Автор: Харебаты Л.П.  

Теги: история науки  

Год: 1987

Текст
                    Харебаты, Леонид
ЦИН ÆМÆ САГЪÆС
ÆМДЗÆВГÆТÆ
РАУАГЪДАД «ИРЫСТОН»
ЦХИНВАЛ 1987


84 (Осет.) — 5 X 20 Харебаты Леониц. «Цин амг сягъæс*, æмдзæвгæ- тæ Ирыстоныл, мадыл, уарзондзинадыл, царды дудаг фарстытыл. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1987 аз. Ацы æмбырдгонды мыхуыр сты, автор йæ царды цы поэтикои уацмыстæ фæфыста, уыдонæн сæ хуыз- дæртæ. Чиныгмæ хаст æрцыдысты куыд поэты хицæн æмбырдгæндтæй ист æмдзæвгæтæ, афтæ фæстаг азты цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон дæр. Æмбырдгонд- мæ автор бахаста æмбæстагон, ныййарæгыл, сабыр- дзинадыл, уарзондзинадыл æмæ негативон хъуыддæг- тыл фыст юмористон æмæ сатирикон æмдзæвгæтæ. Ахæм хъуыдыимæ зæрдæисгæ поэтикон хуын лæвар кæны ирон поэзиуарзджытæн. 4702470000 М622 (06)—87 48~1987 Издательство «Ирыстон», 1987.
ОШ^гаГххг:нх^ МÆ ЧИНЫГКÆСÆГМÆ Ныр зæгъон æмæ куыд зæгъон, Дæн поэт æви нæ дæн? Кæд дæу уый фæнды: ыстæхон, Ратт уæд базыртæ мæнæн. У мæ фыст чиныг мæ базыр, Систæ — уый сыфтæ мæнæн. Сæр кæй не ’рывæрын базыл, Уый куыд радзурон дæуæн? Зон, дæ къухмæ уый мæн райсыс, Уым тæлфы мæнæн мæ уд. Алы дамгъæйы, кæд хатыс, Хъазы, зилы дзы мæ туг. Æз цы дæн — æвзæрæй, хорзæй, Уый дын радзурдзæн æппæт... Ех, куы дыл афцæуид хор’ зæй, Уый — мæ мидсагъæс, мæ мæт. Кæд зæрдæзонгæ дæ тыхсты Демæ не ’ппæрстон цæссыг, Уæд мæ ныфсытæ мæнг ысты, Митæй амадтон мæсыг...
МЕ СКАСТ - ИРЫСТОН Дæ, мæ чиныгкæсæг, риуы Арф мæ зæрдæйы æвæрд. Уарзт, дæ рухс уарзт дзы нæ чиуы, У, сырх æндонау, фæлтæрд. Æз мæхи дзыхæй нæ домын: Ратт дæ зæрдæмæ мын бар. Æз дæн чиныг æмæ курын, Мæн дæ къухты мидæг дар.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- МÆ ЗАРДЖЫТÆ Амæлæт, кæд æрмæстдæр Хи пайдайæн ой, Гъе, мын сæ мæ Иры дзыллæ «Ницы сты» зæгъой. Фæлæ кæд мæ уарзон хæхты Зæлгæ зилой дард Æмæ ’вдисой хохаг лæгæн, Айдæнау, йæ цард, Уæд мæ ингæныл æрзайдзæн Дидинæг рæсугъд, Æмæ худдзæнис йæ сыфтыл Цингæнгæ мæ уд!
-МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН УАРЗЫН Уарзын, хуры тынтау, хæхтыл Амонд тауын æмæ тайын. Ме ’гъуыстаджы райдзаст къуымæн Æз йæ цин, йæ уындæй райын. Уарзын рагуалдзæджы зæххæн Æз йæ фæмилтæ, йæ тæфсын. Уарзын, мыдыбындзау, уарзын Иры чыргъæдмæ мыд хæссын! 6
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ МÆ ФЫРТМÆ Алцы ферох кæн: иухатт чысылæй Дæу мæ къухтыл куыд хастон, куыд уарзтон, Дæу ыстъалытыл, хуртыл куыд барстон, Стæй куыд адджын уыд, бæппу, дæ фынæй... Алцы ферох кæн: иухатт мæ комдзаг Æз тыхстæй дæр дæ дзыхы кæй тъыстон. Рацу искæдбон, рацу мыл комдзог, Æз мæ фыдбойнаг царды цы фыстон... Иунæг, иу фæдзæхст дар мын дæ зæрдыл: Уарз ирон æвзаг, ма йæ дар фæсвæд. У æнувыд нæртондæр æвзæгтыл, Фæлæ ку, лæппу, ды уæд мæ мардыл, Ды дæ мадæй: «Мæ мад нæу», куы зæгъай, Æмæ де ’взаджы цаудæй куы фауай. — Кæд ды не ’рдарай мурмæ мæ катай, У хуыздæр æмæ а-зæххыл ма уай. 7
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Фæззыгон сыфтæрау, мæ цардбæллон бонтæ Каерæдзи фæдыл цæуынц, згъорынц, Хъуыды сыл нæ кæнын, фæлæ сæм ыстæм хатт Фæкæсын æмæ мыл æртæфсынц. «Цы сарæзтай царды, — фæрсдзынæ мæ искуы, Цæуыл уыд дæ зарджыты сæр?» Цы кæнон, мæ хæлар, мæнг топпы гæрахау, Куы фæуа мæ фæндыры хъæрГ.. ! 1961
МБ СКАСГ— ИРЫС70Н- ИРЫСТОН (Æз дæн, Октябры революцийы агъоммæ Къахетмæ цардагур цы ирæттæ фæцыд, уыдоиæи се ’ртыккаг фæлтæрæй. Пал бан- тыст мæ фыдæлтæн сæ райгуырæн Ирмæ æрæздæхын, афтæмæй амардысты). Л1æ зæрдæйыл зæйтæ рацыд, цины зæйтæ, Фыды уæзæг, мæ Ирыстон, дæ буц фендæй! Дæуау рæсугъд, дæуау хæрзконд зæххы цъарыл, Дун-дунейыл дæ хъæбулæн æппындæр нæй. О, урссæр хох, Иры зæххы æргъæу мæсыг, Дæ хъæбул дæн, дæ уæзæгмæ æрæздæхтæн... Цæй, бакæн мын дæ дуæрттæ æнæвгъауæй, Дæ ныфсы таг, дæ уалдзæджы æрыскъæф дæн! Æз Къахетмæ дæ ном хъуыстон мæ фыдæлтæй Æмæ-иу мыл арт сирвæзтис, уæд цины арт. О, хурджын Ир, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым, Æрхастон дæм, цæджджинагау, æхсидгæ уарзт! Куыд рæсугъд дæ, куыд гауызгъуыз, куыд хурæнгæс,- Нæ дæ ’взарын: зæхх дæ æви сырх арвырон! Цæй, ратæх мæм, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым, Иыттыхсон дыл, мæ риуыл дæ æрæвæрон. 9
„^™»,~—_—Л1Æ СКАСТ— ПРЫСТОН Мæ зæрдæйыл зæйтæ рацыд, цины зæйтæ, Фыды уæзæг, мæ Ирыстон, дæ буц фендæй. Кæм ма уыдзæн, дæуау рæсугъд, дæуау адджын Ирон лæгæн æндæр бæстæ, зæгъут мын æй?! 10
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* СЫКЪА Фыдæлтæй мæм æрхаудта буцæй, Сæ фæрцы дзурынхъом фæдæн. Æмæ мæ фыццаг дзаг сыкъайæ Æз кувын Райгуырæн бæстæн. Нæ кувын æз ыстыр хуыцæуттæн, Сæ хæрзтæй мæ нæ хъæуы хай! Æз кувын хохагæн зæрдæйæ — Бæркадджын уæд йæ мусы най!.. Цæмæй-иу уалдзæджы къæсæрыл Нæ уа зæрдæдзургæ, фæлмаст; Цæмæй-иу стонг сабиты мæтæй Иæ хъуырмæ ма ссæуа йæ маст; Цæмæй-иу ма ’лгъита нæ хæхты, ТСæ фыдæлты, йæ гуырæн бон. Цæмæй-иу ма зæгъа: «Мæ буар Нæ базыдта, цы уыд хæдон».
МЕ СКАСТ — РГРЫСТОН НОГ АЗЫ АРФÆ Мæнæ æрхæццæ ис Фарны аз! Цæй æмæ фырцинæй Ма аназ! Сисуг, ыскувæм Нæ фидæнæн... Базарæм не знæгты Фыдæнæн! Чи цæмæ бабæллыд — Ссарæд æй! Ма сцух уæд дзыллæты Арфæтæй! Уадз æмæ рацæрæм Ахæмæй: Хисдæр зондджын, кæсдæр — Арæхæй! Уадз æмæ уарзæттæ Баиу уæнт! Цардцух, æнæрайгонд Ма-иу уæнт! 12
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН" Бандзаг уæд а-рухс зæхх Ног гуырдтæй, Хизæнт фыдæлты фарн Сахъ риутæй! Райгонд уæд алчи дæр Ног азæй! Мауал дзур, Леонид, Аназ æй!
шМЕ СКАСТ — ИРЫСТОН БУРЖУАЗОН ПОЭТМÆ Булæмæргъау, дидинæг кæм феныс, Уый дзæпæты рухс бадæн ысхоныс. Бар дæхи у, зар дæхи фæндиаг, Мæн йæ цурмæ дзæгъæлы цы хоныс? Ды цы ран зæрдæдзæбæхæн зарыс, Уым дæ фарсмæ ’ххормаг саби ниуы. Уый куы фенон, уæд мæнæн мæ зæрдæ Атондзæн йæ тæригъæдæй риуы. Уымæн у йæ фыд цæнгдых, нуарджын, Уарзы уын йæхи удау зæххы куыст. Фæлæ йыл куыддæр æрцыдис уалдзæг, Афтæ мæтæй йе ’фхæрд зæрдæ сæнкъуыст... Уагъылыйы дидины фæзындыл Рафæлдæхта йе ссаддон — æрцагъта. «Стонг бинонтæн фæззæгмæ цы кæнон?» — Хинымæр кæуынхъæлæсæй загъта... Зар ыл, поэт, зар, дæ бар дæхи у, 1 Гъе, фæлæ цæуыл зарыс — нæ зоныс, Стонг саби дын комдзагыл кæм ниуы, Уый дзæнæты рухсбадæн куыд хоныс?!
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* ИЛЬЯ ЧЪАВЧЪАВАДЗЕЙЫ МЫСГÆЙÆ Фенкъуысг гас Картли, зæйы скъуыдау, Фæдисы рацыд. Адæмы марой, адæмы сагъæс арвы бын нал цыд. «Хи къухæй дын дæ туг ныккалдтам, О, нæ сæрхъызой», — Айхъуыст Важайы, галы богъау, Судзаггаг марой. Уый, дæ амарæг, Картлийыл дæр нæ бацуæрстаид. Йæ бон уæвгæй йæ цæхæрайау лыстæг скарстаид. Фæлæ Картлийы Чингиз-хан дæр, нæй, нæ сыскъуыдта. Сау, фыдгул ызнаг ацы зæххыл йæ мæлæт уыдта. Нæй, нæ амæлдзæн Илья дæр, куыд йæ буц зарæг. Ингæнæй дарддæр никуы бамбæхсдзæн генийы марæг. Сæнайы хохау, урс сæримæ ’рцыд Акъакъи дæр Æмæ ставд цæссыг, ихуарæгау, нызгъæлста уый дæр... Картли фараст бон, мæйдар æхсæвау, сауты нал зынди. «Амард Къакъойы уарзон фыссæг», — хъуытаз зæлыди.
_ —_—, МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Картли бахордта ард, æнæнтау ард, куыд æнусбонмæ, Поэты тырыса къухæй-къухмæ ’рцæудзæн рухс бонмæ. ...Æмæ акæс ныр, дæ уарзон зæхх дидин рафтыдта. Де ’лгъаг марджытæн сæ уидæгтæ скъахта, сæфтыдта. Фесæфт а-зæххæй, уалдзыгон митау, 'Лдар, хæрамдзинад, Æмæ уый бæсты дзыллæтæн баззад ’ ’Рмæст хæлардзинад!
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН — — ТÆРККЬÆВДА Арвæй мæ хъустыл гæрæхтæ фæцыд, Сау мнгъ мæ сæрмæ уæззаугай æрзылд. Арвæн йæ тар цæстæй ферттывта зынг, Сгæй нæм æвиппайды фегуырд цæссыг. Мигъ ныл лæмæрста йæ хуылыдз хæдон Æмæ нæ рустыл ивылдн йæ дон. Уалынмæ хъал бæхау дымгæ фæзынд, Арвы фæгæн риуыл кафгæ æрзылд. Айста лæмæрст мигъты хæхты сæрмæ, Халсар ысдардта йæ цъæх сæр хæрдмæ. Ноггуырдау, дупе фæхуд!и дзæбæх, Дардмæ иъæх-цъæхидæй арттывта зæхх.
— МЕ СКАС1 — ИРЫСТОН ЗЫМÆГОН НЫВ Дымгæ райста сагой æмæ мигыы Рарæгъ кодта хæхты сæрты, тигътыл. Хуры тынты нал уадзы уырдыгмæ, Гомгæрцц саби нал рахнзы уынгмæ. Мигъ дæр райста сасир æмæ дардыл Райдыдта хæмпус ыссад луарын. — Ног азыл æмбæлын хъæуы, — загъта, Æмæ бæстæ урс чъырæй ысцагъта.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН——~----~ ÆВЗОНГАД Æз ме ’взонгадæй иæма бафсæстæн Æмæ цы фæци? Чи мын рафтыдта мæ дæллагхъуырæй, Цымæ, сырх хæцъил? Чи мæ ракодта, хъæлæй хъазгæйæ, Лæппуты ’хсæнæй? Куынæ бафсæстæн фат æмæ ’рдынæй Нысанмæ ’хсынæй? Чи мæм бадзырдта: лæг дæ, лæг æмæ Ныууадз дæ митæ! Афон дын нал у, дæ фындзы бын, дам, Фæзыпди милтæ! Чи мын бакодта мæ царды хъысмæт Л\æ уды бæрны? Куыд тагъд ыслæг дæн! Кæд рæз ысхастон? Нæма мæ уырпы!..
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФЫДЫЗÆХХ Дæумæ мæ зæрдæ, маргъау, тахтис, Дæумæ, мæ рухс фыдæлты къуым! Дзырдтон: мæ фыдызæххыл ногæй Кæндзынæн хуым, кæндзынæн хуым. Мæ цин мын рнуыл арт æфтыдта. Мæ зæрдæйæн йæ худын цыд. Æз хъуыстон хæх!Ы джис-хъус дзурын: «Нæ фырт æрцыд, нæ фырт æрцыд!» Æз загътон уæд: нæ хæхтæи хъуамæ Мæ туджы цъыртт æсуа сæ уарт. Æмæ та ног фыдæлты зæххыл Ыскодтон арт, ыскодтои арт!.. 20
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН СÆРЫКЪУЫДЫР Æммыст чи уыдтæ, иу уысм куы сдзурис, Уæд мæ зæрдæйы сагъæс фæсурис. Кæд Ирыстоны бартыл хæцгæйæ, Тохы æрхаудтай дæ туджы мæцгæйæ. Кæд нæ тасыдтæ тохæн йæ карзы, Уæд ныззоныгуыл кæнон дæ разы. Уæд Ирыстоны зæрдæ — дæ ингæн, Уæд Ирыстоны намыс — дæ ингæн! Фæлæ кæд, миййаг... æвзаг нæ тасы: Иры намысæй хъазыдтæ хъулæй. Кæд нæ бæстæйы карздæр знагæн Ды йæ зæвæт стæрдтай сæркъулæй! Уæд æлгъыст фод дæ гуырæнбон демæ! Уæд æлгъыст фод дæ радтæг дæр демæ! 1961
~_— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФЫДÆЛТЫ ФÆНДÆГТЫЛ ХЪУЫДЫТÆ КÆНГÆЙÆ... Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы... Къоста. Каем банымæг ысты уæ кæрдты цæхæртæ, Кæм бахуыссыдысты уæ домбай зæрдæтæ?! Кæм фæцис бындурзылд нæ фыдæлты мæсыг, Кæм фестад цæугæ фурд нæ чызджыты цæссыг?! Куы уын федта уе ’рдæхт зæххы тымбыл къори, Уæд ’нæфыст куыд баззад уæ нæртон истори?! Цы бакодтат тохмонц, о сагсур фыдæлтæ, Цæмæн нæ фæкодтат уæ балцæй фыдæихъæл?! Цæуылнæ ыстонут уæ ингæнты къултæ, Уæ, Иры хуыздæртæ, уæ, Иры лæппутæ?! Кæмыты улæфынц уæ домбай зæрдæтæ, Кæм банымæг ысты уæ кæрдты цæхæртæ? 1962" — 22
МЕ СКАСТ ~ ИРЫСТОН ДЗУАПП Есениимæ гæсгæ «Фæсдеиджызмæ цом, — мын ма дзур, — Хъаны цард кæндзынæ уым!» —- Ацу ды, дæу фод, мæнæн та Уадз мæ хæхбæстæ, мæ къуым! Ацу ды, мæнæн мæ зæххыл Нæу былысчънлаг мæ цард. Уарзон къуым— фыдæлты уæзæг Хьуамæ ма фæуа æдзард. Ацу ды, æз ам нæ хæхты Фестын кæндзынæн дыргъдон! Иры кой кæдæм нæ хъусон, Уым мæпæн уыдзæн зындон. «Фæсденджызмæ цом, — мын ма дзур,— Хъаны цард кæндзынæ уым». — Ацу ды, дæу фод, мæнæн та Уадз мæ хæхбæстæ, мæ къуым! 1963 23
МЕ СКАСТ — ИРЫСГОН ИСАХЪЫ ТОХ Æссæдзæм аз махæй Кæмæй фæуа рохы, Уый ие \хсæн æлгъыст уæд фæлгау. Беджызаты Чермен. Акæс-ма, Исахъ, Ирыстоныл арт ыснрвæзти! Ма ацу, Исахъ, дæ фыдыстæн, ды йæ иувæрсты! Знаг ныллæууыдн йæ цъыф къахæй Иры намысыл, Знаг сфæнд кодта арцы цыргъæй Иры абырсын! Айхъус-ма, Исахъ, Иры хæхты хъарæг нал сысы, Фезмæл-ма, Исахъ, Ир бахаудта сырдты хъæбысы! Исахъ базмæлыд... Фенкъуыстысты хæхтæ, къæдзæхтæ... Арты пиллоны ссыгъдис мæстæй Исахъы зæрдæ. Цæв сæ, Исахъ, дæ карды комыл мауал бацауæрд! Уадз, æнусты сæ лæджы змæлæг мауал рацæуæд! ...Хъуджы лыгъд кодюй Исахьы разæи знæгтæ удисгæ, Айхъуыст Исахъы ном Знлгæ хохæй суанг Гудисмæ!
МЕ СКАСТ— ИРЫСТОН* ...Ракæс-ма, Исахъ, дæ цырты раз Ир йæ худ исы, Де ’хсаргарды ком мах бафтыдта цин æмæ дисыл. Фарны куывд кæны дæ Иры зæхх, хисдæр дæ, рацу Зон, ирон лæгæн дæ кады ном уарт æмæ арц у! 1962 25
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН К’ЬОСТАИЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪС Ам цæмæн хуыссыс, гени, цом-ма, азилæм Ирыл, Цом-ма, азилæм Ирыл, цом-ма, бафтау сæ циныл. Кæд æмæ хъусыс зарæг, уый дæуыл зарынц адæм, Хъаз1, иæртои хъазт ис хæхты, мах та ацыран бадæм? Стон дæ риуæмбæрц ипгæн, цом-ма, чиугæ кафт ракæн, Иры лæппутæ домыпц: «Балцы зарæг» сын бакæн. Иу сгыр ахуыр — се ’хсæн, чи у, пицы йын зонынц, Ибрагнмы фыр1 ма уа, Ленинградæй йæ хонынц. Ис уæздан зæроид йемæ, индзылер, дам, уыд раджы, Фыд æмæ фырттæй афтæ никуы ма фендис адджын. Иу дзы иинæуыл ну уысм нæу хъæцынхъомдæр уарзтæй, Иумæ дæ фарсгой дыууæ: нæма, дам, фæзынд хастæй?! Лæппу агуры мады, Фатимæ, дам, хуынд номæй... Мады сау хабар фыртæн ничи ма зæгъы ’ргомæй. Кæд ды радзурис, Къоста, уыцы судзгæ маст фыртæн, Ахъæбыс кæна сæфт фырт мад, ныййарæджы цыртæн. 26
МЕ СКАСТ—ИРЫСТОН- ...Ам цæмæн хуыссыс, гени, цæй-ма, райхъал у, ракæс. Нал дæ бахъæудзæн Ирыл абон маст æмæ сагъæс. Рабад, айхъус-ма хæхтæм, кады зарæг дыл зарынц, Де стыр рухс ном дын, Къоста, Прометеимæ барынц. 1963 27
-МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МА МЫН ТÆРС Нæ, мæ зæрдæ зæрватыкк нæу, — Нæ атæхдзæн, Гъе, мæ рухс уарзт доны ’ртах нæу, — Нæ атæдздзæн. Ма мын фæтæрс уадтымыгъæй Ыскъæфынæй. Ма мын фæтæрс судзгæ масты Ыскæуынæй! 1962
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ ДЫУУÆ БАДÆНЫ Раджы ам дыууæ зæронды бадт, Иу сæ мæ фыд уыд, иннæ мæ мад. Мад-иу æмпъызта мæ фыды куырæт, (Фæсасынкмæ ахæм макуы райгуырæд.) Фыд та-иу уистæй тæсчъытæ быдта: «Аив нæу курын», — фæдзæхсгæ дзырдш, Фыд-иу æппæлыд: хъочах, дам, уыдтæи. Мад-иу æппæлыд: рæсугъд, дам, уыдтæн. Фыдæй æппæлынц: хъочах уыд кæдцæр. Мад дæр нæ сайдта, рæсугъд уыд кæмдæр. Иумæ æмкъай цардыл бахордтой ард, Иумæ цыппар цонгæй сарæзтой цард. Сæ зæнæг зæнæджджын, цы ма уа хуыздæр, Фæлæ цы-фæнды фæцæрай, уæддæр... Иу бон сæ цардæн йæ кæрон фæцис, Иу бон ныууагътой сæ уæзæг, сæ нс... 29
—— ЛГÆ СКАСТ — ИРЫСТОН Фæлæ сæ быпдур нæ ныззылдис, нæ. Карк дзы дон бануазы, скæсы хæрдмæ. Скæлы сæ артдзæстæй арвмæ фæздæг, ’Рцæуы йæм уалдзæг, сæрд уа, фæззæг. Хъуысы дзы ноггуырды — саджы цъæхахсг. Уазæг, дам, — хъуысы дзы уасæджы уаст. Æрмæст — Дæлдæр фод мæлæт, Раджы ам дыууæ зæроиды бадт... 1962 30
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН —— ЗÆРОНД ЛÆГ Уынгмæ рахизы сæрныллæгæй — Рагон урссæр хох. Кодта цардимæ сæдæ азы Уый сæруæлдай тох. Æмæ базæронд, йæ уæрджытæ Коммæ нал кæсынц. Хурмæ рабады, фæлæ уæнгтæ Хурмæ на.ч тæфсынц. Дзуры: хур дæр, дам, фæцудыдта, Хур дæр нал тавы. Аф1æ хъазгæйæ сдзуры, ’ндæра Хур куыннæ ’ндавы! Зæхмæ ’ртасыди ’рдынхъæдау, Æрдз æй басаста. Иухатты сагсур абои йемæ Лæдзæг рахаста. Фæлæ ма зæгъут: фæцудыдта Рагон фидар лæг! У быцæу æвæрд йе стыр зондмæ Ныр йæ цым-лæдзæг. 1962
~МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ЦÆСТЫТЫЛ УАДИ Уары: Сабыр æртах, Сабыр къæвда Дысон-бонмæ Уарыд. «Уалдзæг уæм фæкæнын мемæ, Уалдзæг уæм фæкæнын мемæ» — Афтæ цыма зарыд. Цæстытыл-иу ауадысты Хуссайраг цъæх фæхстæ. Къæбыртыл-иу цыма кастæн Сæныччыты хьазтмæ. Цæстытыл-ну ауадысты: Къæпи, Гутон, Цæвæг... Æмæ-иу ысдзырдюи цинæй: Гас цæуай, æрцæуæг! 1962 32
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* УАЛДЗÆДЖЫ КОМУЛÆФТ Адæм, ракæсут дуармæ, Цъиутæ уалдзæгыл зарынц. Цин ныггуыпп кодта зæрдæйы Æмæ цардмонцæй сарыд Дуар байтындзут, уалдзæджы Комулæфт уæнгты схъазыд. Зæхх та райхъали, — ме ’вдисæн Мæнæ малусæг, рацыт! Дуар бакæнут, барджынæй Къуымты разилæд уалдзæг! Л\а тæрсут, цауд, мæгуырæй ныл, Нæ, нæ бахуддзæн уазæг. 1962 33
— МЕ СКАСТ — МРЫСТОН * * * Шахид Балхеттагæй Артау сау фæздæг мастæй куы цæуид, Уæд æгас дуне тары нымбæхсид. Никуы ис зондджын, цæст ма сыл ахæсс, — Чи нæ дзы кæна мæт æмæ сагъæс. 34 -
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН—— * * * Саадыйæ Куыдз дæр ма дын дæ къæбæры Ад йæ зæрдыл дардзæн. Уарздзæнис дæ, кæддæрид дын Де сулæфт æмбардзæн. Фæлæ лæг та, иуæй-иу лæг, — Царвау дæр ыл батай. Фæхъыг дæм ис, — дæ зæрдæ дын Афаддзæп цыргъ фатæй. 35
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Рудакийæ Æвзонг уон, зæгъын, мæ сæры хил уымæн пæ сæрдын, Гъе, та усгурау чызджытимæ райдайон хитын. Нæ, ма зæгъут, ме ’взонгадыл сау кæнын æмæ Уымæй рагбопты щш мысгæйæ хъысмæты ’лгъитын. 36
МЕ СКАСТ— ИРЫСТОН—— зонын Зонын, æлгъин æрдз мын радта цæрæнбон Иу хатт æрмæст. — Иунæг уысмы дæр мæ никуы фæфæнды, — 'Рцъынд кæнон цæст. Дунейы рухсæй æнæхай куы фæуон, Уый у мæ мæт. Дунейы хæрзтæ, кæй зæрдæ уæ бафсæст, Чи у, — зæгъæд?! 1962
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ÆММЫСТ... Æммыст: Иры стыр паддзах Дургуырæн* Йе стыр паддзахад куы хæлдис, Уæд йæ цæстысыг мæрдты дæр Саха къæвдайау нæ тагъдис?! Æммыст: Ос-Бæгъатыр ма фæстаг хатт Знагыл карды ком куы ’руагъта, Уæд ма сайдфæуæг бæгъатыр Ирæн цахæм дзырд иыууагъта?! Æммыст: Хъобангомы нын Хазбийыл Знæгтæ фатдзæгъдæн куы кодтой, Уæд Иры ныфсы хъæбултæ Адджынæн къæбæр куыд хордтой?! Æммыст: Темырболатæн йæ уæнгтæ Куы ’ркалдта, карды цъæлтау, низ, Уæд, мæрдтæм цæугæйæ, поэт Кæмæн пыффæдзæхста йæ сис?! 1 Дургуыр — Астæуккаг æнусты Аланты паддзах. 38 —
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН—— Æммыст: Иры хуры цæст Къоста нын Уæд цы фыййаумæ фæбæллыд, Уый ирои мады гуыбыны Сывзæрд, базмæлыд, ыстæлфыд?! 39
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Æз поэзийы судзынæй тарстæн, Афтæмæй та мæм не ’рцыд æввахсдæр... Æз æнхъæлдтон: мæ мæсыг у амад, Уый та уыд митæй, хурмæ мын атад! Ныр дзыхъхъынногæй зарæг æлвисын, Фæлæ нал уæндын уый дæр æвдисын. -— 40
МЕ СКАСТ—ИРЫСТОН — ÆЗ ЦЫ ДÆН? Æз цы дæн, — Хуымæтæг адæймаг, Хъуыды кæнын зонын. Фæлæ мæхи Сем! нæ хопын. Æрмæст зопын, чи уыд Пушкин, цы йæ хъуыд, Кæдæм уыд йæ бæллиц, йæ нысан. Гъе, Хетæджы фыртæн йæ къухты Цæмæн уыд тырыса. Æрмæстдæр фондз хъæрнывæй конд дзырд: ФИДÆН-æн радтой сæ удтæ! Рухсы фæбадæнт, кадæй фæхастой Сæ сæртыл сæ худтæ, Сæ фидæн æрцыдис,— Æз дæн йæ мидæг, Мæ зæрдæ дзы буц у, райын! Фæлæ мæнæн уыдон фидæн абон къуындæг у? Æз — æндæр, хуыздæр фидæныл, Цырагъау, тайын. 1 Сем — ирои легендæйы дунейы зондджын лæг, ал- цы зонæг.
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Мæн зæххыл нæ равдæлдзæн мæлынмæ, Æз æрмæст фæцæрынæн дæн гуырд. Зæххы къори у мæнæн мæ куырдадз, Æз та — йæ куырд. 42
ЫЕ СКАСТ — ИРЫСТОН«-«— * * * Ме скæнæг, дæуæй ма Иу хорз хъуыддаг курын: Арвæй мын куыд комой Сау мигътæ фæсурын. Ратт мын ды рæдауæй Базыртæ — цæргæсы Æмæ уый цæсты рухс, — Дардмæ сæ фæлгæсы. Фенин кæд мæ бæсты Рухс фидæн — æрттиваг! Гъей, джиди, мæ хъару Не суид, цымæ, уый фаг?! 43
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* * * * Уæ, мæ уарзон хо, ахæм æвзонгæй Дæу цы мæт бацыд, уый ма мын зæгъ! Кæд дæ чысыл, æнахъом хъæбултæн Фаг нæ вæййы кæрдзын æмæ цæхх?.. Кæд ’æмбойны дæ сабиты мастæй Де ’взонг удмæ фæтæргай æнцой... Кæд, миййаг, дыл дæ къай зилы сайдæй Æмæ мæтæй дæ цард у дæ кой?! Æмæ бацард дæ зæрдæйы катай, Дард дæ алыгъд дæ цинцыбæл фын! Уæ, мæ буц хо, уæлхъæдæй мын ма тай, Æз æгас дæн, цæмæн дын у зын?! Дæу нæ хастон мæ къухуырзтыл уымæн, Æмæ йеныр дæ мæтæй он цух, Ды фыдæхсæв, фыдбонтæ æрвитай, Уæд мæнæн та мæ хуыссæн уа пух?! Нæ, хъысмæт дын цы хай радта, уымæй Хъуамæ алкæд мæнæн уа æмбис. Æз цы кæнын лæджы царды цинæй, Кæд дæ зæрдæйы бацарди рис?.. 44
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Махæн иу уыд нæ сабион бонты Маст дæр, цин дæр нæ сагъæсты сæр. Æмæ хъуамæ дæ мастæй уон хайджын, Дæу куынæ фæнда, буц хо, уæддæр! 45
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ЗЫМÆГОН ЭТЮДТÆ Их та дæттыл хидтæ кодта, Куыдз æппынæдзух рæйдта. Рувас хъæурæбынты разылд: «Иу карк ачырхнн уæд та?» Ногуард митыл къахвæд баззад, — Уарзоны фатермæ цыд. Бирæгъ хъæдбынæй ныууасыд Æмæ топпы хъæр фæцыд. Чидæр хъæууынджы ныззарыд: Уазалæн мын нозт у уарт! Уадз æмæ хъызæд, мæнæн, дам, Зæрдæйыл ирвæзы арт! Цины куывд та нæм уыдзæнис, — Карды федта фыны фыр... «Тагъдæххуыс» уыдис нæ сыхы, Райгуырд дзы кæмæндæр тыр... 46
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН—— МЕ ’МБÆСТАГМÆ Ацæгъд мын, дæ фæндыр ацæгъд, Уадз æмæ нæра нæ зарын. Мах дæр сахуыр кæнæм а-зæхх, А-бæстæйы уарзын. Байтауæм нæ хъарм, зынг хурау, Акæнæм кæсдæр нæ фæстæ. Мах дæр сахуыр уæм, хъæбулау, Уарзын, аргъ кæнын нæ бæстæн.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Æз хъусын радиомæ, Азимæ... Зæрдæхалæн хъарæгау дзы хъуысы Сылгоймаджы зард. Мæн ахастой мæ хъуыдытæ дард... Кæд, миййаг, чындздзон у Æмæ йæ ныууæй кодтой Зæронд лæгæн, ирæдыл... Æмæ... Рæдувы йæ дзыккутæ, Йæхи нымайы, удæгасæй, Ныгæдыл. Гъе та у сидзæрты мад, Саби йæ къухы стонгæй мæлы. Саби дзуры: «Нана, кæрдзын!» Æмæ сабийы рустыл, уыраугæ, Мады цæстысыг тæдзы. Æз хъусын радиомæ, Азимæ... Зæрдæхалæн хъарæгау дзы хъуысы Сылгоймаджы зард...
ЦЕ СКАСТ — ИРЫСТОИ БÆЛЦЦОН Дзугаты Георгийæн Хæхтыл уадындзы зæл айхъуыст, Æмæ рагдидинæг банкъуыст — Бауд... Хæхтыл хуры тын ысныдзæвд, Æмæ диссаг у æрдзы фæтк: Бахудт! Хæхты банымæги хъарæг, 'Рцард дзы рухсмæ бæллæг — зарæг: Сиды! Монц, хæххон лæппуйы сарау, Уарзт дзы, Едысы суарау, 'Хсиды. Зарæг чи рымысыд — раст уыд! Зарæг Дзомагъгомæй раскъуыд: Зæлы! Цæр, тæмæн дзырдæн, йæ мæсыг, Цинæй нал уромын цæссыг — Згъæлы!
. МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН У адджын пъайау нæ хæхтæн Æмæ урсцагъд мигъ — æврæгътæн: Зарæг... Уайы риуы ’мбæрц уæндонæй, Уый Парнас-хохмæ нæ комæй — Барæг!..
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- * * * Азтæ мын мæ риуæй буц сагъæстæ давтой, Азтæ мæ, рæвдаугæ, хъазгæ, худгæ тавтой. Азтæ — мæ цардмондаг азтæ! Азтæ — мæ цинæйдзаг азтæ! Саймай мын мæ сæрмæ хъавгæйæ ’внæлдтой, Сæры хъуынты иугай æвзист доны æвдылдтой! Азтæ — мæ фыдахин азтæ! Азтæ — мæ номхæссæн азтæ! Талайау сын никæд, æз нæ куымдтон тасын, Ныр бæззын æрдынæн æмæ мæ æлвасынц. Азтæ — о, ме ’нæрцæф азтæ! Азтæ — о, мысинаг азтæ!
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Мæ зæрдæ у æфсургъ, Æз та — йæ барæг. Нæ уарзы хъаны цард фæрсылæй, — Уæд дæн йæ марæг. Цы йын у арв, Йе хох, Йе денджыз? — Кæм æй нæ феныс... Тæхы, тæхы, Йæ быцъынæг скъуыны размæ, Знæгты рæхойы. Йæ фидæны бæрзонд къæсæртæ Хойы... Йæхицæн æй хоны æмдзуар Фæлæ нæма фæзыхъхъыр Дуар...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Уалæ сагбадæн æрдузæй Хъуысы хохагæн йæ зарæг: «Уæ мæ фæтæн уисхæсджытæ, — Базыхъ-цæнгтæ, стут мæ дарæг! Уæ, нæ гауызгъуыз бæрзæндтæ, Æз — уæ фæдисон, уæ быцæу! Æз уæ сой фæдджиты ныфсæй Никæмæ цæуын æнхъæлцау! Æз — уæ бæрзæндтыл цырагъдар, Дæн мæ фыдæлтæй ыстъæлфæн. Цалынмæ мæ цæст æрттива, — Нæй уæм не знагæн ыстæлфæн!»
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ЛÆДЖЫ НЫСАН Ацыдысты мæ рагбонтæ, Аивгъуыдтой мæ дард. Семæ ахастой, афардæг Ме взонг, сабион цард. Семæ ахастой хъазæнæй: Хъултæ, уисынбæх, фат... «Ныр дæу цахъхъæнтæй алкæмæн Ис йæ удæн сæрфат! Иыр дæу карæнтæй алкæмæн Ис йæхи артдзæст, къæс, Æмæ афтæмæй царды раз Кадæй фиды йæ хæс! ...Хъуамæ балвисай, бауафай Ды хæрдгæ ’ндахæй тын! Хъуамæ алцыдæр бавзарай: Цинтæ, маст æмæ зын, Хъуамæ хур фестай, худгæ хур, Хур кæм нæ тавы, уым. Хъуамæ бонивæн ма кæнай, Фæлæ байтауай хуым!»
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН — Ахæм уайдзæф мын бакодта Хæхты уазал æнгас Æмæ, цавддурау, баззадта»н Æз йæ уайдзæфы раз. 55
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МИДСАГЪÆС 1. МЛ ’ППÆЛ О, ма ’ппæл, мæ хæлар, дæуæн дæр дæ зардæй Уæлвæндаг нæ фæцис нæ Ир! Дæуæн дæр, мæ уæлдай, дæ зарæгæн йе ’взар Нæ рафтыдта, ма кæ, æфсир! Дæуæн дæр, мæ уæлдай, дæ зарæгæн йе ’взар Фæйлаугæ нæ уыны нæ цæст! Былдауæн ныхæстæ мæнæн дæр фæкæнынц, Рæгъмæ сæ нæ хæссын æрмæст! Кæй чындздзон æркодта дæ «сагъæссаг» зарæг, Кæй риуы ысуагъта цъæх арт? Кæд уыдис, тыхст лæгмæ фæзындтæ фæдисы, Кæмæн уыдтæ, цæй-ма, йæ уарт?! Цы комæй, цы хохæй дæ зарæг ныййазæлыд. Кæй фыййау æй систа бæрзонд? Цы кæсдæр ныллæууыд дæ фæдыл, мæ хæлар, Фæзминаг кæмæн у дæ зонд?!
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Кæйдæр ихсыд бæллиц, кæйдæр ихсыд хъуыды Дæ фыстыты хъуырмæ ныссагъд... Зæгъ-ма нын, фырцинæй, кæннод та фырхъыгæй, Дæуæй та цæстысыг кæд тагъд? 0, ма ’ппæл, мæ хæлар, дæуæн дæр дæ зардæй Уæлвæндаг нæ фæцис нæ Ир! Дзæбæх æй куы хатыс, ирон лæджы риуы Нæ калы дæ зарæг æфсир! 2. НÆУ ЛИВ Нæу аив уый: дæхи дæхæдæг сайай, Мæ зæрдæйæ цыдæр фæхаудта дард. Æддæмæ уæм куыд худын, афтæ нал дæн, Ыскодта риуæй сагъæсбадæн цард. Æмæ цæмæн? Цæмæн, куы зæгъай, йеуæд Мæхицæн дæр зын у ыссарон дзуапп: Зæххыл куыд вæййы, афтæ æз нæ уынын Мæ цард, мæ цыды мидис æмæ апп. Мæ карæнты лæгдзинады цырæгътæ Мæ алыварс цырынæй судзынц тынг. Мæ цырагъ та? У тасмачъи, дыдæгътæ, Нæма калы цæхæр-тæмæнтæ зынг. Мæ карæнтæн сæ Музæты рæдау хуын Нæ хуымгæнды æфсирхъæлæс у, райы. Мæ Музæ та? Чъындыйæ мын цы радта,— Зæрæстон хуымы, хус кæрдæгау, руайы... 57
ял--«-.»««, — МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Мæ карæнтæн сæ Музæ у сæ дзуар, Узæлгæ сæ йæ базыры бын дары. Мæн та ныууагъта, дыккаг мадау, кæрты Æмæ мыл уырдæм сахакъæвда уары. Нæу аив, нæ! Дæхи дæхæдæг сайай: Мæ зæрдæйæ фæхаудта алцы дард. Æддæмæ уæм куыд худын, афтæ нал дæи, Ыскодта риуæй сагъæсбадæн цард. 3. ЗОНЫП Зонын, фæсвæдæй мæ чидæр æфхæры, Зонын, кæмæндæр æз «дам-дуймаг» дæн... Зонын æз уыцы лыскъзæрдæ «æмгары», Зоны мæ тынг хорз, цы ран дæн, кæм дæн. — Зоны, фæлæ йæм, цæмæндæр, нæ хъуысы Сагъæссаг зарæг, мæ фæндыры хъæр. Зонын мæ зардмæ йæ зæрдæ нынкъуысы, Фæлæ йын фыдкойæ æфсис нæй уæддæр. Зоны, мæ зард мын хæрам дзырд нæ кайы, Тавы йæ, зонын, нæ царддæттæг хур. Зонын, æнгузыл æнгузтæ куы зайы, Гъе уæд ыл фезгъалынц сабитæ дур.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ÆНДÆР У МÆ САГЪÆС Æндæр у мæ сагъæс, æндæр у мæ катай, Æндæр у мæ зæрдæйы рыст: Мæ зæрдæйы сагъæс, мæ фыдыбæстæйыл, Кæронмæ куынæ фæуон фыст! Куынæ мын бантыса: мæ Иры дзыллæйæн Фæдзурон мæ зæрдæйы хъаст. Миййаг мын фыдæвзаг, кæм арфдæр ингæны, Куы ныгæна искуы мæ уарзт. Уæд ингæны къултыл, мæ зæрдæйы уарзтæй, Мæрдты дæр ирвæздзæн цъæх арт... Мæ уарзон Ирыстон, куыд тынг мæ фæфæнды; Мæ риуæй дын саразон уарт! Æндæр у мæ сагъæс, æндæр у мæ катай, Æндæр у мæ зæрдæйы рыст: Мæ зæрдæйы сагъæс, мæ фыдыбæстæйыл, Кæронмæ куынæ фæуон фыст! 1966 аз. 59
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДРÆН Арвæй хуры тын ратахт Рацу, дуар ын бакæн! Уæ, нæ Иры сæрхъызой, Иу ирон зард нын акæн. Хохыл цъититæ тайынц, Дидин райхæлдис алкæм. Уæ, нæ хæхты ныфсы лæг, Иу ирон зард нын бакæн! Ир йæ фынæйæ райхъал, Ма бафынæй уæд, макæд! Уæ, йæ авдæнгæс, баба. Номы зарæг ыл бакæн. Саби слæууыд йæ къахыл. Сдзур æм: мауал цуд, ма кæд... Мах дæ кæсдæртæ домæм: Иу нæртон зард нын бакæн. Уæ, нæ зæрдиаг баба, Ма нæ суæлдай кæн, макæд. Ды дæ фарнтауæг хæхтæн, Иу нæртон зард нын бакæн. 1965 аз. 60
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- ЛЕНИН НЕМÆ ИС Æз цы хуыздæр дзырд ссарыныл дысон Бирæ, бирæ мæ сæнтты фæцыдтæн. Фæлæ дыккаг дзырд, цæй-ма, кæм арон, Æмæ сисыл æндзыгæй хæцыдтæн. ...Балцы уа æви царды, кæм-фæнды Кæсдæр хисдæрæн сыстад, — куы фенын, — Хъуыды атæхы арвы æрфæнты Æмæ цæстытыл ауайыс, Ленин! Саби скъолайы, партийы кадæн, Æз куы фенын æнæкæсгæ дзургæ, Уæд мæ зæрдæйы цæстыты руаджы Фенын дæу, Ленин, мидбылты худгæ. Цардæн йе стыр ныфс — кусæджы къухты Æз куы фенын нæ техникæ гуыргæ. Уæд ысдзурын, нæ фæтæг: нæ фæндтæй Царды иу дæр нæ кæны ныгуылгæ. Æз куы фехъусын, гас æхсæв-бонмæ Бадтис хосгæнæг, рынчынмæ касти... Сдзурын: дохтыры риуы æрцардтæ Æмæ уымæн зынадæй нæ тарсти.
-———■ — МЕ СКАСТ — ИРЫСТОП Æз куы базонын: партион кусæг У сæрныллæг, æнувыд дзырдбарон... Уæд ысдзурын: нæ амардтæ, Ленин, Удхæссæг дæм нæ уæнды æмгæрон! Æз цы хуыздæр дзырд ссарыныл дысон Бирæ, бирæ мæ сæнтты фæцыдтæн. Фæлæ не ссардтон не ’взаджы, Ленин, — Иууыл стырдæр дзырд, абон дæ цытæнГ - (52
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН — ХÆХТÆМ, ХÆХТÆМ «Хорзæй баззайут, хæхтæ! Ныр уæ хъæбул уæ хъæбысæй лидзы». Нафи. Хъуыдытæ мæ дард фæхæссынц Уарзон хæхтæм, маргъау. Афонмæ та къонайы цур Дада дзуры аргъау! Афонмæ та арты фарсмæ Не стыр гино ’рфынæй. Афонмæ та хъазынц фæзы Фат æмæ æрдынæй. Афонмæ та фыййау хохмæ Фосы дзуг фæтæры. Афонмæ та зæронд Сидæ ’Фсæн гутон фæлтæры. * * * Уалдзæг уа, зымæг, фæззæг мыл Ацæуынц æнкъардæй. Уара мит, къæвда, цы-фæнды, — Нал дæн бузныг арвæй.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Ма зæгъ, æз мæ фыды фырт дæн: Гутон уыд йæ дарæг. Циу мæ цард, куынæуал хъусон Хорыркæнды зарæг? Нал ракæсын фосы фæдыл, Роды уаст мæ ферох. Цалдæр азы ныр мæ къухмæ Нал райстон бæхы рох. Уасæджы цъæхснаг хъæлæс мæм Нал фæсиды: рабад! Фарастыл мæ райхъал кæны, Ныр йæ бæсты, сахат. Гъе уæдмæ-иу цалдæр уисы 'Рхастон æз рæуæгæй. Чи уыдис мæхуызæн хохы, Чи арæхст цæвæгæй?! Ныр цæуын дæумæ фæстæмæ, Уæ мæ хох, мæ раттæг. Таудзынæн та зæрæстæдты, Уадздзынæн сыл адæг! Хъуыдытæ мæ дард фæхæссынц Уарзон хæхтæм, маргъау, Афонмæ та къонайы цур Цард нывæнды аргъау!.. 1965 аз 64
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН — КÆД? Уарзоны уæлмæрд агуырдтон. Акъакъи. Сагъæс бацыди зæрдæйы, Нæй мын иу уысм æнцой. Раджы ингæнмæ чи ацыд, Уыцы уарзоны кой Ис мæ былалгъыл алыхатт, — Мысы уый фæлгонц уд. 1'æстыл ауайы ирд æнгæс, Æмæ мидбылты худт. Ахæм уарзæгой хурдзæсты 3_?ардæй атыдта низ! Æмæ ничи — кæмæн зæгъон Æз мæ зæрдæйы рис. Зилын уæлмæрды, агурын Æз йæ ингæны дур. Фæлæ нал зонын: уарзоныл Кæм, куыд аныгуылд хур. 1966 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Авгау нæ тарстæ, Мæ фыдæл, дæ зæххæн. Æмæ нызгъæлæнтæ, — 'Рхаудта дæ къухæй... Æз ныр йæ пырхæнтыл Цæссыгкалгæ зилын Æмæ сæ уидзын... 1966 аз 66
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН. * * * — Цæмæн у зæхх, — уæ фарст у ахæм, — Лæгмæ уæлдай хуыздæр, рæдау?.. Цы йæм вæййы, уый ратты махæн, Йæхи ныууадздзæнис фæлтау. — Нæ зæххы риуы сты нæ мæдтæн Сæ рæдау зæрдæтæ ныгæд Æмæ сæ хъæбултæн, сæ удтæн Нæ дарынц къæбицтæ æхгæд. 1970 аз 07
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФÆЦИС МÆ УАЛДЗÆГ Фæцис мæ уалдзæг, ралæууыдис сæрд: Фæзындæр куыст, фæфылдæр ис мæ хæс. Мæ развæндаг — даргъ, гакъон-макъон, хæрд, Æмæ кæд фаг æз баййæфтон æфхæрд, Кæд цард æдзухдæр уагъта мыл йæ уæз, Уæддæр уынын: мæ байтаугæ æвзар Фæцыд хæрдмæ, æфсирхъæлæс у ныр, Цæуы куысты, мæ хид калгæйæ, цард... Мæ фæззæг дæр æрбаввахс, нал у дард Æмæ нæ дæн, нæ уыдзынæн мæгуыр. Фæлæ уæддæр цынæ вæййы зæххыл, Кæцæй нæ дæн фыдбылызæн æнхъæл, — Миййаг мыл уым куы ныууара цъæх их, Хæрздзæгъæлы фæуыдзæн уæд мæ хид, Уæд ацу ныр дæхи фæрныг æнхъæл!.. Фæцис мæ уалдзæг, ралæууыдис сæрд, Мæ фæззæг дæр мæм фидæнæй кæсы... Мæ фæндаг уырдæм — гакъон-макъон, хæрд, 1 Мæ уæхскыл — уаргъ, йæ быны дæн æфхæрд, Фæлæ уæддæр нæ сахуыр дæн хъæрзын. 68
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН^-^*™-— ОПТИМИСТОН ЭЛЕГИ Æрцæудзæнис искуы мæнæн дæр мæ рад, Фæуыдзæн мæнæн дæр уæд иу бон мæ цард. Нæ ныккæлдзæн дуне, нæ нынкъуысдзæн зæхх, Уыдзæнис мæ кæнды кæрдзын æмæ цæхх... Æмæ уый куы вæййы, уæд байсæфы мæт, Уый иунæг мæ удæн æрцыдис хъаймæт. Уый иунæг мæ удæн нынныгуылд йæ хур, Уый иунæг мæ риуыл ныффæлдæхти дур... Æз разы дæн, исын, цы-фæнды уæ зын, — Мæрдтæй дæр мæ риуæй уæд хъуысдзæн хъæрзын: Мæ фæстæ ма исчи куы кæна æдзард, Уæд, дунефæлдисæг, дæу судздзæн мæ ард. Нæ дзыллæ кæд дара дæуæй исты хæс, Уæд дын æз — сæ нывонд, сæ сæрыл мæ ’рхæсс! Уадз, сабитæ рæзой, уадз, байрайæд цард, Нызгæ дын уæд, уадз мæ, дæ лæгмарæн кард! Кæд хъуыса уæлæуыл, нæ хæхбæстæй зард, Æз дæр уæд цæрдзынæн, нæ уыдзынæн мард.
■" МЕ СКАСТ — ИРЫСТОП * * * Æз никуы бæллын, Он номдзыд поэт. Стæй, æвæццæгæн, Никуыдæр уыдзынæн... Æрмæст бæллын: Саби куы кæуа кæрдзыныл, Уæд æз Куы хæцин гутоны къухтыл. Æрмæст æз бæллын: Мад йæ сæфт фырты куы мыса, Уæд мæн фенгæйæ Куы ссур уаид йæ цæссыг, Æрмæст æз бæллын: Иры зæхх искæд бон Истæуыл куы тыхса, Уæд йæ цæстытыл Æз куы уаин. Æз никуы бæллын: Уон номдзыд поэт. Стæй, æвæццæгæн, Никуыдæр уыдзынæн. 1969 аз. 70
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН - * * * Пылыстæг бандон мæм Нæ кæсы æнхъæлмæ. Нæ кæсын сомбоны гауызтæ æмæ Æрттиваг къултæм... Стæй куы уой, уæддæр сæ нæ сарæхсин, Мæ зæнгæйттæ, Ме ’рчъитæ Æмæ мæ нымæтхуд Уым не сфидаудзысты... Æз сыгъзæрин къусы Хæрын ахуыр нæ дæн. Æз — дæрзæг, Зындзæрин дæн æмгæрттæн дæр, Фæлæ мыл уæддæр сæхи нæ тигъ кæнынц. Хæлæрттæ, Æз нæ бæллын пылыстæг бандонмæ, Хæхты бæрзонддæр — Мæ кувæндон, Уады зарæг — Мæ фæндыры хъæр. 1969 аз
« МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Мæ фырт, Мæ фидæны фидæны фырт, Мæ ныхас дæумæ у: Искуы куы мысай дæ зæронд фыдæлы, Уæд-иу ма дзур æмæ-иу ма дом: «Цæуылнæ дæн паддзахы байзæддаг, Цæуылнæ мын баззад Фыдæлтæй къæлæтджын Æмæ æрттиваг галуантæ?» Уыдон дæ фыдæлты нæ хъуыдысты Æмæ дæу дæр нæ хъæуынц. Æз дын ныууадздзынæн Зынаргъдæр хæзнатæ. Уыдон та сты: Фыдыфарн, Фыдызæхх Æмæ Мадæлон æвзаг... Хъахъхъæн сæ æмæ дын уыдзæнис: Къæлæтджын, Æрттиваг галуантæ, Уæрæх денджызы наувæндаг. Арвы тыгъдады тæхæн... • 1970 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН« МЕ ’ФСЫМÆР Ма мын дзур: «Дæхи дæ сисæй дарыс, Бадгæцард нæ ис æрмæст дæуæн. Афæдзы цыппар афоныл зарыс... Уыдонæн та никæд ис фæуæн. Тауыныл нæ батыхсдзынæ уалдзæг, У дæуæн дæ хуым кæддæрид зад. Афоныл фæлмæн къæвдатæ уардзæн, — Никæд дæ ис уыдæттæм хъуыддаг. Рог машинæ ласы дæу дæ куыстмæ, Уазал доны н’ атулдзынæ къух. Дзурыс ноджы: нæй, дам, мын æрхуыст дæр, Нæ, ме ’фсымæр, ницæмæй дæ цух! Уæд мæнæн та — къаты бон дæр нал ис, Уалдзæг, сæрд, фæззæг æмæ зымæг. Уым мæнæн дæр исты куыст куы ссарис: Нардæй ма кæд исты фенид лæг. Фæлæ нæй! Цы куыст кæндзынæн уым та, Гутондарæн асфальтыл цы и?! Науæд ды нæ фехъуыстай, куыд куыдта Цалдæр боны химидæг гыцци?!
7 -___—«, МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Алцы дæр ын дзур, фæлæ йын ма скæн Горæтæн æфсонæн дæр йæ кой. А-зæхмæ, дам, уарзты тæгтæй баст дæн... А-зæхх ын дæтты йæ риуæй сой!» Хорз мын дзурыс, О, фæлæ, æфсымæр, Алыран дæр у нæ дарæг куыст. У мæнæн мæ фыдæбон æртывæр, Ды нæ зоныс, нæй мæнæн æрхуыст. Тауæг дæн æз дæр, дæуау, æрмæст нын Хицæнтæй фæйнæ бардуаджы ис: Уацилла дын зад тыллæг фæдæтты, Музæ та мæнæн зоны мæ рис. Æз мæ дзырдтæ урс гæххæттыл тауын, Авæййы мæ зæрдæ семæ дих. Хи нæ зонын искæйтау ыстауын, Цал хатты сыл рацæуы тæрк их. Тауинаг куыд февзарыс нæмыггай, Афтæ дзырдты февзарып уырзæй, Бадгæцардыл ахуыр нæу нæ мыггаг, Ме стыр куыстыл цал хатты ’рцыд зæй... Фæлæ æз кæмæн кæнон мæ хъаст дæр, Чи мыл тыхса, иу ахæм мын нæй. Цин куы хæсса искæмæн дæ маст дæр, Уæд йæ цуры макуы хъæрз зынæй. 9. VII. 1970 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Ис мæнæн æртæ уарзон хæлары, Иуæй иннæ — ’нувыддæр æмгарыл. Алчи дæр сæ уарзаг зæрдæ дары, Æмæ зонд та дих нæ кæнынц карыл. Риуы хатт куынал фæцæуы сагъæс, Уæд мæ цуры февзæрынц æмбойны. Гъе, уæд мæм ды искуыцæй æрбакæс: Басæттын сæ цинæй æз мæ дойны. Дзурынц мын: нæ тулдз тала, дам, райсом Йе ’взонг цæнгтæ хурырдæм иваздзæн. Рог зызын йæ бæрзонд сæрыл кафдзæн Æмæ йын йæ сау коцора фасдзæн. Дзурыиц мын: нæ уалдзыгон бон хæхты Хуры тынтæм хъазы зæрдæ, акæс! Рукъæй Нармæ, райсомы æртæхты, Никуы сысы даргъ фæндаджы сагъæс. Ис мæнæн æртæ ныфсы хæлары, Иуæй иннæ — ’нувыддæр æмгарыл. Алчи мæм сæ рухс-хъарм зæрдæ дары, Афтæмæй цæуын æз дæр мæ кары...
„л^__-.„„ МЕ СКАСТ—ИРЫСТф, * * * Дуар мæм хойы мæ рагбæллиц, Хинæйдзаг мæ сайы: Мæ бæгъæввад къæхты хъарммæ Миты тъыфыл тайы. Тъæнджы мæй мын мæ гом буар Цъыкк кæны дзæлв уисæй. О, ныр дæр ма æз фестъæлфын Ме ’взонг бонты рисæй. Фæлæ уæддæр йæ зынтимæ Мæ рагбæллиц хорз уыд: Нæ мæ ’ндæвта, кæд не ’рцыдис Зæххы цъарыл хор тыд... Фæлæ уæддæр йæ зынтимæ Рагбонты рухс мысын. Уæд мæ уæнгты туг абызта... Ныр та? — Мургай сысы... -- 76
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* ХОСГÆРДÆН «Райс-ма, поэт, Де схъæл цæвæг, Зарджытæ уал уадз. Бавзарæм нæ тых». Уый мæм дзуры, Зилгæ зæнгой, Уанелаг, къæйных. Бакæс æм: Къæдзæхы фаркæй йе уæнгтæн — сæ конд. Æз йæ цуры, — Хохаг дзигло, Нал сæттын мæхи. Æмæ згъоры Фындзы хъæлæй, Къадайау, Мæ хид. 27. VI 1969 <к< 77
4 __МÆ СКАСТ — ИРЫСТОф * * * Æз фæтыхсын, — Куы рыхснырсын Æмæ куы фехъусын: «Иæр!» Уазæг куы вæййын Æмæ фысым йæхицæн Адджын куы ницыуал фæкæны... Исчи хорз лæгæн куы фæкувы Æмæ йæм куы ’рхауы Мæ кой, Уæд æз ныфсæрм вæййын Æмæ ацæуын хъуыдыты: Мæ цард, мæ хæрд, мæ улæфт, мæ ном Кæй хъæуынц, уыдонæй, Миййаг, куы баззайон хæсджынæй. 78
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МА ’ФХÆР Алцы дзур, Фæлæ ма ’фхæр фыссæджы, Масты сагъæсдон — Уымæн йæ зæрдæ. Ды куы вæййыс Æнкъард æмæ рыст, Уæд йæ зæрдæйы тугтæ Ныттæдзынц... Ма ’фхæр фыссæджьк Иууыл иугъуызон Не сты сæ тыхтæ. Иутæ дурæй дæр Рауадзынц дон, Иннæтæн та — Хъæмпы хал сæ бон. Фæлæ дыууæ дæр Царды фидауынц, Уыдон а-зæххыл Хуры тын тауынц. Алцы дзур, Фæлæ ма ’фхæр фыссæджы. 79
- — - МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ИСЧИ МÆМ ФЕВЗИДÆД ЕХСÆЙ Æз — уазал, хæххон суадон, Бæлццон, æрлæу мæ цуры, Дæ дойны мæ суадз Æмæ мæ зæрдæйы Уды æнцойады, æлутон æртах, Ныттадз. Æз кæсдæр дæн, Иры урсзачъе зæрæдтæ, Бар мын радтут, Кæсдæрау бацæуон уæ цурмæ Æмæ уын уæ чъылдымтæ хурмæ аныхон. Æз сидзæр дæн. Мады рæвдыд, мады «цума» Цы ад кæны, уый дæр нæ зоиын, Иры мæдтæ, исчи мын уæ «цума» зæгъæд Æмæ-иу стæй мæнмæ кæсæд. Хæхтæ фаркгай фæкæндзынæн, Арвæй æрхæсдзынæн хур. Æрмæст мæм ды, мæ Иры мад, Дæ мидбылты худ! Æз кæсдæр дæн, — Ног «цæфхадсагъд», — Ифтыгъд æфсургъ. Исчи мæм февзидæт ехсæй, 80
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Чъылбыс мæ куыд ысхауа... — Æмæ уадсур фестон! Кæннод нындзыг дæн, Мæ фæндаг та — даргъ, Йæ кæронæй мæм æрттивы Цырагъ! Æз бæлццон дæн, Къæсæры Уастырджыйæн Мæхæдæг куыд акувон?! Ды мын акув, мæ Ир, Æмæ дæ арфæйæ Рафтауон æфсир! 6*. 81
*МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН НЫХАС МÆ ФИДÆНЫ ФЫРТЫ ФЫРТИМÆ Уый цыдæргъуызон уæнгты, Фатау, ацæуы тас: Махæй абон уа, сом уа Иу дæр нал уыдзæн гас. Фæлæ денджызы, цæй-ма, Чи кæд бакодта сур? Мах фæстæ дæр та дардыл Тавдзæн адæмы хур. Мах фæстæ дæр та гуырдзæн Ног тых, ног хъару, уарзт... Зонын, гъе уæддæр чидæр Ирыл не 'ркæндзæн,маст. — Арт ыл сирвæзæд, — дзурдзæн, — Циу Фыдыбæстæ, зæхх?! Парахатæй мын кæд ’мæ Уа кæрдзын æмæ цæхх. Æз кæмæй кæнын сомы, Æз кæмæй хæрын ард, Уыцы ’взаг æмæ фарныл 'Фтаудзæн сусæгæй арт. 82
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН-— Уый цыдæргъуызон уæнгты,, Фатау, ацæуы тас. Махæй абон уа, сом уа Иу дæр нал уыдзæн гас. Æмæ фестадис риуы Ме стыр мæты хай Ир. Уæ, мæ хуымгæнды ме ’взар Сом куынæ суадза ’фсир... Стæй кæй уаз зæрдæ таудзæн’ Ирыл йе ’гъуыстаг уарзт, Гъе мын чи уыдзæн æммыст,, Ирæн ныфс æмæ уарт?!
-МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Дæн фæллойгæнæг, фыд-зыкъуыр, Ме ’взаг — ардуан, дæрзæг. Фæлæ никуы уыд, мæ къæбиц Уа афтид мæнæн фæззæг. Уарзты табутæ нæ зонын, Нæу зæлдаг хæцъил мæ дзырд. Фæлæ бахъуыды тыхст зæрдæ Баййафы мæнæй рæвдыд. Никуы, — Хъал митæм нæ бæллын, Арын Комдзаг дæр зынтæй. Фæлæ уазæгыл узæлын Алхатт Дзул æмæ цæххæй. Нæй мын уый фадат, æмгарæн Æз нæ самадтон мæсыг. Фæлæ Бахъуыды йæ зыныл Йемæ ’рыппарын цæссыг. 1969 аз 84
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН БАХЧИСАРАЙЫ ГАЛУАН Уазал комытæф сысты галуаны Æмæ химидæг зæрдæ баризы. Талынг ныккæндæй удыскъуыды хъæрзт Риуы иннæрдæм, фатау, ахизы. Къултæ — тугахуырст, Нымд, æгомыгæй Дзурынц адæмы судзгæ сагъæстыл, Хан-Гирейы кард уыйбæрц ракодта, Æмæ дудгæ фыд нал цыд а-бæстыл. Къах кæм ’рывæрдта, ныр дæр уырдыгæй Сысты судзгæ маст, схъары туджы ’ртах, Бантыст карз лæгæн — уый ныуурæдта Уæд йæ цæуынæй зилгæ царды цалхГ Æмæ саудалынг сыстад а-бæстылг Цины баивта дудгæбоны маст. Ничиуал зыдта, уый цы ад кæ*;м Уалдзыгон боны худгæ хурыскаст. Иунæг, иунæг дзы хан уыд амондджын... ’Рмæст дзы уый удæн уыдис удæнцой. Иннæ — сау адæм йе ’лгъаг дзæмбыты Хъуамæ ма кæной царды цины кой.
—~_Л1Æ СКАСТ — ИРЫСТОН Равзаргæдæр чызг уыд йæ хъазæнхъул, Химид тадысты уарзты ’нкъарæнтæ. Ханы сау митæн ам йæ гаремы Ницæмæй уыдис мур дæр арæнтæ. Уазал комытæф зилы галуаны, Сагъæс химидæг уд æрбалвасы. Ам цы сау калм цард, уый йæ сыхæгты Æммыст цал хатты ’ппæрста сау тасы?! Уазал комытæф зилы галуаны, Ивгъуыды нывтæй зæрдæ баризы. Талынг ныккæнды удыскъуыды хъæрзт Риуы иннæрдæм, фатау, ахизы.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Поэттæ, Дунейы тыхджындæр поэттæ Фыссынц æмдзæвгæтæ Æмæ домынц: «Ма уæд хæст!» Паддзæхтæ, Дунейы тыхджындæр паддзæхтæ Ног хотых рауадзыны Бары гæххæттыл Зулмæ бафыссынц сæ къухтæ, Æмæ дзурынц уыдон дæр: «Ма уæд хæст!» Поэттæ, Дунейы тыхджындæр поэттæ Агурынц рифмæтæ Æмæ Агайынц зæрдæтæ. Паддзæхтæ, Дунейы тыхджындæр паддзæхтæ Се ’ппæт дæр агурынц, Æрмæст: Рифмæтæ нæ — Здытæ! Æмæ уыдон дæр агайынц Зæрдæтæ.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН •к * * Сыфтæр сыфтæрыл Йæ сæр бакъул кодта Æмæ йын йæ хъусы дзуры: — Ме уæнгты цыдæр уазал хъазы, Цæстæй нал уынын рæстмæ, Хæхты цъуппытæ куыд ысты? — Æвзистгъуыз баисты, — уыдис дзуапп. — Уæдæ нæ сæфты рад куы ралæууыд, Нæ сæфты рад... 88
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ * * * «Мит» ныууарыд мæ бабайыл, Сурс ысты «йе ’фсад»... Афтæ мæм кæсы, Цыма йæ сæр Дзуарбадæн фестад. 89
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ГАЛТÆ СÆ СÆРТÆ ÆРУАГЪТОИ Знон, гутоны къухтыл хæцгæйæ, Амард мæ фыд. Хуым æрдæг кондæй баззад, Галтæ æфсондзы ифтыгъдæй Ныккастысты зæхмæ, Нырмæ-иу мæ фыды фыддæрадæн Рахс-бахс кодтой. Сæ фæллад бæрзæйтыл Æфсондзæвæрæджы Æнхъæлдтой айнæгриу, Тыхы къуыбар, Мæлæт кæмæн нæй, ахæм! Æмæ-иу дзы «хъазыдысты»... Æгæрыстæмæй-иу сын Йæхи армæй Цæхх куы дардта, уæд дæр. Ныр æрхауд се ’мцæдисон, Æмæ галтæ Æнкъардæй зæхмæ Æруагътой сæ сæртæ. 1969 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- ХÆХХОН ЛÆГ САХАРЫ Æрбалæууыд уалдзæг æмæ фынты дæр Сыджытимæ архайы æдзух. Уым, сæ хъæуы доны Сыл сæ тырты дæр Райхъал ис, йæхимидæг ныппух. Уым, сæ хъæуы хуссарварс цы уадздзаг ис, У бынтон зæрæстонæн æвгъау... Æмæ фыны горæтæй «фæбæлццон ис», Асфальтыл, зæгъ, не суадздзынæн тау. Мæнæ, гъе, йæ гутон химид арауы, Хъуамæ хуымы акала йæ «фист». Хосласæны фæд нæ баззад аркъауыл, Уæрдон химид райдайы «хъыллист». Чи йæм кастис, сапонæй йæм чи зылдис? Æмæ сæмæн баруадис, ныххус. Нал айзæлы йе ’хситт, мæгуыр, цæвæгæн, Рагъæныл йæхимидæг ныххус. Рагуалдзæг-иу ацы скъæтæй райхъуыстис Род, сæныкк, уæрыччы уаст зæгъай... Царды мад дзы ацы хатт нæ ранкъуыстис, Уый дæр æм фæцис, зæгъынц, тæргай.
~—— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Уæртæ уым — йæ хуымы гæппæл донгæрон, Фæззæджы-иу фестадис хæндыг. Ничи цæуы ныр бынтондæр йе ’мгæрон Æмæ риуы нал цæуы йæ хъыг. Сабыр, джихæй иухатты нæргæ хæдзар Комхæлиуæй хъарм бонтæм кæсы... Уалдзæг у, бæллы йæхимид хицаумæ, Сиды йæм: «Дæ уæзгуытæм фæзын!» Æмæ химид сынтæджы уый, базмæлы, Ахæссы йæ уарзон хъæумæ уарзт. Хатт ыл фыны хосгæрдæн æрцъыкк ласы: Иу бындзыг ын не ’рыййафы карст... — Æмæ фыны райдайы уæд джитæнтæ: «Аскъуыйдзысты ныр мæ фос сыдæй!..» Райдайынц ыл хъæуы худын чидæртæ, Уый, зæгъ, дын фыдæй баззад, фыдæй. Райхъал вæййы æмæ суанг бонцъæхтæм, Иунæг уысм дæр нал акæны цъынд. Фефхæры йæхи, мæгуыр: «Кæм æрцардтæн, Ардæм мæ цы хæйрæг кодта цырд?.. Ацæудзынæн, ацæудзынæн, сахары, Уадз, цæрæд, кæй хъæуы, уый фæрнæй. Чи дæн ам, цы хъуыддаджы уын ахадын?! Уым та, уым? — цыд хæхты хъарм мæнæй!..» 1974 аз.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТО/1 - * * * Мигъы къуыбар арвыл бандзыг, Зæхмæ кæсгæйæ сагъæсты ацыд. Уæдмæ йæ æрбаййæфта æндæр,— йæхи ’мсæр, Æмæ йæ ’рфарста: — Цы нынкъард дæ, Дæ зæрдæйы цы маст, цы сагъæс бацыд? — Ныккæс-ма зæхмæ, хоры ’фсиртæ тъизынц, Нымпылдис сыфтæр, кæрдæг дæр нырруади, Нартхоры сыфтæ фырдойныйæ ризынц, Хур, дам, ныл æрхауди! Фæрысти мигътæн уæд, чызгау, сæ зæрдæ Æмæ ныккуыдтой, чи фæуид æнæхъыг? ...Ысдардтой буцæй халсæрттæ сæ сæртæ Æмæ сдзырдтой: «Мæрдтæй нæ раздæхта уæ цæссыг!» 1969 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Дысоны уазал къæвда Зæххы зæрдæйы Тугтæ ныттадзын кодта... Нынкъард, Зондджын зæрондау, Йæхимæ ныхъхъуыста. Йæ цæсты раз мæлынц Дидинтæ Æмæ сыл кæуы. Йæ цæсты раз Бæлæсты дадзинты Туг ахсы Æмæ сыл кæуы. Хурæй æххуыс куры, Фæлæ уый дæр, Чъырттымцъиуау, Фæсмигъ нымбæхст. Зæххы тыхджын æнкъарæг зæрдæ Нæ баурæдта уыцы зын, Æмæ æхсæвæй райсоммæ азæронд: Урс-урсид фестад.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Байронмæ гæсгæ Æз лæууыдтæн хохыл — ме ’мбæлттæн ныфсæн, Арвы цъæх — мæ сæрмæ, сау мæр та — бынæй. Æз лæууын æнкъардæй, нал кæнын фынæй, Ардыгæй нæхимæ аздæхæн мын нæй. Уырдыгæй æз федтон: хохрæбын, кæмдæр, Адæмы ныфсы лæг ’рывæрдта йæ сæр. Уый цурæй уæйгæнæг ахъуызыд, фæлыгъд Æмæ уыцы бынат мæстæй арыд, сыгъд.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ УÆЛМÆРД Шандор Петефийæ Амæлдзынæн... мæ ингæныл Дурæй ничи скæндзæн цырт. ’Рмæст — хъæдын, æфсæйнаг дзуармæ Къух нæ фæкæндзæнис куырд. О, фæлæ мæрдты мæ сагъæс Фестадис, зæгъгæ, мын — дур, Уæд йæ бæрзонд цъуппыл никуы, Никæд аныгуылид хур.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ ивылд дон Ш. Петефийæ Уылæн мæ æд бæлæгъ хъазы. Æтт, кæй бафæнддзæн мæлын. Æз мæ уд ыскъуынын æмæ Хид цыхцырæгау кæлы. Афтæмæй мæ мад куы фенид, Хъæр кæнид, мæгуыр, тыхстæй: «Исты дыл æрцæудзæн, ма кæн, Рахиз мæм, ныууадз æй, цæй!> Фыд та сдзурид, зонын, афтæ: «Уыдæттæй дæуæн цы у, Фæлæ аскъуыдтай дæ хæлаф, — Гъе уæд-иу мæ къухмæ ’рцу!» 5. VII—1970 аз 97
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ХЪОРНИСЫ МÆСЫГ Чидæр мын мæ уæхск æрцавта цирхъæй Æмæ исы ныр йæ уд мæ цонг. Туг тæдзы... Зынг-араугæ, æртахгай, Ме знаг та? Уый бады, нуазы ронг. Туг тæдзы... Мæ рахис фарс æгасæй Ахицæн ис, атыдта йæ цæф. Уый, кæддæр мæ иу бакаст, мæ тасæй Цал хатты фæцис ызнаг æрвдзæф. Туг тæдзы... Фæлæ фыдгул нæ фендзæн: Никæдбон мæ не ’рхаудзæн цæссыг. Уæхскыл хауд цонг авд ахæмы фестдзæн! Ме ’ндон риуы не ’рнымæги зынг. Туг тæдзы... Уæддæр мæ къах у фидар, Акæлынæй нæу мын, никæд, тас. Бауадзут мæ иучысыл мæхи бар,— Ис мæнмæ дæр уаз бæллицтæ, уаз.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН^^^^^— Туг тæдзы... Мæ фыдгул цинæй райы... Фæлæ хъуамæ рахауа йæ цæст. Ма ’нхъæлæт, мæ тых, мыййаг, нæ тайы, Æз нырма нæ райдыдтон мæ хæст. Туг тæдзы... Фæлæ мæ зарæг зæлы, Хæхтæ, фæзтæн циндзинад хæссы. Уый — мæ уæнгты хæхты уд ызмæлы. Карды бын нæ сахуыр дæн хъæрзын. 1970 аз-
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ИРЫСТОН I. Цы дын фæуыдзынæн — нæ зонын, Уыныс, мæхæдæг дæр тыхст дæн. Зæгъ-ма, куыд раппæлон ызнонæй, Кæд дзы мæ къахкъухмæ рыст дæн? Цæмæй дын февæрон ныфсытæ, Лæгыл нæ фидауы мæнг дзырд: Хъысмæт мæм ма дарæд æрцытæ Æмæ дын самайдзынæн цырт. Кæнноддæр чи уыди — йæ мадæй: «Æвзæр у», чи ракодта хъаст? Кæд дын цæрын, мæ бон, æгадæй, Уæддæр дæ хурмæ у мæ каст. Цы дæн, гъе, уымæй дын дæ номæн Кæндзынæн табу æмæ цыт, Æмæ куыд æмбæлы нымд лæгæн, — Мæнæй нæ хъусдзынæ фырдзырд.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН п. Баныфс дын æвæрон?.. Мыййаг дæ куы фæсайон, Сур дзырдты карæй хызт дæн. Уый фæлтау — кусон уал. Ды уæддæр фендзынæ: Хорзæй, æвзæрæй цы дæн. Чизоны, искуы Куы тыхсай дæ фæндагыл, Ма-иу мæ бамбæхс Дæ зындзинад уæд. Де ’хсарджын фырттимæ Тохы куы фæцудон, — Ма-иу мыл бакæн, Фæдзæхсын дæ, мæт! Хъулон цæстæй-иу мæмч Ма ракæс макæдбон, У мæм кæддæрид Æргом... Æз дын дæ къæбицмæ, Кусаг цъæх мæлдзыгауГ( Алхатт хæсдзынæн Æргъом.
-——__„МÆ СКАСТ — ИРЫСТОН ÆРТÆ ХОРЗЫ Цалынмæ æртæ хорзы мæ уды, Абонау, цæуой æмæ цæрой: Никæмæ нæ кæндзынæн тæхуды, Цалынмæ мæ дадзинтæ цæвой... Алы зыныл алы уысм хъæцдзынæн, Хонæнт-иу мæ уадз æмæ мæгуыр. Сау къæбæр цæссыгимæ хæрдзынæн, Сау къæбæрыл ахуыр у мæ хъуыр. Фæлæ æз цы хæрзтæ хæссын риуы: Ме ’взаг, Уарзт Æмæ иæ Зæхх! Никæд сæ нæ бауадздзынæн чиуын, Рохуаты сыл никуы ’рцæудзæн зæгъ. Уарзонад мыл уарзоны цæстытæй Бафтауы æгæрон ныфс, уæлтых. Æз цы-фæнды ма цæрон мæстыты, Бавæййы æвдæвæр уæд мæ тых. Ме ’взаг тохты мин-мин азты сæрыд, Удæндонау туджимæ æхсыст... 102
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Цалынмæ йын худ хæссон мæ сæрыл, — Никæд æм æрхаудзæни æсхуыст. Уæд мæ Зæхх, мæ мæсыгджын фæллад Зæхх, Никæдбон мын ахуысдзæн йæ рухс. Атыхсон дыл, тагъд мæ размæ ратæх, Авæрон дæ пух риуыл мæ рус! Афтæ ис æртæ хорзы мæ уды: Ме ’взаг, Уарзт Æмæ мæ Зæхх! Æз сæ цуры нал кæнын тæхуды, Æз сæ ныфсæй — хохаг лæг, къæдзæх! 1979 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ДЫ ЙÆ НЕ ’НКЪАРЫС? Цыдæр мæ сисы йæ базыртыл, Цыдæр ныхъхъыдзы кæны риу.— Иры уарзт æмæ дæ цæстытæ Кæнынц мæ зæрдæйы æмзиу. 1979
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* ХИ ЗОНЫН ХЪÆУЫ Ех, мæ размæ цалы рæзты Ацъелф кодта амонд. Æз куы ’нхъæлдтон: хъызты фæстæ Ныр мæныл дæр рабон, Уæд кæсын æмæ бынтондæр Дæн афтидкъух, гомгæрцц, Развæндаг — æххæл-мæххæлтæ, Нæй мын ыл цыд бонбæрц. 1976 105
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ГЕЙНЕЙЫ ЧИКГУЫТÆ — Хъуамæ мауал уа дунейыл Гени Гейнейы кой,— Загъта Гитлер, æмæ йын Бафтыдта йæ томтыл зынг. Арт ныггуыпп ласта цыренæй, Æмæ стыр диссаг æрцыд: Чи ма йæ зыдта, Уымæ дæр Гейне арты рухсмæ сзынд!.. 12. IX 79
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОИ— НÆ БÆЛЛИЦ Рæзы хæхтыл ирон фæндаг, — Кæны не знаг иронвæндаг. Хъуысы зард — Хæхтæй дард. Уæнгты тæгты нæ бæллицтæ Тырнынц цардæн йæ къæбицмæ. Хъуысы зард — Хæхтæй дард. Рæзы фæзы нæ найаг дæр, Кæны фаркгай цъæх айнæг дæр. Хъуысы зард — Ирæй дард. 1977
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Сындæг-сындæг мæ байдыдта уырнын: Нал басæтдзынæн хæхты, Нал ыстæхдзынæн арвмæ, Ничи батавдзæн хъызты Хи мæ зæрдæйы хъарммæ... Нæ, нæ йын фæдæн, хатын, Разагъды хъæбул Ирæн: Æз куыд æнхъæлдтон, афтæ Никуы самыдта лирæ. г ~ 108
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН - ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ МИДСАГЪÆС Кæддæр уыдис мæнæн мæ быуар Айкау лæгъз æмæ æмдынг. Уыдтæн æз дæр кæддæр лæгдзуар, Нæ зыдтон хæрд æмæ уырдыг. Нæ лæууыд Зикъара мæ ныхмæ, Йæ сæрты иу гæппæн хызтæн. Къæбæр ныл нал хæссын мæ дзыхмæ, Уыдтæн кæддæр æмæ фæдæн... Ыстыдта карз вулкан мæ ныхыл Æмæ дзы адгуытæ фæзынд... ...Ныр мæ нæ кæсдæртæ сæ фынгыл Фыдуынд, фыдцъылысæй фæзмынц. 109
- МЕ СКЛСТ - - ИРЫСТОН * * * Ацæуон та хъуамæ зæххыл Æз дæ хуыд «дзабырты», æрдз! Райсомы сæууон æртæхыл Хъуамæ айтындзон мæ кæрц. Рабаддзынæн ыл уæлхохы, Æмæ рæуджытæ куыд тоной, Лфтæ самондзынæн зард. Æз лæппуйæ нырмæ хæхты Дæн фыййау æмæ нæ кæнын, Хъалтау, гауызтыл мæ цард. У æхсæвы тар мæ нымæт, Хуры ирд тын та — хæдон. Цардыл чи свæййы уæлæхох,— Нæу быцæу дзырд æм мæ бон! 110
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН., УÆЛТÆРХÆГ Арын Бахъаты Нугзары фыд Иликъойы рухс ном. Ме ’мбалы фыд уæлтæрхæг æрхауд, Нал хъазы йæ фæллад уæнгты туг. Ме ’мбалæй нал хауы цæссыг, Фæлæ... Знонæй ардæм ысурс. Габ&гы цур къулсæрæй æрлæууы... Нал ахсы йæ фыды улæфт хъус... Радомы дзы: «Бакæн та мын хæс...» Фыды ’нгас ын иунæг фæдзæхст дзуры: «Ныр лæг дæ, лæппу, фæцырд у, Хæдзармæ æркæс...» 1974
~МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН АБАЙТЫ УАССОЙÆН Бацыд Иры фарн лæджы хуызы Æмæ ирон дзырдтæ Иры згъæлæнты, Налхъуыт дуртау, уидзы. Уидзы, уидзы, уидзы æмæ Йæ къухы ирон дзырд Æндидзы, æндидзы, æндидзы... Мин азты Ир цæмæ куывта, Уый йын йе стыр фарн радта... Афтæ, урс хæхтау, фарны лæг Ирон дзырдтæ фатдзæф, Нæмыгдзæфтæй уидзы. Цинæй йæ цæссыг æрхъуызы... Цинæй йæ уарзон уд сризы... Æмæ уидзы... Æмæ уидзы... Ирон дзырдтæ пырхгонд Иры уидзы Æмæ сæ кæрæдзийыл æмпъузы, æмпъузы, æмпъузы...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- * * * Кæрдзынмæ бавнæлдтон Æмæ уадид мæ цæстытыл ауад: Мæ фыд йæ хиды мæцы, Афтæмæй гутоны æрттыл хæцы. Мæ мад сасирæй луары, Нæмы хыссæ, ныппухи, ныннæрст, Арынджы нал цæуы, Йæ былтæй кæлы... Фалдæр хус сугтæ торнейы Къæрццæмдзæгъд сыгъд кæнынц... Кæрдзынмæ бавнæлдтон Æмæ зæрдæ Йæхимид ысдзырдта: Цы бакуыстай ацы дзулы Иунæг комдзаджы аргъ Абон ды та? 113
»—„_МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Чидæр æрхаста галы сæр фынгмæ: Мемæ æдзух сугмæ чи цыди, Уис кæй нæ хъуыд, Æфсондзмæ хъусæй ласын кæй нæ хъуыд, Федтаид æй къухмæ æрмæст. Гутоны уæз йæ бæрзæйыл чи хаста, Æмæ лæггæдтæ Йæ фæллад удæн чи нæ домдта, Мæ уыцы галы сæр Чидæр уæртæ æрбахаста фынгмæ... Ныр дæр та нæ домы Йæхицæн цъæх хос... Æрæнцад, нæ кусы, Æрмæст, мæгуыр, сабыр Хистхорты цъæм-цъæммæ хъусы.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН--* ——■ МÆ ЦЪÆХ ГАЛ Хос дын ракæрдон, мæ цъæх галт Суг уал мын æрлас уæдмæ, Гъе та астæр мын мæ цæхх уал, Ис мæм дзуринаг дæумæ: Нæй, куы йæ зоныс, мæ фарсмæ Чи фæрог кæна мæ къух. Уарзтæй ацы хæхтæм баст дæн, Мемæ кус, мæ хур, æнтъух. Хъуамæ саразæм нæхицæн Мах хæдзар æмæ ыскъæт. Иумæ мах нæ дыууæ — иу цæд, Иу — нæ куыст, нæ цард, нæ мæт! Гъе ныр та уал ауай сугмæ, Ракæрдон æз та дын хос! Цард цæуы, цæвы нæ туг дæр, Цу, нæ дæ хъæуы сæрбос.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН КУЫРДИАТ Иры урс хæхтæ, ныллæг ма, Цæй, уæхи æруадзут Æмæ мын мæ мæстæг уды Иу мур уарзт ныттадзут. Кæд мæ фыны дæр зæрдæйæ Не ’фсæдин уæ койæ: Æмæ уын уæ цъæх мæсыгмæ Дур хæссин æккойæ. Батонут мæ, уадз, æвзæрæй, Ма мыл кæнут маст дæр. Дзурут-иу æрмæст мæ фæстæ: Удау, зæгъ, нæ уарзта. Абухын куы нал фæразон Цардимæ уæ риуыл, Гъе уæд-иу мын уат æркæнут — Курын уæ — Хъæриуыл. 1977
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- ИЮНЫ ÆСТÆМ БОН Иниæ бонтæй ацы бон кæмæпдæр Ницæмæй у хъауджыдæр, — æпкъарын. Ауайы мæ цæстытыл гæрз бæндæн Æмæ уадид фескъуыйы мæ зарын. Иры хъуырыл уый фыдгул æргыма, Ахъавыд ныккодтанд æй хурх. Иу æрмæст: цæмæп зона йæ тых дæр, Æмæ йæ цæмæн тава зынг хур... — Иу æрмæст: цæмæн хъуамæ уа, — за^ъта, — А-зæххыл фæстаг бонмæ нрон... Æмæ ныл йæ марæн кард æруагъта, Хъавыди ыскæна нын кæрон. Фæлæ знаг нæ хатыдта: алантæм Афтæ дзургæ кардимæ нæ уыд. Бахордта нæ уæзгуытыл йæ хъиутæ, Æмæ нæ бæрзæйсастæй фæлыгъд. Ацы бон мæ зæрдæйы кæддæрид Райгуыры сæрыстыр æмæ маст. Ныр, бæргæ, нæ мусы и нæ кæри, Фæлæ нæм цы фыдуаг адзал каст!.. 1 117
—«— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ХОНÆМ УÆ ИРМÆ Ам мах урс хæхты цъуппытыл Хуры тынтимæ хъазæм. Ам мах, сау сæнау, рог уæлдæф Хуры фырттимæ нуазæм. Ам мах не ’фсæдæм уарзынæй Æмæ зарынæй хæхты. Ды цы ирон дæ — сионты Кæд нæма федтай рæгътыл?.. Ам тæмæн калынц дидинтæ, Сты нæ чызджытæ диссаг. Ма бауарз, — иугæр бауарзтай, — У сæ рауарзын риссаг. Ам нæм алы дур таурæгъ у, Алы хъæды къох — аргъау. Ам нæм аргъæутты гауызтæ Хурмæ ратæхынц, маргъау. Мах сыл пе ’ххæссæм, Пушкинтæ, 'Рцыт, нæртои зарæг сисут! Ничи уын зæгъдзæн: «А зæххыл Ам цæмæн стут, чи стут?!» 16. VII. 1978
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ ХЪОМЫЛГÆНДЖЫТÆ Мæн мæ чысыл, мæ сонт бонты Кодта алчидæр хъомыл. ?7ал мæ авæрдта йе ’уæнтыл Хуыцъейы хъæуы, комы. Сындз, фыццаг сындз мын гом къахæн Бамбарын кодта — чи у, Дзулæн нæй рогæй ракъахæн, Уадзын ыл хъæуы чъиухид. Цард мын рагбонты амыдта: «Комхæлиуæй мæм ма кæс. Фезмæл — куыстыл мæ ардыдта, — Исты хордонмæ бахæсс!» Сау цæстытæ мын амыдтой: Буц, уæздан ахаст, уарзыи. Афтæ мæ сабыр сæрыдтой: Цин уа, маст зæгъай, хъазын... Æмæ баисты мин-мины, Æз кæй фæмысын, уыдои. Дзурынц мын ныр дæр уаз риуы: Адар арф хуымы гутон. 1977
МЕ СКЛСТ — ИРЫСТОН МАМСЫРАТЫ ТЕМЫРБОЛАТ ÆМÆ МУЗÆ Музæ: Мæ сабыр, хæдæфсарм, мæ бонзонгæ ’фсымæр, Æрбад-ма мæ цуры, дæ уаргъ уал æрывæр. Цæмæн у дæ зæрдæ мæстæлгъæд, æрхæндæг, Уыныс æй, дæ цуры, дæ фæззæг æрхæстæг. Цы ма дын нæ бантыст, цы хохæй нæ кастæ? Кæйдæртау дæ удæн фæдисы нæ тарстæ... Дæ фæззыгон хорæй цæуылнæ дæ райгонд, Æви мын кæронмæ нæма фæдæ найгонд? Темырболат: Цы мæм ис, уыныс мæ: нæ дæн æз къæбæрцух, Æрмæст мын нæхицæй нæй дзурæг: «Хъæмæ ’рцу!». Уыныс мæ, иртæст дæн мæ зæххæй, мæ донæй, Æцæгæлон ран та нæй зарæн уæндонæй. Дæ зæрдæйы сагъæс куынæ дзурай мадæн, — Нæ хæрдзынæ никæд дæ хус къæбæр адæн. Нæ зонын, мæ зæххыл цы ад кæны хур та, Æцæгæлон бæстыл дæн алкæмæн хурда...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— ÆВЗОНГ ПОЭТТÆМ Ут поэзийы «’рратæ», Ут «æнæрцæф» дæр уым. Ма уын баззайæд ’нæсгæрсг Иу хох, иу талынг къуым. Ут зæрдæфндар мастæн, Уадз, фæтых уыл уæд уарзт. Æз нæ кæндзынæн никæд Уе ’хсидгæ удтæй хъаст. Цыт уæ фæндæгтыл фидар, Ут мæ азарæй хызт: Алы туттсæр мын фаудта Уæд мæ зæрдæйы куыст, Æмæ ме ’нæрцæф удæй Хъавгæ арæзтой фыс. Æз кæм рæдыдтæн царды, Кодтой уым мын æххуыс. Кусут, ма хъусут, кусут, Уарзт мын ма кæнут рох. Уе ’взыгъд уадындзы зæлтæм Искуы базмæлдзæн хох. 121
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Ут поэзийы «’рратæ», Ут «æнæрцæф» дæр уым. Иу уæ уый домын: цардмæ Ма ут тигъ æмæ ’рхуым. 122
\\Е СКАСТ — ИРЫСТОН НÆ ХÆХТЫ Цъæх уалдзæджы фенд мыл æрбакалы цин, Йæ радтæгæн кувын — мæнæн у мæ дин. Быдыр мæ йæхимæ Асайы æваст. Дзул æмæ цæххимæ Чи ракæндзæн хъаст? Адарын мæ гутон, Афæлдахын зæхх, Бафсæды мæ къуту Нарст хорæй дзæбæх. Куы ралæууы фæззæг, куы ’рбалвæсы бон, Куы авæры хидтæ йæ гуыбыныл дон, Уæд айхъуысы зарæг, Чындзхæсджыты хъазт. Уæд райдайæм карæн Куыдхисдæрæй кад... Нæ фæззæг, нæ зымæг, Нæ уалдзæг, нæ сæрд У алчи сæ уæццæ, Кус, уарз æмæ кæрд. Фæллойгæнæг хохæй нæ фæкæны хъаст, — У хорæй кæддæрид йæ саулохаг хаст.
«««. МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФÆДЗÆХСТ МÆ ЧЫСЫЛ ФЫРТÆН «Арвимæ схæцон», — Макуы бæлл, мæ бон. Мадæр уарз æгæр дзырд, Алæмар-иу дон. А дуне хæрынмæ Макуы райс дæ гарз. Ахæрон дæ рынтæ, Ацу, хъаз уал, хъаз. Уый фæстæ, кæд искуы, Уа дæ цæнгты тых — Ма мын ис уæд ме сгуы, Ма мын у къæйных. Фæлæ-иу мын уалдзæг Гутондарæн бæзз! Хох дæ кæд нæ уадздзæн, Фестын æй кæн фæз. 124
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Атæх-иу уæларвмæ, Фест-иу зæххæн хур. Тайæд-иу дæ хъарммæ Мах пайдайæн дур. Ма-иу дом дæхицæн Алыхатт лæггад. Ахæмæн йæ цины Нал вæййы бæркад. 1977 125 —
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ ЗÆРДÆЙЫ ХЪАРМ Хæхты сæрмæ мигътæ Зилахар кæнынц. Сау халæттæ тигътæй Холытæм кæсынц. Урс доны был чидæр Дураууон иымбæхст, Нæу та хæрзтæй уый дæр,— Дары цъынд йæ цæст. Дидинæгыл сау калм Тухы хи æнгом. Алы кæлæн алкæм Рацыди æргом. Уарзоны цæстыты, Митау, тайы уарзт. Рухс фæндтæ, цы фестут, Нал хъусын уæ хъазт! Гъей, мæ хур, фæлæу-ма, Байхъус мæм чысыл: Исты зæгъ: цæуæм-ма? Нал дæн æз нывыл.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН-~—™~ Алкæм мыл æмбæлы Хин æмæ кæлæн. Алчи дæр æнхъæлы: Нæй мæнæн мæлæн. Сау тыхтимæ тохы Цудæн нæй уæддæр. Барухс кæндзæн хохы А-уды цæхæр. Гъей, æмæ кæцы дæ, Батав мæм дæхи. Малынмæ, фæцырд кæ, Мс уæнгты тых и. 1979 127
- МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ КÆСДÆРМÆ Ме уæнгты мæ хъару чиуы, Бадомдта мæ кар. Æз цæуын æмæ дын Иры Ныр кæпын дæ бар. Цъиусур ын йæ лæппын цъиутæм Макуы ’руадз æввахс. Иры аргъæй ма бæлл цинтæм, Макуы-иу дзы хъаз. Зон-иу цин кæнын ысгуыхтыл, Цауд хъуыддагыл — маст. Ма дом: дарой дæу ысгуытыл, — Ма-иу ракæн хъаст. Адæмы фарн у æгæрон, Хорз уыны йæ цæст. Ма уадз сонт ми химæ ’мгæрон, Макуы ’ппæл фæсхæст. Ирæн кув æмæ йæ фарны Бахъахъхъæнын уарз. «Æтт!» куы сидой хæхтæ дардыл, Ферох-иу кæн баз. 128
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН —.—,, Фарн-иу агур ды ызнагмæ, Не ’хсынц тугæй туг. Нæй хæлар цардæй хæзнадæр, Алкæм у рæстуд. Фæлæ кæд фыдгул дæ бартæм Сай-майты фызза... Бакæн-иу æй уæд цæлмартæн, Цалынмæ хъуыза... Бахсæд-иу ьш ды йæ цæштæ, Скъах-иу ын йæ цæст: Иннæмæй уына йæ бæстæ, Саргæнгæ, фæсхæст. Фæлæ гъе уæд дæр ызнаджы Мякуы хон æдых. Зон, фæлмæи уидаг ыскæрды Айнæгæн йæ ных. 1'ин кæнын фæраз æфсирыл, Уарз æй, уд ын хъар. 75æр æмæ нæ рагон Иры Худгæ хурыл бар. 1978
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН АХСÆВ Арын номдзыд усторик, зонæдты доктор Уанеты Захары рухс ном. Ахсæв ма фæстаг хатт дæ Цхинвалы Æмæ нын дæ дзуринæгтæ зæгъ. Удхæссæг дæм бауæндыд æвналын, Мадау дыл ныр химид ниуы зæхх. Ахсæв ма, ыстæй тъымы-тъыматæм Цас фæнды нæхимидæг бæллæм, — Никуыуал фæбаддзыстæм дæ артмæ, Химидæг дыл уый тыххæй кæуæм. Махмæ ды дæ мидбылты нæ худтæ, Уыд цæстысындз хъулон ми дæуæн. Аргъ нын кодтай афтæмæй нæ удтæн, — Макуы уа дæ рухс номæн мæлæн!.. Амыдтай нын фидæнмæ фæндæгтæ, Кодтай нын нæ цауд зæрдæтæ иу. Алыхатт — дæ чысылæй фæстæмæ, Уыд дæ риуы Иры уарзтæй зиу... 130
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН-——— ...Æмæ мах — дæ фæдисон кæсдæртæ Ахуыр кодтам, райстам дын дæ зонд. Бафтыдтам кæрæдзийыл нæ сæртæ, Тагъд уыдзæн нæ зæххы гæппæл конд... ...Ахсæв ма фæстаг хатт дæ нæ цуры, Де ’онг сисын нал у, нал дæ бон. Де ’нгас нын уæддæр рæвдаугæ дзуры: «Æз цæуын, мæ чысыл Ир, хæрзбон». 1963 131
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН УÆЗÆГ Лирикон хъуыдытæ прозæйæ Ирыстон, æдзух дæуыл хъуыдыкæнгæйæ, Цыдæр мæнæн нæ кæны фаг. Æдзух мæ цыдæр тыхсын кæны, Æдзухдæр мæ зæрдæ, Фæдисон лæгау, у агæппæввонг: Йæ чъыр кæмæн нæма бахсыст, Уыцы иогамад хæдзары хицауау, Дæуыл хъуыдыкæнгæйæ, мæ зæрдæ Æнцой нæ ары. Æз дæуыл хъуыдыкæнгæйæ дæн: Йæ куырой æгъицауæй чи фæуагъта Æмæ афтæмæй кæмæн фезгъæлста, Уыцы куыройдзауы хуызæн. Æз дæуыл хъуыдыкæнгæйæ дæн: Йæ хуртуан æнахъомæн чи фæуагъта Æмæ йæ авдæны сабимæ чи атындзыдта, Уыцы мады хуызæн. Æз дæуыл хъуыдыкæнгæйæ дæн: Йæ фосы муртæ æхсæв æддæ кæмæн баззайынц, Уыцы сидзæргæс мады хуызæн... Æз дæуыл хъуыдыкæнгæйæ дæн: Хæдзар аразын кæмæн нæма бантыст, Фæлæ йæм чи бæллы,
МЕ СКАСТ—ИРЫСТОЛ Ахæм лæджы хуызæн. Ирыстон, дæуыл хъуыдыкæнгæйæ мыл Хуыссæг нæ хæцы: Тæрсын, куы бафынæй уон Æмæ мæ цæст дæ хæхты уындæй куы фæцух уа. Тæрсын, искуыдæм куы ацæуон æмæ дæ Ам куынæуал æрæййафон. Тæрсын, мыййаг, мæ фæсвæдæй Дæ дæтты зарынмæ ме знаг куы байхъуса, Æмæ куы цин кæна... Тæрсын, мыййаг, мæ фæсвæдæй, нæ хæхты ’ридыц Йæ гаччы, йæ бынаты куынæуал уа! Тæрсын, мыййаг, ам куынæ уон æмæ ирон мæдтæ Сæ хъæбултæм иронау куынæуал сдзурой... Тæрсын, мыййаг, мæ фæсвæдæй нæ ирон дзырд Æцæгæлон дарæс йæ уæлæ куы ’рбакæна... Тæрсын, мыййаг, мæ фæсвæдæй исчи Ирыстонмæ Æнарæхст къухæй куы бавнала æмæ куы ’рхауа... Уæд йе згъæлæнтæм кæсын мæ бон нæ бауыдзæн. Мæгуыр у, Ирыстон, дæ зæххыл, Де стъалытæм кæсгæйæ, Иу хатт йæ фæллад чи не суагъта, уыцы ирон. Мæгуыр у, Ирыстон, дæумæ, йæ фыдæлты зæхмæ, Фæстæмæ æрцæуын кæмæн нæ бантыст Æмæ афтæмæй чи амард, уыцы ирон. Ирыстон! Мæ зæрдæ, дæуыл хъуыдыкæнгæйæ, Æнцой нæ ары. Чъребайæ Мæздæгмæ, Мæздæгæй Чъребамæ Тыннывæндæгау кæны дыууæрдæм Æмæ нывæнды, æмæ нывæнды тын: Дæу, мæ алдымбыд Ирыстон. 1979
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН САБЫР НЫХÆСТÆ ФЫДЫЗÆХХИМÆ Афон у, зæгъон дыи: кæд, мыййаг, нæ бæззын? Бонтæ мæ сæ фæдыл сайынц, хонынц дард. Æз уæддæр, кæйдæртау, хи удыл нæ хъæрзын, А-зæххыл æгад у удæгасæй мард. Цалынмæ мæ уæнгты туг кæна æхсæрдзæн, Цалыимæ æвзарон хорз æмæ æвзæр, Гъеуæдмæ дын амопд а-зæрдæ æрхæсдзæн, Гъеуæдмæ дæ сæрыл ’рхæсдзынæн мæ сæр. Æз мæ уд æрмæстдæр иупæг дæуæн хъарын: Хорзæй мæм цы ссарай — айс мын æй лæвар. Æз дæуæн, мæ буц мад, де сулæфт æнкъарын, Æз дæу дæн, фыртау мыл ды дæ зæрдæ дар. Ма мын тæрс зынгуыстæй, баифтындз мæ галау, Ме ’ккой дын хæсдзыпæн дойнаг дур — æрмæст: Амайыс дæ мæсыг, садзыс тулдзы тала, Иунæг уый дып фенæд, нунæг уый мæ цæст... Æз, мæ Ир, Хазбимæ ингæнмæ куы бæллын, Уый хъару мæ уæпгты ценнæ ’хсиды ныр? Ех, лæгау, кæй бон у бахъуыды ныммæлын, Уый йæхн мыггагмæ ма схонæд мæгуыр. 134
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— —=—— Ма мæ бамбæхс мацы, дзур мын, мадау, алцы. Хъуамæ дын æз зонон: циу дæ мæт, дæ цин. Æз дæумæ, мæ буц мад, не ’рбацыдтæн балцы, Ды мæнæн мæ зæхх дæ, æз дæуыл — æфсир. Фæлæ æз куы хатон: мадау мæм нæ кæсыс, Мадау мын нæ кæныс ды дæ зынæй хай... Уæд бæрæг у алцы: ме ’мгæрон нæ цæуыс, Зонын уæд: цæуылдæр дæ мæнмæ тæргай. О, фæлæ куы зоныс, рухс фыдæлты буц зæхх, Билцъ дæр мæ нæма уыд, афтæмæй мæ дард Ахастой фыдæлтæ, уайдзæфтæ сын ма зæгъ, Æмæ рох бæстæйы арæзтой сæ цард. Æз сæ фæдои, се схъис, кувгæ дæм æрцыдтæн, У дæ сыджыт хион, мады удау, хъарм. Æз куывдтæ нæ домдтон, буцхастау, мæ цытæн, Ратт мæм искуы худгæ, уарзон зæхх, дæ арм. Æмæ дын куыд зæгъон: æз дæу дæн, дæ тала, Ам, дæ уарзон риуыл, хъуамæ раттон дыргъ. Исчи дын дæ риуыл сабыр цард куы хала, Зон, уыдзæн кæддæрид ме ’хсаргард дæр цыргъ. Ма фæхъыг у макæд, Иры фæлмæн рухс зæхх, Уайдзæф дын нæ кæнын, — ракодтон мæ хъаст. Ничи ис мæнæн дæр а-дунетыл, ма зæгъ, Иу ды дæ — мæ зыныл чи бакæна маст.
— = —~ МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Буц хъæбулы зæрдæ — мады зæрдæ зоны, Уый тыхсы йæ зыныл, уый йыл кæны хъыг. Ардæм нæ дæ рухс уарзт алы рæттæй хоны, Дард бæсты дæу мысгæ фезгъалæм цæссыг. Худ мын, худ, мæ уаз зæхх, рай, мæ ныфсы мæсыг, Бакодтон та ногæй æз дæ фæхстыл хуым. Чи цы-фæнды дзурæд, æз нæ дæн къæмдзæстыг: Зонгуылæй дын кувын, уæ мæ уарзон къуым! 1977 136
МЕ СКАСТ— ИРЫСТОН** МЕ ’ВЗАГ Мургай дæ фæцарæзтой фыдæлтæ, Туджы аргъ дæ алы дзырд лæууыд... Æмæ сæ нæ кодтай, нæ, фыдæнхъæл, Кардау, семæ де ’хсар дæр-иу цыд. Алы дзырд дын тохы мидæг сæрыд, Арвыстай-иу, арцыл хæцгæ, бон. Цал хатты ныууарыд туг дæ сæрыл, Цал хатты дæ кодтой-иу дæлдон!.. Цал бæстæйы, Цал адæмы федтай, Цал раны мын баззадис дæ фæд. (Уас мын ноджы авд ахæмы фестай.) Де сфæлдисæг уыд æдзух дæ мæт... Монголтæ дæ карды комæй карстой, Уагътой дын дæ судзгæ артыл дон, Фæлæ дæу цы радтæг адæм уарзтой, — Хастой дæу, тырысайау, уæндон. Темур-Ленг дæ зæрдæйæн йæ тæгтыл Рауагъта уый цал хатты йæ кард. Фæлæ та-ну ды уæддæр ызнæгтыл Бафтыдтай дæ хъандзал удæй арт.
ы.ж--~^~-.МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Чи дæм цыдис марынмæ, Ды уымæн Бакодтай йæ сау зæрдæйыл гакк, Цал хатты йæ фæрсчытæ, уырны мæ, Фесты йын ыстæгцъæлтæ — аккаг. Æз дæ дзырдæй — Буц æмæ сæрыстыр. Алчи дæр сæ у истори ныр. Дæу мæныуонг чи ’рхаста, — кæм ысты? Ракурон сæ рухс нæмттæй хатыр. Ард, лæгау, цы ’взагæй хордтой царды, Чи уыдис сæ сомыгæнæн мад, Тохмæ-иу цæмæй сидтысты дардыл, Уый мæ риуы мургай-мургай тад... Æмæ бирæ, бирæ рæстæг Нартæн Се стыр хæзна, Се стыр байзæддаг Нал тавтон мæ зæрдæйæн йæ артмæ, Æмæ фесты ныр мæнæй хъæстаг. Уадтымыгътæн чи лæууыд сæ ныхмæ, Карды комæй чи фыста йæ хæс, Кастис уый Æндæр кæйдæры дзыхмæ, Нал хаста хæрдмæ, уæлæмæ рæз. ...Хъавыдысты: ызгæ дыл ысхæца, Хастой-иу дæм зонгæ-зонын фау. Де ’фхæрын кæй сау цæсгом ысхъæца, Не ’хсæн уымæй макуы схауæд тау! 138
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— — Нартæн нæм сæ уаз таурæгъ ды ’рхастай, Уыдон кой дæ намыс у дæуæн. Хурыл ды цы уаз-зæл дзырдтæ барстай, Никæдбон ис уыдонæн мæлæн! Ирæй дæу хъæугай фæхастой дардмæ, Демæ алкæм аразынц сæ цард. Уой куывды, Кæнæ фæбадой мардмæ,— У цырен кæддæриддæр дæ арт. Дæу ныфсæн йæ дзидзийы хъуырттимæ Бадары йæ буц хъæбулæн мад. Арæхстгай ныттадзы дæ йæ риумæ, Банкъары дын афтæмæй дæ ад. Æмæ Ир лæууы, Лæууы йæ къахыл, У дæ фæрцы алыран нымад. Туг ныууарид, зон, æнæ дæу махыл, Ме ’взаг, ды цы бон фæуай æдзард. Искæмæн дæхи тыхæй нæ хъарыс, Афтæмæй дыл рывæрдтой сæ цæст. Чи уыдтæ, Гъе, чи дæ, уый æнкъарынц, Иу æуый дæр фаг мын у æрмæст... Никæмæ нæ бæллыс ды ныуарæй, Ис дæ уæнгты, нарон лæгау, тых. Дæ уæздан, Фæлæ — хъæддых буарæй, Асæтты фыдгулæн дыл йæ ных. 139
«—= МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Ме ’взаг, дæу æнус-æнус фыдæлтæ Цардыл тохы арæзтой дзырдгай, Æмæ уæд мæнæй фæу фыдæнхъæл, Искæдбон мæм хъазæнхъул куы суайГ Æз дæуыл цы бон æсуон уæлæхох, Хи дæуыл Цы бон акæнон тигъ, Уыцы бон фæуон дæуæй мæрдырох, Гъеуæд-иу ныууарæд мыл цъæх их! 1977 140 --
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОП- ФÆСТАДЖЫ ХÆРЗБОН Хæрз сывæллонæй сидзæр куы баззадтæн, уæд-иу мæ мæ мадыфсымæр Джусой- ты Къиазо йæ уæрагыл сæ- вæрдта æмæ-иу мæ ар- гъæуттæй ирхæфста. Арын цый рухс ном. Автор. Авæр та мæ дæ уæрагыл, Азар та мын исты. Радзур, цы уыд дæ фæндагыл, Ма хъуыды кæн низтыл... Рагуалдзæджы хъæндил хуымæй Хæдзармæ куыд цыдис... Цыхт куы давта гæды къуымæй, Гъеуæд ыл цы ’рцыдис? Уалдзæджы нæм дзывылдары Дард балцæй цы ’рхаста? Гъе, та хохаг иу æлдары Бæласыл куыд баста?
_ЛГÆ СКАСТ — ИРЫСТОН Радзур-ма мын: нæртон гуырдты Сау рувас куыд сайдта? Науæд Сырдон Нарты куывдты Къæбицтæй цы давта?.. Азар та мын: хорагурæг Мæгуыр лæг куыд ацыд? (Ма сæ уа дзыхæй ысдзурæг) Чи йæ систа арцыл? Радзур мын: фæсалæй галтæн Ды сæрбос куыд быдтай? Мачабел æлдары хъалтæн Кардимæ цы дзырдтай? Азар мын, æмæ та раста Ивгъуыдæй мæ рагфын. Иухатт Нартæн уæд куыд хаста Буц Сатана дзаг фынг... Азар æмæ алы уысмы Ма мысон мæ мады. Ма мæ бауадз, ма, дæуыстæн, Сидзæргъуызæй бадын. Азар та мын, æмæ мадыл Ма хъусай мæ кæуын. Ма зила мæ сагъæс дардыл: «Сидзæр дæн, кæй хъæуын?» ...Азарис та мын, фæлæ дыл Уый цы ’рцыд, — нæ зонын. Бабадт мын дæ цæсты сау фæлм Æмæ зæрдæ тоны.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН*——— Мæн цы уæрагыл æвæрдтай, Уый æнусмæ бандзыг. Удисгæйæ дæр ма фарстай: «Уыцы ’взæр нæма ’рцыд?» Чизоны ма дæу фæндыди, Азарай мын исты. Гъе, дын кæд, уæдта цы уыди, Асупин дæ низтæ... Æмæ ныр мæнмæ тæргай дæ, Уатæй уымæн не стыс... Хорз, фæлæ мын дæ таурæгътæ Дзырд уæддæр нæ фесты. 197* 143
мв склст — ирыстоп ирыстоны мады монолог Æртындæс цæфы у мæнæн мæ зæрдæ, Æртындæс хатты аталынг мыл арв. Æртындæсæй мæ хъæбултæн сæ хæрзтæ Мæ фæллад риуыл æрфынæй сты тарф. Æртындæсæй, мæ тохвæллад хъæбултæ, Уæ мады зæрдæ атона уын, уас. Йæ цæст уæ иу дæр не ’ркодта ныкъулгæ Æртындæсæй æртындæс топпы раз. Мæлæты кой уыдис æгад уæ цæсты, Уæ сопт риуты фæйлауæи кодта цард. Лæгау мæлын куы уæ бахъуыдис хæсты, Уæддæр уæ къухæй ие ’рхаудта уæ кард. Æртындæс хатты арт ыссыгъдис арвыл, Æртындæс хатты бахудтис фыдгул. Æртындæс хатты ’ртындæс коммунарыл, Цæстысыг калгæ, аныгуылдис хур. Мæлæт уыдта: уæ царды таг скъуыйы, Фæлæ уæ иичи равдыста йæ рис. ’ Æртындæс хатты уыцы бон Мæскуыйы Æртындæс цæфы Ленин дæр фæцис. 144
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Уæ бæсты уый мæм иста не знаг милмæ, Мæ фæйнæгварс, мæ зынгхуыст хуртæ, уæд. Мæсты мæм уыд, кæй уæ радтон æз минтæй, Кæй-иу нæ барстат маст æмæ æфхæрд. Кæй радтон æз уæ домбай риутæн уый ныфс: Æмæ мыггагмæ нæй хæссæн къæлæт, Мæйдары бонæй уый цæй тыххæй ивыс? — Тæрхон мын уыд гъе уый тыххæй мæлæт. Фыдгул уын кæл, мæ хъæбултæ, мæ риуыл Тæвд уæхстытæ уæ ныстыты тъыста, Уæддæр уын уый нæ фехъуыста уæ ниуын... Æмæ уыл цард йæ уаз зарæг фыста. Бæллиц æмæ рæстдзинадæн нæй иикæд Ныммарой сæ, ныккæной сæ дæлдон. Уæ марджытæ ныр баисты мæрдривæд. Сæ фæндтимæ сыл баталынг сæ бон... Æртындæс цæфы у мæнæн мæ зæрдæ, Æртындæс раны у ныр дæр хъæдгом. Æртындæсæй мæ рагуалдзæцжы ’взартæ Æргыпдæс хурыл бафыстой сæ ном. 10*. 145
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН НАРТЫХТЫ СОСОЙЫ ФÆСТАГ СИДТ — Хъуамæ нæ къæхты бын махæн нæхи зæхх уа, Æмæ нæ сæрмæ нæ арв. Ма фенæм, Иры зæхх, райсом дæ арвы цъæх Знаг нæ куынæ схъæрза тарф! Махæн нæ къæхты бын нал ис нæ фыдызæхх, Нал нын ис хуссайраг арв. Чи ма стæм, афтæмæй? Уæ, гыцци, мацы зæгъ, Чи ма нын райсдзæн нæ арм?! Усы кæрдæны фæцæуæд мæрдты бæсты, Фестæд ын мады ’хсыр туг. Не ’хсæнæй чи лидза ацы фæстаг хæсты, — Ир-иу ыл бакæнæд ту! Къахыл нæ чи лæууы, туг ма кæй уæнгты ис, — Фезмæлæд, райсæд йæ кард. Мадæй гуырд банкъарæд абон нæ хæхты рис, Радтæм нывондæн нæ цард! Нартæн сæ туджы нæ царди мæлæты тас, Иугæр... уæд — кады мæлæт. Махмæ у се скаст нæ мæдтæн мæлæты раз, Ма хъуамæ хæссой къæлæт! 146
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН—~--—~~~ Зонут, нæ фыдызнаг, бирæ нæ фæхиздзæн, Не суадздзæн а-зæххыл тау! Иунæг нæ ном ма нын карды ком бахиздзæн, Сисæм дзы Ирæн йæ сау! Махæн нæ къæхты бын нал ис нæ фыдызæхх, Нал ис нæ сæрмæ нæ арв! Ма фенæм, Иры зæхх, райсом дæ арвы цъæх Знаг нæ куынæ схъæрза тарф! — 1983
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН КУЧИТЫ ЮРНЙÆ11 Адæмон мотивтæи гæсгæ Иæ«:м1л Пх1ы Бардуаг ныррыхы: Дарддзæст лæипумæ дзуры: — Акæс-ма, Чидæр ысхнлы мæ «ныхыл», Чидæр л!ыи ме ’нцойад суры! Фестаднс дарддзæст, Их-хохæй акасти, Тагъд-тагъд æрбаскъæфта дзырд: — Чидæр хæххон лæппу, Зилгæ-зæнгой æмæ Топп та — рæхсæнтæй баст, Пуртийау хох-ихтæй, хъазгæ, арбацæуы, Ралæууыд не сæфты рад. — Ауадз ыл их-фæзгъæр, Ауадзы ыл иннæ дæр, Чи у, цы йæ хъæуы ам?! — Нæу, цымæ чи дæ тарст, | Уыцы гуырд, уыдонæй, Де ’нусон ихтыл дын бафтыдта арт! 148 V
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН - — У-у-ух!!! — ныккæрзыдта Ихтæн сæ Бардуаг, Раскъæрдта их-хæхтæ, Хъуысы къæс-къæс. Фæлæ хæххон «дзигло>, Зилгæ-зæнгой лæппу Не ’нкъары тас. Ноджы уæндопдæрæй, Ноджы ныфсджындæрæй, Хъавгæ фæлвары йæ тых. Хох-ихты фæзгъæртыл Йе «’хсаргард» рауагъта, Æмæ хæххон «дзигло», Зилгæ-зæнгой лæппу Ихты паддзахæн ныссаста йæ ных. Ныр уымæн арфæтæ, Иу хæххон «дзиглойæн>\ Иу зилгæ-зæнгойæн Алкæм чысылæй, стырæй кæнынц. Айхъус-ма иуырдæм, Айхъус-ма иннæрдæм: Кæмттæ йæ койы Æмдзæгъдмæ нæрынц. Ирæй дæр иу салам Айс ды, хæххон «дзигло», Ма сцух у макæд дæ цæхæркал Артæй! Исты кæд сарæзтай, Исты кæд фесгуыхтæ, — Бузныг — нæ цæдисæй, Бузныг у Нартæй.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН НЫСТУАН ХУЫЦАУМÆ Хуыцау, уыныс, нæ дæн æз домаг, Йæхи цыдæй цæуы мæ цард. Кæд фехъуыстай: хæххон хъæу Дзомагъ, Æуым та иу хæдзар ныккалд. Хуыссы йæ зынг, цæрæг дзы нал ис, Яæ уæзæгыл кæрдæг æрзад. Æмæ, гормон, дæ къухтæ атил, Кæд дæ хæххон лæгæн æрвад, — Дæ кувæгæн йæ къух фæрог кæн, Цы йæм нычъчъерппи ис дæ уарзт! Цы уыд, уый уыд, æппæт ныррох кæн, Нынныхъуыр ацы хатт дæ маст. Йæ цæрджытæ сæ къуым ныууагътой, Сæ нæргæ хъæу фæци хъæууат. Сæ уæлмæрдæн: «Иæуæм уал»,— загътой Æмæ, кæдæм фæтахт сæ фат, Фæцыдысты йæ фæдыл уырдæм, Нысан дæр нал кодтой сæ фæд. Тæлтæг — кæмдæриддæр мæгуырдæр, Мæгуыр — йæ дон æмæ йæ хъæд.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОП’ « Фæстæмæ сыл нæ уыд фæхæцæг, — Нæ фыдæлтæй хæссæм нæ гакк... Æмæ ныр мах сæ таг, — сæ цæуæт — Нæ сæттæм хи, кæнæм нæ уаг. Æмæ, хуыцау, мæ куывд мын фехъус: Нæ цæугæцард нын фаг фæкæн. Уæлдæфау нæ хъæуы ныр де ’ххуыс, Хъуын ныл æрхæцын кæн фæткæн. Зæххон уарзт нын нæ туджы бауадз, Цы уыдис, уый æгъгъæд фæуæд. Ыскæн нæ ивгъуыды ’хсæн ауæдз, Лæгау дæм фехъуысæд нæ мæт. Цæмæй хъæууат нæ кæной хъæутæ, — Нæ зæхмæ нын нæ къах ныббæтт! Нæ дон, нæ арв æмæ нæ хъæдтæн Нæ удты бацæрæд сæ мæт. «Кæмдæр хуыздæр цард и, цæуон та!э Ныммар ирон лæгæн йæ фын. Цæугæ-цардæн куы уа нывондау, Уæддæр æй ма бауадз тæлфын. 22. XI—83 аз
-МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ТУРКАДЖЫ САГЪÆС Æз нæ дæн мæхæдæг, Æз æмæ мæ хæрæг Иу цæдис ыстæм. Не ’хсæн нæй къыниаз, Райгуырдыстæм иу аз Сау, уæззау куыстæн. Абон уал фæразæм... Ацы фыдуаг азæн Хидкалгæ хырхæм... Гъе, фæлæ, мæ хæрæг Химидæг нырхæндæг, Нал дзуры, нырхуым. Алчи цин фæкæны, Ай та уæд цы кæны! Райгуырд ын къæлæу. Дары, дам, мæ тасы, Кусынмæ нæ тасы, Мах мыггагæй нæу. Фехъус мын мæ дзырд дæр, — Афтæ у мæ фырт дæр: Хъаны цард — йæ цард.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— = Ууыл ма тыхс, бакус, Ацы хатт мæм байхъус: Нал сын хæссы дард. Арв зымæг нæ цæвы, Алцы дæр æрцæуы Афоныл æххæст. Алкæмæн йæ раттæг Сараздзæнис хатдзæг, Багъæц мын æрмæст. Хъус-ма, уæд цы домын: Иунæг дæн нæ комы. Ме ’фсымæр ды дæ! Бонæн ма тæрс даргъæй, Айс-иу мын мæ уаргъæй, Ма ар дзырд дзырдмæ. Ницы у фырхæлæг, Байхъус мæм, мæ хæрæг, Махæн амонд нæй. Нс скæнæг у разы, Абон, хъулау, хъазы Æз æмæ дæуæй. Ахæц, размæ акæс, Алцы удмæ ма хæсс, Бафснайæм нæ уаргъ. Мах цы стæм, цы ’мбарæм, Алцы хъуамæ барæм. Чи нын кæны аргъ! 16. XI—83 153
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН НОГГУЫРД Цы уыдзынæ, нырма нæ зонын, Уынын мæ мид-зæрдæйы лæг. Кæнын дæ раттæджы раз зоныг, Уæддæр цы уыдзынæ æцæг?! Тæрсьш, куы мын рацæуай удхор, Æгад, æмгæртты ’хсæн — æлгъаг. Дæ раттæг ма зæгъæд, фæлæ дæ Уысммæ нæ раздахин цыргъаг. 154
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- БÆЛЦЦОН «Мæ зæрдæ ис хæхты, Мæхæдæг та ам». Мæ туджы æртæхтæн Фæцæуы сæ хъарм... Мæ бæхы æхтæнгтæ Нæ фесты уæгъдбаст. Мæ уды хæтæнтæм Ыскодтон мæ каст. Фæхæсдзæн мæ Ирмæ Йæ базыртыл дард. Нæ ратдзынæн зинæн Æз никæд мæ цард. Чермены фарсмæ та Кæм уыдзæн мæ уат,— Йæ дæлфæдтæм искуы Кæд уаид бынат!.. 155
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Комы дидиныл Мыдыбындз æрбадти Æмæ йæ цурæй, Хъавгæ, ахъуызыд Мартъи... 1982: ЛÆДЖЫ МÆЛÆТ Ацы æвирхъау дзырд: сА-м-а-р-д!» Дысон æрыхъуыст. Сагъдæй аззадтæн, Бæстæ мыл атар Æмæ химидæг Дун-дуне сæнкъуыст. 1982 156
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФÆСТАГ УЫСММÆ Мæ зæрдæйы са1 ьæс куы нæ фæуа фыст, Уæд ма дом, мæ рапæг, мæпæн пæй æрхуысг. Æниу, æз æрра дæн, кæй хьæуы мæ фыст,— Дæ хуыздæр хæрзиуæг — дæ карздæр рæхуьк г. Фæлæ дын цы зæгъон: нæ кæндзынæн тох. Фæуыдзæн йæ дуджы æипæт дæр мæрдрох. Кæд уырдæм æрцæуа мæ номæй хъуынхъис, Уæд феидзысты, зонып, мæ сагъæс, мæ рис. Ныр та уал, мæ зæрдæ, — мæ хурвæлыст зæхх , Цы домыс мæ удæй — æргом мын æй зæгъ. Цæттæ дæи, æрхæссоп дæ сæрыл мæ сæр! Ныббар-ну: æнзæрæй иæ фплыим æвзæр. 28 XI—83 157
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН. КОМБÆСТЫ САГЪÆС Иры рæсугъд зæххыл иу комы, иу хъæуы Чи у, куы базонин, иигæныл чи кæуы? Афтæ тынг хохы уарзт, æммыст, кæй уды ис? Фсрох, кæй ма хъæуы мæпæ нæхи Гудис?! Йе ’взаргæ лæпиутæ иугай фæцыдысты, Загътой: «зындзард æмæ хæхтæ фыдцъыл сты», Сиды ныр рох зарæг дардыл йæ хъæбултæм, Раздæхут, фаг мын фод ну цæф мæ къæбутæн. Никæйуал æндавы, ферох ис сагбадæн, Ивгъуыды баисты уарзт æмæ саг адæм... Алчи сæ каистæм ’рвиты йæ бæрæгбон, Ам та ысхæмпæли мæнæ сæ кувæндон. Алчи мæ хъæбултæй ацыд йæ каистæм. Æмæ уым «се ’мзæххон», се ’мдзæрин баисты. Ам та — сæ уæзгуытæ, сагбадæн уæзгуытæ, Æмæ лæджыгъæдджыи айнæгфарс мæсгуытæ 158
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН—=-— ™ Фесты æвæгæсæг, хоры хуым нал рувынц, Авдæнбæттæны дзы ног гуырдæн нал кувынц. Ахæм фæрнджын æмæ хурдзаст зæрин бæстæ, Чи уыд дæ ралгъитæг, нал дæ лæджы хъæстæ. Сиды: сÆрцæут мæм! — Хурвæлыст Гудисгом. — Исчи уæ разынæд ме стыр ном сисынхъом!» 1983
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОИ * * * — Дæу цы фæнды, Хох? — Карз хъызтимæ тох! — Дæу цы фæнды, Уарзт? — Сонт рæдыдæн барст! — Дæу цы фæнды, Цин? — Скуыиæг кæнон хин! — Дæу цы фæнды, Худ? — Ма уынон тæппуд! 1983 160
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ГАРСИЯ ЛОРКА Испайнаг адæмон поэт Гарсия Лоркайы куы фехстой, уæд йæ марджытæ хæрæн- доны зарыдысты Лоркайы фыст зарджытæ. Æй, æпæзонд сæрдарджытæ, Куы зарут, уæд кæй зарджытæ?! Зарджытæ æви хъарджытæ? Уæлдай уын нæу, лæгмарджытæ! Минас кæнут! Уыдзæн та уын Æндæр кусарт — æргæвдинаг. У ма иоджы уæ сыгъд зæхмæ, Лоркайы фырт æрцæуинаг. Фæцырд кæнут, уый цалынмæ Нæ фæдзырдта йæ кæуинаг, Ысты уæрæх уæ фадæттæ, Ысцыргъ кæнут уæ фæрæттæ, Испаны зæхх уæ «уарзон» у, Испаны зæхх фæразон у. Æй, æнæзонд сæрдарджытæ, Куы зарут, уæд кæй зарджытæ?! 1983
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ДÆС АЗЬП Нæ, нæма фæцис мæ уалдзæг, Цард мын гъе ныр фестад алдзæн. Байдзаг сау сæнæй мæ дурын Æмæ: — «Рацæут!» — куы дзурын! Мемæ бацин кæн мæ циныл, Сис дæ къух, æмбал, дæ хиныл... Ма бад дураууон æмбæхстæй, Рахиз, ма мæм кæс цъынддзæстæй. ’Рмæст та ма ныллæу хъæрзыныл: «Ир Ирыстоны нæ зыны...» Ма ’ппар искæмæ дæ азым. Уый дын ничи схондзæн хъазын. Ис нæхи къухты нæ уæзæг, Стæй йæ сæрд æмæ йæ фæззæг. 1 Дæс азы сæххæст, ме ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Фæцис мæ уалдзæг» мыхуыры куы рацыд, ууыл. 162
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- —— Кæд ирон уд ис дæ риуы, Уæд цæуылнæ дæ нæ зиуы? У зындзинады фæразон: Хохæн хох — лæг у йæ уарзон... Уадз, дæ хъуырдухæн, дæ катай, Ирыл, царвы къæрттау, батай. Ир, мæ удлæууæн, мæ алдзæн, Зон, нæма фæцис мæ уалдзæг... 1984
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Чидæр мæ фарста: — Цы дав фæнды, зæгъ-ма, цы у дæ бæллиц? Уыд мæ дзуапп: — Сæрбахъуыдыбон дард фæдисæй ма лидз! Чидæр мæ фарста: — Æхсаргарды комæй кæд хъæуы фæтæрсын? Уыд мæ дзуапп: — Дæ бон куынал уа адæмы сæрыл дæ сæр ’рхæссын! — Чидæр мæ фарста: — Лæгау-лæгæн цæуыл вæййы йæ маст, йæ сагъæс? Уыд мæ дзуапп: — Æз ын цы зонын, ды уымæй, мæ хур, Хъобангомаг Хазбийы бафæрс... 1968
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* МАХ ХУЫЗÆН... Мах хуызæн а-зæхмæ не ’рцæудзæн адæм: Никуыма бахордтам не ’хсæвæр адæн. «Уый нын кæм ралæгис, уымæн цæмæн ис?> — Дардмæ, дзæнгæрæгау, хъуысы нæ фæдис. Чи куыдз у, чи хæрæг, чи слæууыд къахыл?! Уадид ыи райдайæм арф ингæн къахын. Уайтагъд нæ хионы хурхæй ныммарæм... Мах ыстæм раст адæм, уалтæ нæ барæм. Уыйхыгъд хæддзуйæн — нæ риуыл нæ фæндаг, Бар ын ис: рафтауæд не ’хсæн йæ дæндаг. Не стыр сæртæ йын мах бандонæн дарæм, «Кусынц» нын махæн дæр, уый бæрц æмбарæм. Уадз, уый нæ туг нын æхсныфæй нуазæд, Иу, æрмæст, ма схъыг уæд Ирæн йæ уазæг. Мах хуызæн а-зæхмæ не ’рцæудзæн адæм: Хи фаг куы фехсынæм — гъеуæд æрбадæм:
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Мах ыстæм раст адæм, уалтæ нæ барæм, Иры ирон лæгæн иу барæн дарæм. Мах хуызæн а-зæхмæ не ’рцæудзæн адæм: Кусæм, нæ кæрдтимæ уæгъды нæ бадæм. Мах ыстæм раст адæм, не ’гъдау нæ бар у! Хи ныхмæ не сысы тохы нæ хъару... 1985 166
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* УАЙДЗÆФ Ацыд рæстæг... Мæ каривæн дæр ацыд... Мæ зæрдæйы йæ ком ивæзта МÆТ! Уыдис мæ рох: Мæ ивгъуыд, сомбон — алцы. Ныр мыл хъысмæт йæ цыргъ фаттæ Цæвæт! «Цы уа, уый уæт!» Цæмæн-иу дзырдтон афтæ, Ныфсы мæсыг мæхи къухæй куы хæлд? Кæуын кæм хъуыд, Цæмæн кодтон уым заргæ?! Иронвæндаг цы мардмæ хъуыдис, уымæ Цæмæн цыдтæн æнæрхъуыдыйæ заргæ!? Æфсымæрæн йæ рисыл æз нæ рыстæн... Нæ кодтон йемæ æз мæ къах æмист. Нæ уыди кад мæ цæсты аргъ йæ куыстæн Æмæ дзы дæн æз абон дæр æрмист. Ныр ма та цы? Ныр алцы дæр æмбæрст у: Мæ аххос уыд, Æфсымæримæ мады риутæ уæрстон... Ныр абон мæн, зæрыбоны, Калмау, баууылдта мæ фæсмон. 1969
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ РОХ ÆМБАЛ Лрын Гайты Евгены ном Куыста, фыста, зыдта йæ — цы... Йæ хиды уый æдзух мæцыд. Æдзух хæцыд, хæцыд, хæцыд... Уысмы бæрц ын нæ уыд æрцъынд. Фæлæ нæ хъуыст дæумæ йæ дзырд, Æргæвстай йæ æдзух, лæг-сырд! Æмæ дæуæй тæргай фæцыд, Цæры ма ’рмæст йæ номы цырт... 1983 аз. — 168
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН. ХОХÆЙ Сихантуры бæрзонд хохæй. Сулайтæ, Тъонтъобет, Хъорсеу æмæ Котантойы атагъатæм куы акастæн, уæд уыцы иу æсулæфгæн ныффыстон аиы рæнхъытæ. Мæ бæстæ, рæсугъд у дæ къуылдым, дæ хъæд! Мæгуыр у: дæ риуыл кæмæн нæй йæ фæд... Мæгуыр у: дæу аргъæн кæй риуы нæй уарзт, Дæ хуссæрттæй дардыл кæм не ’рцыд карст. 1982 аз.
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФÆЗЗЫГОН НЫВ Чидæр бады бæласы бын Æмæ ком ивазы. Æз та хохы кусинæгтыл Уд хъарын æмбойны. Найы скъæрын сион сæгты, Нал сæтты мæ дойны. Хатт мæхицæн хорыркæндыл Химидæг ныззарын: Бакæн къæбиц, сой — Сатана, Хортæ дæм фæласын. Аргæвд мын дæ сырх уасæджы, Ма йæ бауадз уасын. Исчи дын нæ дæн, дæ туг дæн, Ма рæдийæд уасæг. Мæн дæуæн æмæ мæ Ирæн Ма фенхъæлæд уазæг...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ЧЕСЕЛТГОМ Арын Сыгъдты хъæуы рагондæр цæрæг Къæбысты Меркъозы ном. Бæрзонд хæхтæ дардыл Ныттыгътой сæ риутæ, Сæ цъуппытæй арвыл Æсынцайынц тигътæ. Зымæг ам — дæргъвæтин, Æгæнон — йæ митæ. Кæмттæ æмæ рæгътæ Ныллæгъз вæййыни митæй. Хæдзарæй-хæдзармæ Æрыхгæны фæндаг. Лæг ма зæгъа æмæ Ысрисса йæ дæндаг. Фæлæ бон куы свæййы Йæ хъаруйæн хицау, Уæд цæстыл нæ уайы: Хъызт зымæгæй иу цау.
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Æртайы æмбойны, Зæрдæйы зын, митау, Фæсæттынц сæ дойны Рæсугъд комы мин тау... Лæджы цæст рæсугъддæр Цы ма фендзæн ноджы? Зынг базмæлы удты, Тых бацæуы цонджы... Фæкæны æнхъæвзæн Лæджы хъару уæнгты. Фæцырд вæййы æвзæн Мыд хæссынмæ уынгты. Кæм ма ис рæсугъддæр Тæлмастæу чызджытæ? Зæрдæтæ сты, удтæ, Цæхæры зынджытæ! Ам хисдæр — куырыхон, Йæ фæдисон — рогкъах. Ам чи цæры, уымæн Нæй йе уæхскыл рог уаргъ. Ам хох у, уæд хох та Фæразон уд домы. Ам Бегайы тохтæ Нæргæ кæнынц комы. Нæ куымдтой къæлæтмæ: Кæд тох у, уæд маргæ! Цыдысты мæлæтмæ Лæгæвзæрстæй заргæ! 172
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН- Гъей, уымæн дын кувын Дæ хурвæлыст арвæн... Нæ зоныс фæцудын Домбай гуырдты авдæн! 1984 аз. 173
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН хохы Арвы хъæбысы, Цæргæсбадæнæй, Сихантуры хъæу Хохæй-хохмæ Дардмæ фæлгæсы..* Иу уысммæ Ивгъуыд дуг Цæсты раз сыстад: Коммæ, куыроймæ Сидзæрты мад Ссннаг фæхæссы Æмæ химидæг Фыртыхстæй дзуры: «Тæхудиаг у Хорхъуагæй Цы мад нæ тæрсы...» 1982 аз. 174
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ МИДХÆСТ, ИРЫСТОН ÆМÆ ЙÆ ФИДÆН Арв йæ цæхæртæ ’Ркала не знагыл, Кæд цы йе ’лгъыст кой 'Рлæууыд ме ’взагыл: Хурхæтæны нын Хуры бамбæрзта, Махæй царды ныфс Кардæй бамбæхста. Саби — удлæууæн, Худын нал зыдта, Царды цалхы цыд Зулмæ разылдта. Нæфсис удхæссæг Зылд йæ минастыл Ахуыр нæ уыд цы Махыл мин азты. Райгæ, не знаг ныл Даудта йе ’хсаргард, Нал уыд, ахуыссыд Махæн не ’хсæн арт. 175
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Фæлæ йе ’ртхутæг Ныфсæй н’ акайдта Æмæ ног хъару Уæнгты сагайдта. Растад, Фениксау, Ир йæ ингæнæй... Бирæ рацæра, Уас нæ иугæнæг... Кардæй целха Ир (Ех, цы ’хсар уыди:) Топпы лулæиæ Иог пыззарыди. Æмæ буц Ирыл Уаз хур ракасти, __ Æмæ ног заман, Балцы рарасти... Хуры худы бын Ралæг зноны гуырд, Ех, цы уыдзынæ Сом, нæ нæртон куырд? Кæд дæ зонд æмæ Хъару баиу уой, Кæд хæрамдзинад Уарзтæй баивой... Уæд дæ гаччы дæ, Уæ, мæ удлæууæн, Уæгъды нал фæци Уæд йæ тугуылæн... 176
МЕ СКЛСТ — ИРЫСТОН Цу мын ныр, мæ хур, Зонд, — дæ тырыса. Сомбон дæ цæмæй, Не знаг ма ’рысса! 1979 аз. 12\
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН КОЦТЫ БЕГА Дæу цы мад ныййардта, дæу цы мад ысхаста, Дæу йæ цæугæ хохыл цы ныййарæг барста, Æммыст, уыцы мадæн ныр ыссар йæ ингæн, Æмæ йын йæ цыртыл зонгуылæй фæцин кæн! Уагæр дын цы зарыд авдæнмæ, уый базон, — А-зæхх дын йæ зæлтæм фестад удау уарзон. Æммыст, уый кæй чызг уыд, — дæу цы мад ныййардта, Уагæры дын, Бега, хæхты мад цы дардта?!. Цавæр тых дын радта, цавæр тых дзы разынд? — А-зæххæн йæ уарзтæй ды фæдæ «фыдрасыг»... Де ’хсарджын зæрдæмæ уымæн байхъуыст хъарæг, Ма амæлай, уастæн, хъолайаг зынг-барæг. Ирæн ды нывондæи де знæт уд куы радтай, Уагæр дзы дæ цардæй ахæм хæс цы дардтай?! Ех, куыд зын у гъе ныр, сау-лæппу, дæу мысын. А-хæхтæн ды уыдтæ се скаст ’мæ сæ фысым...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН-—-—--— Зоныгуылæй кувын: дæу цы мад ныййардта... Ау, мæнæн дæр буц мад хъарм æхсыр куы дардта, Ау, æз дæр лæг куы дæн, худ куы хæссын сæрыл, Уæд тæсмард цы кæнын хи къæсы къæсæрыл?!.. Æммыст, дын дæ буц мад авдæнмæ цы зарыд, Афтæ арф мæ удмæ ивгъуыдæй куыд хъары?.. 29. X, ЯЗ 179 -
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Домыс мæ? Акæндзынæн дын иу зарæг, Ма дæм фæкæсæд хъарæг! «Æз — дæуæй хуыздæр!» — мах Ирæн Лгъыстæн баззади рагæй. Не ’гъдау зонæг ныл аивтæй Уадзы æйтты рæгъ ронгæй! Алкæй дæр фæнды уæлкъуыбыр 'Взист къæлæтджыныл бадын. Мах нæ базыдтам хионы Хурыл, стъалытыл барын. Чи нæ базоны а-зæххæн Йе стыр фидæнæн кувын, Уымæ арцытæ аздахæм Æмæ... Æмдзыхæй сдзурæм: «Ку ныр!» — Ракодтон дæуæн иу зарæг, Чизоны æмæ — хъарæг. «Æз — дæуæй хуыздæр!» — мах Ирæн — Есафæг æмæ марæг! 1968 аз.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ ХОСГÆРДÆНЫ Ныр цы ’ппæлыдтæн, цалынмæ Иу-æртæ уисы не ’рхастон... Ацы мызыхъгуырд чи уыдзæн! — Ау, цæуылнæ уæ бафарстон? Хи дзы бахизут, дзиглотæ, Ма уын ацæгъдæт уе счъилтæ... — Кæд дæ иыфс хæссыс хохимæ, Цырд ма дæ дыстæ басчъил кæн! — Сиды мæм зиуы хохаг гуырд: — Раййаф мæ тагъддæр, ахуыр лæг! — Афтæ мыл хъазгæ-худгæйæ Зиуы райдыдта «хахуыртæ». Æз дæр нал сæттын, цæвæгæн Йе ’хситмæ зымтæ расимдтой. Ахæм сидты зард ракодтон Æмæ сычъитæ расирдтой... Афтæ ерысы хохрагъæй Цонгдыхæй даргъ уис рахастон... Ацы саггуырды фыдæнæн: «Фаг хъару мæм ис?»— Нал фарстон. Чеселтгом. 1980 аз
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН МÆ ФÆНДЗАЙ АЗЫ Æнусæн «асастон» йæ астæу Æмæ кæнын мæхиуыл дис: Куыд бафæрæзтон уый бæрц уарзтæн, Кæнæ кæм бацыдис мæ рис?! Æнус мын «асаста» мæ астæу, Фæци мæ удæн дæр аккаг. Мæ фæндзай азы, доны хъазтау, Фæтахтысты, ныр дæн хъæстаг. Хъæстаг — мæ фыдæлты уæзæгæй: Æз ын йæ ныфсы гуырд нæ дæн. Сæрд уа, зымæг æви фæззæг уа — Къæбæр ыссарын мын — мæтæн. Нæ дæн лæгау-лæгтæм нымады, Йæ къух мыл ауигъы æрвад. Æз ма кæд уыдзынæн мæ кадыл, Фæлæу, мæ цуры-ма æрбад Æмæ дын радзурон: мæ хъысмæт Мæнæн æлгъыст уыди æрдзæй: Мæ рагбон уыд æдзух æнтъыснæг... Æниу, цы ма йыл дзурон, цæй?! 182
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН’ — Фæцис, уыдис æмæ ныр нал ис, Мæ ивгъуыд ивгъуыдмæ фæцыд. Дæттæй, мæ сагъæс мын куы ’мбарис, Дæумæ куы фехъуысид мæ дзырд: Мæ Ир, мæ уарзон къуым, мæ бæстæ, Уæ уарзт мæ тавдзæнис æдзух. Зыдтон, бæргæ зыдтон мæ хæстæ, Фæлæ цыбыр уыди мæ къух. Æмæ дæм гомгæрццæй æрцыдтæн, Бæргæ куы уыдаин цырагъ... Фæлæ цы дæн æмæ цы уыдтæн, — Æбæркад, кадавар — мæ уаргъ... 183
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОП * * * Дæн æз гутондар, зæхкусæг Æмæ йæ нæ кæнын сусæг, Ма мыл худ, фæлæу. Афæлдахын зæхх уæлгоммæ, Сабийау кæсы мæ коммæ, Байтауын мæнæу... Цардимæ лæуд дæн æз тохыл, Дæн уырдыглæууæг нæ хохы, Бадар мæм дæ сæр. Фен мæ фæззæгæн йæ бæркад, Рахиз, ма мæ дом æгæр кад, Бирæ мын фæцæр. Уалдзæгæй ыстыр фæззæгмæ Не ’вдæлди лæджы уæзæгмæ, — Алцы удмæ каст. У, зæгъын, лæггад мæ бон дын, Ис хъæубæсты фаг мæ гонты, Æз нæ кæнын хъаст... Рахиз, акувæм ын иумæ, Ех, куы ныккæсис мæ риумæ: У дæ цинæй дзаг. 184
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Æз дæн гутондар, зæхкусæг Æмæ йæ нæ кæнын сусæг, Не сафын мæ уаг. Ау, цæмæн бахаудтæ дисы? — Кьух фыды фарныл нæ исын, Никуыдæр уыдзæн! Байхъус мæм дзæбæх, мæ хæстæг, Æз мæхи кусартæй ыстæг Аппарын куыдзæн... - 185
™^-„—^™МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Рахиз, уазæг, ныссæтт мын мæ къæсæр, Адих кæнæм дыууæйыл нæ къæбæр. Уазæг хуыцауæй минæвар у зæхмæ, Æмæ фездæх мæ къæбæр, мæ цæхмæ. Исхæдзарæй фæуон уæд æгъæдзар, Ды куы равзарай ’взæрæн мæ хæдзар. Ды мæ цуры æндæр фысым ма ’взар, Ахсæв мемæ дæ лæджыхъæд бавзар. Зон, дæ хай нæм æфсинæн æвæрд у, Фаг фæкуыстон, мæнæн дæр æгъгъæд у. Æз æгас сæрды нал федтон уазæг, Æмæ нал ис мæ сæнтæй нуазæг. Зон, æнæдæу æнкъард уыд мæ уæзæг Æмæ ноджы мæ бургуыбын фæззæг. Иумæ скувæм нæ хохбæстаг арвæн, Рахиз, артдзæстæн ракæн дæ арфæ! 186
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— ——— Иу бон къуырийы уазæгæн кусын, Æмæ бæрæчет бафты уæд мусыл. У дæ фароны хай дæр æнæвнæлд. Ау, фæндагмæ дæ иу хатт нæ равдæлд?! Рахиз, уазæг, ныссæтт мын мæ къæсæр, Уæрст мын никуы уыд демæ мæ къæбæр!.. 1984 аз. 187
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Цæуын æз мæ балцы, мæ фæндаг у дард, Нæ дæн æз мæ зæххæй, о, ма фенхъæл, — тард1 Æз зонын, мæ фæндаг нæ уыдзæн æвыд, Цы кæнон, бынтæ мын, нæ радта мæ фыд. Фæлæ у хæрæгæй тыхджындæр мæ фæнд, Нæ зыны, рыгмит мын æмбæрзы мæ фæд! Ызгъоры мæ разæй мæ зондсафæг зин, Фæлæ йын æнкъарын йæ тæрхон, йæ хин: Фæнды йæ, ысфысса, мæ уаз удæй уарзт, Уæд арвмæ дæр хъуысид йæ фæндыры хъазт, Мæй доны ныххызти — мæ тæлмастæу чызг, Ныууадз мыл дæ катай, æри мæм дæ хыз. Æрцахсон дын хъуамæ — мæ бæллицты сæр, Кæннод дын мыггагмæ кæндзынæн æз сар. Нæ домын, мæ хæлар, «Мæ фæндагæн кув». Кæд искуы фæцудон, уæд-иу мыл фæку! 1984 аз.
МЕ СКА’СТ — ИРЫСТОН" САГЪÆС АЛАЙНАГ УÆЛМÆРДЫ Уый цы бакодтат, хъал адæм, Чи уын бабæллыд уе сæфтмæ?! Маргъ куынæ уæндыд атæхын Арвыл уæ сæрмæ, — уе ’фсæдтæн... Уæд кæй судзгæ ’лгъыст баййæфта Смах уæ уæзæгыл, у ’артдзæсты. Ау, куыднæ федтой развæндаг Уал фæтæг æмæ уал цæсты?! Мах уæ байзæддаг, уе схъистæ, Ныр уæ къахвæдтæ агурæм! Чи уыдзæн, æммыст, сымахæй нын Чи ратдзæн хабар адгурæн?! Тъей, уæууай, гъей, рæуæууæнк Ир, Ма мын у буц дæ цæвæнтæй. Чи ма сæ зоны, цал хатты Сау сайды фæдæ цъæмæлтæй?! Афон у æмæ бамбарæм, Мах дæр искæйтау, царды хъæр. Кæд нæ зæххæй дæр айхъуысид Ног Ирыстоны зарды хъæр. 1966—1984 аз.
— МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ÆХЦОН ЗÆЛТÆ Лирикон хъуыдытæ, композитор Æлбор- ты Феликсы мелодитæм хъусгæйæ. Кæмтты æхсæрдзæнтæ зарынц, Æви — фыййауы уадындз? Хъус æхцон зæл( ахсы, Туг мæ уæнгты ахсы. Цинæй, цинæй, цинæй! Æммыст, цымæ, чи.загъта: «Аиы зæххыл «зин» нæй?» Акæс-ма, уæлхох фæзтæм — Дидинæг æфтауынц. Фондзыссæдз хуры Иры хæхтыл Уаз-зæл тынтæ тауынц. Зарæг зæлы, онг змæлы. Ех, зæгъгæ, мæ ’вдæлы — Хос кæрдын ныууадзин æмæ Къах-къухтæ æрсадзин Æмæ дардыл, Ирыхæхтыл, тымбыл кафт æркæнин. Къах скъуырии Зикъаратыл, фæлæ сыл нæ кæлин. Фезмæлут, Ацæмæзæн мын акувут уæ сæрæй, Ма аздæхæт, худинаг у, хæдзары къæсæрæй. Зæлы зарæг, уды дарæг, Гъей, джиди, кæм дæ, æмбарæг?! Згъоры барæг, цинтæ уарæг. - 190
МЕ СКАСТ—ИРЫСТОН— Нал зоны фæллад мæ уæраг. Цинæй арвмæ уд стахти, Зарæг зæлы... Уæлладжиры, Къуыдаргомы, Цъалагомы, Чысангомы, Хъобангомы, Æмæ азар, азар, лæппу, азар. Ды нæ кæныс Иры уарзтæй базар... Азар!.. 191
МЕ СКЛСТ — ИРЫСТОН * * * Хæцын мæхимæ: Фыййау уæвгæйæ, нæ зонын зарын. Дæ бар дæн, худ мыл, — Мæ цауд æмбарын. Кæмæн ракæнон, зæгъ ма, мæ сагъæс! Нæ мын ис ахæм. Уæд афтæмæй та Мæ дзуринæгтæ дæс хæрæгæн дæр Цъус ысты уаргъæн. 29. XI—83 аз 192
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН* ÆЗ ЧИ ДÆН? Æз чи дæн, — Хуымæтæг адæймаг, Хъуыды кæнын зонын, Фæлæ... Мæхи Сем нæ хонын, Æрмæст зонын: Чи уыд Пушкин, цы йæ хъуыд, Цы уыди йæ бæллиц, Йæ нысан. Гъе, Хетæджы фыртæн Йæ къухы цæмæн уыд тырыса... Æрмæстдæр фондз хъæрнывæй конд дзырд: «ФИДÆН»-æн радтой сæ удтæ... Рухсы фæбадæнт! Кадæй фæхастой Сæ сæртыл сæ худтæ, Æрцыдис сæ фидæн, Æз дæн йæ мидæг. Мæ зæрдæ дзы буц у, райын Фæлæ мæнæн абон сæ фидæн къуындæг у, Æз æндæр, хуыздæр фидæныл, Цырагъау тайын.
™МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Фæрсыс мæ: — Царды музыкæ цы хоныс? Хъус: Хус рæстæджы, тæрккъæвдайы, Хъарм æртæхты кафт Хонын музыкæ. Æвæлмаст саби авдæны, фыны Кæл-кæл худт куы ныккæны — Уый хонын музыкæ. Фæллад гал сой кæрдæгыл Зыдæй куы фæхизы, Уæд уый мерсмæ хъусын Хонын музыкæ. Æнæмæт саби мады дымст риуты Куы фæдæйы, Уæд уый хъуыррытмæ хъусын Хонын музыкæ. Уæлахизы фæстæ тохвæллад æхсаргæрдтæ Сæ кæрддзæмты куы февæрынц, Уæд уыдон æхситт Фæхонын музыкæ...
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Буржуйтæ мыл радиотæй, Æрра куыйтау, кæуынц: Нæ та, дам, ис ирон лæгæн, Йæ хæдзары, хъæдындз... Мæ галты мын æрымысынц, Куыд уайсæста мæ чындз. — Ныцъцъæх ысты мæ ивгъуыдыл, Дæндагæй йыл хæцынц... Нæ мын уынынц мæ хæдтулгæ, Мæ салд удæн йæ тæфст. Мæ нымæт худ, уæд ме ’рчъитьш Ныммаст кæнынц æрмæст... 195
~МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН ФЫДÆЛТÆМ Мæ бæрны мын бакодтат мæ Иры бæстæ, Ма йын тæрсут. Йæ сæрыл цæттæ дæн æз, цалынмæ хъаза Ме уæнгты туг. Фыдвæды бæсты-иу кæддæрид æвзæрстат Кады мæлæт. Уæ тугæй уæ уæнгты ысхъазы, нæ дарын Галы къæлæт. — Куы амæла не ’взаг, уæд амæлы, — загътат, — Нацийы цард! — Мæ сомыгæнæныл нæ зилын, нæ, сайдæй, Хæрын уын ард. Хъæбулхæссæг фыд, дам, у нацийæн фидар Удæгас цырт. Нæ ныккæлдзæн, никæд мæ аххосæй уый дæр... Дæттын уын дзырд. 1963 аз. 196
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— НЫФС Уазалдзæф уыди, Уалдзыгон боны: Их-хид нал уыди, Къардиуы, — доныл, Фæлæ... Уæдмæ мæ сæрты Зæрватыкк ратахт Æмæ уазал Атар æмбойны... — 197
.МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН РУСТАВЕЛИЙЫ ПРОСПЕКТ ТБИЛИСЫ Цыма æфсымæрæн йæ кæрты Æрывæрын мæ къах... Цыма æрхуыссын мæ нымæты, Æрфынæй вæййын тарф... Мæн афтæ ам йæ базыртыл Фæхæссы арвмæ цин. Цыма мын ам мæ базгуытæн Ысчындæ вæййы хин: Æнахуыр тых ам банкъарын, Кæны дзы зæрдæ рог. Мæ уды арфæй рахъары: «Шота уыди æрвон!>. Æмæ цы хорз, цы рæсугъд мын Ысныв цодта мæ уарзт. Мæнæн Шота дыууæ хатты Æрцыд иронау каст^. 1 Шота Руставелийы поэмæ. «Стайы цармдарæг» ирон æвзагмæ тæлмац æрцыд дыууæ хатты. Фыццаг тæлмацгæнæг уыд Саулохты Мухтар æмæ дыккаг та Бестауты Гиуæрги. Дыууæ тæлмацы дæр ирон чиныг- кæсæг айста зæрдиагæй.
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН — Цæуын сындæг уæрæх уынджы Æмæ кæнын ныхас... Рæвдауы мæ гуырдзиаджы Фæтæн ныхы æнгас!
-МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН * * * Иухатт, мæ сабибонты, Залты мит ныууарыд... Мæ фыд дзы лæгæрста Æмæ цыдæр йæхинымæр Æхцон, Æхсызгон зарæг зарыд... 200
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН— РАЙГУЫРÆН ХЪÆУ I Зæрдæйы æгæрон цины тæлм скафы, Мæн нæхимæ дардæй хæдтулгæ скъæфы... Разынд мæм нæ къуылдым, разынд мæм нæ хъæу, Уæртæ уыцы фахсыл баззадис мæ фæд. Ме ’взонгад фыййауæй арвыстон æз уым, Хурау у дæ иу фенд, о, мæ уарзон къуым! Ныр æрцыдтæн ардæм, уазæгуаты нæ... Райгуырæны уарзт-иу сидт æдзух мæнмæ. Уал азы бынтондæр аивтай дæ хуыз, Чи ма мæ дзы зоны, чи ма сын дæн æз?! Ме ’взæр Мила дæр мæ уæзæгæй сырдта: — Дард бæлццон, мæ кæртæй айс дæхи, — дзырдта. Уæ, Мила, æрцыдтæн, ферох мæ дæ конд? Хионтыл-иу ма рæй, ма бахæр дæ зонд. Мемæ-иу ды хохмæ фыййау дæр цыдтæ, Уым-иу ды мæ фæдыл къæмбыртыл зылдтæ... 201
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Цал хатты мæ къухæй аскъæфтай къæбæр, Фæлæ дæ мæныйас чи уарзта уæддæр? Гъе ныр ис дæ зæрды: асурай мæ дард? Гъе нырмæ кæм уыдтæ, уым, дам, кæн дæ цард. Никуы дæ ныууагътон ам мæ хъалæй дæу, Мах куыд фæнды, хъуыддаг иууыл афтæ нæу. Худинаг дæхицæн, ма мæ базон, хорз, Фæлæ райсом иумæ аскъæрдзыстæм фос. II ...Ам-иу, ам, Гæбуца хуры хъæрммæ бадт. Бадæн-иу ныууагъта искуы иу-стæм хатт: Хъæуы-иу куы фæзынд, гъе, чындзæхсæв, куывд... Гъе, мардзæ, уæд уымæй кувæгдæр кæм уыд: Сæртæ-иу æруагътам уый кадæн ныллæг. Урсзачъе, дзырдарæхст, зæды хуызæн лæг, Уынджы йыл ныр никуы, нал хæцы мæ цæст,— Æмæ ’нхъæлут, иунæг уый ацыд æрмæст?! Уый цахъхъæнтæй хъæуы иу дæр нал у гас, Никуы уыд мæлæтæй уыдон уæнгты тас. Уæлмæрды улæфынц Местор, Кудза, Андо... Цал хатты сæ былтыл арфæйы дзырд бадон. Фынджы сæр уæлийæ бадынц ныр æндæртæ, Хъæуы фарнæн кувынц иухатты кæсдæртæ. 202
МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН, III Хъазынц сабитæ уынджы: æз сæ нæ зонын, — Кæй стут, мæ хуртæ? — мæхимæ сæ хонын, Къаффеттæ сыл уарын æмæ мын æппæлынц, Фыдты нæмттæ хъазгæ иугай, дыгай дзурынц: Се ’мбæлттæй ма иуæн къаффетты хай курынц, Æмæ худгæ, иугай, хъазынмæ ызгъорынц. Æз сæ фыдты ’мбал дæн, — сабитæ нæ зонынц, Химид ма мæ хъæуæн æцæгæлон дæр хонынц... О, фæлæ сæ фыдтæ «’взонг» ысты сæхæдæг, Æмæ, акæс, уынгты нал цæуынц сæ зæнæг, Се ’ппæт дæр мæ разæй ускурынмæ фесты, Ныр сæ æз цы схонон, «сайæгойтæ» не сты? Балойæн, дам, дысон сагсур лæппу райгуырд, Уæд йæхи фæндиаг, рацæуæд ын сахъгуырд. Уал лæппуйы куывдтæй иуы дæр нæ фæдæн, Æмæ, Бало, райсом уазæгуат — дæумæ дæн. Не ’гъдæуттæй ма иуты базондзынæн цъустæ, Фæлæ-иу мæ цуры бахъахъхъæн дæ хъустæ. IV Кафæнфæзмæ арвæй стъалытæ æртахти, Æви, Хуры, Мæйы чызджыты æрхуыдтат? Чи уын сты, æммыст, а-рæсугъд чызджытæ? Басудздзысты искæй, хъазæн нæй зынджытæй... 203
- _„„. МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Лæппутæн сæ риутæй ракæлы цъæх фæздæг. Багъæцут, мæ хуртæ, дард уын нал у фæззæг... Æз кæсын — Фатимæ се ’хсæнæй нæ разынд, Уый, дам, мад у, дзурынц, уымæн нал ис хъазты, Нал разынд Аминæт, гъе, Динæ цы фæци? Уыдонæй дæр алчи сасирдзæгъдæг баци. Ау, уæдæ-мæ, æммыст, а-рæсугъдтæ чи сты? Иухатты чысылтæ афтæ стыртæ систы? Буц ысты сæхицæй, кафæнфæз сын баззад, Спæр-пæр кæнынц арвмæ, базыртæ сыл базад. Хъус-ма сæм, сæхимид джис-хъусæй цы дзурынц, Се ’рттиваг æнгасæй зæрдæтæ ныццæвынц: «Иу боны уазæг ма исты ’фсон куы суаид, Цыма, дам, ын, æммыст, уарзон чызг нæма и?..» V Хур æрныгуылд, уынджы Ильичы цырагъ Стъалытимæ сбыцæу, нал сын кæны аргъ. Йе ’рттывдæй уæд бонау ме стыр хъæу ныррухс, Расыг лæгты зарын ацахста мæ хъус... Хъæубæсты æгасæй сæны зæй фæласта. Чидæр нæм йæхицæн цардæмбал æрхаста. Ныр йæ зарын хъуысы, хъуысы æмæ хъуысы,— Нарты зæххыл дардыл цард фыцы, нæ сысы... Хуыцъейы хъæу 204
ÆБÆРÆГ ХÆСТОНЫ ИНГÆН Сыст уæлæмæ, ’фтауы дыргъдоны дидин, — Акæс-ма йæм, мауал кæн мæрдвынæй. Ма ферох кæ, ма, — дæ буц ныййарæг Баруад, бахус фæндæгтæм кæсынæй! Сыст уæлæмæ, дидинджын дыргъдоны Де ’взонг уарзон бахуси дæ мæтæй. Ма йæ хъыг кæн, ратæх æм, æрхæсс ын Де ’гъуыстаджы судзгæ уарзт дзæнæтæй! Сыст уæлæмæ, райгуырæн зæххыл дæм Де ’рцæуынмæ де ’рдхæрдтæ куы бæллынц. Де ’мбæстæгтæ сабийæ зæрондмæ Карз сомы дæ рухс номæй куы кæнынц! Сыст уæлæмæ, — ма фæуæнт фыдæнхъæл, — Ма сæ бауадз сау дарын дæ мæрдæй. Де ’лхæд дзаума къухбæттæн хæцъилмæ Чырыны лæууынц ныр дæр æвæрдæй. Мады цæст сæм бакæсын нæ уарзы, Удæгас ын нал дæ, уый нæ зæгъдзæн! Мады рухс уарзт хивæнд у, уырны йæ, — Искæдбон æм уарзон фырт æртæхдзæн! 205
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ АВД ДАМГЪÆЙЫ Цыма нæм арвæй авд хойы ’рттивынц — Нæ зæххы риуыл сæ тынтæ тауынц, Гъе, уыйау, авдæй зæрин дамгъæтæ Мæ фыды зæххæй цæхæртæ калынц. Ныхасы фидыц — нæ авд дамгъæйы, Зынгрухс таугæйæ, дунетыл зилынц. Æмæ дунетыл Нанайы номæй: — Хæст нæ нæ хъæуы, — ФИДЫДАД сидынц! 206
ХÆСТЫ ХЪÆЦГÆМТТÆ - ’РЫХЪУЫСТ НÆМ Арын мæ фыды ’фсымæр Илайы ном ’Рыхъуыст нæм: Керчы, дам, иу нау фæдæлдони, Ууыл, нæ цæугæхох, бадтæ. Чидæртæ загътой: уæ дард бæлццон бабыни, Мах та сæ рахуыдтам дамтæ. ’Рыхъуыст та: Одеры былыл, дам, иу ирон Тохы фæзæрдæдзæф, амард. Загътам та: ’нæмæнг уыдаид æндæр чидæр, Махæн нæ мæсыг нæ ракалд. Хæст фæци, фæлæ ма иу хæстон, иу ирон Зпаджы фæстаг æхстæй бамыр. «Махон нæу!» — зæрдæ та ноджы нæ басасти, Сызнæт, фæлæ та æрсабыр. «Чидæр æрцæуы йæ къуыммæ уæлахизæй...» — Уайтагъд, æрвынæрдау, рыхъуыст. Махон у! — зæрдæ ыскафыди фырцинæй, Фæлæ-иу адæргæй сæнкъуыст. Афтæ фæцыдысты иугай сæ уæзгуытæм, Махæн иæ разынд нæ хæстон. 207
^^^«.««ХÆСШ ХЪÆДГÆМТТÆ Ех, Ила, Керчы, мыййаг, кæд ды фесæфтæ 'Мæ нын æй налдæр æмбæхстой. Фæлæ, нæ! Хъуамæ æрцæуай дæ уæзæгмæ, Хъуамæ дæ бинонты фенай. Бакæс-ма, де ’взонг ус урс-урсид адардта, 'Рцу ма, йæ кадыл ын ферай. Цæй-ма, дæ ус дыл кæдмæ цæуа саусæрæй? Цæй-ма, идæдзæн æвгъау у. Цæй-ма, æрцу ма, дæ уæзгуытæ не мысыс?! Цæй-ма, уый дын цы ’гъдау у! Ды нæдæр Одеры, ды нæдæр фæстаг бон Никуы фæцудыдтай, ма сай... Ма нæ фæиртас мыггагмæ, нæ дард бæлццон, Де ’рттиваг цæстыты ’нгасæй! Къахет. Хуыцъейы хъæу 208
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ • ИРОН ЧЫЗГ Лрын Баситы Чабæханы ном. Ахæм чызг цы мад ысхаста, Ахæм чызг цы зæххыл рæзт! Тохы йе ’хсарыл, йæ ныфсыл Адæм ’рæвæрдтой сæ цæст. Ех, Сатанайы чысыл чызг, Макуы уай мыггагмæ рох, Кæд кæм сахуыр дæ сырд марын, О, мæ сомыгæнæн хо! Кæд цы ирон мад уыдаис, Стæй цы сахъ лæппуты мад, Сыст ма ингæнæй æмæ нын Иу-дыууæ домбайы радт! 1962 14 . 209
—ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ÆРЦЫД Балладæ Уый æрцыд... Æрцыд йæ къуыммæ, Нæ, æрхастой йæ, мæгуыр! Знаг ын бахсæста йæ къæхтæ, Зпаг ын бахсæста йæ къухтæ, Аззад фистæгæй йæ гуыр. Сталинграды цур йæ къухтæ, Сталинграды цур йæ къæхтæ Фесты дæлсыджыт кæмдæр. Фæлæ йын мæлæтхæсс нæмыг, Фæлæ йын цæхæр зынг нæмыг Н’ аскъуыдта йæ уд уæддæр. Æмæ афтæмæй æрцыдис. Нæ... Æрхастой йæ, мæгуыр! ...Мад, сыл домбайау, нынниудта, Стæй æрхæндæгæй ысдзырдта: «Гайтма мæ фæцис йæ гуыр!» ...Баззад буц ныййарæг мадæн, 'Нахъом сабийау, — кæсинаг. Мад æй нал хоны фыццагау: «’Дарæг, рæзинаг, ысуинаг». 2!0
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ———— Мад ын нал зары: «Мæ бæсты Ласдзæн куыроймæ ыссинаг!» Мад ын нал зары фыццагау: «Байрæз, бахъомыл у тагъддæр. У мын ’нæзивæг зын куысты Æмæ цард ыссарæм мах дæр». Мад зæлдæгты тыхтæй хаста Ирæн базыхъцонг, нæл саджы... Мадæй мауал домут зарын, Мад-иу афтæ зарыд раджы... Мад та «хъомыл» кæны фырты, Фæлæ хæстæн нал!.. 1962
—ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ХÆСТОНЫ ФÆДЗÆХСТ «...Куы ’рцæуай, мæ хæлар, мæ хъæубæстæм ды, Мæ фæстаг салам-иу нанамæ фæхæсс. Уый фæндаджы былыл æнхъæлмæ кæсдзæн, Дæу дардмæ куы фена — «мæ фырт у», зæгъдзæн. Куы-иу дыл узæла мæ ныййарæг мад, — Ныттыхс ыл æмæ-иу йæ фарсмæ æрбад. «Цы фæцис мæ иунæг, — нана дæ фæрсдзæн,— Йæ зæронд дзыццамæ цæуылнæ тындзы?..» О, мады сагъæстæн кæрон та кæм и, Фæлæ-иу, мæ хæлар, фæуром дæхи. Дыкъахыг сырдты, зæгъ, фæкодта бындзагъд Æмæ, дам, дæм гъе ныр фæзындзæнис тагъд. Дæ дзырдтæй йын бауадз йæ зæрдæмæ рухс, Æз зонын, мæ мæтæй уый баруад, ныххус. «Æрцæуы дæ иунæг», æдзух ын-иу дзур Æмæ йын йæ сагъæс ды афтæмæй сур... Æрмæст-иу æгъуыссæг кæй тыххæй фæдæн, Гъе, уыцы рæсугъдæн зæгъдзынæ, мæ бон: Æрвыста ма, дам, дын фæстаджы хæрзбон, Дæ амонд, зæгъ, хорз!..
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ УАСТÆН Арын курдиатджын ирон поэт Кочысаты Махарбеджы рухс ном, уый хъæбатырæй мард фæци Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, Арвыл ирд стъалы хъазыд, Комæй рог уддзæф цыд... Раст йæ ускурæн азы Заргæ хæстмæ фæцыд... Хохæй сиуджын саг уасыд, Хъуаз æм цингæнгæ лыгъд. О, бæллицтæ сæм цас уыд... Уыдон чи фæуид хыгъд. Топп ныннæрыд, ныццарыд Ком æгасæйдæр, уæд. Чидæр уадындзæй зарыд, Сагыл чи кодта мæт... Æмæ нал райхъуыст хохæй Саджы, сионы уаст... Удхæссæджимæ тохы Хурæн батарæй тарст.
— ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ...Хъуаз та айнæгыл ниуы, Цард ын нал кæны ад. Федта: йе ’мкъайы риуы Асагъд фистонмæ кард... Арвыл ирд стъалы хъазыд, Комæй рог уддзæф цыд. Раст йæ ускурæн азы Ме ’мбал хæстмæ фæцыд... 214
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ИХУАРД Ялтайы мын белоруссаг æвзонг поэт дзырд- та: «Хæст уæ зæххыл нæ уыд æмæ йын йæ зындзинад æнкъаргæ дæр нæ бакодтаик- кат.» Автор. Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Мах нæ базыдтам, цавæр уыд хæст?! Их æрцыди хуымгæрдæнты Ирыл ’Мæ нæ дардыл ныссæрфта æрмæст. Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Махмæ хæстæн йæ кой дæр нæ уыд?! Ме ’мкарæнтæй нæм иу дæр нæ зоны Циу, цы ад кæны фыд... Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Дард æндæр кæмдæр тугуарæн цыд?! Авд хъæбулы уыд, авд фырты мадæн, Ныр та — авд ингæн, авд афтид цырт... Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Баззад ’нæхъыгдард тулдзæн йæ тау?! Фараст сагсур хъæбулы ныййарæг Фараст фыртыл цæмæн дары сау?! 215
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Махыл не ’ркодта саударæн аз?! Абон дæр ма хæстоны идæдзæн Судзгæ цæссыгæй не ссур йæ баз. Мах нæ банкъардтам уыцы зындзинад, Мах нæ базыдтам цавæр уыд хæст?! Их æрцыди хуымгæрдæнты Ирыл ’Мæ нæ дардыл ныссæрфта æрмæст. 216
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТ/Е ЦАГЪДЫ УÆЛДАЙ Сапун-хохыл ма хæсты рæстæджы баззад иунæг тулдзбæлас, иннæтæ хæсты цæхæ- рæй басыгъдысты, уый дæр у уæззау цæф- тæ, ныр уыцы тулдзæн йæ алыварс ис æм-- бонд æмæ цæуы хъахъхъæд. Цал тæвд нæмыджы ахызт дæ риуы, Уæ, мæ тулдзбæлас, исты ма зæгъ! Ам, дæ фарсмæ нæ ирон лæппутæн Цыт куыд кодта сæ фыдæлты зæхх?! Гъе, сæ болат æхсаргæрдты ’рцъыккæй Сау фыдгулæн куыд хауди йæ сæр. Гъе, мын радзур: цы хæст федтай, уымæн Уыд ма искуы дунетыл æмсæр?! Гъе, мын радзур: мæ Иры хуыздæртæн Ам æрдхæрæн куыд фæцис сæ тох... Гъе, сæ удисгæ чи ма цы загъта, Чи куыд мысыд йæ хъæу, кæнæ хох?! Ныр ам се ’ндæргтæ тары ызмæлынц, Дард сæ тохы зард хъуысы ныр дæр. Радзур, тулдзбæлас, туджы куыд мæцыс, Радзур, истори дæ абон ды дæр.
.^^^^ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Цал тæвд нæмыджы ахызт дæ риуы, Уæ, мæ тулдзбæлас, исты ма зæгъ? Ам куыд ирвæзтис пиллон арт арвмæ, Стæй куыд урæдта уыцы рис зæхх?! 1966 аз. ~ 218
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ХЪЫРЫМЫ ЗÆХХ Ам мæ сагъæсты фенын ивгъуыд дуг, Хъустыл ауайы Скифты фаты ’хситт. Зæххыл ацахсы сау фыдгулы туг, Дардыл анæры Атиллæйы1 сидт: «Уадз бындзагъд фæуæм, Цæйнæфæлтау мах Уæм сæргуыбырæй знагмæ уацары!» Æмæ карз тохы Скифты туджы ’ртах Судзгæ, араугæ зæххы ахъары... Æмæ уырдыгæй сысты кардимæ, Æмæ уырдыгæй сысты уартимæ: ...Знаг цы бакæна, — уый цъæх артимæ, Знаг цы бакæна Скифтæ — Нартимæ?! Фат кæм нæ хизы, Кард кæй нæ кæрды, Уыцы Скифтимæ, уыцы Нартимæ Тохы бацæуын уыд мæрдтæм цæуын, Æмæ уымæй дæр — ’гады уаргъимæ... Ам мæм алцы дæр дзуры скифагау, Ам мæ цæстытæн у уæлдай æнцон. Ам мын разыны зæрдæ, хъуыдытæ, — Хи цæмæй хæссой, Стæй цæуыл хъæцой. 1 Атиллæ — скифты паддзах.
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ НЕМЫЦАГ ИНÆЛАР ХЪЫРЫМЫ Сапун-хохы цы хæстон диарамæ ис, уый немыцаг инæлар куы федта, уæд йæхи нал баурæдта æмæ сдзырдта: «Нæ, ам, хæст раст æвдыст нæ цæуы ..» Цæмæн ныхъхъус дæ, зæгъ, дæхимид,. Æви дæ цæстыл абадт фæлм? Æмбарын дын, «уазæг», дæ хин ми: Дæ зæрдæйы та хæсты тæлм Нызмæлыд, Ыссыгъдис та дæ сæрмæ арв. Лæджы тугæй йæ дойны мары Зæхх... йæ хъæбулты ныттухы арф, Ыздыйы къæртт æнæсцух уары, Дæ мæгуыр сæр фæцис дæ кой. Дæ зæрдæ буц кæмæй уыд, — фесты Дæ уыцы ’фсад уæд ам сæргой... Дæ ивгъуыд бон дæ цæстыл уайы: Уæддæр цы цард ракодтай ам!.. Фæлæ дæ кæд дæ зонд нæ сайы, — Тыххæй ма ахастай дæ царм! Æмæ ныр къорд азтæн сæ фæстæ Æрцыдтæ а-зæхмæ уынæг. Фæнды дæ: Фенай ма дыккаг хатт, 220
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ -~ Кæм цыдыстут дæрæн, куынæг. Уæ сæртыл уын нæ кард кæм састам, Æмæ кæм агуырдтат æххуыс... Сымахæн ам уæ удтæ ластам, О, афтæ зонæм мах — уырыс. Ныр цалынмæ кæсай дæ цæстæй, Уæдмæ нæ фæкæндзынæ рох. Дæ зæрдыл дардзынæ нæ бæстæй: Хъырым æмæ Сапуны хох. Ныхъхъус дæ ды, æмæ цæй тыххæй? Ды ацы бæласыл кæддæр Æрцауыгътай лæджы йæ хурхæй Æмæ йыл не ’ркодтай мæт дæр... Ныр дын зын у, дæ фæстаг балцы Дæ къухы нал дарыс дæ кард. Дæ фюрер дын лæвæрдта бардзырд Æмæ зæххыл ыскъуыдтай цард. Ныхъхъус дæ ды, Фæлæ цæй тыххæй Дæ сау зæрдæ нæ кæныс гом? Æви та сног, — ысдзур дæ дзыхæй, — Дæуæн дæ зæрдæйы хъæдгом? Æви дæ цæстыты раз сыстад Дызгъуын, цъыфæйдзæгтæй дæ кад. Кæддæр цы дун-дуне нынкъуыстат, — Уæ сæрыл их-зæйау ныккалд! 12 VII. 1970 аз. Хъырым. Сапуны хох 221
— ХÆСТЫ Х’ЪÆДГÆМТТÆ «ИХУАРДЫ ФÆСТÆ» Цæуы салдат, цæуыхæстон... Цæуы уæззау, цыма йыл уаргъ Æрæнцад уæхсчытыл æнгом. Æмæ йæ \лхъивы зæхмæ — карз. Йæ рог уæнгтæ цыма сты баст, Гъей, уыйау у уæззау йæ каст... Æмæ зæгъынц: «Зыдтам æй хорз, Зæххыл нæ хæцыдис йæ къах, Тæхуды кодтам-иу æм мах». Бæгуыдæр уыд кæддæр цæрдæг, Кæддæр йæ уонг уыдис рæуæг. Фæлæ цыппар азы æдзух Хæцыд уæззау топпыл йæ къух Æмæ фыдызнагæн хуынæн Æрвыста нæмгуыты лæсæн. Йæхи дæр ын кæм уагътой цух, Ныппар азы — къæвда уа, хур — Æдзух ыл уарыдис цъæх их. Ныр мин-мин ыздыйы къæртты Хæстопы уæхсчытыл æнгом Æруагътой сабыргай сæ уæз Æмæ ныууæззау ис йæ уонг, Уæпæмæ нал исы йæ цонг!.. ) - 222
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ — * * * Ма тындз... Куы фенай æнæкъух, Æнæкъахы, Æрлæуу-иу йæ цуры. Ссудз ын йæ тамако, Сис ын йæ хæссинаг, Худгæ, фæлмæнæй йæм ракæс. Фæлæ уарзон мад цы дарæг цæнгтæм Каст æнхъæлмæ, Уыдон цы фесты, Уымæй йæ ма фæрс. Ма йын ысног кæн Йæ зæрдæйы сау хъæдгом, Алцы йын ма мыс. Ферох дзы: Ног тынд балтæ цы ад кæнынц Æнгуылдзты! — Ма тындз, куы фенай Æнæкъух, æнæкъахы, ’Рлæуу-иу йæ цуры. Ссудз ын йæ тамако, Сис ын йæ хæссинаг, Худгæ, фæлмæнæй йæм ракæс, Æрмæст æй йæ хъæдгомæй Ма фæрс. 1969 аз.
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ХÆСТ Басудзай, нæмыджы схъисау, У дæ кой мæ риуы сагъд! Ма йыл рахæца хъуынхъис дæр, Уас æлгъыст фæуа йæ мард, Уый кæй зæрдæйы фыццаг хатт Райрæзт, базмæлыд дæ гуырдз... Ницы мæм зыны хуыздæйраг: Фод цъæх фæлдыст ын мæ куыдз! Исчи уынджы дæр куы скæны Искуы искæмæн дæ кой, Уæд мæ мæгуыр мады сагъæс Удæй атоны æнцой. ...Уадид, рагбонты, йæ къухтыл Чи хаста рæвдаугæ мæн, Чи-иу мæ барста зынг хурыл, Пъа мын чи кодта фæлмæн, Уыцы уарзон фыд мын тохы Размæ ахауы æваст. Мадæн аскъуыйы йæ зæрдæ, Уадид — халоны цъæхахст...
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ...Афтæ де скоймæ кæддæрид, Фенын: банымæг и зынг. Фенын тугхъулон фæтæн риу, Фенын мард æмæ цæссыг. Уастæн басудзай, мæ риуы Дæ, нæмыджы схъисау, сагъд. Зæрдæ де скоймæ нынниуы, Туг дзы авдæнмæ ныттагъд. 26. XII 75 15'. 225
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ÆСТДÆС ЦÆВÆДЖДЖЫНЫ Радзырдæуыд мын: Хуссар Ирыстоны Дза- уы районы Теделеты хъæуы, раст хосгæр- дæны, «хæст райдыдта», æстдæс хосдзауы куы фехъуыстой, уæд сæ йæ уис чи куыд хаста, афтæ сæ цæвджытæ уыгæрдæны кæ- рон сагътой æмæ фæцыдысты тохы бы- дырмæ. Уыдонæй ыу дæр фæстæмæ нал æрыздæхт, уæдæй абонмæ сæ цæвдоюытæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хосдзæуттæм... Мачи сæм бадзурæд: «Райдыдта хæст!» Уадз æмæ ’рхæссой сæ уистæ... Ма сын æй бауарзæд, макæд, дæ цæст, Хъус-ма, фæдисон, дæ низтæ! Мадæр сæм уый бадзур: «Знаджы цæфæй Райгуырæн самæхст йæ туджы!» Фот уал сæ куыстаг кæронмæ фæрнæй, Багæдзæ уал кæн, курын. Ма сæ фæкъуыхцы кæн — Иры хæрзтæ Уадз æмæ рог зарæг зарой. Хæстæй сæ мæрдтæ куы фæуой хæсгæ, Хæхтæ кæндзысты уæд марой... Мадæр сæ мадæлтæ фехъусæнт: «Хæст Ирæн дæр райдыдта абон!» Ма сын æй бауарзæд, макуы, дæ цæст, Ма сыл æркæна фыдамонд... 226
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ * Мадæр сæ уарзæттæ базонæт, ныр Райдыдта ’вирхъау хæст дардыл. Уадз æмæ райгæ ивазæнт фæндыр, Зарæг ыснывæндæнт цардыл. ...Фæлæ кæм бамбæхсы зæрдæйы маст: Хосдзæуттæ базыдтой хабар. Алчи йæ цæвæгыл андзыг æваст. Цины хур фæсмигъты атар. Чи сæ куыд раздæрæй хаста йæ уис, Афтæ сæ цæвджытæ сагътой: «Райгуырæн бæстæ, дæ рис у нæ рис, Демæ стæм, немæ дæ!» — загътой. Æмæ лæппувзæрстæй се ’ппæт дæр уæд Систы фæдисонтæ Ирæй... Хохы сæ куыстаг бæргæ уыд сæ мæт, Фæлæ... Раивтой цæвджыты цирхъæй... Раивтой æмæ сæ карды цыргъæй Знаджы йæ бындзарыл дастой. Ам та сæ мæдтæ сæ тæрттæ тыгъдæй Кувгæ хуыцауы ’рдæм дардтой. Фæлæ æгъатыр уыд хæстæн йæ уаг, Мады лæгъстæгæм нæ хъуыста. Ничи сæ ссардта фæстæмæ фæндаг, Баззад æрдæгыл сæ куыстаг... Хохы сæ цæвджытæ уал азы ныр Хъенсагъд, лæугæйæ дзыназынц. Зилынц сæм мадæлтæ, зилынц, мæгуыр, Афтæмæй цæссыг ызгъалынц, 227
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Уалдзæджы мæргътæ куы фæзынынц, уæд Райдайьшц цæвджытыл цинтæ. ...Дардæй æрыздæхынц хосдзæуттæ кæд... Хохмæ фæдисгуыстмæ, зиумæ?.. У ныр дæр фæндагмæ цæвджыты каст, Уал азы... Иу сæ нæ разынд. Иры æстдæс къуымы нал ыссыгъд арт, Иры æстдæс бындур разылд... 228
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ — НЫФС Румынаг коммунист Дж. Бужоры фашист- тæ ныппæрстой ныккæнды. Уым фæцис æх- сæз азы. Уал азы дæргъы, талынг, ’ уын- гæг къуымы уый нæ федта адæймаджы. Цыдæр амæлттæй йæм баирвæзт румынаг чызг Лепуца. Бужорæн йæ фыццаг фарст уыд: — Уым, Уæрæсейы, болыиевиктæ ма асЬтæ тыхджын сты? «Ноджы тыхджын- дæр!» — ныфсджынæй загъта чызг. Андрей Барбюсы радзырд «Æнæсæттон»-æй. Авдæнмæ зарыд мад йæ фыртæн: айрæз мын тагъддæр, Айрæз æмæ нæ фыды зæххыл цард фенæм мах дæр: Акæс-ма, хъæбул, нæ къæсæрмæ марæг æрцыди. Фарон ацафон дæ мæгуыр фыд туджы мæцыди. Адæмы уæлдай уый цы хъуыди: бартæ æрдомдта. Мауал мæ бафæрс амæй хъауджыдæр, ома, цы кодта? У мын хызт, мæ бон, уый амондæй, ферох кæн алцы, Не знаг фыдлæг у, сисдзæнис дæ авдæнæй арцыл. Румыны зæххыл румынæгтæн амондыл ма сдзур, Уый дæ кæд-фæнды æмæ хæрай сомбоны хъарм дзул. 229
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Махæн фаг фæуæд — иу сæрнывонд, туг сæ нæ дарæм, Зоп-иу дæ бынат, ма сæм феххæл, не ’хсæн ис арæн. Бонджын бонджын у, йæ бон калы, мах рис нæ зоны, Макуы сæм ысдзур, мæ фæллой мын ма бакал доны. Хъуамæ иу хæра мæгуырыхъис, иннæ та — райа, Иу хъуамæ фырнæрдæй тъæпп хауа, иннæ та — тайа. Амарди, хъæбул, рæстдзинады мад, мах стæм сидзæр. 0, фæлæ хъуамæ адæмы рис бамбара чидæр. Ис иунæг бæстæ, йæ мысын дæр махæн у аргъау, Ало-ло мын кæн, фыны-иу æм дард атæх маргъау. Сабитæ, хъæбул, уыцы зæххыл хуримæ хъазынц, Алы хуыздæр хæрзтæ ’нахъомтæн парахат хъарынц. Сидзæрты фыд дæ, хуры тынау, сисдзæнис арвмæ, Байрæздзынæ мын, цины мидæг, уый уды хъарммæ.— Афтæ сабыргай мад йæ хурæн хъарæгæй зарыд, Митхæццæ къæвда мады риуы ’рхæндæгæй уарыд. Саби та, мæгуыр, йе стонг фыны аргъаумæ атахт, Мад æрæнцади, йæ цæстытæй цæстысыг нал тагъд. Бон боиы ивта, аз та — азы, азгъордта рæстæг. Æмæ Бужормæ, саг лæппумæ, аргъау æрхæстæг. Бафæндыди йæ: фыды зæххæй сараза аргъау, Æмæ айтыгъта йæ базыртæ Румыныл маргъау. Карз тохы арты сау тыхтимæ тасын нæ зыдта, Фæлæ бахауди, уæйгæнæджы хин æй æрсырдта. 230
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Ныр æхсæз азы ахæстоны ныккæнды джиуы, Фашистты цæфæй йæ уарзон зæхх сар кæны, ниуы. Удæгасæй йæ баныгæдтой, рухс хур дзы байстой, Ие ’муæхск чи цыди, агуырдтой йæ, алкæм æй фарстой. Уый та ныккæнды, талынг къуымы, дунейæ — иппæрд, Тугдзых цæргæс ын цыма, ’хсыдта ’нæвгъау йæ игæр, Срухс ма йын кæны дыдзы рухсæй иу ныфс йæ уды; «Советты зæхх та цымæ цы баци, æммыст... тæхуды... Макуы мын басæтт, мæ иунæг ныфс, зонгуытыл ма рлæу, Уый уæд та фехъус: «Советты бæстæ, фидар у, мард нæу». ...Æмæ уыцы уысм талынг къуыммæ рухсы цъыртт бакаст, Уадид саудалынг рухсы цæфæй й’ астæуыл афаст. Æмæ бурдзалыг румынаг чызг февзæрд йæ разы, Худы цæстытæй æви къулыл хуры тын хъазы? Ахæст бандзыги, цы ма зæгъа, йе ’взаг ныххаудта. «Ис цыда>р хабар, фæ^æ цы уа» — ницы æнкъардта. — Большевиктæй мын исты радзур, ’взæр исты мазæгъ, Уæд хъаймæты бын фæуыдзæпи ноджыдæр а-зæхх! — Удфидар сты большевиктæ, размæ æфсæрынц, Гнтлерон сырдты сæ уаз зæххæй æгадæй скъæрынц. Ныр сæрибардæ, Бужор, тагъддæр атындз сæ размæ! — ...Æмæ ацыди ’взонг коммунист тохæн йæ карзмæ. 1983
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ХÆСТЫ АЗТЫ Зарыдысты уырыссаг чызджытæ, — Уырыссаг зынджытæ, Зарыдысты сæ фыдызæххыл... Уым, дам, Гитлер, йæ буррондз фæкала, Гутондартимæ ракъахта хыл. Æмæ мары, нæ зоны тæригъæд, Ус уа, саби — нæ сæ здахы кард. Зарыдысты уырыссаг чызджытæ Æмæ цæссыг сæ уадултыл тагъд. Бирæйæн ма фæдисон уыд хæсты, Бирæйæн та фесты бындзагъд. Уыд нæ хъæу дæр нæлгоймагæй афтид, Алчи дæр сæ тохмæ фæцыд, Æмæ карз хæсты ацы чызджыты Хъæу æмæ адæмы сæрыл хæцыд. Зарыдысты уырыссаг чызджытæ, — Уырыссаг зынджытæ. Æмæ цæссыг сæ уадултыл тагъд. «Ут нын фидар, — фыстой сæм иронау, — Тагъд æрцæудзæн дыкъахыг сырд тард!» Æмæ иу бон нæ хъæумæ Уæлахиз Тугхъулæттæй, фæлладæй æрцыд... Ех, кæм ма уыд, æгас æхсæв-бонмæ Цины фынгтæ нал кодтой цъынд! 232
ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ — Зарыдысты уырыссаг чызджытæ, — Уырыссаг зынджытæ. Æмæ баисты ирон чындзытæ Уырыссаг чызджытæ. 233
«^.«^ —ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ ФÆДИС! Зæхх йæхи зынгæй судздзæнис, Фæлæ фезмæлут, адæм! Скæнут знагæй дæр уд-цæдис, Нал ис афтæмæй бадæн... У ныггуыппæввонг уарзон зæхх, Фæлæ фезмæлут, адæм! Ау, зынджы сæрыл бадгæйæ, Чи хæры къæбæр адæн!? Хъавы нæм НАТО атомæй, Фæлæ фезмæлут, адæм! Ма сæ бауадзут атонын, Мауал басудзæд авдæн... «Фаг фæуæд — цы уыд», макуы зæгъ, Радтæм удæнцой мадæн. У ныггуыппæввонг уарзон зæхх, Фæлæ фезмæлут, адæм! 1984 234
МАДЫ ЗÆРДÆ Стонг домбайы лæппын хъæды Сидзæрæй дзæгъæлæй ниуы... Дысон цуаны йæ мадæн Нæмыг ахызти йæ риуы. Æмæ ’нахъом сырд ныр мæнæ Стонгæй бастади, фæмæлы. Алцæуыл ысниуы, скæуы... Алы сырд йæ мад æихъæлы. Фæлæ уæгъды: дурзæрдæйæ Сырдтæ ахизынц йæ фæрсты... Хъæдæй рахызт саг æмæ йын Дзидзи дары мады бæсты. Сырдтæ саджимæ загъд систой: — Райсом дын дæхи ныттондзæн, Уый куы бахъомыл уа искуы, — Мах уæлдай дæу дæр нæ зондзæн. — ’Мбарын уæ, — зæгъы сæрджын саг, — Дары махмæ дæр йæ дæндаг, Фæлæ æз дæн мад æмæ мын Зæрдæ ’рыхгæдта мæ фæндаг... 235
НЫИИАРÆГ * * * Алы диссаг, Ллы дзаума Ме ’мкарæнтæ фелхæдтой сæ мæдтæн, Æмæ хъазгæ, худгæ тындзынц æд лæвæрттæ Сæ фæрныг хæдзæрттæм. Æз та уынджы... Æз та уынджы... Дидинтæ æлхæдтон Æмæ сæ мады ингæнмæ æсхастон. Мадæн — Уалдзæг у ныр, загътон... Мадæн — Стæм март у, загътон... Стæм март у... Исты ма мæ радом! Мадæн цæссыг калгæ загътон, Мадæн лæхстæгæнгæ загътон... Æмæ йын дидинтæ йæ ингæныл Ныууагътои.
НЫЙЙАРÆГ* САТАНА МÆ ФЫРТ АЛАНЫ УÆЛХЪУС Уыд дæ фыдæлтæн сæ хъазт дæр Кард æмæ цыргъ фатæй. Се схъис дæ ды дæр, мæ къона, Фыдæй зæгъай, мадæй... Фат сæ никуы федта лидзгæ, Кард — цæссыг æппаргæ. Никуы федтон æз мæ фыртты Онтæй туг ысхъаргæ1. Ма кæн рох дæ саг фыдæлты, Райхъал у, æгъгъæд у... Акæс-ма, сæндонтонæн у, — Сæнæфсир рæгъæд у. Бафснай сæ, сæ уазитæ2 дын Алыран пырх ысты. Тохы не хсаргард куы асаст, — Никæйуал хъуыдысты. 1 Онтæй туг ысхъаргæ — Нарты опосы мад чъыл- дымæрдыгæй мард хъæбулы хæдзармæ нæ уагъта, уый, зæгъгæ, фæтарст æмæ тохы быдырæй лидзгæ кодта. 2 Уазитæ — ома ирæттæ дунейыл пырх сты.
« .. Ш^а-Ю—>НЫЙЙАРÆГ Иу ран сын ныккæн сæ тыллæг, Иу быркуы сын сараз. Кув-иу уазиты уидæгтæн, — Кувæггаг-иу аназ. Кувæггаг-иу аназ æмæ Иры намыс хъахъхъæн. Аразгæ — фылдæр, мæ къоиа, Дзургæ та-иу — къаддæр! ._ 238
НЫИЙАРÆГ-*-- ЗÆРОНД МАД Дæ нывонд фон, цæй тел мæм радтай, Мæнæн ныр уый рæстæг кæм ис? Ыстæй цæмæй зоныс, мæ зæрдæ Дæ мæтæй цал дихы фæцис. Фæлæ мæ уд хуыцауы фæхъхъау, Æгайтма разындтæ æгас. Уæддæр мæ зæрдæйæ нæ рафтыд, Ныццæм дзы дудгæбоны тас. Дæ фыдæн иунæг уысм дæр ’нæ мæнг Куы зоныс, цæу цæрын йæ бон. Æнæ мæн æй нæдæр дæлæмæ, Нæдæр уæлæмæ ласы дон. Ыстæй дæр — уалдзæджы къæсæрыл, Къуырттæвæрæн, нæ дзæргъ ныззад. Бæгæны уыд мæ зæрды скæнын. Дæлæмæ ’рхауæд, не схус зад. Нæ хъугæн дæр йæ тæнтæ ’рхаудтой, Уыдзæн ын ацы бонты род. Нæ хуымы гæппæл дæр, мæ къона, Нæма у, нæ, куы зæгъын, конд.
——™ —«, ^- НЫЙИА РÆГ Æрцæуинаг, дам, у, дзырдтой мын Æмæ цæттæ уыдыстæм мах. Фæлæ дæ, ’вæццæгæн, дæ усæй Æддæмæ нал хæссы дæ къах. Фæдзæхста мæ дæ фыд: мæнæй йæм, Бæлвырд, бæрæг уайдзæф фæхæсс. «Фæуадз уал, цъырцъырагау, зарын Æмæ дæ хæдзармæ æркæс!». Æмæ дын раст зæгъы, мæ хъæбул, Дæ фыд дæр азимаг куы нæу. Цы федтай зарджыты, зæгъ-ма мын, Æгъæдзарæй куы тонынц дæу?! 1962 аз. 240
ПЫИЙАРÆГ БАЛЛАДÆ КЪАФФЕТТЫЛ Саби фыны йæ бабайы федта Æмæ райхъал, цъыбар-цъыбур кодта: — Нана, ратт мын мæ бирæ къаффеттæ, Афтæ мады æнæрынцой домдта. Мад нынкъардис, йæ сагъæсты тайы, Фырт йæ дарæджы никуы фæуыны. Саби мысы йæ уарзон бабайы, Уый йæм арæх æрбацæуы фыны. Мад нæ загъта йæ уды цырагъæн: «Макæ, ма дзур, дæ бабайы ма мыс. Дæу ныууагъта дæ мады дæллагхъуыр, Хорзæй уымæй дæ зæрдыл цы дарыс?» Мад нæ загъта йæ хъæбулæн мур дæр: «Ис дæ фыдæй мæ зæрдæйы сау низ. Ды куы слæг уай, мæ иунæг ныфсы таг, Уæд йæ къæсæрæй макуы-иу бахиз». Мад ын загъта: «Дæ баба ис балцы, У дын кусаг, æнæхин, рæвдауæг. Уый нæ уарзы цæлы фынгтыл зилын, У йæ цæсты сындз искæй мулк давæг!» 16*. 241
_ ^«_.„^-«, НЫЙЙА РÆГ Мад ын загъта: «Дæ баба æцæгдæр Дысон ам уыд, къаффеттæ æрхаста... Дæу йæ хъæбысмæ систа фынæйæ, Æмæ дæ хурыл, стъалытыл барста...» Загъта мад æмæ чырынæй систа Хилхæд къаффеттæй армыдзаг фыртæн. Чи ма дзы аззад, уыдон ныууагъта Мад йæ хъæбулы ног ахæм фынæн... <** 1966 аз.
ИЫИЙАРÆГ - «*---—»—-. МАД Фыны мæм æрцыдтæ дысон дардæй. Систай мæ дæ хъæбысмæ — фæлмæн. ’Хсыдтай мын мæ хус рустæ дæ пъатæй Æмæ мызт дæ цæссыг, уæд цæмæн? Чи дын загъта, уагæры, дæ фæстæ Ног дыгъд æхсыр нал федтон цæстæй, Уæлахсджытæй гæды кæд фæхъæстæ, Уый йеттæмæ рох ысты мæнæй? Чи дын загъта, уагæры, дæ фæстæ Хус къæбæрæй не ’ййафын мæ фаг, Бахаудтой мæ гуыбыныл мæ фæрстæ, Нал мын ис нæ къæбицмæ фæндаг? Раст дын загътой, цалдæр хатты «’вастæй» Алыгътæн, дæ агурæг, хъæуæй, Æз, гьщци, куынæ ’фсæдын дæ уарзтæй, Уæд дæхи куыд бамбæхстай мæнæй?.. Фыны мæм æрцыдтæ дысон дардæй, Систай мæ дæ хъæбысмæ фæлмæн. ’Хсыдтай мын мæ хус рустæ дæ пъатæй Æмæ мызт дæ цæстысыг, цæмæн? 243
НЫЙЙАРÆГ Мæ мады риуыл, Ингæны дурыл æрынцадтæн Æмæ ныхъхъæрзыдта... Æвæццæгæн та мæ Ацы хатт дæр Мад нæ базыдта... Мæ рынчын мадæн дысон-бонмæ Хъахъхъæнæг уыдтæн: Удхæссæджы йæм æввахс ма ’руадзон., Цъынд нæ акодтон... — Ницы мын уыдзæн, афынæй кæн! — Мæныл тыхст, мæгуыр... Æмæ афтæмæй дзургæ-дзурын Ахгæдта йæ хъуыр... 244
НЫИИАРÆГ-°~- * * * Авдæнмæ мын тарст мæ мад... Зынгæй, Æмæ фæдзæхста: «Зынгмæ йæ ма уадзут Æввахс». Куы байрæзтæн, Куы слæууыдтæн мæ къахыл, Уæд дæр æдзух Уыд йæ фæдзæхст: «Ма хъаз зынгæй!» Слæг дæн ныр, Фæлæ ныр та Фæцис фыддæр: Хæсты коймæ Нæ зоны æнцой, Æдзух у зынг Йæ сар, йæ кой! - 245
НЫИИАРÆГ * * * Æз дæуæн дæ ацыдыл нæ хъæцыдтæн, Хурæй дын тарстæн, Зынгæй дын тарстæн, Донæй дын тарстæн, Дæ къах куы басийа, Уымæй дын тарстæн Æмæ дæ бæмбæджы тыхтæй хастон. Дуне мæм, Дæ чысыл хъæлæсæй зарыд... Æмæ ныр кæм дæ? Дысон-бонмæ, Мæ ныфс, мæ зæрдæйы таг, Митхæццæ къæвда, дæ бæсты, Уыцы уазал ингæнмæ, Дæ мады риуыл Цæуылнæ фæуарыд?! 1969 аз.
НЫЙЙАРÆГ «■га„таи^»-«ас11=*1 * * * — Мæлын, — ысдзырдта мад, — Рахæссут мын чырынæй Мæ хæстон фырты фыстæджытæ, Хъæрæй мын сæ бакæсут. Мæ фырты ныхас ма, Фæстаг хатт фехъусон... «Нана, фæцæуын дæм...» Кæсы чысыл чызг хæстоны фыстæг. Мады цæстыты цинуылæн азылд, Цыма йæм йæ хæстон кæртæй æрбазынд... — Мауал мæ сай, ма, мæ къона, А-уал азы дæм мæ цæст куы ныуурс, Ныр дæм мæхæдæг фæцæуын... Уынгæг зæрдæйæ сидт фыртмæ йæ мад Æмæ йæ цæссыг уадултыл тагъд. 1969 аз.
НЫЙЙАРÆГ РАГБОНТЫ Арын мæ мад Джуссойты Р. ном Нæма-иу æризæр, фæлæ-иу æз уадид Нæ тыргъы тæгæл фынæй адæн. Нæ зонын, фæлæ-иу куыд-фæнды уыдаид, Нæ рох кодтон уыцы ран мадæн. Куы-иу мæм æрбакаст мæ хуыссæнмæ рухс хур, Уæд-иу мын мæ цæстытæ къахта. Мæ мад-иу мын аууæттæ скодта, ыстæй-иу Мæн афтæ фынæйæ ныууагъта. Æмæ-иу фæкодта йæ митæ кæронмæ, Уæдмæ-иу мæ хуыссæг дæр алыгъд. Æмæ та, кæс, мадæн, æвæлмæцгæ мадæн Йæ хъуыртыл, æгънæгау, дæн ауыгъд. ...Уый афтæ уыд, афтæ, фæлæ та æз иухатт Нæ тыргъы тæгæл фынæй адæн. Нæ зонын нырма дæр, куыд уыдаид уый та, Куыд ферох дæн уыцы ран мадæн. < «Нæ сыхæгтæм ауад, сусс, ма ку, фæзындзæн...» Мæ мады файнуст-иу мæ сайдта. «Куыд бирæ сæм бады?» Ыслæг дæн, уæддæр ма Мæ зæрдæ цæмæдæр æхсайдта... 248
НЫЙИАРÆГ * * * Тæнбазыр дидиныл, Уарзоны хъусцæгау, Сæууон æртæх æрзæбул Æмæ йæм дидин Рæвдаугæ дзуры: «Мæ хъæбул, Мæ хъæбул».
-—НЫИИАРÆ1 ХУС ЦÆССЫГ1 Абон дидинæг худгæ нал райхæлд, Калы йæ цæссыг... Абон фæсмигътæй хур дæр нал кæсы, Сар кæны химид. Ме ’взонг мад ис йæ табæты, Ингæны былыл æвæрд. Хъуысы мæ кæуын, Фæнды йæ: Сиваза мæм йæ къухтæ... Фæнды йæ, Схæца йæ цæсты тъыфылтыл... Фæнды йæ, сдзура мæм: «Ма ку, мæ къона», Фæлæ уæдмæ æнкъард хъæлæс райхъуыст: «Афон у мардæн, Йæ сыджытыл сæмбæлд уадз ’мæ!» Уыцы æвирхъау ныхасмæ Сау сфæлдæхта мадæн йæ цæсгом, Цыма йын исчи къуымых кардæй Къахта йæ хъæдгом... Йæ цæссыг ма зæрдæйæ ратагъд, Фæлæ... 1 Хус цæссыг — ирон адæммæ ис ахæм легендæ, .зæгъгæ, мард фыццаг æртæбоны алцыдæр фехъусы. 250
НЫЙИАРÆГ Дадзинты басур. Табæты сæр, Дзæбугæй хойынц... Æмæ хъуыст мæ мадмæ Дзæбуджы хъæр æмæ Мæ кæуын. 251 -
НЫИЙАРÆГ УÆЛМÆРДЫ Мад æрæвæрдта дурыл йæ къухтæ, Стæй йæ зонгуытыл æрхауд: — Хъæбул, истæмæй кæд, мыййаг, цух дæ^ Кæд дæ быны ныммæстæг дæ уат?! — Бандзыг, бамыри дун-дуне химид, Иунæг не ’нцад йæ ниуынæй мад. Куыдтой устытæ мæ мадæн Йæ мардыл... Уагътой хъарджытæ Дардыл. Чидæр се ’хсæнæй, Табæты уæлхъус, 252
ЯЫЙЙАРÆГ Йæхи кæуынæй Мардта... Æмæ сусæгæй, Сабыр, аивæй Йæ цæст мæ фыдырдæм Дардта. 253
ИЫЙЙАРÆГ ГУЫГДЗ Феста сыгъзæрин бон, уьщы уысм — Де тары равзæрди зæд. Ды уый нæма зоныс: чи уыдзæн, Фæлæ йыл райдыдтай мæт... Ма йыл тыхс, уæ мæ хо, де тары Равзæрд нæ ныфсы гуырд, зæд. Райсом мын хуры зæрин тынтыл Скæндзæн ыстъалытæм фæд. Райсом уый зондзæни Абетæ, Ахуыр кæнынмæ бæлдзæн. Ма тыхс, Ирыстонæн сомбоны Иу уырдыглæууæг уыдзæп. 197&
11Ъ\ШР1А РÆ,Г ’**^ лга=лг-ал.з- ^г ^гажтичшичаяияяЕа’я ФЫН Æрфынæй дæн тыргъы, кæуынвæллад саби, Æмæ уæд мæ худын, мæ кæл-кæл ыссыд. Ныххудти мыл дуне, ныйирд мыл и дуне: Кæцæйдæр мæм дардæй мæ буц мад æрцыд. Рæвдаугæ мæ сабыр йæ хъæбысмæ систа, Мæ уадултыл хъавгæ æвæрдта йæ рус. Ыстæй мæ фæдзæхста: «Мæ зындзæрин хъæбул, Дæ дыккаг мадмæ-иу, цы дын зæгъа, — хъус». Цыдæр ма йæ дзурын, фæдзæхсын фæндыди, Цыдæр ын кæронмæ нæ бантыст зæгъын. «Кæрдзын» ын куы загътон, уæд фемæхст йæ цæссыг: «Фæлæуу уал, мæ хивæнд, уыдзæн дын кæрдзын...» Æмæ уæд фæцæуæг мæ цурæй мæ хъарм мад, Уæдæй уый нæма у мæ тыхстмæ зынæг. Æвæццæгæн, дардæй кæрдзын мын куы хаста, Уæд фæндагыл мадыл æрцыди зымæг. 1977
НЫЙИАРÆГ УЫЙ РАДЖЫ УЫД Хъуыды ма кæнын: Ныууарыд стыр мит, Ысхъызыд... Мæ цахъхъæнтæй алчи дæр Уыди хъарм конд... Æмæ хъызт æрдумæ дæр нæ дардтой, Раст, цыма, хъарм доны сæхи надтой. — Астæумæ миты Худтысты сæ митыл, Æрдз дæр сын цыма цин кодта сæ циныл... Сæ хъæлæбамæ æз дæр ралыгътæн кæртмæ, Фæлæ уадид мæ гом буары хъызт ныффуттытæ кодта, Цы зыдтон, мæнæй цы домдта? Йæхи мыл æрбатыхта... Уым фалдæр, кæмдæр, лæууыд Мæ мады удхæссæг æмæ цинæй мард, — Мæ кæуынмæ...
ИЫЙЙАРÆГ СÆВЗÆРД ИУЧЫСЫЛ УД Рахæцыд, базмæлыд мады ныфс, Сусæг уæлтæмæны стъæлф... Цинты зæй раскъæры зæрдæйыл Иу чысыл уды ыстæлфт. Ратагъд кæн, мæнæ дын хурджын Ир Бакæнон хъуамæ дæ бар. Лм нæм цы хæрзтæ ис, ма банхъæл Ничи сæ радта лæвар. Æй, дзигло, ма-иу дæ ферох уæд: Хохмæ-иу хохагау дзур... О-о, дуне! Ракæс-ма, уарзон мад Фестад æгасæй дæр хур! Иры хуыздæр лæгтæ, сыстут ын, Иры мад рахæссы тыр. Цард гуыры, чи йыл нæ цин кæна, Уымæн нæ уыдзæн хатыр! Лбон уа, сом уа, фæзындзæни Иу нæртон, иу чысыл уд. Гъсй, дзигло, мæнæ дæ мады раз Цингæнгæ исын мæ худ. 8. VIII 76, 30. XII 79. 17'. 257
-НЫЙЙЛРÆГ УСТЫТÆ МÆРДТЫБÆСТЫ Бадынц устытæ мæрдтыбæсты Æмæ мысынц сæ ивгъуыды бонтæ: — Цыма гъе ныр нæ фырттæ кæмыты сты, Хорæй, æммыст, ныдздзаг кодтой гонтæ? Чи та мысы: цæрын æй куыд тынг фæндыд, Чи — кæй бауарзта, уыцы кæйдæры, Чи æппæлы: æвзонгæй кæй нæ рæдыд, Чи — йæ фыццаг уарзт риуы кæй дары... Чи та дзуры йæ мойæ, нæмаг дам, уыд, Æмæ баризы гъе ныр дæр тæсæй. Чи та дзуры йæ мойæ, хæтаг, дам, уыд Æмæ хаста йæ сабиты хæсæй... Фæлæ... Уыцы зыкдзинад быхсгæйæ дæр Мысынц сæ уæлон иухатты рухс цард. «Уым цы хорз уыди удæн, тыхсгæйæ дæр...» Æмæ рухс цардæн дзурынц ам «рухсаг». Алцы ысдиссаг и, фæлæ мæрдтыбæсты , Мæдтæ сæ цоты фендмæ нæ бæллынц... Чи сæм æрцæуы, цины бæсты йыл Иумæ æмхуызон фæкæуынц... 258
НЫЙЙАРÆГ о^лви^тавшго,*™—». Бадынц устытæ кæрты мæрдтыбæсты Æмæ мысынц сæ исгъуыды бонтæ: — Цыма гъе ныр нæ фырттæ кæмыты сты, Хорæй, æммыст, ныдздзаг кодтой гонтæ?.. Æмæ афтæмæй, ивгъуыд дуг мысгæйæ, Тары æрвитынц сæ бонтæ.
ПЫИИАРÆГ МАДЫ МÆЛÆТ Кæддæр, йæ хъæбултæ, уæ цинæй Зæххыл дæр нал хæцыд уæ мад. Уæ цард уын цал хатт байста зинæй, Кæмæ сты уыдон та нымад? Йæ дзыхы комдзагæй уæ хаста, Йæ удæн удæнцой нæ уыд. «Цы мын фæуыдзыстут?» нæ фарста, Æрмæст-иу уе стырмæ бæллыд... Æмæ уын арæзта фæндæгтæ, Цæмæй йæ фæндиаг цæрат. Йæхицæн нал уыди дæндæгтæ, Йæ хыгъд — сымах ыстут хъæрмарт. Æдзух æппæлыди йæ хуртæй, Кæд иунæг баззади, уæддæр. Хъæубæстæн ард хордта уæ удтæй: «Мæ мæтæй нал ысты кæмдæр»... Фæлæ куы тадысты йæ бонтæ Æмæ куы сфæлахс ис йæ тых, Уæддæр нæ базыдта: йæ бон уæ... Æрмæст ныммыр кодта йæ дзых. 260
Æмæ-иу исчитæ куы ’ппæлыд, Йæ чызг, йæ фырт кæнæ чындзæй. Уæд-иу цыдæрхуызон нымпылыд, Уæд-иу ыл рацыд, цыма, зæй. Уæд-иу нынкъард, цыма, йæ риутæ Кæлмытæ бададтой кæддæр. Гормон, цы бакодтат, уæ иу æй Куыд никуы бафарста: «куыд дæ?!» Ныр æм æрпыдыстут фæлыстæй Æмæ йыл табæтмæ кæут. Нырмæ уæ не ’вдæлди уæ «куыстæй», Уæ мадæн фидар уыд йæ уд. Тыхсты йын чи скодтаид арт та? Р!æ пзыхмæ «ч схастаид, дон? Бæргæ ма донгарзмæ æвнæлдта, Фæлæ йæм нал бацис йæ бон... Фæзынд ыставд цæссыг йæ русыл: «Гъе, уый, — мæ зæрыбон, дæ хай!» Нылздзырдта химид ’мæ æнусмæ Фæцыд йæ хъæбултæй тæргай. Ныр сæм уый нал дзуры йæ дзыхæй, Йæ уарзт ныммæстаги, ныддур. Æндæр цы бакæна, хæрд-тыхæй Нæ федта иу хъæбулмæ хур. «Ныр мæм æрцыдыстут, мæ хуртæ, Фæлæ мыл ма кæнут кæугæ. Ыстут дæрзæг дуртæ, хъæбултæ, Æмæ кæмæй фестут, уæвгæ?!» 261
—— ^—НЫЙЙАРÆГ Фæрсы йæ салд зæрдæ, кæугæйæ, Æддæмæ нал хъуысы йæ дзырд. Тыхсты, фæкæсæгмæ бæлгæйæ, Йæ уæлхъус февзæрдыстут ныр! Фæлæ уынаг ысты нæ адæм: Сæ мад, æвæстагау, фæцард. Кæмдæр цы кæрдзын хордтой адæн, Æмæ кæм уыдысты хъæрмарт... Ныр уым цы цæсгомæй цæудзысты, Сæхи цæмæй кæндзысты раст? Æниу: ’ Хуытæ кæддæриддæр цæрдзысты, Хуыйæн æппæт дæр цæуы барст. 28. X 1983
НЫЙЙЛРÆГ - МАДЫ ÆНГУЫЛДЗТÆ Легендæ Арын Уанеты Владимиры (Варанцойы) ном. Цардысты иу хъæуы ус æмæ лæг, Никæмæн кодтой сæ исмæ хæлæг. Иумæ, ифтыгъд галтау, кодтой æмгуыст, Дардмæ сæ хорзы кой адæмыл хъуыст. Цух æй нæ ныууадзы цардуарзы зæхх: Фаг сын лæвæрдта кæрдзын æмæ цæхх. Цас сын сæ артдзæстмæ уазæг цыдис, — , Кодта дæсывæры ноджы сæ ис. Хур сын йæ хъармæй лæвæрдта сæ хай: Тугыл-иу аскъуыд сæ фæззыгон най. Радта хъамбулуæраг сабитæ мад Æмæ сæ цинæй, сæ цæрайæ цард. Фæлæ цыдæр сауниз мадыл ыстых Æмæ сындæггай ысфæлахс йæ тых... 263
— НЫИЙАРÆГ «Ртылди йæ уадултыл мадæн цæссыг: — Зоныс мæ, никуы дын райстон дæ хъыг, — Дзуры ус йе ’мкъайæн, — нал дæн, фæдæн, Разын-иу удвидар, ма сæтт мæтæн... Уарзтон дæ, уарзтон дæ цæнгтыл æнцой, Фæлæ мæлæт уа æнусты сæргой. Де ’хсар, дæ удæй нæ дæн æз хъæстаг, Мин аз мын демæ нæ уыдаид фаг. Иу хатт ма ’рывæр мæ ныхыл дæ арм, Нал ын æнкъардзынæн тагъд æз йæ хъарм... Зонын, мæ фæстæ зын уыдзæн дæ цард, Фæлæ мын бахæр, мæ удæмбал, ард: Бакæн-иу царды кой, ус-иу æрхæсс, Уарз-иу мæ сидзæрты, хорз-иу сæм кæс. Нал уыдзæн мадау сæ сæрыл хæцæг, Мæнæ дын уадзын æз ацы лæдзæг. Сомбон сæ дыккаг мад амæй нæмæт... Хъус-ма, мæ уæлхъус æрлæууыд мæлæт, Æз цæуын... — загъта ма æмæ фæци, Ацыди, ахаста цардæн йæ цин. Ахаста уарзон мад ингæнмæ уарзт, Ноджы ма сабиты цин æмæ хъазт. Баууила дуртæ сæ дыккаг мад уас, Йе ’взаджы цур та цы уыди тыуас! 264
ЦЫИЙАРÆГ Макуы дом ахæмæй уаг æмæ ’гъдау, Хицæн ингæнтæ сын кодта æвгъау: Иумæ сын иу ингæн уарзта йæ цæст, Какон сындзау та йæ цума, йæ дзæхст. Фыд, мæгуыр, нал бæззыд, домдта йæ маст, Фæлæ цы кæна, кæмæн кæна хъаст? Зоны, йæ къай йын ныууагъта фæдзæхст, Гъе ныр æй хъуамæ ыскæна æххæст. Нал уыд æндæр фæрæз, нал уыд гæнæн, Радта дыккаг усы къухмæ нæмæн. ...Гъе ныр сæ лæдзæгæй надта æдзух, Мæгуыр, нырмæ дæр нæ задысты цух. Фæлæ цы диссаг уыд: нал сын рыст цæф, Базыл сæ цæстысыг нал кодта цæм... Усбирæгъ сагъæсты бахауд: «Цымæ Ацы лæдзæгæн йæ сусæг цы уа?» Иу боны бонцау дзы нал сисы цæст, Сдзуры: «Лæдзæг у, лæдзæг у æрмæст.» ’Хсыны йын сусæг дызæрдыг йæ уд, Нал хъазыд цинæй йæ мидбылты худт. «Диссаг, нæ зонын, цы диссаг дзы ис? Цас сæ нæ нæмон, нæ сæм хъары рис». Ногæй та лæдзæгмæ бирæ фæкаст, Стæй йæ йæ астæуыл афаста раст 265
НЫИЙАРÆГ Æмæ цы федта, цы диссаг, цы рард: Бавæрдта æнгуылдзтæ лæдзæджы мад... Мады цæф сабийæн у дзурынц, рæвдыд, Сидзæртæ афтæ уыдысты æвыд. Усбирæгъ — дыккаг мад бандзыг æваст, Дуне йыл атары, зæхмæ ныккаст: Систа сыджыты мур, бахордта ард: Фод-иу мыггагмæ æлгъыстаг мæ мард! Басудзæд-иу мæ дæ азар æдзух, Искуы ма хъилæй куы фенай мæ къух...» Афтæмæй усбирæгъ фестад хæрдгæ, Райхъал йæ салд уды мады зæрдæ. 1984 266
ЦЫЙЙАРÆГ БОН КÆНЫ... Дзурыс ды: «Æз дæн æртхутæг, Удæгасæй мард». Бон кæны æмæ мæ удмæ Худгæ здæхы цард. Бон кæны æмæ мæ уды Базмæлыди уад... Гъе ныр иу-чысыл дæ цуры Ма ’рбадæд дæ мад... Æмæ йын фæдзур дæ цинтæ, Æмæ йыл ыску: Алкæм мæ куыд хордтой зинтæ, Алцы йын фæдзур... Ех, уæдта фынтæй куы зонин: Циу, цавæр уыд мад? Бон кæны æмæ ысхонин Мин царды мæ цард. 1982 267
-НЫЙЙАРÆГ МАД ФÆЦÆУЫ ÆФХÆЛЦ АРАЗЫНМÆ Нишнианидзе Ш.-мæ гæсгæ Мæнæ агъуыст — чъырæй цагъд, Уæрæх æмæ райдзаст... Мад сындæггай, фæхизы асинтыл... Уадид андзыгау, Ауад йæ хъустыл, Дардæй нæ, йе тарæй сабийы тъизын: — Гыцци, ма бацу дохтырмæ, ма кæ... Гыцци, байхъус мæм, хурмæ мæ ракæ... Цæй, цы дын кодтон, гыцци, зæгъ-ма мын,, Дæу цæмæн фæнды, гыцци, мæ бабын?! Байхъус-ма, гыцци, хи дын куы хъарын, Уæд цæмæн фæнды ныр дæу мæ марын?! Чизоны æмæ Нарты Сослан уон... Чнзоны, гыцци, Ирæн Къоста уон... Чизоны æмæ Уасо уон Ирæн... Ма бацу, гыцци, уый дын цы ми у?! Ма бацу, гыцци, дохтыр мамми у... ...Раздæхт мад, фæлæ саби фæтары, Фидæны Хазби нал уыд йæ тары. 1978 208
уухх>оостгооооорс УАЙДЗÆФ Дзæгъæлгаст фæуат, мæ дыууæ цæсты, Куы нæуал уæндын уæ тасæй уынгмæ. Кæй ма агурут, æз усджын куы дæн... Кæмæ ма кæсут, кæй сау æрфыгмæ?! Цæмæн мын зилут мæ къайыл сайдæй, Чæмæп æппарут къæм мыды къусы? Цæмæн ыссудзут, цæмæн андæдзут Кæйдæр рæсугъды бæллиццаг русыл?! Ды дæр, мæ зæрдæ, фæсмонгонд фæуай, Мæ сæрыл иу хъуын куы нал ис сауæй: Уæд мæ куыд домыс лæппуйы митæ, Цæуылнæ тæрсыс чызгайы фауæй?..
* * * — Нана! Дысон дæр та донгæронмæ Уыцы гуырд фæзынд: Чи уыдис, нæ зонын, цыма, — Зæрдæйæ хъæрзыд. Асырх дæн æз дæр йæ разы, Уый та зулмæ каст. Урс хæдон, йæ сау коцора Аив, зулмæ — фаст. Диссаджы дзæбæх фидыдта, Хурты хур — йæ уынд! Чи уыдзæн, нана, нæ зонын, Хионтæй нæ уыд, «Кæд, мыййаг, дæ мады искуы Бахъæуа сиахс, Уæд æфсургъ дæ разы мæнæ,— Сахсæнæй æрцахс!» — Загъта уæд æмæ фæцæуæг, Айста мæ йæ гуыр. Уый цы ’ндавы? — Арф хуыдымы Баппæрста æнгуыр... 270
УАРЗТ—- Искуы ма... уæд ын лыстæггай Радзурин æппæт. Фæлæ никуы, уый нæ уыдзæн, Уалынмæ лæууæд! 271
КУЫРОИГÆСЬ! ЗЛРÆГ Æз æрвылхатт къæркъæрагмæ Хъусын æмæ зары афтæ: «Никæмæй дæ цауддæр ’мæ дæм Чызджытæ цы хæссынц фаутæ... Базæронд, дам, дæ, дæ сæрыл Иу æрду нæ баззад сауæй. Уый зонæг сæ нæй, кæй ысты Урс-урсид хæмпус ыссадæй. «Уый зонæг сæ нæй: дæ риуы Усгуры зæрдæ кæй дарыс Æмæ уыцы худгæ хуртæй Иуæн ды дæ уд кæй хъарыс»... ...Афтæ мын æхсæвæй-боиæй Зары къæркъæраг, æнкъуысы. Фæлæ нæй, йæ фæлмæн зарæг Иунæг чызгмæ дæр нæ хъуысы... 272
УАРЗТ ЦÆХÆРЦÆСТ ЛÆППУ Мауал мæ хонут цæхæрцæст лæппу, — Дзæгъæлы ’ппæлд у! Мæ цæсты раз уыд сæууон ыстъалы, — Рæсугъд хуры тын, Куыд æхсæвы фын... Дæрддаг усгур-иу, хæххон цæргæсау, Нæ хъæуы уынгты æдзух куы зылди, Цы саугуырм бадæн, цæуылнæ зыдтон, — Уæд æй цы хъуыди! Ныронг æй не ’хсæн, нæ хъæуы уынджы Куы никуы фенди! Цы зæрдæ мæм уыд, цæмæн ын цыдтæн Чызгаймæ хатæг! Цы мæ нæ уагъта, цы дзы ’ппæлыдтæн Æдзух мæхæдæг! Фæтæнриу лæппу чызгайы койæ Цæуылнæ ’фсæсти? ...Куы йæ фæхаста йæхицæн къайæн, Уæд мыл æртæфсти... Мауал мæ хонут цæхæрцæст лæппу, — Дзæгъæлы æппæлд у! 18*. 273
= . -'1 ац1^-л*с=адгдяа«*д V А РЗТ ФАРСТ Кæдæм фæтæхут, мæргътæ? — Хъарм бæстæм! Сымах та кæдæм, æврæгътæ? — Дæлвæзтæм! Кæдæм фæтындзут, дæттæ? — Денджызтæм! Уæдæ ма кæрæдзи кæм фендзыстæм? Ды та кæдæм, уарзонад? — Æз? Дæумæ! — Фæзын, уæдæ, куы басыгътæн, Уæд кæм дæ? 274
\/Л РЗТ с ’ЦИД""-3""*"г'" ’■" т- ''," -»•*--''"- лл*лв ГАУЫЗ Хъус-хъус кодтой, адæм фарстой: «Чи уыдзæн йæ кæнæг?» Чидæр загъта: «Ис йæ фарсмæ Сауæрфыг уæйгæнæг». Се ’ппæт æм уынæг цыдысты, Аргъыл чи уыд дзурæг! Усгур лæппутæ уæлдайдæр Систы гауыз курæг. Се ’хсæн уæд æз дæр фæзындтæн, 'Лхæнæг дæр мæ схуыдтой, Фæлæ уым цæмæн лæууыдтæн, Уыдон уый нæ зыдтой. Гауызы фсон чызджы фæрсты Цал хатты æрзылдтæн!.. — Иу дæр æй куынæ балхæнид, — Химидæг бæллыдтæн. Чидæр ын æй, цингæнгæйæ, Балхæдта ’мæ ацыд, Афтæмæй мæ уæйгæнæгæй Хицæн кæнын бахъуыд. — 275
УАРЗТ Искуы ма йæ зæрин къухтæй Иу гауыз куы скæнид Æмæ ма мæ сæфт хуры хай Базармæ куы ’рцæуид. 276
ÆРДЗ ЙÆ ФЫРТÆН УС ХÆССЫ «А-фæззæджы ус хæссын мæ фыртæн», — Æрдз куы зæгъа — хицау у йæ дзырдæн! Райдыдта йæ сæнæфсиртæм зилын, Нал сæм уæндыд мæлдзыг дæр ысхилын... Хоры хуымты рог æртæхæй надта, Афоныл сын дон рæдауæй дардта... Тохъыл фырæн сой кæрдæг æрзади, Путын уæз ыл нард фæхсын æрзади... Æрдз мæ фыд у, уый æз дæн йæ усгур, Искæмæ, дам, «бауарзтон дæ» бадзур. Худгæ хуртæ — æрдзы ратгæ иууыл, — Судзгæ арт мын бафтыдтой мæ риуыл. Уыдонæй мæм бахудтис сæ хуыздæр, Номхæссæйнаг уыд йæ конд, йæ хуыз дæр. Нæу мын хиппæлд, — уæд лæджы фырт ма Фæлæ æрдзæн йе сиахс куыд бауон? 277
УАРЗТ ФЫДФЫНТÆ — 'Ндæры бауарзта дæ уарзон,— Уатмæ мæм дзырдæуыд. Хахуыр у! Кæйдæр мæ рухс уарзт Байхалын æрфæндыд! — Ахсæв æм нысан дæтдзысты! — Ноджы та дзырдæуыд... Фехъал дæн, кæсын, нæ уынджы Иу чидæр æрлæууыд... Рацæут, зæгъ, чындзæхсæвмæ! — Хоиæг уынгты разылд. Уас ныстъæлой уыцы фынтæ, Иу дзы мæнг нæ разынд! 278
I ляяяиа&Г:га ь л^наЕанаас’вп»-^ л/^%л СУГСÆТТÆГ Гъей, чызгай, цыргъагимæ Архайын куыд уæндыс? Азæр мæм дæ цыргъ фæрæт, Сугтæ мын куыд сæттыс? Ды фæлтау дæ мадæн зæгъ, Иу чидæр, зæгъ, уынджы Суг сæтты æмæ, дам, дын Бауарзта дæ чызджы... Тулдзы здыхт къуыдырты, зæгъ, 'Ндзарæнтæ фæкодта, Æмæ, дам, нæ фæсдуар Балæууын дæр домдта... 279
УАРЗТ УЫЦЫ ÆХСÆВ Чызгай, уыцы ’хсæв уыцы цæстытæ Хурау худтысты, калдтой цæхæртæ. Æз — сæ зынгæй сыгъд, загътон мæхицæн: Ис мæлæн æмæ уарзты цæрæн дæр. Зæрдæ рад æмæ фырцинæй кафыд, Стъæлфæнтæ калдтой цæстытæ уарзтæй. Ныр сæ къуырфыты сусæг маст бацард Æмæ доны бын фесты дæ мастæй... 280
УАРЗТ КÆД, МЫЙЙАГ... Æз дæ рудзынгæй, хуыснæгау, Къах-къухтыл хъуызгæ Бакæсын æмæ дæ фенын Хъарм уаты хуысгæ. Кæд, хъызт денджызы уылæнтау, Базмæлыс æваст. Уæд фæзæгъын: фынты дæр æй Агайы мæ уарзт. Фæлæ бирæ хатт фæтыхсын: 0, мæ цардуидаг, Кæд, зæгъын, дæ фынты аххос Æз нæ дæн, мыййаг.
«Т1Э&ЕЭ-. "кдгмтнмц.а- .. мтии.утд-дмирк? •*>.+.'*»* гамгмвят ии—П1 ТÆХУДЫ Кæйдæр сæрыхъуыптæ ды де ’нгуылдзтæй дауыс, Кæуылдæр, зынг хурау, дæ рухс тынтæ тауыс. Кæйдæр сæр дæ риумæ нылхъивыс, нылвасыс, Кæмæдæр ысдзурыс: «Мæ цуры бад, ма сыст». Кæуылдæр дæ къухтæ, лывдзæгау, æртухыс, Кæмæдæр дæ мидбыл рæвдаугæ фæхудыс. Тæхуды, уый чи у?.. 282
УАРЗТ^ МАХ ТА... Исчи нæ исты куы радзура, уымæй дын, Цæй, кæдмæ тæрсон, Риуы судзгæ уарзт ’нæ дæу а-зæххыл Æз кæдмæ хæссон?! Рацу азмæит мын ды мæ сæры хил Де ’взонг буц уырзтæй. Уадз ’мæ бафсæдæнт иутæ дам-думтæй, Мах та — рухс уарзтæй... 1955 283
-УАРЗГ УСГУРЫ САГЪÆС Грисмæ гæсгæ Ныр куы фестин уæ кæрты раз, Куы базарин æз афтæ: «Дæттæй, чызгай, мæ цæсты рухс^. Фæзын-ма, цæй, дæ уарзтмæ Куы фехъусис дæ уазæджы Ныллæг хъæлæс дæ уатмæ.— Сæгуытау, цырд куы рауаис Къæмдзæстыгæй мæ размæ. Фелвасин дæ мæ къухуырзтыл, Бæлыуонау, мæ зæрдæ! Сдзурис та къæмдзæстыгæй: «Дæттæй, мæ бон, цы ’взар дæ!..» Бæргæ дын, уæд зæрдæйы фаг, Мæ бæллицтæ фæдзурин. Дæу фенгæйæ, мæ уарзты зынг, Мæ сагъæстæ фæсурин. Хæрам дæр мæ цæмæн кæнис, Лæппуйы уарзт — ивылд дон, Нæ хъазхъуыртæн сæ хæрзты ’хсæн Дæуыл мæ худ нывзылдтон! 284
УАРЗТ МÆЙРУХСЫ — Ам сæ рахизон, — æмæ баздæхтон Галты ауæдзмæ. Раст уыцы уысмы хъустыл ауадис: — Цæй-ма, ауадз мæ. — Абад-ма, мæ хур, — æмæ джис-хъус дзырд Сабыр райхъуысы. Астæумæ кæрдæг, рог, цыдæргъуызон Химид банкъуысы. Ссис фынафон дæр, фæлæ уарзæтты Къах куы нал хаста. Цардцыбæл удтæн се ’взонг зæрдæтæ Уарзт æрбалвæста. Сабыр раздæхтон æз, æнæссыбыртт, Галты ауæдзæй. Цас аив ми у, цардмонц уарзæтты Дзурын ма уадзай?! ...Уæдæй ардæм ма æз куы баздахын Галты ауæдзмæ, Уæд, цыдæрхуызон, хъустыл ауайы: «Цæй-ма, ауадз мæ!» 1964 285
——УАРЗТ * * * Ма мын радзур: мæ размæ дын чидæр Де ’взонг хъуыртыл узæлыд, тыхстис. Ма мын радзур дæ аргъау кæронмæ, Ссур кæн цæссыг, цы уыд, уый уыдис... Ма мын радзур: фæлитой лæппу дын Де ’взонг уарзтыл бакалдта цъыф. Маст дын байста дæ хъæлдзæг хъазт, худын, Маст дын байста дæ цинцыбæл фын. Æз æууæндын дæ раст удыл, буц чызг, Дæ хъысмæтæй æгъатыр æфхæрд. Уый дыл бахста цыргъ сындзæй быд сау хыз Æмæ баззад дæ удыл йæ фæд. Фæлæ уыцы тымыгъы уылæнтæн, Хъуамæ ма уа дæ риуы сæ фæд. Æз кæм цæрын, кæм бадын, кæм цæуын, Уым мæ фæдыл æфтыд у дæ мæт...
УАРЗТ * * * Р-йæн О, ма дзур: «фæцыдтæ мæ зæрдæмæ, Кæсынæй дæм не ’фсæды цæст». Куы хатын: нæу аххос мæ зард æмæ Мæ къах-къухтыл кафын æххæст. Сæ иуæй дæн — иннæйæ цудагдæр, Нæ дын фæдæн ахæмтæм рæвдз. Цы ма мын уа, цæй-ма уæд дудагдæр: Хæлæгæй мæм ракастис æрдз. Мæ дзырд дæр — уæд кадавар, ’нæбæркад, Куыпæ хæссынц дисæн мæ уынд. Уæд ма, цæй, йæ аххос дæ рухс уарзтæн, Тæхуды, куы зонин цы уыд?! 287
УАРЗТ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛЫЛ Хордтай ард, куы цыдтæ, уæд дæ мойæн: «Иунæг уысм æнæдæу нæу мæ бон, Гъе ныр та ныддаргъ уыдзæнис рæстæг Æмæ та йын нал уыдзæн кæрон». Хордтай ард, дæ цæстысыгтæ згъæлстай, Раст, цыма, дзы ингæнмæ цыдтæ. Хордтай ард: «Цы уыдзынæн æнæ дæу?» Æмæ ныр цытæ кæныс, цытæ?! Уæртæ ма, дæ фыстæг тыргъы джиуы... Чи дын у? — Дæ мой дæм æй фыссы. Уый нæ зоны, ам йæ ус, лывдзæгау, Искæмæн йæ дæллагхъуыр тыхсы. Уый нæ зоны: ам йæ усыл рæстæг Хъазгæ, худгæ, дугъонау, тындзы. Уый нæ зоны: ам йæ ус рæстæгмæ Ацыдис æндæр лæгмæ чындзы. 288
УАРЗТ*-—— * * Л Æз дæуыл нæ ныффысдзынæн зарæг, Æз дæуæн нæ зæгъдзынæн мæ уарзт. Кæд дæ разы истæмæй рæдийын, — Æз нæ курын, фод мын чызгай барст! Æз дæуыл нæ ныффысдзынæн зарæг! Æз дæуæн нæ фæкæндзынæн табу, Хуры чызг дæ не схондзынæн, зон. Æз дæуæн цы фæдзырдтон, уый фаг у, Æмæ ма ’нхъæл: æз кæнон фæсмон... Æз дæуæн нæ фæкæндзынæн табу. Зæд дæуæй нæ сараздзынæн, ма ’нхъæл, А-зæххыл мын фаг сагъæстæ ис. «Бахус кодтон иу лæппуйы» — ма ’ппæл Æмæ, ма кæ, ма, дæ митыл дис. Зæд дæуæй нæ сараздзынæн, ма ’нхъæл. Æз дæуыл нæ ныффысдзынæн зарæг, Райхæлд дидин, бахус ис, нызгъæлд... Ма ’нхъæл, ма, кæнон мæхимид хъарæг Æмæ дзурай: «Уый дын нæу æгъгъæд!..» Æз дæуыл нæ ныффысдзынæн зарæг. 19\ 289
■^УАРЗТ * * * Зары Леуахи арф комы, Дидин рафтыдта зæхх! Чи ма дæ уарзта, уæ чызгай, Уый мын сусæгæй зæгъ?! Чи ма дæ уарзта, уæ чьгзгай, Мард у уый, æви гас? Ме уæнгты сабыр ахъуызы Сусæг, цавæрдæр тас! Зары булæмæргъ — уазхъæлæс, Дидин рафтьгдта зæхх. Чи ма дæ уарзта, уæ чызгай, Уый мын сусæгæй зæгъ?! 1967 аз 290
УАРЗТ = — * * * Д. Л-йæн Бандзыг мæй былкъахырæй Хъæриуыл Æмæ дардмæ уазалдзæстæй каст. Ма мын дзур: мæ зæрдæйы, мæ риуы, Сонт сæгуытау, базмæлы тæрк уарзт. Авд хо симынц, кæсдæр сæ ныффæллад. Хурхæтæны адзæгъæли хъуаз. Кодтай мæн цæстæнгасæй уысмæн над, Никуы загътай сонт зæрдæйæн: уарз! Айнæджы сæр дидинæг нырхæндæг, Нал æй тавы ирд хурæн йæ тын. ’Лгъыст фæуа нæ сонтуарзты нывæндæг, — Не сыцæг нæ кæддæры тæрк фын! Айнæджы сæр урс æхсæрдзæн зарыд, Уыд кæуæгау сидахъæн йæ уаст. Ма мын дзур: мæ зæрдæ уарзтæй сарыд, Ацъæл, асаст — нал ыл хъæуы маст! Бандзыг мæй былкъахырæй Хъæриуыл, Аивтæй мæм сагъæсгæнгæ каст. Мауал дзур: мæ зæрдæйы, мæ риуы, Сонт сæгуытау, базмæлы тæрк уарзт! 291
—„УАРЗТ * * * Æз нæма фæдæн мæ зад хуым Комджын, схъæл цæвæгæй карст: Уыцы сау цæстыты фендæй Риуы сгуыпп кæны зынг уарзт. Уастæн, бастъæлай, мæ зæрдæ, Нæй дын, ницæмæй æфсис. Марадз, бадзур æм: дæ дзаггарз Акъул, акалдис, фæцис! Макæ, нал дын ис, мæ къона, Сауцæст, саурæсугъдтæм аргъ.. Ды чындздзон чызгæн йæ риуы Нал ыссудздзынæ цырагъ... Æз нæма фæдæн мæ зад хуым Комджын, схъæл цæвæгæй карст, Мæн зæрыбон дæр рæвдаудзæн, Чызг, дæ сау цæстыты уарзт. 292
УАРЗТ ——-=«=- * * * Уæ, мæ мадыхай, дæ чызгæн Мауал кæн мæ фыдкой, ма. Хъусын дын æдзух дæ хылтæ, Хъусын сæ, иæ дæн къуырма. Ма мæ хон мæнгард, фæлитой, Ма мын хон мæ зæрдæ дур. Ма-иу дзур: «Мæ чызг бынтондæр Уый къухы нæ фендзæн хур». Ма йын кæн хæрам дзырд, макæн: «Уымæн бацæуæндон нæй. Бон у хуры тын йæ хæдон, ’Хсæв та йæ ныттухы мæй!» Ма йæ дом, дæ дзырд йæ риуы Не ссардзæн уæддæр бынат. Уый фæлтау ын дуар бакæн Æмæ йын йæ фæндаг ратт! 293
г,-УАРЗТ ЦÆМÆН... Зарыдтæн-иу, Иу рæсугъд зарæг, зарыдтæн: Урс доны былыл сау фæрдыг, Урс доны былыл сау рæсугъд, Уæлæ ирд мæйау ферттывта. Уæлæ ирд хурау ферттывта... Иу хатт мæм худгæ не ’рбакаст, Иу хатт мæм худгæ не сдзырдта. Ныр кæйдæр къуымты разилы, Ныр кæйдæр фырты аузы... Донбыл зазбæлас бандзыг и, Уад æй химидæг банкъусы... Ех, цæмæн цыдтæн ууылты, Уыцы саудзыкку афардæг... Гъей, цæмæн федтон, бастъæлон, Урс доны былыл сау фæрдыг?! 1966 аз 294
уАРЗТ<~—~ * * * Мæнæ уе ’хсæн, дунейы рæсугъдтæ, Бады удсыгъд лæппуйæн йæ уарзт. Фараст мæй æмæ фараст зынг хуры Сты йæ хъуыртыл цыкуратау баст. Фæлæ... Уый йæхæдæг у хурты хур æмæ Уыдон дардмæ мынæг рухс дæттынц Уый нæ зоны, йæ сатæг цæстытæ Мæн уæлхъæдæй зæрдæдзæф кæнынц. Уый нæ зоны, йæ мидбыл фæхудтæй Цас ысрухсис мæ сонт зæрдæ, цас. Аскъæфин æй нæ хæхты бæрзæндтæм, Мæн йæ мадæй куынæ уаид тас. Аскъæфин æй нæ хæхты бæрзæндтæм, Уый уым фенид фыццаг хуры скаст. Уый уым фенид, мæ судзгæ зæрдæйы, Куыд фидар ’мæ куыд тыхджын у уарзт. 295
_,—,„„ УАРЗТ чызджы фыстæг «Хъазыдтæн ын æз йæ удæй», — загътай Иукæмæндæр де ’мбæлттæй кæддæр... Æмæ худтæ, худæгæй йæ мардтай, Кæд дæ нямыс бахордтай, уæддæр. Æмæ худтæ, ме ’взонг уарзтыл худтæ, Саутæй йæ куы сфæлыстон æз уæд. Разындтæ ма хинæйдзаг дæр, тутт дæр, Се ’ппæтыл кæм æххæссыдтæ, кæд! Худыс ныр, цы ’нхъæл уыдтæн, дæ риуы Не суыдзæн мæ тæнбазыр уарзт хъарм? — Уалдзыгон фыццаг къуыбыр æфсирыл Атыхта йæхи фæлывдæй калм. Æмæ ныр, мæ рагбонтæм кæсгæйæ, Авæййы мæ уарзаг зæрдæ дих. Рагуалдзæджы царды цин хæсгæйæ, Иу .мæныл куы ныууарыдис их. Абон ма цы бакæнон мæ удæн? Афтæ уыд мæнæн мæ хъысмæт фыст. Иунæг хатт кæй бауарзтон мæ удау, Уый риуы дæр уарзты зынг уыд хуыст. 296
УАРЗТ —— ————«— Ныр фæхудыс, хинæйдзаг, мæ уарзтыл, Нал дын ис мæ фыдкойæ æфсис. Иу кæйдæры баппæрстай зынг арты Æмæ дыл æфтауы «де ’нтыст» дис. «Хъазыдтæн ын æз йæ удæй, — загътай Иукæмæндæр де ’мбæлттæй кæддæр Æмæ худтæ, худæгæй йæ мардтай, Кæд дæ намыс бахордтай, уæддæр. Æз дæ бахудт, чизоны, фæразон, Уый мæ удæн афтæ тынг нæу зын. Ницæйаг кæй разындтæ, мæ уарзон, Иунæг ууыл æз кæуын, хъæрзын. 1971 аз 297 — .. -_
-УАРЗТ УАЙДЗÆФ Ды мæ разы дæ зонгуытыл ма лæуу, Сывæрдтой дын, æнхъæлын, уæзæг. Фембæлд-иу дыл рæуæууæнк чызджытæ Æмæ дын æй нæ фæцис зæгъæг: Æз нæ фæдæн, — сылваз лæджы митæм Чи фæдары йæ дæндаг зыхъхъыр. Уыцы митæ цы лæппу фæкæны, Уымæ мæстæй æхгæны мæ хъуыр. Уыцы уагæй кæй фены мæ зæрдæ, Уымæ фесты цъæх айнæг, цъæх дур. О, цæй æлгъаг лæппу мæм фæзыны, — Чи мæ схоны йæ бæлон, йæ хур. Фæлæ уыйхыгъд кæй не ’ндавын мур дæр, Уый мæ цæсты у кадджын, зынаргъ. Уый куы зонид, куыд тынг мæ фæфæнды, Æз йæ размæ куы дарин цырагъ. Фæлæ уый та... æфсонæн мын радтæт Искуы иу хатт йæ мидбылты худт. Ех, лæппутæ, куы уæ уарзы исчи, Уæд сымах дæр æхсон дуртæ стут!.. 1963 аз
* * * Махмæ арв бæрзонд æмæ сыгъдæг у, Бавæрдтон æм урс хæхтæ быцæу. Ма кæн, чызг, къæлæсытæн æгъгъæд у, Иу хъуыддагыл, Иу зондыл ныллæуу. Иу бон мæм фæхудыс æмæ сдзурын: Дун-дуне æд дур, Æд хъæд у мæн. Фæлæ сау мигъ абады зынг хурыл Æмæ та ныууары сыг — фæлмæн. Ды куы зонис: Хæхты, уым мæ мадæн Уаис ды йæ хъулон хъæбул, чызг. 'Нæдæу уый къæбæр нæ хæрид адæн, Демæ никæд адих кæнид зынг. Батавид дæ уым мæ уарзт, зынг хурау, Арвæй зæхмæ фидиуæг дæн æз. Уым нæ хæхты Фестдзынæ цыкура... Арвы рон дæм агурдзæнис хуыз. 299
_ = _- УАРЗГ Иу хъуыддаг æргом зæгъын нæ уæндын,, Алцæмæй нæ уыдзынæ æххæст: Дæу хъæудзæн Уæйлаг нымæт æууæрдын, Бахъæудзæн дæ карчы цъиутыл мæт. Алцы дæр цæудзæнис уым дæ къухæй,, Хохы нæм æндæр ад кæны цард. Чи нæм кусы, Уый нæ зайы цухæй, Ис йæ къуымы фарн æмæ бæркад. ...Чизоны мæ дæрзæг дзырдтæм хохæй Химидæг дæ сонт зæрдæ фæтарст Æмæ лидзыс Царды сæрыл тохæй, Уæд цы кæнон, цу, дæ фæндаг раст!: 300
\'ЛРЗТ * * * ,Ды-иу дзырдтай: «Дæ тыхджын цæнгтыл Мæ уд ыссардзæнис æнцой». Мæн уагъта уыцы дзырд æцæг тых, Æз-иу куы фехъуыстон сæ кой. — «Уыдзынæн айнæджы сæрыл дæр Æз демæ амондджын», — дзырдтай. Ныр дæм куы нал цæуы цæрын дæр, Уæд дын цы ракодтон, чызгай? Мыййаг, кæд не ’нхъæлдтай: мæ фыд мын Ныууагъта стыр хæзнатæ, бын Æмæ ысуыдзынæ сæ хицау, Уæд дæ куы фæсайдта дæ фын. Цы хъæуид уæд мæн дæр цæрынæн, Фæлæ мæм уыцы амонд каст. Дзырдæй æнцон вæййы зæгъынæн... Нæ кæнын уый тыххæй дæ хъаст. Ыстæй цæмæн хъуамæ æвзара Дæ уд йæ барвæндонæй зын? Фæлтау дæ бæсты дæр æвзарон Зындзинад, ахуыр дæн хъæрзын. 301
— — « УАРЗГ Мæ уд уый никæдбон ныббыхсид, Уына: дæ тыхст æмæ дæ рис... Зæгъгæ, дæ къах-къух дæр ысрыстис, Цæгъдин уæд дунетыл фæдис, Цæуыс, Мæн уадзыс ныр æнкъардæй, Нæ дарын æз дæ удмæ бар. Фæлæ куы схъыг уай искуы «цардæй», — Мæныл дæ зæрдæ алкæд дар. 302
МА МÆМ ХУД Мндбылты мæм худыс æмæ домыс: «Бауарзтон дæ, иунæг дзырд мын зæгъ»- Ма кæн, чызг, æвæццæгæн, нæ зоныс, Иры хæхты ме ’мкъайы дзæбæх. Уымæн æз йæ уарзтвæллад цæстыты Никæд бон нæ бакалдзынæн рыг. Уымæн æз йæ фæлмаст, буц цæстытæн Никæд бон нæ райсдзынæн сæ хъыг. Ма ’нхъæл, ам, нæ Иры хæхтæй, дард ран Агурон мæ къайæн æз йæ сих? Мах зынтæй цы рæсугъд уарзт ыссардтам,, Алкæимæ уый нæ кæнæм дих. Макуы зæгъ: «Нæ зоны хъазын, худын».. Чпзоны, нæ сахуыр ис, дæуау. 0, фæлæ дæ иу хорз хъуыддаг курын: Иры чындзмæ ма хæсс уымæй фау. Уый йæ уарзт йæ былалгъыл нæ дары,. Нæу, дæуау, къæлæсытæм æмхиц. Уымæн у йæ буц зæрдæ, æнкъарын, Уарзонадæй абузгæ къæбиц. 303
—= , « » _ УАРЗТ Махмæ Иры уарзт нæ хонынц хъазын, Де ’нкъарæнтыл цъус æнгомдæр хæц. Ды нæ зоныс, хæхты чызгау, уарзын. Уый тыххæй дæ не сфæлдыста æрдз. 304
УАРЗТ -— * * * «Диссаг, худын дæм куыд цæуы, — Худын нæ, фæлæ кæуын...» Фæлæ афтæмæй дæр зонын, Æз дæ зæрдæмæ цæуын. Сты мæ хъуыдытæ æмтъери, У мæ бонты хыгъд хæццæ, Фæлæ ме ’нгас дæр куы феныс, Уæд дæ цин вæййы æрдзæ. Саст — мæ базыртæ, цæнкуылтæ, Нæй мын атæхæн, уыныс. Фæлæ не ’мбарын, — Уæддæр мæм Ды Тæрк зæрдæйæ тырныс. Фидæн тар мигътæй нæ уынын, Алцы не ’взары мæ цæст. Иунæг а-зæрдæ æмбары Де схудт, Де сныхас æрмæст. Æз цы-фæнды зын æвзарон: Зон ныббыхсдзынæн æппæт. А-дунейыл ма ды кæныс Иу мæ рох удæн йæ мæт. 305
* * * Дарыс мæн алыбон азымы, Хоныс мæ ’нæзæрдæ, дур. Дзурыс: «Æнæ дæу мæм нал зынынц Арвæй сыкъаджын мæй, хур». Ма мын дзур афтæ, дæ мадыстæн, Ма мыл тау уарзтæн йæ хыз. Мæйрухсмæ иумæ куы бадтыстæм, — Нал уыд дæ цæсгомы хуыз. Раст цыма авг уыд мæ фæстаг дзырд, — Тарстæ ныцъæлæй йын уæд. Фæлæ цæстмæ уыд, æнкъардтон æй, Ацы хатт ууыл дæ мæт. Иу дзырд дын загътон, мæй — ме ’вдисæн, Зонын, зын дын уыд дывæр: Иумæ цы тынаг нæ балвисæм, Уый-иу дæхицæн нывæр! Ма кæ, нæ хъæуы къæлæсытæ, Ма кæ, нæ фестдзынæ зæд. Хатын: мæ размæ дæ цæстытæн Баззад æндæр ран сæ фæд. 1966 аз 306
ДÆ ЦÆСТЫТÆ Систой мæ сæ уæлныхты, Сауæрфыг, дæ цæстытæ. Уыдон фендæй зæрдæйы Атайынц мæ мæстытæ. Иу фæкастæй дардмæ дæр Уазал зæрдæ батавынц. Æмæ риуæй худгæйæ Уаз бæллицтæ адавынц. Бирæ хатт мыл боны рухс Се стъæлф зынгæй атары. Амæлæтмæ дарын дæу, Хуры къæрттау, ме тары. Атæхын дæм, фæлæ мын Асудзыс мæ базыртæ, Ех, тæхуды, удæпцой Чи ма фены базыл дæр. Афæнд кæнын: «Уарзын дæ>у Бадзурон уæ къæсæрæй. Фæлæ уырдæм чи уæнды Уе стыр мила-къæпсырæй. 307
— УАРЗТ Бафæнды мæ, хæхтæм дæ Дард, цæргæсау, ахæссон. Гъе та æз дæ цæстытæй Искуы мæхи бамбæхсон. Фæлæ диссаг, уый дæр мын , Никуы бантыст аразын Æмæ джиуын, уæ чызгай, Æз хæдудæй уал азы. Сисынц мæ сæ уæлныхты Де ’рфгуытæ, дæ цæстытæ. Уыдон фендæй зæрдæйæн Атайынц йæ мæстытæ. Æмæ иугæр афтæ, уæд «Уый нæ уыдзæн», макуы зæгъ. Науæд мын зындон æмæ Саумарг фестдзæн ацы зæхх. 1970 аз 308
ХЪУС-МА Хъус-ма, хохаг, мæ цъæх сæгуыт, хъус-ма, Хъус-ма, иу дзырд дын хъуамæ зæгон: Ма фæхъыг у, æнæгъдау мæ ма схон, Уæ мæ тæнбазыр, хурдзаст бæлон! Ис мын къай, фæлæ бахаудтæн арты, Бафтыдтой мыл дæ цæстытæ зынг. Фестъæлфдзынæ мæ дзырдтæм, уый зонын, Фæлæ ма райс мæ зæрдæйы хъыг. Ма фæтæрсæд дæ зæрдæ, мæ сæгуыт, Ма мын бакал мæ цæхæрыл дон. Ды мæ фæллад цæстытæй куы ’мбæхсай, Уæд мын дун-дуне фестдзæн зындон. Уый дæр зарæгæй, рифмæтæй бузныг, Æз сын радзурын сабыр мæ рис. Ныр куыд ныффыстон ацы рæнхъытæ, Уый мыл бафтыдта химидæг дис. Нæ, нæ ратдзынæн зарæг мыхуырмæ, Риуы сусæгæй арауæд уарзт. Ды цы ракодтай, искуы дæ удæн Уæд цæмæн хæсса ме ской дæр маст?! 309
-УАРЗТ * * * Знон æртахтысты мæргътæ хъарм бæстæй, Къалиутæй зарынц: «Уалдзæг, уалдзæг!» Кæмтты нал цæуы Леуахи — раивылд... Хъус-ма, абухы, зары: «Уалдзæг, уалдзæг!» Абон малусæг мидбыл бахудтис Æмæ базарыд химид: «Уалдзæг, уалдзæг!» Æз æд дидин æрцыдтæн мæ уарзонмæ Æмæ йын сабыр Сынтæгмæ дзурын «Уалдзæг, уалдзæг!» Уый — мæрдон хуызы цæссыг згъалы Æмæ дидинмæ ризгæ æвналы. Стæй мын æдыхæй Сабыргай дзуры: «Уалдзæг мæн нал у, Уалдзæг мæн нал у!..»
УЛРЗТ «■ уынджы Цæуæм уынджы Ме ’мкъай æмæ æз. Мæнæн уысммæ Аивта мæ хуыз. Кæцæй, куыд уыд: Нæ разы февзæрд Раст уæларвон зæд Æмæ мæ риуы Сгуыпп кодта... Цы? Кæсæг æй зæгъæд. Ме ’мкъай хин худт Бакодта æмæ Мæ цæстытæм Аивтæй кæсы: «Мацы кæнай, Зæрдæ дын тæрсы...» — Цытæ дзурыс, — Зæгъын мæ къайæн. Фæлæ хæйрæгæн Кæм ис фæсайæн: — «Бакæс-ма куыд хорз у, цымæ Цы фос уыдзæн йæ къаба?» Акарста ацы хатт 311
УАРЗТ Мæ «хъама». Ме ’фсин ныццавта Къабамæ йæ цæст. Æз та кæмæ? Кæсæг æй зæгъæд. Афтæ не ’хсæн нал рауадис! — Цы? — Хæст. 312
УАРЗТ МÆ «КЪÆРНЫХ» Мæ дзыхæй нæма схауд дзырд: «КЪÆРНЫХ». Афтæ мæм адæм скодтой сæ ных: — Чи у? — Цы фæци?! — Ма уа Гæбæци! — Мæ хæдзары дуар ныууагътон æз гомæй! — Ме ’рфыг мæ хордта, кæдæй нырмæ — знонæй! Афтæ фæйнæрдыгæй хъуыстис фæдис, Мæныл та мæхимид бафтыдис дис. Згъорынц мæм иугай, лыстæг мæ фæрсынц. Бæрæг у, сæ къуымтæн хæссынæй тæрсынц. — Радзур, цы дæ фесæфт, — давд дæ цы ’рцыд?! — Ноджыдæр адæмыл бафтыд фырдзырд. Загътон сын: къæрныхы зонын бæргæ, Фæлæ мын давдыл нæ кæны сæтгæ. Уадид мын райдыдтой амонын зонд, Хъуамæ, дам, ахæм уа ныккæнды конд. — Уагæр цы хуызæн уыд? — ног та фæрсынц. — Уæртæ, уынут æй, сырх къабайы — чызг, Уый мын мæ зæрдæйыл бафтыдта зынг, Стæй мын æй ачырхта, — уый дын йæ ми... Уайтагъд уым чызгыл ныццавтой сæхи, Фæлæ сын, цыма Ысчындæуыд хин: Дзурынц мæм: — Ма уа дæ къæрных æндæр. Уымæн йæхион дæр фесæфст кæмдæр. 313
УАРЗТ МЫЙЙАГ Кæд, мыййаг мæныл дæр, Кæд, мыййаг, дæуыл дæр Хинæй разылд Уарзт? Алчи нæ йæхицæн, Сусæгæй хъысмæтæй Уымæн кæны Хъаст?! МА МЫН ДЗУР Ма мын дзур: «Мæн мæ фын фæсайдта, Разылдис мыл гадзрахатæй цард». Кæд дæ зæрдæ истæмæ æхсайдта, Уæд, æцæг, нæ дæ, мæ бон, хъæстаг. Æз дæумæ кæнын уæддæр тæхуды, Гайтма уыд цыдæр чызгæй дæ ныфс. 314
УАРЗТ *—: — — — Хъус-ма уæд, мæныл та уарзт куыд худы: Сарæзта æнæрцæф сагæй фыс... МЕРИ Иу хатт ма дæ худгæ æз куы фенин, Мери, Нал кæниккой риуы хъуыдытæ æмтъеры, Ахæм уды, æммыст, чи бауагъта сау маст, Зон дæумæ кæсгæйæ зæрдæ адих, афаст. Чизоны, куырм баци, чизоны, нæ зоны, А-зæххы рæсугъдтæй иу хорзы кæй тоны. — Сайдæй зилы амонд алкæуыл æмбæхстæй, Алцы риумæ ма хæсс, ракæс ма дæ цæстæй... 1977 315
УАРЗГ * * * Хур уыди æви уарыд къæвда, Мит уыди æви уарыди их? Мæ рæзты æруади, Куыд уыди, цы уыд... Уæлæрвты хуыздæртæн — Уæд зæдтæн сæ сих. Æз кастæн йæ фæдыл: (Зæгъынæн лæг хъуыд.) Нындзыг дæн, мæ зæрдæ Фырдисæй ныджджих. Фын уыди? Ныв уыди? Бæллын æм уæддæр: Уæд та йыл уысмы бæрц Куы схæцид мæ цæст, Фæлæ кæд мæ рагцин Фын уыди æрмæст?!
УАРЗТ ЦАРДÆМБАЛ Уыд мæ удæн зын рæстæг, зын сахат, — Ды фæзындтæ, нæ зонын куыд уыд. Уыд æцæгæлон уæд мæнæн сахар Æмæ феххуыс, фæкæсын мæм хъуыд. Ды, æдыхст зæд, дæ мидбыл нæ худтæ, Де ’рфгуытæ мæм нæ ныккодтай тынг: Хъавгæ бацыдтæ сабыр мæ удмæ Æмæ ссыгътай хуыст артдзæсты зынг. Ды нæ домдтай дæ лæггадмæ исты. Æз — æгуыдзæг, нæ мæ кодтай хъаст. Мæн æфтауы дæ фæлмæн уд дисыл, Цас æрхаста мæ фембæлд дын маст... Фæлæ диссаг: фыны дæр тыхст улæфт Никуы райхъуыст дæ риуæй æргом. Ма мæ сиса йæ сæрыл тых-уылæн, Ма мын фæуа мæ зæрдæ хъæдгом. Иннæ — алцы быхстай æмæ хастай, Ды, æдыхст зæд, мæ удæн йæ зын. Ды тыхсты бон фæтыхсын нæ уарзтай, Уыд дæ удæн, мæлæтау, хъæрзын. 317
-УАРЗТ Æмæ азты нæ фæивтай мур дæр, Æз нырма дæр «æдых» дæн дæуæн... Æз лæг дæн æви дойнаг цъæх дур дæн, У дæ лæггад æнæфыст, цæмæн?!
УАРЗТ — КÆД... Ды мæнмæ дæ мидбылты фæхудтæ, Амонд дæ? Цы дæ схонон, зæгъ-ма? Кæд, мыййаг, нæ талынг риуты удтæ Уарзондзинад фын æнхъæлынц нырма? Кæд, мыййаг, цæстсайæн ми у уарзт дæр Æмæ ’нхъæлæм: Амонд нæм æркаст. Кæд, мыййаг, хъæддаг дыргъæй у мастдæр, Афтæмæй дзы ничи дзуры раст. Алчи сæ кæй фæсайды ис иу хатт, — Нал басæтты уый тыххæй йæхи, Æмæ хилы хисдæрæй кæсдæрмæ Уарзты номæй сонт зæрдæтæм хин! 319
’УЛрЗ^ УÆДÆЙ... Æз дын фыстон кæддæр дæ цæстытыл, Кæддæр мæ се ’рттывдæй сыгътой. «Дæхицæн бад, дæ цинтæ уæгъды сты»,— Мæнæн-иу хъæубæстæ дзырдтой. «Цы дæ, цæмæн дæм хъуамæ бабæлла, Дæ фос, дæ хæдзæрттæ, дæ ис?..» Дзырдтон сын: «А-лæппу уæд амæла, Æз ыл куынæ бафтауон дис!..» Фæлæ цы зæгъон уас мæ хъæубæстæн, Кæм мæ бахъуыд æмæ уой раст. Дæ уарзтæй афтæ тынг фæхъæстæ дæн, Æмæ дын никуы уыдзæн барст. Ды мын мæ уд æмæ мæ рухс уарзтæй Ыскодтай къахсæрфæн хæцъил. Уæдæй мæ хуым лæууы æнæкарстæй, Мæ рнуы нал ыстæфст мæ цин. 1977
■°зт- 1 МА АХИЗ МÆ РÆЗТЫ... ^а.ахиз мæ рæзты, ма ахиз мæ рæзты, \/: -ипæт хъуыдытæ дæр, зон, здæхт дæумæ сты. №^Д../^ъд кæн, фæлæуу уал, '%& '^атъд кæн, фæлæуу уал: Аф&^сон нанайы, æз цæуын хъæмæ уал. ’’ ’ ОДкуы уа дæ цинæн, макуы уа дæ цинæн, Ахæм рухс уалдзæджы, масты тарæй ивæн. Ьа^уд мæм дæ мидбыл, бахуд мæм дæ мидбыл, Баууæнд мыл, æрзайдзæн дидинæг уæлмитыл. Дам-думтæм мын ма хъус, дам-думтæм мын ма хъус, — С’ азарæй æмбойны цал дидины бахус... Ды нав’ зоныс алцы, ды нæ зоныс алцы, Фаелæ-иу сæ хъуамæ сисиккой цъæх арцыл. Мамгкуы фенай, — ма тæрс, мæн куы фенай — ма тæрс, Тагъддæр-иу мæ размæ худгæ зæрдæ рахæсс.
г^.^уАРЗТ АЦÆУОН? Ацæуон? Æмæ дæ цурæй Мæн нæ хæссы къах. Цæй, уæдта, зæгъ мын, цы сайы А бынатмæ мах? Кæд, мыййаг, дæуæн æндæрмæ Ам уыди дæ каст, Уæд цæуон æмæ хъысмæтæй Мауал кæнон хъаст. Чизоны, дæ фæлмæн удæн Æз æрхастон тыхст. Чизоны, мæ уынд дæ риуы, Сау сындзау, фæныхст. ...О, фæлæ Уæддæр дæ цурæй Мæн нæ хæссы къах, Де ’нгас мын мæ хъусы дзуры: «Фембæлдзыстæм мах». 322
УАРЗТ АФТÆ БАД Афтæ бад æмæ мæ цæстæн Бадарон æз дон. Ацы хатт цæуыл фæхæст дæн^ Ма йын уæд кæрон. Афтæ бад æмæ-иу бахуд Мидбылты мæнмæ. Астæумæ кæрдæг мын бахус, Нал кæнын кæрдгæ... Афтæ бад æмæ мæ уæнгты Базмæла мæ туг. Пецмæ февналын нæ уæндын, Баппарон дзы суг. Афтæ бад æмæ дæ бæсты Дуртæ дæр хæссон. Уон æз уадз æмæ дæ цæсты Хивæнд лæппу, сонт. 1977 323
УАРЗТ «МА АЦУ» ДЫН ЗАГЪТОН Цæуыс æмæ фæхæссыс Мæ рохст зæрдæ, мæ цин. Дæуæн кувын мæ хæсыл Нымадтон æз мæ дин! Уыдтæ мын ды сыгъдæг уарзт, Мæ дзæгъæл удæн ныфс, Æмæ дæм хъыг цы фæкаст, Куы дæ домдтон æххуыс, Фæцыдтæ ды уæд дардмæ, Ысдзæгъæли мæ сæр. Ныр тавыс хи, — кæй артмæ, Тæхуды, зон уæддæр? Ды ферох кодтай алцы, Кæм, чи ма зоны мæт?! Дæу мысгæйæ мæ балцы Мæ зындон у дзæнæт. 1977 324
УАРЗТ— ЦЫМÆ УАРЗЫН, ÆЦÆГÆЙ, ХУДИНАГ У? «Худинаг дын у, Лео, Уарзтыл мауал зар, ма тай!» «Уæд цы кæндзынæн, цæй-ма?» — Химид райдайын катай. «Базæронд нын дæ, Лео, Урсæй арттывтой рæгътæ!» Ех, мæ зæрдæйы рох уарзт Абон ссыгъта цырæгътæ. «Иугæр афтæ у, Лео, Бауарз, ноджыдæр, бауарз! Уарзты дурынæй дзаг гарз Баназ, ноджыдæр баназ!» Уа дæ цæрæнбон бирæ, Ныфс мæ зæрдæйы уадзæг. Чи мыл бахуда — худæд: У мын уарзонад — уалдзæг. 1977 325
УАРЗТ ЦЫРАГЪАУ Ех, тæхуды, д’ армы кондæй Чи ’рвитдзæн йæ уазæг. Дидинæджы буц рæвдыдæй Бафсæддзæн кæй уæзæг? Чи дæ уындзæн, чи дæ хондзæн Дæу йæхицæн амонд? Ех, куы зонин, уæд дæ разы Цавæр уыд мæ раконд? Мæн куы феиыс, уæд дунемæ Тарæрфыгæй ма кæс, Иу хатт мын дæ хъырмыз былтыл Иу рæвдыд дзырд рахæсс! Чизоны мæ цæнкуыл уарзтæн Уый фæуа æвдадзау, Æмæ судзон æз дæ разы Тар æхсæв мыдадзау... 1977 326
УАРЗТ РАХÆСС ХОХМÆ Ратт мын ды дæ уарзт æмæ йын Макуы фæтæрс хъызты. Бардзынæн æй иоггуырд мæйыл, Рисдзынæн дæ рыстыл. Ардзынæ мæ тыхджын цæнгтыл Удæнцой æнустæм. Араздзыстæм цард нæ хæхтыл, Зилдзыстæм нæ мустæм. Авд фырты мад бауыдзынæ, — Хохы цæст дын уарзы. Ам мæ уынгты нал уындзынæ, Иу мын ды у разы. Хохаг зæхх бæркады хос у, Кусдзынæн æй, ма тæрс. Каед, мыййаг, дæ мад’ аххос у,— Алцæмæй йæ ма фæрс. Рахæсс хохмæ горæттаг цин, Фендзынæ уым: чи дæн, — Ма-иу фæтæрс, ме ’взонг æхсин, Куыст æмæ æрчъитæй. 1977 327 —
ИУ СÆРДЫГОН ИЗÆРЫ Ды мæ иувæрсты ахызтæ сабыр, Сабыр цæуылдæр дæ дзырды сæр уыд. Æз цы цонгыл хæцыдтæн рæвдаугæ, Ууыл ныр чидæр мæ бæсты хæцыд. Ды мæ иувæрсты ахызтæ сабыр, Фæлæ дæ цæстытæ загътой æппæт: «Уарзт æрцæуы æмæ та фæцæуы, Ам, мæ риуы кæм уадздзæн йæ фæд?!» Ды мæ иувæрсты ахызтæ сабыр, Хъазгæ-худгæ лæвæрдтай та «хыгъд». Фæлæ де ’мбæлццон алцы нæ хъуыста, Уый йæхимид цæхæр арты сыгъд. Æз ныджджих дæн: Куыд банымæг, уагæр, Уый мæ фендæй дæ цæстыты арт?! Афтæмæй мын ызнон ма, мæ бæлон, Ды куы хордтай æнусуарзтыл ард. Ды мæ иувæрсты ахызтæ сабыр, Сабыр дæ фæрсты «æцæгæлон» цыд. «Æз дæуæй дарддæр Никæй-ма уарзтон!..» Уый риуы дæр та ныннæрыд дæ дзырд... 328
ГУЫРДЗИАГ ЧЫЗГ ДАЛИЙÆН Ма мын сараз хъазæнхъул Ды мæ удæй, Дали! Иухаттау мын авд уды Уарзты мидæг нал и... Ма мæ фау мæ бакастæй, Хорз куы зоныс, Дали, «Æз дæу дæн», — зæгъ мын æмæ Дариты дæ дарин. Иу, æрмæст дæ фехъусон Разы ныхас, Дали, Ирæй-Ирмæ мин азты Уарзонадыл зарин. Мад æппæлид хъæубæстæн: Ахæм чындз, дам, нал и. Ехх, куы зонис де ’фсины, Атыхсис ыл, Дали! Кувиккой мын хъæубæстæ, Хониккой мæ: «Уари». Разилгæ куы феииккой Дæу мæ къуымты, Дали! 329
УАРЗТ НЫСТУАН ЧЫЗДЖЫТÆМ Æз уын дæн рох зарæг, кæй хъæуын, Мыййаг куынæ уæ кæнын хъаст... Кæддæр нæ Хуыцъейы — мæ хъæуы Мæнмæ дæр иу дæлимон каст. Фæлæ зæрдæйы фаг кæд ацыд Лæгæн йæ развæндаг, йæ цард? Хъысмæт æрхæцыди мæ бартыл Æмæ нæ мит-мæсыг ныккалд. Хъæстæ калм февзæрди нæ разы, Æваст ныл бакалдта йæ марг. Лæг та цынæ зынтæн фæразы, Фæлæ куы ныцъцъæл вæййы авг, Уæд уымæн нал вæййы ныхасæн, — Æмпъызтæн никуы уыди аргъ. Ныр æз уæдæй ардæм куы хæссын Мæ риуы уарзты «цъæлтæ», уаргъ. Мæнæн нæ рæсугъдтæй фыдæнæн Нæ бакодта нывгæнæг хай. Уæддæр цæмæн фæдæн фыдæнхъæл, Хъысмæт цæмæн нæм уа тæргай?! 330
УАРЗТ • ...Уæд та уæхицæй фæуæд исчи, Тæрсын уæ ма кæнæд мæ хуыз. Уынут, цы хъысмæт мыл ныййичъи, Уæ цæст мын бауарзæд æххуыс... Дысон хохы ирд æхсæв уыд, Салдаты æгънæджытау, Стъалытæ æрттывтой... Фæлæу-ма, чызг, Мæйы фыртæй мын дæумæ Цыдæр фæлмæк дзырдтæ æрвыстой. 331
БАМБАР МÆ... Уыныс: мæн сонты сæнттæ сайынц, Фæлæ мæ зонды фæндæй нæу. Мæнæн мæ уды цинтæ тайынц: Æндæр цæмæн фæхаста дæу?!. Мæ зæрдæ саугуырм уыд æмæ йын Ды та цæуылнæ радтай цæст? Ныр æз æндзыгмæрдтæ фæвæййын Дæу фендæй, бамбар мæ æрмæст. Мæнæн куы бадт мæ цæсты сау митъ, Ды уад цæуылнæ уыдтæ уæд?! Уæдта — куы ма уаид дæ халдих... Æмæ куы фæсурин мæ мæт... Фæлæ уый уæгъды у, мæ зондыл Фæтых ыстъæлд зæрдæ, уыныс. Ныр ма цы мæт кæнон ызноныл, Цы ма мын бауыдзæн æххуыс? Цæуын дæ размæ, фæлæ хауын, Уынын, æз сæрсæфæнæй раст. Мæ уды барвæндонæй кайын: Æрра та ахæмтæй кæд тарст. 332
УАРЗТ ___~~ Цæрын зæгъон, æмæ цæй цард у. Бæллын: дæ къæхты бын æрхау! Бæргæ, дæ лæджы къæс дын хъарм у, Фæлæ йын у дæ уд æвгъау... Æз дын мæ фæллæйттæй цы зæгъон: Æрмæст мæ уарзтæй дæн хъæздыг. Цы-фæнды карз нæ уа дæ тæрхон, Уæддæр лæудзынæн дын уырдыг. 1979 ззз’ —
ыилиддт^лш. »л; ц.а."ыцы .-илгг »" »^ гзг’тг^—я-тя"" ÆЗ ЦÆУЫН... Цæр дæхицæн, æз цæуын, цы кæнон? Афтæ уыд мæнæн хъысмæтæй фыст. Цардыстæм, фæлæ æрцыд нæ кæрон, Ды нæ уыдтæ, уавæр дын уыд цырв. Алыхатт мын уый дардтай мæ цæстмæ: «Цауд дæ ды, æрлæууæндон дын нæй...» Уал азы дын фехъуыстон дæ хæстмæ, Ныр хæрзбон, сæрибар дæ мæнæй. Сидзæрæй кæйдæр фæсдыуар рæзтæн, Сау кæрдзынæй не ’ййæфтон мæ фаг. Сидзæрæн йæ уынд сындзау у цæстæн, Чи мыл тыхст: ыссара мын фæндаг. Хъал чызджытæм æз мæ ныфс нæ хастон, Æз нæ уыдтæн уыдонæн æмсæр. Дæу куы федтон, уæд æппæт ыскарстон, Уый фæстæ дыл бафтыдтон мæ сæр. Ды уыдтæ мæнæн мæхиау сидзæр, Сидзæрæй та амонд лидзы дард. Не ’ппæлыд нæ йе стыр бынтæй иу дæр, Арæзтам мах афтæмæй нæ цард. 334
УАРЗТ — - .— _ Фæлæ дæм æркаст фæстагмæ хардзау: Бонджын лæг цæуылнæ у дæ мой... Райдыдтай цæвæнтæ кæнын кардау, Æмæ уынгтыл анхъæвзта мæ кой. Ныр цæуын, æввонг фæллой кæм арон? Ма мæ ракæн уый тыххæй-иу хъаст. Райдианæн ралæууыд йæ кæрон... Æз цæуын, зæгъ мын: дæ фæндаг раст! 335
УАРЗТ поэтикон уарзт Ды мæнæн аргъау дæ! Ды мæ фарсмæ дæ, Фæлæ уæддæр мæнæн аргъау дæ. Мæ бæллиц дæ, Фæлæ ды мæнæн аргъау дæ! Ды мæнæн дæ: Æз кæмæ не ’ххæссын, ахæм дыргъ. Ды ныр, айдæнмæ кæсгæйæ, Дæ дзыккутæ фасыс, Æмæ æз дæр, айдæнмæ кæсгæйæ, Мæ коцора зулмæ фасын. Фæлæ айдæны раз иумæ нæ лæууæм. Ды мæн нæ уыныс, Фæлæ æз уынын... Æз уынын дæ буары алы нуар дæр, Дæ зырнæйзылд зæнгтæ дын уынын, Рентгены рухсытау. Дæ къуыбыр риутæ дын уынын Æмæ мæ цæстытыл уайы: Мæ фидæны чысыл Алан сыл Йæ чысыл фæлмæн гукки æвæры... Скæсы дæм хъуымызбыл æмæ афтæмæй Цыбæлæй дæйы... Æз дæу уынын æмæ цыма хъусын: 336
УАРЗТ ~ Ды дæ сабийæн — нæ фыццаг хъæбулæн — Къостайы «Балцы зарæг» зарыс. Æз дæу уынын æмæ мæ нæ уырны, Мæн, æрра лæппуйы, йæ сæнттæ Акодтой аргъæутты бæстæм. Фæлæ мæн, æрра лæппуйы, Бынтондæр нæ уырны: Ды мæнæн дæ æрмæстдæр АРГЪАУ, Æндæр нырма ницы... 1979 22* 337
.’УАРЗТ * * * Дæу куы федтон, уыцы бонæй Мæн æфхæры иу ус: «Хорзæй йæм цы федтай, Бабæллинаг уагæр?...» Ардауы мыл алкæй, Сарæх уынгты джис-хъус... «Хорзæй дæм цы федтон?» — Хаттæй-хатт мæхи дæр Бакæнын хынцфарст. Раст куы зæгъон, гъе уæд Хъуаг цæмæй уыд а-уд, Иунæг уый æрмæст. 1982 аз
УАРЗТ ЦЫРАГЪДАР Ныссабыр æрдз, ныхъхъуси дуне, Зæгъдзæни лæг: цыма зæххыл Ныннымæг хъазт, хъæлæба, х<,/.... Къуыппæй, дзыхъхъæй ныттыхта арф, Йæ хъæбысы æхсæвы тарф. Цæуын... Мæнæн æдзæугæ нæй, Йæхи кæмдæр нымбæхста мæй. Кæм ис æхсæвдзау лæгæн аргъ, Мæ размæ чи дардзæн цырагъ? Æрмæст ма стъалы-чызг фæраст, Йæ мадæй рахъуызыд æваст Æмæ... Мæнмæ— йæ бæлццоны фæстæ Хъуызгæ, цырагъ даргæйæ, каст. . 339
УАРЗТ * * * Мæ уды æрцарди дæ удæн йæ зын, Фæлæ мыл ды ма тыхс, нæ зонын хъæрзын. Дæ зын мæ кæрдихгай куы скæна, уæддæр, Нæ йæ скæнин, баууæнд, уый искуы хъæр дæр. Æрмæстдæр ыссарæд дæ тыхст уд æнцой, Уæд, чизоны, искуы æркæнай мæ кой. Уæд, чизоны, искуьг куы фæуон æдзард, Æрымысай буцæй мæ сагъæс, мæ зард... Ныр та уал цæттæ дæн, — хæссон дын дæ зын Зындон у мæ удæн дæ уды хъæрзын. Куы зонис, дæу мысгæ куыд тайы мæ уарзт. Уæд амондæй никуы, нæ ракæнис хъаст. Фæлæ... Æз зæхх дæн, ды мæй дæ — кæрæдзимæ дард, Цæрдиппæрдау уарзты дæ цурæй дæн тард. 29. X 83 340
УАРЗТ ХОХАГ ЧЫЗГ Лсæрды æфцæгыл фембæлдтæн фыййау чызгыл Автор. Хуры тын дæ, æви зæд дæ, Ардæм дæ цы схаста? Ацы хурджын хохимæ дæ Уагæры цы сбаста?! Арвы цъæх дæ цæстыты ис, Хуры хъарм — дæ риуы. Ахæм буц дидин æрмæстдæр Разайы Хъæриуыл... Уый ды дæ — зынг хуры тынтыл Ратахтæ мæ размæ. Ех, тæхуды, ныр куы зæгъис: «Фезмæл, лæппу, уарз мæ!» Къухуырзтыл дæ сисин хурмæ, 'Хсæрдзæнмæ дæ ’рхæссин, Уым дын æз дæ цъæх цæстыты Арф фурдтæм фæкæсин... 1985 341
* * * ’Ма ку ды дæ сæфт амондыл, ма ку, Фыццаг æмæ фæстаг ды нæ дæ. Иу ма мын ыссар, кæй тавта фаг хур, — Фыццаг æмæ фæстаг ды нæ дæ! Уалдзæгæй кæд исты мысыс хорзæй, — Хон æй ды дæ сатæг удæн фаг. Иу дæуыл нæ ралæбырди хох-зæй, Ма фæкæн дæ рагуалдзæг дзырддаг. Азар-иу фæлтау æмæ дæ зæрдæ Атæха йæ фынты зæхмæ дард... Уарзт у дидин уалдзæджы æвзæнгтæн, Свæййы уыйхыгъд фæззæджы зындзард. Махæй цард йæхионтæ куы ’рдомы, Иунæг гъе уæд фены алцы цæст. Ма ку ды, бæстырæсугъд, нæ комы Ничима уыд алцæмæй æххæст. 1983
СЦЕНÆЙЫ ЗÆД Дæ куыст уæззау у, уый æмбарын, Нæ дын ис иунæг уысм æнцой. Дæу æз нæ зæдты-зæдыл барын, Мæ удæн удыхос — дæ кой. Ыссис зæрыбоны мæ бæллиц: Дæттæй, куы фестин æз артист, Фæлæ мæ курдиаты къæбиц Бынтон у ахæмтæй «æрмист». Цæмæй мын сценæйыл иу хатт Уыдаид де ’рвон удæй хай. Цæмæй, мæрдтæм цæугæ, дзырдтаин: «Уæларвон зæд уыди мæ къай...» 1983 343
ышм; „■—.. УАРЗТ * * * «Атыхс мыл, — загътай уыцы бон, — Басыгъди уарзты мæ уд». Баци рухс амонд ме ’рдыгон, Хур мæм дзаг цæстæй худт. Иу уысмы нал уыд де уæнгты Мадæй, адæмæй тас. Аргъау уыд, фын уыд? Не ’ууæндын, Сыгъзæрин феста, уас! 1980 344
УАРЗТ •—»■ ИАМЗЕ1 Иа — дидин у, Мзе — та нæм хур у, Ды сæ иу дæр дæ æмæ иннæ дæр. Ма ’нхъæл, Иамзе, а-зæрдæ дур у, Ма мæ «бабын» кæн, мадæн иунæг дæн. Судзынц, арауынц мæн дæ цæстытæ, Хуры чызг мын дæ æви арвы зæд? Макæ, мауал кæн, чызг, нымд кæстытæ, Бон-сихорафон фæдæн арвы цæф... Дурæй конд нæ дæн, туг, стæгæй дæн Æмæ, Иамзе, цæй-ма, цас быхсон?! Æз нæма зонын: кæд мын искæй дæ, Фæлæ мацы зæгъ, Хъуамæ дыл, чызгай, уæддæр атыхсон! Хъуамæ дæ, чызгай, Ирмæ ахæссон, У мын ацы хатт ды Тамар-паддзах. Æз — дæ саг Сослан, æз — дæ сахъ хæстон, Ма мæ суацар кæн, ма фест «ахæстон». 1 Иамзе — гуырдзиаг ном, арæзт у дыууæ раеп — дидин æмæ хурæп 345
: ■ -уарзт Цом, мæ зæронд мад дзуры де ’взагыл, Фен нæ хæбизджын, фен дзыккайы ад. Цом æмæ Ирæн бакæн, Иамзе, Тамары бæсты ды чындзы лæггад.
УАРЗТ — * * * Ды, ды уыдтæ, фыццаг мæ ды схуыдтай Мæн лæппуйæ: «Æнæрцæф», «Æрра». Хатт-иу кодтай дæ мадæй æртхъирæн: «Багъæц, багъæц... зæгъон дæ нырма!» Фæлæ иу дзырд дæ мадæн нæ загътай, (Æз нæ уыдтæн, мæ зынаргъ, къуырма.) Æмæ мæнæ, ныр уал азы фæстæ Дæу йæ хохаг хæдзармæ æрхаста Уыцы иухатты «Нæрцæф», «Æрра». 1976—80 347
УАРЗГ ФЕМБÆЛД «Дæ сæрыл хъуын куынæуал ыс...» Чыздо/сы ныхæстæй. Мæ сæрыхил? Каем ма ис уый дæр, Нызгъæлдысты, сыфтæртау, знон. Кæм ма хъæуы дæу та мæ цин дæр,, Æнкъарын æй: фæкъул мæ бон. Фæхудтæ мæм æфсæрмæй мидбыл Æмæ дæ фæндагыл цыдтæ. Æз та — æнкъард хъуыдыты митыл,, Дæ фæстæ мидниугæ сыдтæн. Мæнмæ фæстæмæ дæр нæ кастæ, Каем ма дæн уый аккаг та æз? Æлгъыст фæуæнт мæ зындзард азтæ: Бынтон мын ахастой мæ хуыз. Ныр мæ цы тынг бахъуыди: абон Чысыл фæцух кæной сæхи. Бæргæ, мæ тых æххæст нæ бадон. Фæлæ!.. Дæ хъарм зæрдæ кæм и? 348 —
€УАРЗТ •■ —■ Цæры æндæр чидæр йæ мидæг, Æз та йæ къæсæрмæ бæллын. Нæ дæн фæлитой, кæнæ хин лæг, Уыныс мæ: нал бæззын, кæлын. Фæлæ мæ зæрдæйæн цы кæнон, Нæ хаты: афардæг йæ сæрд. Уæддæр цы уыдзæнис йæ кæрон? Ды уый мæ бæсты дæр ыскæрд! Ды мыл дæ базыртæ ысцагътай: «Æрра, кæм агурыс дæ уарзт, Нæй уый гæнæн!» — тызмæгæй загътай Æмæ фæцæуæг дæ æваст. 1983
’УАРЗГ * * * Фæндаггæрон даричин кæуы: — Никæй хъæуын, — дзуры, — Æвæццæгæн, нæу мæ конд нывыл? — Æмæ ’лгъиты хуры. Уый ма зона, ам йæ фæрцы Хур кæсы мæ удыл. 1976 УÆЛТÆМÆН Иухатт уалдзæджы, Цъæх уалдзæджы — Чизоны, уыди хъызт дæр, — Мæ хилтæ цал ысты 350 —
УАРЗТ — Мæн уал цæджы Нæ баурæдтой, Дæумæ тырнгæ, Уæд дæр! 1976 ÆВЗОНГÆЙ Мæ бæгъæмвад къæхтæ Дæ къахвæдтыл æвæрдтон Æмæ дæ фæдыл Гуырæй-гуырмæ цыдтæн: «Лæг дæн æви цы дæн?» — Мæхи-иу фарстон. Фæлæ... Зæрдæйæн æхцон уыди цыдæр. 1976- 351
УАРЗТ * * * Ныххуыдуг дæ кодтон Мæ зæрдæйы, уарзт, Цы кæнон, уæддæр мын Нæ уыдаид барст. Фæлæ дæ æвдудон, — Ныммæлæн дын нæй! Æхсæв мæ нæ уадзыс Мæ уатыл фынæй. Кæдæм ма фæцæуон, Уæд та мын æй зæгъ, Нæ исы æвзæры Йæхимæ нæ зæхх! Æнæ уый та ист у Мæ удæн йæ бар. Рæдийын кæд исты Уæд мын æй ныббар. Фæлæ мын... Мæ ныфсы цырагъыл Ды ма акæн фу... Фæлтау мын мæ мардыл, Мæ цъæх чызг, фæку. 3~2
УАРЗТ— Мæхимид дæу мысгæ, Дæу уарзгæ цæрын. Фæтæрсын: мыййаг дын Æз ма ’рхæссон зын. Фæлтау уæд мæ бæллиц Мæ уды ныгæд. Кæд уæлмæрдмæ искуы Æрцæуид дæ фæд. Нызгъал-иу æнæвгъау Мæ мардыл цæссыг. Кæд уарынæй уарзтæн Ныххуыссид йæ зынг. 1983 931 353
игягал^а<.-з -----УАРЗГ ÆРВГЪУЫЗ ЦÆСТЫТÆ Уырыссаг чызг Оксанайæн Æммыст... Дæу цы мад ныййардта — искуыцæй йæм бакæс Æмæ йын лæварæн иу хуымил’ аг бахæсс!.. Уалдзæг мæм дæ фæрцы дидинæг æрхаста: Уарзт ма мæ зæрæрдæм ацы хатт æрфарста. Ницы ис дæ уды хин æмæ кæлæнæй, У мæгуыр, — дæ хуызæн цардæмбал кæмæн нæй! Фестади мын дуне — уды бæллиц, аргъау. Бафæнды мæ: стæхон арвы риумæ маргъау. Чизоны, фыны дæн, чизоны, æрра дæн, Фæлæ мæ нæ уырны: афтæ рæсугъд мадæн Йе тары мæ удæн сæвзæра æмбарæг Æмæ йыл фыстаин искæдбон мæ зарæг!.. Ех, тæхуды, дардæй ныр дæ мадмæ бакæс Æмæ йын лæварæн иу хуымил’ аг бахæсс! 1983 354
:лвахзаклси.лшо ассд;;сг«Е * * * Мæ уд зæронд кæнын фæуагъта Æмæ дæ цæстытæм ныккаст. Цæмæн, цы йыл æрцыд, — нæ загъта, Ма кæн хъаст. Мæ бон нæу уый зæгъын, цы кæнон, Фæлæууыд цæхæрыл мæ уд Æмæ йæ арауы — æгæнон, Ды та мыл рай æмæ мыл худ! 1982 * * * Цы ис æмæ цы уыдзæн хорзæй — Дæ уды бацардысты, зон. Æмæ цы диссаг у, дæу мысгæ Æхсæв дæр тарф фынты хъæрзон? 1982 355
УАРЗТ * * * Цыма алцыдæр уыд нывыл мæ уды; Уарзт дæр æмæ цард дæр. Фæлæ ды куы фæзындтæ, Æнæнхъæлæджы — тары, Уæд ысбон мæ цæстыты Æмæ сæхъуыст мæ уынæргъд, Цымæ æцæг дзырдтон: «æнæ дæу цардтæн?» 1982 356
УАРЗТ ХОХЫ ФЫЙЙÆУТТÆМ Азымаг та фесты ныр мæ цæстытæ: Райдыдтой мын алырдæм зыд кæстытæ. Диссаг, ардæм ацы зæд кæцæй æртахт? Рандæвта, зынджы къæрттау, мæ туджы ’ртах. Чидæр афтæ: дохтыр у, быдираг чызг, Хъуамæ хохыл бафтауа быдираг зынг... Æмæ, кæс, нæ фыййæуттæ «фæхъæрзгæ» сты, — Цавæрдæр æрвон низæй фæхъæстæ сты... — Ау, æмæ уæм дохтыр куы ис, — сфæрæзтон, Фæлæ цыма мæхæдæг дæр нæ фæрæзтон... — Ис нæм, бæгуы, — сдзырдта мæм уым хосгæрдæг, — Фæлæ фосæн, стуртæн у уый хосгæнæг...
-п^^уАРЗТ УЫРЫССАГ ЧЫЗДЖЫТÆМ Ыстут мын хуымæтæг. Уæ сабион бонты Уæ чысыл цæстыты æрцæры цъæх арв. Нæма уын фæзарынц поэттæ уæ кондыл, Уæ чызгон миниуæг æмбæхст вæййы арф. Нæ хохаг чызджытау, мæхи ирон хотау, Уæ чысыл зæрдæты фынæй вæййы уарзт. Куы байрæзут буцæй, уæд, уалдзыгон бонтау, Ныййазæлы дардыл уæ фæндыры хъазт. Уæд фесты уæ риуты уарзт судзгæ цæхæр арт! Бæлонау уæ алчи ысбийы ахстон. Ныггуыпп ласы ногæй уырыссаг лæджы цард, Ныййазæлы дардыл, раст — хохаг æрсдон! Ысвæййут хуымæтæг, рæдау мæдтæ дугæн, Ныййарут хъæбултæ æмæ уæд цахæм? Уæ Пушкин цæргæстæн уæ зæрдæ, уæ тугæй Сæ риуты ыссудзут æгъуысгæ цæхæр! Уæ зæххау — парахат, уæзбын æмæ барон, У Волгæйы фурдау уæ зæрдæты уарзт. 1 Мæ мадæн йæ чындзаг æз уе ’хсæн куы ссарон, Уæд-иу мæ фыдныхæй, цæй, ма кæнут хъаст. 1980 358
уАРЗТ — ХÆРОГ1 ЧЫЗГ Цы у, цы йæ схонон, нæ ахсын: Цæуыл æй абара мæ цæст. Дæ бар дæн, уарзт, мæ уд мын бахсын, Фæхæсс æм иу ныхас æрмæст: Мæ карыл ныр идон æвæрд и, Мæ сæнттæн фергомæй тæрсын. Мæ кар — æбарвæндтæ нывæнды, Æмæ мæхимидæг хъæрзын. Тæрсын: йæ хæрог уд цы зæгъдзæн: Æфсарм, дам, амарди зæххыл. «Зæронд туг нал кæны æхсæрдзæн»! Мæ хъустыл ауайы йæ хыл. Æз та, цы ма кæнон, мæ уарзты Бæттын нæ басасти йæ тых. Æстæй ныссар кæнын мæ азтыл... Æмæ нынгом кæнын мæ дзых. Кæд фестын судзгæ зынг æвастæй, Уæддæр дзы бамбæхсын мæ уарзт, Цæмæй йæ хæрог уд мæ тасæй Мæ цурæй ма стæха æваст. 20. XI 83 1 Хæрог—- уæзданконд, тасгæ-уасгæ уæнгтæ (хруп- кий) 359
^УАРЗТ САЙÆГОЙ Скæсæйнаг мотивтæм гæсгæ Дменисы уыд: фыдуаг лæппу Бацыд иухатт дыргъдавынмæ. (Макуы зæгъæд къæрныхгæнæг: «Худ мæ сæрыл ис дарынмæ!») Ауыдта йæ тыргъæй иу чызг, Хуры тынау худт, æрттывта. Рахъавыд, фæдзура: «баба, Къæрных нын нæ дыргъ ныттыдта!» Фæтыхст хуыснæг æмæ чызгмæ Хаты сабыр: «Цы бакæнон? Ма мæ сардау æмæ дын уæд Дæ буц былтæн ныпъа кæнон...» Чызг ныссабыр, уым хуыснæгмæ Йæхимидæг, нæй, нал хъызыд, Фæлæ уæдмæ, дыргъæфсæстæй, Лæппу сабыр фæцæйхъуызыд. Чызг æм асидт: «Дæлдæр фæуай, Мауал уа зæххыл дæ кой дæр! Канд къæрных нæ дæ, фæлæ ма Куы разындтæ сайæгой дæр!»
уАРЗТ**--"™*" * * * Ма мыл худ: «Мæгуыр дæ царды»..» Дæн мæгуыр дæ уарзтæй. Ис мæнæн зæххытæ дардыл, Искуы сæ æркарстай?! Казахстаны тыгъдбыдырты Байтауын сырх мæнæу. Гъе ныр, зæгъгæ, фынддæс фырты... Фæлæ куыд, æнæ дæу! Уралы сты мæ заводтæ, Мæ хæзнатæ — хурыл. Æз дæ зонын: уæздан уд дæ. Ма мæ бауадз дзурын... Иу ныхас зæгъ: «Лæппу куы дæ, Фест æмæ мæ ахæсс! Æз нæ комын тæппуд удтæн Фезмæл, ма кæн сагъæс!» Ахæссин дæ, мæ базыртæй Арвы риу ыстонин. Уым фæхъазин дæ хъаз-хъуыртæй. Хи хуыцау ысхонин. 361
-УАРЗТ Ех, мæ уд, цæй хивæнд мын дæ Хуры чызгмæ хъавыс. Ма нымай дæ бирæ бынтæ, — Хор кæмыты тауыс... Ахæсс æй нæ хохты хохмæ Уарзынц хæхтæ хох-мад. Хохæн кæс йæ цъæхдзаст хомæ: Рацæудзæн дзы хорз мад. Уафдзæнис дын хуры тынтæ, Цард дын фестдзæн алдзæн: Цал дзы домай, уал фырты дын Хъазгæ, худгæ ратдзæн. 4. XII 84 аз 362
УАРЗТ ЦИРЧЫ ХЪАЗÆГ ЧЫЗГ Дз. Г.-мæ гæсгæ Уас дæ ныййарæг дæ быныл Макуы баззайа дæ мæрдæй, Кæд цы ферттывтай нæ хъæумæ, Кæд цы бахус дæн дæ мæтæй! Уыцы диссаджы къуыбырриу, Уыцы диссаджы цæстытæ!.. Ме ’взонг зæрдæ мын мæ риуы Цуркау акодтой фæстытæ. Уæнгты уыцы рог ызмæлдæй Дæу «цæстфæлдахæг» ысхуыдтой. Уыцы къухты рог æвнæлд мыл Дис æмæ цыбæл æфтадтой... Алчи дзыппытыл ныххæцыд, Хи дæ хъахъхъæдтой, «æвзæр» дæ... Æз фæфыддæр дæн, фæлæ мын Ачырхтай уæддæр мæ зæрдæ... 1954 аз
-УАРЗТ УЫЦЫ ЧЫЗГ Мадригал «Мæ зæрдæ мын ма къах», ды-иу мын дзырдтай, Æмæ-иу мæ дардмæ дæхицæй сырдтай. Мæ сæнтты мын хай уыд дæ удæй уæддæр, Æруагътай-иу фыны мæ уæхскыл дæ сæр. Дæ дзыккутæ-иу мыл куы ’рзæй кодтой уæд, Æрбайсæфт-иу уайтагъд мæ сагъæс, мæ мæт. Мæ судзгæ батæй-иу ыссыгъдис дæ рус, Ды та-иу мын загътай: «Чысыл ма мæм хъус, Фæуадз ма рæстæгмæ æмдзæвгæ фыссын, Мæ зæрдæ æдзухæй цæуылдæр тыхсы. Æргомæй дын хъуамæ æз иу дзырд зæгъон: Æнæ дæу фæцæрын нæй, нал у мæ бон... Фæцæуæм æмбойны бæрзонд хохмæ дард, Æмæ уым адджынæй фæкæнæм нæ цард!» Фæлæ та-иу иугæр куы ’рбабон, куы срухс, Мæ уарзт та-иу риуы, сæгуытау ныхъхъус. 364
УАРЗТ Хъысмæты нылгъитын: фæци мæм тæргай, Фæлæ мын фæсмонгонд ды макуы фæуай! Цæмæн мæ фæсайы дæ къабайы хуыз, Цæмæн мæ ацахсы дæ уарзтæн йæ хыз? Кæдæм мæ фæлыгъдтæ, цы дын кодтон, цæй, Цæмæн дæн æнамонд, мæ радтæг, гуырцæй?! 1961 аз 365
-ьтиг II ■пгд.-чдп1! тпг еядиалшыкг’аиягши*——■ сУ/ 11 О 7 ÆЗ ДÆУ ИУ ХАТТ... Æз дæу иухатт нæхиуæттæн Цæстæй амыдтон: — Фенут, — загътон, — гъе, æуый у, — Æз кæй агуырдтон. Æз æнхъæлдтон: алчи дæр дæ Сбуц уыдзæн, мæнау. Фæлæ нæй, нæма нæм бастъæлд Иу талынг æгъдау: Алчи дæр дæм фау æрхаста, «Аккаг нæу», — дзырдтой. «Ма йæ ракур» — «аудджытæ», Уæд мæнæй куырдтой. Фæлæ нæй, нæ фæчъил зæрдæ, Акодта йæ фæнд. Загътон-иу: «цæуыл у айбæрц Загъд æмæ тыхмæт?! Уый фæлтау ма чындзæхсæвыл Бацархайут цырд... Ацы хатт, æрмæстдæр, хъуамæ Ацæуа мæ дзырд!» 1955—59 азтæ 366
«ДАРГЪ КЪУХТÆ» Уый мын цал загъта уайдзæфæн, Цалæй мын амыдтой «зонд!» Фæлæ нæ фæчъил дæн уал «цæфæн» Афтæ у м’ ахаст, мæ конд. Федтон: дыууæйæ кæрæдзимæ Марæнкард райстой æваст. — Февзæрын се ’хсæн лæдзæгимæ Æмæ ныууадзынц сæ «хъазт». Федтон: хуыснæг та кæйдæр мулкыл Ауагъта, зæгъгæ, йæ къух, — Уадид æрхæцын йæ дзæкъулыл Æмæ та иу «лæг» фæцух... Федтон: фæлитой куыд нæ уадзы: Чызгæн йæ разы ныддæргъ. Къух та йæм аирвæзт, æмæ та дзы Нал уыд капеччы бæрц аргъ. Афтæ мын царды мæ «даргъ» къухтæ Иу уысм нæ дæттынц æнцой. Сау митæ ракалынц уæлхурмæ Æмæ ныхъхъæрис сæ кой. 367
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Изæр кæны: Царддæттæг хуры тынтæ, барджытау, Ныххызтысты фæсрагъ. Изæр кæны: Цæргæстæ фæтæхынц сæ бадæнтæм,— Хæхты бæрзæндтæм. Изæр кæны: Хæлынбыттыртæ нал тæрсынц хурæй, Ратахтысты... * * * 'Нæбазырæй-иу мæргътимæ ма тæх, Дар дæ зæрдæйы ме стыр фæдзæхст. О, дунейы фарн, уый дæр ын ма зæгъ, Кæннод де ’хсæрварс баййафдзæн дзæхст. Акæс иуырдæм, иннæрдæм акæс, Сабыр цæстытæ аивæй рахæсс: Лæг ныззæронд ис, пакъуы йыл не ’рзад ’Мæ поэзийы хоны мæн йе ’рвад. 1968 аз 368
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Ныннæрст, ныууæззау Хурмæзилæгæн йæ сæр, Зæхмæ ныккаст Æмæ Афтæмæй хурмæ дзуры: — Дæ фæдыл, кæй хъæуыс, Уый зилæд! Æз нырмæ дæр Нæ уыдтæн æнхъæлцау! Къ-й&н Бæрзонд къæдзæхы сæр Цæу Йæ сыкъатæ арвмæ радта Быцæу... 24' 369
—ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫЦЗÆВГÆТÆ Йæхи нысхъæл, ныттынг кодта Æмæ мехъ-мехъ кæны, уасы: «Арв æркæлид, æз куынæ уаин, уæд! Хъаймæт фæзынид, æз куынæ уаин, уæд!» Æмæ сæныччыты дары тасы. 1970 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ* ÆНХЪÆЛЦАУ ’Нæ дæу уый къæбæр нæ хæры адæн, Хоны дæу йæхицæн уый хуыцау. Кувы дын дæ фыд æмæ дæ мадæн, — Дар æрмæст дæ чыссæйы æхца... ИУÆЙ-ИУ Худдзæпис дæм æмæ ды зæгъдзынæ: «Уый у, уый, мæ ныфсы лæг æцæг». Гъей, фæлæ куы базона: кæлдзынæ, — Никæдбон дæм балæудзæн быцæу. 371
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Нал кæсы мæ коммæ рифмæ, Уайдзæф мын кæны æргом: «Хъазæнхъул нæ дæн мыййаг, Бæлццонæн йæ фæллад нæ сафыс, Рынчынæн — йæ зын. Дæ риумæ нæ хъуысы Тыхст лæджы хъæрзын. Нæ хатыс нæ дуджы Нæ дзыллæйы маст. Нæ судзы дæ риуы Зæххон лæджы уарзт. Нæ зоныс, нæ худын, Нæ зоныс, нæ катай, Æмæ дын куы зæгъын: Æхцайы тыххæй мæ Дæ рæнхъытæм ма сай». 1969 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ДЫ ТА ЧИ ДÆ? Ма ’ппæл: «Кастæн æз Къостайы- У мæ удлæууæн мæнæн!» Хорз, фæлæ дæм зæрдæ ’хсайы Æмæ байхъус, уæд цæмæн: Ды цы дзурыс, уый куы уаид Арф дæ зæрдæйы æхсыст, Уæд дæ зардмæ цъити таид, Уæд æндæр уаид дæ фыст. Уæд дæ дзæнгæда ныууадзис Æмæ нал кæнис сым-сым. Уæд, цы йæ ’мбæхсон, нæ хонис Хи поэзийы фысым... Кæд æцæг кастæ Къостайы ’Мæ дæм намысы мур ис,— Дæу цы митын мæсыг сайы, — Тагъддæр уый цъуппæй æрхиз. Æмæ бахъоды кæн сисыл: У дæ поэзи мæнг арт. Рисыл чи нæ зоны риссын, Рогæй чи хæра мæнг ард,
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Уый цы хъуыддаг ис Къостамæ, Гъе, кæй бахъуыдис дæ фыст? Домыс ноджы мын: «Ыстау мæ: Кæд фæрæвдз уаид мæ куыст.» Раджы, тынг раджы Сизиф дæр «Кусын, аразын» дзырдта, Æмæ, фаджысы хъæндилау, Хохмæ дойнаг дур тылдта. 1979 374
/ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ АБАД, АДЗУРÆМ Абад-ма чысыл мæ цуры, Нал дæ зонын, чи дæ. Афтæ мæм мæ зæрдæ дзуры: Знон дæр ма æрчъитæ Дардтай, цыма, уæд æвиппайд Къух мæныл куыд систай? Мах дыууæйæ хаста иу мад, Ныр дæ зæрдæ сивтай! Раздæры фæлмæн фæхудт дын Уаз къæлæтджын байста. Æтт мæ зæрдæ дыл куыд худы... Зонд та дæ кæд уарзта?.. Иу каст мæм фæкæнай зулмæ, Уый аккаг дын нал дæн? Ардбахæрд мæрдтæм фæхæссай, Цас дæ хуызæн хъалтæн Фыздыхта сæ хъил сыкъатæ Цард, уынын мæ цæстæй, Де ’гъдауæй рын дæ мæ удæн, Судзы мæ дæ хъæстæ. 375
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ «Волгæйæ» нæ Иры сæрты Тутт сæрæй фæлгæсыс. Дарыс нæ афтид æхсæртыл, Цардæй ма кæй фæрсыс... Ма рох кæн: нæ уæхсчытыл дæ, Мах фæрцы «ысчи» дæ! Æмæ нын дæ цæст нæ уарзы Бирæ нæ, æрчъи дæр. Цу уал, цу, фæтæх бæрзæндты^ Махæн ды «æвгъау» дæ! Чи ма дын ыстæм дæ сæмтты, Цас нæм ис æгъдау дæр!.. 376
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НЕ ’ХСÆН ИУЧИДÆР Не ’хсæн иу лæг зилы æмæ Алцыппæт дæр фауы. Калмау хнлы æмæ алкæм Сау хъæстæ-марг тауы, Байхъус-ма йæм, уымæн Иры Иу рæстмæ лæг нал и. Хурмæ, зæгъгæ, ис æвналæн, — Хурмæ дæр æвналид. Федта, зæгъгæ, раст йæ разы Саг-лæг хох фæлдахы, — Уымæй дæр зæгъид: «Æдых у, Хиптæ кæны махыл». Иухатты бæрзондыл бадæг Худы, фау æвæры. Байхъус æм, уæд Иры мæтæй, Лæг зæгъдзæн, фæмæлы. Афтæ ’нхъæлы: мах нæ зонæм, Чи æмæ цы лæг уыд Гамхуды бын цыд, фæлæ йæ Хатыдтам: бырæг уыд. 377
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Хиуарзон, æппæтæмбарæг, Алцæуыл æххæссыд. Кичиуал у æбон æмæ Химидæг ныррæсыд... Нал у хицау, фæлæ зонæм: Знон цы уыд, цы «хыссæ». Стыр бынаты бадтис æмæ Уыд йæ мæт йæ чыссæ... Афтæ зилы не ’хсæн æмæ Алы хъæстæ тауы. Хур нын хур у, фæлæ уый дæр Сау у, зæгъгæ, фауы. 378
ГМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ* ИУЧИДÆР Æмгæртты ’хсæн фæуæзбындæр, фæкъозбаудæр, Уæлейæ сæм дæлæмæ дæр æркæсы. Фæлæ сын, æтт, сæ къухы ауыдта арахъхъ, Йæ уд сын уæд сæ къахбынтæм æрхæссы. 1976 Дæуæн, мæ хур, æнцонтæй зæххæй, Мæнау, фæхицæнгæнæн нæй: Цы дæ зыны хæрдмæ — уæлæмæ, Ис дæ авд ахæм бынæй... — 379
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТ^ дысон ( Æз дæ сабыр, рæвдауæг цæстыты Дысон бакастæн диссаджы хин: Мæн куы фенис цъæх æрцытыл сагъдæй, Уæд дæ риуы ныззæй кæнид цин. 1978 БАЙРАГ ÆМÆ... ; Зæринхъуын байраг хæрæгимæ царди, Æмæ хæрæг цинæй марди, Йæ риуы буцæй дидин калдта уарди: «Мæ цæдис, — загъта, — байрагæн у кад». Цыдысты бонтæ, мæйтæ ивтой мæйты, Æмæ хæрæг райдыдта æнкъард: «Кæдæм ныддаргъ, æвæццæгæн, нын сафдзæн Нæ хæрджыты ’хсæн ацы ’взæр нæ кад...» 1978' 380
лМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ’ * * * — Хорз лæг дæн, — дзырдта йæхицæй, хъал уыди, Ныммыдул æппæлдæй, цы уыди, уый дæр нал уыди. 1982 аз * * * Лæгдзинадыл мын дифирамбтæ кастæ, Фæлæ химид ме ’ргом дзырдтæй тарстæ. * * * Фæзындысты дæ фыстытæ.— Фæцин кодтой нæ мыстытæ: 1982 аз 381 I
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТ^ * * * Иры дæ хуызæн ныййары ыстæм мад: Тохы быдыры кодтай уысмæн мард. 1982 аз * * * Лмарди, нал ис, Æмæ йыл ныр: «Афтæ уыдтæн йемæ, Уфтæ уыдтæн йемæ» Дифирамбтæ мысы, Пыссы. 1982 аз * * * — Хъочах, лæппу, рынчынтæ дæ ’ппæлынц^ Де скальпель фæци бынтондæр диссаг. Цалынмæ йæ дзыппытыл æруадзыс, Гъе уæдмæ дын никуы сисы риссаг? 382
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ тыхсын Райдайы зæрдæ хъуырдухæнтæ риуы, Байсы бынтондæр мæ уды æнцой: Хорз лæгтæй исчи куы райдайы чиуын, Свæййы йæ хъысмæт мæ сагъæс, мæ кой- МÆН УЫРНЫ Ма мын хъаз мæ уд æмæ мæ худæй, Æз дæуæн дæ хъазæнхъул нæ дæн. Ингæныл мæ бафтыдтай цæрдудæй, Фæлæ ма ’нхъæл: ацыдтæн, фæдæн. Ис ма зынг ныуæрст арты, мæ дзыллæ Уымæ тавид райсом кæд йæхи... Ды мæнæн цы фæуæфтай, цы «цыллæ»у Уый тыххæй æз дæуæн зæгъдзынæн: Басудздзæн дæ тутт уды дæ хин! 383 —
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ МА ЙЫЛ КÆН ДИС Уый нæу ыстыр винтик, ма йыл кæн дис, Фæлæ йын афтæмæй алцы дæр ис. Фараст хатæны йын хонынц бынæй, Фараст — уæлейы, нæ кæны фынæй. Ис ын рæсугъд ус, нæ зоны: циу куыст, Уыйхыгъд йæ мойæн нæй иу уысм æрхуыст. Йе ’хца кæм нывæра, — нал ис бынат Алы губындзæл æй рахоны ’рвад. Дары йæ хисдæрæн хицæнæй сæн, Аскъуыйа уастæн æмбойны йæ тæн. Ис ын æппæт дæр, фæлæ йыл тыхсынц, Исджын кæд уыди гуыбындзæлæн сындз?! Ис æм хæдтулгæтæ, ма йæ фæрс — бардз, Фæлæ йæ къуымтыл нæ фæзынд йæ хардз. Цас ын йæ хойрагæй кайынц фылдæр, Уыйас йæ удæн нæ вæййы зындæр. 384
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ* Тасгæ, къæхты бынмæ, ратты фæндаг. Зондджын у, зоны æгъдау æмæ уаг. Хицаумæ уымæн нæй адæмау рад, Хицауæн винтичы фенын у кад. Уый нæу ыстыр винтик, ма йыл кæн дис, Фæлæ йын афтæмæй алцы дæр ис. «Кусы», цы кæна, лæвар цард кæм и! Никæй «æндавы» йæ «зынад», йæ ми. Кусы, дыргъы дон лæмары йæ цех, Зонгæ лæппутимæ скодта æмцег. Горæттæй чи вæййы рохдæр, къæрис, — Свæййы йæ мæтаг, йæ сагъæс, йæ рис. Равзаргæ «сæнтæй» йæм саразы нук Æмæ дзы бауадзы хуссайраг туг. Æмæ æхцатæй æрхæссы æргъом — Ноджы ма горæтæн «кад» æмæ «ном»... Ахæм сæрæн гуырдæн — кад æмæ цырт, Махæн æддæбæсты чи скодта «цыт»! Уый нæу ыстыр винтик, ма йыл кæн дис, Фæлæ йын афтæмæй алцы дæр ис. Ма бафæрс, макæд: кæцæй æмæ куыд? Фадат у аразæг, фадат у куырд. 25* 385
—ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Чи стæм йæ цуры та, цъус у нæ хæс, Махтæн йæ цæсты хъæмпы хал — нæ уæз... Хъазы нын, хъулау, нæ удтæй йæ фаг, Уый кæм уа — ма агур бар æмæ уаг. Нæу уый ыстыр винтик, ма йыл кæн дис, Фæлæ йын афтæмæй алцы дæр ис... 1983 386
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ* «РÆДАУ» 0, куыд тынг, куыд тынг нæ уарзтай, Дæ хъыг, дæ зын ды махыл уæрстай.., 1976-1983. СÆРНЫВОНД Ард нæ бахордта Фыдызæххы номæй,, Мадæй, Фæлæ нæ амард, Артемау1, Æгадæй!.. Лохты Артем — меньшевик, дыууыпæм азты уыд ирои адæмы уæйгæнæг, 387
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ныв Æвиппайд арв сасæста, Хæфс æм хизæны фемдзаст: — Хуылыдз кæндзынæн, — Ныккатай кодта Æмæ цъыфдзастмæ Йæ хæлын къæхтæй, Гæппытæгæнгæ, атындзыдта. 1979 ПОДХАЛИМ Сусс, ма срæди, дæ маст нынныхъуыр, Фæцуддзæн хицæуттæм дæ кад. Фæлтау — лæхстæ, иваз дæ хъуыр, Лæгдзинадыл нæ хъæуы мæт, «Лæгау» ын загътай ды: «бæркад!» 1980 388
/ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ■ ДЗУАПП ИУ ХИЦАУÆН — Æз — дæ хицау, æз — дæ раздзог, Исты-ма мын зæгъ! — Нæу, куыд зæгъон, нæу дæ аххос: Сонт дæр зоны: фысæн алхатт У йæ раздзог сæгъ. 1976 ЗÆРИН Сыгъзæрины къæрттæй Сарæзтой хъайтары Фондзтигъон стъалы... Йæ иннæ къæртт та — Куйхор, гæртамхоры дзыхы Стъæлы... 1982 - 389
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ФÆДЗÆХСТ ХЪАЛТÆН Баназут æмæ уæ хæдзæрттæм Тагъддæр ацæут. 'Рмæст-иу алкæй Сытæй ма цæвут! №2 ЦЫ КÆНОН Æз мæ «хъæдын» уæнгтæ Алæбон æлгъитын, Уыдон фыдæй царды Дæлдзиныгæй хитын: Искæй раз мæ зæнгтæ Зоныг дæр нæ комынц, Чидæртæ та алхатт Уый мæнæй фæдомынц. Ноджы ма мæ сæр дæр Къул кæнын нæ комы, Хицау та мæ алхатт Ахæм цыдæр домы. 390
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ■ Ме ’взаг дæр — хæрзцыбыр, Ницæмæ нæ рæхсы: Хицауы зæвæттæм Ничердæм æххæссы. Хи хæрын, цы кæнон, Тасмачъи нæ фæдæн! «0» зæгъын нæ комын Алкæмæн йæ фæндæн. 1982 ИУ ПОЭТМÆ Ма дзур: «Искуы лæг уыдзынæн, Мæн искæдбон æмбардзысты». Ма дзур, лæппу, дæ сæнттæ дæ Æнхъæлцауæй ныммардзысты. Раздæх фæлтау дæхи дугмæ, Уым бацагур æмбарджытæ, Цæмæй сомбон дæ иувæрсты Ма ахизой нæ барджытæ... 1982 391
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ СÆРХЪЫЗОЙ Лæг уыд, фæлæ-иу Лæгау куы дзырдта, Уæд ын нæ барстой... Ныр æй йæ марджытæ, Сау табæты, Къухуырзтыл хастой. 1982 ДЫ НЫН ÆХЦАЙЫ ТЫХХÆЙ НÆ ФЫССЫС Æхцайы тыххæй нын нæ фыссыс рæнхъ дæр, Уæдæ ма кæм уыдзæн дæуæй нын лæгдæр? Фæдзурыс: «У чъизи, æлгъыст у æхца, Æнæ уый мын хорз цард куы раттид хуыцау!» Фæлæ дын у адджын, йæ мысын та зын, Æмæ дæм æрцæуы йæ коймæ фыссын... 1979 392
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ- КУРДИАТ Фыссыс æмдзæвгæтæ æлхъывд æмæ æлвæст Æмæ дын кад дæр ис аккаг, Фæлæ ма куынæ уаиккой сæ хъуыдытæ æрмæст Æрбадавæггаг! 1982* * * * Гъæй, цы куыстуарзаг уд дæм сæвзæрди: Алыхатт дæр дæ къухы ис бел... Худгæ-худын мын къахыс мæ ингæн Æмæ домыс: «Дзæбæх ма йæ фен...» 1976 393
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ДЫ КУЫНÆ УАИС... Дæлгоммæ хъуо^дытæ Æнæ дæу цы уаин, æз хатын, æнкъарын, Дæхæдæг мæ зоныс: æнæцыт, къуырма. Фæлæ мæм фæстæдæр цы хæрзтæ æрхаудта, Уый алкæмæн йе ’мкъай нæ радта нырма: Дæ фæрцы, уыныс мæ, æз кусын фæразын, Мæ тыхмæ хæрæг дæр фæкæны хæлæг. Дæ фæрцы ныууагътон мæ хæрын, нуазын... Кæм ма ис мæ хуызæи ныр абон цæрæг?.. Дæ фæрцы хæдзармæ рæстæгыл æрцæуын, Нæ мын ис дæ фæрцы сæрибар рæстæг. Дæ фæрцы ныхасы нæ цæуын быцæуы, Дæ фæрцы нæ тæфтыл нæ цæуы хæстæг! Зæгъгæ мын ды нал дæ, цы фæуаин, æммыст? Зæгъ, чи ма ивазид мæ фыстмæ йæ ком? Дæ фæрцы нæ кæны къуыриваг мæймызд, ,Дæ фæрцы у абон «Быдыргъы» мæ ном. Æппæт дæр — дæ фæрцы, дæ фæрцы æппæт дæр, Уæд ме ’рцыд, мæ ацыд, мæ бакаст, мæ уынд. Дæ фæрцы нæ уыдзæн мæ фæстæ мæ фæд дæр, Дæ фæрцы улæфын, нæ мæм хауы дзырд. 394
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ< МÆ ФÆСТАГ ДОМÆН Зулдзых мæм уыдтæ æмæ цæмæн? Уадз! Фæлæ-иу зæгъ: «Рухсаг у, Лео, Фæлмæн дын уæд, Мадау, ацы зæхх!» 1982 аз * * * Ех, цы хорз уд ызмæлы дæ риуы, Хатын, демæ ис «батухæн» фиу... Ды æнхъæлыс: æндæр чидæр чиуы, Æмæ хойыс тымбыл къухæй риу. 1979 аз 395
«ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ «АРФÆ» С. Михалковмæ гæсгæ Фаг дын фод цы ракодтай, цы ачырхтай, Ма нæ тæрс, нæ дæ кæндзыстæм «хъаст». «Батайæд» дын, кæд нæ хардзæй анцъыхтай, — Фод дын уый дæр Бæстыфарнæй барст. Исты кæд ыскъобор кодтай не ’хцайæ, — Батон сæ, дæ сæрыл хаст фæуæнт! Кусæм, фæлæ кæд дæ хуызæн не ’нцайæм, — Гъе уæддæр дæ макуы уæд нæ мæт. Ды, æрмæстдæр, цæр æмæ нын ма фæцуд, Махтæ — йеттау, не ’хсæдыс хуыртæ! Телефон дæр дар æмæ æппынæдзух, Зил ды радгай: 0—1, 0—2, 0—3... 396
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НОГ ХÆДЗАРЫ АРФÆ ПРОРАБÆН Æз куыд «ифтонг» дæн алцæмæй, У мын онгфидар афтæ. Макуы схъæрз, «мæнау» макæдбон, Уый дын ме стырдæр арфæ! Цас ис ме уæнгты цементæй, Уæд дæ сæры магъз уый бæрц. Ницы уыйас мæ атыдтай: Иу «Волга» æмæ иу кæрц! 397
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ДЫ ХЪУАМÆ БУЦ УАЙ Дæ уæхсчытæ афтид кæй ысты, Ды уымæй макуы ракæн хъаст: Дæуæн æнцон уыдзæни царды, Цæудзæн дын алы рæдыд барст. Ыстæй дæ хуызæн гуырдмæ ноджы, Æз зонын, иу хорздзинад ис: Ды никуы банкъардзынæ, никуы, Уæллагæн йæ рис! 1979 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ МАГАЗИНЫ «— Æмдзæвгæтæ нæ уарзын, — загъта хæрз- вæлыст, хæрзконд сылгоймаг æмæ йæм уæйгæнæг цы чиныг ралæвæрдта, ууыл æнæбары фæстæмæ ахæцыд. — Ау, æмæ афтæмæй сывæллæтты куыд хгюмыл кæныс? — Дисгæнгæйæ йæ бафар- ста урс дадалидэæын сылгоймаг». Реваз Инанишвилийы радзырд «Гигла»-йæ. Хатын дын, Реуаз, дæ зæрдæйы удсудзаг сагъæс. Фæлæ-ма чысыл адæмы скондыл цæстæнгас рахæсс: Ахæм мæдтæ нæм куынал уаид — Нал уаид давæг. Ахæм мæдтæ нæм куынал уаид — Нал уаид марæг. Шотайы гени алкæй уды не ’фтауы дидин! Зарæг нæ кæны, сыгъзæринау, ахæмтæм дзин-дзин. «Гуырдзиаджы мад» Чъавчъавадзе уымæн нæ фыста. Æмæ дын ма уæд йæ уагахаст, Реуаз, рæхуыстау. Цал фыдгæнæджы абон не ’хсæн йæ сæр ысдардта, Бафæрс-ма, Реуаз, кæмæй ысты, чи сæ ныййардта? Ахæм мæдтæ нæм куынал уаид — Нал уаид давæг. Ахæм мæдтæ нæм куынал уаид — Нал уаид марæг. «Картлийы хъысмæт» алкæй уды не ’фтауы дидин. 399 ■
——^ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Поэзи цы у ахæм мадæн, фестæт ын иу цин. «Иавнана» та цы бакодта рагталынг дуджы? Никуыцæй хъары ахæм мадмæ, нæй уый йæ туджы. Поэзи та йæ кæм бахъуыди, сур, афтид зарæг, Кæд æм фæджджидзаг æхца хæссы йæ дзыпкъах дарæг. — Сагсур Цотнетæ ахæм мадæй ды, макуы, ма дом. Ахæмты фырттæ Картлийæн уарзынц иунæг йæ бандон. Цал хатты хъуыстон: «циу поэзи?» æз ирон мадæй, Фæлæ сæ махмæ ничи тоны царды æгадæй! Мах Ирон мадæй, цы йæ æмбæхсон, уый бæрц нæ домæм, Уыйхыгъд фæззæджы æмбыд дыргътæ фæджджидзаг тонæм. Алы ран кæй ис ахæм мæдтæ, — уымæн ис давæг. Алы ран кæй ис ахæм мæдтæ — уымæн ис марæг. Алы раст лæгæн дæ сагъæс у, Реуаз, йæ сагъæс, Ничи дын зæгъдзæн: дæ зæрдæмæ алцыппæт ма хæсс! 27. XI 83 аз «Гуырдзиаджы мад», «Картлийы хъысмæт»— сты гуырдзиаг литературæйы классикон уацмыстæ. Цотне Дадианп — та у Акъакъи Цъеретелийы поэ- мæ «Нателайы» сæйраг архайæг — Гуырдзыстоны сæрыл йæ сæр нывондæн æрхаста.
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ КЛДЫЛМАРД Кæддæр Роммæ ныббырста карз, тыхджын знаг. Уæд Ромæгтæ бавдæлдысты æмæ сæхицæн паддзахæй равзæрстой, зонд æмæ хъæбатырдзинадæй æххæст чи уыд, ахæм гутондар Лучиюс Цинциннаттийы. Цинцин- натти ромæгты сæргъ куы слæууыд, уæд иæ зонды руаджы йæ тыхджын знаджы ныддæрæн кодта, уый фæстæ паддзахы бандоныл йæ къух систа æмæ фæстæмæ æрдомдта йæ гутон. Ромæгтæ дæр ын сра- зы сты. Ды нæ дæ ромæгтæй, ды нæ дæ уыдонæй, Иумæ нæ нуæзтат иу дуджы иу донæй. О, хуьщау, бахиз нæ ромæгты амондæй, Махæн Цинциннаттæй, зоныс нæ, амонд нæй. Махмæ лæг барвæндæй не ’рхиздзæн бандонæй, — Чи хизы хæрæгмæ махмæ бæхуæрдонæй?! Уый фыдæй бастъæлдзæн, басудздзæн фарны зæхх, Фæлæ йын: «ницы дæ», уый æргом макуы зæгъ. Разы у, бахæра уый уым йæ хъиутæ дæр, Кадылмард ракæндзæн мадæн йæ риутæ дæр. 26 401
——-ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Иу, æрмæст, макæдбон фесхъиуæд бандонæй, Фесты йын кæрц дæр ма ’ввахсдæр йæ хæдонæй» Райдайы адæмæй: «Уыдон та чи фæрсы?» Ауадзы алцы дæр хъусæн йæ иувæрсты. Фæлæ, æппынфæстаг, иу бон нæ кадылмард, Фенæм æй, акæны не ’хсæн æгады мард. Гъе, джиди, ромæгтæ, диссæгтæ ратджытæ, Цъус фыстат афтæмæй саг лæгтыл кадджытæ! 27. XI 83 аз 402
ÆМДЗÆВГÆТÆ — ПЫДЗÆВГÆТÆ* МÆ ИУ ЗОИГÆЙÆН «Ис хъыхъхъаг куыдз уынджы» Æз уæ кæртыл кастæн, Фæлæ дын куы зæгъон: Мур дæр дзы нæ тарстæн. Уый бæсты дæ дзыхыл Ахæм фыст куы дарнс... Фæлæ ныр дæ «куыдзæп» Бабæттæн дæр нал ис. Не ’взаг — зæдты ’взаг æмæ дæ курын: Ма дзы базар кæн, ма йæ кæн уæй! Бахæр уыйбæсты, «хорз» лæг, дæ намыс, Фæлæ цы бахæрай, уый дæр дын нæй! 1979 аз 403
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫЦЗÆВГÆТÆ ТАРДЗÆГЪДÆН Фæуа бæрзæйсаст Дæумæ къухсисæг, Магкоты мæсыг!.. Уас сæ мауал уа Тъымы-тъыматæм Сæрæй худ сисæг, Лæгæй удисæг! 1982 аз 404 —
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ЛЕУАХИЙЫ ЗАРÆГ Адæмон мотивтæм гæсгæ Ауадз мæ, Цхинвал, дæ иувæрсты, Хъаспмæ ацæуон, Уырдыгæй дын æрбаскъæрон кæфтæ, кæсæгтæ. Кæд дæ, мыййаг, æз истæмæн искуы бахъæуон, Уæд уырдыгæй фæзындзынæн тагъд дæ къæсæрмæ. Дард бæлццон у кæддæриддæр Ирмæ кадджындæр, — Æз уыдзынæн дæ зæрдæйæн ноджы адджындæр. Гъе ныр уал мæ мæ фæндагыл ауадз, абалц кæн, Ма мæ раздах Варианæй, ма, дæ фыдыстæн. Раздах-иу мæ дард Хъаспыйæ, ’хцайыл ма фæтыхс, Гайтма ды дæр истæй тыххæй исты хардз кæныс... Афынæй кæн, ацыцы кæн, уон дæ сæрыл хаст, Афынæй кæн, ма дæм хъуысæд дондзау чызджы хъаст.
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Ницы дæн — ды ма мын æй цы дзурыс, Чи зоны мæхицæй хуыздæр мæн? Дард мæ ды мæ уæзæгæй куы сурыс, Уæд кæд кодта афтæ та «лымæн»? Асæтт мæ, фæу дæ дзырдæн хицау, Систон æз æппæтыл дæр мæ къух. Фæлæ-иу дæ зæрдыл бадар иу цау: Иу цæмæйдæр баййафдзынæ цух: Ды мæнмæ кæм баххæссыс, гъей, уым дын, Ме ’фхæрынæй нал вæййы æфсис. Æз куынал уон, гъе, уæд ма кæй риуы Дардзынæ, цъыфæйдзагæй, дæ сис? 1983 аз 406
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ™ ХИЦАУ ДЕ ’РДЫГÆЙ КУЫ УА... Кæд дае хицауæн ысуа дæ фенд адджын, Уæд ды нæ уыдзынæ ницæмæй хъадджын. Алкæм дæ хиздзæни цардæн йæ зынæй Æмæ нæ уыдзынæ цух ды кæрдзынæй. Балцы уа, фынгыл куы уай ды йæ фарсмæ, Чи дæм ысдзурдзæни, чи уæнды арсмæ? ’Рбацæуай, ацæуай — алцы дæ бар у, Дардыл у хицауæн, зоныс, йæ хъару! Ды æрмæст уый дзырдыл «нæ» дзурын ма зон, Фестдзыпæ хуры цур уымæн йæ уарзон. Уый дын йæ хæдон дæр раласдзæн рагъæй, Зæххыл дæ нал уадздзæн ацæуыи къахæй. Уыйхыгъд: йæ тæккæ цур чи мæца хиды, Дзурдзæн дзы: «Ай та ма зæххыл цы хиты?» Царды йæ фарсмæ æмсæр гуырд нæ уыдзæн, Фæлæ дæ «куырм» хицау уый куыст нæ уындзæн. 1983 аз
ÆМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ФАГ ДЫН ФОД «Лрдыгои не стæм», зæгъгæ, уый бæл- вырдгæнæг археологмæ». «Ахуыр» лæг дæ Иры бæстыл, Къахыс ингæнтæ. Æмæ нын дзурыс: «Махæй не сты». Алкæм цингæнгæ. Ноджы ма дзурыс сусæг-æргом, Мыййаг иу ран нæ: Ацы зæхмæ, дам, знон ’рхаудтой Не ’мтуг ирæттæ. Зонынц цин кæнын «де стыр зондыл»,, Махæй чидæртæ Æмæ сбуц вæййыс, цыма систай Хъарсы фидæргтæ. Æмæ хъалсæрæй фæцæйцæуыс Иры, — «махон» дæ. Ингæнты та дæлгоммæ ’рзилынц Не стыр балхонтæ! 408
, ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ* Чи дæм бауæнддзæн, чи дын зæгъдзæн: «Ирæн йе знаг дæ!» «Ардыгон не стæм»! ныддаргъ кæныс Ноджы де ’взаг дæр. Мацæуыл батыхс, фаг дын уыдзæн Цинтæ, хорзæхтæ. Зоныс: базары дæ хуызæттæ Исынц хорз æргътæ. Галау богъ кæнын: мауал нын къах Иры ингæнтæ. Бар мын ис, зæгъгæ, ныппарин дæ Æз уым цингæнгæ. 409
’ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НÆ СÆРДАР Фельетон Афæдзæн йæ райдианы хъуыстам Мах дæ дзырдмæ, стыр æмбырды, уæд. Зал нызмæлыд, фестадыстæм хъустæ, Тынг фæцыд нæ зæрдæмæ дæ фæнд: — Рауадздзынæн хоры зæйтæ, — загътай, — Фестдзæнис нæ мæгуыр зæхх хæндыг. — Махыл уæд цыдæр цинтæ æруагътай, Æмæ дын лæууыдыстæм уырдыг. Уым уæдмæ дæуæн дæ дзырд фæкарздæр, Загътай: — уый пæу алцæмæн кæрон... У мæнæн нымад æппæт дæр раздæр, Æмæ у фылдæр райсын мæ бон. Фестдзæнис æхсыры цад мæ колхоз... Ды пæ разы бахордтай уæд ард... — Фаг уыдзæн нæ фосæн скъæттæ, хорз хос: Акæлдзæн йæ хъуырæй махмæ цард... Дзырд фæдæ, — ныннæрыд дардыл æмбырд, Истам мах ыстыр буцæн дæ къух. Стæй куыд нæ, цы пайда ма уыд фырдзырд? Ракастис дæ цинæй махыл хур. 410
/ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ — Ацыдыстæм æмæ нын дæ ныфсæй Уæд нæ риуты нал хуыссыдис арт. Мах цы зыдтам, мæй куыд у нæ зæхмæ, Афтæ у дæ дзырдмæ хъуыддаг дард. Аивгъуыдтой зымæг æмæ уалдзæг, ’Рцъыкк ласта дæ иувæрсты дæр сæрд. Нал у махмæ фæззæг дæр ныр уазæг, Уæд ды та кæм нымбæхстай дæ сæр? Зымæг дын уыд карз æмæ фыдахин, «Ракæсæнтæ» уазалæй нæ уыд. ДОахæп та ыскодтай ног фыдуаг хин, Æмæ радтай уалдзæгæй ма дзырд. Фæлæ уый дæр, бастъæла, нæ фæци Къухылтухгæ, «уарыд»-иу дзы хатт... Æмæ та нын райдыдтай, Гæб.тггн, Алы ’мбырды де ’фсонтæ фæлхатт. «Бауадзут мæ сæрдмæ æмæ фенæм!..» Де ’ртхъирæн ма уый уыдис æрмæст. Фæлæ та дын нал уыд уæддæр фенæн, Никуыцæй дыл нал хæцыдис цæст. Разылдис дыл сæрд бынтондæр «сайдæй», — Бацардис «дæ зæххытыл» зынг хур. Ныр хæрыс, хæрыс нын ард дæ цардæй, Леуахи, дам, бахуси, ныссур... Иунæг ма дын фæззæг разынд диссаг, Алцæмæй дын сарæзта дæ къух: А-ныр тыллæг быдыртæй куыд «сисай», Афтæ сыл ныууарыд урс мит-пух.
-ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ: Æмæ уæд ысулæфыдтæ цинæй, — Ратдзынæ та фидæн азæн дзырд. Фæлæ ныл кæдмæ цæуай ды хинæй? Не ’хсæнæй тагъд баййафдзынæ сырд. Чи ’нхъæл уыд дæуæй æмæ цъæх арс дæ? Цъыфдзастмæ дæ «кады ном» ныттылд. Адæмæн сæ фыдæхæй нæ тарстæ, Æмæ у дæ фæдыл ныр æфтыд! 412
ШДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НЫРЫККОН ПАТРИОТИЗМ Иры уарзт нæ риуты ссудзы, Физонæг куы фенæм, уæд. Гъе уæд нæм нæ зæрдæ сдзуры, Гъе уæд ыл фæкæнæм мæт. Гъе уæд нæ фæфæнды хъуырыл Иры зæхх, æгънæгау, дарын. Гъе уæд нæм фæкæсы амонд Уый сæрыл мæлæт ссарын. Фæлæ æйтт, зæгъгæ, фæцыди: «Чидæр Иры сæрæй хъазы»! Уæд кæрдæнты бын, нæтгæйæ, Марды ’фсон скæнæм базыл. 413
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТУЕ ХÆДДЗУ ÆМÆ ФЫСЫМ Ацы хатт дæм номæй æз нæ дзурын, — Ма ’рывæрой адæм дыл сæ цæст. Ибон дæр та рестораны цуры Ахаудтæ, уыдтæ цъыфæй æзмæст. «Мукта у», — дæ мид-зæрды ныдздзырдтай^ Æмæ сæнæй нал зыдтай æфсис. Дардыл уым дæ дзæргъгуыбын ныззылдтай, Фæлæ-ма йæ айсын дæр хъуыдис. Æмæ ды кæй «мукта» нозты хаудтæ, Уый дæ фæстæ цас фæхудтис, цас! Цъыфы мидæг аивæрзтæ, бадтæ Æмæ сидтæ: «Æз нæ хæрын кас»!
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ МА КÆН! Ирон дæн — къуыдайраг, Ды та ма цы дæ? Мæ фæдыл — мæ байраг, Фæсиры чъызгæ. Кæд мын фæдæ найгонд, Дæ тыллæг кæм и? Дæ гуырæй у райгонд, Нæ зыны дæ ми? Дæ уæхскыл нæ зыны Дæ сæрæн йæ ныв. Æрмæст дæ нæ зыны Фыдбылызæн — цырв. Хуыздæр у, дæ къæлæт Кæм баст и, уый зон. Æвзæрæн йæ мæлæт — Йæ райгуырæн бон. I Фæцырд кæн, æрцъынд кæн, Цы ма у дæ каст? Дæ къух ам æрцъыкк кæн, Нæ кæндзынæ хъаст. 415
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Ды уымæй нæ Ирæн Ыскæндзынæ хорз. Нæ дыууæйæ иуæн Бæрæг у йæ фос. 1983 аз 416
ЯМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НОГ МОДÆЙЫ КРИТИК Цынæ чиныг ын фендзынæ йæ къухы, Цæугæ-цæуын кæсы, фыссы. — Гомер, Данте æмæ Да-Винчи, — Зæгъы: мæнæн та, дам, цы сты! Хæссы цигататæ Бальзакæй, Ребранты рахуыдта поэт. Фæдзуры: Пушкин дæр, дам, давта, Фыста, дам, Фаустыл дæр ед... Зæгъы Белинскийæ: рæдыдис, Русланыл уæгъды калдта цъыф. Поэтæй чи райгуыры, уый, дам, Фынæйæ дæр нæ кæны цъынд. Нæма йæ равдæлдис Къостамæ: «Хъæуы йæ бахсæдын» — зæгъы. Цæмæн баргъæвсти халон сындзыл, Кæд æмæ зыдта тæхын?! Æмæ цæуы, цæры уый не ’хсæн, Нæ дуджы, дам, хъæуы мæ сæр... Æмæ ныл кæд фæкæны хахуыр, — Къæбæр ын ’нæвгъау ис уæддæр! 1965 аз 27* 417
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Иучидæр мын иу бон загътаг «Нал у, нал, Хæмæт хуыснæг». 'Рмæст куынæ скæны халтурæ, Уæд уый нал фены хуыссæг. «У нæхи Тохти магуса», — Саг лæгæй афтæ чи загъта? Ау! Æгас сæрды аууæтты Кæрдæджы хал куы нæ суагъта. 418
/ЕМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ «ПАТРИОТ» Дæ зæрин уд нæ Ирæн, Æгæр рæдауæй ма хъар. Хъæудзæнис та дæ, зонын, Тæккæ райсом дæр, бамбар! Æрæджы дæр æй Ирæн Дæ армы дзыхъхъы хастай, Фæлæ... Гонорар фæччидзаг Ды куынæуал райстай, Фæцырд дæ уæд æмæ йыл Æргъæу чырын ныхгæдтай. Мæхи, дам, нæ уыд, загътай, Дæ хуыздæрты ныгæдтай. Фæхудтыстæп пæ химид Æмæ нырма дæр худæм: Ис алцæмæн æмбæхсæн, Нæй бамбæхсæн мæнг удæн. 1987 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ МÆРДДЗÆСТ Йæ зæрдæ йыл нæ цæуы хинæй, Ыстæй нæ уыдзæн уый бынтондæр. Йæ цуры уæ куы мæла исчи, Йæ дзыхмæ йын нæ ратдзæн дон дæр. 420
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ФАЗЗОН ÆФСЫМÆРТÆ Наталья Кончаловскаяйæ Мах нæ дыууæ нæ бакастæй Алкæуыл дæр дис æфтауæм. Зæхх фæлдахæм, кусæм æмæ Фидæны хор иумæ тауæм. Хатт ныййарæг дæр фæтыхсы: Нал фæзоны чи нæ чи у, — Карды карстау, фестæм æмæ Алцæмæй нæ бакаст иу у. Афтæ махыл, хъазгæ, худгæ, Аивгъуыдта æртын азы. Фæлæ мæнæй Джиуæры ’фсон Хивæнд хъысмæт хъулау хъазы. Иухатт Джиуæр кæйдæр кæртмæ Хъыхъхъаг куыдзыл дуртæ ’ппæрста. Æмæ мæн та, мæгуыр мæ бон, Куыдз йæ быны æрнуæрста. Бавдæлд ноджы, мыд фæхордта Сусæгæй æмæ фæомдта.
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Дохтыр та мын Джиуæры ’фсон «Хос, дам, баназ», мæнæй домдта. Уый дæр раджы: — кæйдæр балмæ Бахъуызыд æмæ йæ ’рсаста. Хъус мыл нал баззад, йæ хицау Мæн Джиуæры ’фсон æрцахста. Уыдоныл хъæцин, фæлæ мын Уарзон чызг йæ фæдыл алыгъд. Уас, дæлдæр фæуа, мæ раттæг, Цал хатт æм мæ сау маст рафыхт.., Бацардысты, уарзон чызгæн Æз йæ хъуыдыйы дæр нал дæн. Фæлæ махæй сиахс чи у, Уый бæрæг нæу чындзы мадæн. Искæдбон Джиуæрыл искуы Исты сау хабар куы ’рцæуа, Уæд тæрсын, мæ мæгуыр сæр сын Ингæнмæ ивдздзаг куы фæуа. Алцæмæй нæ дæн æпамонд, Иу хъуыддаджы бафтын дисы: Джиуæр фыссы, æз та мæхицæн Бадгæйæ гонорар исын. 422
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ПОЭТЫ НОМÆЙ ХИ ХЪАЛГÆНÆГ «Æз дæн поэт», — йæхи ысдыдта Махты онг дæр ’рыхъуыст... Махæн циу, стихты мады зæрдæ Адæргæйæ сæнкъуыст. ГОРÆТЫ ХИЦАУ «Дæтты, дам, хионтæн фатертæ», Ма уарз, дам-дум, уый у низау. Ау, хæстæгджын фыды фырт у, — Æмæ горæтæн та — хицау! 423
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Ма мын дзур: «Нæ уарзын Хъаны цард фæрсылæй», — Уæд æхца нæ курис Алыбон дæ сылæй. 1976 аз * * * «Æтт, цы уалдзæг ныл ыскодта, Стæй цы рæсугъд у нæ дуг!» Зары магуса æмæ Дары хордæттæм йæ худ. 1976 аз * * * Хуыссæг нал цæры мемæ, Дард мæ алыгъд тæргай: Дысон куыйты рæйынмæ Хъусын баци мæ хай. 1978 аз — 424
■ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ •к * * Алцæмæ дæр арæхсы, Ллцæмæ хæссы йæ ныфс. Фæлæ пайда цас хæссы, Уый макуы зæгъ, цъысс! 1978 аз. •А * * Стыр гуыбын, цыбыр къæхтæ, Цæугæ-цæуын ныддыдæгътæ, Нæма зоныс, цы дæ зæгъдзæн, Фæлæ хатыс: йæ куыдзы ’взаг Дæу фæндырты кæй фæцæгъддзæн. 5 III 80 аз 425
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТЛ: ХЪЫСМÆТЫ «УАРЗОН» Буц у дæ радтæгæй, арвмæ дæ систа. Никуы дзы фехъуыстон: ма уа, фæхист уа, Райгуырцæй абонмæ алцы дын фаг уыд. Ницæуыл батыхстæ, алцы дын — агуырд. Мадæн цынæ ’нтысти, — фыд дын æй хаста, Иннæ хъæбулты ’хсæн алчи дæу уарзта... Уæд æз дæр сау рох нæ уыдтæн хъысмæтæй, Фесæфта йе ’нцойад, нал уыд мæ мæтæй: Тарстис мæ мадæн æмæ йæ фæхаста, Æз та цы кæндзынæн, уымæй кæй фарста. Дзабыр дзы чи домдта, ’рчъи мын нæ уагъта, «Какон сындзы ад дам базонæд», — загъта. Амонд мыл сагъуыди, иунæг мæныл тыхст, Асаст-иу какон сындз, къахы мын нал ныхст. Хурæй мын бахуыдта сау хæдон-дари. Загъта мын: «аразын æз дæуæй уари». 426 —
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ — Ноджы мæ фыды уый бауарзта удау. Стыдта мын уый дæр мæ удæй Иуда. Дардта мæ хус дзулыл, фаг дзы кæм уыди? Хъуамæ уон удфидар, уый йæ фæндыди. Радта мæ къухмæ рæдауæй цым лæдзæг, Арвыстон уыимæ æз уæд мæ уалдзæг. Хорзы мын бацыди, нал мыл куыдз хæцыд, Радта мæм хъæуы фос, сахуыр дæн: «æцых!» Гъей, джиди, амонд цы «рæдау» лæг разынд. Иу ма мæ сæрыл йæ куырой нæ разылд. Иннæтæй алцы мæ удыл æвзæрста. Уарзта мæ: гомбуар митæй æмбæрзта... Ма ’ппæл мæ цуры, дæ хъысмæтæй «рох» дæ. Никуы дын фелхъывта, зонын, дæ рохтæ. Абон уæд, чизоны, исты æмбудис, Æмæ дæ къæбæр адджынæн æмпулис! 5. XII 84 зз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ: * * * Ахауди, амарди, батар ыл дуне, Никуы йæ федтон æз ахæм тыхстæй... Чи сæ фæнымайдзæн, цалæн ныууагъта, Абон йæ фæстæ, йæ зæрдæ рыстæй? Фидис, æлгъаг дзырдтæй йе ’фсис нæ зыдта, Калмау ын йе ’взагæй алчи дæр тарст. Алкæй дæр фаджысы, цъыфты æвдылдта, Макуы уа, уастæн, йæ радтæгæн барст! Хисдæр, кæсдæры цур аргъуц нæ зыдта, Адæмæн диссагæн баззад ныр ам. Додойаг фесты — кæй цурмæ фæцæуы, Иу сæ йæ уазбынат нал кæндзæн хъарм. Чи у, кæй бафæрсон: æрдзы цы фæндыд, Ахæмы уды цæмæн уагъта гуырдз? — Чизоны загъта: дыкъахыг цæуæгæй, Фенон кæддæра куыд рауаид куыдз?! Æмæ нæ фæрæдыд, уæууай, дæндагæй Алкæй дæр кодта, æнæвгъауæй, хурх. Мауал æй раздах, о фехъус, йæ радтæг! Ничиуал баззад йæ фидисæй цух. 1984 гз 428
ЯМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ «ЗЫНГÆ» ЛÆГ Нæ зыны нæ зынты, Нæ дзы домы хай. Фæвæййы хъæрзынтыл, Фæлидзы тæргай. Иæ цинагыл цинæй Нæ байрайы мур. Фæхæссы уый хинæй Йæ фæджджийы дур. Нæ хъыгæн йæ хъыгыл Нæ бакæны хъыг. Тъæпп хауы — ныттымбыл, Йæ мæты сæр — фынг. Нæ зæгъдзæн кæугæйæ: «Дæ зын у мæ зын». Зæронд лæг уæвгæйæ Нæ зоны хъæрзын. Цæры уæддæр не ’хсæн, Æхсыны къæбæр. Фæнды йæ нæм ехсæй, — Нæ йæм хъуысы хъæр. 429
»- ÆМДЗÆВГÆТÆ — ИЫДЗÆВГÆТÆ Æлгъыст фæуа уастæн Йæ радтæг, йæ мад! Ныййардта хъæубæстæн Пæрæццагæй мард. 1984 аз - 430 -
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ИУ ПОЭТ Ис хæлмаг поэт нæ Иры, Маргæй у йæ зæрдæ дзаг. Мур йæ зондахаст нæ ивы: Фестæм ын, зæгъгæ, бындзагъд,, Уæд ыл цины зæй æрцæуид, Хурварс абадид йæ уд. Мæйыл цингæнгæ æрцæрид, Хъуысид уырдыгæй йæ худт. Фæлæ йын хуыцау йæ лæхстæ, Нал исы æмæ хъæрзы. Афтæмæй йæ туг фæхъæстæ, Тагъд ын сæррайæ тæрсын. «Æз куыдзы рæйдмæ нæ хъусын, — Дзуры йын хуыцау æргом, — Бауадз фæсивæды кусын, Ма у низ æмæ хъæдгом». Фæлæ мара зæгъ, нæ куыдз дæр Уайдзæфмæ фæкæна чъил. Ныр ын цал хатты нæ хуыздæр Асаста йæ синтыл хъил.
ÆМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Не ’мбары уæддæр, йæ рæйын Ахсы уал азы нæ хъус. Исчи кæд фæкæлы, — райы, Кæннод цардæй у æбузн, Уый, нæ хæдмæлхор Абоз! . 4. XI 83 аз 432
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ДÆ ЦÆСТЫТÆМ КÆСГÆЙÆ Ды дæ уæздан, нывау — хæрзконд, Зоныс ды дзырдæн йæ «бæрц», Кæйдæртау дын нæ баййæфта Уæлæнгæйтты дæ гоппа къæрцц. Ды дæ нымдлæг, фынгыл «гуыххæл», Нæ хæрзтæй нæй дæуæн æмсæр. Дæ уæхсчытыл хæссыс гуыбын, Йæ быны та цæры дæ сæр! 1984 аз 28* 433
гÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Хæссы уый худ йæ сæрыл,. Цæуы æмæ цæры. Йæ хæдзары къæсæрыл Нæ бафæрсы: цæуыл, Зæгъгæ, æргæвдынц искæй, Каецæй йæм хауы кæ?! Кæд чи айста йæ низтæй, Зæгъут ма йын, уæвгæ! Хæссы йæ худ йæ сæрыл, Йæ хъусты та — къæрмæг, Бынтон æвзæр нæ цæры, Йæ фаг ын ис кæрдæг. Дæ бар — дæхи, ныххаф нын Паддзахадæн йæ дзыпп. Уый — худы бын, йæ дзыхæй Нæ сæхъуысдзæн хъыпп-сыпп. 26 XI 83 аз- -- 434
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Гæртамхор фынгæй хъазыди Æрмæстдæр, дам, дзы хъаз уыди. Фервæзтæ, дæу гъе ныр Нал хонын мæгуыр. Абононг нæ зыдтон, Циу, цы у дæ гуыр. Гъе ныр ма дæ цуры Пут сыгъзæрин циу? Ахгæны дын цинæй Химидæг дæ риу. 435
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Маргæн у йæ грамм Тынг зынаргъ, зæгъынц. Тоннæ дæ, схъæл дæр Уымæн у дæ фындз. 1982—86 аз МА ХЪÆРЗ О, ма кæн йæ кой дæр, дæ зæрдæйæ ма хъæрз,— Дæ низæн йæ аххос — у иунæг дæ цæст: Ды уымæй æмгæртты цæрдудæй кæй уыныс, Гъей, уый у дæ низæн йæ аххос æрмæст. 1982 аз 436
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ÆНХЪÆЛЦАУ Æнхъæлцауы зонут, хуымæтæг гуырд нæу, Кæй радавой дзыхы, уый уыдонæй нæу. Фæзынд æм хъæргæнæг, Уым диссагæй ц’ и: — Дæ хæлар Хæмæтæн Йæ уалдзæг фæци... Æмæ дæ, Æнхъæлцау, Йæ хæрнæгмæ хуынд. Фæзын-иу æмæ йын Ысбуц кæн йæ фынг. — Лæг хъуыдыты ацыд: «Цæуон, уæд цæмæн? Æз сабæттаг фидон, Æмæ уæд кæмæн? Бæргæ мын хъыг уыди, Ыстыр у мæ мæт, Фæлæ мæ ныр мардæй Кæм хъæуы Хæмæт?..» Æнхъæлцауы зонут, цæттæ у йæ дзуапп, Йæ номы æрцарди йæ удæн йæ апп. 1979 аз 437
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ФÆЛУРС ГАЗЕТЫ РЕДАКТОРÆН Ех, куы уаис, уалдзæг, ды уымæн йæ дæлбар, Дидинæг куыд калис, — фенин дæ уæд æз: Раст цы газет уадзы, уыйау ды дæ царды Не скалис, мæ хæлар, иу хатт дæр дæ хуыз. 1979 аз * * * Дзырдтой мын: у марг, дам, хæлæг лæджы тугæй, Дзырдтой мын, фæлæ мæм нæ хъуыст. Ныр абон кæй мæлын дæ хъæстæйæ хурхæй, Уый хъусыс æмæ дын нæй цинæй æрхуыст! 1982 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Ды мын дзырдтай: — Сабыр, сабыр æмæ сабыр! — Æмæ цы? — Мæ къахыл никуы скодтон дзабыр! Ды та? Цъырдтай!..
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Æдзухдæр дугæн ды цæуыс йæ фæстæ, Æмæ дын уый дæр хорз фиды дæ хæрзтæ. Æппæлы дæ, хæрзрог, дам, вæййы де ’ргъом. Æдзух æм дарыс ды «лæппуйау» де ’ргом. Зæгъгæ, чысылдæр ды фæдæ йæ разæй, Æрмист фæдæ, — дæ ис æмæ дæ азæй. Йæ чъылдым, зæгъ, мæм цæмæн сыздæхта — дзурдзæн. Фæлтау æрлæуу, фæстийæ дæ нæ сурдзæн. 1980 аэ * * * Хорз лæг æй хуыдтой æмæ Химæ ныккаст. Чи-иу дзы не ’ппæлыд, — Кодта дзы хъаст.
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ФÆСТАГ СИДТ Мæ хæлæрттæ, фæцæуын æз уæ цурæй, Адзалы уысм мæ нывæрзæн лæууы. «Æфсæст» уыдтæн уæ уарзт æмæ уæ хурæй, Ныууадзут ныр, нæ мыл хъæуы кæуын! Хуынæн хæссын уæ хъарм цæссыгтæ мемæ, Фæлæ мæ риуы иу сагъæс ныццæм: Æнæ сымах кæимæ цæрон, чемæ? Хæдуд, зæгъ, дæ, æвæрдзысты мыл къæм. Нæуæгæй та кæм агурон æмбæлттæ, Фыдных, хылкъах, фыднозтгæнджытæ уым? Фæлтау мæ фæдыл ратындзут, «хæлæрттæ», Æмæ та уым дæр афæлдахæм «хуым». 1979 аз
«ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ МÆ ФЫРТ «Цы мын фæдæ?» — Ма дзур, Цыхъом дæн, — уыныс. Мæ цæссыг сæрфгæйæ Ныххуылыдз мæ дыс. «Æцæг ын цы фæдæн?» Мæ уды фæрсын, Фæлæ мæм уд нал и Æмæ мын фæзын. Дæ уд — уый мæ уд у, Дæ мидæг æрцард. Æндæр дын цы кæнон, Кæд цъус у мæ рард?!. 18. XII 84 аз 442
ÆМДЗÆВГÆТÆ — ПЫДЗÆВГÆТÆ * * * Хæфсы цард фæкодтай Дæ цъыфдзасты ды. Уæддæр дзы нæ куымдтай, Ныр дæр дæ фæнды: Дæ уаст ма дзы иу хатт Куы айхъуысид дард... Æмæ уæд йæ уæлвæд Хуы ’рцæуид дæ мард. 1984 аз * * * Дзæгъæлхæтаг усау, Сырддонцъиу-мад Кæмдæр, — кæимæдæр Хъазыныл фæци, 443
-ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Йæ риуы нал цыди Йæ цин... Ам та, ахстоны, Йæ бурдзых лæппын; Хæринаг куырдта Æмæ куыдта...
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ГОНОРАР Басни Иу лæгуын уасæг ссардта стихтæ, Сау дис ыл бафтыд, кæны сыл джихтæ: — Чи сын ныцъцъæл кодта, Цымæ сæ «хихтæ»? Уæд зæронд уасæг февзæрд йæ цуры Æмæ йын сабыр йæ хъусы дзуры: — Цъæлтæй сын ма тæрс, æрмæст сæ ’взарыс? Уый кад у, ыстыр кад, кæд афтæ зарыс.— Уым поэтикæ нæ хъæуы, ма тыхс, Ды дæр ма сфæлвар, зындзинад бабыхс. Чи сæ не ’мбара, уымæн æгад у, Ахæмтæ фыссæг лæгыл нымад у. Лæгуын уасджытыл айхъуыстис хабар... Ацу æмæ сæ, хæйрæг, ды бамбар... Мæллæг хъæлæсæй райдыдтой уасын: — Хъ-и-хъ-р-и-и-хъ-и-и! Æмæ та: гонорар æри-и! — Хъ-ихъ-р-и-ихъ-и-и! Æмæ та: гонорар æри-и! Зæронд уасæг сын фырбуцæй дзуры: — Уæ зарæг тавы, æнæмæнг, хуры. Æрмæст ма «Хъихъри» ивазут даргъдæр, Уæхæдæг зонут. Ахæм зарæгæн фылдæр ис аргъ дæр... 1963 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * •% * Уыдис рæстæг, æмæ дæ уындмæ Дæ мад мæлгæ-мæлын бæллыд. Ды уæд Иры зæххыл «лæг» уыдтæ^ Æмæ дын уый рæстæг нæ уыд. Фæцардтæ афтæ æмæ иу хатт Дæ дзыхæй никуы схаудта: «цитт!» Ныр модæйæ æрхызтæ æмæ Дæу фенын нал у дефицит. 1979 аз * * * Цалынмæ нæ давта, — Никæмæн-иу «барста», Ныр ныгъуыли цъиуау ’Мбæхсы махæй Парса. 446
ЕМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * ’ Ревизорæн хицон нæ уыд, Бухгалтер æм дард уыд. Хъаст дзьг кодта, йæ лæвар, дам,. Цалдæр боны дард уыд.
•ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Дæ дзырдтæ маргæй ахорыс Æмæ сæ уарыс де ’мгæрттыл. Æз хатын: мæн дæр агурыс, ! Мæ хæйттæ дарыс де тæртты. Фæлæ ма зæгъ: зæронд цъиуы Кæд чи асайдта цъæмæлтæй? Бæллыс æдзух: куы фæчиуин, Уæд амæлис æнæмæтæй! Нæ мæ зоныс, æвдудон дæн, Æмæ ноджы — æпæвдæлон... Хуымон лæг дæн, хæдгутон дæн. Кæд уыд мæ цард æнæвæлмон? Фæвæййы хатт: хъæстæ дзырдтæн Сæ марг хи ’рдæм фæлæдæрсы. Фæлæ уым дæр куыдзы фырт дæ, Дæ зæрдæ сæ нæ удæсы. 14 XI 83 аз 448
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ КÆМÆНДÆР ЙÆ НЫССАБЫРЫ АХХОСАГ Æмæ дын уæд цы фæхос и, Уæрыккæй куы сдæ сабырдæр, Фæкозбау дæ, фæуæздандæр, Фæсарæйнаг — дæ дзабыр дæр. Кæддæрау мын ды нал кæныс Дæ тыхст æмæ æхцайы кой, Дæ бынтæй ныр, æвæццæгæн, Иры дзыллæ фæцæриккой. Фæфæрсынц мæ дæуæй, зæгъгæ, Куыд фестади зæлдаг хæцъил? Цы дын зонын, дæ сæры зонд Къæссавæлдæхт цæмæн фæци? Æрмæст: Дзынга иугæр ныссабыр и, Иугæр банцад йæ гуыз-гуызæй, Уæд æй зонын: йæ сау хытъын Æфсады уый кæйдæр тугæй. 1979 29* 449
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ИУ ЦЫППАРКЪАХЫГ ÆМÆ ИУ ДЫКЪАХЫГ КУЫДЗÆН Æцæг куыдз мыл куыдзы рæйдæй Æвзонджы бон рæйдта. Дзырдтон-иу ын: цæй, мауал рæй Уæддæр-иу мыл рæйдта... Æмæ афтæ куыдзы рæйдыл Фæцахуыр ис мæ хъус. Цы дын зæгъон, дыкъахыг куыдз, Дзæбæхдæр-ма мæм хъус. Кæд дæ фæнды — сыгъдæг куыдз фест, Нæ дæ тæрсын уæддæр. Куыдзы ссыртæ ныссæттынмæ Æз арæхстæн кæддæр. Фæлæ... Фæндаггон дæн, мæн де ссыртæн Сæ тас бынтондæр нæй! Мæ дыкъахыг, мæ дыкъахыг, Дæ фарс атона, рæй!!! 450
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ * * * Алцы дæр сараз, Ирыстоны бастæр, Бахæр æй, баназ æй, уыдзæни дын «барст». Фæлæ «Ирон дæн» уый уæддæр ма дзур, Фаг нын дæ мастæн... Бамбар, дæуæй йын хуыздæр у... Нæ баст дæр! 1981 аз * * * Нæ дæ æвзæр фыссæг æмæ дæ Нæ хъаст кæнæм культурæйæ, Дæ фæрцы мах нæ пълантæ Феххæст кæнæм — М-а-к-у-л-а-т-у-р-æ-й-æ! 1979
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ «СИДЗÆРТÆ» Сæ фыд у хиуарзон, дæлбындзог, Нæ кæны хорз хуымонау хуым, Æдзух — æрхуым. Сæ мад нæ зæронд кæны уарзты, Дæтты дзы алкæмæн йæ хуын, Æмæ нæ хъарм кæны йæ къуым. Кæсын æз «сидзæрзад» хъæбултæм, Зæххыл сыл иу батыхсæг нæй. Бæргæ сæ сфæлдыста сæ радтæг, Кæны сæ рагцин та фынæй. Сæ фыд пехуымпарау у «зондджын», Сæ мадæн хурау у йæ уынд. Фæлæ нæ сидзæртæ сæ исæй Нæ зонынц иу мур дæр рæвдыд! 1982 аз 452
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ ЦÆСГОМÆЙ ДÆР ЦÆРЫС ’Рвылмæй иу хатт бахудыс дæ мидбыл Æмæ ноджы рафыцы нæ маст. Стæй куыннæ: дæ хъуыддæгтæ, дæ митыл Иу фыдракæнд никуы ’рцыдис баст. Æмæ ныр зæрыбоны парахат Стыр пенси паддзахадæй хæрыс. О, фæлæ ма зæгъ, уæддæр дын цал хатт Сахуырстис рæстаг тугæй дæ дыс? Мидхæсты, — куы ирвæзт арт нæ Ирыл: Дон нæм хастай, не знæгтæм та — дзырд. Дардтай ды дыууæ зæрдæ дæ риуы, Никуы ’ркалд дæ тугæй зæхмæ цъыртт. Лигъдæттимæ фæсхохмæ иыххызтæ, О, ды дæр æрцыдтæ, цыма — сырд, Иннæтау — дæ зæрдæйæ нæ рыстæ, Афтæ уыдтæ не знæгтимæ дзырд. Ды фыдгулæн амыдтай фæндæгтæ, Немæ кæд иымад уыдтæ, уæддæр. О, дæуæн дæ зæрдæйæн йæ тæгтæ Серо скъуыдта иу дуджы кæддæр. 453
—ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Уæд дæуæн фæахъаз ис дæ гамхуд: Не сбæрæг дæ фыдракæнд æххæст. Йе скойæ, æлгъаг, дæ мидбыл ма худ, Кæд дæ зæрдыл не ’рлæууыд йæ дзæхст? Не стыр тохы мах фæци уæлахиз, — Не схъæрис дæ фыдракæнд, дæ хин. Ды куывтай: «Хуыцау, фыдæй мæ бахиз» Æмæ риуы нал цыдис дæ цин. Ног дугæн цынæ цæлхдур æвæрдтай, 'Фтыдтай мулкыл сусæг-æргом арт. Не сафыныл алыхатт фæлвæрдтай, Фæлæ та-иу асастис дæ уарт. Колхозтæн дæ цæстыраз сæ дидин Райхæлдис. Дæ зæрдæйæн та — маст. Худтæ-иу нæм ды уæддæр дæ мидбыл, Раст, цыма, дын уымæ уыд дæ каст. Ам дæр та дæ бон уæддæр нæ бацис Æмæ та нынныхъуырдтай дæ ту. Цин кæныс, дæ сæр та дзы нæ бацъист,— Зоныс доны ленк кæнын, Хату! Тохы бон куы ныккодта — фыдтохы, Уæд дæ тъæнгтыл «бахæцыдис» низ. Нал баззад лæгау-лæг иунæг хохы, Иугæр хъæр куы фæцыдис «фæдис!» Хæст куыд цыд йæ кæронмæ æввахсдæр, (Афтæ уæд дæ низы хатт дæр «сæфт». Рахызтæ-иу уынгмæ уæд æд баз дæр, «Фаг кæнын» дын райдыдта улæфт. 454 ~— . ]
ÆМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ - Царды никуы, никуы федтай удхар, Афтæмæй дыл сæххæстис æхсай. Бадыс ныр æвæлмæстæй, нæ удхор, Ис дæуæн дæр царды хæрзтæй хай. Æмæ ныр куыднæ худай дæ мидбыл, Кæд дæ разы нард фæхсын хæрыс. Марадз зæгъ: дæ хъуыддæгтæ, дæ митыл Химидæг ды дæр лæгау кæуыс! 29. VI. 70 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ КЪОСТАЙЫ УАЙДЗÆФ ÆХСИНЫ ЛÆГÆН Уæйгонд дын фестæм иугай мах, Нæрсынц дæ дзыппытæ æхцайæ. ’Мæ та федтон дæ уæхскыл уаргъ, Зынди дыл: райгонд дæ хуыцауæй. Лæсæгау, уыд дæ цыд сыидæг, Дæ астæу уаргъы бын æртасыд. Цыдтæ æндæр ызнæмтæм, «лæг», Дæуæн та уыдонмæ цы тас уыд!.. Æнхъæлдтон æз: фæхæссыс цыхт, Кæннод æзгъæлаг картоф — хохаг. Цы зыдтон æз, ныккодтай чъыхт, Ды уыдæттыл, нæ дæ æххормаг... Уыдис дæ уаргъ — нæ «зындзард» къуым, Æвзæрстай хорз дзыккайæ сиры... Æмæ æстыр базары уым Уысммæ иыууæй кодтай дæ Иры. 1984 аз
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НОГ ÆХСИНЫ ЛÆГ Уый ахста зынгæ бынат Иры, Æууæнкджын лæгыл уыд нымад... Уый уарзта йæ къухтæ стилын, Йæ фарсмæ — хъæмпыхал дæ кад. Уый арæхстгай дзыппытæ къахта, Кæйдæр фындзæй рауагъта туг. Цы уыдыстут гъе уæд сымах та, Лæг уыди, лæгау фæцард, гукк! Хъуыддагæй кæд фарста сымах та, Йæ къухы уыд «бархъомыс», тых. Бæгуыдæр, уый дзыппытæ къахта, Фæлæ уын ныххуыдта уæ дзых. Йæ кæлæнтæй бæрзæймæ сбырыд Йæ гамхуд — йæ къæдз æвзаг, хъус! Ды загътай: — Дымыстæр ыстыр уыд. — Нæ дæм хауди, бад æмæ кус. Æмбар-иу, æхсины лæг Ирæн Кæд æрхаста намыс, гъе кад?! Сымах тыххæй, ма дзурут бирæ, Нæ ахста уый уыцы бынат!.. 457
ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ НÆ МÆТ ÆМÆ НÆ ДЗУРИНАГ Кзесаг загъта: «Бирæ цыдæртæ мæ фæнды дзурын, фæлæ мæ дзых донæй едзаг у.» Ех, цы кæнон, дарын дон мæ дзыхы, Науæд æз дыууæ ныхас зæгъин: Фæлæ зонын: дæ нырма — дæ тыхы, Удæн та æнцой нæ дæтты «зин...» Фæлæ, ноджы дарын дон мæ дзыхы, Сабыр род, дам, бададта дыууæ... Бахæр бæстæ, гъеныр дæ дæ тыхы, Цалынмæ нын не ’рцыдтæ къуырцмæ... Ноджы рассив, гъеныр дæ дæ тыхы... Нæу дæуæн мæ фынæй удæй тас! Хорз мæ зоныс, дарын дон мæ дзыхы. Хорджын алхатт никуы вæййы аз.. Æмæ ма бад, фæззæгæн йæ бæркад Тугыл аскъуыд, байдзаг ис йæ най... Махтæм ма кæс, бирæ фод дæ «лæггад», Ахæсс, антъух, мах нæ хъæуы хай!.. 458
—ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Хорз æй зоныс, дарын дон мæ дзыхы, Иннæтæй дын нæу бынтондæр тас. Алыхатт нæ вæййы лæг йæ тыхыл, Æмæ нæм зæрин хъæлæсæй уас! Ма тыхс, бандон фидар у дæ быны, Искæйтау мын тулгæ дур нæ дæ! Не ’ппæт комæм мах дæуæн æлвынын, Фæлæ бахынц: хатт кæнæм хъæрзгæ... Уæд æз та фæдарын дон мæ дзыхы: Адæмæй фылдæр нæ хъæуы мæн... Абон дæ, мæ сахъ цæргæс, дæ тыхы, Амонд демæ басгуыхти лымæн. Аразæг, дам, фадат у фæдзурынц, Фæлæ, марадз ма йын райс йæ хъыг. Ма тыхс, кæд дæ радтæг адæм дудынц, Иуæн нæм уæддæр уа ’дзаг йæ фынг... Æз куырм дæн, ыстæй мæ комы дон ис, Не схаудзæн мæнæн мæ дзыхæй дзырд. Адæм иууыл афтæ сты — куы зонис, Самаис дæ «уаз» радтæгæн цырт!.. Хоныс мæн æдых æмæ зæрдæсаст. Фæлæ ма кæн, сайы дæу дæ фын! Сабыргай ысты мæ удæй асæст, Сабыргай мæ рæйхъуысы хъæрзын. Фæлæ ма тæрс, дон дарын мæ дзыхы, Искæйтæй фылдæр нæ хъæуы мæн... Уый æмбарын: дæ нырма дæ тыхы, Æмæ дæ Хуыцауæн та лымæн. 459
ÆМЦЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ— Махтыл ма «тыхс», истытæ кæндзыстæм, Хорз куы зоныс — афтæ у нæ уаг, Мах нæ комдзаг ’нæвгъауæй дæтдзыстæм, Ау, цæмæн уай искæмæй хъæстаг!.. Махыл ма тыхс, стæм зынтæн фæразон, Нæу дын мур дæр махты хъыгæй тас... Махæн дæ нæ «хур» æмæ нæ «уарзон», — Де ’ртхæрдтимæ бад æмæ ныуаз... Адæмыл та се сфæлдисæг дудæд, — Ау, дæумæ цæмæн хауы сæ рис! Уæд цæмæн, кæй тыххæй цæуай курæг, Кæд дæ удæн алцыппæт дæр ис?!.. Дзурын мæ бæргæ фæнды цыдæртæ, Фæлæ нæу ысхæпп кæнын мæ бон! Ма бавзарон æз цæмæй зындæртæ, Дардтон дзыхы уый тыххæй æз дон!.. Уæд ды та æвæлмон цард фæкодтай, Партион сырх билет хæсгæ, — хорз. Ныр тыхсыс æмæ фæрсын: цы кодтай, Ма агурай ды дæ «низæн» хос?! Акæнис æвæлмон цард нырма дæр Фæлæ ис æппæтæн дæр кæрон... Партийы сидт фехъуыста къуырма дæр: Сдзурут, дзыхы мауал дарут дон! Æмæ кæд æз загътон исты ахæм, Гъей дæ удæн райстон кæд йæ хъыг? Фод æгъгъæд: хорз нын фæдæ махæн, Сисæм дын дæ разæй ныр дæ фынг! 460
— ’ÆМДЗÆВГÆТÆ — НЫДЗÆВГÆТÆ Уал азы дын, — алцыдæр æмбарыс: «Абад ма дæлдæр!» зæгъгæ нæ уыд. Гъе, лæгай, ныр адæттæ куыд барыс, Марг дын уыди не сныхас, нæ уынд! — «Барстон» æз дæуæн нырмæ дæ митæ, Хъуамæ сын æрцæуа ныр кæрон... Æмæ дæ ныр систон абон милмæ, Ма ’нхъæл æмæ дарон дзыхы дон! 1987
СÆРГÆНДТÆ МЕ СКАСТ — ИРЫСТОН Мæ чиныгкæсæгмæ 3- Мæ зарджытæ 5 Уарзын . . .• 6 Мæ фыртмæ 7 н Фæззыгон сыфтæртау мæ цардбæллон бонтæ . . 8 Ирыстон 9 Сыкъа 11 Ног азы арфæ 12 Буржуазон поэтмæ 14 Илья Чъавчъавадзейы мысгæйæ 15' Тæрккъæвда 17 Зымæгои ныв 18 Æвзонгад 19 Фыды зæхх 20 Сæрыкъуыдыр 21 Фыдæлты фæндæгтыл хъуыдытæ кæпгæйæ . . 22 Дзуапп 23 Исахъы тох 24 Къостайы ингæны уæлхъус 26 Ма мын тæрс 28 Дыууæ бадæны 29 Зæронд лæг 31 Цæстытыл уади 32 Уалдзæджы комулæфт 33 * Артау сау фæздæг мастæй куы цæуид .... 34 * Куыдз дæр ма дын дæ къæбæры 35 * Æвзонг уон, зæгъын 36 Зонын 37 Æммыст 38 * Æз поэзийы судзынæй тарстæн 40 Æз цы дæн? 41
.-с——««-^«—^-.п—;»»—-» СÆРГÆНДТÆ * Мæн зæххыл нæ равдæлдзæн мæлынмæ ... 42' * Ме скæнæг, дæуæй ма 43 * Уæ, мæ уарзон хо, ахæм æвзонгæй 44 Зымæгон этюдтæ 46 Ме ’мбæстагмæ 47 * Æз хъусын радиомæ 48 Бæлццон 49' * Азтæ мын мæ риуæй буц сагъæстæ давтон . . 51 * Мæ зæрдæ у æфсургъ 52' * Уалæ сагбадæн æрдузæй 53 Лæджы нысан" 54 Мидсагъæс 56 Æндæр у мæ сагъæс 59 Тыбылты Алыксандрæн 60 Ленин иемæ ис 61 Хæхтæм, хæхтæм 63 Кæд? 65 * Авгау нæ тарстæ 66 * Цæмæн у зæхх, — уæ фарст у ахæм .... 67 Фæцис мæ уалдзæг 68 Оптимистон элеги 69 * Æз никуы бæллын 70 * Пылыстæг бандон мæм 71 * Мæ фырт 72 Ме ’фсымæр 73 * Ис мæнæн æртæ уарзон хæлары 75 * Дуар мæм хойы мæ рагбæллиц 76 Хосгæрдæн 77 * Æз фæтыхсын 78 Ма ’фхæр 79 Исчи мæм февзидæд ехсæй 80 Ныхас мæ фидæны фырты фыртимæ 82 Дæн фæллойгæнæг, фыд-зыкъуыр 84 Бахчисарайы галуан 85 * Поэттæ 87 * Сыфтæр сыфтæрыл 88 * «Мит» ныууарыд мæ бабайыл 89 Галтæ сæ сæртæ æруагътой 90 Хæххон лæг сахары 91 * Мигъы къуыбар арвыл бандзыг 93 * Дысоны уазал къæвда 94 * Æз лæууыдтæн хохыл — ме’мбæлттæн ныфсæн . 95 Мæ уæлмæрд 96*
СÆРГÆНДТÆ «■»-«—» ^^«^ш^^^^ Ивылд доны 97 Хъорнисы мæсыг 98 Ирыстон 100 Æртæ хорзы 102 Ды йæ не ’нкъарыс 104 Хи зонын хъæуы 105 Гейнейы чингуытæ 106 Нæ бæллиц 107 * Сындæг-сындæг мæ байдыдта уырнын .... 108 Зæронд лæджы мидсагъæс 109 18 Ацæуон та хъуамæ зæххыл 110 Уæлтæрхæг 111 Абайты Уассойæн 112 * Кæрдзынмæ бавнæлдтон 113 * Чидæр æрхаста галы сæр фынгмæ 114 Мæ цъæх гал 115 Куырдиат 116 Июны æстæм бон 117 Хонæм уæ Ирмæ 118 Мæ хъомылгæнджытæ 119 Мамсыраты Темырболат æмæ музæ 120 Æвзонг поэттæм 121 Нæ хæхты 123 Фæдзæхст мæ чысыл фыртæн 124 Мæ зæрдæйы хъарм 126 Мæ кæсдæрмæ 128 Ахсæв 130 Уæзæг 132 Сабыр ныхæстæ фыдызæххимæ 134 Ме ’взаг 137 •Фæстаджы хæрзбон 141 Ирыстоны мады монолог 144* Нартыхты Сосойы фæстаг сидт 146 Кучиты Юрийæн 148 Ныстуан хуыцаумæ 150 Туркаджы сагъæс 152 Ноггуырд 154 Бæлццон 155 * Комы дидиныл 156 Лæджы мæлæт 156 Фæстаг уысммæ 157 Комбæсты сагъæс 158 * Дæу цы фæнды, Хох? 160
СÆРГÆНДТÆ Гарсия Лорка 161 Дæс азы 162 * Чидæр мæ фарста 164 Мах хуызæн 165 Уайдзæф 167 Мæ рох æмбал 168 Хохæй 169 Фæззыгон ныв 170 Чеселтгом 171 Хохы 174 Мидхæст, Ирыстон æмæ йæ фидæн 175 Коцты Бега 178 ,*Домыс мæ? 180 Хосгæрдæны 181 Мæ фæндзай азы 182 * Дæн æз гутондар, зæхкусæг 184 + Рахиз, уазæг, ныссæт мын мæ къæсæр .... 186 * Цæуын æз мæ балцы, мæ фæндаг у дард ... 188 Сагъæс алайнаг уæлмæрды 189 Æхпон зæлтæ 190 * Хæцын мæхимæ 192 Æз чи дæн? 193 * Фæрсыс мæ 194 * Буржуйтæ мыл радиотæй 195 Фыдæлтæм 196 Ныфс 197 Руставелийы проспект Тбилисы 198 * Иухатт, мæ сабибонты 200 Райгуырæн хъæу 201 ХÆСТЫ ХЪÆДГÆМТТÆ Æбæрæг хæстоны ннгæн 205 Авд дамгъæйы 206 ’Рыхъуыст нæм 207 Ирон чызг 209 Æрцыд 210 Хæстоны фæдзæхст 212 Уастæн 213 Ихуард 215 Цагъды уæлдай 217 Хъырымы зæхх 219 Немыцаг инæлар Хъырымы 220 30*
СÆРГÆНДТÆ «-* м„_н^ади«^^в, Ихуарды фæстæ 222 *Ма тындз 223 Хæст 224 Æстдæс цæвæджджыны 226 Ныфс 229 Хæсты азты 232 Фæдис! 234 НЫЙЙАРÆГ Мады зæрдæ 235 * Алы диссаг 236 Сатана мæ фырт Аланы уæлхъус 237 Зæронд мад 239 Балладæ къаффеттыл .241 Мад 243 * Мæ мады риуыл 244 * Мæ рынчын мадæн дысон-бонмæ 244 * Авдæнмæ мын тарст мæ мад 245 * Æз дæуæн дæ ацыдыл нæ хъæцыдтæн . . . . 246 * Мæлын, — ысдзырдта мад 247 Рагбонты 248 * Тæнбазыр дидиныл 249 Хус цæссыг 250 Уæлмæрды 252 * Куыдтой устытæ 252 Гуырдз 254 Фын 255 Уый раджы уыд 256 Сæвзæрд иучысыл уд 257 Устытæ мæрдтыбæсты 258 Мады мæлæт 260 Мады æнгуылдзтæ 263 Бон кæны 267 Мад фæцæуы æфхæлц аразынмæ 268 УАРЗТ Уайдзæф 269 * Нана! 270 Куыройгæсы зарæг 272 Цæхæрцæст лæппу 273 Фарст 274
«___-_-——_— СÆРГÆНДТÆ Гауыз . . . 275 Æрдз йæ фыртæн ус хæссы 2/7 Фыдфынтæ 278 Сугсæттæг 279 Уыцы æхсæв 260 Кæд мыййаг 281 Тæхуды 282 Мах та 283 Усгуры сагъæс 284 Мæйрухсы 285 * Ма мын радзур: мæ размæ дын чидæр .... 286 * 0, ма дзур: фæцыдтæ мæ зæрдæмæ 287 Денджызы былыл 288 * Æз дæуыл нæ ныффысдзынæн зарæг 289 * Зары Леуахи арф комы 290 * Бандзыг мæй былкъахырæй Хъæриуыл . . . 291 * Æз нæма фæдæн мæ зад хуым 292 * Уæ, мæ мадыхай, дæ чызгæн 293 Цæмæн 294 * Мæнæ уе ’хсæн, дунейы рæсугъдтæ 295 Чызджы фыстæг 296 Уайдзæф 298 * Махмæ арв бæрзонд æмæ сыгъдæг у .... 299 * Ды-иу дзырдтай: дæ тыхджын цæнгтыл . . . 31>1 Ма мæм худ 303 * Диссаг, худын мæм куыд цæуы 305 * Дарыс мæн алыбон азымы 306 Дæ цæстытæ 307 Хъус-ма 309 * Знон æртахтысты мæргътæ хъарм бæстæй . . 310 Уынджы 311 Мæ «къæрных» _ , Мыййаг 314 Ма мыи дзур ’ 314 Мери 315 * Хур уыди æви уарыд къæвда 316 Цардæмбал 317 Кæд 319 Уæдæй 320 Ма ахиз мæ рæзты 321 Ацæуон? ! ! ! ! ! 322 Афтæ бад 323 «Ма ацу» дып загътон . . 324
СÆРГÆНДТÆ ™ рз——— Цымæ уарзын, æцæгæй, худинаг у? 325» Цырагъау 326 Рахæсс хохмæ 327 Иу сæрдыгон изæры 328 Гуырдзиаг чызг Далийæн '329- Ныстуан чызджытæм 330 * Дысон хохы ирд æхсæв уыд 331 Бамбар мæ 332 Æз цæуын 334 Поэтикон уарзт 336 * Дæу куы федтон, уыцы бонæй 338 Цырагъдар 339 * Мæ уды æрцарди дæ удæн йæ зын 340 Хохаг чызг 341 * Ма ку ды дæ сæфт амондыл, ма ку 342 Сценæйы зæд 343 * Атыхс мыл, — загътай уыцы бон 344 Иамзе 345' Ды, ды уыдтæ, фыццаг мæ ды схуыдтай .... 347 Фембæчд 348 * Фæндаггæрон даричин кæуы 350 Уæлтæмæн 350 Æвзонгæй 351 * Ныххуыдуг дæ кодтон 352 Æрвгъуыз цæстытæ 354 * Мæ уд зæронд кæнын фæуагъта 355 * Цы ис æмæ цы уыдзæн хорзæй 355 * Цыма алцыдæр уыд нывыл мæ уды 356 Хохы фыййæуттæм 357 Уырыссаг чызджытæм 358 Хæрог чызг 359 Сайæгой 360 * Ма мыл худ «Мæгуыр дæ царды» 361 Цирчы хъазæг чызг 363 Уыцы чызг 364 Æз дæу иу хатт 366 ÆМДЗÆВГÆТÆ— НЫДЗÆВГÆТÆ «Дæ къухтæ цыбырдæр дар!» 367 * Изæр кæны 368 * Нæ базырæй-иу мæргътимæ ма тæх 368 * Ныннæрст, ныууæззау 369
т1--*ш-11шшш-ш-ш-~Ш-ш~шш^-ш~«Я:~ СÆРГÆНДТÆ г Бæрзонд къæдзæхы сæр 369 Æнхъæлцау 371 Нуæй-иу 371 * Нал кæсы мæ коммæ рифмæ 372 Ды та чи дæ? 373 Абад, адзурæм 375 Не ’хсæн иучидæр 377 Иучидæр 379 * Дæуæн, мæ хур, æнцонтæй зæххæй 379 Дысон 380 Байраг æмæ 380 * Хорз лæг дæн, — дзырдта 381 * Лæгдзинадыл мын дифирамбтæ кастæ .... 381 * Фæзындысты дæ фыстытæ .... ... 381 * Иры дæ хуызæн ныййары ыстæм мад .... 382 * Амарди, нал ис 382 * Хъочах, лæппу, рынчынтæ дæ ’ппæлынц . . . 382 Тыхсын 383 Мæн уырны 383 Ма йыл кæн дис 384 «Рæдау» 387 Сæрнывонд 387 Ныв 388 Подхалим 388 Дзуапп иу хицауæн 389 Зæрин 389 Фæдзæхст хъалтæн 390 Цы кæнон 390 Иу поэтмæ 391 Сæрхъызой 392 Ды нын æхцайы тыххæй нæ фыссыс 392 Курдиат 393 * Гъе, цы куыстуарзаг уд дæм сæвзæрди .... 393 Ды куынæ уаис 394 Мæ фæстаг домæн 395 * Ех, цы хорз уд змæлы дæ риуы 395 «Арфæ» 396 Ног хæдзары «арфæ» прорабæн 397 Ды хъуамæ буц уай 398 Магазины 399 Кадылмард 401 Мæ иу зонгæйæн 403 * Не ’взаг — зæдты ’взаг, æмæ дæ курын . . . 403
СÆР ГÆ Н ДТÆ гж.*—*~~ ■ . ■ ^ Тардзæгъдæн 404 Леуахийы зарæг 405 * Ницы дæн — ды ма мын æй цы дзурыс . . . 406 Хицау де ’рдыгæй куы уа 407 Фаг дын фод 408 Нæ сæрдар 410 Нырыккон патриотизм . 413 Хæддзу æмæ фысым . . .' 414 Ма кæн! 415 Ног модæйы критик 417 * Иучидæр мын иу бон загъта 418 + «У нæхи Тохти магуса» 418 «Патриот» 419 Мæрддзæст 420 Фаззон æфсымæртæ 421 Поэты номæй хи хъалгæнæг 423 Горæты хицау 423 * Ма мын дзур: Нæ уарзын 424 * Æтт, цы уалдзæг ныл ыскодта 424 * Хуыссæг нал цæры мемæ 424 * Алцæмæ дæр арæхсы 425 ■’Стыр гуыбын, цыбыр къæхтæ 425 Хъысмæты «уарзон» 426 * Ахауди, амарди, батар ыл дуне 428 «Зынгæ» лæг 429 Иу поэт 431 Дæ цæстытæм кæсгæйæ 433 * Хæссы уый худ йæ сæрыл 434 * Гæртамхор фынгæй хъазыди 435 * Фервæзтæ, дæу гъе ныр 435 Ма хъæрз 436 Æнхъæлцау 437 Фæлурс газеты редакторæн 438 Дзырдтон мын 438 Ды мын дзырдтай 439 •■ Æдзухдæр дугæн ды цæуыс йæ фæстæ . . . 440 Хорз лæг æй хуыдтой æмæ 440 Фæстаг сидт 441 Мæ ,фырт 442 * Хæфсы цард фæкодтой 443 * Дзæгъæлхæтæг усау 443 Гонорар 445 * Уыдис рæстæг, æмæ дæ уындмæ 446
д——^^ СÆРГÆНДТÆ * Цалынмæ нæ давта 446 * Ревизорæн хицон нæ уыд 447 * Дæ дзырдтæ маргæй ахурыс 448 Иукæмæндæр йæ ныссабыры аххосаг 449 Иу цыппаркъахыг æмæ иу дыкъахыг куыдзæн . . 450 * Алцыдæр сараз, Ирыстоны бастæр 451 * Нæ дæ æвзæр фыссæг æмæ дæ 451 «Сидзæртæ» 452 Цæсгомæй дæр цæрыс 453 Къостайы уайдзæф æхсины лæгæн 456 Ног æхсины лæгæн 457 Нæ мæт æмæ нæ дзуринаг 458
Леонид Петровш Харебаты РАДОСТЬ И ПЕЧАЛЬ (Стихи на осетинском языке) (та^оа° ^з^ о*>ло) Редактор Ф. #. Плиев Худ. редактор А. Д. Ванеев Тех. редактор А. И. Наниева Корректор Л. ГТ. Дзагоева Сдано в набор 3. 02. 87 г. Подписано в печать 2. 06. 87 г. Формат бумаги 70х90Уз2. Усл. печ. л. 17,26. Усл. кр.-отт. 17,3. Уч.-изд. л. 11,72. Заказ типографии № 500. Тираж 1000 экз. ЭТ 00213. Цена 1 руб. 80. коп. Издательство «Ирыстон», 383570, г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производст- венное объединение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.