн у. 3 е л и м. Бодз!.. Т о т ы р (ныхас исгæйæ). Уыцы хъæздыг фатерæй рахæсс дæ хай! (Йæ дзыппæй систа дæгьæл.) Мæнæ дын йæ дуары гомгæнæн. Бон-изæрмæ дзы ничи вæййы. Замманай фадат та дын сарæзтон, æмæ ма ракæ-бакæ кæныс! 3 е л и м. Уыцы дæгъæл дæхицæн уадз! Мæнæн та æри, цы домын, уый! Т о т ы р (мæстджын худт ныккодта). О не скæнæг Хуыцау! Ды ме’вдисæн, мæ хорздзинадæн аргъ нæ кæны. (Дæгъæл йæ дзыппы нывæрдта.) Циу мæ азым уый фæстæ? 3 е л и м. Бодз!.. Т о т ы р (ныхас исгæйæ). Мур дæр дын нæ ратдзынæн, загьтон! 3 е л и м. Хъахъхъæ уæдæ! Мæхиуыл дæр нал бацауæр ддзынæн! (Ацыд.) Т о т ы р. Ма бафæлвар!.. (Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта.) Ныргæ 5дин æй, фæлæ... Куыд уынын, афтæмæй мæ уавæр ; ^ тал у. Ноджы уыцы зæронд ус... Цымæ мæ чи федта?.. К_, а мæ’рцахсой... Æвæстиатæй мæ сæр айсон а горæтæй. Æмæ кæдæм? Уæрæсемæ нал... Бирæ дзы фæрахау-бахау кодтон. Фæлтау ам нæхи хæхтæм ахъуьпты уон. Мæ мады мадмæ. Æмæ мæм цы бирæ æфтиæггæ сæмбырд, уыдон та цы фæкæнон? Хохы цъасмæ сæ аласон мемæ. Уым уал сæ искуы баныгæндзынæн. Хорз, æмæ ам ме’мбæлттæй ничи зоны ме’цæг ном æмæ мыггаг. Цæмæй зонынц, æз Тлатгаты Тотыр кæй нæ дæн! Мæ ныййарджытæ цы хъæуы цæрынц, уый дæр сæ ничи зоны. Мæ фæдыл цæхх кæнæнт! Ф ю ф и (фæзынд). Цæй, цы лæууыс ам, Тотыр? Т о т ы р. Демæ мæ фæхицæн бахъуыд, мæ зæрватыкк, æмæ мæ дæ мæт æрцахста. Ф ю ф и. Фæхицæн? Т о т ы р. Æрдæбон дын æй барæй не схъæр кодтон, мæ дзæцц. Куы фæтыхсай, зæгьын. 213
Ф ю ф и. Æмæ цы’рцыд? Т о т ы р. Мæскуыйæ тел райстон мæ фыды ’фсымæрæй. Æвæстиатæй, дам, ратæх. Мæ сæр æй цæмæн бахъуыд, Хуыцау йæ зонæг. Ф ю ф и. Цас дзы фæуыдзынæ? Т о т ы р. Фыссы: мæй, кæнæ дыууæ мæйы, науæд, дам, чи зоны, ноджы фылдæр. Ф ю ф и. Æмæ... нæ кооператив та? Т о т ы р. Цæй кооператив нæм уыд, Фюфи?! Уый афтæ æнæуи хынджылæг скъæрдтам. Ды та!.. Æгæр æууæндаг æмæ коммæгæс ма у, мæ дзæцц. Искæй фатертæм дæр сгарæг мауал бацу. Гъер дын уый милицæ куы базона, уæд дæ не’рцахсдзысты? Æз дæ хъазгæ кодтон, ды та æцæгæй сцæхæр дæ. Цæй давджытæ ис махæй! Афтæмæй иу фыдгæнджыты къордыл куы сæмбæлай, уæд дæ цы рауайдзæн, уый æмбаргæ кæныс? Ноджы æгæр хæтаг ма у. Ныртæккæ спъид тынг сарæх æмæ дæ искуы æрцахсдзæн. Мæнæ дæ уæлæ уыцы сызгъæринтæ мæ мады хойæ райстон, æмæ сæ фæстæмæ агуры. Ахæм загьд-хъæлæба самадта! Дзыхæй дæр æм нал сдзурдзынæн. Æри, мæ дзæцц, æмæ йын сæ раттон. (Чызг æрвдзæфау фæци бынтондæр. Афтæмæй æрисы йсе хъусцæгтæ, стæй сисы йæ уæлæ уыцы рæхыс, йе’нгуылдзæй та раласы къухдарæн æмæ сæ ратты.) Чи зоны, Мæскуыйы дын адонæй хуыздæртæ балхæнон. Мæ мады хойы фыддæрагæн! Цæй, хæрзбонтæ у, мæ зæрватыччыты зæрватыкдæр! (Йæ ныхæн ын апъа кодта æмæ фæаууон.) Ф ю ф и. (йæ фæдыл кæсгæйæ, цавддурау баззад исдугмæ). Цытæ мын фæдзырдта. Ноджы... Ай мæ фыны уыд æви?! (Мæстыйсе.) Цæстфæлдахæг! (Фæцырд.) Уый! Уый фæкъахта уыцы хæдзар! Уый амардта зæронд усы дæр æмæ ныр лидзы кæдæмдæр!.. Цæй давæг, дам, ис махæй! Æмæ уæдæ ахæм бухъ цардæй цæмæй цæры?! Кусгæ куы никуы кæны! Йæ сызгъæринтæ мыл куы ныккалдта, уæд банхъæлдтон... Мæ зонд фæцыд йæ уарзтæй. Кæй амæтгаг бакодтон мæхи?! (Скуыдта.) Куыд æдылы разындтæн! (Йсе сæр хойы.) Зонды мур кæм нæй, уыцы куысыфтæг! Загьтон, мæ зонгæты’хсæн Тотырæй лæгдæр нæй — æмæ та фæрæдыдтæн! Цалæм хатт?! Кæдмæ рæдийдзынæн?! Ничиуал мæ хъæуы! Ничи! Раздæхон мæ фæндаджы райдайæнмæ æмæ ногæй... Цы рухс бæллицтæ мæм уыд! Фæлæ хæлæг кæнын райдыдтон æфсæст адæммæ æмæ царды фæлхæртгыл зыд кæнынмæ фæдæн. Мæ сæр сæ разылд. Æмæ ныр мæ хъуыры фæбадтысты. Цы былмæ мæ тардта 214
Тотыр!.. Фыдгæнæг мæ куы рауад! Уыцы зæронд усы тæригьæд мæ фæдыл куы фæцæуа! И р б е г (фæзынд). Фюфи, кæм ис Тотыр? Ф ю ф и. Нал ис. И р б е г (фæтарст). Нал ис?! Ф ю ф и. Хæрзбон нын загьта! И р б е г. Куыд хæрзбон?! Кæдæм?!. (Скуыдта.) Æмæ æз та цы фæуон? Мæ бон куы нæ бауыдзæн æнæ!.. Куыд мæ ныууагьта?! 3 е л и м (фæзынд). Цы фестут, æз сымах куы агурын! И р б е г (фыркатайæ.) Амæлдзынæн!.. (Ныхъхъæр кодта.) Амæлдзынæн, Зелим! 3 е л и м. Ма тæрс, Ирбег! (Йсе хъæбысы йæ бакодта.) Ныббар! Ныббар, мæ кæстæр æмбал, афоныл дын кæй нæ баххуыс кодтон. Уыцы лæгсырды дзæмбытæй дæ кæй нæ бахызтон! Ф ю ф и. Æмæ дзы æниу нæхи бахызтам?! 3 е л и м. Кæм ис Зæмирæ? Ф ю ф и. Рынчындонмæ ацыд. 3 е л и м. Цомут-ма йæм уырдæм! Ф ю ф и. Æмæ кæцы рынчындонмæ, уый нæ зонын. 3 е л и м. Æз æй зонын! (Ацæуынц æртæйæ дæр.) Рухс ахуыссыд. пчынДоны кæрты та. Уым сты Фюфи æмæ Ирбег. 3 е л и м (æрбацыд). Мидæгæй куы нæй Зæмирæ. Æвæццæгæн, нæма æрбахæццæ. Ф ю ф и. Æмæ ма мах та цæмæн æрбакодтай демæ? 3 е л и м. Хъуамæ Зæмирæимæ æппæтдæр базонай ды дæр. Стæй мæнæ Ирбеджы дохтыртæм аласдзынæн. 3 æ м и р æ (æрбацæуы). Кæмæ’рбацыдыстут сымах та? 3 е л и м. Дæумæ, дæ фæстаг дзуапмæ, Зæмирæ. Ницыуал дæ сусæг кæнын! Алан мæ аххосæй бакуырм. Æрмæст ыл уыцы бæллæх Тотыры къухтæй сæмбæлд. Ф ю ф и. Тотыры?! 3 е л и м. О, Тотыры! Стæй ма ноджыдæр уый разамындæй цы фыдгæнон митæ фæкодтам, уыдон æз радзурд *ынæн, кæм хъæуы, уым. (Фыртыхстсей.) Куы амардаин фæлыу! Цыма мæ цæстытæ искæмæй адавтон, афтæ мæм куы кæсы. Боны 215
рухс кæй уынын, уымæй дæр æфсæрмы кæнын мæхицæй! Ноджы мæ мад!.. Чысыл ма бахъæуа, ма амæла мæ аххосæй! 3 æ м и р æ. Искæмæн фыдбылыз чи саразы, уый йæхицæн цыфыддæр знаг у. 3 е л и м. Зæмирæ, ивгьуыд бонты цæстæй мæм ма ракæс. Цы мын зæгьыс, цæй? М у р а т (æрбацæуы). Нæг Зæмирæ дæумæ нæ хауы! Дæу ныртæккæ аласдзысты де’мбæлттимæ! Куыддæр дæ дæлæ уынджы тигьæй ауыдтон, афтæ бадзырдтон милицæмæ! (Чыз— гмæ.) Зæмирæ, зæгь, кæй аккаг кæныс дæхицæн? 3 æ м и р æ. Ныртæккæ йæ базондзыстут. (Ацыд æмæ чысыл фæстæдæр æрбакæны Аланы, йæ къухыл ын хæцы, афтæмæй.) Мæн тыххæй бакуырм Алан æмæ йын мæ цæстытæ лæггад кæндзысты мæ цæргæбонты. Йæ къухыл хæцгæйæ, хъуамæ ацæуон царды дард фæндагыл. А л а н. Нæ, нæ, Зæмирæ! Цытæ дзурыс?! Æз сахъатджын дæн, мемæ дын зын уыдзæн. Фæлтау дæхицæн равзар æндæр æмбал. 3 æ м и р æ. Нæг Алан. Æндæр ничи ссардзæн мæ зæрдæмæ фæндаг. Æцæг уарзондзинад циу, уый .æрмæстдæр ныр бамбæрстон. (Зелим æмæ Мурат джихауæй лæууынц.) Фæлæ кæд дæ зæрдæйæн адджын нæ дæн, уæд мын æй зæгь æргомæй, æмæ хæрз иунæгæй фæцæрдзынæн мæ мæлæты бонмæ. Ал а н. Мæ зæрдæйæн?.. Мæ сæнтгы бæллиц! Ды нæ зоныс, æз нывгæнæджы хуыздæр ахорæнтæй ныридæгæн дæ сурæт кæй сфæлгонц кодтон мæ хъуыдыты. Æвæццæгæн, уыцы сурæтæй рæсугьддæр æгас дунейы дæр нæй! (Йæ хъуыдыты сонтæй йæ цæстыты баст æртыдта Зæмирæйы фенынæввонг, фæлæ йæ куы нæ федта, уæд, йæ цæстытыл фæхæцгæйæ, ныккæрзыдта.) Тар! Тар æхсæв мæ цæстыты! Цæмæн?! Ф ю ф и (скуыдта). Цы бон ыл акодта! (Лæппумæ.) Кæд дын Мæскуыйы баххуыс кæниккой, Алан!.. 3 е л и м (бацыд куырммæ). Ныббар, Алан... (Цыдæр ма сдзурынмæ бахъавыд, фæлæ йæ хурхы уадындзтæ ахгæдтой æмæ иннæрдæм азылдта йæхи.) Зæмирæ!.. Кæй бон у дæ рав — зæрсты ныхмæ исты зæгъын! Искуы дыл сæмбæлдзынæн царды, уый куы зыдтаин, уæд дæм, æвæццæгæн, æндæр фæндæггыл æрцыдаин. Фæлæ дæ ныр та цы домон! Бузныг, кæй цæрыс а зæххыл! Фыццагау дæ хуримæ бардзынæн. Хæрзбон! •М у р а т (фырмæстæй). Дæлдзæхх ныххауг уе’ппæтдæр! (Рынчындонæй æрбацæуы Рæхимæт рынчыны дарæсы.) 216
3 е л и м. Мамæ!.. , Р æ х и м æ т (сабыр хъæлæсæй). Цы фæкодтай уыцы æхцатæ? 3 е л и м. Сывæллæтты дунеон фондмæ сæ радтон. Р æ х и м æ т. Æгайтма!.. (Фæссценæйæ æрбайхъуыст милицæйы машинæйы сиренæ). Ф ю ф и. Милицæ! 3 е л и м. Ныббар мын, мамæ, æппæтдæр! Ма фæтыхс! Æндæрæй дæм æрыздæхдзынæн! Ф ю ф и (фæссценæмæ кæсгæйæ.) Тотыр! И р б е г (фæсонт). Æрцахстой йæ! Мæ марæджы! Бабын мæ кодта хъылмайы фæздæгæй, ныр ахстæй бады милицæйы машинæйы уæртæ! (Дур фелвæста зæххæй.) Амарут æй! 3 е л и м. Ирбег! (Хæцы йыл.) Ф ю ф и (Тотырæй). Удхор! Цал адæймаджы хъæрзы йæ сау митæй! И р б е г. Ауадзут мæ æмæ йæ амарон! Ауадзут мæ! 3 е л и м. Сабыр!.. И р б е г. Тамако! Æриут мын тамако! 3 е л и м. Фюфи, алас лæппуйы дохтыртæм. И р б е г. Æриут мын! Сæфын!.. Æмбæрзæн. 1995 аз. 217
ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАИЫ ПЬЕСÆТÆМ ГÆСГÆ АРÆЗТ СПЕКТАКЛЬТÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ТЕАТРТЫ Музыкалон комеди "Зыгъуыммæ уарзт" Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон-драмон театры. Кокойты Асланы музыкæ, режиссер - Цæлыккаты Мæирбег. Премьерæ уыд 1964 азы 28 ноябры. Бсртæ — Гæлуаты А *æ. Бсртæ — Гæлуаты Алæ, Мæир — Суппты Фсдор 218
Драмæ "Уарзæтты кадæг" театр "Саби"-йы сценæйыл. Сæвæрдтой йæ сæрмагондæй фæсивæдæн æмæ хистæртæн. Режиссер - Гайты Михал. Премьерæ уыд 1976 азы 12 февралы. Тасол — Рæмонаты Валодя, Гози — Хуыгаты Зарæ, Берд — Дзодзиаты Æхсар. Сафирæт — Дарчиты Ларисæ, Хетæг — Дзапæгаты Олег, Тасол — Рæмонаты Валодя 219
Драмæ "Чи у аххосджын?" Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмтеатры. Режиссер - Беккуызарты Орзетæ. Премьерæ уыд 1981 азы 19 июны Махар — Дзуццаты Артур, Аслан — Тыджыты Эдуард, Вадим — Гуыбиаты Хъазыбег, Зураб — Кцойты Михал. Вадим — Гуыбиаты Хъазыбег, Нифæ — Тæбæхсæуты Зæирæ, Габо — Саламты Къола. 220
Асиат — Беккуызарты Орзетæ, Зураб — Кцойты Михал. 1990 аз. Нифæ — Тæбæхсæуты Зæирæ, Асиат — Беккуызарты Орзетæ. 1990 аз. 221
Драмæ "Сау бæлас" Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмтеатры. Режиссер - Гæлæуты Анатолий. Премьерæ уыд 1983 азы 29 июлы. Зирæт — Дзбойты Аллæ, Писи - Бсккуызарты Орзетæ. 222
С о л т а п — Хъæцмæтгы Лазæр. Бог — Куыпдыхаты Къола, Зæирæ — Рæмопаты Ритæ. 223
Писи — Беккуызарты Орзетæ, Дзаххот - Тылаттаты Бексолтан. | Репетицийы фæстæ. Режиссер Гæлæуты Анатолий, артист Къæбысты Павел, автор Хæмыцаты Цæрай, артист Хъæцмæзты Лазæр. 224
Комеди "Паддзахы чызг" театр "Саби"-йы сценæйыл. Сæвæрдтой йæ фæсивæдæн æмæ хистæртæн. Режиссер - Сæбанты Тамерлан. Премьерæ уыд 1996 азы 12 февралы. Паддзах — Тыджыты Аслан, Мытъо — Заойты Эдуард. 225
я 0) Я" V 226
Далу — Дудайты Валентинæ 227 16. ÆИÆНЦОЙ ЗÆРДÆ
Комеди " Дыууæ усгуры" дыгурон Паддзахадон драмтеатры. Режиссер - Сæбанты Тамерлан. Премьерæ уыд 1997 азы 24 декабры Сценæ спектаклæй. Бохъи — Габеты Хетæг, Дыгыза — Едзаты Светланæ. 228
Зæринæ — Малиты Фатимæ, Асæбе — Цъугкиты Солтан 229
и й) 230
231
Оперæ-балет "Уарзæтты фæз" Цæгат Ирыстоны паддзахадон музыкалон театры. Пьесæйы (либреттойы) автор Хæмыцаты Цæрай. Композитор - Цорионти Резван. Режиссер - Владимир Шкаровский. Премьерæ уыд 1996 азы 22 ноябры. Махар — Хуыгаты Анатолий, Бег — Хъуылаты Елхъан, Хетæг Кочиты Хасан. 232
Фыдæх — Хъыбызты Рæзитæ. 233
Асиат — Чочиты Тæирæ, Зæлинæ — Æхполты Иринæ. 234
« 235
РАДЗЫРДТÆ АНАЗБИЙЫ РÆДЫД Хъæуы мидæг иу ахæм хист, иу ахæм чындзæхсæв нæ уыдг Аназби кæм нæ фæрасыг. Йæ цардæй тынг разы уыд. Гъе’рмæст кусын нæ уарзта æмæ-иу ын уый тыххæй чи бауайдзæф кодта, уыдонæй йе сæфт уыдта. Йæхицæй-иу тыхст рынчын ацарæзта: куы йæ сæр рысти, куы — йæ ахсæн, куы та йæ уæрджыты æндыснæг ныллæууыд. — Чындзæхсæвтыл зилынмæ рынчын нæ вæййыс, фæлæ кусынмæ рынчын дæ! — хæцыд æм арæх йæ фыд. Куыд-иу стыхст ахæм ныхæстæй Аназби! Йæ зæрдæмæ н’æ фæцыд, йæ хистæр æфсымæр Хъайыр сæ кæй байуæрста æмæ сæ кæй ахицæн йæ усимæ, уый дæр. — Зæронд мад æмæ мын фыды ме’ккой баппæрстай, — загъта Аназби йе’фсымæрæн. — Ды ас лæг дæ ныр, бафистæг кæн дæ цæнгтæ æмæ кус, — дзуапп ын радта æфсымæр. Уæддæр та "кус! О уыцы "кус" æмæ "кус!" Нал æй ныууадздзæн иу ран! Фæлæ ницы кæны! Аназби дзы йæхи бахизынæн кæддæриддæр ссардзæн фæрæз: йæ хистæр æфсымæры ахицæны фæстæ йыл хæдзары куыстытæй чи æрæнцад, уыдæтты уæз бавæрдта йæ кæстæр æфсымæр Солтаны æккой. Хæдзары куыстытæ æххæст кæныныл бæргæ архайдта, йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, сæ зæронд фыд Сафарби дæр, фæлæ йын йæ азтæ бонæй-бонмæ къаддæр кодтой йæ тыхтæ, æмæ йын цас æнтыст? Иу хатт та хъæуы уыдис чындзæхсæв. Аназбийæн дæр йæ рад æрцыдис. Йæхи хорз куыннæ федтаид йæ хуыздæр лымæн — арахъхъæй! Уайтагъд та дзы дуне хынджылæг кæнын райдыдта: куы-иу арв фæбынæй, куы — зæхх. Цæстыфæныкъуылдмæ-иу æй зæхх йæ къæхтыл æрсагъта, стæй та-иу æй алырдæм акъултæ кодта, æмæ та-иу лæппу цыппарæрдæм иугай санчъехтæ абарста. Уыд изæрмæ æввахс. Хъæлдзæг хъазты уынæр бамынæг: 236
чындзæхсæв кæмæ уыдг уыдонæн сæ сыхæгты зæронд лæг фæзиан. Уыцы лæг дæр хуынди Сафарби — Аназбийы фыды æмном уыд. Æмæ лæппу куыддæр, "Сафарби æваст мард фæцис", зæгъгæ, айхъуыста, афтæ скуыдта æмæ уынджы дæлæмæ фæраст иунæгæй. Куы-иу иуæрдæм фæцудыдта, куы иннæрдæм. Уынджы йыл чи.æмбæлд, уыдон йæ фæстæ дисгæнгæйæ кастысты. Сæ хæдзар кæм уыдис, уый ма кæм æмбæрста Аназби, фæлæ адæм тæфæрфæс кæнынмæ кæдæм цыдысты, уыцы \ хæдзармæ бараст уый дæр. Кæртмæ куы бахæццæ, уæд йæ \ дзыппæй систа къухмæрзæн æмæ йæ "фырзæрдæрыстæй" йæ цæстытыл авæрдта, афтæмæй богьтæгæнгæ бацыд кæртмæ. Хæдзары фарсмæ уынджырдыгæй уыдис æнæкъул мæнг агъуыст, æвæццæгæн, хæринаггæнæн. Зындис дзы æрмæст пец. Аназбийыл зæхх акъул пецы’рдæм, æмæ пецы уæлхъус слæууыд, богътæ кæны: — Цы... цы м-ма кæндзынæн, цы’в-васт мард ак...кодтай! Адæм иууылдæр сæ каст скодтой Аназбимæ, дисæй мардысты. Стæй йæм иу ацæргæ лæг нал фæлæууыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Ам нæй мард, мæ хур, уæртæ мидæмæ бацу. Аназби къухмæрзæн йæ цæстытæй æриста, йæ размæ æркаст æмæ дзы пец йедтæмæ куы ницы федта, уæд цудтытæгæнгæ бараст хæдзармæ. Ам дæр та йын дуар ссарынæн чидæртæ аххуыс кодтой. . — Кæм ис м-мæ мæгуыр фыд, м-мæ баба?! — зæрдиагæй ныккуыдта Аназби æмæ бацудыдта марды ’рдæм. Адæм бамбæрстой Аназбийы рæдыд. Кæрæдзийы-иу аивæй басхуыстой æмæ-иу бахудтысты. Суанг ма мардæн йæхи бинонтæ дæр сæ кæуынæй банцадысты æмæ лæппумæ рохст каст кодтой. Чысыл фæстæдæр Аназби рахызт тыргъмæ. Ам ноджы тынгдæр суынгæг йæ зæрдæ. Йæ уæраг-иу систа уæлæмæ, æрцавта-иу æй æмæ та-иу æй зæхмæ æруагъта хъæргæнгæ: — О, уæу-уæй, баб-ба, куыд амардтæ! Уалынмæ йын йæ цонгыл рахæцыдæуыд, "рацу ацырдæм, банцай", зæгъгæ. Аназби фæкаст фæстæмæ, йæ хистæр æфсымæрыл йæ цæст фæхæцыд, æмæ ноджы хъæрдæрæй 237
ныккуыдта: — Ды мæм мауал... мауал дзур. Ды йæ ныууагътай, фæлæ мæнæн уæлдайаг нæ уыд мæ ф-фыд! Хъайыр афтæ ’фсæрмы кодта адæмæй, æмæ цы фæуыдаид, уый нал æмбæрста. Аназби та йæ кæуынæй не’нцад. Уæд ын Хъайыр йæ цонгыл фидар ныххæцыд æмæ йæ сæхимæ акæ — ныныл ныллæууыд. Йæ хъусы дæр ма йын бадзырдта: — Мах Сафарби нæу, цом нæхимæ. Аназби мæстыйæ йæхи атыдта æмæ та хъæрæй ныккуыдта: — Ай-гьай нæу дæу. Дæу куы уыдаид, уæ... уæд йе... йемæ цардаис, фæлæ мæнæн мæ... м-мæхи уыд! Раст уыцы афон зианджынтæн тæфæрфæс кæнынмæ æрбацыд Аназбийы фыд Сафарби. Зæронд лæджы кæуынмæ ноджы тынгдæр ныккуыдта Аназби дæр, йæ цæстытыл та къух — мæрзæн авæрдта, афтæмæй: — Цы ма кæндзынæн, куыдæй мæ ныу...ныу...уагьтай, баб- ба! Фыд йæ фыртмæ бакаст æмæ джихæй аззад. Фенцад йæ кæуынæй, фæлæ йæ æгъдауы мæт æрцахста, фæхæцыд йæхиуыл æмæ кæугæ бацыд хæдзармæ. Иу цасдæр рацыд, афтæ фыд йæ цæссыгтæ сæрфгæ кæртмæ рахызт æмæ йæ фыртмæ хæстæгдæр бацыд. — О, уæууæй, баб-ба, дæ уд исгæйæ ма дæ уæддæр куы... куы ф-федтаин, — кæуы та Аназби. — Ау, лæппу, дæ сæры бынтондæр ницыуал баззад æви? — бафарста йæ фыд. — Сæнттæ цæгьдыс?! — Уæдæ цы кæнон, ф-ф-фыд мын куы... куынал ис, уæд? — Æрра сдæ, цы кодтон?! Аназби æнæбарыгомау ракаст, афтæ йæ чи тыхсын кодта, уыцы лæгмæ — йæ фыды базыдта æмæ фенцад йæ кæуынæй. Æвæццæгæн, фембæрста йæ рæдыд. — Цы кæныс?! — бафарста та йæ тызмæг хъæлæсæй фыд. Цъусдуг Аназби цы сдзырдтаид, уый нæ зыдта, стæй фæрæвдз: — Баба, дæуæн тæрсын, ды дæр аф...аф...афтæ æв-васт куы амæлай! 1956 аз. 238
ÆНАХУЫР ГАБЕ I Хъæуыцæрæг лæппулæг Тотыр бахаудта горæты рынчындонмæ. Йæ низтæ цалдæр уыдысты, фæлæ йæ æппæтæй тынгдæр тыхсын кодта йæ ахсæн. Дохтыр рынчынæн йæ низтæ куы базыдта, уæд ын лæмбынæг ныхæстæ фæкодта, цавæр хæринæгтæ йын æмбæлы æмæ не’мбæлы хæрын, уыдæтты тыххæй. Карз нозт æмæ йын бæгæныйæ дæр загъта, цæмæй сыл бакæна тобæ, ныртæккæ, дамг дын уыдон марг сты. Цыдысты бонтæ. Тотырмæ бæрæггæнæг цæуын райдыдтой йæ хæстæджытæ, йæ зонгæтæ. Арæх-иу æм бауади, горæты чи цард, йæ уыцы хистæр æфсымæр Габе дæр æмæ-иу ын йæ гыццыл скъаппы баййæфта уырыссаг арахъхъы æвгтæ. — Арæби, ацы æвгтæ цы сты? — бахъуыр-хъуыр-иу кодта Габе. — Рынчынфæрсæг мæм чи æрбацæуы, уыдон сæ æрбахæссынц æмæ сын цы акæнон? — аххосджынау-иу дзуапп радта Тотыр. — Сæ хызынты-иу сын сæ нытътъысс фæстæмæ. — Бафæлварын, фæлæ нæ уадзынц, — Нозтмæ ахæм æмхиц нæ дæ, уый куы зонынц. — Зонынц æй, фæлæ уæддæр хæссынц. — Хаттæй-хатт дæм фаг тых нæ разыны... Ма фæрæдий. Цалдæр боны фæстæ та Габе йе’фсымæрмæ бацыд изæрыгон æмæ палатæйы баййæфта ахæм ныв: стъолыл чъиритæ, карчы дзидза, уырыссаг арахъхъы дыууæ авджы æмæ шампайнаг сæн. Стъолы уæлхъус бадынц рынчынтæй цалдæр нæлгоймаджы, семæ Тотыр дæр. Рудзынджы раз та лæууы уыцы минас æрбахæссæг сылгоймаг — ацы палатæйы чи хуыссы, уыцы рынчын Ахуыпбийы бинойнаг, ныллæггомау ацæргæ ус. Габе бафиппайдта, йе’фсымæр Тотыр куыд барасыг, уый, æмæ фырмæстæй цыдæрхуызæттæ аци. Ахуыпби Габемæ бадардта арахъхъы агуывзæ: — Æмбæлæггаг! — Ай кæдæм æрбахаудтæн, — æнæбары мидбылты бахудгæйæ, мæстыйæ сдзырдта Габе, — рынчындонмæ æви ресторанмæ? — Цæй-ма, хорз лæг, — агуывзæ Габемæ даргæйæ, ногæй 239
сдзырдта нозтджын Ахуыпби. — Æз ардæм нуазынмæ не’рбацыдтæн! — фæтызмæгдæр Габе. — Цæуыл мæсты кæныс, хорз лæг, цы хабар у? — Абон хуыцауæхсæв у æмæ уый охыл æрбахастон æртæ чъирийы, — сдзырдта сылгоймаг. — Уадз æмæ, зæгъын, нæ лæг Хуыцаумæ бакува. Кæд ын йæ низтæ фæкъаддæр кæнид. — Æмæ дæ лæджы низтæ нозтæй къаддæр кæныс? Дохтыр ын рафыста уыцы "хос"? — Ныууадз-ма, Габе, — тыхстхуызæй сдзырдта Тотыр. — Абон дын хъуамæ капельницæ скодтаиккой... — Скодтой мын. — Æмæ уæдæ ныр цы ми кæныс? Нозтимæ дын цы феххуыс уыдзысты, абонсарæй дæм цы хостæ бауагътой, уыдон?! —ч Цæй-ма! — фæтъæлланг ласта Ахуыпби. — Чи нæ нуазы, уыдон дæр амæлынц! Арахъхъæй ды цас тæрсыс, хорз лæг, уыйас тæссаг куы уаид, уæд æй æппæт адæм нæ нуазиккой! Раст уыцы афон, дуар æрбахойгæйæ, мидæмæ æрбахызт æддзагхызын, Тотыр скъолайы ахуыргæнæгæй кæимæ куыста, уыцы тыппыртæ ус Дунетхан. — Уе ’зæр хорз æмæ æнæнизтæ кæнут, — загъта ус. Тотыр сыстад æмæ усмæ дзуры: — Бузныг, Дунетхан,- цæмæн бафыдæбон кодтай? — Омæ уæдæ куыд? Тотыр фынгæй иуварс ацыд æмæ усæн сынтæгмæ ацамыдта, сбад, зæгъгæ. — Нæ, бадгæ нæ кæнын, — загъта Дунетхан æмæ, Тотыры сынтæджы раз цы гыццыл скапп лæууыд, уымæ йæ хызын æвдæлон кæнынмæ фæци. Куыддæр дЗЫ уырыссаг арахъхъы авг систа, афтæ та Габейы маст сфæйлыдта æмæ хиуылхæцгæ хъ^елæсæй сдзырдта: . — Ды дæр та, Дунетхан, арахъхъ куы’рбахастай. — Омæ уæдæ нæлгоймагмæ æнæ ахæм нозтæй куыд æрбацыдаин? — Арæби, кæнæ æз ницыуал æмбарын, кæнæ дуне бынтон сæрра. Рынчындонмæ карз нозт хæсс! Кæд уыди ахæм хъæддаг ми, кæд?! Ардæм рынчынтæ сæхи дзæбæх кæнынмæ цæуынц, сымах та сын марг хæссут, уый æмбарут? Ахуыргæнджытæ куы стут, гормæттæ, зондамонджытæ! — Омæ йæ Тотыр йæхæдæг куы нæ баназа, уæддзер дзы йæ дохтыры зæрдæ алхæнæд, — загъта Дунетхан. — Æмæ дохтыртæй расыггæнджытæ куы рауайын кæнæм, 240
уæд ма нæ дзæбæх та чи кæндзæн? — Уæддæр сæм, мæ хур акæнай, исты куы нæ баппарай, уæд зæрдиагæй нал фæузæлынц, — загъта Ахуыпбийы ус. — Цард ныртæккæ ахæм у, æмæ йæ мах нал аивдзыстæм. — сдзырдта, йæ къухы агуывзæ даргæйæ, Ахуыпби. — О стыр Хуыцау, фисынмæ зондыл хæст чи у, уыдоны раст фæндагмæ ракæн! — Аммен! — загъта Габе дæр æлхыскъ ныхасæй, Ахуыпби йæ нуазæн зыдгæнæгау куы ахуыпп кодта, уæд. — Стыр Хуыцау дæ куывд куы баххæст кæнид, уæд æз мæнæ ацы фыдуынд митæ никуыуал фенин рынчындоны. — Габе!.. — Æгъгъæд! — фæтызмæг Габе йе ’фсымæрмæ. — Æз тæккæ райсом баныхас кæндзынæн дæ дохтыримæ, цæмæй дæ аива... — Æндæр палатæмæ, — Габейы дзырд аскъæфгæйæ, фыддæрадæн бахудт Ахуыпби. — Акæн æй ныртæккæ дæр. Кæд, хорз лæг, афтæ æнхъæлыс, иннæ палатæты къаддæр нозт ис, зæгъгæ, уæд тынг рæдийыс. — Рацу уæдæ нæхимæ, — сдзырдта йе’фсымæрмæ Габе. — Кæд сразы уаид дæ дохтыр, цæмæй дæ нæхимæ дзæбæх кæной. Бафиддзынæн сын. » — Бахатыр кæн, Габе, фæлæ Тотыр сывæллон нал у, цы уавæры йæ æвæрыс? — загъта Дунетхан. — Худинаг æй кæны! — сдзырдта та Ахуыпби. — Æз æй худинаг кæнын æви сымах? Стæй худинаг куыд æмбарут? — Мауал дзур, Габе, æз никуыдæм цæуын! — фæмæсты Тотыр. — Гъемæ уæдæ лæуу! — загъта Габе æмæ ацыд. — Хъыг дын ма уæд мæ ныхас, Тотыр, фæлæ де’фсымæр цы’нахуыр у! — сдзырдта Дунетхан хионау. — Раст цыма ацы зæххы къорийыл нæ цæры! — йæ комдзаг аныхъуыргæйæ загъта Ахуыпби, стæй арахъхъы агуывзæ бадардта Тотырмæ. — Æппындæр-ма тыхсгæ ма кæн, мæ лы — мæн. Арахъхъ лæгтæ нуазынц, хъуццытæ йæм смудгæ дæр нæ кæнынц. Райс, ахуыпп та йæ кæн æмæ дæхиуыл схæцай. Де’фсымæрæн та тæрсын — зондхъуаг æй мачи схона?.. Иннæ бон Габе бацыд, Тотыры чи дзæбæх кодта, уыцы дохтырмæ дзæбæхгæнджыты уатмæ. Рынчындоны сæйраг дохтыр дæр разынд уым. Габе сæ бафарста, палатæты карз нозт кæй сарæх, уымæ цы цæстæй кæсут, стæй уыцы æнæуаг 241
хъуыддагæн ныхдур æвæрд цæуылнæ исг зæгъгæ. — Æмæ рынчынтæ сæ уавæр сæхæдæг цæуылнæ æмбарынц? Нозтимæ хостæ кæй ницы æххуыс кæнынц, уый нæ зонынц æви? — загъта сæйраг дохтыр. — Чи сæм дара ам йæ цæст æхсæв æмæ бон? Милиционертæ нæм нæй. Иннæмæй та... ныртæккæ рæстæг цавæр у, уый дæхæдæг уыныс... Демократи... Цæлхдуртæ æвæрын нæ бон нæу. Алчи йæ цардæн йæхæдæг у хицау. Мæлæтæй чи нæ тæрсы, уый нуазæд, цас æй хъæуы, уый бæрц. — О, фæлæ рынчынты æхсæн æмбарынгæнæн куыст кæнын не’мбæлы? — Бамбарын сын кæнæм, нозты фæстиуджытæ цас тæссаг сты, уый. Фæлæ уæддæр сæ кæнон нæ уадзынц. — Æмæ сæ кæнон чи нæ уадзы, уыцы рынчынты рынчындонæй фæсурæн нæй? — Ис, фæлæ нæхи сафæм? Срæмудздзысты нæ. Чидæртæ нæм бартхъирæн кодтой кæддæр. — Рынчындоны тыргъы та дукани байгом кæнын куыд бауагътат? Карз нозт дзы куы уæй кæнынц. — Алы рынчындоны дæр ныр ис ахæм дуканитæ. Уæле сын бар лæвæрд у, æмæ сæ атæрын нæ бон нæу. — Ай-гъай! Срæмудздзысты уæ, — æлхыскъ ныхасæй сдзырдта Габе æмæ ацыд. "Цы’нахуыр лæг у! Рæстæджы улæфт чи не’мбары, ахæм", — ахъуыды кодта сæйраг дохтыр, Габейы фæдыл кæсгæйæ. Габейы зæрдæйы та алыхуызон хъæхъхъаг хъуыдытæ судзинтæ тьыстой: "Цæмæ’рхаудтам! Фыдгæнджытæ, стæй æппæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уыдон царды рохтæ бынтондæр сæ къухтæм куы райстой. Цы хуызæн систы адæм!.. Сыгъдæгзæрдæ адæймаджы бон куы ницыуал у. Æххуысмæ кæмæ фæдзура, уый дæр куынæуал ис. Ногæй та сау рæстæг куыд ралæууыд, æвæдза!" Габе йе’фсымæр Тотыры акодта сæхимæ, медицинон хотæ йæм уырдæм цыдысты æмæ æххæст кодтой дохтыры амындтытæ. кæй зæгъын æй хъæуы, лæвар нæ. 11. Цасдæр рæстæджы фæстæ Дунетханы фыд фæрынчын игæры низæй, æмæ йæ сæвæрдтой, Тотыр кæм хуыссыд, уыцы ркнчындоны, æрмæст æндæр палатæйы. Сæвæрдтой йæ зынтæй: дыууæ боны фæракæ-бакæ кодтой, бынат нæм нæй, зæгъгæ. Фæлæ хъуыддаг кæмæй кæнгæ уыд, уымæ Дунетхан 242
æхцайæ хорз куы фæкаст, уæд уайтагъд фæзынд бынат. Палатæйы дохтыр уыд зæронд лæг — тынг фæлтæрдджын. Æмæ йæ ног рынчыны низ, стæй низы аххосаг æнцонæй раиртæста. — Ахуырст ныхæстæй дæ нæ сайын, — загъта уый Дунетханæн, — уæззау æмæ тæссаг у рынчыны низ. Фыднозт æй æртардта уыцы уавæрмæ. — Фыднозт?!. Æмæ куыдæй фервæза? — Тынг æм базилын хъæуы тыхджын хостæй. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр та уый у, цæмæй нозтмæ смудгæ дæр мауал кæна. Науæд йæ низ циррозмæ ахиздзæн — бирæ йæ нал хъæуы уымæ — æмæ йын уæд нæ бон баххуыс кæнын нал бауыдзæн. Сылгоймаг ма сагъæсхуызæй сдзырдта: — Уæдæ, зæгъыс... йæ низ нозтæй у? — О, фыднозтгæнджытæн сæ кæрон иу у: цирроз. Цæгьды нæ уыцы нозт, цæгъды, æмæ йæ нæ уынæм. Бакуырм стæм! Рынчынæн йæ чызг æмæ йæ дохтыр бирæ фæныхæстæ кодтой, карз нозт ын стыр фыдбылыз кæй у, уый тыххæй. Цыдис рæстæг. Рынчынмæ йæ хæстæджытæ, йæ зонгæтæ, стæй Дунетханы зонгæтæ цæуын райдыдтой рынчынфæрсæг. Хæринæгтимæ йын хастой алыхуызон карз нозт дæр. Дунет — ханыл катай бахæцыд. Йæхæдæг йæ тыхст рынчын фыдæй карз нозт æмбæхсгæ кодта, адæм та йын уыцы марг хастой æмæ хастой. Фыд-иу дзы йæхимæ хорз фæкаст, æмæ-иу æй расыгæй баййæфта Дунетхан. Кæй зæгъын æй хъæуы, рынчыны уавæр бонæй бонмæ фыддзерæй фыддæр кодта. "Мæнæ куыд сæррастæм, мæнæ! — фырмæстæй йæхицæн дзырдта Дунетхан. — Рынчындонмæ рынчынæн карз нозт хæсс! Цæмæн æй марынц, цы сын кодта мæ фыд?!" Йæ цæссыгтæ фыдæй æмбæхсгæйæ, сылгоймаг рацыд тыргъмæ. Уым та дуканийы тæрхæгыл карз нозты æвгтæм куы фæкомкоммæ ис, уæд уæйгæнæгыл йæ пырх акалдта: — Гъе, уæртæ уæйгæнæг, уыцы карз нозты æвггæ ам кæмæн ауæй кæнынмæ хъавыс?! Рынчынтæн?! Æмæ нуазынмæ æрæмбырд сты ардæм?! Де’вгтæ дын дæ ницæйаг сæрыл асæт — дзынæн, ныртæккæ сæ ахъуытгы кæн ардыгæй! Уæйгæнæг — тæнтьихæг, æрыгон ныллæг сылгоймаг, йæ бинаг æфсæр зылын кæмæн уыд, ахæм, къæзæнæг — фæтарст Дунетханæй: — Ой, что это за пс.психичка?! Кæцæй мæм ворвалась?! — Дæхæдæг психичка?! Де’фсæрæй дæ зонд зылындæр у! — скарз ис Дунетхан. 17 ХÆМЫЦАТЫ ЦÆРАЙ 243
— Цы мыл кр... кр... кричдть кæныс?! Мæн ц-цæрын нæ хъæуы? Ныртæккæ алчи йæхи мæт к-к-кæны. Рынчынтæ дæр сæ... сæ... сæхæдæг сæ... сæхи мæт кæнæнт! Мне какое дело?! — Се сæфтæй хъæздыг кæныс дæхи?! — Бар мын радтой уæлейы! Б-б-бар! — Цавæр уæлейы?! Кæм ма ис "уæле"?! Дæуæн уыцы бар чи радта, уый уæлейы бадыны аккаг у? Уый хъуамæ адæмы къæхты бын зулчъытимæ бырид цъыфы! Æхцатæ йедтæмæ кæй ницыуал хъæуы, уыцы хæдмæлхортæ. Адæймаджы цард мард бындзæй зынаргъдæр кæмæ нал кæсы! Рынчындæттæй нуазæндæттæ скодтой! Рынчынæн дзы иу хосы мур нæй, карз нозт та дзы Терчы донæй фæфылдæр! Адæмы царм та дзы стигъынц гæртамхортæ! Ныццæгъдæг уæ нæй! — Кар... кар... караул, спасите! Уг... уг... угроза теракта! Сылгоймæгты хъæрмæ палатæтæй рацыдысты рынчынтæ æмæ Дунетханы тыхæй æрсабыр кодтой, кæд йæ фарс уыдысты, уæддæр. Дунетхан хъуамæ рынчындоны йæ фыдимæ уыдаид æхсæв дæр æмæ бон дæр, цæмæй йæ нозтæй хызтаид, фæлæ йын уый гæнæн нæ уыдг уымæн æмæ хъæуы йæ хæдзары уыдис дыууæ сывæллоны: иу йæ ноггуырд, иннæ та рынчын. Рацыд цалдæр мæйы. Горæты уынджы æрцæйцыд Габе æмæ хæрхæмбæлд фæци саударæг сылгоймагыл, уый уыд Дунетхан. Габе йæм æрлæууыд æмæ йæ бафарста: — Исты бæллæх уыл?... — Мæ фыд... — мæллæг хъæлæсæй сдзырдта сылгоймаг æмæ йæ фæндагыл ацыд чысыл фалдæр, стæй æрлæууыд æмæ ма фæстæмæ ракаст: — Бахатыр кæн, Габе. — Цæй тыххæй курыс хатыр? Ус ницыуал сдзырдта, æрмæстдæр арф ныуулæфыд æмæ ацыд. "Æнахуыр" Габе ма цасдæр фæкаст йæ фæдыл. Раст уыцы бон рынчындоны амард Ахуыпби, игæры низæй уый дæр. Йæ сынтæджы та æрхуыссыд æндæр ахæм рынчын... 1997 аз. 244
ÆНÆГЪДАУ ГАБЕ 1. Габе кæдаæр мединституты æртæ курсы сахуыр кодта, фæлæ йын йæ хæдзары уавæртæм гæсгæ йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæныны фадат нал фæцис, æмæ йæ ныууагъта. Уæдæй нырмæ бирæ азты дæргъы фæкуыста заводы. Цалдæр азы размæ уыцы завод иннæтау ныппырх, æмæ Габе кæд зæронд нæма уыдг йе’взонджы тых ма кæд йæ уæнгты хъазыд, уæддæр цы куыстаид, уый нал уыд, æмæ, ай-гъай,, йæ царды уагмæ, стæй йæ алыварс цытæ уыдта, уыдæттæм мæсты кодта. Фæлæ уæддæр йæ къабæзтæ æмæ йæ зонгæтæй кæй зианы, кæнæ цины нæ балæууыд æмæ йе’гъдау кæм нæ бакодта, иу ахæм ран дæр нæ уыд. Гъе’рмæст æй горæты цæрджытæй цы бирæ адæм зыдтой, уыдонæй йæ кæд иутæ æгъдауджын æмæ цæсгомджын хуыдтой, уæдаæр æй иннæтæ та хуыдтой æнæгъдау æмæ къæйных. Кæуыл дзы хъуамæ баууæндыдаид адæймаг? Æцæг афæдзы размæ уыдис мæнæ ахæм хабар. Цæвиттон, Габейы сыхæгты зæронд ус фæзиан. Усæн йæ хистæр фырт йемæ нæ цард, фæлæ уыд æхсæнады зындгонд кусæг, æмæ уымæ гæсгæ зианмæ æрæмбырд тынг бирæ адæм. Хисты фынгты рæгъ кæрты æмæ уынджы адаргъ. Уырдыгыстджытæ цайдантимæ слæууыдысты фынгты уæлхъус, арахъхъ-иу рауагътой гыццыл агуывзæтæм æмæ-иу сæ радыгай лæвæрдтой нæлгоймæгтæм. Нæлгоймæгты’хсæн бадти Габе дæр æмæ куы -Ъиппайдта, æппæтæн дæр уыцы иу агуывзæтæй радыгай Кц^ нуазын кодтой, уый, уæд йæ буар барызт æмæ, йæ фарсмæ æд кæсæнцæстытæ чи бадт, уыцы лæджы хъусы бадзырдта, цæмæй ма банызтаид уыцы агуывзæтæй. Стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Мæнæ ахæм рæтты сарæх сты не’хсæн рæуджыты низ æмæ иннæ ахæм хæцгæ низтæ, æмæ йæ иу бамбарæг нæй. Уалынмæ уырдыгыстæг дзаг агуывзæ бадардта Габемæ. — Æз нæ нуазын, — тызмæгæй сдзырдта Габе. — Уый та куыд у? — бауайдзæф кодта Габейæн, йæ комкоммæ фынджы иннæ фарс чи бадт, йæ уыцы сыхаг Мычъыртт. — Мæ удыл мæ бар нæ цæуы? — О, фæлæ зианы фынджы æгьдау йæхион домы. Рухсаг зæгъын дзы нæ хъæуы? 245
— Фынджы æгьдау бирæ цыдæртæ домы, Мычъыртг, фæлæ сæ чи æххæст кæны? Габейы фарсмæ æд кæсæнцæстытæ цы лæг бадт, уый дæр нæ райста йæ къухмæ агуывзæ. Чысыл фалдæр иннæ фынджы уæлхъус уырдыг лæууыд Габейы æфсымæры хæрз æрыгон лæппу. Нæлгоймæгтæ куы барасыг стыг уæд-иу сдзырдтой лæппумæ, ахуыпп кæн дæхæдæг дæрг зæгъгæ. Уый нæ куымдта, фæлæ цалынмæ йæхæдæг нæ анызтаид, уæдмæ йын йæ къухæй агуывзæ куы нæ истой, уæд- иу, мæгуыр йæ бон, бар-æнæбары баххæст кодта сæ фæндон. Уыцы хъуыдддг бафиппайдта Габе. Æмæ та чидæр лæппумæ ногæй куы бахатыдта, аназ дæхæдæг, зæгъгæ, уæд нæрæмон Габе йæхи нал баурæдта, рæвдз фестад æмæ бацыд лæппумæ, йæ къухæй йын райста цайдан, фынгыл авæрдта мигæнæн, лæппумæ та дзуры: — Ацу ардыгæй, цалынмæ дæ расыггæнаг нæ рауайын кодтой, уæдмæ! — Уый та цавæр ми у, шюшай?! — сдзырдта Габемæ, йе’взаг фыррасыгæй йæ коммæ кæмæн нал каст, уыцы Бычъыртт, Мычъыртты хистæр æфсымæр. — Уыцы фарста уæм, Бычъыртт, хъуамæ æз раттаин. Хистæртæ куы стуг, уæд æрыгон лæппуйæн цæмæн нуазын кæнут радыгай?! — загъта Габе æмæ лæппумæ азылдта йæхи: — Макуыуал райс дæ къухмæ цайдан. Æвæццæгæн, бирæ хистæртæ ахæм кады аккаг не сты. Габе акодта йе’фсымæры лæппуйы. Лæппу æнцон улæфт скодта, иучысыл барасыг æмæ йæхимæ цыдæрхуызæттæ каст. Габе йæхæдæг дæр фынгмæ нал раздæхт. Фæлæ фынгты уæл — хъус йæ кой сарæх. — Шюшай, ахæм æмбисонд искуы федтат? Ай цавæр лæг у?! — загьта Бычъыртг. — Ауыстæн, æдзæсгом лæг! — фæхъæр кодта Мычъыртг. — Нæ уырдыгыстæджы нын акæн æмæ фынг афтæмæй ныууадзын кæн! Уагæры цæмæй фæтарстлæппуйæн? Иучысыл ахуыпп кодта, æмæ уым уа-диссагæй цы ис? Уадз æмæ чы — сылгай фæлтæра саби. Раджы уа-æрæджы уа, уæдд,æр æй нозтмæ нæ хъæуы æви? — Ноджы лæппуйы зонд куыд æмтъеры кæны! Гъер уыцы лæппу нæ рухс æгъдæуттæм цы цæстæй ракæсдзæн уый фæстæ? Ауыстæн, ай ныббаринаг хъуыдддг нæу! — Да ну яво! Рауадз-ма, шюшай, агуывзæтæм, ды кæстæр дæ, — кæмæдæр сдзырдта Бычъыртт. 246
— Чи зоны, æгъгъæд у нуазынæн, — загъта кæсæнцæстджын лæг. — Куывды фынджы уæлхъус куы нæ бадæм, мыййаг. Нæ хистæр цы ныддаргь Кодта нæ бадт? Кæрон цæуылнæ скæны? Чи амард, уыцы зæронд усæн йæ бинонтæ дыууисæдз боны куы бæрæг кодтой, уæд сæ чындз йæ зæрдæйæ ахæм рынчын уыдг æмæ йæ къæхтыл тыхæй цыд. Сыхæгты дыууæ усы та йæ къуымы бакодтой: фынггæм ма йын, цы дзы уыди, уыдæтгы уæлæмхасæнæн агурын кодтой цавæрдæр зыныссарæн æмæ уæлдай адджындæр хæринггæ. Уыцы афон кæртмæ æрбацыд Габе. — О, о, Битарон, мæ къона, уыцы хæринæггæ фынгыл куы нæ уой, уæд мардæн уымæй зындæр ницы уыдзæн, мæ мæрдтыстæн, — загьта сыхаг къуылых ус. — Бахатыр кæн, Сона, — нал æм баурæдта йæхи Габе, — фæлæ цæмæй базыдтай, мардæн цы у зын æмæ цы у æхсызгон? Искуы дзы уыдтæ дæлейы, мæрдты бæстæйы? Науæд дзы тел искæмæй райстай, мыййаг? — Цытæ дзурыс, гормон, афтæмæй йæ нæ зонæм, цы? .— Рынчын Битароны цы баййардтат, тыхæй куы змæлы уæртæ. Æви чындзæхсæвы фынгтæ цæттæ кæнут? Дыууиссæдз боны нæ фыдæлтæ дæр нæ бæрæг кодтой æмæ Битарониты дæр ницæмæн хъуыди йæ кой, фæлæ йæ иугæр бæрæг кæнынц, уæд цы самал кодтой, уый фаг цæуылнæ у? Цы ма уæ хъæуы? — Æллæх, Габе, ды æппындæр æгъдæуттæ куыд нæ уарзыс! — Æнæсæрфат митæ æгъдæуттыл нымайыс, Сона? Уæдæ- м егь, ам цы’гъдауы фæдыл фыдæбон кæнут, уый дыууиссæдз боны цæмæн хуыйны? Цæуылнæ хуыйны дæс æмæ ссæдз боны, кæннод æртиссæдз боны? — Уымæн та мах цы зонæм, Габе? Стæй йæ чи зоны? Ахæм у йæ фæтк... — Афтæмæй та куыд зæрдиагæй архайут! Куырмæй! Ацы мард усæн йæ афæдзы бон куы бæрæг кодтой, уæд та уыцы дыууæ сыхаг усы иннæтимæ разил-базил кæнынц, сæ удтæй арт цæгьдынц фынгтæ схорз кæныныл. Уæд дын сæм Габе куы бадзурид: — Сона, гье Сона, цæуыл мæт кæнын, уый зоныс? Гъер, ’зæгъын, Рæзиатæн, рухсаг уæд, афæдзы дæргъы хистытæ фæкодтой йæ бинонтæ. Афæдзы дæргъы фæминас кодта дæлейы, Барастыры бæстæйы. — Уæдæ, уæдæ, Габе! Бæгуыдæр фæминас кодта, мæ мæрдтыстæн, хæрзмæ ныл аудæд. 247
— Ог фæлæ абон та йæ фæстаг хист у. Æмæ йæ, зæгъын, амæй фæстæмæ минас кæнын налхъæудзæн? Цы ма хæрдзæн? Дыууæ усы аджих сты æмæ сагъæсты аныгъуылдысты. — Мæ мæрдтыстæн, æз ууыл-никуы ахъуыды кодтон, Габе. Афæдзы фæстæ хистытæ нал фæкæнынц æмæ... — Æмæ уый раст у? Ауг кæд Рæзиат ныронг минас кодта дæлейы, уæд æххормагæй баззайа амæй фæстæмæ та? Тæригьæд нæу? Дыууæ усы цы загътаиккой, уый нал зыдтой, æрмæст-иу сæ уæхсчытæ базмæлын кодтой, нæ зонæм, зæгъгæ. — Нæ фæлæ цы худæг стæм! — бахудти Габе æмæ ацыд. Устытæ йæ фæдыл кæсгæйæ баззадысты. 11. Иу хатт та Габейы хæстæджытæм куывд уыдг сæ лæппу æфсадæй кæй æрыздæхт, уый фæдыл. Ам та Габе сæмбæлд дыууæ æфсымæрыл — Бычъыртт æмæ Мычъырттыл. Æфсымæртæ, фынджы уæлхъус та карз нозтæй сæхи хорз фенгæйæ, фестадысты иннæтау æмæ иуварс ацыдысты фынгæй. — Шюшай, гъер не ’гъдау бакæнæм, — сдзырдта Бычъыртт йе’фсымæрмæ æмæ бараст, кæрты иннæрдыгæй бæласы бын æд тетрад æмæ ручкæ цы тыппыртæ сылгоймаг лæууыд, уымæ. — Фæлæуу-ма, Бычъыртт, ай куывд куы у, æхца æвæрын дзы цæмæн хъæуы? — баурæдта йæ Габе. — Цытæ дзурыс, шюшай?! Ды фынджы уæлхъус бадгæ дæр не скодтай, мах та дзы хорз фæминас кодтам... — Æмæ рестораны фæминас кодтат? Ирон куывды къæбæр уæййаг кæд уыди? — Шюшай!.. Иннæтæ дæр дзы æвæрынц уæртæ, нæ сæ уыныс! Мæ хæдзары дæр куывд уыд, æмæ нæм дзы чысыл æхца не’рæмбырд, — загъта Бычъыртт, стæй йæ сырх цæсгом иннæрдæм азылдта æмæ, йæ къух йæ дзыппы нытътъысгæйæ, бацыд æхцамбырдгæнæг сылгоймагмæ. — Ауыстæн, Габе, — схæкъуырццæг кодта Мычъыртт цудгæйæ, — дæ хуызæн ирон лæг нæма федтон никуы. Нæ рухс æгъдæуттыл афтæ чъыртт кæн! — Нæ рухс æгъдæуттæ сæ бынаты куы уаиккой, Мычъыртг, уæд не’хсæн сымах хуызæттæ уаид? — Уымæй та цы зæгъынмæ хъавыс, Габе-хан? — Æнæгъдау нозт чи кæны, цымæ уыдон рухс æгъдæутты 248
кой кæнын куыд уæндынц?! Уыдон сæ куы сафынц. — Æз æгъдаусафæг?! Æззжж?!.. — фæмæсты уæвгæйæ, Мычъыртт йæ риу ныццавта æмæ та фæцудыдта. — Ауыстæн!.. __ Хауыс, бæласыл хæц! — фелхыскъ æй кодта Габе. — О, дзæбæх та дзы мæхимæ фæкастæн æмæ цы?! — фыддзерадæн загъта Мычъыртт. — Стæй мæ фарсмæ фынджы уæлхъус цы лæппу бадт, уымæн дæр хорз баназын кодтон. Райдианы нæ куымдта, фæлæ хистæрты ныхасæн аргъ кæнын чи зоны, ахæм разынд, æмæ ма йæ фен уæртæ, йæ къæхтыл нал лæууы — барæгъæд, фæззыгон алтъамийау. Уæдæ дæуау исчи у, моладзан?! — Искæмæн тыхæй чи нуазын кæны, уый у хъæддаг æмæ тæссаг! — Ау, мæн хъæддаг лæг схонæн ис? — Æз загъон "хъæддаг", дæджы кой не скодтон. — Аа-а, лæгыл дæр мæ нæ нымайыс, Габе-хан?! Уæдæ мæ цы схонис? — Адæмы’хсæн дын ном нæ арын, фосы’хсæн та дæ ном бæрæг у, — загъта Габе æмæ фæцæуы. — Нуазгæ дæр лæгтæ кæнынц, хуытæ арахъмæ смудгæ дæр нæ кæнынц! Габе æрлæууыд æмæ фæстæмæ ракаст: — Æмæ уæдæ суанг хуытæ дæр кæмæ не смудынц, уый ды та куыд нуазыс зыдæй?! Дæ зæрдыл æй бадар: адæймаджы сæры цы цъымара сæвзæры, уый хуыты цъымарайæ фыддæр тæф кæны! Габе бацыд æхцамбырдгæнæг сылгоймагмæ æмæ йын хъавыд зæгъынмæ, ацу мидæмæ дæ дзæкъулимæ, зæгъгæ, фæлæ цæмæндæр йæхиуыл фæхæцыд. Уалынмæ кæсы, æмæ иу мæ — гуырхуыз мæллæг зæронд ус — йæ уæлæ тынг дæрдджын хуымæтæг къаба, йæ къæхтыл, тагъд чи ныппырх уыдзæн, ахæм дзабыртæ, йæ сæрыл та æрдæгихсыд кæлмæрзæн — бацыд тыппыртæ сылгоймагмæ æмæ йæм зырзыргæнаг къухæй бадардта æхца. Сылгоймаг райста æхца, дзæкъулы йæ нывæрдта, стæй усы мыггаг æмæ ном афыста тетрады. Ус ныуулæфыд йæ къæхты бынæй æмæ ацыд Ацы нывы фендæй та Габейы сагъæсты уылæнтæ ноджы тынгдæр сфæйлыдтой: "Дæ куывды фынгмæ адæмы æрхон æмæ сæ размæ æхцамбырдгæнæджы рарвит тетрад æмæ руч — кæимæ! Цы ма уа уымæй фыдуынддæр ми?! Худинаг!.." Габе мæстыйæ æрбацыд сæхимæ æмæ раст уыцы изæр ныффыста мæнæ ацы æмдзæвгæ: 249
Алы æфсонæй æрсайæм нæ фынггæм, Уазæгуарзонхуыз ыскæнæм нæхи. Гъе стæй уæд райдайæм стигъын уæзданæй, Стигъæг та ничи нæ хоны йæхи. Сахъгуырд куы сыздæха’фсадæй, гье уæддæр, Уазæг, йæ куывды фæлæуу ды хъæбæр: Фынгæй цы бахордтай, уый аргь дзы рæвдздæр Бафид дывæрæй, лæвар нæй къæбæр! Чи кæны куывды къæбæрæй сæудæджер, Чи кæны бирæ æхцатыл уæд тох, Ма цæут ахæмæн’ввахс дæр йæ фынгмæ, Йе’фсарм, йæ цæсгом фæкæны уый рох! Цалдæр боны фæстæ та ацы æмдзæвгæ мыхуыры рацыд газеты. Мæнæ та уынджы æрцыдысты хæрз расыгæй хистхор æфсымæртæ Бычъыртт æмæ Мычъыртт, цыдысты та кæйдæр зианы хистæй. Бычъыртты къухы газет, цудтытæгæнгæйæ йæ тилы æмæ фыддæрадæн худы: — Гъе дæ бындур ныззила, Габе, де’мдзæвгæимæ! Æниу æй хъуыды дæр чи кæны?! — загьта Бычъыртт æмæ ныззарыд: — Гъе, гьей, цæуылнæ дзы бакувæм стыр Хуыцаумæ!.. — Отставить, брат! — тызмæгæй сдзырдта Мычъыртт. — Зарын не’мбæлы! — Цæуылнæ æмбæлы, шюшай? — Куывдæй нæ цæуæм, мыййаг. — Æмæ уæдæ кæм уыдыстæм, шюшай? — Хисты. — Чи амард? — Ау, ферох дæ, Дæхцыхъо кæй фæзиан? — Дæхцыхъо, зæгъыс? Омæ цы кæны! Зиантæ дæр хъæуынц, хъæуынц. Лæг ма уым фæминас кæны. Цины фынгтæ афтæ арæх нал сты, зианы фынгтæ та Хуыцауы фæрцы алы бон дæр ис. — Хъæрæй йæ ма дзур, исчи дæ фехъусдзæн. — Шюшай!.. — Отставить, брат! Дыууæ æфсымæры сæ бирæуæладзыгон хæдзары кæртмæ куы бацыдысты, уæд кæсынц, æмæ Габе бæласы бын зæронд ахуыргæнæг Темболимæ бады бандоныл. Бычъыртт Габемæ уайдзæфгæнгæ газет тилы, цы дзы ныммыхуыр кодтай, æдзух нæ рухс æпэдæуттыл дæ къух куыд сисыс, зæгьгæ. 250
— Цымæ, Бычъыртт, цавæр сты, ды рухс кæй хоныс, уыцы æгъдæуттæ? — бафарста зæронд ахуыргæнæг. — Ау, нæ сæ уыныс, Тембол? — Æз кæй хонын рухс, уыцы æгъдæуттæ нал уынын, Бычъыртт, уымæн æмæ æхцатæ æмæ нозты бын фесты. Кæрæдзийæ нын æхцатæ ратонынæн фадат чи дæтты, æрмæстдæр уыцы фыдуынд æгъдæуттæ карздæр кæнынц, сæ аргъ бонæй бонмæ уæлæмæ хизы бонджынты руаджы, ыскæрæф сты, æмæ нæ цард ысуæззау кодтой. Нæ дзыпп фæуæлахиз нæ зондыл! — Уый мæн тыххæй зæгьыс, шюшай? Мæ дыууæ фырты дæр къæммерсанттæ сты æмæ цы? Мæ бон у æгьдау кæнын дæр æмæ минас кæнын дæр. — Æмæ йæ дзыпп æгъдау кæнын кæмæн нæ амоны, уый цы фæуа? — Гъе уыимæ та мæн цы хъуыддаг ис, шюшай? — Стæй æгъдау дзыппæй кæнгæ цæмæн сси? — Æмæ уæдæ æнæ дзыппæй де’гъдау кæй хъæуы, Тембол? — загьта Мычъыртт. — Ауыстæн... — Нæ фæлæ фыдрæстæгæй фыдæгъдæуттæ гуыры. Фыдæгъдæуттæй та — фыдлæгтæ! — Да ну тыбиа! — йæ къух ауыгъта Темболыл Бычъыртт æмæ та фæцудыдта. — Æз уарзын не’гьдæуттæ, шюшай. — Æгъдæуттæуарзаг Бычъыртт, — æлхыскъ ныхасæй сдзырдта Габе, — ай цы хуызæтгæй æрцыдтæ уынджы? Дæ хæлафы къæртт уæддæр сæхгæдтаис. Бычъыртт йæ хæлафмæ æркаст. — Ай та циу, шюшай?! Габе сындæггай араст уынджы дæлæмæ æнкъард хъуыдытимæ: "Нæ, йæ адæмы æгъдæуттæм цыфæндыйы цæстæй чи кæсы, уый йæ адæмы хъысмæтыл нæ мæт кæны. Куыд тынг нæ хъæуынц абон фидар рухс æгъдæутгæ! Нæ зон — дахаст æмæ не’фсарм тыхджын чи кæны, уыцы æгъдæуттæ!.. Цы диссаг уыдысты хистæрты намыс æмæ кæстæрты уæздандзинад! Ныр куынæгæй куынæгдæр кæнынц. Уый хьнъд куыд сарæх сты расыггæнджытæ, давджытæ æмæ марджытæ! Цы уыдзæн нæ сомбон?!.." — Æнæгьдау Габе! — йæ фæдыл ахъæр кодта Бычъыртг. 1997 аз. 251
БÆДИНÆЙЫ КУРДЖЫТÆ I Бæдинæ ахуыр кодта университеты фæстаг курсы. Рæсугъд, хæрзæгъдау чызгыл лæппутæ сæ цæст раджы æрæвæрдтой, гъе’рмæст сæм уый йе’ргом не здæхта. Нæма йæ æвдæлд уыдонмæ. Фæлæ ныр, цалдæр мæйы ма йæ куы хъуыд ахуыргæнæджы диплом райсынмæ, уæд йæ дарддæры цардЫЛ арæхдæр хъуыды кодта. Уæлдайдæр та йæ сæ сыхæгты ус куы базонгæ кодта усгур Астемыримæ... Чызг æмæ лæппу æмбæлын райдыдтой. Лæппу уыд тынг хъæздыг, коммерцийы кусæг, хæрз æрæджы сарæзта дыууæуæладзыгон галуан аив сырх агуы — ридурæй, уыдис æм рог машинæ "Мерседес" дæр. Бæдинæмæ йæ хæлар чызджытæ хæлæгæй мардысты, ахæм лæппу кæй куры, зæгъгæ. Астемыр æдзух уыд хъуыддагхуыз, мадзура, æмæ-иу фембæлды рæстæджы фылдæр дзырдта чызг, лæппу та-иу бахудт æмæ-иу, "гм", зæгъгæ, бакодта. — Æвæдза, æппæт куыстытæй ахуыргæнæджы куыстæй ахсджиагдæр нæй, — дзырдта иу хатт, лæппуимæ ныхас кæнгæйæ, чызг. — Ахуыргæнæг фидæны хъысмæты куырд у. — Гм! — Раст нæ зæгъын? — Раст зæгъыс, фæлæ ахуыргæнæг лæвар кусы. — Куыд лæвар? — Æмæ уæдæ йæ мызд циу? Гм! Капеччытæ ахудынæн. — Капеччытæ?.. — Æниу æнæ кусгæйæ дæ бон цæрын куы уа, уæд ма дæ уыцы куысты сæр цæмæн хъæудзæн? — ныхас исгæйæ, загъта лæппу. — Æнæ кусгæйæ? — бахудт чызг. — Хъазгæ кæныс, Астемыр, æви? — Уæвгæ дæ чи бахъыгдардзæн? Кус, цас дæ фæнда... Чызг бамбæрста, лæппу йын цы зæгьынмæ хъавыд, уый: ома, мемæ цæргæйæ дæ кусын никуы бахъæудзæн. Æмæ, исдуг æдзæмæй алæууыны фæстæ, бафарста: — Театрмæ цæуылнæ ацæуæм искуы? — Театрмæ? Гм! — Нæ уарзыс? — Цæуылнæ? Гъе’рмæст уым цы романтикон хъуыдытæ 252
фæдзурынц, уыдон мæм ахæм худæг фæкæсынц! — Цæмæн? — Æцæг цардæн зæххон хъуыдытæ хъæуынц, пайда чи дæтты. — Æцæг цардæн?.. Астемыр аивта ныхас: — Цæй, театр дæр хорз у, фæлæ кæд барвитон мæ минæвæрггы дæ хæдзармæ? Исдугмæ Бæдинæ ныхъхъус, цæмæйдæр разы нæ уыд — æвæццæгæн, уымæй, æмæ Астемыр йæ уарзондзинады тыххæй иу ныхас дæр кæй никуы загъта. Афтæ каст чызгмæ, цыма лæппуйы зæрдæйы уаг æмæ удыхъæд æххæстæй нæма рахатыдта.- Æппынфæстаг, дзуапп радта: — Фæстæдæр, Астемыр. II Иу бон Астемыр йæ коммерцион хъуыддæгты фæдыл ацыд балцы кæдæмдæр дард. Уыцы бон изæрæй Бæдинæ йе’мбал чызг Зифæимæ æрбацыд театрмæ. Театры æвдыстой ног спек — такль, хъазыдысты дзы цалдæр æрыгон актеры хъæздыг усгуртæ æмæ иу мæгуыр лæппуйы рольты. Се’ппæты мæт дæр уыд паддзахы чызг. Мæгуыр лæппуйы ролы чи хъазыд, уыцы актер йæ уарзондзинад афтæ арф, афтæ рæсугьдæй æвдыста, æмæ дисы бафтыдта Бæдинæйы. Ноджы уындæй уыд бæрзондгомау, хæрзконд, йæ уæлæ та — бызгъуыр дарæс. Уый Мæскуыйы æрæджы театралон институт фæцис каст æмæ ирон театры сценæйыл ацы роль уыд йæ фыццаг. "Цæмæн федтон Зæидæйы хæстæгмæ! Зæидæ нæ, фæлæ зæд, зæд! Афтæ мæм кæсы, цыма зæххон цæрджытæй нæу, фæлæ йæ æрвон тыхтæ рарвыстой паддзахæн лæварæн. Уыцы цыллæхуыз дзыккутæ!.. Йæ цъæх цæстытæ та йæ рухс цæсгомыл — дыууæ цъæх цады! Цæмæн?!. Цæмæн дзы нынныгъуылдтæн æз?! — тыхстхуызæй дзырдта йæ монолог актер, стæй йæ иу уæрагыл ныллæг æруагъта йæхи æмæ, йæ цæсгом дыууæ армæй амбæрзгæйæ, ныккæрзыдта: — Мæ мæгуырыл цæуылнæ ныууагътон мæхи!" Фæстаг ныхæстæ ахæм зæрдæрыстæй загъта актер, æмæ Бæдинæйы цæстытыл фæзынд цæссыгтæ. Бынтон диссаг та Бæдинæмæ фæкаст, фæстæдæр мæгуыр лæппу хъæздыг ус — гурæн куы бауайдзæф кодта, "Чызджы зæрдæ хъæздыгдзи — нæдтæй нæ балхæндзынæ", зæгъгæ, уæд залы фæсивæд куыд 253
базмæлыдысты æмæ дзы бирæтæ былысчъилæй куыд ныххудтысты, уый. Фæлæ æхцон улæфт ныккодта Бæдинæ, цæстыфæныкъуылды фæстæ залы тыхджын къухæмдзæгъд куы ныннæрыд, уæд. Фæуæлахиз мæгуыр лæппуйы сыгъдæг хъуыды, актер ахæм зæрдæбынæй кæй загьта, уыцы уæлвæзон хъуыды. — Цы диссаджы актер у! — Зифæйы хъусы бадзырдта Бæдинæ. — Бæрæг у, йæ зæрдæ хъæздыг кæй у арф æнкъарæнтæй. Хъыгагæн, царды ахæмтæ нæ уынын. — Хорз лæппуйы хуызæн у æцæг, — загъта Зифæ. — Куы базонгæ уаиккам йемæ. — Куыдæй? — Уæртæ нæ фæстæ бады мæ хæстæг лæппу, уый актерты хорз зоны æмæ нæ базонгæ кæндзæн. Спектаклы фæстæ Бæдинæ æмæ Зифæйы уыцы лæппу бакодта актертæм. — Нæ зæрдæмæ тынг фæцыд дæ хъазт, — загъта Бæдинæ, мæгуыр лæппуйы ролы чи хъазыд, уыцы актерæн æмæ йæм бадардта спектаклы програмкæ. — Кæд æмбæлы, уæд мын бафысс дæ къух мæнæ ам. — Табуафси, — сдзырдта актер æмæ Бæдинæмæ уыцы джихæй ныккаст, йæ цъæх цæстытæ æмæ йын йæ цыллæхуыз дзыккутæ куы федта, уæд æм афтæ фæкаст, цыма йæм, сценæйыл кæй уарзта, уыцы паддзахы чызг йæхæдæг фæзынд. Чысыл ма бахъæуа, ма йæм сдзура "Зæидæ!" Чызджы къухæй райста програмкæ, бафыста дзы йæ къух, стæй йæ фæстæмæ куы бадардта Бæдинæмæ, уæд сдзырдта: — Æмæ куы базонгæ уаиккам, уæд хуыздæр нæу? — Æвæццæгæн, — бахудт чызг. — Бæдинæ мæ ном, — Æз та Булат. Уый фæстæ Булат базонгæ ис Зифæимæ дæр. Цыдысты бонтæ. Булаты цæстытæй нал хицæн кодта Бæдинæйы сурæт, Бæдинæйы цæстытæй та — Булаты хъазт. Уыцы спектакль театры ногæй куы’вдыстой, уæд та йæм æр — бацыдысты Бæдинæ æд дидинджытæ æмæ Зифæ. Спектакль куы фæцис æмæ артисттæ, авансценæмæ рацæугæйæ, залы уæвджытæн сæ сæртæй куы куывтой сæ къухæмдзæгьдмæ, уæд Бæдинæ схызт сценæмæ æмæ Булатæн радта дидинджыты баст. Лæппу, чызджы фенгæйæ, бынтондæр фæхъæлдзæг æмæ сдзырдта: — Бузныг, Бæдинæ! — стæй йын йæ хъусы бадзырдта: — Кæд гæнæн ис, уæд мæм фæлæуу къæлидоры. Бæдинæ æмæ Зифæ банхъæлмæ кастысты Булатмæ. 254
Рацыдис сæм лæппу, йæхи дарæсы уыд ноджы хæрзконддæр, йæ цæхæр цæстыты каст дæр уыд цыдæр диссаг, йæ мидбылхудтæй та тавта бæстæ. Уынджы Булат цыдис дыууæ чызгимæ сындæггай, нæ тагъд кодта никæдæм. Йæ дзырдарæхстæй-иу сæ ныххудын кодта. Стæй бафарста: — Æмæ дыккаг хатт цæмæн æрбацыдыстуг не спектакльмæ, афтæ тынг фæцыд уæ зæрдæмæ? — Уæдæ? Уæлдайдæр та дæ Хъайтар, — загьта Зифæ. — Бауарзтам æй, — ныххудт Бæдинæ. — Цыма йæ дæхæдæг дæр къаддæр нæ уарзыс. Ахæм зæрдæбынæй йæ хъазыс! — Уарзын æйг Бæдинæ. Зынаргъ мын сты йæ хъуыдытæ, йæ бæллицтæ. — Дарддæр та цавæр хъайтары ролы ахъазынмæ бæллыс? — бафарста Бæдинæ. — Ромеойы. — Царды æви сценæйы? — бахудт Бæдинæ. — Царды дæр æмæ сценæйы дæр, — Бæдинæмæ бакæсгæйæ, фæлмæн мидбылхудтимæ дзуапп радта лæппу. Бæдинæйы зæрдæ ныццарыдтой уыцы бакаст æмæ мидбылхудт. Фæлæ йын цæмæй Булат йæ уавæр ма бамбæрстаид, уый охыл батагъд кодта сдзурынмæ: — Æвæццæгæн, æппæт æрыгон артистты бæллиц дæр вæййы Ромео. — Æппæты бон нæу йæ ахъазын, фæлæ йæм хъуамæ æппæтдæр тырной, — загъта Булат. — Алы адæймагæн дæр хъуамæ уа йæхи стъалы æмæ йæм иваза йæ къухтæ, тырна йæм æнæрынцойæ æхсæв æмæ бон. Стæй мæнæн мæ уыцы стьалы канд Ромео нæу, фæлæ нæхи æнæмæлгæ Чермен дæр. Чызджытæ цæмæндæр бахæлæг кодтой Булатмæ. Уыдонæн, суинаг ахуыргæнджытæн, уыдис сæхи стьалытæ, фæлæ сæм, лæппумæ хъусгæйæ, афтæ фæкаст, цыма аивады сæрмæ цы стъалытæ æрттивынц, уыдонæн æмбал нæй, уыдоны рухс судзгæ зæрдæтæй у æмæ алæмæты базыртæ дæтты адæймагæн. Афтæмæй, æхсызгон ныхæстæгæнгæ, бахæццæ сты Зифæйы хæдзары размæ, хæрзизæр загътой чызгæн, æмæ Булат Бæдинæимæ ацыд дарддæр. Кæд Бæдинæйы хæдзар бынтон хæстæг нæ уыд æмæ йæм дыууæйæ цыдысты сындæггай, уæддæр сæм ахæм цыбыр фæкаст уыцы фæндаг! Бирæ ма фæныхæстæ кодтой хæдзары раз, суанг боныцъæхтæм дæр лæууыдаиккой иумæ, фæлæ Бæдинæ загьта: — Цæй, Булат... Æнафон у, чызгæн не’мбæлы... Бузныг, кæй мæ æрбахæццæ кодтай. 255
— Фæлæуу-ма иу минут, науæд дыууæ, æртæ, кæннод фондз минуты! — сдзырдта Булат æмæ дыууæйæ дæр ныххудтысты. Стæй лæппу лæмбынæг ныхасы уагæй загъта: — Бæдинæ, ацы изæр кæддæриддæр нымайдзынæн æз ме стырдæр бæрæгбæттæй иуыл. — Мæнæн дæр амондджын изæр уыд, Булат. — Райсом филармонийы хорз концерт уыдзæн, хонын дæ. - — Бузныг. Уыцы æхсæв нæ бафынæй Булат, Бæдинæйыл хъуыдытæ кæнгæйæ. Нæ бафынæй Бæдинæ дæр. Иннæ бон та концерты фæстæ дыууæйæ бацыдысты паркмæ. Цады был хæрис бæласы бын та бирæ фæныхæстæ кодтой. Æппынфæстаг, лæппу нал баурæдта йæ судзгæ зæрдæйы катай: — Бæдинæ, мæхи адыл нал дæн. Сценæйыл дæр Зæидæйы бæсты мæ цæстытыл ды уайыс. Мæ уарзты зынгæй мыл дуне ныррухс бынтондæр. Æз æмæ ды райгуырдыстæм кæрæдзийы амондæн. Чызг бахудт, фæлæ ницы сдзырдта. — Разы нæ дæ мæ ныхæстимæ? — Разы дæн, Булат. — Уæдæ дæ хæдзармæ барвитон мæ минæвæртты? — Нæ... Цалынмæ ахуыр фæуон... — Фæуыдзынæ йæ, мемæ цæргæйæ. — Нæ, Булат... Фæуон уал æй... III Астемыр æрыздæхт йæ балцæй, ссардта Бæдинæйы университеты æмæ йæ аласта хуыздæр ресторантæй иумæ. Хъæздыг фынджы уæлхъус бадгæйæ, уый бамбарын кодта чызгæн, стыр коммерцион иугонды хицауæй йæ кæй æвæрынц æмæ йын йæ уавæртæ, стæй йæ дарддæры хъуыддæгтæ куыд амонынц, уымæ.гæсгæ йæ чындзæхсæв фæстæмæ æргъæвæн кæй нал ис. Æмæ йæ минæвæртты Бæдинæйы хæдзармæ тæккæ ацы изæр барвитыныл ныллæууыд. Фæлæ йæ чызг баурæдта. — Бар нæ дæттыс? — бафарста .лæппу. — Райсом дын зæгъдзынæн æппæтдæр. Æвæдза, цы тухиты æхсæв арвыста Бæдинæ! Йæ зæрдæ уыд Булатимæ, йæ зонд та — Астемыримæ. Кæцыйæн дзы раттаид ком? Кæцыйы дзы равзæрстаид царды æмбалæн? Йæ ныййарджыты фæндон зыдта. Фыд æй йæхи бар суагъта, мад 256
та Астемыры хуызæн усгур дыккаг нал ардта Иры зæххыл æмæ йæ сиахсæн æндæр ничи хъуыд, алы бон дæр æнхъæлмæ каст йæ минæвæрттæм. Æмæ куыннæ! Астемыр кæд арæзтадон техникум йедтæмæ ницы фæцис каст, уæддзер, рæстæг куыд домдта, уымæ гæсгæ арæхстджын æмæ сæрæн кусæг разынд! Æцæг, хæдзæртгæ нæ амадта, фæлæ сарæзта карз нозты егъау коммерцион цех. Диссаджы пайдайаг цех! Йæ фæллой æрвыста уæймæ суанг Магадан, Камчаткæ æмæ æндæр ахæм дард рæттæм. Алырдыгæй йæм æхцатæ ивылд донау калдысты. Булатмæ та... Цы уыд артистмæ йе сценикон курдиат, йæ диссаджы зæрдæ æмæ йæ рухс бæллицтæ йедтæмæ? Бæдинæйы мад ын йæ кой скæнын дæр нæ уагъта. Куыд уыдис уый гæнæн, æмæ йæ чызг цæргæбонты артисты мæгуыр капеччытæ фæнымайа?! Бæдинæйы ма æрфæндыд йæ хæлар чызг Зифæимæ лæмбынæгдæр бауынаффæ кæнын æмæ йæм ацыд сæхимæ. — Дис кæнын, Бæдинæ, дывæнд та куыд кæныс ацы ран? Астемыр дæ цы уавæртæм хоны, уыдон æрмæстдæр аргъæутгы ссарæн ис. Кæцы чызг фæлæудзæн сæ ныхмæ? Булат тынг цæуы мæ зæрдæмæ дæр, дзæбæх лæппу у, фæлæ йæм дæ бон смой кæнын уыд æрмæстдæр уæд, Астемыр дыл куы нæ дзырдтаид. Булаты дзыпп афтид уыдзæн кæддæримæр. Æрмæст уарзондзинадæй цæрæн нæй. Уарздзынæ Астемыры дæр, дæ уавæртæй разы куы уай, уæд. Ахъуыды кæнын дын æмбæлы дæ фидæны цоты хъысмæтыл дæр. Ацы уæззау рæстæджы æз æмæ ды цы бахæрæм æмæ нæ уæлæ цы скæнæм, ууыл нæ ныййарджытæ æрвылбон куыд катай кæнынц, афтæ катай кæнын дæ нæ бахъæудзæн дæ цоты тыххæй. Алцæмæй сæ хъуырмæ уыдзысты, дæхæдæг та цæрдзынæ æнæмæтæй, паддзахы усы хуызæн. Булаты та ма æрымысдзынæ искуы иу хатт æмæ дæ абоны уарзондзинадыл худдзынæ, — загьта Зифæ. Бæдинæйы сæры нал баззад саджил хъуыдытæ: æрмæстдæр æй Астемырæй смой кæнын кæй хъуыд, уый тыххæй йæ фидарæй бауырнын кодтой йæ мад, стæй йæ хæлар чызджы ныхæстæ æмæ рæстæджы домæнтæ. Куыд тынг æй æрфæндыд, Булатимæ æппындæр зонгæ куы нæ уыдаид, уый! Йæ ферох куыдæй бауыдзæн йæ бон? Стæй цы цæсгомæй бакæсдзæн йæ цæстытæм, искуы йыл æнæнхъæлæджы куы сæмбæла, уæд? Цæй, æниу ахсджиагдæр, йæ цард куыд хорз сараздзæн, уый у. Дыккаг бон Бæдинæ разыйы дзуапп радта Астемырæн. О, куыд зынаргъ уазджытæ уыдысты лæгшуйы минæвæрттæ Бæдинæйы хæдзары! Фыццаг изæр ма ницы, фæлæ дыккаг 257
хатт куы ’рбацыдысты минæвæрттæ æмæ мьнтаджы хистæртимæ фидауыны фарста куы лыг кодтой, уæд æнæнхъæлæджы чызджы риуы сыстад цавæрдæр фæдисы дымгæ: зæрдæ æрцагуырдта йæхион! Зонд та архайдта йæ ныхмæ: Булаты сурæт Бæдинæ сырдта йæхицæй. Фæлæ йæ цас тынгдæр сырдта, уыйас уый арæхæй арæхдæр уади йæ цæстытыл, йæ хъусты та-иу ныйй — азæлыд йæ хъæлæс: "Чызджы зæрдæ хъæздыгдзинæдтæй нæ балхæндзынæ!" Чызг бар-æнæбары сагъæсы бацыд: "Стæ-ма, Астемыримæ фембæлды куы вæййын, уæд йæ разы мæхи цæмæн фенкъарын цыдæр мæгуырхуызæй, бынтонхуымæтæгæй? Булатимæ-иу куы уыдтæн, уæд та-иу мæнæй хъæздыгдæр æмæ амондджындæр куы ничиуал уыд зæххыл. Хур, стъалытæ, хæхтæ, нæ горæт йе’ппæт бирæуæладзыгон хæдзæрттимæ æмæ йе’ппæт "Мер — седестимæ" мæн куы уыдысты иууылдæр, цыма-иу мын Булат йемæ æгас дуне æрбахаста лæварæн. Цæмæн æнкъардтон йемæ мæхи афтæ? Хъæздыгдзинæдты цады мæгуырæй куы цæрон, æнкъард зæрдæимæ... Дзаг гуыбын æфсаддзæн мæ зæрдæ? Æви гуыбыны æфсæстæй æрхаудзынæн уыйас ныллæг, æмæ ферох кæндзынæн мæ уарзт?.. Дæ фидæны цотæн, дам, алцыдæр уыдзæн сæ хъуырмæ, Æмæ сæхæдæг цы кусдзысты уæд? Цы сæ рауайдзæн афтæмæй? Сæ мады æгуыдзæг уавæрæн дæр цы бамбардзысты? О, цас тухæнтæ кæнын! Иу фарста иннæйы фæдыл фæзыны мæ сæры æмæ мæ кардау рæхойы! Цы кæнон, нал æй ахсы мæ зонд! Мæ цæргæбонты фæсмонæй куы хæрон мæхи! Куы нæ уарзын Астемыры. Фæлæ мæ чи бамбæрстаид, цæхгæр дзуапп ын куы раттаин, уæд?" Цас хæстæгдæр кодта чындзæхсæвы бон, уыйас чызг бынтондæр æнцой нал зыдта. Булаты уарзондзинады цæхæр ын ноджы тынгдæр сыгьта йæ зæрдæ. Фæлæ йæ уæддæр Астемыры хъæздыг уавæртæм тардта йæ зонд. О, адæймаджы зыд! Цы æбуалгъ низ дæ, цы! Æхсæв бафынæй уæвын нал уыд чызджы бон. Иу чысыл-иу куы бафынæй, уæд та-иу йæ разы фестад Булат. Иу хатг ын тыхджын ныхъхъæбыс • кодта лæппу æмæ кæмæдæр сæрыс — тырæй хъæр кæны: "Чызджы зæрдæ хъæздыгдзинæдтæй нæ балхæндзыстут!" Бæдинæ райхъал, йæ хуыссæнæй рагæпп ласта сонтæй æмæ сдзырдта фидарæй: "Нæ, уæддæр Астемыр! Дстемыр! Æндæр гæнæн нал ис! Бафидыдтой дыууæ мыггаджы! Байрæджы!" Стæй чысыл фæстæдæр йæ хъæлæс фæлæмæгь æмæ сдзырдтатыхæй: "Байрæджы, загътон? Уæдæ...байрæджы?" 258
IV Булат Бæдинæйы нал ардта хуымæтæг ныхасмæ дæр æмæ йыл катай бахæцыд. Нæ зыдта хъуыддаг, Суанг Бæдинæйы агурæг университетмæ дæр бацыд иу дыууæ хатты, фæлæ-иу дзы чызг амбæхста йæхи, йе’мбал чызджытæн та-иу ын зæгъын кодта, ам нæйг фæрынчын, зæгъгæ. Уый фæстæ лæппуйы хъустыл æруад, Бæдинæйы цавæрдæр хъæздыг лæппу кæй куры. Зын бамбарæн нæуг Булат цы уавæры фæци, уый. Дуне йыл иннæрдæм афæлдæхт, Ауг уæдæ Бæдинæ æндæрмæ мой кæны? Хъæздыгдзинæдтæм бахæлæг кодта? Нæ! Булат цы чызджы зоны, уый йæ зæрдæйыл гадзрахатæй нæ рацæудзæн! Астемыр Бæдинæйы аласта ювелирон дуканимæ. Уæйгæнæг рахаста Астемырмæ диссаджы рæсугъд сызгъæрин къухдарæн цæхæркалгæ бриллианттимæ æмæ дзуры лæппумæ: — Мæнæ ай нæ ныууадзын кодтай? — О, ай у. Диссаджы зынаргъ къухдарæн Астемыр бакодта Бæдинæйы æнгуылдзыл, фæндыди йæ базонын, йæ аккаг у æви нæ. — Бæззы? — бафарста Астемыр чызджы. — Райсон æй? — Хорз у, — загъта Бæдинæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг къухдарæны уындæй чызджы цæстытæ атартæ сты. Фæлæ йæм уый фæстæ къухдарæн цæмæндæр йæ зæрдæйы хъадаман фæкаст. Йæ сæры магъз ын ныццавта æбуалгь хъуыды: "Ацы къухдарæн Астемыр ЗАГСы ме’нгуылдзыл куы бакæна, уæд дунейы кæрон куы ралæудзæн мæныл! Нал фендзынæн Булаты цæхæр цæстытæ, мидбылты худт, стæй мын алы фембæлды йемæ лæварæн цы хъæздыг дуне хаста, уый дæр!" Дуканийæ фæстæмæ куы цыдысты, уæд Бæдинæ цыдæр æнахуыр лæмæгъ каст йæхимæ. Сæхимæ куы’рбацыд, уæд та йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ, хуыссæныл ныддæлгоммæ уæв — гæйæ, хъуыдыты арф аныгъуылд. Æппынфæстаг йæ фæнд срæгъæд: фестад, рацыд уатæй æмæ йæ мадæн загьта: — Ныббар, мæ мад, æз... Астемырмæ нал цæуын. Мад фæджих: — Мæ бындур ныззылд! Цы хабар у?! — Нæ йæ уарзын. — Фидыд куы стæм! — Хатыр уæ курын уый тыххæй. Тыхми кодтон мæхицæн дæу æмæ иннæты тæвагæй. Сæтгын мæ лæмæгьдзинадыл. 18 ÆНÆНЦОЙ ЗÆРЛÆ 259
Мæхицæн æй нæ барын. — Уыцы сонт хъуыдытæ аппар дæ сæрæй! — скуыдта мад. — Ахæм усгурæн ма баком! Цы дæ схондзысты адæм?! Зарджыты заринаг фæуай?! Загътон, цы амонд нæм æрхаудта, кæцы хуыцау нын æй саккаг кодта?! Дæ фыды пенси æмæ мæ дохтыры ницæйаг мыздæй кæдмæ ахæм тыхстцæрдтытæ кæн — дзыстæм?! — Къæбæргур искæмæ бацæуæм?! Цы нæ хъæуы?! — Бирæ æхцаты ад базонæм мах дæр кæйдæртау! Æгас адæм кæй хъæздыгдзинæдтæм хæлæг кæнынц, уыцы Астемыр!.. — Цъаммар рæстæг! Гуыбын æмæ дзыппы рæстæг! Зæрдæ рохуаты кæм зайы, зонд та кæрæф æмæ хъæддаг чи Кæны, уыцы æбуалгъ рæстæг! — Сæрра дæ! — О, сæрра дæн мæ уарзтæй! Уымæй стырдæр хъæздыгдзинад а зæххыл нæй! Цы сты Булаты раз Астемыры хъæздыгдзинæдтæ?! — мæстыйæ ма сдзырдта чызг æмæ фæдуарæдде. Ацыд Булатмæ театрмæ æмæ йын цæссыгтимæ радзырдта æппæтдæр. Бамбарын ын кодта, йæ уарзондзинад ыл кæй фæтых, æнæ Булат кæй нæ бауыдзæн йæ бон фæцæрын. — Никæдæмуал дæ ауадздзынæн, мæ дуне! — загъта Булат æмæ аласта чызджы сæхимæ, æцæг "Мерседесы" нæ, фæлæ, уынджы кæй баурæдта, ахæм хуымæтæг рог машинæйы. Цасдæр рæстæджы фæстæ Булаты хæдзары азæлыд чындзæхсæвы стыр циндзинад. Астемыр та... Хабар фехъусгæйæ, æрвдзæфау фæци. Йæ уавæртимæ йын чызджытæй исчи ма бакома, уый йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд. Æнæнхъæлæджы "цæф" сæмбæлд йæ сæрыл. Йæ "Мерседесы" сбадт, фæлæ цæмæн æмæ кæдæм араст уыдаид, уый не’мбаргæйæ, рулыл ныддæлгоммæ цасдæр. Æфхæрды бынаты кæй баззад, уымæй хъæрзыд бынтон — чызджы мæтæй нæ. Цы нæ йæ схуыдта хинымæр æмæ йын цы хуызы фыдбылызтæ нæ загъта йæ зæрдæ! Афтæмæй систа йæ сæр уæлæмæ æмæ йæ дыууæуæладзыгон галуанмæ джихæй ныккаст цæмæндæр. Æппæтдæр ын уыцы сахат уыд æнад... 1998 аз. 260
БУЦАХУЫР ЧЫЗГ I Æмбисбон университеты кæртмæ хъæлдзæгæй аерæмбырд сты студенттæ сæ хызынтæ æмæ чумæдантимæ: цыдысты Мæздæджы районы колхозтæй иумæ, цæмæй йын баххуыс кодтаиккой быдыры фæззыгон куыстыты. Фæлæ се ’мбæлт — тæй иу чызг нæ зынди. Уый уыд Бертæ. Лæппутæ æмæ-иу чызджытæ кæрæдзийы афарстой, Бертæ куыд æрæгмæ зыны, зæгьгæ. Ахуыры уый уыд фæзминаг, стæй-иу студентон изæрты архайдта тынг зæрдиагæй, уындæй та уыд хæрзконд, дзыхæй рæвдз. Уарзтой йæ æмæ йæ нымадтой иууылдæр, кæд хатгæй- хатг йæхи иучысыл хиуарзонæй æвдыста, уæдаæр. фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæтæй уарзондæр æмæ зынаргъдæр уыд Мæирæн: кæрæдзийы æгæрон уарзтæй уарзтой. Æмæ ныр лæппуйы цæстытæ чызджыты’хсæн æнæрынцойæ агуырдтой Бертæйы. Фæлæ чызг нæй æмæ нæй. Дисы бафтыд Бертæйы хæлар чызг Зæлинæ дæр. Æвæццæгæн, фæрынчын Бертæ, науæд ыл æрцыд цавæрдæр æнæнхъæлæджы хъуыддаг, зæгъгæ, хъуыды кæнын райдыдтой иууылдæр. Уалынмæ фæзындысты автобустæ студентты аласынмæ. Уыцы афон Бертæ та уыд йæ хæдзары, æнцой йын нæ лæвæрдтой катайаг хъуыдытæ, йæ зæрдæ йын сыгътой. Сындæггай йæ чумæданмæ сæмбырд кодта йæ хæссинæгтæ, йе’мбæлттимæ ацæуа æви нæ, уыцы фарста йæхинымæр лыг кæнгæйæ. Æппынфæстаг, фæмæсты: — Цы ми кæндзынæн колхозы æнтæф быдырты? Адæмы нывыл сæ уынгæ дæр куы никуы фæкодтон. Уым мæ урс, хъаймагъхуыз цæсгом сау-сауид ысуа? Ноджы мæ мæ уæлæ кусæн дарæс скæнын куы хъæудзæн. Æмæ дзы кæй хуызæн зындзынæн? Хуыгæсы? Ахæмæй мæ фена Мæир? Æмæ ма мæ уый фæстæ уарздзæн?.. Нæ! Ай цы сцæттæ кодтон мæхи фæндагмæ? Мæ амонд мæ къахы фындзæй куы къуырын! Чызг йæ дзаумæттæ чумæданæй фæстæмæ æппарынмæ фæци. — Гъа, уый дын Мæздæг, мæнæ дын уый та фæздæг! Ай дын колхоз, ай та дын гуыбыннизы хос!.. Фæлæ та æвиппайды чызджы сæр ныццавта æндæр тызмæг хъуыды: куы нæ ацæуа колхозмæ, уæд карз æфхæрд куы 261
баййафа. Æниу йæ фыд Тебог горæты зындгонд ревизор, йæ иунæг буц чызгæн нæ самал кæндзæн рынчыны гæххæтт? Дохтырæй-æндæрæй кæй нæ зоны! Фæлæ кæм ис ныр та? Райсомæй раджы йæ бинойнаджы Тæмисчъы санаторимæ аласта. Æмæ, æвæццæгæн, батагъд кæндзæн фæстæмæ, цæмæй йæ дзæбæх чызджы дæр афæндараст кæна колхозмæ. Мæнæ^студенттæ сæ фæндаг ракодтой Бертæйыл. Дынджыр автобус æрлæууыд хæдзары раз. Бертæ йæ рудзынгæй ауыдта, баризæгау кодта, уæлдайдæр та дзы Мæир æмæ Зæлинæйы рахизгæ куы ауыдта, уæд. Йæхи бамбæхста, дуар чи хоста, уыдон æм йæ номæй дæр ма дзырдтой, фæлæ уый иу сыбыртт дæр не скодта. Æппынфæстаг, студенттæ ацыдысты сæ балцы, уæдæ цы кодтаиккой? Мæир уал хъавыд горæты баззайынмæ, цæмæй сбæлвырд кодтаид хъуыддаг, фæлæ йæ йе’мбæлттæ нæ ныууагьтой, æмæ ацыд зæрдæсастæй. Фæндагыл та хъуыдыты аныгъуылд. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æрæджы Бертæ студентон æмбырды фæллойы тыххæй цы рæсугъд ныхæстæ дзырдта, уыдон: "Адæймаг хъуамæ арæхса алыхуызон фæллоймæ дæр, уымæн æмæ фæллой адæймаджы æхсидын кæны, удыхъæдæй йæ кæны рæсугъдаæр..." Ау, уæдæ Бертæ уыцы дзæбæх ныхæстæ æрмæстдæр йе’взаджы кæронæй дзырдта? Стæй йе’мбæлттыл дæр гадзрахатæй рацыд? Уый та куыд? Æнæхъæн афæдз фæахуыр кодтой иумæ, фæлæ колхозы быдырты куыстмæ та ацыдысты фыццаг хатт, æмæ Бертæйы, æвæццæгæн, хорз нæ зыдтой. Ницыуал æмбæрста Мæир. Тебо та... Тарсти, йæ буц чызджы сæ хæдзары куы нал æрæййафа, æмæ æрхæццæ тыхулæфтгæнгæ, фæндагыл ын балцмæ цы уæлæдарæс алхæдта, уыимæ. "Хурæн нæ’ фæразы мæ дзæбæх Дудули", зæгъгæ, хъуыды кодта, уæрæхбылтæ тæнæг худ ын куы æлхæдта, уæд. Хъарм къамдзол æлхæнгæйæ та загьта: "Уазалы та гогызы цъиуау баргъæвсы уайтагъд." Тебо хæдзармæ куы бацыд, уæд федта йæ чызджы диваныл хуысгæйæ. — Нæма ацыдыстут, чызг? — бафарста фыд. — Ацыдыстæм. — Ды та? — фæджих Тебо. — Æз... нæ, папæ. — Цæуылнæ? Исты дæ риссы? 1 — О, фæрынчын дæн. 262
II Рацыд цасдæр рæстæг. Студентты куыст колхозы уæрæх быдырты бацыд йæ тæмæны. Фæллой кодтой зæрдæхъæлдзæгæй æмæ стыр разæнгардæй. Фæлæ се’хсæн уыд иу, фырмæтæй йæ сæр уæлæмæ дæр чи нæ иста, ахæм лæппу — Мæир. Уый базыдта, Бертæ рынчын кæй нæу, фæлæ быдыры рыг æмæ фæллойæ кæй фæтарст æмæ уымæн кæй нæ рацыд йе’мбæлтгимæ. Мæир нал æууæндыд, Бертæ йæ æцæг уарзтæй уарзы, ууыл дæр. Фыркатайæ тад лæппу. Йегмбæлттæ йын тæригъæд кодтой, Бертæмæ та — мæсты. Нæ зыдтой, цы хуызы баххуыс кодтаиккой сæ хорз æмбал Мæирæн, стæй чызгæн дæр йæ рæдыд куыдæй сраст кæнын кодтаиккой. Æппынфæстаг, Зæлинæ æрхъуыды кодта иу хиндзинад, æмæ уый фæдыл се’мбал чызг Рæзийæн бахæс кодтой æвæстиатæй горæтмæ Бертæмæ ацæуын. Уæлдай аивдæр æмæ хъæлдзæгдæр фæзыны нæ горæт райдзаст рæстæджы. Хъарм хур цæхæртæ калдта йæ сæрмæ, фæлæ нæдæр йæ хъарм, нæдæр йæ рухс не’ндæвтой Бертæйы зæрдæ. Фæлмæн къæлæтджыны бадт æнкъардæй. Нæ горæт æм каст æдзæрæг æмæ талынг. Мæнæ фыд æрбахызт мидæ — мæ. — Чызг, дæхимæ та куы хъусыс. Цы хабар у, нæ зонын. Цæуылтыхсыс, замманай рынчыны гæххæтт дын куы ссардтон. — Рынчыны гæххæтт... — æнахуыр хъæлæсæй сдзырдта чызг æмæ арф ныуулæфыд. — Мæнæ дын дæ уарзон къафеттæ дæр æрбахастон — "Мокко". Мæнæ дын уый та "Мишка на Севере". — "Мишка на Севере" нæ, фæлæ мæ Гизелы дæр нæ хъæуы! — фæтызмæг Бертæ. — Оуу, мæнæ диссаг!.. Иу сахаты фæстæ Тебо йæ куыстмæ ацыд, æмæ та чызг иунæгæй баззад йæ сагъæсы хъуыдытимæ. Мæнæ чидæр æрбахоста. Бертæ дуар куы бакодта, уæд джихау фæци: йæ разы тыхстхуызæй лæууыд Рæзи, йæ цонг йæ уæхскмæ урс хæцъилæй баст, афтæмæй, йæ иннæ къухы та уыд бæзджын тетрад. — Рæзи?! — Дæ бон хорз, Бертæ, — рынчыны хъæлæсæй сдзырдта Рæзи. — Рахиз мидæмæ. Цы кæны дæ къух? 263
— Асастон æй, фæкалдтæн æмæ... Бертæ, мæн рынчындоны схуыссын хъæуы, ды та дæ хæлар Зæлинæйæн искуыдæй арвит мæнæ йæ бонфыссæн, æмдзæрæны йын баззад... Тынг æй хъæуы. — Фæлæуу-маг Рæзи. Æндæр ницыуал зæгъыс? — Æмæ ма цы зæгъон? Дзæбæх сты иууылдæр. фæллой кæнынц зæрдæхъæлдзæгæй. Гъе ’рмæст мæхæдæг... Фырмæстæй цы фæуон, уый дæр нæ зонын. Ме’мбæлттимæ кæронмæ бафыдæбон кæнын мæ къухы нæ бафтыд. — Салам дæр ничи никæмæн æрвыста, Рæзи? — Ничи. — Ау?.. — Тынг смæллæг дæ, Бертæ. — Æмæкуыннæ! — цæссыгтимæ сдзырдта Бертæ. — Мæир... Гуырд дæн, гуыринаг — хъуыды дæр мæ нал кæны. Нæдæр фыстæг, нæдæр салам... — Дис кæнын, Бертæ, ахæм лæппуимæ куыд фæзивæг кодтай, куыд нæ ацыдтæ? Цæмæн æй ауагътай иунæгæй? — Иунæгæй? Истæмæй йыл фæгуырысхо дæ, Рæзи? — Мацæмæй мæ фæрс, Бертæ. Цæй, æз цæуын. — Фæлæуу-ма... Ме’рвад Асте дæр уым ис? — Йæ хæлар Мæиримæ кард æмæ фыд фестадысты. — Цæмæн? — Базондзынæ йæ дæхæдæг. Бертæ райста Зæлинæйы бонфыссæн æмæ йæ рафæлдæхта, кæсгæ дæр æм нæ кодта, афтæмæй. Зæхмæ дзы æвиппайды æрхаудта къам, æмæ йæ систа Бертæ. — Мæиры къам Зæлинæйы бонфыссæны? — сдзырдта Бертæ æмæ æркаст, бонфыссæн цы сыфыл байгом, уымæ, бакасти дзы: "Куыд тынг уарзын демæ уарзоны ролъ хъазын, М. Куыд хорз ахъазин æз Джулеттæйы, куы уаис ды Ромео!" — "М" та йын чи у? Мæир? Уыимæ фæхъазы хихъæппæрисадон къорды. Бертæйы уæрджытæ адонзоныг сты, алыхуызон гуырысхойаг хъуыдытæй разылд йæ сæр æмæ сдзырдта мæстæлгъæдæй: — Ныр бамбæрстон, Мæир æмæ Асте цæмæн сфыдæх сты кæрæдзимæ! Асте Зæлинæйы уарзы! — Бертæ!.. 1 — О, о, Рæзи! Бæлвырд у хъуыддаг. Зæлинæ!.. Хæлар ма уæдæ цы вæййы! Мæнгардæй цæуæг! — Куыд уынын, афтæмæй уыцы бонфыссæн нал 264
арвитдзынæ, Бертæ. Æри йæг мæхæдæг æй исты амалæй сæмбæлын кæндзынæн йæ хицауыл. — Уадз æй. Æз æй аласдзынæн. — Дæхæдæг? — О, мæхæдæг! — сдзырдта фидарæй Бертæ. — Цæугæ кæнын! — Уым тынг зын у. Бафæраздзынæ дзы? — Ам цы тухитæ æвзарын, уымæй мын зындæр уыдзæн? Ды дæ къух ныссастай, уæддæр уырдыгæй кæй ацыдтæ, ууыл куы хъыг кæныс. Æз та!.. Ау, æппæтæй лæмæгъдæр æз дæн?! Бертæ чумæданмæ йæ уæлæдарæс æмæ лыстæг мигæнæнтæ æмбырд кæнынмæ фæци. — Æмæ уыцы урс къабатæ æмæ туфлиты "Фокстрот" кафдзынæ быдырты? Кусæн уæлæдарæс дын нæй? — О, уыцы кусæн дарæс! — фæтыхст Бертæ. — Кæм ис дæ кусæн дарæс? — Чъизи у, дæу аккаг нæу. — Цæй, ныццæуон уал, стæй бæрæг уыдзæн, — сдзырдта Бертæ æмæ чумæданмæ æргуыбыр кодта: — Ахсджиагдæр чи у, уыдонæй мæ ницы ферох? Былтæахорæн ам ис, цæстытæахорæн дæр йæ бынаты ис, стæй æрфгуытæтонæн æмæ бигудитæ дæр. Бертæ гæххæтты гæбазыл афыста йæ фыдмæ, æнæ ацæугæ мын нæ уыд колхозмæ, зæгъгæ, æмæ райста йæ хæссинæгтæ. — Хæрзбон, нæ горæт, дæ хъæбул фæцæуы! Ме’мбæлттæм та мæнæ ныццæуон! — Æртхъирæнтæгæнгæ сæм цæуыс? Кæртмæ куы рацыд Бертæ, уæд цæмæндæр йæ сæры саджил хъуыдытæ фæзынд. — Æниу!.. Зындонмæ цы’ппарын мæхи?! — сдзырдта чызг æмæ Рæзийыл фæтъæлланг ласта: — Æз никæдæм цæуын! Цæугæ дæхæдæг! Сæрра мæ кодтай! — Бертæ йæ чумæданыл абадт. III Сæрдыгон æмæ фæззыгон хур бонты уæлдай æнтæфдæр вæййы Мæздæджы тыгъд быдырты. Фæлæ дзы уæддæр студенттæ заргæ, уæнгрогæй куыстой. Сæ цæрæнуæттæ дæр уыдысты быдырон станты. Мæнæ йæ цыргъзæвæтджын урс туфлиты, урс къабайы æмæ уæрæхбыл тæнæг худы æд чумæдан Бертæ æрхæццæ горæтæй. Куыддæр станы агъуыстытæй 265
кæройнагмæ бахæццæ, афтæ йын иу налат къогъо йæ русыл абадт, æмæ чызг ныцъцъæхахст кодта: — Мамочки! Ныррæхуыста мæ! Чызг бæласæй иу чысыл къалиу æрсаста æмæ йæ тылдта йæ сæрмæ — уымæй сырдта къогъоты йæхицæй. Стæй зæхмæ куы’ркаст, уæд ноджы тынгдæр фæтарст: чысыл ма бахъæуа, иу гæккуырийыл ма ныллæууа къахæй. — Удхæссæг, дæлæ мæм цы цæстытæ сзылдта! Кæфхъуындары лæппын! Фесæфай, цы зæрдæхæццæгæнæн къæдзил ын ис! Чызджы хъуырдухæнмæ æрбацыд иу тыппыртæ лæг. — Æгас нæм цу, чызг! — Бахатыр кæн, хорз лæг, ам искуы кусыс? — бафарста Бертæ. — О, æз бригадир дæн. Ды та чи дæ? — Æз студенттæй дæн. Ныронг рынчын уыдтæн æмæ семæ æрцæуын нæ баци мæ бон. Кæм сты сæ уæттæ? — Мæнæ ацы агъуыстыты. — Æмæ дзы... уæгъд уат нæй? Иунæгæй уал кæм бафысым кæнон... — Табуафси, мæнæ кæройнаг уат. Бригадир чызгмæ къахæй сæрмæ æркаст æмæ йын фæтæригъæд кодта: уыцы урс-урсид, буцхаст буар æм ацы æнтæф быдырты счъизийæн æгæр æвгъау фæкаст. Афтæмæй йын бакодта уаты дуар, æмæ уый æд чумæдан бацыд мидæмæ. Фæлæ уайтагъд чызг ныцъцъæхахст ласта, федае аемæ дзуры бригадирмæ: — Йæ гуыбын дæ гуыбынæй дынджырдæр! — Чи у?! — Уыры! — загъта чызг æмæ йæ къах æвдисы лæгмæ: — Кæм ис мæнæ уый та?! — Чи, дæ къах? — Мæ зæвæт! Кæм ис мæ зæвæт, бригадир?! Зоныс æй?! Бригадир федта, чызгæн йæ уыцы къахы туфлийыл зæвæт кæй нал ис, æмæ йæ бафарста: — Цы дын фæцис? — Уæртæ уæ уаты пъолы дыууæ фæйнæджы’хсæн аныгъуылд! • — Æмæ йæ уæдæ дæхæдæг куы зоныс, уæд ма дзы мæн та цы фæрсыс?! 1 — Дæхæдæг дæр ахæм уаты цæрыс?! — Мæхæдæг?! — фæмæсты бригадир. — Чызг, а быдырты 266
кусынмæ нæм ахæм цыргьзæвæтджынтæ æрцæудзысты, уый æнхъæл нæ уыдыстæм! — Ай джунглийы бæстæ куы у, кæдæм æрбахаудтæн?! — сдзырдта чызг æмæ та фестъæлфыд, йæ хъусы раз къогъойы дыв-дыв куы ссыд, уæд, йæ къухтæ уæлæмæ тилы, суры йæ. — Уæ къогьотæ дæр мыл хæстон хæдтæхджытау сæхи ауадзынц! — Дæ ахорæнтæ арф бамбæхс. Науæд дæ ахæм хæрздæф цæуы, æмæ дыл канд къогьотæ нæ, фæлæ хъæндилтæ дæр æмбырд кæнын райдайдзысты. Бригадир æндæр уатмæ барвыста Бертæйы æмæ йын ратта дуары дæгъæл, йæхæдæг та ацыд, йæ цæсгомы хид сæрфгæйæ. Зæлинæ аивæй федта Бертæйы æмæ йыл фырцинæй базыртæ разад. Станы кæртмæ æрбацыд æмæ ам хæрхæмбæлд фæци, горæтæй чи æрхæццæ, уыцы Рæзийыл, йемæ аууон ран слæууыд æмæ йын раарфæ кодта, йæ балц дзæгьæлы кæй нæ рауад, уый тыххæй. — Цы мын арфæ кæныс, Зæлинæ? — загьта тыхстхуызæй Рæзи. — Хорз æй баифтыгьтон, бæргæ. Йæ бигудитæ-йедтæ рамбырд кодта æмæ рараст ардæм. Фæлæ кæртмæ куы рахызт, уæд иннæрдæм нычъчъыллипп ласта. — Æрхæццæ, ам ис! — Кæм ис?! — фæджих Рæзи. — Уæртæ уыцы уаты. Нырма нæм йæхи нæма æвдисы. — Æ-гъа! — фæныфсджын Рæзи æмæ сæрыстырæй загьта: — Мард у уæд а сау чызг, йæ балцæй куы ницы рауадаид! Гъе’рмæст нын Бертæ нæ хиндзинад куы базона æмæ мын мæ дзыккутæ куы ныттона, уымæй нæ тæрсут? — Ницы кæны, парик дын балхæндзыстæм. — Æрхæццæ, фæлæ исты ахæца? — Фендзыстæм! Нырма уал уæлахиз мах стæм. Гъер та бавдæл, æмæ мæм дæлæ Мæиры ардæм рарвит. Бертæйы тыххæй йын мацыма зæгъ, зæгъ æрмæстдæр Дзерæйæн. Дæхæдæг та уал æвæстиатæй цæугæ фæстæмæ горæтмæ, цалынмæ дæ Бертæ нæ федта, уæдмæ. Æрцæудзынæ иу дыууæ боны фæстæ. Дæ къух ма уыдзæн баст, рисдзæн ма дын иучысыл, горæтьгдæ рынчындоны нæ сæвæрдтой, уымæн æмæ дæ къух саст нæ разынд. — Æмæ нæ хицауад та?.. — Нæ хицæуттæй ма тæрс, мах сын бамбарын кæндзыстæм хъуыдааг. фесæф! Рæзи фæаууон. Зæлинæ та, ницызонæгау, бацыд, Бертæ 267
цы уаты уыдг уый рудзынджы размæ. Уырдæм æм фæзынд Мæир. — Цы мæ кæныс, Зæлинæ? — бафарста лæппу. — Мæ куыст нæма фæдæн. — Иучысыл, зæгъын, аулæф, — барæй хъæрæй дзырдта Зæлинæ, лæппуйыл узæлгæйæ. — Науæдтæрсын, фыркуыстæй дыл исты куы’рцæуа. — Цæй, ды мæнæй фылдæр куы кусыс, æмæ дыл куы ницыма æрцыд. — Куыд счъизи дæ хæдон! Ралас-ма йæ, æмæ дын æй ахсон. Уыцы ныхæстæ хъусгæйæ, Бертæ уаты бынтондæр джихау фæци. "Ничи сæм кæсы?! Æххæст ма йæ найгæ дæр акæн!" — ахъуыды кодта уый йæхинымæр. Уалынмæ хъæлдзæгæй фæзынд се’мбал Дзерæ æмæ барæй дзуры Мæиритæм: — Иумæ та куы стут! Уæ куыст та цы ныууагътат?! Лæппу, ды горæты чызгимæ фидыд дæ æмæ дæ митæ ныууадз! Науæд, Зæлинæ, дæуæн дæр Бертæ дæ хæлар куы у. Ауг исты ныхæстæ йæм куы фæхæццæ кæной, уымæй нæ тæрсут? — Бертæ, Бертæ! — фæмæсты Мæир. — Омæ уагæры цы кæнæм?! — Зæлинæйы хæрзхъæддзинад ацы куысты федтай? — О, нымайын æй, сæрæн чызг у! Кæйдæртау хуыскъастæу нæу. Ацы быдырты фæллой кæнын чи зоны, уый ахуыргæнæджы куыст дæр æвзæр нæ кæндзæн. — Тæрсын, ацы фæллой уæ ма баиу кæна? — Цы, дам?! — йæхи нал баурæдта Бертæ æмæ сæм фыддæрадæн рацЫд уатæй. — Бертæ?! — æрвдзæфау фæци Мæир. — Æрцыдтæ?! — барæй сдзырдта Зæлинæ. — Æгас цу, Бертæ! — сдзырдта Дзерæ дæр. — Мæ фыны дæ уынын æви?! Мæн уырныдта, æнæмæнг кæй æрцыдаис, мæ зынаргъ! — хъæлдзæгæй загьта Мæир æмæ чызгæн ахъæбыс кæнынмæ бахъавыд, фæлæ дзы уый иуварс ацыд, сдзургæйæ: — Æз сымах тыххæй куы не’рцыдтæн! — Ома! — Æз кусынмæ æрцыдтæн. Цымæ цы фæци бригадир? — загъта Бертæ æмæ ацыд бригадиры агурæг. — Цы кæны, цы? — загъта, Бертæйы фæдыл кæсгæйæ, Мæир. — Чи йын цы зоны! 268
— Æвæццæгæн, нæ ныхæстæ фехъуыста, чызджытæ. Афтæ хъæрæй дзурын уæ нæ хъуыд. — Ницы кæны, уадз æмæ сцæхæр уа, — ныххудт Зæлинæ. Бертæ бафарста бригадиры, цы кусон, зæгъгæ. Лæг нæ зыдта, чызджы ахæм урс уæлæдарæсы цавæр куысты уæлхъус сæвæрдтаид, уый. Уæлдайдæр та дзы чызг йæхицæн иунæгæй сæрмагонд куыст куы’рдомдта, уæд: иннæ студенттимæ йæ кусын нæма фæндыд. Æппынфæстаг ын бригадир йæ бæрны бакодта, колхозы хордоны цы хъæбæрхоры егьау кæри уыдг уый иннæрдæм фæлдахын, цæмæй хор хуыздæр хус кодтаид. Радта чызгæн фыййаг æмæ ацыд. Бертæ слæууыд йæ куысты уæлхъус. "Фæлæуу, Мæир, — хъуыдытæ кодта уый йæхинымæр, — ды мын хуыскъастæу æнхъæлыс, Зæлинæ йæ фæллойы тыххæй дæ цæсты зæды къалиу фестад, фæлæ фендзынæ мæн дæр! Фæсмон ма кæндзынæ дæ митыл, дæ къухты фыдтæм лæбурдзынæ дæндагæй, фæлæ дын байрæджы уыдзæн!" Афтæмæй Бертæ райдыдта кусын. Райдыдта тызмæг æмæ разæнгардæй, фæлæ уайтагъд бафæллад æмæ банцад йæ кусынæй. Рамæсты, мæхи тухæнæй цы марын, зæгьгæ, æмæ йæ фыййаг иуварс агшарынмæ бахъавыд, фæлæ йæм уыцы афон фæзынд Мæир. — Бертæ, иунæгæй цæмæн кусыс, немæ дын æнцондæр нæ уаид? — загьта лæппу. Чызг уыцы æваст кусынмæ фæци. — Нæ мæ’вдæлы, ма мæ хъыгдар! — тызмæгæй сдзырдта Бертæ, æмæ фыййаг фыццагæй тынгдæр базмæлыд йæ къухты. — Æри акусон дæ бæсты. — Ма мæ хъыгдар, зæгьгæ, дын куы загьтон! — Цæмæй дæ хъыгдарын уагæры? Афтæ тынг мама кус райдайæны, фæрисдзынæ. Æри дæ фыййаг. — Ахъуьпты уыдзынæ æви нæ?! — йæ куыст фæуагьта Бертæ, хордоны дуармæ рауад æмæ ныхъхъæр кодта æддæмæ: — Бригадир, мæнæ мæ иу лæнпу кусын нæ уадзы, атæр-ма йæ! — Ай цæуыл сæрра дæ?! — фæмæсты Мæир. — Æххæст ма милицæмæ дæр фæдзур! — Куы бахъæуа, уæд мæ милицæ дæр рох нæ уыдзæн! — сдзырдта чызг, чи ацыд, уыцы Мæиры фæдыл. Стæй, рыгæй чи схъулæттæ ис, йæ уыцы урс къабамæ æркаст æмæ йæ фыййаг иуварс аппæрста. Фыццаг хатг стыхст йæ зынаргь уæлæдарæсæй. Фæлæ æцæгæлон быдырты кæм ссардтаид 269
кусæн дарæс? Хордонæй рацыд, кæсы æмæ иу æнæзонгæ чызг быдыры æрцæуы, йæ уæлæ хуымæтæг сау кофтæ æмæ кусæн цырыхъхъытæ. Бертæ фыццаг хатт бахæлæг кодта ахæм уæлæдарæсмæ. Чызджы размæ бацыд æмæ базонгæ йемæ. Уый уыд мæгуыр сидзæр чызг Мæздæгæй. Бертæйы уæлдарæсы хуызæн ын никуы уыд йæ фыны дæр æмæ уайтагъд сразы ис йæ ног зонгæйы курдиатыл, нæ уæлæдарæс баивæм, зæгъгæ. IV Рацыд цалдæр боны. Бертæ кусын райдыдта йæхиуæттимæ нæ, фæлæ æндæр студентты къордимæ. Куыста нартхоры быдырты. Мæир æмæ Зæлинæмæ та дзыхæй дæр нæ дзырдта. Цыма сæ фиппайгæ дæр нæ кодта, афтæ дардта йæхи, æхсæв та йыл хуыссæг дæр нал хæцыд. Иу бон ардæм йæ чызджы бæрæггæнæг æрцыд горæтæй Тебо. Йæ машинæйæ куы рахызт æмæ уыцы æнтæф уæрæх быдыртыл йæ цæст куы ахаста, уæд йæ буар баризæгау кодта. "Цымæ ма ацы æнтæф быдырты мæ дзæбæх Дудули сæрæгас у? Нæма басыгъд æмæ æртхутæг нæ фестад?" — ахъуыды кодта йæхинымæр Тебо. Йæ чызджы иннæты’хсæн куы ссардта нартхоры быдыры йæ уыцы кусæн дарæсы, уæд та ноджы тынгдæр фæтыхст: йæ рæсугъд буцхаст чызджы цы хуызæттæй федта! — Цæмæн?! Цæмæн æрцыдтæ, рынчыны гæххæт дын куы ссардтон, уæд?! — хыл кодта Тебо йæ чызгмæ, машинæмæ йæ иуварс куы акодта, уæд. — Сбад мемæ æмæ дæ аласон нæхи — мæ. — Æз никæдæм цæуын, — загьта Бертæ. — Бакæс-ма уæртæ дæ къухтæм, цы хуызæн ныйисты! Равдис-ма, тæппæлттæ дын сыл нæй? — Ныууадз сæ, папæ, ды нæ уыныс мæ зæрдæйы тæппæлтгæ! — Уым дæр ма дын тæппæлттæ ис! Нæ, нæ дæ ныууадздзынæн ам! Кæм сты уæ хицæутгæ?! Зæгъон сын, рынчынæй кæй ралыгъдтæ ардæм, æмæ дæ... — Ма мæ худинаг кæн, папæ! Ме’мбæлтгæ цы уавæрты фæразынц, уым æз дæр бафæраздзынæн! — Оуу, мæнæ диссæггæ! Ай мæхи Дудули куы нал дæ! 1 — Бæргæ, куы нал уаин Дудули! — Цы дыл æрцыд уагæры?! 270
— Уый ды нæ бамбардзынæ! — Оуу, мæнæ сæрра ис чызг! Рацу уæд та уе станмæ æмæ райс, цы дын æрластон, уыдæттæ. Тебо чызджы аласта станмæ æмæ йæ машинæ равдæлон кодта йæ бирæ хæссинæгтæй. Стæй ацыд горæтмæ уыцы тыхстхуызæй. Бертæ раздæр афтæ тынг кæй уарзта, уыцы хæ — ринæгтæ уыдысты хызынты, фæлæ сæм кæсгæ дæр нæ кодта. Йæ раздæры рæсугъд буц къухтæ куыд фæдæрзæг сты, уымæ æркаст. Стæй райста кæсæн æмæ йæ хурсыгъд цæсгоммæ ныджджих. Ноджы йе уæнгтæ рыстысты. Ог утæппæт хъизæмæрттæ кæй тыххæй æвзары, уыцы Мæир! Афтæмæй та лæппуйы йæхимæ æввахс дæр нæ уадзы. Мæнæ дыууæ цæссыджы дыууæ рæсугъд фæрдыгау æрзылдысты йæ рустыл. Уалынмæ кæйдæр уынæр ссыд æддейы, стæй æрбахостæуыд дуар, æмæ Бертæ асæрфта йæ цæссыгтæ. Дуар байгом æмæ мидæмæ æрбахызт Зæлинæ. — Æмбæлы дæм, Бертæ? Зæлинæйы уындæй та Бертæйы маст сфæйлыдта, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ ницы сдзырдта. — Ацыд Тебо? Æз та фæтарстæн, куы афардæг уай йемæ горæтмæ, — загъта Зæлинæ. — Цæй, ныууадз дæ æнæбындур тæргæйттæ æмæ нæхи студентты къордимæ райдай кусын. Ху— динаг у. — Æмæ æмбалыл гадзрахатæй рацæуын худинаг нæу?! — фемæхст Бертæ. — Цæмæй зæгъыс? — Ме сæфт дæ уынын, Джулеттæ! — сдзырдта Бертæ æмæ Зæлинæйыл Мæиры къам ныццавта, йæхæдæг та федде. Зæлинæ зæххæй систа къам. — Мæиры ху$1зист мæ бонфыссæнæй! — ныххудт Зæлинæ æмæ къаммæ дзуры: — Бузныг, Мæир, хорз ахъазыдтæ дæ роль! Гъе фæлæ æгæр сцæхæр кодтам Бертæйы. Баууæнддзæн ма нæ сыгъдæгдзинадыл? Цæй, исты фæрæз та ссардзыстæм. Бертæ сындæггай цыди, быдыры цы ран куыста, уырдæм. Уыдис студентты улæфыны сахат. Сæ магнитофонæй хъуыстис музыкæ, зарджытæ, стæй чызджыты æмæ лæппуты хъæлдзæг худын. Бертæ та хъуыдыты ныгъуылд æмæ ныгъуылд: "Ахæм æцæгæлон цæмæн æнкъарын мæхи ме’мбæлтты ’хсæн а бы — дырты? Стæй цæмæн фæтарст Зæлинæ та, æз ардыгæй куы ацæуон, уымæй? Цы бæрæг кæны уый? Науæд Мæир Зæлинæимæ уæвгæйæ дæр мæн цæмæн хъахъхъæны æдзух? 271
Йæ цæстытæ мæ нæ исы... Ницыуал æмбарын! Æвæццæгæн, мæхи аххæстæ сты иууылдæр. Цæуылнæ æрцыдтæн ардæм ме’мбæлттимæ? Мæхи сæ уæлдæр кодтон. Æмбæлттимæ æмдзу куы нæ кæнай, уæд... Мæиры цæсты кадджын у фæллойуарзаг адæймаг, æз та цы хуызæнæй равдыстон мæхи?" Ахæм хъуыдытимæ цыди йæ фæндагыл Бертæ. Стæй йæ рæзты стыр уæзласæн машинæтæ райдыдтой иу иннæйы фæдыл цæуын. Дзаг уыдысты нартхорæй æмæ цыдысты Мæздæджы’рдæм нæ, фæлæ, Дзæуджыхъæумæ цы фæндаг цыдис, ууылты. Бертæ та, сæ фæдыл кæсгæйæ, хъуыдытæ кодта: "Цымæ кæдæм ласынц алы бон уый бæрц нартхор? Æвæццæгæн, Бесланы Маисон комбинатмæ. Уырдыгæй сæ нартхорæй конд продукци æрвитынц нæ горæтмæ æмæ иннæ рæттæм. Æвæдза, горæтæн йæ царды уидæгтæ ацы тыгъд быдырты сты, Ардыгæй йæм цæуы царды сой. Æмæ уый канд университеты лекциты базонæн нæй, цалынмæ йæ ам дæхи цæстытæй нæ фенай. О, горæты цыдæриддæр хæрæм, иууыл уыдæттæ ацы зæххытæ æмæ адæймаджы къухтæй гуырынц. Раздæр кæд ахъуыды кодтон æз ууыл бæстон?..." Фæстаг бонты Бертæ йæ ахорæнтæ æмæ йæ бигудитыл къаддæрæй къад^æр хъуыды кæнын райдыдта. Уымæн æмæ йын иуæй йæ фадæттæ нæ амыдтой, иннæмæй та йæм уыдæттæ тæккæ ахсджиагдæр нал кастысты, кæд йæхимæ хорз зылди, уæлдæр. V Мæир та... Йæ уарзон Бертæйыл цы’рцыд, уый не’мбæрста. Йемæ æнæхъæн афæдз фæахуыр кодта университеты æмæ йæм йæ ахуыры хæрзхъæддзинад, стæй, йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ тынг æнаипп каст чызг. Фæлæ ныр дыккаг курсы колхозы быдыртæм куы ацыдысты, уæд Бертæ бынтон æндæр хуызы равдыста йæхи. Уый уыд тынг æнæнхъæлæджы Мæирæн, æмæ дзы йæ тых асаст. Ноджы Бертæйæн Зæлинæитæ цы хиндзинад æрхъуыды кодтой, уый дæр нæма зыдта лæппу. Уый та-иу арæх архайдта Бертæмæ бацæуын, фæлæ-иу æм чызг уайтагъд йæхи фæпыхцыл кодта, æмæ йæм уæд лæппу нал цыд, иуварсæй-иу æм йæ цæст дардта æмæ-иу арф ныуулæфыд йæ къæхты бынæй. Æвæдза, æууæндæн куыд никæуыл ис, зæгъгæ, арæх хъуыды кодта æмæ-иу куыстыл ныццавта йæхи, уымæй сырдта йæхицæй йæ тызмæг сагъæстæ. Мæир кæд горæты схъомыл, уæлдæр-иу алы сæрд æрцыд 272
хъæумæ йæ мады мадмæ æмæ-иу йæ нанаимæ куыста цæхæрадæтты. Уымæ гæсгæ лæппу зыдта хъæуы цард æмæ быдырты улæфт. Æмæ ныр йæ быдырон куыстытæй æппындæр нæма стыхст — бузныг дæр ма сæ уыдг уымæн æмæ ацы быдырты хорз рабæрæг вæййы, чи цы у, уый. Рæзи æрыздæхт горæтæй йе’мбæлттæм, йæ къух баст нал уыдис, афтæмæй. Зæлинæ та йæ ногæй бацæттæ кодта, цы кæнын хъæуы, уымæ, æмæ йæ æрбахуыдта, Бертæ кæм уыдис, уыцы ранмæ æввахс. Рæзимæ барæй хыл кæны хъæрæй, цæмæй йын Бертæ хъуыстаид йæ ныхæстæ: — Æз дын цы бакæндзынæн, уый зонгæ кæныс?! Цы ми бакодтай?! Зæлинæ Рæзийы дзыккуты йæ къухтæ ныссагъта. — Уауу, цы бакодтон уагæры?! — хъæр систа Рæзи дæр. — Бертæйы мыл цæмæн сардыдтай?! Цæмæн æй асайдтай уыцы бонфыссæн æмæ Мæиры къамтæ-йедтæй?! Ноджы мæ бонфыссæны цытæ ныффыста! Нæ хæлардзинад нын цæмæн халыс?! Чи у мæнæн Мæир?! — Омæ уæдæ Бертæ кусынмæ нæ цыд æмæ йын исты æрхъуыды кæнын нæ хъуыд?! Гъе стæй Мæирæн тæригъæд кодтон. Æнæ Бертæ куыд катай кодта, уый нæ уыдтат?! — Уый дæ Дзерæйы хинæйдзаг арвыста горæтмæ Бертæмæ! Уый фæстæ мын æппæтдæр радзырдта худгæйæ. Æмæ дзы уæд мæ кой кæнын хъуыд?! Уæ дзыккутæ уын ныттондзынæн! — Уауу, мæ сæры цъар мын стигъыс! Æниу ма дзы мæ командировкæ дæр цæмæн хъуыд? Бертæ æнæуи дæр рацæуинаг куы уыд! — загъта Рæзи æмæ ратыдта йæхи. — Сайгæ мæ кодтой уæдæ? — йæхинымæр сдзырдта Бертæ æмæ джихау фæци. Ноджы куы федта, Асте куыд зæрдæхъæлдзæгæй фæзынд йæ уарзон Зæлинæмæ æмæ йыл куыд узæлыд, уый, уæд Бертæ ноджы тынгдæр бамбæрста, цы сайды фæци, уый. — Цæй, ныр цомут Мæирмæ æмæ йын бамбарын кæнæм, Бертæ йæм йæхи цæмæн пыхцылтæ кодта, уый. Афон у. Науæд батад лæппу, — загьта Асте, дыууæ чызджы къухтыл ных — хæцгæйæ, æмæ $æ акодта. — Æмæ нын ныббардзæн нæ хиндзинад? — цæугæйæ, сдзырдта Рæзи. 273
— Уый дын гъе! Арфæты бæсты ныл йæ зæрдæ хъуамæ фæхуда? Нæ фæлæ нын нæ дзæбæхтæ цæмæй бафиддзæн? Уæрдоны дзаг æй къафеттæ балхæнын бахъæудзæн, — загъта Зæлинæ, худгæйæ. Бертæ та цасдæр сагъдауæй баззад. Куы Рæзимæ сфæйлыдта йæ маст, куы та йæ риуы цавæрдæр æнцойдзинад фæзынд — алы хъуыдытæй байдзаг йæ сæр. — Хорз мæ ахъазыдысты! — мæстыйæ загъта йæхицæн Бертæ. — Æмæ мын кæй аххос у? Хъæугæ мын кодта. Дæхи хъазинаг куы кæнай, уæд афтæ вæййы. Æз... Æз, æвæццæгæн, ницæмæн бæззын. Бертæ быдырыл ахаста йæ цæст, агуырдта дзы, æдзух йæ уындмæ кæмæн бæллыд, уыцы Мæиры. Фæлæ йыл йæ цæст не’рхæцыд. Иу цасдæры фæстæ йæм Мæир йæхæдæг фæзынд. — Бертæ!.. — цины хъæлæсæй сдзырдта Мæир æмæ ферхæцыд цæмæндæр. — Ныббар, Мæир, — загъта Бертæ, æмæ йæ цæстытыл цæссыгтæ фæзынд. — Мæ зынаргъ! Ма тыхсын кæн дæхи. Фæрæдийын алчи дæр зоны. Ахсджиагдæр рæдыд афоныл бамбарын у. Æгайтма!.. Мæир ныхъхъæбыс кодта чызгæн. 1970 аз. I 274
АЙДÆН I Баде уыд урсзачъе зæронд лæг, уыд хъуыдыдзаст, арæх дзырдта уыци-уыцитæй. Йе’мхъæуккæгтæй йæ бирæтæ, мидбылты худгæйæ, хуыдтой философ, кæмæдæрты та каст цыдæр æнахуыр. Фæлæ æппæты дæр арæх дисы æфтыдтой йæ уыци-уыцитæ æмæ-иу сыл арф ныхъхъуыды кодтой. Йæ алыварс цыдæриддæр уыдта, уыдæттæй разы нæ уыд. Йæ зæрдæмæ нæ цыдысты æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр, се’ппæтдæр æм кастысты рæузонд, æнæмæт. — Æвæдза, цы заман ралæууыд! Цы фæсивæд нæм сæвзæрд! Цытæ кæнынц, цытæ! Сыгъдæг амырыкæгтæ! — арæх-иу бахъуыр-хъуыр кодта Баде. Гъе’рмæст йæ фырты чызг Орзетæйы йæхи удæй фылдæр уарзта. Хуыдта йæ зонды къуыбылой. Æмæ, æцæгæй дæр, чызг уыд хæдæфсарм, стæй хæрзуынд. Лæппутæм йæ бабайау тызмæг цæстæй каст, кæд семæ саламджын уыд, уæддæр. Уый хыгьд æм уыдон сæхи æввахс ласын райдыдтой. — Хъахъхъæн, чызг, — дзырдта-иу Баде, — ныры лæппутæй æмбал ссарын æнцон нæу. Ма фæрæдий. — Ма тыхс, баба, — иу хатт, мидбылты бахудгæйæ, загъта чызг, — дæу зæрдæмæ чи нæ цæуа, уый ме’мгæрæтты никуы ауайдзæн. Уыдис фæсивæды бæрæгбон. Æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ æмбырд кæнын райдыдтой хъæуы культурæйы Галуанмæ, уым хъуамæ сарæзтаиккой ирон хъазт, стæй дзы уыдаид дискотекæ дæр. Ныридæгæн дзы хъæрæй хъуысти фæсарæйнаг рог эстрадон музыкæ. Бадейы хæдзар уыд уыцы Галуаны раз уынджы иннæрдыгæй. Зæронд лæг æнкъардæй бадти кулдуары раз æнгуз бæласы бын бандоныл, лæдзæгыл йæ дыууæ къухæй æрæнцой кæнгæйæ æмæ йæ сæр æруадзгæйæ, цæуылдæр та сагьæсты ацыд, афтæмæй. Уыцы афон зæрондлæджы уæлхъус алæууыдысты, культурæйы Галуанмæ чи цыди, ахæм дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Лæппутæй иу уыд асæй ныллæггомау, къæсхуыртæ, дзурынмæ рæвдз. Уый уыди Тохти. Иннæ лæппу та уыд бæрзонддæр æмæ бæзæрхыг, йæ ном хуынди Астан. — Бахатыр кæн, Баде, Орзетæ уæхимæ ис? — бафарста 19. ХÆМЫЦАрЫ ЦÆРЛЙ 275
Тохти. — Цæмæн уæ бахъуыд? Ныууадзут æй. Уæ дискотекæйы уæхæдам’ маймулитæ аразут уæхицæй талынджы. — Маймулитæ цæмæн? — Уæдæ рухс цæмæн ахуыссын кæнут? Фæсивæд кæрæдзимæ худæнбылæй бакастысты. — Цæуылнæ исты зæгьут? Уæ цæсгом нæ хъæцы? — загьта Баде, стæй арф ныуулæфыд. — Ехх, ехх! Рухсæй чи тæрсы, уыдонæн сæ зонд æмæ се’фсарм талынг сты. Ирон чызгæн худинаг куыд нæу?.. Цыбыр ныхасæй, Орзетæ никæдæм цæуы. — Æнæ йæ фæндыры цагьд нæ бæрæгбон не сфидаудзæн, Баде. — Цы аразут нæхи фæндырæй? Æхсызгон уæ чи хъæуы, уыцы цагъд æгас хъæуыл куы азæлы уæртæ. — Уый афтæ æнæуи, уый йедтæмæ зæрдæ нæхи фæндыры цагьд агуры, — загьта та Тохти. — Табу Хуыцауæн, æгайтма уæ алцы нæ ферох, уæ зæрдæ ма исты агуры! — æлхыскъ сæ кодта зæронд лæг. — Ай нæ бынтон ницæйæггыл куы банымадтай, Баде, — нал баурæдта йæхи Астан. — Фæлтау нын исты уыци-уыци зæгъ, — бахатыд Тохти. — Цы’мбарут уыци-уыцитæн та? — Ау, зондæй дæр нын ахæм къуымых æнхъæл дæ? — загьта Астан. — Нæ ацæудзыстæм уæдæ дæ разæй, цалынмæ нын уыци-уыцитæ зæгьай. Бафæлвар нæ, Баде. Дзуаппытæ сын куы нæ ссарæм, уæд дæ урс зачъейы раз слæудзыстæм сæркъулæй æмæ дæ ракурдзыстæм хатыр. Ноджы басæтдзыстæм, нæ хистæрты аккаг фæлтæр кæй не стæм, ууыл. Æмæ нæхæдæг скæндзыстæм нæхицæн карз тæрхон. Зæронд лæг йæ урс зачъе æрдаудта йæ армæй æмæ зæхмæ джихæй ныккаст. Стæй, арф ныуулæфгæйæ, мидбылты бахудт æмæ загъта: — Диссаг фæуат, нæ фæсивæл!... Хъусут уæдæ мæ фыццаг уыци-уыцимæ. Бадынц нæ хуылфы, нæй сын къухтæ, фæлæ нæ арæх схойынц сæрсæфæн былмæ. Цы сты уыдон? — Сæрсæфæн былмæ?.. — Бахъуыды сæ кæнут, — загьта йе’мбæлтгæн Астан, стæй бакаст зæронд лæгмæ: — Зæгь дæ иннæ уыци-уыцитæ дæр, Баде. Дзуаппытæ сын ссардзыстæм а дыууæ боны. — Хъусутдыккагуыцы-уыцимæ. Нæу бомбæ — нæ фехæлы, фæлæ пырх кæны цард. Нæу магнит дæр, фæлæ йæхимæ ласы æмæ гадзрахатæй рацæуы, расайы æбуалгь марг. Нæу емынæ, 276
рьШг фаелæ цæгъды адæмы. — Цæгъды адæмы?! Æмæ дзы махæн нæу тас? — батыхст Тохти. — Иннæ уыци-уыци. Хæрз гыццыл дзаума, фæлæ дзы ныгьуылы æгас дуне. Цы у уый та? — Хæрз гыццыл?.. — Цыппæрæм уыци-уыци. Чи у адæймагæн йæ цыфыддæр знаг? — Йæ цыфыддæр знаг? Цымæ чи у мæ цыфыддæр знаг? — загъта Тохти æмæ, йе’мбæлттæм бакæсгæйæ, ныххудт. — Сымахæй мачи уа?.. — Фæстаг уыци-уыци. Нæй сын æвзаг, нæй сын уынæн дæр, фæлæ нæ æрмæстдæр уыдон хонынц рухс фæндагмæ. — Æнæ’взагæй?... Лæппутæ æмæ чызджытæ кæрæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой исты дзуаппæнхъæл, фæлæ сæ уæхсчытæ базмæлын кодтой, "æмæ-гъа", зæгьгæ. Уалынмæ хæдзарæй рацыд Орзетæ æд фæндыр. — Чызг, кæдæм? — Кæд мæ нæ уадзыс, баба, уæд æз никæдæм цæуын. — Ауадз æй, Баде, — бахатыд Тохти. — Ирон хъазт йедтæмæ дзы дискотекæ нæ уыдзæн. — Уыдзæн, — сдзырдта Астан æмæ зæронд лæгмæ бакаст. — Гъе’рмæст дзы рухс нæ ахуыссын кæндзыстæм. Хæрын дын ард, Баде. — Ацу, чызг. Орзетæ æрцагъта фæндырæй æмæ йе’мбæлттимæ араст . , лурæйы Галуанмæ. II Галуаны уæрæх зал фæсивæдæй уыд æмыдзаг. Хъазты агъоммæ хъæусоветы сæрдар Турбег, йæ кары æмбисы чи уыд, ахæм лæг, сценæйы сгьолы уæлхъус лæугæйæ, æрныхас кодта хъæуы фæсивæды уагахаст, сæ уавæртæ æмæ сæ дарддæры хæсты тыххæй. Стæй, ныхасы бар ракургæйæ, сценæмæ схызт Астан æмæ загъта: — Раст сты Турбеджы ныхæстæ мах тыххæй. Зонæм, нæ фæсивæдæй чидæртæ æвзæр фæндагыллæуд кæй сты... Зонæм нæ уавæртæ дæр: куыст нæй, æндæр нæй. Фæлæ цыфæнды уавæрты дæр хъуамæ бахъахъхъæнæм нæхи, нæ уды сыгъдæгдзинад. Æмæ нæм нæ хъæуы хистæрты номæй нæ 277
куырыхон лæг Баде абон радта фондз фарстайы. Ссарын сын хъæуы дзуаппытæ. Æз афтæ æнхъæлын, æмæ нын уыцы дзуаппытæ феххуыс уыдзысты нæ дарддæры фæндагыл цæуынæн. Астан хъæрæй бакаст гæххæтты сыфыл Бадейы фондз уыци-уыцийы. Кастис сæ сындæггай, цæмæй дзы алкæуыл дæр бæстон ахъуыды кодтаиккой залы уæвджытæ. Ныссабыр сты иууылдæр, хъуыдыты ныгъуылгæйæ, фæлæ дзы иу уыци- <т уыцийæн дæр бæлвырд дзуапп ничи ссардта. ! Уыци-уыцитæ тынг диссаг фæкастысты Турбегмæ дæр æмæ -, æппынфæстаг фæсидт фæсивæдмæ: ома, уыцы дзуаппытæ ’* рæвдздæр чи ссара, уыдонæн хъæусовет снысан кæндзæн хæрзиуджытæ. Базмæлыдысты иууылдæр. Алкæйы дæр бафæндыд йæ зонд, йе’рхъуыдыдзинады тых бафæлварын. Чидæртæ дзы ныридæгæн ссардтой цавæрдæр дзуаппытæ, фæлæ иннæтæ семæ не сразы сты. Залы ранæй-рæтты фæзынд быцæу ныхас дæр. Суанг сæ, хъазт райдайын кæй хъуыд, уый дæр ма ферох. Дыккаг бон та æгас хъæуы адæм зæрондæй, æрыгонæй иууылдæр ныллæууыдысты уыци-уыцитæн дзуаппытæ агурыныл. Стыр цымыдисы сæ бафтыдтой æмæ кæрæдзийы рафæрс-бафæрс систой. Æмæ кæд æртæ уыци-уыцийæн цыдæр дзуаппытæ ссардтой, уæдаæр аегас дуне цавæр хæрз гыццыл дзаумайы ныгъуылы, стæй чи у адæймагæн йæ цыфыдаæр знаг, уыдæттæн ничи ссардта иу дзуапп дæр. Æппæтæй тынгдæр катайы бафтыд Астан. Æгас æхсæв дæр нæ бафынæй, хъуыдыты ныгъуылгæйæ. Æрмæстдæр дыууæ дзуаппы ссардта, стæй уыдон дæр раст разыной, ууыл йæ зæрдæ нæ дардта. Райсомæй рацыд уынгмæ æмæ, сусæг уарзтæй кæй уарзта, уыцы Орзетæйыл сæмбæлд, бацыд æм æввахс æмæ йын йæ цъæх цæстытæм джихæй ныккаст. — Цы кæныс, Астан? — фæтыхст чызг. — Мæ цæсгомыл цы агурыс? — Кæдаæра, зæгъын, дæ цæсты гагуыйы æгас дуне нæ нынныгъуылид? Чызг кæл-кæлæй ныххудт æмæ сдзырдта: — Дæхи дзы бахиз! — Æз уым дæн. Раджы дзы нынныгьуылдтæн, — сирвæзт лæппуйы дзыхæй. — Сæнтгæ цæгъдыс, Астан? 1 — Æвæццæгæн. Орзетæ уыцы худгæйæ ацыд сæхимæ æмæ кæрты дзуры \ 278
Бадемæ: — Баба, хъæуы адæмы тухиты амæттаг куы бакодтай дæ уыци-уыцитæй. Дзæгьæлтæ кæнын райдыдтой. Цы дын кодтой уагæры? Астан ма бирæ фæкатай кодта, йæ сæр æцæгæй сдзæгъæлтæ исг æмæ бацыд сæ хæдзармæ, диваныл ныддзелгоммæ æмæ бафынæй, Райхъал фæсæмбисбон æмæ хъуыдытæ кæны йæхицæн: "Алæ-маг Бадейæн ацы уыци- уыцитæ, йæ алыварс цытæ уыны æмæ разы кæмæй нæу, ахæм хъуыддæгтæ бауагьтаиккой йæ зонды. Уæдæ сын дзуаппытæ агурын дæр, æвæццæгæн, хъæуы нæ алыварс." Раст уыцы изæр Астаны сыхæггæм уыд куывд, сæ фыдг балцы стыр аварийы бахаугæйæ, сæрæгасæй кæй баззад, уый фæдыл. Астан сфæнд кодта уыцы куывды адæмы змæлд æмæ уагахастмæ йæ цæст лæмбынæгдæр фæдарын. Уырдæм куы араст, уæд кæсы, æмæ уынджы расыгæй цудгæйæ æрцæуы къупри, тæнтъихæг лæппулæг Мычъа. — Астан, æвзæр хабар! — Цы’рцыд, Мычъа? — Нæ хъæусоветы сæрдар Турбег йæ зондæй фæцух. — Куыд фæцух? Исты æрра митæ кæны? — Æмæ уæдæ нæ? Æрдæбон уæлæ уынджы хъæр систа: "Ацы хынджылæггаг карз нозт нæ цардæй æд уидæгтæ стонын хъæуы, цалынмæ агьуыд маймулитæ нæ рауайын кодта не 'ппæ'1æй дæр! " Æмæ дын мæнмæ амоны. Арæгъæд та, дам, ^зы кодта йæхи! Нозты ныхмæ афтæ дзур! Уымæн ма йæ зонд чемы ис? Дохтыртæн æй фенын кæн, Астан. — Ма тыхс, Мычъа, æз æмæ ды дæр уый хуызæн зондджын куы уаиккам. — Уый хуызæн? Ме знаджы хуызæн цæмæн хъуамæ уон? Адæймагæн йæ цыфыддæр знаг чи у, зæгьгæ, дам, фæрсы Баде. Зæгьут ын, Турбег кæй у уый! Мæ цыфыддæр знаг мæнæ! — Мычъа йæ риу бакъуырдта æмæ та фæцудыдта. Астан æм æввахс бацыд æмæ йæ бафарста: — Турбеджы хоныс дæ цыфыддæр знаг, дæхицæй та разы дæ? — Бæгуыдæр дæн! Анызтон та, фæлæ никæй хъыгдарын. Цæмæн мæ æфхæры Турбег? — Турбеджы раст уайдзæф æфхæрдыл нымайыс, фæлæ уынджы нозтджынæй цудтытæгæнгæ кæй æрцыдтæ, уый дæхицæн æфхæрдыл нæ нымайыс? — Цы ныхæстæ æхситт кæныс, Астан? Куыд уынын, 279
афтæмæй Турбеджы низæй фæрынчын дæ ды дæр. Ахæм нозтджын дæн æви?! Иучысыл ахуыпп кодтон фырмæстæй, уымæн æмæ бирæ æфхæрдтытæ æййафын алырдыгæй. Айдагь мæ ус дæр фаг у! Нæу емынæ, рын, фæлæ цæгъды адæмы, зæгьгæ, кæмæй зæгъы Баде, уый та мæ ус у. Бауырнæд дæ, Астан, гыццылдæр ахуыпп кодтон, уый куы базоны, уæд залиаг калм фесты æваст æмæ йæ дзыхæй ныхæсты бæсты зынджытæ кæлы. Мæ бынаты ды агъуыд бирæгъы хъæлæсæй нынниуис. — Тынг дзæбæх у дæ ус, Мычъа. Æвронгæй-ма йæм рæвдауæн ныхас арæхдæр кæн. Ныууадз дæ фыднозт. — Цы ныхæстæ æхситт кæныс, Астан? Мычъа куы нал нуаза, уæд амардис, зæгьгæ йæ банымай æмæ æрцæттæ кæн дæ сабæттаг. Æвиппайды Астан фырцинæй ныххудт: — Бузныг, Мычъа! Бузныг! — Цæмæй мæ фæбузныг дæ? — Дæ фæрцы ссардтон бæлвырд дзуапп Бадейы уыци- уыцитæй иуæн! Бузныг! — ныххудт та Астан æмæ фæраст куывдмæ. — Фæлæуу, æз дæр уырдæм цæуын. — Уыцы хуызæнæй ма кæдæм цæуыс, Мычъа? — Цы ныхæстæ æхситт кæныс, Астан, æз куы ницыма банызтон! Куывд бацыд йæ тæмæны. Уыдис дзы бирæ адæм. Бадынц ныридæгæн дыккаг сахат. Дыккаг сахат гаджидæуттæ нуазынц æмæ нуазынц. Æрмæстдæр дзы стæмтæ уыд, карз нозт чи нæ нуæзта, ахæмтæ. Иннæтæ хорз срæгьæд кодтой сæхи. Кæмæн дзы йæ цæсгом сырх-сырхид æрттывта хиды æртахтимæ, кæмæн та уыд фæлурс, кæннод урс-сырххъулæттæ. Нуазынц ма уæддæр гъæйтт мардзæйæ. Астан банызта дыууæ нуазæны, фылдæр нал саккаг кодта, кæд ын нуазджытæ алырдыгæй уайдзæфтæ кодтой, уæлдæр. Раст цыма адæмы фыццаг хатт федта, уыйау сæм стыр цымыдисæй каст. Уæлдай диссагдæр уыд, Мычъа куыд нуæзта, уый. Йæ арахъ-иу куы ахуыпп кодта, уæд ма-иу йæ сæр афтæ базмæлын кодта, цыма-иу æй афтид агуывзæйы фæтъыссынмæ хъавыд, цæмæй ма йын йæ къултæ дæр асдæрдтаид æвзагæй. Астаны алыварс фынгтæ иууылдæр уыдысты нозтæй седзаг. Лæппу бафарста йæхи: "Ау, адæймагæн йæхиуыл схæцынæн уыйбæрц нуазын цæмæн хъæуы? Дыууæ, кæннод æртæ нуа — зæны æгьгьæд цæуылнæ сты? Нозт, нозт, нозт! Цас фылдæр нуазынц, уыйас сæ фылдæр хъæуы. Нуазынц æмæ нуазынц. 280
Дыууæ сахаты, стæй ма ноджыдæр!.. Сæхи атонын дзы нал у сæ бон. Нозты æнæуынгæ цадмæ ныххаудтой, фæныгъуылынц дзыг фæлæ былмæ рабырын сæ хъуыдыйы дæр нæй. Цæмæн? Цы тæры бирæты цады бынмæ? Цы сæ тæры сæфтмæ?.. " Астан адæмы федта æндæр цæстытæй. Уый йын фадат радта, цы дзуаппытæ агуырдта, уыдонæй та цалдæр ссарынæн. III Дыууæ боны фæстæ культурæйы Галуанмæ ногæй æрæмбырд кодтой хъæуы фæсивæды, чысыл дзы нæ уыд хистæр фæлтæрæй дæр. Æрбахуыдтой ардæм кадджын уазæджы — урсзачъе Бадейы дæр. Сценæйы астæу ын сæвæрдтой сæрмагонд къæлæтджын æмæ йæ уым сбадын кодтой. Чысыл фæстæдæр та, стъолы уæлхъус лæугæйæ, залы уæвджытæм дзырдта Турбег: — Нæ зынаргъ æмбæлтгæ, абон та æрæмбырд стæм, цæмæй нæ фæсивæд зæгъой сæ дзуаппытæ мæнæ нæ хъæуы хистæр, нæ куырыхон Бадейы фарстатæн, ома уыци-уыцитæн. Æрбахуыдтам ын йæхи дæр, уынут æй мæнæ. Залы ныннæрыд къухæмдзæгъд. Турбег стъолæй райста чысыл сырх тырыса æмæ йæ бахаста Бадемæ. — Мæнæ уыцы сырх тырыса Баде алы раст дзуаппы фæстæ дæр сисдзæн уæлæмæ, — загьта Турбег æмæ тырыса ратта зæронд лæгмæ, йæхæдæг та фæстæмæ стъолмæ бацыд, систа гæххæтгы сыф æмæ, уымæ кæсгæйæ, дзуры: — Уæ дзуапп фыццаг уыци-уыцийæн! Ома, бадынц нæхуылфы, нæй сын къухтæ, фæлæ нæ арæх ысхойынц сæрсæфæн былмæ. Цы сты уыдон? — Уый зæрдæ! — сдзырдта залæй Тохти. — Зæрдæ нæ тæры былмæ, фыдæх дзы куы бада, уæд! — Зæрдæ иунæг у, — загъта Турбег, — Баде та бирæон нымæцы куы зæгъы: "Бадынц нæ хуылфы..." — Уæдæ уæд зæрдæ æмæ зонд сты уыдон! Сау зæрдæ æмæ талынг зонд! — сдзырдта залæй чидæр. Иууылдæр бакастысты Бадемæ, фæлæ уый нæ систа тырыса уæлæмæ. — Æз разы нæ дæн уемæ, — сыстгæйæ, загъта Астан. — Фыццаджыдæр, зонд сæрсæфæн былмæ куы тæра, уæд уый æз зондыл нæ нымайын. Зæрдæ дæр сау куы уа, фыдæхджын, уæд уый дæр зæрдæ нæу. Ахæм адæймагæй дзæгьæлы нæ фæзæгъынц: æнæзæрдæ, æнæзонд. Мæнмæ гæсгæ нæ 281
сæрсæфæн былмæ тæрынц нæ тæссаг монцтæ, сæ ныхмæ æдых куы разынæм, уæд. Монцтæ зондæй тыхджындæр куы уой, тæссаг уæд сты, æмæ нæ сæфт уыдонæй у. Ахæмтыл нымайын расыггæнджыты, наркоманты, зыдгæнджыты, давджыты æмæ лæгмарты монцтæ. Бадейы цæсгом ныррухс æмæ бæрзонд систа тырыса. Ныннæрыд тыхджын къухæмдзæгъд. — Дыккаг уыци-уыци! — загъта та Турбег. — Нæу бомбæ — нæ фехæлы, фæлæ пырх кæны цард. Нæу магнит дæрг фæлæ йæхимæ ласы æмæ гадзрахатæй рацæуы, расайы æбуалгъ марг. Нæу емынæ, рын, фæлæ цæ1ъды адæмы. — Уый у налат ус! — ныхъхъæр кодта нозтджын Мычъа. Залы æмдзыхæй ныххудтысты адæм. — Нæ, Мычъа, уый карз нозту! Уый пырх кæны адæймаджы уд, уымæй ныл сысты рын. йæхимæ нæ сайы æмæ нæ мары сындæггай, гъе фæлæ йæ нал уынæм, бакуырм нæ кодта! — загъта Тохти. — Дæ ус нæ, Мычъа — æхсызгон дын чи у, уыцы марг дыл гадзрахатæй цæуы æмæ дæ фæхæры! Дæхи дзы ратон афоныл! Баде та бæрзонд систа тырыса — залы та ныннæрыд къухæмдзæгъд. — Цы ныхæстæ æхситг кæныс, Тохтийы дæлæмæдзыд?! Цы’мбарыс ды нырма, налат ус циу, уымæн?! Баййафдзынæ йæ, мæгуыр дæ бон, фæлæуу! — Хыл ма кæнуг, Мычъа, — загъта Турбег. — Фæлтау иннæ уыци-уыцийыл ахъуыды кæнут. Ома, хæрз гыццыл дзаума, фæлæ дзы ныгъуылы æгас дуне. Циу уый та? Ацы хатт залы адæм ныхъхъус сты, иу сыбыртт дæр сæ ничиуал скодта. Æмæ та уæд сыстад Астан æмæ загъта: — Уый у карз нозты рюмкæ! Ныгъуылæм дзы, ныгъуылæм! Куыд уæрæх æмæ æнæбын у уыцы хæрз гыццыл дзаума! Дуне та!.. Уыцы гыццыл дзаумайы чи ныгъуылы, уымæн йæ ас циу?! Цæмæн кæны ахæм лыстæг?! Баде ногæй бæрзонд систа тырыса, æмæ та ныннæрыд тыхджын къухæмдзæгъд. — Цыппæрæм уыци-уыци: чи у адæймагæн йæ цыфыддæр знаг? — Налатус! — нытътъæлланг та ласта, ардæм æрбацæуыны хæд размæ ногæй йæ бинойнагимæ чи фæхыл, уыцы Мычъа, æм^æ та залы адæм ныххудтысты. — Æви та ныр дæр разы не стут мемæ? Уæд ницы æмбарут æппындæр! Æмæ ныхæстæ мауал æхситт кæнут! 282
— Фæлæуу-ма, Мычъа, бауадз нæ нæхи бар! — фæтызмæг Турбег. Адæм та ныхъхъус сты, ничи ардта дзуапп. Æппынфæстаг та сыстад Астан æмæ загъта: — Алы адæймагæн дæр йæ цыфыддæр знаг, фыццаджыдæр, йæхæдæг у. Уымæн æмæ адæймаг йæхицæн нывыл аргъ кæнын æмæ кад кæнын никуы зоны. Æвзæр дзыхæй чи сдзуры, чи ныррасыг вæййы, стæй иннæ ахæм фыдуынд митæ æмæ фыдракæндтæ чи кæны, уымæй ферох вæййы, адæймаджы ном кæй хæссы, æмæ æфхæры йæхи. Адæймаг искæй æфхæрд нæ бары, йæхицæн та бары алцы дæр. Гъе уымæн свæййы йæхицæн цыфыддæр знаг. Адæм та цымыдисæй бакастысты Бадемæ, уый та уæлæмæ систа тырыса, æмæ та ныннæрыд къухæмдзæгъд. — Фæндзæм уыци-уыци! — хъæлдзæгæй сдзырдта Турбег: — Нæй сын æвзаг, нæй сын фенæн дæр, фæлæ нæ æрмæстдæр уыдон хонынц рухс фæндæггæм. Цы сты уыдон та! — Нæ рухс бæллицтæ сты уыдон! — хъæрæй загъта Тохти. Райхъуыст ма ноджыдæр хъæлæстæ: — Раст зæгьыс, Тохти! — Æнæ рухс бæллицтæ рухс фæндæггæ нæй! — Нæ, æз разы нæ дæн уемæ, — загъта Астан æмæ та сыстад. — Рухс бæллицтæ, зæгьут? Æмæ нæм цы сæвзæрын кæны рухс бæллицтæ та? — Дæумæ гæсгæ, цы? — Хорз зондахаст æмæ æфсарм! Уыцы дыууæ миниуæгæй гуыры æртыккаг: адæймаг йæ адæмы раз цы хæс дары, уый æмбарынад. Уыцы хæс æй хоны ахадгæ хъуыддæггæм, фæндаг та йын амоны йæ рухсæй æфсарм. О, о! Æфсарм у рухс фæндæгты рухс! — Æвæццæгæн, раст у дæ хъуыды, Астан. Æфсарм æхсæнады фидар у. — Æнæмæнг! Æфсарм кæм ис, уым нæй фыдуынд ми æмæ фыдракæнд! Бадейы сæрмæ та уæлæмæ ссыд тырыса. Ногæй та къухæмдзæгъд. Стæй сценæмæ схызт Астан. — Бахатыр кæн, Турбег, — загъта уый. — Фыццаджыдæр, нæ фæсивæды номæй бузныг зæгъын нæ буц хистæр Бадейæн. Æгайтма нын йæ уыци-уыцитæй айдæн сæвæрдта нæ размæ æмæ дзы нæхи федтам хуыздæр. Нæ сæры магъз нын сæнкъуысын кодта! Залы та сыстад къухæмдзæгьд. 283
— Дыккагæй та... — йæ ныхас дарддæр кодта Астан. — Турбег, ацы дзуаппытæ ссарджытæн зæрдæ æвæрдтай хæрзиуджытæй. Фæлæ мах ницы хъæуы. Нæ хæс у рæстæгæй рæстæгмæ нæхи иуварсæй фенын, цы стæм, цы архайæм, уыдæттæ. Æмæ та абон ногæй федтам, кæйдæр æбуалгъ къухтæй чи ныппырх, нæ уыцы цард нæхæдæг ноджы тынгдæр кæй пырх кæнæм, кæй нæ рох кæнынц не’фсарм, нæ хæстæ. Нæ алыварс цы уавæртæ сæвзæрд, уыдон нæм цы хуызы тæссаг монцтæ нæ гуырын кæнынц! Æмæ сæ цæмæй фервæзæм, уый тыххæй сымахмæ сидын, нæ фæсивæд: бонизæрмæ уынгты тигътыл æ1уыстæй чи лæууы, уыдон райдайæнт цæуын мæнæ нæ Галуанмæ, æмæ цæттæ кæнæм диссаджы концерттæ. Ласдзыстæм сæ алы хъæутæм. Коммерцион концерттæ! Ау, æвзæр куыст уыдзæн уый? Мæн фидарæй уырны, алкæмæ дæр уæ кæй ис истыхуызон курдиат. — Æз уын уыдзынæн цирчы хъазæг! — фырцинæй ныхъхъæр кодта гыццыл Тохти. — Æз та нæртон кафæг! — Æз та алæмæты зарæггæнæг! — Æз дæр! Æриут нын зарджытæ! — Мах уын цæгьддзыстæм дала фæндыртæй! Æппынфæстаг, райхъуыст залы тыхджын къухæмдзæгьд. Турбеджы хурхы уадындзтæ цины хъуыдытæй ахгæдтой æмæ сдзырдта тыхæй: — Бузныг, Астан! Нæ Галуан ницы архайы ныронг. Æппæтдæр, æхца нæй, зæгьгæ, уый æфсон кæнæм. Фæсивæды тых бирæ у... Горæтæй уæм стыр артистты дæр æрхондзыстæм, цæмæй уæм фæкæсой. Райдайут уал... Стæй фыднозт æмæ иннæ æвзæр миты ныхмæ сараздзыстæм не’ппæт хъарутæ. — Æмæ уал уый тыххæй саразæм нæ хъæуы фæсивæды комитет, йæ сæргьлæууæг Астан куыд уа, афтæмæй, — загьта Тохти. Уыцы фæнд æппæты зæрдæмæ дæр фæцыд, уымæн æвдисæн уыд сæ къухæмдзæгъд. Комитеты уæнгтæ куы равзæрстой, уæд зæронд Баде сыстад къæлæтджынæй æмæ рацыд размæ, тырыса йæ къухты тыхтæй рахаста, афтæмæй дзуры: — Фæсивæд, мæ хуртæ... Сымахмæ хъусгæйæ, цыдæрхуызæттæ сдæн æмæ мын дзурын зын у... Фæлæ æнрезæгьгæ нæй... Цалдæр азы дæргъы мæ зæрдæ фыццаг хатт байдзаг ныфсы хъуыдытæй. Астан, Тохти æмæ иннæ ахæмтæ кæм ис, уыцы фæсивæд нæ фесæфдзæн. Кæсын уæм æмæ... 284
Цæмæндæр уын фæтæригъæд кодтон. Денджызæй кæсаг былмæ куы аппарай, уæд уый цы уавæры уа, ахæм мæм фæкаст уæ уавæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон уæ аххос нæу... Мах, хистæртæ... Хæсты бахъахъхъæдтам нæ бæстæ æддагон лæбурджытæй, фæлæ йæ, йæхи мидæг цы пырхгæнджытæ разынд, уыдонæй бахъахъхъæнын нæ бон нæ баци. Уый тых — хæй уæ курын хатыр. Ныббарут! Зæронд лæджы цæстытыл фæзынд цæссыгтæ, йæ сæр та æруагъта ныллæг. Фæсивæд хорзау нал фесты, фестадысты тыхстхуызæй, зæрондлæгæн уымæй кад кæнгæйæ. Фестадысты иннæтæ дæр. — Ма кур хатыр, Баде! — сыхъуыст залæй æрыгæттæй кæйдæр хъæлæс. — Ма кур! Цы аххосджын стуг сымах?! — сдзырдта, чи скуыдта, ахæм сылгоймаг. — Уыцы пырхгæнджытæ лæгæй-лæгмæ тохгæнджытæ нæ уыдысты. Фæсте бахъуызгæйæ бакодтой сæ фыдгæнон сау ми! — загъта Астан. — Уыдон уын цы цъымарайы цад сарæзтой, уым ма нынныгьуылут, — загъта дарддæр Баде. — Макæй былдауæн ныхæстыл æууæндут. Ивгъуыд цардыл чидæртæ цъыфкалæнтæ кæнынц... Уыцы рæстæджы адæймаг æндæр уыд. Арæх мæ бафæрсынц, хæсты ацы хынджылæггаг царды охыл калдтай дæ туг, зæгъгæ. Мæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтон æз æмæ фæсмон нæ кæнын. Абон дæр йæ нывонд уæд мæ сæр. Уарзут мæнæ уыцы ивгъуыд бонты тырыса. Адæмы сæрвæлтау йæ туг чи ныккалдта, уыдоны тугæй райгуырд, сырх дæр уымæн у. Ноджы ма у арты æнгæс. Йæ зæрдæ адæмы уарзтæй артау кæмæн сыгъд, тугкалæн хæсты нæ уæлахизы бæрзæндтæм чи хуыдта йæ фæдыл, уыцы партийы риуы цæхæры бахсыст ацы тырысайы намыс. Фæстаг азты нæ диссаджы бæстæ чи ныппырх кодта, уыцы парти Ленины парти нал уыд, æрмæст ма йæ ном баззад, бамбыд. Мачи йæ ивддзаг кæнæд Ленины партиимæ. Ленинæн йæ кой дæр нал уадзынц нырыккон зыдгæнджытæ, давджытæ, стигъджытæ æмæ лæгмартæ. Уыдон тынг разы сты нæ ныры цардæй. Æрмæстдæр сæхи дзыппытæ æмæ гуыбынты кой кæнынц, бæстæйы мæт сæ нæй. Адæм сæм нымады дæр не сты, нæ сæ хъæуг сымах дæр! Сонт рæстæг сонт кæны адæймаджы! Фидар фæлæуут, ма фæкæлут! Ныннæрыд тыхджын къухæмдзæгьд. — Бузныг, Баде! — загъта Астан. — Бузныг, нæ буц хистæртæ! Ныббарут нын уæхæдæг... Кæд суаиккам уæ аккаг 285
фæлтæр. Сымах бахъахъхъæдтат нæ бæстæ æддагон лæбурджытæй, мах та йæ хъуамæ бахъахъхъæнæм, йæхи ми — дæг ын цы фыдызнæгтæ ис, уыдонæй. Дæ къухты уыцы тырыса æмæ дæ урс зачъейы намыс кæддæриддæр нæ фæндагамонджытæ уæнт! Адæмы къухæмдзæгъдæй залы къултæ нызмæлыдысты. Иннæ бон Баде сæрыстыр æмæ ныфсджынæй дзуры Орзетæмæ: — Чызг, мæ хур... Астаныл зæрдæ дарæн ис. Сæрæн лæппу у... Сæрæн! Орзетæ бамбæрста, йæ баба цы зæгъынмæ хъавыд, уый, æмæ бахудт. — Кæдæй-уæдæй чидæр дæ зæрдæмæ фæцыд, баба, — загьта чызг æмæ уисоимæ рахызт кæртæй уынгтæ мæрзынмæ. Уыцы афон уынджы æрцæйцыд Астан. — Байрай, Орзетæ, — загьта лæппу. — Нæ кафджыты къордæн фæндырæй хъуамæ цæгьдай ды. — Гъемæ хорз. — Стæй ма... — Стæй ма цы? Астан чысыл фæстæдæр сдзырдта мынæг хъæлæсæй: — Уый æндæр хатт. Чызджы зæрдæ айдзаг цины æнкъарæнтæй... 1998 аз. 286
ИÆРТОНГУЫРД * Фыдæвзаг хох халы. 1 Стыр-Дыгуры хъæу æрæнцад Дыгургомы егъау хохы фахсыл, йæ бынмæ та гуылфæнгæнгæ æмæ уынæргьгæ згьордта тызмæг Æрæф. Доны фале дæр уæлæмæ фæцыд бæрзонд хох йæ цъитиджын цъуппытимæ. Йæ фæхстыл скодта нæзы бæлæстæй хъуынтъыз кæрц, æмæ йæ рог дымгæ фæйлыдта, сæрды дзы æдзухдæр адæймаджы риумæ калд алæмæты уддзæф. Зын æмæ æвадат кæд нæ уыд хохагæн йæ фæллой! Фæлæ уæддæр, фæллад нæ зонгæйæ, куыста цæхæрцæст лæппу Хæмыц. Æлдары ном нæ Хаста, мæгуыртæм дæр нæ хауд, йæ фыд ын ныууагъта бынтæ: фос, зæххы гæбаз. Æвæццæгæн ын иу цалдæр æххуырсты дарын дæр æмбæлд, фæлæ йæхæдæг фæллой кæнын уарзта, бахъуаджы сахат-иу æм фæкастысты йе’мбæлттæ дæр, æмæ йæ хæдзар дардта. Ноджы уыд хорз цуанон, æмæ йæ бинонтæ сырды фыдæй цух никуы уыдысты. Йæ фосæй та Хæмыц уæлдай фылдæр уарзта зилын, афæдз кæуыл сæххæст, ахæм байрагмæ. Цæвиттон, байраг куы райгуырд, уæд къуырийы фæстæ йæ мад ныммард цавæрдæр низæй, æмæ йæ Хæмыц хъуджы’хсырæй хæссын райдыдта. Йæхиуыл фæхæцыд йæ даринаг, мæлæтæй йын тас нал уыд. Уындæй та дардмæ дæр бынтон бæрæг дардта: уыди сырх, фæлæ йæ ных æмæ йæ къæхты кæрæттæ та — урс-урсид. Иу бон Кæсæгæй Дыгургоммæ сыхъуыст хабар: амард номдзыд кæсгон æлдар Тасолтанты Тасолтан. Мæлæты размæ, дам, бафæдзæхста йæ авд фыртæн: "Уæ иунæг хо йæ мойкæныны кармæ куы схæццæ уа, уæд æй ратдзыстуг, æртæ азы фæстæ. Æрмæст мулкмæ ма бахæлæг кæнут, мулкхъуаг не стут. Уæ сиахсаджы лæджыхъæдæй бафæлвардзыстут. Фыццаг бар ратдзыстут Кæсæгæн, дыккаг бар — Цæцæн-Мæхъæлæн. Æртыккаг бар ратдзыстут Дыгуры фæсивæдæн — бирæты дзы федтон, сæрæн сты". Диссаджы хабар куыд нæ уыд уый!.. Æниу æй цы диссаг кæнæм? Алы дугæн дæр вæййы йæхи æгъдау æмæ фæтк. Хæмыц, хабар фехъусгæйæ, бахудт æмæ дзуры йе’рдхорд Асланмæ: — Цымæ цавæр зæды хай у уыцы авд æфсымæры иунæг * Ацы уацмысы бындур у æцæг хабар 17 æнусæй. 287
хо? Кæй хай фæуыдзæн æртæ азы фæстæ? — Æвæццæгæн, сæрæндæр чи разына, уый хай. Ныр та уал рæзы дидинæг йæхицæн, — загъта Аслан, стæй ныуулæфыд: — Ехх, æвæдза! Уым канд сæрæндзинад нæ — уынд дæр дзы афтæ бахъæудзæн. Ды хæрзконд дæ, Хæмыц, бæргæ. Фæлæ æз... — Цæй, махмæ дзы цы хауы?! — ныххудт Хæмыц. Уыцы бонæй фæстæмæ Хæмыцы сæнтты райгуырд, фæстагмæ йын уæрæх базыртæ чи ратдзæн, ахæм бæллиц. Тасолтанты рæсутъды сурæт йæ хъуыдыты сныв кодта йæхицæн æмæ дзы нал хицæн кодта. Цыдис рæстæг. Хæмыц йæ байраджы хаста æвзаргæ хæринæгтæй. Уыимæ-иу æй акодта Хæресы фæзмæ æмæ йæ уым хибарæй уадындзы цагъдмæ цæуыл нæ ахуыр кодта! Æхсæв фынæй кæнын афон йедтæмæ кæрæдзийæ бирæ нал хицæн кодтой. Искуы-иу байраг искæдæм куы афæсвæд, уæд та-иу æм Хæмыц, дыууæ армæй йæ дзыхæн хæтæл ацаразгæйæ, ныууасыд, æмæ-иу байраг цæстыфæныкъуылдмæ йæ уæлхъус æрбалæууыд. Кæрæдзийыл ахæм æнувыд уæвгæ нæма фендæуыд. Хæмыц байраджы афтæ уарзта, æмæ йын ратга ном "Цæстырухс". Афтæмæй рацыд афæдз, стæй дыккаг, фæуд кодта æртыккаг афæдз дæр. Цæстырухс сси æцæгæй цæстыты рухс — диссаджы рæсугъд дугьон: гуыбынæлвæст, даргъ нарæг къæхтæ, кæннод йæ сæр куыд бæрзонд хаста, стæй йæ фидауц бæрзæйыл куыд аив бадтис йæ барц! Хæмыц-иу йе’ккоймæ куы сæппæрста йæхи æмæ-иу дутъон уынгты уыцы хъалхуызæй сиргæйæ куы рцыд — йæ цæст ыл чи не’рæвæрдтаид! Ноджы Хæмыц ссардта дæсны куырд æмæ йын уымæн æндон-болат цæфхæдтæ ныссадзын кодта. Бынтон диссаг уый уыд, æмæ-иу Цæстырухс хохаг дурджын фæндæггыл фатау куы атахт, уæд- иу йæ къæхты бынæй зынджы стъæлфæнтæ куыд калд! Уыцы сахат-иу адæймагмæ афтæ зынди, цыма Цæстырухс рагон нæртон аргьæуггæй æрбаирвæзт ацы коммæ. Хæмыц та... Цæстырухсимæ фидарæй фидардæр кодта йæ ныфс, æмæ йæ сомбоны сгуыхтдзинæдтæм цæттæ кодта йæхи. 11 Кæсæгæй ногæй схæццæ хабар, Тасолтантæ къуырийы фæстæ, иннæ дыццæджы, кæй фæлвардзысты усгурты лæджыхъæдæй. Стыр-Дыгуры хистæртæ æрæмбырд сты сæ 288
Ныхасмæ. Фæдзырдтой фæсивæдмæ, Кæсæгмæ кæй арвыстаиккой, уыдоны сæ сбæлвырд кæнын фæндыд. Ссыдысты комы иннæ хъæуты лæппутæ дæр. Æнусты размæ монголтæ цагътой аланты, фæлæ сын бынцагъд фæуын нæ бакуымдтой, нæ! Ногæй та сбирæ сты аланты фæдонтæ æмæ сæм сæвзæрд сагсур фæсивæд! О, Кæсæгмæ кæй арвыстаиккой, ахæм цæхæрцæст лæппутæ чысыл нæ уыд Дыгургомы! Бирæты бафæндыд ацæуын æмæ сæ амонд бафæлварын. Æмæ уæд хъæуы хистæр — æлдар Бадзай — загъта: — Иугæр Тасолтантæ нæ фæсивæдæн лæгдзинад равдисыны бар дæттынц æмæ разы сты немæ бахæстæг кæныныл, уæд сæм арвитын хъæуы ахæм сæрæнгуырдтæ, Дыгургомы кад дæлæмæ чи не’руадза, кæсгон æмæ нæ иннæ адæмты цæсты чи нæ бафтауа. Уыцы хъуыддаджы фидарæй зæрдæ дарæн ис Хæмыцыл æмæ уый арвитын хъæуы, йемæ та ма йе’мбæлттæй иу цалдæры. Хæмыцы зæрдæ цинæй байдзаг. Фæлæ йæ мад Госæгъа, йæ фырт кæдæм абалц кæнынмæ хъавы, уый куы базыдта, уæд хæдзары загъд-замана систа: — Цы сонт зæрдæ дæ тæры Кæсæгмæ?! Æви афтæ æнхъæлыс, дæ хуызæн усгуртæ дзы нæ уыдзæн? Уыцы хъал фæсивæд алы рæттæй!.. Ды се’хсæн зынгæ дæр нæ фæкæндзынæ! Исты фыдбылызы дæр ма дæ ныссадздзысты! — Цæмæйты тæрсыс, нана?! — ныххудт Хæмыц. — Банцай, зæгъын! Никæдæм цæуыс! — Раст зæгъы нана, — сдзырдта Хæмыцы хо Зæриат, — нæхи комы дзæбæх чызджытæ чысыл куы нæй, мыййаг. — Куыд не’мбарут хъуыддагæн йæ уидаг? — Æмбарæм, ме’ фсымæр: дæ лæгдзинадæй рæсугъд чызг рамбулай, уый дæм уæлдай диссагдæр кæсы. — Стæй æгайтма нæ хорз сыхаг Кæсæджы немæ бахæстæг кæнын фæнды! — Кæсæджы адæмимæ æнæ уый дæр знæгтæй нæ цæрæм! — загъта Госæгъа. — Уарзæм сæ. Фæлæ ацы хъуыддаг ныууадз! — Æвæдза, куыд тæппуд дæ, мады зæрдæ! — бахудт Хæмыц. — Де стыр уарзт дын куыд арæх сæтгы дæ хъару! — Лæппу!.. — Ацы ран мадæлты коммæ бакæс, зæгъгæ, æвæццæгæн иу лæппу дæр йæ къах нæ авæрид нæ комæй. Æмæ нæ уæд цы схондзысты нæ сыхæгтæ?! 289
Хæмыц рахызт уынгмæ тызмæг хъуыдытимæ: хъыг ын уыд, йæхиуæтты мæты кæй бафтыдта, уый. Фæлæ йын фенцон, йе’рдхорд Аслан æм куы’рбацыд, уæд. — Хæлæг дæм кæнын, Хæмыц, цæмæндæр, — загъта уый. — Уæвгæ хæлæг кæнын мæхимæ дæр. — Дæхимæ та цæмæн? — Дæ хуызæн æрдхорд кæмæн ис! Дыууæ лæппуйы хъæлдзæг ныххудтысты æмæ кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой. — Уæд та æз дæр ацæуин демæ? — Фæлварæнты архайдзынæ? — Фæлварæнты нæ. — Уæдæ уæд ма цу. — Æнæуи дæм мæ цæст фæдардзынæн. — Нæ хъæуы, Аслан. Æрбахæстæг абалц кæныны бон. Адæм тыхамæлттæй æрсабыр кодтой Госæгъа æмæ Зæриаты, афтæмæй æрæмбырд сты Ныхасмæ, Кæсæгмæ чи балц кодта, уыдонæн фæндараст зæгьынмæ. Бæлццæтты ’хсæн бæлвырд бæрæг дардта Хæмыц йæ цъæх цухъхъайы æмæ йæ дугъоныл. — Цытджын Уастырджи уе’ххуысгæнæг уæд! — скуывта Бадзай. — Куы ницы рамбулай, уæд бынтон ма фæтыхс, — бадзырдта Хæмыцы хъусы Аслан. — Дзæбæхæй нæм сыздæхут. — Бузныг, ме’рдхорд! Бузныг уе’ппæтæн дæр! Хорзæй баззайут! — фæхъæр кодта Хæмыц, æмæ йе’мбæлттимæ атахтысты сæ дугъæтгыл. — Лæгты зæд, фæдзæхсын дыл сæ! Фыдбылызæй сæ бахиз! — скуывта Госæгъа дæр æмæ хæдзары ’рдæм азылдта йæхи,— Хивæнд! О куыд хивæнд у! 111 Кæсгон хъæу. Хъæздыг Тасолтанты хæдзары бахъомыл диссаджы рæсугъд чызг Фатъимæт. Йæ дыууæ сау цæстыл æркъæлæт сты сатæгсау æрфгуытæ. Йæ сырх былты бахудтæй æмæ йæ цæстыты кастæй уæлдай тынгдæр скъæфта лæппуты зæрдæтæ. Йæ фидауц нарæг астæуыл та дæлæмæ æрцыдысты даргъ быд дзыккутæ. ( Йæ кæстæр æфсымæр Гондайы хуызæн Фатъимæт дæр йæ чысылæй уыд цæрдæг æмæ фыдуаг, стæй хивæнд, уыимæ хъæлдзæг. Йæ хистæр æфсымæртæ йын барстой йæ уыцы 290
миниуджытæ, суанг дзы разы дæр ма уыдысты. Буц дардтой сæ иунæг хойы æмæ йæм ныхмæлæуд ныхас никуы кодтой. Уый хыгъд чызг, бахъомыл уæвгæйæ, сси барджын æмæ-иу æфсымæрты змæлдæй гыццылдæр исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцыд, уæд-иу сæм ахыл кодта. Сымах кæд нæлгоймæгтæ стут, уæддæр авд стут, æз та уын иунæг хо дæн æмæ æз зынаргьдæр дæн, зæгъгæ, сын дзырдта хаттæй-хатг, уыдон та- иу ыл кæл-кæлæй ныххудтысты. Уæлдай арæхдæр-иу рабыцæу Гондаимæ, фæлæ-иу уайтагъд алымæн сты фæстæмæ æмæ та- иу худын, хъазыныл фæцалх сты. Гондай йæ хойы кой зæхмæ дæр нæ уагъта, сæрыстыр дзы уыд, йе’вастæй кæнгæ дæр ницы кодта, æдзухдæр-иу æй йæ фæндонæй афарста. Къæбæр дæр йæ хъуагæй нæ хордта. Фосы мыггагæй Фатъимæт æппæтæй фылдæр уарзта бæхты, йæ сабийы бонтæй фæстæмæ сæм кæсынæй не ’фсæст. Куы байрæзыд, уæд та йе’фсымæртæн лæгъстæтæ кодта арæх, цæмæй-иу æй, искæдæм бæхтыл цæугæйæ, сæ фæсарц авæрдтаиккой. Куы нæ йæ æвæрдтой, уæд-иу тæргæйттæ æмæ кæуын райдыдта. Æфсымæртæй дыккаг — Музачир ын арæх фæтæригъæд кодта æмæ-иу æй йæ фæсарц авæрдта бæхыл. Чызг куы байрæзти, уæд æй Музачир сахуыр кодта бæхыл хибарæй тезгъо кæныныл æмæ, æнпынфæстаг, сси дæсны барæг. Йæ кæстæр æфсымæр Гондайы дæр ма уый фæстæ чызг сахуыр кодта бæх скъæрыныл. Æмæ-иу ныр иумæ арæх ауадысты искæдæм хæстæг балцы, хаттæй-хатт та-иу дугъы дæр ерысы бацыдысты, чи нæ фæразæй уа, зæгьгæ. Тасолтанты авд æфсымæры сæ иунæг уарзон хойæн самадтой сæрмагонд мæсыг, цæмæй фæлварæнты бон йæ курджытæм бæрзондæй кæсын йæ бон суа æмæ равзара, йæ зæрдæмæ дзы тынгдæр чи фæцæуа, уый. Мæсыгæн йæ цыппар рудзынгæй дыууæ кастытсты хæдзары уæрæх кæртмæ, дыууæ та иннæрдыгæй — фæзмæ. Фатъимæт-иу уырдыгæй куы ракаст, уæд-иу афтæ зынди, раст цыма уæларвон зæдтæй чидæр æрцыд мæсыгмæ æмæ уый каст рудзынгæй. Хъйеуы алыварс цы къуылдымтæ уыд, уыдоны рæгътæй дæлæмæ кæсгæйæ та адæймаг уæлдай хуыздæр уыдта, мæсыг ныллæг хæдзæртты’хсæн уæлæмæ куыд фæцыд æмæ дзы хъæуы æрдзывæрд цас фæаивдæр. О, номдзыд Тасолтанты хъæу æнæ уый дæр иннæ кæсгон хъæуты’хсæн уæлдай зындгонддæр æмæ кадджындæрыл нымад уыд. 20. ÆНÆИЦОЙ ЗÆРДÆ 2Л
Ныр, йæ мой кæныны афон, Фатъимæт куыд аивта йæ уаг! Сси бынтон уæздан, хъуыдыдзаст, фæлæ ноджы барджындæр. Нæлгоймæгты’хсæн дæр йæ фæндон зæгъын йæ бон уыд хиуылхæцгæ хъæлæсæй, фæлæ уæндонæй. Стæй йæ ныхасæн кад кодтой иууылдæр. Азтæ ма йыл куы рацæуа, уæд æвæццæгæн, суыдзæн нарты Сатанайы халдих. Гъе’рмæст цы уыдзæн райсом, фæлварæнты бон? Сагъæссаг хъуыдыты ныгъуылгæйæ, Фатьимæт иунæгæй бадти йæ уаты. Мæнæ йæм фæзындысты йæ лымæнтæ — се’ххуырст дыууæ чызджы Таужан æмæ Апчарæ. — Æхсин, цæмæндæр мыл катай бахæцыд, — загъта Таужан. — Мæныл дæр, — тагьдгомау сдзырдта Апчарæ. — Æллæх, райсом дæ хъысмæт куыд алыг уыдзæн, зæгъгæ, куы ахъуыды кæнын, уæд мæ буар адæрзæг вæййы. Æллæх! — Тыхсгæ-ма ма кæнут, мæ дзæбæх хæлæрттæ, — бахудт Фатъимæт. — Хъуамæ æппæтдæр уа хорз. — Æллæх, мæ цæстытыл рагацау уайы, райсом цы хæрзконд усгуртæ æрæмбырд уыдзысты нæ кæртмæ. Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласы! — Нæ, чызджытæ, уынд дæр хорз у, фæлæ нæлгоймаг йæ сæрæндзинадæй фидауы. Лæхъир лæгтæй ме’сæфт уынын. — Æмæ, зæгъæм, дæ курджытæй сæрæндæр чи разына, уый уындæй уыдзæн фыдуынд, æмæ йæ дæ зæрдæ нæ райста, уæд та? — Нæ зонын, Таужан... Мæ курæг цыфæнды хæрзконд куы уа, уæддæр лæджыхъæдæй цауд куы разына, нæ йæ саккаг кæндзынæн мæхицæн. — Æллæх, æхсин, зæрдæ хивæнд у... — Зæрдæ куырм у, арæх рæдийын дæр зоны. Йæ рохтæ мæ къухты сты. Иннæмæй та... Уадз нæлгоймæгтæ нын зоной аргь кæнын. Стæй зоной сæхи дæр... Сылгоймаджы зæрдæ уæздандзинад æмæ сæрæндзинадæй чи æлхæны, æрмæстдæр уыцы нæлгоймаг у уарзыны аккаг. — Æллæх, æхсин, райсом дæ исчи куы ахæсса, уæд мах æнæ дæу цытæ кæндзыстæм? — Æцæг, æцæг! — Ма тыхсут, никæмæн бакомдзынæн, — зæрдæбынæй ныххудт Фатьимæт. IV Иннæ бон Тасолтанты уæрæх кæртмæ æмæ сæ разы уынгмæ æмбырд кæнын райдыдтой, йæ амонд бафæлварын 292
кæй бафæндыд, уыцы усгуртæ Кæсæгæн йæхицæй, стæй Цæцæнæй æмæ Мæхъæлæй. Куыд хæрзконд зындысты сæ хъал бæхтыл хъæздгуыты фырттæ уыцы фæлыстæй! Сæ хъаматы хæцæнтæ сæ кæрддзæмттимæ æмæ сæ рæттæ ферттив- ферттив кодтой æвзистæй. Се’хсæн уыд мæгуырты фырттæй дæр. Уыдон дæр зындысты аивг сæ сæртæ бæрзонд дардтой сæ уæлæдарæсæй нæ, фæлæ сæ ныфсг се’хсарæй. Ог æрæмбырд сты амæй-ай хуыздæр усгуртæ! Фыдæлтæй сæ фырттимæ ничи уыд, кæсгон æлдар Абдуллахы йедтæмæ. Уый æрбацыд сыхаг хъæуæй тынг ныфсхастæй йæ фырт Темботимæ. Æмæ æцæгæй дæр лæппу уыд тынг уындджын йæ сырх цухъайы. Ноджы-иу йæ быны йæ урс бæх куы ныммыр-мыр кодта, йæ фæстæгтыл слæугæйæ кæдæмдæр атæхынæввонг, цыма йæ йæ барæг тыхæй урæдта!.. Абдуллахмæ афтæ каст, цыма йæ фыртæй хуыздæр уым иу усгур дæр нæ уыд. Æмæ-иу цымыдисы каст бакодта Тасолтанты æфсымæртæ æмæ сæ хистæртæм, цы цæстæй кæсынц мæ фыртмаэ, зæгъгæ. Уыимæ хинымæр мæсты кодта: "Нæ фæлæ куыд хиуарзон лæг уыд Тасолтан! Кæддæриддæр иннæ æл— дæрттæй йæхи уæлдæр кодта æмæ йæ мæлæты размæ уымæн бафæдзæхста йæ фырттæн... Ома, æркæсын нæм кæндзыстут адæмты, мах йедтæмæ ахæм чызг кæй никæмæн ис, зæгъгæ. Цыма нæхи кæсгон лæппуты’хсæн сæ чызджы аккаг усгур нæ разындаид. Куыд нæ бафхæрдта, куыд! Пуй, мæрдты зындоны хай фæуа йæ сæр! Чырыстон дингæнæг Дыгурмæ та ма цы фæхабар кодтой?! Æбуалгъ ми! Пуй, сæрхъæнтæ!" Ахæм хъуыдытимæ Абдуллах йæ цæст ахаста æппæт усгуртыл, цымæ дзы дыгурæттæ кæцытæ сты, зæгъгæ. Фæлæ сæ чи кæцон уыд, уый йæ ныхыл фыст никæмæн уыд, æмæ сæ Абдуллах нæ раиртæста. Æрмæст йæ зæрдыл æрбалæууыд, дыгурæттæм дæр пысылмæттæ кæй ис, кæй сæм ис, Тасолтан хæларæй кæимæ цард, ахæм пысылмон æлдæрттæ. Кæрты фæйнæрдыгæй лæууыдысты бæхбæттæнтæ: иуæрдыгæй хъæздыг усгуртæн, иннæрдыгæй та — мæгуыртæн. Усгуртæ сыл, æрфистæг уæвгæйæ, бабастой сæ бæхтæ. Ны — ридæгæн мæсыджы рудзынгæй кæртмæ дæлæмæ кастысты Фатъимæт, Таужан æмæ Апчарæ. — Æллæх, æхсин, цы диссаджы усгуртæй байдзаг нæ алыварс! Мæ цæстытæ сæ атартæ вæййынц. Цыфæнды чызг дæр, уыдонмæ кæсгæйæ, кæнæ фæсæрзилæджджын уыдзæн, кæнæ йæ зæрдæ атъæпп уыдзæн. Мацы дыл æрцæуа, æхсин? Æллæх! 293
— Дæхиуыл фæхæц, Апчарæ, мæнæн ма тæрс! — ныххудт Фатъимæт. — Дæхи дзæгъæлы ма стыхсын кæн, Апчарæ. Æхсины раз æз æмæ дæумæ чи æрбакæсдзæн? — Гъе уыцы зондджын ныхас мæ зæрдæ куы ’мбарид, Таужан! Æллæх! Уалынмæ кæрты фæзындысты усгуртæ Дыгургомæй. Адæм хæлиудзыхæй ныккастысты, дыгурæтгы ’хсæн, йæ чъылдым размæ, афтæмæй йæ дугъоныл чи æрбацыд, уыцы бæзæрхыг лæппумæ йæ цъæх цухъайы. — Æллæх, уый та цавæр æмбисонд у?! — сдзырдта, мæсыджы рудзынгæй дæлæмæ кæсгæйæ, Апчарæ. — Æхсин, уыныс дæлæ? Барæгæн йæ фæсонтæ размæ!.. Мыййаг, йæ цæстытæ йæ къæбутыл сты?! Ахæм диссаг!.. Æллæх! — Цымæ цы зæгъынмæ хъавы уымæй? — загъта Таужан. — Æнæмæнг æрра у! Æллæх! — Нæ, чызджытæ, мæнмæ гæсгæ, уый барæй кæны афтæ, цæмæй иннæ усгуртæй хицæн кæна æмæ йыл иууылдæр сæ цæст æрæвæрой. — Уæлдайдæр ды, æхсин! Ничи йæм кæсы?! Йе’рра митæ!.. — рамæсты Апчарæ æмæ рудзынгæй дæлæмæ æрдзырдта: — Ма дын бантыса, кæд цытæ кæнын уæндыс, лæппу! Фатъимæт рудзынгæй æрæппæрста барæй туркаг тæнæг кæлмæрзæн. Барæг ацахста кæлмæрзæн æмæ мæсыджы алыварс æртæ хатты æрзылд, стæй бæхæй æргæпп кодта, мæсыджы скуыси, уæлæмæ суад æмæ Фатъимæты уæхскыл æрæвæрдта кæлмæрзæн. Æхсины афтæ хæстæгмæ куы федта, уæд йæ цæргæсы цæстытæ цæхæртæ ракалдтой. Æхсины зæрдæ та ссыгъди лæппуйы цæстыты цæхæрæй. Барæг æруад фæстæмæ йæ бæхмæ, кæрты хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæн цы хицæн бæхбæттæнтæ уыд, уыдонæй иумæ дæр нæ бацыд, æрлæууыд сæ астæу æмæ йæ дугъоны ауагъта фæзмæ. — Кæцæй дæ, лæппу? — бафарста барæджы Тасолтанты мыггаджы хистæр Магометгери. — Дыгургомæй. — Кæмæй дæ? — Хæмыцатæй. Хæмыц мæ ном. — Æрбахæццæ сты! — мæстыйæ бадзырдта Абдуллах йæ фырт Темботы хъусы. — Пуй, уыдоны хъуаг ма уыдыстæм! Цыдæр æдылыгонд у уыцы цъæх лæппу. Йæ бæхыл куыдæй æрбацыд! Цыма Фатъимæты рæсугьд йæ мæтæй мæлы?! Ацы 294
дыгурæттæ мын æнæуынон сты. Кæддаер мын мæ фосы дзуг куыд атардтой! — Ныууадз сæ, баба, ныртæккæ уыдæттыл не стæм, — фæтыхст Тембот. — Мæ фосы дзуг!.. — Сæхи фос, дам, куы уыдысты. Не’ххуырстытæн, дам, сæ куы’рбатæрын кодтай нæхимæ. — Уыцы хабарæн та ды цы зоныс? Ды ма уæд хæрз чысыл куы уыдтæ. — Баба!.. — О, ме’ххуырстытæ æрбатардтой уыцы фос. Фæлæ сæ фæстæмæ куы акодтой дыгурæттæ. Тынг уæзданæй сæ куы ауагътон, иу топпы гæрах дæр сæ фæдыл нæ фæкодтон — цæмæн ма мæ агуырдтой уый фæстæ марынмæ? Нæ фæлæ цъаммар сты! Пуй! Абдуллахы зæрдыл æрбалæууыд, йе’взонджы бонты давыныл куыд фæцалх æмæ давæггаг мулкæй æлдар куыд сси. Æлдар суæвгæйæ та давыныл куыд ахуыр кодта йе’ххуырстыты. Æмæ йæ афтæ тынг фæндыд, Тембот ын йæ уыцы фæлтæрддзинад куы ахастаид дарддæр. уыи охыл фемæхст, йæ ныхæстæ йæ дзыхæй тахтысты иу иннæйы фæдыл, кæрæдзийы размæ схойгæйæ, сæ бауромын йæ бон нал уыд. — Давгæ чи нæ кæны?! Уæдæ куыдæй схъæздыг сты хъæздгуытæ? Арвæй сæм куы ницы æрхаудта. Мæнæ ам цы хъæздыг усгуртæ ис, уыдон дæр давгæйæ схъæздыг сты, лæппу. О-о! Давын худинаг нæу рагæй дæр! Гъе’рмæст зонын хъæуы, кæмæй давай. Дьиурæй нæ... Куыйтæ сæ бахæрæнт! Фæлтау нæхи кæсгæттæй... дард хъæутæй. Хиуæттæй давын æнцондæр у, стæй æдасдæр. Давын та æнæмæнг хъæуы, лæппу. Æз фæзæронд дæн, фæлæ ды... Æмæ дæхæдæг нæ... Не’ххуырстытæй скæн сæрмагонд къорд... Ды сын æрмæст разамынд дæтт, æмæ уыдон сæ куыст кæндзысты. Алцы дын уыдзæн дæ хъуырмæ. Цас дын дзурын? Бакæс-ма уæртæ уыцы хъæздыг усгуртæм, сызгъæрин æмæ æвзистæй тæмæнтæ куыд калынц! Ды сæ не’ййафыс... Цæмæн сæ хъуамæ дæлдæр уай? — Бауадз-мамæ, баба, сфæлмæцыдтæн дæ! — загъта Тембот æмæ иуварс ацыд. — Гъер ахæм фыртимæ кæрдо цæгъд! Пуй! Абдуллахы бон бамбарын нæ уыд, йæ фырт фæлварæнты размæ æндæр хъуыддæгтыл кæй мæт кодта. Кæд, усгуртæ сæ лæгдзинадæй цы рамбулинаг уыдысты, уый æппæтæн дæр бæлвырд уыд, уæддæр Тасолтантæ 295
фæлварæнты рамбулджытæн снысан кодтой æртæ хæрзиуæджы: хъазты аивдæр чи акафа, уымæн — хъама æвзист хæцæн æмæ ронимæ, топпæхстæй рæстдзæвиндæр чи разына, уымæн — сау нымæт, дугьы чи фæраздæр уа, уымæн та — Фатъимæт йæхæдæг кæй бахуыдта, ахæм æвзистæй фæлындгонд цухъхъа. Рамбулджытæй чызг кæй равзæрстаид, уый йæхи бар уыд, ацы хæрзиуджытæ та æрæвæрдтой зынгæ ран. Тасолтантæ æмæ сæ хъæуы фæсивæд æрлæууыдысты тымбыл, иу сæ æрцагъта фæндырæй, иннæтæ та йын къухтæй æмдзæгъд кодтой. Райдайæны уал хъазтмæ рахызтысты радыгай кæсгон лæппутæ. Алчи дæр сæ йæ уæздан кафтæй, йе уæнгты аивзмæлдæй архайдта Фатъимæты зæрдæ æрсæттыныл. Се’ппæтæй тынгдæр сфидыдта кафты йæ фидауц гуырыкондимæ Абдуллахы фырт Тембот. Уый фæстæ та ныййазæлыд цæцæйнаг, стæй мæхъæлон кæфтыты цагъд. Сæ арæхстдзинад æвдыстой уыцы адæмты минæвæрттæ дæр. Æппынфæстаг хъазтмæ рацыд Хæмыц æмæ йæ къахы фындзтыл слæууыд. Ныййазæлыд ирон тымбылкафты цагъд. Хæмыцы къæхты змæлдыл цæст нæ хæцыд. Куы йæ къахы фындзтыл кафыд, куы æнæуый — хæххон цæргæс фестад раст! Стæй кафт куы фæци æмæ хъазтæмдзæгъд дæр куы банцад, уæд Хæмыц дыууæ армæй хæтæл акодта йæ дзыхæн æмæ фæзы’рдæм ныууасыд — йæ дугъон æм фатау æрбатахт. Хæмыц йе’ккоймæ фехста йæхи æмæ, йæ дзыппæй уадындз сисгæйæ, æрцагъта ирон симды цагъд. Бæх симын райдыдта. Ахæм ныв уынгæйæ, адæм цавддуртæ фестадысты, ныхъхъус сты æмæ та джихæй ныккастысты нæртон бæх æмæ барæгмæ. Цасдæры фæстæ та Цæстырухс йæ раззаг къæхтыл ныллæг æруагъта йæхи æмæ адæмæн йæ сæрæй æркуывта — адæм фырдисæй фæсонт сты. Ныййазæлыд тыхджын къухæмдзæгъд. — Æллæх, æхсин, уыцы диссаг мæ фыны федтон æви?! — йæ зæрдæйыл фæхæцгæйæ, сдзырдта Апчарæ. — Ахæм нæртон æмбисонд нæма федтон æз дæр, — загъта Фатьимæт. — Кæцы аргъæутты комæй мæм фæзындысты уыцы бæх æмæ барæг? — Æцæгæй, чи нæма æрцыд, ахæм æмбисонд! — загъта Таужан дæр. — Æллæх, сулæфынхъом нал дæн! Дæлæ кæрты адæм дæр... Æллæх! — Дæхиуыл та фæхæц, Апчарæ. 296
— Тæрсын, абон мæ чемы баззайон? Æллæх! Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг хæрзиуæг — хъама — радтой Хæмыцæн. Абдуллах æмæ йæ фырт цæттæ уыдысты фæуæлахизуæвæджы аныхъуырынмæ. Хæмыц куы нæ уыдаид, уæд кæфтыты фыццаг бынат æнæмæнг бацахстаид Тембот. — Не’намондæн æрцыд ацы дæлимон! Пуй, фыдбылызы хай фæуа йæ сæр! — хинымæр ныккæрзыдта Абдуллах. — Йæ бæх дæр дæлимонты бæстæйæ у! Æцæг фосы ’хсæн ахæм нæй! Иннæ усгуртæй дæр бирæтæ хæлæг æмæ мæсты кодтой Хæмыцмæ, ай-гъай. Топпæй æхсынæй куы фæлвæрдтой лæппуты, уæд Тасолтанты авд æфсымæры хистæр Ерюзмек дæрддзæф æрыгон бæласы зæнгыл бафидар кодта тæнæг фæйнæджы гæбаз. Фæйнæджы хæд астæу сау стъæлфмæ-иу бахъавыды — сты топпæйæхсджытæ. Хæмыцы агъоммæ чи фехста, уыдонæй Темботæй рæстдзæвиндæр ничи разынд. Хæмыц æппæты фæстæ райста топп æмæ дзуры: — Тæригъæд у бæлас хуынчъытæ кæнынæн. Фæлтау уæ исчи фæткъуы сæвæрæд йæ сæрыл æмæ слæууæд бæласы бын. Иууылдæр базмæлыдысты. — Уый та куыд, лæппу? — сдзырдта зæронд Магометгери. — Лæг амарай? — Лæг куы амарон — амардзыстут мын мæхи дæр. Фæсивæдæй чидæр сразы ис йæ сæрыл фæткъуы сæвæрыныл. Фæлæ Магометгери цæхгæр ныллæууыд: — Уый гæнæн нæй. Уæд та цы не’рцæуы! — Гъемæ уæдæ хорз! — загъта Хæмыц æмæ йæ бæхы слæууын кодта бæласы бын. Йæ рагъыл ын чъылдымæрдыгæй сæвæрдта фæткъуы, йæхæдæг та, иннæтæ кæцæй æхстой, уыр — дæм æд топп айста йæхи. Чидæртæ йæм сдзырдтой: — Амардзынæ дæ дугъоны! — Æвгъау у ахæм бæх! — Ма фехс! Хæмыц ныхъхъавыд, æмæ ныннæрыд топпы гæрах — фæткъуы фæпырх бæхы рагъыл, бæх та æнцад-æнцойæ лæугæйæ баззад. Сау нымæт дæр та радтой Хæмыцæн. Æрвдзæфау фæци Абдуллах. Йæ хид акалд, æмæ ныффæлурс. Фырмæстæй сдзырдта Темботмæ, Гондай сæ цуры, афтæмæй: 297
— Дæ фыццаджы бынат та дын байста уыцы дыгурон! Цымæ цы кодтам нæ хуыцауæн, уыцы дæлимоны нæм куыд рауагьта Дыгургомы хæхтæй? Искуы йæ сæрсæфæн былæй цæуылнæ ахауын кодта йæ бæхимæ?! Пуй! Гондайы риуы дæр къалдæр маст нæ сабухта. Йæ лымæн Темботы цæстытæм бакæсын дæр нал уæндыд, цыма йæ разы исты аххосджын уыд, уыйау. Афтæмæй бацыд сæ мыггаджы хистæр Магометгеримæ, фæлæ йæм сдзурын нæ уæндыд. — Цы кæныс, Гондай, цыма цæуылдæр тыхсыс? — бафарста зæронд лæг. — Бахатыр кæн, Магометгери... Æвæццæгæн, ерысты фыццаг бынæтгæ Темботæн ратгын хъуыд. — Цæмæн? — Хорз сарæхст... Стæй кæсгон уæддæр у§ — Кæсгон? Иннæ адæмтæм нæхæдæг фæхабар кодтам дæ фыды фæдзæхстмæ гæсгæ. Æви йæ фæдзæхст ницæмæ дарыс? Уыцы ныхæстæй лæппуйы буар барызт, исдугмæ хорзау нал фæци. Стæй йæхи растгæнæгау загьта: — Уыцы дыгуроны æз зонгæ дæр нæ кæнын. Тембот та мæ лымæн у. — Ацы хъуыддаджы уый ахсджиагдæр нæу. Хъуамæ нæ ныхасæн хицау разынæм стыр Аллахы раз, "Дыгурон" æмæ "кæсгон" зæгъыс... Цæмæн, лæппу? Дыгурæттимæ рагæй æрæгмæ æфсымæрты цардæй куы цæрæм. Нæ хорз сыхæгтæ не сты æви? Сæ чызджытæй чидæртæ нæ чындзытæ дæр куы сты. Темботы фыд Абдулахх сонт бирæгъæй уæлдай нæу, афтæмæй та кæсгон у, æмæ уымæй адæмы нывыл куыд не сси? Æцæг адæймаг чи у, æппæтæн зынаргь уый у. Кæцон у, уымæ ма кæс. — Омæ... Уæд та уыцы дыгурон мæгуыртæй у. Йæ бæх иутимæ дæр нæ бабаста æмæ иннæтимæ дæр. Мæ хо... — Амонд гуыбыны æфсæстæй нæу. Дæ фыд дæуæй фылдæр федта, саби. Дзæгьæлы уын бафæдзæхста, мулкмæ ма бахæлæг кæнут, зæгъгæ? Лæгдзинад нымадта тæккæ стырдæр хъæздыгдзинадыл. Гъе стæй... Дæ хо сæ кæцыйы равзардзæн, уый бæрæг нæма у. Дугъы дæр фæуæлахиз Цæстырухс йæ барæгимæ. Дугъы кæронмæ фæзы фыццаг уыдон æрхæццæ сты, дыккаг та — Тембот. Хæмыц куы нæ уыдаид, уæд та ацы ран дæр рамбылдтаид Тембот. Абдуллахы туг йæ сæрмæ ныццавта, уайтагъд фæбæрзонд туджы æлхъывдад. Лæг бандоныл æрхаудта, радавтой йын дон. 298
— Стæ-ма! — æвиппайды хъуыдыты аныгъуылд Абдуллах. — Абон нæхицæй куы рацыдыстæм, уæд ныл уынджы чи амбæлд? А-аа! Софияты зылынкъах! Ралгъыста нæ æнæмæнг! Мæнæ дæм ныццæуон, налат сыл! Ахсæв ын йе скъæтыл арт бандзарын хъæуы! Хæмыц йæ хæрзиуджытæ: хъама, нымæт æмæ цухъхъа — барвыста мæсыгмæ, цæмæй уал сæ нывæрдтаиккой уым. Тасолтантæ та сæ уазджыты сбадын кодтой дзаг фынгты уæлхъус. Хæмыц сбадт кæронæй. Ныр хъуамæ Фатъимæт мæсыгæй æрцæуа нуазæн æмæ æртæ чъириимæ. Нуазæн хъуамæ ратта, усгуртæй йæхицæн æмбалæн кæй саккаг кодта, уымæ. Иууылдæр æм æнхъæлмæ кастысты. Æппынфæстаг, мæсыгæй рацыд Фатъимæт, нуазæн йæ къухы, афтæмæй, йæ фæйнæ фарс — Таужан æд чъиритæ æмæ Апчарæ. Адæм джихæй сæ цæст дарынц, æхсин кæй уæлхъус æрлæудзæн, зæгъгæ. Уый та йе’мбал чызджытимæ сындæггай фæцæуы усгурты рæзты, бацыд кæройнагмæ æмæ йæм бадардта нуазæн. Уый уыд Хæмыц. Лæппу йæ хæрын нæ ныууагъта, чызгмæ кæсгæ дæр не скодта. Уæд чызджы æфсымæртæ фæтызмæг сты. "Æфхæры нæ хойы!" — рафыхт Гондайы маст. Фатъимæт та мидбылты худы æмæ Хæмыцмæ ногæй бадардта нуазæн. Хæмыц æвиппайды фæлæбурдта чызджы къухмæ, райста нуазæн æмæ йæ уыцы иу хуыпп акодта, стæй йæ хæрыны куыст кæны дарлдæр. Æхсин æмбæрста, Хæмыц афтæ цæмæн дардта йæхи: бафæндыди та йæ фынджы уæлхъус дæр иннæтæй истæмæй хицæн кæнын. Æмæ йæм не смæсты. Чъиритæ æрæвæрдтой лæппуйы раз фынгыл, æмæ æртæ чызджы фæстæмæ мæсыгмæ куы бараст сты, уæд усгуртæй чидæртæ сыстадысты фынггы уæлхъусæй æмæ’нæуынон цæстæнгасæй ныккастысты Хæмыцмæ. Фатъимæт фæтарст, исчи сæ хыл куы ракъаха, æмæ æрлæууыд. Уалынмæ сыстад Хæмыц дæр æмæ, иннæ усгурты тызмæг цæстæнгас фенгæйæ, йæ бæхмæ ныууасыд, æмæ уый уайтагьд йæ уæлхъус æрбалæууыд. Хæмыц йе’ккоймæ сæппæрста йæхи, бæхы йæ фæстæггыл слæууын кодта, стæй афардæг фæзы’рдæм. Усгуртæй чидæртæ ных — худтысты былысчъилæй, Тасолтанты сиахсаг фæтарст æмæ тæппудæй фæлидзы, зæгьгæ. Джихау фесты Фатъимæт æмæ йе’фсымæртæ. — О стыр Хуыцау, табу дæхицæн, æгайтма уыцы дæлимоны ахъуытгы кодтай ардыгæй! — скуывта йæхицæн Абдуллах æмæ йæ фыртмæ дзуры: — Хъæддых фæлæуу, лæппу, чызг ныр мах У! 299
Уалынмæ Хæмыц бынтон æнæнхъæлæджы æрбатахт иннæрдыгæй, Фатъимæты бæхы æккоймæ сыскъæфта æмæ атахт йемæ. Адæм ноджы тынгдæр фæджих сты. — Йæ фæдыл! — ныхъхъæр кодта Абдуллах. — Нæ фындзы бынæй аскъæфта чызджы! — Нæ, мачи ацæуæд сæ фæдыл! — фидарæй загъта Магометгери. — Æгъдаумæ гæсгæ, нæ чызг уыцы лæппуйы хай у. Фæлварæнты фæуæлахиз лæппу, стæй йæ чызг йæхæдæг дæр саккаг кодта йæхицæн. Раст нæ зæгъын, Ерюзмек? — Раст зæгъыс, Магометгери. Æхсæз æфсымæры сразы сты мыггаджы хистæры уынаффæимæ. Фæлæ сæ кæстæр Гондай!.. Темботимæ сусæгæй атахтысты сæ бæхтыл Хæмыц æмæ Фатъимæты фæдыл. Бирæ сæ фæсырдтой, фæлæ, Терк Æрæфимæ кæм баиу вæййы, уыцы ран Хæмыц йæ зынаргъимæ фаллаг былмæ куы баирвæзт, уæд сæ сурджытæ аздæхтысты фæстæмæ. V Хъæды астæу æдас ран Хæмыц æрлæууын кодта йæ бæхы æмæ æрхызт зæхмæ, стæй æриста бæхы рагъæй Фатъимæты. — Гъе ныр байрай, мæ рухс дуне! — загъта Хæмыц уæздан хъæлæсæй æмæ чызгæн ахъæбыс кодта. — Нæ мæм мæсты кæныс, скъæфгæ дæ кæй акодтон, уый тыххæй? Чызг, мидбылты бахудгæйæ, йæ сæр базмæлын кодта, "нæ", зæгъгæ. — Ныббар. Æндæр хуызы мæ бон нæ уыд... Мемæ ерыс чи кодта, уыдоны цæстæнгас куы федтон... Загътон, байсдзысты дæ. Æртæ азы мæ сæнтгы цардтæ. Кæд дæ цæгаты кæрты æрра митæ кодтон, уæд уымæн, æмæ сæрра дæн дæ уарзтæй. Ныр дæр мæ нæма уырны, мемæ дæ, уый! Цыма адджын фынтæ уынын, афтæ мæм кæсы, мæ хурты хур! — цины хъæлæсæй ныххудт Хæмыц, чызгыл узæлгæйæ. Фатъимæт та ногæй дисы бацыд: йæ цæгаты кæрты цы æнæхсæстхуыз, æнахуыр æмæ тызмæг Хæмыцы уыдта, уый ныр цыма ивддзаг фæци. Куыд уæзданæй узæлы чызгыл, куыд уарзаг æмæ тавицгæнаг у! Куыд дзаг у йæ зæрдæ бæрзонд æмæ буц æнкъарæнтæй! Нæ, нæ фæрæдыд чызг йæ равзæрстæй! т Уарзын дæ, — бадзырдта лæппуйы хъусы Фатъимæт. — Бузныг! Бузныг, мæ зæрдæ! Цы мæгуыр сты, ды кæмæ 300
нæ бахудтæ, уыцы усгуртæ? Цы мæгуыр!.. Циу æнæ дæу цард?! Дыгургомы куы бацыдысты æмæ уыцы нæртон хæхтæ æмæ къæдзæхтæ, уыцы цъæх-цъæхид уæлвæзтæ æмæ дæлвæзтæ куы федта Фатъимæт, стæй сæ бынмæ рæсугъд Æрæфы дон йæ гуылфæнгæнгæ уылæнтимæ, сæ сæрмæ та цæргæстæ æнæрынцойæ зилдухгæнгæ, уæд йæ сæр разылди. Ахæм ком никуыма федта чызг. Кæсæджы ма куы уыд, уæд дис кодта, кæцы аргъæутты комæй мæм фæзынд Хæмыцы хуызæн нæртонгуырд йæ алæмæты бæхимæ, зæгъгæ. Æмæ ныр чызг федта: мæнæ ис уыцы аргъæутгы бæстæ. Ацы хæхтæ схъомыл кодтой æмæ бахсыстой лæппуйы, ныр ын лæварæн рарвыстой сæ цæхæрцæст цæргæсы. Уымæн сæ чызг ныридæгæн афтæ бауарзта, æмæ йын систы зынаргъ. Æмæ кæннод Фатъимæт йæхæдæг та? Куыд хорз сфидыдтой кæрæдзиимæ Ирыстоны нæртон хæхтæ æмæ кæсгон алæмæты рæсугъд чызг! Раст цыма ком ноджы тынгдæр ныррухс Фатьи — мæты диссаджы уындæй! Цæй æнæнхъæлæджы цины хабар сæмбæлд Стыр-Дыгуры хъæуыл, Хæмыц сæм йæ зынаргъ Фатьимæты куы сласта, уæд! Хабар уайтагьд ахæлиу æгас Дыгургомыл. Æмæ куыннæ! Кæд æмæ уыйбæрц усгурты’хсæн фæуæлахиз ацы комы минæвар, йæ лæджыхъæды фæрцы æрсаста Тасолтанты рæсугьды æнæ — сæттон зæрдæ! Сыздæхтысты Дыгургоммæ, ардыгæй Хæмыцимæ йæ амонд бафæлварынмæ чи ацыд, уыцы сæрæн лаппутæ дæр. Фæлæ йæм дзы ничи мæсты кодта, сæрыстыр дæр ма дзы уыдысты — æгайтма се’мбæстаг фæуæлахиз! Цы нæртон чындзæхсæвы цин азæлыд егъау урссæр хæхтыл! Уыдон сæ сæрдыгон уддзæфтæй арфæтæ æрвыстой амондджын Хæмыц æмæ Фæтьимæтæн, стæй æгас комæн. Хъал Æрæфы дон та гуылфæнгæнаг уылæнтæй æмдзæгъд кодта чындзæхсвы фæндыры цагъдæн. О, уый уыд æгас комы чындзæхсæв! Æнæмæлгæ уарзондзинады æмæ сæрæндзинады чындзæхсæв! VI Рацыд афæдзмæ æввахс. Фæлæ Абдуллах йæхицæн æнцой нæ ардта, цалынмæ Тасолтантæ æмæ Хæмыцæй йæ маст райстаид, уæдмæ. Куыд равзæрста йæ фырты раз Фатъимæт кæйдæр лæппуйы?! Стæй дыгурон куыд бауæндыд кæсгон лæппуты фындзы бынæй кæсгон чызджы аскъæфын?! Нæ, 301
уыцы хъуыддагæн ныббарæн нæй! Иууыл уыцы хъуыдытæ Абдуллах арæх дзырдта йæ фыртæн. Иу хатт Тембот нал баурæдта йæхи æмæ хиуылхæцгæ хъæлæсæй загъта фыдæн: — Бахатыр кæн, баба, фæлæ ма цы пайда у уыдæттыл дзурын? — Ахæм хæлиудзых дæ ды! — рамæсты фыд. — Æппæт фæлварæнты ды уыцы дыгуронæй ницæмæй лæмæгъдæр разындтæ — цæуылнæ аскъæфтай чызджы ды?! — Мæн нæ равзæрста. — Уый дæ хъуыддаг нæ уыд! Чызг та цы’ мбары, кæй равзарын хъæуы, уымæн?! Æрсабыр уыдаид, йæ бон куы базыдтаид, уæд! Æмæ абон дæ каистæ уыдаиккой, æгас Кæсæджы сæ ном кæмæн нæры, уыцы Тасолтантæ! Сæ зæххытæ æмæ сæ фосы рæгъæугтыл цæст кæмæн не’ххæссы! Паддзахыл дæ нымадтаиккой адæм! Цас хæлæггæнджытæ нæм уыдаид, цас! Ныр та ныл адæм худынц былысчъилæй! Сæ чындзаджы, дам, сын ахастой сæ фындзы бынæй! Не знæггæ фырцинæй райынц! — Омæ нын цæмæн ис знæгтæ? — Мæнæ куыд лæхъир у мæ фырт, мæнæ! Мæнæ йыл йæ фыдæй куыд ницы фæзынд! Йæ мады халдих æппæтæй дæр! Пуй! — Курын дæ, баба, ныууадз ацы хъуыддагыл дзурын. Æнæхъæн афæдз... Ма ардау Тасолтанты дæхиуыл, науæд не знæгтæ дзæвгар фылдæр фæуыдзысты. Сæ чызджы кой мауал кæн. — Тæппуд! Хæппæй дæр тæрсгæ кæныс! Нæ, ды дæ фыды фырт нæ дæ! — Ныууадз мæ мæ адыл, баба! — мæстыйæ сдзырдта Тембот г æмæ фаууон йæ фыды цурæй. — Ай цавæр гуырд у?! Хæдзары хъуыддæгтæм дæр йæ хъус нæ дары! Пуй! Цæмæй зыдта Абдуллах, йæ хæрзконд фыртæн Тасолтанты фæлварæнты рæстæджы кæй уыд хæзгул — иу æрыгон идæдз сылгоймаг, а фæстаг афæдзы дæргъы та йæ риуы цалдæр хатты кæй ссыгъд уарзты цæхæр æмæ-иу уайтагъд кæй бамынæг! Цæцæнмæ уазæгуаты ацыд кæмæдæр, æмæ йæ уым иу чызг бауарзта æгæрон уарзтæй. Тембот чызгæй фæхынджылæг кодта æмæ йæ ныууагъта. Стæй та йыл Мæхъæл æмæ Дæгъистаны дæр æрцыд ахæм цаутæ. Кæмдæриддæр фæзындаид, алы ран дæр-иу чызджыты зонд фæцыд йæ уынд æмæ йæ уæздандзинадæй. Ахæм æнтыстджын уæвгæйæ, иу 302
чызджы бирæ рæстæг уарзын йæ бон нæ уыд. Куы-иу дзы фæзæрдæцъæх, уæд та-иуг уæздан худт бакæнгæйæ, хинымæр ахъуыды кодта: "Сылгоймаг адджын кæрдойæ уæлдай нæу: ахордтай йæг уæд ын йе’хсынæггаг апнарын хъæуы." Йæ уæздандзинадæй афтæ арæхстджынæй æмбæрзта йе’цæг цæсгом, æмæ дзы æвзæр ничи загътаид. Саби ма уыд Тембот, афтæмæй уыдта йæ зыдгæнаг æмæ тызмæг фыды талынг митæ, æмæ куыдфæстæмæ ныййарæджы кад йæ цæсты нал ахадыдта. Куы бахъомыл, уæд æй фыд архайдта йæ талынг хъуыддæгтæм æрбаввахс кæныныл, цæмæй уый фæстæ сæ сæйраг архайæг уый суыдаид. Фæлæ уыцы кармæ Темботы зæрдæйы сæвзæрд фыдмæ цыдæр сусæг ’нæуынондзинад æмæ йын йæ хъуыддæгтæм йæ хъус нæ дардта. Хæдзары мулк фылдæр кæныны мæт æппындæр нæ кодта лæппу: йæ зæрдæ дардта йæ тæлфаг фыдыл. Æрдзæй та Тембот уыд æмбаргæ, курдиатджын æмæ иу рæстæджы йæ æрдзон миниуджытæ стынг кæныныл фæцалх. Уымæй ирхæфста йæхи: куы топпæхстæй рæстдзæвин уæвыныл архайдта, куы йæ бæхыл дугь уагъта. Хъæуы мидæг та ахæм хъазт нæ уыди, Тембот йæ арæхстджын кафтæй адæмы зæр — дæтæ кæм нæ фæцагайдтаид. Æмæ кæннод куыд хорз зарыд, уый та? Фарон Тасолтанты фæлварæнты фыццаг бынат уымæ кæй не’рхаудта, уымæй та зæрдæсаст фæци. Фатъимæт йæ къухы кæй нæ бафтыд, бынтон ууыл нæ уыд йæ катай. Йæ хиуарзон хъуыдытæ йын рæхуыстой йæ зæрдæ: цы ерысты архайдта, уым ма фæуæлахиз уыдаид, уый æнхъæл нæ уыд. Фæлæ иннæ чызджыты уындæй уайтагьд йæ сæр разылд, æмæ дзы йæ маст æрбайрох. Йæ сæйраг нысан систы хæзгултæ. VII Абдуллах цы хъæуы цард, уым сарæх Фатъимæты кой. Ома, дам, авд æфсымæры иунæг буц хойы Дыгургомы йæ мой фаджысхæссæгæн дары, йæхицæн дзы скодта æххуырст æмæ, дам, замманай чызг тухæнæй мæлы. Куыд тæригъæд кодтой бирæтæ Фатъимæтæн! Йе ’фсымæртæм та мæсты кодтой, ны — ронг чызджы йæхи адыл куыд ныууагьтой, зæгьгæ. Хабæрттæ хъуысын райдыдтой сыхаг хъæумæ дæр, Тасолтантæм. А фæстаг рæстæджы-иу Абдуллах арæх фæзынд ацы хъæуы. Фæзынд-иу алы ’фсонæй, йæ нысан та уыд Гондайы фенын. 303
Æмæ йыл иу хатт сæмбæлд уынджы. — Байрай, Гондай. Бауырнæд дæ, мæхи хъæбулы хуызæн дæ уарзын. Стæй де’фсымæрты дæр... Уæ фыд Тасолтан, рухсаг уæд, стыр нымад лæг уыд... — дзырдта Абдуллах уынгæг хъæ — лæсæй. — Гъемæ, зæгъын... Фæлтау дыл куы нæ сæмбæлдаин. Куы дæ ауыдтон, уæд мæ зæрдæ мæ риуы къултыл ныххоста йæхи. — Цæмæн, Абдуллах? — Æмæ мын уæдæ æнцон у, нæ хæхбæсты фидауц Фатъимæты тыххæй адæм цытæ дзурынц, уыдæтгæм хъусын? — Фехъуыстам æрæджы... Фаджысхæссæг, дам, дзы скодта дыгурон. — Æмæ канд ууыл куы ахицæн уыдаид хъуыддаг, бæргæ! — Уæдæ? Æндæр исты дæр ма дзы ис? — Цæвиттон, уæ сиахсы... Нæ, нæ, мæ дзæбæх Гондай. Æгæр дын нæ риссын кæнын де’взонг зæрдæ. Фæлтау ацæуон, — загъта Абдуллах æмæ йæ фæндагыл араст дарддæр. — Абдуллах! Куыд ацæудзынæ афтæмæй? Ахæм катайаг хъуыдытимæ мæ ныууадзай? Абдуллах æрлæууыд æмæ зæхмæ ныджджих, стæй, арф ныуулæфгæйæ, сдзырдта тыхæй: — Цæвиттон, дам, уæ сиахсы чидæр Сомихы æндæр сылимæ федта æрæджы. — Ау?! — барызт лæппу, рафыхт йæ маст æмæ йæ хуыз фæцыд, чысыл ма бахъæуа, йæ дæндæгты къæс-къæс ма ссæуа. — Нæ диссаджы рæсугъд Фатъимæт, мæгуыр йæ бон!.. Йæ бирæ курджытæй кæмæ ’рхаудта, кæмæ! Ноджы адæм дæр куыд æвзæр сты! Дæ фыдгул сæ дзыхы бафтæд! Фатъимæты кой йедтæмæ ницыуал кæнынц. Цæмæн, цæмæн?! Пуй! Бауырнæд дæ, ныридæгæн цалдæримæ фæхыл дæн, йæ кой йын, зæгъын, уæддæр мауал кæнут! Цæй, стыр Хуыцау уе’ххуысгæнæг уæд, — загъта Абдуллах æмæ ацыд. Гондай йæ бынаты цавдд,урау лæугæйæ баззад, цасдæр фезмæлынхъом нал уыд. Йæ уарзон хо, æфсымæрты’хсæн æй хъулон уарзтæй чи уарзта, йæ хъуагæй дон дæр чи нæ нуæзта, уыцы Фатъи цы уавæрты хъизæмæрттæ æвзары!.. Лæппуйы цæстытыл фæзынд цæссыгтæ. Нæ сæ ныссæрфта, афтæмæй æрбацыд сæхимæ æмæ æппæтдæр радзырдта йе’фсымæртæн. Æфсымæрты маст сфæйлыдта æгæрон тыхджын. Изæрæй хистæр æфсымæртæ Ерюзмек æмæ Музачир сбадтысты сæ бæхтыл æмæ ацыдысты сыхаг хъæумæ Абдуллахмæ, цæмæй хабæртгæ хуыздæр базыдтаиккой. Æмæ 304
сын кæд, хабæрттæ кæй дзыхæй цыдысты, иу ахæмы ном дæр Абдуллах бæлвырдæй нæ загъта, уæддæр сæ хорз баифтыгъта, афтæмæй сæ арвыста. Суанг ма йæ цæссыгтæ дæр асæрфта, йæхи хъæбулау кæй уарзта, уыцы Фатхъимæтæн тæригъæд кæнгæйæ. Æфсымæртæ сфæнд кодтой æвæстиатæй сæ хойы бабæрæг кæнын Дыгургоммæ. Фæндаджы агъоммæ сын мыг— гаджы хистæр Магометгери бафæдзæхста: — Хъуыддаг уал сбæлвырд кæндзыстут. Масты фæдыл ма батагъд кæнут... Абдуллахы ныхæстыл бынтон ма’ууæндуг, йæ дзых хорз нæу. Афтæмæй Тасолтанты æфсымæртæ æртæйæ — Ерюзмек, Музачир æмæ Гондай — араст сты Дыгургоммæ. Гондайы нæ уагътой, фæлæ йæ бауромын никæй бон баци. VIII Егъау æмæ та сæрыстырæй лæууыдысты Дыгургомы хæхтæ. Сæ урссæр цъуппыты бынмæ сын нæзы бæлæстæй цы цъæх рихитæ уыд, уыдон-иу рог дымгæ базмæлын кодта, æмæ фæй — лыдтой диссаджы дзæбæх. Æрдузты та алыхуызон дидинджытæ фароны сæрдау сæхицæй хæхты фæхстæн сарæзтой ахæм гауызтæ, æмæ сæм цæст кæсынæй не’фсæст. Ам рæстæг иухуызон рæдау нæ вæййы амондæн. Фыдбылыз дзы кæмзериддæр æмхиц уыд адæймагмæ. Цæссыгтæ, сау маст æмæ цинтæ арæх ивтой кæрæдзийы ам. Фæлæ кæд цыфæнды уыд, уæддæр дзы Фатъимæт амонд æмæ цинтæ йедтæмæ ницы федта нырма. Стыр-Дыгуры хъæу ын сси хион æмæ уарзон. Бауарзтой йæ хъæуы адæм дæр сæхи хъæбулау. Уыдис хæрзæгъдау, уыимæ хъæлдзæг. Хистæртæн лæггадгæнаг уыд, кæстæртæн та — сæ хорз æмбал. Йæ кæсгон хистæрты рæсугъд æгъдæуттæ æмæ фарн йемæ схаста Дыгургомы хæхтæм. Фатъимæт Хæмыцы къæсæрæй куы бахызт, уæдæй нырмæ йæ цæрайæ цæрынц йе ’фсин Госæгъа æмæ Хæмыцы хо Зæриат. Ноджы куы базыдтой, сæ чындз æнхъæлцау у, уый, уæд та йын æрбадынмæ дæр бæрæг бынат агуырдтой, хæрынмæ та — бæрæг хæринæггæ, кæд чындз уыдæттæ кæнын нæ уагьта, уæддæр. Йæхи ницæмæй хицæн кодта иннæтæй. Стæй æгуыстæй бадын нæ уарзта, хъуамæ æдзухдæр истытæ архайдтаид хæдзары. Кæннод кæрт æмæ сæ разы уынгтæ куыд сыгьдæг дардта! Суанг ма-иу хистæрты Ныхасы бынатмæ дæр 305
Зæриатимæ бацыд æд уисой æмæ-иу æй ныммарзта. Цал хатгы загъта арфæйы ныхæстæ йæхинымæр Бадзай чындзæн: "Фæрнæй фæцæрай, кæд цæй диссаджы адæймаг дæ! Фæрнæй фæцæрой кæсгон адæм дæрг ды кæй’хсæн схъомыл дæ!.." Фатъимæтмæ йе’фсин Госæгъа æдзух йæ цæст дардта, гыццыл истæуыл дæр æй схæцын нæ уагъта. Чындз та-иу уыцы сахат хъæлдзæг ныххудт æмæ-иу ныхъхъæбыс кодта æфсинæн: — Тыхсгæ-ма ма кæн, мæ дзæбæх нана. Æмæ кæннод Хæмыц та? Фатъимæтимæ кæрæдзиуыл æрхъæцмæ дæр нæ лæууыдысты. Хæмыц æй хуыдта "мæ зæды хай", æмæ хистæртæй куы не’фсæрмы кодтаид, уæд æйг æвæц — цæгæн, зæхмæ не’руагътаид — йæ уæлныхты йæ хастаид. Кæддæриддæр фæллойуарзаг уыд лæппу, фæлæ ныр бынтондæр йæ хæдзар цух ницæмæй уагьта. Уæлæдарæсазй дæр йæ бинонтæ адæмы ’хсæн бæрæгдæр дардтой. Хæмыцæн йæ сыхæггæй иу лæг фæлтæрдджын сæудæджер уыд. Алы — хуызон дзаумæтты фæдыл-иу кæм нæ балæууыд Туркæй, Иранæй æмæ иннæ ахæм бæстæтæй! Уырдыгæй-иу кæй сласта, уыцы зынаргь дзаумæттæй-иу цы нæ балхæдта Хæмыц йæ мад, йæ хо æмæ йæ "зæды хайæн!" Нæ, Фатъимæтæн йæ цæгаты буц уавæртæ мысын нæ бауагьтой Хæмыцатæ! Чындз мысыд æрмæстдæр йæ мад æмæ йе’фсымæрты, сæ уындмæ йæ былыцъæртгæ хордта. Чи зоныг рæвдздæр сын куы раппæлыдаид йæ цардæй, уый дæр æй фæндыд. Уæлдай тынгдæр мысыд йæ кæстæр æфсымæр Гондайы — фыдуаг Гондайы. Цæмæй зыдта Фатъимæт, йæ уарзон æфсымæртæ йæм кæй ссæуынц. Йæ фендмæ сæ былыцъæрттæ хæрынц уыдон дæр. Уыдон дæр!... О Хуыцау! Уазайы хохы фæстæ та сзындысты сау мигътæ æмæ хъавыдысты хур нымбæрзынмæ. IX Æртæ барæджы дард фæндагыл. Дыгургомы фæндаг кæм фæсаджил, уыцы ран сæййæфтой, фистæгæй чи цыд, ахæм æхсæрдæсаздзыд дыгурон чызджы ацæргæ усимæ. Барджытæ æрлæууыдысты æмæ сæ бафарстой, Стыр-Дыгуры хъæумæ кæцы фæндагыл цæугæ у, зæгъгæ. Гондай чызгимæ куы фемдзаст, уæд йæ зæрдæ æхсызгон æнкъарæнтæй айдзаг æмæ дзь1 йæ цæстытæ атонын нал бафæрæзта цасдæр. Барджытæ дарддæр ацыдысты сæ фæндагыл. Сæ кæстæр ма цæйдæр 306
æфсонæй ракаст фæстæмæ... Стыр-Дыгуры хъæумæ куы сæввахс сты, уæд кæсынц, æмæ фæндаггæрон æрдузæй æд фæрæт рацыд хъæдæй иу лæппулæг йæ кусæн дарæсы. Барджытæ йæм бацыдысты, хъавыдысты йæ цæмæйдæр бафæрсынмæ, фæлæ цъусдуг фæджих сты, сæ сиахсы куы базыдтой, уæд. — Ды дæ?! — сдзырдта йæм Ерюзмек. Хæмыц дæр базыдта йæ каисты æмæ сæм дзуры: — Æгас цæут! Цы хур, цы къæвда?.. — Цы кусыс? — Сугтæ æрцæттæ кодтон. Ласгæ сæ уый фæстæ акæндзынæн. — Æмæ сугтæ дæхæдæг æмбырд кæныс? — æлхыскъ ныхасæй бафарста Музачир. — Уæдæ мæ чи хъæуы? — мидбылты бахудт Хæмыц. — Мæхæдæг кусынхъом дæн. Хæмыц ахæм кусæг лæг у, уый куы федтой æфсымæртæ, уæд сæ тынгдæр бауырныдта, сæ хойы сын фаджысхæссæг скодта, зæгъгæ, уыцы хабар, æмæ та сæ маст рафыхт. — Мах та дын Сомихы æнхъæл уыдыстæм, — тызмæг хъæлæсæй сдзырдта Гондай. — Сомихы та цы ми кæнын?.. Цы дæлгоммæ ныхæстæ кæнут? Хæмыц бамбæрста, йæ бинойнаджы æфсымæртæ йæм хорз фæндтимæ кæй не ссыдысты, æмæ та сæ бафарста: — Цы кæнут, цы? Цæй мæстыхуыз стут? Уæ зæрдæ мыл истæмæй худы? Зæгъут æй уæд æргомæй. Мæ хæстæджытæм не смæсты уыдзынæн. — Мах... дæхæстæджытæ?! — нырризгæйæ, сдзырдта уыцы фæлурсæй Гондай. — Ныууадзут-ма уæ тызмæг ныхас. Фæлтау рацæут хъæумæ, — загъта Хæмыц æмæ хъæды ’рдæм азылд, сиды йæ бæхмæ. Уалынмæ Гондай фелвæста топп æмæ Хæмыцы фæстейæ багæрах кодта. — Лæппу! — фæхъæр ма кодта Ерюзмек йе’фсымæрмæ, бæргæ, фæлæ уæдмæ Хæмыц бадзедзырой кодта, фæстæмæ ма йæ каистæм ракаст æмæ сæм тыхæй сдзырдта: — Цы уын кодтон?! Хъæдæй мыр-мыргæнгæ æрбатахт æд саргъ Цæстырухс. Хæрзбонзæгьæгау ма йын Хæмыц йæ сæрыл авæрдта йæ рус, стæй дæлгоммæ ахауыд æмæ амард. — Цæмæн?! Цы бакодтай, ме’фсымæр?! — ныккæрзыдта 307
Ерюзмек. — Марын æй нæ хъуыд! — загьта Музачир дæр. — Хъуыд! Науæд нын нæ хойы акæнын нæ бауагьтаид! — сдзырдта Гондай, йæ цæсгомыл хуызы цъыртт над баззад, афтæмæй. — Цы кæнæм?! Хæмыцатæ æмæ нæ сæ хъæубæстæ сæрæгасæй нæ ауадздзысты ардыгæй, хъуыдддг куы базоной, уæд. Алидзæн дæр нын куы нæй! Куыд ныццæуæм нæхимæ æнæ нæ хо?! Куыд æй ныууадзæм ам?! Салам ма нын чи ратдзæн Кæсæджы зæххыл?! Цы бакодтай, Гондай?! — катайы бафтыд Ерюзмек. — Цы бакодтай?!. — Рæвдздæр ссæуæм уæлæ хъæумæ æмæ акæнæм нæ хойы, цалынмæ хъуыддаг не схъæр! — тагъд-тагъд сдзырдта Гондай. Æндæрхуызы гæнæн нал уыд: æртæ барæджы батагъд кодтой хъæумæ, ссардтой Хæмыцы хæдзар, æмæ йæ дуармæ æрфистæг сты. Фатъимæт йе’фсымæрты рудзынгæй ауыдта æмæ тыхстхъуыдытæй цыдæрхуызæттæ аци. Кæд сæ уындмæ афтæ тынг бæллыд, уæддæр æм сæ фæзынд хорзы нысан нæ фæкаст. Уымæн æмæ æгьдаумæ гæсгæ чындзы ног хæдзармæ йæ цæгатæн цæуын нæма æмбæлд, цалынмæ сæ сæрмагондæй æрбахуыдтаиккой, уæдмæ. Гондай ризгæ къухæй бахоста дуар. Фатъимæт рацыд йе’фсымæртæм зæды хуызæн фæлыстæй, зынаргь урс къабайы. Æфсымæртæ йæ уындæй исдутмæ джихау фесты: æнхъæлдтой, ныртæккæ сæм рацæудзæн сæ хо фаджысхæссæджы хуызæнæй, йæ бызгьуырты. — Æгас нæм цæут! — тыхстхуызæй сдзырдта Фатъимæт æмæ йе’фсымæртæн хъæбыстæ кæнынмæ фæци, уыдоны бон та бацин кæнын дæр нæ уыд, лæууыдысты æрдæгмæрдтау. — Цы хабар у, цæмæн ссыдыстут? Тагьд уæ схонынмæ куы хъавыдысты уæ сиахс æмæ йæ мыггаг. — Схонынмæ?.. — Дæ мой Сомихмæ арæх цыди? — бафарста Гондай. — Уымæй та цæмæн фæрсыс, Гондай? Æз ацы хæдзармæ куы’рбацыдтæн, уæдæй нырмæ мæ мой а комæй йæ къах никæдæм ма авæрдта иу бон дæр. — Ау?.. — Уæдæ... алыхуызон уæззау куыстытæй та нæма сфæлмæцыдтæ, нæ хо? — Цавæр уæззау куыстытæй? Ме’фсин æмæ мын мæ хоДыгъд мæ къух доны атулын дæр куы нæ уадзынц. Исты дам-думтæ уыл сæмбæлд, мыййаг? 308
— Уæдæ дæ царды уавæртæ... — Нæ хæдзар зæдбадæны хуызæн, алцæмæй йедзаг. Фенут аей уæртæ. Рахизут мидæмæ. Æфсымæрты хъуырæй дзырд нал хаудта, æрмæст ма тыхулæфтгæнгæ Гондай сдзырдта: — Нæ хо, рæвдздæр сбад немæ æмæ лидзæм! Ам цæргæйæ дын нал у! — Цы загътай?! — Рæвдздæр, мæ хо! Мацæмæй нæ фæрс ныртæккæ! Байрæджы уыдзæн! — сдзырдта Гондай æмæ йæ хойы бæхы рагъмæ сæппарынмæ бахъавыд, фæлæ сывæрджын сылгоймагмæ тыхæвнæлд бакæнын йæ бон нæ баци. Уалынмæ уынджы стахт Цæстырухс æд саргъ æнæ барæгæй æмæ йæ раззаг къæхтæй зæхх хойгæйæ, Хæмыцаты дуармæ фæдисы мыр-мыр ныккодта. Сыхаг хæдзарæй фæзынд Госæгьа йæ чызг Зæриатимæ æмæ нырдиаг кодта: — Мæ арт бауазал! Цы’рцыд мæ лæппуйыл?! Хъæлæбамæ æрбамбырд сты сыхы адæм. — Чи сты ацы барджытæ мæ дуармæ?! Æртæ барæджы, сæ æбуалгъ рæдыд бамбаргæйæ, сулæфынхъом нал уыдысты æмæ сæркъултæй лæууыдысты цавддуртау. Бамбæрста Фатъимæт, йе’фсымæртæ йын йæ зынаргьы кæй амардтой æмæ ма тыхæй лæууыд йæ къæхтыл. Уыцы афон уынджы сзынд бæхджын, уый уыд Аслан. Йæ бæхы рагьыл схæссы йе’рдхорд Хæмыцы мард. Кæмдæр балцы уыд æ ^æ фæстæмæ куы сыздæхт, уæд æй фæндаггæрон ^- а. Бæхджын иунæгæй не ссæуы. Хъæубæсты адæм æм ри._ ^дысты сæ хæдзæрттæй. Сылгоймæгтæ сæ уæрджытæ хостой, хъарæг кæнгæйæ. Госæгьа æмæ Зæриат сæ рустæ æмæ сæ дзыккугæ тонынмæ фесты, æрдиаг кæнгæйæ: — Кæмæн цы кодтам?! Чи нæ бацарæфтыд кодта?! Фæдисæттæ хæдзары размæ куы схæццæ сты, уæд Аслан æрфистæг æмæ мард æриста бæхы рагьæй, æрæвæрдта йæ бæласы бын даргь бандоныл. Æнæзонгæ уазджытæм бакаст æмæ загьта мæстыйæ: — Мæнæ уыцы лæппутæ сты Хæмыцы марджытæ! Хъæуы фале сæ фæндаггæрон чидæр федта. Æртæ барæджы, дам, уыдысты. Хъæуы ’рдæм, дам, аивгъуыдтой. Аслан æмæ Хæмыцаты нæлгоймæгтæ, сæ хъаматæ фелвасгæйæ, мæстыгæрæй баввахс сты уазджытæм. — Чи стут, кæцæй?! — бафарста Аслан. — Ме’фсымæртæ сты, Аслан, — тыхæй сдзырдта Фатьимæт 309
æмæ æнæбонæй, сындæггай бацыд йæ зынаргьы мардмæ, йæ хъама йын сласта æмæ дзуры Бадзаймæ: — Ныббарут, хъæубæсты хистæртæ, хъæубæсты адæм. Систут мын зынаргъ... Уыдтæн уæ рæвдыд... Ахæм сау бон мыл скæндзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Стæй æфсымæртæм азылдта йæхи. — Фæсмонгонд фæут, ме’фсымæртæ! Стыр Хуыцау фæуæд уæ тæрхонгæнæг! — загъта ма Фатъимæт æмæ хъама йæ зæрдæйы нытътъыста. Ныхъхъæрзыдысты иууылдæр. Ныхъхъæрзыдысты къæдзæхтæ, хъæдтæ, ныббогътæ кодта Æрæфы дон. Афтæмæй Фатьимæт æрхаудта йæ зынаргъ Хæмыцы цур зæхмæ æмæ ахицæн йæ цардæй. — Мæ хо! — ныййазæлыд комы Гондайы ризгæ хъæлæс, бауад лæппу æмæ йæ хойы мардыл æрхаудта, Сæ хойы мардмæ бацыдысты йæ иннæ дыууæ æфсымæры дæр. — Мæ лæппу æмæ’ мæ чындзæй ацæут иуварс, сæ марджытæ! — нырдиаг та кодта Госæгъа. — Уæ сау туг уæ хъуырæй фæкалат, мæ амондджын къона чи бацарæфтыд кодта! — Уæ хæдзармæ мауал бахæццæ уат! — ныхъхъæрзыд Зæриат дæр, йæ сæрмæ лæбургæйæ. О, мад æмæ чызджы удхармæ кæсын кæй бон уыд! Цы хуызæтгæ бакодтой сæ цæсгæмттæ! Се’мхъæуккагустытæ сын сæ цæнгтыл фидар ныххæцыдысты, фæлæ уыдон уæддæр сæ рустæ æмæ сæ дзыккутæм лæбурдтой. — Ацы æфсымæртæн сæрæгасæй фæстæмæ ацæугæйæ налу! — загъта Аслан, æмæ Хæмыцатæ, стæй æгас хъæубæсты нæлгоймæггæ, Бадзайы йедтæмæ, æрхъола сты æфсымæртыл. — Æз дæн марæг! — сдзырдта Гондай, ныккæугæйæ, æмæ йæ зонгуытыл æрхаудта. — Амарут мæн! — Амарут мах дæр, кæд уæ рыст уымæй фенцондæр уыдзæн, уæд, — загъта Ерюзмек. — Гъе’рмæст уал бамбарут хъуыддаг. Æвирхъау хабæртгæ сарæх сты нæ хъæуы. Цæвштон, нæ хойæ фаджысхæссæг скодта йæ лæг, æфхæрдта йæ, йæхæдæг та, дам, æндæр сылгоймæгтимæ хатти. Æмæ рацыдыстæм хъуыддаг сбæлвырд кæнынмæ. Хъæумæ æввахс фæндаггæрон хæрхæмбæлд фестæм нæ сиахсимæ. Нæ кæстæр æфсымæр уæртæ æгæрон уарзтæй уарзта нæ хойы. Æмæ фæсонт, нал баурæдта йæхи... Уый фæстæ ам бафарстам нæ хбйы æмæ бамбæрстам, цы æбуалгь рæдыд æруагьтам, уый. Не’нгуылдзты фыдтæм ма лæбурдтам, фæлæ ма цы гæнæн 310
уыд?! Ныр уæ курæм иу хъуыддаг. Раттут нын фадат, ацы бæллæх кæй аххосæй æрцыд, уыцы хахуыргæнæджы нæ хо æмæ нæ сиахсы размæ сласынæн. Хæрæм уын ард стыр Аллахæй æмæ йæ Хъуыранæй, кæй уæм сыздæхдзыстæм йемæ, æмæ уæ уæд цы фæнда, уый нын бакæнут. Тæккæ карздæр æфхæрдыл разы стæм. Дыууæ æфсымæры дæр сæ кæстæрау сæхи æруапьтой сæ зонгуытыл. — Ме’мхъæуккæгтæ, туг тугæй не’хсадæуы! — фæсидт Бадзай. — Æз зонын нæ сыхæгты, цæсгомджын адæм сты. Иугæр ард бахордтой Хуыцауы номæй, уæд сыл баууæндæн ис. Уадз сласой уал нæм ацы бæллæхы сæйраг аххосджыны! Адæм сразы сты хъæуы хистæры фæндоныл. Æмæ æртæ барæджы уыцы мæстæлгьæдæй адугь кодтой сæ бæстæмæ. Уым Магометгерийæн сусæгæй ракодтой сæ сау хабар, сæхæдæг та иннæ хионтæм сæхи дæр нæ равдыстой, афтæ — мæй батагъд кодтой сыхаг хъæумæ... Мæрдтææвæрæн бон Тасолтанты æртæ æфсымæры бæхы рагъыл сластой Абдуллахы уæнггæбастæй æмæ дзыхæхгæдæй Стыр-Дыгуры хъæумæ. Æрфистæг сты Хæмыцаты дуармæ, хъæубæсты адæм дæр та уыдысты уым. Абдуллахы дзых æмæ къæхтæ суæгьд кодтой йе сласджытæ. Йæ дзых куы феуæгьд — æллæх, æллæх! Дард фæндагыл æм цы дзуринæггæ сæмбырд, уыдон йæ сæтимæ ракалдысты: — Цы мæ сбастат æмæ мæ цы сластат кæйдæр бæстæмæ?! /""'.. æ,жжж...æжжж ницы зонын! Æзжж æлдар куы дæн, фысы 0. сæй скодтат?! Куыд бауæндыдыстут? Пуй, æнаккæгтæ! Æвæстиатæй суæгьд кæнуг мæ къухтæ дæр! Куыйтæ!.. — Фæуром дæхи, æлдар! — хиуылхæцгæ хъæлæсæй йæм сдзырдта Ерюзмек, æмæ æртæ æфсымæры бакодтой хахуыргæнæджы мæрдты цурмæ. — Мæнæ фен дæ амæттæггы! — Æз никæмæн ницы кодтон! Ацы мæрдтæм æз цы бар дарын?! Нырма мæ къухæй иу бындз куы нæ амард! — Дæ къухæй нæ, фæлæ де’взагæй!.. Сомихы цавæр сылгоймагимæ федтай нæ сиахсы? Стæй ам фаджысхæсгæ кæд федтай нæ хойы? — Æз никуы никæй федтон! Адæм дзырдтой! — Дзурджытæй нын искæй ном цæуылнæ загьтай? — Нæ сæ бахъуыды кОдтон! — Уымæн æмæ уыцы хахуыртæ дæхи дзыхæй цыдысты, чъизи æлдар! Дæ фырт Темботы нæ равзæрста нæ хо æмæ дæ 311
маст истай? Ды кæсгоны ном хæссай, уый стыр худинаг у кæсгон адæмæн! — Нæ хо æмæ нæ сиахсы ды амардтай мæ къухæй, æлгъаг хахуыргæнæг! Ныр та сæ уæлхъус амарæд уыцы къух сæ марæджы! — ныхъхъæр кодта Гондай, йæ хъама фелвасгæйæ, æмæ барæхуыста Абдуллахы. — Гъа, уый дын Сомих æмæ фаджысхæссæг! Абдуллах ныффæдис кодта: — А-а-амардтой мæ! Лæг ахаудта зæххыл æмæ ма йæ сæр систа тыхæй. — Аф... Аф-фтæ уын хъуыд! — сдзырдта уый, мæрдтæм бакæсгæйæ, æмæ мæстæлгъæд худт ныккодта. — Пуй, мæ цæст уын уый кæй федта! О!... Æзжж æрымысыдтæн уыцы ха — хуыртæ! Æзж! Æмæ æгайтма мæ фæндон сæххæст! Æнцонсайæн, æууæндаг сæрхъæнтæ! Бузныг, кæй сæ ныммардтат уæхи къухтæй! Мæнмæ цы амонд не’рхаудта, уый ма цæрæд зæххыл! Сонт худт та ныккодта Абдуллах, стæй йæ сæр æрхаудта зæхмæ, æмæ амард. — Йæ мард дæр ын аиуварс кæнут мæ хъæбул æмæ мæ чындзы цурæй! — ныккуыдта Госæгъа. Нæлгоймгтæ кæртæй иуварс ахастой Абдуллахы мард. — Ныббар, мæ хо! — ныккуыдта та Гондай. — Ныббарут мын дыууæйæ дæр! Уалынмæ уынджы сзындысты, бæхтыл чи ссæуы, уыцы фæдисон кæсгæттæ бирæйæ. Æввахсдæр ссæугæйæ, æрфистæг сты æмæ сæ бæхтæ кауын быруйыл бабастой, сæхæдæг та фистæгæй ссыдысты зианджынтæм. Уым уыдысты Магомет — гери æмæ Фатъимæты иннæ цыппар æфсымæры дæр. • Ардыгæй цы кæуын, цы хъарæг азæлыдысты комы, уымæн хæхтæ дæр нæ фæрæзтой. Дыууæрдыгæй дыууæ егъау хохы сæ цъитиджын урс цъуппытыл сау мигътæй саударæджы сау худтæ æркодтой æмæ сæ цæссыгтæ къададæттæй уадысты сæ фæхстыл. Дыгуронæй, кæсгонæй сæмхæццæ сты иууылдæр, чи кæцон уыд, уый бæрæг нал уыд — се’ппæты дæр баиу кодта иумæйаг хъыг, иумæйаг судзаггаг маст. Æппынфæстаг, мæрдтæ баныгæныны агъоммæ Магометгери рацыд размæ, йæ худ систа æмæ загъта хъæрæй: — Нæ зынаргъ сыхæгтæ! Æз дæн Тасолтанты мыггаджы хистæр æмæ уæм дзурын канд нæ мыггаджы нæ, фæлæ æппæт кæсгон адæмы номæй. Æрцыд æвирхъау хъуыддаг аемæ уæ сæркъулæй хатыр курæм. Кæддæриддæр мах уемæ хæларæй 312
цæрæм, уарзон стæм кæрæдзийæн. Фыддзых фыдызнаг у æппæтæн дæр. Фыдæвзаг хох халы, фæлæ нæ фехалдзæн нæ хæлардзинад! Иумæ нæ тых фидардæр у, нæ цард та — аивдæр. Къæм ма бахауæд не’хсæн! Абдуллахы хуызæттæ нæ иумæйаг знæггæ сты æмæ сæ ныхмæ дæр иумæ тох кæнын хъæуы. Уæ нæртонгуырд Хæмыц та нын Кæсæджы зæххыл мысинаг æмæ фæзминаг уыдзæн! — Арфæйаг ут, нæ хорз сыхæгтæ! — загьта Бадзай. — Æз дæр уын зæгъын дыгурон-ирон адæмы номæй: уемæ нæ хæлардзинад фыццагау æндон уыдзæн. О, хахуыргæнджытæ цардхалджытæ сты — сæ зонд цыбыр у, сæ зæрдæ та чъизи! Уыдон иутæй дæр не сты æмæ иннæтæй дæр! Нæ иумæйаг фыдбылыз сты! Уе’хсæн чи схъомыл, уыцы Фатъимæт сæрæн æмæ хæрзæгъдау уыд. Уæ кад ноджы бæрзонддæр систа Дыгургомы, не’хсæн уæ рæсугьд цæсгом равдыста. Мысинаг уыдзæн махæн дæр мыггагмæ. Хæмыцимæ сæ номæй кæндзыстæм сомы. Ныр та сæ иу ингæны ныгæнæм, кæрæдзийæ сын фæхицæнгæнæн нæй. Уыцы бон Стыр-Дыгуры хъæугæрон сæвзæрд ног ингæн. Йæ фæйнæфарс слæууыдысты бæрзонд дыууæ къæйдуры, сæ сæртæ кæрæдзийыл бакъул кодтой, цыма хъæбыс кæнынц, уыйау. Афтæмæй баззайдзысты æнустæм дыууæ егьау хохы астæу. Баззайдзысты адæмты зæрдæты дæр, æмæ сыл скæндзысты нæртон зарæг. Цалдæр боны фæстæ та Тасолтантыл сæмбæлд ног бæллæх: йæхи æрцауыгьта Гондай. Нæ бафæрæзта йе стыр мастæн. Мæлæты размæ ма цæмæндæр йæ цæстытыл ауад уыцы дыгурон чызг Дыгургомы... 1998 аз. 313
АВТОРЫ ТЫХХÆЙ Хæмыцаты Цæрай Хачъиассæйы фырт райгуырд 28 ноябры 1933 азы Æрæфы районы Сырх-Дыгуры хъæуы хуымæтæг зæхкусæджы хæдзары. 1941 азы бацыд Сырх-Дыгуры астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1952 азы. Уый фæстæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты литературон факультеты. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис æмæ кусын райдыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы. 1961 азæй нырмæ та кусы Цæгат Ирыстоны медицинон училищейы йæ дæсныйадыл. Йæ æхсæнадон æмæ педагогон æнаипп фæллойы тыххæй йын 1970 азы лæвæрд æрцыд нæ республикæйы Сæйраг Советы Президиумы кады грамотæ. 1983 азы та йын Уæрæсейы Рухсады министрад саккаг кодта "Адæмон рухсады отличник"-ы ном. 1990 азы Хæмыцайы- фыртæн Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд кадджын ном "Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон ахуырады сгуыхт кусæг". Хæмыцаты Цæрай сфæлдыстадон куыст райдыдта 60-æм азты радзырдтæ æмæ иуактон пьесæтæй. Цæгат Ирыстоны музыкалон-драмон театр фыццаг хатт æрæвæрдта йе сценæйыл Хæмыцайы-фырты дыууæактон музыкалон комеди "Зыгьуыммæ уарзт" 1964 азы. Йæ премьерæ уыд 28 ноябры — раст Цæрайæн йæ райгуырды бон. Уæдæй фæстæмæ драматург нымайы 28 ноябрь йе сфæлдыстады райгуырды боныл дæр. Уый фæстæ та нæ республикæйы театрты сценæтыл æнтыстджынæй æвдыст цыдысты йæ пьесæтæ "Уарзæтты кадæг", "Чи у аххосджын?", "Сау бæлас", "Паддзахы чызг", "Дыууæ усгуры" æмæ иннæтæ. Уыдонæй дарддæр ма ныффыста балетон æмæ оперон либреттотæ "Зæрдæйы пиллон", стæй "Уарзæтты фæз". Музыкæ сын ныффыста композитор Цорионти Резван. Оперæ-балет "Уарзæтты фæз" æвæрд æрцыд нæ республикæйы музыкалон театры сценæй — ыл. Бирæ азты дæргъы нæ радиойæ арæх хъуысынц, Цæрайы зæрдæмæхъаргæ пьесæтæй арæзт чи уг ахæм радиоспектакльтæ: "Мады цæссыгтæ", "Авантюристкæ" æмæ 314
æндæртæ. Йæ ног чиныг "Æнæнцой зæрдæ"-йы та мыхуыргонд æрцыдысты канд йæ пьесæтæ нæ, фæлæ йæ ног радзырдтæ дæр. Хæмыцаты Цæрайы уацмыстæ уæндонæй дзурынц нæ ныры актуалон фарстатыл, хъуысы дзы нæ дуджы улæфт. Йæ уацмысты хъайтартæ сты цардæй ист, зæрдæмæ хъарынц арф. Уæлдай тынгдæр дисы æфтауынц, автор нæ фæсивæды тыххæй йæ хъайтарты цы моралон фарстатыл дзурын кæны, уыдон. Æвæццæгæн, уый уымæн, æмæ фыссæг фæсивæдимæ дæсны хъомылгæнæгæй кæй кусы бирæ азты дæргъы: штæг хорз сын хаты се’нкъарæнтæ, сæ бæллицтæ æмæ сæ царды уаг. Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг Хæмыцаты Цæрай бацыд йе сфæлдыстадон тæмæны. Æмæ нæ ныфс ис, бирæ хæрзхъæд, аив уацмыстæй ма кæй барухс кæндзæн йæ чиныгкæсджыты æмæ театрдзаугы зæрдæтæ. УАЛЫТЫ Лаврентий. 315
СÆРГÆНДТÆ Четиты Рубен. НАЦИОН ДРАМАТУРГИЙЫ НОГ ФÆЛГОНЦТÆ 5 П Ь ЕСÆТÆ АРВÆЙÆРВЫСТЛÆГ 13 ДЫУУÆУСГУРЫ 66 ПАДДЗАХЫ ЧЫЗГ 112 ГУЫРÆНБОН 146 ТÆССАГЛЫМÆН 179 РААЗЫРАТÆ АНАЗБИЙЫ РÆДЫД 236 ÆНАХУЫРГАБЕ 239 ÆНÆГЪДАУГАБЕ 245 БÆДИНÆЙЫ КУРДЖЫТÆ 252 БУЦАХУЫРЧЫЗГ 261 АЙДÆН 275 НÆРТОНГУЫРД 287 Уалыты Лаврентий. АВТОРЫ ТЫХХÆЙ 314 316
Хамицаев Царай Хакясович НЕУГОМОННОЕ СЕРДЦЕ Пьесы и рассказы на осетинском языке Редактор Л.Е. Валиев Художник З.Б. Дзиова Технический редактор З.С. Мисикова Корректор И.Х. Джанаева
Сдано в набор 20.05.98. Подписано к печати 03.02.99 г. Формат бумаги 60x84 1/16. Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта литературная. Псчать офсстная. Усл. п. л. 17,67. Учетно-изд. листов 16,72. Тираж 1000 экз. Заказ № 3182. Комитет РСО-Алания по печати и ипформации; Издательство "ИР", 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Республиканское издательско-полиграфическое предприятие им. В. А. Гассиева Комитета РСО-Алания по печати и информации, 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.
Бафиппайд аиппытæ Фарс 23 53 85 87 87 87 117 117 119 151 151 181 213 213 215 245 245 247 277 279 309 309 311 311 311 Рæнхъ, бынæй уæлæмæ 10 16 | 15 18 17 16 16 15 16 17 16 14 16 15 15 15 14 16 12 16 16 15 18 17 16 Кæсын æй хъæуы ком дæр лæбурджыты цу, мæ фыркъа кæныс? Ч ач æ Д и ф æ къæдзæхы хъæздыг телефонæй Таз р ет Т о т ы р хорз нал Куы та Рынчындоны бафиппайдта кæй нуазынц ма зæгъ, культурæйы йæ чемы ссардта ракалдысты Цы Æз...æзжжж... баст кæй | Хæмыцаты Цæрай. Æнæнцой зæрдæ.