Текст
                    аеатпы
ЧЕТЫРСЫ
РАДЗЫРДТÆ ÆМÆ УАЦАУ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1982


С (Осет) 84 Осет К46 Рецензент Хаджеты Таймураз К 46 Касаты Женя. Четырсы: Радзырдтæ ’æмæ уацау.—Орд- жоникидзе: Ир, 1982.—116 ф. Касаева Е. И. В Четырсах. 30 к. Четырсы — названне горного села, где развертываются собы- тия повссти. В исй рассказывается о первой любви, о чистоте взаимоотношенни молодых людей. Герои рассказов — наши современникн, строигели новои жпзни. Онн прнносят свежсе веяние в быт горского села. 70303-45 с (Осет) К 28—82 ол* М131(03)-82 84 0сет © Издательство «Ир», 1982
ООООООООООООООООООООООООООООООО ЧИНЫГФЫССÆГÆЙ Мæ фыд куыстуарзаг адæймаг уыд. Арæх-иу мæ — еуанг ма хæрзгыщыл куы уыдтæн, уæд дæр — йемæ акодта: хосгæрстмæ, хуымгæндмæ, суанг ма-иу хъæд- мæ дæр... Уæлдай арæхдæр та цыдыстæм хæхбæстæм, фылдæр — Тырсыгоммæ, мæ фыдæлты бæстæм. Уым алы хъæуы дæр нæ хæстæджытæй искæмæн æнæ цæр- гæ 1щ уыд. Мæ фыд-иу мæ йæ чъибиткайы бабадын кодта, æмæ-иу, Арвыкомы фæндагыл араст стæм... Цалфæнды хатты кæнæ цасфæнды ма уыдтаии нæ диссаджы æрдзы рæсугъддзинæдтæ,— уæддæр мæ иу- дадзыг дисы æфтыдтой. Дисы мæ æфтауынц абоны онг дæр — æн&уынгæйæ лæууынц мæ цæстыты раз, дæттынц мын цæрынæн æнахуыр тых... Чи зоны, чиныгкæсæг ацы сыфты иучысыл ссара уыцы æрдзы нывтæй, уыцы царды фæзилæнтæй... Мсты зæрдыл куы сæмбæлы, кæнæ иаы уæлдай дисы куы бафтауы адæймаджы, æнцой куынæуал фæа- ры, уæд æй фæфæнды йæ хабар искæмæн радзурын... Уыцы зæрдыуаг уыди мæнмæ дæр ацы рæнхъытæ фыс- гæйæ... 5
0000000000000000000000000008000 ФÆНДАГЫЛ Сæрдыгон изæр. Уынгты цырæгътæ куы нæма ссу- дзынц, уыцы афон госпиталæй иу æрыгон сылгоймаг сабыргай фæцæйцыд сæхимæ. Чингуытæхæссæн пап- кæйыл йе ’нгуылдтæ нындæгъдысты. Цыдис, раз- вæндаг нæ уыдта, афтæмæй. , Суанг уынджы райдайæнæй сылгоймаджы æмдзыд кодта «Студебеккер». Се ’хсæн радыгай фæстæмæ згъордтой æвзонг гæдыбæлæстæ. Мæдинæт, афтæ хуыдтой æрыгон сылгоймаджы, нæ уыдта нæдæр «Студебеккер»-ы, нæдæр ын йæ хъæр хъуыста; нæ уыдта, йæ кабпнæйы адæргæй бадын чи иал ф^æрæзта, уыцы лæппуйы да^р. Сусæгæй йын цы- дæртæ дзурыныл цы бæлæстæ архайдтой æмæ йæ тæссаг цæстæнгасæй чи хызта, уыдоны дæр нæ уыд- та, не ’мбæрста... Уымæп йæ хъуыдытæ уыдысты æпдæр — нæ йæ фæндыдис сæхимæ: афтæ вæййы кæддæриддæр, сæ уынджы фисынмæ æрбахæццæ, зæгъгæ, уæд. Æмæ та мæнæ ныр дæр йæ зæрдæ дурау йæ риуы ныгомыг, йæ цæрдæг къæхтæ зæронд усы къæхтæй уæззаудæр фесты. Хæдзары Мæдипæтмæ æнхъæлмæ кастысты йе ’фсины æлхыскъгæнаг цæстæнгас, йæ фыддзых хи- цауы æфхæрæн ныхæстæ, йæ мойы хъаллæба — йæ фы- дыус кæй сцырен кæны, уып. Фæлæ ма йæм кастисæн- х^æлмæ йæ гыццыл лæппу — йæ царды иунæг рухсы тын. Мамайы агурæг размæ цы гыццыл къухтæ рада- ры, уыдоны тыххæй быхсы бинонты царды зындзи- нæдтæ. 6
«Фæззыгон къæвда — уый дын мæ цард»,— афтæ фæзæгъы Мæдииæт. Мæдинæт базылдис уыпджы. Изæры дымгæйы улæфтæй гæдыбæлæсты сыбар-сыбур хъуысы, цыма истæуыл хъынцъым кæнынц, уыйау. Мæдпнæт арфдæр аныгъуылд хъуыдыты: «Искуы ма куы фæуид ацы .æнамонд хæст... Тæхуды, æмæ куы- нæуал уынин м-æ мойы æлгъаг фæлпвæнтæ!.. Абоп мæм оæумæцъæхæй куыд бауырдыг ис: «Ссар мын рынчыны лæххæтт, дæуæн дохтыр-хæлæрттæ бирæ пс...» Гыццыл ма бахъæуа, ма байрæджы кæнон гос- литалмæ. Куыд ницыуал æмбары, куыд, фыртæссæп! Афтæ йæм кæсы, æмæ мæ цæсгом ауæй кæндзынæн. И.æ фидар ных бахаста, æмæ йæ зопгæйы руаджы рæстæгмæ фидæрттæаразджытимæ банымадтой. Ныр та йæ, йæ сæрæй низджын у, зæгьгæ, ахæм гæххæтт æрхъуыди... Æмæ, æниу, сæрæй низджын куы нæ уа- ид, уæд йæ усы фарсмæ бадид!? Госпиталы цæф хæс- тонтæй бацæус* нтæ нал ис. Ехх, æмæ уыдонæй исчи мæ мой куы уаид, уæд ныртæккæ сæргуыбырæй цæ- уин?.. Цæмæй зоны æмæ м^æ цæстыс’ындз фестад... Ба- быхс-ма, м>æнæй уый, иу-цалдæр м’æйы. Куыддæр каст фæуон, афтæ барвæндæй — хæстмæ. Ахæм у мæ фæнд! Уый та бадæд æмæ хъахъхъæнæд йæ нпцæйаг уд!.. Куыд ф-æрæдыдтæн, куыд! Бакæсгæйæ алчидæр — адæймаг!..» Мæдинæт фестъæлфыд, цыма йæм исчи йæ номæй сдзырдта. Иæ оæрыл схæцыд, йæ цæст ахаста уынгыл. Уыны машинæ, рухс — кабинæйы, дыууæ стыр цæс- ты — арты ’взæгтау. Цыма дзырдтой: «Ма ацу!» Йе ’рфгуытæ æртхъир>æнтæгæнæгау — æлхынцъ. Кæддæр сырх чи уыдис, ахæм скъуыдтæ цъындахæдон — йге уæлæ. «Цымæ кæм федтон ацы адæймаджы?»—ахъуы- ды кодта Мæдинæт. Фæлæ мæнæ æрбайсæфт, кæ- мæ касти, уый. Æваст йæ тæккæ раз февзæрд хæрз- конд, хæрзуынд лæппу. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ 7
хъæбысы фелвæста Мæдинæты, æмæ уайтагъд каби- нæйы дуары тъæпп фæцыд. «Студебеккер» йæ бына- тæй фезмæлыд. Мæдинæт ф’æдис нæ ныхъхъæр кодта, тымбылкъухтимæ йæхи нæ андзæрста йæ тыхпæнæ- гыл. Л-æппуйы уæззау æмæ æнкъард цæстæнгас ын •æнæнхъæлæджы асаста йæ хъару: ауыдта лæппуйæн йæ фæлурс цæсгом, йæ ныхыл ихы гагатау хид куыд æвзæрдис, уый, æм-æ фæуыргъуыйау. Бадтис йæ аив- хуыд тар зæлдаг костюмы, йæ хæрзконд къæхтæ зыр- зыргæнгæ кæрæдзимæ æнгом -æрбалхъывта, афтæмæй. Æниу, йæ фæллад зæрдæмæ тынг дæр нæ хъардта ацы уавæр, цыма йæ исчи зындонæй фелвæста... Зулаив тарст цæстæнгаоæй хъахъхъæдта йæ тых- гæнæджы: æнæтуг даргъ уæздан æнгуылдзтæ хæцы- дысты машинæйы здахæныл. Мæдинæтмæ афтæ кас- тпс, цыма, кæй н.æ зоны, ахæм музыкалон инструмен- тæй хъазы ацы лæппу, æмæ дзы ныртæккæ æнахуыр зæлтæ райхъуысдзæн. Лæпнуйы хæлафы скъуыдтæй зынди й,æ хъæддых хурсыгъд буар. Кастис æмраст фæндагмæ. «Цæйбæрц рацардтæн, уæдæй нырмæ ни- куыма сæмбæлдтæи ахæм æпахуыр адæймагыл»,— йæхиным-æр загъта Мæдинæт. Ауадысты иудзæвгар. Стæй машинæ бахъуыр- хъуырпæнæгау кодта æмæ ныхъхъус. Лæппуйы къух- тæ здахæныл ныххæцыдысты, цыма йæ ирвæзынг-æиæг уыди, уыйау, фæлæ иуахæмы «æнгуылдзтæ æнæбарьг суагътой здахæп, æм<æ лæппу дуарыл уæззаугай ба- фæлдæхт. Ныссабыр бæстæ. Мæдинæтæн сæмхæццæ сты йæ хъуыдытæ, пу каст кодта дуарырдæм, иннæ каст — фæндагмæ, аннæ та — лæппум-æ... Фæлæ мæнæ ф<æ- комкоммæ лæппупы фæсонтæм — зындис, æххæст чи ,н-зема байгас, ахæм ф-æтæн хъæдгом: хъардта дзы туг >æм1æ æртахгай уадис хурсыгъд буарыл. Мæдинæты цæстытыл ауад хæсты быдыр... Исдуг цавддурау фæ- бадт, стæй йæ ных сæрфæгау акодта æмæ февпæлд- 8
та дуары хæцæнм<æ. Схъырдухæн йем>æ, фæлæ йæ ба- кæнынæн пицы амал ардта. Тагъдгомау йæ цæст аха- ста кабинæйыл, иннæрдыгæй фарс рудзынгыл ауыд- та фæйнæгæй æмпъузæн. Цæфы оæрты йæ къухтæ байвæзта,1æм,æ ратыдта фæйнæджы гæбаз. Сатæг уæл- дæф æрбакалди быдырæй. Мæдннæт рæвдз февпæлд- та лæппуйы уæхсчытæм æмæ йæ хъавгæ ’рбадын код- та, йе уæхск æм фæбыцæу кодта, афтæмæй йып æу- уæрста йæ уадултæ, йæ къухтæ... Лæппу тагъд æрчъицыдта, фæлæ джихауæй бадт. Йæ бæзджын сæрыхъуынтæ- йе ’нгуылдзтæй афаста æмæ йæ уымæл цæстытæ базылдта Мæдпнæтмæ. Мæ- динæт цыма нсты аххосджын уыди, уыйау бадтнс, æмæ æнхъæлмæ каст, лæппуйæн йæ цæсгомы хуыз йæ- химæ кæд æрцæудзæн, уым<æ. Лæппу лагъзы дуар бакодта, райста доны фляга; æмæ йæ йæ дзыхыл сдардта, стæй æнкьардæй Мæди- нæтырдæм разылд, æмæ йæ фæлурс былтæ гæзæмæ базмæлыдысты: — Бахатыр мын кæн, иуæй-иу хатт мыл сæмбæлы ахæм хабар... Кабинæйы уыдис сатæг. Лæппу сындæггай сис’га фæйнæджы гæбаз, бафидар æй кодта йæ бынаты, йæ хæдон хъавгæ саив кодта, тамако сдымдта æмæ йæ къухтæ æрæвæрдта здахæпыл. Араст сты. Бадтысты æпæдзургæйæ. Мæдшгæт фед- та, лæппуйæн йæ къухтæ кæй фæцæрдæгдæр сты, «Студебеккер»-ы цыд кæй фæрæвдздæр, уый æмæ сагъæсты аныгъуылд: «Ныр цы кæпон? Ацы балд хъуаг ма уыдтæн... Кæдæм м«æ ласы? Чи мæ хоны, хуыцау — йæ зоиæг. Чи у йæхæдæг? Уыцы æвирхъау хъæдгом. Æниу, ностæ— йæ ныхыл, йæ къухыл. Æна- хуыр уæззау æмæ æнкъард цæстæнгас. Цы йæ хъæ- уы мæ рыст фæллад удæй, цы?.. Цы днссаг у цард! Æппындæр дын зонгæ чи нæу, дæ хъуыдыйы кæрон дæр чи нæй, ахæм уæззау уылæн дыл æрбафæлдæх- 9
дзæн. Æмæ йæм куыд сарæхсай, афтæ рауайдзæн йæ кæрон. Цас фылдæр кæнай уылæнты бын, уыйас тых- джынæй-тыхджындæр кæндзынæ, науæд та æдзæлла- пæй-æдзæллагдæр... Нæ тæрсын æз ацы æнæнхъæлæ- джы хабарæй. Уый дæр — адæймаг, æз дæр — адæй- маг... — Кæдæм мæ ласыс? — бафарста Мæдинæт лæп- пуйы. — Мæхæдæг дæр æй нал зонын,— цыма йæ рагон зонгæ уыди, уыйау дзуапп радта лæппу. — Уæдæ дæ курын, <æмæ фæстæмæ раздах маши- нæ. — Уадз æмæ цæуа, афтæ хуыздæр у,— сабыр хъæ- лæсыуагæй загъта лæппу. — Мæ "сæрæн куы пицы зонын, уæд мæ цæмæн бафхæрдтай? — Мæ зонд хуыздæр ницы æрцахсга. — Æнæзонгæ адæпмагмæ куыд бауæндыдтæ? — Æнæзонгæ мын нæ дæ, мæйы бæрц дæ алы боп дæр уынын. Дæ бакаст, де ’нкъарддзинад ныххызты- сты мæ зæрдæйы. — Чи дæ? — Нæ мæ уыныс? — Нæма дæ уынын. Кæм кусыс? — Хæстон хайы, ды кæм цæрыс, уырдæм хæстæг. — Уæдæ дæ уæлæдарæс хæстон уагыл цæуын- нæ у? — Абон мæ куыст ахæм уыд. Дæуыл фембæлдтæн æмæ сæ раивын къухы нал бафтыд. — Цæмæн мæ раластай? — Хæст куы нæ уаид, уæд дæ суанг нæхимæ ала- син. Куы нæ дæ бафæндид, уæддæр дæ аласин,— æр- гом уарзон цæстæнгасæй каст Мæдинæтмæ, афтæмæй дзь*фдта лæппу, — Кæдæм? 10
— Хуссармæ, хур тыпгдæр кæм тавы, сæнæфснры пуцæлттæ цæуæджы кæм уромынц...— йæ цæстытæ фæндаджы мæйдары фæцавта æмæ ма йæхипымæр бафтыдта йæ ныхæстæм: «Ды дæр уыдоны хуызæн дæ...» — Мæ райгуырæн бæстæм. — Ды цæмæй зоныс, нæхимæ мæм цы маст кæсы, уый? — загъта Мæдинæт. Лæппу ницы дзырдта.— Мæнæн ис бинонтæ... Сывæллон... — Зонын, зонын, алцыдæр зонын, ныххатыр мын кæн. Æфхæрды охыл ма фæуæд мæ уæндондзинад,'— сабыр хъæлæсыуагæй та дзуапп радта лæппу. Цыма сæуæхсид хъазыд йæ уадултыл, афтæ сырх-сырхнд афæлдæхтысты, цырæгътау сыгъдысты йæ цæсты- тæ. Машинæ фæурæдта. Лæппу разылдис, йæ царды уавæрмæ йæ чи фемдзаст кодта, уыцы сылгопмагмæ. Иæ мидбылты мæсты бахудт, стæй февнæлдта зда- хæнмæ. Уæззау цæстæнгасæй каст фæндагмæ. Разылд ма иу 1хатт: — Мæдинæт, мацæмæй тæрс. Бабыхс иу-дыууæ сахаты бæрц, адæймаджы сæраппонд...— æнкъардæй сдзырдта лæппу. «Студебеккер» уынæргъгæ цыд размæ. — Мæ мадæн дæр даргъ дзыккутæ уыди,— йæхи- цæн дзурæгау та загъта лæппу. Иæ цæстæнгас дард- та фæндагмæ. Йæ хъуыдытæ та, æвæццæгæп, ахæц- цæ сты дарддæр. Уалынмæ ’сабыргай базарыд. Мæдинæт йæ дзыккутæм тагъд-тагъд февнæлдта, абыдта сæ æмæ сæ йæ фæсотнæм уæхсчыты сæрты аппæрста. Лæппуйæн йæ зарæг тынгæй-тынгдæр зæлыд. .Мæ- динæт бадтис æнцад æмæ хъуыста рæсугъд бæзджын хъæлæсыуагмæ... ЛæпЪу йæ зарæджы рæвдыдта Мæдииæты. Йæ сау дзыккутæн ын кодта пъатæ, худти, куыдта фыруар- зондзпнадæи, æнамондæп. Мæдипæты хъустыл-иу ауа- п
дис бомбæты нæрын, сармадзанты богъ-богъ, цæф сал- даты хъæрзын — кæд фронт ардыгæй тынг дард уы- ди, уæддæр. Æрфæндыдис æй машинæ афæлдахын, кæнæ та хæсты быдырæн йæ тæккæ стырдæр арты февзæрын... Æваст зарæг фсскъуыдта, ссыгъта тамако, æрæл- хъывта йæ йæ фæлурс былтæй æмæ сдзырдта: — Тынг мæм фæхæрам дæ? Мæдинæт ницы сдзырдта. Сæлвæста та йæ бапъироз, афтæмæй загъта: — Райсом фæстæмæ цæуæм фронтмæ... Мацæмæй мæ фæрс. Чи дæ, уый зонын. Æмæ йæ «цæстытыл ауад фыццаг фембæлд. ...Фæцæйцыд хæрзконд, рæсугъд сылгоймаг. Æн- къард цæстæнгас... Дпсы бацыдтæн; цы хъуамæ нæ фаг кæна ахæм адæймагæн. Йæ алы уæнджы фез- мæлд дæр амондæн конд ,у... фæлæ... Кæй зæрдæ нæу æфхæрд æмæ саст... Фæмард, чи зоны, йæ уарзон?.. Йе ’фсымæр?.. Йæ фьтд... Фæцыдтæн йæ фæстæ суанг сæ хæдзары онг... Уыйфæстæ та?.. Уыйфæстæ та мæ фæндаг алыхатт дæр кодтон сæ уынгтыл. Базонгæ дæн сæ сыхаг сылгоймагимæ. «Йæ мой у дæрзæг зæр- дæйы ,хицау»,— мæ хъустыл ауайынц сыхаджы ныхæ- стæ... Стæй та базыдтон чысыл Батрадзы, Мæдинæты лæппуйы, иууыл — йæхи æпгæс. Бакодтон ын йæ чы- сыл уæхсчытыл лейтенанты пъагæттæ. Цы диссаджы рæсугъд цæстытæ йын уыди уæд... Арæх уыдтон Мæ- динæты йæ хъæбулимæ архайгæ сæ кæрты, Æмбæлд- тæн ыл æрвылбон. Хъуыды-пу кодтон: «Кæм байдзаг кæны уыцы сау стыр цæстытæ ахæм уæззау æрхæидæ- гæй, кæм?.. Æмæ мæнæ абон... Абон — фæстаг бон... Чи зоны æмæ йæ макуыуал фенон... Ехх, æмæ мæ раст куы бамбарид...» 1 ...— Мæ ном Сослан хуины,— æнкъардæй сдзырд- та æрæджиау. Лæппуйæн йæ цæсгомыл цыма цъæх мигъ æрбадт, уыйау фæтар æмæ та пыхъхъус. Йæ 12
зæрдæйы -нæ цыдысты йæ бирæ алыхуызои æнкъа- рæнтæ: хæст, фæстæмæ фронтмæ, йæ уарзондзинад, Мæдинæть\, бафхæрд... — Кæцон зарæг кодтай? — сабыр хъæлæсæй ба- фарста Мæдинæт. — Мæ хæстон æмбæлттæй иу уырыссаг лæппу итайлаг зарджытæ кæнынмæ тынг дæсны уыди, ацы зарæг мæ зæрдæмæ цыдис æмæ йыл фæцахуыр дæн. — Мад, фыд дын ис? — Ис,— цыбырæй загъта Сослан. Мæдинæт бафиппайдта, Сосланæн йе ’рфгуытæ кæй фелхынцъ сты, кæй афæлурс, уый. — Æвæццæгæн, рæстытæ дзурынмæ нæ арæхсыс, лæппу. — Нæ сарæхстæн,— сдзырдта Сослан æмæ æн- къардæй Мæдинæтмæ бакаст.— Фыд баззадис хæсты быдыры, мæ мад та уый фæстæ нал сыстад... Ис мын хæстон хай, мæнæ ацы «Студебеккер» æмæ ды, ды... Цымыдис мæй кæуæгау йæ цæсгом ныззылынтæ кодта, афтæмæй тылдис Сослан æмæ Мæдипæты фæстæ. Машинæ дзыхълæуд фæкодта. Дзæбæх бауыгъта йæ бæлццæтты. Мæдинæт бакаст Сосланмæ. Сослан йæ мидбылты бахудт, йæ дæндæгтæ цæттæ урс нарт- хоры гагатау ферттывтой талынджы. — Тæрхъус,— сдзырдта Сослан. Уайтагъд та ссыгъди рухс, гемæ машинæ араст. Мæдинæт бафиппайдта, лæппуйы цæсгом куыд афæ- лурс, æмæ ахъуыды кодта: «Æвæццæгæн та йæ йæ хъæдгом фæцæгайдта...» ...Ныгуылæнырдыгæй æрцæйлæсыдысты сау мигъы къуымбилтæ, тылдысты æнæбары, сырдта сæ дымгæ. Бæлццæттæ ныххæццæ сты Къардонмæ. Мигътæ сæ уæз уагътой зæххыл, хъæууынгтæ уыдысты уымæл, дымгæ футтытæгæнгæ бæлæстыл йæ пырх калдта. Машинæ базылди фæтæн уынджы. Хæдзæрттæ 13
æмæ сгъау рагон бæлæстæ уыдысты æнкъард. Маши- нæ æгъатырæй дзыхъхъытыл йæхи хоста. 'Базылды- сты ма иу уынджы — ам куитæ алы хъæ^æстæй сæ быцъынæг скъуыдтой, алчи сæ йæ хæдзарь! раз рæйд- та. Иу хæдзары дуармæ машинæ æрлæууыд. Ам хъахъхъæнæг уыд, дардыл йæ къабæзтæ чи аппæрста, ахæм тулдз бæлас, йæ фæтæн сыфтæртæй рудзгуыты бынмæ тагъдысты уарыны уæззау æртæхтæ, хаудысты хæмпус сыджытмæ æмæ йыл уагътой фæд — арф хуынчъытæ. Ацы ныв мæйдарæй разындис фарæты рухсмæ. Копрадзæй «цагъд хæдзар йæ дыууæ æхгæд рудзын- гимæ æдде бакæсгæйæ уыдис æдзæрæгхуыз, фæлæ мæнæ машипæйы хъæрмæ байгом стыр, чырынтæ æвæрд фæйнæгæй конд кæрты дуар. Фæзынд дзы бæ- рæгбонарæзт хъæлдзæг адæм. — Цæй æрæгмæ цыдтæ, Сослан, æнхъæлмæ кæсы- нæй куы бафæлладыстæм,— фæрæвдз иу ацæргæ хъа- захъхъаг лæг, йæ урс хæдоны риуæй сырх дидинæг, æрзæбул, афтæмæй.— Мидæмæ, мидæмæ... Чындзхæс- джытæ да^умæ æнхъæлмæ кæсынц, дæуæн та нырма дæ уæлæдарæс дæр нæп дæ уæлæ... — Уый æнцон хъуыддаг у, бæргæ, фæлæ... ... Кæрт уыд стыр. Даргъ тыргъы фæрсæй-фæрстæм арæнхъ сты уæттæ. Се ’ппæтæй дæр калдис рухс æмæ сæ хъуыстис цины уынæр, фæндыры цагъд. Сослан иу хæрзхуыз сылгоймагæн цыдæртæ дзырд- та. Сылгоймаг уайтагъд æрбауади Мæдинæтмæ æмæ $æ ахуыдта уатмæ. Уат уыди хæрзæфснайд. Пъол — сыгъдæгæхсад, бæрзондæвæрд хуыссæнтæ... Нæлгой- мæгтæ кæрты æвдæлон кодтой Сосланы машинæ, ис- той дзы консервтæ, къоппытæ, асыччытæ... Сылгоймæгтæн сæ уæлæ уыдис урс, сырх, æрвхуыз кофтæтæ, уæрæх юбкæтæ, сæ сæрыхъуынты дидин- джытæ тъыст. Мæдинæт ахъуыды кодта: «Уырыссаг чындзæхсæвмæ куы ’рбахаудтæн...» 14
Сослан. хæдзары фысымæн загъта: — Мæ1*æн чындзæхсæвмæ баззайынæн фадат нæй,, фæстæмæ мчæ тагъд здæхын хъæуы! Мæ хъуыддæгтæ æмæ мæ фæндтæ ныккуыддæртæ сты ацы фæндагыл... Фысым бахъынцъым кодта, афтæмæй загъта: — Ды къухылхæцæг дæ... Раив дæ дзаумæттæ æмæ фæрæвдз ут, де ’мбалы дæр ахон уемæ... — Мæ дзаумæттæ, бæргæ, мемæ раластон, фæлæ хъуыддаг уый мидæг нæй... Стыр хатыр уæ’курын ал- цæйы тыххæй дæр, æнæ мæн кæнут уæ хъуыддаг. Æнахуыр уавæры бахаудтæн, æмæ мын ныббарут... Уыйфæстæ Сослан йæ дыууæ æмбалимæ фæхибар, æмæ сæм рауад ахæм ныхас: — Дæ хорзæхæй, Сослан,, куыд ракуымдта де- мæ? — цымыдисæй бафарста йæ иу æмбал. Сослан зæгъынмæ цы ныхæстæ хъавыд, уыдон цы- ма ныхъуыргæ акодта, уыйау сæргуыбырæй лæууыд. — Цæй-ма, цы ныддур дæ... Дæ фæстаг тохæй дыл цыма уæззаудæр хабар сæмбæлд?..— бауырдыг æм иннæ æмбал. — Фæлтау и,у ахæм хæсты куы фæуыдаин! Æнæн- хъæлæджы сæмбæлдтæн Мæдинæтыл. Фæзындис мæм мæ уарзондзинад райхалыны ныфс... Фæурæдтон ма- шинæ, фелвæстон чызджы мæ хъæбысы æмæ йæ ра- ластон... Бадтис æнцад, цыма йæ сæрмæ уайдзæфы ныхæстæ дæр нæ хаста, уыйау... Стæй та мыл цыдæр бæллæх æрбамбæлд... Мæ уд ме ’муд куы ’рцыд, гъе- уæд мæ æрфарста... Мæхæдæг дæн, уый мæ уырнгæ дæр нал кæны... — Фидар лæуу. Сырд, миййаг, куы нæ у, бамбар- дзæн дæ,— ныфсытæ йын æвæрдтой йе ’мбæлттæ. Æмгæрттæн сæ ныхас куы фæци, уæд æртæйæ дæр бацыдысты Мæдинæтмæ. Сослан сæ базонгæ кодта. Цæстыфæныкъуылдмæ кæттаг æмбæрзæнæй æм- бæрзт стъолыл февзæрдысты хæринæгтæ. Æфсин се ’ппæты дæр æрбадын кодта стъолы уæл- 15
хъус. Æркодта графинæй нозт æмæ рауагъта гаджи- дау чындз æмæ сиахсы амонды тыххæй, хæбт æнæн- хъæлæджыкуыд банцайа — лæппу æмæ чы/зджы баи- уы бон æмбисондæн куыд баззайа, афтæ. Се ’ппæт дæр банызтой. Банызта СосЛан дæр. Йе "мбæлттæ кæрæдзимæ бакастысты. Мæдинæт хатыр ракуырдта, мæ бон нæу, зæгъгæ. Иу хуыпп скодта æмæ æрæвæрдта йæ нуазæн. Мæдинæты тæбæгъы фæ- зындис гогызыфыды хай, пырындзджыны кæрдих, фæлæ сæм не ’внæлдта, кæд сæумæрайсомæй нырмæ æххормаг уыдис, уæддæр. Æрмæст фæкомкоммæ балджынмæ. Уыдис ирон ’хæбизджынау, æртæтигъон, стыр хæйттæгонд. Сослан Мæдинæйы раз балджыны карст æрæвæрдта. Мæдинæт райста хай æмæ дзы ад- джын комдзаг ныккодта, фæлæ уайтагъд йæ цæсгом фæтаргомау, йæ къухæй йæ русыл фæхæцыд æмæ къæмдзæстыгæй сдзырдта: «Балы апп мæ риссаг дæн- дагæй æрæлхъывтон». Иал бахордта йæ хай, кæд ма йæм бирæ фæхатыдысты, уæддæр. «Мæ балц дæр ацы комдзагау ма разына?» — ахъуыды кодта Мæдинæт... Сослан йæ зæрдæйы рис нозтæй уромынмæ хъа- выд. Сылгоймæгтæй дæр иуæй-иутæ бахъæлдзæг сты, æмæ, цыма нæ бæстыл тугкалæн хæст нæ цыди, уыйау цард йæхиоитæ кодта. Бирæ бадыны рæстæг сын нæ уыд, алкæйы дæр хъуыди цæуын йæ фæндагыл. Сослаи йæ цæстытæ æмбæхсгæйæ Мæдинæтæн бам- барын кодта, цом, зæгъгæ... Сыстадысты, раарфæ код- той фысымтæн, рахызтысты кæртмæ. Мæдинæты ма- шинæйы размæ бахæццæ кодтой Сосланы хæлæрттæ. Сослан се ’ппæтæн дæр хæрзбон загъта æмæ сбадт машинæпы. Машинæ цыма йæ тарф фынæйæ фсхъал, уыйау ныххуыррытт кодта æмæ æваст фезмæлыд йæ бынатæй. Афицертæй иу машинæйы фарсмæ цыд йæ къухæй кабинæйы дуарыл хæцгæйæ, æмæ зæрдæхæла- рæй цыдæр ныхæстæ кодта Сосланимæ. Машипæ йæ 16
цыдыл бафтыдта. Афицер иуварс агæпгæнгæйæ ныхъ- хъæр кодта: «Фидар лæуу, мæ лымæн'> Кæд араст сты, уæддæр Мæдинæты пæ уырныдта, æвыдæй баззайой, уый. Цыдысты æпдæр фæндæггыл, зул-мулты, култы. Уарыд, доны æртæхтæ хъæдхойау хостой кабинæйы сæр. Рудзынгсæрфæн, мæгуыр, ар- хайдта, нæ ауæрста йæ тыхыл, дыууæрдæм кодта. Мæдинæт сусæгæп нуулæфыд. Сослан æм бакаст æмæ уæззау йæ мидбылты бахудт. Хъæу фæсте аззад. .Фæндагылцæуæг маишпæтæм ^енхъæлмæ кастис бирæ адæм. Сосланы машипæмæ дæр сæ къухтæ сдардтон. Машинæ æрлæууыд. Бæлц- цæттæ сбадтысты. Мæдинæт бакатай кодта: «Дыууæйæ куы фссæ- ,фæм, уæд иу бæллæх, фæлæ уыйбæрцæй, уæд та цал бæллæхы?!» Рауадысты иудзæвгар. Сæ дыууæ дæр бадтысгы æнæдзургæйæ. Æрбахæстæг сты хъæдмæ. Сослан ма- шинæ баурæдта, уæззаугай дуар байгом кодта æмæ хъæдырдæм ацыд, цыма уым йæ зæрдæйы уæз пыууа- дзынмæ хъавыд... Сосланы куыддæр тархъæд æрæмбæхста, афтæ, йæ риуæп цыма фопдзыссæдз дæлпмоны сирвæзт, ■уыйау ныхъхъæрзыдта: «Цæрын мæ куы фæнды, цæ- рын! Уарзын!!!» Йæ дæндæгтæ фидар нылхъывта, афтæмæй уæззау къахдзæфтæгæнгæ æрбацæйздæхт, зæххæп уайдзæф- тæгæнæгау: «Уайых æрбауап, зæхх! Хæссыс адæмы, дæттыс дон, æфсадыс цардæй, фæлæ æдых дæ. Нæу дæ бон хæсты упдаг аскъуынын!» Сбадтис æнæдзургæпæ, сæргуыбырæй, йæ зæрдæйы фæндиаг аскъæрдта машинæ. Бирæ нæ ауад, афтæ цалхы тъæпп фæцыд, æмæ машипæ смидæг, уарыны дæттæ хъуырдухæпгæигæ кæм уадысты, уыцы къа- науы. Æнцон иæ уыдис талынджы уырдыгæй машнпæ сласын. Рахызтысты адæм. Архапдтой æппæт ма 17
дзæлттæй Сосланæн феххуыс кæпыныл. Аивын хъуыд цалх. Мæдинæт уыдта Сосланы машинæимæ, архайгæ æмæ хъуыды кодта: «Ацы хæстон богал цæф нæу, зæгъгæ, уæд афонмæ йæ машинæ арæвдз кодтаид...» Фæлæ’ иуафон сæ амондæн фæзыид цæуæг маши- нæ. Фæурæдта, шофыр базгъордта Сосланмæ, «Сту- дсбсккер»-ы пнпæ машинæйыл абастой æмæ йæ сæп- пæрстой къанауæй. Стæй иумæ аивтой цалх. .Сослан райста шофыры къух, æмæ сæ алчидæр сбадти йæ бы- наты. Сослан ныффæлурс, йæ къухтыл нæ бар дзæбæх пал цыдис. Мæдинæт бафиппайдта, йæхиуыл кæй нæ бацауæрста, уын. Райста допы флягæ æмæ йæ лæппу- мæ дæтты. — Рацу, мæ бынаты дæхи æруадз, æз та бафæл- варон мæ хъару здахæныл. Лæппу йæм фæрсæгау бакаст, ома, зоныс здахæны æвзаг, зæгъгæ. Мæдинæт йæ сæр разыйы тылд бакод- та. Сосланмæ диссаг фæкасти. Æнæдзургæйæ баив- той сæ бынæттæ. — Æрмæст мæм машинæ тæрыны бартæ нæй, ме ’фсымæр шофыр ,у, æмæ мæ уый сахуыр кодта,— са- быргай загъта Мæдинæт. Сослан хъахъхъæдта Мæдииæтæн йа^ алы фæзылд даер. Мотор тæргапгæнæгау æнæбары схъуыр-хъуыр кодта. Сындæггай араст «Студебеккер». Мæдинæт цы уыд, уымæй уыдис здахæпыл баст. Рагæй дæр тынг уарзта машинæ тæрын. Сослан фæлмæн йæ мидбылты худт æмæ йæ цæст дардта Мæдинæтмæ. Йе стыр дæрзæг армæй бамбæрз- та, -машинæйы здахæныл фидар цы лыстæг æнгуылдз- тæ хæцыд, уыдон. Мæдинæт йæ цыды кой кодта. Уарыны æртæхтæ- пын æнкъард зарджытæй дзаг кодтой йæ зæрдæ. Æр- 18
фæндыдис æй цæуын ацы æнæкæрон æнæзонгæ фæн- дагыл. Фæлæ... Схæццæ сты Дзæуджыхъæумæ. Бæлццæттæ каби- нæйы сæр ныххостой. «Студебеккер» æрлæууыд. Лæп- пу æруагъта гуыффæйы фарс, адæм рахызтысты, уы- дысты иу-фынддæсы бæрц. Райдыдтой сæ хуылыдз дзыппыты архайын. Лæппу сыл йæ къух ауыгъта. Сбадт йæхи ’бынаты, æрзылдта здахæн, æмæ машпнæ йæ æцæг цыдæп араст. —’ Бафæлладтæ? — бафарста Сослаи ■ Мæдинæты. — Фæллайгæ нæ бакодтон, фæлæ мæхиуыл тынг не ’ууæндыдтæн. — Хорз арæхсыс, бузпыг. Машпнæ æрлæууыд. Мæдинæт ахъахъхъæдта уынг. Лæууыдысты, кæцæй пæ аласта, раст уыцы рап. Сослан æфсæддон пæлæз æрбакодта Мæдинæты уæхсчытыл. Дард бæлццон донныйæ мæлгæйæ сатæг суадоныл куыд ныддæлгом уа, афтæ пæм касти Мæдинæтимæ йæ фембæлд. Рæстæг уыдис фæсæмбисæхсæвтæм хæстæг. Уарыи <йе ’нкъард зарджытæ кæпыпæй не ’нцад... Мæнæ сæ кæрты дуар, фæлæ цыма кæйдæр уыдп... Мæдинæты зæрдæ ныгзæпды, æппындæр кæй нæ зыд- та æмæ йын цæрынæн цы иæ фаг кодта, ахæм тынтæ. Уыцы тынтыл та бады пæ рухсцæст хъæбул... Кæйдæр къухæй хойæгау бахоста дуар. Йæ цæс- тытæ ахаста «Стыдебеккæр-ы фæдыл. Уый фæцæпцыд сындæггай, йæ моторы хъæр хъуыст хъарæгау. Фæцыд дуары хъинц. Мæдинæт фестъæлфыд. Ба- къахдзæф кодта къæсæрæй. Æваст йæ уадулыл ан- дæгъд уæззау æмæ æнæуынон армытъæпæн. Айхъуы- ста: «Хъахбай!..» Атар ис бæстæ... 19
Райсомраджы Мæдинæтæн йæ хъустыл ауади би- рæ моторты хъæр. Афтæ ма вæййы, Терк тынг куы раивылы æмæ стыр дойнагдуртæ кæрæдзиуыл куы фæхоны, уæд. Моторты хъæр уынг хъалгæнгæ быр- ста... Мæдпнæт сабыргай рудзынг байтыгьта. Уынджы дæргъæй-дæргъмæ æрцæйцыди машннæты рæнхъ. Мæ- динæт лæууыд сагъдауæй æмæ цæмæдæр æнхъæлмæ каст... Нæ баднс кодта, зонгæ стыр къух куы ауыдта, уæд. Цыма йыл дæрзæг, фæлæ хъарм къух- æрбан- дзæвыд, уынау пæ буар барызти. Рудзынгæй æваст йæхи ратыдта æмæ уазал къулыл башцой кодта, цыма иыртæккæ ракæлдзæн, æмæ йæ бауромыпмæ хъавыд. Иæ цæстытыл та уадис уæззау судзаг цæстæнгас, хæстоны уæлæдарæс æмæ, стыр къух машинæйы зда« хæныл дыууæрдæм куыд кодта, уый. Æмæ мæнæ ауыдта йæ гыццыл лæппуйы,— бадтис пъолыл æмæ хъазыд, арæзта хæдзæрттæ, гæдыйау хъуыр-хъуыргæнгæ зарыд... Мæдинæтæн пæ хъустыл æнæрынцопæ уадис мо- торты хъæр... ооо САНДАЛЕТТÆ Уыцы рæстæджы мыл цыдис рæсугъд æвддæс азы. Каст фæдæн æфсæнвæндаджы техникум. Кусынмæ мæ арвыстой Минводы станцæмæ. Цардтæн иу усмæ фатеры. 'Куыстон, уæдæ цы уыдаид. Фæлæ тынг мы- сыд*гæн мæ мады, мæ фыды, мæ гыццыл æфсымæрты æмæ хоты .Бинонтæй дзæвгар уыдыстæм, куыстхъом та мæ фыд йедтæмæ ничи уыд. Æмæ ныр æз дæр 20
куыстхъом куы фæдæн, уæд зæрдиагæй тырныдтон мæ фыды уæлхъус æрбалæууынмæ, истæмæйты йып аххуыс кæнынмæ. Æфсæнвæндагыл цæуæггаг мын лæ- вар уыдис, æмæ-пу арæх абæрæг кодтон нæ бинонты. Уæлдайдæр та-иу мæ мызд куы райстон, уæд-иу æвæ- стиатæй Пятигорскы балæууыдтæн. Алыхуызон лæ- вæрттæ-иу балхæдтон мæ кæстæртæн æмæ:иу сабаты нæхимæ Дзæуджыхъæумæ раивгъуыдтон.' Фæдæн-пу нæхпмæ иу бон, фæрæвдыдтон-иу нæ сабиты, цъиуты,. гæдыны лæппынты æмæ та-ну æпæ иу капеккæп ра- фардæг дæн мæ куыстмæ. Цалынмæ-иу мæ иннæ мызд истон, уæдмæ та-иу бонзоигæ цард кодтон... Цы йæ æмбæхсон — уындджыи чызг уыдтæн. Уый мын адæм æмæ лæппу-фæсивæд сæ цæстыты æнгасæй æмбарын кодтой. Стæй-иу мæхæдæг кæсæны раз куы æрлæууыдтæн, уæд-иу мæм уырдыгæй разынд бæр- зондгомау хæрзконд чызг: рæсугъд аив гуыр, нарæг астæу, хæрзконд даргъ зæнгтæ... Сынты базырау сау сæрыхъуынтæ къæбæлдзыгæп зæбултæ кодтой урс цæсгомы алыварс, дыууæ æрдыи-æрфыджы æмæ даргъ цæстыхаутæ хъахъхъæдтой худаг кæрдæгхуыз цæсты- ты. Рæсугъд дæндæгтæ æмæ былтæ æрмæстдæр цæст рæвдауынæн конд уыдысты. Æмæ-иу мæхæдæг дæр кæсгæнæ баззадтæн мæхимæ. Бпрæтæ мæ хъал чызг хуыдтой. Фæлæ æз мæхæдæг не ’мбæрстон, куыд æмæ цæмæй хъал дæн, уый. Æрмæст* иунæг -хъуыддагæй уыдтæн сæрыстыр — мæ рæсугъд æвддæс азæй. Уæдæ ме ’мгар чызджытæй хъауджы- дæр уæлæйыдарæсæй дæр ницы уыйбæрц бæрæг дард- тон. Бæрзонд-зæвæтджын донхуыз сæрдыгон туфли- тæ, тар æрвхуыз тæбын юбкæ æмæ даргъдысджын бур крепдешин кофтæ... Æз уыдон тынг бирæ уарзтон. Чи зоны, уымæн, æмæ мын æндæр хуыздæр ницы уыдис... Æниу мын куы уыдаид, уæд цы? Аив дарæс дарын хъал адæймаджы миниуæг у?.. Иуахæмы та’ Минводмæ фæцæпцыдтæн... Сбадтæн. 21
Дзæуджыхъæуы вагзалы — купе-вагоны. ^ Паровозы дæргъвæтин уасын райхъуысти. æмæ поезд араст. Мæ бакомкоммæ бадтис цардхуыз сылгоймаг, пу-дæс æмæ дыууиссæдз азы кæуыл дыданд, ахæм. Йæ уæлæ уы- дис стыр сырх мактæй нывæфтыд рæсугъд шифон къа- ба. Иæ къæхтыл та хурсыгъд тæпæг цъындатæ æмæ, уæд модæйы чи фæзынди, ахæм сырхгæлæбуджып, сау лакæй сæрст сандалеттæ. Ахæм сандалеттæн махмæ балхæнæн нæма уыдис, .æрмæстдæр сæ Леиинградæн ластой. Бæргæ йæ æм’бæрстон, афтæ æдзынæг кæсып худинаг кæй у, уый, фæлæ мæ цæстытæ мæ коммæ нал кастысты æмæ сæ уыцы сандалеттæй мæ боп ратонын нал уыд. Ауадыстæм иудзæвгар. Проводниктæ билеттыл разылдысты, рахастой хуыссæнтæ, бакодтой сæ æмæ нæ нæхи бар ныууагътай. Бадтыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. Базыдтам, чи нæ кæцæй æмæ кæдæм цæуы, уыдæттæ. Æз ныхас кодтон æнæбары, мæ зæрдæ тынг æхсайдта уыцы рæсугъд сандалеттæм. Уалынмæ мæ- хи нал баурæдтон æмæ сылгоймаджы афарстон: — Хорз ус, бахатыр кæн, фæлæ дæ сандалеттæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ... фæнды мæ, кæм сæ балхæдтай, уый базонын... — Æлхæнгæ сæ нæ бакодтон,— йæхицæй ныббуз- иыг уæвгæйæ загъта сылгоймаг.— Мæ лæг стыр дæс- ны у къахыдарæс аразынмæ... Адои дæр уый æрмдзæф -сты. Цæрæм Ростовы, уым тынг хъуыстгонд у мæ лæг... Куыст ын бирæ ис. Гъемæ дын кæд рæстæг æмæ гæнæн уа, уæд-иу нæ абæрæг кæн. Бузныг, зæгъгæ, йын загътон æмæ та мæ цæстытæ ахастон сандалеттыл. Уалынмæ кæсын æмæ сæ йæ къæхтæй раласта, йæ разы сæ æрæвæрдта æмæ йæхи ногкопд хуыссæныл æруагъта. Фæкомкоммæ йын дæн йæ къæхтæм — стырхъулджын къæхтæ, къодæхтау æм- раст æмæ нард зæпгтæ. Мæхинымæр хъуыды кæпын: «Куыд тæригъæд сты уьщы рæсугъд къахыдарæс! 22
Мæй дæр ын нæ фæлæудзысты, атындтытæ сæ кæн- дзæн». Мæ къæхты бынæй ныуулæфыдтæн: «Ехх, ныр уыдон мæн куы уаиккой, уæд сæ куыд хъавгæ да- рип æмæ мыл куыд дзæбæх фидауиккой...» Поезд йæ цыд кæны. Сылгоймаг рабадтнс, йе стыр- гомау хызынæй систа гуылтæ, ногтынд пъамидортæ. Раст цыма пъамидорты хуымы фестадтæн, уыйау сæ- дзæбæх тæф мæ фындзы бамидæг. Сисга ноджы дыу- уæ стыр бурварс кæрдойы, стъолыл сæ бæстон æрæ- вæрдта æмæ хæрынвæнд скодта. Мæн дæр æнæбары фæхуыдта йæ сихормæ. Æз ын раарфæ кодтон, хæрд- джын дæн, зæгъгæ, æмæ æфсонæн мæ къухы чиныг райстон. Аивæй кæсын сылгоймаджы тагъд-тагъд æмæ зыдгомау комдзæгтæм, фæлæ уымæ кæсыпæй би- рæ днссагдæр уыд дзабыртæм кæсын, æмæ та мæ цæстытæ уыдоимæ азылдысты. Чиныджы цы фыст уы- ди, уымæн нипы бамбæрстон. Мæ сыхаг уайтагъд йæ фынг бадзæбæх кодта æмæ та йæхи хуыссæны ауагъта. Æз хуыссæн нæ райстон — вагоны мæ æхсæвиуат кæпьтн нæ хъуыд. Мæ хъуыды- тæ сæмхæццæ сты æмæ хæлбурцъ кодтой сæры магъ- зы. Хъуамæ мын сразы уа. Æфтиагуарзаг зыны. Йæ- ныхæстæм гæсгæ йæ лæг аразы сылгоймаджы рæ- сугъд къахыдарæс, ус та сæ спапда кæныны тыххæй æидæр горæттæм ласы. Ахæм адæмыхъæд та вæй- йыпц æхцауарзаг, зыд æмæ чъынды. Цæй æмæ ба- фæлварон. Кæд æмæ мын сразы уа, уæд, -цалынмæ посзд Минводы станцæйы лæууа, уæдмæ мæ фатсрмæ нызгъордзынæн, нæ хæдзары хицауæй æхца æфстау райсдзынæн æмæ сæ сыскъæфдзынæн. Цы уа, уый уæд. — Хорз ус, бахатыр мын кæн, фæлæ мын дæ сан- далеттæ куы рауæй кæнис. Кæд сæ цыфæнды зынаргъ кæныс, уæддæр дын сæ балхæндзынæн. , Ус ныхъхъуыды кодта, къахæгау мæм æрбакаст пæ гыццыл къуырф идæстытæй, мæ къæхты бынæй мæ ?3
сæрмæ сбарста, йæ мидбыл хинæйдзаг худт бакодта .æмæ загъта: — Нæ, нæ сæ ауæй кæндзынæн,— æмæ арфдæр йæ хуыссæны нынныпыуылд. Уалынмæ йæ хуыррытт рай- хъуыст. Нæ уæллаг æмбал æрхызт æмæ йæхи рæвдзытæ кæны ахизыпмæ — Прохладнæмæ нæ бирæ нал хъуы’- .ди... Араст стæм Прохладнæйæ дарддæр. Мах купейы ничиуал сбадт ногæй. Баззадыстæм дыууæйæ. Уый хуыррыттæй фынæн кæны, æз та «чиныджы кæсын»... Мæ сæры схæлбурцъ кодта, æппындæр мын зонгæ чи нæ уыд, ахæм хъуыды. Цымæ кæцæй æмæ цæмæн сæвзæрд? Ау, мæ бон мæхиуыл нал цæуы? Цавæрдæр -сандалетты тыххæй мæ къухтæ счъизи кæнон? Æмæ ма уыйфæстæ мæ мады сыгъдæг цæстытæм æргом кæ- 'Сын бафæраздзынæн? Кæцæйдæр мæм мæ риуæй хъуыстис сусæг хъæлæс: «Æмæ йын зиан та цас ра- кæндзынæ? УьГцы дыууæ рæсугъд саидалеты ма дæ ’бузныг дæр фæуыдзысты, ахæм уæззау уаргъæй сæ куы фервæзын кæнай, уæд. Мæгуыр сæ бон, сæхæдæг дæр алндзиккой дæ фæдыл...» Æз ныуулæфыдтæн: æцæг, æцæг, раст мын- дзыр- дæуыд. (Минводæй сын дарддæр цæугæйæ нал у! Ацы дзаджджын, хуыссæгуарзаг æмæ хиппæлой сыл- гоймагыл уымæй ницы зиан æрцæудзæн. «Цæй-ма, ■бафæлвар, сарæхсдзынæ?» — сдзырдæуыд та мæм. Мæ къух фæцæуы дзабыртæм, мæ цæстытæ та хъахъхъæ- пынц сылгоймаджы. Мæ зæрдæ та? Тæрсын, йæ гуыпп- гуыппæп мæ сыхаг куы райхъал уа, уымæп... Æваст мæ къух хæрдмæ фесхъиудта. Цы хабар у? Сырхзынг æфсæннагыл бандзæвыд? Ахъуыды кодтои: «Æллæх, æллæх, мæнæ щы æнцон у ацы хъуыддаг бакæнып, æмæ мæнæ куыд ризы мæ къух...» Дыз-дыз кæнынц мæ къухынгуылдзтæ. Æнæхъæ- 24
нæй дæр ризын гæдыбæласау. Æркастæн мæ сахатмæ- — амоны дæс. Бирæ нæ нал хъæуы Минводмæ. Иу хатт ма куы афæлварин... Цæрдæгдæр февнæлдтон. Сандалет мæ къухмæ систон, фæлæ «уæззау» разынд,. æмæ йæ уайтагъд фæстæмæ йæ быиаты æрæвæрдтон. Ныр мæ хъустыл æмæ мæ дæстытыл бынтондæр нал æууæндын. Афтæ мæм касти, цыма сылгоймаг хъал у, цыма мæ хъусы, цыма мæ æмбары. Дзуры мæм мæ зонд: «Ныхъхъуытты сæ уадз!» Дзуры мæм мæ зæрдæ: «Æдылы ма у, дæу сты, уы- мæй æппындæр нæ фæрисдзысты». Дзуры мæм мæ зонд: «О, ма кæн, ницæмæн дæ хъæуьшц, ма чъизи кæн дæ сыгъдæг къухтæ, цæрæнбонты фæсмойнаг фæ- уыдзынæ. Искуы дæ исчи куы бафæрса, кæм сæ бал- хæдтай, зæгъгæ, ,уæд-иу цæхæрайау асырх уыдзынæ, дæ зæрдæйы цæфтæ дæ хъуырмæ схæццæ уыдзысты, де ’взаг-иу ныссуйтæ уыдзæм... Ныууадз сæ!» Баззадис ма цалдæр минуты. Цы кæнон? Ус хуыр- рытт кæны. -Ницы тас дзы у. «Цæмæй тæрсыс? Тынг хорз фадат дын ис... Хæсгæ сæ!» — дзуры та мæм мæ зæрдæ... Æрбайхъуыст паровозы уасып. Гуыппытæгæнгæ базмæлыдысты вагæттæ. Поезд æрлæууыд. Райстон мæ дзаумæттæ. Лæууын. «Тагъддæр сæ сис æмæ цæу- гæ!..» Æваст дуар фегом кодтон æмæ тагъд лидзгæ, лидзгæ æмæ лпдзгæ. Лыгъдтæп мæхицæй... Февзæрд- тæн нæ уынджы. Иугыццыл мæ зæрдæ ме ’муд æрцыд. Вагонæй мæ исчи хæсгæ ракодта, мæхæдæг дзы ра- хызтæн — ницы йын равзæрстон. Мæ сур хпд калд. мæ уадултæ пиллон арт уагътой. Мæ къухтæ мæм кастысты тынг чъизи, æмæ фæдисонау тырныдтон нæ- химæ. Фæлæ мæ нæ уырпыдта, сапон мæ къухтæн фсх- хуыс уыдзæн, уый. Стæй уæд мæ хъæлæс мæ рпуы ныйпазæлыд: «О, бузныг, стыр бузныг! Мæ м а д, мæ сыгъдæг 25
м а д! О, бузпыг, стыр бузпыг, адæнмаджы сыгъдæг зонд!» ДАТО Гаййа йæ тæбын жакеты æгънæджытæ æвæргæ сындæггай уæлхæдзар фæцæнцыд; æрбайрох æй, æвæццæгæн, былæй ахауынæй тæссаг кæй у... Фæлæ сымахæй искуы исчи федта, диссаджы стыр зынджы къори хæхтæн сæ тæккæ бæрзонддæры цъуп- пыл куыд бады, уый?.. Гаййа лæууыдис æмæ хъуыды кодта: «Уыцы цъæх айнæджы тигъ æй куы нæ уромид, уæд зынджы къори ■æртулид фахсыл, айнæджытыл схъиудтытæгæнгæ; пæ быны ныккæнид суадæтты æмæ суæртты, æхсæрдзæн- ты, æхсыргæрдæгæй минас чи кæны, райсомы уазал æртæх чи нуазы, уыцы фысты дзугты... Мнадоны сæр- ты расхъиуид... Басудзид Окропы хъæу. Хъæлæба- гæнæг Терчы доп алырдæм ныппырх кæнид æмæ <æрæхгæнид Хъасарагомы бацæуæн. Дарддæр æй нал ауадзиккой, сæ сæртæ цъæх арвæп кæмæи фæлгге- сынц, ,уыцы тызмæг тыхджын хæхтæ, хæхтæ... Фæлæ судзгæ зынджы къори зивæггæнæгау ныу- уагъта айнæджы æмæ раленк кодта хъæуы сæрты йæ дзыхыдзаг худгæпæ, кæуыл æмæ цæуыл æххæссыд, уыдонæн се ’ппæтæн дæр йæ рухс æмæ йæ судзгæ тынтæ уаргæ... — Гаййа, хауыс! — чидæр æм хъæр кодта. Гаййа фестъæлфыд, фæстæмæ йæхи аппæрста. Йæ бакомкоммæ ноджы бæрзонддæр уæлхæдзар лæууыд Фаризæт. Йæ иу къухы уыд æхсыры къæрта, йæ ин- нæмæй та хæцыд, уæлхæдзары былтыл цы къæйдур- тæ сагъд ис, уыдопæй иуыл. — Кæдæм дæ дæ хæйрæджытæ хæссынц, иу къах- 26
дзæф ма куы акодтаис, уæд фысты рæгътæм ныггæпп кодтаис!.. Гаййа æнæдзургæйæ каст Фаризæтмæ. — Суармæ цæуæм? — йæ цæстытæ æмæ йæ ных асæрфгæйæ æрæджиау бафарста Гаййа. Фаризæт ацамыдта къæртамæ, ома, дуцынмæ цæ- уып, зæгъгæ. Гаййа суармæ ацыд иупæгæй. Сæнарæй арты фæз- дæг йæ фындзыл сæмбæлд. «Чидæр йæ хæдзары арт скодта»,— ахъуыды кодта Гаййа. Хъуысы: цъыззытт, цъыззытт — уый та æхсыры цыхцырæг уайы кæйдæр къæртамæ... Мæнæ ацы къуыбырыл та Гаййайыл алы хатт дæр æфцæджы уазал дымгæ футтытæгæнгæ ам- бæлы. «Уæртæ дзы уыцы стыр лæгæты амбæхс»,— йæ зæрдæ йæм сдзырдта, фæлæ йæм Гаййа зул цæстæп бакаст æмæ, гæппытæгæнгæ, уырдыджы нызгъордта. «Мæ дурын куы нæ асæттин. Æвзæр не ’рхъуыды код- той нæ фыдæлтæ — хæхты къултыл æрчъиты цæуын,— дæ къах никуы фæбырдзæн»... Гаййа донмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йæ фындзыл сондоны тæф карздæрæй уад. Гаййамæ аф- тæ’каст, цыма комæп цы цъитидон гуылф кæны, уый дурты гыбар-гыбур, йе знæт уынæр уæлдæфы стыр уылæнау æрбакæлы æмæ йæ йæ быны фæкæны... Дис кодта уылæнты дугъыл: «Цас маст хæссынц! Кæдæм, цымæ кæдæм лæбурынц? Уыдонæп сæ фæндаг тыгъд быдырыл ауадз... Уæд сæ маст цыдæр фæуид, стæй дон йæхæдæг дæр зæххы фæлмæны ацæуид... Фæлæ йын ныр цæуын зын у, æмæ ууыл мæсты кæпы, топы нæ гæндзæхтæ размæ, ис фæпдæгтæ, былтæ, æмæ æнæ- мæпг фæхæццæ уыдзæп бынатмæ... Айнæгджын доны был. Æртæтигъон къæдзæхы бын бады сусæгæй’—’дзураг гыццыл суадон — суар. Æмæ æппындæр нæ-тæрсы Терчы хуызæн тызмæг сыхагæй. Цал æмæ пæ цал хатты фæласта, фæлæ та суар æнæн- хъæлæджы куы кæцы раиæй скæсы, куы — кæцы, 27
æмæ та йæ сабыр сæр-сæр райхъуысы — къæдз-мæдз- ты цæугæйæ, йæ фæндаджы дуртæ сырхæй ’ахоргæ... Гаййа йæм хæстæг бацыд, сбадт йæ фарсмæ ду- рыл, къус хъавгæ сыгъдæг суадоны ауагъта, сæр-сæр- гæнгæ систа суар æмæ дзы кæрзгæ сабыргай нозта... Фæстæмæ цæугæйæ Гаййа уыд уæнгрог — ыуæй æлхыскъгæнаг суар йæ буары ацыд, иннæмæп хур æрæпдæвта. «Абон мын хосгæрстмæ æпæ цæугæ нæй, аходæн сын хъуамæ схæссон»,— хъуыды кодта Гапйа. Х&рды сызгъордта, фæуырдыг кодта, æмæ уалын- мæ хæдзары дуарыл бахæцыд. Бинонтæ æнхъæлмæ кастысты Ганйайы æрбацыд- мæ. Æртыкъахыг фыпгыл тæвдæй лæууыдысты цæрв- джын хæбизджынтæ, уыдонæй æнæ суар акуазгæ иу хай дæр тыххæй бахæрдзынæ. Лæууыд арахъхъы чы- сыл дурын. Фæлæ Гаийа дзæгъæлы зулаивæй каст фынгмæ — фæдзырдтой йæм. ...Фаризæт райсомæй кæцæй каст, уым та лæууыд. — Хæдзары иунæг дæн æмæ, аходæн кæимæ ба- хæрон, уый нæй. Рацу махмæ, аедæг тагъддæр! — Æмæ дæ разы уыцы фыдбылызмæ ме ссыд куыд фæкæсдзæп? — фарста Гаййа, йæ къухæй стыр куыдзмæ амонгæпæ. Дато (афтæ хуынди куыдзы ном) йæ саухъулон бырынкъ къæйты æхсæнты радардта æмæ, йæ уарзон хицау кæимæ ныхас кодта, уымæ мæсты каст кодта. — Ма дзы тæрс, баст у, стæй æз ам нæ дæн?.. Окройы хъæуæн йæ иу æрдæг æрæнцад тъæпæн хо- хы фахсыл; йæ иннæ та — хохрæбын. Гаййа хæрды пæ къубал ивазгæ фæцæйцыд Фаризæттæм, афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ куыдз нæ бæттæн ратон- дзæн æмæ йæ йæ быны акæндзæн... Куыдз йæ раззаг къæхтæ радыгай къæйтыл æвæргæ цыд, хъахъхъæдта Гаййайы æмæ тызмæгæй каст... Гаййа æмæ Фаризæт фæцæйцыдысты хæдзармæ, уый та йæ рæхысæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ æмæ »йæ 28
бырынкъ арвмæ саразгæйæ бæзджын хъæлæсæй рæйд- та. Гаййа йæм баздæхт æмæ йын уайдзæфтæ кæнын рапдыдта: — Цымæ цæуыл рамæсты дæ? Исты уын уæ хæ- дзармæ æнæфæрсгæйæ æрбацыдтæн... Курым бадæ, æви... . Фаризæттæн сæ хæдзар уыд бæстон æмæ парахат арæзт. Хæххон хæдзар схоиæн ын зыптæй уыд. Дыу- уæ æддæгуæлæйы: уæллæгты сæхæдæг цардысты, бы- нæп та — скъæттæ, саратæ, пъадвалтæ... Бирæ уæтта;, зæрдæмæдзæугæ хæдзарыдзаума, бпрæ хуыссæнгарз... Фаризæтæн йæ хицау у комы нымад лæг. Йæ цар- ды бонтæ фылдæр æрвиты дургуыстгæнгæйæ. Аразы цыртытæ, лæджы гуыртæ, дурæй бандæттæ... Ныхасы ахæм дурæйарæзт .къæлæтджынтæ лæууыд/æмæ сыл хур бон бадынæй нæ бафсæддзынæ... Хъæдгуыст кæ- нынмæ та уымæй хуыздæр арæхсы: хæдзарыдзаумайæ цæмæ ма бавнала — алцыдæр йæ къухы бафтдзæн са- разын... Фаризæтæн йæ лæг та колхозы кæны бухгал- теры куыст. Ис сын аст сывæллоны, афтæмæй Фарп- зæтæн йæхиуыл æдæппæтæй цæуы дыууиссæдз азы. Куыст ын фагæй фылдæр — кæд, мпййаг, уымæн у рæсугъд æмæ бынтон æрыгонхуыз... Æцæг ын пæ фондз тиуы æххуыс кæнынц цыфæнды куысты дæр, дарынц æп буц. Фаризæт фынддæс нæлгоймаджы æх- сæн иунæг у, ома, иунæг сылгоймаг — йæхи лыстæг фæсивæды дæр куы нымайæм^уæд... Гаййа æмæ Фаризæт бахызтысты уазæгуатмæ. Чызг йæ цæст ахаста уатыл. Лæууы дзы стыр даргъ стъол, йæ уæлæ сыгъдæг æмбæрзæн, къултыл — дзæ- бидыры сыкъатæ æмæ сырдты цæрмттæ. — Цыдæриддæр ам дзаумайæ уыныс, уыдон се ’ппæт дæр нæ зæроиды æрмдзæф сты,— загъта Фари- зæт. 29
— Диссаг, ацы буфет цы диссаджы арæзт у — рæ- сугъд æмæ тызмæгхуыз... Дыууæ рудзыпджы кæрæдзимæ кастысты. Иуæй дзы зыны — тæккæ хæдзары æмкъул — чысыл хуым; зайы дзы сæрдыгон булчъытæ, цæхæратæ, уырыдзы- тæ, дудгæтæ, суанг ма пъамидортæ дæр... Иннæ ру- дзынгæй акæс æмæ фендзынæ хъæу, йæ алыхуызон чъырæйцагъд хæдзæрттимæ, бацæуæптимæ; уæлхæ- дзæрттæ та стыр цыппæрдигъон асинты хуызæн сты. ...Дарддæр акæс æмæ дæм сзыпдзæн стыр фæз, сæхи дзы радав-бадаз кæнынц цъæх цæугæдæтты тæгтæ, Зынынц фæндæгтæ хæдтулгæтæ æмæ фистæг цæуджы- тимæ... Дарддæр хæхтæ æмæ хæхтæ... Пецы сæр хъармæй рæсугъд хъæдын тæбæгъы ми- дæг лæууыдысты цæрвджын уэ^либæхтæ. Фаризæт сæ стъолыл æрæвæрдта. Сæ фарсмæ урс хъæдын къус — йæ мидæг бур царвы тæвдæй улæфыд цыхтæй дзык- ка. Нарæгхъуыр дурын ам дæр уыд — ууыл сæмбæл- дзынæ алы /хæдзары дæр... Фаризæт райста чысыл сыкъа, арахъхъ дзы æркод- та æмæ йæ Гаййамæ авæрдта. — Ма дзы тæрс, горæтаг, наливкæ у, хуыздæр ба- хæрдзынæ,— дзырдта Фаризæт, даргъ цæстыхауты æхсæнтæй пæ сау рухсуадзæг цæстытæй худти, афтæ- мæй. Гаййа файста сыкъа, сыстад, аздæхг рудзынгмæ æмæ загъта: — Уæдæ нæ нæ хæхты хорзæх уæд, хорз суæрт- тæй æмæ нæ суадæттæй цух куыд нæ уадзой, уыцы амонд нæ уæд! Дæ пæлгоймæгты æмæ дæхи цæрæн- бон бирæ! — йæ был атылдта сыкъапы æмæ Фаризæт- мæ зулцæстæй бакаст. — Нæ йæ æмбарып, хъæбæрдæр сæ кæцы у — су- ар 1 æви дæ наливкæ?.. — Ануаз, суар хъæбæрдæр у... ъп
Фаризæт ’дзыккайы къус ’Гаййамæ хæстæгдæр ба- кодта. Гаййа уидыгæй арханд^а дзыккаимæ. — Гъы, горæтаг, пæ зоныс, куыд хæрын хъæуы, уый,— де ’нгуылдзыл æп стух æмæ хæр... Нæй, ницы, нæ нуазынæн дæ, пæ — хæрынæп...— Фаризæт хъаз- гæмхасæнты хæцыд Гаййамæ. — — Дæ хорзæхæй, Фаризæт, дæ цæргæстæ кæм сты? Афтæ мæм кæсы, цыма ацы стыр хæдзары дæу æмæ Датойы йедтæмæ ничи цæры... } — Уазæгæй тæрсгæ кæнынц. Уазæг нæм æрбацыд, уæд сæ хæдзары нпкæйы ссардзынæ, ахæм у се ’гъдау. Лæгтæ та куысты вæййынц, раджы ацæуынц,— дзу- апп лæвæрдта Фаризæт. Куы сыстадысты, уæд Гаййа фынгæй уæлибæхм хай систа æмæ рацыд. Дато йæ даргъ соыртæ фæзы- нын кодта æмæ Гаййайырдæм йæхи аппæрста. Фæлæ йæ рæхыс фæстæмæ уыциу риуыгъд раласта. — Цæй, хорз, хорз, ма мæсты кæн, Дато, æз дæ ныртæккæ хорз фендзынæн,— лæгъстæгæнæгау æм дзырдта Гаййа æмæ йын баппæрста хап. Дато йæм смудгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй пæ аныхъуырдта æмæ æрсабыр. Гаййа ма йын ноджы иу хай рахаста æмæ та йын æй радта. — Æнхъæлдæн, чыоыл æрсабыр,— загъта Гайпа.— Фаризæт, дæуæн дæ куыстытæн кæрон дæр нæй æмæ дæ нал хъыгдарын. Бузныг, хорз мæ фсдтай. Мæнæк дæр мæ зæрды абон хосдзаутæм суайын ис, аходæн сын схæссон, стæй чызджытæм бакæсон, кæд сын ис- тæмæн бабæззин æз дæр... — Рагъæй ма рахау, хъавгæ цу...—> фæздæхста нæ Фаризæт. — Ма мын тæрс, æрчъитæ скæндзынæн, цæмæй Терчы ма балæууон, уый тыххæй, кæннод мæ, мий- йаг, нæхимæ фæласдзæн. Æмæ мæ нæ фæнды,— хъа- зыд Гаййа. — Мæ зæрдæ дын зæгъы рæствæндаг, æрмæст- 31
ну нæ лæппутæй макæйы фæсай,— худы Фаризæт. — Дато, ма-иу мæ мыс, мах ма фембæлдзы- стæм! — цæугæ-цæуын ныхъхъæр кодта. Фæлæ та Дато йæхионтæ райдыдта — уыциу гæпп та раласта æмæ ма Тсрчы хъæр дæр нал хъуыст... Гаййа йемæ акодта йæ фысымты чысыл чызг Зæ- ликæйы. Уæвгæ, ахæм чысыл дæр нал уыд Зæли, цы- дис ыл иуæндæс азы. Араст сты хосгæрстмæ. Хæрды цыдысты стыр хохы фахсыл. Хосгæрст уыдис дард, зынцæуæн... Цæуынц, фæндаджы зынтæ фæсте уа- дзынц кæрæдзпйæн æххуысгæнгæ. Фæлæ мæнæ Гаййа фæкалд æмæ йæ къухтæ... Тыхамæлттæй йæ хызып пе уæхскыл баурæдта, фæтарст æмæ æрбадт къæйдурыл. Уалынмæ дын йæ мидбылты худы æмæ йе ’нгуылдзтæ сдæры. — Зæли, хæссинæгтæ уал æрæвæр, мæнæ замма- най минас, хорз æмæ мæ къах скъуырдтон... Гаййа æмæ Зæли бадтысты æмæ диссаджы мыд хордтой. Æвæццæгæн, чыргъæды хицæуттæ кусынмæ уыдысты... Уыцы мыд цы хæрзад у, йæ дзæбæх тæфæй адæй- маг куыд расыг кæны, уый зоны, искуы дзы хæххон хосгæрсты чи фæхъæстæ, æрмæстдæр уый. Хæххон уыгæрдæн. Ам зайы, цæвæджы фæстæ йæ æхсыр кæмæн акæлы, йæ æхсызгон тæф та дардыл кæ- мæн апырх вæййы, ахæм кæрдæг. Æмæдзы цынæхуы- зон дидинджытæ ис, рæсугъд æмæ уæздан тæфгæнаг, лæууынц сæ цыбыр зæнгтыл: сырхытæ, цъæхтæ, буртæ, урсытæ—æмæ се ’ппæтæн дæр гыццыл сæртæ; цыма сæ барæй мыдыбындзыты цæстмæ ратил-батил кæ- нынц, уыйау змæлынц. Гуыбыр кæнын дæр сæм нæ хъæуы басмудынмæ—хуры тынтæ сæ куы батавыиц, уæд сæ дзæбæх тæф дардмæ æрвитыпц... Æвæдза, ам цас ис адæймаджы алы низтæн хостæ. Кæцытæ сты?.. '... Разæй йæ уис хаста Гæмæт. Бæлвырд æмæ арæхсгæ иста йæ цæвæг — хурмæ айдæны хуызæн 32
æрттывдтытæ чкалдта. Гæмæт йæ сæрмæ нæ хаста, цæмæй’æрыгон лæппу Æхсары йæ разæй ауадза. Æх- сар æй æмбæрста æмæ йæм кæд Гæмæты фæстæ цæ- уын æгад каст, уæддæр йæхи урæдта... — Афтæ, гъе, уæдæ, Гæмæт, нырма дæуæн, иу-дæс æмæ ссæдз азы кæуыл цæуы, ахæм æрхæссын дæ бон у,— йæ цæс’т æмбæлттæм ныкъулгæйæ дзырдта Æх- сар. Гæмæт йæ цæвæг дарддæр фæхаста æмæ загъта: — Æрмæст иу нæ... Хосгæрдджытæ ныххудтысты. — Уый дын лæджы ныхас,— сдзырдта лæгтæй чи- дæр. — Дæлæ нæ аходæн дæр схæццæ,— фæсус хъæлæ- сыуагæй бакодта гыццыл æмæ къæсхуыртæ зæронд ус Медон йæ къухы аууонæй дæлæмæ кæсгæйæ. Гаййа æмæ Зæли хæрды уæззау хордзентæ куыд сцæйхастой, уый фыццаг Медон ауыдта. Медон йæ чындзытимæ иумæ хос ссывта. Зын зæгъæн уыд, цал азы йыл цæуы, уый. Дзырдтой, зæгъгæ, дам, ыл цæуы дыууадæс æмæ цыппарыссæдз азы... Аходæн хордтой судзгæ хурмæ, фæлæ хæхбæсты тæвд никуы вæййы. Медон бадтис лæгтимæ. Æрыгон сылгоймæгтæ та хибарæй1—афтæ сæрибардæр уыды- сты. Æвзонг лæппу Къоста дæрддзæф хуыссыд, йæ къухтæ йæ сæры бын бакодта, афтæмæй. — Къоста! Рауай, мæ хур, иу комдзаг скæн! — Æви ма дæ зæрдæ хæссы,— дзырдта йæм Гæмæт. Къоста йæ къух ауыгъта. Медоп къухæй дихтæ кодта суарæй конд луаси- тæ — нырма уыдысты хъарм, æмæ сæ хæрзад тæф хос- дзауты стонг æргомдæр кодта. Медон райста луасийы æрдæг, батыхта дзы хæрз- фых фысыфыд æмæ йæ Гæмæты раз æрæвæрдта... 2 Чегырсы 33
Гæмæт хæхты «цъуппытæм скаст æмæ загъта: <— Нæ фыдæбоп бæркадджын уæд,— æмæ систа нæ хай... Сæ дойны састой къуымæлæй... — Хорз мой дæ хай, Гаййа! Раст нæ Сатанайау хорз федтай,— дзырдта йæ къуымæлæйдзаг зачъета* сæрфгæйæ зæронд Гæмæт. Гаййа æфсæрмдзæстытæй йæ мидбылты худт... Сылгоймæгтæй иу æнкъард цæстæнгасæй кастие Къостамæ æмæ йæхицæн дзурæгау загъта: «Мæгуы- рæг, гъе, ахæм тæнзæрдæимæ хъавы царды даргъ æмæ (Зын фæндæгтыл дæуын... Уымыты æрмæст кæл- ’ мытыл нæ сæмбæлдзынæ...» Гаййа æмæ Зæли баззадысты хосгæрдджытимæ. Кæрдæджы дзаджджын тæфмæ Гаййа раоыгау кодта, фæлæ нæ саст,— куыста Медоны кæстæр чындзы æм- хуызон, зарджытæгæнгæ... Изæры хъæумæ æрцæйцыдысты иууылдæр иумæ. Саулагъз æмæ цъæхдзаст чызг Леска лæппутæн иста сæ зарæг. Йæ цъæхснаг хъæлæс зæлыд кæмтты,— хъардта фæллад хосдзауты уæнгты... Зарæгимæ уай- тагъд æрхæццæ сты хъæумæ. Фæцæйцыдысты Фари- зæтты хæдзары рæзты. Дато йæ бырынкъ æддæмæ ра- даргæйæ хъахъхъæдта. Хосдзаутæ йæ цурмæ куы ба- хæццæ сты, уæд фыррæйдæй бацъæх. Гаййа йæм йæ дпдинджыты баст батылдта,— уый та ’йын бынтон нæ тъæнгтæ ацагъта... ... Датойы фосимæ нал уагътой, фæзæронд, зæгъ- гæ,— хъуамæ хъахъхъæдтаид хæдзар. Фæлæ æрцыдис ■бæллæх, уæтæрты куитæй иуы бирæгътæ аргæвстой. Уый бынатмæ фиййæуттæ сныв кодтой Датойы. Иу асæст райсом фийиау Датоимæ , араст дард уæтæртæм. Цыдысты хæхты нарæг къахвæндæгтыл. Куыд дарддæр цыдысты, афтæ арв тарæй-тардæр код- та. Дæтты æмæ æхсæрдзæнты уыиæр дардæй-дарддæр хъуыст. Фиййау ацыд тас хъуыдыты: «Къæвда рæстæг 34
фосы дзугтимæ зын архайæн у... Стæй ацы фæстаг рæстæг бирæгътæ саг^уыдысты. Дато сæрæн куыдз уг иу æмæ дыууæ хатты нæ фервæзын кодта фосы би- рæгътæй. Фæлæ...» Дато згъордта фиййауы разæй, иуæй-иу хатт-иу адард, фæлæ-иу фæстæмæ куы фæкаст, уæд-иу æрлæу- уыд, кæнæ та-иу раздæхт, æмæ-иу фиийауы фарсмæ цыд æлвæстхъусæй, цыма-иу йæхи ньщцæвынмæ хъа- выд... Футтытæгæнгæ сыстад уазал дымгæ. Кодта сæлфы- нæг. Æртæхтæ судзинтау ныхстысты цæсгомы. Къæх- ты бын зæхх лæбырыд... Фиййæутты бынат ныр дард бæргæ нал уыд, фæлæ фиййаумæ афтæ каст, цыма фæндаг цыбырдæр нæ кæны. Дато размæ тырныдта, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, раздæхт æмæ та-иу атындзыдта... Фиййау уазал дымгæйы фыдæнæн, къæвдайы фы- дæнæн, тар уæззау арв æмæ иæхи фыдæнæн архайд- та зарыныл. Фæлæ та-иу къæхтæ фæбырыдысты, æмæ- иу зарæг дæр фескъуыд. Уæддæр йæ зард нæ уагъта.., Изæрдалынгты бахæццæ сты уæтæртæм фæллад, фæлмæцыдæй. Фиййæуттæ се ссыдмæ фос къæдзæх- рæбынтæм батардтой. Фыстæ, мæгуыр, дзыгуыртæ- дзыгуыртæй лæууыдысты. Сæхи кæрæдзимæ æнгом æлвæстоп æмæ алы хъæлæстæй уасыдысты. Куитæ сæ къæдзилтæ сæ фæстаг къæхты æхсæн нылвасгæйæ Датойыл æмбæлдысты рæйгæйæ. Фæл- лад æмæ æргъæвст фиййæуттæ, сæхи нымачты тух- гæйæ, сæ даргъ лæдзджытæ сæ фарсмæ, афтæмæй фосмæ хæстæг сæхи æруагътоп... Дато фосы алыварс гæмæлхъусæй ягъорып бай- дыдта. Ипнæ куитæ дæр зивæггæигæ Датопы фæстæ уадыс.ты... Куитæ цыдæр бæллæх æнкъардтоп. Æмæ æцæг- дæр — фысты дзугтæм фæсæмбисæхсæвты бирæгъты бал æрбалæбурдта. Фипйæуттæ фынæйæ дæр къæрц- 35
хъус сты. Айхъуыстой куиты тызмæг рæйд æмæ фо- сы уаст, топпытæ фелвæстой æмæ азгъордтой, куиты хъæлæба тынгдæр кæцæй хъуыст, уырдæм. Куитæ бирæгътимæ бацыдысты тызмæг хæсты. Да- то æмæ цъæх бирæгъ кæрæдзиуыл стыхстысты, чи сæ кæуыл фæтых уыдайд, уы’й бæрæг нæма уыд. Куыдз бирæгъы тугæй нал зынд, йæхæдæг алырдыгæй пыр- хытæ æмæ хæрдтытæ. Уалынмæ бирæгъы хурхыл куыд фæхæст, афтæ йæ къахæн — дзæхст. Сæ дыууæ дæр æрхаудысты, уымæн æмæ Дато не суагъта би- рæгъы. Цæвиттон, бирæгъ Датойы дзыхæй фервæзын- мæ куыд хъавыд, уый фиййау ауыдта æмæ хъилæй бирæгъмæ ныхъхъавыд... Цæф сæмбæлд Датойыл. Фиййау Датойь.1 ссыртæ мард бирæгъы хурхæй сæфтыдта æмæ Датойы халагъудмæ ахаста. Йæ дзы- хы йын дон ауагъта, йæ саст къах ын бабаста... Би- рæгътæй ма чи фервæзт, уыдон алыгъдысты. Уæтæрты уыд æнæнцой. Рухсы цъырттытæ арвыл фæзындысты. Уарын дæр банцад. Фиййæуттæ æргæвст фысты стыгътой, фыстæй бирæгъы дæндагдзæфтæ кæ- уыл уыд, уыдонмæ зылдысты, фосы нымадтой... Дато æрчъицыдта, фæлæ стын йæ бон нæ уыд, Иу- æй-иу хатт-иу нпуæгау бакодта, хæргæ та — нæ, æр- мæст дон сдæрдта... Дыккаг бон Фаризæты хистæр лæппу уæтæртæй сæхимæ æрцыд — дзидза æрхаста æмæ ракодта æхсæ- вы хабæрттæ... Фаризæт æмæ Гаййа суары амбæлдысты, афтæмæй Гайиа дæр базыдта хабар. Фаризæт йæ цæссыгтæ сæрфта. — Æз лæппуйæн загътон, Датойы уæтæртæй ма æркæп, зæгъгæ... Мæ бон æм нæ бауыдзæн кæсын æр- даэгмардæй... Дæс азы йын къæбæр фæлæвæрдтон, дæс азы хъахъхъæны фыдбылызæй фос æмæ хæдзар, мæ сывæллæтты...— дзырдта Фаризæт. Уыцы ныхæстæгæнгæ Фаризæт пæ даргъхъуыр 36
дурынимæ цæхгæр хæрды къахвæндагыл суад. Фари- зæт зыдта, Гаййа суары раз афæстиат кæнын кæй уарзы, уый, æмæ ,йæм ,уымæн нæ фæлæууыд. Гаййа бадтис къæдзæхдурыл æмæ цыдæртæ хъуы- дыгæнгæйæ Фаризæты фæстæ каст. — Фаризæт! — æваст фæхъæр кодта Гаййа. Фаризæт фæкаст. — Гоги фæстæмæ кæд цæуы уæтæртæм? —■ Абон,— радзырдта Фаризæт. * * * Хур йæ тæмæны бацыд. Хæххон уæлдæф уыд са- тæг. Уымæй Гаййайы уæнгтæ -уыдысты рог, йæ хъуы- дытæ та — сыгъдæг. Гаййа æмæ |Гоги цыдысты хæхтыл, нарæг къахвæн- дагыл æмæ ныхæстæ кодтой дысоны хъуыддæгтыл... ... Уæтæрты уыд сабыр. Фийиæуттæ фосы аскъæрд- той сæрвæттæм, даугтæ къултæй зындысты стыр урс пæлæзты хуызг?н. Халагъудæй чысыл дарддæр фий- йæутты хæринаггæнæг арты сæрмæ ауыгъд аджы фых- та дзидза. Хæххон хур æмæ уæлдæфæй чи ныссау, ахæм æрыгон лæппу Гоги æмæ Гаййайы куы ауыдта, уæд арты цурæй фестад æмæ сæ размæ рауад. — Хуыцауы уазджытæ ут,— æфсæрмдзæстыгæн са- лам лæвæрдта. — Сымахæн та уæ уæтæрты сабырдзинад уæд,— загъта йын (Гай|йа. Дато хуыссыд халагъуды, хус кæрдæгыл. Йæ цæс- тытæ уыдысты æхгæд, тыхулæфт кодта, йе ’взаг рап- пæрста, афтæмæй. Йæ цæф къах цыма йæхи буарæй нæу, уыйа,у (Ын иуварсырдæм хауæгау акодта. Йæ бæр- зæй хæрдтытæ, йæ хъуын бындзыггай зæбултæ, галиу хъус йæ уæлæ нæ... Гаййа Датомæ хæстæг бацыд, дзуццæджы йæ ра- зы æрбадт, нæ дзыкку йæ юбкæйы кæрон нытътъыс- 37
та æмæ Датойы «кæрцæй» хъавгæ иста зæбул хъуыны бындзгуытæ. — Гоги, цу-ма дугъысыфтæ ратон,— фæдзырдтз Гаййа. Фиййау лæппуимæ рай-хæлдтой Датойы цæф къах. — Фервæза ма? — загъта Гаййа.— Кæс-ма, хæф кæпын байдыдта... ■— Фервæздзæн, куыдз низæн фæразон у,— загъ- та лæппу. — Йæ сæрыл бынтондæр нæ хæцы, æгæрмæгуыр ниугæ дæр нæ кæны. Куыд фервæздзæп? Цы иын æр- хъуыды чындæуа? — сагъæсхуызæй дзырдта Гаййа. Стæй йæ хызынæй систа фæтæн бинт æмæ марганецы дон, ныхсадта хъæдгом, дугъысыфтæ йыл сæвæрдта æмæ йæ бæстон бабаста. Дато змæлгæ дæр нæ фæ- кодта, æвæццæгæн, йæ бон нæ уыд. Стæй йын йæ хъуыры дон ауагътой... Ныр та саразын хъуыди сынт. Уыцы хъуыддагмæ бавнæлдтой лæппутæ: дыууæ лæдзæгыл кæттаг бай- тыгътой æмæ йæ бафидæрттæ кодтой. Датойы хъавгæ сынтыл сæвæрдтоп, Гаййа йæ кæн- дæр кæрцы къæритæй æрæмбæрзта, æмæ рараст стьк Гоги сынтыл схæцыд разæй, Гаййа — фæсте. Гоги-иу тæссаг ран Гаййанæн феххуыс — йæ къæх- тæ-иу фæбыцæу кодта, æмæ-иу Гаййа сынты лæдз- джытыл банцад... Хур хæхты фæстæмæ аивгъуыдта, афтæ Гаййа æмæ Гоги хъæумæ æрхæццæ сты хуыздзыд æмæ фæл- мæстæй. Се ’рцыдмæ Фаризæт æрцæттæ кодта хуыс- сæп Датойæп, аууопы йын йæ быиы бакодта зæропд нымæт. Дыккаг бон сæумæрайсом Ганйа абæрæг кодта Датойы. Æрбадт йæ разы æмæ йæ йæ армытъæпæнæй сæрфта, пыхæстæ йын кодта: — Ды бирæгъы йæ рапы ссардтай, дæуыл та ма цæф ауад... Афтæ дæр вæййы, адзæбæх уыдзынæ... 38
Гаййа хæлдта Датойæн йæ къахы баст. Фаризæт æмæ сывæллæттæ йæ алыварс лæууыдысты. Фаризæт тарст, куыдз, миййаг, Гаййайыл куы фæхæца, уымæй. — Хъахъхъæн дæхи,— дзырдта Гаййамæ. Фæлæ Гаййа архайдта рæвдз. Датойæн йæ ниуын цыд, каст лæмæгъ, рынчын пæстытæй, йæ къахимæ йын куыд архайынц, уымæ. — Фаризæт, æркæс-ма, цыхуызæн стыр хъæдгом у, уымæ! Стæг саст, фæлæ бæлвырд æвæрд... — Йæ хирург æмбаргæ фиййау уыд, æвæццæгæн,— загъта Фаризæт. Дато йæ хицау Фаризæты хъæлæс куы айхъуыста, уæд бахъуыр-хъуыр кодта хи буцгæнæгау. «Кæд ын йæ къах Фаризæт кæй нæ бæтты, уый йын тынг хъыг у...» — ахъуыды кодта ’Гаййа. Æмæ та хъæдгом ду- гъысыфтимæ бабаста. — Ныр та, Дато, исты ахæр,— дзырдта Гапйа. Æрбахаста йын къусы дон æмæ йын æй йæ разы æрæ- вæрдта, Дато уайтагъд йæ сæр фæгуыбыр кодта æмæ тынг дойныйæ сдæрын байдыдта.. Стæй та йын радта фых дзидзайы хай. Уый дæр ахордта... Æртыккаг бон дæр та афтæ — Гаййа æрбацыд хос- тимæ. Дато уыд сæрæндæрхуыз. Гаййа иучысыл абадт йæ разы—цалынмæ йын, цы хæринаг æрбахаста, уый хордта, уæдмæ. Стæй йын йæ къах куы райхæлдта, уæд Дато рабадт. Гаййа банхъæлмæ каст. Дато йæ къахмæ йæхи баивæзта æмæ йæ сдæры. Уыйфæстæ йын Гаййа хъавыд ногæй йæ хъæдгом бабæттынмæ, фæлæ Дато тызмæг фæхæпп кодта. — Гаййа, иуварс ацу! — фæтарст Фаризæт. Дато йæ хъæдгоммæ æвналын никæйуал бауагъ- та. Уалынмæ иу-цалдæр боны фæстæ къуылых-къуы- лых цæуын райдыдта... Фаризæты къухтæй хæринаг нæ хордта, хæстæг æм-иу куы бацыд, уæд-иу ыл срæйдта... Фаризæт дис кодта: «Гаийапы хъæлæс суанг уын- 39
гæй дæр куы айхъусы, уæд йæ бырынкъ фæндаджыр- дæм адары... Цымæ цы уа, цæуыл мæм мæсты у?..» * * * Иубон чызджытæ æмæ чындзытæ Гаййаимæ сфæнд кодтой хъæдмæ ацæуын мæцкъуы æмæ саунæмгуы- тæм. Æрæмбырд сты мæсыджы раз, чидæртæ ма ра- цæуинаг уыд æмæ сæм æнхъæлмæ кастысты, ныхæстæ уал кодтой. Гайпа сын, хосгæрсты Къостайыл цы ха- бар æрцыд, уый тыххæй дзырдта: «Къоста калмыл куы нæ ныллæууыдаид, уæд калм абырыдаид... Фæ- лæ калм куы ссыф-сыф кодта æмæ йæ сæр хæрдмæ куы систа, уæд Къоста фæраздæр æмæ йын йæ æр- дæг цæвæгæй ракарста. Къоста ныффæлурс æмæ йæ хуыз йæхимæ æрæгмæ нал æрцыд...» . * Гаййайы ныхас æваст фескъуыд. Сылгоймæгты æх- сæн раст уаддымгæйау скуыси Дато æмæ йæ рæхы- сæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ йæ раззаг къæхтæ Гай- йайы уæхсчытыл авæрдта. Чызджытæ цъæхахстгæнгæ алырдæмыты фæпырх сты. Гаййайæн алидзæн кæцæй уыд. Дато йæ æвза- гæй сдæрдта Гаййайы хъустæ, уадултæ æмæ цыдæр- тæ хъуыр-хъуыр кодта. Гаййа Датойы къæхтыл ныххæцыд æмæ сæ уæхс- чытæй раппарынмæ хъавыд, фæлæ куыдз ницы ком лæвæрдта, срæйдта-иу... Фаризæт хуыздзыдæй æрызгъордта. — Мæ къонайыл, нæ дыл фæхæцыд? — афарста тыхулæфтгæигæ. — Нæ мыл фæхæцыд, ма тæрс, æрсабыр у. Æр- мæст не ’ппæты дæр тынг фæтæрсын кодта. Фаризæт Датойы рæхысыл рахæцыд, фæлæ йыл уый уыциу хæпп фæкодта, æмæ Фаризæт фæрсырдæм а^æпп ласта. — Цы пыл æрцыд? Кæд æрра ссис? — дзырдта Фаризæт. 40
— Дато, цæй, суадз мæ, мысгæ мæ кæндзыиæ, уый нæ зыдтон,— хъазгæмхасæнты дзырдта Гаййа æмæ куыдзы рæвдыдта. — Æртæ боны дæ нæ федта, чи зоны, зфтæ дæр у,— загъта Фаризæт. Дато æргæпп кодта, абадт йæ фæстæгтыл æмæ хъахъхъæдта Гаййайы.1 'Гаййа дæр йæхи дурыл æру- агъта. — Охх, Дато, цы хæйрæг дæ ацардыдта? Фари- зæт, дæ хорзæхæй, цавæр рæхысæй баст уыд, куыд евй ратыдта? — бустæгæнæгау фарста Гаййа. — Ныры онг æй никуыма ратыдта,—’цыма йæхи рæстытæ кодта, уыйау дзырдта Фаризæт. Фаризæт æмæ Гаййа ацыдысты хæдзармæ. Дато дæр сыстад æмæ сæ фæстæ араст. Уыйфæстæ Гаййа Фаризæттæм кæд ма ссыдаид’— Датомæ-иу хæстæг æнæ бацæугæ пæ фæци. Нал дзы тарст. Дато-иу йæ къæдзил тилын байдыдта... Фари- зæты тйутæй исчи Га^ййаимæ хъазæн ныхæстæм æр- лæууыд, уæд-иу Дато æртхъирæнау рæйын байдыд- та... Иуахæмы та фæсивæд хъæдмæ цæуынвæнд скод- той. Хъæуæй ахызтысты, нæуынц хъазгæ-худгæ. Фæ- лæ та мæнæ — Дато! Сæ фæстæ та æрбацæйлæбурд- та йæ рæхыс йæ фæстæ ласгæ... Гаййа йе ’мбæлтты басабыр кодта: — Ма тæрсут, æз йæ размæ ацæудзынæп. Дато Гаййамæ багæпп ласта, цины ниуд ныккод- та, йæ къуди радав-бадав кæны, смуды пын йæ къæх- тæм... — Цом, |цом, Дато, махимæ, ды не ’мбал дæ,— дзуры йæм Гаййа. Дато цæуы Гаййайы фарсмæ. Гаййа,йæн йе ’мбæлт- ты аййафын нæу йæ бон... Хъæды Дато лекка кодта æмæ мæцкъуытыл зылд — цыдысты йæ зæрдæмæ. Саунæмыг нæ хорд- 41
та, æвæццæгæн æй рæсугъд сырх мæцкъуы йæ хуы- зæй сайдта... Хъæумæ æрдыздæхтысты изæрдалынгты, сæ цæнг- тыл тыппыр къалатитæ хæрзад гагадыргътимæ. Цыди рæстæг. ГаГгйайы хъуыд сæхимæ йæ куыст- мæ цæуын—,уыдис æрыгон ахуыргæнæг... Ие ’мбæлт- тæн «хæрзбон» загъта, нæ дзы ферох Дато дæр: «Да- то, ма мæ ферох кæн, фендзыстæм та!..» Къуыри дæр нæ рацыд Гаййайы ацыдыл, афтæ та Дато йæ рæхыс атыдта æмæ та алыгъд. Дато фесæфт. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæфарстой, фæлæ йæ ничи федта... Æрцыд йæхæдæг. Мæйы фæстæ. Уыд ихсыд, фæл- мæцыд, йæ къæхтæ тыххæй иста... Нал уыд кæддæ- ры хуызæн рæсугъд, нал лæбурдта, никæйуал тæрсьш кодта... ч Йе ’рцыдыл хæдзары тынг бацин кодтой. Сывæл- лæттæ йын цы нæ хастой... Фæлæ Дато хæринаг пал хордта... ХУРАГУР Мæ сывæллоны æмæ ме ’взонг бонтæ æрвыстон ме ’мбал Кариимæ. Нæ фæндæгтæ фæхицæп сты, фæй- нæ стдæс азы ныл куы сæххæст, уæд. Карн смой код- та хæстон инженермæ, æмæ^цæрынмæ дард хурыс- кæсæнмæ ацыдысты. Мæнæн та мæ хъысмæт æндæр- хуызон разыид—щæргæнæ баззадтæн мæ райгуырæн бæсты.. Кари уыдис хъæрæй худаг, хъæлдзæг чызг. Куы- иу ныххудт, уæд-иу хт^уамæ йæ даргъ цæнгтæ уæлиау сæппæрстаид, цыма йын-иу уыдон дæр йæ худын фед- дæдуар кæнынæн æххуыс уыдысты... Кари цардис йæ зæронд мадымадимæ зæрондго- мау чысыл хæдзары. Сæ кæрты астæу лæууыд иунæг 42
ныллæг æмæ пæлæхсар фæткъуы бæлас. Задис ыл стыр сырхварс хæрзад фæткъуытæ. Мах, æвзонг чыз- джытæ, бирæ уарзтам уыцы бæласмæ бырын. Йæ хъæд уыдис ставд æмæ дæрзæг, бæгъæввадæй быры- нæн æнцон, йæ къабузтæ та раст адæймаджы фидар цæнгты хуызæттæ. Ахæм дзедзыккагæнаг «цонгыл» бадгæйæ фæткъуы æртонын куыд æхсызгон вæййы, уый уæхæдæг зонут... Уый уæд, æмæ-иу Карийы мады- мад Сæли хæдзары куы нæ уыдис. Хуыцау бахизæд æмæ нæ æрбаййæфта — лæдзæгæп иæ-иу фæсырдта, Кари дæр-иу кæл-кæлгæнгæ алыгъд. Хæларзæрдæ нæ уыд Сæли, æппынæдзух Карийы æмæ мах дæр фы- дæлгъыст кодта: «Уæ быны бындуртæ ныззилæнт», «Уæ хæдзæрттыл мауал сæмбæлут», «Быны чызгæй баззай»,— афтæ та-иу ,Карийы æлгъыста. Фæлæ нæ никуы никæуыл ницы æрцыд... Кари кæугæ никуы кодта, стæй-иу æнкъард дæр нæ уыд. Иæ зæрдыл никуы æрлæууыдысты, раджы йын чи амард, уыцы мад æмæ фыд, махмæ, йе ’мбæлт- тæм, никуы бахæлæг кодта, иунæг хатт дæр афтæ пæ загъта: «Дæуæн цы у, дæуæн дæ мад, дæ фыд — æгас». Гъе, афтæ цардис, цыд царды фæндæгтыл пæ мады- мад æмæ рæстæджы коммæ кæсгæйæ... Кари цыд скъоламæ, .уымæн æмæ цыдысты иннæтæ, йæ уроктæ ахуыр кодта, уымæн æмæ сæ иннæтæ дæр ахуыр код- той. Медицинон институтмæ та бацыд уыйфæстæ, мой куы скодта, уæд—нæ ’лæджы фæндоимæ гæсгæ. Ка- ри цавæрдæр æнахуыр æнкъарæны руаджы ахста цар- ды нуар æмæ йыл цыд уырзæй сгарæгау. Афтæмæй ссис сылгоймаджы низты дохтыр. Карнпæн йæ мадымад фæцардис фоидз æмæ фоп- дзыссæдз азы. Фæкодта зын цæрдтытæ: зынвадæтты архайдта иунæгæй, æххуыс ып кодтоп æрмæст йæ гыц- цыл куыстввæллад къухтæ. Мæ зæрдыл æрлæууы: гыццыл ус, дымгæ, мит æмæ хурæй пад цæсгом, арф æнцъылдтæ, гыццыл æрвхуыз цæстытæ кæсынц æн- 43
къардæй... Йæ уæлæ,уæрæх ссывдтытæ дæрдджын тар юбкæ, йæ иу фæдджи йæ астæуы тъыст, сау скъуыдтæ раздарæн... Фæца^уы гуыбырæй, реуагæнæгау, йæ къæхтæ исы тыххæй, йе ’ккой та стыр сугты баст — кæддæриддæр дард хъæдæй афтæ хаста сугтæ, алы боны хардзæи, бæрæгбоны æмæ зымæджы хардзæи... Кари-иу арæх ссыдис йæ мадымады абæрæг кæ- нынмæ. Фæзындис-иу куыддæр æнæнхъæлæджы. Аф- тæ-иу мæм каст, цыма-иу æрмæстдæр æгомыг кæрт — йæ иунæг фæткъуы бæласимæ — схъæлдзæг кæнынмæ фæзынд, худæджы уынæрæй йæ бандзаг кæнынмæ... Сыхæгтыл-иу се ’ппæтыл дæр азылд, алкæйы дæр-иу бафарста, искæйы тыххæн-иу кæугæ дæр акодта, кæй тыххæй та-иу — худгæ... Стæй-иу куыд æнæнхъæлæ- джы фæзыпд, афтæ-иу фæстæмæ дæр æрбайсæфт. Йæ фæстæ-иу, арвыцъæхы мигъ цы фæд фæуадзы, ахæм фæд фæуагъта... Æз Карийы бирæ уарзтон, зынаргъ мын уыдис, Каст мæм хæларзæрдæ, æнæхин, стæй йын, сидзæр кæй уыд, уый тыххæй тæригъæд кодтон... Карийæн пæ мадымад куы амард, уынфæстæ дæр-иу йæ райгуы- рæн бæстæ арæх абæрæг кодта — куы иунæгæй, куы та-иу йæ хъомыл лæппутæй искæимæ... Æнæ мæн фен- гæ никуы аздæхт. О, уæд-иу махæн бæрæгбон æр- цыд — цы нæ-иу æрымысыдыстæм. Фæзындис-иу цæс- сыг, цин, алы ног хабæрттæ... Фæлæ Карийæ алцыдæр тагъд рох кодта, рох дæр нæ, фæлæ дзы-иу цыма ны- хæстæ йедтæмæ ницы ,уыд, йæ зæрдæмæ дзытиу цыма ницы бахъардта. Æцæг-иу пæ цæсгомыл æмæ йæ рæ- сугъд сау цæстыты худыны фæдтæ бæрæг дардтой. Афтæ дæр-иу уыдис, мæ зæрдæйы рис, мæ зæрдæйы тыппыртæ пын-иу кæд радзырдтон. Фæлæ-иу уый- фæстæ фæфæсмон кодтон: «Цæмæн, цæмæн ын сæ ра- дзцрдтон, мæхицæй сæ адавтон, æмæ... Фæхъуыста мæм, æндæр ницы...» Кæмфæнды ма цардаид Кари, кæдфæнды ма ссы- 44
даид, кæддæриддæр-иу мын. лæгъстæ кодта, цæмæй йæм уазæгуаты ацæуон. Мæн дæр фæндыд Карийы бабæрæг кæнын. Арæх-иу хъуыды кодтон: «Æвзæр нæ уаид, фа^уиккам иумæ, мæ зæрдæмæ рухс бахъарид, иумæ фæтезгъо кæниккам паркты, музейты, горæт ба- зошш... Фæлæ æдзух нæфæразгæ уыдтæн æмæ йын-иу кæд зæрдæ бавæрдтон, уæддæр дард балцмæ мæ ныфс нæ хастон. Карипæ та истон фыстæджытæ, фыстæджы- тæ: «Афтæ куы загътай, Ног азмæ æрцæудзынæн, æнхъæлмæ дæм кастыстæм, æмæ та фæсайдтай...» Æз та? Æз та йын ноджы зæрдæтæ æвæрдтон, уырныдта мæ, æрцæудзæн, уыцы бон, уый. Æнæгæй куы зæгъон, уæд та-иу уыдис -ахагм рæстæг, æмæ-иу загътон, афæдз дæр нал ахæсдзынæн, зæгъгæ. ... Дыууæ азы рацыд, операци мын куы скодтой, мæ хъыгдард рæуæг мын куы аппæрстой, уæдæй. Ца- дæггæй раздæхтæн цардмæ, Тавын мæ байдыдтой рæвдауæг хуры тынтæ, адæмы цардмондаг тых, мæ хæлæртты цæстæнгас. Ныр мæ тынг фæндыд ацæуын Каримæ, фæндыд мæ, бирæ азты мæ хъизæмарæн æв- дисæн цыдæриддæр æмæ чидæриддæр уыд, уыдоны рæстæгмæ ферох кæнын... Мæ зæрдæ загъта æрмæст- дæр хур: æрвон хур, адæймаджы зæрдæйы хур... Бадын мæ лоджийы, быд къæлæтджыны хъеллау кæнын æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн. «Нæй дын, Со- фи, нæ — лæг, нæ — сывæллæттæ... Фæлæ ис хур, уа- рын... Ис дын Кари... Ацæудзынæ, Софи, Самарканд- мæ, уым фендзынæ рагон диссæгты æвдисæнтæ, фем- бæлдзынæ æндæр адæмтыл, æмæ уыдæттæй дæ зæр- дæ фæфидар уыдзæн. Æрмæст дзæбæхæй бахæццæ у, уьшйедтæмæ дæ Кари суазæг кæндзæн. ’Куыд загъта, афтæ дын — хицæн уат, алы удæнцæйттæ...» Цины уылæн мыл æрбакалд, æмæ уыциу схъиуд фæкодтон, фæгæпп ластон, аэрофлотмæ тнлифонæй адзырдтон, бафарстон æмæ мæ дзаумæттæ кæнынмæ фæдæн. Æрдæгсахаты фæстæ лæууыдтæн кассæйы 45
раз. Мæ билет мæ къухы. Райсом раджы — Минвод- мæ, сбаддзынæн хæдтæхæджы æмæ’—дарддæр... Ба- цыдтæн почтæмæ æмæ тел радтоп: «Кари, тæхын, мæ размæ-иу рацу райсом дæс сахатыл... Дæхи Софи». Сæумæрайсом. Таксийы цæуын хъæуы фондз са- хаты. Нырма мæхиуыл, ома, мæ тыхтыл тынг не ’ууæндын,— хæдтулгæты æмæ хæдтæхджыты цæуын- мæ тынг рæвдз нæ дæн. Фæлæ ныртæккæ ницæмæй тæрсын. Мæ зæрдæ ,у цæмæйдæр рухс; цæмæйдæр, зæгъгæ, операцийы фæстæ цин кæнын йедтæмæ ницу- лл зонын, раст цыма мæ сабийы бонтæ раздæхтысты... Мæнæй æдде ма таксийы бадынц дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. Бадынц фæсте æмæ ныхæстæ кæнынц. ...— ’Куы-иу æрбафыхт, уæд-иу фестад æмæ-иу афардæг... Фæцыдис-иу бон, дыууæ, æртæ, стæп-иу исты лæууæны рахызт, æмæ-иу æнцад-æнцойæ фæс- тæмæ хæдзармæ рараст,— дзуры лæппутæй иу. — Гъеуæдæ æз дæр раст ахæм дæн: куыддæр мæ исты маст бацæуы, афтæ — лидзгæ хæдзарæй, фис- тæгæй цæуынтæ байдайын, цалынмæ тынг бафæллай- ын, стонг мæ дзæбæх æрбалхъивы, уæдмæ. Мæ мад мын уыцы «миниуæг» зоны, фæлæ уæддæр уыдаистæй ме ’рбацыдмæ æнхъæлмæ фæкæсы,— дзырдта йæ «ми- ниуæгыл» цин кæнгæйæ дыккаг. — Хæдзармæ дæ æрмæст фæллад æмæ стонг æр- басурыиц? — фæрсын æй, бахудтæн, афтæмæй. — Уьгй хиуарзондзинад у,— загъта чызг. — Цæмæн хиуарзоидзинад? Мæ бон мæхиуыл нал фæцæуы! — йæхи раст кодта лæппу. — Æмæ куысты куы уай, уæд та? Исты хорз хъуыддаг дæу тыххæп куы хæла, уæд та? — фæрсы чызг. — Гъеуымæн нæ хъавын исты куысты лæууынмæ. Мæ зæрдæ уæгъд змæлд скодта. Рудзынгæй акас- тæн. Фæщæйхæццæ кодтам Минводмæ. Хæдтæхæджы сбадынмæ ма хъуыд сахатырдæг. 46
Сабыргай ащыдтæн аэровокзалмæ, мæ билет регист- раци скодтон, сыгъдæг уæлдæфмæ мæ фæллад суагъ- тон, хос банызтон æмæ æнхъæлмæ кастæн. ... Стахтыстæм. Дæн мæ уагыл. Стæй... — Дæ зæрдæ...— хъусын стюардессæйы хъæлæс. Æмæ райдыдта уы-цы зонгæ æмæ æнæхайыры ни- зы уавæр. Уæлдæф мын нал фаг кæны. Зæрдæ, зæр- дæ... Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд нæдæр стюардес- сæйы ауыдтон, нæдæр» хæдтæхæджы цы адæм бадт, уыдон. ...Райдзаст уат. Стыр гом рудзынг. Æнтæф... Кæм- дæр хæстæг тыбыр-тыбыр кæны вентилятор. Мæ ра- зы дыууæ адæймаджы урс халатты... — Куыд дæ? — фæрсы мæ дохтыр. Сыгъдæг кæ- сæнцæстыты æвгтæй* мæ’м зынынц хæлар æмæ хъуыд- дагхуыз цæстытæ. — ’Кæм дæн? — Самарканды медпункты. Ардæм дæ хæдтæхæ- гæй æрбахастой... — Цы кодтон?.. — Зæрдæйы низ. Скодтам дын уколтæ, адзæбæх уыдзыиæ. — Стыр бузныг... Иу курдиат ма мæм ис — такси- мæ мын фæдзурух,—-хъавыдтæн рабадынмæ. — Нæ, хуысс уал, цалынмæ такси æрбацæуа, уæд- мæ,— раст бардзырдау фехъуыст йæхъæлас. Мæ разы чысыл урс æмбæрзæнæй æмбæрзт стъо- лыл лæууыд доны графин æмæ агуывзæ. Мæ къух байвæзтон донмæ, фæлæ дохтыр фæраздæр, дон мын авæрдта. — Бузныг дæ алы лæггадæй дæр. — Кæй фæдзæбæх дæ, уый мын — хуыздæр ар- фæ,— загъта дохтыр. Уалынмæ таксийы уынæр æр- бапхъуыст. Æз рабадтæн. Дохтыр цыдæртæ фыста. Хæрзбон ын загътон, æмæ медицинон хоимæ рацыдьь стæм. 47
Таксийы шофыр мæ бирæ фæралас-балас кодта зæронд Самарканды уынгты, дис дæр мæм дзы ницы фæкаст, уымæн æмæ кæсынæн нæ уыдтæн. Æрлæууыд æмæ загъта: «Æрбахæццæ стæм». Бафыстон ын æмæ рахызтæн. Дыууæрдæм кæнынц алыхуызон арæзт адæм: зæ- рæдтæ. æмæ æрыгæттæ, чызджытæ æмæ лæппутæ... Сæ уæлæ тыбар-тыбур кодтой узбекаг дæргъытæ къаба- тæ, хæдæттæ, халаттæ, тюбетейкæтæ, ^бæрзонд-зæвæт- джын туфлитæ æмæ саботæ, æрттиваг рæсугъд хызын- тæ... Æз арф ныуулæфыдтæн, ме уæнгты хъардта цар- ды судзгæ тых. Æрфæндыд мæ рæсугъд уæвын, рæ- сугъд дзаума дарын. Чи зоны, ныр мæныл дæр сфи- дауа ахæм дзаума,—«х-цуыды кодтон. Лæууын, мæ цæстыты раз —105. Мæ уырзæй ба- хæцыдтæн дзæнгæрæджы (цæппæрыл. Байгом дуар. — Софи,— бацин кодта Карийы астæуыккаг лæп- пу Мишæ.— Мах та ма дæ размæ ацыдыстæм! Мидæ- мæ рацу. Æз ын "цыбырæй радзырдтон мæ фæндаджы ха- бар... — Æмæ Кари кæм ис? — фæрсын. — Мамæ куысты ис, тагъд æй ардæм хъæуы. Къоста скъоламæ ацыд, Сергей институты, папæ та командировкæйы ис. Нырма рынчынгонд уыдтæн æмæ мæ фæндыд мæхи æруадзын. — Кæм æрфысым кæнон? — бафарстон Мишæйы хионхуызæй. — Мамæйы хуыссæнуаты,— загъта Мишæ æмæ мæ хызын уырдæм бахаста. Кари мын хицæн уатæй зæрдæ куы бавæрдта, зæгъ- гæ, ахъуыды кодтон æмæ мæхи фæтæн къæлæт- джьфыл æруагътон. — Мишæ, мæ хур, хъæбæр цайы агуывзæ мын са- мал кæн æмæ ды — мæ хæлар. 48
— Ныртæккæ, — æрбакастис мæм рухс, хъæлдзæг цæстæнгасæй æмæ цæлгæнæны фæмидæг Цъæх балкъоп мæ йæхпмæ асайдта. Диссаджы бынат: сихорхæрæн стъол, фæлладуадзæн тъахтин, хъеллаугæ- нæн къæлæтджын бамбукæй, бамбукæй бандæттæ... Æз мæхи хъеллаугæнæны ауагътон æмæ рудзынгæй Мишæйы пецы раз архайгæйæ ауыдтон. Бæрзондцар балкъон æхгæд уыд хурыскæсæны адæмон ны- вæфтыдтæй конд згъæрæй. Йæ алыварс — цъæх. Бал- къон нæ, фæлæ сæнæфсиры талатæй цатыр — стыр пу- цæлттæ дзедзырбй кæнынц æмæ сæхнмæ сайынц. Сыфтæрты æхсæнты кæртæй зынынц бирæ ахæм бал- къонтæ, рудзгуытæ, дуæрттæ — сæнæфсиры талатæ суанг зæххæй тыхсгæ , схылдысты цыппæрæм, фæн- дзæм æддæгуæлæтæм: Уæлдæфы лснк кæнынц фын- дзыхуынчъытæ æлхыскъгæнаг алы хæрзад хæрииæг- ты тæфтæ: зæгъай пловы, лывзæйы, баклажанты, ног- фых дзулы, адджпнæгты... Тыргъæп мæм æрбайхъуыст Карийы хъæлæс. Æз фестынмæ мæ ныфс нæ хæссын, йæхæдæг кæд фæ- зындзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсын. • — Мæнæ кæм ис, мæнæ, ацы халер! (Карнпæн уый йæ «буц» ныхас уыд). Кæдæй-уæдæй!.. Мæнæ Кари: бæрзопд æмæ стыр, сырхахуырст къæ- бæлдзыг сæрыхъуыи, рæсугъд дарæс, æнæхъæпæй дæр—’пехуымпар. Æмæ хъæргæнаг — пе ’гъдау куыд у, афтæ... Худы, хъæбыстæ мын кæны. Цыма мæргъты сабыр царды пæлæхсар мæсты гогыз смидæг — бæстæ йæ сæрыл систа. — Фæндагыл рынчыи фæдæ? — фæрсы мæ Кари уыцы хъæлдзæгæй. — Мишæ дын ахабæрттæ кодта? Æрбацыд Мишæ цапы агуывзæимæ. — Стыр лæг ауай, Мишæ! Мæ зæрдыл æмбæлы тæвд хæрзад цап. — Æрбад, Кари, ды дæр дæ фæллад суадз, куыс- 49
тæй куы ’рбацыдтæ, радзур мын исты ног хабæрттæ... Карп сбадт. — Æз хæдтæхæджы рагæй дæр нæ фæразын, фæ- лæ мæ цыдæр тых фесхуыста æмæ... Зонгæ дæр нал бакодтон, зæххыл куыд æрбадтыстæм, куыд февзæрд- тæп медпункты, атары дæн. Хорз æмæ дохтыр сæрæн разынд. — Мауал дзур, алцыдæр хорз рауад,— Кари йæ къухтæ хæрдмæ фæхаста, цыма уыцы къухты змæл- дæй суанг мæлæты дæр фæтæрсын кодтаид... — Мишæ,—■ ахъæр кодта Кари,— скъаппы сæрæй- ма гыццыл чумæдан райс! Мæн, Софи, цæуын хъæуы, цæуын, Ногаймæ, мæ мадыхойы лæппу ус хæссы, ма мæм фæхæрам у... — Куыд? Цæугæ?.. Æмæ мын цæуылнæ загътай, фæстаг хатт тилифонæй куы ныхас кодтам, уæд? Фæс- тæдæр æрбацыдаин... — Тæрсгæ кодтон, куы нæ та дын, зæгъын, бан- тыса,— ныккæл-кæл кодта Кари,— æз тагъд фездæх- дзынæн, лæппутæ дæм фæкæсдзысты... Цыма мæ риуы цыдæр уидаг аскъуыд, цæрынæн мæ чи хъуыд, ахæм. Фæлæ мын цы гæнæн уыд — хъысмæтыл мæхи бафæдзæхстон. Уымæй размæ та мæхæдæг здæхтон мæ хъысмæты. . Кари æнæхъæн изæр фæндагмæ йæхи цæттæтæ кодта: куы-иу иу дарæс абарста, куы — иннæ. Цыма сæ æнæбары ракал-бакал кæны... Æз хуыссыдтæн, фæрсæй-фæрстæм цы дыууæ сын- тæджы лæууыд, уыдонæй иуыл. Æвæццæгæн мын Ка- ри йæ лæджы сынтæджы бауат кодта, æмæ кæд 'Ка- ри хуыссæны цъæрттæ раивта, уæддæр мын тынг æх- сызгон нæ уыд уыцы сынтæджы хуыссын. Сынтæджы- тæ кæрæдзимæ лæууыдысты æнгом. «Уæдæ иннæуыл хуысдзæн Кари»,— хъуыды кодтон. Рагацау мæм мæ зæрдæ дзырдта: «Æз ам нæ бафынæй уыдзынæн». О, цы диссаг дæ, ахуыр, цавæр сусæг тых дæ ис!..— мæ- 50
хинымæр дзурын...—Æз цæрæнбонты сахуыр дæн иу- нæгæй хуыссын, стæй цыфæнды сыбыргтæп дæр фе- хъал вæййын... Нервытæ... — Софи, ракæс-ма, дæ зæрдæмæ фæцæудзæп, чындзæн цы лæвар кæнын, уый? — фæдзырдта мæм Кари æмæ мæм сырх хъæдæй копд къопп æрбалæ- вæрдта. Р1æ мидæг уыдысты сызгъæрин хъуырылдар- гæ хæзна æмæ зынаргъ стырсæрджын къухдарæн. Æз сæм бирæ фæкастæн, стæй загътон — Тынг цæуынц мæ зæрдæмæ. Ды рæдау дæ, Ка- ри. — Зоныс, Софи, æз чыпдзы куы цыдтæн, уæд мын мæ мадыхо мæнæ ацы стыр гауыз балæвар кодта,— ацамыдта къулмæ,— йæ хæс ын бафидын хъæуы... Æз ницы сдзырдтои, æрмæст мæхинымæр загътон: «Йæ хæс ыи бафидын хъæуы...» Æмæ кæд Карийы мадыхо йæ зæрдæйы уарзондзинад равдыста уыцы лæварæй? Цæмæн фидгæ? Цæмæн?.. Æмæ мæ сæр æр- цахста иу хъуыды: «Мæнæн Кари никуы ницы балæ- вар кодта, æгæрмæгуыр мын къафеттыты къопи дæр пемæ никуы æрбаласта... Æмæ цал æмæ цал азы дæн рынчын...» Æхсæв-бонмæ фæхъуыстон Карийы быноз улæфт- мæ. Райсомæй сыстад раджы. Цыдæртæ архайдта, кодта зилæптæ. Лæппутæ дæр сыстадысты: чи скъола- мæ йæхи рæвдз кодта, чн — институтмæ... «Куы ацæ- уой, уæд кæд афынæп, уаин»,— мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон. Дуар æнгом æхгæд нæ уыд æмæ мæм ал- цыдæр хъуыст. Хуыссæджы цъыртт мæ цæстыты пæ бадт, фæлæ мæм сыстыны хъару нæ уыд. Мæ фарсыл æрзилыны тых дæр нæ уыд — зæрдæ мæнг дзопп-дзопп кодта æмæ рыст.- Æгъатыр æнæхуыссæг рæстæгта мæм æрбацæйхъуызыд: фынæй кæнын дæм нæ цæуы, фæлæ де уæнгтæ згъæлд, рынчын,— дæ рæстæг сæфы иервы- тимæ тох кæнынæп... Мæ къухтæ байвæзтоп, æнхъæл- мæ мæм цы хос фæкæсы, уымæ... 51
Кари дуар уыциу гом æрбакодта æмæ мæ худгæйæ фæрсы: — Райхъал дæ? Мæ зæрды дæ райхъал кæнын нæ уыд. — Æппындæр нæ бафынæй дæн. Ахæм бон мыл арæх акæны. Æгæр бирæ хабæрттæ æрцыд иу суткæ- мæ, æмæ... — Ницы кæны, æз ныртæккæ ацæудзынæн, æмæ бафынæй уыдзынæ, ничи дæ хъыгдардзæн... — Цæуыс? — афарстон Карийы. — 0, мæ хæдтæхæг дыууæ сахаты фæстæ уыдзæн, фæлæ цалынмæ аэропортмæ ныххæццæ уон... Ма-иу æикъард кæн, мæнæ дын хæдзар, мæ лæппутæ дæ бар, æмæ цæр. Хæрзбон уал рау... — Афæндараст у, Кари. Фехъуыст мæм æддаг дуары тъæпп. «Цымæ цæмæн афтæ хъуыды кодтон? Цæмæн мæм каст афтæ, æмæ мæм Кари æнхъæлмæ кæсы? Батав- дзæн мæ хæлар, уарзои адæймага,у... Кæрæдзийæ нæ ничи фæхицæн кæндзæн... Цæуылнæ æнкъарын мæ сы- вæллоны бонты хæлары зæрдæйы уаг, хъарм цæстыты æнгас?..» Дуары дзæнгæрæг мын мæ хъуыдытæ фескъуыдта. Сыстадтæн, фæлæ мæ сæр разылд, æмæ сынтæджы къухыл фæхæцыдтæн. Дзæпгæрæг цагъта. Ахæццæ дæн дуармæ. — Чи дæ? — фæрсын. — Æмæ Кари кæм ис? — хъусын дуары æдде. — Ам нæй. •— Мæ насхафæн мæ хъæуы. Бакодтон дуар. Ацæргæ нарст ус æрбакъахдзæф- æввонг лæууыд æмæ мæм æдзынæг каст. — А-а, ды Карийы хæлар дæ? Дзырдта, æрбацæу- дзынæ, зæгъгæ... Удыгагайы хуызæн уазæг. Дæ ном куыд у? — фарстатæ мыл ныккалдта Карийы сыхаг.— Уадз æп, уадз, .уыйбæрц мæ ницæмæн хъæуы уыцы 52
насхафæн, ма фæлмæцын кæн дæхи,—загъта йæ фæс- таг ныхæстæ æмæ фæзылд дуарырдæм. Насхафæн æй цæмæн бахъуыд, уый бамбæрстон: кæддæра ныхуызæн дæп. Бацыдтæн цæлгæнæнмæ, уазал дон анызтон æмæ- баздæхтæн мæ хуыссæнмæ. Фæсырдтон ме ’ппæт хъуы- дытæ дæр, уынгæй цы уынæр цыд, уый дæр, æнцад хуыссыдтæн, æрмæст мæ фæндыд, хуыссæг мæ куы æрцахсид, уый. ...Хъуысы мæм æддаг дуарæй дæгъæлы хъуыр- хъуыр, стæй дуары хъыррыст. — Уый æз дæн,— æрбайхъуыст Сергейы бæзджын хъæлæс.— Лекци нæм нæ уыд... Бацыд сæхи уатмæ, стæп— иайæн уатмæ, уырды- гæй — цæлгæнæнмæ. Æз хуыссын, стæй хуысдзынæн,— æидæр гæнæн мын нæй. Рæстæг та? Рæстæг та никæйы коммæ кæсы, сахат æвæллайгæ æмæ уæпдонæй цъыкк-цъык кæны. Сси фæссихор иу сахат. Уалынмæ æрбацыд Костя. Р1æ къахыдарæс феппæрста æмæ йæхи магнитофоныл ныццавта — агъуыстытæ айдзаг сты цыдæр хъæддаг, хæрдтысхъиуæг зæлтæй... Хуыссын мæ бон нал уыд, мæ нервытæ нал урæдтой. Мæ уæлæ халат æрбакод- топ æмæ рацыдтæн, цай ацымон, зæгъгæ. Хæрып мæм нæ цыд, хъарм хæрипаг дæр чи сцæттæ кодтаид... Стæп та дуар æнгом ахгæнгæйæ схуыссыдтæн. Изæ- ры Мишæ хъавгæ дуар бакодта, афтæмæй æрбакаст. — Софи, рынчын дæ? Цом, ^исты бахæрæм, æз пъамидортæ балхæдтон. — О, Мишæ, мæ хур, ме уæнгтæ нæ исын, стæй мæм хæрын нæ цæуы. Бузныг! Дыккаг æхсæв æппынфæстаг сæумæрайсомырдæм афынæй дæн. Райхъал дæн, ме уæнгты гæзæмæ тых кæй бацыд, уьгй æнкъарын. Сыстадтæн æмæ нанæн уатмæ мæхи байстон, ме уæнгтæ, зæгъын, кæд донæй- фæрогдæр уаиккой. Ваннæ уыд тынг чъпзи. Мæ хорз 53
зæрдæйы уаг æрбайсæфт, фæлæ мæ душ тынг хъуы- дис. Газы колонкæ ссыгътон æмæ доп фыцынæввахс стæвд кодтон, фыцгæ дон ваннæйы къултæм сарæз- тон... Цъылынæй йæ, зæгъын, æрæхсон: рацагуырдтон, фæлæ цъылыны бæсты ссардтон цъылынæн йæ къуы- дыр... Мæ бон куыд уыди, афтæ бафснайдтон. Тых- джын душы фæстæ ваннæйæ уæнгрогæй рацыдтæн. Мæ зæрды уыд мæ дзаумæттæ скæнын æмæ уынгмæ акæсын. Фæлæ фæкомкоммæ дæн пъолы линолеум- мæ — уыдис сырх уырыдзыйы хуызæн рæсугъд, фæ- лæ йыл бадтис урс рыджы тæлм. Фæстæмæ баздæх- тæн ваннæмæ, ссардтон дзы хисæрфæны зæронд, схуыдыдз æй кодтон æмæ рыгæн дæр хорз фæдæн... Уынг... Уынджы цард фыцы. Сырх, цъæх, бур ав- тобустæ дыууæрдæм кæнынц. Адæм сæ дзаумæггæй хъулон дарынц — чи тагъд кæны, чи сабыргай цæуы. Алы тигъыл — дыргътæ æмæ адджинæгтæ уæййаг. Рудзынджы раз бады æрыгон сылгоймаг^ тызмæгхуы- зæй кæсы уынгмæ... Рихиджын æвзонг лæппу цыдæр- тæ дзуры, йæ фарсмæ цы чызг лæууы, уымæн... Дыу- уæ усы дидинæгджын зæлдаг кæлмæрзæнты, сæ ны- хасæн къухтæй æххуыс кæнынц, афтæмæй цæуылдæр хъазуатæй дзурынц... Бирæ, бирæ нывтæ æмæ ахорæн- тæ... Сбадтæн автобусы æз дæр, хъуыды кæпын: цал æмæ цал къахы æрлæууы ам — батинкæтæ æмæ туф- лнтæ, рог сылгоймаджы цырыхъхъытæ æмæ кусæн цырыхъхъытæ, сандалеттæ, гом сæрдыгон туфлитæ, ногтæ æмæ дæрдджынтæ, æлхæд æмæ давæггæгтæ... Хæстæг уынгты сабыргай зилын — алцы фенын дæр мæ фæнды... Фæлæ уайтагъд бафæлладтæн æмæ такси баурæдтон... Каритæм куы æрхæццæ дæн, уæд та мæ хуыссæ- нц бахаудтон. Мæ цæстытыл уадысты хурыскæсæны фыдæлтыккон цыртытæ — бирæ диссæгты, бирæ су- сæгдзинæдты æмбæхсæнтæ, уынгтæ, хæдзæрттæ, ра- 54
гон æмæ нырыкконтæ, хъæздыг тæмæнтæкалгæ вит- рппæтæ... Уадысты мæ бонтæ Карийы хæдзары: мæ бон дзы нæ уыди фынæй кæнын, мæ бон нæ уыд алидзын, нæ уыд мæ бон, нæ уыд... Сыстадтæн-иу Карийы цымы- дис сыхæгты, зонгæты, Карипы рынчынты дзæнгæр- джытæм, хъуыстон лæппуты хъæрахстгæнаг музыкæ- мæ, райсомæй цымдтон хъæбæр цай... Стæй-иу ацыд- тæн хæринæгтæ æмæ дзул æлхæнынмæ... Фылдæр та рæдзæ-мæдзæгæнгæ, хостæй «расыг» сæримæ хуыс- •сыдтæн... Кари ссыдис фондз боны фæстæ. Хæдзар та бай- дзаг худынæй, ныхæстæй, хъæрæй, цыдæр хъуыддæг- тæй, зилæнтæй: куы тæбæгътæ æхсы, куы скъаппы ра- ив-баив фæкæиы аг,уывзæтæ, февæры къусты мидæг дидинджытæ рудзгуытыл, куы уазджыты — рынчын- ты — хицæн уаты фæуыны, куы тилифонæй бирæ фæ- дзуры... Иухатт Кари куыстæй æрбацыд æмæ балæууыд тæбæгътæ æхсыныл. Æз дæр йæ разы бадтæн æмæ рудзынгæй кæртмæ кастæн. Дисы мæ æфтыдта ацы кæрт йæ бирæ (æмбæхсæнты хуызæн) рацæуæнтимæ, сæнæфсирæй цатыр-балкъонтимæ: стæй-иу йе стыр кæрты дуар æппынæдзух гом уыд æмæ дзы зындис уыиджы змæлд... Каримæ йæ рынчынтæй чидæр æр- бацыд, æмæ уымæ ауад. Йæ уазæг куы ацыд, уæд æр- баздæхт æмæ мæм фæкомкоммæ. 1—• Цы дзы ссардтай кæрты? Искæй дзы уыныс? — афарста æмæ ныххудт. — Нæ йæм æфсæдып кæсыпæй, диссаджы кæрт у, æнæхъæн таурæгъ,— дзуапп ын дæттын. Кари та дзыхыдзаг ныххудт æмæ зæгъы: — Æз дзы ницы уынын хорзæй, дæлæмæ дæр кæрт æмæ уæлæмæ дæр,— нæхæдæг райдыдта тæбæгъ- тæ æхсын. 55
— Кари, дæ къухтæ цæуылнæ ныхсадтай дæ рын- чыны фæстæ? — дзурын æм. — А, мур дæр ын нæу,— йæ къух ауыгъта, цыма йæ къухыл йæ рынчынæй цыдæриддæр чъизитæ баз- зад, уыдон азгъæлста, æмæ дарддæр йæ куыст кодта... Уыйфæстæ Кари архайдта, чындзæхсæвæй цы фыды- згъæл сласта, уыимæ. Ныллыгтæ йæ кодта, стыр аджы йæ ныккалдта, ауагъта йыл зети æмæ йæ артыл бафтыдта... Стæй бирæ хъæдындзтæ скарста æмæ сæ хпцæнæй сцырдта. Ныххус, ныссау сты хъæдындзтæ, афтæмæй сæ дзидзатыл ныккодта... — Мæ лæппутæ дзидза афтæмæй уарзынц,— загъ- та Кари. Сергей æрбацыд æмæ тыргъæй ныхъхъæр кодта: — Мамæ, тынг сыстонджы дæн, исты нæм ис? — Ис, ис, ныртæккæ,— адзырдта Кари. Сергей цæлгæнæнмæ æрбацыд. Йæ уæлæ уыд мæ лæвар хæдон. Фидыдта йыл. — Мамæ, нæуыныс, ног хæдон мыл ис! Кари йæм фæрсырдæм фæкаст, ныххудт æмæ йæ афарста: — Кæм дын уыдис ахæм хæдон? — Уый мын Софи балæвар кодта. Кари та ногæй ныххудт æмæ загъта: — Уый дын, гъе! Æз сфæнд кодтон тæккæ райсом нæхимæ ацæуын. Æрдæгмардæй дæр — нæхимæ! — Кари, райсом дæ фæскуыст никуыдæм цæуын хъæуы? — фæрсын. — Никуыдæм, цæмæн мæ фæрсыс? —■ ’Кæд мын, зæгъын, изæры хæдтæхæгмæ билст райсис... Стæй иумæ ЦУМ-мæ кæд ацæуиккам: чи зо- ны дзы исты зæрдæмæдзæугæ дзаума фæуа... ’ — Æмæ цæуынмæ рахъавыдтæ? — йæ къухтæ хæрдмæ сæппæрста, афтæмæй афарста, ’цæлгæнæн хъæрæй пæр-пæргæнаг худтæй айдзаг. 56
— Æмæ куы ницыма федтай, куы никуы уыдтæ... — Æмæ цы мæ бон фенын у мæ уавæры, цæмæй тагъддæр пæхимæ бахæццæ уон, ууыл мæ бацарха- йын хъæуы... — Хорз, æз дын райсдзынæн билет, стæй ЦУМ-мæ дæр ацæудзыстæм, —куыдфæндыйæ загъта Ка- ри... Билеты аргъ æм рагацау радтон æмæ раджыгомау хуыссæны мæхи æруагътон. Кари, цалынмæ схуыссы- ди, уæдмæ мын ныхæстæ кодта, æрæджы Киевы йæ тиу æмæ йæ файнустмæ уазæгуаты куыд уыд, æвдыста мæм йæ лæвæрттæ: япойнаг дари къаба, урс кримпле- нæй костюм, мидæггæгтæ... Фенын мын кодта йæ би- нонтæн се ’ппæты дарæс. Æз тынг бафæлладтæн кæ- сынæй, дзурынæй: цæй хорз у, цы рæсугъд у, куыд хорз хуыд у, цы æнахуыр хуыз ын ис... Мæ сæры магъзы дзæбугау цыдæр хоста: «Нæхнмæ, нæхимæ, нæхимæ!» Дыккаг бон дæр уыдис раззаджы хуызæи: уæнгмард, æппындæр мæ уагыл нæ уыдтæн... Ку æмæ ку — гъе, ахæм уыд мæ миддунейы ахаст. Фæндагмæ мæхи срæвдз кодтон/ Кари мын билет райста. «Цымæ та куыд тæхдзы- нæн»,— ахæм хъуыды фæзынд мæ сæры... Араст стæм Кариимæ ЦУМ-мæ. Æрурæдтам так- си, æмæ уайтагъд мах дæр ЦУМ-ы адæмы зилдухимæ баиу стæм. — Кари, æппæт дуканийыл фæзилыи нæ къухы кæм бафтдзæи, цом æмæ фенæм хуыд дзаумæттæ,— дзурын æм. 'Бахæццæ стæм, цæттæ дзаума кæм уæй кодтой, уырдæм. Кæсын, зилын. Мæнæ иу палтойыл мæ цæст æрхæцыд. Терчы змисы хуызæн — йæ хуыз, дзæбæх хуыд æмæ рог. Куы йæ, зæгъын, абарин, ракæс-бакæс кæнын — Кари дæр æй куы фенид... Кари цавæрдггр сылгоймагимæ хнбарæй лæууы, æмæ цæуылдæр зæр- диагæй ныхас кæныпц. 57
— Кари, рауай-ма уал ардæм,— хæстæгдæр æм бацыдтæн. — Цæуын, цæуып, ныртæккæ,— ракъахдзæф код- та, афтæмæй дзуры. Æз æм бирæ фæкастæи, фæлæ нæ фæзынд, æмæ мæхæдæг абарстон палто. Фидыдта мыл... Бафыстон ын, батыхтой мын æп, æмæ афтæмæй Каримæ æн- хъæлмæ кастæн. Æппынфæстаг фæхицæн уыцы усæй, рацæуы, иу каст мæнмæ кæны, иннæ — фæстæмæ, цæугæ-цæуыны дæр ма ныхæстæ кæны. — Цы балхæдтай? — дæрддзæфæй мæм дзуры. — Палто. — Палто? Æмæ йæ мæнæн цæуылнæ фенын код- тай? Цавæрдæр къахыдарæсмæ бирæ адæм лæууынц рады. Мах хæстæгдæр бацыдыстæм. Кари уайтагъд уæйгæнæджы раз февзæрд. Æз иу æрыгон сылгойма- джы къухты ауыдтон рог цырыхъхъытæ... Æз рагæй цых,уызæттæм бæллын, ахæмтæ: тар-морæ замшæй, рог, сæ мидæггæгтæ сырды хъуынæн... Сæ аргъ уыдис фараст туманы æмæ фондз сомы. Мæнмæ ма базза- дис æхсæз туманы æмæ дыууæ сомы. Фæтæхын Ка- римæ. •— >Кари, хæс уал мын ратдзынæ? Райсын сæ хъæ- уы, рагæй агурын ахæмтæ... Кари мæ æнæдзургæйæ уыцы сабыр цæстæнгасæй мæ сæрæй мæ къæхты бынмæ сбарста: — Æмæ дæм æхца нæй?.. Æз мемæ æртæ сомы иедтæмæ нæ рахастон... Уыдтæн састы. Мæ сæры фæзынд ахæм хъуыды: «Мæ палто фæстæмæ раттон...» Фæлæ мæ размæ адæймаджы сæрыстырдзинад нæхгæрмæ ныллæууыд æмæ... ( — Цом, Кари, кæннод хæдтæхæгмæ байрæджы кæндзынæн,— загътон æпцадæй. Æрбахæццæ стæм хæдзармæ. Мæхи хорз нал æм- 53
бæрстон, æрмæстдæр мæ фæндыд фæхибар уæвын... Æппæтдæр сбарын æмæ равзарын, мæхи бамбарын, мæ гаччы тагъддæр сбадын... Бадтæн æдых æмæ мæ- хицæн æцæгæлон уæвгæйæ, æмæ нæдæр дзурынæн уыдтæн, нæдæр хъуыды кæнынæн... — Софи,— дзуры мæм Кари,— куы ницы загътай мæ хæдзарыдза,умайæ, дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Дзаума, зæгъыс?— акастæн мæ алыварс.— Цæ- уылнæ, цæуынц мæ зæрдæмæ, хорз дзаума дæм ис... Кæмдæр ме змæст сæры магъзы фæзынд æнахуыр хъуыды: «Мæнæ мæ цæмæ хуыдта Кари!.. Фæндыдис æй, цæмæй фенон, куыд хорз æмæ хъæздыг цæры, уый. Иæ къухы бафтыд...» Æз сыстадтæн. — Кари, ды ма рацу, бафæлладтæ мæнимæ рацу- бацуйæ, райсом дæ куыстмæ цæуын хъæуы... Мæн Ми- шæ ахæццæ кæндзæн... —■ Æ’цæг зæгъыс, бафæлладтæн,— загъта Кари æмæ къæлæтджыны йæхи ауагъта. Хæрзбон загътон Карийæн, раарфæ йын кодтон, кæй мæ суазæг кодта, уый тыххæй. Сергей æмæ Кос- тя хæдзары нæ уыдысты. Æмæ мах Мишæимæ рацы- дыстæм. Мæлæты тагъд æрхæццæ стæм аэродроммæ. Чи зоны, мæнмæ афтæ фæкасти. Иуцасдæры фæстæ адæм араст сты хæдтæхæгмæ. Æз ма Мишæмæ иу каст фæкодтон æмæ йæм мæ къух фæтылдтон... Бахызтæн салонмæ. Тагъд-тагъд кодтон сбадын- мæ, мæхи бандонмæ бабæттынмæ, æрсабыр уæвынмæ, тæхынмæ... Сбадтæн, бабастон мæхи, тахтæн, мæ цæс- сыг калд æмæ мæ зæрдæйы рис къаддæр кодта. Аф- тæ мæм каст, цыма къæвда уары, сау мигътæ та тæ- нæгæй-тæнæгдæр кæпынц... 59
ДЗЕРАССÆ Иу сæумæрайсом раджыгомау нæхицæй Терчы былмæ ацыдтæн. Фæндагыл æрмæстдæр хъуыды код- тон, доны пырхæнтæйдзаг сыгъдæг уæлдæфæп куыд улæфдзынæн, ууыл. Фæлæ мæнæ иу уынджы фисын- мæ бахæццæ дæн æмæ ауыдтон Дзерассæйы хæдзар. Терчы был цы бирæ хæдзæрттæ арæнхъ, уыдонæй иу. Лæууыд тæккæ тигъыл. Йе стыр цыппар рудзыпджы райдзастæй æддæмæ кастысты. Æм,уæз уыдысты мæ дыууæ фæндоны: Тсрчы был æмæ Дзерассæтæ. Рагæй нал федтон мæ хæстæг æр- вады, мæ хæрæфыртты. Уæддæр та адæймаг. Бахæцыдтæн дзæнгæрæджы къоппайыл, лæууын. Ракаст мæм хуыесæгхъæлдзæ- гæй Дзерассæ. Æз худын: — Хуысгæ-ма кæнут? — Нæ, нæ, мидæмæ! .Кæдæй-уæдæп ма! — æмæ къæсæрыл кæрæдзипæн ныхъхъæбыс кодтам. — Мæн аххос нæу, уæ рудзгуытæ мæ æрбасайд- топ,— дзурын Дзерассæйæн. — Æмæ тынг раст бакодтой, фесæфыс афæдзгæйт- ты... Кæсын æмæ мæнæ, рæхснæг бæласы хуызæн, мæ кæстæр хæрæфырт тагъдгомау нæ размæ рауад. Иæ мидбылты худы, йæ цæстыты зыны сыгъдæг цины æрттывд. — Дæ хъæлæсæн дæ базыдтон,— дзуры æмæ мын лæгау исы мæ къух. Æшгу, æхсæрдæсаздзыд лæг нæу? — Гъы, фыдуаг, фыдуаг Солтан, цинтæ мыл кæ- ны. Нæ кæрты рæсугъд чызджытимæ куы фæлæууыс, уæд æз æрбайрох вæййын, нæ?.. Лæппу ныфсæрмы: « — Уыдон ме скъолайы æмбæлттæ сты. — Хорз, хорз, барын дын. Æмæ Асан та кæм ис? — фæрсын. 60
— Чысыл раздæр кæдæмдæр ацыд,— зæгъы Дзе- рассæ. — Афтæ раджы? Кæд æн исчи йæ рыпчынмæ ахуыдта? — Æмæ-гъа. Чи зоны,— дзуры Дзерассæ. — Мæ уарзондæр хæрæфырт Асан у. Æмæ сæ æниу кæцыйы равзарон: Асанæй, Солтанæй, Нинæйæ, Заретæйæ — се ’ппæты дæр уарзын. Фæлæ Асан си- дзæры хуызæн у, кæд ын цардæмбал кæй нæма ис, уый тыххæй. Æниу ын цыма аккаг дæр никæйы скæ- нин... ■—■ Æгæр дзы не ’ппæлыс,— худæнбылæй дзуры Дзерассæ. — Ды, Дзерассæ, куыдфæнды хъуыды кæн, фæ- лæ æз Асаны цæй тыххæй уарзын, уып дын зæгъон. Дохтыртæ бирæ ис, фæлæ... Асан зæрдæйæ уарзы рынчынты, архайы йæ зонындзинæдтæ бонæй-бон фылдæр кæныныл. Нырма æрыгон у, афтæмæй у зонд- джын дохтыр... Æииу йæ кафт та?.. — О, Сæлимæт, уый афтæ лыстæгæй ды луарыс, цард фылдæр хатт æгъатыр у, æмæ, чи зоны, æпдæр здæхт хуыздæр уанд... — Нæ, нæ, Дзерассæ, æрмæстдæр Асаны хуызæт- тæй цард фидауы. Мæнæ-ма Солтаны афæрс. Цæмæн афтæ бирæ уарзы йе ’фсымæры? Æрхъæцмæ йыл куы нæ хъæцы... - Бадæм фынджы уæлхъус æмæ сабырган хъæбæр цай цымæм, ньгхæстæ кæнæм. Дзерассæйы мой Къос- та куысты ис. Чызджытæ дыууæйæ дæр сты моймæ- дзыд, уыдон дæр дохтыртæ... Солтан сыстад, хатыр ракуырдта æмæ ацыд лæп- путы уатмæ. Уым æм æнхъæлмæ кастысты чингуытæ, уроктæ... Мах дæр сыстадыстæм. Дзерассæ фынг афснайд- та, æмæ залмæ бахызтыстæм. Нæхи æруагътам гауы- зæй æмбæрзт фæтæн тъахтиныл. 61
Дзерассæ цыма цæуылдæр æрæнкъард, афтæ мæм фæкаст. Мæ гыццылæй нырмæ йæ зонын, гьщцылæн нырмæ цæрæм хæларæй, æмбæлæм. Зонын ын йæ зондахаст, йæ цард... Дзерассæйыл йæ ном тынг фидауы. Мæнæ афтæ1 кæмæй фæзæгъьшц, фыдрæсугъд, зæгъгæ, гъе, ахæм. Тынг ахады цæсты. Чызгæй уыд саулагъз, даргъ сау дзыккутимæ. Стыр цъæх цæстытæ, сау æрдынæрфыг, рæсугъд фындз. Куы бахуды, уæд йæ цæстытæ фæ- цъынд вæййынц, æмæ ферттивынц æнгомæвæрд урс дæндæгтæ. Даргъ хæрзконд зæнгтæ, аивкъах, æлвæст- астæу, фидауцджын гуыр. Цы ма вæййы рæсугъд... Нывгæнæгæй уæлдай нæу хæдзарыдзаума равзарын- мæ, се ’рбæстон кæпынмæ, сæ бафснайынмæ... Афтæ уæлæдарæсæй дæр. Йæ уæлæ уыдзæн хуымæтæг къа- ба, фæлæ йыл фидаудзæн, уымæн æмæ йын базыдта йæ хъæд, пæ хуыз равзарын, йæ бахуинын... Уæдæ, зæгъай, йæ хойраджы, ’йæ хæринæджы конд — уæли- бæхтæ цыма зæххон адæймаджы къухы æвнæлд нæ вæййынц... Дзерассæ йæхæдæг æмбаргæ дæр нæ кæны: рæ- сугъд у, цы у, исты хорздзинæдтæ йæм ис æви нæй... Афтæ йæм кæсы, цыма хъуамæ алцыдæр афтæ уа... Гъе, мæ зæрдæмæ дзы йæ уыцы зæрдæйы хатт тынг цæуы. Уынджы йæм ныр дæр ма нæлгоймæгтæ куы нык- кæсынц, уæд сæ ауыны, фæлæ сæ хъуыды дæр не ’ркæны. Исчи дзы куы феппæлы, уæд дæр афтæ... Мæнæ бады. Ныр дæр ма — рæсугъд, кæд йе ’ртис- сæдз азы мæнæ-мæнæ кæнынц, уæддæр. — Сæлимæт, ацал-ауал азы мæ цардæй ну хабар никуы никæмæн ^ауæндыдтæн радзурын. Дæхæдæг хорз зопыс, цы æгъатыр æфсымæр мын уыдпс, уьгй. Чи»уæндыд... Æрдæбон мын цыдæр нæ радзырдтай, æмæ мын уымæй мæ зæрдыл мæ рагон рис æрлæу- уын кодтай. 62
— Радзур æй, Дзерассæ, кæд дын фенцондæр уы- дзæн, уæд... Æмæ мын æй райдыдта дзурын. Йæ цæсгомыл зынди æнахуыр миддунейы ахаст. Цыдæр рыст æмæ сусæгдзинад. — Мæ фыд Ыккойæн уыд гуырдзиаг æрдхорд. Сæ- химæ йын Калачы уыдис сæны пъадвалтæ цалдæр,— кодта сæудæджер. Арæх-иу нæм æрцыд уазæгуаты. Иæ уæйгæнинæгтæ-иу махмæ æрласта, махмæ сæ-иу æрæвæрдта... Бинонтæй йын уыдис ус, цыппар чыз- джы æмæ иунæг лæппу. Мæ фыд æмæ-ну йæ хæлар арæх зæрдиаг ныхас кодтой, цæй фæдыл—’хуыцау йæ зонæг... Иухатт скъолайæ нæхимæ ссыдтæп æмæ та сæ ныхасгæнгæ сæййæфтон. Бадтысты чысыл бандæттыл, кæрты бæ- лæсты быи. Æз цыдæртæ ахордтон æмæ тыргъы мæ уроктæ кæныныл æрбадтæн. Уалынмæ хъусын: — Лекси,— дзырдта мæ фыдмæ йе ’рдхорд,— мæ ’фыртыл ссæдз азы сæххæст. Ус ын курын хъæуы. Иунæг мын у, уый зоныс. Куыд вæййы, цы вæййы, фæнды мæ мæ фырттыфыртты фенын, сæ цин бамба- рын. Сымах сахары цæрынц дзæбæх гуырдзиаг би- нонтæ, зоигæ мын сты, ис сæм рæсугъд хæрзæгъдау чызг. Йæ фыдимæ мæхæдæг ныхас кодтон, лæппу æмæ чызг дæр федтой -кæрæдзп’йы. Ды хъуамæ уыцы хъуыддагæн уай хистæр... Куыд дæм кæсынц мæ ны- хæстæ?.. Ыкко ныхъхъуыды кодта, стæй йæ цæсгомыл цины уылæн фæзынд æмæ загъта: — Шаликъо, мæнæн афтæ куы зæгъис, цом мемæ, æрмæст æй зоп, фæстæмæ нал раздæхдзыстæм, фæлæ уый хъæуы намысы сæраппонд, уæддæр «нагъ» нæ зæгънн. Ацы хъуыддаг та у цины хъуыддаг. Æмæ ды куыд бæллыс дæ иунæджы, дæ бинонты амопдмæ, гъе, æз дæр афтæ бæллын... — Бузныг, Лекси, æз дæ æрмæст ахæмæй зопын. 63
Къуырийы фæстæ бавналдзыстæм нæ хæстæм. Тарги- мæ банхъæлмæ кæсæм, а дыууæ боны йæ ардæм хъæ- уы. Цæмæндæр уыцы ныхæстæ мæнмæ дæр бахъард- той, æмæ мæ уроктæ мæ сæрмæ нал цыдысты. Диссаг мæм касти йæ лæппу Таргийы фенын, йæ чындзаджы, сæ чындзæхсæв... Рацыд цалдæр боны, афтæ рог автомобилы хъæр нæ дуармæ айхъуыстон. Бауадтæн мæ хистæр хоты уатмæ æмæ уырдыгæй рудзынгæмбæрзæны ауæтты кæсын уынгмæ. Машинæйы уæлхъус лæууынц: Ыкко, ме ’фсымæр Дзæрæх, мæ фыды æрдхорд Шаликъо æмæ, æвæццæгæн, Тарги,— бæрзонд, къæсхуыр æмæ фæтæнуæхск лæппу, саулагъз. Сау къуыбыр рихитæ йын. Йæ уæлæ урс хæдом, тар хæлаф, æрттиваг фæл- мæн цырыхъхъытæ. Ыкко сæ мидæмæ хуыдта. Дзæ- рæх æмæ Тарги кæрты дуар бакодтой. Мæ мад цæттæ кодта хæринаг: уæлибæхтæ, кар- чыфыдæй лывзæ. Æз хъуамæ мæ цæст дæр ма адард- таип уазæг лæппуйы размæ, Дзæрæх мæ дыууæ фæ- кодтаид. Афтæ дзы тарстыстæм мах — кæстæртæ. Фæ- лæ мæ скъоламæ цæуын хъуыди. Мæхи срæвдз код- тон, загътон мæ хотæй хистæрæн, æмæ уыци.у згъорд акодтон нæ кæрты. Дуар фегом кодтон æмæ йæ тагъд мæ фæстæ ахгæдтон. Æз никæйы æмæ ницы федтон кæрты. Фæстæмæ скъолайæ куы сыздæхтæн, уæд нæхимæ бацæуын нæ уæндыдтæн. Кулдуар базыхъхъыр код- тон, æмæ дзы куы нпчи уыд, уæд тагъд-тагъд-бауад- тæн, тыргъы дуар фегом кодтон, мæ чингуытæ сæ бы- наты авæрдтон æмæ кæртмæ ракастæн. Машинæ уым нал уыд. Ыкко æмæ Нанайы ныхас цæхæрадонæй цыд. Мæ хоты уатмæ дæр бакастæн. Уыдоп дыууæйæ дæр^уыдысты уым. Быдтой цыллæ кæлмæрзæнтæ æмæ цыдæр хъæлдзæг ныхас кодтой. Æз раздæхтæн, тыргъы ма алæууыдтæн, стæй мæ къухтæ ныхсадтон, 64
æмæ мæ ме стонг цæлгæнæнмæ басайдта. Нана мæ, æвæццæгæн, ауыдта æмæ уайтагъд мæ фæстæ æр- бахызт. — Абон цыма æрæгмæдæр ссыдтæ, Дзера, де скъолайæ? — афарста мæ Нана. — Фылдæр уроктæ нын уыд. — Æмæ фæлурс та цæмæн дæ? — мæ цæстытæм мын каст Нана, йæ къухы ногтынд цъæх хъæдындзтæ, афтæмæй. — Нæ зонын, Дзæрæхæй тæрсын, миййаг, зæгъын, кæд уазджытæ ам сты, уæд исты йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуа... — Мæ чысыл къона, мæ рæсугъд чызг, уый дын тæрсгæ кæны, тæрсгæ, хъахъхъæны дæ. Дæхæдæг нырма цард нæма æмбарыс. Ма ’йæм мæсты кæн. Чи зоны, афтæ дæуæн хуыздæр у...— дзырдта Нана цы- дæр фæлмæн, тæригъæдгæнаг хъæлæсыуагæй. Ных- садта хъæдындзтæ æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. Уа- лынмæ тæвд лывзæйы къус дæр мæ разы февзæрд. — Ахæр, мæ хур, ахæр, уæлибæхтæ дæр нырма хъарм сты, мæнæ дын адджинæгтæ дæр, Шаликъоиы фырт сæ æрласта,— дзырдта Нана, мæ цуры æрбадт, афтæмæй. Æз хордтон æнæдзургæйæ, Нана та мæ дзыкку- тæ радыгай иста йæ къухтæм æмæ сæ быдта. Мæнæн мæ комдзаг мæ комы асалд — дуары къæ- сæрыл фæзынд Тарги. Сагъдауæй лæууыд æмæ йе стыр сау цæстытæй мæнмæ æдзынæг каст. Æз Нана- мæ бакастæн, уый цыдæр хъуыдыты ацыд æмæ ни- кæйы уыны. Ацамыдтон ын дуармæ æмæ фестадтæн. Тарги фефсæрмы æмæ фæстæмæ акъахдзæф кодта. Æз тарст сæгуытау уаты мæхи къуымы кæуылты амидæг дæн, уымæн ницыуал бамбæрстон. Мæ цæсты- тыл уади Дзæрæх, цыма уый дæр Таргиимæ лæууыд. Дыккаг бон скъолайæ ссæуын чызджытимæ. Кæсын æмæ уынгæн йæ фаллаг фæрсты не \мдзыд кæны Тар- 3 Четырсы 65
ги, аивæй махырдæм кæсы. Уалынмæ апырх стæмг алчи йæхи уынгмæ базылд. Æз иунæгæй куы аззад- тæн, уæд Тарги мæнырдæм æрбазылд. — Дзерассæ, ма фæтæрс мæнæй, мæ ныхæстæй. Бауарзтон дæ. Кæнæ — ды, кæнæ — мæлæт,— æнкъар- дæй, сабыр хъæлæсæй загъта Тарги. Мæнмæ йæ ныхæстæй æппындæр ницы бахъардта, кæд сæ хъусгæ фæкодтон, уæддæр. Æрмæст хъахъ- хъæдтон уынг. Алы цæуæг дæр мæм каст Дзæрæхьт хуызæн. — Ма цу мемæ, Ма ныхас кæн. Дзæрæх нæ куы фена, уæд дæу дæр æмæ мæн дæр масты хай бакæн- дзæн,— сдзырдтон къуызгæ, мæ зыр-зыр цыд. — Зæгъ мын исты,— дзырдта мæм. — Дæ фыд дын ,ус куы куры, уæд цы ныхæстæ кæ- ныс? Стæй æз исты мойгæнæг дæн—æхсæрдæсаз- дзыд. Мæ уæле дыууæ хистæр хойы... -— Нæ, нæ, Дзерассæ, æрмæстдæр ды! Куыддæр ын æнæбары йæ цæсгоммæ фæкастæн. Уыдис фæлурс, фæлæ йæ цæстытæ сыгъдысты, сыгъ- той мæ. Цыма сæ цæхæртæ æмæ цæссыгтæ иумæ калд... — Ацу мæ разæй, ацу, цыфæнды дæр кæн, æрмæст мауал цу мæ фарсмæ,— сфæрæзтон. Тарги цæстыфæныкъуылдмæ фæстæмæ фæзылд, айхъуыстон ма йын йæ тагъд-тагъд цыды уынæр. Нæ- химæ мæ хаста мæ хæйрæджы хай, мæхæдæг ницыуал æмбæрстон... Нæ дуармæ дзыгуырæй лæууыдысты" Дзæрæх æмæ йе ’мгæрттæ. Æз мæ цæстытæ зæхмæ ныццавтон, аф- тæмæй нæ кæртмæ баивгъуыдтон. Нана тыргъы бадт æмæ цъæх тинтычъи къуымбилы даргъ хилтæ ласта. Йæ цуры æрбадтæн æмæ æз дæр æвзæрстон, афтæ æна^уи, цæмæй исты архайдтаин, уый тыххæй. Мæ сæ- ры та æнахуыр хъуыдытæ æвзæрдис. 66
— Исты уал ахордтаис, Дзера, стонджы дын нæу? — фæрсы мæ Нана. — Нæу мын стонджы,— тарстæн, Нана мæ куы афæрса,' дæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп цæмæн хъуысы, зæгъгæ. Æризæр. Хур ма арвы кæрæтты тавта. Мнгътæ-иу амбырд сты, сырх, цъæх æмæ-иу æндæр хъулæттæ адардтой, стæй-иу уайтагъд пырхытæй фæтары сты, цыма-иу хуры артæй атадысты, уыйау. — Не ’фсин, мæ цухъхъа мын фен,— хъуыддаг- х,уызæй йæ къаймæ дзуры Ыкко, уатмæ бахызт, аф- тæмæй. Нана йæ ми фæуагъта, æнæдзургæйæ Ыккомæ фæрсæгау бакаст æмæ акъахдзæф кодта. Райста дзау- мæтты скъаппæй цухъхъа, рон чысыл хъамаимæ, худ... — Исты æхсызгон хъуыддагмæ ма цу, цыдæр хъæлдзæгхуыз дæ? — фæрсы иæ Нана. Ыкко йæ куырæты æгънæджытæ æнгом æвæры: 1— Бамбæрстай та мæ бæлвырд. Цæуæм Шали- къоимæ йæ лæппуйæн усгур. — Мæ хæдзар бахорз, нырма сывæллон куы у,— бадис кодта Нана. — Йæ хæдзары хъуыддаг Шаликъо хуыздæр зо- ны,— дзырдта Ыкко.— Рæвдздæр, æнхъæлмæ мæм тсæсы Шаликъо,— нал хъæцыд, цалынмæ йын Напа пæ цырыхъхъыты рыгтæ сæрфта, уæдмæ. • Уалынмæ æддаг дуары хъæр фæцыд. — Лекси, мауал тагъд кæн,— æрбайхъуыст Ша- ликъойы æнæнцой хъæлæс, стæй йæхæдæг дæр тыргъ- мæ тагъдгомау схызт. — Фæндæгтæ, фæндæгтæ... Кæдæм нæ бафтдзы- нæ, кæуылты нæ ахиздзынæ, цæуыл не скъуырдзынæ дæ къах... Лекси, хатыр бакæн, дæ хорзæхæй. Ныр та-ма æрбадæм æмæ мæм дзæбæх æрбайхъус,— йæ «бæзджын æрфгуытæ фæйнæрдæм йе ’нгуылдзтæй 67
алæгъз кодта, афтæмæй хъавгæ дзырдта Шаликъо. ■—- Цытæ дзурыс, мах кæрæдзийæ хатыртæ хъуа- мæ курæм... Æрбадæм, æрбадæм. Нана сæ сæхи бар ныууагъта. Уыдоны æхсæн та рауад ахæм ныхас: — Лекси, лæгыл кæуын не ’мбæлы, фæлæ æз ныр- тæккæ дæ разы фæкæуин. Æрмæст æй не ’мбарын, фырмæстæй, фырцинæй, æви фырдисæй... — Æз дын алцыдæр ныббардзынæн, мæнæй æф- сæрмы ма кæн, нæхæдæг куы стæм... — Куыд бадзырдтам, афтæ дæм æнхъæлмæ кас- тæн нæ кайысæгтæм хæстæг. Кæсын æмæ мæнæ Тар- ги кæцæйдæр мæ разы февзæрд. Алæууыд, стæй мын æнкъардæй афтæ зæгъы: «Мæ фыд, ды мын уыцы чызджы куы ракурай, уæд æз мæхи амардзынæн. Æз уарзын Лексииы кæстæр чызджы. Гъеиыр дæ куыд фæнды, афтæ бакæн...» Æмæ мæ цуры куыд æвип- пайды фæзынд, афтæ æрбадæлдзæх. Мæн джихтæгæн- гæйæ фæуагъта. Æз дæр дæумæ ратагъд кодтон... ИуЦасдæр æнæдзургæйæ бадтысты, стæй æппынæ- рæджиау райдыдта дзурын Ыкко: , — Уарзондзинад æмæ мæлæт æмхиц сты кæрæ- дзимæ. Тирæгъæд у лæппу. Чызг та нырма бынтон чысыл у, уый дæр тæригъæд у... Йæ хистæртæ... Йæ- хæдæг цы зæгъдзæн... Фæлæ кæд фарста ахæм уавæ- ры ис, уæд æз ницыуал зæгъын,— хъынцъымгæнгæйæ дзырдта мæ фыд.— Дæуимæ бахæстæг кæнын мæнæн уæлдай æхсызгон у... Шаликъо уæззаугай сыстад, бацыд Ыккомæ æмæ йын ныхъхъæбыс кодта. Сдзурын йæ бон нал уыд, йæ цины цæссыгтæ йын йæ хъуыр æлхъывтой. — Царды мидæг ахæм æнæнхъæлæджы цаутæ куы йæ цæуид, уæд цард æнкъард уаид. Чи зоны, куыд рауайдзæн хъуыддаг?..— хъуыдытæгæпгæ сабыргай дзырдта Ыкко. Бирæ фæныхас кодтой. Уыйфæстæ дæр ма биноптæ æмæ хæстæджыты. 68
æхсæн уыди бирæ ныхас, бирæ ракæ-бакæ. Дзæрæхы басæттын йæхæдæг æнæхъæн хæст уыд. Иуныхасæй, Ыкко йæхимæ айста хъуыддаджы уæз. Мæ хотæ сæ мидбылты худтысты, æз куыдтон, уы- мæн æмæ æмбæрстон, мæ царды цыдæр ивддзинад кæй цæуьт, уый. Æнхъæлмæ кастæн цымыдисæй. Нана æрæнкъард, йæ цæстыты бадт сагъæс. На- наимæ-иу куы фæхибар стæм, уæд мын-иу мæ дзык- кутæ йæ даргъ æмæ куыствæллад æнгуылдзтæй рæ- сугъд сбыдта, мæ сæр мын-иу лæгъзытæ кодта: «Ма тæрс, ма ку, мæ рæсугъд бæлон, уый дæу аххос нæу, рæсугъд чызгæн æнцой нæ вæййы, адæм æй нæ фæуа- дзынц. Алкæйы дæр фæнды рæсугъдмæ кæсын, йæхи цæстытæ рæвдауын, ныхас кæнын... Лæппуты сæрæн- дæртæ та къайагæн рæсугъд чызг фæцагурынц. Тар- ги дæр сæрæн лæппу у, ахуырмæ йæ хъус дары. Иæ фыд арæх мæтгæнгæйæ фæдзуры: «Æхсæв хуысгæ нæ кæны мæ иунæг. Фыссын уарзы, фыссы æмдзæвгæ- тæ, арæх йæ ног æмæ æнкъард æмдзæвгæтæ фæкæсы фæсивæдæн, махæн, хæстæджытæн... Ныр та бынтон- дæр йæ сæр нал сисдзæн — йæ уарзондзинады рис, йæ цин урс гæххæттæн лæвар кæндзæн...» Иумæ ахуыр кæндзыстут, ма мæт кæн...» Нанайы ныхæсты фæстæ-иу цас фæхъуыдытæ код- тон: «Диссаг, Тарги æмдзæвгæтæ фыссы! Цымæ сæ равзардзынæн?.. Æцæг, æцæг, йæ сау цæстыты цы- дæр æнахуыр æнкъарддзинад фæзыны...» Шаликъо Таргийы Калакмæ арвыста сæхимæ — цæмæй фидыды бонмæ лæвæрттæ æрхæццæ кæна, (уый тыххæй. Шаликъойæн йæ фыдыфсымæр царди Дзæуджы- хъæуы. Хъуыддæгтæ рæвдз кодтой уыдон хæдзары. Таргийы хотæ дыууæйæ æрцыдысты Калакæй, хъуа- мæ фидыды бон кæрæдзиимæ базонгæ уыдаиккам... * * # ... Тарги зынаргъ лæвæрттимæ рацæйздæхт Кала- 69
кæй. Мæ номыл дзы уыдис авд сызгъæрин къухдарæ- ны, æртæйæн дзы сæ сæртæ арæзт уыдысты налхъуыт- налмасæй, иннæтæ — æндæр зынаргъ дуртæй; дыу- уæ сызгъæрин цæнгдарæны, цалдæр къайы хъуссæ- джытæ, зынаргъ къабайæгтæ, мидæггæгтæ, æвзаргæ къахыдарæс, тæнæг æмæ хъарм кæлмæрзæнтæ, сырды хъуынæй кæрц,— хъуыды дæр ма сæ чи кæны!.. На- найæн дзы уыд тинтычъи кæлмæрзæн, хотæн сызгъæ- риы цæнгдарæнтæ, зæлдæгтæ, Дзæрæхæн—сахат, сгæл- лад костюмаг... Æмæ семæ — Таргийæн йæхи нал- хъуыт-налмас судзгæ æнкъарæнтæ... Тарги æрхæццæ Рагъыхъæуы комкоммæ. Уым цар- ди йæ кæнгæ æфсымæр Дзулат. «Цымæ мæ фарсыл бахæцид мæ цин, мæ уарзондзинад, уаин амондджын, æнæ Дзулаты афæрсгæ куы бахъуыддаг кæнин, уæд? Куыд æхсызгон ын уыдзæн мæ амонды хабар... Цы- мæ мын хæрзæфсымæр куы уаид, уæд æй Дзулатæй фылдæр уарзин?.. Нæ чындзæхсæвы уый Дзерассæимæ куы ракафа, йæ хæрзконд нуарджын уæнгтæ тымбыл- кафты куы базмæлын кæна — адæм сыл сæ цæст æрæвæрдзысты... Мæ фæндæй Дзулат хъуамæ уа Дзерассæйы æфсымæртæй иу»,—хъуыдытæ кодта Тар- ги. Æрымысыд, кæрæдзийæн æфсымæртæ куыд загъ- той> уый. «Хъуыды ма йæ кæнын, бынтон æнæнхъæл- гæ нæхимæ Калачы базармæ куыд бахæццæ дæн. Ци- нæй амардтæн—бирæ уарзтон стыр базары тезгъо кæнын: цы нæ дзы фендзынæ, цынæхуызон адæмтыл фембæлдзынæ! Уæлдайдæр бæхты базары—ахæм рæ- сугъд бæхтæ дзы вæййы, æмæ ма мæ суанг се ’ппæты балхæнын дæр фæфæнды: куы сæ иуыл, куы се ’ннæ- уыл зил быдыртыл, хъæутыл, хъæдтыл... Мæнæ та сæм æрбафтыдтæн. Мæ цæст ахастон æмæ ауыдтон бæх нæ, фæлæ бæрзонд лыстæджытæарæзт лæппуйы. Дардмæ йæ фæлурс цæсгомыл зындысты дыууæ даргъ æрфыджы. Цæуын æм комкоммæ—æлвасы мæйæхимæ. 70
— Цал азы цæуы дæ бæхыл? — фæрсын æй лæ- гæй-лæгмæ. Æргом мæм разылдта иæ хъуынахуыз цæстытæ, йæ бецыкк худы бынæй рабырыд, лыстæг. æнгуылдз- тæй йæ аиуварс кодта, лæмбынæг мæм фæкаст, цы- ма мын зæгъынмæ хъавыд: «Ацы къленцы кусæн бæх •цæмæн хъæуы?..» Стæй мын радта дзуапп: «Авд азы». Раныхас-баныхас, афтæмæй базонгæ стæм... «Фысым дын уыдзынæн, Дзулат, табуафси»,—загътон. Дзулат бахудт, цыма рухс йæ дзыхæй ракалд, бауыгъта мæ ме уæхсчытæй æмæ мын загъта «о». Дзырдтон ын: «Мæ фыдыфсымæры лæппуйы чындзæхсæв уыдзæн, зæрдæйæ дæ хонын, нæ рæстæг хъæлдзæгæй арвит- дзыстæм...» «Бузныг, Тарги!» — загъта Дзулат... Чындзæхсæв. Стыр чындзæхсæв кæй фæхонынц, ахæм. Дзулатимæ иумæ минас, кафт, стыр æмæ сыгъ- дæг хъæлдзæгдзинад... Ныр дæр мæ цæстытыл уайы Дзулаты кафт: кæнынц ын рог цагъд, къæхтæ — фæл- мæн цырыхъхъыты, паркетыл уайæгау сирынц, уæнг- ты, къухты змæлд агайынц зæрдæ. Адæм æм не ’фсæ- дынц кæсынæй. Дзулаты фæстæ кафын мæхæдæг... Æрлæууыдтæн... Дзулат æрхæцыд йæ синысæртыл, дзуры мæм: «Тарги, тынг кафыс, æз дын дæ зæрдæйы ахаст дæ кафтæй бамбæрстон». «Куыдæй?»— фæрсыи æй, «Дæ алы фæзылдæй: судзгæ кæныс, судзгæ, ми- дæгæй! Дæ уæздан æмæ уарзæгой!..» Мæ фыд мæм фæдзырдта. Дзулатæй ракуырдтон хатыр æмæ рахыз- тæн: «Мæ фырт, фидаут Дзулатимæ — æфсымæртæн бæззут...» Мæ фыды хъуыды загътон Дзулатæн. Ба- цин кодта, æмæ бацыдыстæм фынгтæм. Кæсынц чын- дзæхсæвы адæм, мæ хотæ нæ алыварс, мæ фыд, иннæ- тæ... Рауагътон туг ме ’нгуылдзæй, ныттагътон дзы сæны сыкъайы æмæ йæ радтон Дзулатмæ. Уый дæр ныттагъта йæ тугæй æндæр сыкъайы — радта йæ мæнмæ. Банызтам нуазæнтæ, ныхъхъæбыс кодтам кæ- 71
рæдзийæн. Ныхъхъæбыстæ нын кодта мæ фыд. Дзулат ахъæбыс кодта мæ мадæн, мæ ^хотæн...» Хъуыдытæгæнтæ Тарги бахæццæ Рагъыхъæдмæ. Мæнæ Дзулаты хæдзар — раст йæхи хуызæн иннæ хæдзæрттæй бæрæг дары... Хур бон. Хæхтæ цъæх пил- лон калынц се ’ндон уадултæй. Сыгъдæг хæххои уæл- дæф. Тарги æрурæдта машинæ. Айзæлди хъæуы, кæмт- ты, хъал бæхы уастау, йæ уаст. < Кулдуар хъæрзæгау ныккæрзыдта, ракаст Дзулат йæхæдæг. Йæ уæлæ сау æхгæдхъуыр хæдон, урс ны- мæтхуд йæ сæрыл, йе счъилты кæрдæджы хустæ. Сæ- гуытау дыууæ гæппæн фестад Таргийы уæлхъус. Къухтынгуылдзтæ атыхстысты кæрæдзиуыл тасаг уистау. — Мидæмæ, Тарги! Кæцæй? — Мидæмæ æндæр хатт, нæй нын нæ дыууæйæн дæр рæстæг... Æмæ йын хабæрттæ цыбырæй радзырд- та: ахсæв кæй фидауынц, куыд бауарзта скъоладзау саурæсугъды, цас лæвæрттæ ласы... — Арæвдз кæн дæхи æмæ — мæнимæ!..— йæ хъарм æнæнцой къухæй хæцыд Дзулаты фидар уæхскыл, кас- тис ын йæ цæрдæг цæстытæм... — Цом, иучысыл абад, цалынмæ мæхи ахсон... Дзулатæн цыма йæ цæстæнгас фæтар, фæсыкк, афтæ фæкаст Таргимæ, æмæ ахъуыды кодта: «Кæд æй, миййаг, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм æхсызгон хъуыддаг ис, æмæ йæ цæсгом нæ хъæцы, тæрсы — «нæгъ» мын куы зæгъа æмæ мæ уымæй куы бафхæ- ра...» Тарги бацыд хæдзармæ. Иæ размæ рацыд Дзула- ты мад. Æфсæрмдзастæй радта салам, йæ цæстытæ æмбæхсгæйæ. — Дæ хорзæхæй, мæ лæппу, аккаг скæн уатмæ,— загъта мад. Фынг æрæвæрдта. Æрбацыдысты Дзулаты дыу- 72
уæ хойы — Дибæ æмæ Дзантæ. Зын равзарæн уыд, кæцы сæ рæсугъддæр уыд сæ дыууæйæ. Сæ дыууæйæн дæр даргъ дзыккутæ, сæ дыууæ дæр бурдзалыг æмæ урсцъар... Тарги фыццаг хатт нæ уыдта ацы рæсугъд- ты, зыдта сæ... Кæрæдзийæн загътой æгасцуай. Уа- лынмæ Дзулат фæзынд иу æмбалимæ. Кæрæдзи къух- тæ райстой. Тарги сыстад. Загъта хæрзбон, æмæ ра- хызтысты. Фæлæ Таргийæн йæ зæрдæйы æнцойдзинад цыма фехæлд. Цыма Дзулат цыдæрхуызон фæци, афтæ та йæм фæкаст... — Тарги, ацы æмбал дæр хъуамæ махимæ уа, хорз æмгар у,— загъта Дзулат. — Тынг хорз. Дæу иуыд фæнды, афтæ уыдзæн ал- цыдæр,— Дзулаты уæхск æрцавта, афтæмæй дзырдта Тарги.— Уæдæ цæуæм? — Цæуæм! — загъта Дзулат. Дыууæ лæпгтуйы бадтысты фæстейы. — Афонмæ мæ фыд сагъæсы бацыд, кæм и, уæдæ, ацафонмæ, зæгъгæ. Зæрдæ йын бавæрдтон фæсæмбис- бон иу сахатмæ,— дзырдта Тарги. ■— Ахсæв æнæмæнг фидауынц? — фарста Дзулат. — Æнæмæнг. Цæттæ сты дыууæрдыгæй дæр. Гъе, мæнмæ у сæ каст, æмæ нæ бирæ нал хъæуы, дыууæ сахаты цыдæй фылдæр нæу. Æхсызгон сын уыдзæн дæ фенд, нæ ног æмбал Мæхæмæты базопыи. Æфсæр- мыгæнаг ма разынæд Мæхæмæт, куыд ницы дзуры,— ’ Тарги-иу сæм худæнбылæй ракаст фæстæрдæм. Мæхæмæты цæстæнгас — мигъы тар. Тарги фæком- коммæ иу айнæг къæдзæхмæ — уый дæр æм цæмæн- дæр Мæхæмæты цæсгомы хуызæн тар фæкаст — хуры тынтæ йыл сæхи атигъ кодтой, йæ сæрты атахтысты æндæртæм, æмæ ныттар, нал æрттывта, нал калдта тæмæнтæ... — Базыдтай йæ, ме ’фсымæр, Мæхæмæт æфсæр- 73
мыгæнаг кæй у, уый. Фæлæ хорз лæппу у,— загъта Дзулат. — Мæ чындзæхсæвмæ-иу иумæ рацæут, нæ бæсты рæсугъд чызджыты уын æрхопдзынæн. Æрмæст дæ кафтæй дæр сайдзынæ чызджыты, Мæхæмæты нæма федтоп кафгæ, фæлæ,— ныхæстæп хъæлдзæг дардта йе ’мбæлтты Тарги. — Тарги, бауром-ма иучысыл,—'Сдзырдта Дзулат. Тарги уайтагъд фæурæдта. Фæцыдис дамбацайы гæрах. Таргийыл бæстæ баталынг... ... Иуцасдæр, рæстæджы фæстæ Арвыкомы фæнда- гыл æрцæйцыд рог хæдтулгæ. Иу иннæмæ дзуры: — Дæ хорзæхæй, акæс-ма, уый, хиды фаллаг фарс, рог машинæ нæ лæууы æмæ дзы ауыгъдæй адæймаг иæ зыны?.. — Уæллæй, кæд ма исты уынын, уæд афтæ у. Цом, баздæхæм! Машинæ фæзылд рахизырдæм, хидыл ауад æмæ æрлæууыд. — О, æнамонд!.. Дуар ма бакодта, фæлæ фезмæ- лын дæр йæ бон нал баци,— дзуры сæ иу ипнæмæ. Райстой лæппуйы, æрæвæрдтой йæ нæууыл, æрыс- гæрстой йæ, байхъуыстой йæм. — Йæ зæрдæ ма цæвы... О бецау, бецау, дæ цæс- гомыл рухс куы хъазы, бынтон æвзонг куы дæ нырма, уæд цымæ кæмæй цы маст дардтай?! Систой йын йæ урс хæдоны риуы дзыппæй пас- порт.'Раластой лæппуйы горæты рынчындоимæ...лРад- той Калакмæ тел... Лæгтæн дохтыр загъта: — Бирæ нал фæцæрдзæн, йæ зæрдæйы кæрон нæ- мыг ахызт... ^Уыцы æхсæв Калакæй Таргийы фыды номыл Лек- сийы хæдзармæ тел æрцыд. Телæй раздæр та æрхæц- 74
цæ мад... Хордта йæ къухыфыдтæ, уромæг æй уромын- нæ фæрæзта... Лæппуйы рынчындонæй Шаликъойы фыдыфсымæ- ры хæдзармæ сластой. Таргийы хотæ уым æнхъæлмæ кастысты се ’фсымæры æрцыдмæ, цины хъуыддæг- тæм, фæлæ... Сдзырдта лæппу — былызмæлдæй бамбарын код- та, куыдæй æрцыд хабар. Базыдтой марджыты... Тар- ги хуыссыд æнæзмæлгæ. Иæ сау æрфгуытæ фæтæн сыгъдæг ныхыл фынæй кодтой. Цæстытæ гом нæ код- та... Тугдзыд былтæ змæлыдысты: «Дзулат... Дзулат нæ- бакæндзæн афтæ...» Æмæ та ногæй змæлыдысты был- тæ: «Дзерæ, Дзерæ, Дзерæ...» Лекси кæд йæхимæ æназымæй азымджын каст,. уæддæр Шаликъойы разæй нæ цыд. Бакодтой Таргийы мады Лексийы цурмæ. — Æрбарвит, Лекси, æрбарвит де ’нахъом чыз- джы, быны мад фæуоп, мæ иунæг мæлæтæн нæ ком- мæ кæсы, мæ бон ныккæла, æнæ дæ чызджы фен- гæйæ,— йæхи Лексийыл баппæрста ниугæ... Лæппу куы фæцæф, уæдæй рацыдис æртыккаг* бон. Æрбакодтой Дзерассæйы. Дзерассæ тарстхуызæй дуаргæронæй мидæгдæр нæ куымдта. Уаты сыбыртт нæ хъуыст. — Тарги, мæ дуне, мæнæ дæм Дзерæ æрбацыд,— дзуры йæм йæ хистæр хо. Тарги йæ цæстытæй скаст, йæ сæр дуарырдæм ра- зылдта, федта Дзерассæйы. — Рау...ай...— барухс йæ фæлурс цæсгом, афтæ- мæй хоны йæ уарзоны. — Цу, мæ хур, бацу йæм хæстæг,— дзуры хо. Дзерассæ нæ уæнды, не ’мбары, нæ цæуы йæ риуы диссаджы хабар... Хотæ йæм бацыдысты: 75
— Цом, цом, хæстæг æм бацу... Тарги йæ уæздан, коммæ чи нал каст, уыцы къух- ’тæ систа — куры Дзерассæйы къух, æрæлвæста уар- зон къух йæ риумæ, азылдта къулырдæм йæ сæр æмæ нал ракаст... ооо 0 МÆ ХЪАЗТÆ! — Зæронд, уæ зæронд, къуырма бадæ, æви? Цал хъæры дæм акодтон! Рауай-ма, зæгъгæ, дæм куы дзу- рын, мæнæ милийы раз абад, æз та сихоры кой акæ- нон,— дзырдта Пысырон йæ моймæ. Дзаго, афтæ хуыдтой зæронд лæджы, йæ æрдæга- рæзт бандон иуварс авæрдта, йæ хæдоны фæдджитæ уæззаугай æрцагъта æмæ сабыргай сарамæ йæхи бай- ста, æрбадт милийы фарсмæ æртыкъахыг бандоныл, æрдаудта йæ урс даргъ зачъе, райста лæдзæг æмæ милийы дон хæтæлы алыварс фæйлауæнтæ кæнын байдыдта. Хатгай-иу фестад, аджы бын-иу арт бадзæ- бæхтæ кодта, бавæрдта-иу дзы сугтæ æмæ та-иу æр- бадт йæ бынаты. Арахъхъ æвзæрдис хæтæлы мидæг æмæ, лыстæг хъæлæсæй заргæ, хæл-хæлгæнгæ дурыны хæлиу дзых- мæ згъордта. Дзагойы фæлмæн зæрдæйæн æнæхсай- гæ цы уыд арахъмæ. «Куы йæ фенин, карзæй куыд у, уый»,— фестади рæвдз, къус бадардта цыхцырæг- мæ. Цыхцырæг йæ хъæлæсы уаг уайтагъд аивта. Дза- го иудзæвгар байхъуыста йæ зарынмæ, стæй, хæрдмæ йæ цæстæнгас сисгæйæ, йæхинымæр акуывта æмæ къус йæ дзыхыл скъул кодта. Иæ цæстытæ ныцъцъынд сты, ныккæрзыдта: «Раст не ’фсинæй дæлвæд-уæлвæд нæу!» Йæ зачъетæ та æрдаудта æмæ зæрдиагдæрæй дарддæр йæ куысты кой кодта. Исты акомдзаг кæ- нын æй бæргæ æрфæндыд, фæлæ уый чи уæндыд хъæр 76
>кæнын. Йæ цæст æнтыды бæлæгъыл æрхæныд, гуы- ’быр-гуыбыр æм бауадис, бæзджын æнтыди цъар æр- батымбыл кодта æмæ дзы дысфæлдæхтæй гуымы- русæй хæрын райдыдта. . Гъе, афтæ архайдта Дзаго — куы гуыбыр-гуыбыр -аджы бынмæ уадис, куы милимæ, куы та-иу зараг цыхцырæгмæ. Фæлæ цас уыд йæ бон зæроид Дзаго- йæн,1—йæ сæр фæуæзгæ æмæ йæ, мæгуырæг, сарапы рæбын йæ фæлладуадзæн тъахтиныл æрæвæрдта. Ми- лийырдæм ма æртхъирæнгæнæгау иу каст фæкодта, æз дæ æппындæр ницæмæ дарын, зæгъгæ. Хъазтæ уыциу æмбырдæй се стонг гуцъатæ æр- диагæнгæ кæцæйдæр æрбацæйхастой. Цæхæр сæ пæ- химæ æрбасайдта æмæ уалынмæ хъарм минасы тæф сæ сырх фындзты смидæг, амбырд сты бæлæгъы алы- варс æмæ — хъæуы ма дæ, нал. Чи сæ куыд æфсæст, афтæ цæхæрадонырдæм иста йæхи. Пысырон чъиритæ ракодта, фынгыл сæ æрбæстон кодта, райста скъаппæй гыццыл дурын, уадз æмæ ярахъхъы сæрæй нæ зæронд акува, зæгъгæ, æмæ са- рамæ рауадис. — Мæ къона куыд æрбайхæлд, цы фæцис нæ зæ- ронд? Арт куы ныххуыссыдис, арахъхъ зæххы хай куы бацис... Уæ, дæ зæропд сæр æрбайсæфа... Пысырон йæ арахъхъы дурын раивта, цæхæр баз- мæста, бавæрдта дзы сугтæ æмæ сарайы къуымты рахъахъхъæдта. — Кæм дæ, кæм? Кæд зæххы скъуыды нæ ных- хаудтай, уæд цом хæдзармæ æмæ нæ арахъхъы сæ- рæй акув! Пысыронæн нæ зæрдæ фехсайдта, ам цы хабар ис, зæгъгæ, æмæ рæбындæр сарамæ бауад. Йæ къухтæ уæлиау хæрдмæ фæхаста æмæ йæ уæрджытæ æрхос- та: — Мæ хæдзар хæрзхæлд фæкодта! Ус ницыуал æмбæрста, цы акæнæ, уымæн. 77
Тъахтиныл пæ рæтыд къандзолы уæлгоммæ, йæ къæхтæ фæйнæрдæм æппæрстæй хуыссыд Дзаго. Иæ къухтæ æмæ йæ цæсгом ньщъцъæх сты, йæ улæфт нал хъуыст. Ус февпæлдта æмæ йæ зæроиды къухтæ- стылдта, фæлæ, абабау, мардæй уæлдай нæ базмæ- лыд Дзаго. Пысырон азгъордта йæ сыхæгтæм æмæ уайтагъд æрбадавта, йæхпцæй бирæ кæСтæр чи у, ахæм сыл- гоймаджы. Рахæцыдысты зæронд Дзагойыл æмæ иæ тыхамæлттæп хæдзармæ бахастой — хорз æмæ гыц- цыл фыдхъуаг лæг уыди. Хуыссæны йæ æрæвæрдтой, пæ къахыдарæс ын феппæрстой, къæхтæ æмæ къухтæ æууæрдгæ, хъæрмт- тæ æхмæ хъæццултæ раздæхтой Дзагойы йæ хæдзар- мæ. Æрчъицыдта, мæгуыр, фæлæ позты судзаг йæ сæ- ры тар мигъау ныббадт. Йæ фарсыл æрзылди æмæ уайтагъд уæззаугай улæфын байдыдта. Устытæ бамбæрстой, лæгæн тас нал у, уый,— фæ- уагътой йæ æмæ арахъхъ уадзынмæ рауадысты. Пы- сырон февнæлдта милийы дон ивынмæ — айдзаг код- та ведра æмæ йæ цæхæрадонмæ бадавта. Л ныр æй фæкъул кæнон, зæгъгæ, афгæ йæ къæхтæ фæтасыды- сты, не ’ууæндыд йæ цæстытыл: ам та йæм.. уæлгæмт- тæй, къодæхтæй æнхъæлмæ кастысты сæ дыууадæс хъазы. — Мæ цæстытæ мæ санынц? — Кæимæ ныхæстæ кæныс, Пысырон, дæ хорзæ- хæй?—дзуры йæм сыхаг ус. — Кæимæ куы зæгъай, уæд мæ хæйрæджытимæ,— æнæбары, рыичын адæймаджы хъæлæсыуагæй сдзырд- та Пысырон.— Сайынц мæ, сапынц,— æмæ дзой-дзой- гæнгæ бацыд хæстæг хъазтæм, радыгай сæ ратул-ба- тул кæны. Сыхаг ус æрбауади Пысыроны фæстæ, ауыдта хæдмæл хъазты æмæ уый дæр сагъдауæй баззад,.. — Пысырон, дæ, хъазты нал раздахдзынæ, цыдæр 78
марг бахордтой, фæлæ хъазæн йæ бумбули къаддæр наида нæу йæ дзидзайæ. Февнæлдтой хъазтæм, æрба- хастой сæ сарамæ, арты фарсмæ сæ æрæвæрдтой æмæ сын балæууыдысты сæ бумбули "тоныныл. Пысыронæн йæ дзыхæй уддзæф нæ хауд — æнæбары архайдта... Ныффæлладысты, уæдæ цы. уыдаид, фæлæ сæ куыст бакодтой æмæ сæ хъæуы кæронмæ фæхастой — тынг дард пæ уыд. Уым сæ азгъæлстой æмæ сфардæг сты -фæстæмæ сæ хæдзæрттæм æнæ иу пыхас скæнгæйæ... Пысырон ма æнæбары йæ арахъхъы зылдтытæ фæ- кодта, фæлæ йæ хъазты мæтæй æррынчын. Дзаго саумæрайсоммæ хорз фæфыпæй кодта, ссыд йæ фæллад, йæ нозт, æмæ рабадт, Пысыроны зылд- тытæй истытæ куы акæнин, уæд ын йæ зæрдæ истæ- мæй алхæнин, зæгъгæ, кæннод бæллæх... Ракаст тыргъы дуарæй, скаст арвмæ... Уалынмæ йæ хъустыл хъазты хъа-хъа ауад. Акастис алырдæм- ты æмæ йæ цæстытæ асæрфта. «Райхъал дæн, æви фынæйæ мæ цæстытыл уайы?» Æрысгæрста йæ къæх- тæ, йæ къухтæ аууæрста. «Уæ хуыцау, мацы мыи кæн, кæд ма нсты зонын, уæд дæн хъал æмæ уынын уæртæ бæгънæг хъазтæ. Æрбацæуынц цæхæрадонырдыгæй æрдиаггæнгæйæ, сæ базыртæ сæ цъæх буарыл хойгæ, сæ даргъ къубæлттæ ивазгæ...» — Дæ хорзæхæй, кæцæй рапрвæзтысты? Чи сын раласта сæ урс хъарм кæрцытæ? Чи бакодта ахæм сырды ми?! Зæронд Дзаго фæстæмæ стъæлфæгау уыциу зылд фæкодта æмæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта. — Пысырон, сыст-ма уæлæмæ тагъддæр æмæ ра- кæс æддæмæ. — Цы дыл æрцыдис, цæуыл æрдиаг кæныс? Мæ къæхтæ мæ быны куы нæ цæуынц, уæд мæ куыд стыч кæныс? — Ракæс-ма дын зæгъын! Пысырон æнæбары рабадт æмæ тыргъы дуарæй 79
ракаст. Хъазтæ дын сæ дарæджы ауыдтой, цы — кæ- уынхъæлæсæй сæрдиаг кодтой, цыма зæгъынмæ хъа- выдысты: «Ахæм уæззау зиан дын цы ракодтам, цæ- уыл нæ рабæгънæг кодтай æмæ нæ хъæугæронмæ цы ныззыввыттытæ кодтай?» Ус йæ мидбынаты бадзой-дзой кодта æмæ фæуæл- гоммæ. Ныр та Дзаго нал зыдта, кæмæн сæ цы акæна,, уый. ооо ЧЕТЫРСЫ - Уацау Ацы сæрды мæ мæ каникулты рæстæг арвитын ба- фæндыд хохы нæ хæстæджытæм. Арæх мæ фæхоны сæхимæ хæларзæрдæ, цæстытæй худаг Марта: «Рацу- ма махмæ, мæ цæстырухс, æмæ дын хæххон уæлдæф- дæ фæллад æфцæгæй аргъæва, дæ фæлурс уадулты дын туг бауадза...» Иуахæмы Марта иæхимæ æрбацыд æмæ мæ мæ ныййарджыты фæндонæй ахуыдта сæхимæ: уыдзæн сæм хуынхаст, йæ чызджы моймæ радта. Ацыдыстæм. ... Фæндаггон Хъасарагомæй куы бахизы, уæд йæ фыццаг æмбæлæг вæййы Четырсы хъæу. Хъасарагом, кæнæ æнæуый — Хъасара... Иу кæнæ дьиууæ ныхасæй æнцон зæгъæн у, фæлæ дзы куы фæ- цæйцæуай, уæд зæрдæйы фæфæнды арвы нæрынау æппæт адæммæ ныхъхъæр кæнын: «Æрцæут-ма ар- дæм! Акæсут-ма!л» Цæуыс комы мидæмæ. Дæ фæндаг дæм кæсы тынг нарæг. Ай-гъай дæм кæсы нарæг: дæ сæрмæ æркъул сты даргъзачъеджын, сæрыстыр, сæ цъуппытæ арвы кæмæи аныгъуылдысты, уыцы хæхты къабæзтæ. Хъуы- 80
ды кæныс: «Цас диссæгты, цас сусæгдзинæдты æвди- сæнтæ сты... Цал цæрæгойы, цал фæндаггоны бамбæх- сынц алы фыдбылызæй æмæ къæвдайæ ацы мадзу- ратæ...» Кæцæйдæр тынг бæрзондæй зыны арвы цъæх. Къулыл иучысыл суай, æмæ дæ размæ фæуыдзысты мæцкъуытæ, саунæмгуытæ, сырх-сырхид ставд уа- гъылытæ... Уыцы хъуынайылбадæг ’цæстысайæг хæр- зад гагадыргътæй дæ дæ къах нал хæсдзæн. Мæ зæр- дæ мæм афтæ дзуры, цыма сылгоймаг ацы дæргъæц- цон хъоппæг уагъылытæй рæсугъддæр хъуссæджытæ- не ссардзæн... Бынæй, арф комы нарæджы, гуылфæнтæ кæны Терк. Цæуыс комы. Доны цъæхахст æмæ дурты гыбар- гыбурæй ницы хъусыс. Кæд дæ фарсмæ цæуæг ис æмæ ’йын исты зæгъынмæ хъавыс, уæд ын йæ хъусы, дæ бон цас у, уыйбæрц хъæрæй дзур. Искуы-иу хатт айхъусдзынæ æмыр гуыппытæ. ^Кæсыс донæн йæ фал- лаг фарс арвмæ быцæутау æнахуыр тызмæг хæхтæм. Кæмдæр хохы цъуппæй, ауыгъдæй йæ бон кæмæн нал уыд, ахæм къæдзæхдур куыд расхъиудта æмæ гæппы- тæгæнгæ донмæ куыд тæхы, уый уыныс. Цæуыс... Дæ алыварс фæлгæсыс... Дæ фындзыл уайы сондоны тæф. Базылдтæ тигъыл æмæ ауыдтай пæлхъ-пæлхъгæнгæ стыр цъæх цад. Уый у, йæ сæрты цъиуы бон тæхын кæмæн нæу, ахæм карз суар. Нæ дæ хæсдзæн. дæ къах ацы бухъ суары разæй, фæлæ гæнæн нæй, цæуын хъæуы дарддæр. Афтæ дæм кæсы, ’цыма ацы комæн йæ суæрттæн, æхсæрдзæнтæ æмæ суадæттæн кæрон дæр нæй. Фæлæ мæнæ æрбакалд рухс, акодтай ма цалдæр къахдзæфы æмæ дæ цæст ахастай уæрæх фæзыл. Тæккæ фæндаггæрон, Хъаса- рагом кæм райдайы, уым сатæджы тæлфы сыгъдæг суадон. Иунæг цæуæг дæр йæ разы æнæрлæугæ нæ фæвæййы. Куы йæм æргуыбыр кæнап, уæд ын фехъус- дзынæ йæуынæр. Цыма йын байрæджы, уыйау хъуыр- хъуыр æмæ сыф-сыфгæнгæ тырны, фæйлаугæ цы стыр 81
дон цæуы, уымæ. Зæрдиагæй дзы анызтай, араст дæ дарддæр. Цæуыс доныбылты. Дон æнæвгъау лæбуры нарæг жжмæ, раст цыма нæ фыдызнаджы суры. Фæкастæ галиуырдæм. Æнæ баздæхгæ нæй. Ам ис тынг фæтæн æмæ ныллæг асингæндтæ, цыма æнахуыр бурбын цыл- лæйæ уæфт егъау гауызтæй æмбæрзт сты, уыйау. Уы- дон сты цынатæ. Уайы сыл се ’мвæтæн дон. Хурмæ ахæм алыхуызон уæздап тæмæнтæ калынц, афтæ рæвдауынц адæймаджы цæст, æмæ ма дзы рох дæр фæвæййы йæ дарддæры балц. Рахизырдыгæй дæм, донæн йæ фаллаг фарсæй, æнæбын цад хурмæ пе стыр æнкъард цъæх цæст ныкъулы. Кæсыс алырдæм. Иуырдыгæй — уыгæрдæнтæ. Зæл- дагау хурмæ æрттивынц. Иннæрдыгæй — хоры хуым- тæ дымгæйы улæфтæй фæйлауæн кæнынц. Æрбахæстæг хъæу. Четырс æрбынатон тъæпæны, тызмæг, йæ хъæрæй комы бацæуæн кæмæн нæй, уыцы доны фæйнæфарс. Тырсыгомы фæндаг згъоры йæ тæккæ астæу. Мæ хæстæджыты сырх дурæй амад уæладзыг ра- зынд. Уалынмæ йæм бахæццæ стæм. Нæ размæ рауа- дысты. Бинонты бакаст, сæ цæстæнгас уыдысты бон- джын æмæ æнæмæт царды æвдисæн. Уæлдай хъæл- дзæг та уыди ме ’мгар чызгЗæли. Уымæ зæрдиагдæрæй хъардта хæххон хуры хъарм æмæ рæсугъд тынты рæвдыд. Цалынмæ йæ фыды хæдзары цард, уæд- мæ институт каст нæ фæци. Йæ цард æй нал æндæв- та йæ ныййарджыты къонайы. Чи зоны, кæйдæр лæп- пуйы хæдзар æм каст хъармдæр æмæ рæсугъддæр. Æмæ нымадта .бонтæ, къæсхуырæй-къæсхуырдæр код- та. Хуыцаубоны йын йæ чындздзон дзаума æрбалас- дзысты — хуын. Цæттæ уыдысты бæгæнытæ, кусæрт- тæгтæ, фæлмæн (цыхтытæ, урс ссад... Хуыцаубои. Махæн, чызджытæн æмæ чындзытæн, куыст ницыуал уыдис. Знон бацархайдтам не ’фснаи- 82
нæгтыл. Абон та хъуамæ саразæм, срæсугъд кæнæм нæхи. Хъæлдзæгæй бадæм æфснайд уаты æмæ фæндыры сабыр цагъдмæ хъырнæм. Уалынмæ гыццыл сывæл- лæттæ хъæргæнгæ æрбатахтысты: — Фæзы машинæ æрбацæуы, фæзы машинæ-æ!.. Мах фестадыстæм æмæ иу-къордæй араст стæм нæ уазджыты размæ, хъæугæронмæ. Уазджытæ, Зæли æмæ Солтаны æмбæлттæ, рæсугъд чызджытæ, дзæбæх хистæртæ. Æрбахуыдтам сæ хæдзармæ. Хистæртæ фынгтыл æрбадтысты, кæстæртæн — хъазт. Хъуысы- дис алырдыгæй хъæлдзæг зарæг, фæндыры цагъд, æм- дзæгъд... Хъæубæсты ма уыдис ноджыдæр иу циндзинад — чызгæрвыст. Иуафон уырдыгæй ссыдысты хонджы- тæ—’хуыдтой нæ фæсивæд æмæ чызг-уазджыты сæ хъазтмæ, афтæ амыдта æгъдау. Иучысыл ма акафы- дыстæм, стæй ацыдыстæм. Сæ хъазт уыдис тынг стыр уæлхæдзары. Фæсивæ- дыл нæст не ’ххæссыд. Мах куы бахызтыстæм, уæд сæ хъазт баурæдтой æмæ нын арфæ ракодтой. Фæн- дыры йагъд тынгдæр ныййазæлыд, стынг къухæм- дзæгъд. Хъазтмæгæсæг рахизын кодта фысымты лæп- оутæн сæ тæккæ кафагдæры, стæй нæ уазæг чызджы- тæй иуы раз æрлæууыд. Чызг æфсæрмхуызæй ахызт æмæ æнæ уæлдай змæлдæй асирдта, йæ къухтæ рæ- сугъд систа, афтæмæй. Лæппу йæ аййæфта æмæ уай- тагъд йæ къах-къухтæ чызджы раз æрсагъта. Чызг йæ мпдбынаты æрзылд, стæй хъавгæ нувæрсты ака- фыд. Чидæр мæ кафтмæ кæсын нал бауагъта, сдзырдта мæм мæ номæй æмæ мыи мæ къух æрæлхъывта. Фæ- зылдтæн æмæ ауыдтон мæ рагон хæлар чызг ■ Лес- кайы. — Цы хуыцау дæ æрхаста ардæм мæ амондæп? — фæрсын чызджы. Уымæн фырцинæй йæ дзыхы пыхас 83
нал бадти, æрмæст худтис, æмæ зындысты йæ рæ- сугъд æрттиваг сæнтурс дæндæгтæ. Уыцы худт тынг фидыдта йæ хурсыгъд цæсгомыл. — Мах Темыгоимæ чындзхæссæг стæм,— æрæ- джиау сдзырдта Леска, стæй мын радзырдта, чындз сæ .хъæу^æ кæй хæссынц, Темыго та къухылхæцæг кæй у. Темыго уыдис нæ хæрæфырт, Леска — йе ’фсы- мæры чызг. Æз-иу сæм алы сæрд уыдтæн, æмæ нæ гыццылæй нырмæ уыдыстæм æмбæлттæ... — Хъуыды-ма кæныс, иухатт хъæуыбыиæн хæ- дзармæ куынæуал уæндыдтæ, суары дурын йедзагæй куы асастай, уæд?..— æрымысыд Леска. Дзуапп рат- тын мæ бон нал баци. Хъазтмæгæсæг мæ разы æрлæу- уыд. Хонæгæй чысыл дарддæр ауыдтон, кафынмæ цы лæппу рахызт, уый. Цæхæрцæст кæмæй фæзæ- гъынц, ахæм лæппу. Æз Лескамæ хатын, марадз, ды ахиз, зæгъгæ, фæлæ мын нæ бакоммæ каст. Ме ’мбал лæппу-уæздан хонгæ кафт кæнынмæ — дæсны. Лæппуты зарын хъуыстис дардыл. Æмбаргæ дæр æй нæ кодтон, мæ къæхтæй кафын, æви мæ хъаз- ты уылæн хæссы... 'Куы æрлæууыдтæн, уæд мын мæ кафæг æмбал зæрдиаг салам радта. Леска мæ хъусы дзуры; — Акæс-ма уæртæ уыцы лæппумæ,— амоны мын йæ цæстытæй.— Уый дæр махимæ чындзхæссæг у — уазæг фæсæфцæгæй... Æз бакастæн лæппумæ. Тынг бæрæг дардта ин- нæты ’хсæн йæ асæй. Уыдис бæрзонд æмæ къæсхуыр- тæ. Æпахуыр нарæг астæу фæтæн ронæй æлвæст — зхæм рæттæ фæдарынц афицертæ. Йæ уæлæдарæс — иттæг аив. Зынаргъ хъуымацæй йыл тар кæрдæгхуыз хæлаф æмæ хæдон. Къуырдфындз рог цырыхъхъытæ. Цъæхдзаст, сауæрфыг... Иæ бакастæй мæ хъæлдзæг- дзинад фæтары. Мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. — Бакастæй йын ницы у,— дзурын Лескайæн. Леска хинæйдзаг худт бакодта æмæ мын аивæй: 84
— Чызджытæй йæ бирæтæ уарзы... Хъазтмæгæсæг сарæзта симд. Уыцы лæппуимæ симдта мах Зæли. Мæн нæ фæндыд симын — Лескаи- мæ кастыстæм симдмæ æмæ ныхæстæ кодтам. Стæй та ацыдыстæм Темыгойы фенынмæ. Темыго мæ куы ауыдта, уæд ныддис кодта æмæ мæ афарста: «Ам кæцæй фæдæ?» Æз ын радзырдтон мæ хабар. — Цом хьæмæ махимæ,— ^уыдта мæ Темыго. Марта мæ нæ а[уадздзæн, зæгъгæ, йын дзырдтон... Фæлæ Темыго ныллæууыд: «Æнæ цæугæ нæй, æз зæгъдзынæн Мартайæн, дæхи срæвдз кæн райсом- мæ...» Лескайæ хатыр ракуырдтон æмæ хъазтмæ нал бацыдтæн. Ссыдтæн мæ фысымтæм, куыд ничи мæ фена, афтæ дæлбазыры аив ран æрбадтæн Нал мæ фæндыд кафын, хъазын æмæ ма суанг искæй уынын дæр. Цас фæбадтаин, уый нæ зонын, фæлæ иуафон айхъуыстон нæ уазджыты ныхас. Сыздæхтысты. Гыц- цыл фæстæдæр мæ хъустыл Зæлийы дзурын ауад. Бадтысты йæ хо Надаимæ мæнмæ хæстæг, æрмæст кæрæдзимæ нæ зындыстæм. Дзырдта йын: «Æнæхайы- ры лæппу æрбауай, мæ зæрдæ мын куы сæнкъуысын кодтай, афтæ мæм куы кастис æмæ мæхи Солтанæй фылдæр никуы никæйы бауарздзынæн... Цы хæрзконд æмæ уæздан у... Уæдæ цы кафт кæны...» «О, о, йæ бындур ныззила, цæй гуырд у...» — бафтыдта ма йæм Нада. Бирæ ма фæныхас кодтой. Стæй сæм мæ кой æрæфтыд, цы фæци, зæгъгæ... Уалынмæ кæсын, æмæ дын дæлæ хæрды махыр- дæм дыууæ лæджы ссæуы. Чи сты? Архайыи сæ рав- зарыпыл. Диссаг, уыцы уазæг лæппу æмæ мæ фыды хæлар Гого. Нада æмæ сæ Зæли дæр ауыдтой, мæ арт бахорз, зæгъгæ, сæ чидæр сдзырдта, стæй фæгæп- пытæ кодтой. Æз бадыи æнцад æмæ хъуыды кæпын афтæ: «Уыцы фæсхохаг лæппу Зæлийы бауарзта æмæ йæ фæстæ ссæуы...» Бадын, мæ зæрдæрыстæй цы фæ- уон, уып нæ зонын, афтæмæй. Уæдмæ чызджытæ мæ 85
ном дзургæ уæлхæдзæртты рауай-бауай кæнынц. Æз сыстадтæн æмæ схызтæн уæлхæдзармæ. Надаитæ мæ ауыдтой æмæ ныддис кодтой: «Кæм уыдтæ? Кæм фе- сæфтæ?..» Марта иуварс хуыздзыдæй лæууыд. Æз æм бацыдтæн æмæ йын йæ мæллæг уæхсчытæ æрбахъæ- быс кодтон, цæмæй мын тæрсыс, æнахъом, миййаг, куы нæ дæн, зæгъгæ... Уазджытæй мæм иу чызг æрбацыд хæстæг, йæ уæздан къухæй мын мæ цонгыл æрхæцыд æмæ мæ ахуыдта уатмæ. Уым бадтысты фæсæфцæггаг лæппу æмæ мæ фыды хæлар Гого. Сæ разы — минас. Сыста- дысты, райстам сын сæ къухтæ, æмæ мын Гого йæ нуазæн авæрдта. Фæсæфсæггаг йæ нуазæн радта уа- зæг чызгмæ. Гогойæн арфæ ракодтон æмæ уазæг лæп- нуйæн мæ нуазæн авæрдтон. Ахастон ыл мæ цæст. Хæстæгмæ дæр — бæрзонд æмæ къæсхуыртæ. Йæ цæс- тытæ хæрдмæ нæ иста, ныфсæрмы. Тынг мæ фæнды- ди йæ цæстыты ’нгас фенын. Иуафон бæзджын æмæ даргъ цæстыхауты æхсæнæй фæзындысты сыгъдæг цъæх цæстытæ. Æмхæст сау æрфгуытæ. Йæ хурсыгъд къухæй аив хæцыд нуазæныл, кодта арфæйы ныхæс- тæ. Æрбакаст мæм кбмкоммæ иу уысмы бæрц, хус- сайраг здæхтæй загъта: «Амондджын у, бафсæд цар- дæн йæ хорздзинæдтæй. Бирæ дæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг у...» Куыддæр не ’гъдауæн кæрон скодтам, афтæ æз дуарырдæм ракъахдзæф кодтон, уазæг чызг дæр — мæ фæстæ. — Мæ хæлары чызг, уæ хорзæхæй, фæлæуут уал иучысыл,— сдзырдта Гого. ;Мах хатыр ракуырдтам æмæ дуарæй ахызтыстæм. — Зоныс, Сæлимæт, уыцы Гого мын загъта, Сæ- лимæты, дам-ма ракæн... Иннæты размæ бацыдыстæм. Ме ’мбал райста фæндыр æмæ йæ зæрдиагæй айвæзта. Йæ цагъдмæ мæ зæрдæ суынгæг. 86
Хъазтæй мæхи уайтагъд расайдтон. Изæры мила- тæ арвыл апырх сты. Æрбауазал. Æз ныццыдтæн дæллаг хæдзармæ. Акастæн, æмæ сывæллæттæ се ’ппæт дæр тарф фынæй, хуыссынц тынг фæтæн тъах- тиныл, пу-астæй къаддæр не сты. Бадыдтæн хæстæг æмæ дзы иу уæгъд бынаты æрбадтæн... Иуафон райхъал дæн. Уыдтæн фæлмæн хъæццулæй æмбæрзт. Хуыссын æд уæлæдарæс. Мæ алыварс иунæг сывæллон дæр нал. «Мæ фыны сæ федтон æви?» Рабад- тæн. Мæ уæлæдарæс нынцъылдтæ. Бацыдтæн пецмæ. Иту лæууы къæйыл, арт дзæбæх судзы. Мæхи ныхсад- тон, ныффастон мæ æгоммæгæс сæрыхъуынтæ, скодтон ногитувæрдæй мæ дарæс æмæ дыккаг уæладзыгмæ сызгъордтон. Акастæн. Хъæу райхъал. Хæдзæртты сæртæй фæздæджы цъæх къуыбылæйттæ гæзæмæ зы- нынц. Хъуысы доны æнæнцайгæ сæр-сæр. Хуры тын- тæ апырх сты хæхтыл, уæлхæдзæрттыл, уыгæрдæнтыл, æнцайынц адæмыл. Уæлхæдзары — сабыр. Хъуыды кæнын: æвæццæгæн, нæ уазджытæ нырма фынæй кæ- нынц. Бацыдтæн хæдзармæ. Марта архайы арынджы уæлхъус. Чындзытæй чи хойы дзидза, чи — нуры, чи та ссæнды фæлмæн цыхтытæ... Фæстæты Мартамæ бахъуызыдтæн æмæ йын йæ уæхсчытыл мæ къухтæ æрæвæрдтон. Фæкаст æмæ афтæ: — Мæ къона акæнай, кæд нæ фæрынчын дæ?.. — Ницы мын у, дзæбæх фæфынæй кодтон... Мар- та, мæ фыдыхомæ мæ иу-дыууæ боны ауадздзынæ? Кæннод мæм фæхæрам уыдзысты. Темыго къухылхæ- тæг у Кысылтæн, æмæ мæ семæ хоны,— загътон усæн. 1—■ Нæ, нæ, мæ къона, никуыдæм дæ ауадздзынæн. Миййаг, куы фæрынчынуай, йе та... Цы нæ фæвæнпы. Æмæ ма уæд цы цæсгом равдисдзынæн дæ мад æмæ дæ фыдмæ... Ницыуал сдзырдтон. Уазæг лæппутæ æмæ чызджытæ къордæй уæлхæ- 87
дзары лæууыдысты æмæ кастысты чындзхæсджы- тæм. Чындзы рахастой. Сæмхæццæ сты фæндыры цагъд, зард: «Гъей, гъей, иана, дæ чызджы дын фæхæс- сæм...», топпы гæрæхтæ, доны сæр-сæр... Мах хъæугæ- рои фæзмæ ратагъд кодтам. Хъæуы фæсте ничиуал баззад чысылæй, стырæп. Фæзы азмæлæн нæ уыд чындзхæсджыты ифтыгъд уæрдæттæй, барджытæ æмæ фистæг адæмæй. Кафт... Мах дæр хæдзарвæидагæй нæ уазджытимæ уыдыстæм æмвæндон. .Кæсын, æмæ мæ уæлхъус цингæнгæ алæу- уыд Леска. Иæ хæдфæстæ нæ разы скафыд барæг. Фæтарстыстæм. — Цæй, цом, чындзхæсджытæ уæрдæтты бадынц,— дзуры мæм Леска. — Æмæ мæ Марта куы нæ уадзы,— зæгъын Лес- кайæн. — Æнæ ракæнгæ йæ ма фæу. Ма йæ ныууадз,— дзуры барæг. Уыцы фæсæфцæггаг лæппу... Цы бæх ын ис, цы бæх!.. Даргъ, лыстæг æмæ хъæддых къæхтæ, даргъ бæрзæй, æмбаргæ цæстытæ. Йæ тарсырх хъуын æрт- тывдтытæ калдта. Цалынмæ æз лæппумæ кастæн, уæдмæ Леска цыдæр æрбаци. Барæг дæр чындзы уæр- донмæ атындзыдта. Уайтагъд Темыго æмæ Леска фæ- зындысты. — Æгас цу, Сæлимæт! — Ды дæр æгас æрцу, Темыго! — Ауай, кæд ма дæ исты райсын хъæуы, уæд. Мауал фæстиат кæнут. Æз бапыхас кодтон Мартанмæ. Чындзхæсджыты фæндаг згъордта донбылты. Иу уæрдон иннæмæ дæрддзæфгомау, афтæмæй уадис уæрдæтты хал. Æппæты разæй цыди чындзы уæрдон, махон — фæстæгтимæ, æмæ нæм раззаг уæрдæттæ цы- 88
дæр схъиуаг къудзиты хуызæн зындысты. Лескаимæ бадтыстæм кæрæдзийы фарсмæ. Æвзонг, зæрдæмæ- дзæугæ æфсæрмдзаст лæппу уыдис бæхтæрæг. Алы ныхæстæ кодтам. Нæ уæрдоны фарсмæ бæхы къæхты хъæр ссыд — æрбаййæфта нæ фæсæфцæггаг. — Уазæг чызг, сбад мæ бæхыл. Дæу йедтæмæ нæ никæуыл баууæнддзынæн. Ма тæрс, сабыр бæх У,— дзуры мæм лæппу. — Бузныг, Лескайы фарсмæ мын æнцондæр у,— дзуапп ын радтон. — Уæдæ æз ныртæккæ фæзындзынæн,— загъта лæппу æмæ йæ бæх фæцагайдта. Цыма сæ æппындæр уæз нæ уыд, барæджы дæр æмæ бæхы дæр, уыйау атахтысты. Лæппу донмæ фездæхта йæ бæх, ’ æрхы ныууад, æмæ йæ нал ауыдтон. Бирæ нæ рацыд, аф- тæ бæстæ хъæрæй айдзаг, ныййазæлыд-иу хæхтыл аемæ-иу æй азæлд комæй-коммæ ахаста: «Лæппу фе- сæфт!» «Лæппу фесæфт!» Æз æнæ фезмæлгæйæ бадтæн æмæ кастæн диссаг- мæ: лæппу æд бæх доны астæу аирвæзт, æрмæст ма йæ сæр фæзын-фæзын кодта. Уæрдæттæ се ’ппæт дæр æрлæууыдысты. Æххуыс кæнынмæ ничи тырныдта, уымæн æмæ дзы ницы гæнæн уыд. Хъуырдухæнгæнгæ сæ йемæ ласта лæгæй, бæхæй тызмæг Терк. Мæ цæс- тытæ бацъынд кодтон, фæлæ уæдмæ мæ хъустыл ауад: «Фæуæлбыл сты, фæуæлбыл!..» Ракастæн. Ауыдтон, барæг уæлбылæй фаллаг хъæ- уырдæм куыд фæзылд, æмæ та бæх рогæн йæ барæ- джы куыд фæцæйхаста, уый. Бадтæн, бадтæн æнцад. Æдде æрбакæсгæйæ цыма ницæуыл батыхстæн, афтæ зынди. Фæлæ мæ улæфæн- тæ цалдæр хатты куыд æрбахгæдтой, мæ туг-иу мæ цæсгомæй мæ къæхты бынмæ куыд фæлыгъд, куыд-иу фæцæйхаудтæи, уый мæхæдæг æмбæрстон... — Уæллæй, дон мæ ласта,— Лескамæ къафеттыты тыхтон дары, афтæмæн къæмдзæстыгæй дзуры барæг. 89
Мæ цæстытæ асæрфтон, мæ хъустыл не ’ууаевдвд- тæн. — Дæ бæхæн кув, фервæзын дæ кодта,— дзырдга йæм нæ бæхтæрæг Тифа. ■—■ Раст зæгъыс, тыхджын разынд, фæлæ мæ ис- кæйы афæрсын хъуыди... Нæ зонын ацы доны ахаст. Ме ’хца мын дуканийы нал истой, ныддонласт сты... Цæй уал, æз чындзы аййафон, науæд худинаг у,— фæцагайдта барæг. — Æнæхайыры лæппу, дæхи сæфтай ацы къафст- тыты тыххæп... Цы зæрдæтимæ ма цардаиккам? — дзырдта Леска.— Сæрæнгуырд у, йæ кой хъуыст у сæхирдыгæй. Дыууæ æфсымæрæй сæ иуæй иннæ лæг- дæр. Сæ фыд та нырма сæхицæй лæппудæр... Къуы- ри раздæр æм арвыстой, цæмæй йæ лæппутæй искæйы чындзхæссæг рарвита. Хъæу æрбазынд. Цæрджытæ стырæй/ чысылæй уæлхæдзæрттæй кастысты. Сæ дарæс алыхуызон ди- динджытау хъулон дардта. Лескаимæ рахызтыстæм хъæуы бын æмæ Темыготæм ссыдытæм. Хæдзары уы- дысты чындзытæ, чызджытæ æмæ сывæллæттæ. Ха- бæрттæ, ныхæстæ кæнæм. Мæ фыдыхойы чындздзон чызг уыд чындзхасты, фæлæ мæнæ æрбауад. Йæ уæ- лæ бур тæбын ссывдтытæ даргъ юбкæ, урс æлвæст- гуыр кофтæ, сæрак дзабыртæ, ирд цъындатæ. Даргъ сау дзыкку йæ фæсонтыл рахау-бахау кæны. Гыццыл рæсугъд дзых, сау -цæстытæ. Зæд æмæ зæд... — Мæнæ ма Сæлимæт!.. — Мæнæ ма нæхи Асиат!.. Стæй Асиат афтæ: — Диссæгтæ! Чындзхæссæг лæппу хæдзармæ бæ- хыл ссыд. Хæдзары бын ныккалд, æмæ йæ бæхы дыу- уад раззаг къахы аирвæзтысты. Тыхтæ æмæ йæ амæлт- тæй сластой... — Кæцы барæг? — удаистæй йæ афарста Леска. — Æфцæгыл чи рахызт, уый. 90
—■ Хуыцау абон кæсы æмæ уыцы лæппумæ. Иу диссаджы фыдбылызæй тыххæй фервæзт æмæ та дык- каджы смидæг...— загъта Леска. ’Чындзытæ æрæвæрдтой фынг. Иууылдæр хиоптæ, хъæлдзæгæй бадæм фынджы уæлхъус... • — Цомут-ма суармæ, рагæй нал ауадтæн уыцы фæндæгтыл,— фæстагмæ загътон æз.— Мах Лескаи- мæ атезгъо кæндзыстæм нæ дурынтимæ, æмæ ма кæй фæнды, уыдон сыстæнт... Фæцæуæм хуымты астæуты нарæг къахвæндагыл. Дыууæ æвзонг чындзы хæцынц сæ къухтыл чысыл са- битæн — Тома æмæ Тотайæн. Сæ нæмтттæ сын иууыл рæдийгæ кæнынц, стæй хуызæнæй дæр, асæй дæр фаз- зæттæй уæлдай не сты. Сырхварс фæткъуыты хуызæн сæ цæсгæмттæ. Никæмæ комынц, ныффидар сты сæ мадæлты даргъ фæдджитыл... Цæуæм фæгуыбыр-фæ- гуыбыргæнгæ, ставд-зæнг хъолотæ нæ сæ разæй нæ уадзынц. Мæнæ ма иу стыр тигъ, æмæ разындис су- ар. Бады хибарæй. Цæмæй чъизи ма кæна, уый тых- хæй йын халагъуды хуызæн скодтой къæйдуртæй, æмæ цыдæр сæрыстыр зыны уымæй. Фæлæ йын йæ хъæлæсмæ куы байхъусай, уæд дзы афтæ нæ зæгъдзы- нæ. Ис дзы къаннæг къус. Стæй ацы суары раз ис ахæм рагон æгъдау: кæд суары раз искæйы баййа- ’фай, уæд дын уый хъуамæ дæ размæ суары къус сæр- сæргæнгæ дзагæй рахæсса. Мах дзы никæйы баййæф- там. Сбадтыстæм хъарм къæйдуртыл æмæ сабыргай нуæзтам. Уалынмæ кæсæм, æмæ урснымæтхудджын ба- рæг кафгæ æрбацæуы. Дардмæ дæр æй базыдтам. Æргæпп кодта, йæ бæхы æфцæгмæ идон сæппæрста æмæ суарырдæм æрбараст. Бæх иуварс ацыд æмæ кæрдæджы цъуппытыл зылд. Леска мын алæгъстæ кодта, ды йын адав суар, зæгъгæ. Бæргæ ныффæрск дæн, фæлæ ницы. Байдзаг кодтон къус, мæ иу дзык- ку мæ риуыл æрхауд, афтæмæй рахастон суар. Лæппу 91
лæууыд дардгомау. Радта салам не ’ппæтæн дæр, райста къус æмæ загъта: — Сыгъдæг доны уынд адæймагæн куыд æхсызгон у, дæ уынд, де сныхас афтæ адджын уæд, дæ алы- варс цы адæм уа, уыдонæн,— æмæ мын йæ цъæх цæс- тытæ мæ дзыккумæ æрбазылдта. Æз æддæдæр ралæу- уыдтæн. Мæ былтæ бадыз-дыз кодтой, афтæ мæм каст, цыма æрхаудзынæн.-Æрмæст йæ бакаст, йе сны- хас дæр мын æгъгъæд уыд, мæ уагыл цæмæй мауал уон, уымæн. Мæ къус мын афтидæй æрбалæвæрдта, æмæ мæ бынатмæ бацыдтæн. — Цæй лæмæгъ дæ, цæй? Сырды раз, миййаг, куы нæ лæууыдтæ! Куы ныффæлурс дæ...— хъазгæмхасæн- ты дзырдта Леска. Йæ уæлæ уыд хуымæтæг хæххон лæджы дарæс. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма ноджы æнгомдæр æрба- ци’мæ зæрдæмæ уыцы зæххон дарæсы. Уыцы урс ньт- мæтхуд. Куы йæм кастæн, ома, худмæ, уæд мæ цæсты- тыл ауадысты ироп мигæнаг сылгоймаджы къухтæ — куыд æууæрста урс фæлмæн æмæ уæздан нымæт, куыд æй æркодта арæхсгæ къуыдырыл, куыд æй æр- бассывта, йæ былтæ йын куыд зæрдиагæй арæзта... Æмæ йæ куыст нæ фæдзæгъæл — кæй’ сæрыл конд у!.. Бирæ нæ бафæстиат махимæ. Ие ’рбацыд æмæ йæ ацыд уыдысты уагыл. — Фæзынут нæм! — æрбадзырдта ма иæм æмæ тигъæй фæаууон. Мах дæр бирæ нал афæстиат стæм„ Не ’рбацыдмæ нæхимæ æрбапйæфтам уыцы хъæук- каг чызг Заретæйы. Йæ къухы нæлгоймаджы уымæя дарæс. Мæ къух мын рапста, банин мыл кодта æмæ загъта: — Нæ уазæг лæппуйы нын дон ласта... Йæ дзау- мæттæ йын Сæлимæтмæ сдавои. Æз сæм куы нæ- сарæхсон иту æвæрынмæ... Мах Лесканмæ кæрæдзимæ бакастыстæм. 92
— Æрæвæр сæ, Заретæ, исты амал сын кæндзы- стæм,— дзуапп ын радта Асиат. Заретæ сæхимæ тагъд кодта æмæ ацыд. Леска мын бамбарын кодта, уыцы лæппуйы фысым Заретæ- тæ кæй сты. Чындзытæ итуйæ ссур кодтой фæсæфцæг- гаджы уæздан костюм. Ссыдис та Заретæ, хуыдта нæ хъазтмæ. Мах нæхи адзæбæхтæ кодтам æмæ чысыл фæстæдæр чындзæх- сæвмæ ацыдыстæм. <Кæд нæ алыварс цы фæсивæд, цы хæстæджытæ ’уыдис, уыдон мæ буц кодтой, уæддæр мæ зæрдæ уыцы гобийæ лæууыд. Фæлæ уалынмæ фæ- зынд фæсæфцæггаг, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма, къамоды сæр йæ даргъ къахыл цы цырагъ лæууыд, уый хуры цæст фестад. Фæндыры цагъд диссаг фæци. Нæ зонын, Леска кæнæ Асиаты арæзт уыди, -æви хъазтмæгæсæгæн йæ- хи афтæ бафæндыд, фæлæ нæ иумæ ракафын кодтой. Мæ разы куы ’рлæууыд, уæд мæм комкоммæ æнахуыр рухс цæстæнгасæй æрбакаст. Ме уæнгтæ æрызгъæл- дысты, фæлæ мæхи ныффидар кодтои. Цыма æппын- дæр ницы ’мбарын, мæхи афтæ дардтон. Аивæй кастæн йæ алы уæнджы змæлдмæ дæр. Ар- фæй-арфдæр хызт зæрдæмæ. Фæндыры цагъд цæмæн- дæр æрлæмæгъ, фæлæ зард æмæ æмдзæгъдмæ кафт нæ хæлд. Куы æрлæууыдтæн, уæд мын Леска мæ хъу- сы дзырдта: «Верæимæ (ома, фæпдырдзæгъдæгимæ) уарзæттæ сты, фæлæ дæу куы федта, уæд æм йæ хъус нал дары... -Куыд тынг фидыдтат иумæ...» Уалынмæ Верæ хъазтæй ацыд, йæ фæстæ—фæ- сæфцæггаг. Æз Лескайæн сусæгæй бамбарып кодтон, тынг бафæлладтæн, райсом та æрбацæудзыстæм, зæгъгæ. Лескайы нæ фæндыд хъазтæп ацæуын. Зыд- та, Таймуразæн, фæсæфцæггагæн, хъыг уыдзæи нæ ацыд. Фæлæ мæн фылдæр уарзта æмæ мæ ныхасыл дыууæ нал загъта. Рацыдыстæм пæхимæ... Æвæццæгæи, цалынмæ бафынæй дæн, уæдмæ мæ 93
бынытыд дзаума баихсыд. Уыцы æхсæв сфæнд код- тон сæумæцъæхæй нæхимæ ацæуын. Райсомæй райхъал дæн боныцъæхтыл. Мæ алы- варс акастæн. Лескайы фарсмæ ма хуыссыд Асиат. Æз æй нæ базыдтон, куыд æрбацыд, уый. Æвæццæ- гæн, хъазты афæстиат сты. Асиат базмæлыд, ракаст. Уыцпу гæпп фæкодта æмæ рудзынджы раз алæууыд. — Цы кодтай, дæ фыны исты федтай?—дзурын æм. — Раст дын куы зæгъон, уæд фын фенæгау у. Дысон сымах куы рацыдыстут, уæд уæ хæдфæстæ Таймураз бацыд лæппутимæ хъазтмæ. Йæ цæст аха- ста, иудзæвгар алæууыд, стæй æвиппайды фенкъард. Мах нæхи Тузаримæ рацыдыстæм. Таймураз дæр нæ фæстæ рацыд æмæ суанг нæхимæ ссыд. Лескайы сыс- тын кодтон. Ды дзæбæх фынæй уыдтæ, æмæ дæ рай- хъал кæнын мæ зæрдæ нæ бакуымдта. Леска нын бам- барын кодта, абон цæуыньГ фæнд кæй скодтай, æмæ нын хъыг уыди. Таймураз та фырæнкъардæй раст рынчынау фæци. Бирæ фæбадтыстæм, чындз нын фынг æрæвæрдта. Тузар цы нæ фæкодта Таймуразæн, иу арахъхъ бануаз, зæгъгæ,— нæ бакуымдта. — Ныууадз, дæ хорзæхæй, Асиат! Цы у, уымæй чызджыты куы у... — Æмæ уый аххос у?.. Дысон æм Верæ асидын код- та. Асайдтой йæ æндæр кæмæйдæр, уый дæм дзуры, зæгъгæ. Чызджытæ дæу куы федтой, уæд ын старсты- сты. — Федтон æй Четырсы дæр, ма мын дзур. Уым дæр дзы дзæвгар уыд... Йæхи куы нæ фæндид, уæд... Хъал у йæ уындæй. Уымæй йæм фау æрхæссæн нæй... Фа^лæ адæймагæн йæ удыхъæдæй зынаргъдæр ницы ис... Срæвдз стæм фæндагмæ. Бахордтам аходæн — æн- хъæвзгæ уæлибæхтæ æмæ замманай суар. Араст стæм хъæуы бынмæ. Диссаг! Куыд дарддæр цыдыстæм на- 94
рæг уынгты, афтæ ныл æфтыдысты хъæуы сылгой- мæгтæ — устытæ, чындзытæ, чызджытæ. Нæй, ницы ис бамбæхсæн хъæуы мидæг, къæрцхъус сты адæм — цæуынц, цæрынц уæхски-уæхск. Цæуынц, рæвдауыиц мæ сæ хъарм цæстæнгасæй, æхсызгон ныхасæй, сæ раздарæнты та цыхтытæ æмбæхст... Ныфсæрмы дæн, уæрдоны размæ куы ныххæццæ стæм, уæд. Чи — цыхт, чи къуымбилы хъуын лæвар кодта. Ноджы, æнæхайыр макуы фæуа, фæсæфцæггаг йæ бæхимæ йæхи хæстæг æрбайста. Цæмæндæр уыцы дыууæ æн- къарæны иумæ нæ фидыдтой. Цы ма фæуыдаин, уый нал зыдтон. Ме’’ппæт хъарутæ æрæмбырд кодтон, загътон хæрзбон æмæ схызтæн уæрдонмæ. Тузар бадтис фæйнæгыл разæй, йæ къухы «но» зæгъынæввонг — бозитæ. Боныхъæд ивта, " уарыны мигътæ сæхи быноз æруагътой. Нæ бæх иу-цалдæр къахдзæфы акодта. Гъеныр донмæ бахиза, афтæ фæ- сæфцæггаг нæ бæхы рохтыл æрхæцыд æмæ йæ бау- рæдта. — -Бахатыр кæн, Тузар, хатыр курын уе ’ппæтæй дæр. Уазæг чызг, ратт мæм дæ къух æмæ дын зæгъон фæндараст... Æз ныццавддур дæн, афтæмæй бадын. Хъуыды кæнын: цы хъуамæ зæгъой ацы адæм? Нæ зæгъдзысты, раздæр сæм ныхас уыди, зæгъгæ... Мæ бон нæу æмæ йæм тызмæгæй сдзурон. Æууæндгæ дæр ыл нæ кæнын, æмæ мæ зæрдæ уыд æхгæд... Цы кæнон? Адæм лæу- уынц, бæх лæууы, уарыны æртæхтæ фылдæрæй-фыл- дæр кæнынц. Мæ уæззау уавæрæй мæ фервæзын кодта Тузар. — Сæлимæт, лæг дæумæ дзуры! Райста мын мæ къух: «Хæрзбон, фепынмæ. Уый тагъд уыдзæн». О, уыцы хъæлæс! Хъуыст дзы хæххон тымыгъ, уалдзыгон дымгæ, сæрдыгон хуры пыфс, æхсæрдзæн- ты сæр-сæр... Уыцы уарзон цæстæнгас—сыгъдæг æмæ 95
æнкъард... Куыд хъуамæ ма баууæндон уыцы цæсты- , тыл... Иæ къухы æндзæвд—ныфс æмæ амонд... Мæ’ сæры зылдысты алыхуызон хъуыдытæ... Ахызтыстæм дæтты. Стыр уæлæдарæн нымæты бын нымбæхстыстæм Тузаримæ. Тузар худы: — Сæлимæт, замманай саггуырды расайдтай. Ма йыл атигъ кæн дæхн. Цыфæнды быдираг лæппуйæ дæр лæгдæр у: сæрæн, ахуыргонд, хæрзуынд, хæрз- конд... — Иæ бæллæх дæр, æвæццæгæн, уым нс, Тузар. — Æмæ дæхимæ бакæс... Аккаг стут... * ♦ * Рацыдис иу бон, рацыд дыккаг, æртыккаг бон рап- стон фыстæг. Джиппыуагъды хуызæн урс къонвсртыл æмхуызон рæсугъд æмæ раст дамгъæтæй фыст — мæ адрис. Мæ мыггаджы-дамгъæтæ уæлдай бæрæгдæр дардтой. Цыма фыццаг хатт базонгæ стæм. Бакастæн. йæ цæрæн бæстæ, йæ ном, йæ мыггаг, йæ фыды ном... Мæ зæрдæйы цæфтæй мæ риу рысти. Кæд нæ рысти, уæддæр мæм афтæ касти. Ссардта мын мæ адрис... Кæд мæ зæрдæ тыдта, уæддæр фыстæг райхалы- ныл кодтон фæстиат... Фыста стыр урс гæххæттыл, рæ- сугъд æмхуызон рæнхъытæ: «Хатыр бакæн, ме ’пæ- зонгæ, фæлæ мæ удæй фылдæр кæй уарзын, мæ зонд, мæ тых мын йемæ чи ахаста, уыцы рæсугъд æмæ уæз- дан Сæлимæт! Дæ бон у, æмæ мыл ма баууæндай, нæ мæ зоныс, фæлæ æз дæн мæ амæлæты бонмæ дæ уацары. Ныронг уыдтæн сæрибар, цардтæн мæ зæр- дæйы æмбæрц: уарзтон скъола, ахуыр цы чысыл са- биты кæнын, уыдон. Уарзтон зилын кæмтты, уарзтон цуан кæнын, зарын, кафын... Фæлæ мæ æнæ дæу нал тав^нц хуры судзгæ тынтæ. Нал уынын æхсæвыгæтты цъæх арвыл стъалытæ. Стъалытæм-иу куы кастæнг уæд-иу сын цыма се ’взаг æмбæрстон... Ныр нал... 96
Нал мæ хонынц фæндæгтæ, рæгътæ... Цалынмæ ногæй дæу фенон, уæдмæ, нæ зонын, куыд цæрдзынæн. Æр- мæстдæр уынгæ... Мæн нæ уырны, æмæ дæуæн ис хуы- мæтæг зæххон ныййарджытæ...» Кастæн æй æмæ кастæн. Уæд мæнмæ, æхсæрдæс- аздзыд- чызгæ, афтæ каст, цыма цард æрмæстдæр уарзондзинады судзгæ æмæ уæздан тынтæй быд дзык- ку у... Ницы уыдтон æндæр. Уыдис бирæ дзæбæх лæп- путæ — ахуыр кæимæ кодтон, сыхаг лæппутæ, æдда- гæттæ, кæй зæрдæмæ цыдтæн, ахæмтæ. Фæлæ ныр мæхи нал зыдтон. Раст исты агъуды бабырыдаин, цæ- мæй мын мæ миддуне мачи агайа... Фыстæджытæ цыдысты æмæ цыдысты. Цардтæн сæ улæфтæй. Иухатт мæм фыста Таймураз: «Хуыцау- боны фондз сахатыл уыдзыиæн Дзæуджыхъæуы. Æф- сæйнаг хидыхъусыл дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн...» Катайы бацыдтæн: цы тых, цы ныфсæй йыл хъуа- мæ фембæлон? Нæ сыхы чызджытæй æртæимæ уыд- тæн тынг хæлар. Уыдонæй сæ иу уыд мæ фыдыфсымæ- ры чызг. Кæрæдзиуыл уыдыстæм иузæрдион, стæй кæ- рæдзийæ ницы æмбæхстам. Зыдтой мын мæ уавæр. Мæ фыстæджытæ сæм-иу кæсынмæ дæр радтон. Ам- бырд-иу стæм нæ тигъыл, кæнæ та цæхæрадоны, æмæ- иу нæ хабæрттæ фæкодтам. Уыцы хабæртты-иу цы нæ ахорæнтæ уыд, ахæм-иу нал баззад. Ахæм худæг ныл- иу бахæцыд æмæ-иу нæ цæссыг акалди. Мæнæ та ныр дæр бадæм æмбырдæй æмæ хуыцаубопы сагъæс кæ- нæм. Бадзырдтам афтæ: цыппарæй ацæудзыстæм Тай- муразы размæ. Уæд мæнæн мæ рис фæкъаддæр. Иу- нæгæй ницæйы тыххæй ацыдаин. Нæ бауыдаид мæ бон йæ дзыхы ныхас фехъусын, йæ уæззау цæстæнгас бауромын. Цыма йæ разы мæ зæрдæ исты кодтаид... Æрцыди хуыцаубон. Куыддæр райхъал дæн, афтæ фæгæпп кодтон. Нæ бинонтæ нырма хуыссыыц. Рай- стон мæ цъæх тæбын юбкæ æмæ йын йæ ронмæ зи- лын. Хъуамæ мын мæ астæу æнаиппæй æрбалваса. 4 Четырсы 97
Иту та йыл фæстæдæр сæвæрдзынæн. Урс даргъдыс æмæ æхгæдхъуыр зæлдаг кофтæимæ сфидаудзæн. Бæрзонд-зæвæтджын урс гом туфлитæ æмæ тæнæг зынаргъ цъындатæ... Иу дзыкку сбийдзынæн, иу дзыккуимæ мæ ннкуыма федта. Мæ къухы та?.. Мæ къухы та — рæсугъд кæсыны чиныг... Æндæр хъуыды- тæ мæ сæры нæ уыд. Уалынмæ базмæлыдысты иæ бинонтæ. Æз дæр мæ хъуыддæгтæм æргом бавнæлдтон. Æрмæстмæхи хъуыддæгтæм. Кæд, миййаг, мæ мадæн истæмæй ах- хуыс кæнын хъуыд, уæддæр æз мæхи куыстытæ код- тон. Ницы мæм хъардта.' Цытæ архайдтон æнæхъæн бон, хуыцау — мæ зо- нæг, фæлæ кæсын, æмæ хур фæкъул. Ме ’мбал чыз- джытимæ афтæ бадзырдтам, зæгъгæ, махмæ цыппар сахатыл æрæмбырд уыдзыстæм, стæй Таймуразы раз- мæ иумæ ацæудзыстæм. Бадын кæсæны раз. Бæстон фасын мæ дзыккутæ. Сбыдтон сæ. Иннæ дзаумæттæ дæр — скæнынæввонг. Уæдмæ фæзындысты чызджытæ — Дзерассæ, Фатъи- мæт, Нинæ. Мæ уаты дуар нæхиуыл æрбахгæдтам æмæ... — Куыд фынæй кодтай, Сæлимæт?..— фæрсы мæ Нинæ. — Цы йын зонын. Раджы райхъал дæн, уый зо- нын... ■ — Æз уын ныртæккæ цытæ радзурдзынæн, уымæ- ма байхъусут,— загъта мæ фыдыфсымæры чызг Фа- тъимæт.— Абон райсомæй донмæ рацæйцыдтæн. Кæ- сын æмæ Сæлимæтты рæзты рудзгуытæм фæкæс- фæкæсгæнгæ Костя велосипедыл фæтæхы. Æз йæ фæстæ цæуын. Тигъæй фæстæмæ разылд æмæ мæ комкоммæ фæци. Æргæпп кодта, мæ къух мын райста æмæ мæ афарста: «Дæ хорзæхæй, Фатъимæт, Сæли- мæт уынгты дæр нал цæуы?.. Сæ рудзынг ныххойын- мæ мæ бирæ куынæуал фæхъæуы! Фæлæ йын йæ ма- 98
дæн æрмæст йæ цэестæнгасæй дæр тæрсгæ кæнын...» «,Куыннæ, бæгуы вæййы уынджы... Æмæ дын уый та кæй велосипед у?» «Мæнæ Туатæм иу уазæг лæппу ис æмæ уый». Ныр, зæгъын, амæн бакой кæн, уыцы уазæг лæппу дæр дæ ничзæй хъæрзы æмæ афтæ ра- джы уымæн æрбалæууыд Це хæстæджытæм, зæгъгæ... Сæлимæт, ды уыцы лæппутЦ тæригъæдæй фыдамонд кæндзынæ. Æмæ лæппутæ дæр лæппуты хуызæн сты! I Костяйæн йæ иу фезмæлд дæр у дæс лæппуйы аргъ. ! Науæд Барис! I — Цæй, ’цыма уæхæдæг къаддæр тæригъæдджын- | тæ стут! Мæ тæригъæд та чи бафиддзæн уæд?.. Æмæ- Ьчьа, цыма Барисы тынг уарзтон, афтæ мæм каст раз- ^дæр, фæлæ ныр...— мæ дзаумæттæ кодтон, афтæмæй • чызджытæн мæ зæрдæйы уаг хæлдтон. Мæ мадæн загътон, скъолайы библиотекæмæ «цæ- уæм, тагъд фездæхдзыстæм, зæгъгæ. Æмæ ацыды- стæм. Бадзырдтам: дардæй уал кæсдзыстæм фæсæф- цæггагмæ, стæй ’йæм æз хæстæг бацæудзынæн, чызджытæ мæм фенхъæлмæ кæсдзысты... Бахæццæ стæм хидмæ. Рæстæг амоны дæс мину- ты хъуаг фопдз. Ничима. Дардæй нæ цæст дарæм. Чызджыты мæнæй тынгдæр фæндыд Таймуразы фе- нын. Фæлæ нæй. Цомут, зæгъын, хидæн йæ фаллаг фарсмæ, кæд уым лæууы. Æз мæхи фæаууон кæндзы- нæн, æмæ уал йæ рæзты ацæудзыстæм... Ацыдыстæм. Нæй, ницы уым дæр. Æрæнкъард стæм. Фынддæс минуты фæтезгъо кодтам хидыл. Ни- чи. Рацыдыстæм хъынцъымгæнгæ нæхимæ. Цæуыл хъуыды кодтаин, уыи нæ зыдтон, æрмæст мæхимæ мæсты кодтон, цæмæн рацыдыстæм, зæгъгæ... Дыууæ боны фæстæ райстон фыстæг Таймуразæй. Райдыдта афтæ: «Дæ бон хорз, хъал Сæлимæт! Æз æй зыдтон, ды дæ сæрмæ мæнимæ фембæлын кæй не ’рхæсдзынæ, уый. Гъе, фæлæ мæ мæ судзгæ уарзон- дзинад æфцæгыл нæ, фæлæ мæрдтæм дæр хæсдзæн. 99
Хуыцаубоны нæхицæй, Едысæй, ^æ бæхыл рараст дæн боныцъæхтыл. Æфщæгæй æр^ызтæн æмæ æрцыд- тæн Цоцолты хъæумæ. Бæхæн/иучысыл йæ фæллад суагътон æмæ асæпп кодтон ^(ъасарайыл. Ногхъæуы мæ хæлармæ мæ бæхы ныууагътон, аивтон мæ дарæс æмæ Къобмæ æрбафардæгДæн. Уыдис фæсæмбисбон. Машинæйыл нæ хæст ко^тон. Мæ рæстæгæй дзæвгар бахардз. Машинæ къух^ куы бафтыд, уæд уыдис æр’- тæ сахатмæ æввахс. Æрхæццæ дæн Дзæуджыхъæумæ фондз сахатыл. Тæхæгау кодтон хидыхъусмæ, фæлæ дзæгъæлы. Мæ фæд-фæд фæстæмæ ацыдтæн уыцы изæр...» * * * Цыдысты фыстæджытæ дыууæрдæм, цыдысты мæйтæ. Мæ ахуыры азтæй а,цы аз уыд фæстаг. Код- тон курсон куыст æмæ-иу нæхимæ æрмæстдæр æхсæ- виуат кæнынмæ сæфтыдтæн. Сæрды та — паддзаха- дон фæлварæнтæ, Хъуыдис бирæ рæстæг æмæ бирæ тых. Уыцы тых мын лæвæрдтой Таймуразы фыстæ- джытæ, æз æууæндыдтæн йæ уарзондзинадыл. Зымæг мын ацы аз лидзæгау акодта, нæ йæ фед- тон. Зымæгон-иу мит урс тъыфылтæй куы уарыд, кæ- нæ та-иу къæхты бын хъыс-хъыс куы кодта, æхсæв та — мæйрухс, афтæмæй-иу искуыцæй куы æрбацыд- тæн, уæд-иу мæ мад бафиппайдта: «Дæ уарзон зы- мæг та æрцыд». Фæлæ ацы аз мæ сæры магъз ныт- тымбыл, æмæ зымæг мæ иувæрсты азылд. Уæдæ мæ уалдзæг дæр нæ батавта — мæт, сагъæс. Июнь — паддзахадон фæлварæнтæ. Бæрæггæнæн- ты чиныджы иу иннæйы фæдыл æфтыдысты фондзтæ. Æрхæццæ каст фæуыны изæр дæр. 1 * * * Иу-цалдæр боны фæстæ Таймуразæй уыд фыстæг: «Хуыцаубопы æфцæгыл ахиздзынæн æмæ изæры уы- 100
дзынæн Дзæуджыхъæуы. Хъуамæ дæ ацы хатт æнæ- мæнг фенон æмæ\дын дæ къух райсон, каст кæй фæ- дæ, уый тыххæй... Йзæры авд сахатыл сабыргай тез- гъо кæндзынæн Горьщшы уынгæй бульвары уæллаг тигъы онг. Кæд нæ уæн^ай, уæд-иу æмбалимæ рэцу...» Мæ зæрдæ та æрбам’^ылд, æнахуыр æнкъарæнтæ дзы февзæрд. Иуныхасæй\ ме ’нцойдзинад та фе- хæлд... Изæры чызджытæн оамбарын кодтон, хуыцау- бонмæ срæвдз кæнут уæхи, зæ^ъгæ. Ацы хуыцаубон пæхи ноджы тынгдæр сарæзтам, саив кодтам. Фыццаг фембæлды хабар мæ мадæн уыйфæстæ схъæр кодтон. Фæхудтис, æдылытæ, зæгъ- гæ. Ацы хатт ын æй раздæр загътон. Мæ фыстæджы- тæ йын се ’ппæт дæр кастæн, стæй мæм мæ мадæй ницы сусæгдзипæдтæ уыд. Æмæ абои уыцы разæпгар- дæй нæ цыппар дæр куы араст стæм, уæд мæ мад уыцы хинæйдзагхуызæп йæ мидбылты худт. Бирæ та нал хъуыди уыцы диссаджы рæстæгмæ. Ныххæццæ стæм. Кæсæм, хъахъхъæнæм. Ныххæццæ вæййæм иу тигъмæ, разилæм æмæ та — фæстæмæ... Нæй! Æз та нæ уарзтоп стыр уынджы тезгъо кæныи. Иу хатт ацæуын ма ннцы кæны, фæлæ... Иу сахаты бæрц фæрацу-бацу кодтам. Никуы æмæ ншцы. — Æвæццæгæн, сымах кæрæдзийы бакастæй нал хъуыды кæнут,— мæсты кæнын байдыдта Фатъимæт. —’ Чи зоны. Фæлæ мæ пæ уырны,— цыма тынг ах- хосджын уыдтæн, уыйау дзырдтон. — Уæдæ та афтæмæй ацæуæм? Тынг мæ фæнды йæ фенын,— дзуры Дзерассæ. — Иу зылд дæр нал. Цомут нæхимæ,— дзурып æз. Нæхирдæм араст стæм æнкъардæп. Ничи нæ ницы дзуры. Фæцæуæм нæ уынгты. Кæсын æмæ нæ уæллаг тигъыл иу бæрзонд лæппу лæууы. ■— Уынут? — дзурып ме ’мбæлттæм. — Цы уынæм? — бустæйæ афарста Фатъимæт. — Уæллаг тигъыл... 101
— Æцæг, æцæг, уый хуызæн у,—/Загъта Дзерассæ. — Цыма цæрæнбонты йемæ ^æцардтæ. Уынгæ- дæр æй куы никуы фæкодтай, у&д æй цæмæй зо- ныс? — афарста Фатъимæт. /} — Сæлимæтæн æй йæхицдеи хуыздæр базондзы- нæн. / — Уæдæ-ма йæм хæстарг бацу. «Дæ изæр хорзг Таймураз», ын зæгъ,— дзур’ы Фатъимæт. — Бацæудзынæн,— сразы Дзерассæ. Æз базыдтон Таймуразы, æмæ мæ зыр-зыр нал æн- цад. Дзерассæ махæй фæхицæн æмæ лæппумæ фæцæ- уы. Мах нæ дуармæ даргъ бандоныл æрбадтыстæм æмæ кæсæм. «Ме ’мгæртты цæсты кæн нæ бафтыд- тæн»,— хъуыды кæнын хинымæр. Иннæмæй та тынг тарстæн, куы йæ фенон æмæ йæ цыхуызæнæй бахъуы- ды кодтон, ахæм куынæуал разына. Кæсæм æмæ Дзерассæ уыцы лæппуимæ æрцæуы. Æрбахæстæг сты. — Мæнæ уæм уазæджы æрхуыдтон,— загъта Дзе- рассæ. — Уæ изæр хорз,— нæ къухтæ нын исы Тайму- раз.— Куыд нæ фембæлдыстæм, уый диссаг у. Æнæ- хъæн сахат фæдыууæрдæм кодтон. Раст зæгъгæйæ, дыууæйæ фылдæрмæ нæ кастæн æнхъæлмæ. — Æмæ мах цыппарæй иунæг дæу куы нæ фед- там? —■ бахудт Фатъимæт. — Хорз æмæ мæ мæ къæхтæ ацы уынгмæ æрба- хастой. Нæ сæмбæлдыстæм, зæгъгæ, уæд мыл нал чбаууæндыдаиккат,— æфсæрмдзастæй ныхæстæ кодта "Танмураз. Кулдуары хъæр фæцыд: — Афон нæу хæдзармæ? — айхъуыстам æнайы хъæлæс. — Цæмæй нын тæрсыс, цал стæм, уымæ нæ кæ- сыс? — дзуапп радтон мæ мадæн. — Хорз, фæлæ дæ дæ фыд фæрсы... — Ныртæккæ, ныртæккæ... 102
— Сæрибардзинад цы диссаг у! Ныр нæ бар нæхи куы уаид, уæд ардыгæй боныцъæхтæм цас дзæбæх ны- хæстæ фæкæниккам?.. Стæй, æфцæгыл цы уазæг æр- хызт, уый мидæмæ бакæнын дæ бон ма уæд. Йæ ра- зы йын тæвд цайы агуывзæ уæддæр ма æрæвæр... Мæ- нæн мæ зæрдæмæ адыгсйаг æгъдау цæуы: лæппуйы зæрдæмæ чызг куы фæцæуы, уæд лæппуйы бон у ба- цæуын чызджы уатмæ æмæ бадын, ныхæстæ кæнын. Фылдæр хатт лæппутæ бабирæ вæййынц. Ахæм рæс- тæг сæ худтæ чызджы уаты ныууадзынц æмæ сæхæ- дæг рацæуынц. Чызгæн сæ кæд йæ зæрдæмæ исчи фæцæуы, уæд ын йæ худ йæ уаты ныууадзы. Иннæты худтæ радыгай рудзынгæй раппары. Худы хабар мæ зæрдæмæ нæ цæуы — æгæр æргом æмæ æгады хъуыд- ч да’г у.\. Махмæ та кæрæдзийæн фенæн ис æрмæст хъазты, кæнæ та цæугæ-цæуын уынджы. Цалынмæ бæлвырд фарста сæвзæра, уæдмæ хæдзармæ бацæуын не ’мбæлы. Мæнæ Таймураз. Сæумæцъæхæй нырмæ фæндагыл, æмбойпы фæсæфцæгæй æрхæццæ æмæ йæ бон Сæлимæты цæстытæ рухсмæ фенын нæу...— нал æнцад Дзерассæ. — Мæнмæ гæсгæ та, адæймаг адæймаджы тагъд куы базона, уæд уыйбæрц диссаг нал вæййы. Уæлдай- дæр исты хъæндзинад бафиппайгæйæ. Адæймаджы хъуамæ базонай гуыргъахъхъ фæндæгтыл...— дзырдта Фатъимæт. — Гъеуыцы ныхæстыл æз разы дæн,— цыбырæй загъта Таймураз. — Мæн та адæймаджы кæронмæ зонын дæр’ нæ фæфæнды, цыма афтæмæй царды нысан фидардæр вæййы,— æппынæрæджиау загътон æз. — О, æнæмæнг,— сразы мемæ Таймураз.*— Уæдæ мын хатыр бакæнут, фæлæ æз Сæлимæтæн йæ къух райсынмæ æрцыдтæн. Каст фæдæ. Æнтыстдзипад амонды нысан у, дарддæр дæр ахæм амонды фæпдæгтыл цу! Афтæмæй, хæрзæхсæв! Цæуын мæ 103
хъæуы, сабитæ мæм райсом æнхъæлмæ кæсдзысты,— зæрдиагæй загъта Таймураз. Чызджыты къухтæ дæр райста æмæ ацыд. Йæ къухы хъарм æгасæй дæр ме уæнгты ахъард- та. Лæууыдыстæм æмæ кастыстæм йæ фæстæ. — Акæсут-ма, акæсут, йæ цыдмæ, цыма зæххыл дæр не ’ндзæвы... Цы уæнгты конд ын ис. Диссаджы гуырд!..— дзырдта Дзерассæ.— Ехх, цæй амондджын дæ, ’Сæлимæт! — арф ныуулæфыд.—Ды та цы зæгъыс, Фатъимæт? — Бакастæй, кæй зонæм, уыцы лæппуты се ’ппæ- ты дæр æмбулы,— загъта Фатъимæт Таймуразы фæс- тæ кæсгæйæ. Апырх стæм нæ хæдзæрттæм. «Схæццæ дæн нæхимæ .афоныл. Æхсæвы уыдтæн фæндагыл. Сæумæцъæхтыл ахызтæп æфцæгыл. Æрдзы рæсугъддзинад æмæ мæ хъуыдытæ сиу сты. Æмбисон- дæн хæссинаг æмбæлттæ стут. Уæ иуæй уе ’ннæ рæ- сугъддæр. Уæдæ куыд æнувыд стут кæрæдзиуыл! Расг аргъæутты чызджытæ... Æз уыцы бон, уыцы æхсæв мæ цард-цæрæнбонты дæр никуы ферох кæндзынæн. Ныр та уал уæ мысдзынæн. Зæрднаг саламтæ Фатъи- мæт, Дзерассæ æмæ Нинæйæи! Сæлимæт, ды, æвæц- цæгæн, райгуырдтæ кæнæ мæ диссаджы удхарæн, кæ~ нæ та мæ диссаджы амондæн. Мæ амæлæты бонмæ дæ номимæ цæрдзынæн. Æнхъæлмæ кæсдзынæн иунæг дзырдмæ... Мæ царды æмбис раттин, дæ дзæбæх ный- йарæгæн йе ’рфгуыты тызмæгдзинад райхалынæн куы бабæззин, уæд... Мæнæн нæй мад æмæ мæ фæнды, ис- куы мæм фæлмæн цæстæнгасæй куы ракæсид... Цæй хорз у цæрын, цæй хорз! Æрмæст лæуу цырд, зон æв- зарын алцы, у хъæддых æмæ хъæбатыр... Хатыр дæ курын, Сæлимæт! Æгæр адард дæн. Хæрзбон, хуры тын.тæй нывæст амондджын чызг!..» Ныллæууыдтæп куысты, проекттæаразæг бюройы. Мæ алы бон дæр уыд æвзонг царды æвæрæнтæй дзаг. 104
Чи мыл дзырдта, уыцы фæсивæд бабирæ сты. Куыд нæ уыдаид се ’хсæн зæрдæмæдзæугæ, аккаг лæппутæ; Фæлæ зæрдæ домдта æрмæст иуы — Таймуразы. Уый та нæ уыд мæ разы. Барис дæр каст фæцис. Куыста нæхи горæты. Рохуаты мæ иунæг бон дæр нæ уагъта: агуырдта дзуапп йæ бирæ азты уарзондзинадæн, уд- хар’æн мардта йæхи дæр æмæ мæн дæр. Фæстагмæ- барвæндонæй æфсадмæ ацыд. Иуахæмы мæ фыд тынг зæрдиагæй суазæг кодта ну дзæбæх лæппуйы минæвæртты. Лæппуйæн уыдис бирæ хотæ, нæхимæ нæм-иу арæх цыдысты — тынг хæ- ларзæрдæ æмæ цингæнаг. Уымæп мын мæ фыды зæр- дæ балхæдтой. Æмæ мын загъта: «Æз дын цард рад- тон, æз дæ æрвитын зындонмæ дæр. Кæд фæрæдийай, уæд æз — мæнæ!..» Лæппу уыди чызгау рæсугъд æмæ фæлмæнзæрдæ. Буц æмæ рæвдыд — йæ хотæй. Ахæм бои нæ уыд, æмæ-иу йæ хотæ мæ размæ кæд нæ лæууыдысты куыс- тæй рацæугæйæ. Æз сæ тынг æфсæрмы кодтон, фæлæ’ мæ зæрдæ фæрскæй лæууыд. . Фæстагмæ лæппу фæрынчып æмæ иу афæдзыбæрц фæцух йæ дзæбæх æнцад цардæн, йæ ахсджиаг куыс- тæй. Мæ фыд мæм бынтон схæрам. Бонæй-бон зындæр мын уыд мæ уавæрты цæрын. Нæ хæдзары цыма æцæ- гæлоп уазæг уыдтæн, афтæ æнкъардтои мæхи. Фæлæ мæ уавæр Таймуразæн нæ хъæр кодтон, мæ сæрмæ йæ нæ хастон. Уый та йæ хъуыдытæ нæ дзырда, æмæ йæ цы хъыгдардта, уый не ’мбæрстон... Иухатт чызджытимæ уыдыстæм театры. Фатъимæт дзы кæйдæр ауыдта æмæ йæ дисæн кæрон нал уыд: «Уый Сандыры фырт у! Кæмдæр ахуыр кæны... Цы- хуызæн лæппу сси!..» Фап 1мæты ныхæстæм мæ хъус не ’рдардтон, уæл- дайдæр уыцы изæр мæ хъуыдытæ æгасæй дæр уы- дысты сценæйыл баст. Мæ зæрдæ йæ бынаты нæ уыд Къостакы ролы Таутиаты Солæманы хъазтмæ кæс- 105
тæйæ. Фæцис спектакль, рацыдыстæм æмæ сбадты- стæм трамвайы. Фатъимæт та мын мæ хъусы дзуры: «Бакæс-ма йæм аивæй Сандыры лæппумæ! Дæумæ сæ каст скодтой æнæхъæн бинонтæй дæр». Æз æм æцæг бакастæн. Цæсты ахадыдта, фидыд- та адæмы астæу: бæрзонд, урсцъар æмæ саухил. Къæ- бæлдзыг бæзджын сæрыхъуынтæ йын. Худæнбылæй мæм каст, цыма’мæ рагоп зонгæ уыд... Гъеуыцы лæппу — Валодя йæ хуыдтой — разынд æппæт дзæбæх лæппутæй къæйныхдæр, тыхджындæр. Цыбыр рæстæгмæ мын мæ уд мæ хъуырмæ скодта. Æнæрынцопæ мæм æрвыста минæвæрттæ, йæхæдæг цыд. Мæ хъару йемæ тох кæнынæй ихсийын куы бай- дыдта, уæд, уыцы рæстæджы, æрцыд ахæм хабар... Иухатт куысты фæстæ нæхимæ фæцæйцыдтæн. Кæсын æмæ та мæнæ Валодя мæ размæ фæци: фæ- лурс, йæ хъуырыл тинтычъи басылыхъхъ тыхт, сау палтойы. — Дæ фæндаг раст, хъал Сæлимæт! — æнкъардæй мæм дзуры. «Хъал уæд уаин„ æмæ алцæмæй дæр сæрибар куы уаин»,— хъуыды кæнын мæхинымæр.— Уæгъд, уæрæх куы уаиккой мæ фæндæгтæ. Мæ алы хъуыддаг дæр æрмæст мæхицæй аразгæ куы уаид. Адæймаджы хъыг, зæрдæниз мæм куы нæ хъарид. Тæригъæд куы нæ зо- нин, фæлæ царды тызмæг æгъдæуттæ куыд амонынц, афтæ сæ æххæст кæпын куы фæразин...» Валодя къухмæрзæнæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ мæм дзуры: — Дæ хорзæхæй, Сæлимæт, фæлæуу-ма иучысыл, æз дæм рынчынæй фæдисы фæуадтæн. Абон мыл дис- саджы хабар æрцыд... — Дзур, дзур, хъусын дæм,— фембæрстон, йæ уа- гыл кæй нæу, уый, æмæ йæм фæлæууыдтæн. — Æрбацæуын нæхимæ хæстæг уынджы. Рацыд- тæн цыдæр хъуыддæгты |фæдыл. Тыпгдæр мæ фæпдыд 106
дæуыл фембæлын, фæлæ ме уæнгтæ уыдысты лæ- мæгъ. Æвæццæгæн, æгæр раджы мæхиуыл фервæс- сыдтæн, æмæ æнкъард хъуыдытимæ æрбацæйздæх- тæн нæ хæдзармæ. Цæуын, æмæ мæм цыма фæстейы мæ номæй исчи сдзырдта. Фæзылдтæн æмæ кæсын: æрбацæуынц лæппутæ, фæлæ сæ цыма никæйы зонын. Фæлæууыдтæн æмæ сæм банхъæлмæ кастæн. Цыма сæ кæйдæрты кæмдæр федтон. Уыдысты фондз дзæ- бæх лæппуйы. — Гъæйтт, Валодя, махæй кæдæм лидзыс? Иунæ- гæй дын æнкъард нæу? — дзуры мæм сæ иу. Исынц мын радыгай мæ къух. Фефсæрмы дæн, уæдæ цы, номæй сæ кæй никæй зонын, уый тыххæй. — Æнкъард нæ, фæлæ ма цыдæр рынчынгонд дæр- дæн. — Æпæг,' фæлурс дæ. Цом-ма уæдæ уæртæ уыцы пъадвалмæ бакæсæм, кæд дзы нæ алкæмæн дæр исты хостæ разынид. — Иучысыл хъæбæрæй схуыпп кæн æмæ дын, чи зоны, æвдадзы хос фæуа,— бафтыдта ма йæм иннæ. — Бузныг, стыр бузныг уæ уæздандзинадæй, фæ- лæ мын ныххатыр кæнут, æмбалæн уын нæ бæззын. Ризæгæй сæйын,— дзурын сæм. — Нæй, уымæн гæнæн нæй,— цалдæрæй иумæ сдзырдтой æмæ мын дыууæйæ мæ къабæзтыл æрхæ- цыдысты. Уыдон — бирæ, æз — иунæг. Хонынц мæ. Мæ цæсгом нал бахъæцыд нагъ зæгъын æмæ æнæба- ры араст дæн семæ. Хæстæг уыд уыцы пъадвал, æмæ йæм ныццыдыстæм. Кæсын æмæ чысыл стъолты бахъæ- быстæ кодтой, афтæмæй зæрдиаг бадт кæнынц адæм. Сæ фылдæр — нæлгоймæгтæ. Мах дæр талынггомау къуыммæ нæхи байстам, бандæттæ инпæ рæттæй æр- бахастам æмæ æхсæзæй иу стъолы алыварс æрбадты- стæм. Уайтагъд фæзындысты алыхуызон нозты æвгтæ, агуывзæтæ. Фынг сфидыдта ногтынд халсартæй, фи- 107
зонæгæй, пух дзулы кæрстытæй... Бадын... Сæр зилы, ме уæнгтæ уазал кæнынц, фæлæ бадын... Нырма уал æнæпайда ныхæстæ кæнæм. Кæсын, æмæ мæнæ, лæг нæ, фæлæ къæдзæх æрбацæуы махырдæм, барджын къахдзæфтæгæнгæйæ. Раст цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Ай нæхи зæхх нæу æви цы?» Мæ зæрдæ ба- рухс, мæ мидбылты бахудтæн æмæ йын рагацау сыс- тадтæн. Ме ’мбæлттæ сæ фыццаг гаджидауы бæриы бацыдысты æмæ уыдысты цыдæр æнæвдæлонхуыз. Мæн сыстгæ куы федтой, уæд уыдон дæр фæкастысты æмæ се ’ппæт дæр хъæлдзæгæй сдзырдтой: «Мæнæ кæй уынæм! Гъеуый дын лæг!..» Æрбахæстæг, æргом йæ мидбылты худы, цыма йæ сыгъдæг урс дæндæгтæ зæгъынмæ хъавынц: «Æрба- кæсут нæм». Саулагъз цæсгом, цъæх хъоппæг цæсты- тæ фæйнæрдæм кæсынц, дыууæ сау æрфыджы — дыу- уæ фатау. Йæ худы бынæй æрттивынц сау сæрыхъуын- тæ... Лæг нæ, фæлæ Уастырджи. Æмæ йæ ном та, йæ ном, Сæлимæт! Дæ номмæ хæстæг лæууы — Сæлман. — Æтт, хæххон дзæбидыртæ, ам <цы агурут, ам? Хъæдмæ, хъæдмæ, хæхты цъуппытæм!..— хъазгæйæ исы нæ къухтæ. — Кæд мах дзæбидыртæ стæм, уæд ды та сагсур, æмæ уæлхохмæ æвæстиатæй! — фæцæрдæг æм лæп- лутæй иу. Мæ къух мын зæрдиагæй æрæлхъывта æмæ мæ афарста: «Нал дæ æрцахста дæ «сусæг лымæн»? > — Цыма та мæм бахъав-бахъав кæны, фæлæ кæд иæнæ ацы фæрнджын фæсивæды руаджы адзæбæх уаин. Лæппутæ куыддæр фæсыпп сты. Кæрæдзимæ ба- кастысты, цыма сæ зæрдæмæ цыдæр нæ фæцыд, уый- хуызæн. Сæ иу фæрæвдз æмæ афтæ: «Мæнæ аиы авджы æвдадзы хос ис, æмæ ма уал фыццаг уый бавзарæм!..» Уыцы ныхæстæгæнгæйæ дзаг агуывзæты цы нозт æн- 103
хъæлмæ каст, уыдон радыгай фæстæмæ иннæ авджы уадзы. Рауагътой. Сæлманы бар бакодтам хистæры фы- дæбон, æмæ уый загъта гаджидау. Банызтам. Æз. æнæнхъæлæджы ферхæцыдтæн. Худæджы бын мæ фæ- кодтой. Афтæ мæм фæкаст, цыма сæ иуæй-иутæ æл- хыскъ худтæй худтысты. Сæлман мæ, æвæццæгæн, фембæрста æмæ дзуры: — Иæ асмæ йын ма кæсут, йæ лæджы кармæ фыц- цаг къахдзæфтæ кæнынмæ нырма гъеныр бавнæлд- та. — Ус чи фæкуры, уый цыфæнды уавæры дæр хъуа- мæ лæг уа,— загъта æмбæлттæй иу, цыма йæ маст нылхъывта, раст ахæм хуызы. — Ус курынæн карз уарзондзинадæй фылдæр нæ* хъæуы. Уарзондзинад та дыууадæсаздзыдмæ дæр фæ- зыны — фæрсгæ нæ кæны,— дзуапп та радта мæ бæс- ты ’Сæлман. Æз ныфсæрмы дæн, дисы бацыдтæн, адон кæцæй зонынц мæ хабæрттæ, зæгъгæ. Фæбадтыстæм, фæныхæстæ кодтам, фæлæ æм- бæлттæм, куы мæ æрурæдтой, уæд сæм цы зæрдæйы хатт уыдис, уый нал рахатыдтон — цин мыл нал код- той. Дисы бацыдтæн: чи сты, цæмæй мæ зонынц... Рацыдыстæм. Уыдон къордæп баивгъуыдтой стыр уынджырдæм, Сæлманы дæр семæ акодтой. — Валодя, æнæмæнг атсзгъо кæпиккам иумæ, фæлæ дæ хуыз мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Мийнаг дæ фæндагыл куы ’рцахса дæ ризæг,—загъта ма мып Сæлман. Хатыр сæ ракуырдтои, раарфæ сын кодтон, мæхæдæг ратырныдтон хæдзармæ. Тъахтиныл мæхи æруагътон æмæ хъуыдыты ацыд- тæн. Мæ зæрдæ мæм цыдæр дзырдта, фæлæ пæ мæ сæр нæ ахста. Рацыд чысыл рæстæг, æмæ дын мæнæ Сæлман мæ разы алæууыд. Нæ бадис кодтон йс ’рба- цыдыл, уымæн æмæ кæрæдзимæ арæх цыдыстæм. Нæ 109
хæдзæрттæн иумæйаг къул ис. Стæй цардыстæм, хорз хæлар сыхæгтæ куыд фæцæрынц, афтæ. — Зæрæдтæ кæм сты? — афарста мæ, йа^хæдæг .алырдæмыты акаст. — Ам сæ никæйы æрбаййæфтон, иунæг стæм, кæд мын исты зæгъинаг дæ, уæд... — Гъæтт, мæ хæсгæ мæрдтæ! Куыд никæйы сæ амардтон, куыд баурæдтон мæхи, куыд бакастæн сæ коммæ! — ныффæлурс, нæ дæндæгтæ къæс-къæс кæ- нынц, афтæмæй дзуры Сæлман. — Цы хабар у, цы ’рцыди? —фæрсын æй. — Кæд дæ пъадвалмæ ныккодтой марынмæ! Нæ ’бахæццæ дæн, зæгъгæ,— банызтаис марг. Дæ агуыв- зæйы уыд конд. Федтай, куыд баивтой нозт? Æз цавддур фестадтæн. Мæ бон дзурын ницыуал уыд. Хъуыды кæнынмæ дæр нал арæхстæн. —« Дæ разы цъæх костюм кæуыл уыд, йæ бецыкк йæ цæстытыл æрхау-æрхау кæмæн кодта, уый ныр цалдæр азы Сæлимæты уарзы. Дæ разæй сæм æрвит- гæ дæр бакодта. Сæлимæты фыд ын зæрдæ бавæрд- та... Æмæ æрра кæны... Бадодой сæм кодтон: «Куыд- дæр (Валодяйыл исты æрцæуа, афтæ, чифæнды куы уа, уæддæр æп сымахæй агурдзынæн». Сырды мыг- гæгтæ!.. Раппæлæгау мыи æй кодтой, куы бакъупрнтæ сты, уæд... — Сæлимæт, куыд сыл баууæндыдтæн, куыд? Дис кодтон, куы никæйы сæ зонын, уæд мæм афтæ зæр- диагæй цæмæн æрхатыдысты,— хъуыдыты аныгъуыл- гæйæ ныхæстæ кодта Валодя... Мæхи бон дæр сдзурын нал уыд. Мæ зæрдæ сæн- къуысыд. Æпиу дæр Валодя тæфсæгæй арæх рынчын- тæ кодта æмæ-иу цыдæр æнахуыр фæлурс уыд. Тæ- ригъæд-иу ын кодтон. Ныр дæр ын тынг фæтæригъæд кодтон. Уыцы æвирхъау хъуыддаг, йæ ныййарджытæн иунæг чи у, уымæн — марг! ...Уыцы изæр ын загътон «о»... 110
Йæ фыдыфсымæры цот уыдысты æгъдауджын адæм æмæ уыдон арæхсгæ арæзтой хъуыддаг... Æрыз- гъордта ахæм бон, æмæ нæм æрбацыдысты фидауæг. Уыдис хур бон, фæлæ мæн не ’ндæвта. Рудзынджы фæрссæгтæ æрбахгæдтон, уаты дуары • къæпсырыл æрхæцыдтæн æмæ пъолыл дæлгоммæ ныххуыссыдтæн. Мæ хъуыдыты, мæ сæнтты уыдтæн Таймуразимæ. Цы- ма мæ хæс ахицæн кодтон, мæ миддунейыл та мæхи бар цæуы. Мæ зæрдæмæ мын ничи ницы бар дары. Ме ’нæхъæн æрттивгæ цард мæхи къухæй æнæбары куыд æрсастон... «Хъæуы! Афон у!..»—хъустыл уай- ынц ныхæстæ. Нæ хæдзары мын цæрæнбынат нал ис — мæ фыд мын сызнаг. О, уæд та исчи куы фæзы- нид — иу хæстæг, иу хион! >Куы мæ ахонид сæхимæ хуымæтæг цард кæнынмæ... »Куы никæйы хъыгдарын, уæд мæ цæуылнæ уадзынц мæ уагыл?.. Кæдæм цæ- уын?.. Кæдæм хæссып иæ судзгæ зæрдæ, мæ сыгъдæг уд?.. Зындонмæ цæуæгау мын куы у, зындонмæ... Кæм ис, кæм, ныронг Таймураз?.. Цымæ йæм мæ зæрдæйы рис нйкуыцæй хæццæ кæны?.. Æвæццæгæн, сæрибар нæу... Фыссын æмдзæвгæтæ фыццаг хатт. Фыссыи, фыс- сын... Цъар пъары фæдыл цæстысыгæй æфсæст ны- хæстæй дзаг кæнын... Нæ сыстадтæн изæрмæ. Дыу- уиссæдз цыппаррæнхъопыл мæ зæрдæйы уæз æруагъ- тон... Фидауджыты хъæлдзæг ныхас мæм æрбапхъуыст. Мæ дуар мын æрбахостæуыд. Бакодтон æп. Уып уыд нæ сыхаг — къæсхуыртæарæзт лæг, сыгъдæгзæрдæ æмæ цинтæгæпаг. Уыдис фидауæг. Зæрдиагæй мын исы мæ къух, арфæтæ кæны, фæлæ мын мæнæ фæ- комкоммæ мæ дондыппыр цæстытæм. Æваст фепкъард æмæ мын афтæ зæгъы: «Мæ чызг, кæд дын фæндон хъуыддаг нæу, уæд мæнæн мæ бон у йæ фехалын. Зæгъ, зæгъ, цæмæн афтæ æнкъард дæ?» Æз ын ницы дзуапп радтон. Цы зæгъын ма уыд мæ боп? 111
Рацыд æртæ боны. Райсом — хуыцаубон. Мæ чын- .дзæхсæвы бон. Хуымæтæг бонты хуызæй мæ рæстæг æрвитын, уæлдай змæлд, уæлдай æвнæлд ницæмæ кæнын. «Цы уа, уый уæд»,— скарстон хинымæр. Мæнæ нæм æрбацыд Фатъимæт. Фæхибар стæм. ,Дæтты мæм гæххæтты ,сыф дыдагъæй. Райхæлдтоп æй. Таймуразы къухфыст: «Æнхъæлмæ дæм кæсын». .Æрбадтæн. Мæ цæстысыгтæ æрызгъæлдысты, сыгътой .мын мæ уадултæ, мæ зæрдæ, мæ тыхст уд... — Иумæ ацæудзыстæм?—’дзурын Фатъимæтмæ. — Хорз. Скодтон мæ дарæс. Хæдзары, цыдæр æлхæнынмæ дæуæм, зæгъгæ, загътам æмæ ацыдыстæм. Цы диссаджы æнкъард уыд Таймураз! Йæ цæсты- -тæ уæлæмæ дæр нæ иста. Æмбæрстгонд ын уыд хъуыддаг, æвæццæгæн, æм исчи фæхабар кодта. — Æз æй зыдтон, ды мæнмæ дæ сæр кæй не ’рхæсдзынæ,— æрæджиау саст хъæлæсæй сдзырдта ’Таймураз. — Уый мидæг нæй хъуыддаг,— радтон ын дзуапп. — Уæдæ дæ тæккæ ахсæв хæссын,— æрбакасти комкоммæ мæ цæстытæм, стæй æваст йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ æрбахæстæг сты, <цыма быцæу фесты, уый- ау, æмæ йæ ныхæстæ тыххæй ласæгау загъта: — Æртæ мыггаджы, æртæ мыггаджы кæрæдзиуыл куыд сардауон, куыд? Цы кæнон? Цы æрхъуыды чын- дæуа?.. — Мæ хъысмæт у ахæм. Нал дзы раздæхдзынæн,— .аскъуыдтон ын йæ хъуыдыты хал. — Сæлимæт, цæмæн бакодтай афтæ, цæмæн?.. •Сразы у, æрæджы нæма у!.. — Мæ щарды фадæттæ хуыздæр ’пицы амыдтой. Æрæджы у. 1— Уæдæ ацу. Æз уæддæр мæ амæлæты бонмæ кувдзынæн дæ амондмæ, кæмфæнды у... Кувдзынæн мæ уарзондзипадмæ... Уыдзынæн амондджын, искæд, 112
цавæрфæнды кары дæр мæ фарсмæ куы ’рцæуай æм- балæн... Хуыцаубон. Райсомæй раджы хуийæгмæ ацыдтæн. Бадтæн æмæ мæ цæстысыгæй мæхи æхсадтон. Мемæ хуийæг дæр куыдта. Зыдтон æй, чындзхæсджытæ афонмæ нæхимæ кæй сты. Зыдтон, мæ митæ сын мас- •ты хос кæй сты, уый дæр. Фæлæ бадтæн æмæ хъуыды кодтон: «Кæдæм фæлидзон?.. Стæй куыд? Адæмы æфс’арм? Мæ мады æмæ мæ фыды ’цæсгом?» Цыд рæстæг, згъордта рæстæг. Мæнæ уазджытæ: къухылхæцæг, æмдзуарджын, Валодя, мæ хæлар чызг Дзерассæ. — Цы хабар у, Сæлимæт? Мыггагæн тынг хъыг у дæ фæстиат...— удаистæй дзуры мæ къухылхæцæг. Сыстадтæн æнæдзургæйæ. Рацыдыстæм. Уынджы нæм машинæ æнхъæлмæ каст. Куыддæр схæццæ стæм, афтæ мын мæ чындздзон дарæс мæ уæлæ акодтой. Æвиппайды ныййазæлыд мæ уаты къуымты зарæг, фæндырдзагъд. Чысыл фæс- тæдæр цæстысыгзгъалгæ бахызтæн стыр машинæмæ. Мæ фарсмæ сбадтысты къухылхæцæг, æмдзуарджын, мæ рæсугъд ходыгъд æмæ Валодя йæхæдæг. Гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, æртæ боны ахаста чындз- æхсæв. Цыма фыны уыдтон æппæтдæр. Кæмæндæр, кæйдæр тыххæй мæхи фыдæнæн сарæзтон ахæм хъуыддаг. Диссаг, ницы мыл дзы хæцыд, ницы хызт мæ зæрдæмæ. Уæдæ дзы куыд нæ уыд хъæлдзæгдзи- над, куыд нæ мыл кодтой цин... Раст дæм дзæбæх уар- гæ бон пæлæзæй мидæмæ уарыны уынæр куыд хъуы- са, уымæй уæлдай ницы. Ницы мæм хъары... Уартæ мæ акомкоммæ, цармæ чи фæцыд, ахæм стыр æмæ фæтæн кæсæн, разыиы мæм дзы зхæм сурæт: бæрзонд лыстæджытæарæзт чызг. Æвзист камари йын балвæ- ста йæ нарæг астæу. Нæ чызгон риуыл æрттивынц риуыгънæджытæ. Урс дари ирон къаба. Урс бæрзонд- зæвæтджын туфлитæ сæ фæлмæн фындзтæ къабайы 113
бынæй дарынц. Ныдыл фæкъул урс нывæфтыдтытæ- чындздзон худ, сау сæрыхъуынтæ ноджы тынгдæр- æрттивынц. Уыцы æнкъард кæрдæгхуыз цæстытæ, тæргайхуыз былтæ... Афтæ рæсугъд уымæн зындтæн, æмæ мыл уыдысты мæ мады чындздзон дзаума, мæ- нæн сæ бавæрдта — йæ хистæр зæнæгæн. Афтæ рæ- сугъд уымæн уыдтæн, æмæ мæ саив кодта, мæнæй. афæдз раздæр чи æрцыд, уыцы фыдрæсугъд файнуст. Куыддæр мæ бакодтой уатмæ, æрлæууыдтæн, афтæ мæм æрбауад, ныхъхъæбыс мын кодта йæ гыццыл æмæ фæлмæн къухтæй, фелвæста мын ’мæ хыз, мæ уæззау цыллæ кæлмæрзæн, мæ худ мын фæкъул код- та, йæ сæрæй систа уæздан, иу тагæй быд æртæтигъон цыллæ кæлмæрзæн, æмæ йæ мæ сæрыл æркодта. Бал- вæста мын мæ рон, систа йæ хызынæй тæфкалгæ рæ- сугъд тæнæг къухмæрзæн, мæ роны йæ æрсагъта, ба- кæстытæ мæм кодта æмæ æрсабыр. Диссаг, йæ алы æвнæлд дæр уыди зæрдæбынæй, цæстуарзонæй... Фæ- лæ цыма уый æз нæ уыдтæн, æндæр чидæр мæм цыма каст кæсæнæй... * * * Сæрдыгон æхсæв. Уаты къултæ стыр æмæ зынаргъ гауызтæй фæлыст. Зæлдаг æмбæрзæнтæй æфснайд фæлмæн хуыссæнтæ. Рудзынгæй æрбакæсынц фæлурс мæй, бæлæсты къалиутæ, сырх балы цуппæлттæ. Мæ хъуыдытæ та быцæуы бацыдысты. Сæгуыт фестынмæ мæ бирæ нал хъæуы. Куыд тынг мæ фæнды рудзын- гыл асæррæтт кæнын, фæсте фæуадзын цæхæрадæт- тæ, систæ, уынгтæ... Цæмæй баст сты ме уæнгтæ? Цæ- мæй?.. Фсстъæлфыдтæн мæ къухылхзецæджы усы ны: хасæй. Акастæн. Мæ алыварс ничиуал. Æмбаргæ дæр æй нæ бакодтон, адæм уатæй куыд ацыдысты, уый. ,— Æрæхгæ уал дæхиуыл къæпсырæй дуар, æмæ дæ фæллад иучысыл суадз,—дзуры мæм мæ къухыл- хæцæджы ус æмæ ацыд. Ныууагътой мæ иунæгæй. 114
Ныр мæ хъуыдытæн сæ цæуæнтæ бынтон феуæгъд «сты. Диссаджы тох мæ сæры стынг, æмæ йæ басабыр кæнынæн ницуал мадзал ардтон. — Сæлимæт! — мæ хъустыл цыма Таймуразы са- быр хъæлæс ауад. Фæкастæн рудзынгмæ. Лæууы Таймураз æнæдзур- гæйæ, зæрдæхалæн æнкъард æнгасйæ цæстыты, фæлæ •сæ кæлы судзгæ цæхæр, ныфс. Кæд мæ цæстытыл уа- ди, уæддæр æй.не ’мбæрстон... Мæхи баппæрстон рудзынгмæ. Бамбæрстон: Тай- муразы хъарм риуыл бандзæвыд мæ сæр, æрæнцад- тæн нæ фидар цæнгтыл. Стæй мæ цæстытæ аталынг сты, цыдæр æнахуыр фæлмы аныгъуылдтæн. ооо
СÆРГÆНДТÆ Чиныгфыссæгæй Фæндагыл Сандалеттæ Дато Хурагур Дзерассæ 0 мæ хъазтæ! Четырсы (уацау) 5 6 20 26 42 60 76 80 ЕВГЕНИЯ ИОСИФОВНА КАСАЕВА В Четырсах Рассказы и повесть на осетинском языке Редактор К. X. X о д о в. Художник Д. С. Е с и е в а. Художественный редактор X. Т. С а б а н о в. Техничес- кнй редактор А. В. Я Д ы к и н а. Коррскторы 3. М. Тхапсаева, М. Г. Гадзалова. ИБ № 743 Сдано в набор 15.03.82. Подпнсапо к псчатн 28.05.82. ЕИ 00790. Формат бумагн 70х1081/32 Бум. тип. № 2. Гарп. шрифта лнте- ратурная. Печать высокая. Усл. п. л. 5,07. Учетно-нзд. лис- тов 4 54. Тнраж 2000 экз. Заказ № 10220. Цена 30 коп. Издательство «Ир» Государственного комитета Севсро-Осетин- ской АССР по делам изда’тельств, полиграфии н книжной тор- говли, 362040, г. Орджоннки^дзе, ул. Димитрова, 2. Кннжная типографпя Госу^арствеиного комитета Ссверо-О’се- тинской АССР по делам йчдатсльств, полиграфнн и книжной торговли, 362011, г. Орджони ’идзе, ул. Тельмаиа, 16.