/
Текст
Мыхуыргонд ц?уы
Стъарапол ?м? Дз?уджыхъ?уы
архиепископ Феофаны
барарф?й?
© ХУЫЦАУЫ РАРГОМЫ ИОМШ
СЫЛ ГОЙМЄГТЫ АЛАЙН АГ МОЛАДЗАШЮН
$ П;МО КОЯ А$$15ТАМСЕ
ТО Т1!Е 1Ш$$!АМ 08ТНО0ОХ СОД&СН ОШЗШЕ ОР К1Г331А
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
Хуыссєнєй растгєйє уайтагъд
уатєй ахицєн у ємє зєгъ:
Райдайєны куывд
Фыды ємє Фырты ємє Сыгъдєг Уды
номыл. Аммен.
Хъалотсагджы куывд
Хуыцау, хєрзтєгєнєг у мєнєн, тє-
ригъєдцжынєн. (Єркуывд.)
Хицау Йесо Чырыстимє куывд
Хицау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт,
Дє Сыгъдєг Мады ємє єппєт сыгъ-
дєджыты куывдтєй нын тєригъєд ба-
кєн. Аммен.
з
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@Щ§>-
Хуыцауєн Табу
Табу Дєуєн, нє Хуыцау, табу Дє-
уєн. (Єркуывд.)
Сыгъдєг Удмє куывд
Уєларвон Паддзах, Рєвдауєг, єцєг-
дзинады Уд, алыран Уєвєг ємє єппєт
Дзаггєнєг, хєрзты Хєзнадон ємє цард
Дєттєг, єрцу ємє нє мидєг єрцєр
ємє нє ссыгъдєг кєн алы євзєрдзи-
надєй ємє нын фервєзын кєн нє
удты, Хорзгєнєг.
Єртєсыгьдєгон куывд
Сыгьдєг Хуыцау, Сыгьдєг Тыхджын,
Сыгъдєг Єнємєлєг, тєригъєд нын
бакєн. C хатты, дзуар єфтаугєйє
ємє єркувгєйє.)
Табу Єртєиууонєн
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгь-
дєг Удєн, ныр ємє кєдцєридцєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
4
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
Иууылсыгъдєг Єртєиууонмсе куывд
Иууылсыгъдєг Єртєиууон, тєригьєд
нын бакєн; Хицау, ссыгьдєг кєн нє
тєригьєдтє; Барджын, ныббар нын не
'нєгъдаудзинєдтє; Сыгъдєг, басгар
ємє нын сдзєбєх кєн не 'нєфєразон-
дзинєдтє Дє номы тыххєй.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. C хатты.)
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгь-
дєг Удєн, ныр ємє кєддєриддєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Хицауы куывд
Мах Фыд, Кєцы Дє уєлєрвты! Сыгь-
дєг уєд Дє ном, єрцєуєд Дє Паддза-
хад, Дє бар уєд, уєларв куыд у, зєх-
хыл дєр афтє. Нє уоныны дзул ратт
махєн абон; ємє нын ныббар нє
хєстє, мах нє хєсджынтєн куыд ба-
рєм афтє; ємє нє ма бакєн фыдєвза-
рєны, фєлє нє фервєзын кєн фыд-
былызєй.
5
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
ч§ш§>-—
Єртєиууонон Тропартє
Хуыссєнєй сыстгєйє єфтєм Дє
разы, Хорзгєнєг, ємє Дын зєдты за-
рєг зарєм, Тыхджын: Сыгъдєг Дє,
Сыгъдєг Дє, Сыгъдєг Дє, Хуыцау,
Хуыцауыныййарєджы фєрцы нын тє-
ригъєд бакєн.
Табу: Уатєй ємє мє хуыссєнєй ра-
бадын кодтай, Хицау, мє зонд ємє мын
мє зєрдє срухс кєн, ємє мын мє дзых
байгом кєн, цємєй Дєуєн, Сыгъдєг
Єртєиууонєн, зарон: Сыгъдєг Дє,
Сыгъдєг Дє, Сыгьдєг Дє, Хуыцау,
Хуыцауыныййарєджы фєрцы нын тє-
ригьєд бакєн.
Ємє ныр: Євиппайды Тєрхонгєнєг
єрцєудзєни, ємє алкємєн дєр йє
хъуыдцєгтє сєргом уыдзысты; уый тых-
хєй ємбисєхсєв тєрсгєйє зарєм:
«Сыгъдєг Дє, Сыгьдєг Дє, Сыгьдєг
Дє, Хуыцау, Хуыцауыныййарєджы
фєрцы нын тєригьєд бакєн».
Хуыцау, тєригъєд бакєн. (Пхатты.)
6
рлйсомы куывдтл-:
@ш®
Куывд Иууылсыгъдєг Єртсеиууонмсе
Хуыссєнєй сыстгєйє бузныг дєн
Дєуєй, Сыгъдєг Єртєиууон; цємєй-
дєридцєр Дє бирє хорздзинады ємє
бирє барындзинады тыххєй не смєсты
дє мєнмє, зивєггєнагмє ємє тєри-
гъєдцжынмє, нє мє фесєфтай ме 'нє-
диндзинєдтимє; фєлє мє Де 'гъдауєй
бауарзтай ємє мє єнєнхъєлєджы хуыс-
сєнєй рабадын кодтай, цємєй рай-
сом раджы стауон ємє кадцжын кєнон
Дє Падцзахад. Ємє мын срухс кєн ныр
мє зонды цєстытє, байгом мын кєн
мє дзых Дє дзырдтыл ахуыр кєнынмє
ємє Дє амындцзинєцтє ємбарынмє,
Дє бар єххєст кєнынмє ємє Дєуєн
зєрдиаг єргомдзинадєй зарынмє, цє-
мєй сыстауон Дє Иууылсыгъдєг ном,
Фыды ємє Фырты ємє Сыгьдєг Уды,
ныр ємє кєдцєридцєр ємє мыггагєй-
мыггагмє. Аммен.
Єрцєут, єркувєм нє Паддзах
Хуыцауєн.
7
РАЙСОМЫ КУЫВДТ/Е
@ш©-
Єрцєут, єркувєм ємє єрєфтєм
Чырыстийєн, нє Падцзах Хуыцауєн.
Єрцєут, єркувєм ємє єрєфтєм
Чырыстийєн Йєхицєн, нє Паддзах
Хуыцауєн. C єркуывды.)
50 псалом
Тєригъєд мын бакєн, Хуыцау, Де
стыр хорзєхдзинадєй ємє Дє бирє
рєдаудзинєдтєй ссыгъдєг кєн ме 'нє-
диндзинад, иттєгдєр мын цєхс ме
'нєгъдаудзинад ємє мє ссыгъдєг кєн
мє тєригъєдєй; уымєн ємє ме 'нє-
диндзинєдтє єз зонын, ємє мє тє-
ригъєд кєддєридцєр мє разы ис; Дє
разы, єрмєст Дє разы, єз тєригъєд
ракодтон, Дє цєстыты раз євзєр ра-
кодтон, ємє афтє раст у мєнмє Дє
фыдєх ємє сыгъдєг у Дє тєрхондзи-
над. Мєнє єнєдиндзинадимє мє
мады гуыбыны сєвзєрдтєн, ємє мє
тєригъєдимє ныййардта мє мад.
8 у
рлйсомы куывдтл-:
ЧЙ^Ю-
Мєнє Ды єцєгдзинад бауарзтай, єнє-
зындтє ємє стырзондцзинады сусєг-
дзинєдтє мєнєн єргом кєныс. Бапырх
мє кєн иссопєй, ємє ссыгъдєг уы-
дзынєн, цєхс мє, ємє митєй урсдєр
суыдзынєн, фехъусын мын кєн єхсыз-
гонад ємє циндзинад, ємє сцин кєн-
дзысты Дєуєй саст стджытє. Аздах Дє
цєсгом мє тєригъєдтєй ємє ме 'нє-
диндзинєдтє иууылдєр ссыгъдєг кєн.
Хуыцау, мє мидєг сыгъдєг зєрдє скєн
ємє раст уд сног кєн мє хуылфы, ма
мє аппар Дє цєсгомєй ємє мє Дє
сыгъдєг Уд ма айс. Ратт мын Дє ирвє-
зындзинады циндзинад ємє Дє Хуыца-
уон Удєй ныффидар кєн мєн. Ба-
цамондзынєн єнєдинтєн Дє фєн-
дєгтє, ємє тєригъєдцжынтє Дєумє
раздєхдзысты; фервєзын мє кєн тугєй,
Хуыцау, о Хуыцау, мє Ирвєзынгєнєг,
ємє ме 'взаг сзардзєни Дє растдзинад.
Хуыцау, байгом кєн мє дзых, ємє уый
9
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@ш®
фехъусын кєндзєни Де стауындзинад.
Уымєн ємє Дє нывонд куы фєн-
дыдаид, уєд єй єрхастаин, фєлє дын
Иууылбасудзинаг єхсызгон нєу.
Хуыцауєн нывонд у сабыр уд; уынгєг
ємє сабыр зєрдє нє фегад кєндзынє
Ды, Хуыцау. Дє хорз фєндонєй хорз
ракєн Сионєн ємє самай Йерусалимы
систє. Уєд растдзинады нывонд, лє-
вардзинад ємє Иууылбасудзинєгтє ба-
уарздзынє, ємє Дын Дє нывондєргєв-
дєныл уєнгуытє сєвєрдзысты.
Уырпыны Символ
^Уырны мє Иунєг Хуыцау, Фыд,
Єппєтылхєцєг, арв ємє зєххы, кєй
уынєм ємє кєй нє уынєм, уыдон
єппєты Сфєлдисєг, 2Ємє Иунєг Хи- /
цау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт,
Иунєггуырд, Фыдєй гуырд Чи у афон-
ты єппєты фыццаг. Рухс Рухсєй, єцєг
Хуыцау єцєг Хуыцауєй гуырд, єнє-
10
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@Ш©-
сфєлдыст, Фыдимє Иууон єппєт Кє-
мєй систы. 3Мах, адємы тыххєй ємє
нє фервєзыны тыххєй уєлєрвтєй Чи
'рцыди ємє Сыгъдєг Удєй ємє Чызг
Мариамєй буарджын Чи сси, ємє
адєймаг Чи сси; 4Ємє мах тыххєй дзуа-
рыл тыгъд Чи уыд Понти Пилаты рєс-
тєджы ємє фыдєбон Чи фєкодта ємє
ныгєд Чи уыди; 5Ємє Чи райгас єртык-
кєгєм бон, Фыстытєм гєсгє; 6Ємє Чи
ссыди уєлєрвтєм ємє Фыдєн рахиз-
фарсєрдыгєй Чи бады; 7Ємє ноджы-
дєр єрцєуинаг Чи у стырадимє, єгє-
стєн ємє мєрдтєн тєрхон кєныны
тыххєй, Кєй Паддзахадєн нє уыдзєн
кєрон. 8Ємє Сыгъдєг Уд, Єгасгєнєг
Хицау, Фыдєй цєуєг, Фыдимє ємє
Фыртимє ємкувинаг ємє ємкадшкын
кєнинаг Чи у ємє пахуымпарты дзу-
рынгєнєг, 9Иунєг Сыгъдєг, Ємбыр-
дон ємє Минєварон Аргъуан. 10Єрго-
мєй исын донєйаргъуыд иунєг хатт,
11
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
тєригъєдтє ныббарыны тыххєй.
Єнхъєлмє кєсын мєрдты райгасмє
ємє суинаг єнусмєйы цардмє.
Аммен.
1-аг куывду Стыр Макарийы
Хуыцау, ссыгъдєг кєн мєн, тєри-
гъєдджыны, уымєн ємє ницы хорз
ракодтон Дє разы; фєлє мє фервєзын
кєн фьщбылызєй, ємє уєд мє мидєг
Дє фєндон, цємєй єнєзылынєй бай-
гом кєнон ме 'наккаг дзых ємє сыста-
уон Дє сыгьдєг ном, Фыды ємє Фыр-
ты ємє Сыгьдєг Уды, ныр ємє кєд-
дєриддєр ємє мыггагєй-мыггагмє.
Аммен.
2-аг куывд, Стыр Макарийы
Хуыссєнєй сыстгєйє хєссын ємби-
сєхсєвы куывд Дєуєн, Ирвєзынгє-
нєг, ємє єрєфтгєйє лєгъстє кє-
нын Дєуєн: ма мын ратт тєригъєдты
12
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
<&§&§>'
мидєг мєлєты фын, фєлє мє барєв-
дау, бархийє дзуарыл Тыгъд, зивєджы
хуыссєнєй мє тагъд сыстын кєн ємє
мє фервєзын кєн, Дє разы лєууєджы
ємє кувєджы, ємє мын єхсєвы фы-
нєйы фєстє сєрттивын кєн єнєтє-
ригъєд бон, Чырысти Хуыцау, ємє мє
фервєзын кєн.
3-аг куывду Стыр Макарийы
Дєумє, Адєймагуарзєг Барджын,
хуыссєнєй фестгєйє тындзын ємє Дє
хъуыдцєгтыл мєхи хъарын Дє хорзєхы
фєрцы ємє Дын кувын: ахъаз мын ба-
кєн алы афоны ємє алы хъуыддаджы,
ємє мє бахиз дунейы алы євзєр хъуыд-
дєгтєй ємє хєйрєджы зилєнтєй;
ємє мє фервєзын кєн, ємє мє бахон
Дє єнусон Паддзахадмє. Уымєн
ємє Ды дє ме Сфєлдисєг ємє алы
хорздзинады Койгєнєг ємє Дєттєг;
Дєуыл у мє ныфс иууыл ємє Дєуєн
13
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
Ч§Щ©-
кад єрвитын; ныр ємє кєдцєридцєр
ємє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
4-єм куывд, Стыр Макарийы
Хицау, Кєцы Дє бирє хорзєхєй ємє
Де стыр рєдаудзинєдтєй радтай мє-
нєн, Дє цагьарєн, ивгьуыд єхсєвы рєс-
тєг єнє бєллєхєй фєуын алыхуызон
фыдбылызы євзєрдзинадєй; Дєхєдєг,
Барджын, алыппєты Скєнєг, саккаг
кєн мєн Де 'цєгдзинады рухсєй ємє
рухсгонд зєрдєйє Дє фєндон кєнын;
ныр ємє кєддєридцєр ємє мыггагєй-
мыггагмє. Аммен.
5-єм куывд, Стыр Басилы
Єппєтылхєцєг Хицау, тыхты ємє
алы буары Хуыцау, уєларвы бєрзєнд-
тыл Цєрєг, зєхх Фєлгєсєг ємє са-
быртєм Кєсєг, зєрдєтє ємє хуыл-
фытє Фєлварєг ємє адємы зєрдєты
хъуыдьщзинєдтє раздєр Зонєг, Єнє-
14
РАЙ СОМ Ы КУ Ы ВДТЄ
@Щё>-
райдайгє ємє Алыхаттуєвєг Рухс, Кє-
цыйєн нєй тыхы раив-баив кєнєн ємє
Кєцы нє уадзы Йє фєндагыл аууон
бынат: Дєхєдєг, єнємєлєг Падцзах,
айс, ацы афон Дын, Дє бирє рєдау-
дзинєдтєм гєсгє уєндгєйє, не 'взєр
дзыхтєй цы куывдтє хєссєм, уыдон,
ємє нын ныббар, хъуыддагєй ємє
дзырдєй ємє хъуыдыйє, зонгєйє
кєнє єнє зонгєйє цы тєригъєдтє ра-
кодтам, уыдон; ємє нє ссыгъдєг кєн
буары ємє уды алы євзєрдзинєдтєй;
ємє нын ратг хъєлдзєг зєрдєимє ємє
єрвонг хъуыдыимє нє нырыккон цар-
ды алы єхсєв фєуын, Дє Иунєггуырд
Фырты, нє Хицау ємє Хуыцау ємє
Ирвєзынгєнєг Йесо Чырыстийы дык-
каг єргомгонды ємє рухсгонд боны
єрцєуынмє єнхъєлмє кєсгєйє, кє-
цыйы єппєты Тєрхонгєнєг кадимє
єрцєудзєни, алкємєн дєр йє хъуыд-
дєгтєм гєсгє раттынмє; цємєй ма
15
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@Ш© :
фєрєдийєм ємє зивєг ма бакєнєм,
фєлє хъєлдзєгєй ємє цырдєй куыст-
мє цєттєйє разынєм ємє цємєй Иє
циндзинадмє ємє Йє Хуыцауон кад-
джын цєрєнмє бацєуєм, цингєн-
джыты ємє Дє цєсгомы єнєзєгьгє ад-
джындзинад ємє єнєсдзургє хорз-
дзинад уынджыты єнєбанцайгє хъєлєс
кєм ис, уырдєм. Уымєн ємє Ды дє
бєлвырд Рухс, алцыппєт рухсгєнєг ємє
сыгъдєггєнєг, ємє Дєумє зары алы
сфєлдисон мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
6-єм куывду Стыр Басилы
Дєуєн табу кєнєм, бєрзонд Хуыцау
ємє хорзєхдзинады Хицау, махєн кєд-
дєриддєр стыр ємє, кєй не 'рхъуыды
чындєуыдзєни, ахєм кадджын ємє та-
сон єнєхыгъд хъуыдцєгтє Кєнєгєн;
ємє нын, єдыхдзинады банцайынєн
ємє нє бирєфыдєбонгєнєг буары
фєлладєй єрєнцайынєн хуыссєг Рат-
тєгєн. Бузныг Дє стєм, не 'нєгьдаудзи-
16
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
нєдтимє нє кєй нє фесєфтай, фєлє
нє Де 'гьдаумє гєсгє бауарзтай ємє нє,
єнєнхъєлєджы хуысджыты, кєй сыс-
тын кодтай, цємєй Дын стауєм Дє тых.
Уый тыххєй кувєм Де 'нєсбаргє хорз-
дзинадєн; срухс нын кєн нє хъуыдытє
ємє нє цєстытє ємє нын нє зонд зи-
вєгдзинады уєззау хуыссєгєй схъєл-
дзєг кєн; байгом нын кєн нє дзыхтє
ємє сє байдзаг кєн Дє стауындзинадєй,
цємєй бафєразєм єнєбанцайгєйє
Дєуєн зарын дєр ємє Дєу стауын дєр;
алцємєй дєр ємє алкємєй дєр кад-
джынгонд Хуыцауєн, Єнєрайдайгє
Фыдєн Дє Иунєггуырд Фыртимє ємє
Иууылсыгъдєг ємє Хорз ємє Єгасгє-
нєг Удимє ныр ємє кєддєридцєр ємє
мыггагєй-мыггагмє аммен.
7-єм куывд,
Иууылсыгьдєг Хуыцауыныййарєгмє
Кадєг кєнын Дє фарнєн, Чызг-Бар-
дарєг, лєгьстє кєнын Дєуєн, мє зонд
17
РАЙСОМЫ КУЫВДТД:
@ш©~
мын сфєрнєйдзаг кєн. Раст цєуын
мын бацамон Чырыстийы фєдзєхстты
фєндагыл. Кадєгмє хъєлдзєгдзинадыл
мє сфидар кєн, ныфссастдзинады фын
сургєйє. Мєн, тєригъєдты хауыны
уацары бєттєнтєй басты, ссєрибар кєн
Дє куывдтєй. Єхсєвєй ємє бонєй
хъахъхъєн мєн, мемє хєцєг знєгтєй
мє ирвєзын кєнгєйє. Царддєттєг
Хуыцауыныййарєг, мєн, монцтєй мар-
ды, сєгас кєн. Куыд єнусон Рухс
ныййардтай, афтє мын мє куырм уд
срухс кєн. О, Барджыны диссаджы гал-
уан, Хуыцауон Уды цєрєндон мє
скєн. Хосгєнєг ныййарєг, схос мын
кєн мє уды бирєазон уєлмонцтєн.
Мєн, царды тымыгъєй знєтгєнєджы,
мє тєригьєдтыл фєсмон кєныны фєн-
дагыл фєраст кєн. Фервєзын мє кєн
єнєсцух артєй ємє фыдзєрдє калмєй
ємє зындонєй. Ма мє равдис дєли-
монтєн єхсызгонєн, уымєн ємє бирє
18
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
ЧЭ^ЗЙк
тєригъєдты дєн аххосджын. Сног мє
кєн, єнєнкъаргє тєригъєдтєй фыр-
зєронды, Иууылєнаипп. Иуварс мє
акєн алыхуызон тухєнтєй ємє алып-
пєты Барджыны Дє лєгъстєтєй сразы
кєн. Уєларвон єхсызгондзинад райсы-
ны аккаг мє скєн єппєт сыгъдєджы-
тимє. Иууылсыгъдєг Чызг, фехъус Де
'наккаг цагъары хъєлєс. Цєстысыг
мын ратт, Иууылсыгъдєг, мє уды чъи-
зитє ссыгъдєг кєнынєн. Зєрдєбын
дзыназын хєссын Дєуєн; єнєрєн-
цайгє єнувыд у, Чызг-Бардарєг. Мє
кувыны лєггад мын айс ємє йє Хорз-
зєрдєджын Хуыцауєн єрхєсс. Зєдтєй
Бєрзонддєр Иууылбєрзонд дунеимє
мє баиу кєн. Рухсхєссєг Уєларвон
Цєрєнуат, удон фарн мын мє мидєг
сраст кєн. Мє къухтє дарын ємє мє
дзых, євзєрдзинадєй чъизитє, Дєуєн
кадєг кєнынмє, Иууылєнаипп. Удса-
фєг євзєрдзинєдтєй мє фервєзын
19
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
кєн, Чырыстимє зєрдиагєй кувєг;
Уымєн та ємбєлы кад ємє єркувын,
ныр ємє кєддєриддєр ємє мыггагєй-
мыггагмє. Аммен.
8-єм куывд,
нє Хицау Йесо Чырыстимє
Бирєтєригъєдгєнєг ємє Иууылхор-
зєхджын, нє Хуыцау Хицау Йесо
Чырысти, Дє бирє уарзондзинадєй
єрцыдтє ємє сбуарджын Дє, цємєй
аирвєзын кєнай єппєты. Ємє ноджы,
Ирвєзынгєнєг, аирвєзын кєн мєн Дє
фарнєй, лєгъстє кєнын Дєуєн;
Уымєн, ємє мє кєд хъуыддєгтєй аир-
вєзын кєндзынє, нєу уый фарн ємє
лєвар, фєлє — хєс фылдєр. 0 бирє
Рєдаудзинадджын ємє єнєзєгъгє
Хорзєхджын! Єз, кєй уырндзєн, куыд
загътай, о мє Чырысти, удєгас уыдзєн
ємє нє фендзєн мєлєт єнустєм.
Уымєн ємє Дє уырнындзинад ирвє-
20
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЖ
©ш©-
зын кєны ныфссастты, ныр мє уыр-
ны, аирвєзын кєн мєн, уымєн ємє
мє Хуыцау дє Ды ємє ме Скєнєг.
Уырнындзинад та хъуыддєгты бєсты
нымад уєд мєнєн, о мє Хуыцау,
уымєн ємє мєм не ссардзынє ахєм
хъуыдцєгтє, кєцыты фєрцы сраст уон.
Фєлє мє уырнындзинад фаг кєнєд
алцыппєты бєсты, уадз ємє уый дзуапп
кєнєд, уый мє сраст кєнєд, уый
мє равдисєд Де 'нусон кадєй хайджы-
нєй. Цємєй мє ма аскъєфа хєйрєг
ємє йєхицєй ма раппєла; Дзырд, цє-
мєй мє ма байса Дє къухєй ємє Дє
хъахъхъєнынєй; фєлє мє фервєзын
кєн, фєнды мє єви мє нє фєнды;
Чырысти, мє Ирвєзынгєнєг, фєразєй
у тагъд, тагъд сєфын; Уымєн ємє Ды
дє мє Хуыцау мє мады гуыбынєй.
Саккаг кєн мєн, Хицау, ныр бауарзон
Дєу, куыд бауарзтон раздєр раст уыцы
тєригьєд хъуыддєгтє; цємєй ноджы
21
райсомы куывдтє;
@Ш©-
бакусон Дєуєн єнєзивєгєй ємє зєр-
диагєй, куыд бакуыстон раздєр налат
хєйрєгєн. Фылдєр та бакусдзынєн
Дєуєн, мє Хицау ємє Хуыцауєн,
Йесо Чырыстийєн, мє царды алы бон
дєр, ныр ємє кєддєридцєр ємє мыг-
гагєй-мыггагмє. Аммен.
9-єм куывд, Хъахъхъєнєг Зєдмє
Сыгьдєг Зєд, кєцы дє лєвєрд мє
мєгуыр уд ємє єнамонд цард хъахъ-
хъєнынєн, ма мє ныууадз, тєригьєд-
джыны, ємє ма сис мєныл дє къух ме
'нєхиуылхєцыны тыххєй; ма ратт бар
фыдзєрдє хєйрєгєн, дєлбар мє ба-
кєна йєхицєн, ацы мєлєтон буарыл
уєлиуєг кєнынєй; айс фидарєй ме 'на-
монд ємє уєнгуагъд къух ємє мє фє-
раст кєн ирвєзыны фєндагыл. О Хуыца-
уы сыгъдєг Зєд, мє мєгуыр уды ємє
буары хъахъхъєнєг ємє аудєг, ныббар
мын єппєт, цємєй дє фєхъыг кодтон
22
РЛЙСОМЫ КУЫВДТЄ
едэ
мє царды алы бон дєр ємє кєд истє-
мєй тєригъєд ракодтон ивгъуыд єхсє-
вы дєр, бахиз мє ацы бон; ємє мє
бахъахъхъєн знаджы алы зєрдєсайєн-
тєй, цємєй єз иу тєригъєдєй дєр ма
смєсты кєнон Хуыцауы, ємє кув мєн
тыххєй Хицаумє, цємєй Уый сфидар
кєна мєн Йє тасы мидєг ємє мє рав-
диса, мєн, цагъары, Йє хорзаудєны ак-
кагєй. Аммен.
10-єм куывд,
Иууылсыгъдєг Хуыцауыныййарєгмє
Иууылсыгъдєг Чызг-Бардарєг ємє
Хуыцауыныййарєг, Дє сыгъдєг ємє
єппєттыхдарєг лєгъстєтєй асур мє-
нєй, Дє єгадгонд ємє хъодыгонд ца-
гъарєй, ныфссастдзинад, рохдзинад,
єнєзонддзинад, хъуснєдарынад, алы
цъаммар, хинєйдзаг ємє єфхєрєн
хъуыдытє мє фьщбылызджын зєрдєйє
ємє мє талынг зондєй; ємє мын ба-
23
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
(§Ш©~
мынєг кєн мє монцты арт, уымєн ємє
фырмєгуыр дєн ємє фыдамонд; ємє
мє фервєзын кєн бирє ємє карз зєр-
дєлєууєнтєй ємє хъуыддєгтєй, ємє
алы фыдзєрдє архайдєй ссєрибар кєн
мєн. Уымєн ємє арфєгонд Дє алы
адємєй ємє кадджын у Дє Иууылсыгъ-
дєг ном мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Кєй ном хєссыс, уыцы сыгъдєгмє
кувгєйє сидын
Хуыцаумє мын кув, сыгъдєг Хуыцауы
єхцон (ном} уымєн ємє єз зєрдиагєй
дєумє сидын, тагъд єххуысгєнєгмє
ємє кувєгмє мє уды тыххєй.
Хуыцауыныййарєгєн кад
Хуыцауыныййарєг Чызг, цин кєн,
Хорзлєварджын Мариам, Хицау -
Демє, арфєгонд Дє Ды устыты єхсєн,
ємє арфєгонд у Дє хуылфы Гуырдз,
уымєн ємє нє удты Ирвєзынгєнє-
джы ныййардтай.
24
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@ЩЭ
Тропар Дзуарєн
Фервєзын кєн, Хицау, Дє адємы
ємє арфє ракєн Дє бындурдзинадєн;
хорзуырнєг Паддзєхтєн се знєгты ба-
сєттын кєн ємє Дє адємы Дє дзуары
тыхєй бахъахъхъєн.
Удєгєсты тыххєй куывд
Фервєзын кєн, Хицау ємє тєри-
гъєд бакєн мє дины фыдєн (ном)9 мє
ныййарджытєн (нємттсе), хєстєджы-
тєн (нсемттсе), сєргълєуджытєн
(нємттє), ахуыргєнджытєн (нємттє)^
хєрзгєнджытєн (нємттє) ємє єппєт
растуырнєг чырыстєттєн.
Мєрдты тыххсей куывд
Єнцой ратт, Хицау, Дє мард цагъар-
ты удтєн: мє ныййарджыты, хєстє-
джыты, хєрзгєнджыты (ссе нємттсе)
ємє єппєт растуырнєг чырыстєттєн
ємє сын ныххатыр кєн єппєт барєй
25
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@Щ©
ємє єнєбары тєригъєдтє, ємє сын
балєвар кєн Уєларвон Паддзахад.
Ксед дын фаг рєстєг уа, уєд
удєгєсты ємє мєрдты тыххєй цыбыр
куывдты бєсты кєс ацы мысайнаг:
Удєгєсты тыххєй
Єрымыс, Хицау Йесо Чырысти, нє
Хуыцау, Дє хорзєх ємє рєдаудзинад,
кєцытє єнусон сты, кєцыты тыххєй
сбуарджын Дє ємє дзуарыл тыгъд ємє
мєлєт Ды, раст кєй уырныс, уыдоны
ирвєзыны тыххєй бархийє бавзєрстай;
ємє мєрдтєй райгас Дє, ссыдтє
уєларвмє ємє бадыс Фыд Хуыцауы
рахиз фарс ємє фєлмєнзєрдєйє исыс,
зєрдиагєй Дєумє сєрныллєгєй чи
сиды, уыдоны куывдтє; Дє хъус єрдар
ємє фехъус мє сєрныллєг куывд, Де
'нєбєззон цагъары, куыд динон будтєф
ємє хєрздєф Дєумє Д' адєм єппєты
тыххєй кєй хєссын; Ємє фыццаджы-
26
райсомы куывдттк
дєр єрымыс Дє сыгъдєг Аргъуан,
Ємбырдон ємє Минєварон, кєцыйы
Дє кадджын Тугєй бахъахъхъєдтай;
ємє йє сфидар кєн, ємє йє стых-
джын кєн, ємє йє суєрєх кєн, ємє
йє сахадын кєн, сабырдзинад дзы сфи-
дар кєн, ємє йє зындоны дуєрттєй
єнєбасєтгєйє єнустєм бавєр; Ар-
гъуанты єхсєн хъаугъа єрсабыр кєн,
муртатты змєстдзинад єрмынєг кєн
ємє мєнг амынддзинєдты растад рєх-
джы фехал ємє сє бындзарєй сыскъуын,
ємє сє Дє Сыгъдєг Уды тыхєй афтид
фестын кєн.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєригь-
єд бакєн нє Хуыцауєй хъахъхъєд бєс-
тєйєн йє Чырыстийы уарзєг хицауад
ємє єфсадимє, цємєй сабырєй ємє
єнцадєй фєцєрєм алыхуызон сыгъдєг-
дзинады ємє — табугєнгєйє.
(Єркуывд.)
27
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
@ш©
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гъєд бакєн Сыгьдєгдєр скєсєйнаг раст-
уырнєг патриархтєн, рухсгонддєр ми-
трополитгєн; растуырнєг архиепископтєн
ємє епископтєн, сауджынтєн ємє
диакъонтєн ємє аргьуаны кусджытєн се
'ппєтєн, кєцыты сєвєрдтай Дє алы
хєдзонд цєрєджы фыййєуттєй, ємє сє
куывдты фєрцы фервєзын кєн ємє тє-
ригьєд бакєн мєнєн, тєригьєдджынєн.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гьєд бакєн мє дины фыдєн (йє ном),
ємє мын йє сыгъдєг куывдты фєрцы
ныббар мє тєригъєдтє.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гъєд бакєн мє ныййарджытєн (ссе
нємттє), єфсымєртєн ємє хотєн
ємє мє тугхиуєттєн, тугєй єввахс
хєстєджытєн ємє ємгєрттєн, ємє
28
РЛЙСОМЫ КУЫВДТ/К
@ш®
сын балєвар кєн Дє сабырдзинад ємє
сын алыхуызон хорздзинєдтєй хай ратт.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гьєд бакєн ас адємєн ємє єрыгєт-
тєн, мєгуыртєн ємє сидзєртєн ємє
идєдзтєн, низджынтєн ємє мєст-
джынтєн, бєллєхы бахауджытєн ємє
хъынцъымгєнджытєн, фыдбылызы ба-
хауджытєн ємє уацары, талынг ран
ємє ахєстоны уєвджытєн, фыддєр та -
єфхєрдтєн, Дєу тыххєй ємє растуыр-
нон дины тыххєй, єнєдин адємєй
ємє мєнг диныл хєцджытєй, раст ди-
ныл «нє» зєгъджытєй, Дє цагъартєн,
ємє сє єрымыс ємє сєм єрцу, сфи-
дар сє кєн, барєвдау сє ємє сын рєх-
джы Дє тыхєй рогдзинад, фервєзын
ємє сєрибардзинад ратт.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тє-
ригъєд бакєн куыстмє єрвыст, бєлц-
29
РЛЙСОМЫ КУЫВЛТЄ
цон, нє фыдтєн ємє єфсымєртєн
ємє єппєт растуырнєг чырыстєт-
тєн.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гьєд бакєн, єз ме 'дылы зондєй кєй
фєрєдийын кодтон ємє ирвєзыны
фєндагєй чи фєиппєрд и, фыдмитєм
ємє фыдхъуыддєгтєм кєй єркодтон;
Дє Хуыцауон Разхъуыдыйє сє ирвє-
зыны фєндагмє ногєй раздах.
(Єркуывд.)
Фервєзын кєн, Хуыцау, ємє тєри-
гьєд бакєн мєнмє фыдзєрдє дарджытєн
ємє хьыггєнджытєн ємє сє ма бауадз
фесєфын мєн, тєршъєдджыны, тыххєй.
(Єркуывд.)
Растуырнон динєй чи фєиппєрд и
ємє сафєг мєнг динтєй чи фєкуырм
30
РАЙСОМЫ КУЫВДТЄ
и, уыдоны Дє зонынады рухсєй срухс
кєн ємє сє Дє Сыгъдєг Ємбырдон
ємє Минєварон Аргъуанмє бафтау.
(Єркуывд.)
Мєрдты тыххєй
Єрымыс, Хуыцау, ацы цардєй чи ахи-
цєн и, уыцы хорзрастуырнєг паддзєхты
ємє ус-паддзєхты, хорзуырнєг єлдєрт-
ты ємє єхсинты, сыгъдєгдєр патриарх-
ты, рухсгондцєр митрополитгы, растуыр-
нєг архиепископты ємє епископты, сау-
джынтєй ємє аргъуаны кусджытєй ємє
моладзаны цытномєй Дєуєн бакусджы-
ты ємє сє Де 'нусон цєрєндєтгы сыгъдє-
джытимє иумє єрєнцайын кєн.
(Єркуывд.)
Єрымыс, Хуыцау, Дє мард цагъарты
удтє, мє ныййарджыты (сє нємттсе)
ємє тугєй хєстєджыты се 'ппєт; ємє
сын ныббар сє тєригъєдтє єппєт, ба-
31
РАЙСОМЫ КУЫВЯТЄ
@ш©~
рєй ємє єнєбары кєй ракодгой; балє-
вар сын кєн Дє Падцзахад ємє Де 'ну-
сон хорзєхєй ємхайад; ємє сє Дє єнє-
фєугє ємє дзагамонд цардєй бафсад.
(Єркуывд.)
Єрымыс, Хуыцау, се 'ппєты, мєрд-
тєй сыстыны ємє єнусон царды ныфс
кєй уыди, нє фыдты ємє єфсымєрты
ємє хоты; ємє ам ємє алыран євєрд
растуырнєг чырыстєтты; ємє сє Дє
сыгъдєджытимє иумє, кєм и Дє цєс-
гомы рухс, єрцєрын кєн; ємє махєн
дєр батєригъєд кєн, уымєн ємє Хорз
ємє Адєймагуарзєг Дє. Аммен.
(Єркуывд.)
Ратт, Хуыцау, тєригъєдтє ныууадзын
єппєт, раздєр уырнгєйє ємє мєрд-
тєй сыстыны ныфс кєй уыди, уыцы
амєлджытєн, нє фыдтєн, єфсымєр-
тєн ємє хотєн ємє сын єнусон скєн
сє кой. Cхатты.)
32
КЛИСОМЫ КУЫНДТЄ
Стауыны эарєг Хуыщшуы Мадєп
Аккаг у, цємєй єцєгдзинадєй ста-
уєм Дєу, Хуыцауыныййарєджы, Алы-
хаттєхудиаджы ємє Єппынєнаиппы
ємє нє Хуыцауы Мады. Херувимтєй
цытджындєры ємє Серафимтєй иттєг
кадджындєры ємє Хуыцауы Дзырды
єнєнизєй ныййарєджы, єцєг Хуыца-
уыныййарєг уєвєджы, Дєу стыр кє-
нєм.
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгь-
дєг Удєн, ныр ємє кєдцєриддєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Хуыцау, тєригьєд бакєн. (Зхагпты.)
Хицау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт,
Дє Сыгъдєг Мады, нє хєрзємгєс ємє
хуыцаухєссєг фьщты ємє єппєт сыгъ-
дєджыты куывдтєй нын тєригъєд ба-
кєн. Аммен.
2 3ака:<№1161
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ
КУЫВДТЄ
Фыды ємє Фырты ємє Сыгъдєг Уды
номыл. Аммен.
Хицау Йесо Чырыстийєн куывд
Хицау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт,
Дє Сыгъдєг Мады, нє хєрзємгєс ємє
хуыцаухєссєг фыдты ємє єппєт сыгъ-
дєджыты куывдтєй нын тєригьєд ба-
кєн. Аммен.
Хуыцауєн Табу
Табу Дєуєн, нє Хуыцау, табу Дєуєн.
Сыгъдєг Удмє куывд
Уєларвон Падцзах, Рєвдауєг, Єцєг-
дзинады Уд, алыран Уєвєг ємє єппєт
34
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ КУЬШДТЄ
@ш§>-
Дзаггєнєг, хєрзты Хєзнадон ємє цард
Дєттєг, єрцу ємє нє мидєг єрцєр
ємє нє ссыгъдєг кєн алы євзєрдзи-
надєй, ємє нын фервєзын кєн нє
удты, Хорзгєнєг.
Єртєсыгъдєгон куывд
Сыгьдєг Хуыцау, Сыгьдєг Тыхджын,
Сыгьдєг Єнємєлєг, тєригъєд нын ба-
кєн. C хатты.)
Табу Єртєиууонєн
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгь-
дєг Удєн, ныр ємє кєдцєриддєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Иууылсыгъдєг Єртєиууонмє куывд
Иууылсыгъдєг Єртєиууон, тєригъєд
нын бакєн; Хицау, ссыгъдєг кєн нє
тєригьєдтє; Барцжын, ныббар нын не
'нєгъдаудзинєдтє; Сыгъдєг, басгар
ємє нын сдзєбєх кєн не 'нєфєразон-
дзинєдтє Дє номы тыххєй.
35
иЗ/Г.ры фынжйы рлзмл-; куьпздтд-:
чй-й^
Хуыцау, тєригьєд бакєн. C хатты.)
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє
Сыгьдєг Удєн, ныр ємє кєддєридцєр
ємє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Хщ&уы куывд
Мах Фыд, Кєцы Дє уєлєрвты! Сыгь-
дєг уєд Дє ном, єрцєуєд Дє Паддза-
хад, Дє бар уєд, уєларв куыд у, зєххыл
дєр афтє. Нє уоныны дзул ратт махєн
абон; ємє нын ныббар нє хєстє, мах
нє хєсджынтєн куыд барєм, афтє; ємє
нє ма бакєн фыдєвзарєны, фєлє нє
фервєзын кєн фыдбылызєй.
Трошартє
Тєригъєд нын бакєн, Хицау, тєри-
гъєд нын бакєн, уымєн ємє нє тє-
ригъєдты тыххєй ницы дзуапп дєттын
фєразєм, фєлє Дєуєн, нє Хуыцауєн,
ацы куывд мах, тєригъєдджынтє, хєс-
сєм: тєригъєд нын бакєн.
36
изл-ры фын/мйы г^лзмл: куыв/п.к
^^
7йб>: Хицау, тєригъєд нын бакєн,
уымєн ємє Дєуєй ныфсджын стєм, ма
смєсты у махмє тынг, мадєр нын єры-
мыс не 'нєдиндзинєдтє, фєлє нєм
єркєс ныр дєр, хорззєрдєджын кєй Дє,
уый тыххєй, ємє нє фервєзын кєн не
знєгтєй; уымєн ємє Ды нє Хуыцау Дє,
мах та Дє адєм, ємє Дє къухты кєндтє
не 'ппєт стєм ємє Дє номмє сидєм.
Ємє яб//?;Хорзєхдзинады дуар нын бай-
гом кєн, арфєгонд Хуыцауыныййарєг,
цємєй, Дєуєй ныфсджынтє, ма фе-
сєфєм, фєлє Дє фєрцы фервєзєм
єнамонддзинєдтєй, уымєн ємє Ды
Дє чырыстон мыггаджы удыбєстє ир-
вєзынгєнєг.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. A2хатты.)
1~аг куывду сыгъдсег Стыр Макарийы
Фыд Хуыцаумє
Єнусон Хуыцау ємє єппєт сфєл-
дыстты Паддзах, саккаг мє кодтай ацы
сахаты онг дєр фєцєрын! Ныббар мын
37
изл:ры фынєйы размє куыв;шр.
@ш©
мє тєригъєдтє, кєцытє ракодтон ацы
бон, хъуыдцагєй, дзырдєй ємє хъуы-
дыйє; ємє мын ссыгъдєг кєн, Хи-
цау, мє мєгуыр уд алыхуызон, буары
ємє уды, чъизийє. Ємє мын ратт,
Хицау, ацы єхсєвы фын куыд арви-
тон єнцойє ємє, куы сыстон мє
мєгуыр хуыссєнєй, уєд зєрдєлхє-
нєн кєнон Дє Иууылсыгъдєг номєн
мє царды алы бон дєр ємє басєт-
тон мемє хєцєг буарджын ємє єнє-
буар знєгты. Ємє мє фервєзын кєн,
Хицау, дзєгъєл хъуыдытєй, кєцытє
хъєстє кєнынц мєн, ємє хинєйдзаг
монцтєй. Уымєн ємє Дєу у Падцзахад
ємє тых ємє кад, Фыды ємє Фырты
ємє Сыгъдєг Уды, ныр ємє кєдцєрид-
дєр ємє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
2-аг куыво, нє Хуыцау Иесо
Чырыстимє сыгъдєг Лнтиохы
Єппєтылхєцєг, Фыды Дзырд, Дєхє-
дєг єнаипп уєвгєйє, Иесо Чырысти,
38
ИЗ/ЕРЫ ФЫНЄЙЫ РЛЗМ/Е КУЫВДТЛ:
@ш@
Дє бирє хєрзаудєнєй макуы ахицєн у
мєнєй, Дє цагъарєй, фєлє алы хатт
дєр мє мидєг сбынат кєн. Йесо, Дє
фысты хєлар Фыййау, ма ратт мєн кал-
мы змєстдзинадмє ємє хєйрєджы
фєндмє, ма ныууадз мєн, уымєн ємє
сєфты тауинаг ис мє мидєг. Ды, бєл-
вырдєй, Хицау Хуыцау, табу кєнинаг
Сыгъдєг Падцзах Йесо Чырысти, фы-
нєйє мє бавєр єнємынєг рухсєй, Дє
Сыгьдєг Удєй, Кєцыйє срухс кодтай
Дє ахуыргєнинєгты. Ратт, Хицау, мє-
нєн дєр, Де 'наккаг цагъарєн, Дє ир-
вєзындзинад мє хуыссєныл: срухс мын
кєн мє зонд Дє сыгъдєг Евангелийы
зонды рухсєй, мє уд - Дє Дзуары уар-
зондзинадєй, мє зєрдє - Дє дзырдты
сыгъдєгдзинадєй, мє буар - Де 'нємонц
хъизємарєй, мє хъуыдыйы мын Дє
сєрныллєгдзинадєй бавєр. Ємє мє
сыстын кєн афоныл Дєуєн кадєг кє-
ныны аккагєй. Уымєн ємє кадєй бєр-
39
изл-ры Фьни-йы рл:$мл; куыидтл;
^2®Э
зонд Дє Дє Єнєрайдайгє Фыдамє ємє
Иууылсыгьдєг Удимє мыггагмє. Аммен.
3-аг куывду Сыгъдєг Удмє
Уєларвон Паддзах, Рєвдауєг, Єцєг-
дзинады Уд, хєрзаудєн кєн ємє тє-
ригъєд бакєн мєнєн, Дє тєригъєд-
джын цагъарєн, ємє ныббар мєнєн,
єнаккагєн, алцыппєт, цас Дє разы
тєригьєд ракодтон абон, куыд адєймаг,
фылдєр та - куыд адєймаг нє, фєлє
фосєй фыддєр, барєй ємє єнєбары,
зонгєйє ємє єнє зонгєйє: ме 'взон-
джы бонтєй ныры онг фыддзинадыл ахуы-
рєй, єдзєсгомдзинадєй ємє ныфс-
састдзинадєй. Кєд Дє номєй сомы
кодтон, кєнє йє бафхєрдтон мє хъуы-
дыты; кєнє искємєн бауайдзєф код-
тон; кєнє искєуыл цъыфкалєн кодтон
мє мєстєй, кєнє искєй фенкъард код-
тон, кєнє истєуыл смєсты дєн, кєнє
гєды ныхас ракодтон, кєнє єнє афо-
40
ИЗЛ-1РЫ ФЫПЛ-ЙЫ РЛЗМ;К КУЫПД'1/К
чй§2Ю-
ны фынєй кодтон, кєнє, фырмєгуыр
єрбацыди мєнмє, ємє йє ницємє
єрдардтон; кєнє ме 'фсымєры фєхъыг
кодтон, кєнє искєй искємєн ба-
хъарцтон, кєнє искємєн стєрхон код-
тон; кєнє мєхицєй ссєрыстыр дєн,
кєнє сыстырзєрдє дєн, кєнє фырмє-
сты кодтон; кєнє, кувгєйє, мє хъуы-
ды ацы дунейы хиндзинєдтєм тырныд-
та, кєнє хъахбайдзинадыл хъуыды код-
тон; кєнє фырхєрд бакодтон, кєнє
фєрасыг дєн, кєнє єдылы худт код-
тон; кєнє хинєйдзаг хъуыдытє кодтон,
кєнє искєй хорздзинад федтон, ємє мє
зєрдє фєхъєн ис уымєй; кєнє єнє-
фсарм хъуъщытє кодтон, кєнє ме 'фсы-
мєры тєригъєдыл фєхудтєн, мє ми-
дєг та — єнєнымєц тєригьєдтє; кєнє
кувынмє мє хъус нє дардтон, кєнє
єндєр исты ракодтон хинєйдзаг, ємє
йє нє хъуыды кєнын, - уыдон єппєт
ємє кєд уыдонєй фылдєр ракодтон.
41
ПЗЛ1РЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
@ш&-
Тєригьєд мын бакєн, ме Скєнєг Бар-
джын, Дє ныфссаст ємє єнаккаг ца-
гьарєн; ємє мын ныууадз ємє мын фє-
бар ємє мын ныббар, уымєн ємє Хорз-
гєнєг Дє ємє Адєймагуарзєг, цємєй
сабырєй схуыссон, бафынєй уон ємє
баулєфон, хєтаг, тєригъєдджын ємє
єнаккаг, єз, єрєфтгєйє ємє сзаргєйє
ємє скадджъш кєнгєйє Дє Иууылсыгь-
дєг ном Фьщимє ємє Йє Иунєггуырд
Фыртимє, ныр ємє кєддєриддєр ємє
мыггагмє. Аммен.
4-єм куывд, сыгъдєг Стыр Макарийы
Цы 'рхєсдзынєн Дє размє, кєнє цє-
мєй бафиддзынєн Дєуєн, стыр лєвар-
джын Єнємєлєг Паддзах, рєдау ємє
Адєймагуарзєг Хицау, уымєн ємє мєн,
Дє зєрдєлхєнынмє зивєг кєнєджы
ємє ницы хорз саразєджы, єркодгай ацы
ивгъуыд боны кєронмє, раздєхын ємє
ирвєзындзинад мє удєн аразгєйє?
42
ИЗЄРЫ ФЫНЄИЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
¦—нааэ©-
Хєрзгєнєг у мєнєн, тєригъєдцжы-
нєн ємє алы хорз хъуыддагєй бєгъ-
нєгєн, сыстын кєн ме 'нєдиндзинєд-
ты хауд уд, кєцы счъизи и єнєнымєц
тєригьєдты, ємє байс мєнєй ацы зєх-
хон царды алы хинєйдзаг хъуыды. Ныб-
бар мын мє тєригъєдтє, Иунєг Єнє-
тєригъєд, кєд Дє разы ратєригъєд
кодтон ацы бон, зонгєйє ємє єнє зон-
гєйє, ныхасєй ємє хъуыддагєй, хъуы-
дыйє ємє ме 'ппєт єнкъарєнтєй.
Ды Дєхєдєг, єрємбєрзгєйє, бавєр
мєн алыхуызон хъыгдарєг фыдбылы-
зєй, Дє Хуыцауон барєй ємє єнє-
зєгъгє адєймагуарзондзинадєй ємє
тыхєй. Ссыгъдєг кєн, Хуыцау, ссыгъ-
дєг кєн мє бирє тєригъєдтє. Хєрза-
удєн кєн, Хицау, мєнєн хєйрєджы
ахсєн хызєй бахизынєн, ємє фервє-
зын кєн мє уєлмонц уд, ємє мє
єрємбєрз Дє цєсгомы рухсєй, куы
єрцєуай кады; ємє мын ныр єнєзы-
43
н:ш>и\ фы!ы:й1Л рл:змл: куывлтл-:
<Й<§2®
лынєй фын ратт, ємє єнєсєнттє-
цєгъдгє ємє єнєкъємдзєстыг хъуы-
ды Дє цагьарєн бахъахъхъєн; ємє хєй-
рєджы алы хъуыддаг мєнєй асур; ємє
срухс кєн мєнєн мє зондцжын зєр-
дєйы цєстытє, цємєй мєлєты фынєй
ма бауон. Ємє мын рарвит сабыр Зєд,
мє удєн ємє мє буарєн хъахъхъєнєг-
ємє фєндагамонєг, цємєй мє фер-
вєзын кєна ме знєгтєй; цємєй, мє
сынтєгєй сыстгєйє, єрхєссон Дєуєн
бузныггаджы куывдтє. О Хицау, фехъус
мєн, Дє тєригъєдцжьш ємє гєлхєрд
цагъары, фєндонєй ємє хъуыдыйє;
балєвар мын кєн, рабадгєйє, Дє ны-
хєстє ахуыр кєнын, ємє Дє Зєдты
фєрцы дєлимонтєй уєнгуагъддзинад
атєр мєнєй; цємєй арфє кєнон Дє
сыгъдєг номєн ємє кадджын кє-
нон, ємє ном кєнон Иууылсыгъдєг
Хуыцауыныййарєг Мариамєн, Кєцыйы
радтай махєн, тєригъєдджынтєн, сє-
44
ИЗЛ-РЫ ФЫНЛ:ГШ РЛЗМЄ КУЫВЛТЄ
"ОЕ6Ю
рылхєцєгєн; ємє райс Уый, мах тых-
хєй кувєджы; зонын, кєй фєзмыны Дє
адєймагуарзондзинад ємє йє кувынєй
не 'нцайы. Уый сєрыл хєцын ємє Кад-
джын Дзуар єфтауыны ємє Де 'ппєт
сыгъдєджыты куывдты руаджы мын мє
мєгуыр уд бавєр, Йесо Чырысти, нє
Хуыцау, уымєн ємє Сыгъдєг Дє ємє
Иттєгкадджын Дє мыггагмє. Аммен.
5-єм куывд
Хицау, нє Хуыцау, цыдєридцєр тє-
ригъєд ракодтон ацы бон, дзырдєй,
хъуыдцагєй ємє хъуыдыйє, ныххатыр
мын кєн, Ды, куыд Хорз ємє Адєй-
магуарзєг; ратт мын єнємонц ємє са-
быр фын; рарвит мын Дє хъахъхъєнєг
Зєды, алы євзєрдзинадєй мє Чи хизы
ємє хъахъхъєны, Уый. Уымєн ємє
Ды Дє нє удты ємє нє буары Хъахъ-
хъєнєг, ємє Дєуєн кад єрвитєм, Фы-
дєн ємє Фыртєн ємє Сыгъдєг Удєн,
45
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
@Щ®
ныр ємє кєдцєриддєр, ємє мыгга-
гєй-мыггагмє. Аммен.
6-єм куывд
Хицау, нє Хуыцау, Чи нє уырны ємє
Кєй номмє сидєм алы нємттєй арєх-
дєр, ратт махєн, фынєймє цєуджытєн,
уды ємє буары сабырдзинад; ємє нє
бахъахъхъєн алыхуызон сєнттє цєгъ-
дынєй ємє талынг уєлмонцєй; бау-
ром монцты тырнындзинад, бамынєг
кєн нє буары сыстыны цырындзинад.
Ратт махєн єд єгъдау цард хъуыддєг-
тєй ємє ныхєстєй; цємєй, хєрзиуєг
цард банкъаргєйє, Дє зєрдєвєрд хорз-
дзинєдтєй ма ахицєн уєм, уымєн ємє
арфєгонд Дє єнустєм. Аммен.
7-єм куывд,
сыгъдєг Зєриндзых Иоанны
!Хицау, ма мє фєцух кєн Дє уєлар-
вон хорздзинєдтєй. 2Хицау, фервєзын
46
ИЗЄРЫ ФЬШЄЙЫ РЛЗМЄ КУЫВДТЄ
@Щ©
мє кєн єнєсцух тухєнєй. 3Хицау, ныб-
бар мын єй, кєд зондєй кєнє хъуы-
дыйє, ныхасєй кєнє хъуыддагєй тє-
ригьєд ракодтон. 4Хицау, фервєзын мє
кєн алыхуызон нєзонынадєй ємє рох-
уатєй, ємє тєппуддзинадєй, ємє
фєдургонд єнєнкъаргєдзинадєй.
5Хицау, фервєзын мє кєн алыхуызон зєр-
дєсайєнтєй. 6Хицау, срухс мын кєн мє
хинєйдзаг монцтєй талынг зєрдє. 7Хи-
цау, єз, куыд адєймаг, тєригъєд ракод-
тон, Ды та мын, куыд рєдау Хуыцау,
ныххатыр кєн, мє уды єдыхдзинад уын-
гєйє. 8Хицау, єрєрвит Дє фарн єххуы-
сєн мєнєн, ємє Дын сыстаудзынєн
Дє сыгьдєг ном. 9Хицау Йесо Чырыс-
ти, ныффысс мєн, Дє цагьары, Царды
Чиныджы ємє мын балєвар кєн хорз
кєрон. 10Хицау, мє Хуыцау, кєд ницы
хорздзинад ракодтон Дє разы, уєддєр
мын Дє фарнєй ратт хорздзинашы рай-
дайєн. пХицау, бапырх мын кєн мє
47
МЗ/Р.РЫ ФЫН/КЙЫ РЛЗМЖ КУЫВДТЛ-
зєрдє Дє фарны єртєхтєй. 12Арвы ємє
зєххы Хицау, єрхъуыды кєн мєн, дє
тєригъєдджын цагъары, єлгъаг ємє
чъизийы, Дє Паддзахады. Аммен.
*Хицау, мє фєсмондзинады райс
мєн. 2Хицау, ма ныууадз мєн. 3Хицау,
ма мє бакєн бєллєхы. 4Хицау, ратт
мын фарнджын хъуыды. 5Хицау, ратт
мын цєссыг; ємє мє мєлєт зєрдыл
дарын; ємє зєрдєфєлмєндзинад. 6Хи-
цау, ратт мын мє тєригъєдтє раргом
кєныны хъуыды. 7Хицау, ратт мын са-
бырдзинад, хєдєгъдаудзинад ємє уисє-
над. 8Хицау, ратт мын быхсын, зєрдє-
хєлардзинад ємє фєлмасдзинад. 9Хи-
цау, єрцєрын кєн Дє фарнджын тасы
уидаг мє зєрдєйы. юХицау, саккаг мє
кєн, цємєй Дє уарзон зєрдєбынєй
ємє алы хъуыдыйє ємє алцыппєты
дєр Дє фєнд єххєст кєнон. иХицау,
бахъахъхъєн мєн фыдзєрдє адємєй;
48
и.ч/кры фыпл-;йы рдзмл: куывлтл-
@Щй>
ємє дєлимонтєй; ємє монцтєй; ємє
алыхуызон єндєр зианхєссєг цыдєр-
тєй. 12Хицау, араз алцыппєт, Дєу куыд
фєнды, афтє, ємє уєд Дє сыгъдєг
фєнд мєн, тєригъєдджыны, мидєг
дєр, уымєн ємє арфєгонд Дє єнус-
тєм. Аммен.
8-єм куывд
Хицау, Йесо Чырысти, Хуыцауы
Фырт, Дє Аккагдєр Мады ємє Дє
єнєбуар Зєдты, Пахуымпары ємє Дє
Разєйцєуєг ємє Дє Аргъауєджы,
Хуьщауы ныхас кєнєг минєвєрпы, рухс
ємє хорзуєлахизджын хъиамєтгєн-
джыты, хєрзємгєс ємє хуыцаухєссєг
фыдгы ємє єппєт сыгьдєджыты куывд-
ты руаджы мє фервєзын кєн дєли-
монты єцєг лєбурынєй. О мє Хи-
цау ємє ме Скєнєг, Кєцыйы нє
фєнды тєригъєдджыны мєлєт, фєлє
єнхъєлмє кєсы, цємєй раздєха ємє
49
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
@ш§у
удєгас уа, уый, ратт мєнєн дєр,
єлгъыстєн ємє єнаккагєн, раздєхын;
сис мє сафєг калмы дзыхєй, кєцы бай-
гом и, цємєй мє аныхъуыра ємє мє
зындонмє нылласа удєгасєй.
О мє Хицау, мє зєрдє Рєвдауєг,
Кєцы мєн, єлгъысты, тыххєй ємби-
гє буар скодтай, фервєзын мє кєн
єлгъыстдзинадєй ємє зєрдєфидар
ратт мє тєригьєдцаг удєн. Нывєр мын
мє зєрдєйы Дє фєдзєхсттє єххєст
кєнын ємє хинєйдзаг хъуыддєгтє
ныууадзын ємє Дє амынддзинад райсын;
уымєн ємє Дєуыл, Хицау, мє ныфс
євєрын, фервєзын мє кєн.
9-єм куывд, Иууылсыгъдєг Хуъщауы-
ныййарєгмє Бетыр Студиты
Дєумє, Иууылсыгъдєг Хуыцауы
Мадмє, єз, єнаккаг, єрєфтгєйє кувын:
зоныс, Чызг-Паддзах, куыд єнєрєн-
цайгє тєригъєдтє кєнын ємє мєсты
50
ИМРЫ ФЫН/ЕЙЫ РЛЗМЛ- КУЫВДТЛ:
®^3ё>-
кєнын Дє Фырты ємє мє Хуыцауы.
Ємє кєд арєх сєттын мє тєригъєд-
тыл, уєддєр Хуыцауы раз мєнгардєй
раргом вєййын ємє фєсмон кєнын
ризгєйє: цымє мє Хуыцау фесафдзєн,
кєд ныр дєр ноджы фыдмитє кєнын?
Адон зонгєйє, Чызг-Бардарєг, мє
Єхсин Хуыцауыныййарєг, кувын,
хєрзгєнєг мын у ємє мє сфидар кєн
ємє хорздзинад аразыны хъуыды ратт
мєнєн. Зоныс єй, Чызг-Бардарєг, мє
Хуыцауы Ныййарєг, цємєй єз бынтон-
дєр фыдзєрдє хєссын ме 'взєр хъуыд-
дєгтєм, ємє зєрдєбынєй уарзын мє
Хуыцауы єгъдау; фєлє йє нє зонын,
Чызг-Бардарєг, Иууылсыгъдєг, цємєн
євзєрдзинад кєнын, кєд єй нє уар-
зын, уєддєр, ємє хорздзинадыл та
лєгєрдын. Ма уадз, Иууылсыгъдєг
Чызг, мє бар сєххєст кєнын, кєд нєу
Дє зєрдємєцєугє, фєлє уєд Дє
Фырты ємє мє Хуыцауы фєндон, ємє
51
ИЗЛ-РЫ ФЫПЄЙЫ РЛЗМ/К КУЫВДТЖ
(ЩЗ&-
мє фервєзын кєнєд ємє мын зонд
бацамонєд, цємєй нырєй фєстємє
ныууадзон чъизидзинад кєнын ємє
цємєй дардцєр фєцєрон Дє Фырты
фєдзєхсттєм гєсгє. Ууыл та ємбєлы
алыхуызон кад, ном ємє падцзахад, Йє
Єнєрайдайгє Фыдимє ємє Йє
Иууылсыгъдєг ємє Хорздзинадджын
ємє Царддєттєг Удимє, ныр ємє
кєддєриддєр ємє мыггагєй-мыг-
гагмє. Аммен.
10-єм куывд,
Иууылсыгъдєг Хуыцауыныййарєгмє
Хорзєхджын Хицауєн йє Хорзєхджын
Мад, Хєрзсыгъдєг ємє Арфєгонд-
дєр Хуыцауыныййарєг Мариам, Дє
Фырты ємє нє Хуыцауы хорзєх мын
мє удхайраг зєрдєйыл рауадз ємє мє
Дє куывдты фєрцы сєвєр хорз ракєнд-
тыл ємє мє царды иннє рєстєг єна-
иппєй фєуон ємє Дє фєрцы Дзєнєт
52
ИЗЛ-РЫ ФЫПЄПЫ РЛЗМЛ-! КУЫВДТЛ-;
<&&&
ссарон, Хуыцауыныййарєг Чызг, иунєг
Сыгъдєг ємє Арфєгонд.
Хшхьхьєпєг Зєдмє хуыед
Чырыстийы Зєд, мє сыгъдєг хъахъ-
хъєнєг, мє уды ємє буары аудєг! Ныб-
бар мєнєн єппєт, цыдєриддєр тєри-
гьєд ракодтон ивгъуыд бон, ємє мє
фервєзын кєн мє фыдзєрдє знаджы
алы мєнгарддзинєдтєй, цємєй єз иу
тєригъєдєй дєр ма смєсты кєнон мє
Хуыцауы; фєлє кув мєн, тєригьєдджын
ємє єнаккаг цагъары тыххєй, цємєй
єз разынон Иууылсыгъдєг Єртєиууоны
ємє мє Хицау Йесо Чырыстийы Мады
ємє єппєт сыгьдєджыты хорздзинады
ємє хорзаудєны аккаг. Аммен.
Уєлахизхєссєг Чызг-Фєтєгєн - уєла-
хизон, уымєн ємє нє фервєзын кодгай
фыдбылызєй, арфєйаг уєлємє єрвитєм
Дєуєн, Дє цагъартє, Хуьщауыныййарєг,
фєлє дєм куыддєриддєр ис єнє-
53
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РЛЗМЄ КУЫВДТ/К
@Ш&-
басєтгє падцзахад, афтє нє алыхуызон
фьщбылызєй бахиз, цємєй Дєумє си-
дєм: цин кєн, Єнєчындзыцыд Чындз.
Иууылкадджын Кєддєриддєр-Чызг,
Чырысти-Хуыцауы Мад, єрхєсс нє куывд
Дє Фыртєн ємє нє Хуыцауєн, цємєй
нын фервєзын кєна нє удгє Дє фєрцы.
Мє ныфс єппєтєй Дєуыл євєрын
Хуыцауы Мад, бавєр мє Де 'мбєрзє-
ны бын.
Хуыцауыныййарєг Чызг, ма мє ныу-
уадз, тєригъєдджыны, Дєуєй єххуыс
ємє хъахъхъєнын курєджы, уымєн
ємє Дєуєй ныфс євєры мє уд - тє-
ригъєд мын бакєн.
Сыгъдєг Иоанникийы куывд
Мє ныфсы Фыд, мє балєууєндон
Фырт, ме 'мбєрзєн Сыгъдєг Уд, Сыгъ-
дєг Єртєиууон, табу Дєуєн.
Аккаг у, цємєй єцєгдзинадєй ста-
уєм Дєу, ХуьщауьшыМарєджы, Алыхат-
54
ИЗЄРЫ ФЫИЄЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
@Щ©
тєхудиаджы, ємє Єппынєнаипджыны
ємє нє Хуыцауы Мады. Херувимтєй
цытджындєры ємє Серафимтєй иттєг
кадджындєры ємє Хуыцауы Дзырды
єнєнизєй ныййарєджы, єцєгХуыцауы-
ныййарєг уєвєджы, Дєу стыр кєнєм.
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгъ-
дєг Удєн, ныр ємє кєддєридцєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. C хатты.)
Хуыцау, арфє ракєн.
Хицау Йесо Чырысти, Хуыцауы Фырт,
Дє Сыгъдєг Мады, нє хєрзємгєс ємє
хуыцаухєссєг фыдты ємє єппєт сыгъ-
дєджыты куывдты фєрцы нын тєри-
гьєд бакєн. Аммен.
Сыгъдєг Дамаскаг Иоапны куывд
Барджын Адєймагуарзєг, цымє мын
ацы уат марды чырын уыдзєн, єви мын
ноджы мє єлгьыст уд срухс кєндзынє
боны рухсєй?
Мєнє мє разы марды чырын, мєнє
55
из/р.ры фыил:йы рлзмл: куывдт/к
&§2^>
мє разы мєлєт. Дє Тєрхонєй дын,
Хицау, тєрсын ємє - єнєсцух тухєнєй,
євзєрдзинад кєнын та нє уадзын: Дєу,
мє Хицау Хуыцауы, алы хатт мєсты
кєнын, ємє - Дє Иууылсыгьдєг Мады
ємє єппєт Уєларвон тыхты ємє мє
Сыгъдєг Хъахъхъєнєг Зєды. Зонын
єй, Хицау, цємєй нє дєн Дє адєй-
магуарзондзинады аккаг, фєлє дєн
алыхуызон тєрхоны ємє хъуырдухєны
аккаг. Фєлє, Хицау, фєнды мє єви
мє нє фєнды, фервєзын мє кєн. Кєд
та раст адєймаджы фервєзын кєн-
дзынє, стырєй дзы ницы и; кєнє сыгъ-
дєгєн ныххатыр кєндзынє, диссаг нєу:
сты Дє хорзаудєны аккаг. Фєлє мє-
ныл, тєригъєдпжыныл, диссагєн рав-
дис Дє хорзєх: уый мидєг равдис Дє
адєймагуарзындзинад, ємє ма фєфыл-
дєр уєд мє євзєрдзинад Дє єнє-
зєгъгє хорздзинад ємє барондзинадыл;
ємє Дє куыддєридцєр фєнды, афтє
скєн мє ирвєзыны хъуыддаг.
56
и:*/-ы'ы фын/киы клзмл-: куывдтл:
®Й2^
Схъєлдзєг мын кєн мє цєстытє,
Чырысти Хуыцау, цємєй макуы бакє-
нон мєлєты фынєй, цємєй макуы
зєгъа ме знаг: фєтых дєн ууыл.
Табу: Мє уды фарсхєцєг у, Хицау,
уымєн ємє бирє ахсєн хызты єхсєн
цєуын єз; бахиз мє уыдонєй ємє мє
фервєзын кєн, Хорзгєнєг, уымєн
ємє Адєймагуарзєг дє.
Ємє ныр: Иууылкадджын Хуыцауы
Мады ємє сыгъдєг Зєдтєй Сыгъ-
дєгдєры єнєбанцайгєйє скадджын
кєндзыстєм зєрдєйє ємє дзыхєй,
Хуыцауыныййарєджы афтємєй єрго-
мєй кадцжын кєнгєйє, уымєн ємє ма-
хєн буарджын Хуыцауы єцєгєй ныййард-
та ємє єдзухєй кувы нє удты тыххєй.
Куывд Кадджын Дзуарєн
Сыстдзєн Хуыцау ємє ныххєлиу уы-
дзысты Йе знєгтє, ємє алидздзысты Йє
цєсгомєй Йе 'нєуарзджытє. Куыд фє-
57
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
Ч§Щ®
тары вєййы фєздєг, уадз ємє фєтары
уєнт; куьщ тайы мыдадз арты цєсгомєй,
афтє фесєфєнт дєлимонтє Хуыцауы
уарзджыты цєсгомєй ємє сєхиуыл дзуа-
ры нысан єфтауджытєй ємє хъєлдзє-
гєй дзурджытєй: цин кєн, Иууылкад-
джын ємє Цардцєттєг Хицауы Дзуар,
дєлимонтє сурєг, Дєуыл тыгъд, нє
Хицау, Йесо Чырыстийы тыхєй, зын-
донмє Чи ныххызти ємє хєйрєджы тых
Чи басаста ємє махєн Дєу, Йє Кад-
джын Дзуар, Чи балєвар кодта алыхуы-
зон знаджы фєсурынєн. О Иууылкад-
джын ємє Царддєттєг Хицауы Дзуар!
Єххуыс мын кєн Сыгъдєг Єхсин
Хуыцауыныййарєг Чызгимє ємє єп-
пєт сыгъдєджытимє мыггагмє. Аммен.
Кєиє:
Бахиз мє, Хицау, Дє Кадджын ємє
Царддєттєг Дзуары тыхєй ємє мє
бахъахъхъєн алы євзєрдзинадєй.
58
ИЗЄРЫ ФЫИ.-КЙЫ РАЗМЄ КУЫВДТЄ
@ш§>-
Куывд
Срог нын кє, ныууадз нын ємє нын
ныббар, Хуыцау, нє тєригъєдтє, ба-
рєй ємє єнєбары, дзырдєй ємє хъуыд-
дагєй, зонгєйє ємє єнє зонгєйє,
боныгон ємє єхсєвыгон, зондєй ємє
хъуыдыйє кєй ракодтам, иууылдєр нын
сє ныббар, уымєн ємє Хорз ємє
Адєймагуарзєг дє.
Куывд
Нє фыдгултєн ємє не 'фхєрджытєн
ныббар, Адєймагуарзєг Хицау. Махєн,
хєрзгєнджытєн, хорз ракєн. Не 'фсы-
мєртєн ємє нє хєстєджытєн ирвєзы-
ны хос ємє мыггагмє цард ратг. Єнє-
фєразондзинєдгы уєвджыты басгар ємє
сын дзєбєхдзинад ратг. Денджызты чи
ис, уыдоны фєндаг сараз. Бєлццєттимє
бєлццон у. Хорзрастуырнєг паддзєхтєн
фарсдар у. Махєн, кусджытєн, ємє
махєн, тєригьєдгєнджытєн, сє тєри-
59
изл:ры фып/кйы рлзмл-; куывлт/р.
Ч§?^}~
гъєдтє ныббар. Сєхи тыххєй махєн,
єнаккєгтєн, кувын чи бафєдзєхста,
уыдонєн Де стыр хорзєхдзинадєй тє-
ригьєд бакєн. Єрымыс, Хицау, нє раг,
амєлєг фьщєлты ємє єфсымєрты ємє
сє єрєнцайын кєн уыдоны, Дє цєсго-
мы рухс кєм и, уым. Єрымыс, Хицау,
нє хаст єфсымєрты ємє сє фервєзын
кєн алы хъынцъымдзинадєй. Єрымыс,
Хицау, Дє сыгъдєг аргьуанмє халсархєс-
джыты ємє хорзгєнджыты ємє сын
ратг, ирвєзындзинадєн хорз цы уыдзєн,
уый, ємє мыггагмє цард. Єрымыс,
Хицау, мах дєр, сабырты, тєригъєд-
джынты ємє Де 'наккаг цагъарты, ємє
нын срухс кєн нє зонд Дє зонды рух-
сєй, ємє нє сараз Дє амынддзинєд-
ты фєдыл, нє Иууылсыгъдєг Єхсин
Хуыцауыныййарєг ємє Кєддєриддєр
Чызг Мариамы ємє Де 'ппєт сыгъдє-
джыты куывдты фєрцы. Уымєн ємє ар-
фєгонд Дє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
60
и;з,ы>ы фыпл-пы глзмл-; куьиитл:
Алыбоны тєрнгъєдтє єргом
кєныны куывд
Єргом кєнын Дєуєн, мє Хицау
Хуыцауєн ємє Сфєлдисєгєн, Сыгьдєг
Єртєиууоны Иугондєн, кадджынєн
ємє єркувинагєн, Фыдєн ємє Фыртєн
ємє Сыгъдєг Удєн, ме 'ппєт тє-
ригъєдтє, кєцытє ракодтон мє царды
алы бон ємє алы сахат дєр; ныры рєс-
тєджы ємє ивгъуыд бонты ємє єхсєв-
ты, хъуыддагєй, ныхасєй, хъуыдыйє;
фырхєрдєй, расыгдзинадєй, сусєгхор-
дзинадєй, дзєгьєлдзырдєй, ныфссаст-
дзинадєй, зивєгєй, ныхмє дзурынєй,
нєуисонєй, цъыфкалынєй, тєрхон
кєнынєй, єнєхъоладзинадєй, хиуар-
зондзинадєй, бирє-тонайє, хуыснєг-
дзинадєй, гєды ныхасєй, буары чъи-
зидзинадєй, зыдязинадєй, зєрдєхсай-
дєй, хєлєгдзинадєй, тызмєгдзинадєй,
саузєрдєдзинадєй, фыдзєрдєдзина-
дєй, фыдтонайє ємє мє алы єнкъа-
61
ИЗЄРЫ ФЫНЄЙЫ РЛЗМЄ КУЫВДТЄ
Ч§Й§3§>-
рєнєй: цєстырухсєй, хъусынєй, ємбу-
дєнєй, адєй, уырзєнєй ємє ме 'ндєр
тєригъєдтєй, уды хъєдєй ємє буарєй
иумє, кєцытєй Дєу, мє Хуыцауы ємє
Сфєлдисєджы, смєсты кодтон ємє мє
хєстєджы фєзылын кодтон: адоныл
фєсмон кєнгєйє ме 'взєрдзинєдтє
Дєу, мє Хуыцауы размє хєссын ємє
бархийє фєсмон кєнын: єрмєст,
Хицау, мє Хуыцау, баххуыс кєн мє-
нєн, сєрныллєгєй кєугєйє Дєуєй
курын: мє раздєры тєригъєдтє ныб-
бар мєнєн Дє хорзаудєнєй ємє мє
ссєрибар кєн иууылдєр, Дє разы кєй
загътон, уыдонєй, уымєн ємє Хорзєх-
джын ємє Адєймагуарзєг дє.
Фынєйы размє куывд
Дє къухтєм, Хицау, Йесо Чырысти, мє
Хуыцау, дєттын мє уд; Ды та мын арфє
ракєн, Ды мын тєригъєд бакєн ємє
мын єнусон цард балєвар кєн. Аммен.
БОНЫДЄРГЬЫ КУЫВДТЄ
Йесойы куывд
Хицау, Йесо Чырысти, Хуыцауы
Фырт, тєригъєд мын бакєн.
Сихоры ємє єхсєвєры размє куывд
Хицауы куывд
Мах Фыд, Кєцы Дє уєлєрвты! Сыгь-
дєг уєд Дє ном, єрцєуєд Дє Паддза-
хад, Дє бар уєд, уєларв куыд у, зєх-
хыл дєр афтє. Нє уоныны дзул ратт
махєн абон; ємє нын ныббар нє
хєстє, мах нє хєсджынтєн куыд ба-
рєм, афтє; ємє нє ма бакєн фыдєв-
63
Г>(Л1ЫЛЄРГЬЫ КУЫ ВДТЄ
зарєны, фєлє нє фервєзын кєн фыд-
былызєй.
Кєнє:
Алкєй цєстытє єнхъєлцау сты
Дєумє, Хицау, ємє сын Ды дєттыс
хойраг хорз афон - байгом кєныс Ды
дє рєдау къух ємє єххєст кєныс алы
цєрєджы хорз фєндон.
Фєссыхоры ємє фєсахсєвєры куывд
Бузныг Дє стєм, Чырысти, нє Хуыцау,
Дє зєххон хєрзтєй нє кєй бафсєстай.
Дє Уєларвон Паддзахадєй дєр нє ма
фєцух кєн, фєлє, Дє ахуыргєнинєпы
астєумє куыд бацыдтє, Ирвєзынгєнєг,
сабырдзинад сын дєтгєйє, афтє нєм
єрцу ємє нє фервєзын кєн.
Ахуыр кєиыпы размє куывд
Уєларвон Паддзах, Рєвдауєг, Єцєг-
дзинады Уд, алыран Уєвєг ємє єппєт
Дзаггєнєг, хєрзты Хєзнадон ємє цард
64
боныдєргьы куывдтє
@Ш©-
Дєттєг, єрцу ємє нє мидєг єрцєр
ємє нє ссыгъдєг кєн алы євзєрдзи-
надєй ємє нын фервєзын кєн нє
удты, Хорзгєнєг.
Кєнє:
Иууылхорз Хицау, Дє Сыгьдєг Уды
хорзлєвардзинад нын єрєрвит, ємба-
рындзинад нын Чи дєтты ємє нє уды
хъарутє Чи фидар кєны, уый, цємєй,
кєй нын амонынц, уый ємбаргєйє
схъомыл уєм Дє кадєн, не Сфєлдисєг,
нє ныййарджытєн - цинєн, Аргъуанєн
ємє Фыдыбєстєн та — ахъазєн.
Ахуыр кєныны фєстє куывд
Бузныг Дє стєм не Сфєлдисєг, Дє
Хорзлєвардзинады аккаг нє кєй скод-
тай ахуыр кєнын ємбарынєн. Арфє
ракєн нє хицєуттєн, нє ныййарджы-
тєн ємє нє ахуыргєнджытєн, хорз-
дзинад базонынмє нє чи хоны, уыдо-
3 3аказ№1161 65
БОНЫДЄРГЪЫ КУЫВДТЄ
@ш©
нєн, ємє нын тых ємє єнєниздзи-
над ратт ардыгєй фєстємє дєр ахуыр
кєнынєн.
Кєнє:
Бузныг Дє стєм, Хуыцау, Сыгъдєг
Уды тых нын кєй радтай ахуыр кєнын
ємбарынєн. Арфє ракєн нє ахуыр
кєныныл хъиамєтгєнджытєн ємє нын
тых ємє хъару ратт ардыгєй фєстємє
дєр ахуыр кєнынєн.
Сыгъдєг Ефрем Сириаджы куывд
(Єртє стыр агркуывды кєнєм, Ефре-
мы ацы куывд дзургєйє, сертє дихы йє
кєнгєйє):
Мє царды Хицау ємє Хуыцау, зивєг-
дзинады, хиуагъдцзинады, хистєрад уар-
зындзинады ємє дзєгъєлдзырддзина-
ды зонд мын ма ратт.
(Єркуывд.)
66
БОНЫДЄРГЬЫ КУЫВДТЛ-
Сыгъдєгдзинады, сабырдзинады ємє
уарзондзинады зонд та мын ратт мєнєн,
Дє цагъарєн.
(Єркуывд.)
О Хуыцау Паддзах! Ратт мын, цємєй мє
тєригьєдгє уынон, ємє ме 'фсымєрты
фыдгой ма кєнон; уымєн ємє арфєгонд
Дє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
(Єркуывд.)
(Стєй — чысыл єркуывдтє 12, алы
єркуывдыл дзургєйє):
Хицау, ссыгъдєг кєн мєн, тєригъєд-
джыны.
(Ємє ноджы райдайы ацы куывд):
Мє царды Хицау ємє Хуыцау...
(Иууьтдєр, уселдєр куыд фыст у, афтє.
Ємє — иу стыр єркуывд.)
67
БОНЫДЛ-РГЬЫ КУЫВДТЛ:
@ш&-
90 псалом
Бєрзонды ємбєрзєны бын цєрєг
Єппєтфєразєгєн йє аууоны єрєн-
цайы. Зєгьы Хуыцауєн: Ды дє мє ахъаз-
гєнєг ємє мє балєууєндон, Ды мє
Хуыцау дє, єз Кємєй ныфсджын дєн.
Уый дє фервєзын кєндзєни ахсєджы
къєппєгєй ємє сафєг низєй; Йє си-
стєй дын аууон скєндзєни ємє Йє ба-
зырты бын бамбєхсдзынє; Уымєн Йє
єцєгад у уарт ємє фидардзинад. Нє
фєтєрсдзынє єхсєвы тасєй, нєдєр
боныгон тєхгє фатєй, талынджы цє-
уєг низєй, ємбисбон афтидгєнєг цєугє
низєй. Дє цуры єрхаудзєни мин, ємє
єнєнымєц — дє рахизфарсєрдыгєй,
фєлє дєумє нє бавналдзєни. Єрмєст
кєсдзынє дє цєстытєй ємє фендзынє
єнєгьдаутєн се 'фхєрд; уымєн ємє
Ды, Хицау, мє ныфс дє. Єппєтєй-
бєрзонды сєвзєрстай Ды Дє балєу-
уєндонєн. Бауагъд нє уыдзєни дєумє
68
БОИЫДЄРГЪЫ КУЫВДТЛ-:
@ш§>-
зиан, нєдєр цєф бахєццє уыдзєни дє
цєрєндонмє. Уымєн ємє амоны Йє
зєдтєн дєу тыххєй, цємєй дє хъахъ-
хъєной дє алы фєндагыл. Сє къухтыл
дє хєсдзысты, цємєй ма скъуырай ду-
рыл дє къах. Домбай ємє маргджын
калмы дє къєхты бын фєкєндзынє; ємє
домбайы лєппыны ємє залиаг калмы
ныссєндцзынє. Уый Мє кєй бауарз-
та, уый тыххєй йє фервєзын кєндзы-
нєн; ахъаз бакєндзынєн уымєн,
уымєн ємє уый базыдта Мє ном.
Сиддзєни Мєнмє ємє йєм байхъус-
дзынєн; Уыимє уыдзынєн Єз йє хъыг-
дзинєдты рєстєджы; фервєзын єй
кєндзынєн ємє йє скадджын кєн-
дзынєн. Даргъ цєрєнбонтєй йє баф-
саддзынєн ємє йын равдисдзынєн Мє
ирвєзынкєнындзинад.
©<3й>э
СЫГЪДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫНЫ
РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
Нє сыгъдєг фыдєлты куывдты фєр-
цы нын, Хицау Йесо Чырысти, нє
Хуыцау, тєригъєд бакєн. Аммен.
Уєларвон Падцзах, Рєвдауєг, єцєг-
дзинады Уд, алыран Уєвєг ємє єппєт
Дзаггєнєг, хєрзты Хєзнадон ємє цард
Дєттєг, єрцу ємє нє мидєг єрцєр
ємє нє ссыгъдєг кєн алы євзєрдзи-
надєй ємє нын фервєзын кєн нє
удты, Хорзгєнєг.
Сыгьдєг Хуыцау, Сыгьдєг Тыхджын,
Сыгъдєг Єнємєлєг, тєригъєд нын
бакєн. C хатты.)
70
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙАД РАЙСЫМЫ РЛЗМЄИЫ КУЫВДТЄ
-@^3®
Табу Фьщєн ємє Фыртєн ємє Сыгь-
дєг Удєн, ныр ємє кєддєриддєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Иууылсыгъдєг Єртєиууон, тєригъєд
нын бакєн; Хицау, ссыгъдєг кєн нє
тєригъєдтє; Барджын, ныббар нын не
'нєгъдаудзинєдтє; Сыгъдєг, басгар
ємє нын сдзєбєх кєн не 'нєфєразон-
дзинєдтє Дє номы тыххєй.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. C хатты.)
Табу Фыдєн ємє Фыртєн ємє Сыгъ-
дєг Удєн, ныр ємє кєддєридцєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
Мах Фыд, Кєцы Дє уєлєрвты! Сыгь-
дєг уєд Дє ном, єрцєуєд Дє Паддза-
хад, Дє бар уєд, уєларв куыд у, зєх-
хыл дєр афтє. Нє уоныны дзул ратт
махєн абон; ємє нын ныббар нє
хєстє, мах нє хєсджынтєн куыд ба-
71
СЫГЪДЄХ ЄМХЛЙЛД РАЙСЬШЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
рєм, афтє; ємє нє ма бакєн фыдєв-
зарєны, фєлє нє фервєзын кєн фыд-
былызєй.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. (Пхатты.)
Єрцєуг, єркувєм нє Падцзах Хуьщауєн.
Єрцєут, єркувєм ємє єрєфтєм
Чырыстийєн, нє Паддзах Хуыцауєн.
Єрцєут, єркувєм ємє єрєфтєм
Чырыстийєн Йєхицєн, нє Паддзах
Хуыцауєн. C єркуывды.)
22 псалом
Хуыцау мє хъахъхъєны ємє хъадж-
джын ницємєй фєуыдзынєн, Уый мє
єнцой кєны кєрдєгджын бынатыл:
ємє мє сыгъдєг цєуєг дєттєм хоны.
Мє удєн дєтты циндзинад, ємє мє
растдзинады фєндєгтыл хоны Йє номы
тыххєй. Мєлєты аууоны лєгъзыл куы
ауайон, уєд дєр євзєрдзинадєй нє
фєтєрсдзынєн, Ды мемє кєй дє, уый
72
СЫГЪДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫНЫ РАЗМ/КЙЫ КУЫПДТЄ
(§Ш®
тыххєй, Дє тых ємє Дє лєдзєг мєн зєр-
дєджын дардзысты. Ды єрєвєрдтай мє
разы фынг, ме знєгты цєстмє сєр бай-
сєрстай зетийє ємє мє нуазєн дзаг у.
Афтє хорздзинад ємє хорзєхдзинад
мемє сты мє цєрєнбонты иууыл ємє
єз Хицауы хєдзары бирє азты уыдзынєн.
23 псалом
Зєхх ємє йыл чи сты, уыдон, ємє
ууыл цєрджытє єппєт дєр Хицауы
сты. Уый йє денджызты єхсєн єрєм-
бырд кодта, ємє йє цєугєдєтгы єхсєн
ныффидар кодта. Чи ссєудзєни Хицауы
хохмє ємє чи слєудзєни Йє сыгъдєг
бынатыл; Уый, йє къухтє сыгъдєг кє-
мєн сты ємє йє зєрдє єнєтєригъєд
кємєн у; йє ном ын хуымєтєджы чи
нє дзуры ємє мєнгєй йє хєстєгєн
сомы чи нє кєны. Уый Хицауєй арфє
ємє йє Ирвєзынгєнєг Хуыцауєй
хорзєх райсдзєни. Ахєм у Хуыцауы
73
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙАД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@ш®
агурджыты мыггаг ємє, Дє цєсгомы
раз балєууын кєй фєнды, Йакобы
Хуыцау. Дуєрттє! Ує сєртє сбєрзонд
кєнут, сбєрзонд кєнут єнусон дуєрт-
тє! Кады Паддзах єрбацєуы. Чи у ацы
кады Паддзах? Фидар ємє тыхджын
Хицау, хєсты Хицау. Дуєрттє! Ує
сєртє сбєрзонд кєнут, сбєрзонд кє-
нут єнусон дуєрттє! Кады Паддзах
єрбацєуы. Чи у кады Падцзах? Єфсєд-
ты Хицау у, кады Падцзах.
115 псалом
Мєн уырныдта, иттєг хъизємар кє-
нын куы загътон, уєд єз загътон мє
мєстєй: алы лєг мєнг у. Цы ратдзы-
нєн Хицауєн, цы хєрзтє мын ракодта,
єппєт уыдоны тыххєй? Ирвєзын-
дзинады нуазєн райсдзынєн ємє Хи-
цауы ном ссардзынєн. Сєххєст кєн-
дзынєн мє куывдтє Хицауєн Йе 'ппєт
адємы раз. Хицауы цєстыты раз цыт-
74
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫИЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
Ч§Щ®
джын у Йє сыгьдєджыты мєлєт. О Хи-
цау! Єз Дє цагьар дєн, єз Дє цагъар
дєн; ємє Дє цагьар-усы фырт: Ды мєн
мє хъєдгємттєй суєгъд кодтай. Кад-
дзурыны нывонд Дын єрхєсдзынєн
ємє Хицауы номмє скувдзынєн. Мє
куывдтє сєххєст кєндзынєн Хицауєн
Йе 'ппєт адємы раз. Хицауы хєдзары
кєртыты ємє дє астєу, о Йерусалим.
Табу ємє ныр C хатты єртсе єркуыв-
димє): Аллилуййа.
Ємє ацы тропартє, 8-єм хъєлєс:
Ме 'нєдиндзинєдтє мацємє бадар,
Чызгєй райгуырєг Хицау, ємє мє зєрдє
ссыгьдєг кєн, цємєй суа Дє Буарєн
ємє Тугєн цєрєндон; ємє мє ма ап-
пар Дє цєсгомєй, єнєбахынцгє стыр
хорзєхтє Дєм кєй ис, уый тыххєй.
Табу:Цє Сыгъдєгдзинєдтєй хай исын
куыд бауєндцзынєн єз — єнаккаг, ак-
каг чи у, уыдонимє Дєм бацєуын куыд
75
СЫГЪДЛТ Л1МХЛЙЛД РАЙСЫНЫ РЛЗМ/ЕЙЫ КУЫВДТЄ
@Щё>-
бауєндон, уєд мє мє хєдон гєды кєны,
уымєн ємє изєрхормє бацєуынєн
нєбєззы ємє єфхєрд райсдзынєн;
Хуыцау, мє уды євзєрдзинєдтєй мє
ссыгъдєг кєн ємє мє фервєзын кєн,
Адєймагуарзєг кєй дє, уый тыххєй.
Ємє ныр: Хуыцауыныййарєг! Мє ит-
тєг бирє тєригъєдтимє Дєумє єрир-
вєзтєн, Сыгъдєг, ирвєзындзинад кур-
гєйє: басгар мє, єнєфєразон уды,
ємє кув Дє Фыртєн ємє нє Хуыцауєн,
цємєй мын ныббара, євзєрєй кєй
ракодтон, уыдон, иунєг арфєгонд Мад!
(Сыгъдєг Стыр комдарды та-иу зєгь:
Кадджын ахуыргєнинєгтє сє къєхтє
ахсынєн изєры куы байдыдтой рухсад
исын, уєд єнаккаг Иудє та, єхцауарзы-
нєй нєфєразгєйє, талынг кєнын бай-
дыдта, ємє Дєу, раст Тєрхонгєнєджы,
зылын тєрхонгєнджыты къухтєм рад-
та; єркєс, исдзинєдтыл архайєг: уыдо-
76
СЫГЪДЛ-Т .'НМХАЙЛД РЛЙСЫНЫ РАЗМДгЙЫ КУЫВДТ/К
ны тыххєй йєхи чи єрцауыгъта; лидзгє
єнєфсис удєй, Ахуыргєнєгєн ахєм
хъуыддаг кєнын чи бауєндыди: Ды та,
єппєтєн хорзгєнєг Хицау, табу Дєуєн.)
50 псалом
Тєригъєд мын бакєн, Хуыцау, Де
стыр хорзєхдзинадєй ємє Дє бирє
рєдаудзинєдтєй ссыгъдєг кєн ме 'нє-
диндзинад, иттєгдєр мын цєхс ме
'нєгъдаудзинад ємє мє ссыгъдєг кєн
мє тєригъєдєй; уымєн ємє ме 'нє-
диндзинєдтє єз зонын, ємє мє тє-
ригъєд кєддєриддєр мє разы ис; Дє
разы, єрмєст Дє разы, єз тєригъєд
ракодтон, Дє цєстыты раз євзєр ра-
кодтон, ємє афтє раст у мєнмє Дє
фыдєх ємє сыгъдєг у Дє тєрхондзи-
над. Мєнє єнєдиндзинадимє мє
мады гуыбыны сєвзєрдтєн, ємє мє
тєригъєдимє ныййардта мє мад.
Мєнє Ды єцєгдзинад бауарзтай, єнє-
77
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙЛД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
зындтє ємє стырзонддзинады сусєг-
дзинєдтє мєнєн єргом кєныс. Ба-
пырх мє кєн иссопєй, ємє ссыгьдєг
уыдзынєн, цєхс мє, ємє митєй урс-
дєр суыдзынєн, фехъусын мын кєн
єхсызгонад ємє циндзинад, ємє сцин
кєндзысты Дєуєй саст стджытє. Аз-
дах Дє цєсгом мє тєригъєдтєй, ємє
ме 'нєдиндзинєдтє иууыддєр ссыгьдєг
кєн. Хуыцау, мє мидєг сыгъдєг зєрдє
скєн ємє раст уд сног кєн мє хуыл-
фы, ма мє аппар Дє цєсгомєй ємє
мє Дє сыгъдєг Уд ма айс. Ратт мын
Дє ирвєзындзинады циндзинад ємє Дє
Хуыцауон Удєй ныффидар кєн мєн.
Бацамондзынєн єнєдинтєн Дє фєн-
дєгтє, ємє тєригъєдджынтє Дєумє
раздєхдзысты; фервєзын мє кєн тугєй,
Хуыцау, о Хуыцау, мє Ирвєзынгєнєг,
ємє ме 'взаг сзардзєни Дє растдзинад.
Хуыцау, байгом кєн мє дзых, ємє уый
фехъусын кєндзєни Де стауындзинад.
78
СЫГЪДЄГЄМХЛЙАД РЛЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@Шё>-
Уымєн ємє Дє ньгеонд куы фєндыдаид,
уєд єй єрхастаин, фєлє дын Иууыл-
басудзинаг єхсызгон нєу. Хуыцауєн
нывонд у сабыр уд; уынгєг ємє са-
быр зєрдє нє фегад кєндзынє Ды,
Хуыцау. Дє хорз фєндонєй хорз ракєн
Сионєн ємє самай Йерусалимы систє.
Уєд растдзинады нывонд, лєвардзинад
ємє Иууылбасудзинєгтє бауарздзынє,
ємє Дын Дє нывондєргєвдєныл уєн-
гуытє сєвєрдзысты.
Ємє уый фсестсе канощ 2-аг хъєлєс:
1-аг зарєг
Ирмос: Єрцєут, адємтє, зарєм за-
рєг Чырысти-Хуыцауєн, денджызы дих-
гєнєгєн ємє, египетаг куыстєй цы
адєм рахуыдта, уыдон акєнєгєн,
уымєн ємє Уый скадджын и.
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгьдєг
зєрдє скєн, ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
79
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫИЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@Щ©
Хорззєрдєджын Хуыцау, Дє Сыгъдєг
Буар мын єнусмєгєнєг царды дзул
уєд, ємє Дє Кадджын Тут мє алыхуы-
зон нєфєразондзинєдты дзєбєхдзи-
надєн фєуєд.
2-аг єрбазарыт Ма мє аппар Дє цєсго-
мєй ємє мє Дє Сыгьдєг Уды ма байс.
Єнєуаг хъуыддєггєй хъєстє дєн єз —
єнамонд, ємє Дє Иууылсыгъдєг Буа-
рєй ємє Хуыцауон Тугєй ємхайад рай-
сыны аккаг нє дєн, Чырысти, фєлє
мє уый аккаг скєн.
Єрбазарын: Хєрзсыгьдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
Хуыцауыныййарєгон: О хорз Зєхх,
Хуьщауы арфєгонд Чындз! Єнє тыд ємє
дунейы ирвєзын кєнынєн цы єфсир
єрзайын кодтай, уымєй хєргєйє мєн
фервєзыны аккаг скєн.
3-аг зарсег
Ирмос: Уырныны дурыл мє ныффидар
кєнгєйє мын мє дзых ме знєгтєм бай-
80
СЫГЪДЄГ /ЪМХЛЙЛД РЛПСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@^2©
гом кодтай. Уымєн ємє мє уд дєр сцин
кодта заргєйє: нєй сыгьдєг нє Хуыцауы
хуызєн ємє растдєр нєй Дсеуєй, Хицау.
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгьдєг
зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Цєстысыджы єртєхтє мын ратт,
Чырысти, мє зєрдєйы євзєрдзинад
сыгъдєггєнджыты, цємєй хорз зєрдє
сыгъдєггондєй, уырнгєйє ємє тєрс-
гєйє єрцєуон, мє Бардарєг, Дє
Хуыцауон лєвєрттєй ємхайад исынмє.
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгъдєг Уды ма байс.
Дє Сыгьдєг Буар ємє Дє Хуыцауон
Туг мын уєд, Адєймагуарзєг Чырысти,
мє тєригьєдтє ныббарынєн, Сыгъдєг
Удимє ємдзєрындзинадєн, єнусмє
царды тыххєй ємє фыдвєндонєй ємє
хъыгдзинадєй фервєзыны тыххєй.
Єрбазарын: Хєрзсыгъдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
81
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙЛД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@Щё>-
Хуыцауыныййарєгон: Хєрзсыгъдєг
Фынг, Мариам! Уєларвєй хорзєхы тых-
хєй Єрцєуєджы ємє дунейєн ног цард
Дєттєджы царды Дзулы Хєрзсыгъдєг
Фынг, уыцы Дзулєй мєн дєр, єнак-
каджы, абон аккаг скєн тєрсгєйє ба-
хєрынєн, цєрыны тыххєй.
4-єм зарєг
Ирмос: Райгуырдтє Чызгєй, нєдєр —
фєлгъауєг, нєдєр — Зєд, фєлє — Дє-
хєдєг, сбуарджын уєвєг Хуыцау, ємє
мєн, єгасєй адєймаджы дєр фервєзын
кодтай. Ємє уый тыххєй Дєуєн зарын:
табу Дє тыхєн, Хицау!
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгъ-
дєг зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Мах тыххєй Дє бафєндыди буар рай-
сын, Бирєхорзєхгєнєг, ємє адємы
тєригъєдты тыххєй єргєвст фєуын
уєрыккау, уый тыххєй Дын кувын, мє
тєригъєдтє дєр мын ссыгъдєг кєн.
82
СЫГЬД.-КГ /НМХЛЙАД РАЙСЫНЫ РЛЗМ.КЙЫ КУЫВДТЄ
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгьдєг Уды ма байс.
Мє уды хъєдгємттє мын сдзєбєх
кєн, Хицау, ємє мє 'гасєй ссыгъдєг
кєн ємє мє аккаг скєн, мє Бардарєг,
цємєй єз - єнамонд, хайджын суон
Дє сусєг Хуыцауон изєрхорєй.
Єрбазарын: Хєрзсыгьдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
Хуыцауыныййарєгон: фєтєригьєд кє-
нын кєн мєнєн дєр Дє гуыбынєй
Єрцєуєджы, о нє бєрзонд Єхсин,
Мариам, ємє мєн, Дє цагьары, сыгъ-
дєгєй ємє єнєтєригъєдєй бавєр,
цємєй зондджын зынаргъдзинад райс-
гєйє ссыгъдєг уон.
5-єм зарєг
Ирмос: Рухсдєттєг ємє афонтє
Сфєлдисєг, Хицау, Дє уынаффєты рух-
сы мах ныллєууын кєн; уымєн ємєдєу
йеддємє єндєр Хуыцау нє зонєм.
83
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
<§Щ®
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг мын сыгъ-
дєг зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Раздєр куыд загътай, Чырысти, афтє
уєд мєнєн дєр, Де 'взєр цагъарєн,
ємє мє хуылфы фєцєр, зєрдє куыд
сєвєрдтай афтє: уымєн ємє мєнє Дє
Хуыцауон Буар хєрын ємє Дє Тугєй
нуазын.
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгьдєг Уды ма байс.
Хуыцауы Дзырд ємє Хуыцау, Дє
Буары зынг мєнєн, талынджы уєвє-
гєн, срухс кєнынєн уєд, Дє Тут та -
ме 'взєр уды ссыгъдєг кєнынєн.
Єрбазарын: Хєрзсыгъдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
Хуыцауыныййарєгон: Хуыцауы Мад
Мариам, будтєфы цытджын бынат, Дє
куывдтєй мє євзєрст мигєнєн скєн,
цємєй Дє Фырты сыгьдєггондтєй хай-
джын суон.
84
сыгьдлт лсмхлйлд рлПсъшы размєйы куывдт/е
<§Ш§>-
6~єм зарєг
Ирмос: Тєригъєды єнєбын арфы зил-
гєйє Дє єнсеиртєст хорз зєрдєдзина-
ды єнєарєнмє сидын: О Хуыцау/ Сафгє
ємбийынєй мє ракєн.
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгьдєг
зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Мє зонд, мє уд, мє зєрдє ємє мын
мє буар ссыгъдєг кєн, Ирвєзынгєнєг,
ємє мє, мє Хуыцау, єнє бафхєргєйє
тасон Сусєгдзинєдтєм баввахсы аккаг
скєн.
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгъдєг Уды ма байс.
Цємєй, Дє Сыгьдєг Сусєгдзинєд-
тєй ємхайад райсгєйє, фыдфєндонтєй
ахицєн уон ємє мыл Дє хорз лєвар-
дзинад, Чырысти, ємє царды фидар-
дзинад бафта.
Єрбазарын: Хєрзсыгъдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
85
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@ш©-
Хуыцауыныййарєгон: Хуыцауы Сыгьдєг
Дзырд, Хуыцау, абон мєн, Дє Хуыцауон
Сусєгдзинєдтєм єрцєуєджы, Дє
Сыгъдєг Мады лєгъстєтєй єгасєй
ссыгъдєг кєн.
КондаКу 2-єм хъєлєс:
Дзул райсыны мє єнє аккаг ма скєн,
Чырысти, Дє Буар ємє Дє Хуыцауон
Туг, Бардарєг, фєлє мє абон, ныфссєф-
ты, Дє иууылсыгьдєг ємє тасєфтауєг
Сусєгдзинєдтє райсыны аккаг скєн:
цємєй мын бафхєрынєн ма уа, фєлє
мын уа єнусмє єнємєлгє цардєн.
7-єм зарєг
Ирмос: Сызгъєрин нывєн зондджын
лєппутє нє бакуывтой, ємє цырын
арты астєумє сєхуыдтєг бацыдысты
ємє сын, сє гуымирты фегадгєнгєйє,
арты пиллоны астєуєй зарыдысты, ємє
сє Зєд бартєх кодта зєгъгєйє: усе дзых-
ты куывд фехъуысти.
86
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@Щ©-
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгьдєг
зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Хєрзты суадон, Чырысти, Де 'нє-
мєлгє Сусєгдзинєдтєй хай райсєн
мын уєд рухсєн ємє цардєн ємє
Хуыцауы адджын хорз хъуъщдєгтє сби-
рєйєн ємє єнтысынєн, цємєй Дєу,
иунєг Хорзгєнєг, кадджын кєнон.
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгъдєг Уды ма байс.
Цємєй фервєзон фыдвєндонтєй
ємє знєгтєй ємє хъуагдзинєдтєй
ємє алы хъыгдзинєдтєй, тєрсгєйє
ємє уарзгєйє ємє сыгъдєгзєрдєйє
абон, Адєймагуарзєг Чырысти, Де
'нємєлгє ємє Хуыцауон Сусєгдзи-
нєдтєм єрбацєуон; ємє мє Дєуєн,
арфєгонд дє, зєгъгє, Хицау, нє
фыдєлты Хуыцау, зарыны аккаг скєн.
Єрбазарын: Хєрзсыгьдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
87
СЫГЬДЛТ ЄМХЛЙАД РЛЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЛ-:
@Щ©-
Хуыцауыныййарєгон: Ирвєзынгєнєг
Чырыстийы зондєй уєлдєр ныййарєг,
Хуыцауы Хорзлєвардзинадджын Чызг,
лєгьстє кєнын абон єз, Дє цагъар, Дє-
уєн, Сыгьдєгєн, єз — єнєсыгьдєг; абон
мєн, Хєрзсыгьдєг Сусєгдзинєдгєм ба-
цєуын кєй бафєндыди, буары ємє уды
євзєрдзинадєй єгасєй ссыгьдєг кєн.
8-єм зарсег
Ирмос: Судзгсе пецмє дзуттаг лєппу-
тєм єрцєуєгєн ємє цырын арт єртах
фестынгєнєг Хуыцауєн, Ие сфєлди-
сонтє Иын зарут, куыд Хуыцауєн, ємє
Йє бєрзонд кєнут мыггагєй-мыггагмє.
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгъдєг
зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Чырысти, абон Дє уєларвон ємє та-
сон ємє сыгьдєг Сусєгдзинєдтєй ємє
Дє Хуыцауон ємє сусєг изєрхорєй
мєн дєр, єнєныфсджыны, хайы аккаг
скєн, Хуыцау, мє Ирвєзынгєнєг.
88
СЫГЬДЛТ /ЕМХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ РЛЗ.ЧЛгПЫ КУЫВДТ/Е
Ч§Й*Э©
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгьдєг Уды ма байс.
Дє хорззєрдєдзинадыл мєхи фєдзєх-
сын, хорззєрдєджын Чырысти, ємє
Дєм тєрсгєйє сидын: мє хуылфы фє-
цєр, Ирвєзынгєнєг, єз дєр Дє ми-
дєг, Дєхєдєг куыд загътай афтє:
уымєн ємє Дє хорзєхдзинадєй, уєнд-
гєйє, мєнє хєрын Дє Буар ємє нуа-
зын Дє Тугєй.
Єрбазарын: Иууылсыгъдєг Єртєиууон,
нє Хуыцау, табу Дєуєн.
Єртєиууонон: Ризын зынг исгєйє, цє-
мєй ма басудзон мыдадзау кєнє кєрдє-
гау. О тасон Сусєгдзинад! О Хуыцауы хорз-
зєрдєдзинад! Єз, ємбиинаг, Хуыцауон
Буарєй ємє Тугєй куъщ исын хай, ємє
єнємбигє куыд свєййын.
9-єм зарсег
Ирмос: Єнєрайдайгє Фыды Фырт,
Хуыцау ємє Хицау, Чызгєй буарджын
89
СЫГЪДЄГ ЄМХАЙЛД РЛЙСЫМЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@ш©
суєвгєйє, фєзынди нын зондєй талынгты
срухс кєнынмє ємє хєлиугєндты єрєм-
бырд кєнынмє: уый тыххєй кєддєриддєр
заргєйє Хуыцауыныййарєджы стауєм.
Єрбазарын: Хуыцау, мє мидєг сыгъдєг
зєрдє скєн ємє раст уд сног кєн мє
хуылфы.
Уый хорз у, Чырысти у, бахєрут ємє
фенут. Уый — нє Хуыцау, мах тыххєй
йє Фыдєн рагєй нывондгонд, иу хатт
нє сєрыл йєхи єрхєсгєйє, кєддєрид-
дєр єргєвст у, ємє Дзы хай чи исы,
уыдоны ссыгъдєг кєны.
Єрбазарын: Ма мє аппар Дє цєсгомєй
ємє мє Дє Сыгъдєг Уды ма байс.
Уд ємє буарєй цємєй ссыгъдєг уон,
мє Хуыцау, цємєй срухс уон, цємєй
фервєзон, цємєй Дє хєдзар уон Дє
сыгъдєг Сусєгдзинєдты хай исынєй мє
мидєг, о Хорззєрдєджын Хорзгєнєг
Чырысти, Дє Фыдимє, Дє Сыгъдєг
Удимє куыд цєрай, афтє.
90
сып>дл-:г л-:мхлйлд рлйсыны рлзмл-йы куывдтє
<§ш©
Єрбазарын: Ратт мын Дє ирвєзындзина-
ды циндзинад ємє Дє Хуыцауон Удєй ныф-
фидар кєн мєн.
Зынгау ємє рухсау мын уєд Дє Буар
ємє Дє Хєрзцытджын Туг, мє Ирвє-
зынгєнєг; мє тєригъєддзинад арау-
гєйє, фыдфєндонтє та судзгєйє ємє
мє єгасєй рухсгєнгєйє, цємєй Дє
Хуыцаудзинадєн кувон.
Єрбазарын: Хєрзсыгъдєг Хуыцауыный-
йарєг, фервєзын нє кєн.
Хуыцауыныййарєгон: О нє бєрзонд
Єхсин, Мариам, Дє сыгъдєг тугтєй
Хуыцау буарджын сси, уый тыххєй алы
мыггаг Дєуєн зары, зєдтє та Дє кад-
джын кєнынц, уымєн ємє Дє фєрцы
єргомєй федтой слєг уєвєг єппєтыл
Паддзахдзинадгєнєджы.
Ємє уый фєстє:
Аккаг у, цємєй єцєгдзинадєй стауєм
Дєу, Хуыцауыныййарєджы, Алыхаттє-
худиаджы, ємє Єппынєнєаипджыны
91
СЫГЪДЄГ ЄМХЛЙАД РЛЙСЫМЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
ємє нє Хуыцауы Мады. Херувимтєй
цытджындєры ємє Серафимтєй иттєг
кадджындєры ємє Хуыцауы Дзырды
єнєнизєй ныййарєджы, єцєг Хуыцауы-
ныййарєг уєвгєйє Дє стыр кєнєм.
Сыгъдєг Хуыцау; Иууылсыгьдєг
Єртєиууон; Мах Фыд; Бєрєгбоны тро-
пар, кєд Чырыстийы Райгуырыны бє-
рєгбон кєнє єндєр ахєм бєрєгбон уа,
уєд. Ксед нє уа, уєд та адон.
6-єм хъєлєс:
Тєригъєд нын бакєн Хуыцау, тєри-
гъєд нын бакєн: уымєн ємє нє тє-
ригъєдты тыххєй ницы дзуапп дєттын
фєразєм, фєлє Дын, куыд Хуыцауєн,
ацы куывд, тєригъєдджынтє, хєссєм:
тєригъєд нын бакєн.
Табу: Хуыцау, тєригъєд нын бакєн,
уымєн ємє Дєуєй ныфсджын стєм,
иттєг нєм ма смєсты у, мадєр єры-
мыс не 'нєгъдаудзинєдтє, фєлє нєм
92
СЫГЬДЛТ Л:МХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ РЛЗМ/ЕПЫ КУЫ15ДГЛ-
єркєс ныр дєр, куыд Хорззєрдєджын,
ємє мах не знєгтєй фервєзын кєн;
уымєн ємє Ды дє нє Хуыцау, мах та
Дє адєм стєм, не 'ппєт дєр — Дє къух-
ты конд, ємє Дє номмє сидєм.
Ємє ныр: Хорздзинады дуар байгом
кєн махєн, арфєгонд Хуыцауыныййарєг,
цємєй, Дєуєй ныфсджынтє, ма фе-
сєфєм, фєлє цємєй Дє фєрцы фы-
дєбондзинєдтєй фервєзєм: уымєн
ємє Ды дє чырыстон мыггаджы ирвє-
зындзинад.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. D0 хатты;
цал дє фєнды, уал єркуывды.)
Бардарєджы Буар хєрын дє куы фєнда,
лєг,
Уєд тєрсгєйє єрбацу, цємєй ма басу-
дзай:
зынг у;
Хуыцауон Туг та куы нуазай иу суєвыны
тыххєй,
93
СЫГЬДЄГЄМХЛЙАД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@ш©
Уєд та фыццаг бафидау, чи дє смєсты
кодта, уыдонимє.
Стєй уєндгєйє сусєгдзинады хєринаг
хєр.
Тасєфтауєг нывондєй, Хуыцауы Єгас-
гєнєг Буарєй
Хай райсыны размє тєрсгєйє скув:
1-аг куывд, Стыр Басилы куывд
О нє Барджын Хицау, Йесо Чырысти,
нє Хуыцау, єнємєлєтдзинады ємє
царды Суадон, кєй уынєм ємє кєй нє
уынєм, єппєт уыцы сфєлдыстыты
Сфєлдисєг, єнєрайдайгє Фыды
кєдцєриддєр ємуєвєг ємє єнєрай-
дайгє Фырт! Дє бирє хорздзинады тых-
хєй фєстаг рєстєджы буарджын сдє
ємє дзуарыл.тыгъд фєдє, ємє ныгєд
фєдє мах, єнєбузынты ємє фыдєгъ-
дауджынты тыххєй; ємє Дє тугєй сног
кодтай нє тєригъєдтєй ємбыд исдзи-
94
сыгьдл-г л:мхлйад рлйсыны рлзмєПы куывдтє
@ш©-
над Дєхєдєг, Єнємєлєг Паддзах,
мєн, тєригъєдджыны, фєсмон кєнын
дєр айс ємє мєм Дє хъус єрдар ємє
фехъус мє ныхєстє: тєригъєд ракод-
тон, Хуыцау, тєригъєд ракодтон арвы
раз дєр ємє Дє разы дєр, кады бєр-
зондцзинадмє скєсыны аккаг нє дєн;
Дє амынддзинєдтє фехалынєй ємє
Дє уынаффєтєм нє байхъусынєй смє-
сты кодтон Дє хорздзинад. Фєлє Ды,
Хуыцау, єнємєстыгєр, бирєгєдзєгє-
нєг ємє бирєбараг уєвгєйє, мєн мє
єнєдиндзинєдтимє сєфынмє нє рад-
тай, мє раздахынмє єнхъєлмєгєс-
гєйє. Уымєн ємє Ды, Адєймагуар-
зєг, Дє пахуымпары дзыхєй загътай:
фєндонєй Мє нє фєнды тєригъєд-
джыны мєлєт, фєлє Мє фєнды йє
раздахын ємє, єгас цємєй уа, уый.
Уымєн ємє Дє нє фєнды, нє Хуыцау,
Дє къухєй сконды фесафын, нєдєр Дє
фєнды лєджы фесафын, фєлє Дє
95
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РЛЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
: @Щ©"
фєнды, цємєй єппєтдєр фервєзой
ємє раст зондмє єрцєуой. Уый тых-
хєй єз дєр, кєд арв ємє зєххы ємє
ацы афонон царды аккаг нє дєн, мєхи
иууыддєр тєригъєды ємє фыдадджын-
дзинєдты цагъар скєнгєйє ємє мє
мидєг Дє ныв сєвзєргєнгєйє, уєддєр,
Де сфєлдыст ємє Де сконд уєвгєйє,
мє фервєзыныл мє зєрдє єнєрайгє
нє дєн, єз - єнамонд, фєлє, Де стыр
хорззєрдєдзинадєй ныфсджын уєв-
гєйє, Дєумє цєуын. Айс мєн дєр,
Адєймагуарзєг Хицау, хєтаг усы,
євзєргєнєджы, хъалонисєджы ємє
дзєгьєлдзуйы куыд айстай, афтє, ємє,
мє тєригъєдтє исєг ємє лєджы нє-
фєразондзинєдтє дзєбєхгєнєг, фєл-
лойгєнджыты ємє куыстєй фєлладты
Дєхимє сидєг ємє сє єнцойгєнєг,
растытєм сидынмє нє, фєлє тєригьєд-
джынты фєсмон кєнынмє ємє си-
дынмє єрцєуєг, ємє мє ссыгьдєг кєн
96
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫПЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
(§Ш®
буары ємє уды алы євзєрдзинадєй
ємє мын бацамон, Дєуєй тєрсгєйє,
сыгъдєгдзинад кєнын, цємєй мє сыгъ-
дєг цєсгомєй, Дє сыгъдєгдзинєдтєй
хай исгєйє, Дє Сыгьдєг Буар ємє Туд-
жимє иу суон ємє Дє Фыдимє ємє
Дє Сыгъдєг Удимє мє мидєг цєрєг
уай. Афтє уєд, Хицау, Йесо Чырысти,
мє Хуыцау, цємєй мын Дє Иууыл-
сыгъдєг ємє Єгасгєнєг Сусєгдзинєд-
тєй хай исын єфхєрдєн ма уа; мадєр
мє буар ємє мє уд єнєфєразгє фєу-
ой, єнаккагєй Дє Сусєгдзинєдтєй хай
кєй исын, уый тыххєй. Фєлє мын ратт
суанг мє фєстаг сулєфыны онг Дє
Сыгъдєгдзинєдты хай исындзинад єнє
'фхєрдєй, Сыгъдєг Удимє иу суєвы-
нєн, єнусмє царды фєндаггагєн ємє
Дє тасон тєрхоны хорз дзуапп ратты-
нєн, цємєй єз дєр Де 'ппєт євзєр-
стытимє Дє єнєфєугє хєрзтєй хай-
джын уон, Дє уарзджытєн кєй сцєттє
4 3аказ№П61
97
СЫГЪДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
@Ш§у
кодтай, Хуыцау, кєцыты хєрзкадцжын-
гонд Дє єнусмє. Аммен.
2-аг куывд, нє сыгъдєг фыд
Зєриндзых Иоанны
0 мє Хицау, Хуыцау, єз зонын, мє
уды цєрєндонмє цємєй бацєуай, уый
аккаг ємє уый аргъ кєй нє дєн; уый
тыххєй ємє иууыдцєр афтид ємє сєфт
у, ємє Дын мє мидєг, Дє сєр кєм
єркъул кєнай, ахєм аккаг бынат нєй.
Фєлє мах тыххєй бєрзондєй Дєхи
куыд єрныллєг кодтай, афтє у абон мє
сєрныллєгдзинадєн дєр; ємє лє-
гєты мидєг єгомыг фосы кєвдєсы
мидєг райгуырын Дє сєрмє куыд ба-
хастай, афтє ме 'гомыг уды кєвдєсмє
ємє ме 'взєр буармє бацєуын дєр Дє
сєрмє бахєсс. Ємє хъотырджын Си-
моны хєдзармє куыд бацыдтє ємє Дє
тєригъєдджынтимє єхсєвєр хєрын
куыд бафєндыди, афтє Дє бафєндєд
98
С'ЫГЬДЛ:Г /ЕМХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ РЛЛМ.Т.ИЫ КУЫВДТЄ
@ш©
ме 'наккаг ємє тєригъєдджын ємє
хъотырджын уды хєдзармє бацєуын
ємє, мє хуызєн хєтаг ємє тєригьєд-
джын усы, Дєумє чи бацыди ємє Дєм
чи бавнєддта, уый куыд нє аппєрстай,
афтє тєригъєд бакєн мєнєн дєр, тє-
ригъєдджынєн, Дєумє бацєуєгєн
ємє Дєм бавналєгєн; ємє уый євзєр
ємє чъизи дзыхыл, Дєуєн пъагєнєгыл,
Ды куыд барвєссыдтє, афтє ме 'взєр
ємє чъизи дзыхыл дєр барвєсс, мадєр
ме 'взєр ємє чъизи былтєй ємє ме
'взєр ємє чъизи євзагєй дєхи аздах.
Фєлє мын Дє иууылсыгъдєг Буары ємє
цытджын Туджы зынг уєд мє сабыр
удєн ємє буарєн сыгъдєг кєнынєн
ємє срухс кєнынєн ємє сдзєбєх кє-
нынєн, мє бирє тєригъєдты уєззау-
дзинад срог кєнынєн; хєйрєджы алы
хиндзинадєй бахъахъхъєнынєн; ме
'взєр ємє єнєуаг єгъдау асурынєн ємє
ныууадзынєн; фыдфєндонты амарынєн;
99
сыгьдєг л-мхлйад рлйсыпы рлзмєйы куывдтл:
@ш©
Дє амынддзинєдтє бахъахъхъєнынєн;
Дє Хуыцауон хорзлєвардзинад бахынцы-
нєн ємє Дє паддзахдзинад хи кєнынєн:
уымєн ємє Дє цыма ницємє дарын,
уыйау Дєм нє цєуын, Чырысти-Хуыцау,
Дє бирє хорзлєвардзинадєй ныфсджын
уєвгєйє ємє цємєй Дєуєй дардмє
хицєн ма фєуон ємє удджын бирєгъєй
сырды ахст ма фєуон. Уый тыххєй Дын
кувын, иунєг сыгьдєг Хуыцау кєй дє,
уый тыххєй; ссыгьдєг кєн мє уд ємє
мє буар, мє зонд ємє мє зєрдє, мє
гуыбын ємє мє хуылф; ємє мє єгасєй
сног кєн; ємє Дє тас мє уєнгты бауадз;
ємє Дє сыгъдєгдзинад мєнєй єнє-
айсгє скєн; ємє мын єххуысгєнєг ємє
ахъазгєнєг у, єнцойады мє цард дар-
гєйє ємє мє єппєт сыгьдєджытимє
Дє рахиз фарс лєууын аккаг кєнгєйє,
Дє Иууылсыгъдєг Мады ємє Дє
уєларвон кусджыты ємє иууылсыгъ-
дєг тыхты ємє єппєт сыгъдєджыты,
100
СЫГЪ/1-КГ Л:МХЛЙЛД РЛЙСЬШЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВ.Т1.К
рагєй Дын хорз чи кодта, уыдоны
куывдтє ємє лєгъстє кєнынты фєрцы.
Аммен.
3-аг куывд, Симеон Метафрасты
Иунєг сыгьдєг ємє єнєивєг Хуыцау,
Дє адєймагуарзондзинады єнєзєгъгє
хорзєхы тыххєй мах ємхєццєдзинад
иууылдєр сыгъдєг ємє чызгон тугтєй
айстай, исдзинады єгъдауєй уєлдєр Дє
чи ныййардта, Хуыцауон Уды єрцєуы-
нєй ємє кєддєридцєр уєвєг Фыды
хорз фєндонєй, Чырысти Йесо, Хуыцауы
стырзонддзинад ємє єнцойдзинад ємє
тых; Ды кєй айстай, уыцы буарєй ир-
вєзынгєнєг ємє єгасгєнєг, фыдєбон-
дзинєдтє айсєг: дзуар, зєгєлтє, дже-
богъ, мєлєт - амар мє уды ємбийын-
гєнєг буары фыдфєндонтє, Дє
ныгєдєй зындоны паддзахдзинєдтє фе-
халєг, ме 'взєр фєндтє Дє хорз хъуы-
дыкєнынтєй баныгєн ємє фыдбылыз-
101
сыгьдл-г л-:мхлйлд рлйсыны рлзмєйы куывдт.-е
Ч^3©~
гєнєг удты бабын кєн. Де 'ртєбонык-
кон ємє єгасдзинадхєссєг райгасєй
нє фыдєлты, фыдтєригъєды бахау-
джыты, сыстынгєнєг, сыстын кєн мєн
дєр, тєригьєдыл фєкєлєджы, фєсмон
кєныны нывтє мын амонгєйє.
Уєларвмє Дє кадджын ссыдєй кєй
айстай, уыцы буар Хуыцаугонд скєнєг,
ємє уый Дє Фыды рахиз фарс бадыны
аккаг скєнєг, мєн дєр Дє сыгъдєг
Сусєгдзинєдтєй хай исынєй ирвєз-
джыты рахиз фарс лєууыны аккаг скєн,
Дє рєвдауєг Уды єрцєуынєй Дє сыгь-
дєг ахуыргєнинєгты цытджын мигє-
нєнтє скєнєг, мєн дєр уыцы Уды
єрцєуыны євєрєндон скєн. Ноджы,
дунейєн растєй тєрхон кєнынмє
єрцєуинаг, бафєндєд Дє, єз дєр Де
'ппєт сыгъдєджытимє Дє размє, мє
Тєрхонгєнєг ємє ме Сфєлдисєг,
єврагъы онг куыд ссєуон ємє Дын,
Єнєрайдайгє Фыдєн ємє Дє Иууыл-
102
сыгьдєг л-:мхлйлд рлйсыпы рлзмєНы куывдт.к
C5§Эё>-
сыгъдєг ємє Хорз ємє Єгасгєнєг
Удєн дєр, зарон, ныр ємє кєддєрид-
дєр ємє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
4-єм куывд, Дамаскаг Иоанны
0 нє Барджын Хицау, Йесо Чырыс-
ти, нє Хуыцау, иунєг Дєуєн у Дє бон
адємєн сє тєригъєдтє ныббарын; уый
тыххєй, хорз ємє Адєймагуарзєг куыд
дє, афтє, зонгєйє ємє єнє зонгєйє
цы тєригъєдтє ракодтон, єппєт уыдон
дєр мын мацємє бадар, ємє мє Дє
Хуыцауон ємє иууылкадджын ємє
иууылсыгъдєг ємє єгасгєнєг Сусєг-
дзинєдтєй хай райсыны аккаг скєн;
нєдєр уєззаудзинадєн, нєдєр хъизє-
мар кєнынєн, нєдєр тєригъєдты баф-
тауынєн, фєлє сыгъдєг суєвынєн
ємє рухс суєвынєн ємє суинаг цард
ємє паддзахад ссарыны нысанєн, уыдо-
ны ахъазєн ємє ахъазгєнєг быруйєн,
фыдгулты асурынєн, мє бирє тєри-
103
СЫГЪДЄГ ЄМХЛЙАД РЛЙСЫИЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
<8&38>'
гьєдтє фесафынєн. Уымєн ємє Ды дє
хорзєхы ємє рєдаудзинєдгы ємє адєй-
магуарзондзинєдты Хуыцау ємє Дєуєн
кад єрвитєм, Фыдимє ємє Сыгьдєг
Удимє, ныр ємє кєддєридцєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
5-єм куывд, Стыр Басилы куывд
Зонын, Хуыцау, Дє хєрзсыгъдєг Бу-
арєй ємє цытджын Тугєй єнаккагєй
ємхайад кєй исын, уый; ємє аххос-
джын дєн ємє, мєхицєн фыдтєрхо-
нєн, хєрын ємє нуазын, Дє Буар ємє
Дє Туджы тыххєй хъуыды нє кєнгєйє,
Чырысти, мє Хуыцау; фєлє, Дє рєдау-
дзинєдтєй ныфсджын уєвгєйє, цє-
уын Дєумє, афтє зєгьєгмє: Мє Буар
чи хєры ємє Мє Туг чи нуазы, уый
Мемє ис, ємє Єз та уыимє дєн; Дє
хорзєх мє уєд, Хуыцау, ємє мє ма
фегад кєн, тєригъєдцжыны, фєлє, Дє
хорзєх куыд у, афтє мын бакєн, ємє
104
сыгъ;ш* ємхлйлд рлйсыны размєйы куывдтє
@Ш©- :
мын ацы сыгъдєгдзинєдтє уєнт сдзє-
бєхдзинадєн ємє сыгъдєгдзинадєн
ємє рухсдзинадєн; ємє бахъахъхъєны-
нєн ємє фервєзынєн, ємє уды ємє
буары срухсєн алы єнєуаг хъуыды кє-
ныны ємє фыдбылызы хъуыддаджы
ємє хєйрєджы хъуыдцаджы асурынєн,
мє уєнгты ме 'вастєй чи архайы, уый.
Дєумє уєндындзинадєн ємє уарзы-
нєн ємє царды растєн ємє фидар-
дзинадєн: хорздзинад ємє єххєстдзинад
саразынєн, амынддзинєдтє сєххєст
кєнынєн ємє Сыгъдєг Удимє иу сує-
вынєн; царды фєндаггагєн Дє тасон
тєрхоны єхсызгон дзуаппєн; тєрхонєн —
нє, нєдєр — єфхєрыны тєрхонєн.
6-єм куывд, Зєриндзых Иоанны
О Хуыцау! Суєгьд кєн, ныууадз, ныб-
бар мын мє тєригъєдтє, Дє разы кєй
ракодгон, уыдон, кєй — дзырдєй, кєй -
хъуыды кєнынєй, барєй кєнє єнє-
105
еыгьд.-кг л-:мхайад райсьшы размєйы куывлтє
¦ @й§2©~
бары, зонгєйє кєнє єнє зонгєйє,
иууылдєр мын сє ныббар, Хорз ємє
Адєймагуарзєг куыд дє, афтє. Ємє Дє
Хєрзсыгъдєг Мады, Дє зондцжын кус-
джыты ємє сыгъдєг тыхты, рагєй Дын
Дє зєрдємє цєугє хъуыддєгтє чи код-
та, уыдоны куывдтєй Дє бафєндєд,
цємєй єнєфхєрдєй Дє цытджын ємє
хєрзсыгьдєг Буар ємє Дє цытджын Туг,
мє уды ємє мє буары сдзєбєхєн ємє
ме 'взєр фєндты ссыгъдєг кєнынєн
райсон. Уымєн ємє Дєу у паддзахад
ємє тых ємє кад, Фыды ємє Фыр-
ты ємє Сыгъдєг Уды, ныр ємє кєд-
дєриддєр ємє мыггагєй-мыггагмє.
Аммен.
7-єм куывд, Зєриндзых Иоанны
О мє Барджын Хуыцау, аккаг нє дєн,
цємєй мє уды цєрєндонмє бацєуай,
фєлє Дєхи, Адєймагуарзєг, мє ми-
дєг цєрын кєй фєнды, уый тыххєй
106
сыгьд.кг .кмхлйлд рлйсыны 1>азмл:иы куывдтл;
(§ш®
уєндонєй єввахс кєнын Дєумє: Дє
уынаффєйє єз гом кєнын мє дуар, Ды
Дєхєдєг кєй скодтай, уый, ємє дзы
бацєудзынє Дє адєймагуарзондзина-
димє, цы Дє, уымєй; бацєудзынє йєм
ємє срухс кєндзынє мє талынггонд
зонд, уырны мє, афтє кєй бакєн-
дзынє, уый; уымєн ємє нєдєр хєтаг
усы, Дєумє дзыназгєйє чи бацыди, уый
асырдтай, нєдєр, фєсмон цы хъалон-
исєг фєкодта, уый аздєхтай, нєдєр Дє
падцзахад базонєг євзєргєнєджы асырд-
тай, нєдєр сурєг Савлы, фєсмон куы
фєкодта, уєд куыд уыди, афтємєй ныу-
уагътай; фєлє Дєм фєсмонгєнгєйє чи
бацыди, уыдон се 'ппєты дєр Дє хє-
лєртты ємбырдыл бахыгътай; иунєг Ды
Дє Арфєгонд кєддєриддєр, ныр ємє
єнєкєрон афонтєм. Аммен.
8-єм куывд9 Зєриидзых Иошнны
О Хицау, Йесо Чырысти, мє Хуыцау!
Суєгъд кєн, ныууадз, ссыгъдєг кєн
107
СЫГЬДЄГ Л31ХЛЙЛД РАЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТ.Е
(Щ8&*
ємє мьш ныббар, тєригъєдцжьшєн ємє
єнєбєзгєйєн, Де 'наккаг цагьарєн, ме
стыр рєдыддзинєдтє ємє мє тєри-
гьєдтє ємє євзєрдзинєдтє, мє сывєл-
лонєй абоны боны ємє ныры сахаты онг
дєр Дын тєригъєд кєй ракодтон, кєй -
зонгєйє, кєй — єнє зонгєйє, дзырдты
кєнє хъуыддєгты, кєнє хъуыды кєны-
ны ємє фєндты ємє байдайєнты ємє
ме 'ппєт ємбарєнты; ємє Дє єнє мыг-
гагєй чи ныййардта, Дє хєрзсыгъдєг
Мад Мариамы, Кєдцєриддєр Чызджы,
мє иунєг єнєфєхудинаг ныфсы ємє
хєрзгєнєджы ємє мє ирвєзынгєнє-
джы куывдгы тыххєй, ємє мє Дє Хєрз-
сыгъдєг ємє Єнємєлгє ємє Єгасгє-
нєг ємє тасон Сусєгдзинєдтєй, єнє
бафхєргєйє, хай райсыны аккаг скєн,
мє тєригъєдтє ныууадзыны ємє
єнусмє царды тыххєй; ссыгъдєг кєн
ємє срухс кєн, сфидар кєн ємє мє уд
ємє мє буар сдзєбєх кєн мє фєливєг
108
СЫГЬДЄГ ЖМХАЙЛД РА11СЫПЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВЛТЛ-1
(ЙЩ©-
фєндгє ємє хьуыдыкєньштє ємє хъуыд-
дєгтє, талынг ємє фыдбылызджын
єхсєвыгон хъуыдыкєнынтє фесафынєн
ємє єххєст бабынєн. Уымєн ємє Дєу
у паддзахад ємє тых ємє кад ємє цыт
ємє бакувын; Дє Фыд, ємє Дє Сыгь-
дєг Удимє, ныр ємє кєддєриддєр ємє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
9-єм куывд, Дамаскаг Иоанны
Дє цєрєндоны дуары раз лєууын,
ємє євзєр хъуыдыкєнынтєй нє хицєн
кєнын; фєлє Ды, Чырысти Хуыцау,
хъалонисєджы срастгєнєг, ємє хана-
нейаг усєн тєригъєд бакєнєг ємє
євзєргєнєгєн дзєнєты дуєрттє бакє-
нєг, Дє адєймагуарзондзинады зєрдє
мын байгом кєн ємє, хєтаг усы ємє
тугнизєй рынчын усы Дєхимє куыд
бауагьтай, афтє мєн дєр Дєхимє ба-
уадз, Дєумє цєуєджы ємє євналє-
джы, Сє иу Дє дарєсы кєронмє бавна-
109
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
лынєй єнцонєй сдзєбєх и, иннє та
Дє хєрзсыгъдєг къєхтыл фєхєцынєй
йє тєригъєдтєй суєгьд и, єз та — ныфс-
сєфт, Дє Буар єгасєй райсын уєнд-
гєйє, цємєй ма басудзон; фєлє мє
Дєхимє бауадз, уыдон куыд бауагьтай,
афтє, ємє мє уды єппєт ємбарєнтє
дєр срухс кєн, мє тєригъєдты аххостє
басудзгєйє, єнє мыггагєй Дє чи
Ныййардта, Уый, ємє уєларвон тых-
ты куывдтєй; уымєн ємє арфєгонд дє
мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
10-єм куывд, Зєриндзых Иоанны
Уырны мє, Хуыцау, ємє єргомєй
зєгъын, Ды єцєг Чырысти Цардєгас
Хуыцауы Фырт кєй дє, уый, дунемє тє-
ригьєдджынты фервєзыны тыххєй Чи
єрцыди, кєцытєн сє фыддєр дєн єз.
Ноджыдєр мє уырны, ай йєхєдєг Дє
хєрзсыгъдєг Буар кєй у, уый, ємє ай
йєхєдєг Дє хєрзцытджын Тут кєй у,
110
СЫГЪДЄГ /КМХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЛ:
@Щ©-
уый. Кувын Дын, тєригъєд мын ба-
кєн, ємє мын мє тєригъєдтє, барєй
ємє єнєбары, дзырдєй, зонгєйє ємє
єнє зонгєйє кєй ракодтон, уыдон
ныббар, ємє мє хєрзсыгъдєг Сусєг-
дзинєдтєй, тєригъєдтє ныууадзынєн
ємє єнусон царды тыххєй, єнє баф-
хєргєйє, ємхайад исыны аккаг скєн.
Ємхайад райсынмє куы хьаващ
уагд дєхинымєры зєгъ Метафрасты
ацы стихтє:
Мєнє Хуыцауон ємхайад райсынмє
єввахс кєнын. Ємє мє ємхайад рай-
сынєй ма басудз, ме Сфєлдисєг: уы-
мєн ємє єнаккаджы судзаг зынг дє,
фєлє мє ссыгъдєг кєн алы єнєсыгъ-
дєгдзинадєй.
Стєй ноджы зєгъ:
Дє сусєг изєрхорєй мє, Хуыцауы
Фырт, хайджын скєн абон: уымєн ємє
111
СЫГЪДЄГ ЄМХАЙАД РАЙСЫНЫ РАЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
ч§$зэ©~
єз Дє сусєгдзинад Де знєгтєн нє зєгъ-
дзынєн, нєдєр Дын Иудєйау пъа акєн-
дзынєн; фєлє Дєм євзєргєнєгау єрго-
мєй дзурын: єрымыс мє, Хуыцау, Дє
дзєнєты.
Ноджы зсегъ ацы стихтсе:
Хуыцаугєнєг Туг уынгєйє, фєтєрс,
о адєймаг: цємєйдєриддєр єнаккад-
жы судзаг зынг у.
Хуыцауон Буар мє хуыцаугонд дєр
кєны ємє єфсадгє дєр.
Хуыцаугонд кєны мє уды, єфсадгє
та, єнє бамбаргєйє, кєны мє зонды.
Стєй зєгъ тропартє:
Дє уарзондзинадєй мє бафсєстай,
Чырысти, ємє мє Дє Хуыцауон ауды-
нєй аивтай. Фєлє мє тєригъєдтє Дє
Буары ємє Туджы зынгєй басудз ємє
мє, Дєумє цы адджындзинад ис,
уымєй бафсєдыны аккаг скєн; цємєй
112
сыльдєг ємхайад райсыны размєйы куывдтл-:
тєхудиаджы цингєнгєйє стыр кєнон
Дє дыккаг єрцєуын.
Чырысти, Дє сыгъдєджыты рухс
ємбырдмє куыд бацєудзынєн єз -
єнаккаг? Куы бауєндон уыдонимє
цины фынгмє бацєуын, уєд мє мє
дарєс раргом кєндзєн, уымєн ємє
чындзєхсєвы дарєс нєу, ємє мє
Зєдтє бастєй єдцємє раппардзысты.
Ссыгъдєг кєн, Хуыцау, мє уды чъи-
зидзинад ємє мє фервєзын кєн,
Адєймагуарзаг.
Стєй зєгъ ацы куывд:
О Адєймагуарзєг, мє Барджын Хи-
цау Хуыцау, Йесо Чырысти, ацы Сыгъ-
дєгдзинєдтє мын бафхєрынєн ма уєнт
ме 'наккагдзинады тыххєй, фєлє уєнт
мє буары ємє уды ссыгъдєгєн ємє
срухсєн ємє суинаг цард ємє паддза-
хад ссарынєн.
113
СЫГЪДЄГ ЄМХЛЙАД РЛЙСЫНЫ РЛЗМЄЙЫ КУЫВДТЄ
Мєнєн та Хуыцауыл хєцын ємє мє
ирвєзындзинады ныфс Хуыцауыл євє-
рын хорз у.
Ємє ноджы: Дє сусєг изєрхорєй...
Стєй зєгъ тропартє:
Дє уарзондзинадєй мє бафсєстай,
Чырысти, ємє мє Дє Хуыцауон ауды-
нєй аивтай. Фєлє мє тєригъєдтє Дє
Буары ємє Туджы зынгєй басудз ємє
мє, Дєумє цы адджындзинад ис,
уымєй бафсєдыны аккаг скєн; цємєй
тєхудиаджы цингєнгєйє стыр кєнон
Дє дыккаг єрцєуын.
/
СЫГЪДЄГ ЄМХАЙАД
РАЙСЫНЫ ФЄСТЄ
БУЗНЫГГАДЫ КУЫВДТЄ
Сыгьдєг ємє єгасгєнєг ємхайад раы-
сыны фєстє сцын кєн уайтагъд, ыттєг
бузныг уєвгєйє, семє зєрдыагєй зєгь
Хуыцауєн афтє:
Табу Дєуєн, Хуыцау. Табу Дєуєн,
Хуыцау. Табу Дєуєн, Хуыцау.
Стєй зєгъ ацы бузныггады куывд:
Бузныг Дє дєн Хицау, мє Хуыцау,
уымєн ємє мєн, тєригъєдджыны, нє
раздєхтай, фєлє мє ємхайад райсыны
аккаг скодтай. Бузныг Дє дєн, уымєн
ємє мєн, єнаккаджы, Дє хєрзсыгъ-
дєгдєр ємє уєларвон лєвардзинєдты
хай райсыны аккаг скодтай. Фєлє, о
115
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙАД РЛЙСЫНЫ ФЄСТЄ БУЗНЫГГЛДЫ КУЫВДТЄ
ед&-
Адєймагуарзєг, Барджын, мах тыххєй
мєлєт Бавзарєг ємє райгас Уєвєг ємє
махєн Дє ацы тасон ємє єгасгєнєг
сусєгдзинєдтє нє удты ємє буєртты
хорзєн ємє ссыгъдєг кєнынєн Раттєг,
ратт, цємєй уой адон мєнєн дєр мє
уды ємє буары дзєбєхдзинадєн, алы
зиан асурынєн, мє зєрдєйы цєстытє
рухс кєнынєн, мє уды тыхты сабыр-
дзинадєн, єнєфєхудинаг уырнындзина-
дєн, єнємєнг уарзондзинадєн, зонды
дзагдзинадєн, Де 'цєгдзинєдтє сєх-
хєст кєнынєн, Дє Хуыцауон хорзлє-
вардзинады дзагєн ємє Дє Падцзаха-
ды хибакєнынєн; цємєй, Дє сыгъдєг-
дзинад уыдонєй хъахъхъєд уєвгєйє,
Дє хорзлєвардзинад мысон кєддєрид-
дєр ємє афтємєй мєхицєн нє, фєлє
Дєуєн, нє Хуыцауєн ємє хорзгєнє-
гєн цєрон, ємє афтємєй, нырыккон
цардєй ахицєн уєвгєйє, єнусы
цардмє ныфсєвєрдєй бахєццє уон
116
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙЛД РАЙСЫНЫ ФЄСТЄ БУЗНЫГГЛДЫ КУЫВДТЄ
Ч§О0©
кєддєриддєр уєвєг єнцойдзинадмє,
цингєнджыты хъєлєс єнєбанцайгє
кєм у, ємє Дє цєсгомы рєсугъд уын-
ды цин єнєкєрон кєм у. Уымєн ємє
Ды дє Чырысти, нє Хуыцау, Дє уарз-
джыты єцєг бєллинаг ємє єнєра-
дзургє циндзинад ємє Дын єппєт
сфєлдисонтє мыггагмє зарынц.
2-аг куывд, Стыр Басилы
Барджын Чырысти Хуыцау, афонты
Паддзах ємє єппєты Сфєлдисєг, буз-
ныг Дє дєн, цы хєрзтє мын радтай,
уыдон єппєты тыххєй ємє дє хєрз-
сыгъдєг ємє єгасгєнєг Сусєгдзинєд-
ты ємхайад райсыны тыххєй. Лєгъстє
Дын кєнын, о Хорзгєнєг ємє Адєй-
магуарзєг, бавєр мє Де 'мбєрзєны бын
ємє мє Дє базырты бын бааууон кєн
ємє мын сыгъдєг намысєй мє фєстаг
сулєфыны онг дєр дєтт аккагєй Дє
хєрзсыгъдєг Сусєгдзинєдты ємхайад
117
СЫГЬДЄГ Д-МХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ ФЄСТ/Е БУЗПЬПТЛДЫ КУЫВДТ/К
<§Ш§>*
исын, тєригъєдтє ныббарынєн ємє
єнусмє цардєн. Уымєн ємє Ды дє
царды дзул, сыгъдєгдзинады Гуырєн,
хорздзинєдтє Дєттєг ємє Дєуєн кад
уєлємє єрвитєм, Фыдимє ємє Сыгъ-
дєг Удимє, ныр ємє кєддєриддєр
ємє мыггагєй-мыггагмє. Аммен.
3-аг куывд, Метафрасты
Ды мын фєндонєй хєринагєн Дє
Буар Раттєг, кєцы у єнаккєгты судзаг
зынг; ма мє басудз, ме Сфєлдисєг,
фєлє иттєгдєр бацу мє буары мидєг,
уєнгтєн се 'ппєты мидєг, мє хуылфы
ємє мє зєрдєйы мидєг ємє басудз мє
тєригъєдты єппєт сындзытє. Ссыгъ-
дєг мын кєн мє уд ємє мє хъуыды-
гєнєнтє. Ме уєнгтє мын стджытимє
иумє ныффидар кєн, ємбарєнтє срухс
кєн: иууылдєр мє Дє тасы ныффидар
кєн. Кєддєриддєр мє бамбєрз, ба-
118
СЫГЬДЄГ ЄМХЛЙАД РАЙСЫНЫ ФЖСТ/Е КУЗНЫГГАДЫ КУЫВДЪЕ
@й§?©
хъахъхъєн, бахиз алы хъуыддагєй, удєн
зиангєнєг дзырдєй, ссыгъдєг мє кєн
ємє мє срєсугъд кєн, схорз мє кєн,
бамбарын мын кєн ємє мє срухс кєн.
Дє иунєг Уды цєрєндон мє скєн,
цємєй тєригъєды цєрєндон мауал
уон. Цємєй мє, куыд Дє хєдзарєй,
лидза ємхайад райсыны фєстє алы
знаг, алы мондаг, куыд зынгєй. Кув-
джытє Дын хєссын єппєт сыгъдєджы-
ты, єнєбуарджынты хистєрты, Дє Ра-
зєйцєуєджы, Стырзондджын Апос-
толты ємє уыдонимє - Дє
Хєрзсыгъдєг Мады; єппєт уыдоны
куывдтєй айс, о мє Хорззєрдєджын
Чырысти, ємє мє, Дє фырты, рух-
сєн кусєг скєн. Уымєн ємє Ды дє
иунєг, о хєрзгєнєг, нє удты рухс-
дзинад ємє сыгъдєгад, ємє Дєуєн
рєсугъдадєй, куыд Хуыцауєн ємє
Бардарєгєн, кад уєлємє не 'ппєт
дєр єрвитєм алы бон.
119
СЫГЬДЄГ /ЕМХЛЙЛД РЛЙСЫНЫ ФЄСТЄ БУЗНЫГГЛДЫ КУЫВДТЄ
Метафрасты єндєр куывд, 4-єм
Дє сыгьдєг Буар, Хицау Йесо Чырысти,
нє Хуыцау, уєд мєнєн єнусмєйы цар-
дєн ємє Дє цытджын Туг - мє тє-
ригъєдтє ныббарынєн, ємє ацы буз-
дзинад уєд мєнєн цинєн, дзєбєхдзи-
надєн ємє зєрдєрухсєн. Дє дыккаг
ємє тасон єрцєуыны бонты мєн, тє-
ригъєдцжыны, Дє кады рахизфарсєр-
дыгєй лєууыны аккаг скєн, Дє Хєрз-
сыгъдєг Мады ємє єппєт сыгъдєджы-
ты куывдты фєрцы.
5-єм куывд, Хуыцауыныййарєгмє
ХєрзсыгьдєгЄхсин Хуьщауыныййарєг,
мє талынг уды рухс, мє ныфс, ємбєр-
зєн, балєууєндон, рєвдауєг, мє цин-
дзинад, бузныг Дє дєн, уымєн ємє Дє
Фырты Хєрзсыгьдєг Буары ємє Цыт-
джын Туджы хай райсыны аккаг скодгай
мєн, єнаккаджы: фєлє Ды, єцєг Рухс
Ныййарєг, срухс кєн мє зєрдєйы зон-
120
СЫГЬДЄГ/ЕМХЛЙЛЛ РАЙСЫНЫ Ф/ЕСУ/Е 15УЗНЫГГЛДЫ КУЫВДТЛ:
@ш©
ды цєстытє; Ды, єнємєлєты суадон Чи
ныййардта, мєн, тєригъєдєй марды,
сєгас кєн; Ды мын, хорзгєнєг Хуыцауы
уарзон хорззєрдєджын Мад уєвгєйє, ба-
тєригьєд кєн ємє мын ратг фєсмон-
дзинад ємє мє зєрдєйы єрфєлмєн, мє
фєндєтгы арєхсындзинад ємє мє мє
фєстаг сулєфты онг дєр єнє стєрхонєй
хєрзсыгъдєг Сусєгдзинєдты ссыгъдєг
уєвыны аккаг скєн мє уды ємє буары
дзєбєхдзинадєн, ємє мын ратт фєсмон-
дзинады ємє тєригьєдтє єргом кєны-
ны цєстысыгтє, цємєй Дын зарон ємє
Дє кадджьш кєнон мє царды алы бонты;
уымєн ємє арфєгонд ємє итгєг кад-
джынгонд дє Ды мыггагмє. Аммен.
Стсей: Ныр уадзыс, Хуыцау, Дє ца-
гъары Дє дзырдмє гєсгє єнцадєй,
уымєн ємє федтой мє цєстытє Дє
фервєзындзинад, кєй сцєттє кодтай
уый Ды єппєты цєсгомы раз рухс, мур-
татты срухс кєнынєн ємє Дє адєм
Израилы стырадєн.
121
сып>дл:г/пмхлйлд райсыны фєгтл: бузныггады куывдтд:
-@ш©
Єртєсыгъдєгдзинад... Мах Фыд;
Тропар, сыгъдєг Иоанн Зєриндзыхы...
8-єм хъєлєс
Дє дзыхы єрттивын, зынгау ферттив-
гєйє, хорзлєвардзинад, дунейы срухс
кодтай; євзисты хєзна дунейєн нє са-
гуырдтай, фєлє сабырдзинады бєрзонд-
дзинад фенын кодтай махєн; ныр та нє
дє дзырдтєй ахуыр кєнгєйє, Зєрин-
дзых фыд Иоанн, кув Дзырд Чырысти
Хуыцауєн, нє удты фервєзынєн.
Кондащ 6-єлг хъєлєс
Табу: Уєлєрвтєй райстай Хуыцауон
хорзлєвардзинад ємє єппєты ахуыр
кєныс дє дзыхєй кувын Єртєиууон
Иунєг Хуыцауєн, Зєриндзых Иоанн,
иууылтєхудиаг ємє хєрзємгєс, акка-
гєй дє стауєм, уымєн ємє ахуыргє-
нєг дє, Хуыцаудзинады єргомгєнєг.
Ємє ныр: Чырыстєтты нєфєкъєм-
дзєстыггєнєг, ахъазгєнєг ємє Сфєл-
122
СЫГЬДЄГ ЄМХАЙЛД РАЙСЫНЫ ФЄСТЄ БУЗИЫГГЛДЫ КУЫВДТЄ
060©
дисєгмє єнєаивгє лєгъстєгєнєг, ма
аппар тєригьєдцжынты куывдты хъє-
лєстє, фєлє, хорз кєй дє, уый тых-
хєй тагъд ахъаз бакєн, Дєуєн єцєгєй
кувджытєн; фєтагьд кєн Дєу кадцжын-
гєнджыты кувынмє ємє батындз уыдо-
ны лєгъстємє, кєддєридцєр ахъазгє-
нєг Хуыцауыныййарєг.
Хуыцау, тєригъєд бакєн. A2хатты.)
Табу семсе ныр:
Херувимтєй цытджындєры ємє Се-
рафимтєй иттєг кадцжындєры ємє
Хуыцауы Дзырды єнєнизєй ныййарє-
джы, єцєг Хуыцауыныййарєг уєвє-
джы, Дєу стыр кєнєм.
Кєрон, ємє табу Хуыцауєн
123
ЦЫБЫРДЗЫРДУАТ
А
алыхаттєхудиаг присноблаженный
алыхаттуєвєг присносущий
амынддзинєдтє заповеди, поучения
Є
єваст самовольно, без ведома
єгасдзинадхєссєг жизнодавец
єгомыг немой, безмолвный
ємхайад причастие
ємдзєрындзинад сосуществование
єнєарєн бескрайний, безграничный
єнєбузн неблагодарность
єнєдиндзинад безверие
єнєгъдаудзинад беззаконие
єнєиртєст неизученный, неисследованный
єнємєстыгєр незлобивый
єнємынєг неугасимый
єнєнкъаргє бесчувственный
єнєуаг непристойный, безнравственный
єнєфєразондзинєдтє немощи
єнєфсис ненасытный
єнєхиуылхєцын невоздержанность
єнєхъоладзинад беспорядочность, небрежность
Єппєтфєразєг Всесильный, Всемогущий
Єппєтылхєцєг Вседержитель
Єппєттыхдарєг Всесильный, Всемогущий
Єппынєнаипджын Всенепорочный(дя)
Єртєиууон Троица
124
єрєфтын поклониться
єхцон приятный, угодный; угодник
єцєгад истина, истинность
Б
Барджын, Бардарєг Владыко
басгарын посетить, проведать, исследовать
бахынцын посчитать
бирєгєдзєгєнєг многотерпеливый, долготерпеливый
бирєхорзєхгєнєг многомилостивый
будтєф благовоние (букв. запах ладана)
бузн благодарность
быру забор, плетень
Г
гєлхєрд бедный, истощенный; непотребный
гуымир идол
д
дєлбар зависимый, подчиненный
дзагамонд блаженный, блаженство
3
зєрдєлєууєнтє воспоминания
И
Изєрхор Вечеря
исдзинад состояние, сущность
Иууылєнаипп Всенепорочная
Иууылбасудзинаг Всесожжения
Иууылхорзєхджын Всеблагий
125
м
мигєнєн инструмент, орудие
мынєг кєнын гаснуть, потухать
муртат язычник
Н
нєуисєнад непослушание
Р
Разєйцєуєг Предтеча, Предшественник
разхъуыды предвидение
растуырнєг православный
рєдаудзинад щедрость
рухсгонддєр преосвещенный
С
сєрныллєгдзинад смирение
сєфты тауинаг семя тли
стырзондджын премудрый
сусєгдзинад таинство
У
уєлиуєг победа
уєлмонц страсть
уєнгуагъддзинад телесные недуги, раслабленность
уисєнад послушание
уоныны насущный
Ф
фєдургонд єнєнкъаргєдзинадєй окаменелое
нечувствие
126
фєлмєсдзинад мягкость, кротость
фыдамонд несчастный
фыдєгъдаудзинад злонравность
фырмєгуыр ниший
X
хєрзємгєс преподобный
хєрзтєгєнєг благодетель
хєрзиуєг добро, благо
Хицау Господь
хорзєхджын благий
хорзєхдзинад благость
хорзлєварджын благодатный
хорзуєлахизджын добропобедный
Хуыцауыныййарєг Богородица
Хуыцаухєссєг Богоносный
хуыснєгдзинад воровство, хищение, грабеж
хынцын считать, вести учет
ХЪ
хъаугъа раздор, спор, драка, ссора
хъодыгонд отверженный
хъотыр проказа
хъуснєдарындзинад невнимание
Ч
Чызг-Бардарєг Владычица
Чызг-Фєтєг Воеводица
127
СПАЙДАГОНД ЛИТЕРАТУРЄ:
1. Сахєтты аргьуыды єгьдау (Часослов на осетин-
ском языке). Издание общества восстановления хри-
стианства на Кавказе. Тифлис, 1867.
2. Хуыцауы диныл ахуыркєнєн чиныг хъєуы скъо-
латєн. (Закон Божий для сельских школ. Под ред.
священника С. Мамитова). Батум, 1911.
3. Воскресная служба из Октоиха 1-го гласа, с
приложением на своих местах, ектений и молитв
из служебника. На осетинском языке. Владикав-
каз, 1886. Типография скоропечатания 3. Н. Шу-
валова.
МОЛИТВОСЛОВ
Издание осуществлено при содействии
Благотворительного фонда Русской
православной церкви за рубежом
Составитель и редактор
настоятель Церкви Рождества
Пресвятой Богородицы (г. Дигора)
священник Роман Плиев
Подписано в печать 25.12.09. Формат бумаги 70x90'/^. Бум. офс. № 1.
Гарнитура шрифта «Тппез». Усл. печ.л. 4,68. Учетно-изд. л. 4,53. Тираж
10000 экз. 3аказ№ 1161.
Отпечатано в ОАО «Издатсльско-1 юлиграфическое предприяпгие им. В. А. Гассисва»,
362021, п Владикавказ, ул. Тельмана, 16.