Текст
                    Автор стыр бузныг зæгъы нæ Республикæйы Президент
Бибылты Анатолийæн чиныг «Театр - царды айдæн»-æн
рухс кæй фенын кодта, уый тыххæй.


ПЛИТЫ ГАЦЫР ТЕАТР - ЦАРДЫ АЙДÆН Цхинвал <Южная Алания» 2017
85 (Осет.) П37 П 37 Плиты Г. Г. Театр - царды айдæн. - Цхинвал, «Южная Алания», 2017. Плиев Гацыр Гаврилович ТЕАТР - ЗЕРКАЛО ЖИЗНИ Ответственный за выпуск В.А. Тедеева Подписано в печать 5.12.2017. Формат бум. 84x108/32. Бумага офсетная №1. Усл.печ.л. 17,64. Тираж 300 экз. Заказ № 359 Издательство «Южная Алания», 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО, 100001. г. Цхинвал, ул. Мсковская, 5. 18В^ - Издательский №1 <& Плиев Г. Г., 2017 О Изд. «Южная Алапия», 2017
Плиты Гацыры номимæ хорз зонгæ сты Иры дзылясе куыЬ Хуссары ’рдыгæй, афтсе Цсегаты ’рдыгæй дæр. Ныр 56 азы æвæллайгæйсе кусы Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон (пединституты)университеты. Усерыгон фселтæры Хъомылгсенсег, национ культурсейы хсезнатсе рсегъмсе хсесссег, йсе куыст райдыдта, рсенхъон ахуыргсенсегсей (абон у профессор, разамынд дсетты ирон литературсейы историйы кафедрсейæн). Бирсе уарзы ирон театр, уымсен та ирд севдиссен у ацы чиныг. Райгуырдис Дзауы районы Астæуккаг Ручъы хъсеуы зсехкуссег бинонты хседзары. 5
Гацыр йсе саби бонтсе арвыста йæ райгуырæн хъсеуы. Ам 1953 азы каст фæцис астæуккаг скъола дæр. 1955 азы ссис Сталиныры паддзахадон педагогон ин- ституты ирон-уырыссаг факультеты студент. Каст æй фсецис æнтыстджынæй 1960 азы. Институт фсеуыны фсестсе Гацыр цъусрсестсег акуы- ста Карелы районы хъсеу Имерхеуы. Фæстседсер сей 1961 азы июлы сербахуыдтой цы институт фæцис, уырдсем кусынмсе. Уседсей абонмсе кусы ирон æвзаг, литературсе семсе журналистиксейы кафедрсейы. Кæсы лекцитсе ирон литературсейы историйсе, ирон адæмон дзыхсейдзургсе сфæлдыстадсей, литературсейы зонынадмсе бацсеусенсейУ аив ксесын семсе аив дзурынсей. 1973 азыГацыр каст фсецисЦсегат Ирыстонызонадирта- ссен институты аспирантурсе фсесаууонмсе хайад. Йæ дис- сертацион куыст сентыстджынæй бахъахъхъседта Тби- лисы Ш.Руставелийы номыл институты ахсем темсейыл: «Туаты Дауыты драматурги». Йсе оппоненттсе профессор Богомолов Игорь, филологон зонседты кандидат Тедеты Оля егъау аргъ скодтой Гацыры куыстсен семсе йын лсевсерд серцыд филологон зонседты кандидаты ном. Фæстседæр нырмарайста доценты ном, стсей та профессоры ном. Йсе куысты азты бирсе бсернон бынæтты фсекуыста Плийы фырт. 1976 азсей 1986 азмсе разамынд лсевсердта ирон севзаг семсе литературсейы кафедрсейæн, 1986 - 1991 азты тауыдис ирон филологи семсе райдиан ахуыры педагогиксе семæ методиксейы факультеты декан, 1994 азсей 2002 азмсе та куыста университеты зонадон куыс- ты проректорсей. Дзсевгар азтыуыд ахуырады проректор. Æппсет фадгуыты дсер Плийы-фырты цсесгомджын куысты фсед бсерсегсей зыны. Егъау у йсе кад студент- ты цсесты дсер æмсе цы коллективы хссен кусы, уыдоны цсесты дсер. Плиты Гацыр 56 азы ксены куыд ахуыр-хъомыла- дон куыст, афтсе сфселдыстадон куыст дæр. Йсе зона- 6
дон куыстыты нымæц сты 250 фылдсер. Мыхуыр сæ кæны журналтæ «Фидиусег» семсе «Мах дуг»-ы, газеттæ «Хурзсерин»у «Южная Осетия», «Рсестдзинад», «Стыр ныхас», университеты зонадон уацты сембырдгсендты, у цалдсер чиныджы автор. «Ирон литературæйы хрестоматии 8 къласæн». - Цхинвал, 1990. «Рукьгом». - Цхинвал, 2007. «Ирон сывселлсетты литературсе». 1-хай. - Цхинвал, 2007. «Ирон литературсейы истори». - Дзсеуджыхъсеу, 2009. «Ирон литературсейы хрестомати» (скъолайы кары агъоммсейы сывселлсеттсен). - Цхинвал, 2010. «Ирвседсены зиуусеттсе» (нсе театры актертсе). - Цхинвал, 2011. «Фселтæртсе семсе азтсе». - Цхинвал, 2011. «Туаев Давид» (монографи). - Цхинвал, 2012. «Рсестсег семсе ирон драматурги». - Цхинвал, 2013. «Ирон сывселлæтты литературæ». П-хай. - Цхинвал, 2014. «Къостайы дуне». Цхинвал, 2016. «Плиты фысджытсе - рсестседжы зиуусеттсе». - Цхинвал, 2016. Плиты Гацырсен йсе бастдзинседтсе егъау сты нсе театры историимсе. Дзсевгар сты йсе куыстытсе ирон актерты цард, удыгъсед, ссе дсесныйад семсе ссе егъау хай- бавсердыл ныхас ксем цсеуы. Ирон драматурги семсе нсе театры сентыстытсе цахсемтсе уыдысты 1956-1964 азты дсер, уыцы драма- тургтыл, ссе пъесæтыл бындурон куыст бакодта Плиты Гацыр. Университеты кусгсейсе, Гацыр кæддсериддсер сеххсест кодта егъау æхссенадон куыстытсе. Абоны бон йсехи ахсджиаг куысты æмрсенхъ егъау сеххуыс кæны журнал «Фидиусег»-сен, дзæвгар азты уредколлегийы усенг. 1
Гацыры лсеггседтсен стыр аргъ æрцыд Республикæйы хицауады æрдыгæй - 1998 азы йын саккаг кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайсе- джы» кадджын ном, Республиксейы 10 азы бсерсегбоны та хорзсехджын серцыд кадджын майданæй, 2004 азы йын лсевсерд серцыд кадджын ном «Куысты ветеран», хор- зсехджын серцыд «Хселардзинады орденсей» семсе майдан «Ирыстоны Намыс»-сейУ у Кьостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Æрседжы хорзсехджын серцыд «Кады нысаны орденсей». БИБЫЛТЫ Сослан, сгуыхт артист
ТЕАТР - ЦАРДЫ АЙДÆН 80 азы сæххæст Къостайы но- мыл Хуссар Ирыстоны профес- сионалон театрыл. Царды ахс- джиаг рахæцæнтæй иу у театр. Аивады хуызтæй алкæцыйæн дæр ис йæхи нысаниуæг, фæлæ афтæ зæгъæн дæр ис, æмæ уыдо- ны ’хсæн иууыл бæрзонддæр бы- наты кæй ис театр. Нафи нын йæ рæстæджы аф- тæ загъта: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын бай- гом кодта театры дуæрттæ». - Театр, сценæйы ад чи æм- дзæн: театр кæмæн ис, уыцы на- ци сæхи мæгуыр макуы схонæд. Хуссар Ирыстоны профессионалон театр байгом 1931 азы. Кæд йæ фæзындæй абонмæ йæ фæндæгтæ лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг нæ уыдысты, уæддæр ын сара- зын бирæ бантыст, абоны бон цæуыл дзурæм, цæмæй раппæлæм, уый нæм ис, дзæвгар уыд æмæ у сæ нымæц нæ театры зиууæттæн - сценæйы дæснытæн, аив дзыр- ды зæрингуырдтæн. Нæ театрæн ис йæхи егъау истори, фæлæ махæй рох ма хъуамæ уа, цалынмæ æцæг театры къæсæрæй бахыз- тыстæм, уæдмæ нæм исты уыд театралон элементтæй, нæ тугдадзинтæй искæцы æнцад уыцырдæм æви нæ? Бæ- гуыдæр. Театралон элементтæ нæ адæмы зæрдæты раджы æр- бынат кодтой. Кæцы фыййау уыдис ахæм, йæ лæдзæг
ма æрсагътаид, йæ нымæт ыл ма æркодтаид, кафаг чызджы номæй йæм ма бадзырдтаид æмæ йемæ тымбыл кафт кæ- нæ симд ма сæххæст кодтаид. Ирон дзуарыбонтæ, нæ дис- саджы куывдтæ æмæ чын- дзæхсæвты бонтæ, ирон зиа- ны æгъдæуттæ - се ’ппæт дæр сты театр, егъау сценæтæ. Уыцы сценæтыл ахуыр код- той нæ фæсивæд. Ахуыр код- той рæсугъд, нывыл ныха- Дзуццаты Тамерлан, сыл' хъазтæн уаг æвæрыныл, театры аивадон Уазæг райсын æмæ уый буцæй къухдариуæггæиæг бавæрыныл, аив кафт æмæ за- рыныл, бæхыл бадыныл, хис- тæртæ æмæ сылгоймæгтæн аргъ кæныныл. Чи фылдæр зыдта Къостайæ, чи хуыздæр рæхст сæ дзурынтæм, уыдон кадджын уыдысты адæмы ’хсæн. Уæдмæ гуырын райдыдта ирон драматурги. Фæзын- дысты Брытъиаты Елбыздыхъо, Гуырдзыбегты Бласкæ, Кочысаты Розæ, Коцойты Ленæ, Хъороты Дауыт, Токаты Алихан. Уыдоны пьесæтæ æвæрд пыдысты фыццаг уы- рыссаг революцийы азты. Ирон драмкъордты фæзынд дæр уыцы азтæм хауы. Хæдархайгæ драмкъордтæ æвæрдтой Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты мæлæт», «Дыууæ хойы», Хъороты Дауыты комеди «Æз нæ уыдтæн - гæды уыдис», Кочы- саты Розæйы комеди «Гæды лæг, кæнæ нæ Пъырыстыф сæрра». Сæхи истори, сæхи нысаниуæг ис фыццаг драмкъорд- тæн. Фыццаг драмкъорд байгом хъæу Ольгинскæйы. Уый уыдис нæ театралон аивадæн фыццаг зæрватыкк. Цы 12 чызджы-артисткæйы дзы уыд, уыдонæй иу уыдис Кочы- саты Розæ. 10
Хуссар Иры театры рæзты фæндæгтыл куы дзурæм, уæд ын йæ райдиан нымайын хъæуы Æрыдонæй. Æры- доны семинар уыдис иууыл зынгæдæр, егъаудæр æмæ раззагондæр ахуыргæнæндон. Ацы семинар уыдис ирон фысджыты, ирон интеллигенцийы авдæн. Мадæлон æв- заг æмæ литературæ амыдта Гуыриаты Гагуыдз. Уый руаджы сырæзт ам драмкъорд 1904 азы. Уыцы азты уым Хуссарæй ахуыр кодтой: Уанеты Захар (Шакро), Куы- мæридтаты Кима, Саулохты Алыксандр, Соттиты Не- стор æмæ æндæртæ. Сæрды улæфты рæстæджы сæ пье- сæтæ æвдыстой Згъуыбиры, Сыбайы, Ручъы, Дзауы, Ор- тъеуы, Хъорнисы, Цъунары. Ирон адæм куыстагур кæдæмты не ’ппæрстой сæхи. Ивылдысты Тбилисмæ, Бакомæ, чи дзы кусгæ кодта, чи - ахуыр, фæлæ се ’ппæтæн дæр сæ зæрдæ дзырдта ирон национ культурæимæ. Уый фæдыл арæзтой алыхуы- зон хъазтизæртæ. Сæ егъау бæллиц уыдис сценæ. Уый охыл 1904 азы Тбилисы байгом драмкъорд, кæцы йæ фыццаг спектакль равдыста 1906 азы 6 июны уазæгдон «Ветцел»-ы агъуысты. Уый уыдис Брытъиаты Елбыз- дыхъойы пьесæ «Худинаджы бæсты мæлæт». 1906 азы драмкружочы уæнгтæ уыдысты: Абайты В., Абайты А., Абайты Г, Абайты И., Зораты С, Гаглойты Н., Гаглойты И., Гаглойты В., Гаглойты Р., Хъоцыты Б., Коц- ты Н., Уанион М., Мамиты Г, Беджызаты Н., Дзаттиаты П., Томайты А., Бестауты 0., Атойты Н., Уанеты 3., Рæмонон 3., Дзаттиаты С, Челехсаты Н., Джиоты Г, Гасситы С Иæхи хайбавæрд ис ирон национ театры рæзты хъуыд- даджы Къобы сырæзгæ театр «Къæдзæх»-æн, кæцы фæз- ынд 1907 азы. Уыцы сценæйыл æвæрд цыдысты Брытъи- аты Е. «Худинаджы бæсты мæлæт», «Уæрæседзау», Ко- чысаты Р. «Нæ пъырыстыф сæрра», Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн - гæды уыдис», Æрысханты А. «Ирæд». Фæстæ нæ баззад Цхинвалы театр дæр. Нæ сыхæг- тæ йæ кæд «местечко» хуыдтой, уæддæр йе уæнгтæ ай- тынг кæнын фæрæзта. Фæзынд 1906 азы. Райдианы уый уыдис музыкалон-драмон кружок. Ацы къорды куысты егъау уыд Хæныкъаты Уаскайы (Уасил) хайбавæрд. 11
Тагъд ахъæр йæ ном ацы театрæн. Æвæрдтой Хъо- роты Д. «Æз нæ уыдтæн - гæды уыди», Елбыздыхъойы «Хазби». Цалынмæ 1931 азы нæ профессионалон театр нæ байгом, уæдмæ ацы коллектив стыр куыст бакодтой. Цыбыр дзырдæй, фидар бындур бацæттæ кодтой æцæг ирон театрæн. Нæй сахар Бакойы фæзынгæ, сырæзгæ ирон театры иувæрсты ахизæн. Егъау уыд сæ нымæц Бакойы цæрæг ирæттæн. Ирон разагътайы интеллигенцийæ уым уы- дысты: Козаты Разден, Плиты Илья, Цхуырбаты Уас- дже, Гаглойты Илья, Цæлыккаты Ахмæт, Цæголаты Ге- орги, Сиукъаты Г. Уыдон 1906 азæй райдыдтой арха- йын, цæмæй сæ къухты бафтыдаид ирон драмон кру- жок бакæнын. Ацы хъуыддаджы сæ сæргъ слæууыд Цæ- лыккаты Д.Т Байгом ацы драмкъорд 1908 азы, кружочы куыстæн йæ сæрбос уыдис Цæлыччы фырт, кæцы ба- фæрæзта 128 «актеры» æртымбыл кæнын. 1922 азы зынгæ большевик Цоциты Никъалайы хъæп- пæрисæй Ортъеуы хъæуы фæзынд драмкружок. Уæдмæ ацы хъæуы йæ куыст кодта зарджыты къорд. Дисæн сын хастой адæм сæ арæхстдзинæдтæ, уæлдайдæр-иу Тлатта- ты Чермены, Алыккаты Хазбийы, Дриаты Антоны, Ха- ребаты Исахъы, Бургъуыстаны æмæ æндæр зарджытæ куы æххæст кодтой, уæд. Драмкружок фыццаг пьесæтæ рæгъмæ рахаста 1923 азы. Йæ репертуары уыдысты: Елбыздыхъойы «Худина- джы бæсты мæлæт», Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн - гæды уыди», Никъалайæн йæхи фыст пьесæтæ «Чызгыскъæфт» æмæ «Хæст фронты». Къорды хайадисджытæ уыдысты хъæууон фæсивæд. Сæ алыварс хъæутæ: Джер, Белот, Са- рабук, Залда, Мармазет, Уанат стыр разæнгардæй цыды- сты Ортъеуы театры спектаклтæм. Ралæууыд ног дуг. Адæмæн фадат фæцис сæ сæртæ схъил кæнынæн, сæ алфæмблай акæсынæн, бакæнинаг хъуыддæгты уæлхъус æрлæууынæн. Нæ саразинаг хъуыд- дæгтæй иу сæ тæккæ ахсджиагдæр уыдис профессионалон театр бакæнын, бæстыхай ын саразын, халагъудтæй æцæг сценæмæ рахизын. 12
1927 азыХуссар Ирыстоныхицауад рахастауынаффæ ирон театрæн бæстыхай саразыны тыххæй. Бæстыхай арæзт фæцис 1931 азы. 20 июлы Цхинвалы уыдис стыр бæрæгбон. Уæд йæ дуæрттæ байгом сты ирон театрæн, уæд байгом фыццаг хатт ирон профессионалон театры сценæйы æмбæрзæн. Адæмæн равдыстой Цъеретелийы «Тæфсæг». Ацы пьесæ сæрæвæрæн фæцис нæ театры райдианæн. Театры фыццаг актерон къордмæ бацыдысты: Дзæ- хаты Дзæбидыр, Дзаттиаты Сона, Уырысты Муссæ, Ту- аты Зураб, Лохты Къоста, Гугкаты Сашæ, Хетæгкаты Володя, Кокойты Тæтæрхъан, Цæбиты Нинæ, Кавказаг, Гуыбиаты Георги, Еналдыты Дауыт, Мамиты Димитр, Бекъойты Алекси, Джиоты Володя, Хуыбылты Георги, Магкæты Алихан, Хъуылымбегты Георги, Саулохты Мух- тар, Гаглойты Зинæ, Плиты Грис æмæ Дзаттиаты Соскъо. Театр йæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы йæ рай- дианæй егъау куыст бакодтой режиссертæ: Хетæгкаты Володя, Кокойты Тæтæрхъан, Мургулия Виктор æмæ æнд. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нæ театры разагъ- тайы актертæй бирæтæ кæй рæхстысты режиссеры куыстмæ дæр. Сæ сæвæргæ спектаклтæ кæддæриддæр фæндаг ардтой сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Ахæмтæ уыдысты: Бекъойты Алекси, Лохты Къоста, Хъæцмæзты Илья, Магкæты Алихан, Цæбиты Залихан, Къæбысты Гриша, Саулохты Мухтар, Мамиты Димитр, Гæззаты Сте- пан, Хъайырты Владимир æмæ æндæртæ. Нæ актерты ’хсæн разынд ахæмтæ дæр, сæ пьесæтæй ирон театры репертуар чи хъæздыг кодта. Ахæмтæ уы- дысты: Хъайырты Владимир («Бæтæйы фырттæ»), «Ацæ- мæз»), Магкæты Алихан («Мисурæт»), Саулохты Мухтар («Фыййæутты уæтæр», «Бега», «Усгур», «Нарты Батрадз», «Хæхтæ сдзырдтой», «Хандзериффæ», «Партизантæ», «Патриоттæ») æмæ æнд. Йæ рæзты къахыл ныллæууыд ног дуджы ирон те- атр. Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ ам æнæзæрдæхудт куыст кодтой нывгæнджытæ Тугъанты Махарбег, Зассе- 13
ты Алыксандр, Гæздæнты Ц.; Хохты Аслæнбег, Кокойты Вася, Плиты Андрей, Гаглойты Тауырбег. Театр æнæ музыкæ; æнæ кафты аивадæй нæ фида- уы. Уыцы хъуыддаджы стыр уыдысты сæ лæггæдтæ Ко- койты Тæтæрхъанæн, Галаты Барисæн, Хаханты Дударæн, Гæбæраты Ильяйæн, Плиты Христофорæн, Æлборты Фе- ликсæн, фæстæдæр Джыгкайты Ростик æмæ Гæбæраты Викторæн. Кæфтытæ æвæрыны хъуыддаджы кæддæрид- дæр фæдисон уыд Саулохты Мэлс. 1936 азы нæ хицауады уынаффæмæ гæсгæ Ленинград- мæ Островскийы номыл театралон институтмæ æрвыст æрцыд 20 лæппу æмæ чызджы. Уыдон уыдысты: Багаты Федыр, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Гæззаты Степан, Жа- житы Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Таугазты Гаврил, Теде- ты Андрей æмæ Владимир, Къæбулты Гриша, Хъайырты Владимир, Магкоты Наташæ, Мæргъиты Сослан, Мæхъиты Владимир, Плиты Алыксандрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варя æмæ Залихан, Цоциты Нинæ, Саулохты Мухтар. Сæ ахуыр фесты 1941 азы. Тугуарæн фæдисы хъæр ай- хъуыст дунейыл, уыимæ æнæхъæн Ирыстоныл дæр. Хæст- мæ бирæ фæраст нæ актертæй, бирæты зынг дзы бахуыс- сыд хæсты быдыры. Уыдон та уыдысты: Тедеты Андрей, Магкæты Алихан, Алыккаты Хадзымурзæ, Тедеты Къоста, Цхуырбаты Ясон. Сæ уарзон театрмæ ма сыздæхтысты æртæйæ - Гæззаты Степан, Мæргъиты Сослан æмæ Теде- ты Владимир. Нæ театры историйы зынгæ цауыл нымад æрцыд 1940 азы фыццаг ирон декадæ, кæцы уагъд æрцыд Тбили- сы хæсты хæдагъоммæ. Театры коллектив семæ аластой Бердзенишвилийы «Зынг», Къостайы «Дуня» æмæ Сау- лохты Мухтары «Фыййæутты уæтæр». Уыцы декадæйы хайадисджытæуыдысты: Дзаттиаты Сона, Цæбиты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Гиуæрги, Саулохты Мухтар æмæ æнд. Тбилисы театралон æхсæнад, горæты театрдзаутæ егъау аргъ скодтой нæ актертæн, лæвæрд сын æрцыд Гуырдзыстоны сгуыхт артисты нæмттæ. 14
Куыста театр, фæлæ йыл фæзынд хæсты фæд, хъуы- дис театры коллектив баххæст кæнын, йæ нымæц ын фæфылдæр кæнын. Уый хынцгæйæ, областы къухдари- уæгад 1956 азы Мæскуымæ арвыстой ахуыр кæнынмæ ног фæлтæр. Уыдон уыдысты: Абайты Маирбег, Бекъой- ты Гиуæрги, Галуанты Людæ, Гояты Нателæ, Гугкаты Евелинæ, Зæгъойты Ростик, Джыгкайты Иван, Джио- ты Зауыр, Джусойты Хасан, Еналдыты Вахтанг, Цоциты Къæдзæхмæт, Цæбиты Руслан, Тедеты Алихан, Цхуырба- ты Светланæ, Годжыцаты Исахъ, Дзбойты Зоя, Хареба- ты Федыр, Козаты Пъауле, Куымæридтаты Донарæ, Ты- былты Сæлимæт æмæ Плиты Бекызæ. Уыдон 1961 азы каст фесты Мæскуыйы Аивадон Академион театры цур Немирович-Данченкойы номыл театралон студи. Уыцы аз нæ театры коллективмæ æрбацыд Гæбæраты Дауыт дæр. Уый каст фæцис Тбилисы Руставелийы номыл пад- дзахадон театралон институт. Хæдбындур курдиæтты хицау уыдысты Джелдыты Ан- дрей,Медойты Заретæ, Мадзаты Мæхæмæт, Гасситы Рая. Кæд сын театралон ахуырдзинад райсын нæ бантыст, уæддæр кæуылты уыдис сæ арæхстдзинад, сценæйы дæснытæ уыдысты, ирд фæлгæнцтæ хастой сценæмæ- кæсджыты размæ. Нæ театр æмæ нæ театрдзаутæн зæрдылдаринаг уыд 1957 аз. Уæд нæ театрæн уыдис дыккаг декадæ Тбилисы. Уæд сæ цæттæдзинад егъаудæр æмæ тыхджындæр уыд, ала- стой семæ Туаты Дауыты «Сидзæргæс», Гаглойты Владими- ры «Залинæ» æмæ Къанделакъийы «Цъхънеттаг чызг Мая». Цæстæвæрæн фесты уæд Хуссар Ир Тбилисы раз, театр, ансамбль, нæ фысджытæ æмæ нывгæнджытæ гуырдзыйы ’хсæнадæн фенын кодтой Хуссар Иры арæхстдзинæдтæ культурæйы алы къабазы дæр, уæд федтой гуырдзы, цахæм у къах-къухтыл кафт, уæд федта Тбилис, ирон чы- сыл джигиттæ куыд кафыдысты, уый. Номырæй номы- ры ’хсæн сын уыдтой сæ уæрджытæ ахæм ныхæстимæ: ирæттæ хæйрæджытæ сты, æвæццæгæн, сын сæ къæхтæн 15
исты сарæзтой, калдтой сценæмæ къафеттæ, фæлæ сæ нæ сывæллæттæ хъуыды дæр не ’ркодтой. Уæд нæ актерты егъау къордæн аккаг хорзæхтæ æрцыд лæвæрд. Дзатти- аты Сона æмæ Гаглойты Зинæйæн лæвæрд æрцыд Гуыр- дзыстоны республикæйы адæмон артисты нæмттæ. Иннæ хай: Гаглойты Варя, Джелдыты Андрей, Мæргъиты Сослан, Медойты Заретæ, Пæррæстаты Димитр æмæ Таугазты Гаврилæн та саккаг кодтой сгуыхт артисты нæмттæ. Нæ театр рох никуы уыд хицауадæй. Уый сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, 1972 азы ног фæлтæр æрвыст æрцыд Мæскуымæ ахуырмæ. Уыдон та уыдысты: Кадзты Фи- липп, Дзæгъиаты Къæдзæх, Еналдыты Инал, Таугазты Аслан, Быценты Циснарæ, Битеты Лев, Джиоты Галинæ, Мамиты Лев, Хъазиты Гиви, Тадтаты Фатимæ, Тедеты Ельвирæ, Тыджыты Бэлæ, Мæхъиты Дарикъо, Туаты Вячеслав, Хуыгаты Сурен, Кокойты Махарбег. Сæрæн, æвзыгъд фæсивæд разындысты ацы къорд дæр, нæ те- атрæн фидар быцæутæ кæй хонæм, ахæмтæ. 1982 азы Тбилисы театралон студимæ дæр æрвыст æрцыд ног фæлтæр. Уыдон та уыдысты: Кокойты Мэлс, Хъæцмæзты Фатимæ, Къуезерты Фатимæ, Сиукъаты Изе- тæ, Куымæридтаты Маринæ. Арфæйаг хъуыддаг у уый дæр - фæсивæд сæхæдæг кæй агуырдтой фæндæгтæ те- атрмæ, нæ ирон сценæмæ. Фæзынд се ’рбацыд нæ теа- тры куыстыл Хаситы Вильгельм, Уанеты Хсар, Джуссой- ты Аллæ, Козаты Маринæ, Тъехты Вася, Гæджиты Ингæ, Наниты Витали, Джиоты Сослан, Гæбæраты Лев, Тедеты Ларисæ, Гуыцмæзты Галинæ æмæ æндæртæн. 1990 азы Мæскуымæ, театралон институтмæ, æрвыст æрцыдысты нæ фæсивæдæй 10 лæппуйы æмæ æхсæз чызджы. Сæ ин- ститут æнтыстджынæй каст фесты 1994 азы æмæ зæгъæн ис, абоны театры уæз уыдоны уæхсджытыл кæй æнцайы. Уыдон сты: Бибылты Сослан, Хуыгаты Дзамболат, Бага- ты Георги, Джиоты Аслан, Пæррæстаты Димитр, Гаглой- ты Артур, Медойты Алыксандр, Харебаты Жан-Жак, Ел- 16
бачиты Рамаз, Чилæхсаты Эдуард, Гæбæраты Иринæ, Го- бозты Галинæ, Джиоты Альма, Джиоты Бэллæ, Таугазты Дзерассæ, Дыгъуызты Жаннæ. Нæ уыд рох театр нæ университетæй дæр. Универси- тет куы байгом, уæд дзы бирæ ног факультеттæ фæзынд, уыцы нымæцы аивады факультет дæр. Æнтысджынæй ам сæ ахуыр кæронмæ фесты: Æлборты Агуындæ, Бу- куылты Сослан, Куымæридтаты Батрадз, Сагирова Миле- на, Харебаты Лейла, Хуыгаты Альбинæ, Чохели Натия, Сагкаты Хатунæ æмæ Цоциты Никъала. Нæ театр рæхджы кæй сæндидздзæнис, уый не ’ппæты дæр уырны. Абоны бон театрæн уæддæр фезмæлыны фа- дæттæ арæзт æрцыдысты, æмæ кусынц, змæлынц: фæс- таг рæстæджы цы спектаклтæ равдыстой - «Уацамонгæ, цирхъ æмæ гутон», стæй уæд «Фæныкгуыз», - уыдон дзу- рæг сты, æвзонг тыхтæ, æвзонг хъарутæ нæм кæй ис, ууыл æрмæст сын сæрбос-режиссер нæй, æмæ уый ссарыныл ба- цархайын хъæуы. Абон нæ театры цæсгомæвдисджытæ сты: Быценты Циснарæ, Къуезерты Фатимæ, Тадтаты Фатимæ, Гуыцмæз- ты Галинæ, Джиоты Альмæ, Хуыгаты Альбинæ, Дыгъуыз- ты Жаннæ, Сагирова Милена, Кокойты Фатимæ, Таугаз- ты Дзерассæ, Гугкаты Евелинæ, Гояты Нателæ, Уанеты Хсар, Джиоты Сослан, Наниты Виталик, Тъехты Вася, Ха- ситы Вильгельм, Бибылты Сослан, Харебаты Жан-Жак, Пæррæстаты Дмитри, Гаглойты Артур, Чохели Натия, Ба- гаты Георги, Куымæридтаты Батрадз, Хуыгаты Джамбо- лат, Джиоты Аслан, Букуылты Сослан, Гобозты Инал, Цо- циты Никъала, Елбачиты Рамаз, Уанеты Эдуард, Зæгъойты Руслан, Хъæцмæзты Фатимæ, Тедеты Андрей, Галуан- ты Людæ, Гæджиты Ингæ, Харебаты Федя, Хаситы Эммæ, Къацты Филипп, Дзуццаты Тамерлан, Дыгъуызты Иринæ, Тедеты Заирæ, Зассеты Вепхо, Тыджыты Мая. Ног театры къæсæрæй заргæ, кафгæ, худгæйæ чи бахи- за, уыдон уал уыдзысты уæлдæр ранымадгон фæлтæр, нæ театры зиууæттæ. V 17
КЪОСТА - ИРЫ ХЪУЫДДÆГТЫ СÆРБОС Нæ царды фæндæгтæй цæмæфæндыдæр куы бав- налай, уæд дзы æнæмæнг- дæр разыны Къостайы æрмдзæф, йæ хъуыдыты суа- дон, йæ бæллицты хъуыр- духæнтæ. Арæх фæдзурæм, кæд нæ профессионалон театрты фæзынд рагон нæу, уæд- дæр Иратаманы историйы бæлвырдæй зыны театра- лон аивады æнкъарæнтæ се уæнгты, сæ сæры магъзы рагæй кæй сты. Ирон вазыгджын æгъдæуттæ сæ рагон фæндæгтæй Къостайы онг стыр театралон сценæтæ уыдысты. Къо- стайы Хъуыбады, Наиб, Эски - абырæг; Секъайы Тохти æмæ Мистъала, Къубалты Ал-ры. Зыгъуыттаты Бибо, Санаты Сем æмæ æнд. уыдысты фидæны театралон аи- вады дæснытæ. Уæдмæ фæзынд нæрæмон Къоста, ныннæрыд «Ирон фæндыр» Ирыстоны къуырма хæхты хъæбысы. Чиныг цыд дзыхæй-дзыхмæ. Лæгдæр ирæттæй уый уыд, фылдæр чи зыдта Къостайы хæзнатæй. Алыварсон курдиаты хицау уыд Къоста, цынæ уарзта, йæ къух цæмæ нæ фæкодта - йæ кафт, йæ зард, фæндырыл (æмæ пианино) цæгъдын, театры сценæйыл архайын, фар- ны фынгты фарсмæ бадын, раст лæджы сæрыл рахæцын. 18
Куыд нывгæнæг, афтæ æнгом баст уыд сценæимæ, деко- рацитæ аразынмæ. Кæуылты уыдысты йæ куыстытæ, Дзæуджыхъæуы театрæн сарæзта декораци, сарæзта «Д ети капитана Гранта» æмæ «Хаджи Мурат»-æн, абон дæр фенддаг сты Алагиры аргъуаны къултæ. Хъуамæ нæ рох ма уа уый дæр, - Къоста уыдис драма- тург, актер æмæ режиссер дæр. Ставраполь, Петербург, Пятигорскы йæхи кæддæриддæр æппæрста сценæтæм. 1894 азы Островскийы пьесæ «Бедность не порок»-ы фæзындыл æххæст кодта 40 азы. Уый сценæйыл сæвæ- рыны хъуыддаджы стыр куыст бакодта Къоста. Нынныв ын кодта йæ сурæт, спектаклы размæ бакаст йе ’мдзæв- гæ «А. Н. Островскийы мысгæйæ». Къоста стыр драматург æмæ сценæйы арæхстджын архайæг кæй уыд, уый бынтон æргомæй разынд йæ ко- меди «Дуня»-йы. Сылгоймаджы удыгъæды миниуджы- тыл, йе рдзон сконд æмæ йæм цардæй, æхсæнадæй, цы хай æрхауд, ууыл тынг ныхъхъуыды кодта Къоста æмæ йыл фыста иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Адæймаджы царды хъæуы бартæ, бартимæ куыст, фæллойы хъуамæ уына йæ амонд, афтæ йæ зæгъы Фати- мæ Наибæн, ахæм фæндагыл лæуд уыд Дуня дæр. Дуняйæн йæ фыды хæдзары алцы дæр уыд, цардаид иу къах иннæуыл сæвæргæйæ, фæлæ ууыл не сразы, нæ цыд йæ зæрдæмæ дыккаг мад Марья Павловна æмæ йе мбал чызг Надя Ворбеевайы цардыуаг. Йæ фыды хæдзарыл та йæ къух систа æгуыст лæппу Лаптевы ныхæсты фæстæ. Уый ныхас та уыд Дуняйæн: «Цæйнæфæлтау ацы хæдзары æмбыд уæлдæфы фæхуыдуг уай, фæлтау æххуырст дæр у, гæрзтæхсæг дæр у». Фæцыд царды фæндагыл, афтыд Петербургмæ, бахауд æхсæнадмæ, ныххæцыд ахуыры хъуыддагыл æмæ йæ амонд дæр ссардта. Комеди «Дуня» бирæ хæттыты, бирæ сценæтыл æр- цыд æвæрд Къостайæн йæхи рæстæджы, фæлæ дзы иууыл зæрдылдаринагдæр у, Пятигорскы æвæрд куы æрцыд, уыцы хъуыддаг. Зынгæ журналист, Уæрæсейы Федерацийы зонæдты сгуыхт архайæг, композиторты Цæдисы уæнг, фыссæг, 19
Кавказы Минералон Дæтты (КМВ) музыкалон-театралон хъуыддæгты бындурæвæрæг Розенфельд Борис Матвейы фырт стыр куыст кæны æмæ бакодта Цæгат Кавказы го- рæтты историйыл, йæ тых сæйраджыдæр радта уымæ, дунейыл сæ ном хъуыстгонд кæмæн у алы фадыджы, алы хъуыддаджы, уыдонæй чи уыд ацы диссаджы сахарты, цæ- мæн æрæфтыдысты æмæ цы фæд ныууагътой. Розенфельды фæстаг куыстытæй иу у йæ чиныг «Ма- лознакомый Кисловодск». Мыхуыры рацыд Пятигорскы 2016 азы. Бирæ зынгæ адæймæгтыл цæуы ныхас ацы чины- джы. Уыцы нымæцы: А.С. Пушкиныл, М.Ю. Лермонто- выл, Л.Н. Толстойыл, Шаляпиныл, Д.Н. Мамин-Сибиря- кыл, К.С. Станиславскийыл, В.Я. Киршоныл, В.В. Хлебни- ковыл, А.И. Солженициныл æмæ æнд. Ранымад адæймæгты ’хсæн егъау бынат лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайæн дæр. Розенфельд Борис бæстон æрдзырдта Къоста æмæ Кавказы бастдзинæдтыл, Став- раполь, Пятигорск æмæ Кисловодск Къостайы царды цы стыр бынат æрцахстой, уыдæттыл. Се ’ппæтыл дзурыны фадат нæй, ам сæйраг у, Къоста ацы сахарты уæвгæйæ, куыд дардта йæ хъус театртæм, сценæтæм, сæ репертуартæм, цахæм уыд йæ хайадист уыцы сценæты. Канд А.Н. Островскийы юбилейон изæр нæ, бирæ сгуыхт адæймæгты номарæн изæртæ бацæттæ кодта Къоста. Къостайы комеди «Дуня»-йыл сæ цæст æрæвæрдтой нырма Петербурджы, студент уæвгæйæ йыл уым райдыд- та кусын. Комеди цæстæвæрæн фæцис Пятигорскы дæр. Куыд æмæ йыл чи куыста, кæй фæрцы бахауд сценæмæ, чи уыд йе вæрæг æмæ бæстонгæнæг, уый тыххæй æмбæлон æрмæджытæ ис М. Розенфельды чиныджы. Нырма уал зæгъы: «Бæхджын дивизионы командир, булкъон М.А. Лыщинскийы фæндон уыд, цæмæй Пяти- горскы арæзт æрцæуа фæсивæды хихъæппæрисон драм- къорд, уазæгдон «Централь»-ы та æвæрд æрцæуа пьесæ «Муза», сæйраг рольты та дзы хъуамæ хъазой Цæлыккаты Аннæ æмæ Хетæгкаты Къоста». 20
М. Розенфельд ма зæгъы уый дæр, зæгъгæ, М. Л ыщинский уыдис стыр ахуыргонд æмæ хорз музыкант, уый бафтыдта Къостайы, цæмæй ныффыстаит Ирон бæхджын дивизионы истори, уымæн, æмæ, дам, уыцы офицерты ’хсæн бирæ уыд, Къостаимæ хæлар, хъæрмуд чи уыд, ахæмтæ. Ракодта М. Розенфельд М. Лыщинская Мария Петров- найы кой дæр. Бæрæг у аивадмæ æввахс кæй лæууыд, уый. Райдыдта цæуын цензурон комитетмæ, цæмæй сын бар радтой комеди «Дуня» сæвæрынæн. Къоста йæ хъалæй нæ ахауд Пятигорскмæ, Ирыстонæй хаст уыд, йæ комеди «Дуня» æвæрынмæ куы бавнæлдтой, уæд æрвыст æрцыд Херсонмæ. Къостайы æрыздæхтимæ Пятигорскы фæстæмæ сцы- рын «Дуня» сæвæрыны хъуыддаг. М. Розенфельд ракодта газет «Казбек»-ы кой дæр. Уый хъусын кодта (газет), кæй цæуы куыст «Дуня»-йыл, æвæрæг режиссер ын йæхæдæг кæй у. Спектаклы фæстæ адæмы уавæр цахæм уыд, уый æргомæй загъта г. «Казбек». «Пятигорское интеллигент- ное общество получило в этот день особенное эстетиче- ское удовольствие, усилившееся тем, что ставилась пьеса близкого им человека, которого все знают и уважают». Къостайы Пятигорск йæхимæ фылдæр кæй æлвæста, уый нын бæрæг у - Цæлыккатæ уым цардысты, Аннæ йын уым уыд. Комеди «Дуня» сæвæрыны хъуыддаджы Цæлыккатæ дæр æнæ хайад райсгæйæ нæ баззадысты. Уый бæлвырд у Цæлыккаты Юлянайы мысинæгтæй: «Спектакль поста- вить было трудно (постановка было в гостинице Шульги- ной - М.Розенфельд). Специального помещения не было, пришлось привозить всю обстановку вплоть до лампы с керосином. Наконец, долгожданный день... Я суфлирова- ла. После первого акта вызывают автора. Я бегу - ищу его. Смотрю, Коста буквально катается по ковру от хохота. Ему самому пьеса нравилась, в ней немало комических сцен. - «Ступайте, - говорю, - вызывают автора». «Дуня»-йы тыххæй уыдис ахæм сценæ дæр, Аннæ Дуняйы ролы кæм хъазыд Къоста та - Светловы. Комеди «Дуня» ирон 21
æвзагмæ раджы æрцыд тæлмацгонд, 1914 азæй фæстæмæ ирон сценæтыл арæх æвæрд цыдис ацы комеди. Къостайы юбилейон бонты «Дуня» ирон сценæтыл æвдыст цыд кæд- дæриддæр. Хетæджы фырт йæ рæстæджы бæстон ныхъхъуыды код- та, хъæуы йæ адæмы периодикон мыхуыр æмæ театралон сценæ - Къоста хорз æмбæрста, уыдон ирон адæмы царды айдæнтæ кæй сты, уый. Къоста æмæтеатр,Къостаæмæ драматургийы фарстытæ. Уыдон дардыл дзуринаг сты. Махæн бæлвырд у иу хъуыд- даг: Къоста хорз зыдта театр æмæ драматургийы домæнтæ, режиссеры куысты хиæдтæ. Уыдæттæ та æргомæй зы- нынц йæ гуырахстджын уацмысты - «Хетæг», «Фатимæ», «Кæуæг айнæг» æмæ æнд. Йæ фыдæбæттæ та бæлвырдæй зынынц йе нæфæуд уацмыстæ «Поздний рассвет» æмæ «Чердак»-ы. Нæ театры истори æнгом баст у Къостайы архайд æмæ хъуыдытимæ. Мах сæрыстыр стæм абоны бон дæр, нæ театр кæй хæссы Къостайы ном. Сæрыстыр стæм уымæй дæр, Ирыстоны зынгæ хъæутæй бирæтæ хæссынц Къо- стайы ном Хуссарæй Цæгатмæ. Нæ сины сæртыл хъуамæ хæциккам кæддæридцæр Къо- ста Ирыстоны арæнтæй кæй ахызт, уый тыххæй дæр. Уый тыххæй бирæ бæрæггæнæнтæ ис, сæйраг æвдисæнтæ та сты йæ цыртдзæвæнтæ - Ставраполь, Пятигорск, Кисло- водск, Санкт-Петербург, Болгари (Кырлджари), Тбилис, Ка- хет (хъæуАрешперан) æмæ Лондоны. Къостайы 60 нацийæ фылдæр ратæлмац кодтой сæхи æвзæгтæм. Алы наци дæр йæ сæрæн аргъ кæнын зоны. Хъуамæ мах дæр зонæм - чи стæм, цæмæй рæгъыдзыд стæм, сæр- бахъуыды цы хъуамæ райсæм. Къоста кæмæн ис, уыдон сæхи мæгуыр макуы схонæт. Къостайыл дзургæйæ, махæн нæ цæстыты раз хъуамæ сыстой Нартæ, Скифтæ æмæ Сарматтæ, Алантæ, Абайты Уасо æмæ не ’ннæ разагътайы фæлтæр. Къостайы сæйраг домæн та уыд: Алы ирон лæг дæр хъуамæ уа Нæртон æмæ йæм уыцы номæй бадзурæн уа. 22
НÆ ТЕАТРЫ РЕЖИССЕРТÆ 1. Хетæгкаты Володя - æвæрæг-режиссер 2. Кокойты Тæтæрхъан - æвæрæг-режиссер 3. Бекъойты Андрей - æвæрæг-режиссер 4. Лохты Къоста - æвæрæг-режиссер 5. Хъæцмæзты Илья - æвæрæг-режиссер 6. Гуыбиаты Георги - æвæрæг-режиссер 7. Мургулия Виктор-æвæрæг-режиссер 8. Самохвалов И.-æвæрæг-режиссер 9. Маггæты Алихан-æвæрæг-режиссер 10. Соколов А. - æвæрæг-режиссер 11. Вивьен Л. - æвæрæг-режиссер 12. Сланты Григол - æвæрæг-режиссер 13. Цæбиты Залихан - æвæрæг-режиссер 14. Къæбысты Гриша - æвæрæг-режиссер 15. Мамиты Димитр - æвæрæг-режиссер 16. Хъайырты Владимир - æвæрæг-режиссер 17. Гæззаты сЛгаьн - æвæрæг-режиссер 18. Тугъанты Махарбег - æвæрæг-режиссер 19. Саулохты Мухтар - æвæрæг-режиссер 20. Хуыгаты Геор - æвæрæг-режиссер 21. Азаревич - æвæрæг-режиссер 22. Бекъойты Розæ - æвæрæг-режиссер 23. Коцты Фатимæ - æвæрæг-режиссер 24. Дзуццаты Тамерлан - æвæрæг-режиссер 25. Чилæхсаты Е. - æвæрæг-режиссер 23
НÆ ТЕАТРЫ НЫВГÆНДЖЫТÆ 1. Тугъанты М. 2. Зассеты А. 3. Гæздæнты Ц. 4. Хохты А. 5. Дзассохты Ш. 6. Кокойты В. 7. Хаситы 3. 8. Плиты А. 9. Гаглойты Т. 10. Тыбылты И. 11. КоцтыС. 12. Къæбысты Н. 13.Хъотайты Гр. 14. Санахъоты Б. 15. Гасситы У 16. Цхуырбаты Т. 17. Санахъоты М. КÆФТЫТÆ ÆВÆРÆГ 1. Гæбæраты Г. 2. Тъотъоты Я. 3. Хетæгкаты В. 4. Тедеты Г. 5. Саулохты М. 6. Къæбысты А. 7. Æрсойты В. 8. Гаглойты X. 9. Санахъоты М МУЗЫКÆ ÆМÆ ФÆНДЫРДЗÆГЪДДЖЫТÆ 1. Галаты Б. 5. Плиты Н. 2. Цхуырбаты Б. 6. Цæукъаты X. 3. Хаханты Д. 7. Саппиты 3. 4. Æлборты Ш. ЗАРÆГГÆНДЖЫТÆ 1. Плиты Г 3. Чилæхсаты П. 2. Джыгкайты А. 4. Мамиты Д. 24
БРЫТЪИАТЫ ЕЛБЫЗДЫХЪО Елбыздыхъойы лæггæд- тæ йæ адæмæн бирæ æмæ зынаргъ сты, нымайæг сæ нæ банымайдзæн. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ цыбыр царды бонты йæ уд хъардта, цæмæй йæ адæмы царды сконды ми- ниуджыты рæгъмæ хастаид, сæ мæгуырдзинæдтыл дур фæлдæхтаид, ироны кад, намыс, æгъдау сæ раны уыдаиккой. Раст у Нигеры хъуыды: «Къостайы фæс- тæ Елбыздыхъо у ирон аив литературæйы курдиатджындæр минæвар». Елбыздыхъойы царды фæндæгтæм куы акæсæм, уæд æрцæуæм ахæм хатдзæгтæм: цас уыд йæ бон ацы мы- зыхъ лæппуйæн, кæуылты уыд йæ хъару йæ зонд, куыд бирæ йын бантыст саразын. Театры кой куы скæнæм, уæд цардæгас уæйыджы хуызæнæй нæ цæстыты раз сысты Елбыздыхъо. Елбыздыхъойы кой куы ракæнæм, уæд та сæхи гъæдæй байгом вæййынц нæ театрты дуæрттæ. Æхсарджын лæг уыд Елбыздыхъо йæ царды бонты. Ирондзинадыл рыг абадын нæ уагъта, «Уыдтæ нæ дзырды сауæрмадзы куырд» - зæгъы Шамил. Шамил загъта уый дæр: «Хæрзгæнæг хорз йæ афоныл нæ ары: Уыди йæ фæндаг сыгъд æмæ уырыд»... 25
Брытъиаты Елбыздыхъо ивгъуыд дуджы бирæ скъæ- рæнты бахауд, Назраны ахæстоны фæстæ йæ къухмæ æрхаудта хъеллауаг цард, фæхицæн йæ адæм, йæ Иры- стон, йæ уарзон Куырттаты комæй. Уыдæттыл хъæцыд, Елбыздыхъо, уымæн æмæ сомбоны фæндæгтæ агуырдта. Елбыздыхъойæн ног дуджы ацæрын бирæ нæ бан- тыст. Ног дуг тафадæттæаразæгуыд. Алчи цардыиннæ ахсджиаг хъуыддæгты æмрæнхъ бавнæлдта йæ культу- рон бынтæ æрбæстон кæнынмæ. Куыста адæмон ахуырады хайады, райкомы юридикон хайады хистæрæй, аивады хайады хицауæй, Дзæуджыхъæ- уы ирон æмæ уырыссаг театрты организацигæнæгæй. Уы- дæттимæ иумæ Елбыздыхъойæ рох никуы уыд йæ литера- турон куыст дæр. Кæд йæ диссаджы хæзнатæ - литерату- рон бынтæ революцийы агъоммæ сфæлдыста, уæддæр ног советон дуджы дæр ирон театр æмæ драматурги уымæй рох никуы уыдысты . Ууыл та дзурæг у йæ куырыхон уацмыс «Амыран». Дуг йæ бон калы, цасфæнды йæ ныхмæ куы тох кæнай, уæддæр фæстагмæ уый фæуæлахиз вæййы. Къостайæ фылдæр нæ фæцард Елбыздыхъо дæр. Къостайы йæ дуг бадомдта, йе стджыты йын рухс уый ауагъта. Дуджы азар басыгъта Елбыздыхъойы дæр, кæд йæ ныхмæ хæцыд сис æмæ джебогъæй, æхсаргард æмæ топпæй, уæддæр иуæн дыууæ æфсад. Уæззау æмæ скъæрæнты дуг бадон кодтой Елбыз- дыхъойы æндон хъару, аскъуыд йæ цардбæллон зæрдæ 1923 азы 25 сентябры. Зæгъæн ис, Къостайы фæстæ Ирыстоны зиæнттæй иууыл зæрдæриссаг дæр зиан уыд Елбыздыхъойы мæлæт. Арæх дзурæм: бирæ не сты Елбыздыхъойы литерату- рон бынтæ. Раст у, фæлæ ацы ныхасæн йæ фарсмæ лæууы - цъус æмæ хæрзгъæд, цъус, фæлæ сæ Елбыздыхъо сарæзта ирон драматургийы истори, æрæвæрдтой йын бындур æмæ нын бакодта ирон театры дуæрттæ. Къоста æмæ Елбыздыхъойыл дзургæйæ, махæй рох ма хъуамæ уа 26
Нафийы куырыхон ныхас: «Къоста нын радта чиныг, Ел- быздыхъо та нын байгом кодта театры дуæрттæ». Елбыздыхъо драматурги æмæ сценæ-театр куыд æмбæрста, ууыл бирæ æрцыд загъд, куыд ыл сагъæс кодта, йæ катай цахæм уыд, уый та нын æргомæй загъ- та йæ къаннæг пьесæ «Маймули рухсаг у, æгас цæуæд ирон театр»-ы. Рох нæ хъуамæ макуы уа æндæр хъуыддаг дæр: фыццаг ирон драмкъордтæ æмæ нæ профессиона- лон театртæ сæ куыст кæй райдыдтой Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Дыууæ хо»-йæ. Ирон лæг йæ хъалæй абырæджы фæндаг никуы рав- зæрста, цы-иу сæ æркодта уырдæм, уыдæттæ йæхи цæстæй уыдта Елбыздыхъо, уыдта, Иры сагсур фæсивæд рæстагæй æфхæрд кæй цæуынц, рæстаг æфхæрд та ирон никуы ныб- барста, æнæбарондзинад та сæ кодта абырæг æмæ туд- жы фæндæгтæм. Брытъиайы фырт тынг арæхстджы-нæй равдыста ацы æбуалгъы фæндæгты йæ пьесæ «Худинад- жы бæсты мæлæт»-ы. Фенаг лæг уыд Елбыздыхъо, йæ хъуыдыты рахæцæн баст уыд иу стыр хъуыддагыл: иугæр лæг райгуырд, фæзынд а дунемæ, уæд ын цæрыны бар хъуамæ уа, фæнды нæлгоймаг уæд фæнды сылгоймаг. Уый сæрыл тох та алкæй хæс дæр у. Сылгоймаг удгоймаг кæй у йе уæнгты ’хсар æмæ туг кæй ис, цардæй йæм хай кæй æмбæлы, уыдæттæ Елбыздыхъо реалон нывтæй равды- ста йæ драмæ «Дыууæ хойы». Елбыздыхъо хорз зыдта йæ адæмы истори Скифтæ, Сæрмæттæ æмæ Алантæй йæхи онг. Йæ цыбыр царды бонтæ йын нæ фыдæлты дард фæндæгтæм ахизыны фа- дат нæ радтой, фæлæ дзы йæхи дугмæ цы рхауд,уыдонæй ракодтой иуы кой. Уый та уыд 1830 аз, Цæгат Ир æй хо- нынц Абхадзы дуг, Хуссар Ир та Ренненкампфы дуг. Уæд хæдхæцæг паддзахы æфсад хуыцауы æнæхъуаджы нык- калдтой хæххон адæмы туг. Мæгуыр, æнæ зæхх адæмы ма æуый хъуыд. Елбыздыхъо зæрдæрыстæй арæх ракæны йæ адæмы уавæры кой: «Кæмæй цы риссы, уый кой кæ- 27
ны!» - зæгъы Елбыздыхъо. Зæгъы уый дæр: «Мæнæн мæ риссаг хъæдгæмттæ сты адæмы мæгуыр цард æмæ гæв- зыкдзинад, æмæ дзурын уыдоныл... Мæ хъыг, мæ сагъæс у удхайраг адæмыл... Æз мæстæй судзын царды æмбыд социалон арæзтмæ». Брытъиаты Елбыздыхъо йæ царды хуыздæр бонтæ уырысы ’хсæн арвыста. Егъау аргъ кодта уырысы раз- загон культурæ æмæ классикон литературæйæн, уыд кæддæриддæр хæлардзинады хидтæ аразæг. Нæхи «мæн- тæгрæмудзджытæ» рæстæй бирæ цъыф ныккалдтой æмткæй Елбыздыхъойы цæсгом æмæ сфæлдыстадыл, уыимæпьесæ «Хазби»фысгæйæ,йæ разыцыхæсæвæрд- та, уый æргомæй загъта Джыгкайты Шамиль: «Трагеди «Хазби» сæрысуангæй арæзт у хæдхæцæг паддзах æмæ йæ политикæйы ныхмæ. Уый бæрзонд кæны адæмы ном, адæмы намыс, сиды сæм иудзинадмæ сæрибары сæрап-понд». Сæрибардзинад æмæ иудзинадыл Елбыз- дыхъойы хъуыды, йæ тохы фæндаг цахæм уыд, уый та нын равдыста йæ трагеди «Амыран»-ы. Дунейы адæмтæм зындгонд у Прометейы фæлгонц. Мифтæ æмæ дунеты стыр фысджытæ сæрибары тохы раздзæуæгæн равзæрстой Прометейы. Елбыздыхъо уыцы фæндагыл нæ ацыд, йæ уацмысы сæйраг хъайтарæн равзæрста хуымæтæг зæххон лæджы (титаны ном). Уымæй та Елбыздыхъо зæгъынмæ хъавыд æмæ йæ зæгъгæ дæр кодта: фыдæбонгæнæг лæг хъуамæ йæхи тохы руаджы ссара амонд æмæ сæрибардзинад. Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды: кæд нын абоны- бон театртæ дыууæ ис, уæддæр нын Къоста, Елбызды- хъо, Секъа æмæ æндæртæ иу сты, дихгæнæн сын нæй. Къоста сарæзта иу ирон литературæ, Елбыздыхъо та иу ирон театр йæ пьесæтимæ. Рæхджы нын хуыцау радтæд ахæм стыр хорздзинад, цæмæй дыууæйы бæсты алы уысм дæр дзурæм Иу. Уыцы Иу та у нæ сомбоны галуан. 28
ÆЛБОРТЫ БОРИСÆМÆ ИРОН ТЕАТР Бирæ æмæ дардыл сты ирон национ культурон фрон- тæн Æлборты Барысбийы лæггæдтæ. Æгъдæнцойыл хæ- цæгæй куырыхон хистæры онг Барысби стыр лæггæдтæ бакодта йæ адæмæн, национ культурæйæн. Наци сæрыстыр цæмæй- ты у, уыдæтты хорз æм- бæрста Барысби æмæ сыл зæрдæбынæй куыста. Уыдис поэт æмæ драматург, куы- рыхон зонадон кусæг æмæ егъау æхсæнадон архайæг, йæ дзыллæйы патриот, хæлардзинæдты хидтæ аразæг нациты ’хсæн. Барысбийы номимæ баст сты ирон литературæ-зоны- над, æвзаджы ахуырад, истори æмæ этнографи. Барысби уыд уæлдæр ахуыргæнæндæтты бындурæвæрæг, национ кадртæ цæттæгæнæг, национ æгъдæутты бæстонгæнæг. Барысби йæ адæмы царды хабæрттæй йæ къух цæмæ нæ фæкодта, ахæм дзы зын ссарæн у. Нæ ахызт ирон драматурги æмæ театралон аива- ды иувæрсты дæр. Хорз зонгæ уыд Брытъиаты Елбыз- дыхъо Тотраты Бесæимæ, Кочысаты Розæ æмæ Хъороты Дауытимæ. Ирон театралон фæлварæнтæ Ольгинскæйæ райдыд- той, уырдыгон уыдысты Барысби, Тотраты Бесæ æмæ Кочысаты Розæ дæр. 29
Ольгинскæйы цы драмкъордтæ куыстой Бесæ æмæ Розæйы разамындæй, уымыты активон хайад иста Барыс- би, райдыдта суфлерæй æмæ дзы хъазыд рольты дæр. Барысби канд литературон фарстытыл кусæг нæ уыд, йæ рæстæджы бавнæлдта ирон театры истори фыс- сынмæ. Кæд йæ къухты нæ бафтыд ацы хъуыддаг кæ- ронмæ фæхæццæ кæнын, уæддæр нын бирæ цымыдисаг хабæрттæ ныууагъта. Фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг Кочысаты Розæйæ абоны бон цы зонæм, уыдон нын сты Барысбийы фæрцы. Театр дзылæйы цæстуынгæ хæзна кæй у, уый йе ’взон- джы бонты бамбæрста Æлборы фырт. Йæ куыст «Ирон хæдархайгæ театры истори» дзурæг у, Барысби стыр хæстæ кæй æвæрдта йæ разы, нæ театралон аивадыл хъуыды кæнгæйæ. Йæ сæйраг нысан уыд æрдзурын, цы пьесæтæ цыд æвæрд æмæ сæ чи уыди архайджытæ; цы авторты къухæй рацыдысты, цахæм арæхстдзинæдтæ уыд уæды актертæм, кæй руаджы æмæ сын чи уыд æххуысгæнæг - сæрылхæцæг. Кæсма, сæ ном нæ те- атралон историйы баззад Ольгинскæйаг хуымæтæг хæдзæрттæ, адæмы уарзон адæймæгтæ - Æлдаттаты Та- тын æмæ Карсанты Газийæн. Цæй тыххæй? Хæдархайгæ къордты бауагътой сæ дæлбазыртæм, сæ къух, сæ уавæр сæ цæмæй амыдтой, уымæй сæ хъыджы нæ бацыды- сты, цы «дæлбазыртæ» сын радтой, уыдон сæртæ сæ æнæмæнг хъуыд. Барысби тынг фæцин кодта, Елбыздыхъойы коме- ди «Маймули рухс уæд, æгас цæуæд ирон театр»-ы архайдмæ куы бакаст, уæд. Тынг фæдис кодта ууыл дæр, куыд арф сæм бахъардта фæлгæнцты миддуне, куыд арæхстджын сæм разындысты. Бынтон дисæн та фæхаста «Уæрæседзау», канд ак- терты хъазт нæ, хъæубæстæ куыд базмæлыдысты, Барысбийæн йæхимæ дæр лæгъстæ кæнæ лæбурæджы цыд куы æрбакодтой, уыдонæн бæстон афыст дæтты, рауадзын ын цы куыст нæ бантыст, уым. «Главного ге- 30
роя в пьесе «Уæрæседзау» играл Мишка Дзгоев. Одев- шись по всем правилам в русский изящный костюм, с накрахмаленным воротничком и тросточкой в руках, он так бесподобно копировал побывавших в России моло- дых людей из Осетии, что публика долго не могла разо- браться, действительно ли это лицо, побывавшее в Рос- сии или это только искусная игра артиста». Æлборы фырт кæд ольгинскæйаг уыд, уæддæр йæ бастдзинæдтæ егъау æмæ дардыл уыдысты Хуссар Ири- мæ, йæ интеллигенциимæ: Абайты Лади, Уанеты Захар, Плиты Баграт, Гугкаты Дзатте, Нафи, Бекъойты Димитр, Мамиты Г., Медойты Боболка, ацы рæнхъытæ фыссæг æмæ æндæртимæ. Хорз зонгæ уыд Хуссары театры коллективимæ. Æхсыз- гонæй æмбæлд: Дзаттиаты С, Туаты 3., Гуыбиаты Г, Мами- ты Дм., Хъайырты Владимир æмæ æндæртимæ. Алыварсон курдиаты хицау уыд Барысби, йæ лæггæд- тæ дардыл уыдысты. Стыр æххуысы лæг уыд йæ раттæг адæмæн.
ФЫНÆЙ ХÆХТЫ ХЪАЛГÆНÆГ - БОРИС Цæй диссаг дæ зарæг, тых- джын æмæ уæндон дæ, дон дæ нæ ласы, арты нæ судзыс, мæлæт дæм нæ уæнды, тыхгæнæг та дын тых нæ ары. Уæлдайдæр та демæ куы баиу вæййынц хъи- сын фæндыр, дала фæндыр, стæй уæд нæ ирон кæлæнгæнæг фæндыр,уæд. «Фыдæлтæй дын куы ни- цы баззайа, уæд дын хъæз- дыггæнæн нæй», - зæгъы нæ ирон æмбисонд. Фæлæ йæ мар- дæрцыд уый мидæг ис, æмæ дын куы баззайа, уæд сын сæ бавæрын куынæ базонай, дæ къух сыл куы сисай, уæд уый та куыд æмбаргæ у?... Нæ фыдæлтæ нын ныууагътой хъæздыг æмæ ра- гон истори, алæмæттаг æвзаг æмæ æгъдæуттæ, уæздан æмæ зæрдæмæхъаргæ музыкæ æд фæндыртæ, фырнымд, хиуылхæцгæ æмæ кæлæнгæнæг кæфтытæ, цард æмæ бар- ты сæрыл тохы зарджытæ. «Симд» кæмæн ис, уыдоны хуымæтæг адæм схонæн нæй. Нæ иууыл рагондæр кæфтытæ сты : «Цоппай», «Нарты дыууæдцæгуæлæ», «Симд», «Тымбыл симд», «Чепена», «Хон- гæ кафт», «Зилгæ кафт», «Хъаматимæ кафт», «Къахфындз- тыл кафт» æмæ æнд. Бирæ сты, фæлæ махæн бонæй-бон къаддæр кæнынц, нæ къух сыл исын райдыдтам. Кæй нæ уырны, уый Хуссар Иры кæцыфæнды чындзæхсæв, куывд, дзуары бонмæ бацæуæд - ирон кафт æмæ дзы зард нæй. 32
Ам дзырд ансамблтыл нæ цæуы, раздæр алы хъæу, алы ком, алы скъолайы зыдтой кафын, зарын, фæнды- рыл цæгъдын. Кавказы адæмтæй чидæртæ сæхирдæм ивазын рай- дыдтой нæ алæмæттаг кæфтытæй бирæты, æмæ сæм мах та дардæй кæсæм. Фефсæрмы нæ уыдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæн нæй, æдзæсгомæй Нартæ æмæ Алан- ты сæхи чи хоны, уыдон сæ культурон намысыл сæ къух раджы систой. Алцы дæр дуг - рæстæгæй аразгæ у, æмæ йæ æргомæй зæгъæм: æгæр ауагътам нæхи, нæ хъæутæ, нæ кæмттæ, нæ хæхтæ адæмæй йедзаг куы уыдысты, уæд нæм зард дæр уыд, кафт дæр, бæхтыл хъазт, фæндыры цагъд. Уы- дон хъæздыг куынæ уыдаиккой, уæд сыл цæмæн зыл- дысты Вс.Миллер, А. Шегрен, Тугъанты Махарбег, Æл- борты Борис, Галаты Борис, Цыбырты Людвиг æмæ æнд. Нæ культурон бынтæ æрбæстон кæныныл зæрдæ- рисгæйæ чи фæкуыста, уыдоны фыццæгтæй, рухскалгæ æхсидæвтæй иу уыд Галаты Борис Александры фырт. Æвæдза, куыд бирæ у йæ бон иу лæгæн дæр, куы дæм уа хъару, зонд, арæхстдзинад, уарзондзинад дæ адæм æмæ дæ Фыдыбæстæмæ. Диссаг у, иу рæстæджы уай профессионалон компози- тор æмæ дирижер, ирон композиторты скъолайы бын- дурæвæрæг, нæ паддзахадон ансамбль «Симд»-ы саразæг æмæ бындурæвæрæг, фыццаг ирон музыкалон скъола саразæг, фольклорист æмæ этнолог, фыццаг ирон сим- фонион уацмысты дирижер (Саулохты Мухтары «Ус- гур», «Нарты Батрадз»), фыццаг ирон нывæфтыд кино- фильмты композитор (Къоста «Фатима»). Æвæдза, диссаг у иу лæгæн цас æнтысы: Абайты Уасо иунæгæй сарæзта (цалдæр томы) «Историон-этимологон дзырдуат», Джусойты Нафи иунæгæй ныффыста «Ирон литературæйы истори (цалдæр томы), Галаты Борис фæзылд Ирыстоны кæмтты, хæхты, горæттæ æмæ хъæуты, æртымбыл кодта «Ирон адæмон зарджытæ» æмæ сæ рау- агъта Мæскуыйы. Уыд Хъемулта, Цъон, Куайсайы, Дзау, Уа- зч 33
нелы, Дзомагъы иу къуыри фесты Дзугаты Хасæхъотæм, уыд Рукъы. Ам базонгæ Ирыстоны зарæггæнæг хæдзар- вæндагимæ - Плиты Никъа, Къола, Сачино, Уасико, сæ хо Уæлгъа. Уыд Ерманы, Хъелы цады. Йемæ уыди ленингра- даг композитор, профессор Петр Рязанов. Æрзылд Борис йæ диктофонимæ Куырттат, Уæлладжыр æмæ Дыгургомы кæмтты дæр. Нæ кой кæнинаг абон Борис у рæхджы нæ ног театр байтындздзæн йæ галуаны дуæрттæ, уыимæ, банысан кæндзæн йе 85 азы бæрæгбон. Нæ театры хъуыддæгтимæ дæр хорз зонгæ уыд Бо- рис. Цыбыртæй йæ зæгъæм, йæ царды хуыздæр бонтæ Цхинвалы арвыста, 1929 азæй суанг йæ амæлæты бон- мæ (1889-1976) счъилдысæй фæкуыста нæ кафт, нæ зард, нæ театр, нæ ансамбль, нæ музыкалон скъолатæ сæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы. 1933 азы Борис нæ театры сарæзта академион зарджы- ты къорд. Разамонæг ын уыд йæхæдæг. 1938 азы æвзæрст æрцыд театры директорæй, цыран фæкуыста 1951 азмæ. Бирæ хъару бахардз кодта Борис нæ театры реперту- ар схъæздыг кæныныл. Æвæрд цыдысты ирон пьесæты æмрæнхъ гуырдзиаг, уырыссаг, стæй уæд фæсарæйнаг классикты пьесæтæ дæр. Фидар бастдзинæтæ йын уыд Тугъанты Махарбег, Би- рæгъты Зауыримæ. Уыдонимæ æвзæрста, ирон сценæ- мæкæсæджы цы хъуыд, ахæм пьесæтæ. Музыкæйæ та сæ фæлыста йæхæдæг. Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби» æмæ «Дыууæ хойы» Борисы музыкæимæ æрцыдысты æвдыст. Галаты Борис сфæлыста музыкæтæй Саулохты Мух- тары драмæ «Нарты Батрадз» æмæ «Усгур»-ы. Борисæн йæ ном театралон аивады сæйраджыдæр ныхъхъæр, Плиты Грисы трагеди «Чермен» æвæрд куы ’рцыд, уæд. Тыхджын пьесæйæн фыст æрцыд адæмы уæлтæмæнтæ чи систа, ахæм музыкæ. Абоны-бон дæр кæуылты у кинофильм «Фатимæ»-йы зæрдæйы тæгтæ скъуынæг музыкæ. 34
Галаты Борисы ирон музыкæйы бындурæвæрæгыл кæй банымадтам, уый у иууыл растдæр фæндон. Ныхас театрыл кæм цæуы, уым зæгъæн ис, театры спектаклтæн сæйраджыдæр, музыкæйæ сæ ифтонггæнæг уыд Борис. Театралон спектаклтæй музыкæ кæмæнты ныффыста, уыдоны нымæц дæр дзæвгар у. Уый дын «Ало-лай». «Мæгуыры зарæг», алыгъуызон кæфтыты музыкæ, «До- дой», «Хъуыбады», «Чермены зарæг», «Хазбийы зарæг», «Чепена, «Айс-æй-аназæй», «Ханты цагъд» æмæ æнд. сæ музыкæ у Борисы. Алыварсон курдиатимæ æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Борис. Йæ къух цæмæ нæ фæкодта, цынæ фадыгмæ бавнæлдта. Бавнæлдта æмæ-иу дзы алкæцыйы дæр йæ къахыл сæвæрдта. Канд горæт нæ, йе ’ххуысы хай кодта хъæутæ æмæ районтæн дæр. Хуссар Иры цы фольклорон ансамблтæ фæзынд, уыдоны цырв дæр уыд Борис. Йæ егъау фыдæбæттимæ кодта рухсадон, сфæлдыста- дон куыст дæр. 1951 азы кусын райдыдта Хуссар Ирысто- ны зонад-иртасæн институты. Уæд ныффыста йæ зынгæ куыстытæ: «Хетæгкаты Къоста æмæ музыкæ», «Ирысто- ны композитортæ», стæй уæд «Гудзареты ирæтты адæмон зарджытæ». Ам схæлар Гæбæраты Сос-ланимæ, Бекъойты Димитримæ. Тынг хæлар уыд Абайты Уасо æмæ йæ биной- наг Цхуырбианимæ. Æнувыд хæларадон ахастытæ йын уыд Плиты Христофор, Уасил æмæ Жаннæимæ. Сæрыстыр уыд кæддæридæр нæ зарæггæнджытæ: Пл иты Грис, Джыг- кайты Аким, Мамиты Димитр æмæ Чилæхсаты Пирузæй. Тынг хæлар уыд Елбыздыхъо, йæ бинойнаг Ольгаимæ, сæ чызг Зариффæимæ. Уыдоны руаджы æрбалæууыд æн- гомдæр ирон театрмæ. Борисæн Тыбылты Алыксандр кæддæридæр уыдис уынаффæйы лæг. Дзырд дæр ыл нæй, дунейы мидæг фыццаг сылгоймаг дирижер Дуда- раты Вероникæйæн егъау аргъ кæй кодта. Стæй ма уый, Борис æмæ Вероникæ уыдысты иуæрдыгæттæ, станица Черноярскæй. Сæрыстыр уыд кæддæиддæр Борис Ту- гъанты Махарбег æмæ Таутиаты Соломонæй. 35
Абон нæ къухты цы зынаргъ нывтæ ис, уыдон дæр Борисы руаджы сты: «Сланты Гаха» [кадæггæнæг], «Пли- ты хæдзарвæндаджы зарæггæнджытæ» æмæ æнд. Бо- рисы къухæй рацыдысты. Канд йæ зарджытæ нæ, Борисы сфæлдыстадон бынтæ мыхуыры уадзын хъæуы. Нæ театры рацæугæ фæндæг- тыл чи дзура, уый Галаты Борисы фыдæбæтты кой ма ракæна, уый гæнæн нæдæр ис. Борисы царды фæндæгтимæ чи базонгæ уа, уый æнæ- мæнг дæр дисгæнгæ зæгъдзæн, куыд ма йæ равдæлд Ирыстоны культурон фронты йæ дзывыр ныссадзынмæ. Йæ зарджытæ Ирыстоны къуырма хæхты райхъал код- той сæ уæззау фынæйæ.
СИМД ÆМÆ ЙÆ РАТТÆГ АДÆМ «Симд - зæххон зæдты кафт», зæгъы СержЛифар, зынгæ французаг балетмейстер. «Дунейы бирæ ис аив кæфтытæ, Нæй дзы рæсугъддæр «Симд»-æй. Æрхæццæ нæ Ирмæ дугты æрфытæй, Уымæн йæ ратæдзæн - Скифтæй». Гæбæраты Феликс, нывгæнæг. Нартæй райдайгæйæ, нæ фыдæлтæ махæн ныууагътой æвзаг, кад æмæ намыс, зонд æмæ хъару, алцæмæ арæхст- дзинæдтæ. Хъуамæ нæ рох ма уой, уæды дугæй нæм цы фæдзæхстытæ æрхæццæ, уыдон. Уыдон уыдысты æмæ сты: «Кад æгады хос нæу», «Худинаджы бæсты - мæлæт». 2000 азы Нальцыччы уагъд æрцыд фольклорон фести- валь Нарты эпосыл 3 мин азы кæй сæххæст, уый сæрап- понд («Аргументы и факты», октябрь 2000 аз, №41). Уал азы сæрты махмæ цы адæмон сфæлдыстад æр- хæццæ, уымæ хуымæтæг цæстæй кæсæн нæй. Иу æмæ дыууæ ахуыргонды нæ загътой: Нартæ æмæ «Симд» кæмæн ис, уыдон хуымæтæг адæм не сты. Нартыл дзурын дардыл хъуыддаг у, фæлæ дзы сæй- раджыдæр зæгъын хъæуы: Нартæ цард бирæ уарзтой, фæлæ мæлæт цы у, уый дæр хорз æмбæрстой. Хæмыц, Батрадз, Сослан æмæ æнд. мæлæтыл сæ зæрдæ куыннæ рыст, фæлæ Нарты мах кæугæ, никуы федтам. 37
38
Тыхы дуг уыд Нарты рæстæг дæр, фæлæ йæм цæт- тæйæ лæууыдысты кæддæриддæр. Знагæн нæ барстой, сæрибардзинадыл сæ уд хъардтой. Сæрибар рæстæджы сæ арæхстдзинæдтæ æвдыстой зард æмæ кафты руа- джы, Зилахары фæз змæлгæ кодта, афтидæй йæ никуы уагътой. Зæххон Зæдты кафт «Симд» дæр уырдыгæй рабалц кодта, æгæрстæмæй йæ абон дæр фырбуцæн фæхонæм «Нæртон Симд». Ирон кæфтыты куы нымайæм, куы схæцæм сæ ны- саниуæг æвзарыныл, уæд дард ацæудзыстæм. Мæн сæйраджыдæр фæнды «Симд»-ы тыххæй мæ хъуыды- тæ зæгъын. Сæйраджы дæр уымæн æмæ у ирон, фы- дæлтыккон адæмон, бирæнымæцон кафт. Кæддæр æй зонгæ дæр æмæ уынгæ дæр чи никуы фæкодта, уыцы кавказаг адæмтæй иуæй-иутæ «абырæгдзуан» райдыд- той æмæ сæхирдæм сыфцæй ласынц Нарты «Симд»-ы æмæ не ’ннæ рæсугъд кæфтытæй бирæты. Нæ сыхæгтæ «Хонгæ кафт»-ы сæхи бакодтой, схуыд- той йæ «Ананури». Афтæмæй дзырд «ананури» цы ны- сан кæны, уый нæ зонынц. Æниу, хорз зонынц, хъæу Ана- нурийы зæххыл кæй сты Аланты уæлмæрдтæ, ингæнтæ, кæцытæ баззадысты, советон дуджы цы цад сарæзтой, уый бын. «Симд»-ы нысаниуæг, цы нысан кæны, уый алы ирон лæг дæр зоны, фæлæ зонын хъæуы Вс. Миллер æмæ Абайты Уасойы хъуыдытæ, кæцытæ зæгъынц: «Симд» у рагон ирайнаг дзырд, нысан кæны бирæ адæмы змæлд, архайд. «Симд»-æн йæхиуыл зарджытæ дæр ис. «Симд»-ы хайа- дисджытæм чи кæсы, уыдон сæ зарды домынц: æрсимут-ма «Тымбыл Симдæй», æрсимут-ма «Нæртон Симдæй». «Симд»-ы алкæмæн хайадисыны бар нæй, бар ис си- мын чи зоны, уыдонæн. Ирыстоны къуымты, нæ хæххон хъæутæ æмæ кæмт- ты «Симд» алы хъæуæн æмæ алы мыггагæн дæр уарзон 39
кафт уыд æмæ у. Хъæугай, комгай тырныдтой «Симд» æмæ иннæ кæфтыты сæ арæхстдзинæдтæ æвдисынмæ. Бирæтæ йын радтой сæхирдыгон нæмттæ дæр. Куыд, зæгъæм, «Хохаг Симд», «Алагираг Симд», «Цъалагой- маг Симд», «Дулаты Симд», «Урстуалты Симд», «Хъороты Симд», «Быдираг Симд», «Æхсæртæггаты Симд» æмæ æнд. Кæд ранымадгонд «Симд»-тæн сæхи нæмттæ радтой, уæддæр сæ бындур иу зæнгыл амад у, цы чысыл ивын- дзинæдтæ йæм бахастой, уыдон «Симд»-ы рæсугъд цы кæнынц, æндæр æй фыдуынд ницæмæй кæнынц. Æниу, зынгæ хореограф, балетмейстер Саулохты Мэль- сы размæ дæр æмæ фæстæ дæр нæ ансамблы балет- мейстертæ-хореографтæ: Галаты Борис, Хетæгкаты Вало- дя, Бирæгъты Зауырбег, Бидеты Мысост, Гæбæраты Гри- гори, Дзаттиаты Уакка, Саулохты Мэлс, Цæболты Къоста, Тедеты Георги, Гаглойты Хазби, Къæбысты Аслан, Быцен- ты Геннади, Саулохты Хазби, Мэлсы фырт Сослан æмæ æндæртæ ансамбль «Симд»-ы нывæстытыл кусгæйæ, куыд аивадон къухдариуæггæнджытæ, афтæ Зæдты Кафт «Симд»-мæ хастой сæхи ивындзинæдтæ. Уыцы ивындзинæдтæ «Симд»-ы мидис фæвазыгджындæр, фæрæсугъддæр кодтой, истæмæй йæ фæаипджын код- той, уый зæгъæн нæй. Кæуылты нæуæгдзинæдтæ сты «Каубыд Симд», «Дыу- уæуæладзыгон Симд». Кæнæ «Симд» иу рæгъыл, топ- пы фатау раст куы слæууы симгæйæ. Уæд адæмы къух- æмдзæгъдæн кæрон нал вæййы. Ирон кæфтытæ, уыдонимæ «Симд» дæр фидауынц худгæйæ, хъæлдзæг цæсгомимæ, уæздан мидбылхуд- тимæ. Кафт æмæ зард хъæлдзæгдзинад æвдисæг сты æмæ сын æнкъардæй æххæстгæнæн нæй, нæдæр зæхмæ кæсгæйæ. «Симд» домы уæздандзинад, æфсæрмдзинад кæрæ- дзи цæнгтыл чи хæцы, уыцы чызг æмæ лæппуйæ. Або- ны бон «Симд»-ы хайадисджытæй бирæтæ уыцы уæз- дандзинад æмæ æфсæрмдзинад ферох кодтой, æмæ сын 40
раст уайдзæф кæны нæ куырыхон поэт æмæ прозаик Хуыгаты Сергей. Байхъусæм-ма йæм: «.... Мардæрцыды гæрах куыд нæ вæййы, иуæй-иу сим- ды лæппутæ сæ цæстытæ куы ныджджыгъырт кæнынц се ’мсимæг чызджытæм, уæд. 0, хуыцау! Уый цавæр ныдж- джыгъырт вæййы! Кæд лæг нæ фæтæрсы - ныртæккæ фæиртæсдзысты сæ цæстытæ сæ фæлгæттæй уыцы лæп- путæн, æндæр иу дæр нæ æмæ иннæ дæр». Хуыгайы фырт азым æппары аивадон разамонæгмæ æмæ йæ зæгъгæ дæр кæны. «Уæд чи æрхъуыды кодта уыцы ахъаззаджы фæрæз, уый цавæр æмбисонды каф- тæвæрæг æмæ кафтамонæг уыди! Симæг чызг æмæ-иу лæппу кæрæдзимæ хъуамæ ахæм æфсæрмдзæст æмæ уайсадгæ кæстытæ бакæной æмæ сæ чи фена, уымæн йæ зæрдæ базмæла - афтæ рæууон æмæ сæууон уой хъуамæ уыцы кæстытæ. Æмæ йæ фæтк дæр афтæ амыдта ирон «Симд»-æн». (цæвиттонæн хæссы Коцойты Арсены «15 азы», Г. П.) Раст у Саулохты Мэлсы хъуыды: Ирон кæфтытæй чызг æмæ лæппу Симды хуызæн æввахс никуы æрбалæу- уынц сæ кæрæдзимæ. Иугæр афтæ у, уæд æгъдау домд- та æмæ домы абон дæр уæздандзинад, уæдæ йæ цæмæн хонæм Зæдты кафт!? «Симд» Ирыстоны арæнтæй раджы ахызт. Цæстæ- вæрæн фæцис бирæ нациты цæсты. Тæхуды æмæ йыл дисгæнгæ фыстой алы хатт дæр. 1936 азы Хетæгкаты Володя йæ коллективимæ хайад иста Тбилисы 5 Республикон фестивалы. «Симд» Калачы зæрдæмæ куыд фæцыд, уый фæдыл фыста: «Æнæхъæн Тбилисыл ахъæр, Ирæттæ æрластой цахæмдæр ног кафт. Уый уыд «Симд». Кафт афтæ тынг фæцыд сæ зæрдæмæ æмæ нымад æрцыд иууыл хуыздæр кафтыл» (кæс жур- нал «Фидиуæг», 1967, №3, ф.38). Галаты Борис - нæ ансамбль саразæг, йæ чъиу хид фæ- калдта/цæмæй ансамбль йæ къахыл слæууа, сфидар уа, йæ кад Ирыстоны арæнтæй ахиза. Ирон кæфтыты мид- 41
дуне чи зыдта Борисы хуызæн, сæрыстыр сæ уыд, фæлæ уæддæр «Симд»-мæ æндæр цæстæй каст. «Симд» - под- линная жемчужина осетинского народного танцевально- го творчества, по красоте и величию занимает первое ме- сто среди осетинских народныхтанцев» (кæс Б. А. Галаев. 25 лет госансамблю «Симд». - Цхинвал. 1965.) Дзæнæты бадинаг Абайты Уасо бирæ фæкуыста Нарты эпосыл. Сæрыстыр уыд Нартæй алы хъуыддаджы дæр, зæрдæрухс сæ уыд - зарынмæ, кафынмæ арæхстджын кæй уыдысты, уыцы хъуыддагæй дæр. «Любовь к музы- ке, песням, пляскам и играм отлично сочетались у наро- дов с суровой воинственностью. Все важнейшие нарты выступают как отличные му- зыканты и плясуны. «Симд» был любимой народной пляской нартов, которому они отдавались с полной са- мозабвенностью» (кæс В. И. Абаев. Осетинский язык и фольклор. - М-Л. 1949, с.68.) Уыдис рæстæг, нæ мæнгард сыхæгтæ нæм хæлæг æмæ тæхуды куы кодтой нæ лæгдзинад æмæ культурон бын- ты тыххæй. Хорз ма йæ хъуыды кæнын 1976 азы, Хусар Ирыстоны драмтеатр нысан кодта йæ 70 азы (1906-1976) юбилей. Тбилисы делегацийы сæргъ уыдис зынгæ гуырдзиаг ре- жиссер, Гуырдзыстоны Республикæйы адæмон артист, Дмитрий (Доф) Алексидзе. Пединститутæй хуынды гæххæттимæ уыдтæн æз дæр уыцы кадджын изæры. Алексидзе цæуыл дзырдта, уыдон абон дæр худæ- вæрдау мæ зæрдыл лæууынц. Феппæлыд, ирон адæмæй лæгдæр нæй, зæгъгæ, нæ фæцыд йæ зæрдæмæ нæ те- атры агъуыст. Йæ лæгуын сæр бахоста æмæ загъта: «Алексидзейы сæр амæлæд, рæхджы æз сымахæн ног театр куынæ саразон». Мæ цуры бадт йæ фырт (ном нæ бафарстон). Уый хъуырхъуыргæнгæ афтæ бакодта: «Цæмæн сайыс адæмы, дæ бон куы ницы у, уæд.». Загъта йæ хъуыдытæ «Симд»-ы тыххæй дæр: «Симд» у зæххы къорийыл æмбал кæмæн нæй, ахæм кафт, стæй йæ кæимæ абарæм, ахæм кафт дæр». 42
Асæй стыр лæг уыд, сценæйыл йæ йæ къухтæ тилгæйæ хъæр кодта: «Уæлахиз уæд «Симд», уырдыгæй æрттивынц хъæбатырдзинад, хъуыдыты рæсугъддзинад, куырыхон- дзинад. Уæлахиз уæд ахæм адæм, уæлахиз уæд ахæм аи- вад!». Абон нæ кæфтыты гуырдзы сæхимæ кæй здахынц «Симд»-æй райдайгæйæ, уый дуджы аххос фæкæнæм, уый иууыл раст нæ уыдзæн. Аивадон къæрныхтæ сæм сове- тон дуджы дæр уыдис. Сухишвилийы ансамбль советон дуджы Америкæйы куы уыд, уæд сценæйы разамонæг сæрбæрзондæй рахъæр кодта - Грузинский массовый та- нец «Симд». Сæ ансамбль афтæ æнхъæлдта, уыцы стыр залы ирон нæ уыдзæн. Æгæр дæр-ма дзы разынд Уа- лыйы фыртæй райдайгæйæ. Цыбыр дзырдæй, ирæттæ базмæстой æмæ залы адæмæн бамбарын кодтой, «Симд» ирæтты кæй у, уый. Æуый æмæ ма æндæр æнæраст миты тыххæй Хус- сар Иры æркодтой уымæ, æмæ нæ ансамблы схуыдтам «Симд». Советон дуджы нын уыдис Тбилисимæ ахæм рабадт Цхинвалы, цыран бæлвырд кодтам, кæфтытæ мах сты, сымах та сæ уæхиуыл нымайут. Нæ домæн уыдис: азилæм гуырдзиаг хъæутæ, горæттæ æмæ районтыл, кæд ис- куы нæ ирон кæфтытæ кæнынц, уæд сыл мах исæм нæ къух. Азилæм Ирыстоны къуымтыл хъæутыл æмæ уæхи цæстæй фендзыстут, алы ран дæр ацы кæфтытæ куыд æххæст цæуынц, уый. Ноджы ма иу хъуыддаг: Саулохты Мэлс сæ фæрсы: нæ «Хонгæ кафт»-ы схуыдтат «Ананури». Цы нысан кæны ацы ном, уый нын бацамонут æмæ мах ницыуал дзур- дзыстæм. Кæрæдзимæ бакастысты, сæ уæхсджытæ баз- мæлын кодтой, кæсы сæм Мэлс æмæ сын зæгъы: мах дарддæр ницы дзуринаг ис, æмæ рафардæг. Абон ахæм дуг у, æмæ сын макæ зæгъæг нæй, алы хъæ- уы, алы район æмæ горæтты сæ тыхтæ радтой уымæ, цæ- мæй ирон кæфтытæ сæхи бакæной гуырдзы. 43
Хуыздæр цæсгомы хицау не сты нæ цæгаттаг сыхæг- тæ дæр. Сау хъулгъа (мæхъæл) сæ сæр сдардтой, Алантæ дæр уыдон сты, Нартæ дæр æмæ Аланты горæт Магас дæр. Цымæ кæм уыдысты мæхъæл Алантæ тæтæр-мон- голтимæ, стæй уæд Тимуры æрдонгтимæ куы хæцы- дысты, уæд. Дæхионæй дæ бон хорз, Аланты стджытыл, сæ галуан- ты хæлдтытыл йæ цард чи аразы, уыдонæй цы домдæуа... Зонад кæмæ нæ хъары, истори чи нæ кæсы, уымæй дæр цы домыс... Дайраны ком йæ къæсæрмæ чи æрхаста, уымæй дæр ницы домæн ис... Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Æрцæудзæн рæс- тæг, зæгъдзысты йæ адæм, дзæбидыр æмæ саг нæдæр тæрхъустæ суыдзысты, нæдæр рувæстæ. Алантæ кæй æркодтой, царды къахыл кæй сæвæрдтой, уыдон мах хонынц æрцæуæг хæддзутæ, уазджытæ. Рæстдзинадæн сæфæн нæй: нæдæр æй дон ласы, нæ- дæр арты судзы. Кæд ныхас «Симд»- ыл у, уæддæр махæй рох никуы сты нæ фыдæлты алæмæттаг кæфтытæ. «Хонгæ кафт», «Рог кафт», «Къах-къухтыл кафт », «Зилгæ кафт», «Сандрахъ». Уыдон абоны-бон сæ хуыз ивынц, кæнынц хуыздæрæй- хуыздæр. Мæ сæйраг хъуыды æмæ бæллиц - фылдæр хъус- дард, фылдæр тыхтæ раттын хъæуы нæ кафты аивадмæ. Зарды уавæр æмæ нæ бакæнинаг хъуыддæгтыл дæр уыдзæнис ныхас. Уадз, симæд нæ ирон адæм - хæхтæ æмæ рæгътыл мах та уыйбæрц амонд уæд, цæмæй зонæм: «Аив кæфтытæ дунейы сты минтæ, Нæй дзы хæрзаивдæр «Симд»-æй. Удæн фæдæтты уæлтæмæнтæ, цинтæ, 'Вдисы ироны равг ирдæй». Феликс Г., нывгæнæг
ИРОН ТЕАТРÆМÆ В.ШЕКСПИР Ирон театрты историйыл дзырд куы цæуа, уæд нæ ахиз- дзынæ зынгæ англисаг поэт, драматург æмæ актер Вильям Шекспиры иувæрсты. Театр царды айдæн у. Театр цы адæмæн ис, уыдон амонд- джын æмæ размæцыд адæм сты. Кæмæн нæй театр, уы- дон та А.Н. Островский йæ рæстæджы нымадта мæгуыр æмæ цыдæрхъуаг адæмыл. Нацийы царды цы ролы хъазы театр, уый хорз æмбæрста А. Н. Островский æмæ йæ зæгъ- гæ дæр кодта: «Иметь свой родной театр и гордиться им желает всякий народ, всякое племя, всякий язык - зна- чительный и незначительный, самостоятельный и неса- мостоятельный». Театр адæмæн цы дæтты, уый тыххæй дæр бæлвырд уА. Н. Островскийы ныхас: «Национальный театр есть признак совершеннолетия нации, также как и академии, университеты, музеи» (кæс А.Н. Островский. ПСС.Т12,1950,с.160). Ирон театры фæзынд нымайæм 1906 азæй, профес- сионалон театртæ та нæм фæзынд - Хуссары 1931, Цæ- гаты 1935 азы. Уæдæй абонмæ нæ театрты репертуартæ хъæздыг уыдысты нацийы цард æвдисæг пьесæтæй. Æниу нæ рох никуы уыдысты æрбайсгæ, тæлмацгонд пьесæтæ дæр. 45
Ирон театрты репертуартæ хъæздыг уыдысты уæды Цæдисон республикæты цæрæг адæмты пьесæтæй. Се ’ргом тынг здæхтой фæсарæйнаг классикты пьесæтæ æвæрынмæ дæр. Советон дуджы стыр æргом здæхт æрцыд В. Шекспиры сфæлдыстадмæ. Ирон сценæтæ бирæ тых бахардз кодтой æмæ кæнынц Шекспиры уацмыстæ рæгъ-мæ хæссыныл. 1940 азтæй фæстæмæ В. Шекспиры пьесæтæ нæ хи- зынц ирон театрты сценæтæй. Ирон фысджытæ, уæл- дайдæр та Плиты Грис, сæ тыхтæ радтой В. Шекспиры хæзнатæ ирон æвзагмæ ратæлмац кæнынмæ. Æгæр- стæмæй нæм баззад ахæм ныхас - Плиты Грис В. Шек- спиры сдзурын кодта иронау. Фыссæджы сфæлдыстады хорз миниуджытыл дзу- рæг у иу ахсджиаг хъуыддаг: йæ уацмыстæ алы дугимæ кæнынц æмдзу нæ мæлынц. Æуымæн у Дуне сæрыстыр В. Шекспирæй, йæ уацмыстæ XV æнусæй абонмæ цæрынц, кæнынц тыхджынæй-тыхджындæр, нæ зæронд кæны сæ тематикæ. Уымæн зæгъынц: «Дунейы аивады уæлтæ- мæнтæм бацыдысты мыггагмæ В. Шекспиры уацмыстæ» (Бæциаты А.). Афтæ мæм кæсы: зæххы къорийыл театртæ кæмæн ис, уыдонæй алчидæр йе сценæмæ рахуыдта В. Шекспиры. Иры дзыллæ, нæ чиныгкæсджытæ, раджы базонгæ сты В. Шекспиры ном æмæ йæ диссаджы уацмыстимæ. Нæ театрдзаутæ сценæйыл В. Шекспиры фыццаг хатт федтой 1940-1941 азты театралон рæстæджы. Æвзонг уыд уæд нæ театр, цыдис ыл 9 азы, фæлæ уæддæр йæ ныфс бахаста номдзыд лæджы æвæрæнтæ рæгъмæ рахæссыныл. Æрдз В. Шекспирæн радта куырыхон зонд æмæ фидар уæнгты сконд. Йæ царды фæндæгтæ лæгъз æмæ æнцон цæуæн нæ уыдысты, фæлæ сыл æдæрсгæйæ лæгæрста цардбæллон лæппу. Йæ разы æвæрдта егъау хæс: цард æнæкæрон денджыз у æмæ дзы æз дæр мæ хай ратонон. 46
В. Шекспир райгуырдис 1564 азы Англисы, сахар Страт- форды, зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Джон 1552 азы фæивта йæ цæрæн бынат, æрцард Эйвоны, ныллæуыд базарады куыстыл. Цыдис царды гуылфæнмæ, фæстагмæ ссис сахары хицау. В. Шекспир ныллæуыд ахуыры фæндагыл, æрцард Лон- доны. Уæдæй йæхи сбаста театримæ, уым æвæрд цыдысты сценæйыл йæ пьесæтæ. Уыцы пьесæты руаджы ссис зынд- гонд адæймаг, канд коллективы ’хсæн нæ, фæлæ ма Лон- доны цæрæг адæмы цæсты дæр. Уæдмæ йæ кой ныхъхъæр Уырысы зæххыл дæр. Йæ пьесæты тæлмац кæнынмæ фыццаг бавнæлдта Карам- зин. Баззад абоны-бон дæр ахæм ныхас: Шекспиры по- эзийы æвæрæнтæ, йæ диссаджы драматикон уацмыстæ уырыссаг литературæмæ æрбацыдысты А.С. Пушкины руаджы. Баззад дыккаг ныхас дæр: В. Шекспиры «Нау» аленк кодта æндæр бæстæм дæр. Цы паддзахад, цы на- цийы дуар нæ бахоста, ахæм нæ баззад. Уый афтæ кæй уыд, уый рахатыд йæ рæстæджы Сомихы нæрæмон лæг Ованес Туманян, кæцы XIX æнусы фæуды дисгæнгæ фыста: «Шекспир стал критерием определения степени развития наций. Если какой-то народ не переводит его, значит он невежественен, если не понимает его, значит он не зрел, если какой-то язык не в состоянии передать Шекспира, значит не мощен» (Ов. Туманян. Собрание со- чинений.Т.4.1951, с. 25). Октябры революци уæрæх дуæрттæ байгом кодта Шекспиры сфæлдыстадæн Цæдисон республикæты зы- наргъ галуантæм. Уæлдæр æй загътон, Вильямы ном, йæ уацмыстæй бирæтимæ уыдысты зонгæ ирон адæм, рево- люцийы агъоммæ дæр. Уый чиныджы руаджы, сценæйы руаджы Шекспиры сфæлдыстады хæзнатæй бирæтимæ базонгæ сты нæ адæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хæд агъоммæ. Нæ театртæн нырма сæ мæкъуыстæг не сфидар, аф- тæмæй сæ ныфс бахастой Шекспиры галуаны дуæрттæ 47
бакæнынмæ. Уымæй дæр райдыдтой, Шекспиры ном æгас дунейыл кæмæй ныхъхъæр, уыцы «Отелло»-йæ. Хуссар Иры театры сценæйыл «Отелло» фæзынд 1940- 41 театралон (сезон) репертуары. Йе ’вæрæгуыд режиссер Л. Вивьен, сæйраг ролы та дзы хъазыд курдиатджын ак- тер Жажиты Андрей. Касиойы ролы - Цхуырбаты Борис, Ягойы ролы - Гæззаты Степан, Эмилияйы ролы - Цæбиты Варя. «Гамлет»-ы Розен Кранцы ролы - Еналдыты Вах- танг, ингæн къахæгы ролы Джелдыты Андрей. «Сæрдыгон æхсæвы фын»-ы Лизандры ролы - Бекъойты Гоги, Герми- яйы ролы - Гасситы Рая, Феяйы ролы - Гояты Натела. Хуссаримæ иу рæстæджы æрцыд æвæрд «Отелло» Цæгат Ирыстоны дæр. Уый уыд 26 декабрь 1940 азы. Сæйраг ролы хъазыд, уæды дуджы нырма æвзонг лæппу, Тæбæхсауты Бало. Литературон критик Вл. Ардонский стыр цинимæ фыста: «Голос отца мировой драматургии прозвучал со сцены Осетинского театра. Под седыми вершинами Кав- казских гор венецианский мавр заговорил на осетин- ском языке (г. Социалист. Осетия, 1940, 28 декабрь). В. Шекспирæн йæ царды бонты бантыст ныффыс- сын пьесæтæ 37, дыууæ та поэмæтæ, æмдзæвгæты - чи банымайдзæн. Ирон сценæтæ ацы пьесæтæй дзæвгар рахастой рæгъмæ, сæ ахсджиагдæртæ æрцыдысты тæл- мацгонд ирон æвзагмæ. Нæ театры сценæтæйæ рох ни- куы уыдысты Шекспиры саразгæ фæлгæнцтæ. Ирон сценæмæкæсджытæн байгом æндæр дуне, Шек- спиры пьесæты сценæйыл куы уыдтой, уæд. Нырма уал зæгъын хъæуы уый, ома Шекспиры кой сæйраджыдæр дунейыл ныхъхъæр йæ пьесæ «Отелло»- йæ, пьесæйы сæйраг фæлгонц Отеллойæ. Мæхимæ афтæ кæсы, цыма дунейы драматургийы Отеллойы фæлгонцæй тыхджындæр фæлгонц нæй. Уый афтæ куынæ уаид, уæд ыл дунейы театртæ сæ тыхтæ не взариккой ахæм хъуыдыимæ: Чи хуыздæр æххæст кæны Отеллойы роль? Тæбæхсауты Бало фыццаг бынаты кæй лæууы, уымæй мах сæрыстыр стæм абоны бон дæр. 48
Нæ театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты «Отелло», «Гамлет», «Сæрдыгон æхсæвы фын», «12-æм æхсæв», «Ко- роль лир». Ныртæккæ нæ театр кусы «Виндзойраг фæ- литой»-йыл. Йæ авналæнтæ уæрæхдæр уыдысты Дзæуджы- хъæуы театрæн. Уыдонмæ æвæрд æрцыдысты: «Отел- ло», «Король лир», «Дыууадæсæм æхсæв», «Ромео æмæ Джульеттæ», «Макбет». В. Шекспиры уацмыстæ сценæйыл сæвæрынæн хъуыд фæлтæрдджын актертæ. Нæ театртæм уыцы фæлтæрд- дзинад нæма уыд. Фæлæ, табу хуыцауæн, - уæндон æмæ сæм ныфсхастдзинад егъау уыд. Жажиты Андрей - каст фæци Ленинграды театралон институт. Цы ахсджиаг фæлгæнцтæ сарæзта: Шиллеры «Уарзондзинад æмæ æнаккагдзинад»-ы - Фердинанд, Гольдонийы - «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг» - Труфинальдино æмæ æнд. Фæс- тæдæр йæ ныфс бахаста Отеллойы ролы ахъазынмæ дæр. Æмæ йыл кæд кæронмæ нæ фæтых, уæддæр дзы рай- гондæй баззадысты сценæмæкæсджытæ. Кæуылты уыдысты йæ арæхстдзинæдтæ артист Гæзза- ты Степанæн «Отелло»-йы Ягойы ролы куы хъазыд, уæд. Цæстæвæрæн фæцис уæд - Абайты Маирбег дæр «Гам- лет»-ы Гамлеты ролы куы хъазыд, уæд. Æниу æппæ- лынæй дарддæр, ницы зæгъæн ис иннæ актертæй дæр, Шекспиры сфæлдыстады зиууæттæй. Шекспиры темæ уæрæхдæр бынат æрцахста Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл. Фондз азы дæр ыл нæма æххæст кодта, «Отелло» куы сæвæрдтой, уæд. Раст æй зæгъы Агуыдз: «Ирон театр, нырма йæ зæнджы стæг æргъиу куы уыд, йæ астæуы магъз куынæма бахсыст, уæд бавнæлдта Шекспиры уацмыстæ æвæрынмæ». Уый Хуссар Иры театрмæ дæр хауы. Æмæ зæгъæм: Шекспир ирон сценæмæ æрбахызт Стыр Фыдыбæс- тæйон хæсты хæд агъоммæ. Дзæуджыхъæуы драмтеа- тры сценæйыл кæрæдзи фæдыл гуырдысты В. Шекспи- ры пьесæтæ: «Отелло», «Гамлет», «12-æм æхсæв», «Ромео æмæ Джульеттæ», «Король Лир», «Макбет». 4* 49
В. Шекспиры сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй сæйраджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ ирон сценæ Шекспиры рахаста рæгъмæ æмæ йæ нæ адæмæн базон- гæ кодта Тæбæхсауты Бало. Шекспиры кой нæм куы æрхауы, уæд цардæгас уæйыджы хуызæн нæ разы сы- сты Бало. Балойы ном бæрзонд систой йæ саразгæ фæл- гæнцтæ: Отелло, король Лир æмæ Макбет. Плион Жаннæ уыдон тыххæй афтæ зæгъы: «Тхапсаев сыграл три Шекспировских роли. Исполнительный уро- вень их равноценен. Но творческие результаты, которых он добился в каждой из них, не равнозначны между собой» (кæс Ж. X. Плиев. Три Шекспировских ролей В. В. Тхапсае- ва. - Орджоникидзе, 1973 г., с.155]. Сæ удыгъæд, сæ царды хъысмæтмæ гæсгæ кæрæдзи- йæн ницы бавæййынц пьесæты сæйраг хъайтартæ. Сты тыхджын æмæ царды фидар рахæцæнтæ чи æмбары, ахæм фæлгæнцтæ. Балойæн бантыст театрдзауты размæ рахæссын ацы æртæ тыхджын фæлгонцы. Фæтых сыл сæрысуангæй иу стыр хъуыдыимæ: цы сæм ис хорзæй, цæмæй хицæн кæнынц сæ кæрæдзийæ, æнгæсдзинæдтæ сæм цы ис. Уæлдæр æрцыд загъд, Отелло бирæ нациты сценæтæй рарттывта, бирæ нациты минæвæрттæ йæ æвдыстой. Уый дын Отелло Остужева, Хорава, Папазян, Раджи Пульви, Кул- мамедов, Рыскулов, Цыдынжапова, Гомбосурен. Театралон аивады ацы актертыл бирæ ныхас фæцы- дис, бирæ сæ фæрабар-бабар кодтой кæрæдзийыл, фæ- лæ-иу фæстагмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: Балойæн дзы æмбал нæй. Уæндонæй йæ зæгъы Т. Чеботаревская: «Дело не в том, что играет Тхапсаев, а в том, как он это делает. Тхапсаев вносит в исполнение огромную правду чувств, удивительную простоту, которые сочетаются с размахом и глубиной поистине трагедийного характера. Сложнейшие актерские задачи он выполняет без малей- шего напряжения, легко поднимаясь от сцены лириче- ски-шутливой до сцены трагической, всегда оставаясь 50
органичным, передавая кипение страстей все с той же правдивостью и простотой» (Чеботаревская Т. Величие простоты. Советская культура, 19.05.1955). Кæуылты сты йæ хъуыдытæ зынгæ театралон кри- тик, Зингерман В. Тæбæхсауты Балойы тыххæй. Зæгъы йæ æргом: Кулмамедовы Отелло нæ хъуыды кæны бæстон царды ахсджиаг рахæцæнтыл, Остужевы Отелломæ кæс- гæйæ, нæ нал фæуырны царды ма баззайдзыстæм стыр хъуыдытимæ, Хоравайы Отелломæ кæсгæйæ мах зæрдæ- рыстæй кæсæм æрцæуæг трагедион хабæрттæм. Фæлæ: «Отелло Тхапсаева - простой человек с тонкой возвышен- ной душой и той внутренней культурой, которая столь часто отличает умудренных жизненными испытаниями людей. Он покоряюще человечен и трогательно скромен... Он играет не трагедию выдающегося человека, а тра- гедию человечности, носителем которой оказывается простая честная душа. Он воспевает не простоту вели- чия, а величие простоты». (Б.Зингерман. жур. «Театр», 1955, №7, с. 67-68). Кæд йæ рæстæджы быцæуаг фарстытæ фæзынд Лир æмæ Макбеты тыххæй, кæд Балойы азымы бынаты æвæрдтой ацы фæлгæнцты къуыхцыдзинæдты тыххæй, уæддæр æй фæстагмæ бамбæрстой, Тæбæхсауы фырт раст кæй уыд, уый. Бало тынг уарзта Шекспиры, уый сфæлдыстадмæ фæндаг ссарын нымадта иууыл зындæр хъуыддагыл: «Шекспир мæнæн у агурæджы фæндагыл æфтауæг, куыст æмæ амонд ссарæджы фæндæгтæ амо- нæг» - дзырдта-иу Бало. Балоимæ лæгæй-лæгмæ зонгæ уыдтæн, хорз зонгæтæ уыдыстæм, уый нæ зæгъдзынæн, нæ азты ’хсæн бирæ дæрддзæг ис, фæлæ дзы бахъуыды кодтон йæ царды ха- бæрттæй дыууæ цауы: Советон дуджы Цæгат Ир Хуссары гастрольты куы уыд, уæд-иу арæх фæивтой Отеллойы афишæты. Куы йæ фарстон, уæд мын афтæ: Плийы фырт, Отелло мæ йæ фæдыл афтæ асайы æмæ канд дыккаг бон нæ, къуыригæйтты дæр мæ сæрæн нал свæййын. 51
Дыккаг хабар та уыдис ахæм: улæфыдтæн денджы- зы был, дзуры Бало (цы денджыз уыд, уый мæ байрох), уыд изæрыгон. Æрбацыдысты мæм дыууæйæ, сæ хуызыл зынд, æвыдæй сæ кæй нæ баззайдзынæн. Денджызæй уæлбылмæ дзæвгар слидзын хъуыд æмхæрд къулы. Нæ мæ сæййæфтой, фæлæ мæ хъару тынг асаст, гъеуæд йед- тæмæ мæлæтæй никуы фæтарстæн. Æрдзæй уыд фæлмæн æмæ рæсугъд зæрдæйы хицау, йæ мидбылхудт никуы сæфта. Бæрзонд, сæвджын æмæ фæтæнуæхскджын. Йæ ас æмæ йыл йæ уæрх тынг фи- дыдтой, канд костюмты нæ, фæлæ ирон формæйы дæр. Ирон адæмæн Шекспир у нæ театры цырагъдар. Кæ- уылты у сæ нымæц, Шекспиры пьесæты чи хъазыд, уыцы актертæн. Отеллойы ролы хъазгæ, Балойы федтон Цхинвалы æмæ Дзæуджыхъæуы дæр. Дездемонайы кæм хурх кæ- ны, уым сценæмæкæсджыты змæлд егъау уыд. Ферох сæ театры кæй сты, хъæр кодтой: Ма бакæ, ма бакæ. Яго мæнгард у, Дездемона раст у. Уæд-иу мæ зæрдыл æр- балæууыд америкæйаг æмбисонд. Цас раст у, нæ зонын, фæлæ, дам, Америкæйы сценæйы Отелло Дездемонайы куы хурх кодта, уæд æй фехста сценæмæкæсæг салдат. Фехстой, дам, салдаты дæр, баныгæдтой сæ фæрсæй- фæрстæм. Сæ иумæйаг цыртыл, дам, фыст æрцыд: «Отел- лойы роль иууыл хуыздæр чи æххæст кæны уымæн æмæ иууыл æнувыддæр сценæмæкæсæгæн». Алкæмæн йæ амонд йæхи, фæлæ ирон адæмæй Ба- лойы Отеллойы ролы хъазгæ чи федта, уыдонæй иутæ куыдтой, аннæтæ бандзыг сты сæ бынæтты, хъæлæба сарæх залы, бирæтæ-иу лæбурыны къахыл лæуд уыды- сты. Уыдæттæ дзурæг сты, Бало-Отелло цардудæгасæй кæй рахызт сценæмæкæсджытæм. Бало, канд Ирыстоны нæ, Отеллойы хъазыд Мæскуы æмæ Тбилисы дæр. Стыр аргъ ын скодтой уыцы сахарты дæр Балойы хъазтæн. 52
Ирондзинад, ирон театрыл æнувыд чи уыд, уыцы ирæт- тæ сæ мадæлон æвзагыл кæсынц В. Шекспиры - «Отелло», «Тимон Афинаг», «Цимбелин», «Æфхæрд æфхæрдмæ», «Виндзойраг фæлитойтæ», «Гамлет», «Ромео æмæ Джу- льеттæ», «Кориолан», «Макбет», «12-æм æхсæв» æмæ æнд. Канд нæ театры историйы нæ, нæ литературæйы исто- рийы дæр егъау у Шекспиры ном. Канд йæ пьесæтæ нæ, тæлмацгонд æрцыдысты йе мдзæвгæтæ дæр. Нæ поэттæ бирæ тых бахардз кодтой Шекспиры поэзи стæлмац кæ- ныныл. Уыдоны хсæн йæ фыдæбоны хай фылдæр у, нæ абоны поэзийы зиууон, Кокайты Тотрадзæн. Сæ ахаст кæуылты уыд Шекспирмæ нæ драматург- тæ - Брытъиаты Елбыздыхъо, Плиты Грис, Гаглойты Фе- дыр æмæ Володяйæн. Поэзийы фадыджы Шекспирмæ йæ къух чи нæ фæкодта, æвæццæгæн нæм ахæм поэт нæ разындзæн. Æгъдауы нæм баззад фысджытæн, зынгæ адæймæг- тæн, сæ нæмттæ æрымысын, æрмæст дæр уæд, кæд æмæ йæ райгуырды аз уа юбилейон. Шекспирæн йæ райгуырды 400 азы банысан кодта дунейы раззагон адæймагад, уыдонимæ Ирыстон дæр 1964 азы. Ацы аз Шекспиры амæлæтыл æххæст кæны 400 азы. Шекспиры аз у, нысан æй кæны Ирыстон дæр. Кæд æм «Отелло»-имæ нæ цæуæм, уæддæр нæ театр, театры аи- вадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамер- лан цæттæ кæны Шекспиры пьесæ «Виндзойраг фæли- тойтæ» Плиты Грисы стæлмацгонд текстæй. Кæддæр, Шекспиры райгуырдыл 300 азы куы æххæст кодта, стыр æмæ генион И. С. Тургенев афтæ дзырдта: «Мах, уырыссаг адæм, бæрæг кæнæм Шекспиры кад- джын юбилей. Ахæм бар нæм хауы... Шекспир махæн у нæ хæзнадон». Ахæм хъуыдыйыл хæст сты, Шекспиры чи кæсы, чи уарзы, уыцы нацитæ дæр. Нæ театртæ куырыхон цæстæй 53
кæсынц Шекспиры сыгъзæрин бынтæм, сæ репертуар- ты алыхатт дæр вæййы Шекспиры ном. Ууыл та дзурæг сты мæнæ ацы бæрæггæнæнтæ. Хетæгкаты Къ. номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры сценæйыл æвæрд æрцыдысты: «Гамлет», «Отелло», «Сæрдыгон æх- сæвы фын», «Король Лир», «Макбет», «12-æм æхсæв», æмæ «Виндзойраг фæлитойтæ». Режиссертæ: Л. Вивьен, Гæззаты Ст., Азаревич, Мадза- ты Мæхæмæт, Дзуццаты Тамерлан. Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны драм- театры сценæйыл æвæрд æрцыдысты: «Отелло», «Ро- мео æмæ Джульеттæ», «Макбет», «Король Лир», «12-æм æхсæв», «Кориолан», «Гамлет». Режиссертæ: В. Фотиев, Е. Маркова, 3. Брытъиаты, Хуыгаты Геор. Нæ театры Шекспиры пьесæты хъазыдысты: «Отел- ло»-йы - Жажиты Андрей, Цхуырбаты Борис, Гæззаты Степан - Яго, Цæбиты Нинæ - Эмилия. «Гамлет»-ы-Абайты Маирбег, Бекъойты Г. Гелдыты Андрей, Еналдыты Вахтанг, Гугкаты Евелинæ, Джусой- ты Хасан, Зæгъойты Руслан, Тедеты Алихан, Цхуырбаты Светланæ, Къацты Филипп, Таугазты Гаврил, Джыгкай- ты Иван, Гасситы Рая, Гояты Нателæ, Джиоты Зауыр. Цæгат Ирыстоны Шекспиры пьесæты хъазыдысты: Тæбæхсауты Бало, Цылыккаты Маирбег, Саламты Къола, Бирæгъты Къоста, Хъалæгаты Федыр, Хъуылаты Верæ, Калоты Борис, Мæхъиты Володя, Хъариаты Тамарæ, Тменаты Еленæ, Тъуриты Махарбег, Тæбæхсауты Заирæ, Тлаттаты Бекелтан æмæ æнд. Драматург æмæ театр. Уыдон денджызы фæйлауæнтæ сты æмæ уыцы уылæнты цыд æппæты фыццаг хъуамæ æмбара драматург, стæй та актер. Актеры уæнгтæ сценæ- йыл баст куы уой, йæ фезмæлæнтæ йæ бар куы нæ уой, уæд уый сæйраджыдæр драматурджы аххос у. Театр, сценæ - царды айдæн кæй сты, уый тынг рæ- сугъд загъта йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Бæциаты 54
Агуыдз: «Театр удæгас организмы хуызæн у. Алцæмæй дæр сæрæй къæхты бынмæ - хъуамæ уа æххæстцæстæй - уынаг, къæрцхъус, нæртон - аив æмæ зондджын - ныхасæй, къабазджын - уæнгты кондæй, йæ миддуне, ома йæ зонд æмæ йæ зæрдæ - сæвджын, йеддаг бакаст - рæсугъд, цæсты ахадгæ» (Бæциаты А. Иры артдзæст, - Дзæуджыхъæу. 1995). В. Шекспиры мысæн бонтыл зæрдæрайæ æмбæлынц нæ президент, хицауад æмæ парламент, культурæйы ми- нистрад æмæ нæ театртæ. Йæ пьесæты руаджы уард æр- цæудзæн, цардимæ æмдзугæнæг, Шекспиры рухс ном. Йæ амæлæты 400 азы бон банысан кæнинаг у канд нæ театртæн нæ, фæлæ æппæт культурон уагдæттæн дæр.
ИРОН ТЕАТРЫ ФÆДИСОН - ТОТРАТЫ БЕСÆ Ирон профессионалон те- атртæн ис сæхи истори. Сæ иу райгуырд 1931 азы [Цхин- валы), иннæ та 1935 азы (Дзæуджыхъæуы). Сæ дыууæ дæр сты се ’нусы къæсæрыл лæуд, æнусон бакæнгæ хъуыд- дæгтæ та цъус æмæ хуымæтæг нæ вæййынц. Фæлæ нæ рох ма хъуамæ уа иу хъуыддаг: цалынмæ нæ профессионалон театртæ байгом сты, профессионалон актертæ нæ фæзынд, уæдмæ нæм театралон фæзындтæ, те- атралон элементтæ уыдис, æви нæ? Æнæмæнг дæр нæм уыдис: нæ ирон дзуарыбонтæ, нæ диссаджы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ, нæ зианы æгъдæуттæ, туджы фынгтæ - се ’ппæты дæр уынæм театралон сценæтæ. Уыцы «сценæтыл» ахуыр кодтой нæ фæсивæд рæсугъд аив ныхасыл, кафт æмæ зардыл; бæхыл хъазын, милмæ æхсын, бырæн хъи- лыл бырын; хъазтæн уаг дæттыныл; уазæг райсыныл, уый буцæй бавæрыныл, хæлардзинады тæгтæ тауыныл, хистæртæ æмæ сылгоймæгтæн аргъ кæныныл. Уæдмæ фæзынд æрдхæрæйнаджы Къоста. Йæ «Ирон фæндыр» мыхуыры цалынмæ нæ рацыд, уæдмæ йæ нæ адæм зыдтой æнæкæсгæйæ, зарыдысты сæ сæхи æрымысгæ мелодитимæ. Быцæу уыд Иры фæсивæды ’хсæн чи фылдæр зоны Къостайы уацмыстæй, чи сæ рæ- сугъддæр дзуры. 56
Хетæгкаты Къостайы фæстæ ирвæдæны арвыл гуы- рын райдыдтой нæ драматургтæ - Брытъиаты Елбыз- дыхъо, Гуырджибеты Бласкæ, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт, Токаты Алихан, Коцойты Ленæ æмæ æнд. Театр, сценæйы райгуырдыл тынг хъуыды кодта Ел- быздыхъо: «-Æз-иу пьесæтæ фысгæйæ, хъуыды кодтон, чи сæ хъаздзæн, стæй кæй тыххæй фыст сты, уыдонæн мæ хъуыдытæ чи бамбарын кæндзæн» - дзырдта Ел- быздыхъо. Фарн æмæ амонд кæрæдзийыл æнгом баст сты. Дра- матургийы райгуырдимæ кæрæдзи фæдыл гуырдысты ирон хæдархайгæ драмкъордтæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма æндæр адæмты сахарты дæр. Ирон театры историйыл ныхас куы цæуа, уæд нæй халагъудтæй сæ куыст чи райдыдта, уыцы драмкъорд- ты иувæрсты ахизæн. Уыдон тауыдысты: Ольгинскæйы, Æрыдоны, Згъуыбир æмæ Сыбайы, Рукъ æмæ Дзауы, Ортъеуы, Хъорнисы, Цъунары, Цхинвалы, Къобы. Ахæм драмкъордтæ байгом Тбилис æмæ Бакойы дæр. Сæ нымæц егъау у, ацы драмкъордтæ чи арæзта æмæ сæ чи хъазыд, уыцы фæлтæрæн. Хуымæтæг адæмы æдде, ацы кружокты активон хайадисджытæ уыдысты: инженертæ, дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, студенттæ, фабрикæтæ æмæ заводты кусджытæ. Сеппæтæн дæр се стыр бæллиц уыд, ирон аив ныхасмæ байхъусын, нæ адæмы рæсугъд зæр- дæйы уаг фенын, дзыллæйы сафæг æгъдæутты фесафын. Ацы драмкъордтæй алкæмæн дæр ис йæхи истори. Уыцы историон фæндæгтыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн ирон фыццаг профессионалон актер, режиссер Тотра- ты Бесæйы иувæрсты. Нæ театртыл бирæ фыст æрцыд, сæ историон фæндæгтыл зæрдæбын ныхæстæ æрцыд загъд, фæлæ сæ алчи дæр ахызти Бесæйы иувæрсты æмæ ма махæн баззад æрмæстдæр иу ныхас - Тотраты Бесæ уыдис фыццаг ирон профессионалон актер. Развæлгъау æй зæгъæм: дзæвгар сты Бесæйы лæггæд- тæ национ культурæйы^зæзты хъуыддаджы, уæлдайдæр та театралон аивады. Иæ рæзты фæндæгтæм ын куы 57
акаст Бесæ, уæд сæрбæрзондæй загъта, зæгъгæ, халагъуд- ты цы театр райгуырдис, уый фæстагмæ схызт академион театрмæ, Ирыстоны хъæуты дæлбазырты цы фыдæбæттæ фæкодтам, уыдон та йæ схизын кодтой Мæскуыйы Крем- лы галуаны онг. Нæ уыдысты лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг Бесæйæн йæ царды фæндæгтæ. Райгуырд 1882 азы Цæгат Ирысто- ны хъæу Ольгинскæйы. Йæ ныййарджытæ цæмæй уы- дысты фæрæзджын, уый кой æргомæй нæ кæны, сæ цард та хъуагдзинæдтимæ кæй æрвыстой, уый та йæхæдæг зæгъы: мæ сабион бонты уыдтæн æнæхъусдард, мæ рæстæг æрвыстон уынгты. Хызтон бæхтæ, фыстæ, ах- стон кæсаг сæумæрайсом. Сæрдæй, зымæгæй уыдтæн æнæ дзабыр, фылдæр æххормаг, бæгънæг... Мад æмæ фыд Бесæйы хъомылады цы хайад рай- стой, уый кой дæр рæстмæ нæ кæны. Ракодта йæ фыды- фсымæры кой, уыдис диссаджы барæг æмæ Бесæйы уый сæргъæвта саргъмæ, сабийæ йын уый бацамыдта бæхыл бадын. Ракодта ма йæ фыды фыды кой дæр. Уый руаджы ба- уарзта ирон легендæты, нарты, аргъæутты. Скъоламæ дæр æй уый бакодта фыццаг хатт. Нæ барухс йæ зæрдæ скъолайы карз уавæрæй. Нырма уал уый, æмæ чысыл ницæй тыххæй дæр кодтой нæмгæ. Дыккаг та уый, æмæ дзы нæ уагътой мадæлон æвзаг ахуыр кæнын, дины предметтæй та сæ хъуырмæ уыдысты. Хъæууон скъолайы фæстæ Бесæ горæтыл хъуыды дæр нæ кодта, чи дæ уадзы горæтмæ, кæй бахъуыдтæ, зæгъгæ. Хъæууон скъолайæ йæм æрхауд иу амонд. Йæ ахуыр- гæнæг æй ракодта фæйнæгмæ æмæ йын загъта: фысс, Бесæ, æз дын цы дзурон, уыдæттæ. Фыссы Бесæ, фыс- сынц æнæхъæн кълас дæр. Текст та амад у Бесæйы тых- хæй ахæм хабæрттыл: « Мæ зынаргъ фыдыфсымæр, куыд зонут, афтæмæй, æз фæуд кæнын скъола æмæ мæ тынг фæнды мæ ахуыр адарддæр кæнын. Курæг дæ дæн, мæ зы- наргъ фыдыфсымæр, барвит мæ Владикавказы искæцы скъоламæ. Дзырд дын дæттын, хорз кæй ахуыр кæндзынæн, 58
уымæй. Куы райсон ахуырдзинад, куы рацæуон адæммæ, уæд дæ уыдзынæн стыр бузныг цæргæ-цæрæнбонтæм. Би- рæ дæ чи уарзы, уыцы хæрæфырт Борис». Ацы текст Бесæ рафыста йæ тетрадмæ. Иу хатт ацы текстмæ фæкомкоммæ фыдыфсымæр, йæ бæхыл саргъ сæвæрдта æмæ бамидæг горæты. Æртæ боны фæстæ та йын йæхи дæр акодта æмæ йæ радта цæттæ кæнынмæ зынгæ ахуыргæнæг Тыбылаты Ципомæ. Уый йæ бацæттæ кодта æмæ райдыдта Бесæ ахуыр кæнын горæты учили- щейы. Æххуырст фатеры цы бонзонгæ чиновникмæ цард, уыдоны ’руаджы фæцалх чингуытæ кæсыныл. Ахуыры рæстæджы Бесæ рахатыд, ахуыргæнджытæй кæй уыд ахæмтæ, хæххон адæмæй сæ удхæссæг чи уыдта; уыдис дзы ахæмтæ дæр, рæстдзинад кæмæ уыд, адæмæн аргъ кæнын чи зыдта. Стыр горæт æмæ ацы училище уæрæх фæндæгтæ байгом кодтой æвзонг лæппуйæн ахуыры хъуыддаджы, стæй уæд цардыуаг бамбарыны хъуыддаджы дæр. Йæ зæрдæмæ тын æввахс айста истори æмæ нывæф- тыд литературæ. Бауарзта æмдзæвгæтæ кæсын, уæлдай- дæр та Къостайы æмдзæвгæтæ йæ къухы æфтын куы райдыдтой, уæдæй. Йæ ахуыргæнæг сын тынг бауарзын кодта Пушкин æмæ Лермонтовы. Уым бакаст фыццаг хатт Пушкины æмдзæвгæ «Брожу ли я вдоль улиц шумных». Бесæ дисæн мысæгау зæгъы: хъæумæ-иу куы ’рцыдтæн, уæд-иу мæ ныхасы бадæг лæгтæ бафтыдтой Къостайы æмдзæвгæтæ дзурыныл. Хъуыстой-иу мæм æнувыдæй. Сылгоймæгтæн-иу куы радзырдтон «Сидзæргæс», уæд-иу сæ цæстысыг нал урæдтой. Хорзæн мысы Бесæ æндæр хъуыддаг дæр, дыккæгæм къласы куы ахуыр кодта, уæд æй фысымты ус акодта театрмæ. Фæндагыл æй фæдзæхста, зæгъгæ, цы фе- най, уыдонæй мацæмæй фæтæрс, уый у театр. Уынгæ та фæкодтой оперæ «Фауст». Дыккаг хатт йе ’мбæлттимæ федта Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ»-йы. Уыдæтты фæстæ Бесæ базонгæ Грибоедовы «Горе от ума» æмæ Гоголы «Ревизор»-имæ. Æвзонг лæппуйы 59
зæрдæмæ уæд тынг ныххызт театралон аивад, æмбарын байдыдта драматургийы ад æмæ сын кæд училищейы уыцы пьесæтæ кæсыны бар нæ уыд, уæддæр сусæгæй сæ кæнон нæ уагътой. Æвзонг лæппу тынг ныхъхъуыды кодта йæ сомбо- ныл. Йæ фыд, стæй уæд фыды æфсымæры дæр фæндыд, цæмæй Бесæ æфсæддон хаххыл ныллæуыдаид. Театра- лон аивад, сценæ æмæ алыгъуызон монологтæ афтæ тынг ныббастой сæхимæ Бесæйы æмæ йæ уыдæттæй атонын никæйы бон бацис. Бесæ йæ хъус дарын райдыдта дуджы стыр ивындзи- нæдтæм дæр. Нæ историйы аренæйы фæзынд Къоста, фæзынд XX æнусы райдианы фыццаг ирон пьесæ, йæ автор - Брытъиаты Елбыздыхъо. Йæ мысинæгты Бесæ дзуры фыццаг хатт Къостайы кæм æмæ цы уавæрты фед- та. Федта йæ Дзæуджыхъæуы бульвары ацæргæ лæгты хсæн бадгæ. Зæгъы ма уый дæр, зæгъгæ, арæх цыдыстæм йæ хæдзары рæзты, æхсæвыгон, дам-иу, уыдтам, уый фысгæ æмæ хъуыдыгæнгæ. Йæ мысинæгтæй бæрæг у, уæд Къоста кæй уыд рынчын, æнæфæразгæ. 1902 азы Дзæуджыхъæуы бульвары кæй нал уыд, уый дæр уыцы хабæрттыл дзурæг у. Бесæмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæтæ «Худи- наджы бæсты мæлæт» æмæ «Уæрæседзау» æрбахаудтой 1904 азы. Уæдмæ уый Елбыздыхъойы ном хъусгæ дæр никуы фæкодта. Бесæйыл сæ сæмбæлын кодта Мам- сыраты Саханджери, кæцы куыста Хидыхъусы ахуыр- гæнæгæй. Æмбæлын та сæ уымæн скæнын кодта æмæ уæдмæ Елбыздыхъоимæ сæ хъустыл æрцыд, Бесæ сценæтыл æвæры пьесæтæ. Къухфыстытæ тынг фæ- цыдысты Бесæ æмæ йæ къорды уæнгты зæрдæмæ. Рай- дыдтой сæ цæттæ кæнын. «Худинаджы бæсты - мæлæт» цы изæр æвдыстой, уырдæм фæхуыдтой Елбыздыхъо- йы дæр. Лæгæй-лæгмæ уæд федта Бесæ Елбыздыхъо- йы, кæрæдзиуыл сæ цæст æрхастой. Тынг фæцыд йæ зæрдæмæ Бесæйæн Елбыздыхъо, уындæй, кондæй 60
æмæ зондæй дæр. Йæ мысинæгты афтæ зæгъы: «Ел- быздыхъо уыд æрыгон, уындджын адæймаг. Йæ уæлæ цы сау костюм уыд, уый аив фидыдта йæ рæсугъд, хæрзконд гуырыл. Елбыздыхъо уыд хъаруджын, цæрдæг, фидар зæрдæ- йы хицау. Дзырдта сыгъдæг куырттатаг здæхтимæ, са- быргай, бæлвырд, йæ алы дзырдыл дæр - йе сдзурыны агъоммæ арф хъуыды кæнгæйæ. Йе ’нгæс æмæ йæ ныха- сы уагæй-иу адæймагæн уайтагъд йæхи бауарзын кодта (Мысинæгтæ Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй. Бры- тьиаты Ел., II том. Орджоникидзе. 1982,ф.173). Фыццаг бонтæй фæстæмæ, Бесæйы зæрдæйы ных- хауд Хъырым, Хъырымы роль. Сценæйыл æппæт йæ тыхтæ радта Хъырыммæ, нæ дзы уыдис рох, автор дæр уым кæй ис, уый. Бесæ йæ мысинæгты зæгъы, Елбыздыхъо дзы рай- гондæй кæй баззад, фæлæ нæ басусæг кодта уый дæр, Ел- быздыхъо ахæм Хъырыммæ кæй не ’нхъæлмæ каст æмæ йын æй зæгъгæ дæр кодта: «Бесæ, ды хорз хъазыдтæ Хъырымы ролы, дæумæ ис актеры зынг, арæхстдзинад. Раст зæгъгæйæ, æз дын афтæ хорз сарæхсын æнхъæл нæ уыдтæн. Фæлæ мæнæ цæй мидæг ис хъуыддаг: Хъы- рым у царды хъысмæтæй æфхæрд адæймаг, уый у карз æмæ хъæбатыр 15 азы дæргъы пъæлицæ, стæй хъазахъ- ты отрядтæ йæ фæдыл зилынц, æмæ рахау-бахау кæны хæхты... Ды та, куыд зыны, афтæмæй æгæр зæрдæхæлар дæ. Уымæ гæсгæ, цы фæлгонц сфæлдыстай, уый дæр фæзæрдæхæлар. Иннæ хатт ма йæ бафæлвар мæстыдæр æмæ карздæрæй ^авдисын. Æрæвæр - ма дæхи йæ цар- ды, йæ уавæрты. Иæ зæрдæйы ахаст, йæ драмæ ма йын сфæлдис дæ алы дзырды, дæ алы фæзынды дæр» ( уый дæруым, ф.174]. Ирон адæммæ баззад æмбисонд: «Лæджы базон- дзынæ фынг кæнæ фæндагыл». Елбыздыхъойы царды фæндæгтимæ базонгæ Бесæ, федта йæ ирон фынджы фарсмæ дзургæ дæр, стæй кувгæ дæр: «Рæсугъд, аив ирон 61
æвзагæй дзургæйæ уый уагъта диссаджы гаджидæуттæ. Кафыд, зарыд, кодта фæлмæн зæрдæмæдзæугæ ныхас ирон адæмы аивад, театр æмæ литературæйы хæсты тыххæй» (уый дæр уым, ф. 175). Бесæ йæ дызæрдыгдзинæдтæ загъта Елбызды- хъойæн, зæгъгæ, бинонты фæнды, æз æфсæддон суон, уый. Мæхи фæндон та театралон скъола фæуын у Мæскуыйы, театры куыстыл ныххæцын. Бесæйы Елбыздыхъойы ныхас бафтыдта театра- лон фæндагыл: «Уый арфæйаг хъуыддаг у, - загъта Ел- быздыхъо, - æнæмæнг ацу, сахуыр кæн, стæй фæстæмæ сыздæх райгуырæн Ирыстонмæ. Мах стыр хъуыддæгтæ араздзыстæм. Æз пьесæтæ фысдзынæн, сымах та - хъаз- гæ». Йæ ныхасмæ ма бафтыдта Елбыздыхъо: «Мах хъæ- уы культурæ адæмы рухсмæ, тохмæ, сæрибар-дзинадмæ ракæнын» (уый дæр уым,ф.175). Кæд Ирыстоны хъæуты кæрæдзи фæдыл зынын райдыдтой алыгъуызон аивадон изæртæ, уæддæр зæ- гъын хъæуы, театралон фæлварæнтæ кæй райдыдтой Ольгинскæйæ. Сæ цырв, сæ разæнгардгæнæг та уыд Тотраты Бесæ (Ацы хъуыддаджы йæ хæд фæстæ егъау ролы схъазыд Кочысаты Розæ дæр). Ацы хъуыддагмæ æрæвнæлдтой Бесæ æмæ йæ къорд 1904 азы. Сæ къухы уыдысты Елбыздыхъойы уæлдæр ракойгонд пьесæтæ. Кусынæн, фезмæлынæн уавæртæ хъуыд. Ууыл тынг хъуыды кодта Бесæ йæ къордимæ. Адæмæй алчи кæм æмбæрста сомбоны театры хъуыддаг, стæй йæ бон бах- хуыс кæмæн уыд, уыдон дæр бынтон цъус уыдысты. Се ’хсæнæй бæрæгæй рарттывта хъæууон лæг Карсан- ты Гази. Уый комкоммæ загъта Бесæйæн - мæнæ дын мæ хæдзар, мæ мæнгагъуыст (сарай). Ам æвæрут уæ пьесæтæ, ардæм хонут уæ адæм». Иу хъуыдыйадæй загъта Бесæ, чи уыд Гази - уыдис советон дуджы колхозы иузæрдион кусæг, 1917 азы, 62
дам, хъæууон дзæнгæрæг Гази ныццагъта æмæ адæмæн уый хъусын кодта паддзахы раппæрст æмæ революци- йы фæуæлахиз. Бесæйы къорд сæхи хъæууон тыхтæй сфæлыстой Га- зийы сарай, æгæрстæмæй йæм æрластой удæгас бæлæс- тæ дæр. Уæхскуæзæй цæттæ кодтой Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты - мæлæт». Бирæ адæм æрцыд уыцы изæрмæ, горæтæй æрцыд автор дæр. Билеттæ ауæй код- той 50 капеччытыл ахæм фæндонимæ, цæмæй лæвæрд æрцæуой скъолайы библиотекæйæн. Тынг райгондæй баззадысты адæм, йæ зæрдæ тынг барухс сæ архайд, се змæлдæй Елбыздыхъойæн дæр, феп- пæлыд «актерты» арæхстдзинæдтæй, фæлæ сын уыимæ банысан кодта, цæуыл сæ хъæуы дарддæр кусын, уыдæтты дæр. Тотраты Бесæ цы театралон фæндæгтыл рацыд, цы зындзинæдтæ æмæ цæлхдуртыл æмбæлд, уыдон ын удæнцойдзинад нæ лæвæрдтой йæ лæппуйон азты æмæ куы ссис Цæгат Ирыстоны АССР-ы аивæдты сгуыхт ку- сæг, уæддæр. Кæддæриддæр йæ сæйраг бæллиц уыд, куыд слæууыд Цæгат Ирыстоны профессионалон театр йæ къахыл, цас быцæутæ йæм хъуыд бавæрын, цæмæй схызтаид ирон академион театрмæ. Йæ зæрдæйы тыппыртæ суадзын ын бантыст 1963 азы. Уæд сахар Дзæуджыхъæуы (Орджоникидзе) мыхуы- ры рацыд йæ къаннæг чиныг: «У колыбели осетинского театра». Чиныг йæ гуырахстмæ гæсгæ у къаннæг, фæлæ йæ уæз здыйы уæзæн у, йедзаг у хабæрттæй, канд театры тыххæй нæ фæлæ æмткæй Ирыстоны тыххæй дæр. Ир рифтæгтау баззад ауыгъдæй Кавказы гæмæхсæр хæхтыл, кæд йæ аххосаг æндæр уыд, уæддæр иу Ир дыууæ дихы кæй фесты, уый нын хæхты аххос кæнынц. Дыууæ дихы кæй стæм, уый нæ алы хъуыддаджы дæр дих кæны. Йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Джыгкай- 63
ты Шамиль æнæхъуаджы нæ фыста, зæгъгæ, махæн иу ницæмæй фидауы, хъуамæ уой дыууæ, кæнæ фылдæр. Шамиль цытæ фæнымадта, уыдоны хъалдзинады тыххæй нæ нымадта, сагъæссаг хъуыддæгтæ кæй уы- дысты, ууыл уыд йæ сагъæс. Ирæн дыууæ театры кæй ис, уый дæр сусæггаг нæу, бæлвырд у йæ аххосаг дæр. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ дзы иуыл куы дзурай, уæд иннæмæн рохуаты уадзæн нæй. Дыууæ театрæн дæр ис сæхи фæзынды, стæй уæд сæхи рæзты истори. Хуссар Ирыстоны драмтеатры истори фæфыста нæ куырыхон Цабайты Уасо æмæ йæ мыхуыры рауагъта уырыссагау сахар Цхинвалы 1961 азы ахæм номимæ - «Юго-Осетинский театр». Фыст æрцыд Цæгат Ирыстоны драмтеатры истори дæр. Мыхуыры рацыд сахар Орджоникидзейы 1960 азы ахæм сæримæ: «Северо - Осетинский драматический те- атр». Йæ автортæ Хъариаты Т. æмæ Литвиненко М. Дыууæ театры дæр профессионалон театры бæр- зæндмæ куыд схызтысты, цы агурæджы æмæ тухиа- джы фæндæгтыл рацыдысты, уый фæдыл дæр æрцыд фыст сæрмагонд куыстытæ. Цæгат Ирыстоны театры фæндæгтæ фæфыста мысинæгты хуызы фыццаг ирон профессионалон режиссер Тотраты Бесæ - «У колыбели осетинского театра. Орджоникидзе, 1963. Хуссар Иры театры фыццаг ратæдзæнтæ та рæгъмæ рахаста, дзæнæтыбадинаг, нæ курдиатджын актер Цо- циты Къæдзæхмæт. - «Очерки по истории Юго-Осетин- ского государственного драматического театра имени Коста Хетагурова», Цхинвал, 2007. Уыдоныл нæ банцад нæ театры истори. 1968 азы Цхинвалы рацыд чиныг «Хуссар ирыстоны театр». Йæ автортæ Гаглойты Вл., Мулдарты Т. 2011 азы Цхинвалы мыхуыры рацыд театралон критик, Республикæ Хуссар Ирыстоны наукæйы сгуыхт кусæг Плиты Гацыры чиныг «Ирвæдæны зиууæттæ» (нæ театры актертыл). Рæстæггай стыр куыст бакодта нæ профессионалон театрты актерты змæлд æмæ арæхстдзинæдтæ рæгъмæ 64
рахæссыныл дзæнæтыбадинаг, нæ дуджы зынгæ теа- тралон критик, Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы наукæйы сгуыхт кусæг Бæциаты Агуыдз. Ууыл дзурæг сты йæ куыстытæ: «Адæмы фарнæй». - ЦхинвалД970 аз; «Сфæлдыстадон цæхæртæ». - Орджоникедзе, 1973 аз; «Осетинский театр». - Орджоникидзе, 1985; «Иры артдзæст». - Дзæуджыхъæу. 1995 аз. Уæлдæр æй загътон, ацы чингуыты Бесæйы тыххæй рæстмæ загъд ницы æрцыд. Æгæр-мæгуырæй, абон дæр нæ зонæм Бесæйы биографион æрмæджыты. Нæ ныхас Бесæйыл у дарддæр. Уæлдæр æй загътон, Дзæуджыхъæуы театрты^ историйыл дзургæйæ, нæй Бе- сæйы иувæрсты ахизæн. Йе ’рмæджытæ абоны-бон махæн нæ къух бирæ цæмæйдæрты рог кæнынц, æвналæм сæм хæзнатæм æвналæгау, æвзарæм сæ уырзæй. Бесæ нын ракодта Æрыдоны кой дæр. Нæ историйы фагæй æрцыд загъд, Æрыдон революцийы агъоммæ нæ культурон центр кæй уыд, йæ семинар - Иры фæлтæры хъомылгæнæг, ирон фысджыты авдæн - кæуылты уы- .дысты йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ Гуыриаты Гагуыдзæн. Иæ ахуырдзауты нымæц хæццæ кодта 250-мæ. Уым канд ирæттæ нæ, ахуыр дзы кодтой уырыссæгтæ, гуырдзиæг- тæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ. Уым уагътой ирæт- тæ, сæ къухдариуæггæнæг Гагуыдз афтæмæй, къухфыст журнал «Фидиуæг». Раст æй зæгъы Бесæ, Ольгинскæйы фæстæ театра- лон хъуыддагмæ бавнæлдтаÆрыдон, семинаристтæ, сæ къухдариуæггæнæг Гагуыдзимæ. Бесæ æрлæууыд уыдоны уæлхъус дæр, Ол ьгинскæйы ахуырдзау фæсивæд сын равдыстой «Худинаджы бæс- ты - мæлæт». Ныллæууыд йæ рæзты фæндагыл Æрыдоны «театр» дæр. Канд бынаты нæ, сæ гастролон балцыты уыдысты Хъæдгæроны, Чырыстон хъæуы, Ног хъæу æмæ Алаги- ры, рахызтысты æфцджытыл,уыдысты Сыбайы, Рукъы, Уанелы. Цины уылæнтæ гуырын кодтой адæмы, фæсивæды зæрдæты театралон аивадмæ; уыдтой, сценæйыл сæ 5" 65
царды æгъдæутты хорздзинæдтæ, æмæ стæй уæд, сæ мæгуырдзинæдты дæр. Театралон сценæтимæ зынын райдыдтой ног пьесæтæ дæр. Брытъиаты Елбыздыхъо йæ фыццаг пьесæтæм сыл- гоймаг фæлгæнцтæ нæ бахаста, уымæн æмæ йæ зыдта, патриархалон æгъдæуттæ бар нæ ратдзысты дыууæтæн иумæ сценæмæ рахизынæн. Уыцы хъуыддагмæ йæ ныфс бахаста фыццаг ирон сылгоймаг - фыссæг Кочысаты Розæ. Йæ рæстæгмæ гæсгæ, Розæ раззагон сылгоймаг уыд. Сылгоймæгты приюты ахуыргæнгæйæ, хорз бамбæрста 1905-1907 азты революцийы хъæр, сылгоймагмæ дæр бартæ кæй æмбæлы, уый. Бамбæрста, царды уаджы æнæраст бындур, федта, фæллой, бартæ кæд бынæтты урæд хицæутты къухы сты, уæд уый хардз, зонд æмæ хъаруйæ мæгуыр фæллойгæнæг адæм уæлдæр кæй лæууынц. Æмæ нын æй фенын кодта йæ фыццаг пьесæ «Нæ пъырыстыф сæрра»-йы. Уæлдæр æй загътон, Ольгинскæйы драмон театры уидæгты рæзтæн тынг баххуыс кодта Кочысаты Розæ дæр. Йæ къорды уыдысты 12 «актрисæйы», адон та ар- хайдтой Æлдаттаты Татыны сарайы. Уыцы къорды уы- дысты Татыны дыууæ чызджы дæр. Уый тыххæй сæм адæмæй уайдзæф нæ хаудта. Æцæг, фыццаг сæвæргæ пьесæты цы нæлгоймаг фæлгæнцтæ уыд, уыдоны дæр сылгоймæгтæ хъазыды- сты. Уым æвæрд æрцыдысты: Кочысаты Розæйы «Нæ пъырыстыф сæрра», «Мæ уарзондзинад, æви мæ фыды ныхас», «Зæхх ме’вдисæн - хур мæ комдзог», Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн-гæды уыди», Елбыздыхъойы «Худина- джы бæсты - мæлæт» æмæ æнд. Уыцы кружокы активон хайадисæг уыдис Æлборты Барысби, фæстæдæр Цæгат Кавказы æмæ Ирæтты фыццаг профессор. Розæйы архайд æмæ змæлдæй райгонд уыд Бесæ, режиссурæйы хъуыддаджы йын кæддæриддæр кодта æмбæлон æххуыс. 66
Бесæ æппæт йæ царды фæндæгтæ сбаста театр - сценæимæ, фæлæ дзы рох никуы уыдысты Елбыздыхъо- йы ныхæстæ Мæскуымæ ацæуыны хъуыддаджы тыххæй. Нæ дзы уыд рох, ахуырад райсын æй кæй хъæуы. Ралæууыд 1905 аз, августы мæйы Бесæ балæууыд Мæс- куыйы. Бæдæйнаг лæппу тагъд рахатыд, адæмы удæн- цойдзинад йæ бынаты кæй нæй, митингтæ æмæ растадтæ алы къахдзæфы дæр кæй сарæх сты. Уым базонгæ Иры интеллигенцийы минæвæрттæй бирæтимæ. Кæд семæ æмдзæхтон уыд, уæддæр бакодта йæ ахуыры хъуыддаг. Ахуыр кæнын райдыдта хисæрмагонд музыкалон - дра- матикон училищейы, йæ хицау уыдис иу Кедухов. Ардæм æнцондæр бахауæн уыд, уымæн æмæ дзы фидын хъуыд. Кедухов дзы йæхæдæг амыдта зарын æмæ хъæлæсы уавæрыл кусын. Уым базонгæ Бесæ Къаннæг театры зынгæ актер Ф.П. Горевимæ. Æвзонг лæппу тынг фæцыд Федор Петрович Горевы зæрдæмæ. Уыцы училищейы Бесæ фæцахуыр кодта дыууæ азы. Уый æмрæстæджы, йе ’мбæлттимæ цыд Къаннæгтеатрмæ. Уæд айста йæ зæрдæмæ хæстæг Отеллойы æмæ æндæр зынгæ фæлгæнцты. Уæд базонгæ уырыссаг сценæты дæсныты архайд - змæлдимæ. Уыдон та йын уыдысты Ермолова, Южин, Рыбаков æмæ æнд. Бесæ Мæкуыйæ сыздæхт 1908 азы стыр хъуыдыимæ. Хъуамæ Владикавказы сырæза егъау хихъæппæрисадон драматикон кружок. Æцæг, йе ’рцыдмæ сæ куыст нывыл нал уыд Цæгат Ирыстоны цы драмкъордты ныууагъ- та кусгæйæ, уыдонæн. Бахъуыд æй ног тыхтæ æмбырд кæнын. Йæ фарсмæ æрбалæууыдысты трамвайты пар- кы кусæг Къодаты Илья, зынгæ нывисæг Дзанайты Са- дуллæ, студент Тотиты Аврам, хæдзарон ахуыргæнæг Ка- лоты Надежда, почтайы кусæг Гогичаты Михаил. Куысты бынатæй сæ сифтонг кодта Садуллæ. Радта сын йæ нывисæн хатæн. Ногæй та Бесæ бавнæлдта «Худинаджы бæсты - мæлæт» æвæрынмæ. Ныр йæ тыхтæ æндæр уыдысты. Ныр æм уыд режиссеры куыст бакæныны дæсныйад. 67
Пьесæ равдисынæн сæ къухты бафтыд горæты гуырдзи- аг клуб. Хъыгагæн, ирæттæн уæд сæхи клуб нæма уыд. Тынг райгондæй баззадысты адæм ацы сценæмæ кæсгæйæ. Зæгъæн ис уый дæр, æмæ Бесæйы руаджы гуырын кæй райдыдтой профессионалон театр æмæ ак- тертæ. Бесæ уæды дуджы базонгæ зынгæ революцион куыст- гæнæг Гоститы Андреимæ.Уый фæндонмæ гæсгæ, Бесæ «Худинаджы бæсты - мæлæт» сæвæрдта Дыгуры. Хъы- рымы ролы хъазыд йæхæдæг, йæхæдæг дзырдта иронау, иннæтæ се ’ппæт дæр дзырдтой дыгуронау. Тотрайы фырт ныр фидарæй аскъуыддзаг кодта, йæ цард, йæ зонд, йæ хъару сценæйæн кæй снывонд код- та. Ныфсы мæсыг ын уыд кæдæриддæр Елбыздыхъо. Ногæй та фембæлдысты 1909 азы. Уæд Елбыздыхъо уы- дис Петербургаг студент. Ныр Бесæйы къухты бафтыд драмæ «Дыууæ хойы». Елбыздыхъоимæ уыдысты йæ фидæны цардæмбал Ольгæ Хъазбег, йæ фыдыфсымæры чызг Тамара Хъазбег. Æмбаргæ ныхас рауад Елбыздыхъо æмæ Бесæйы ’хсæн «Дыууæ хойы» сæвæрыны тыххæй. Сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр тыхстысты актертæ ссарын æмæ рав- зарыныл. Къуырцдзæвæнæй рахизынæн Елбызды-хъо ссардта фæрæз - Хансиат æмæ дын Асиат уыдзысты Ольгæ æмæ Тамарæ, ды, Бесæ-Пупæ, Елбыздыхъо сра- зы Хъамболаты ролы ахъазыныл. Иннæ рольтæ уæрст æрцыдысты Елбыздыхъойы хæлæрттыл. Уыдон та уыдысты: Дзанайты Садуллæ, Къодаты Илья, ахуыр- гæнджытæ Гуыриаты æмæ Зораты лæппутæ. Стыр разæнгардæй сæмбæлдысты адæм ацы драмæ- йыл дæр. Спектаклы фæуды адæмы æмдзæгъдæн кæрон нал уыд, домдтой авторы, адæм цæмæй зыд- той, Елбыздыхъо сусæгæй кæй ссыд Дзæуджыхъæумæ, фæссценæйæ йæ кæй акодтой полици. Зæгъæн ис, ацы драмкъорд кæй фæгæрз ис пьесæтæ æвæрыныл. «Дыууæ хойы» хæд фæстæ фæзындысты «Уæрæседзау», Розæйы комеди «Нæ пъырыстыф сæр- 68
ра», Рамоновы «Гего» (йæ текст сæфт у), Бесæйæн йæхи фыст пьесæ «Æлгъыст». Бесæ афæдзæй фылдæр акуыста Тифлисы драмкру- жокы дæр. Уырдæм та йæ фæхуыдта Дзаттиаты Пауле. Студент уæвгæйæ, уый фембаелд Бесæйыл, æххуысы охыл æй фæхуыдта Тбилисмæ. Йе ’рцыд хорзæн мысыд Бесæ, йæ зæрдæмæ фæцыдысты Тбилисы «актертæ». Базонгæ семæ æмæ рахатыд, театралон аивад уарз- джытæ кæй сты. Канд режиссурæйы фадыджы нæ, хъа- зыд семæ алыгъуызон рольты дæр. Уыдон та уыдысты: Рамонты Зинæ, Дзаттиаты Сона æмæ Тома, Абайты Си- мон, Дзæхаты Дзæбидыр æмæ æнд. Бесæ федта, уыдонæн дæр сæ репертуар кæй уыд Елбыздыхъо æмæ Розæйы пьесæтæй, стæй уæд тæл- мацгонд пьесæтæй дæр - «Нырма амардысты, стæй ба- фидыдтой» (Эристав), «Ускуырд» (Гоголь), «Дыууæ æх- хормаджы» (гуырдзиагæй). Æрыздæхт Бесæ дыууæ азы фæстæ Дзæуджыхъæумæ, æрласта йемæ ног пьесæтæ дæр. Уæдмæ зынын, æрт- тивын райдыдтой Иры театралон аивады къабазы чи куыста, уыдон. Уалынмæ сæм æрбацыд Хъороты Дауыт дæр æд пьесæтæ æмæ рольты дæр тынг арæхстджын разынд. Стыр курдиаты хицауыл æй нымадта Бесæ, цин дæр ыл тынг бакодта. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Бесæ, Ирыстоны авналæнтæ йын - къуындæг, йæхи æппæрста Уæрæсейы стыр горæттæм. 1913 азы бамидæг Петербурджы, йæ бæллиц уыдис Александрийский театрмæ бахауын. Бантыст ын йæ зонгæ режиссеры руаджы. Уыцы сценæйы федта хъазгæ Варламовы, Давидовы, Ходотовы, Юрьевы, Савинайы, Ведринскаяйы. Бакуыста дзы иу театралон сезон æмæ дзы рахатыд, ацы театр уæздæтты кæй у, мæгуыр лæгæн дзы бынат кæй нæй. Ныр та йæ ных сарæзта Мæскуымæ. Къаннæг теа- тры коллективмæ бахауд зынгæ актер æмæ режиссер Александр Иванович Южины руаджы. Ам Бесæ рахатыд 69
хъæрмуддзинад, стыр цымыдысимæ каст театры актер- ты арæхстджын хъазтмæ. Се стыр курдиатмæ хæлæг кæнгæйæ, куыста йæхиуыл, фæзмыдта сæ алцæмæй, сæрбæрзонд сæ уыд - Южинæй, Рыбаковæй, Правдинæй, Садовскийæ, Остужевæй, Ермолова, Садовская æмæ Яблочкинайæ, стæй уæд Максимовæй. Фæлæ та фæстагмæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты Къо- стайы ныхæстæ: «Фæхæссон ма загътон уæддæр, Фæстæмæ мæ иунæджы сæр. Мæ Ирмæ, мæ Райгуырæн бæстæм». Ирыстонмæ сыздæхт 1915 азы æндæр уаргъимæ. Ныр театралон аивады фæрæзтæй йедзаг уыдысты йæ рифтæгтæ. Фæлæ...райдыдта империалистон хæст, алцы ауад æддæг-мидæг, банымæг йæ кружокы куыст дæр. Кружокы уæнгтæй чи фронтмæ бахауд, чи та карз уавæрæй тæрсгæйæ йæхи иуварс айста. Стыхджын полицæйы уагæвæрд, кружокæн кусæн нал уыд. Алчи дæр æнхъæлмæ каст ног æрцæуæг хабæрттæм. Уæдмæ æввахс кодта 1917 аз дæр. Фæуæлахиз революци, æрфидар советон хицауад, адæм раздæхтысты царды фæндагмæ. Ир дæр сулæфыд къæхты бынæй, акастис царды хордзинæдтæм æмæ сæрыстырæй сфæлхатт код- та Илас Æрнигоны ныхæстæ: «Сæрибар - нæ бæстæ, Сæрибар - нæ зæхх. Нæ фæндон - нæхи бар, Нæхи бар - нæ дзых. Сæрибар, сæрибар, Сæрибар - нæ тых». Ног дуг домдта ног тыхтæ театралон аивадæн. Хица- уады фæндонмæ гæсгæ, Бесæйæн хæс æрцыд драмкъор- ды куыст йæ къахыл сæвæрын. Йæ фыццаг «актертæй» 70
ма йæ къухы бафтыдысты: Дзанайты Сæлимæт, Хъоро- ты Дауыт æмæ Дзанæгаты Хасанбег; Тбилисæй чи фæ- лыгъд - Дзаттиаты Пъауле, Гаглойты Владимир, Абай- ты Симон, Дзæхаты Дзæбидыр æмæ Тыбылты Верæ. Йæ хорз зонгæтыл стыр цинимæ сæмбæлд Бесæ. Уыдис дзы нæуджытæ дæр: Гуырцъыты Николай, Борыхъуаты Коша, Æлдаттаты Пари, Гæздæнты Нинæ, Абайты Оля, Гаглойты Соня æмæ Цоколаты Фаризæт. Бесæйы кружок фæкуыста æртæ азæй фылдæр, бирæ пьесæтæ йын бантыст сæвæрын. Ныр сын фæзынд бы- нат æмæ уавæртæ. Уый та уыд Дзæуджыхъæуы уырыс- саг театр. Ацы театртæ дзæвгар азты фæкуыстой иумæ, уæдмæ, цалынмæ советон дуджы ног бæстыхай арæзт æрцыд ирон театрæн. Тотрайы фырт хорзæн мысы уый дæр, фыццаг азты цы пьесæтæ æвæрдтой, уыдоны хонын райдыдтой «Фыц- цаг советон театр». Æвзонг советон хицауад йæ хъус бæстон æрдардта на- циты культурон бынтæ сæ къахыл сæвæрынмæ. Дзæу- джыхъæуы байгом сты 6-мæйон театралон курсытæ. Уый уыдис 1924 азы æмæ зæгъæн ис, цы 20 адæймаджы дзы уыд, уыдон цасдæр бæрцæй æмбæлон æххуыс кæй бакод- той театралон аивад рауæрæх кæныны хъуыддагæн. Театралон сценæйы æмрæнхъ Бесæ уæд тынг ныхъ- хъуыды кодта нæ кафты аивадыл дæр. Цыбыр рæстæгмæ скъоладзаутæ æмæ студенттæн сарæзта ансамбль, ра- хуыдта йæ «Дети гор» («Хæхты хъæбултæ»). Ацы хъуыд- дагыл стыр цинимæ сæмбæлдысты Иры фæсивæд. Сæ фыццаг репертуары уыдысты: «Симд», «Нарты кафт», «Ирон чындзæхсæв» æмæ «Абырæг». Фыццаг концертмæ кæсджытæ стыр аргъ скодтой ацы ансамблæн, Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн музе- йы институты къамис та къорды банымадта професси- оналоныл. Ацы къордæн ныр фадат фæцис, цæмæй сæ арæхстдзинæдтæ равдыстаиккой æндæр адæмтæн дæр. 1929 азы, сæрды мæйты, ацы фæсивæд абалц код- той. Сæ концерттыл сæ цæст æрæвæрдтой Цæгат æмæ 71
Фæскавказы адæмтæ, Украинæ. Уыдысты Грознæйы, Ма- хачкалайы, Бакуйы, Армавиры, Харьковы. Цæстæвæрæн фесты уæд Сопойты Урусхан, Хетæгкаты Сергей, Гæ- джиты Володя æмæ Собиты Петро. Ацы ансамблæй би- рæтæ фæстагмæ систы зынгæ балетмейстертæ. Уыцы уæззау уæз дæр та æрæнцад Тотраты Бесæйы уæхсчытыл, уый хъæппæрисæй сырæзт ацы ансамбль дæр. Бесæ цы фæтæны æрлæууыд, дæргъвæтин уис кæм райдыдта хæссын, уый йын, сæйраджы уыд, театр æмæ йе сценæ. Йæ зæрдæмæ ногхуры тынтæ кæсын байдыд- той, театралон аивадæн ног хицауад рæзты уавæртæ аразынмæ куы бавнæлдта, уæд. Уæлдæр æрцыд загъд, Цæгат Ирыстоны, сахар Дзæу- джыхъæуы фыццаг ирон профессионалон театр байгом 1935 азы. Цы хорздзинад æрцыд уæд Ирыл, уый дардыл дзуринаг у, кæм ма уыд адæмы цинæн кæрон. Бынæттон хицауад хорз æмбæрста, театралон клубтæ театры уæз нæ афæраздзысты, хъæуы ног профессионалон кадртæ. Уымæн та Ирыстоны фадат нæй æмæ сын уæд Мæскуы рахицæн кодта 30 бынаты Луначарскийы номыл Пад- дзахадон театралон аивады институты. Уыцы фæндон хаст æрцыд 1931 азы, хаст æрцыд фæндон, цæмæй 1935 азы та байгом уа ирон театр. Цалынмæ Мæскуыйæ фæлварæнтæ исæг къамис хæццæ кодта, уæдмæ хæдархайгæ клубтæй æртымбыл кодтой 100 бæрц чызджытæ æмæ лæппутæ. Ацы ахс- джиаг хъуыддаг аразæг дæр та уыд Тотраты Бесæ. Уы- донæй къамис равзæрста 30 адæймаджы - 18 лæппутæ, 12 та - чызджытæ. Æрвыст æрцыдысты Мæскуымæ, семæ æр-выст æрцыд Бе-сæ дæр, цæмæй сын уым амыдтаид ирон ныхасы техникон фæрæзтæ. Уыцы боны фембæлд стæй фæсивæды уавæр æмæ сконды тыххæй йæ хъуыдытæ загъта уæд «Комсомоль- ская правда»: «23 ноября 1931 г. 12 девушек и 18 парней с узелками, с гармошкой - вечной их спутницей, в черке- сках, домотканых суконных ноговицах, самодеятельных 72
чувяках и больших барашковых шапках остановились в Театральном комбинате. Среди них были шахтеры, быв- шие батраки - колхозники, в большинстве комсомоль- цы (14 человек), члены и кандидаты партии» («Комсо- мольская правда». 22.06.35 г.) Æвзонг коллективæн фыццаг мæйты сæ царды уавæртæ кæд мæгуырау уыдысты, уæддæр быхстой, сæ тых, сæ ных радтой ахуырмæ, сæхи сбастой театры коллективимæ, тынг сæ бауарзтой институты коллек- тив сæхæдæг дæр. Сæ зын сахатты сæ фарсмæ уыд Бесæ кæддæриддæр. Уымæн та уæдмæ йæ бастдзинæдтæ егъау уыдысты Мæскуыимæ дæр æмæ ацы театры коллективимæ дæр. Йæ мысинæгты Бесæ дисгæнгæ фыста, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ дзы бирæтæ афтæ аивтой, æмæ сын базонæн дæр нал уыд. Æрвылбонон хъусдард уыд Бесæйæн ацы кæстæртæм, зыдта æмæ зонгæ уыд курсгай цы куыстой æмæ цæуыл ахуыр кодтой, æппæт уыдæтты. Афтæ зæгъы: 1-курсы ахуыр кодтой иумæйаг предметты æдде те- / атры истори, стæй уæд, сценæйы домæнтæ - закъæттæ. 2-аг курсы куыстой пьесæтæй ист скъуыддзæгтыл, стæй уæд бацæттæ кодтой Мольеры пьесæ «Святой из - под палки» (йæ тæлмацгæнæг Плиты Грис). 3-аг курсы сын аивадон аивадон къухдариуæггæ- нæгæй нысан æрцыд зынгæ театралон аивады дæсны, Республикæйы сгуыхт артист, мхатовон В. Я. Станицын. Бирæ бакуыста Иры фæсивæдимæ, рæдауæй, хæларæй сын амыдта актер æмæ сценæйы сусæгдзинæдтæ, бирæ сарæзта, цæмæй ацы фæсивæд бауарзой театр æмæ сценæйы домæнтæ. Зæрдæбынæй куыстой семæ МХА- Ты артист режиссер-ахуыргæнæг И. Раевский, стæй уæд Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт артист Ев. Маркова дæр. 4-æм курсы фылдæр уыдысты практикон сахаттæ, сын- дæггай сæхицæн арæзтой репертуар. Сцæттæ кодтой Голь- донийы «Лгун», Циновскийы «Адвокат Патлен» (французаг адæмон комеди), Корнейчукы «Платон Кречет». 73
Нæ фæсивæды хъазт ацы спектаклты дзурæг у иу стыр хъуыддагыл - ныр рольтæ æххæстгæнæг сты про- фессионалон актертæ, Елбыздыхъойы Маймулитыл сæ къух систой, се уæнгтæ айвæзтой æцæг театры бæс- тыхайы. Æрхæццæ уыцы бон дæр, 10 ноябры 1935 азы кад- джын уавæрты байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Йæ къæсæрыл æрлæууыдысты нæ мæс- куыдзаутæ, семæ Бесæ Тотраты, афтæмæй. Æрцыдысты стыр хуынимæ, семæ сластой Корней- чукы пьесæ «Платон Кречет». Уымæй байгом, уымæй райдыдта йæ куыст абоны, Тæбæхсауты Балойы номыл паддзахадон академион театр. Цингæнæн бон ныхæстæ алыгъуызон вæййынц, бирæ ныхас фæцыд нæ театры фæзындыл, йæ байго- мыл. Иутæ цин кодтой национ театр нын кæй фæзынд, нæ мæгуыры дзæкъул кæй аппардзыстæм. Уыдис дзы ныхасгæнджытæ - сценæйы дæснытæ, уыдоны ныхасы та бæлвырд зынд иу стыр хъуыды - уæхскуæзæй кусын хъæуы дарддæр. Сæ ныхас уыд: « Наш театр, - говорили они, - будет театром реалистическим, и в своей работе будет основываться на богатом опыте Московского Ху- дожественного академического театра им. М. Горького, работники которого руководили осетинской театраль- ной мастерской (студией) и воспитанницей которого является главный режиссер нашего театра Е. Г. Мар:сова. Однако это не значит, что наш театр будет стремиться к механическому копированию методов работы Худо- жественного театра» (г. «Пролетарий Осетии», 28 июля 1935 г.]. Ныллæууыд йæ рæзты фæндагыл ирон советон про- фессионалон театр. Ног театры уæз уæддæр æнцад Бе- сæйы уæхсджытыл, архайдта йæ репертуар схъæздыг кæныныл. Йæ тыхтæ радта тæлмац кæнынмæ, сæй- раджыдæр бавнæлдта Островский, Горький, Шекспир æмæ Мольеры пьесæтæм. 74
Фæндаг раст æмæ лæгъз нæ вæййы алы хатт, Бесæ бирæ зындзинæдтыл æмбæлд йæ коллективимæ, фæ- лæ дзы зæрдыл бадаринаг бонтæ, цины æнкъарæн æв- дисæн бонтæ дæр бирæ уыд. Театр йæ къахыл нæма слæууыд, йе уæнгтæ нæма айвæзта, афтæмæй райдыд- та Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæдисы дуджы театры коллектив дæр æзфæраздæронæй ивылдысты хæсты быдырмæ. Тынг сфæлахс театр хæсты азты. Иуæй коллекти- вы фылдæр бамидæг сты хæсты цæхæры, аннæмæй та немыцаг фашисттæ æрлæууыдысты Цæгат Ирысто- ны зæххыл, бацахстой Алагир, сæ ных радтой Дзæу- джыхъæу сисынмæ. Театр нæ ахуыссыд, чи ма дзы баз- зад, уыдон рацыдысты сахар Цхинвалмæ, сæ тыхтæ баиу кодтой æмæ афтæмæй адæмæн, стæй уæд госпи- талы рынчынтæн, æвдыстой пьесæтæ. Агуырдтой сын хиирхæфсæн фæрæзтæ. Фыдлæг æмæ фыдрæстæгæн цæрæнбон даргъ нæ вæййы. Хæсты хъæдгæмттимæ иумæ гас кодтой театры хъæдгæмттæ дæр. Йæ тæмæны бацыд театр, сарæх сты йæ гастролтæ канд Цæгат Ирыстоны районты æмæ хъæуты нæ, фæлæ ма Цхинвал, Налцыкк, Грозна, Тбилис, Махачка- ла æмæ æндæр горæттæм дæр. Иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты Мæкуыйы дæр. Алы ран дæр æмæ алы хъуыд- даджы дæр йæ хайбавæрд егъау уыд Тотраты Бесæйæн. Уыцы балцытæй иууыл вазыгджындæр æмæ зæр- дылдаринагдæр уыдис 1960 аз. Уæд Цæгат Ирæн Мæс- куыйы уыд ирон литературæ æмæ аивады декадæ. Уым активон хайад райста Бесæ дæр. Стыр цинимæ фæлхат кодта «От деревенского сарая - до Кремлевского театра». Уæд Бесæ сæрбæрзондæй фыста: «Лето 1960 года... актеры нашего профессионального театра выступают в Кремлевском театре на торжественном открытии де- кады. На весь мир радио передает слово, песнь родной Осетии, краски наших гор и ущелий, советскую душу возрожденного народа». 75
Тынг бацин кодта уæд Бесæ нæ театралон афишæтыл. Уым æрцыд фыццаг хатт фыст музыкалон - драматикон театр, ома уæдæй ссис музыкалон - драматикон театр. Стыр хуынтимæ ацыд уæд Мæскуымæ Цæгат Иры- стон, фыста сыл цингæнгæ Бесæ дæр. Уыцы декадæйы ирæттæ фенын кодтой, кæй сæм райгуырд оперæ дæр. Æвдыстой «Къоста» æмæ «Уалдзыгон зарæг». Аккаг хуынтимæ сæмбæлдысты: нæ нывгæнджытæ, фысджы- тæ, ансамблы коллектив, цирчы артисттæ. Театрæн йæ декадæйон репертуары уыдысты: А. Кор- нейчукы «Гибель эскадры», Шекспиры «Король Лир», Плиты Г. «Чермен», Хуыбецты Р. «Райгуырæн хæхбæс- ты», Токаты Ас. «Базырджынтæ». Нæ театр йæ спектаклтæ æвдыста Академион Къаннæг театры сценæйыл. Уый уæлдай æхсызгон уыдис Бесæйæн, уырдыгæй райдыдта йæ театралон фæндæгтæ, нырма дзы бирæ уыдис йæ зонгæтæй, уæлдайдæр та сæ режис- сер Ю. Заводской. Ю. Заводской уæд бафарста хъазгæйæ Бесæйы: «Не чувствуйте себя как на экзамене...» Бесæ уæндон æмæ ныфсджынæй радта дзуапп: «- Нет, мы рас- сматриваем свои выступления в Москве прежде всего как творческий экзамен». Бесæ æппæт тыхтæ дæр лæвæрдта уымæ, цæмæй йæ коллектив арæхстджынæй равдисой ирон националон цæсгом, цæмæй Мæскуы йæ цæст æрæвæра иу хъуыдда- гыл - Ирмæ дæр ис сценæйы дæснытæ. Уыдон та уыды- сты: Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисттæ Икъа- ты Серафинæ æмæ Хъæрджынты Варя, ССР Цæдисы ар- тист Тæбæхсауты Бало, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисттæ Цырыхаты Петр æмæ Цихиты Маирбег. Уæд театры сæйраг режиссер уыдис Уæрæсейы Федера- цийы сгуыхт актрисæ Брытъиаты Зариффæ. Уæд нырма æвзонг æмæ суинаг фæлтæрыл нымад уыдысты: Тмена- ты Л., Уртаты Верæ, Сланты Къоста, Саламты Къола æмæ æнд. Цыбыр рæстæгмæ уыдон дæр систы нæ сценæйы фидауцтæ, театр бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, ахæмтæ. 76
Мæскуы уый размæ дæр хорз зонгæ уыд ирон театр, ирон кафт æмæ зарды ансамблимæ, фæлæ ныры фем- бæлд æндæр уыд. Уый тыххæй Бесæ йæ мысинæгты зæ- гъы: «Наши спектакли получили объективную всесто- роннюю оценку Все единодушно отмечали творческий рост театра, его зрелости, тесную связь с народом, само- бытность, смелость в решении задач, единство и ясность художественных стремлений». Бесæйæ рох никуы уыдысты А. Н. Островскийы ны- хæстæ: «Иметь свой родной театр и гордиться им же- лает всякий народ. Всякое племя, всякий язык...» Уый, æцæгдæр, афтæ кæй уыд æмæ у, уый бæлвырдæй ра- зынд нæ театрты историон фæндæгты. Бæллицтæ, тырнындзинæдтæ нæм уыд революцийы агъоммæ, фæлæ сын сæххæстгæнæн нæ уыд, уымæн æмæ æхсæнад, йæ уагæвæрд æмæ йæ закъæттæ фæллойгæнæг адæмы пайдайæн нæ уыдысты. Ралæууыд æндæр рæстæг, адæм адæмыл банымад- утой сæхи, сæ культурон бынтæн сæ рыг ныццагътой, ра- хастой сæ хуры хъæрммæ, базмæлыдысты сæ фæллад стджытæ. Цард сæм бахудт йæ мидбылты, фæлæ та уы- мæй дæр фыдæнхъæл фесты. Демократон дуг царды хæрзиуджытыл ихджын дон æмæ туджы зæйтæ рауагъта. Ныккалд ирон лæджы туг хуыцауы æнæхъуаджы, нацитæ кæрæдзи хъуынхъисмæ бавнæлдтой, Иры та бахъуыд сæ фыдæлты тохы тырыса сдарын, кæцыйыл цæргæ- цæрæнбонты фыст ис æмæ уыдзæн: «Кæнæ сæ-рибар, кæнæ - мæлæт». Ныффæдзæхста нын æй Къоста дæр: «Цæйнæфæлтау сæрибар адæм, Цагъарæй туг калæм знагæн, Фæлтау нын амæлæт хуыздæр». Тыхст дуджы та нæ фарсмæ æрбалæууыд Стыр Уырыс, йæ домбай къух æрхæцыд мæнгард Гуырдзыйы хурхыл, æрæхгæдта йын йæ залиаг калмы фæндæгтæ æмæ та Ир ногæй систой сæ зарæг: «0, Иры уарзон уырыссаг адæм». 77
Ир сæ хæрзгæнджыты никуы рох кæнынц. Абоны бон Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр Иры ахаст Уæрæсеимæ у хæларадон, уарзæгой, стыр ныфсы мæсыгмæ кæсæгау. Бесæ Цæдисы фехæлд нал федта, йæ цардæй ахицæн 1964 азы. Уымæй афæдз раздæр ма фыста: «Осетинский народ многим обязан своему старшему брату - велико- му русскому народу. И наш национальный театр мы по праву называем детищем русской культуры». Бесæ йæхи амондджын хуыдта иу стыр хъуыддаджы, æмæ йæ зæгъгæ дæр кæны: «Мне посчастливилось быть у колыбели осетинского театра, проводить первые сце- нические представления на осетинском языке, работать с пионерами-энтузиастами любительской сцены, отдав- шими новому культурному начинанию все свои силы, способности, энергию». Кæронбæттæны зæгъын хъæуы: дзырд дæр ыл нæй, Бесæйы бакæнгæ хъуыддæгтæ ирон аивады стыр хæзна кæй сты. Театр адæмы хæзна у, царды айдæн æмæ уымæн йæ цард снывонд кодта æнæхъæнæй. Æцæг дзы рох ни- куы уыд кафт æмæ зарды хъуыддаг дæр. Кæуылты уыд йæ фыдæбон, ансамбль «Хæхты сывæллæттæ» («Дети гор») куы сарæзта, Иры сывæллæтты риутæм циндзи- нады арт куы бауагъта. Уæндонæй зæгъæн ис, нæ культурон артдзæстмæ чи ныккæса, уый дзы æнæмæнгдæр фендзæн Бесæйы рæ- сугъд хуыз, йæ арф хъуыдыджын цæсгом. Кæсын та йæм æнæмæнг хъæуы, цæмæй зонæм нæ хæрзгæнджыты, фыдæлтæй махы уонг ахæм аивад чи æрхаста, уыдоны. Бесæйы тыххæй та зæгъæн ис: æгæр рохуаты баззад Бесæ, æппын кæд ницы, уæддæр нæ театры къултыл Бесæйы сурæт хъуамæ бæрæгæй æрттива. Нæхи хъуамæ зонæм. Халагъудæй академион театрмæ схизын æнцон хъуыддаг нæ уыд Бесæйæн, фæлæ уый, «фæллад дæн» никуы загъта. Æвæдза, цас у йæ бон иу лæгæн, куы дæм уа хъару, зонд æмæ фæндондзинад.
ДЗАТТИАТЫ СОНА - НÆ ТЕАТРЫ МАД Хуссар Ирыстоны театры историйыл ныхас куы фæцæ- уы, уæд фыццаг Дзаттиаты Михелы чызг Сонайæ райда- йæм. Райдайæм уымæн, æмæ Дзаттион уыдис йæ фыццаг бындурæвæрджытæй иу, кæ- цыйæн бантыст нæ театры сценæйыл 200 фæлгонцæй фылдæр саразын. Нæ адæммæ баззад ныхас: сылгоймаг-мад хъуамæ Со- найы хуызæн уа - фæлмæн; рæвдауæг, зондджын, æгъ- дауджын, хæдзар æмæ къæ- бицы фидауц, сценæйы æрттиваг стъалы. Хæдзарвæндагæн стыр нысаниуæг ис, æмæ афтæ дæр у - Сона цы хæдзарвæндагæй рацыд, уый хъуыстгонд уыд канд Цъалагомы нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны дæр. Сæ ах- стон, сæ бынат уыдис Дзауы районы Сыбайы хъæуы. Сыбатæ дыууæ сты - Дæллаг æмæ Мидæггаг. Дæл- лаг - Дзаттиаты хъæу Мидæггаг - Абайты хъæу. Абоны- бон дыууæ хъæуы сты æдзæрæг, кæддæр та дзы цард цæджджинагау фыхт. Уæздандзинад, æфсарм æмæ æгъ- дау Ирыстоны къуымты куы агуырдтаис, уæд дæ ал- чи дæр фыццаг Сыбамæ барвыстаид. Сылгоймаджы хорз уырдыгæй цыд, разагътайы фæсивæд уым гуыр- дысты, царды рахæцæнтæ куы агуырдтаис, уæд сæ Сы- байы æнæмæнг ссардтаис. Куырыхон зæронд лæгтæ, революцийы хайадисджытæ, колхозон цардаразджытæ, 79
кафт æмæ зарды саг фæсивæд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ, фысджытæ æмæ композитортæ, ахуыргæнджытæ æмæ дохтыртæ, сценæйы дæснытæ - Сыбагом сæ рæдауæй лæвæрдта Ирыстонæн. Уыдонæй иу уыд Дæллаг Сыбайаг Дзаттиаты Сона (Соня) Михелы чызг. Сона райгуырдис 1896 азы. Йæ царды фæндæгтæ гуыргъахъ æмæ вазыгджын уыдысты, æмæ сыл Дзат- тион цыд зындзинæдты сæрты хизгæйæ, царды бæрзонд къæпхæнтæм тырнгæйæ. Сона хъуыстгонд хæдзарвæндаджы чызг уыд. Йæ фыды фыд Федыр бирæ сывæллæтты хицау уыд. Ный- йарджытæ сæ удæй арт цагътой, сæ тыхтæ радтой сæ зæнæджы царды фæндагыл бафтауынмæ. Федыры фырттæ уыдысты: Михел, Муссæ, Къоста, Тома, Никъо, Пъауле, Дауыт æмæ сæ иунæг хо Къекъе. Се ’ппæт дæр канд Дзаттиатæн нæ, æнæхъæн Ирыстонæн систы æх- хуыс æмæ кады ном хæссæг адæймæгтæ. Сыбайы уынгæг ком царды фадæттæ аразæг нæ уыд, æмæ Федыры зæнæг дæр сæ фыды хъарм хæдзарæй ивы- лын райдыдтой алырдæм. Сонайы фыд Михел йæхи айста Тифлисмæ æмæ уым кусын райдыдта æфсæнвæндаджы æрмадзты, æвзонгæй баиу революцион куыстгæнæг къордтимæ. Михел йæхæдæг дæр бирæ бинонты хицау бацис, Тиф- лисы цæргæйæ. Йæ фырттæ Алыксандр, Антон, Иван, йæ чызджытæ Ната æмæ Сона Хуссар Ирыстоны истори- йы егъау бынат æрцахстой. Алыксандр æмæ Антон си- сты зынгæ революционертæ, партион кусджытæ, Иван - зынгæ дохтыр, Сона - ирон театры фидауц. 1906 азы Тифлисы ирон интеллигенцийы хъæппæ- рисæй байгом драмон къорд. Уый сæрæвæрæн фæцис нæ профессионалон театрæн. Уыцы къорды активон хайад истой йе ’фсымæр Алыксандр æмæ йæ фыды æф- сымæртæ Тома æмæ Пъауле. 1910 азæй Сона йæ хъысмæт сбаста ирон театралон аивадимæ, кæд Михелы нæ фæндыд, уæддæр. 80
Зубаловы Адæмон хæдзары цы пьесæтæ цыд æвæрд, уыдоны Сона иста активон хайад, райдыдта фæрсаг рольтæй, хызтис сындæггай сæйраг рольтæм. Сонайæн театралон аивады стыр фидæн кæй уы- дзæн, уый фæбæрæг Дуняйы (Хетæгкаты Къ. «Дуня») æмæ Текълейы (Цагарелийы «Цы федтай, уый нал фен- дзынæ»] рольтæ куы сæххæст кодта, уæд. Ралæууыд ног дуг, рæстæг ивта рæстæджы. Хуссар Иры- стоны царды дæр фæзынд ногдзинæдтæ, сæ иу - Цхинвалы драмкъорд, кæцы бындур æрæвæрдта нæ театрæн. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Йæ фыц- цаг актрисæ уыдис Дзаттиаты Сона. Йемæ æнæзивæгæй æрбакъахдзæф кодтой: Дзæхаты Дзæбидыр, Пухаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Хъæцмæзты Илья(Кавказаг), Мамиты Ди- митр, Цæбиты Нинæ, Хуыбылты Гриша æмæ æнд. Уыдон уыдысты фыццаг зиууæттæ, фæстæдæр се ’ппæт дæр си- сты зынгæ актертæ, нæ театры кады тырыса нын бæрзонд чи систа, ахæм зиууæттæ. Театры байгом стыр бæрæгбоныл нымад æрцыд ирон сщæмæн. Алчидæр ын æххуыс кодта, цæмæй йæ къахыл слæууыдаид. Иры интеллигенцийæ уæд сæ уæлхъус æр- балæууыдысты Тедеты Бетъре, Хъуылаты Сикъо, Бе- джызаты Чермен æмæ Тыбылты Алыксандр. Спектаклтæ сæвæрынæн актерты æмрæнхъ хъуы- дис æвæрæг режиссертæ дæр. Уыдон дæр разындысты бынаты. Режиссертæ æмæ нын æвæрæг актерты бына- ты басгуыхтысты Бекъойты Алыкси, Лохты Къоста, Ко- койты Тæтæрхъан, Кавказаг, Хетæгкаты Владимир, Са- мохвалов, Тугъанты Махарбег, Саулохты Мухтар, Слан- ты Григол æмæ æнд. Театры куыст йæ тæмæны цæуын байдыдта, фæлæ уыимæ иумæ театр хатыд, актертæ æмæ режиссертæй цух кæй у, чи дзы ис, уыдон та ахуырдзинад райсын кæй хъæуы. 1935 азы Цхинвалæй Тбилисмæ æрвыст æрцыд цал- дæр адæймаджы. Уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ ахуыр кодтой Тбилисы Руставелийы номыл театры студийы. бч 81
Тбилисы театралон æхсæнад, Руставелийы театры зын- гæ архайджытæ, уæлдайдæр та Сандро Ахметели, егъау æххуыс бакодтой нæ фæсивæдæн. Уый æмрæнхъ Тби- лисæй нæ театрмæ хуынд æрцыд зынгæ режиссер Вик- тор Мургулия. Рæзт нæ театр, рæзт йæ коллектив. 1936 азы нæ рав- заргæ фæсивæдæй 19 адæймаджы æрвыст æрцыдыс- ты Ленинграды театралон институтмæ, 1956 азы та нæ фæсивæдæй 21 адæймаджы ахуыр кæнын райдыдтой Мæскуыйы Аивадон Академийы театры цур Вл. Неми- рович-Данченкойы номыл театралон студийы. Советон дуджы Хуссары театр бацыд йæ тыхы. Дзаттион уыдта театры рæзты фæндæгтæ, нæ ауæрста йæ тыхтыл, хызтис иу ролæй иннæмæ, уыд цæвиттойнаг йæ кæстæртæн. Кæуылты уыд сæ нысаниуæг Сона цы рольтæ æххæст кодта, уыдонæн. Уы- дон та уыдысты: Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»- йы Нана, Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон»-ы Госæ, Ма- мытаты Степаны «Налхъуытæ»-йы Налхъуытæ, Арыс- ханы фырты «Ирæд»-ы Хангуассæ, Брытъиаты Елбыз- дыхъойы «Дыууæ хойы» Асиат. Сона алы кары сылгоймæгты удыхъæды миниуджы- ты кæддæриддæр фæрæзта рæгъмæ рахæссын, фæлæ иу- уыл тыхджындæр æмæ арæхстджындæр уыдис мæдты фæлгæнцты удыгъæд, уыдон зæрдæйыхатт æвдисынмæ. Уый уал, фыццаджыдæр, фæбæрæг, Брытъиаты Е. «Хаз- би»-йы Нанайы фæлгонц адæмы рæгъмæ куы хаста, уæд. Лæджы ’мсæр ус, хъæбулуарзаг мад йæ иунæг фырт Хазбийы æрвиты тохмæ хæдхæцæг паддзахы æфсады ныхмæ. Мад развæлгъау зоны, йы фырт удæгас нæ баззайдзæн, йæ мæлæт уым ссардзæн. Зоны, фæлæ йæ зæрдæ фидар у, Хазби йæхи тыххæй нæ хæцы, уый йæ адæмы сæрыл хæссы йæ уд мæлæтмæ. Кæуылты сценæ уыд уый, Нана йæ хъæбулы мардмæ куы фæзынд йæ чызджытимæ, къонайы сау рæхыс йæ хъуырыл ауыгъд, афтæмæй. Нанайы - Сонайы ныхæстæм, йæ хъарæгмæ куыдтой сценæмæкæсджытæ дæр. 82
Уарзæгой мады фæлгонц равдыста Сона нæ театр- дзаутæн, куы хъазыд Туаты Дауыты пьесæ «Пæсæйы фæндон»-ы Пæсæйы мад Госæйы ролы. Ирон мады рæ- сугъддæр миниуджытæ рахаста уæд Сона адæмы размæ. Йæ рæстæджы йæ раст банысан кодтой: «Стыр уарзон- дзинад, ныййарæг мады зæрдæйы хъарм æмæ адæймаг- уарзондзинадæй æвдисы Сона Туаты Дауыты комеди «Пæсæйы фæндон»-ы Госæйы фæлгонцы. Ирон мады иу- уыл рæсугъддæр æмæ характерондæр миниуджытæ Со- найы дæсны хъазты руаджы фестадысты Госæйы фæл- гонцы туг æмæ стæг» (кæс. «Хуссар Ирыстоны театр». - Цхинвал, 1968, ф. 69). Дзаттиаты Сона канд ирон мæдты, ирон чызджыты удыхъæд æвдисынмæ не рæхст, арæхстджын уыд, нæ те- атры сценæйыл æндæр нациты драматургты пьесæтæй æвæрд чи цыдис, уыдоны сылгоймæгты характертæ æв- дисынмæ дæр. Ахæм пьесæтæн, ахæм фæлгæнцтæн сæ нымæц егъау у. Уыдон та сты: Мольеры комеди «Æл- /Гъин»-ы Люцинæйы роль, Цагарелийы комеди «Цы федтай, уый нал фендзынæ»-йы Текълейы роль, Эгна- те Ниношвилийы пьесæ «Кристине»-йы Кристинейы роль, «Капитан Бахметов»-ы «нымудзæг» сылгоймаджы фæлгонц; «Павел Греков»-ы Машенкæйы фæлгонц; «Про- фессор Мамлюк»-ы Мамлюкы фæлгонц; «Инженер Сер- геевы» Сергеевы æмкъайы фæлгонц æмæ æнд. Сона канд театры мад нæ уыд - хæдзарвæнджы мад дæр уыд. Фæцыд чындзы Гасситæм, йæ цард сбаста Ни- къалаимæ, зондджын æмæ куырыхон лæгимæ, зынгæ инженер æмæ партион кусæгимæ. Цард сæм йæ мид- былты бахудт, фæлæ сын бирæ нæ ахаста, ралæууыд скъæфæнты дуг. 1937 аз сау мылазон аз уыд, Иры- стоны разагътайы лæгты цæвæгау карста, нæ рæстаг фæсивæды тæригъæдæй зæхх скъуыдтæ кодта. Сау ха- лон бауасыд Сонайы хæдзармæ дæр æмæ йæ цæгатмæ дæр. Æрцахстой Никъалайы æмæ йæ фехстой, ахст æрцыд Никъалайы æфсымæр Алыксандр дæр. Ахст 83
æрцыдысты Сонайы æфсымæртæ æртæйæ, уыдонæй рæстæй байсæфтысты Алыксандр æмæ Антон, дзæвгар азты ахæстоны фæбадт Ваня. Баззад мад æртæ æнахъом сывæллонимæ, йæ фыдæбоны хай кодта, нæ уагъ- та йæ театр, йе сценæ, куыста тæрсгæ-ризгæйæ, тарст йæхицæн дæр, иууыл тынгдæр та - йæ хъæбултæн. Сона 1937 аз нымадта сау азыл, хъизæмайраг дугыл, тæригъæддаг рæстæгыл. Æмæ афтæ дæр уыд, адæм сæ развæндаг нал уыдтой, кæрæдзийæ тарстысты, хион хионмæ нал цыд. Хæццæ æмæ тæссагдæр дугæн скæнæн нал уыд. Уæддæр Сона зындзинæдтæн сæттын нæ бакуымдта, нæ ныууагъта йе сценæ, схъомыл кодта йæ зæнæджы. Фæстаг хатт ма йæ хъазгæ федтон Туаты Дауыты пьесæ «Аргъау»-ы мады ролы. Хъизæмайраг роль уыд, фæлæ йæ рæгъмæ рахæссын бафæрæзта Сона. Фыд дуг, фыд рæстæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Сона хицауады ’рдыгæй рохы нæ баззад, йе стыр лæггæд- тæн ын саргъ кодтой. 1954 азы йын лæвæрд æрцыд Гуырд- зыстоны республикæйы сгуыхст артисткæйы ном. 1957 азы та йын саккаг кодтой Гуырдзыстоны республикæйы адæмон артисткæйы ном. Хорзæхджын уыд дзæвгар май- дантæ æмæ Кады грамотæтæй. Сонайы ном мысинаг у. Хуссар Ирыстоны театрыл дзырд куы фæцæуы, уæд дзы фыццаг бынаты æвæрд вæййы Сона.
КАВКАЗАГ КÆФТЫТЫ ДÆСНЫ Хетæгкаты Владимир Ирыстон буц æмæ сæрыс- тыр у Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артист, кавказаг кæф- тыты дæсны, Хуссар Ирысто- ны драмтеатры фыццаг ре- жиссер, Грузфилармонийы ди- ректор, Азербайджаны пад- дзахадон театры директор, «Кады нысан»-ы орденхæссæг Хетæгкаты Владимирæй. XX æнусы фыццаг æрдæ- джы ирвæдæны цы курди- атджын фæлтæр фæзындис, уыдоны ’хсæн бæрæгæй рарттывта Владимир, куыд стыр курдиаты хицау, аивады стыр фантази кæмæ ра- зынд, ахæм адæймагæй. Ирон национ культурæйы рæзт, сæйраджыдæр, йæ тыхы бацыд 1930 азтæй. Уæд егъау уыд сæ нымæц, наци- он культурæйы рæзтмæ йæ хъус чи æрдардта, уыдонæн. Уыдонæй иу уыдис Владимир. Куыд аивады кусæг æмæ куыд адæймаг, афтæ Влади- мирæн æмбал нæ уыд. Уарзта куыст, бирæ домдта йæхи- цæй, домдта, кæимæ куыста, уыдонæй дæр. Гæдиаты Секъайы загъдау, бон нæ бадт, æхсæв нæ хуыс- сыд, Ирыстоны къуымты зылд, йæ къахыл æвæрдта наци- он хореографион аивад, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Æрдхæрæйнаг уыдысты Хетæгкаты Владимиры царды азтæ. Райгуырдис Цъунары хъæуы 15 февралы 85
1902 азы. Йæ фыд Михакъа æмæ йæ мад Аннæ уыдысты ахуыргæнджытæ. Михакъа 1905-1907 азты революци йæ иу-вæрсты нæ ауагъта, райста дзы активон хайад. Уый тыххæй хаст æрцыд Сыбырмæ. Сыбырæй æрыздæхт 1909 азы. 1910 азы æрцард йæ бинонтимæ Тбилисы. Бирæ би- нонты хицау уыд Михакъа, фæлæ уæддæр ныййарджытæ сæ тыхтæ лæвæрдтой уымæ, цæмæй сæ зæнæгæн ахуыр- дзинад радтой. Уый сæ къухы æфтгæ дæр бакодта, кæд зын уавæрты цардысты, уæддæр. Владимир ахуырмæ разынд æвзыгъд. 1912 азы ба- цыд Тбилисы нæлгоймæгты æртыккæгæм гимназмæ. Каст æй фæцис 1920 азы. Уæдæй бауарзта Владимир кафт, хореографион аивад, цыдис, Зубаловы номыл адæ- мон сфæлдыстады хæдзары цы ирон драмкъорд уыд, уырдæм. Иууыл фылдæр уарзта, спектаклты фæстæ-иу дзы цы ирон кæфтытæ уыд, уыдон. Ирон кæлæнгæнæг кæфтыты уæдæй бауарзта, уæд айвæзта йæ рæсугъд бæрзонд уæнгты, уæдæй снывонд кодта йæ цард каф- тæн, хореографион аивадæн, кавказаг кæфтытæн. Хетæджы фыртыл йæ гимназы азтæ тынг фæзындыс- ты, бирæ конкурсты райста хайад, йæ ахуыры фæудмæ ссис цæвиттойнаг кафæг. 1921 азы æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыд- та горæты Культурæйы хæдзары директорæй. Уæдæй райдыдта йе ’хсæнадон куыст. Уым уал сывæллæттæн байгом кодта кафты студи. Фæлæ Владимирæн уæддæр йæ зæрдæ дзырдта йæ дарддæры ахуыримæ, æмæ 1923 азы бацыд ахуырмæ Мæскуыйы паддзахадон институты кинематографийы хайадмæ. Ныр цардмæ æндæр цæстæй акаст Владимир, уым дæр йæ кафты хъуыддаг дарддæр кодта. Уыцы рæс- тæджы Мæскуыйы цыд хъæууон хæдзарады равдыст. Уыд дзы стыр концерт, ирон кæфтытæ дзы æххæст код- та Владимир. Уыцы концерты уыдис уæды æддагон хъуыддæгты министр Чичерин дæр. Уый лæгæй-лæгмæ базонгæ Владимиримæ, фæкодта йын бирæ арфæтæ. 86
Уæд ма Мæскуыйы Стыр театры уыд егъау концерт Советон Цæдисы нациты минæвæрттæн. Хайад дзы ис- той 64 нацийы минæвары. Уым дæр та цъунайраг лæппу æвдыста йæ арæхстдзинад æмæ дзы æрцахста фыццаг бынат. Æххæст дзы кодта «Шамилы кафт» æмæ «Лез- гинкæ». Фыстой йыл уæды газеттæ «Правда» æмæ «Из- вестия». «Йæ кафты зынд, Шамиль-хæстон, хæххон, хъæбатыр, уæндон, фердæхтджын, сæрибаруарзаг, æнæбафидаугæ кæй уыд знагимæ», - фыста газет «Известия». Мæскуыйы ахуыры азтæ бирæ радтой Владимирæн. Уым базонгæ бæстондæр кафты дунеимæ. Арæх æмбæлд партион æмæ паддзахадон кусджытимæ. Хорз зонгæ уыд А. Луначарскиимæ, Качаловимæ, хъуыста-иу, куыд кастысты се ’мдзæвгæтæ Есенин æмæ Маяковский. Институт Владимир каст фæцис 1928 азы. Уæд ны- сан æрцыд кинофильм «Зелимхан»-ы режиссеры хæди- вæгæй. Уым фембæлд йе ’рдхæрдтыл. Уыдон тауыдысты уБ.Котиев, Зелимханы ролы хъазæг, Бестауты Ладо (Вла- димир). Зылдысты Зелимханы тыххæй æрмæджытæ агурæг, уыдысты Бакойы. Уым базонгæ сты Таутиаты Барисимæ, кæцы куыста горæты партион организаци- йы комитеты хистæрæй. Уый хъæппæрисæй уым уагъд æрцыд хæххон адæмты кæфтыты конкурс. Сæ цæст æрæвæрдтой уæд Бестауты Ладо æмæ Хетæгкаты Вла- димирыл. Фылдæр кодта Владимиры æхсæнадон куыст дæр. 1930 азы нысан æрцыд Тбилисы кинофикацийы хайа- ды хистæрæй. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Владимир уæд нысан æрцыд театры директорæй, йæ аивадон разамонæгæй. Стыр хæс бакодтой æвзонг лæппуйæн. Бирæ фыдæбон æй бахъуыд. Нæ уыд кадртæ, режиссер, нывгæнæг, бæстыхай, уæлæдарæс. Домаг уыд йæхицæй, домдта йе ’мкусджытæй дæр, æмæ æндидзын райдыдта театр. 87
Фыццаг фæлварæнæн райстой С. Цъеретелийы пьесæ «Тæфсæг». Хъазыдысты дзы Дзæхаты Иван, Дзидздзой- ты Лидия, Цоциты Нинæ. Уый фæстæ æвæрд æрцыд Те- деты Бетрейы пьесæ «Дæластæрдонтæ». Фæстæдæр - Хъуылаты С. «Хъæу фенкъуыст», Брытъиаты Е. «Худина- джы бæсты мæлæт», Цъеретелийы «Ныртæккæ æндæр рæстæджытæ ис» æмæ æндæртæ. Йæ рæзты фæндагыл ныллæууыд ирон аивад, кæрæдзи фæдыл гуырын райдыдтой хæдархайгæ къордтæ, уагъд цыдысты алыхуызон хъазтизæртæ, конкурстæ. Иу конкурсы хайад истой зынгæ ирон кафæг Тъо- тъоты Ясон æмæ Хетæгкаты Владимир. Тынг цыд Вла- димиры зæрдæмæ Ясон, уæлдайдæр-иу «Хонгæ кафт» куы кодта, уæд. Фæлæ уæддæр 1932 азы конкурсы Вла- димир æрцахста фыццаг бынат. Хетæгкаты Владимиры царды ирд фæд ныууагъ- та 1935 аз. Уæд йæ балц уыдис Лондонмæ. Уым цыдис дунейы адæмты кæфтыты конкурс. Владимирæн йæ бæрны уыд гуырдзиаг кæфтыты ансамбль. Фестивалы хайад райстой 19 паддзахады, кафджыты нымæц хæццæ кодта минмæ. Советон Цæдисы делегацийы сконды уыд 38 адæйма- джы. Концерттæ цыдысты зынгæ зал - «Альберт Холл»-ы Стырзалы,цырануыд18минбадæны.3ал-иуалыхаттдæр уыд йедзаг, къух бакæнæн дæр-иу дзы нæ уыд. Бирæ фы- ста ацы фестивалыл уæд газет «Таймс» дæр. Адæм сæ цæст æрæвæрдтой гуырдзиаг кæфтыты змæлдыл, уæлайдæр та Владимир æмæ Иликъо Сухишвилийы кæфтытыл. Номхæссæн фæцис уæд Валодя йæ кафтимæ, уый та уыд «Сиргæ кафт». Фыста уыцы хъуыддæгтыл «Заря Восто- ка» дæр. Фестивалы фæуды хорзæхджын æрцыдысты би- рæтæ, фæлæ ам сæрмагонд сыгъзæрин майдантæй Ан- глисы ус-паддзахы къухæй хорзæхджын æрцыдысты уз- бекаг Устам Али æмæ ирон «Лезгинкæ» æххæстгæнæг Хе- тæгкаты Владимир. 88
Сæ цæст æрæвæрдтой Владимирыл Мæскуыйы æмæ Ле- нинграды дæр, Лондонæй æрыздæхгæйæ, цы концерттæ æвдыстой, уыдоныл. 1936 азы Хетæгкаты Владимир нысан æрцыд облæх- хæсткомы аивæдты хайады хистæрæй. Уыцы аз Тбили- сы уагъд цыдис 5-æм республикон Олимпиадæ. Цыбыр рæстæгмæ Владимир бацæттæ кодта 12 кафæг-къæйттæ. Йæ сæйраг тыхтæ радта «Симд» бацæттæ кæнынмæ. Уы- цы къорды уæнгтæ уыдысты: Гаглойты Варя, Зинæ, Аня, Хъуылымбегты Алекси, Плиты Грис, Харебаты Владимир, Джыгкайты Аким æмæ Мария, Андиаты Барис, Тыбылты Феня, Цхуырбаты Тамарæ, Хетæгкаты Женя, Къæбулты Гриша æмæ Бигъуылаты Дарья. Гуырдзыстоны сценæмæкæсджытæ уæд дисæн фæ- хастой «Симд». Фыстой сыл уæд газеттæ «Комунисти» æмæ «Заря Востока». Газет «Комунисти» фыста: «Стыр æнтыстдзинæдтæ бафтыд сæ къухты ирæтты кафты ан- самблæн, кæцыйæн къухдариуæг кæны Хетæгкаты Вла- димир. Тынг диссаг у ирон адæмон кафт «Симд». Владимир канд Ирыстоны нæ кодта йе сфæлдыстадон архайд, кæфтытæ æвæрынмæ-иу æй фæхуыдтой Дагъыс- танмæ, Абхазмæ, Азербайджанмæ. Уыдис Цæгат æмæ Фæс- кавказы ансамблтæн активон æххуысгæнæг. 1937 азы Гуырдзыстон йæхи цæттæ кодта Мæскуыйы гуырдзиаг аивад æмæ литературæйы декадæмæ. Сæ ба- цæттæ кæнын хæсгонд æрцыд Владимирæн. Уæд сын сæвæрдта нæ «Симд», кæцыйы фæстæдæр сæхи хонын райдыдтой. Мæскуыйы се ’нтыстытæ егъау уыдысты. Уæд Влади- мирæн лæвæрд æрцыд «Кады нысан»-ы орден. 1957 азы уыдис Хуссар Ирыстоны аивад æмæ лите- ратурæйы декадæ Тбилисы. Стыр æнтыстытæ уыд уым Хуссар Ирæн. Хайад дзы райстой Гуырдзыстоны сгуыхт артист Дзаттиаты Уакка æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæболты Къоста. Кæронбæттæн концерты хай- 89
ад иста Владимир йæхæдæг дæр. Уæд тбилисæгтæ фед- той Владимиры къах-къухтыл кафт, æххæст æй кодтой Тедеты Г. æмæ Зæгъойты чызг. Декадæйы фæстæ Гуырдзыстоны Сæйраг Советы уынаффæмæ гæсгæ Хетæгкаты Владимирæн лæвæрд æрцыд кадджын ном - Гуырдзыстоны ССР сгуыхт ар- тист. Куыд Ирыстонæн йæхи мидæг, афтæ Мæскуыйы дæр егъау аргъ кодтой æмæ кæнынц Владимирæн, йæ арæхст- дзинæдтæн, йæ ирон удыгъæд æмæ лæгдзинæдтæн. 1925 азы октябры мæйы, газет «Правда»-йы Л. Сос- новский фыста: «Хетæджы фырты кафт у симфони. Бæ- рæг у зынгæ кафджытæ стæхынц хæхтæй, куыд цæргæс, кæцыйæн йæ буары алы нуар дæр цæгъды рæсугъд- дзинады гимн». 1927 азы «Вечерняя Москва» фыста: «Тынг аив æмæ рæсугъд уыдысты уыцы хæххон кæфтытæ, кæцыты æх- хæст кодта Хетæджы фырт». Æвæдза, цас у йæ бон иу лæгæн! Цас бантыст Влади- мирæн саразын, бакæнын, бабæстон кæнын ирон аивады къæбицы дæр æмæ Кавказы цæрæг адæмты къæбицты дæр. Уый уыдис æнæкæрон хъаруйы хицау. Адæм сæ аи- вад, сæ культурæ, се ’взаг æмæ се ’гъдæуттæй адæм сты. Уыдоныл хорзæрдæм йæ уд хъардта Владимир, рыг аба- дын дæр сыл никуы бауагъта. Владимир ирон лæджы ном, хъару æмæ удыгъæд ба- зонын кодта Лондоны, Мæскуыйы, Петербурджы, Тби- лисы, Бакойы, Налцыччы, Грознæйы, Махачкалайы æмæ бирæ æндæр горæтты цæрджытæн. Владимиры фæдзæхст уыдис: ирон лæджы кад, ном, хъæбатырдзинад æмæ арæхстдзинад дæлæмæ макуы уадзут. Уыд ахæм адæймаг, национ аивадæн стыр лæг- гад чи бакодта.
ДЗÆХАЙЫ ФЫРТÆМÆ НÆ ТЕАТР Ирыстоны хæхты æмæ кæмтты адæм æмызмæлд куы кодтой, адæмæй дзы къух бакæнæн куынæ уыд, уæд сæхи амондджын хуыдтой, кæд дзы мæгуырдзинады дуг æлдариуæг кодта, уæддæр афтæ дзырдтам, Гæдиаты Секъайы загъдау, цард дзы цæджджинагау фыхт, зæгъ- гæ. Фыхтис, уымæн æмæ дзы адæм уыд, фыхтис, уымæн æмæ хæхбæсты цард тох уыд, хуымы гæппæлтæ агуринаг уыдысты, сæрвæттыл куынæ дзурæм, уæд. Уыцы хæххон хъæутæй иу у Къоб, йæ иу хай та хуый- ны Базилæны хъæу. Къоб йе ’рдзон уавæртæм гæсгæ бæл- лиццаг ницæмæй уыд, йæхи бынаты зæхх нæй, æнæбары картофы хуымтæ куынæ нымайæм, уæд. Сæ хосгарст, сæ сæрвæттæ дард сты хъæу Ухатæй райдайгæйæ. Къоб комы хъæлæсы æрæнцад. Цæргæ-цæрæнбонты ууылты цæуы Æфсæдцон-гуырдзиаг фæндаг, ууылты уыд сæ фæндаг Тырсыгомы адæмæн, ууылть1 уыд сæ фæндаг æнæхъæн Урстуалгомæн Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ. Къобыл арæх цыдысты Цъалагом дæр, кæд сæ сæйраг фæндаг Уæлладжыры комыл уыдис, уæддæр. Уыдæттæ дзурæг сты иу стыр хъуыддагыл: Къоб кæд- дæриддæр сæ уазæджы истой, сæ уазæджы æгадæй ни- куы аздæхтой. Къобыл, Ирыстоны кæцыдæр хъæутау, уазæгсуры ном никуы сбадтис. 91
Къобыл уыд сæ фæндаг Грибоедовæн, Пушкинæн, Кю- хельбекерæн, Лермонтовæн, Одоевскийæн, Купринæн, Горькийæн, Фадеевæн, Барбюсæн, Серафимовичæн, Мая- ковскийæн, Къостайæн, Секъайæн, Цомахъхъæн æмæ бирæ æндæртæн, чи сæ банымайдзæн кæронмæ. Къоб йæ цытджын бæлццæттæн дæр æмæ Ирысто- нæндæркадджынхъæуылнымадуцæргæ-цæрæнбонты. Къобæй рацæугæ фæсивæд уыдысты æмæ сты абон дæр кады аккаг. Къобы сæрмæ сыгъзæрин дамгъæтæй хъуа- мæ фыст æрцæуид «Сыгъзæрин фест, Къоб» - Абайты Васойы, Кобылты Сергейы, диссаджы дохтыртæ, ин- женертæ, зонадон кусджытæ, зынгæ æхсæнадон æмæ ирон аивады зæрингуырдты чи радта. Къоб абон сфæлахс, йæ адæм аивылдысты быдырмæ, фæлæ уæддæр æдзæрæг нæу. Къоб йæ лæггады хай кæны йæ бирæ бæлццæттæн. Къоб ирон лæджы фарн дæлæмæ нæ уадзы. Къобы курдиатджын фæлтæр кæй гуырд, уый стыр æххуыс уыд Хуссар Ирæн дæр, уæлдайдæр та нæ театр æмæ нæ ансамбль цæмæй сæ къахыл слæууыдаиккой, уыцы хъуыддаджы. Дзæхаты Дзæбидыры Ирыстоны Хуссар хай зыдтой 1931 азæй суанг йæ амæлæты бонмæ, 1964 азмæ, куыд диссаджы актер, йæ адæмы уарзон æмæ æнувыд адæй- маг, афтæ. Хуссар Ирыстоны драмтеатр байгом 1931 азы. Раст- дæр нæм уæд фæзынд Дзæхайы фырт. Фæзынд нæм ахæм рæстæджы, театры йæ къахыл æвæрын куы хъуыд, те- атр æххуысхъуаг куы уыд. Дзæбидыр уæд Къобæй сираг бæхыл не ’рцыд, уæдмæ зын æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд, æмæ уыдон та сты ракойы аккаг, цæмæй абоны фæлтæр зоной сæ хистæрты царды фæндæгтæ, нæ театры историон фæндаг, нæ театры бындурæвæрджыты. Уы- цы бындурæвæрджытæй та иу уыдис къобаг - Базилæны хъæуккаг Дзæхаты Афанасы фырт Дзæбидыр. 92
Дзæбидыр райгуырдис Къобы зылды Базилæны хъæ- уы 1887 азы мæгуыр æнæзæхх лæджы хæдзары. Уæззау уыдысты Афанасы царды уавæртæ, зын уыд Къобы уæзæгыл бинонтæ дарын. Зæхх адæмы дарæг у, æмæ уымæй та Къоб хъуаг уыдысты. Зын царды уа- вæртæ фæхауæккаг кодтой æвзонг Дзæбидыры йæ рай- гуырæн хъæу Базилæнæй. 8-аздзыдæй араст Дзæби- дыр цардагурæджы фæндагыл, ахауд Тбилисмæ йæ хæс- тæджытæм æмæ йæ уыдон бафтыдтой къæбæр ссары- ны фæндагыл. Дзæбидыры æвзонджы бонтыл цæст куы ахæссай, уæд зæрдыл кæддæриддæр æрлæууынц Секъайы ны- хæстæ, сабион бонтæ: Кæмæн-иу - дондзау, Кæмæн - сугсæттæг, Кæмæн - æргъомдзау, Кæмæн - дурдæттæг. Йæ хæстæджыты руаджы 1895 азы Дзæбидыр ссис Тбилисы дуканитæй иуы цумайы лæппу, йæ фысым уыдис бонджын Азизов. Фæкуыста йæм цалдæр азы. Куыстæй нæ фæллад, бæллицтæ йæм дзæвгар уыд, фæлæ уыдоны ’хсæн иууыл егъаудæр уыд ахуырмæ бацæуын. Хæрз цъус ацахуыр кодта Тбилисы сахары ахуыргæнæндоны, фæлæ йæ кæронмæ каст нæ фæцис йæ мæгуыр уавæрты тыххæй. Ныууагъта йæ ахуыр бынтондæр 1899 азы. Цард агургæйæ у, æмæ йæ агуырдта Дзæбидыр дæр. Схъеллауаг куыст агургæйæ, цынæ куыстмæ нæ фæ- кодта йæ къух, цынæ куыстыл нæ бафæлвæрдта йæ хъа- рутæ, фæлæ цард нæ ардта. Цард цыдис йæ фæрсты, æмæ дзы Дзæбидырмæ хаудта маамæлайы къæбæр. Дзæбидыры дуджы цард цæджджинагау æнхъæвзт, бирæ ивындзинæдтæ дзы цыд, æмæ уыдæтты йæ хъусы фæрсты нæ уагъта. 1905-1907 азты революци куыд бамбæрста, уый 93
бæлвырдæй нæ зонæм, фæлæ 1909-1915 азты сахар Тби- лисы болыневикон прокламацитæ парахатгæнæг кæй уыд, уый бæлвырд у. Бæлвырд у уый дæр, æмæ 1918 азы хайад кæй иста Душеты районы зæхкусджыты растады. Дзæхаты Дзæбидыр бирæ уарзта йæ адæмы, йæ ма- дæлон æвзаг, фыдæлты рæсугъд æгъдæутты æмæ сыл рыг абадын никуы бауагъта. Аив ныхас йæ удыйас уарз- та, фæлæ йыл кæм бакуыстаид, кæцæй йæ рарттивын кодтаид, уымæн фæндæгтæ нæ ардта. «Чи цы фæагуры, уый ссары» - зæгъы ирон æмби- сонд. Йæ хъустыл æрцыд, кæй райдыдтой Тбилисы ирон драмкъорд аразын. Уый та уыдис 1906 азы Зубаловы Адæмон хæдзары. Ам ирон драмон къорд сценæйыл цы пьесæтæ æвæрдта, уыцы спектаклты активон хайад исын райдыдта Дзæбидыр. Ам базонгæ Дзаттиаты Сонаимæ, Алыксандр, Тома æмæ Пъаулеимæ. Уыдæттæ та дзурæг сты, Дзæбидыр кæй уыд, ирон те- атр фыццаг хатт аразын чи райдыдта, уыцы фæлтæрæй. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Сæххæст ирон адæмы егъау бæллиц, байгом сты æцæг театры дуæрттæ, йæ къæсæрæй бахызтысты цæт- тæ профессионалон актертæ. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ цалынмæ про- фессионалон театр нæ байгом, уæдмæ Цхинвалы куы- ста драмкъорд, кæцы сындæггай бындур æвæрдта æцæг театрæн. Уыцы къорды уæнгтæ уыдысты: Дзаттиаты Со- на, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Хъæцмæзты Илья (Кавказаг), Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Гуыбиаты Георги, Цоциты Нинæ, Хуы- былты Гриша, Кокойты Тæтæрхъан æмæ æндæртæ. Бирæ цæлхдуртæ уыд ног театры раз. Кæд уæлдæр ра- нымад адæймæгтæ стыр ныфс уыдысты, уæддæр театр æмбæрста, кæй хъæуы ног фæлтæр, кæцыйæн хъæуы теа- тралон ахуырдзинад раттын. Æмæ уый дæр сæ къухты баф- тыд. Театр куыста, архайдта, уæдмæ йæм, 1935 азы, Тбили- 94
сы Ш. Руставелийы театры студийы чи ахуыр кодта, уы- дон æрбаздæхтысты, æмæ уæд бæрæг фæтыхджындæр театры коллектив. Цæмæй театр схотыхджын уыдаид, уый тыххæй 1936 азы ног фæлтæр æрвыст æрцыд Ленинградмæ Остров- скийы номыл паддзахадон театралон институтмæ. Уæлдæр театралон ахуырдзинад чи райста, уыдон уы- дысты: Багаты Федыр, Гаглойты Зинæ, Гаглойты Варя, Гæззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Та- угазты Гаврил, Тедеты Андрей, Тедеты В., Къæбулты Гри- ша, Хъайырты Владимир, Магкоты Наташæ, Мæргъиты Сослан, Мæхъиты Владимир, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Залихан æмæ Цоциты Нинæ. Ацы хъомысджын фæсивæды ’хсæн кæддæриддæр уæхскуæзæй куыста Дзæхаты Дзæбидыр. Дзæбидыр нæ театры цæсгомджын куыст фæкодта 1931 азæй суанг сфæлдыстадон улæфт цалынмæ нæ райста, уæдмæ. Куыд актер, афтæ стыр курдиаты хицау уыд. Куыд адæймаг, афтæ та йын æмбал нæ уыд. Сабыр, уæздан, хæларзæрдæ, куырыхон зонды хицау. Йæ ацыд, йе ’рба- цыд дзурæг уыдысты хæдæфсармдзинадыл, ирон лæ- джы уæздан удыхъæдыл. Дзæбидыр уыд ирон æгъдæуттыл хъомыл, ирон теа- тралон аивадæн снывонд кодта йæ царды хуыздæр бонтæ. Нæ театры сценæйыл Дзæбидыр сарæзта 265 фæлгонцæй фылдæр. 1940 азы Тбилисы уыдис ирон литературæ æмæ аива- ды декадæ. Декадæйы рæстæджы цы спектаклтæ æрцыд æвдыст - «Зынг», «Фыййæутты уæтæр», «Дуня», - уыдо- ны се ’ппæты дæр Дзæбидыр хъазыд ахсджиаг рольты. Дзæбидыры егъау курдиатæн уæд аккаг аргъ æрцыд. Уæд Гуырдзыстоны республикæйы аивæдты сгуыхт ар- хайджыты нæмттæ лæвæрд æрцыд Мургулия Викторæн, Тугъанты Махарбегæн æмæ Галаты Барисæн. Гуырдзысто- 95
ны Республикæйы сгуыхт артистты нæмттæ райстой Дзæхаты Дзæбидыр, Цæбиты Нинæ, Саулохты Мухтар æмæ Мамиты Димитр. Алыварсон уыд Дзæбидыры курдиат. Æххæст кодта куыд комедион, афтæ трагикон рольтæ дæр. Цы фæлгонцы бæрны-иу бацыд, уый-иу сæрæй къæхтæм хъуамæ рафæл- гъуыдтаид. Ахæм рольтæ йын сты Ислам (Брытъиаты Е. «Хазби»), Нарты Батрадз (Саулохты М. «Нарты Батрадз»), Тугъан (Саулохты М. «Фыййæутты уæтæр»), Трубодуров (Хетæгкаты Къ. «Дуня»). Дзæбидыр арæхстджынæй хъазыд тæлмацгонд пье- сæты дæр. Уыдон та уыдысты: Рамишвилийы «Авд бо- ны», Войничы «Туджы бæрæгбон», Цагарелийы «Ныры рæстæджытæ æндæр сты», Островскийы «Хъæд», Гого- лы «Ускурын» æмæ æндæртæ. Дзæбидыр рæхстис аив тæлмацы хъуыддагмæ дæр. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Цагарелийы «Ханума», Бердзенишвилийы «Зынг», Шаншиашвилийы «Арсен», Кълдиашвилийы «Хъайтарты фæлтæр» æмæ «Графы идæдз», Шиллеры «Уарзондзинад æмæ фыдæх». Уыдон се ’ппæт дæр æвæрд æрцыдысты ирон сценæйыл. Дзæбидыры лæггæдтæ егъау уыдысты ирон наци- он культурæйæн. Нæ культурæйы артдзæстæй уый йæ удæгасæй æрттывта æцæг дзæбидырæй. Ирон лæг кæй уыд, ирон æгъдау æмæ аив дзырды дæсны кæй уыд, цæстуарзонæй йæ адæмы аивадæн кæй лæггад кодта, уымæй сæрыстыр уыд кæмдæриддæр. Дзæбидыр не ’хсæнæй фæхъуыд 1964 азы, 77-аздзы- дæй, уыдонæй Чъребайы фæцард 33 азы уæздан æмæ хæларæй, йæ адæмы патриотæй.
САНИБАЙАГ ДЖИУÆР Ахæм номимæ фæцардис Цхинвалы ирон сценæйы зæ- рингуырд, Гуырдзыстоны рес- публикæйы сгуыхт артист, ирон аив дзырды дæсны, кур- диатджын актер, дæсны тæл- мацгæнæг, Гуыбиаты Джи- уæрджи Гакайы фырт. Джиуæры лæггæдтæ дар- дыл сты нæ театрæн, нæ те- атрдзаутæн. 1931 азæй, Хуссар Ирыстоны профессионалон те- атры байгомæй, суанг 1966 аз- мæ (йæ амæлæты онг) уыдис æвæллайгæ лæггадгæнæг нæ адæм æмæ нæ театрæн. Гуыбиаты Джиуæр [Григол] райгуырдис 1894 азы Цæгат Ирыстоны, Дæллаг Санибайы, мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Йæ фыд Гака цыбыркъух лæг уыд, цард- агур, куыстагур ахауд туркаг горæт Хъарсмæ. Джиуæр йæ сабион бонтæ уым арвыста. Фараст азы йыл куы сæххæст, уæд фыд ахъуыды кодта йæ лæппуйы сомбоныл, æмбæрста, Хъарсы уый йæ фыртæн ахуырдзинад нæ ратдзæн, æмæ йæ æркодта Ирыстонмæ, барвыста йæ Дзæуджыхъæуы ре- алон ахуыргæнæндонмæ. Фæцис уым 6 къласы каст, йæ ныййарджытæ Хъарсы цардысты, афтæмæй. 1910 азы фыд Джиуæры ногæй акодта Хъарсмæ. Хъар- сы лæвæрдта фæлварæнтæ реалон ахуыргæнæндонмæ, фæлæ сауджынимæ кæй фæхъæлæба, уый йын удæнцой- дзинад нæ лæвæрдта, цалынмæ йæ ахуыр фæуд кодта, 7* 97
уæдмæ. Уый хыгъд уырыссаг бурдзалыг инспекторæн фæадджын, театралон аивад дæр ын уый бауарзын код- та, хайад исын райдыдта драмкъорды, кæцыйæн йæ аразæг уыдис ацы инспектор. Уым æвæрд цыдысты Фонвизины «Недоросль», Пушкины «Борис Годунов», кæцыты Джиуæрджи райста активон хайад. 1913 азы 19-аздзыдæй каст фæцис Хъарсы реалон ахуыргæнæндон. Ныр егъаудæр фарст æрхауд йæхимæ дæр æмæ ныййарджытæм дæр. Цы бакæна дарддæр лæппу? Ныххæцыдысты хорз уынаффæйы фæччийыл, сахуыр кæнæд дарддæр, зæгъгæ. Джиуæр уæд бацыд Новочеркасскы политехникон институтмæ. Уым ахуыргæнгæйæ, лæппу фæцайдагъ бынæттон театрмæ цæуыныл, уым федта профессиона- лон актерты хъазт æмæ уæдæй фæстæмæ театр арф æрбынат кодта йæ зæрдæйы, йæ уд хъардта, цæмæй уыцы актертимæ зонгæ уа лæгæйлæгмæ. Театры адми- нистраторæн йæ хъуыды куы бамбарын кодта, уæд æй райста актертæн æххуысгæнæгæй. Уыцы артисттæ та уыдысты Эспе, Харламов, Покровский, Михайлов. Фæцахуыр кодта Новочеркасскы дыууæ азы, стæй им- периалистон хæстмæ конд æрцыд. Уым федта æбуалгъ нывтæ, тугкæлдтытæ. Фæцис империалистон хæст, Джиуæр сыздæхт сæхимæ, Санибамæ, æмæ райдыдта ахуыргæнæгæй кусын. Уæддæр йæ сæйраг бæллиц уы- дис сценæ, театр. Джиуæры рæстæджы сæ ном хъуыст- гонд уыд Æрыдон, Ольгинск, Алагир, Къоб æмæ æндæр рæтты уæвæг драмкъордтæн. Джиуæр уæд бавдæлд æмæ хъæуы фæсивæдæй са- рæзта драмкъорд. Сæ фыццаг спектаклтæ уыдысты Хъороты Дауыты «Æз нæ уыдтæн - гæды уыди» æмæ Кочысаты Розæйы «Гæды лæг». Уыдонимæ зылдысты Ирыстоны хъæуты, уæд базонгæ зынгæ актер Тотра- ты Бесæимæ. Бесæйы тыххæй афтæ дзырдта: «Бесæйы стыр фæллæйттæн аргъ ничи скæндзæн». 98
Бесæйы руаджы Джиуæр базонгæ Брытъиаты Елбыз- дыхъоимæ, бирæ зонды ныхæстæ дзы бахъуыды кодта, кæд Елбыздыхъо уатон рынчын уыд, уæддæр. Тотраты Бесæ Джиуæры бакодта йæ драмон къорд- мæ, фæкуыста йæм дыууæ азы, уый къухы зынгæ фæ- бæрзонддæр йæ театралон дæсныйад. Фæуæлахиз Октябры революци, æрфидар Советон хицауад, æмæ уæд Гиуæрги кусын райдыдта Дзæуджы- хъæуы фæлхасадон кооперацийы. Уыдта царды стыр ивындзинæдтæ, дуджы змæстытæ, нациты ’хсæн цæугæ фыдракæндтæ, уыдта Гиуæрги, куыд æввахс кодта кол- хозон арæзтады рæстæг. Санибайаг лæппуйы цы сразæнгард кодта Хуссар Ирмæ æрцæуынмæ, уый бæлвырдæй бæрæг нæу Æцæг-иу теа- тралон фæзуаты тезгъогæнгæйæ, афтæ дзырдта: «Мæ туг, мæ фыд - хуссайраг, ме стæг - цæгаттаг». Уый та дзурæг у ууыл, Гуыбатæ, Гуыбиатæ æмæ Губатæ кæй сты иу мыггаг, цардысты Дзомагъгомы бахизæны галиуырдыгæй фарс, сæ хъæу дæр афтæ хуынд - Губаты хъæу Æз ма дзы мæхæдæг æрæййæфтон дыууæ æфсымæры. Сæ иу Дзакко - Ирысто- ны куырыхон лæг, кадæггæнæг, таурæгъгæнæг, ирон фоль- клоры къæбиц; иннæ та - Харшил, комбæсты дзырддзæугæ лæг, нæртон фысым. Уыдон дæр 1946 азы ныууагътой сæ фыды уæзæг æмæ алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ, Тарс- кæйы хъæумæ. Джиуæрджи Хуссар Ирмæ æрцыд 1930 азы, кусын рай- дыдта облколхозцæдисы æмæ зæхкуысты Адæмон ко- миссариаты. Уый уыдис рæстæг, колхозон арæзтад Хус- сар хайы йæ тæмæны куы бацыд. Адæм, фæсивæд, æрдзы сконд æмæ хъæздыгдзинæдтæ тынг цыдысты йæ зæр- дæмæ Джиуæрæн. 1931 аз ирон адæмæн зæрдылдаринаг аз у, уæд нæм стыр цины бæрæгбон уыд. Уæд байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Джиуæрджи уæдмæ хорз зыдта Тбилис æмæ Бакойы ирон драмон къордты куыст. Тынг 99
бацин кодта, Чъребайы театры байгомыл æмæ уайтагъд бацыд кусынмæ уырдæм. Гиуæрги ацы театры фæкуыста 34 азы бæрц, йæ фæ- зындæй суанг 1966 азмæ (Джиуæры амæлæн аз). Теа- тры хабæрттæ зыдта йæ фондз къухы хуызæн, арæх-иу дзырдта йæ мысинæгтæ. Театр байгом С.Цагарелийы пьесæ «Тæфсæг»-æй. «Спектакль сæвæрдта Хетæгкаты Владимир, хъазыдтæн дзы æз дæр», - дзырдта Джиуæр- джи. Театр æвæрдта бындур, куыст бирæ, адæмыл хъуы- ды хъæуы. Уыцы æвæллайгæ зиууæттæй иу уыдис Гуы- биайы фырт. Куыройæн ссинаг хъæуы, театрæн та - пьесæтæ. Нæ уыд пьесæтæ, фылдæр архайдтой тæлмацгонд пьесæтæй. Ахæм уыд уырыссаг æвзагæй тæлмац «Дæластæрдонтæ» («Подполыцики»). Джиуæрмæ дзы æрхауд жандармы роль. Хъарсы йæ ныййарджытимæ куы цард, уæд федта ахæм хицæутты, адæмы фосыл чи нымадта, æфхæрын, æртхъирæнты йедтæмæ чи ницы зыдта. Хæрам уыд ахæм адæймæгтæм æмæ йæ роль дæр уымæн хæрзаив рауад. Егъау æмæ вазыгджын курдиаты хицау уыд Джиуæр- джи. Бирæ куыста, бирæ домдта йæхицæй, хорз зыдта ду- нейы классикон литературæ, драматургийы цæхæркалæг уацмысты, рæхст сæ тæлмац кæнынмæ, уыдис курдиат- джын режиссер, уыд стыр юморы хицау сценæ арф æмæ бæстон чи зыдта, ахæм æвæллайгæ актер. Æрбадт, æрулæфт нæ зыдта, æппæт дæр - театрæн, сценæйæн, нæ адæмæн. Ахæм уыд йæ царды, йæ куысты лозунг. Бæциаты Агуыдз Джиуæрджийы тыххæ?Гафтæ фыссы: «Йæ уаты къæсæрæй куы бахызтæн, уæд мæ цæстыты раз сæвзæрд йæхи хуызæн хуымæтæг, фæлæ бирæ цæуылдæрты дзурæг уавæр. Уаты фылдæр хай ахстой цармæ амад чингуытæ, егъау фыссæн стъолыл фæлдæхтæй лæууыдысты бæзджын чингуытæ, æрдæг- фыст гæххæтты уæлæ лæууыд хуымæтæг ручкæ». Нæ театры фыццаг зиууæттæй уыд Джиуæрджи. Кæимæ куыста, уыдон дæр æхсæв æрхуыст нæ зыдтой, бон нæ бадтысты, театры мæтæй сæхицæн æнцой нæ 100
уардтой. Уыдон та уыдысты: Дзаттиаты Сона; Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Цоциты Нинæ, Хуыбылты Гриша, Кокойты Тæтæрхъан. Стыр амондджыныл нымадта йæхи Джиуæр, Бры- тъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»-йы куы хъазыд, уæд. Уый тыххæй афтæ дзырдта: «Æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ ирон лæгмæ хуыздæр æмæ бæллиццагдæрæй цы ис, уыдон иууылдæр уыдысты Хазбийы зæрдæ æмæ зонды». Джиуæрджийæ рох никуы уыдысты К.С. Ста- ниславскийы ныхæстæ: «Нет маленьких ролей, есть ма- ленькие актеры». 1940 азы театры æвæрд æрцыд Бердзенишвилийы трагеди «Зынг». Джиуæрджи дзы æххæст кодта меньше- викты раздзæуæг Брдзелийы роль. Йæ арæхстдзинадыл дисæй мардысты театрдзаутæ. Æлгъаг уды фæлгонц ра- хаста адæмы размæ æмæ фенын кодта уыдонæн сæ сыр- дон миты, сæ ахаст сæрибаруарзаг адæммæ. Абон Джиуæрджийы фæллæйттыл куы дзурæм, уæд зæгъæн ис, уый махæн ныууагъта стыр сфæлдыстадон бынтæ. Уый уыд нæ профессионалон театр аразджытæй иу. Бантыст ын тыхджын æмæ ирд фæлгæнцтæ саразын не сценæйыл. Уыцы нымæцы: Плиты Гр. «Чермен»-ы - Чермен; Корнейчукы пьесæ «Платон Кречет»-ы - Кре- чет; Хетæгкаты Къостайы «Дуня»-йы - Суйков. Хъазыд Чеховы пьесæтæ «Юбилей», «Арс» æмæ «Æнхъарæн»-ы; Горькийы пьесæ «Царды бын»-ы Сатины ролы; Брытъи- аты Е. «Дыууæ хойы» Касалы фырты ролы; Саулохты М. «Усгур»-Гацийы ролы, Туаты Д. «Аргъау»-ы Пехлеваны ролы. Арæхстджын режиссер кæй уыд, ууыл та дзурæг сты иукъорд пьесæйы, кæцытæ æвæрд æрцыдысты Джиуæры разамындæй нæ театры сценæйыл. Уыдон та сты: Э. Во- йничы «Овод», Беджызаты Чермены «Чи кæй?», Г. Мди- ванийы «Ног цæхæрадон» æмæ «Фыдыбæстæ», Къо- стайы «Дуня», А. Гайдары «Тимур æмæ йæ командæ», 101
А. Островскийы «Æнæ аххосæй аххосджынтæ», Суровы «Сталинградæй дарддæр», Островскийы «Хъæд» æмæ æнд. Куырыхон уыд Джиуæр тæлмац кæныны хъуыдда- джы дæр. Уырыссаг класикон драматургийæ ирон æв- загмæ ратæлмац кодта Островскийы «Æнæ аххосæй ах- хосджынтæ», «Тæрккъæвда», «Хъæд», Войничы «Овод» æмæ æнд. Джиуæр хорз зонгæ уыд йæ рæстæджы зынгæ режис- сертимæ. Уыдон та уыдысты: Магкæты Арсен, Борыхъ- уаты Борис, Брытьиаты Зариффæ, Къæбысты Гриша, Хъайырты Володя æмæ æндæртæ. Раст æй банысан кодтой: «Гуыбиаты Гиуæрги ирон сценæмæ æрбахаста цардбæллон оптимизм, цыргъ æмæ уæнгтæ роггæнæг юмор, сценæйон стыр культурæ. Уыд, аивад иттæг хорз чи зыдта, ахæм». ( «Хуссар Ирыстоны театр», ф.102). Куыд адæймаг, афтæ йæ чъребайæгтæ зыдтой уæздан, хæдæфсарм, æгъдауджын адæймагæй. Йæ саразгæ фæл- гæнцтæ абон дæр рох не сты йæ рæстæджы театрдзау- тæй. Æз дзы хорз хъуыды кæнын Саулохты Мухтары «Ус- гур Гаци»-йы - Гацийы, Туаты Д. «Аргъау»-ы - Пехлеваны, Елбыздыхъойы «Дыууæхойы» - Касалы фырты, Къостайы «Дуня»-йы - Суйковы, Плиты Грисы «Чермен»-ы - Чер- мен æмæ æнд. Куыд хъазыд æмæ сценæмæкæсджытæн цæстæвæрæн куыд фæцис. Чермен æмæ Гацийы абон дæр æрымысынц уæды театрдзаутæ. Гуыбиаты Гиуæргийæн йе ссæдз азы лæггæдты тых- хæй 1951 азы лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Респуб- ликæйы сгуыхт артисты ном. Уый йæ 20 азы лæггæдты тыххæй. Уый хорз хъуыддаг уыд, фæлæ ма уый фæстæ цы цыппæрдæс азы бакуыста, уыдонæн та^цы аргъ æрцыд? Æппындæр ницы! Джиуæры хуызæттæ кæй сценæйыл уыдысты, уыдон тæхудиаджы адæм сты. Адæм стæм, фæлæ уæд нæ къухы цы уыд? Уæд далæ кæйдæрты къухмæ æнхъæлмæ кастыстæм. Искæй къух- мæ æнхъæлмæ кæсын та адæмы раууатмæ кæны. Иу 102
Джиуæрджи куы уыдаид, уæд ыл хъæциккам, фæлæ бирæ уыдысты, сæ хорздзинæдтæн аргъгонд кæмæн не ’рцыд, ахæмтæ. Куыд, зæгъæм: Хетæгкаты Влади- мир, Хъайырты Владимир, Къæбысты Гриша, Дзæхаты Дзæбидыр, Туаты Зураб, Гугкаты Сашæ, Цоциты Нинæ, Таугазты Гаврил, Гаглойты Варя, Мæргъиты Сослан, Пæррæстаты Димитр, Джелдыты Андрей, Медойты За- ретæ, Еналдыты Вахтанг æмæ æндæртæм советон ду- джы æмбæлд адæмон артисты ном, фæлæ мах мæт чи кодта, уæд махæн æхсыд стæг дæр фаг уыд. Гуыбиаты Гиуæрги фæцард 72 азы (амард 1966 азы), уыдонæй нæ театрæн фæлæггад кодта 34 азы. Йæ царды рæсугъддæр бонтæ арвыста не сценæйыл. Бирæ уарзта Чъребайы, Хуссар Иры, Леуахийы хъæлæба, нæ рæсугъд æрдз, нæ суадæтты, нæ суæртты. Нæ уæлдæф нын хуыд- та æвдадзы хос.
ТЕРЧЫ ДОНВÆДЫЛ ЦÆУÆГ Туаты Зураб Ахæм фæндагыл рацыд Къобæй Туаты Зураб. «Рацыд» æнцон зæгъæн у. Цæмæн ра- цыд, йæ фыды уæзæг цæмæн ныууагъта - уыд°н сты цы- мыдисаг, стæй ракойы аккаг дæр. Къоб у ирон адæмæн ра- гон хъæу, уарзон хъæу. Ууылты уыд сæ фæндаг Урстуалгомæн, Сбагомæн цæгатмæ цæугæйæ дæр æмæ хуссармæ здæхгæйæ дæр. Нæртон фысымтæ уыды- сты Къоб, Базилæн æмæ Уха- ты хъæуты цæрджытæ фæллад, фæкæсинаг бæлццæттæн кæддæриддæр. Къоб разагътайы адæймæгтæ радта Ирыс- тонæн Абайты Уасо æмæ Кобылты Сергейæ райдайгæйæ. Къобы дзыхъхъы райгуырд сомбоны зынгæ актер Туаты Зураб дæр 1900 азы æвæрæз ныййарджыты хæ- дзары. Иæ фыд Зураб (фыды ном дæр афтæ хуынд] уы- дис æнæзæхх мæгуыр лæг. Æвзонг лæппумæ æрхауд фыййауы лæдзæг. Йæ бæллицтæ дардыл уыдысты, фæ- лæ уыдонæн Къобы лæнкауы, айнæг къæдзæхты ’хсæн сæххæстгæнæн нæ уыд. Æгæр-мæгуыр, Къобы скъола каст фæуыдаид, уый фадат дæр ын нæ уыд. Арæх-иу дзырдта Зураб йæ сабион дугыл, куыд фехста фыййауы лæдзæг, хæхтæй ратыдта йæхи, ныллæууыд Тер- чы донвæдыл, йæ ных сарæзта быдырмæ æмæ ныххæццæ Архонкæмæ. Уый уыдис 1913 азы. Æртындæсаздзыд лæппу 104
агуырдта царды фæрæзтæ станицæйы, бацыд бонджын лæг Малышевмæ æххуырсты. Цыппар азы йæм фæхырхта, фæлæ йæ цард ницæмæй фæхуыздæр. Ныххæццæ цардагур Зилгæмæ дæр, фæлæ ам дæр æххуырсты цардæй дарддæр ницæуыл фæхæст. Зураб зæронд дугæй рæвдыд нæ баййæфта. Æвзонг лæппу уыдта, цард змæлы, цард æнхъизы, дуджы стыр ивындзинæдтæ цæуы æмæ сæ федта йæхи цæстæй. Фæ- уæлахиз Октябры революци, Цæгат Ирыстоны зæххыл райдыдта мидхæст, инæлар Шкуройы фыдмитæн кæрон нал уыд. Зураб дзы цы хайад райста, уый нæ зонæм, фæлæ сæрибары сæрыл тохтæ æмæ туджы лæсæнты фæндæгтæ кæй уыдта, уый бæлвырд у Фæуæлахиз советон хицауад Цæгат Ирыстоны, Зураб ныууагъта æххуырсты куыст, æрбаздæхт Къобмæ æмæ бавнæлдта зæххы куыстмæ. Йе ’взонджы бонты Зураб куыста йæхиуыл, ахуыр код- та кæсын, фыссыныл, чиныг ссис йæ уарзон æмбал. Ног дугæй Зураб рох нæ уыд. Къобы зылды Зурабы хуызæтты сæр хъуыдис. Ног хицауад фидаркæнинаг уыд, ног дуджы знæгтимæ тох хъуыд. Уыдæтты уыдта æмæ зыдта Зураб. 1924 азæй сси Къобы районы милицийы хицау цыран куыста 1926 азмæ. Уæдмæ Къобы хъæуы арæзт æрцыд зæхкусджыты комитет. Сæрдарæй йын равзæрстой Зура- бы. Хызтис иу куыстæй иннæмæ. 1929 азæй 1933 азмæ куыста базарады хаххыл. Куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты, фæлæ йæ хатыд, цыдæр ын нæ фаг кæны, ха- тыд, ацы куыстытæ зæрдæмæ нæ хъарынц. Тыхстис йæ- хи мидæг, йæ тæхæнтæ йæм фаг нæ кастысты. Къоб рагæй фæстæмæ дæр кафт æмæ зарды къæбиц уыд. Зураб кафынмæ дæр, зарынмæ дæр æвзыгъд уыд, хорз зонгæ уыд Къобы хæдархайгæ драмкъорды хъуыд- дæгтимæ. Зурабмæ фехъуыст, Хуссар Иры 1931 азы профессиона- лон театр кæй байгом ис, уыцы хабар, æмæ 1933 азы æрцыд Цхинвалмæ. Цхинвал ын æнæзонгæ нæ уыд уæдмæ дæр. 105
Гуыбиаты Георгиимæ-иу театры фæзуаты куы тезгъо код- той, уæд зæрдæрухс уыдысты Хуссары уæлдæфæй, йе ’рдзы скондæй, Леуахийы хъæлæбайæ. Уайтагъд кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны паддза- хадон драмон театры актерæй. Зураб æрæййæфта уым фыццаг фæлтæр, бындур чи æвæрдта театрæн, уыдо- ны - Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Са- ша, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Хуыбылты Гриша æмæ Кокойты Тæтæрхъаны. Зураб тагъд рахатыд, æнгом бинонтæм кæй бахауд, уый. Рахатыд уый дæр, курдиатджын фæлтæры ’хсæн кæй æрлæууыд, актеры дæсныйад райсынæн стыр тыхтæ кæй хъæуы. Бавнæлдта уæхскуæзæй йæ куыстмæ, æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадт, куыста йæ рольтыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Зурабæн йе стыр æрдзон курдиат фадат лæвæрдта, цæмæй йæ рольты миддунейы ныгъуылдаид, сæ зæрдæтæм сын ныккастаид. Кæд Зураб ирон сценæмæ рахызт, йæ лæджы кары куы бацыд, уæд, уæддæр театр- дзауты зæрдæтæм фæндаг тагъд ссардта, зæрдæргъæвд лæппу-лæг нæ фæтарст сценæйы зындзинæдтæй. Куы- ста йæхиуыл, кæддæриддæр æм се ’ххуысы къух дардтой Мамиты Димитр, Гуыбиаты Георги, Кокойты Тæтæрхъан æмæ иннæтæ. Тагъд рæстæджы слæууыд Зураб театры курдиатджын фæлтæры æмрæнхъ. Театралон фæзуат Зурабы рæстæджы уыд, æгъдау æмæ ирон æфсарм кæмæ уыд, уыдоны тезгъогæнæн бы- нат. Сахары иннæ цæрджытыл куынæ дзурæм, уæд нæ театры фæзуаты изæрыгæтты тезгъо кодтой Дзæхаты Дзæбидыр, Мамиты Димитр, Туаты Зураб, Гуыбиаты Георги, Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Хъайырты Владимир, Къæбулты Гриша æмæ æндæртæ. Æгъдау, фарн, уæздандзинад æвдисæг уыдысты. Арæх сын хъуыстон сæ диссаджы ныхæстæм студентæй дæр æмæ кусын куы райдыдтон, уæддæр. 1958 азæй театры Хъайырты Владимиры хъæппæ- рисæй байгом театралон студи. Уырдæм цыдыстæм иу- цалдæр студентæй, уæд æввахс базонгæ дæн театры хис- 106
тæр фæлтæримæ, уыцы нымæцы Зурабимæ дæр. Уый уы- дис, ирон лæджы кад æмæ намыс бæрзонд чи æвæрдта, ахæм лæг. Уæздан, хиуылхæцгæ, æнæхин, адæмуарзаг, йæ Ирыстоны сæрыл цырагъау чи тад, ахæм адæймаг. Уыцы стыр хорз миниуджытæ-иу æргомæй разындысты, цы рольтæ-иу æххæст кодта, уыдоны. Уымæн та йæ фыц- цаг æвдисæн уыд Брытъиаты Елбыздыхъойы Ахмæт (пьесæ «Худинаджы бæсты - мæлæт») Ахмæтмæ фæзынд йæ рагон æрдхорд, хицæутты ах- хосæй чи сабырæг, уыцы Хъырым. Куры Ахмæтæй бæх, уый йын бар дæтты йе ’ртæ бæхæй искæцы равзарынæн. Хъырымы хъуыд зæронд лæг Берды бæх, Ахмæт (рæ- гъаугæс уыд) та ууыл не сразы йæ ирон лæджыгъæд хъахъхъæнгæйæ. Зураб-Ахмæт сценæмæкæсджыты зæрдæты баззад куыд ирон лæджы кад, намыс хъахъхъæнæг, æгады бæс- ты кады мæлæтыл хъуыдыгæнæг. Зурабæн уыцы хорз миниуджытæ йæ фыццаг бонæй ра- зындысты мæнæ ахæм рольты: Хъамболат - Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы», Тохти - Саулохты Мухтары драмæ «Бега»-йы, Хадзы - Плиты Грисы трагеди «Чермен»-ы, Хуго - Бердзенишвилийы драмæ «Зынг»-ы æмæ æнд. Ранымадгонд фæлгæнцтæ се ’ппæт дæр удыхъæдæй сты фæзминаг. Æгъдау, фарн, лæгдзинад кæмæ ис, ахæм- тæй сæ рахаста театрдзауты размæ Зураб дæр. Туаты Зураб тынг хорз зыдта йæ адæмы царды æгъ- дæутты. Цы дзы уыд хорзæй, уыдоныл йæ уд хъардта, цы дзы уыд мæгуырауæй, уыдоныл та йæ къух иста. Сценæмæ цы пьесæтæ хаст цыдис Зурабы рæстæджы, уыдоны бæлвырдæй зынд царды рæстдзинад, ирон æгъ- дæутты уæз. Сценæ - царды айдæн. Уырдыгæй рартти- вынц не ’гъдæутты хорздзинæдтæ, ирдæй разынынц кæддæры фæстæзад, æнæуаг митæ. Туайы фырт хорз æмбæрста ирон æгъдæутты уæз æмæ кæддæриддæр хæрам уыд зæронд патриарха- лон æгъдæуттæм. Тынг рæхст æппæрццаг фæлгæнцты миддунемæ ныккæсын. 107
Вазыгджын у Тохы фæлгонц (Туаты Д. драмæ «Хæр- зойты Фатимæт»). Уый у хъæздыг, уæздæттыл нымад, йæ чызг Фатимæты æвæндонæй дæтты моймæ стыр ирæдыл, æрцыд стыр бæллæхтæ, ныккалд туг. Зураб хорз æмбæрста Тохы хуызæтты рæстæг, сæ авналæнты æмæ цардæн цæлхдур, фæсивæдæн знаг кæй уыд. Ууыл афтæ бакуыста Зураб æмæ йæ дисæн хастой. Театры разамынд тагъд рахатыд, Зураб фыдæлты та- лынг къонамæ рухс бауадзынмæ кæй рæхсы, æмæ йын ногæй бабар кодтой Хадзыйы роль (Саулохты М. «Ус- гур»). Кæд Хадзы æмæ Тох кæрæдзийæ хицæн кæнынц, уæддæр сæ цыдæр миниуджытæ иу кæнынц. Уый та у чъындыдзинад, фæллойыл кæрæфдзинад, цардмæ мул- чы цæстæй кæсын. Чъынды, мæрддзæст у Зураб-Хадзы, йæ иунæг фыр- тæн йæ цæст ницы уарзы, æрвиты йæ фидиссаджы кон- дæй. Адæммæ акæсын æй нæ бауагъта, йе ’взонгад ын бампылын кодта, йæ зонд, йæ бæллицты йын райхæлын нæ бауагъта æмæ дæлдзинæгæй, ницæйагæй баззад. Фæлæ уæддæр Гаци æмбары, йæ фыд мæрддзæст кæй у, йæ фæллæйттæм бавналгæйæ зыр-зыр кæй кæны. Зураб иттæг арæхстджынæй æххæст кодта Хадзыйы роль, бафæрæзта театрдзауты размæ ирон лæджы мæ- гуырау миниуджыты æмæ патриархалон æгъдæутты æгуыдзæг фæзындты рахæссын. Чъынды лæджы фæл- гонцегъаубынатахсынæлитературæйы.Йæхирдыгонау æй сфæлдыста Мухтар, Хадзыйы удыхъæды миниуджы- ты та бæстон рахатыд Зураб. Ноджы вазыгджындæр уыд Зурабæн Агоры фæлгонц (Саулохты М. «Фыййæутты уæтæр»). Уый у хъæууон ку- лак. Фæцис йæ рæстæг, æрæййæфта йæ ног дуг, фæцу- дыдта йæ бындур, ног рæстæг ын афæлдæхта йæ цар- ды гæнах. Бамбæрста, æргомæй тохгæнæн нæй, ног цар- ды ныхмæ архайын хъæуы сусæгæй. Агор у хин æмæ кæлæн, æмбæхсы йæ зæрдæйы сау хъуыдытæ. Зураб нык- каст уый миддунемæ дæр æмæ театрдзауты размæ раха- ста кæддæры тугцъиры æмæ абоны ног царды знаджы 108
фæлгонц. Зурабы фæстæ ацы фæлгонц æнтысджынæй æххæст кодта Мамиты Димитр. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, куыд æххæст кодта Зураб Сомовы фæлгонц (Хетæгкаты Къ. «Дуня»). Сомов кæд ирон æхсæнады фæл- гæнцтæй нæ уыд, уæддæр Зураб бафæрæзта рæгъмæ рахæссын уырыссаг бонджын лæджы фæлгонц. Туаты Зураб арæхстджын уыд комикон рольты хъа- зынмæ дæр. Цæстæвæрæн фæцис, Сырдоны ролы куы хъазыд, уæд (Саулохты М. «Нарты Батрадз»). Сырдон - хин æмæ кæлæн, Сырдон - дзырдарæхст, æрхъуыдыджын. Йæ митæ, йе ’ууæлтæ йын бæстон зыдта Зураб æмæ сæ сарæзта сценæйыл. Зурабы арæхстдзинадыл, йæ актерон дæсныйадыл дзурæг сты мæнæ ахæм фæлгæнцтæ-рольтæ дæр: Цага- релийы пьесæ «Сыбыраг»-ы - Сыбыраг; Горькийы пьесæ «Царды бын»-ы - Лука; Ф.Шиллеры пьесæ «Уарзондзи- над æмæ налатдзинад»-ы - Солтанбег; Хацырты Сергейы «Дудар æмæ йæ хæлæртты» - Хъазбег æмæ æнд. Туаты Зураб, йæхиуыл бирæ чи куыста, ахæм адæймаг уыд. Кодта сфæлдыстадон куыст дæр. Фыста радзырдтæ, таурæгътæ, баснитæ, пьесæтæ. Йæ рæстæджы нæ театры сценæйыл æвæрд æрцыд Туайы фырты пьесæ «Мисурæт». Хорз фæндаг ссардта театрдзауты зæрдæтæм. Рацыд ын уацмысты æмбырдгонд дæр ахæм номимæ - «Æхсæр- фарсы цъыччытæ», зæгъгæ. Кæронбæттæны зæгъын хъæуы: Зурабы лæггæдтæ дзæвгар сты, нæ театры сценæйыл фæкуыста 20 азы. Йæ рæстæджы Зурабæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны респубикæйы сгуыхт артисты ном. Хорзæхджын æрцыд майдантæй, кады грамотæтæй. Уæд уымæй уæлдæр хорзæх нæ хаудта нæ театрмæ, нæ актертæм.
ЙÆ ЦАРД ТЕАТРÆН УЫД НЫВОНД Цоциты Нинæ Ирыстоны зæххы равæрд рæ- сугъддзинадæй хъæстаг нæу. Нæ диссаджы хæхтæ, не ’ртти- ваг цъититæ, æгæрон æмæ æгæндон хъæдтæ, рæсугъд уыгæрдæнтæ æмæ цъæхбын сæрвæттæ, сыгъзæрины та- гау дардмæ чи æрттивы, уы- цы суæрттæ чындздзон чыз- гау сты рæсугъд фæлыст, лæг сæм кæсынæй не ’фсæды або- ны бон дæр. Рæсугъддзинады нывтæм кæсгæйæ, зæрдæты уазал таг дæр ацæуы. Кæддæры нæр-гæ хъæутæ, кæддæры нæргæ кæмттæ абон баззадысты бирæгътæ, æрсытæн, сычъитæ æмæ сæгуыттæн. Федзæрæг Урстуалгом - Ерма- ны хъæутæ, Гæлыуатæ æмæ Къабузтæ, дыууæ Брытъат, Мидæггаг æмæ Дæллаг Згъуыбир, Цæгаты хъæу, дыууæ Сыбайы, Деметы хъæу, Стыр Дзомагъгом - фараст хъæуы федзæрæг сты. Æдзæрæгæй баззад Урсдзуаргом, бирæ хъæутæ сафтид сты Къуыдаргомы дæр. Ацы рæнхъытæ фыссæг уæлдæр ранымайгæ хъæуты зыдта нæргæ хъæутæй, цард сæ цæджджинагау куы фыхт, уæдæй, саг- сур фæсивæд дзы сæрыстырæй куы змæлыдысты, уыцы рæстæгæй. Йæ уавæр хуыздæр нæу Цхинвал ы районæн дæр. Стæ- нæг сты хъæутæ, ивылынц адæм æндæр рæттæм. Æниу 110
сæ хъуыды иу у, Ирыстоны бæллиц куы сæххæст уа, уæд нæ алчидæр йæ фыды уæзæг бацагурдзæн, зæгъгæ. Абон дзæгъæл цы хъæутæ баззад, уымыты кæддæр ауæдзы сæрыл мæрдтæ цыд. Уымæн фыста зынгæ поэт, прозаик æмæ драматург, «Мæсгуыты бæсты» хицау Бе- джызаты Чермен: «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый цыдис галы аргъмæ, хъуг кæм æрхуыссыдаид, уый та хъуджы аргъмæ». Зæхх адæмы дарæг уыд æмæ у, уымæй хæххон ирон адæм хъуаг уыдысты, кæд хæхты рæсугъддзинадæй хай- джын уыдысты, уæддæр. Диссаг уыдысты Иры хæхтæ æмæ кæмттæ, цы равзаргæ фæсивæд дзы змæлыд, цы куырыхон лæгтæ дзы райгуырд, цæй диссаджы хæдзарон æфсинтæ дзы змæлыд! Абон мæ ныхас у Цхинвалы районы кæмттæй иуыл. Уый у Стыр ком, кæд ахæм нæу, уæддæр цæргæ-цæрæн- бонты уыцы ном хæссы. Уый у Цоциты æгъуыстаджы хъæу, сæрæн фæсивæд, сæрæнгуырдтæ, хъуытазхъуыр чызджытæ кæцæй цыд, уыцы Стыр ком. Æгъуызаты Иуанейы фæстæ ныхъхъæр Георги Лиах- велийы (Цоциты) ном, куыд рухстауæг æмæ стыр ахуыр- гонд лæг; кæуылты уыд зынгæ математик Цоциты Фе- дяйы лæггад нæ университеты студенттæн, Федяйы кæстæр Темыр - математик, цы стыр ном скодта Цоци- ты мыггагæн, Ирыстонæн адæмон артисткæ Цоциты Нинæ, стæй Вася - Советон Цæдисы Хъайтар. Нинæйы тыххæй нырма рæстмæ загъд ницы æрцыд, афтæмæй йæ фыдæбæттæ æмæ йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ кæуылты уыдысты. Театралон аивадмæ æз хуымæтæг цæстæй никуы кас- тæн, хорз зонгæ уыдтæн æртæ фæлтæримæ дæр. Уы- дон та уыдысты (I фæлтæр) Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Гуыби- аты Георги, Цоциты Нинæ, Хуыбылты Гриша, Кокойты Тæтæрхъан. 111
Хорз зонгæ уыдтæн, Шота Руставелийы номыл те- атры студи каст чи фæцис, уыдонимæ дæр. Уыдон та уыдысты: Багаты Федыр, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Гæззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Хъотайты Владимир, Магкоты Наташæ, Таугазты Гав- рил, Тедеты Андрей, Къæбысты Гриша, Мæргъиты Со- слан, Мæхъиты Владимир, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варя, Цæбиты Залихан, Цоциты Нинæ. Мæскуыйы чи ахуыр кодта, уыдон та уыдысты: Абай- ты Маирбег, Бекъойты Георги, Галуанты Людмилæ, Гойя- ты Нателæ, Гугкаты Евелинæ, Зæгъойты Руслан, Джыгкай- ты Иван, Джиоты Зауыр, Джусойты Хасан, Еналдыты Вах- танг, Цоциты Къæдзæхмæт, Цæбиты Руслан, Тедеты Али- хан, Цхуырбаты Светланæ, Годжыцаты Исахъ, Дзбойты Зоя, Харебаты Федыр, Козаты Павлик, Куымæридтаты Донара, Тыбылты Сæлимæт, Плиты Бекызæ. Уыдонмæ æрбаиу Гæбæраты Дауыт, кæцы каст фæцис Тбилисы Шота Руставелийы номыл театралон институт. Хуссар Ирыстоны театрдзаутæ никуы ферох кæн- дзысты Нинæйы хъæлдзæг хуыз. Нинæйыл афтæ сахуыр сты æмæ йæ Нинæ дæр нал хуыдтой, радтой йын æндæр ном - Мысырхан, зæгъгæ. (Туаты Д. «Пæсæйы фæндон»). Æмæ йæ раст загътой йæ рæстæджы: «Нинæ ныттæмæн калдта æмæ рухсгæнгæ баззад ирон театры арвыл». Нинæйы сфæлдыстадон фæндаг дардыл у, гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд царды дæр æмæ театры сценæйыл дæр. Цоцион уыдис нæ театры бындурæвæрджытæй иу. Ирон театры фидыц уыд Нинæ, йæ фæзынд, йæ ра- хызт-иу базмæлын кодта æппæт сценæмæкæсджыты, цыфæнды ролы хъазыдаид, адæмæн-иу цæстæвæрæн фæцис алы хатт дæр. Цоциты Нинæ райгуырдис 1916 азы уалдзæджы фыц- цаг мæй марты Цхинвалы районы Стыр Комы. Иæ сабион бонтæ дæр уым арвыста. Стыр комæн баззад фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, фарн æмæ æфсарм, уæздандзинад æмæ лæгуарзондзинад, уыдысты Джеры дзуары фæдон- тæ. Уыдæттыл хæст уыд йæ фыд Захар дæр. 112
Æвзонг Нинæ уыдта фарнимæ баст æгъдæутты сæ хæдзары дæр æмæ хъæубæсты дæр. Æрдзæй рахаста цыргъзонддзинад, хъæлдзæг зæрдæйы сконд, кафын- мæ, зарынмæ - æмбисонд, фезмæлынмæ цæрдæг, алцæ- мæ арæхстджын. Ныллæууыд Нинæ ахуыры фæндагыл, ног дуджы уы- лæнтæ йæ хастой сæ уæлныхты. 1923 азы бацыд ахуырмæ Уанаты скъоламæ, цыран фæцахуыр кодта æртæ азы. 1926 азы æрцыд Цхинвалмæ, йæ ахуыр адарддæр код- та фæллойадон скъолайы. Хæдзары фæрæзтæ нæ уыд, æххуыс никуыцæй иста æмæ уый тыххæй йæ ахуыры æмрæнхъ куыста типографийы агъуысты æфснайæгæй. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны драмтеатр. Кæуыл- ты уыдысты уæд Хетæгкаты Владимиры фыдæбæттæ. Агуырдта лæппутæ, чызджытæ, æвæрдта бындур театрæн. Уый æрбакодта уæд æвзонг Нинæйы дæр. Уæды фыццаг коллектив сæ цæст æрæвæрдтой Нинæйы змæлд æмæ арæхстдзинæдтыл. 1934 азы Нинæ æрвыст æрцыд ахуырмæ Тбилисы Рус- тавелийы номыл театры студимæ. Цыдис Цоцион сценæ- йы асинтыл хæрдмæ, æппæрста ахуырмæ йæхи æмæ та 1937 азы ацыд Ленинграды театралон институтмæ, фæцис æй каст иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ 1941 азы. Йæ дипло- мон спектакль уыди М. Горькийы пьесæтæй иу, цыран Цо- цион хъазыд дыджызæ (сывæллонгæс) Федосяйы ролы: «Хуыцау зæгъæд, цæмæй нæ театрæн уа Цоциты Нинæйы хуызæн дыджызæ Федосятæ, ирон театрæн Нинæ куыд ис, афтæ». Ленинграды фæстæ Нинæ йæ цард сæрæй къæхтæм сбаста ирон театримæ, йæ зæрдæйы фæлмæн тæгтæ радта ирон сценæйæн. Хъæлдзæгдзинады цырв уыд Нинæ спектаклты. Бæрæг фылдæр адæм ивылд нæ те- атрмæ, афишæтыл-иу Нинæйы ном куы федтой, уæд. Æмæ йыл раст фыстой: «Уарзынц Нинæйы театрдзау- тæ. Уарзынц æй уымæн, æмæ Нинæ хызт у аивады мæнг- дзинадæй. Йæ аивад удæй, зæрдæйæ хæстæг у театр- дзаутæн. Хатт афтæ дæр фæзыны, цыма Нинæ сценæ- 8* 113
йыл нæ, фæлæ кæмдæр æмгæртты ’хсæн бады æмæ сæ фырхудæгæй бикъскъуыдтæ кæны» («Хуссар Ирыстоны театр».1968. ф. 116) Нинæ бирæ тых бахардз кодта ирон театры сценæ- йыл, дзæвгар æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста йæ роль- тыл кусгæйæ. Хуссар Ирыстоны драмтеатры Нинæ фыццаг хатт ахъазыд Цагарелийы пьесæ «Тæфсæг»-ы. Уый уыдис 1931 азы. Æххæст дзы кодта дæсныйы роль. Цынæ спектаклтæм нæ фæкодта йæ къух Цоцион! Хъа- зыд Хъуылаты С. «Хъæу фенкъуысти»-йы, Цагарелийы «Цы федтай, уый нал фендзынæ»-йы, Гольдонийы «Дыу- уæ хицауы лæггадгæнæг»-ы, Туаты Д. «Пæсæйы фæн- дон»-ы, «Аргъау»-ы æмæ «Мæрдтæйдзæуæг»-ы, Джио- ты Д. «Иликъо»-йы, Гаглойты Вл. «Сыгъзæрин фæткъуы»- йы, «Уарзондзинады кадæг»-ы, Брытъиаты Ел. «Дыууæ хойы», Гæджиты Г. «Нæ усгур алыгъд»-ы, Шартановы «Хадзыгуассæ»-йы, Гуыцмæзты М. «Фыдæлты уæзæг»-ы æмæ бирæ æндæрты. Ранымадгонд пьесæты Нинæ цы сылгоймæгты роль- ты хъазыд, уыдон алыгъуызæттæ сты зондæй дæр, уын- дæй дæр, хъаруйæ дæр. Абоны бон дæр адæмæй нæ рох кæнынц Нинæйы саразгæ фæлгæнцтæ. Уыдон та сты: Мысырхан (Туаты Д. «Пæсæйы фæндон»), Дзего («Мæрд- тæйдзæуæг»), къулбадæгус («Аргъау»), Мусон (Брытьи- аты Е. «Дыууæ хойы»), Сопи æмæ Уардис (Гаглойты В. «Сыгъзæрин фæткъуы» æмæ «Уарзондзинады кадæг»), Хабучъа (Гæджиты Г. «Нæ усгур алыгъд»). Иууыл диссагдæр разынд Цоцион Сопойы роль æх- хæстгæнгæйæ. Гуыцмæзты Михал йæ рæстæджы ныф- фыста, аивадæй æххæст чи уыд, ахæм драмæ, йæ ном - «Фыдæлты уæзæг». Ацы драмæ сценæйыл куы цыд, уæд дæр æмæ абоны бон дæр йæ темæ у актуалон. Æдзæрæг кæнынц хæххон хъæутæ, фесты гæныстон, æрттивынц ма кæддæры сæрыстыр мæсгуытæ, фæлæ сæ бынты цæрæг нал ис. Фыдæлты уæзгуытæ сафтид сты, кæддæр 114
цард цæджджинагау кæм фыхт, уыцы уæзгуытæ хæм- пæлы бын фесты. Уыцы уавæр реалон нывты равдыста Гуыцмæзты Михал йæ драмæйы. Йæ сюжеты уынæм: хъæуы ма баззадысты цыппар зæронд лæджы, цæрынц иунæджытæй. Уыцы хъæуы ма ис иунæг зæронд ус Со- по. Кæрæдзийæн ныфс сты, Сопо сын лæггад кæны, ны- майы сæ æфсымæртыл. Кæуылты у Цоционы арæхстдзинад, зæрæдтæй иу куы амард, уæд уыцы трагеди куыд æввахс айста йæ зæрдæмæ Нина - Сопо, æмæ йæ куыд дырысæй равдыста! Нæ театрдзаутæй абоныбон дæр нæ рох кæны Нинæйы хъазт Мысырханы ролы. Æгæрыстæмæй, адæм ном «Нинæ»-йæ нал пайда кодтой, иууылдæр æй хуыдтой Мысырхан. Нæ сахары иунæг хъæлдзæг изæр дæр никуы ацыд æнæ Цоцион. Ахæм рæстæджы-иу адæмы артæндихтæ фæкодта фырхудæгæй. Нинæ сылгоймæгты æмрæнхъ æххæст кодта нæлгой- мæгты ролтæ дæр. Уыцы арæхстдзинад театрдзаутæ федтой, Нинæ Харитоны (Туаты Д. «Сидзæргæс») роль куы æххæст кодта, уæд. Цоциты Нинæ канд национ спектакльты нæ уыд арæхстджын, цæстæвæрæн фæцис, Гольдонийы, Молье- ры, Горькийы, Островскийы, Цагарелийы пьесæты куы хъазыд, уæд дæр. Мæхæдæг 1955 азæй фæстæмæ тынг хорз зонгæ уыд- тæн Нинæимæ. Нæ алы фембæлд дæр уыдис хъæлдзæг- дзинад æвдисæг. Уыдис хæларзæрдæ, адæмы уарзта æмæ йæ адæм дæр бирæ уарзтой. Театр йæ уд æмæ йæ дзæцц уыд, цингæнаг уыд театрдзаутыл. Йæ бирæ азты цæрæнбонтæй Нинæ ирон сценæйæн схæлар кодта 65 азы. Цоционы лæггæдтæн хицауады ’рдыгæй аккаг аргъ æрцыд. 1957 азы йын лæвæрд æрцыд ГССР-ы сгуыхт артисткæйы ном, 1976 азы та - Гуырдзыстоны адæмон артисткæйы ном. Йæ егъау арæхстдзинæдты тыххæй, ирон сценæйы фидауц кæй уыдис, уыдæтты тыххæй иу æмæ дыууæ хатты не ’рцыд хорзæхджын Кады грамотæтæй.
ХЪАРАДЗАУЫ ФÆДОН Мамиты Димитр Хъарадзау Мамитæй уыд, цардис XVIII æнусы дыккаг æмбисы Нары. Йæ рæстæгмæ гæсгæ, хъуыддаджы балцыты арæх цыд, хуыдтой йæ ахуыр- гонд лæг. Иры минæвæрттæ Петербургмæ куы цыдысты, уæд Хъарадзауы акодтой уы- наффæйы лæгæн, уыд сæ раз- дзог. Уый фæдонтæй уыд нæ адæмон артист Мамиты Ди- митр дæр. Мамийы фырты лæггæдтæ дардыл æмæ æнæкæрон уы- дысты нæ адæмæн, нæ театрæн, ирон театралон аивады рæзтæн. Ирон театры кой куы фæкæнæм, уæд нæ цæстыты раз сыстынц Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Туа- ты Зураб, Гуыбиаты Георги, Цоциты Нинæ, Мамиты Ди- митр æмæ æндæрты сурæттæ, нæ театрæн ном, кад, цыт чи скодта, уыцы куырыхон адæй-мæгтæ. Уыдоны ’хсæнæй бæрæгæй æрттивы Мамиты Димитры рухс цæсгом. Мамитæ Нарæй ралидзгæ сты, иутæ дзы Цъунары æрцардысты, аннæтæ та - Цхинвалмæ æввахс уæлвонг бынаты. Сæ хъæуы схуыдтой Мамиты хъæу. Уым рай- гуырдис Димитр 1909 азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Мæгуыр лæгæн йæ уæныг дæр гал вæййы, æвзонгæй райста фыййауы лæдзæг йæ къухмæ Димитр, хызта сæ хъæуы фос æнæбары мыздыл. 116
Уæззау уыд Димитры дуг, революци æмæ мидхæст æнхъызтысты цæджджинагау, адæм æмбарын байдыд- той, царды хорзæрдæм цыдæр стыр ивындзинæдтæ кæй æрцæудзæн, уый. Уæрæсейы революци фæуæлахиз, анхъæвзта кæрой- наг бæстæтæм. Хуссар Иры расидтæуыд Советон хицау- ад, фæлæ уый 1920 азы Гуырдзыйы меныневикон хицау- ад туджы лæсæнты бын фæкодта. Басыгътой Хуссар Иры, фæтардтой адæмы, ныххафтой сын сæ муртæ. Адæмы бахъуыд Цæгат Ирмæ фæлидзын. Лыгъдысты Мамиты хæдзарвæндагдæр.УыдтаИ-аздзыдДимитрæппæтдæр йæхи цæстæй, цы стыр бæллæхтæ цæуы лидзæг адæмыл. Тыхст бинонтæ сæхи баппæрстой сæ хæстæджытæм Бу- роны (Чълауы хъæуы), фыд Ило байсæфт меньшевик- ты къухæй, мад Нано баззад фондз æнахъом (2 лæппу æмæ 3 чызджы] сабиимæ. Фæуæлахиз ног Советон хи- цауад, адæм здæхын райдыдтой сæ сыгъд æмæ пырх уæзгуытæм. Æрцыд йæ сывæллæттимæ Нано дæр, фæлæ ма цы æрыййæфтой - нал хæдзар, нал царды фæрæзтæ. Ныййарæг мад бамбæрста, зымæджы гом арвы бын кæй баззайдзысты. Фæцыд Нано йæ мадырвадæлтæм Ортъеумæ æххуысагур. Уырдыгæй æрцыдысты цалдæр лæппуйы æмæ сын сарæзтой иу æнæбары къуым. Ди- митр æй хуыдта æнæбары тъогона. Димитр арæх мысыд йæ уæззау сабион бонтæ. 1921- 23 азтæ уыдысты уæззау æмæ æххормаг азтæ, мад тынг фæтыхст æмæ йæ зæнæджы байуæрста хиуæттыл. Дыу- уæйы дзы айстой Принеуы хъæуккæгтæ Плиты Гига æмæ Сино, иуы дзы айстой метъехаг Тадтатæ, иннæ сы- вæллоны айста Тыбылты Мате - цънелисаг. Баззад ма дзы Димитр. Йæхи тыххæй йæ мысинæгты афтæ фыс- сы: «Мæн та радтой гуыбыны хæлцыл иу хъæздыг лæг Пехшвелаты Пепомæ. Бон хызтон фос, æхсæв та уыдтæн куыройгæс. Мæ мад-иу мæ арæх абæрæг кодта. Иу æхсæв бафынæй дæн, куырой ривадæй фæзылд, фæзынд фы- сым, ахъаззаг над баййæфтон лæдзæгæй æмæ уæд æмæ- хсæвæджы фæлыгътæн мæ фысымæй». 117
Мад хорз æмбæрста ахуырдзинады нысаниуæг, Дими- тры тырнындзинæдтæ. Акодта йæ хъæу Чалисубанмæ æмæ йæ уым радта гуырдзиаг скъоламæ. Ахуыр кодта Ди- митр, фæлæ йæ зæрдæ та дзырдта йæ мадæлон æвзагимæ. Мад уый дæр хатыд, балæгъстæ кодта Куымæридтаты Кимайæн (сæ хæстæг уыд), æмæ йæ уый цæттæ кæнын райдыдта. Димитр иуцъус ацахуыр кодта Гуфтайы скъо- лайы. Уый фæстæ ахуырмæ бацыд Цхинвалы зæхкусæг фæсивæды скъоламæ. Уым ахуыргæнæгæй куыста, Хус- сар Ирыстоны хъуыстгонд чи уыд, уыцы Куымæридтаты Кима. Ацы скъолайы фæстæ та каст фæцис Цхинвалы дыууæазон ахуыргæнджыты курсытæ æмæ йæ арвы- стой ахуыргæнæгæй Теделетмæ. Уый уыдис 1928 азы. Æвзонгæй бауарзта Димитр театралон аивад, йæ урок- ты æмрæнхъ бакодта ирон драмкъорд, сæвæрдта дзы ахæм пьесæтæ, куыд: «Тæфсæг», «Уæрæседзау», «Æз нæ уыдтæн - гæды уыди». Димитр йæ мысинæгты зæгъы: «Чызджыты æмгæ- рон нæ уагътой сæ ныййарджытæ æмæ сылгоймæгты рольтæ дæр æххæст кодтам нæхæдæг, лæппутæ». Цæстуарзон куыст кодта Димитр, æппæрстой йæ иу хъæуæй иннæмæ. Куыста Котантойы, Машхарайы, Уана- ты, Сарабучъы. 1931 азы Димитр кусын райдыдта газет «Хурзæрин»-ы редакцийы. Димитрæй рох нæ уыд теа- тралон аивад, уæдмæ байгом нæ театр, æмæ Димитр йæ боны куысты фæстæ изæры та куыста театры. Уый уы- дис нæ театр аразджытæй иу. Димитр йæ мысинæгты зæгъы уый дæр, зæгъгæ, райди- аны театры куыстам лæвар, мызд сын фидын куы райдыд- той, уæд сæ коллективы уыдысты: Дзæхаты Дзæбидыр, Хуыбылты Зауырбег (Гриша), Бекъойты Алыкси, Гуы- биаты Георги, Абайты Клавдя, Бестауты Варя, Джиоты Владимир, Мамиты Димитр, Еналдыты Дауыт, Гаглойты Аким, Елбачиты Граф, Плиты Григол (Гриша). Сценæйы хъуыддæгтæ сын рæвдз кодта Бестауты Гигуц, рухсытæм зилæг уыд Коцты Харзен, сæ режиссер та уыдис Кокой- ты Тæтæрхъан. 118
Димитр ма ракодта ахæм кой дæр: «Нæ театрæн нæ уыд машинæ, не спектаклты хастам хъæутæм, цыдыстæм къахæй. Адæм ныл алы хъæуы дæр æмбæлдысты стыр пинимæ, зонгæ сæ кодтам театралон аивадимæ. Æввахс х\ьæуты цæрджытæ нæм сæхæдæг дæр къахæй цæуын райдыдтой нæ театрмæ». < Дуг размæ цыд, цард театры раз æвæрын райдыдта вазыгджындæр хæстæ, профессионалон цæттæдзинад. Уый райсынæн та хъуыдис уæлдæр ахуырдзинад. Уыцы ахсджиаг фарстыл зæрдиагæй архайдта нæ культу- рæйы министрад. Уыцы бæллиц сæххæст нæ адæмæн. 1936 азы Ленинграды театралон институт йæ дуæрттæ байгом кодта Хуссар Иры фæсивæдæн. Уырдæм цы чызджытæ æмæ лæппутæ æрцыд æрвыст, уыдонимæ уыд Мамиты Димитр дæр. Театралон институт кæронмæ нæ бакаст, дыууæ азы фæстæ фæрынчын æмæ æрыздæхт Цхинвалмæ. Димитры уæд кусынмæ бакодтой облæххæсткомы аивæдты хайады хистæрæй, цыран фæкуыста 1942 азмæ. Уый æмрæстæджы йæ куыст кодта нæ театры сценæйыл дæр. Мамийы фырт алыварсон курдиаты хицау уыд. 1943 азы Димитр нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны радиоко- митеты хистæр редакторæй, куыста нæ ансамблы дæр, æмæ абоны бон дæр йæ зарджыты мелодитæ рох не сты адæмæй, сæ рæстæджы фыст æрцыдысты пластинкæтыл. Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды ансамблы солистæй фæкуыста 1938 азæй суанг 1957 азмæ. Димитрæн уæддæр йæ сæйраг ахстон уыдис нæ драм- театр. Ууыл йæ къух никуы систа, æнувыдæй дзы фæкуыста йæ байгомæй (1931 аз) суанг 1974 азмæ, цалынмæ пен- сийы нæ ацыд, уæдмæ. Йæ фыццаг спектаклтæ уыдысты Хъуылаты С. «Хъæу фенкъуыст», Тандуаты А. «Кулакты цъулбер» æмæ æнд. Мамийы фыртæн ирон сценæйæ йæ ном ныхъхъæр, Хъæсæйы ролы куы хъазыд, уæдæй (Брытъиаты Е. «Хаз- би»). Хъæсæй у Хазбийы æрдхорд, цыфæнды уавæрты дæр кæрæдзи æмбарынц, лæгдзинад, хъару уæздандзинад, æф- 119
сарм сæ дыууæйы туджы дæр иугъуызон фыцынц, раст цы- ма иу мады гуыбынæй рацыдысты. Тынг арæхстджын ра- зынд Димитр Хъæсæйы роль æххæстгæнгæйæ. Адæм ыл сæ цæст æрæвæрдтой, фыстой йыл нæ газеты, дисæн æи хастой не сценæмæ-кæсджытæ, рахуыдтой йæ æцæг ирон хъайтар. , «Хъуамæ раст зæгъæм, адæймаг не ’фсæст уый арæхст; дзинадмæ кæсынæй. Мамийы фырт-Хъæсæй йæхи афт^Ь дардта, афтæ хæрзæгъдау уыдис, æмæ цыма хъуыддаджы рæбинаг цæджындз уый уыди. Йæ азмæлд, йæ фæзылд, йе сныхас, йæ базард - æппæтæй иууылдæр куыд æмбæлы, афтæ. Махмæ гæсгæ, Мамийы фырт у цæттæ артист».1) Пьесæ «Хазби»-йы цалдæр хатты чи федта, ахэ^м та фыста: «Æндæр хъуыддаг уыди йе ’мбал (Хазбийæн), «хъæбатыр куырттатаг» Хъæсæй-Мамийы фыртæн. Ма- мийы фырты мах федтам Хъæсæйы ролы хъазгæ. Цæст æм кæсынæй не ’фсæст. Æгъгъæд уыдзæни, куы зæгъæм: «Хазбийы бæсты централон фигурæ сси Хъæсæй. Уый йæхи куыд дардта, куыд дзырдта, куыд зарыди, йæ фæ- каст, йæ фезмæлд... Куыд ма вæййы уæдæ. Махмæ гæсгæ, хуыздæр Хъæсæй нæ хъæуы».2 Хъæсæй Елбыздыхъойæн Хазбийы æмсæр лæг у, æмæ йæ афтæ æмбæрста Мамийы фырт дæр, ахæмæй йæ ра- хаста адæмы рæгъмæ. Цыдис театралон аивады асинтыл хæрдмæ Димитр. Хъазыд къаннæг ролты. Уыдон та уыдысты Брытъиа- ты Ел. «Амыран»-ы кусæг лæг, Цомахъы «Ос-Бæгъа- тыр»-ы æмæ «Овод»-ы чысыл ролтæ. Уыдоны дæр йæхи арæхстджынæй æвдыста. Театры тых аразæг режиссер у. Ахæм режиссер нын ра- зынд В.И. Мургулия. Нæ театр æй æрбахуыдта кусынмæ 1935 азы. Уый йæ куыст райдыдта Карло Каладзейы пьесæ «Хатидже»-йæ. Спектакль æвæргæйæ уый федта Дзæхаты Дзæбидыры, Дзаттиаты Сонайы, Гугкаты Александрæйы, 1 Газет «Коммунист», 1935» 7 ноябрь. 2 Газет «Коммунист», 1935,13 ноябрь. 120
Гуыбиаты Георгийы æмæ Мамиты Димитры. Æрцыд ахæм хъуыдымæ: ацы курдиатджын артисттимæ цыфæнды ва- зыгджын пьесæйæн дæр ис сæвæрæн. Ацы спектаклы Димитр хъазыд ачъайраг лæппу Дже- малы ролы. Ам дæр та адæм сæ цæст æрæвæрдтой Ди- митры хъазтыл. Хызтис Димитр вазыгджындæр ролтæм. Уыдонæй уал иууыдис Агуыбечыр (Брытъиаты Е. «Дыууæхойы»). Агуыбечыр уыдис цъаммар, фæлывд адæймаг, йæ туг, йе стæджы мулкыл чи уæй кодта, ахæм. Арæхстджын ра- зынд ацы ролы хъазгæйæ Димитр. Вазыгджын спектаклтæ уыдысты Магкæты Алиха- ны «Тохы бонтæ» æмæ Г. Бердзенишвилийы «Зынг». Тынг райгондæй баззадысты нæ театрдзаутæ ацы спек- таклтæ фенгæйæ. «Зынг»-ы дисæн фæхастой Саулохты Мухтары æмæ Мамиты Димитры хъазт. Димитры сфæлдыстады зынгæ бынат æрцахстой ахæм фæлгæнцтæ, кæцытæ дзурæг сты колхозон арæзтады ду- гыл, йæ рæзты æмæ къуылымпыдзинæдты фæндæгтыл. Ахæм спектаклтæуыдысты Саулохты Мухтары «Фыййæут- ты уæтæр» æмæ П. Какабадзейы «Колхозон чындзæхсæв». «Фыййæутты уæтæр»-ы Димитр хъазыд райкомы се- кретарь Джеоры ролы. Пьесæйы арæхстджынæй æвдыст цæуы, куыд рæзынц колхозтæ, адæмы фæрныгад, фæлæ ног дугæн йе знæгтæ кæронмæ сæфт не ’рцыдысты, би- рæгъ уæвгæйæ, скодтой фысдзæрмттæ, баирвæзтысты бынæттæм æмæ архайынц фæллойгæнæг адæмы фæр- ныгад бабын кæныныл. Уыцы знæгты фыййæутты æх- хуысæй раргом кодта партийы иузæрдион хъæбул Джеор. Ам дæр та адæм сæ цæст æрæвæрдтой Димитры хъазтыл. Стыр фæзынд уыд нæ театрæн, йе сценæйыл куы фæ- зынд Саулохты Мухтары драмæ «Нарты Батрадз». Ахæм гуырахстджын уацмысæн стыр тыхтæ хъуыд, æмæ мас- сон сценæтæм хуынд æрцыдис гуырдзиаг коллектив дæр. Ам дæр та сæйраг роль хæсгонд æрцыд Димитрæн. Батрадз-Димитр йæ тыхы сæрты нæ кæсы, у уæздан, 121
хæдæфсарм, хи амонды разæй уый фыццаг бынаты æвæрдта Нарты, адæмы амонд. 1942-1943 театралон сезоны фæзынд Саулохты Мух- тары комеди «Усгур». Ам Димитрæн хæсгонд æрцыд ус- гур Дзантемыры роль. Дзантемыр-Димитр канд уарзон- дзинадыл нæ сагъæс кæны, уымæн йæ масты сæр уыдис, мæгуыр лæгæн зæххыл лæджы бынат кæй нæ уыд, ууыл. Кæуылты уыд йæ хъазт Димитрæн, паддзах Шахму- рады фæлгонц куы æххæст кодта, уæд (Туаты Д. «Ар- гъау»). Цæстæвæрæн фæцис, Даккойы ролы куы хъазыд, уæд (Плиты Гр. трагеди «Чермен»). Дакко-Димитр хорз æмбæрста, Чермен зонд æмæ хъаруйæ æххæст кæй у, Дак- койы хуызæттæй бæрзонддæр кæй лæууы, æгъдау æмæ æфсарм æм фылдæр кæй ис, ууыл фæуæлахиз уæвын зын хъуыддаг кæй у. Уымæн зæгъы йæхицæн: «Ам хинæй сар- хайын хъæуы». Æрдз цыдæриддæр цъаммардзинадæй сфæлдыста - мæнгарддзинад, æлгъагдзинад, æнæраст уарзондзинад - се ’ппæт дæр уыдысты Даккомæ æмæ сæ арæхстджынæй æххæст кодта Димитр. Хъазыд Димитр æлдар Уанойы ролы дæр (Джиоты Д. «Пухаты Иликъо»). Уано-Димитр уыд адæмы æфхæрæг, зыд æмæ кæрæф адæймаг, къуымых зонды хицау. Ди- митр æппæт фæрæзтæй Уанойы удыхъæд адæмы размæ рахæссын бафæрæзта. Хъазыд Димитр Бобайы ролы дæр (Джусойты Н. трагеди «Азау æмæ Таймураз»). Бо- ба - мæнгард лæг, фæсайдта йæ ныхас, мулк, фæллойы тыххæй йæ иунæг хъæбул Азауы ныууæй кодта стыр ирæдыл, ныккалд туг, йæ чызг та цардæй ницы фед- та. Димитр арф хъуыдыты аныгъуылд ацы фæлгонцыл кусгæйæ, Бобайы удыгъæд, йæ мæнгард митæ йын ра- хаста адæмы размæ, æмæ йæм адæм дæр акастысты фыдæхы цæстæй. Кæуылты уыд йæ архайд, йе змæлд Димитрæн, куы æххæст кодта Темболы роль, уæд (Туаты Д «Сидзæргæс»). Тембол царды исбонæй цух уыд, адæймагдзинадæй та æххæст. Уыдта йæ сыхаг сидзæргæс Зорианы фыдæбæт- 122
тæ, уыдта Амырхан йæхи хуызæттимæ куыд сфæнд код- та сидзæргæс усы фесафын. Уыдта æппæт дæр æмæ йын æххуыс кодта, йæ бон цы уыд, уымæй. Боба-Димитр сценæйыл дæр ахæмæй разынд, тынг арæхстджынæй равдыста йæхи Димитр ацы ролы хъазгæйæ. Йæ рæс- тæджы периодикон мыхуыр раст аргъ скодта Димитры арæхстдзинæдтæн: «Темболы роль тынг уæздан æмæ нывæфтыдæй сæххæст кодта ГССР адæмон артист Мамиты Димитр. Уымæн йæ алы фезмæлд, йе сныхас у хуымæтæг, æнæуæлдай митæй, царды æцæгæй куыд вæййы, афтæ».1 1957 азы Тбилисы уыд ирон литературæ æмæ аива- ды декадæ. Сæ репертуары цы цалдæр спектаклы уыд, уыдонæй иууыл тынгдæр сæ цæст æрæвæрдтой Га- глойты В. пьесæ «Зæлинæ»-йыл. Уыцы спектаклы Ди- митр хъазыд Уасджейы ролы. Цæстæвæрæн фæцис Ди- митр Гуырдзыстоны театрдзауты раз. Гуырдзыстоны Культурæйы министрады аивæдты хъуыддæгты сæргъ- лæууæг Купрадзе афтæ фыста: «В спектакле «Залина» блестящие способности выявил исполнитель роли Уас- дже Д. Мамиев. Его Уасдже - вероломный и вредный для общества человек. Артист ни на минуту не стара- ется передать образ преступника обнаженно или каки- ми-нибудь внешними признаками. Непосредственность, естестственность и уверенность дают возможность ар- тисту создать истинно незабываемый образ».2 Гуырдзиаг режиссер Т. Кандинашвили дæр загъта йæ ныхас Уасдже-Димитры тыххæй: «Художественный такт уберег замечательного артиста Д. Мамиева, он не разо- блачает себя с первого же появления на сцене. Уасдже - Д. Мамиев как будто бы и не так уж плох. Он обладает природным юмором, он хитер, как всякий враг. Он ве- сельчак, этот Уасдже! Он то напевает вполголоса, что не мешает ему в то же время обдумать свои грязные дела, то на людях поет во весь голос, чтобы все видели, что он, Уасдже, честный человек и ему незачем грустить. Надол- 1 Газет «Коммунист», 1954, !4 декабрь. -* Газета «Заря «Востока», 1957» 21 марта. 123
го запомнят зрители Уасдже в высокохудожественном исполнении мастера старшего поколения осетинского театра Д. Мамиева».1 Федта ацы спектакль зынгæ режиссер Брытъиаты Зариффæ дæр. Уый та Уасдже-Димитры тыххæй афтæ фыста: «Раскачивающаяся походка, пренебрежитель- но высокомерная манера разговора, похихикивания в общении с начальством, наглая откровенность с Зали- ной - все это делает Уасдже в исполнении Мамиева вы- пуклым, впечатляющим образом, заставляющим пере- живать зрителя».2 Уасдже-Димитры хъазт федта зынгæ драматург Пли- ты Грис æмæ йыл фыста: «Хицæн артисты куыстыл дзур- гæйæ, фыццаджыдæр, зæрдыл лæууы Гуырдзыстоны адæмон артист Мамиты Димитры конд фæлгонц-Уасдже. Димитры арæзт фæлгонцы фæзылдтытæ, йе ’сныхас, йæ бахудт æмæ йæ базарды мисхалы бæрц дæр уæлдай ни- цы ис, кæд змæлгæ дæр, ныхас дæр, худгæ дæр æмæ заргæ дæр арæх кæны, уæддæр. Афтæ Мами-йы фырт кæрæй- кæронмæ æнæ аиппæй нывæнды йæ фæлгонц. Уасдже куыддæр сценæйыл фæзыны, афтæ йыл адæм сæ цæст æрæвæрынц æмæ дзы суанг æмбæрзæн сæхгæнынмæ никуы сисынц сæ цæстытæ. Худын, зарын, æмбисæндтæ хæссын, хъæлдзæг ныхæстæ кæнын - уыдон Уасджейæн сты, бирæгъ йæхиуыл фысдзарм куы ’ркæна, уыйау».3 Нымайæг сæ нымад нæ фæуыдзæн, Мамиты Димитр цы спектаклты хъазыд, уыдон. Æмæ уыдонæн, се ’ппæтыл иу уацы æрдзурыны фадат дæр нæй. Уыдоны ’хсæн сты: Сау- лохты Мухтары «Хæхтæ сдзырдтой», Гаглойты Владимиры «Æнæбасæтгæ адæм», Уырыймæгты Езетханы «Сæниат», Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон» æмæ æнд. Димитр ирон сценæйыл æндæр нациты минæвæрттæй бирæты сдзурын кодта. Уыдон та сты: Карло Къаладзейы «Хатидже», А. Корнейчукы пьесæ «Платон Кречет», Молье- 1 Газета «Заря Востока», 1957, 21 марта. 1 Газета «Социалистическая Осетия», 1957» 18 августа. 1 Газет «Рæстдзипад», 1957» 16 август. 124
ры комеди «Æнæбары хосгæнæг», С. Шанишвилийы «Ар- сен», Г. Бердзенишвилийы «Зынг», «Фидыдады бæлæттæ» æмæ «Отараты идæдз» П. Какабадзейы пьесæ «Колхозон чындзæхсæв», Б. Войтехов æмæ Л. Ленчы «Павел Греков», К. Симоновы «Уырыссаг адæймæгтæ» æмæ «Æнхъæлмæ мæм ма кæс», æфсымæртæ Тур æмæ Шейнины «Капитан Бахметов», Всеволод Вишневскийы «Æмфæтæнæй ден- джыз фæйлауы», ГМдиваны «Æвзонг адæймаг», Г Гулиайы «Хъайтарты къæдзæх», К. Гольдонийы «Уазæгдоны хицау», В. Габескирияйы «Уалдзыгон райсом», Ж. Дюбайы «Гайти», В. Минконы «Мыггагæй сæ ма фæрс» æмæ бирæ æндæрты. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Димитр, ирон аива- ды рæзты йæ хайбавæрд кæм нæ уыд! Нæ радиойæ арæх хъуыст Димитры хъæлæс, литературон уацмыстæ уый хуызæн чи каст, уæлдайдæр та мæнæ ахæм уацмыстæ: На- фийы «Æртындæс коммунары», Дзигойты Г «Айдарты Зна- уыр», Гæбулты Мелитоны «Хос ын нæй», Гафезы «0, уый дын дзырдтон», Саулохты М. «Цоциты Вася». Абоны бон дæр ма нæ хъустыл уайы Димитры хъæлæс: «Хъусут, байхъ- усут» (Цоциты Васяйы райгуырды тыххæй куы сидт). Уæлдæр æй загътон, Димитр дзæвгар азты кæй уыдис нæ ансамблы артист. Историон-хъайтарон зарджытæм дæсны уыд, æрдз æй диссаджы хъæлæсæй схайджын код- та. Абон дæр нæ цæстытыл уайынц, Плиты Грис, Мами- ты Димитр, Джыгкайты Аким, Чилæхсаты Пируз куыд æххæст кодтой алыхуызон зарджытæ, уæлдайдæр та ирон хъайтарон зарджытæ. Стыр æнтыстытæ уыд Димитрæн ирон аивады, ирон театры. Уый тыххæй 1940 азы хорзæхджын æрцыд «Фæл- лойады Сырх Тырыса»-йы орденæй, дзæвгар майдантæй. Уымæй дарддæр ма 1940 азы Димитрæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Республикæйы сгуыхт артисты ном, 1954 азы та - Гуырдзыстоны республикæйы адæмон артисты кадджын ном.
ФÆНДЫР ÆМÆ СЦЕНÆЙЫ ХÆЛАР Цхуырбаты Барис Театр - царды айдæн. Хъæз- дыг сты уыцы адæм, театр кæ- мæн ис. Рæстæгмæ нын театр кæй нæй, уый быхсинаг у, фæ- лæ йæ историйыл дзурын кæй хъæуы, уый та æнæмæнг хъуыддаг у. Иæ фæд арф æмæ дæргъвæтин у, æмæ йыл дзу- рын хъæуы. Цхуырбаты Барис 65 азæй фылдæр схæлар кодта ирон аивадæн, ирон театрæн, ирон сценæмæкæсджытæн. Æнæ- хъæн 65 азы йæ адæмы раз лæууыд уырдыглæууæджы бы- наты. Зын, фæлæ кадджын фæндæгтыл рацыд Цхуырбайы фырт. Кæд æй революцийы агъоммæйы дуг ауызта йæ авдæны, уæддæр лæджы ран æмæ бынат та æрцахста Советон дуджы. Вазыгджын уыдысты Барисы царды фæндæгтæ. Рай- гуырдис 1911 азы Дзауы районы иу рæсугъд къуылды- мыл Хслебы хъæуы. Йæ фыд Алыксандр уыдис хъæууон ахуыргæнæг, йæ рæстæгмæ гæсгæ ахуыргонд адæймаг, бирæ уарзта аив литературæ, ирон хъæздыг фольклор. Уыцы хорз миниуджытыл фæцайдагъ сты йæ зæнæг дæр. Барис фыццаг ахуыр кодта Дзауы скъолайы, уый фæс- тæ та - Цхинвалы фæллойадон скъолайы, кæцыйы каст 126
фæцис 1931 азы. Уæд ацыд Дзæуджыхъæуы рабфакмæ. Хæрзæвзонгæй бауарзта музыкæ, ныв кæнын, уарзта хъæууон хъазтизæртæ. Советон хицауады фыццаг азты Ирыстоны хъæуты дæр гуырын райдыдтой ног культурон уагдæттæ. Фæ- зынд Хслебы хъæуы дæр драмкружок. Уый стыр цинд- зинад æрхаста Барисæн, ссис йæ активон хайадисæг. Æвæрдтой дзы Брытъиаты Е. «Уæрæседзау», Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн - гæды уыди», Кочысаты Р. «Гæды лæг» æмæ æнд. Барисæн кæддæриддæр йæ зæрдæ дзырдта йæ дарддæры ахуыримæ. Уый ссис Цхинвалы Культурæйы хæ- дзары драмкъорды активон хайадисæг, уæдæй бавнæлд- та ирон фæндыры цæгъдтытæм. Уыцы хъуыддаджы йын стыр æххуыс бакодта зынгæ фæндырдзæгъдæг Къорна- ты Барис. 1931 азы байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Уырдæм Барис кусынмæ бацыд 1933 азы. Уыцы аз ссæдз лæппуйæ, уыцы нымæцы Барис дæр, æрвыст æрцыдысты Тбилисмæ Ш. Руставелийы номыл театры студимæ. Рæзт æвзонг лæппу, рæзт йæ курдиат аивады алыхуызон фадгуыты. Уæдмæ йæ ном ахъæр, куыд ирон фæндыры æнувыд хæлар. Куыд арæхстджын фæндырдзæгъдæг, афтæ хайад исын райдыдта, Хетæгкаты Володя æмæ Бирæгъты Зауырбег цы хихъæппæрисон кафты ансамблтæ бакодтой, уым. 1938 азы сырæзт Хуссар Ирыстоны паддзахадон ан- самбль. Уырдæм хуынд æрцыд Барис дæр фæндыр- дзæгъдæгæй. Цыдис æвзонг лæппу аивады къæпхæн- тыл йæ фæндыримæ канд ансамблы нæ, фæлæ драм- театры дæр. Цхуырбайы фырты егъау курдиатæй, йæ аивадæй буц æмæ сæрыстыр уыдысты йæ раттæг адæм. Хуссар æмæ Цæгат Иры дзыллæ хорз зонынц Барисы алыварсон, би- рæкъабазджын курдиат. Барисы удыгъæд, йæ диссаджы зонд, йæ нæргæ хъару, йæ дæсны къухайст, йæ арæхст- джын фезмæлдтытимæ зонгæ чи уыд, уыдон се ’ппæт 127
дæр дзырдтой: Барис райгуырд сценæйæн, аивадæн, йæ адæмы культурæ размæ ахæссын йæ бон кæмæн бауыдзæн, ахæм адæймаг у. Бирæ сты йæ лæггæдтæ йæ адæмæн. Ирон театры сценæмæ Барис æрбацыд рæнхъон ар- тистæй, рæнхъон салдатæй æмæ дзы фæкодта æнæ- зæрдæхудт куыстуал азы дæргъы. Суанг 1933 азæй фæс- тæмæ Барис уыд, нæ театры репертуары уæззау схæст кæм хъуыд, цæхгæр уырдыджы ныфсхастдзинад куы агуырдæуыд, уæд Барис кæддæриддæр - йæ тæмæны. Йæ царды бонты Цхуырбаты Барисы сæйраг сагъæс уыдис йæ адæм, национ аивад, йæ дзыллæйы хъысмæт. Ирон сценæйыл, æвæццæгæн, ахæм рыджы мур нал баззад, Барис уырзæй кæй нæ басгæрста, йæ рæбын- къæдзæй кæй нæ ныссæрфта. Æнæхъæн æхсай фондз азы дæргъы Цхуырбайы фырт цы фæлгæнцтæ сарæзта, уыдон нымад цæуынц иууыл вазыгджындæр, иууыл зындæр æххæстгæнæн фæлгæнцтыл. Ирон сценæйыл цы хъайтарон фæлгæнцтæ федтам, уы- доны фылдæр хай Цхуырбайы фырты арæзт сты. Махæй никуы ферох уыдзысты Плиты Грисы «Чермен»-ы - Чер- мен, Саулохты Мухтары «Бега»-йы - Бега, Джиоты Дауы- ты «Иликъо»-йы - Иликъо, Санахъоты Уасойы «Джио- ты Татъе»-йы - Татъе, Саулохты Мухтары пьесæ «Нарты Батрадз»-ы -Мукара, Мухтаровы пьесæ «Аланты бинонтæ»- йы - Байрæм, Брытъиаты Ел. «Дыууæ хойы» - Пупæ, «Амыран»-ы - Бесæ, Хъайырты Вл. «Бæтæйы фыртты» - Бæтæ æмæ бирæ æндæртæ. Ацы ролтæ æххæстгæнгæйæ, Барис бирæ фыдæвза- рæнтæ федта, бирæ маст æмæ цæссыг фæкалдта. Уæд Барис уыдис уæндон, хъæбатыр, царды бартæ агурæг, рæстдзинадыл тохгæнæг, лæджы ном кад æмæ радимæ бæрзонд чи æвæрдта, ахæм адæймаг. Барисы дзæвгар азты уыдтам худгæ, хъазгæ, йæ удæн, æхсæнадæн æцæгæлон чи у ахæм адæймæгты ролты дæр. Се ’ппæт чи фæнымайдзæн: Бетре (Туаты Д. «Хистхор- ты»), Сæлæт (Хацырты С. «Дудар æмæ йæ хæлæрттæ»), 128
Майрæм (Хуыбецты Р. Æмæ Хуыгаты Г. «Софьяйы за- рæг»), Арысхан (Хацырты С. «Хæлæрттæ»), Гаци (Сау- лохты М. «Гаци») æмæ бирæ æндæртæ. Йæ вазыгджын царды фæндагыл цæугæйæ, Цхуыр- баты Барис ирон национ сценæйы кæддæриддæр тыд- та хæлардзинады тæгтæ. Уый йæ мадæлон æвзагыл сдзурын кодта Шекспиры Кассиойы («Отелло»), Горь- кийы Бароны («Царды бын»), Островскийы Муровы («Æнæаххосæй аххосджын»), Войничы Монтанеллийы («Овод»), Погодины Забелины («Кремлы куранттæ»), Флетчеры («Испайнаг сауджын»), Нушичы Животайы («Философийы дохтыр»), Чъавчъавадзейы Георгийы («Отараты идæдз») æмæ бирæ æндæрты. Æнæхъæн æхсай фондз азы дæргъы Цхуырбайы фырт цы ролты бацыд, цы ролтæ сæххæст кодта, уыдоны ны- мæц егъау у. Барисы царды истори уый никуы зыдта, æмæ йæ роль нæ сæххæст кодта, кæнæ йæм нæ сарæхст, кæнæ йыл нæ бакуыста, куыд æмбæлы, афтæ. Йæ бæрны уæвæг хæсмæ Барисæн уыдис кæддæриддæр цæсгом- джын ахаст. Канд йе ’мбæлттæ нæ, æппæт театрдзаутæ дæр Барисы хорз зыдтой, зыдтой, лæгдзинадæн егъау аргъ кæй кодта, лæгау сæр сæрмæ чи хаста, уæздан, фæлмæн, рæвдауæг ахаст кæмæн уыд адæммæ, фæсивæдмæ, суи- наг фæлтæрмæ, ахæм адæймагæй. Сценæйы Барис æмæ театры фæзуаты сæрæй уæздан саламдæттæг Барис арæх кæрæдзимæ дард фæлæууынц. Чермены ролы хъазгæйæ, Тлаттаты æлгъаг фидистæм хъусгæйæ, Барис-Чермен уыдис цæф арс, знæт домбай, хъæдмæцъис йæ къухы, афтæмæй. Фæлæ мæнæ хæрзæ- рæджыйы ролтæй иу: Гуыцмæзты Михалы «Фыдæлты уæзæг». Уым Барисы хуызæн хъæууон зæронд лæджы уаг, æгъдау, ахастмæ чифæнды дæр батæхуды кодтаид. Лæг йæхи саразгæ хъуыддæгтæм хуымæтæг цæст- æй фæкæсы, йæхимæ уадиссаг ницы фæкæсынц. Ахæм хъуыды уыдис Цхуырбайы фыртмæ дæр. Гъе, фæлæ аргъгæнæг адæм вæййынц, уынгæ, дардæй чи фæкæсы, уый фæкæны. 9* 129
Барис бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста йæ бæр- ны уæвæг фæлгæнцтыл кусгæйæ. Барис у Ирыстоны номдзыддæр фæндырдзæгъдджытæй иу. Æрмæст «Хан- ты цагъдмæ» иу хатт чи байхъуса, уый æнæмæнгдæр зæгъдзæн, æрдз стыр зонд, егъау курдиат кæй радта Цхуырбайы фыртæн. Йæ рæстæджы хицауады ’рдыгæй Барис йæ бирæ фæллæйтты тыххæй хорзæхджын æрцыд «Фæллойады Сырх тырыса»-йы орденæй, дзæвгар майдантæй, Кады грамотæтæй. Барис йæ адæмы хъæбул кæй уыд, йæ адæмæн цы- рагъдар кæй уыд, ирон театрдзаутæ Барисы сценæйыл куыд æмæ цас уарзтой, уый та ирдæй разындис 1981 азы ноябры мæйы Барисы уарзон сценæйыл, йæ 70 азы юбилей нысангонд куы цыдис, уæд. Уæд нæ хицауад, Хуссар Иры дзыллæ зæрдæбын ныхас фæкодтой Барисы саразгæ хъуыддæгтыл, йæ лæггæдтыл. Цхуырбайы фыртæн зæрдиаг арфæтæ кодтой: Хус- сар Ирыстоны пединститут, Хуссар Ирыстоны зонад- иртасæг институт, Хуссар Ирыстоны театралон æхсæ- над, паддзахадон музей, ансамбль «Симд», Хуссар Иры- стоны профцæдисы президиум, Цæгат Ирыстоны драм- театр. Дзæвгар уыд сæ нымæц арфæйы телтæн дæр. Барисы рухс ном цæрдзæн уæдмæ, цалынмæ нæ ма- дæлон æвзаг хъуыса нæ театры сценæйæ.
ТЕАТР - ЙÆ МАД, СЦЕНÆ - ЙÆ АВДÆН Цæбиты Нинæ Дзау рагæй дæр нымад цæ- уы курдиæтты гуырæн къæ- бицыл. Царды кæцы фæнды къабаз куы райсæм, уæддæр дзы ссардзыстæм Дзауы æмæ Дзауы районы æрмдзæф, æнæхъуаджы йæ нæ хонынц таурæгъты бæстæ. Бирæ курди- атджын фæсивæд радта Дзауы район, Ирыстонæн зарæджы сæйраг кæй сси, уый дæр æнæ- хъуаджы нæу. Адæймаджы царды æрдзæн егъау нысаниуæг ис. Дзау та йе ’рдзон равæрдæй аргъæутты бæстæ у. Уæдæ йæ хъæд, йæ уæлдæф, йæ диссаджы хæрзад æмæ минералон дæтты суадæттæ. Советон дуджы Дзаумæ сæхи æппæрстой улæфынмæ канд хистæр кары адæм нæ, фæлæ скъоладзаутæ дæр. Дзауы дзыхъхъы райгуырд 1910 азы Гуырдзыстоны сгуыхт артисткæ, фæстæдæр адæмон артисткæ Цæбиты Нинæ дæр. Æрдзæй дæ туджы цыдæр хъуамæ уа, зæгъы ирон æмбисонд. Нинæйы царды фæндæгтыл адæймаг йæ цæст куы ахæсса, уæд æрцæудзæн ахæм хатдзæгмæ - æвæдза, цас у йæ бон саразын æмæ бакæнын иу адæймагæн. Ни- нæйы саразгæ фæлгæнцтæм куы акæсæм, уæд афтæ ахъуыдыгæнæн ис, æвæццæгæн, æхсæвæй-бонæй сценæ- йыл уыд, æндæра уыдæппæт фæлгæнцтыл куыд фæтых. 131
Нинæ йе ’взонджы бонтæй фæстæмæ уыд хъæлдзæг, змæлаг, арæхстджын алцæмæ, йе уæнгтæм зивæгдзинад æввахс дæр нæ цыд. Вазыгджын æмæ гуырахст уыдысты Нинæйы царды фæндæгтæ. Фыццаг ахуыр кодта Дзауы скъолайы. Уый уыдис 1918 азы, цард цæджджинагау куы фыхт, зæронд дуджы ног бон куы бырста, ахæм рæстæг. Чызджы зæрдæргъæвддзинад уыдта йæ фыд Хъас- бол æмæ йæ чызджы акодта Тбилисмæ, радта йæ 104-æм фæллойадон скъоламæ. Уый уыдис 1921 азы. Ахуырмæ æнæзивæг уыд, цы рæстæг ма йын зад, уæд та цы- дис Тбилисы ирон драмкъордмæ. 1928 азы Нинæ каст фæцис 7 къласы, бæргæ йæ фæндыд дарддæр ацæуын, фæлæ хæдзары мæгуырдзинад уымæн фадат нал радта, æмæ æрбаздæхт Цхинвалмæ. Ирыстон уæд кадртæй цух уыд, не скъолатæн нæ фаг кодтой ахуыргæнджытæ, гал кæмæн нæ вæййы, уый уæныджы дæр аифтындзы, зæгъы ирон æбисонд. Нинæ æрвыст æрцыд ахуыргæнæгæй Знауыры районы Дза- гъинайы хъæумæ. Цæбион уæдмæ банкъардта сценæйы ад, Дзагъи- найы кусгæйæ, уый сарæзта драмкъорд, ахуыр сæ код- та зарыныл дæр. Йæхæдæг хорз арæхст ирон адæмон зарджытæм, æххæст кодта сæйраг ролтæ дæр. Уæддæр ахуыр - ахæм уыд æвзонг чызджы хъуы- ды, æмæ та 1929 азы фæраст Калакмæ, бацыд музыка- лон техникуммæ. Ам та йæ тыхтæ радта зарыны хъуыд- дагмæ. Кæм уыд уавæртæ æвзонг чызгæн, хæдзарæй ын æххуысгæнæг нæ уыд. Нинæ бонæй ахуыр кодта, æхсæв та хъуымацуафæн фабрикæйы куыста. Музыкалон техникумы сахуыр кодта иу аз, стæй 1930 азы бацыд химикон-технологон рабфакмæ. Ахуыры æмрæнхъ Цæбион йæ уд хъардта драмкъорд- ты куыстыл, бирæ ролтæ сæххæст кодта. Цæбионы уæн- гты цы тых, цы хъару змæлыд, уымæн рæстмæ бынат нæ ардта, змæлыд, фæлæ йын цыдæр нæ фаг кодта. Æрцыд 132 \
рæстæг, æмæ уæд Нинæ ныуулæфыд къæхты бынæй, тынг барухс йæ зæрдæ, 1933 азы Тбилисы Руставелийы театры ирон студи куы байгом, уæд. Ирон чызг йæ ных сарæзта уырдæм æмæ дзы райдыдта ахуыр кæнын, фæ- цахуыр дзы кодта æртæ азы. Нинæйæн уый уыдис егъау аивадон скъола. Уыцы азты уый хъомыл кодта гуыр- дзиаг аивады æрттиваг стъалыты къухы. Уыдон та уы- дысты Ахметели Сандро, Хорава Акъакъи, Васадзе Акъ- акъи æмæ æндæртæ. Ирыстон Цæбионæн йæ мад уыд, æрбаздæхт æм 1935 азы, æрлæууыд Чъребайы театры къæсæрыл, йæ фыццаг роль та уыдис А.Корнейчукы пьесæ «Платон Кречет»-ы Лидæйы роль. Ирыстоны сценæйыл уый уыд Нинæйæн йæ фыццаг фæзынд. Ацы роль ын æрхаста амонд, уæлахиздзинад, ныфс æмæ æхсар. Ацы пьесæ æмæ Нинæйы арæхстдзинадыл уæд фыста нæ газет «Советская Осетия». Ныхас та ахæм уыд: «Пла- тон Кречет»-ы сæйраг ролы (Кречеты) хъазыд зынд- гонд артист Гуыбиаты Георги. Уымæн аккаг хъазæг æм- балыл нымад æрцыд Цæбиты Нинæ. Сæ ролтæ хъазы- дысты арф æмæ зæрдиагæй». Нинæ нæ театры æрбаййæфта фыццаг ирон профес- сионалон фæлтæры. Уыдон та уыдысты:Дзаттиаты Со- на, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Саша, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Туаты Зураб, Гуыбиаты Ге- орги, Цоциты Нинæ, Хуыбылты Гриша æмæ Кокойты Тæтæрхъан. Уыдонимæ иумæ Нинæ аныгъуылд егъау сфæлдыстадон куысты. Театры куысты хæрзгъæддзинад азтæй баргæ нæу, фæлæ, цал фæлгонцы сæххæст кодтай, уыцы хъуыддагæй. Нæ театры сценæйыл Нинæ сæххæст кодта 150 фæл- гонцæй фылдæр. 150 хатты аивай дæхи дзаумайæ дæр æмæ удыгъæдæй дæр, уый чысыл хъуыддаг нæу. Цæбион Нинæ уæхскуæзæй бавнæлдта актерон куыст- мæ. Бонæй-бонмæ йæ арæхстдзинæдтæ æрттивын рай- 133
дыдтой нæ театры сценæйæ. Йæ фыццаг ролтæ уыды- сты: С. Цагарелийы «Тæфсæджы» - дæсны, Брытъиаты Е. «Хазби»-йы - Нана, «Амыран»-ы - Чабæхан. Æнтыст- джынæй æххæст кодта йæ ролтæ: «Ос-Бæгъатыры», «Овод»-ы, «Ханума»-йы, «Фацбай»-йы. Алыхуызон пьесæтæ, алыхуызон темæтæ, алыхуы- зон фæлгæнцтæ - уыдонæй Нинæ нæ фæтарст, куыста сыл зæрдиагæй æмæ сæ рахаста театрдзауты размæ. Ралæууыд 1937-1938 азты театралон сезон. Уыцы аз Нинæмæ æрхауд ноджы вазыгджындæр ролтæ. Уыдон тауыдысты М. Горькийы «Царды бын»-ы Василисæ, Мо- льеры «Æнæбары дохтыр»-ы Жакминæ, Г. Мдиванийы «Фыдыбæстæ»-йы Нино. Цыдис размæ Цæбион, хызтис театралон асинтыл уæлæмæ. Цæстæвæрæн фæцис Асиаты ролы хъазгæйæ (Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы»). Йæ хæдуæл вæд бавнæлд- та Мария Павловнæйы (Хетæгкаты Къ. «Дуня») роль æх- хæст кæнынмæ. Йæ арæхстдзинæдтыл дзурæг уыдысты уыцы азты Магкæты Алиханы «Тохы бонтæ», С. Кълди- ашвилийы «Хъæбатырты фæлтæртæ», П. Къакъабадзæ- йы «Колхозон чындзæхсæв» æмæ æндæртæ. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Нинæ, Отараты идæ- дзы роль куы æххæст кодта, уæд (Илья Чъавчъавадзе- йы «Отараты идæдз»). Отараты идæдзæн йæ иунæг бындар куы амард, хæдзары къона куы фехæлд, уæзæг дзæгъæлæй куы баззад, уæд ма ныййарæг мадæн цы баззад...Уыцы стыр трагикон цау равдисыныл стыр тыхтæ бахардз кодта Цæбион, æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта (театрдзау уыдтæн уæд мæхæдæг дæр). Уæдмæ Нинæмæ æрхауд Сæниаты роль (Уырыймæг- ты Е. драмæ «Сæниат»). Ам Нинæйы бахъуыд æндæр ахорæнтæ агурын. Сæниат идæдз у, фæлæ усы уый мæт нæй, æппæт тыхтæ дæр Сæниат радта мулк ’ссарынмæ. Байсæфт уымæн дæр йæ иунæг бындар, егъау трагеди у уый, фæлæ нæ цуды Сæниат, лæбуры бирæгъау æмæ 134
бынтæ кæны. Ацы вазыгджын фæлгонцыл кусгæйæ Цæ- бионыл бирæ æхсæвтæ сбон æмæ рахаста театрдзауты размæ зондджын æмæ тыхджын адæймаджы фæлгонц. Къаддæр трагикон фæлгонц нæу Хадзыгуассæ дæр (Темыраты Д. драмæ «Мастисджытæ»). Хадзыгуассæ йæ- хи æвдисы æппæт зонæгæй, адæмыл æфтауы мæлæты тас. У фидар, тыхджын æмæ уæндон сылгоймаг, адæммæ йæхи æвдисы сыгъдæгæй, намысджынæй, афтæмæй та моралон æгъдауæй у сæфт адæймаг. Цæбион бирæ тых бахардз кодта ацы фæлгонцы удыхъæд равдисыныл æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Цæбион канд трагедион ролты нæ, фæлæ арæхстджын разынд комедион ролты дæр. Уый иууыл тынгдæр ра- зынд, Зæрæда (Саулохты М. «Усгур») æмæ Салфеткæйы (Хуыгаты Г., Хуыбецты Р. «Софьяйы зарæг») ролтæ куы сæххæст кодта, уæд. 1940 аз Хуссар Ирыстоны драмтеатрæн уыдис зæр- дылдаринаг аз. Уæд Тбилисы уыдис Хуссар Ирыстоны аивад æмæ литературæйы декадæ. Нæ театр уырдæм ацыд æртæ спектаклимæ. Уыдонæй иу уыд Г. Бердзе- нишвилийы «Зынг». Гуырдзыстонæн æхсызгон уыд, сæ- хи пьесæ ирон сценæйыл кæй федтой, уыцы хъуыддаг. Гуырдзыстоны аивады дæснытæ уæд æмдзыхæй дзырд- той, ирон театр стыр къахдзæфтæй размæ кæй рацыд. Цæбион Нинæйæн хæсгонд æрцыд Мзевинары роль. Уый уыдис знæгтимæ тохгæнæг сылгоймаг. Нинæ хорз бамбæрста ацы фæлгонцы миддуне. Ссæдзæм азты цау- тæ, меныпевикты дуг Нинæ йæхи цæстæй федта. Туджы лæсæнтæ, адæмы утæхсæн митæ, фæмард Мзевинары фырт, кæуы Нинæ-Мзевинар, кæуынц адæм се ’намонд хъысмæтыл. Мзевинары ролæй Нинæмæ æрхауд ахæм ном, æмæ кад: йæ курдиат схызт бæрзонд къæпхæнмæ, Нинæйæн дарддæр йæ бон уыдзæн егъау æмæ вазыг- джын ролтæ æххæст кæнын. Сентябры мæйы æртыккаг бон газет «Заря Восто- ка» спектакль «Зынг»-ы тыххæй фыста: «Артисттæн сæ 135
къухы бафтыд типикон фæлгæнцтæ саразын». Газет йæ хъуыдытæ сæрмагондæй загъта Нинæйы тыххæй дæр: «Уæлдай хуыздæр æмæ æнтысджындæр хъазт акод- та Мзевинары ролы Цæбиты Нинæ. Мзевинар у адæмы ’хсæнæй рацæугæ хъæбатыр сылгоймаг. Уый йæ хъæ- батырдзинадæй разæнгард кæны æфхæрджыты ныхмæ тохмæ. Артистмæ ис сценикон арæхстдзинад, егъау тем- перамент, аивады хорз æмбарындзинад. Иттæг арæхст- джынæй хъазы, йæ мард фырты уæлхъус куы фæкæуы, уыцы сценæйы». Хъæздыг уыд Нинæйæн 1940-41 азты театралон се- зон дæр. Уæд ахъазыд Саулохты М. «Фыййæутты уæ- тæр»-ы, А. Островскийы «Хъæд»-ы, В. Шекспиры «Отел- ло»-йы, С. Кълдиашвилийы «Графы идæдз»-ы, Б. Войте- хов æмæ Л. Ленчы «Павел Греков»-ы. Цæбион Нинæ тынг арæхстджын разынд хъайтарон ролты дæр. Адæмы йæхимæ æркæсын кодта, куы хъа- зыд Магкæты Алиханы «Фыдыбæсты хæстонты», Сау- лохты М. «Нарты Батрадз»-ы æмæ «Партизанты», Хъæц- мæзты Ильяйы «Исахъы», Саулохты М. «Бега»-йы, К. Си- моновы «Уырыссаг адæм»-ы, А. Гайдары «Тимур æмæ йæ командæ»-йы, К. Симоновы «Æнхъæлмæ мæм кæс»-ы, уæд. 1941-1945 азты тынг æрбауынгæг сты театр æмæ ирон драматургийы рæзты фæндæгтæ. Цы иугай пье- сæтæ-иу фæзынд, уыдон аивадон æгъдауæй кæд иф- тонг нæ уыдысты, уæддæр сæ æвдыстой адæмæн, хъа- зыд сæ Нинæ дæр. Фæсхæсты азты ногæй йæ тæмæны бацыд Цæбионы сфæлдыстад, ногæй та йе уæхсджытыл æрынцадысты мæдты ал ыхуызон фæл гæнцтæ. Уыцы спектаклтæ та уы- дысты: Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон», «Хæрзойты Фатимæт», Саулохты Мухтары «Хæхтæ сдзырдтой». Нинæйыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой, Косерханы ро- лы куы хъазыд, уæд. (Туаты Д. «Аргъау»). Косерхан-Нинæ уыд тызмæг æмæ сæрыстыр. Æлдары ус уæвгæйæ, уый 136
адæммæ каст æнæввæрсон цæстæй. Сценæмæкæсджытæ бамбæрстой, Нинæ æппæрццаг фæлгæнцты удыгъæд æвдисынмæ арæхстджын кæй у. Уæдæ кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Нинæйæн, На- найы ролы куы хъазыд, уæд дæр (Плиты Г. «Чермен»). Ныр Нинæ хъазыд æндæр мады ролы. Ацы Нана тыхджын зонды хицау уыд, царды æгъдæуттæ, царды хъулондзинæдтæ хорз æмбæрста. Уыд дзырддзæугæ, æрхъуыдыджын, Черменæн уынаффæгæнæг. Кæд но- мыл усы ном хаста, уæддæр Бестолæн æртасын нæ ба- куымдта. Цæбионы саразгæ фæлгæнцты ’хсæн Нанайæ вазыгджындæр фæлгонц нæй. Зондджын, æхсарджын, æрхъуыдыджын, Бестолы къласы ныхмæ фидар чи лæу- уы, ахæм сылгоймаг-мад, ахæмæй йæ æвдыста Цæбиты Нинæ дæр. Бирæ уарзта Цæбион Хандзериффæйы (Саулохты М. пьесæ «Хандзериффæ»). Бакастæй рæсугъд, уындджын, у фæлмæнзæрдæ, уарзæгой уды хицау. Ацы фæлгонцы дæр бафæрæзта рæгъмæ рахæссын Цæбион. Тынг уарзта Цæбион Бабалойы роль дæр (Туаты Д. «Сидзæргæс»). Бабалойы хуызæттæ Ирыстоны алы хъæуты дæр уыд. Уымæн йæ сæйраг куыст уыд исты фехъусын æмæ уый бынатмæ фæхæццæ кæнын. Баба- лойы хуызæттæ цардхалджытæ кæй уыдысты, уый рав- дисынмæ дæр тынг сарæхст Цæбион. Йæ адæмондзинад, йе стыр курдиат тынгдæр рарттыв- та мæнæ ахæм спектаклты, куыд: «Азау æмæ Таймураз», «Мæрдтæйдзæуæг», «Къæдзæх ныннæрыд», «Цъхънет- таг чызг Мая». Диссаджы арæхстдзинад равдыста Цæбион Зæрæда- йы фæлгонц æххæстгæнгæйæ (Саулохты М. «Усгур»). Зæ- рæда уыд зондцух, дзæбæхдзинадæй йæ царды ницы федта, рæвдыд никуы баййæфта. Уый уыд абадгæ чызг. Нинæ йæ афтæ рахаста адæмы размæ æмæ фенын кодта, кæй уыд тæригъæддаг адæймаг, æгъатыр дуджы схъо- мылгонд. 137
1960 азы Хуссар Ирыстоны театр уыд гастролты Цæ- гат Ирыстоны. Зæрæдайы ролы Нинæйы хъазгæ федта зынгæ режиссер Магкеты Арсен. Уый фыста: «Цæбиты Нинæ кæд Сæниаты ролы дурзæрдæ сылгоймаг уыдис, уæд ныр ам та раирвæзт æмæ чъыллиппæй хъазы, худи- наджы цард йæ сæрмæ нал хæссы. Уæлдай æхсызгон та уый у æмæ трагедион æмæ комедион ролтæ æмхуызон æнтыстджынæй кæй æххæст кæны. Уый стæм курдиат у» [газет «Рæстдзинад», 1960 аз 16 сентябрь). Иæ рæстæджы, Советон дуджы, хицауад егъау аргъ скодта Цæбиты Нинæйæн. 1940 азы Тбилисы ирон лите- ратурæ æмæ аивады декадæйы рæстæджы Нинæйæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны Республикæйы сгуыхт артисткæйы ном, 1954 азы та ссис Гуырдзыстоны адæмон артисткæ. Лæвæрд ын æрцыд орден «Кады нысан», уы- дис ын цалдæр майданы. Цæбиты Нинæ уыдис æрдхæрæны курдиаты хицау. Куыд адæймаг, ирон сылгоймаг, афтæ та йын æмбал нæ уыд. Нæ театр басыгъд, басыгъд Нинæйы уарзон бæс- тыхай, фæлæ уый ма хъуамæ фæзына Цæбионы ном æрымысыны хъуыддагыл.
СИДÆН ÆМ РАСТ ФÆНДАГМÆ СИДТ Гаглойты Зинæ Сидæн хъæуы ном у. Кæд- дæр дзы цард цæджджинагау фыхт. Ис Дзауы районы Уане- лы зылды Къусджытæм æв- вахс. Хъæуæн ма æрмæст йæ истори баззад, абоны бон уый дæр афтид у, фæлæ йемæ баст хабæрттæ баззадысты æмæ сæ хаттæй-хатт æрымысæм. Сидæны хъæуы 1915 азы райгуырдис ирон сценæ- йы зынгæдæсны, Гуырдзыс- тоны республикæйы адæмон артисткæ Гаглойты Алексийы чызг Зинæ. Уырыссаг æмбисонд афтæ дзуры: «Ныййарын зын нæу зын схъомыл кæнын у». Ацы æмбисонд Зинæйы хуызæн никæуыл сфидыдта. Йæ райгуырынæй суанг Советон хицауады æрфидармæ уый цытæ бавзæрста æмæ федта, уыдæттæ дугъы диссæгтæн дзуринаг сты. Нæ федта мад æмæ фыды рæвдыд. Кæуинаг уыдысты йæ сабион бонтæ Зинæйæн æмæ сыл куыдта, æхсадта сæ ставд цæссыгæй. Цалынмæ йæхæдæг дæр æмæ ног хицауад дæр йæ къæхтыл не слæууыд, уæдмæ. Мæгуыр дуджы райгуырд Зинæ, цыбыркъух уыд йæ фыд Алекси. Фæлыгъд йæ мæгуыр бинонтимæ Бакомæ æмæ уым маамæлайы къæбæр уардта йæ бинонтæн. Алекси цардагур æрзылд Уæрæсейы къуымты дæр, фæлæ дзы кусæг лæгæн хуыздæр ран никуы федта. 139
Бакойы йæ мæгуыр цардыл дæр хъæцыдаид, фæлæ йæ хæдзармæ æрхауд æнамонддзинад. Бакойы зæххыл фæзынд æнамонды низ (æвæццæгæн, емынæ). Скъуыды- сты адæм, фæмард Алексийæн йæ хистæр фырт дæр. Фыд старст йæ бинонтæн æмæ сæ æрбакодта Сидæнмæ, Бакойæ сын уырдæм æххуыс кодта хæрд æмæ уæлæдарæсæй. Цард уæд цæджджинагау фыхт, революци йæ бартæ агуырдта, фæлдæхт зæронд дуг, тох æмæ туджы малтæй зæхх æмæнкъуыст кодта, ныууарыд туг Хуссар Ирыстоны сæрыл дæр. Уый уыдис 1920 аз. Хуссар Ир сыгъд æмæ пырх æрцыд Гуырдзыйы меньшевикты къухæй. Адæм лыгъды- сты Цæгат Ирмæ. Уыцы лидзæг адæмимæ уыд Алексийы цардæмбал Пъела дæр. Лыгъд Пъела йæ æхсæзаздзыд Зинæимæ, йæ хъæбысы та хаста йе’нахъом лæппу Ваняйы. Байсæфт уыцы фæндагыл Пъела, Зинæ та йæ мæллæг цæнгтыл дарддæр хаста Ваняйы. Баззадысты дзæгъæлæй сывæллæттæ, сæ фыд сиу партизанон къордтимæ æмæ йын фадат нал уыд йæ бинонты ссарынæн. Зæрдæ фыды муры йедтæмæ ницы у зæгъы ирон æм- бисонд. Зинæ фæхицæн йе ’фсымæрæй дæр, фынæйæ йæ ныууагъта иу æрдæгсыгъд хæдзары, йæхæдæг æххуыс- агур рацыд фæндаджы былмæ. Фæтæригъæд ын кодта иу бæхуæрдонджын, сæвæрдта йæ уæрдоныл, чызг ма йын лæгъстæ кодта, ме’фсымæр уым баззадис, зæгъгæ. Бæхджын, æвæццæгæн, иронау нæ зыдта, чызджы лæгъс- тæтæ ницæмæ æрдардта. Баззад сывæллон фынæйæ, Зинæ ссис рахау-бахауы амæттаг. Зинæйы ссардтой йæ фыды æфсымæртæ, фæзынд йæ фыд Алекси дæр, агуырдта йæ цардæмбалы, фæлæ уый уæдмæ мард уыд, агуырдта йæ хъæбул Ваняйы, фæлæ йæ не ссардта. Фыд хъуыдцæгтыл лæуд уыд, йæ чызджы радта Æры- доны сывæллæтты рæвдауæндонмæ. Уым хистæрæй куы- ста Джыгкайты Верæ, кæцы мады рæвдыд кодта Зинæйы. 1922 азы авдаздзыд Зинæ лæвæрд æрцыд Дзæуджы- хъæуы сывæллæтты рæвдауæндонмæ. Ам райдыдта фæлварын йæ тыхтæ кафты къорды. 140
Зинæйыл уæдмæ сæмбæлд ног æнамонд хабар: йæ фыд фæмард меньшевикты къухæй Къахеты. Дуг æрсабыр, æрфидар ног хицауад, адæм здæхын рай- дыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. Здæхтысты сидзæр сывæл- лæттæ дæр. Зинæйæн кæд Гаглойтæй æввахс хиуæттæ уыдис, уæддæр йæхи бафæндыд йæ мады æфсымæр Коц- ты Васкатæм ацæуын Къуернетмæ. Фæстæдæр, зынгæ ре- волюционер Гаглойты Сергийы фæндонмæ гæсгæ, Зинæ конд æрцыд Куртайы сывæллæтты хæдзармæ. Уымæн та къухдариуæггæнæг уыд Сергийы хо Раисæ, зынгæ рево- люционер Плиты Ароны бинойнаг. Ныр Зинæйæн æндæр фæндæгтæ байгом цардмæ. Ам уыд алыхуызон сфæлдыстадон къордтæ: кафты, зарды, драмкъорд. Зинæ кафгæ дæр кодта, зардмæ дæр цыдис, хайад иста къаннæг спектаклты дæр. Ам фæбæрæг сты Зинæйы æвзыгъддзинæдтæ аивады алы къабазы дæр. Ахуыр сомбоны цардаразæг кæй у, уый раджы бам- бæрста Зинæ. Æхсæрдæсаздзыдæй ахуыр кæнын рай- дыдта Цхинвалы педтехникумы. Ам дæр та аивадон къордтæ, ам дæр та Гагуылен ссис активон хайадисæг. Фæцахуыр дзы кодта æртæ азы. 1933 азы Тбилисы Ш. Руставелийы номыл паддзаха- дон театры байгом ирон студи. Зинæ нæ фæтыхст фæл- варæнты, радта сæ æнтысджынæй æмæ дзы фæцахуыр кодта 1935 азмæ. Уыцы азты уый хъомыл кодта гуыр- дзиаг аивады дæсныты къухы. Уыдон та уыдысты: Сандро Ахметели, Акъакъи Хорава, Акъакъи Васадзе æмæ æнд. Йемæ ма ахуыр кодтой Багаты Федыр, Гаглойты Варя, Гæззаты Сослан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Таугазты Гаврил, Тедеты Андрей, Къæбулты Гришæ, Хъайырты Владимир, Магкоты Наташæ, Мæргъиты Со- слан, Мæхъиты Владимир, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варя, Цæбиты Залихан æмæ Цоциты Нинæ. Ацы курдиатджын фæлтæр æрбаздæхтысты иумæ нæ театрмæ 1935 азы, æмæ уæдæй фæстæмæ нæ театры ном бирæ фæбæрзонддæр, ныр йæ тыхы бацыд ирон сценæ. 141
Æвзонг Зинæмæ хауын райдыдтой вазыгджын рол- тæ. Уыдон тауыдысты: Брытъиаты Е. «Амыран»-ы - Ныфс, В. Шкваркины «Кæйдæр сывæллон»-ы - Зинæ; А. Кор- нейчукы «Платон Кречет»-ы - Мая æмæ æнд. Ногæй та ахуыр. 1936 азы Ленинграды Островски- йы номыл театралон институты байгом ирон студи. Уырдæм æрвыст æрцыдысты цалдæр курдиатджын ак- теры, уыцы нымæцы Зинæ дæр. Ирон студийæн раза- мынд лæвæрдтой зынгæ режиссертæ Л. Вивьен, Н. Соко- лов æмæ æнд. Зинæйы егъау курдиат ам ноджы тынгдæр рарттывта. Йæ хорз ахуыры тыххæй уал азы иста К. Ста- ниславскийы номыл стипенди. Ам ахуыргæнгæйæ, Зи-нæйæн хæсгонд уыдысты европæйаг æмæ уырыс- саг драматургийы зынгæдæр ролтæ. Уыдон та уыды- сты В. Шекспиры «Отелло»-йы - Дездемонæ æмæ А. Островскийы «Тæрккъæвда»-йы - Катеринæ. Æнтыстджынæй хъазыд Зинæ М. Горькийы «Фæстæг- тæ»-йы, К. Гольдонийы «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг»-ы, Ф. Шиллеры «Уарзондзинад æмæ мæнгарддзинад»-ы. 1941 азы Зинæ æрыздæхт йæ уарзон театрмæ æмæ æрæвнæлдта уæхскуæзæй бирæ кæй уарзта, уыцы куы- стмæ. Кæуылты уыд йе ’нтыст, театрдзаутæ йæ куы федтой Асиаты (Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы») ролы хъазгæ, уæд. Асиаты хурх кодтой зæронд æгъдæуттæ, ныллæууыд сæ ныхмæ тохыл, агуырдта адæймаджы бартæ. Уыцы ныв- ты иттæг аивæй сæххæст кодта Гагуылен. Кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Зинæйæн, Дуняйы ролы куы хъазыд, уæд (Хетæгкаты Къ. «Дуня»). Ду- ня лыгъдис талынгдзинадæй рухсмæ, агуырдта царды фæрæзтæ, хи фæллойæ цæрыны фæндæгтæ, амыдта ма сæ æндæртæн дæр. Æппæт фæзилæнты дæр реалонæй æвдыста Гаглойты Зинæ. Æрдхæрæйнаг фæцис Зинæ, Зæрæда (Саулохты М. «Усгур») æмæ Сæлимæты (Туаты Д. «Пæсæйы фæндон») 142
ролты куы хъазыд, уæд. Цас тых бахардз кодта æрдзæй сахъатджын чи уыд, уыцы Зæрæдайы фæлгонцыл кус- гæйæ, цас хъару йæм разынд, рæсугъд, цардбæллон Сæ- лимæты удыгъæды миниуджытыл куы куыста, уæд. Цы чындздзон чызджыты фæлгæнцтæ хаста рæгъмæ Гагуылен, уыдоны йæхи æвдыста уæндонæй, хъаруджы- нæй, ныфсджынæй. Уыцы диссаджы миниуджытæ йын тынгдæр рарттывтой, Фатимæт (Туаты Д. «Хæрзойты Фа- тимæт») æмæ Азауы (Плиты Гр. «Чермен») ролтæ куы æххæст кодта, уæд. Зинæйы егъау арæхстдзинад æмæ курдиатыл дзурæг у Аминеты роль (Туаты Д. «Аргъау»). Аминет тасдзинад нæ зыдта, кæддæриддæр уыд æрхъуыдыджын, амал- джын - ахæмæй йæ рахаста рæгъмæ Зинæ дæр. Зинæйы царды стыр зæрдылдаринаг аз уыд 1957 аз. Уæд уыдис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ Тбилисы. Æмæ уæд Тбилисы аивадуарзджытæ сæ цæст æрæвæрдтой Гаглойты Зинæйы арæхстдзинадыл, В. Къанделакъийы пьесæ «Цъхънеттаг чызг Мая»-йы иу- номон ролы куы хъазыд, уæд. Уæд гуырдзиаг сценæйыл фæзынд ирон Мая. Зынгæ гуырдзиаг артисткæ Е. Хъип- шидзе спектаклæн аргъ кæнгæйæ ахæм хъуыды загъта: «Гуырдзиаг сценæйыл фæзынд фынддæс Маяйæ фыл- дæр. Мах кæрæдзи хуызæн стæм цæмæйдæрты, фæлæ ирон Мая мах хуызæн ницæмæй у, Зинæ никæй бафæз- мыдта, уый ссардта йæхи сæрмагонд фæндаг Маяйы зæрдæмæ». Алыварсон уыд кæддæриддæр Гаглойты Зинæйы ре- пертуар. Царды хъуагдзинæдтæ бирæ сты, фæлæ адæм сты хуымæтæг æмæ цардбæллон. Ахæмтæ сты Мирандолинæ (К. Гольдонийы «Уазæгуаты хицау»), Дзæнæт (Хацырты С. «Æрдхæрдтæ»), Тинатин (С. Кълдиашвилийы «Раздæхт»), Одеттæ (Дюбайы «Гайти») æмæ æнд. Стыр арæхстдзинæдтæ ма равдыста Зинæ æндæр ролты хъазгæйæ дæр. Уыдон та сты: Софья (Хуыгаты Г. 143
æмæ Хуыбецты Р. «Софьяйы зарæг»), Косер (Гаглойты В. «Зæлинæ»), Цæлон (Хъайырты В. «Бæтæйы фырттæ»), Нана (Брытьиаты Е. «Хазби»), Æхсин (Шамхаловы «Æф- син») æмæ бирæ æндæр фæлгæнцтæ. Хетæгкаты Къостайы тыххæй ахæм хабар баззад. Йæ мад куы амард, уæд, дам, ноггуырды дæр йемæ бавæрынмæ хъавыдысты. Уый афтæ куы рауадаид, уæд махæн Къоста нæ уыдаид. Зинæйæн Коцты Майрæм, Гаглойты Серги æмæ Раисæ куынæ уыдаиккой, уæд махæн сценæйы æрттиваг стъалы кæм уыдаид. Уæддæр Зинæйы царды йæ мады æфсымæр Коцты Майрæм цы лæгдзинад равдыста, уымæн æмбал нæй. Гаглойты Зинæ уыд Хуссар Ирыстоны театры æрт- тиваг стъалытæй иу æмæ йæ ном мысинаг у ныры æмæ фидæны фæлтæрæн дæр.
ХÆХТÆ БАЗЫРТÆ САДЗЫНЦ Таугазты Гаврил Ирон сценæйы зæрингуырд уыд Таугазты Гаврил. Буц æмæ сæрыстыр уыд, ирон лæг кæй уыд, уымæй. Дывæр сæрыстыр уыд, Къостайау, Нары коймаг кæй уыдис, уымæй дæр. Габо (афтæ йæ хуыдтам) уы- дис, Нары зылдмæ цы кæмттæ æмæ хъæутæ хауд, уыдонæй иуæй рацæугæ. Сæрыстырæй- иу дзырдта, æз Зруггаг дæн, Зруггаг. Арæх-иу æрымысыд, Зруджы дæр кæддæр цард цæджджинагау кæй фыхт, цыппар хъæуы кæрæдзи ныф- сæй куы цардысты, уæды рæстæг. Уыдон уыдысты: Тау- газты хъæу, Хозиты хъæу Бирæгъты хъæу æмæ Хъозиты хъæу Æнгом хъæубæстæ, æнгом мыггæгтæ, уалдзæгæй фæззæгмæ зылдысты сæ хуымы гæппæлтæм, сæ ихсыд уыгæрдæнтæм. Сæ цард æгасæй дæр уыд фосæй. Секъайы загъдау: сæрд дзæнæты бæстæ, зымæг та зындоны зæхх, зындойнаджы ком. Зруггомы хордзинæдтыл куы дзурæм, уæд йæ цæр- джытæ хайджын уыдысты хæххон сатæг уæлдæф æмæ цæстысыгау æрттивгæйæ цы хъал суадæттæ згъордтой, уыдонæй. Иæ мæгуырдзинæдтæн кæрон дæр нæ уыд, нæ сæм бацæуæн уыд, нæ рацæуæн. Зымæгон хуыккомы ар- сау æддæмæ ракæсæн нæ уыд, балцы чи цыд, уыдонæй- 10' 145
иу бирæтæ хæдзар нал ссардтой, зæйласт-иу фесты. Къо- стайы загъдау фыдæлтæй сын баззад зæйы сæфтæн рад. Ахæм зымæг никуы ацыд, æмæ Зруггомæй зæй макæй фæластаид. Ныртæккæ Зруггомы цæрæг нал ис, сæ уæлмæрдты дуртыл фæстаг азæн фыст ис 1932. Хъæутæ советон дуджы аивылдысты быдырмæ, æрцардысты Кировы хъæуы. Фыдызæхх адджын у цыппар мыггаджы минæвæрт- тæ алы аз дæр 28 августы сæ дзуар Мадымайрæмы бын- мæ æрбацæуынц æд кусæрттæгтæ, æд кувинæгтæ æмæ кæрæдзийыл фæцин кæнынц. Ам райгуырд Габо 1918 азы, ам арвыста йæ саби- он бонтæ 1927 азы онг. Сæ зæнæгыл хъуыды кæнгæ- йæ, хæххон æвадат раныл сæ къух систой Габойы ный- йарджытæ Данел æмæ Госæ, фæлыгъдысты быдырмæ, æрцардысты Кировы хъæуы, уайтагъд колхозмæ ба- цыдысты, æмæ сæм цард бахудт йæ мидбылты. Габой- ыл 9 азы куы цыдис, уæд, 1927 азы, бацыд фыццаг хатт скъоламæ. Зæрдæргъæвд разынд ахуырмæ. Нæ уыдысты нывыл Габойæн йæ сабион бонтæ. Ног ныллидзæг бинонтæн цъус бантыст иумæ ацæрын. Да- нел æрбамард 1929 азы, афæдзы фæстæ аивгъуыдта мад Госæ дæр. Хæдзары уæз æрæнцад хистæр сывæллон Иваны уæхсджытыл. Куыста, фыдæбон кодта, Габойы æфтыдта ахуыры фæндагыл. Габо зыдта хæдзары уавæртæ, æмбæрста, ахуырæн ын фадæттæ кæй нæй æмæ иу-цалдæр лæппуйæ куыста- гур балæууыдысты Ростовы. Куыста, фæлæ йæ зæрдæ дзырдта йæ ахуыримæ. Бацыд Новочеркасскы техникум- мæ, фæцахуыр дзы кодта дыууæ азы, стæй йæ ныу- уагъта йæ мæгуырдзинады аххосæй. Фæстæмæ йæ ных сарæзта Ирыстонмæ, бацыд кусынмæ Беслæны маисон комбинатмæ. Æвзонг лæппу рацыд адæмы ’хсæнмæ, федта коллек- тив, бамбæрста, цард фидар цæджындзтыл амад кæй у Ныр цардмæ акаст æндæр цæстæй, ныр бæстондæр бам- 146
бæрста царды ад æмæ царды ратæдзæнтæ. Маисон ком- бинаты хорз драмон къорд уыд. Йæ аразджытæй иу уы- дис Хъайырты Владимир. Хæххон лæппу æвзыгъд уыд зарынмæ, кафынмæ, бацыд ацы къордмæ, йæ архайд, йе змæлдыл ын сæ цæст æрæвæрдтой адæм. Габо-иу арæх æрымысыд йе ’взонджы бонтæ, йæхи Зруггомы. Зруггомы тыххæй-иу къæхтыбынæй ныуулæ- фыд æмæ-иу загъта, мæ ком фесæфт мæ фæстæ, цæрæг дзы нал ис. Таугазы фырт-иу арæх ракодта 1936 азы кой. Уæд Мæскуыйы уыдис Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон кусджыты Олимпиадæ. Уырдæм æрвыст æрцыд Габо дæр, уым базонгæ зынгæ композитор Кокойты Тæтæр- хъанимæ. Тæтæрхъан уæд йæ цæст æрæвæрдта Габойы змæлд æмæ арæхстдзинæдтыл, уæд ын ской кодта, цæ- мæй Габо æрцæуа Хуссар Ирыстоны театрмæ. Æцæгдæр æрцыд æмæ кусын райдыдта нæ театры. Бакуыста дзы иу аз, стæй кæсы, Ленинграды театра- лон институты чи ахуыр кодта, уыдон куыд сыздæх- тысты сæ улæфты рæстæджы Цхинвалмæ, семæ ссыдис сæ ахуыргæнæг Александр Уасилы фырт Соколов дæр. Га- бо ацы фæлтæры куы федта, семæ куы базонгæ, уæд æй æрфæндыд Ленинградмæ. Театры къухдариуæгад разы нæ уыд Габойы фæндоныл, фæлæ сæ басаста Соколовы ныхас, уый федта, Габо стыр курдиаты хицау кæй у, уый. Стыр зонды скъоламæ бахауд Габо, Ленинграды ин- ституты йыл сæ цæст æрæвæрдтой зынгæ режиссертæ Леонид Сергейы фырт Вивьен, Александр Уасилы фырт Соколов æмæ Иринæ Всеволоды чызг Мейерхольд. Зын уыд хæххон лæппуйæн Уæрæсейы сæйраг горæты ахæцын, фæлæ фæрæзта, быхста, йæхи æппæрста йæ ролты миддуне бамбарынмæ. Йæ фыццаг ролтæ уыдысты: Гольдо- нийы «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг»-ы - æххуырст, М. Горь- кийы «Фæстагтæ»-йы - Петр, Шекспиры «Отелло»-йы - Кас- сио, Рт. Островскийы «Тæрк-къæвда»-йы - Борис æмæ æнд. Йæ ахуыргæнджытæ федтой, кæй ис сæ разы театрæн стыр сомбон чи сараздзæн, ахæм адæймаг. 147
Ленинграды театралон институт каст фæцис 1941 азы. Ногæй æрыздæхт Хуссар Ирмæ æмæ нæ театры фæкуыс- та 1945 азмæ. Уыцы аз ацыд Цæгат Ирмæ, сæ театры фæ- куыста 1957 азмæ. 1957 азы фæстæмæ æрыздæхт Хус- сармæ, нæ театрмæ æмæ дзы фæкуыста суанг йæ амæлæ- ты бонмæ. Бирæ фæлгæнцтæ сарæзта Габо нæ театры сценæйыл, бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста йæ саразгæ фæлгæнцтыл кусгæйæ. Габо - алварсон курдиа- ты хицау, йæ зарынмæ лæг хъусынæй не ’фсæст, йæ кафт уыд рог æмæ уæздан, ацæргæ лæджы кары куы уыд, уæддæр цæрдæгуыд къах-къухтыл кафынмæ. Ие стыр сфæлдыстады райдиан уыдис Цагарели-йы комеди «Ды цы федтай, уый нал фендзынæ»-йæ. Уым сæххæст кодта Къохтайы роль. Пьесæ «Зынджы стъæл- фæнтæ»-йы та ахъазыд Мичеллойы роль. Æрсдонау фенкъуыст Габойы стыр курдиаты фæндаг. Уæдмæ не сценæйыл фæзынд Туркменаг драматург Г. Мухтаро- вы комеди «Аланты бинонтæ». Ам Габойæн бахæс код- той æвзыгъд лæппу Алты роль. Пьесæйы цыбыр сюже- ты уынæм: колхозы сæрдар Байрам паплой кодта кол- хозы мулк. Йæ ныхмæ уыдысты колхозонтæ, фæлæ уы- доны ’хсæн сæрæндæр разынд Алты . Байрам Алтыйæн уыдис йе знаг, афтæмæй та йын уарзта йæ хо Язгулы. Се ’хсæн цы сыгъдæг æмæ рæсугъд уарзондзинад уыд, уый Алты-Габо равдыста тынг арæхстджынæй. Мамсыраты Дæбе бирæ уарзта Алты-Габойы хъазт æмæ алы хатт дæр цыдис йæ уынынмæ. Габомæ æрхауд узбекаджы ролы ахъазын дæр. Габо ныр æххæст кодта А. Каххары пьесæ «Зæлдаг гауыз»-ы Ра- химджаны роль. Уый дæр уыд колхозы сæрдар, йæ адæмы бирæ чи уарзта, колхозы размæцыдыл чи цин кодта, ахæм адæймаг. Спектакль Дзæуджыхъæуы сценæйыл цыдис, йæ режиссер уыдис Хуыгаты Геор. Газет «Рæстдзинад» стыр аргъ скодта Таугазы фырты арæхст-дзинадæн. Цæгат Ирыстоны драмтеатр уæд сæвæрдта зынгæ гуырдзиаг фыссæг, ирон адæмы хæлар Даниел Чон- кадзейы уацау «Сурамы фидар»-мæ гæсгæ спектакль. 148
Габомæ ныр та æрхауд гуырдзиаг мæгуыр лæг Хуциайы роль. Хуциа уыд хуымæтæг фæллойгæнæг лæг, раст æмæ æнæхин, агуырдта царды фыдбылызты ратæдзæн, уарз- та рæстдзинад, æрхъуыдымæ рæвдз, царды фæзилæнты арæхстджын. Ацы роль æххæстгæнгæйæ, Габо равдыста стыр арæхстдзинæдтæ Хуциайы удыгъæд равдисыны. 1960 азы Хуссар Иры театр гастролты уыд Цæгат Ирыстоны. Цы фондз спектакль аластой, уыдонæй иу уыд Э. Ранеты драмæ «Хæтæнхъуаг фырт». Таугазты Гав- рил ам хъазыд Ранемичы ролы. Цæстæвæрæн фæцис Гаврил уыцы ролы хъазгæйæ. Ранемич уыдис, цард кæй аууæрста, стыр зындзинæдты чи бахауд, ахæм адæймаг, кæцы нал ауæрста райгуырæн бæстæйыл, ссис уæйгæнæг, нал ауæрста йæ Фыдыбæстæйыл дæр. Йæ къухмæ баха- уд сидзæр, æнæхицау лæппу, æртхъирæнты руаджы дзы скодта йæхицæн фыдгæнæг æмбал. Таугазы фырты диссаджы змæлд æмæ архайдæн уæд стыр аргъ скодта зынгæ ирон режиссер Магкаты Арсен. В. Шекспиры сфæлдыстады иувæрсты нæ ахызт Га- бо. Шекспиры пьесæ «Æнæбары дохтыр»-ы хъазыд Ле- андры ролы, «Паддзах Лир»-ы - Герцоджы ролы, «Отел- ло»-йы - Ягойы ролы, «Гамлет»-ы - Полонийы ролы. Æмæ канд Шекспир нæ, ирон драматургтæй дарддæр Гаврил бирæ нациты фысджыты пьесæты хъазыд. Куыд, зæгъæм: Мольеры комеди «Скапены миты» - Скапены фæл- гонцы; Э. Войничы «Овод»-ы - Мартины ролы; Шиллеры «Абырджыты» - Шпигельбергы ролы; Б. Нушичы «Фило- софты дохтыр»-ы - Благойы ролы; А. Островскийы «Тæрк- къæвда»-йы - Борисы ролы; «Чызг æнæ чындздзон дзау- ма» - Карандышевы ролы; М. Горьки-йы «Егор Булычев»-ы Башкины ролы, К. Треневы пьесæ «Любовь Яровая»-йы - Малинины ролы; Е. Чирсковы «Уæлахиздзаутæ»-йы - Сер- гейы ролы; А. Корнейчукы «Макар Дубравæ»-йы - Сими- ненкойы ролы; В. Гусевы «Рыбаковы фырт»-ы - Коляйы ролы; Н. Погодины «Кремлы куранттæ»-йы Ленины ролы; И. Штокы аргъау «Хæйрæджыты куырой»-ы - Сауджыны ролы æмæ æнд. 149
Æппæт уыцы пьесæтæ æмæ фæлгæнцтæ дзурæг сты, Та- угазы фырт стыр курдиаты хицау кæй уыд, кæй рæхст, сæ дæсныйад алыхуызæттæ кæмæн уыд, уыцы фæлгæнцты миддунемæ ныккæсын. Раст фыста йæ рæстæджы зынгæ те- атралон критик Бæциаты Агуыдз: «Егъау, бæллиццаг æмæ фæзминаг бынтæ ис Таугазты Гаврилæн йæ репертуары уырыссаг æмæ советон классикæйы драматургийы. Артист нын нæ размæ ракодта фыдыбæстæ уæйгæнджыты, уарзон хъæбулты, курдиатджын разамонджыты, фæлтæрдджын адæмы, цардбæллон лæппуты. Таугазы фырт ахъазыд Ле- нины ролы зæрдæмæдзæугæ. Ис Гаврилæн ацы ахсджи- аг темæйы йæхи конд фæндаг, ракодта йыл бирæ хорз сурæттæ æмæ ма, æвæццæгæн, кæнгæ дæр ракæндзæн, æвæдон нæ уыдзысты».1 Æрдхæрæйнаг уыд Габойы курдиат национ драма- тургийы фæлгæнцтæ æххæст кæнгæйæ, ирон лæджы кад, намыс, æхсар æмæ æндæр хорз миниуджытæ йæ туджы уыдысты, уыдæттæ Зруггомæй рахаста. «Таугаз- ты Гаврил райгуырд ирон хæдзары, ирон адæмы ’хсæн схъомыл, ирон туг, ирон æфсарм йе уæнгты хъазы, Иры дзыллæты хуыздæр миниуджытæй йæ сыгъдæг хъуыдытæ сты нывæст. Уымæн æрбахаста ирон аивадмæ дзыллæты фарн, нæ адæмты хуыздæр æнкъарæнтæ, уымæн фæхуды, ирон æгъдау æмæ æфсармы сæр чи аппæрста, ахæм ницæйæгтыл, уымæн сæ æфхæры карз адæмы хуыздæр хæрзиуджытæй иуæй - мæстæлгъæд æмæ цыргъзонд æлхыскъ ныхасæй».2 Хорз зонгæ уыд Гаврил ирон классикон драматурги- имæ, егъау аргъ кодта нæ драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойæн. Кæд Гаврилæн йæ бæллиц Хазбийы ролы ахъазын уыд (пьесæ «Хазби»), уæддæр æм фыццаг уый не ’рхауд, Гаврилæн уал бахæсгонд æрцыд Агуыбечыры роль. Тынг бакуыста Гаврил ацы фæлгонцы æххæстæй сценæмæ рахæссыныл. Уый уы- 1 Бæциаты Лгуыдз. Адæмы фарнæй. - Цхинвал. 197°> фл81. 2 Уый дæр уым, ф. 182. 150
дис Хазбийы хæстон æмбал, хистæрты раз æфсарм кæмæ уыд, йæ уарзон чызджы раз æгъдау кæмæ ис, кæстæртæн фæзминаг чи у, ахæм хъæбатыр, цæхæрцæст хæстон. Ахæмæй йæ рахаста адæмы размæ Таугазты Гав- рил дæр. Цыдис рæстæг, Гаврилмæ æрхауд Хазбийы роль. Нæ те- атр «Хазби»-йы куы сæвæрдта йе сценæйыл, уæд мæхæ- дæг дæр уым уыдтæн. Диссаг уыд Гаврилы хъазт. Йæ рæс- тæджы ацы фæлгонц æххæст кодта Таутиаты Соломон. Со- ломоны чи федта хъазгæ, уыдон ныр дызæрдыг кодтой Гаврилыл, зæгъгæ, Таутиаты Соломоны фæстæ Гаврилы Хазби цы хъуамæ уа. Хазби кæуылты ирон лæппулæг уыд - хъаруйæ, зондæй, фезмæлдæй. Таугазты Гаврил хорз зыдта Соломоны арæхстдзи- нæдтæ, фыдæнхъæл нæ фæкодта хуссайраг ирон сценæ- мæкæсджыты, Хазбийы ролы афтæ бацыд, æмæ адæм дæр йемæ змæлæгау кодтой, куыдтой Хазбийы «мар- дыл», куы фæзындысты Хазбийы мад Нана - къонайы рæхыс йе ’фцæджы, Ханиффæ - Хазбийы ус, Госка æмæ Сæниат - Хазбийы хотæ, сæ рустæ, сæ уæрджытæ хойгæ, уæд. Алыхуызон рæстæджытæ, алыхуызон сюжеттæ, алы- хуызон фæлгæнцтæ. Гаврилы бæрны дзы кæй бакæ- нынц, уыцы фæлгонцы миддунемæ ныккæсын фæразы кæддæриддæр. Уырыймæгты Езетханы «Знæгтæ»-йы Гаврилы бæр- ны уыд Махары роль. Æрцыд фæсхохæй куыстагур, ба- цыд æххуырсты, кæсы алы бон дæр дурзæрдæ Сæниаты митæм, фæлæ йæхиуыл цагъайраджы къæлæт æвæрын нæ бауагъта. Гаврил æй æвдисы æцæг ирон лæппуйæ, худæн аргъ чи кæны, къозбаудзинад кæмæ нæй, царды сæрыл тох кæй хъæуы, уый чи æмбары, ахæм адæймагæй. Мæнæ ныр та æндæр фæлгонц - Батрадз. Хъайттаты Сергейы пьесæ «Таймураз»-ы Гаврил хъазы Таймуразы æрдхорд Батрадзы. Ам æй бахъуыдысты фыдæлты хорз хæзнатæ: кафын, зарын, хъæлдзæг ныхас. 151
Кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Гаврилæн, Туаты Да- уыты «Сидзæргæс»-ы куы æххæст кодта Габейы роль, уæд. Габе уыдис мæгуыр хæххон лæг, царды исбонæй цух. Мæгуыр, фæлæ цæсгомджын, цардæй - æфхæрд, фæлæ раст адæймаг. Мæгуырдзинад ын нæ сафы йæ лæгдзинад, цæсгомджын кæй у, уый та йын дæтты сæрыстырдзинад. Гаврил куы базонгæ Габейы фæлгонцимæ, уæд йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ сабион бонтæ Зруггомы, йæ фыды архайд æмæ дарæс. Тынг арф айста йæ зæр- дæмæ Габейы фæлгонц, Габейы удыгъæд, тынг ыл æрæ- вæрдтой адæм сæ цæст. Зынгæ поэт æмæ драматург Плиты Грис Габойы хъазт- мæ куы бакаст, уæд газет «Рæстдзинад»-ы афтæ фыста: «Тынг барухс кодта адæмы зæрдæтæ Таугазты Гаврил, йæ арæзт фæлгонц Габе баззайы хъуыдыты, уайы цæстытыл, айзæлы хъустыл йæ хъæлæс. Хуымæтæджы хæххон лæг, йе ’рчъиты фæсал, йæ къæрид кæрц, йæ фæлмæн ныхас - се ’ппæт дæр æххуыс кæнынц зæронд Ирыстоны æфхæрд лæджы зæрдæйы уаг, йæ фæндтæ, бæллицтæ, йæ абон, йæ фидæн, йе ’хсар равдисынæн».1 Бынтон æндæр лæг уыд Саламджери (Брытьиаты Е. «Дыууæ хойы»). Нæ уыд хайджын ирон лæджы кады митæ æмæ хъуыддæгтæй. Асиаты аскъæфын уымæ каст æцæг лæджы мийыл. Гаврил афтæ сæххæст кодта ацы роль, æмæ йæ адæмæн удхæссæг фестын кодта, фосæй уæлдай адæймаджы миниуджытæ чи нæ хатыд, ахæмæй йæ рахаста рæгъмæ Габо. Кæнæ Дзæрæхмæты фæлгонц (Туаты Д. «Хæрзойты Фатимæт».) Дауыты æз хорз зыдтон, йе сфæлдыстадыл бирæ бакуыстон, мæ диссертаци ууыл уыд æмæ мын иу хатт афтæ загъта, ома Дзæрæхмæт мæнæн рауад фæлурс, лæмæгъ фæлгонц, фæлæ Габойы хъазгæ куы федтон, уæд мæ бауырныдта иу хъуыддаг - Дзæрæхмæтæй æцæг фæлгонц сарæзта Таугазты Гаврил. Нæ ахызт Гаврил Къостайы сфæлдыстады иувæрсты. «Фатимæ» сценæйыл куы фæзынд, уæд дзы хъазыд 1 Плиты Грис. «Сидзæргæс». Газ. «Рæстдзинад», 19.04.1953- 152
Дзамбулаты ролы. Тынг бамбæрста актер Дзамбула- ты удыхъæды миниуджытæ, куыд сæфы иу дуг, йæ бы- нат ын ахсы æндæр, Дзамбулат хъавы фыдæлты дуг бауромынмæ, фæлæ рæстæгæн бауромæн нæй. Раст зæгъы Агуыдз: «Уымæн (Дзамбулатæн — Л./Г) йе ’рдзон курдиат чысыл нæ уыд, лæджыгъæдæй йæм фау чи баха- стаид, фæлæ йæ замантæ аивгъуыдтой, зæхх йæ къæхты бын фессыдта æмæ лæбуры æрра сырдау. Ныккалд йæ фыдæлты мæсыг, нал ис царды бындур æмæ йæ ма- сты хæрамæй кæуинаг æмæ маройаг фæкодта, хæххон сæгуытау, сыгъдæгзæрдæ Фатимæйы».1 Æппæт фæзилæнтæ дæр арæзта Гаврил, мæхæдæг дæр массон сценæты истон хайад æмæ уыдтон Гаврилы змæлд, Гаврилы ахаст Дзамбулаты фæлгонцмæ. Уæдæ кæуылты уыд йе ’нтыст, «Бæтæйы фыртты» маргджын, туг баназыныл фæсте чи нæ фæлæууыдаид, уыцы Дудайы ролы куы хъазыд Гаврил, уæд. Кæуылты уыд адæмы хæрамдзинад Шахмурадмæ, кæ- цы йæ хъæздыгдзинадæй сæрбæрзæндты каст адæммæ, дунемæ каст æмæ йын аргъ кодта исбонмæ гæсгæ. Стыр кур- диаты хицау разынд ам дæр Гаврил (Туаты Д. «Аргъау»). Бахызт Гаврил аргъæутты дунемæ æмæ уым дæр æгуыдзæг нæ разынд. Саулохты Мухтары «Нарты Батрад- зы» æххæст кодта Ацæмæзы роль. Ам дæр та Гаврилы бахъуыдысты Ироны арæхстдзинæдтæ зард æмæ кафты, уæлдай диссагдæр та уый уыд, нарты цæджджинаджы былтыл куы кафыд. Таугазты Гаврил райгонд уыд, зынгæ драматург Гаг- лойты Володяйы фæллæйттæй. Уый зынгæ фæхъæздыг- дæр кодта нæ театры репертуар. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Гаврил Володяйы пьесæты архайгæйæ. Уыдон та уыдысты «Залинæ» - хъазыд Фидары ролы; «Кадæг уар- зондзинадыл» - æххæст дзы кодта сæрдар Аксойы роль; «Сыгъзæрин фæткъуы» - сарæзта дзы Гæуысы зæронд колхозон, дыргъдон хъахъхъæнæджы зæрдæмæдзæугæ фæлгонц. 1 Бæциаты Агуыдз. «Адæмы фарнæй». - Цхинвал, 1970> Ф-^93- 153
Фæзынд ирон сценæйыл Хацырты Сергейы пьесæ «Дудар æмæ йæ хæлæрттæ». Ам Гаврилæн бахæсгонд æрцыд æрыгон шофыр Саламы роль. Тынг фæцыд адæ- мы зæрдæмæ Гаврилы хъазт, йæ фердæхтдзинад. Гаврил уарзта алыхуызон ролтæ, уый фидарæй уыр- ныдта иу хъуыддаг - царды дыууæ адæймаджы иугъуы- зон никуы уыдзысты. Уыцы хъуыдытимæ бавнæлдта Гинойы роль æххæст кæнынмæ. Уый та уыд Токаты Асæхы комеди «Усгуртæ»-йы сæйраг архайджытæй иу. Дзæвгар азты ирон сценæйæ нæ хызт Хуыбецты Рая æмæ Хуыгаты Георы комеди «Софьяйы зарæг». Ам дæр та разынд Гаврилы æрмдзæф Хуындæджы фæлгонц æх- хæст кæнгæйæ. Гаврил Цæгат æмæ Хуссар Иры сценæтыл сарæзта 200 фæлгонцæй фылдæр. Егъау у Таугазы фырты сфæлдыстад, зынаргъ сты нæ театрдзаутæн Гаврилы лæггæдтæ. Гав- рилæн театр йæ мад уыд, сценæ та - йæ авдæн. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадт, афтæмæй куыста цардæй ист фæлгæнцтыл æмæ сæ хаста адæмы размæ цæттæйæ. Фæл- вых фæлгонцимæ никуы рахызт Гаврил сценæмæ. Таугазты Гаврилы егъау лæггæдтæн йæ рæстæджы Советон хицауад саргъ кодта: лæвæрд ын æрцыд Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы æмæ Гуырдзысто- ны республикæйы сгуыхт артисты нæмттæ.
ХЪАЙЫРЫ ФЫРТÆМÆ ЙÆ ФÆНДÆГТÆ Хъайырты Владимир Кæуылты уыд йæ царды фæндаг ирон курдиатджын ар- тист, зынгæ режиссер, Гуыр- дзыстоны республикæйы аивæд- ты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Иры- стоны паддзахадон драмон те- атры рæнхъон артистæй сæй- раг режиссермæ чи схызт, уы- цы Хъайырты Владимирæн (Ба- лойæн). Æрыдон ирон фысджыты, ирон театралон архайджыты, ирон интеллигенцийы бирæ минæвæртты авдæн уыд. Æрыдойнаг уыд Хъайырты Владимир дæр. Уый райгуыр- дис 1913 азы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Цыбыркъух уыд йæ фыд Зауырбег, нæ йæ амыдтой йæ фадæттæ би- нонты фæдарыны хъуыддаджы. Æмæ ууыл дæр хъæцы- даиккой бинонтæ, фæлæ Балойыл æртæ азы куы сæххæст, уæд Зауырбег конд æрцыдис Турчы фронтмæ æмæ уым бабын. Уæззау уавæрты бахаудысты бинонтæ. Мад уы- цы зындзинæдтæ не сфæрæзта æмæ уый дæр йæ адзалы фæндагыл ацыд. Баззадысты сидзæрæй æнахъом сабитæ тæккæдæр 1917 азы къæсæрыл. «Сидзæр амалджын у», - зæгъы ирон æмбисонд. Бало- йы хистæр æфсымæртæ Темырболат æмæ Ханджери амал- хъом фесты, хæдзарæн цæмæйдæрты æххуыс кодтой, фæ- лæ сæ катай уыдис сæ чысыл, цыппараздзыд Балойыл. 155
Бало гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд. Йæ царды фæн- даг райдыдта Æрыдоны сабиты сидзæрдонæй. Æцæг, æфсымæртæй рох никуы уыд, сæ лæггæдтæ сын мысыд алы бон дæр. Хæдзарвæндаг æрдзæй æвзыгъд уыдысты аивадмæ, уæлдайдæр та Темырболат (Советон дуджы зынгæ дох- тыр). Уый активон хайад истаÆрыдоны хихъæппæрисон къордты, хорз цагъта ирон музыкалон инструменттыл, арæхстджын уыд кафынмæ. Иемæ кæддæриддæр кодта Балойы, ахуыр æй кодта куыд музыкалон инструмент- тыл цæгъдын, афтæ кафын æмæ зарыныл дæр. Хъайыры фырт аивады фадыджы цы бæрзæндмæ схызт фæстæдæр, уый тыххæй кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыд йе ’фсымæр Темырболатæй æмæ ирон те- атры корифей Тæбæхсауты Балойæ. Дыууæ Балойы сæм- бæлдысты Æрыдоны хъæууон клубы æмæ уырдыгæй иумæ, цæдисы галтау, лæгæрдын райдыдтой бæрзонд те- атралон галуанмæ. Бало хæрзæвзонгæй ссис чиныджы хæлар, æртындæс- аздзыдæй райдыдта Шекспиры кæсын, Нарты кадджытæ нал æппæрста йæ къухæй. Уæдмæ йæм æрбахауд æндæр хæзнатæ - Къоста æмæ Елбыздыхъойы сыгъзæрин уац- мыстæ. Къостайы «Ирон фæндыр» кæсгæйæ, Бало бирæ цæссыгтæ фæкалдта йæ сабион бонтыл, уæд-иу Бало дæр Къостайау загъта: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, дæ мад амæла», кæд ын æфсымæртæ уыдис, уæддæр. Æрыдоны скъола, Æрыдоны семкнар. Уыдонимæ сба- ста йæ сомбоны хъысмæт Бало. Уым базонгæ Къоста, Ел- быздыхъо, Арсен, Къубалты Алыксандр æмæ æндæрты сфæлдыстадимæ. Æрыдонæй райдыдта Бало йæ театра- лон архайд дæр. Къостайы поэмæ «Лæскъдзæрæн» куы каст, уæд-иу ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Цæстæвæрæн фæцис Бало æвзонгæй, 1926 азы Брытъиаты Елбызды- хъойы комеди «Уæрæседзау» Æрыдоны адæмы размæ куы рахастой, уæд. Бало дзы хъазыд Муссæйы ролы. Балойæн Æрыдоны хъæууон клуб ссис йæ дыккаг хæдзар æмæ дзы нал рахызт суанг 1932 азмæ. Æрыгон 156
артисттæ хызтысты иу спектаклæй иннæмæ, æмæ канд Æрыдоны нæ, сæ цæст сыл æрæвæрдтой Алагир, Мы- зур, Садон, Дигора, Хъæдгæрон æмæ æндæр хъæуты цæрджытæ дæр. Цы хастой адæмы рæгъмæ, уыдон та уыдысты «Худинаджы бæсты - мæлæт», «Дыууæ хойы», «Зауырбег», «Мариам», «Таймураз», «Чермен», «Уæрæседзау» æмæ æндæртæ. Балойы цард агурын хъуыд, æдзух æфсымæрты къух- мæ кастаид, уый йæ нæ фæндыд æмæ 1933 азы кусынмæ бацыд Беслæны маисон комбинатмæ, уый æмрæстæджы ахуыр кодта рабфачы 1933-1935 азты. Комбинаты дæр йæ тыхтæ радта драмкъорд йæ къахыл сæвæрынмæ, æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Ам дæр та йæ фарсмæ уыдысты Тæбæхсауты Бало, Хъуылаты Гала, Уы- рысты Уырысхан, Дудайты Аврам æмæ æндæртæ. Æнгом æмгæрттæн бирæ хæрзгъæд спектаклтæ сæвæрын бан- тыст. Уыдонимæ дæр æрзылдысты Цæгат Ирыстоны хъæуты. Цæгат Ирыстоны профессионалон драмтеатр байгом 1935 азы. Уæдмæ Балойы уæнгты ахъардта сценæйы уæззау æмæ уарзондзинады «низ». Æрыдойнаг лæп- пуйæн фаг нал^ыдысты хъæууон æмæ заводон-фабри- кон сценæтæ. Иæ арæхстджын уæнгтæ айвазынæн æй хъуыд профессионалон театр, кæцы уыд æрмæст Цхин- валы, æмæ байгом 1931 азы. Бало æрцыд Цхинвалмæ 1935 азы. Бацыд нæ театрмæ. Æппæтæй дæр сæ зæрдæмæ фæцыд. Театры коллективы фидарæй бауырныдта, рæбинаг цæджындзтæй театрæн иу кæй уыдзæнис Бало. БавнæлдтаХъайыры фыртуæхскуæзæй кусынмæ. Ку- сынмæ та уыд æрдхæрæйнаг æмæ фыдæнхъæл нæ фæ- кодта нæдæр театры коллективы, нæдæр сценæмæкæс- джыты, къамисары ролы (Беджызаты Ч., «Ссæдзæм аз»), стæй уæд Перчаткины ролы (В. Шваркины «Кæйдæр сы- вæллон») хъазгæ йæ куы федтой, уæд. Бало зæрдæрухсæй сæмбæлд театры курдиатджын фæлтæрыл. Уыдон та уыдысты Мамиты Димитр, Дзæ- 157
хаты Дзæбидыр, Цоциты Нинæ, Дзаттиаты Сона, Гуг- каты Саша, Гуыбиаты Георги, Цхуырбаты Палуш æмæ æндæртæ. Уыдон фæлтæрд коллектив уыдысты, куы сæм бакаст Бало, уæд бамбæрста, ам бирæ кусын кæй хъæуы, уыдонимæ æнцон анцайæн нæ уыдзæнис иу æфсондзы. Иууыл стырдæр хъуырдухæнты бахауд, Хазбийы роль ын куы бабар кодтой, уæд. Бало хорз æмбæрста, чи у ирон адæмæн Хазби, цæййас у сæ уарзондзинад Алыкка- йы фыртмæ. Æмбæрста йæ, куыста йыл, кæд Бало-Хазби адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд, уæддæр Хъайыры фырт хатын райдыдта иу стыр хъуыддаг: хъæуы ахуыр кæнын, ацы тыхтæ фаг не сты. Актермæ хъуамæ уа профессиона- лон цæттæдзинад. Уыцы хъуыдытимæ ацыд Владимир Ленинграды паддзахадон театралон институтмæ. Уый уыд 1936 азы. Йемæ уыдысты фæсивæдæй иу къорд, те- атралон аивадыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, ахæмтæ. Уы- дон та уыдысты: Мæхъиты Владимир, Таугазты Гаврил, Мæргъиты Сослан, Багаты Федыр, Гаглойты Варя æмæ Зинæ, Гæззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Тедеты Андрей, Къæбулты Гриша, Магкоты Ната- ша, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варæ æмæ Залихан, Цæбиты Нинæ, Тадтаты Вл. Фæцахуыр дзы кодтой 1941 азы райдианмæ. Кæуылты уыд сæ хъару, сæ арæхстдзинад, ногæй цæхæркалгæ стъа- лыйау рарттывта театры сценæ. Барухс йæ зæрдæ Балойæн, æрцыд йæ институтæй, йæ ахуырæй. Канд актеры дæсныйад нæ, ныр та йын йæ зæрдæ æууилын райдыдта режиссеры дæсныйад. Уыцы хъуыддагмæ йæ тыхтæ радта, фæстаг курсыты куы ахуыр кодта, уæд. Сæ цæст ыл æрæвæрдтой зынгæ режиссертæ, уæлдайдæр Барис Михалы фырт Сушкевич æмæ профессор Леонид Федыры фырт Макарев. Актерон факультет каст фæцис, режиссерон факуль- тет кæронмæ нал ахæццæ кодта - райдыдта Стыр Фыды- бæстæйон хæст. 1941 азæй Бало райдыдта йæ фыдæбоны хай Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмтеатры актерæй æмæ ре- 158
жиссерæй. Хæсты уæззау дуг тынг фæзынд ацы театрыл дæр, йæ курдиатджын фæлтæрæй бирæтæ æрцыд конд тугкалæн хæстмæ, сæ фылдæрæн нал бантыст сæ уар- зон театрмæ æрыздæхын. Куыста уæхскуæзæй Бало. Театр бавнæлдта класси- кон драматургимæ, рауæрæх Балойы авналæнты бын- дур. Кæуылты уыд, куы сæвæрдта Саулохты Мухтары пьесæ «Нарты Батрадз», куы федтой адæм Балойы Му- карайы ролы. Адæм, сценæмæкæджытæ федтой хъæд- дых, уæйгуытæарæзт адæймаджы. Уæдæй фæстæмæ Ба- лойæн йе сценæйы фæлгæнцтæй иууыл хуыздæр æмæ тыхджындæрыл нымад æрцыд Мукара. Ныххæррæт кодтой кæрæдзи фæдыл Балойы стыр арæхстдзинад æвдисæг фæлгæнцтæ. Ахæм пьесæтæ та уы- дысты: М. Горькийы «Фæстагтæ», Гольдонийы «Дыууæ хи- цауы лæггадгæнæг», К. Симоновы «Уырыссаг адæм», Са- улохты Мухтары «Гаци», Хъæцмæзты Ильяйы «Исахъ», Мольеры «Æнæбары хосгæнæг». Балойы æрмæст йæхи уды, йæхи æнтыстыты мæт нæ уыд, йæ сæйраг сагъæс уыд хæсты уæззау бонты театры коллективыл. Бирæ куыста семæ, архайдта уыдон про- фессионалон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл. Ууыл та дзурæг у æндæр хъуыддаг дæр. Бало хæсты уæззау дуджы сарæзта студи, райдыдта фæсивæды цæттæ кæнын. Æмæ куыд æнхъæлут, уыдонæй бирæтæ фæстæдæр систы æцæг актертæ, ирон сценæйы чи хъуы- дис, ахæмтæ. Уæддæр æмæ уæддæр курдиатджын режиссер суæ- вын - уыцы хъуыды Хъайыры фыртæн æнцойдзинад нал лæвæрдта, æмæ 1944 азы балæууыд Мæскуыйы паддзаха- дон театралон институты режиссерон факультеты. Хъайыры фырты царды уæд егъау ролы ахъазыды- сты зынгæ советон режиссер æмæ ахуыргæнæг Сахнов- ский Уасил Григоры фырт, курдиатджын артист æмæ номдзыд режиссер Дикий Алексей. Уыдон руаджы Бало схызт аивады бæрзонд къæпхæнмæ. Уæд сулæфыд æцæг хъуыддаджы режиссер æмæ загъта йæхицæн, ныр кусæн 159
ис нæ адæм æмæ нæ ирон театры сæрвæлтау, зæгъгæ. Уыцы хъуыдыимæ рараст Ирыстонмæ æмæ балæууыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмтеатры. Ссис ног кол- лективы актер. Уæдмæ театр йæ къахыл слæууыд (хæсты азты фылдæр æхгæд уыд). Бало ног коллективимæ рай- дыдта кусын ног тыхтæй. Тагъд æрæвæрдтой сæ цæст Ба- лойы уæнгты кондыл дæр æмæ йæ арæхстдзинадыл дæр. Театры режиссурæ Балойы бæрны бакодта бирæ ахсджи- аг фæлгæнцты. Уыдон тауыдысты: «Уырыймæгты Езетха- ны «Знæгты» - Сафа, А. Островскийы «Тæрккъæвда»-йы - Паратов, Шекспиры «Король Лир»-ы - Глостер, Лопе де Вегайы «Лауренски»-йы - Командор Лопе; К. Треневы «Любовь Яровая»-йы - Кошкин, Токаты А. «Усгурты» - Сæуджен, Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы» - Хъылцыхъо, Мамсыраты Д. «Хæсанæ»-йы - Хæсанæ æмæ æндæртæ. Се ’ппæты дæр Хъайыры фырт йæхи равдыста хъуыды- джын æмæ арæхстджын артистæй. Уыдæттæ хъуыддæгтæ уыдысты, уæдæ цы. Бало Мæс- куыйы театралон институты режиссерон факультет каст нæ фæцис. Сахуыр дзы кодта иу аз, стæй йæ ныууагъ- та йе ’нæниздзинады тыххæй. Уыцы хъуыддаг Хъайыры фыртæн æнцойдзинад нæ лæвæрдта, æмæ та араст ногæй 1954 азы Ленинграды паддзахадон институтмæ - режисе- рон факультетмæ. 1957 азы йæ æнтысгæйæ каст фæцис. Рараст Ирыстонмæ цæттæ режиссерæй. Ныр бындурон цæрæн æмæ кусæн бынатæн равзæрста Цхинвалы горæт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Балойы æрцыд тынг фæзынд театрыл. Мæнæ афтæ цæйау фæзыгъынц - йæ хуыз тынгдæр скалдта. Сценæ- мæкæсджыты нымæц бирæ фæфылдæр. Стыр хъару егъау арæхстдзинæдтæ равдыста Хъайыры фырт театры коллективимæ кусгæйæ. Цæстæвæрæн фес- ты, сценæмæ цы пьесæтæ рахаста, уыдон æххæстгæнгæйæ нæактертæ.Уыцы пьесæты номхыгъдтауыд ахæм: Темыра- ты Д. «Мастисджытæ», Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ», Цагарелийы «Ханума», Уырыймæгты Езетханы «Сæниат», Н. Погодины «Кремлы куранттæ», Райенеты пьесæтæ «Хæ- 160
тæнхъуаг фырт» æмæ «Нуазæн æмæ калм», Гаглойты В. пьесæтæ: «Уарзондзинады кадæг», «Ныййарæджы кадæг», «Иунæджы кадæг», «Сыгъзæрин фæткъуы», Гафезы «Бæсты фарн», Мевришвилийы «Зæй», Хацырты С. «Хъæбатырты кадæг», йæхи фыст драмæ «Бæтæйы фырттæ», Гуыцмæзты М. «Бирæгътæ». Театр æмæ драматургтæ æфсымæртæ кæй сты, сæ тых иудзинады кæй ис, уый Балойæ рох никуы уыд. Кæддæриддæр уый йе ’ххуысы хай кодта пьесæты ав- тортæн, райдайæг драматургтæн, æмæ сæ куысты фæс- тиуджытыл дæр зындис. Хъайырты Владимирæй рох никуы уыдысты суинаг фæлтæр, сомбоны театр кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уыдон. Бало театры бакодта театралон студи. Разæнгардæй йæм цыдысты фæсивæд чызгæй-лæппуйæ. Фылдæр уы- дысты студенттæ, уыдонимæ уыд ацы рæнхъыты автор дæр. Уæдæй фæстæмæ егъау уыдысты нæ бастдзинæдтæ Балоимæ, канд алыхуызон репетициты нæ, фæлæ ма изæрыгæтты театры фæзуаты тезгъогæнгæйæ дæр. Кæд мæнæй бирæ хистæр уыд, уæддæр цæмæдæр гæсгæ, мемæ ныхас кæнын бирæ уарзта. Æмæ уый хуымæтæг ныхас нæ уыд. Ныхас кодта мемæ сценæйы сусæгдзинæдтыл, драматургийы жанрыл. Уый руаджы фылдæр бауарзтон ацы жанр, мæ диссертаци æмæ ирон драматургийыл цы куыстытæ фæкодтон, уыдон тыххæй дæр Хъайыры фыртæй дæн бузныг. Дзæвгар азты куыстон нæ институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæгæй, куыстон деканæй дæр. Уæд бынтон æввахс æрбалæууыдыстæм кæрæдзимæ. Уыцы азты Балойы бæрны бакодтон «Аив кæсын» æмæ «Аив дзурын»-ы предметтæ. Тынг райгонд уыдысты студенттæ Балойæ, уый сын базонын кодта иу хъуыддаг - ирон æвзаджы алы дзыр- дæн дæр ис йæхи ад, йæхи æнкъарæнтæ, йæхи тых, æр- мæст сыл кусын хъæуы! Йæ царды фæндагыл бирæ зындзинæдтæ федта, фæ- лæ сын цудын нæ бакуымдта. Хæцыдис семæ, цыдис сæм 11* 161
риуæй риумæ æмæ сыл кодта уæлахиз. Бало 70 азæй фылдæр схæлар кодта ирон аивадæн, ирон культурæйæн, ирон профессионалон театры рæзтæн, фæсивæды, кæс- тæрты хъомыладæн. Хуссар Ирыстоны, нæ горæты, Балойы чи нæ зыдта, æвæццæгæн, ахæм хъомылгонд адæймаг нæ разындзæн. Афтæ мæм кæсы, Бало изæрыгæтты Театры фæзуаты куы нæ уыд, уæд-иу нæ фидыдта, уæд былкъахыр мæйы хуызæн уыд нæ фæзуат. Уæздан уыд кæддæриддæр Бало хистæртимæ дæр æмæ кæстæртимæ дæр, ныхасæй дæр, уагæй дæр, дзау- майы кондæй дæр. Ирон нæлгоймæгтæй Балойы чи зыдта, уый йын хъуамæ фæзма йæ хорздзинæдты. Хъайыры фыртæн советон дуджы цы аргъ скодтой, цæмæйты йæ схорзæхджын кодтой, уыдон хорз сты, фæлæ сты цъус, фылдæры аргъ уыдысты йæ тухæнтæ æмæ йæ фæллæйттæ. Баломæ æнæмæнгдæр æмбæлдис адæмон артисты ном, æмбæлдис, фæлæ нæ къухы нæ уыд; кæмæ хауд, кæмæй аразгæ уыд, уыдон та (нæ сыхæгты) Хуссар Иры мæт никуы уыд æмæ нын нæ хорздзинæдтæн рæстмæ аргъ дæр никуы кодтой.
КУЫСТ - ЦАРДÆН ФÆРÆЗ Мæргъиты Сослан Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йе ’взонджы бонтæй базæронд- мæ ирон сценæйы фидыц, са- быр, уæздан, фæлмæн зæрдæ- йы хицау Мæргъиты Сослан. Уый уыдис театры хистæр фæлтæрæй, йе ’гъдау, йе сны- хас, йæ уагæй цæвиттойнаг чи уыд, ахæм адæймаг, Театралон фæзуаты-иу чи тезгъо кодта уæздан æмæ сæрыстырæй, уы- цы Сослан. Сослан сæрыстыр уыд, хæх- хон лæппу кæй уыдис, уымæй. Дзауы район, йæ райгуырæн хъæу Тли. Хæххон æвадат хъæу Цард дзы цæджджинагау фыхт, уый зæгъæн нæй, æгъдау, фарн, ирондзинад та дзы тыхджын кæй уыд, уый та хъуыстгонд уыд. Сослан райгуырд 1914 азы, змæст, хæст, революцийы хъæр хæхтæм дæр куы лæгæрста, раст ахæм рæстæджы. Фыды ’рдыгæй раджы баззад сидзæрæй, йæ фыд Та- джи цардæй раджы ахицæн, хæдзары уæз æрæнцад ма- ды уæхсджытыл. Уæрæсейы революци фæуæлахиз, æнхъæвзын рай- дыдта кæройнаг бæстæтæм дæр. Революцийы знæгтæ сæ уд истой, нал ауæрстой адæмыл, сыгътой, куынæг кодтой æппæт дæр, мардтой æмæ сæ цæрæнбынæттæй сырдтой мæгуыр фæллойгæнæг адæмы. Ахæм уавæры 163
бахауд æнæхъæнæй Хуссар Ирыстон 1920 азы. Уæд гуыр- дзыйы меньшевикон хицауад йæ ных сарæзта ирæттæм, фæсырдтой адæмы, басыгътой хъæуты, фæластой фæл- лæйтты. Уыцы лидзæг адæмимæ уыд æд папитæ Сосла- ны мад дæр. Адæм уынгæджы раны уыдысты, уæлдай зындæр та уыдис сидзæргæстæн, сабитæн, зæрæдтæн. Сосланыл уæд цыдис 6 азы. Фæсхохы фесты иу аз. Уый уыдис тухийаджы аз. Æх- хормаг æмæ бæгънæгдзинад, алыхуызон низтæ, тифæй райдайгæйæ, æлдариуæг кодтой лыгъд адæмыл. Фæуæлахиз ног хицауад, адæм здæхын райдыдтой сæ фыдæлты уæзгуытæм. Здæхтысты, фæлæ ма цы æрæй- йæфтой - сыгъды уæлдæйттæ, сисы хæлдтытæ, алайæдзаг сисын къултæ. ÆрцыдыстыСосланитæдæрТлимæ.Æвзонглæппуйы бахъуыд фыййауы лæдзæг райсын, æниу ма фос дæр кæм уыд, бирæтæ ма сæ муртæй æрыскъæрдтой цыдæртæ. Æххуырст фыййау йæ лæдзæг нæ аппæрста 1929 азмæ. 1929 азы, фынддæсаздзыдæй арастис цардагур, куыста- гур фæстæмæ Цæгат Ирмæ, рагæй хъуыста Садоны кой æмæ ссис шахтер. Куыст цардæн фæрæз кæй у, уый Садоны бамбæрс- та Сослан. Хъæууон лæппу аныгъуылд стыр хъуыдыты, стыр коллективы ’хсæн, цардмæ æндæр цæстæй акаст, Тлийы кæм федтаид ногарæзт клуб, цæхæркалгæ элек- троны цырæгътæ. Бирæ ногдзинæдтæ уыдта æвзонг Сослан, фæлæ-иу театры фæзуаты (кæд мадзура уыд, уæддæр) арæх ракодта иу хабары кой, куыд федта фыц- цаг хатт сценæйыл спектакль, куыд бахызт йæ зæрдæмæ театралон аивад, æмткæй театр. Цæгат Ирыстоны драмтеатр рохуаты никуы ныууагъ- та Садоны шахтерты, арæх сæм цыдысты алыхуызон спектаклтимæ. Зынгæ советон драматург Туаты Дауыт уыдис инженер-электрик, куыста Садоны, Садоны клу- бы федта Дзæуджыхъæуы театры спектакль «Номыл усы цот». Уый Мамсыраты Дæбейы пьесæ у Дауыт сидзæрæй схъомыл, йæ мад Бигъуылианы удхæрттæ дзы рох ни- 164
куы уыдысты. Хæдзармæ куы æрбацыд æхсæвы, уæд йæ бонæджы (Дауытæн диссаджы бонæг баззад) афтæ фыс- та: «Дæбе сидзæргæс усы уавæр арæхстджынæй равдыс- та, фæлæ уæддæр зæгъын, мах нырма сидзæргæс устыты раз хæсджын-зылынджын стæм, уæддæр Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» фарсмæ кæй æрæвæрæм, ахæм нæм нæма ис» . Дауыт уæдæй бавнæлдта сидзæргæс усы хъысмæт рæгъмæ рахæссынмæ æмæ йæ зынгæ драмæ «Сидзæр- гæс»-имæ 1940 азы балæууыд паддзахадон театры къæ- сæрыл. Уæдæй фæстæмæ Дауыт йæ дæсныйадыл йæ къух систа, ссис зынгæ драматург, йæ цард æмæ йæ куыст сба- ста театримæ. Садоны клуб фæзылдта æвзонг Сосланы сæрымагъз дæр. Ахæм хабар мын радзырдта театры фæзуаты: «Дзæуджыхъæуы театр нæм æрбацыд Брытъиаты Ел- быздыхъойы пьесæ «Худинаджы бæсты - мæлæт»-имæ. Шахтерты залы къух бакæнæн нал уыд, ныхъхъус сты адæм. Лæууыдтæн сценæмæ схизæны, кæсын архайдмæ, уынын, сбаста Газаккы, ацыд зæронд лæг Берды бæх атæлæт кæнынмæ. Кæсын, Хъырым сайдæй рацыд Газак- кыл, мæнгарддзинад сарæзта лæппуйæн. Кæцы театртæм кæсæг уыдтæн æз, хъуыддаг æцæгыл банымадтон, сгæпп кодтон сценæмæ, феуæгъд кодтон Газаккы. Уый фенгæйæ, сценæмæкæсджытæ худæгæй мардысты, æз та сценæйæ ралыгътæн». Загъта ма уый дæр, дыккаг бон æм клубы хистæр куыд фæдзырдта æмæ йæ куыд бакодта, цы драм- къорд дзы куыста, уырдæм. Уæдæй фæстæмæ Сослан æппæт йæ царды фæндæгтæ сбаста театримæ. Хуссар Ирмæ Сослан æрыздæхт 1935 азы æмæ уæд ба- хызт æцæг профессионалон театры къæсæрæй, уæдæй сбаста йæ цард æмæ йæ тыхтæ театримæ. 1936 азы нæ театры царды æрцыд иу зæрдылдаринаг хъуыддаг: нæ фæсивæдæн йæ дуæрттæ байгом кодта Ле- нинграды театралон институт. Уырдæм Хуссар Ирæй æр- выст æрцыд 18 адæймаджы. Уыдонимæ уыдис Мæргъи- ты Сослан дæр. 165
Ленинграды театралон институт йæ дуæрттæ уæрæх байгом кодта Сосланæн, уæд бамбæрста бæстон сценæйы домæнтæ, сценæйы сусæгдзинæдтæ, фæлгæнцты удыгъæ- ды алыгъуызон миниуджытæ. Фондз азы фондз боны не сты, уым дæр та федта Сослан, куыст цардæн фæрæз кæй у, театрæн лæгдзинадæй кæй ис балæггадгæнæн. 1941 азы Сослан æмæ йе ’мбæлттæ æнтыстджынæй каст фесты Ленинграды театралон институт. Ног тыхтимæ ног ныфс бацыд нæ театры, фæфылдæр, фæтыхджындæр сæ коллектив, фæвазыгджындæр сæ репертуар. Стыр хъару, стыр ныфсимæ бавнæлдта Сослан йæ куыстмæ, фæлæ рæстæгæн цы загъдæуа, райдыд- та Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Ирон адæмы та уæд ба- хъуыд фыдæлты тохы тырыса райсын, уыцы кады ты- рысайы дзырдтæ сфæлхат кæнын: «Кæнæ сæрибар, кæ- нæ мæлæт». Æнамонд рæстæг æнамонддзинæдтæ ха- ста, ивылдысты нæ адæм хæстмæ, сæ куыст, сæ бинонты хъуыддæгтæ ныууадзгæйæ. Фæцыд хæсты быдырмæ Со- слан дæр, фæцис дзы 1943 азмæ, стæй йæ ссæрибар код- той, йе ’нæниздзинад нывыл кæй нал уыд, уый аххосæй. Кæд уæззау дуг уыд, уæддæр нæ театр йæ куыст нæ ныууагъта, æгæрыстæмæй 1942 азы Цæгат Ирыстоны театр дæр ардæм æрцыд кусынмæ, хæст Дзæуджыхъæуы кæрæттæм кæй æрбахæццæ, уый тыххæй. Сослан 1943 азæй суанг пенсийы ацæуыны онг уæхск- уæзæй фæкуыста нæ театры, дæллаг галы бынаты нæ, фæлæ æцæг арæхстджын актерæй, йæ егъау курдиат æмæ арæхстдзинад никуы бахæлæг кодта йæ адæмæн. Мæргъийы фырты саразгæ фæлгæнцтæ 150-æй фыл- дæр уыдысты. Арæхстджын уыд Сослан сатирикон, юмо- ристон ролты, куы-иу бахъуыд, уæд арæхстджынæй æх- хæст кодта трагедион ролтæ дæр. Бирæ уыд сæ нымæц ахæм сценæмæкæсджытæн, кæцытæ цыдысты, Сослан цы спектаклты хъазыд, сæрмагондæй уыдоны уынынмæ. Тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ, Плиты Гр. трагеди «Чермен»-ы Бестолы ролы куы хъазыд, уæд. Бестол у фе- 166
одал, тыхджын къласæй, йæ фырт Чермен сау адæмæй, кæвдæсард, номыл усæй гуырд. Чермены Тлаттаты уæз- дæттæ лæгыл нæ нымадтой, уæрсты йын хай ницæмæй уыд. Чермен домдта лæджы бартæ, æппæт дæр æмбæрста йæ фыд Бестол, фæлæ йæ къласæй тæрсгæйæ уый Черме- ны никуы барæвдыдта, мæлæтмæ йæ куы ’рвыста, уæддæр нæ бахъахъхъæдта йæ фырты. Бестол вазыгджын фæлгонц у, дардыл сты йæ мидæн- къарæнтæ, æмæ уыдон адæмы размæ бафæрæзта рæгъ- мæ рахæссын Сослан. Уæдæ кæуылты уыд йæ аив хъазт Дзæхайы фæлгонц æххæст кæнгæйæ (Гуыцмæзмы М. «Бирæгътæ»]. Дзæха кадджын лæгæй базæронд, царды бирæ федта. Уыны йæ зæрыбонты, йæ зæнæг царды фæллой, мулчы сæраппонд сæ намысыл сæ къух куыд исынц, сæ къух исынц сæ идæдз фыдыл дæр. Фыд улæфынмæ куы уыд, уæд фæ- хабарчындæуыд йæ фырттæм, уæ фыд амард, зæгъгæ. Ссардта фæрæз, цæмæй йæ зæнæджы æнæхуыцаудзинад равдиса адæмæн. Уыцы сæйраг ролы хъазыд Сослан. Сослан-Дзæха у кадджын, æгъдауджын лæг, кæсы, йæ фыртты удæгасæй нæ хъуыд, ныр ын йæ «мардыл» кæ- рæдзи тонынц фыртæй, чындзæй сабæттаг райсыны тыххæй. Сослан-Дзæха сæм кæсы æмæ зæрдæрыстæй фæлхат кæны: «бирæгътæ», «бирæгътæ», «бирæгътæ». Кæнæ кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Сосланæн, Га- бейы ролы куы хъазыд, уæд. (Туаты Д. «Сидзæргæс») Сослан - Габе мæгуыр лæг у, цардæй æфхæрд, йæ царды бонты хурæй ницы федта, фæлæ уыйхыгъд лæгдзинад, адæймагдзинадæй æххæст, цæсгомджын лæг. Сидзæр- гæс ус Нуцайæн Габейы хуызæн чи тæригъæд кæны. Сослан Габейы удыгъæды миниуджытæ афтæ аивæй рахаста адæмы размæ, æмæ адæм Габейы тыххæй Сосла- ны фылдæр бауарзтой уыцы бонæй фæстæмæ. Абоныбон дæр адæмæй рох нæу, куыд хъазыд Сослан Туаты Д. «Аргъау»-ы Визиры ролы. Бады Сослан - Ви- зирь æлдары къæлæтджыны цур, бады æнæдзургæйæ, 167
бады, æмæ йæм æнхъæлмæ кæсынц адæм, цы зæгъдзæн, цæмæй райдайдзæн. Уый уыдис æцæг худæджы сценæ, æмæ худтысты стыр къухæмдзæгъдимæ сценæмæкæс- джытæ. Кæуылты уыдысты йæ арæхстдзинæдтæ Сосланæн куы хъазыд Хазбийы ролы (Джусойты Н. «Азау æмæ Тай- мураз»], Токаты Асæхы комеди «Усгур»-ы Сæуджены ро- лы, Гаглойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг»-ы - Бибойы ролы, Гуыцмæзты Михалы комедитæ «Къæдзæх ныннæрыд»-ы - Къынтъул æмæ «Хæхты дидинæг»-ы - Дадойы ролы. Сослан канд ирон сценæйы сусæгдзинæдты зонæг нæ уыд, хорз рæхст, æндæр нациты пьесæтæй иронмæ тæл-мац чи ’рцыд, не сценæйыл дзы æвæрд цы ’рцыд, уыцы ролты хъазынмæ дæр. Ахæмтæ та йын уыдысты Паталони - Гольдонийы пьесæ «Дыууæ хицауы лæггад- гæнæг»-ы, Островскийы драмæ «Тæрккъæвда»-йы Тихон. Куыд адæймаг, афтæ Сосланæн æмбал нæ уыд. Хорз, æмбаргæ, сабыр æмæ уæздан адæймаг уыд. Иæ ролты нæ зонын, фæлæ уый царды никæй хъыджы бацыд. Куыд актер, афтæ та уыд арæхстджын, ирон сценæйы фидауц, ирон театрдзауты уарзон артист. Йе стыр сгуыхтдзинæдтæн кæд æмбæлон аргъ не ’рцыд, уæддæр ын йæ рæстæджы саргъ кодтой: лæвæрд ын æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артисты ном, хорзæхджын уыд майдантæ æмæ грамотæтæй дæр.
ТЕАТР-ЙÆ ФЫДÆЛТЫ АРТДЗÆСТ Гæззаты Степан «Йæ дзыхы дзырд - æнæ рæдыд». Къоста. Хетæгкаты Къостайы но- мыл Хуссар Ирыстоны драм- театр æрлæууыд дыууæ стыр бæрæгбоны къæсæрыл - сæ иу у йæ сырæзты 85 азы, аннæ та ног агъуысты дуæрттæ бакæ-нын. Уыдон кæрæдзийыл æн-гом баст бæрæгбæттæ сты. Сæ иуыл куы дзурай, уæд нæ ахиздзынæ иннæйы фæрсты. 1931 азæй абонмæ нæ театр цы фæлтæртæ схъомыл кодта, ирон театрдзаутæн цы лæггæдтæ бакодта, уыдонæн та аргъгæнæг аргъ не скæндзæн. Уыдæттыл ма дзурæм æмæ сæ рохуаты уадзæм, уый та абоны фæлтæрæн ныббаринаг нæу. Театр царды айдæн у, театр кæмæн нæй, уыцы адæм мæгуыр сты. Уды зиæнтты фæстæ махæн иууыл егъаудæр зианыл нымад æрцыд нæ театры басыгъд. Кæд театр йæ гæрзтæ не ’рæвæрдта, уæддæр йе ндон базыртæ сисын нал сфæрæзтауал азы. Табу хуыцауæн, æнæбасæттон адæмæн ахæм зиæнттæй йæ хурхыл нæ ныххæцдзынæ, фида- рæй нæ уырны, рæхджы та не сценæйæ кæй райхъуысд- зысты Отеллойы, Чермены, Къостайы, Амраны, Нарты 169
Батрадзы æмæ æнд. домбай хъæлæстæ, Нафийы фæдисы хъæр: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та нын бай- гом кодта театры дуæрттæ». Ног театр йæ дуæрттæ куы байгом кæна, уæд æп- пæты фыццаг къæхты бынæй ныуулæфдзысты нæ теа- тры коллектив æмæ зæгъдзысты: «Маймули рухсагуæд, æгас цæуæд ирон театр» (Б. Елбыздыхъо). Нæ театрæн егъау истори ис, 85 азы 85 боны не сты. Йæ историйыл куы дзурæм, уæд сыл дзурын хъæуы фæл- тæргай, йæ бындурæвæрджытæй абоны зиууæтты онг. Хъуамæ махæй рох мауой йæ бындурæвæрджытæ: Дзат- тиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Гуыбиаты Георги, Цоциты Нинæ, Хуыбылты Гришæ, Кокойты Тæтæрхъан æмæ æнд. Цы театр басыгъд, уыцы сценæйыл фыццаг къахдзæфтæ ацы фæлтæр акодтой. Кæуылты уыдысты сæ бакæнгæ хъуыддæгтæ, 1936 азы Ленинградмæ цы курдиатджын фæлтæры арвыс- той, уыдонæн. Æрдхæрæйнаджы фæд ныууагътой нæ адæмты зæр- дæйы 1956 азы Мæскуымæ кæй арвыстой, уыдон дæр. Æмæ кæуылты у сæ архайд, сæ фыдæбон абоны теа- тры зиууæттæн. Уыдон та ахуырад райстой Тбилис æмæ Мæскуыйы театралон институтты. Ирон адæммæ баззад иу фидар ныхас: Царды дæ фæд хъуамæ баззайа. Хуссар Иры театры кой куы кæнай, уæд дын бар нæй æмæ ахизай Гæззаты Степаны иувæрсты. Уый уыдис нæ профессионалон актертæй иу, каст фæцис Ленинграды театралон институт. Йемæ уыдысты: Хъай- ырты Владимир, Таугазты Гаврил, Саулохты Мухтар, Цо- циты Нинæ, Гаглойты Зинæ æмæ æнд. Степан уырдæм ронбæгъдæй нæ ацыд, уæдмæ нæ театры сценæйыл йæ куысты фæд бæрæг уыд, сæххæст дзы кодта ахæм рольтæ, куыд: Парсадан «Арсенæ»-йы, Сослан «Хазби»- йы, Костя «Кæйдæр сывæллон»-ы. 170
Йæ царды фæндæгтыл цæст куы ахæссай, уæд дзы хæрзбонтæ цъусдæр ис, тухийаджы бонтимæ абаргæйæ. Степан гуыргæ ракодта Дзауы районы, Уанелы зыл- ды æвадат Ципраны хъæуы цардхъуаг бинонты хæдзары 1918 азы. Йæ фыд Уана уыцы тугуарæн азты цæмæй барæвдыдтаид йæ бинонты, 1920 азты Уанелгом дæр цъыбыртты сыгъд бацис. 2 аздзыд саби бахауд царды улæнты. Райдиан ахуырад райста Уанелы скъолайы, уый фæстæ каст фæцис Цхинвалы фæллойадон скъола. Скъо- лайы фæбæрæг сты Степаны бæллицты фæндæгтæ, арф айста йæ зæрдæмæ театралон сценæ. Уæд райдыдта фыс- сын къаннæг инсценировкæтæ Созырыхъо, Фæрнион, Секъайы уацмысты сюжеттыл. Степаны стыр бæллицты тагъд рахатыд куырыхон ак- тер Уырысты Муссæ, йæхимæ, театрмæ, бакодта Степа- ны 1932 азы. Ирон сценæйæ рахызт 1961 азы. Æнæхъæн 30 азы Степан схæлар кодта ирон театралон аивадæн, рæнхъон актерæй схызт ГССР сгуыхт артистмæ. Йæ теа- тралон фæндагыл, йæ иузæрдион фыдæбæттыл дзурæг сты йæ саразгæ фæлгæнцтæ. Уыдон та сты: Бердзениш- вилийы «Зынг»-ы - Гола, Саулохты Мухтары «Фиййæутты уæтæр»-ы - фиййау, «Нарты Батрадз»-ы - Мæллик æлдар, Туаты Д. «Хæрзойты Фатимæт»-ы - Булат, «Аргъау»-ы - Визир, «Сидзæргæс»-ы - Амырхан; В. Шекспиры «Отелло»- йы - Яго, Корнейчукы «Платон Кречет»-ы - Платон Кре- чет, Минкойы «Мыггагæй сæ ма фæрс»-ы - Кочубей, Дю- байы «Гайти»-ы - Дюваль, Шиллеры «Уарзондзинад æмæ æлгъагдзинад»-ы - Фердинанд, Гольдонийы «Дыууæ хи- цауы лæггадгæнæг»-ы - Сильвио, Токаты А. «Усгурты» Уари, Джиоты Д. «Иликъо»-йы - Сандро æмæ æнд. Цæстæвæрæн фæцис йæ рæстæджы Степан, курдиат- джын актеры æмрæнхъ разынд куырыхон режиссер дæр. Абоны бон дæр адæмæй рох не сты, куыд йæ са- разгæ фæлгæнцтæ, афтæ йе сæвæргæ пьесæтæ дæр. Уы- цы пьесæтæ та сты: Шекспиры «Отелло», Гольдонийы 171
«Хæлардзинады ускуырд», Минкойы «Мыггагæй сæ ма фæрс», Суровы пьесæ «Сталинградæй дарддæр», Плиты Г. «Чермен», Хетæгкаты Къ. «Фатимæ», Цоциты Р. «Нæ уынджы бæрæгбон», Хацырты С. «Хæлæрттæ», Цопан- ты X. «Æфсымæртæ», Туаты 3. «Мисурæт», Санахъоты У. «Цæуыл зары фыййау» æмæ æнд. Сценæйы дæсны уыд Степан, фыста йæхæдæг дæр пьесæтæ. Уыдонæй дыууæ - «Скъола» æмæ «Лешкæ» æвæрд æрцыдысты нæ театры сценæйыл æмæ сыл рай- гондæй сæмбæлдысты не скъоладзау фæлтæр. Степан цы сабион дуг федта, ууыл ныхъхъуыды кæ- нын йæ тых нæ амыдта, фæлæ йæ хосдзауон бонтыл куырыхон зондимæ сæмбæлд. Уымæй рох никуы уыды- сты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ. Йæ адæмы уавæ- римæ иумæ тынг ныхъхъуыды кодта йæ уарзон театры уавæрыл дæр. Хи ауадзын лæгдзинад нæу. Уыдта цардбæллон хос- дзау, кæй ралæууыд фæдисы дуг. Ивылынц тохмæ нæ театры зиууæттæ дæр, чи бархийæ, чи та сидты гæх- хæттимæ. Уыдон та уыдысты: Магкаты Алихан, Цхуыр- баты Ясон, Тедеты Андри, Владимир, Алыгкаты Хаджи- Мурат, Хаситы Алыксандр, Гæззаты Степан, Мæр-гъиты Сослан æмæ æнд. Уæлахиздзауæй ма æрыздæхын бантыст Мæргъи- ты Сослан, Гæззаты Степан æмæ Тедеты Владимирæн. Дзырд дæр ыл нæй, кæд уыцы тугуарæн азты нæ театры дуæрттæ æхгæд не ’рцыдысты, уæддæр куысты домæн- тæ æмæ сценæйы курдиатджын архайд сæ бынаты нал уыдысты. Гæззайы фырт ногæй бавнæлдта театры къуымтæ срухс кæнынмæ, кæддæриддæр хорзæн мысыд Бекъой- ты Алыксийы, Гуыбиаты Гергийы, Дзаттиаты Сонайы, Гуккаты Сашæйы, Тугъанты Махарбеджы. Нымадта сæ раздзæуджытыл, куырыхон зондамонджытыл. Йæ ны- хасы бæлвырдæй зынд Степанæн иу хъуыды: театры, сценæйы ад ын цы фæлтæр бамбарын кодтой. Ленин- 172
грады театралон институты дæр æй адон сразæнгард кодтой. Æрбадт, æрулæфт нæ зыдта уым дæр. Сæ цæст ыл тагъд æрæвæрдтой лектортæ, æвзæрст æрцыд ирон студенттæн профоргæй, фæскомцæдисы комитеты уæнгæй. Степаны царды стыр цау у, 1940 азы Тбилисы уыд ирон литературæ æмæ аивады декадæ. Ленинградæй æрхуыдтой уæд Еналдыты Вахтангы, Гочысаты Исахъы æмæ Гæззаты Степаны, цæмæй ацы декадæйы райстаик- кой хайад. Уæд нæ лæппутæ æмæ нæ чызджытæ Ленин- грады сарæзтой кафт æмæ зарды ансамбль. Цæстæвæрæн фесты, кæдæмыты сæ нæ хуыдтой. Степанимæ 1955 азæй фæстæмææввахсзонгæуыдтæн. Хъæлдзæг, фердæхтджын, цæрдæг алы хъуыддагмæ дæр, фæндагыл æмæ ирон фынгыл уымæн æмбал кæм уыдис. Фæсивæд, рæзгæ фæлтæр уыдысты йæ цин, йæ мæт. Стыр сценæйæ рахызт æмæ йæ ных сарæзта къаннæг сценæмæ. 1961 азы Степан йæ куыст адарддæр код- та Цхинвалы Ногдзауты хæдзары, ссис уым цы драмон къорд уыд, уымæн аивадон къухдариуæггæнæг. Ацы къордæн бантыст цалдæр ахсджиаг пьесæйы сæвæрын. Тынг ивылдысты сывæллæттæ сæ ныййарджытимæ ацы пьесæтæ уынынмæ. Æнæрынцойы зæрдæйы хицау уыд Степан. Ныр та йын йæ бæрны бакодтой Хуссар Ирыстоны адæмон сфæлдыстадон хæдзары куыст. Директорæй кусгæйæ, Степанæн бирæ бантыст нæ адæмон кафт, зард, фæн- дыры цæгъдтытæ рæгъмæ рахæссыны хъуыддаджы. Куыста дзы Джыккайты Аким дæр. Уым сырæзт адæ- мон зарджыты ансамбль æмæ йыл цинæй мардысты нæ адæм. Стыр æххуыс уыд ацы сфæлдыстадон хæдзары куыст нæ адæмон хæзнатæ рæгъмæ хæссыны хъуыд- даджы. Цымæ йыл цæмæн систам нæ къух? Уæлдæр æй загътон, гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Степан. Абоны бон дæр дзы сæрыстыр уымæн стæм, æмæ кæй уыдис æцæг ирон лæг, æцæг сценæйы дæсны. 173
Йæ рæстæджы йæ цæстуарзонæй загътой: «Гæззаты Степан у, сценæйы темперамент кæмæ ис, ахæм актер. Тынг арæхсы арф психологон, драматикон æмæ комеди- он рольты. Уæлдай дæсныдæр у фæлгæнцты миддуне райхалынмæ. Ис æм сценæйон техникæ, аив æвзаг, зæр- дæмæдзæугæ дикции. Степан хорз æмбары аив дзырды нысаниуæг. Гъе, уымæ гæсгæ цы фæлгæнцтæ сарæзта, уыдон уæл- дай аивдæр уымæн сты». «Тыхмийæ ми нæй», - зæгъы ирон æмбисонд. Æрдз дын хъуамæ радта цыдæр. Уыцы цыдæр Степанæн уыд театралон аивад æмæ йæ уарзта йæхи базонынæй йæ амæлæты бонмæ. Никуы суæлæхох театрыл, ирон аив ныхасыл, фыдæлтæй ратæдзгæ хæзнатыл. Уæлдæр ракойгонд бæрæгбæттыл æмбæлгæйæ, ма- хæй рох ма хъуамæ уа Степаны ном, йæ рухс фæлгонц. Нæ театр ис йæ рæзты фæндагыл. 1931 азы дуæртты байгомæй абоны театры дуæртты байгомы бæрæгбон æдыхдæр, фæлурсдæр нæ уыдзæн. Нæ уыдзæн уымæн, æмæ хæдбар паддзахадæн байгом хæдбар театр. Раз- дæры дыууæ уаргъæй æппæрст æрцыд сæ иу, абон нæ театр баззад йæхи уаргъимæ æмæ йын нæ цæст уарзы æнæниздзинадимæ гуырахстджын фæндæгтыл ацæуын, Къоста æмæ Елбыздыхъойы лæгдзинæдтыл фидар хæ- цын. Арфæйаг азтыл æмбæл, нæ театр, кæддæриддæр.
ХЪЕМУЛТА ДЗЫХЪХЪЫ ЛÆУД НИКУЫ УЫД Багаты Федыр Уырдыгон уыд Гуырдзыс- тоны Республикæйы сгуыхт артист, нæ театрæн йæ царды хуыздæр бонтæ чи сныв код- та. Æвæллайгæйæ дзы 1936- æй 1961 азмæ чи фæкуыста, уыцы Федыр Багаты. Сабийæн йæ дуг йæ ав- дæн вæййы, алкæмæ та ав- дæны хуры тынтæ не ’рхау- ынц. Багаты Федыр райгуыр- дис Хъемултайы хъæуы 1914 азы. Уæззаудæр дугæн скæнæн нæ уыд, империалистон хæсты æнхъæвзæнты æдде. Иры дæр дуджы змæлд тыхджын уыд. 1920 азы геноцид Федыр 6-аздзыдæй æрæййæфта, цахæм саби- он бонтæ федта, уый та бæлвырд у Ирыстоны уавæрмæ æркæсгæйæ. Цæрæтццаг гуырд федта йæ адæмы хъомпал, судзгæ хæдзæрттæ æмæ хъæуты, сабиты æрдиаг æмæ мæдты хъарæг, фосы æмбу æмæ тарст куыйты ниуын, хæцæн- гæрзты къæр-къæр æмæ сармадзанты гыбар-гыбур, фæн- дæгты зындзинæдтæ æмæ æххормагдзинад. «Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы», - зæгъы ирон æм- бисонд. Хуссар Ир фесæфта йæ хуыздæртæй бирæты, йæ царды хостæ, сæ удаирвæзынæй дарддæр уыцы азты Цæгаты дæр хорзæй ницы федтой, Мамсыраты Темыр- болаты загъдау: «Нæ цард ссис кæрдæгæй». 175
Ног дуг адæмæн радта ныфс, хъару. Мæгуырæй дæр хи зæхх, райгуырæн къуым. Уыцы хъуыдытимæ фæлидзæг адæм здæхтысты сæ сыгъд уæзгуытæм, чи æвиппайды - 1921 азы, чи та фæстæдæр азты. Ног дуг кæд йæ тыхы нæма уыд, уæддæр æй йæ уа- вæртæ куыд амыдтой, афтæ æххуыс кодта фæллойгæ- нæг адæмæн, æппæт тыхтæ дæр лæвæрд цыдысты фæ- сивæд, рæзгæ фæлтæрæн, цæмæй ахуыры фæндагыл ныллæууой, царды размæ рацæуой. Къостайы «Ирон фæндыр» Федырæн дæр уыд фæн- дагамонæг Рухсмæ æмæ йыл цыдис æнæзивæгæй. Федырæн йæ ахуыры хъуыддаг райдыдта Ногирæй. Уыцы скъолайы фæцахуыр кодта 1927 азæй 1930 азы фæудмæ. Ногиры сырæзтыл уæд цыдис 7 азы. Хуссары лыгъдæттæй уым бирæ баззад. Хион, къабæзтæ дзы бирæ уыд Федыры фыд Матейæн, фæлæ уæддæр сæ зæрдæ дзырд- та Хуссаримæ, сæхи Хъемултаимæ æмæ йæм æрыздæхтысты фæстæмæ. Æвзонг Федыр йæ ахуыр адарддæр кодта Цхин- валы педагогон техникумы. Мызыхъ лæппу цардмæ акаст æндæр цæстæй, сæхимæ йæ æрбалвæстой ирондзинады æхтæнгтæ, Къоста, Секъа, Нигер, Цомахъ æмæ æндæрты по- эзийы уылæнтæ, ирон аив ныхас. Цыдис размæ цардбæллон лæппу, хызтис иу ахуыргæ- нæндонæй иннæмæ, Цхинвалы педтехникумы фæстæ каст фæцис Тбилисы геологон-сгарæн куыстгæнджыты техни- кум, 1934 азы. Фæстæмæ та æрбаздæхт Цхинвалмæ. Ныр та йæ каст скодта театрмæ, сценæ фæлмæн фæн- даг ссардта Федыры зæрдæмæ æмæ та ам дæр йæ хъул атылд. 1936 азы нæ хицауад Ленинградмæ ахуырмæ арвы- ста нæ равзаргæ фæсивæдæй иукъорды, уыдонимæ уыд Багаты Федыр дæр. 1941 азы ацы къорд æрыздæхтысты нæ театрмæ стыр тыхтимæ. Уæдмæ уал сæ фыдæбоны хай кодтой нæ профес- сионалон театры бындурæвæрджытæ: Дзаттиаты Сона, 176
Дзæхаты Дзæбидыр, Уырысты Муссæ, Мамиты Димитр, Туаты Зураб, Цæбиты Нинæ, Цоциты Нинæ æмæ æнд. Ныр ног фæлтæримæ сиу сты æмæ театры кад систой бæрзонд къæпхæнмæ. Уыдонимæ не сценæйæ рарттыв- той: Хъайырты Владимир, Мæхъиты Володя, Мæргъиты Сослан, Таугазты Гаврил, Магкоты Наташæ, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Цæбиты Залихан æмæ æнд. Нæ театры историйы йæхи хайбавæрд ис Федырæн дæр. Райдыдта рæнхъон артистæй æмæ схызт сгуыхт ар- тисты уонг. Бæргæ йæм æмбæлд адæмоны ном дæр, фæлæ дæ чи хъуыды кодта, Калак-иу цы раппæрста, ууыл хъæц. Актерæн йе стыр фыдæбæтты кой куы фæкæнынц, уæд ын æппæты фыццаг банымайынц йæ саразгæ фæл- гæнцты нымæц. Стæй та йын ныхъхъуыды кæнынц йæ саразгæ фæлгæнцты удыгъæд æмæ зæрдæйы скон- ды миниуджытыл, æртыккаг та, куыд сæм бафæрæзта лæгæрдын æмæ сæ куыд сæ рахуыдта адæмы тæрхонмæ. Уыдæттæм арæхстджын разынд Федыр, хорз рæхст сæйраг рольты æмæ фæрсаг ролты дæр, трагедион æмæ юмористон рольты дæр. Фæрæзта иу фæлгонцæй иннæмæ хизын, кæддæриддæр йæхи хъахъхъæдта æнгæсдзинадæй, рох дзы никуы уыд иу хъуыды: «царды дыууæ иугъуызон адæймаджы никуы вæййы». Багаты Федыр цæдисы галау уæхскуæзæй фæкуыста нæ театры сценæйыл йæ рæстæджы фæлтæримæ, йæ рольты бæрны кæддæриддæр цыд æмæ сыл куыста уæхскуæзæй. Хуымæтæг репертуар никуы уыд Федырæн, уæлæнгай ролы дæр никуы хъазыд. Йæ сæйраг рольтæ та уыды- сты: Габе (Туаты Д. «Сидзæргæс»], Мызыхъ (Туаты Д. «Ар- гъау»), Хадзы (Саулохты М. «Усгур»), Хæмæт (Саулохты М. «Хандзериффæ»), Касалы фырт (Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы»), Дзиу (Плиты г. «Чермен»), Мæхæмæт (Брытъиаты Е. «Хазби»), Дзибыл (Хацырты С. «Хæлæрттæ») æмæ æнд. Арæхстджын уыд Федыр тæлмацгонд пьесæты фæл- гæнцты миддуне æвдисынмæ дæр. Уыдон та йын уыды- сты: Кваша (Гайдары «Тимур æмæ йæ командæ»), Фло- 177
риндо (Гольдони «Дыууæ хицауы лæггадгæнæг»), Джафар («Ходжа Насреддин») æмæ æнд. Кæй зонай, уый цард æмæ архайдыл æнцондæр дзу- рæн вæййы. Ацы рæнхъытæ фыссæг хорз зонгæ уыд Федыримæ лæгæй-лæгмæ, цы рольтæ æрцыд ранымад, уыдоны йæ федта хъазгæ - змæлгæ. Габейы ролы (Туаты Д. «Сидзæргæс») бирæ актертæ ахъазыд, фæлæ уыдоны ’хсæн Габе-Федыр бæрæгæй æрттивы. Габейæн йæхи загъдау, - мæгуыр, фæлæ цæс- гомджын. Бонджын Амырханы ус æй сидзæргæс Ну- цайы хоры къæрмæг давынмæ куы разæнгард код- та, (куыроймæ), уæд ын Габе афтæ зæгъы: «Бирæгъ фысæн фæтæригъæд кодта æмæ йæ ахордта». Мæгуыр, æгъдауджын, тæригъæдгæнаг лæг, худ чи дары, уый хъуамæ зона тæригъæд дуры гуыбыны дæр нæ тайы. Ахæм миниуджытыл амад у Габейы фæлгонц, ахæмæй йæ рахаста адæмы рæгъмæ Федыр дæр. Æндæр лæг у Федыр Хадзыйы ролы хъазгæйæ. Зыд, кæрæф, мулк - фæллойыл мард, æгад йæ хъæубæсты ’хсæн. Федыр арф балæгæрста ацы фæлгонцы вазыг- джын удыгъæды миниуджыты рафæлгъауыны къæ- бицмæ. Адæм аргъгæнæг сты æмæ йын саргъ кодтой егъау æмæ дæргъвæтин къухæмдзæгъдæй. Ныр та усгур лæппу у Федыр Касалы фырты ролы хъазгæйæ (Брытъиаты Ел. «Дыууæхойы»). Ницæйагуыд æмæ йæ ницæйагæй равдыста Федыр дæр. Ацы ролы хъазгæйæ, Федыр кæддæриддæр хъуыды кодта Хан- сиаты ныхæстыл: Чызджы ныхас та æргом уыд Касалы фыртимæ: «Дæ хорзæхæй, рæсугъд, æхсадæй быдырты, йе хæхты балцы цал хатты уыдтæ? Кæй зоныс, чи дæ зоны? Адæмы ’хсæн цал зондджын ныхасы ракодтай?». Æмгардзинады тых æмбаргæйæ, Федырæй рох нæ уы- дысты, Йры дзыхъ царды, стæй сæрбахъуыды бон æм- гардзинад бæрзонд бынаты кæй сæвæрдта. Ахæм хъуыдытимæ хъазыд Федыр Мæхæмæты ролы (Брытъиаты Е. «Хазби»). 178
Федтам Федыры кæстæры ролы дæр. Чермены рахиз цонг уыд æвзонг Дзиу (Плиты Гр. «Чермен»), арт уыд йæ фезмæлд, цæхæры дæр смидæг уыдаид Чермены тыххæй. Йæ æвирхъау мæлæтыл тынг фæрыст Чермены зæрдæ, тынг фæриссын кодта сценæмæкæсджыты зæрдæ Федыр дæр. Арф айстой сæ зæрдæмæ Дзиуы - Федыры удыгъæд, йæ диссаджы зæрдæйы сконд, йæ байсæфты хабар. Ноджыдæр æй зæгъæм, Федыр уыд хæдбындур кур- диаты хицау, йæ рæстæджы йæм Гуырдзыстоны Рес- публикæйы сгухт артисты ном кæй æрхауд, уый дæр бирæ цæуылдæрты у дзурæг. Сæйраджы та ууыл, æмæ Федыр сценæйы дæсны кæй уыд, сценæйы домæнтæ фаг кæй æмбæрста, бæрнон куыстмæ та йын кæй уыд бæрнон ахаст.
НÆ ТЕАТРЫ МÆСЫГ АМАЙДЖЫТÆЙ ИУ - ГРИШÆ Къæбысты Гришæ Хуссар Ирыстоны Хетæгка- ты Къостайы номыл паддза- хадон театрæн ис йæхи егъау, стæй уæд, вазыгджын æмæ цы- мыдисаг истори. Театр фæхизы йе ’нусон къæсæрмæ, уырды- гæй куы ракæса, уæд фендзæн Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Туаты Зураб æмæ æнд. райдайгæйæ фæлтæргай абонмæ цы фæндæгтыл рацыд, цы æвæджиауы куыст кæны абоны фæлтæр Уанеты Æхсар, Харебаты Жан-Жак, Бибылты Сослан æмæ æгас театры коллектив, куыд цæттæ кæнынц сæхи ног театры дуæрттæ бакæнынмæ. Актер хосдзау дæр у, у гутондар, салдат æмæ офицер, фыййау æмæ Дзуары лæг, хæстон æмæ фидыдады ты- рыса хæссæг. Кæм æй нæ фендзынæ, цынæ хъуыддаджы архайы, цынæ диссæгтæ хæссы рæгъмæ. Театр царды айдæн у, куы йæм кæсай, уæд дзы дæхи рæсугъдæй хъуамæ уынай, дæхæдæг дæхи зæрдæмæ куы цæуай, уæд æнæмæнг фæцæудзынæ иннæты зæр- дæмæ дæр. Нæ театры сценæйæ кæд исчи Уастырджийы зарæг нык- кодта æмæ фехъуыст нæ кæмттæ æмæ нæ хæхтæм, уæд уыдонæй иу уыд Гуырдзыстоны сгуыхт артист Къæбысты Арсены фырт Гришæ. 180
Царды цалхæн æнæ тулгæ нæй; адæймаджы цард дæр ууыл баст у, цард алчидæр уарзы, фæлæ йыл æууæнк нæй, йæ хорздзинæдтимæ йемæ хæссы йæ фыдбылыз- ты дæр. Нæ уыдысты лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг Гришæ- йы царды фæндæгтæ дæр. Цард йæ тæккæ æнхъизыныл куы уыд, рæстдзинады сæрыл мæлæтдзаг тохтæ куы цыд, уæды гуырд у Гришæ. Гришæ райгуырд Чеселты 1914 азы. 1914 аз, империалистон хæст æмæ æндæр дудгæбæттæ сæ кæнон кодтой. Цас бæллиццаг уыд уæд хæххон адæмы цард, Ирыстон дæр лæуд уыд цард- агурæджы фæндагыл æмæ дзы æвзонг, 6 аздзыд лæппу федта стыр дудгæбæттæ, туг æмæ арты гуылфæнтæ, устыты хъарæг, сабиты кæуын, куыйты ниуын æмæ хъомты богъ-богъ, лидзæг адæмы уавæр. Гришæ йæ сабион бонтæ арвыста Ногиры, уым фæцис каст астæуккаг скъола дæр. Зын æмæ ихсыд дуг фадæттæ аразæг нæ уыд, дарддæр ахуыры хъуыддагæн амал нал уыд, æмæ уæд Гришæ кусынмæ бацыд завод Кавцинкмæ. Уырдыгæй райдыдта йæ фæллойадон фæндаг. Куыстмæ æнæзивæг уыд, фæлæ йæ йæхимæ кæддæриддæр ласта аи- вадон сценæ Ногиры дæр æмæ Кавцинчы заводы клуб дæр. Йæ фæндтæ , йæ бæллицтæ цахæмтæ уыдысты, уый йæхи хуызæн чи зыдта, Хуссар Ир æмæ Чеселт сæхимæ æвзонг лæппуйы кæй æлвæстой, уый та æргомæй ра- зынд йæ дарддæры фæндаджы. 1933 азы æрыздæхт Хуссар Ирмæ. Йæ бæллиц кæд уый нæ уыд, уæддæр уал кусын райдыдта «Сырх Дзуар»-ы комитеты. Лæг фæндтæй лæг у, нæ фæивта йæ фæнд Гришæ дæр, театр уæд театр, сценæ - уæд - ахуыр. 1941 азы Гришæйæн бантыст Ленинграды Островскийы номыл театралон ин- ститут фæуын. Æрыздæхт цæттæ актерæй æмæ райдыдта кусын театры. Дзæвгар азты фæкуыста Гришæ нæ театры, уыдис актер, режиссер, театры аивадон къухдариуæггæнæг. Алы ран дæр йæ къухты фæд зындис бæрæгæй. Бирæ 181
рольтæ бакодта йæ бæрны, цæвиттойнаг уыд йæ хъазт сценæйыл, фæлæ адæмæн цæстæвæрæн фæцис йæ ре- жиссерон куыст. 1941 азæй суанг цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ нæ театры сценæйыл сæвæрдта 70 пье- сæйæ фылдæр. Канд национ цардæвдисæг пьесæтæ нæ, Гришæ арæхст- джын уыд æндæр нациты цардуаг æвдисæг пьесæтæ æвæ- рынмæ дæр. Кæд ын сæрмагондæй режиссерон факультет фæуд нæ уыд, уæддæр йæ курдиат ацы фадыджы тых- джын разынд. Гришæ æдде бакæсгæйæ сабыр æмæ мадзура зынд, йæ ныхас уыд сабыр, уæздан, афтæмæй та йæ куысты иууыл æвзыгъддæр разынд комедион сюжеттæ кæм ис, уыцы пьесæты, уыцы фæлгæнцты, тыхджын уыд юмор æмæ сатирæ рæгъмæ хæссыны хъуыддаджы. Адæм, сценæмæкæсджытæ кæддæриддæр райгонд уыдысты Гришæйы къухæй рацæугæ спектакльтæй. Уы- дон та уыдысты: ВТЭН-ы «Кузнец», К. Симоновы «Жди меня», ВТЭН «Герой», Туаты Дауыт «Пæсæйы фæндон», «Фатимæ», «Аргъау», «Сидзæргæс», «Мæрдтæйдзæуæг», Хацырты С. «Дудар æмæ йæ хæлæрттæ», Джиоты Д. «Иликъо», Хуыбецты Р. æмæ Хуыгаты Г. «Софьяйы зарæг», Гæджиты Г. «Нæусгур алыгъд», Гуыцмæзты М. «Къæдзæх ныннæрыд», «Хæхты дидинæг», Хуыгаты Г. «Мæ усы лæг», Шиллеры «Уарзондзинад æмæ налатдзинад», Чъав- чъавадзейы «Отараты идæдз», Минкойы «Мыггагæй сæ ма фæрс», Къанделакийы «Цъхънеттаг чызг Майа», Ну- шичы «Философийы дохтыр», А. Парнисы «Афродитæйы сакъадах», Мольер «Жорж Дайден», А. Успенский «Зы- лын кæсæнты паддзах»-ад, Кавказагы, «Исахъ», Саулох- ты М. «Партизантæ», Токаты А. «Усгуртæ», Гаглойты Вл. «Æнæбасæтгæ адæм», Цоциты Р. «Хур скасты размæ» æмæ æнд. Гришæ уыдис хæдбындур курдиаты хицау, фæлвых куыст нæ уарзта. Цы арæзта, уый - нывыл, гъæдджын, зæгъæн ис, нæ театры режиссурæйы фадыджы Гришæйы 182
бæрц ничи бафыдæбон кодта. Фæлтæртæ ахæмтæ уы- дысты, сæ цард снывонд кодтой театрæн. Йемæ, йæ рæстæджы уæхски-уæхск куыстой, зындзинæдтæ иуварс æвæргæйæ, Цæбиты Залихан, Гуыбиаты Георги, Саулох- ты Мухтар, Мамиты Димитр, Гæззаты Сослан, Хуыгаты Геор, Хъайырты Вл-р æмæ æнд. Иу рæстæджы актер дæр уай æмæ режиссер дæр, уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Рæстæг йæхиуæттæ домы æмæ йын дзуапп дæттын фæрæзтой уæды саджы фи- сынтыл амад фæлтæр. Хæдзарæн егъау нысаниуæг ис, Гришæйы хæдзар- вæндаджы лæггæдтæ, йæхицæй райдайгæйæ, дардыл сты. Национ аивады рæзтæн стыр лæггæдтæ бирæ ирон хæдзæрттæ бакодтой. Уыдоны ’хсæнæй бæлвырдæй зыны Къæбысты хæдзар. Фыд æмæ фырт, Гришæ æмæ Аслан (Пыцыкк) чи сын бафиддзæн сæ хæстæ, сæ лæггæдтæ. Фыд уыд ирон театры сæйраг цæджындзтæй иу фырт та ансамбль «Симд»-ы Ирвæдæнмæ чи систа, уыдоны сæйрагдæртæй иу. Хъысмæтæн цы загъдæуа, Гришæ æмæ Аслан нал ба- хиздзысты нæ ног театры къæсæрæй. Фæлæ бæлвырд у чи сæ зыдта, уыдон цæстæй къуымты агурдзысты фыд æмæ фырты худгæ, рухс цæсгæмттæ. Уæ фарн Ирыстоны къуымтæй макуыдæм ацæуæд. «Йæ дзыхы дзырд-æнæрæдыд» - Гришæ, «Йæ кафт уыд рог æмæ уæздан» - Пыцыкк. Къостайы фарнимæ уæ фарн цæрæд.
ЙÆ МАД СЦЕНÆ УЫД Гаглойты Варя Нæ театрæн йæ ивгъуыд рæстæг мысинаг у. Ирон сценæ йæ базыртæ тынгдæр айвæз- та, йæ мидбылты зæрдæбынæй бахудт, Ленинградæй нæм теа- тралон институт каст фæуыны фæстæ куы æрыздæхтысты Ба- гаты Федыр, Гаглойты Зинæ æмæ Варя, Гæззаты Степан, Жажиты Андрей, Дзидздзойты Лидæ, Таугазты Гаврил, Теде- ты Андрей, Къæбулты Гриша, Хъайырты Владимир, Маг- коты Наташæ, Мæргъиты Сослан, Мæхъиты Владимир, Плиты Александрæ, Сланты Григол, Цæбиты Варя æмæ Залихан, Цоциты Нинæ, уæд. Адон уыдысты фыццаг про- фессионалон фæлтæр. Ахæм зиууæтты æрбалæуд стыр цины хъуыддаг уыдис уæд Хуссар Иры театрдзаутæн, не сценæйы хистæр фæлтæрæн. Уыдонæй мæнæн мæ ныхасы сæр у Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт ар- тисткæ Гаглойты Варяйыл. Гаглуыены лæггæдтæ ирон сценæйыл дардыл уыды- сты, къабазджын уыд йæ куыст, алыварсон уыд йæ кур- диат. Бæргæ йæм æмбæлд адæмон артисткæйы ном дæр, фæлæ дын æй чи лæвæрдта, нæ къухы цы уыд, искæйы къухмæ æнхъæлмæ кæсын та ирон адæймаг йæ сæрмæ никуы хаста. 184
Гаглойты Варя райгуырдис 1919 азы Хуссар Ирысто- ны Дзауы районы Астæуккаг Ручъы, йæ мады æфсымæрты хæдзары. Йæ фыд Тъотъо (Алыксандр) уыдис Дзауы районы Уанелы зылды Къусджыты хъæуккаг. Уым рай- гуырдис 1885 азы. Мæгуыр цыбыркъух хæдзарвæндаг уыд, фæлæ амæлттæ кодтой. Тъотъо æвзонгæй райста фыййауы лæдзæг, йæ лæппуйы бонты бамбæрста царды æнæрæстдзинæдтæ, йæ хъустыл уадысты 1905-1907 аз- ты революцийы уылæнты хъæртæ, лæппу-лæг уæвгæйæ æппæт йæ тыхтæ радта ног царды сæрыл тохæн. Уыд Сырх партизан, 1914-1917 азты уыдис паддзахы æфса- ды службæгæнæг, хайад иста империалистон хæсты, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты та уыд Зикъарайы хохыл куынæг- гæнæг батальоны командир. Тъотъойы царды фæндæгтæ уымæн нымайын, цæмæй ирддæрæй разыной йæ чызг Варяйы царды фæндæг- тæ. Варяйæн йæ мад уыдис Плион, Машо йæ ном, зынд- гонд хæдзарвæндаджы чызг уыд. Йæ фыд Уасдже æгъдау æмæ кадыл мæлгæ уыд, æцæг ирон сиæхстæ йæ фæцис. Сæ иу Тъотъо, Рукъæн æмбисондæн баззад йæ хæдæф- сармдзинадæй, Ручъы бакæсæны-иу æрхызт йæ бæхæй (зæронд фæндаг) æмæ-иу æй ласта йæ фæстæ. Йе ’ннæ чызг Лезо, Сланты Михакъойы бинойнаг. Уæздандæр, хъару- джындæр хæххон лæгæн скæнæн нæ уыд. Дугъы диссагæн баззад хæхбæсты сæ хъуыддаг. Диссаг та куыд нæ уыд, сæ иунæг фырт фæмард кæйдæр къухæй. Фыд ын æй ныб- барста, мад та дзы хъæбул загъта. Йæ иннæ чызджытæ Уасджейæн чындзы фæцыдысты Ручъы Дзерантæм. Асиа- ты лæг Федыр йæ царды бонтæ арвыста Ручъы скъолайы директор, стæй та рæнхъон ахуыргæнæгæй. Иннæ чызг Гзийæн та йæ лæг уыд Дзеранты Уасил - Стыр Фыдыбæс- тæйон хæсты хайадисæг, Ручъы колхозы æнувыд кусæг. Варяйы мад Машо йæ царды хуыздæр бонтæ арвыста Цхинвалы,уыдхæххонадæмыфысым.Тъотъохъуыддæгты лæг уыд, хæдзармæ йæ нал æвдæлд, уымæн райгуырд Ва- ря йæ мады æфсымæрты хæдзары. Тъотъойæн уыдис 185
дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Уыдонæй Варя Лидæ æмæ Батрадз нал сты, æфсымæр Клим у инженер, цæры æмæ кусы Мæскуыйы. Уæззау уыд Варяйы райгуырæн аз: Уæрæсейы рево- люци фæуæлахиз, кæройнаг бæстæты та цыд тугкалæн хæстытæ. Хуссар Ир 1920 азы бахауд туджы лæсæнты, сыгъд æрцыд гуырдзыйы лæгсырдты къухæй, адæмы бахъуыд Цæгат Ирмæ фæлидзын, афæдздзыд Варяйы сæ хъæбысы ахастой йæ ныййарджытæ. Варяйæн йæ царды фæндаг райдыдта Ногиры скъо- лайæ. Цхинвалмæ æрыздæхгæйæ, фæстæдæр бацыд пе- дагогон техникуммæ, иуцъус ацахуыр кодта пединсти- туты ахуыргæнджыты курсыты. 1936 аз стыр фæд ныууагъта Хуссар Ирыстоны теа- тралон историйы. Уæд Советон хицауад йе стыр къух æрбалæвæрдта аивады фадыджы Хуссар Ирмæ, фæндаг сын радта Ленинграды театралон институтмæ. Уырдæм цы 28 адæймаджы ацыд, уыдонимæ уыдис Гаглойты Ва- ря дæр. Уæлдæр æй загътон, уыцы цæттæ фæсивæд куы æрыз- дæхтысты нæ театрмæ, уæд нæ театр базмæлыд, айвæзта йе уæнгтæ, зынгæ фæхуыздæр, фæхъæздыгдæр театры ре- пертуар. Стыр курдиаты хицау разынд Гаглуыен, уайтагъд ыл сæ цæст æрæвæрдтой канд режиссертæ нæ, фæлæ ма æгас сценæмæкæсджытæ дæр. 150 фæлгонцæй фьтлдæр сæххæст кодта Варя не сценæйыл. Уыцы фæлгæнцтæ сты алыгъуызæттæ: кæм зæронд устыты ролы хъазыд, кæм чындздзон чызджыты, кæм идæдз устыты, кæм ног чынд- зы - алы ролы дæр йæ арæхстдзинад уыд нывыл. Варяйæн йæ фыццаг фæлварæнтæй иу уыд Зорианы фæлгонц (Туаты Д. «Сидзæргæс»]. Ирон драматургийы цы вазыгджын фæлгæнцтæ ис, уыдоны ’хсæн бæрæгæй æрттивы, бæрæг хицæн кæны Зорианы фæлгонц. Уый у, ирон адæм лæджы ’мсæр ус кæй хуыдтой, ахæм. Йæ лæджы йын зæй фæласта, баззад æртæ 186
сидзæр сывæллонимæ. Зориан хорз зыдта сидзæргæс усы бартæ. Æртæ барæй равзæрста сæ хуыздæры - йæ сабиты номыл фæбадын, йæ лæджы цæсгом хъуыдыгæнгæйæ, уый хъуамæ схъомыл кæна йæ сабиты, ракæна сæ адæмы рæгъы. Йæ ран нывыл кæй нæу, уый хатыд æмæ æмбæрста Зо- риан, зыдта, йæ тиу Амырхан ыл æддæмæ кæй æнцайы, цæмæй йæ цæгатмæ аздæха, сидзæртæ та уымæн æх- хуырстытæй баззайой. Раст æй нысан кодтой йæ рæстæджы: «Ныййарæг ма- ды зæрдæйы арф æнкъарæнтæ, сылгоймаджы сæры- стырдзинад æмæ адæймаджы намыс сты Варя-Зориа- ны стырдæр хæцæнгарз æвирхъаудзинад, налатдзинад æмæ чъындыдзинады ныхмæ». Драмæ «Сидзæргæс»-ы архайд цæуы 1905-1907 аз- ты къæсæрыл. Уыцы дугæн Варя-Зориан у иууыл тых- джындæр æмæ вазыгджындæр фæлгонц. Арæхстджынæй равдыста Варя йæхи Хæрзойты Фа- тимæты ролы дæр (Туаты Д. «Хæрзойты Фатимæт»). Фа- тимæтусæрыстырирончындздзончызг,уарзыХъæсæйы, фæлæ талынг æгъдæуттæ, ирæды тых, Ирыстоны къла- сон дихдзинад уыдонæн сæ фæндæгтæ æхгæдтой, уы- цы фæндæгтæ сæ æркодтой туджы лæсæнтæм, ингæны былмæ. Æппæт ацы зындзинæдты Варя бафæрæзта рæгъ- мæ рахæссын, бæрæг уыд, кæй ссардта фæндаг Фатимæты зæрдæмæ, кæй фæтыхуыцы вазыгджын ролыл. Варя 1950 азтæй суанг йæ амæлæты бонмæ цыдæрид- дæр фæлгæнцтæ сарæзта, уыдоны федтон мæхæдæг дæр, федтон æй Зорианы фæлгонцы, Фатимæты фæлгонцы. Федтон æй, куыд æххæст кодта Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ»-йы Фатимæйы роль дæр. Тынг вазыгджын у Къостайы Фатимæ дæр. Уыцы ролы хъазгæйæ, Варя ссардта хъæуæг фæрæзтæ, хъæуæг ахорæнтæ, бафæрæзта Фатимæйы миддуне адæмы ’хсæнмæ рахæссын, Джамбу- латы дуг æмæ уый хуызæттыл бафæрæзта худинаджы гакк ныккæнын. 187
Дзæвгар у сæ нымæц, Варя сценæйыл цы тыхджын æмæ ирд фæлгæнцтæ сарæзта, уыдонæн. Мæнæ та Варя хъазы æндæр чындздзон чызг Хансиа- ты ролы (Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы»). Хансиаты дуг революцимæ æввахсдæр лæууы. Хан- сиат-Варя хорз æмбары, сылгоймаг дæр адæймаг кæй у, уымæн агуры æмбартæ нæлгоймагимæ. Кæд сидзæр хотæ сты, кæд сæ фыды æфсымæр хъавы уыдоны ныууæй кæнынмæ стыр ирæдыл ницæйаг адæймæгтæн, уæддæр фæразынц, тох кæнынц, агурынц сæ бартæ. Ам Варя-Хансиатууæндон, æрхъуыдыджын, фæразон. Кæд йæ тохы фæндагыл йæ мæлæт ссардта, уæддæр сæ тох дзæгъæлы нæ фæцис, уыйхыгъд йæ кæстæр Асиат йæ амонд ссардта уарзондзинады бындурыл. Ныр та Варя ахызт Нанайы фæлгонц æххæст кæнын- мæ (Брытъиаты Е. «Хазби»). Нана-Варя сæрыстыр у, ахæм фырт кæй схъомыл кодта, адæм æй раздзогыл кæй нымай- ынц. Мад-Варя хорз æмбары дуджы уæззау уавæр, тæссаг рæстæджы характер, æмбары развæлгъау, йæ фырт то- хы быдыры йæ мæлæт кæй ссардзæн. Æмбары Нана-Ва- ря, адæмы сæрвæлтау мæлæт ссарын лæгдзинад кæй у. Кæуылты уыд Варяйы хъазт, Нана Хазбийы мардмæ куыд æрбацæуы сауты, къонайы рæхыс йе ’фцæджы, афтæмæй. Уæззау сценæ уыд, фæлæ дзы Варя йæхи равдыста ку- ырыхон дзырддзæугæ сылгоймагæй, æцæг фидар æмæ хъæддых Нанайæ. Варя уыдис курдиатджын актер, поэт æмæ драма- тург Саулохты Мухтары бинойнаг. Мухтар æвзонгæй фæхъуыд, фæмард трагикон æгъдауæй (1915-1946), фæлæ йын саразын, сфæлдисын бирæ бантыст. Мухтары ’руаджы нæ театры репертуар къæрис никуы уыд. Иæ пьесæтæ: «Усгур», «Фыййæутты уæтæр», «Бега», «Хан- дзериффæ», «Нарты Батрадз», «Хæхтæ сдзырдтой» æмæ æндæртæ нæ театры сценæйæ никуы рахызтысты. Æгæ- рыстæмæй, йæ комеди «Усгур» минæй фылдæр хатт цы- дис Ирыстоны сценæтыл. Варя арæхстджынæй æххæст 188
кодта йæ цардæмбалы къухæй рацæугæ фæлгæнцты. Уыдон та уыдысты: Ацырухс («Нарты Батрадз»), Минæт («Усгур») æмæ æнд. Ирон драматургтæ райгонд уыдысты Варяйы хъаз- тæй. Сценæмæкæсджытæ райгондæй баззадысты, куы федтой Варяйы, Афасæ (Хуыгаты Г., Хуыбецты Р. «Со- фьяйы зарæг»), Джыга (Хацырты С. «Тулгæ дур»), Уар- дис (Гафезы «Бæсты фарн»), Гулдзифир (Туаты Д. «Ар- гъау»), Разиат (Темыраты Д. «Мастисджытæ»), Зæлинæ (Гаглойты Вл. «Зæлинæ»), Азау (Плиты Гр. «Чермен»), Госкæйы (Джусойты Н. «Азау æмæ Таймураз») æмæ æнд. Гаглойты Варяйы лæггæдтæ национ культурæйы рæзтæн дардыл уыдысты, æнæхъæн хæдзарæй уыдысты уырдыглæуджытæ, цæмæй ирондзинад фидар уа. Ирон декадæты рæстæджы Тбилисы сценæмæкæсджытæ тынг райгондæй баззадысты ирон театралон аивадæй, стæй Варяйы хъазтæй. Уый уыдис 1957 азы, уæд Варяйæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артисткæйы ном. Варя раджы баззад сидзæргæсæй, фæбадт йæ иунæг лæппу Мэлсы номыл, фæбадт æмæ дзы Ирыстонæн лæгау-лæг рауайын кодта. Мэлсы хуызæн ирон кафты дæсны нæй, уый абоны бон дæр бындур æвæры ирон кæфтытæн. Абон Варя не ’хсæн нал ис, фæлæ йæ ном цæрдзæн уæдмæ, цалынмæ Ирыстоны театралон аивад йæ къахыл лæууа.
ЕЛБЫЗДЫХЪОЙЫ ХУЫЗДÆР ФÆДОНТÆЙ ИУ Хуыгаты Геор Хъуыстгонд уыд йæ ном, куыд зынгæ режиссер æмæ драматург, Уæрæсейы Феде- рацийы адæмон артист, Цæ- гат Ирыстоны Тæбæхсауты Балойы номыл академион те- атры сæйраг режиссер Хуыга- ты Доментийы фырт Георæн. Геор æрæджы фæзиан, дзæ- нæты бадæг, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта куырыхон лæджы хъуыдытæ æмæ бынтæ. Дæрзæг æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд Хуыгайы фырт. Тыхст дуджы райгуырд, нывыл нæ уыдысты йæ сабион бонтæ, фæлæ сын цардбæллон уд бафæрæзта сæ уæз æмæ схызт йæ лæджы ранмæ. Геор райгуырдис 1922 азы Цæгат Ирыстоны стырдæр æмæ ногдæр хъæутæй иуы - Ногиры. Ногирæн йæхи истори ис, уый фæзынд 1920 азы. Уыцы аз та Хуссар Ирыстонæн зындойнаг азыл æрцыд нымад. Уæд Хус- сар Ир æрцыдис сыгъд æмæ пырх Гуырдзыйы меньше- викон хицауады къухæй, уæд нæ адæмы бахъуыд Цæгат Ирмæ алидзыны сæр. Бирæ зиæнттæ æрцыд нæ адæмыл. Æххормагдзинад æмæ алыхуызон низтæ цæвæгæй кæрдæгау кодтой нæ адæмы, гуырдзыйы геноцид йæ кæнон бакодта, фæлæ нæ адæм уæддæр ныфсджын уыдысты фыдæлтæй баз- зайгæ æмбисондæй. Уый та амыдта: «Фыдлæг, фыддуг, 190
фыдрæстæгæн цæрæнбон даргъ никуы вæййы». Бирæ нæ ахаста сæ рæстæг гуырдзыйы меньшевиктæн, ралæууыд ног, сæрибары дуг. Адæм здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм, фæлæ дзы разынд ахæмтæ дæр, кæцытæ баззадысты Цæгат Ирыстоны. Уыдонæн Терчы галиу фарс лæвæрд æрцыд зæхх - æфсæддонты танктыл кæм ахуыр кодтой, уыцы бы- нат. Цæгат Ирыстоны хистæр фæлтæр æй абоны бон дæр хонынц «полигон». Адæм сæ нæуæг бынатыл сæвæрдтой Ногир, ома, Нæуæг Ир. Цард тыхст æмæ уæззау уыд, ног хицауад нырма йæ ты- хы нæ бацыд, стыр зындзинæдтæ, егъау хъуагдзинæдтæ æййæфтой ног æрцæрджытæ, фæлæ уæддæр амæлттæ кодтой, сæ цардæн бындур æвæрдтой, рæзтис Ногир дæргъырдæм дæр æмæ уæрхырдæм дæр. Ногир або- ны бон нымад цæуы Цæгат Ирыстоны иууыл егъаудæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иуыл. Георы райгуырды фыццаг дыууæ азы куынæ нымайæм, уæд уыд йæ хъæу Ногиры æмбай, Ногиры фаззон. Æмæ уый та дзурæг у, саби йæ уалдзыгон бонты хъуагдзинæдтæ кæй æййæфта, йæ сабион рæстæг нывыл кæй нæ уыд. Йæ фыд Доменти уыдис зындгонд куырыхон, уынаф- фæйы лæг канд Хуыгаты мыггаджы ’хсæн нæ, фæлæ æнæ- хъæн Ногиры хъæуы дæр æмæ ам, Къуыдаргомы дæр. До- менти уыдис Ногиры хъæуы аразджытæй иу. Æппæт йæ тыхтæ лæвæрдта уымæ, цæмæй ног æрцæрæг адæм сæ къахыл слæууой. Гайлаг, дам, родæй бæрæг вæййы, зæгъы ирон æмби- сонд. Доменти йæ фырты змæлд æмæ арæхстдзинадмæ куы бакаст, лæппуйæн чиныг йæ хуыздæр æмбал куы ссис, ахуырыл йæ уд хъарын куы райдыдта, уæд фыды фæндон конд уыд: хъуамæ дзы рацæуа инженер. Уыцы хъуыдытимæ ахуыр кæнын райдыдта Геор Ногиры скъолайы. Ногиры скъола уæрæх дуæрттæ байгом кодта Георæн цардмæ, ахуыры хъуыддагæн. Ахуырмæ - æвзыгъд, нæ дзы уыдысты рох йæ фыды фæндтæ дæр, йæхи дæр тынг фæндыд инженер суæвын. 191
Цард диссаг у, адæймагæн йæ фæндæгтæ куы сбирæ фæййынц, уæд сæ хуыздæр равзарын фæзын вæййы. Уый цæмæн зæгъын? 1935 азы байгом Цæгат Ирыстоны драмон театр. Æр- тындæсаздзыд Геор фыццаг хатт федта уæд профессио- налон театр, профессионалон актерты хъазт. Уæдæй ных- хызт йæ зæрдæмæ театралон аивад, сценæйон змæлд. Геор авд къласы куы сахуыр кодта Ногиры скъолайы, уæд бацыд Дзæуджыхъæуы театралон ахуыргæнæндон- мæ. Каст æй фæцис æнтыстджынæй æмæ райдыдта ку- сын актерæй горæты ирон театры. Ам рабæрæг сты фи- дæны режиссеры арæхстдзинæдтæ, уæд рарттывта йæ егъау курдиат театралон аивады. Геор æмбæрста, дарддæр æй ахуыр кæнын кæй хъæуы, цы ахуырдзинад райста, уый фаг кæй нæу. 1947 азы бацыд ахуырмæ Мæскуыйы Луначарскийы номыл театралон аивæдты институты (ГИТИС) режиссе- рон факультетмæ. Йæ факультет каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ 1952 азы. Ныр фаг хъаруимæ, фаг цæт- тæдзинадимæ æрыздæхт йæ уарзон театрмæ режиссерæй. Цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ Цæгат Ирыстоны му- зыкалон драмтеатр дæр тынг сырæзт, фидарæй слæууыд йæ къæхтыл. Георы æрыздæхынмæ сæ кой дардыл айхъу- ыст театры фидауцтæ Таутиаты Солæманæн, Тæбæхсауты Балойæн, Тотраты Бесæйæн, Брытъиаты Зариффæйæн æмæ æнд. Уыдæтты арæхстдзинад тынг фæахъаз æрыгон режиссер Хуыгаты Георы сфæлдыстады рæзтæн. Фыццаг азты Геор уыдис спектаклтæ æвæрæг-режис- сер, фæстæдæр та ссис театры сæйраг режиссер, цыран фæкуыста суанг йæ амæлæты бонмæ. Хуыгайы фырт æвзонгæй райдыдта йæ тыхтæ фæл- варын литературон куысты дæр. 1940 азæй мыхуыры цæуын райдыдтой йе ’мдзæвгæтæ, йæ радзырдтæ, йæ иуактон пьесæтæ, æвзонгæй райдыдта йæ тыхтæ фæл- варын тæлмацы хъуыддаджы дæр. Ирыстон Георы, сæйраджыдæр, зыдта арæхстджын режиссер æмæ курдиатджын драматургæй. Къоста æмæ 192
Елбыздыхъо, Шекспир уымæн кæддæриддæр уыдысты фæндагамонæг. Цæгат Ирыстоны музыкалон драмтеатры сценæйыл Геор иронау сдзурын кодта Шекспиры диссаджы уацмы- сты, сæ тæлмацгæнæг та уыдис Плиты Грис. Уыдон та уы- дысты: «Афинаг Тимон», «Кароль Лир», «Отелло» æмæ æндæртæ. Иæ арæхстдзинады тыххæй иу æмæ дыууæ хат- ты нæ райста фыстæджытæ канд Англисæй нæ, фæлæ ма бирæ театралон æхсæнадтæй дæр. Ирон сценæйыл Геор рарттивын кодта Островскийы «Тæрккъæвда», Гоголы «Ревизор», Горькийы «Царды бын» æмæ æнд. Хуыгайы фырт буц æмæ сæрыстыр уыд, ирон сове- тон драматургийы бæрзонд къæпхæнмæ чи иста, уыцы драматургтæй. Уыдон та уыдысты: Туаты Дауыт, Плиты Грис, Гаглойты Владимир, Хъайттаты Сергей, Хъуысаты Дмитри, Токаты Асæх æмæ æнд. Хæдбындур курдиаты хицау уыд Геор. Цы пьесæтæ ныф- фыста, цы темæтæ рахаста рæгъмæ, уыдон кæддæриддæр адæмы цæсты ахадыдтой. Театрдзаутæ сыл кæддæриддæр æмбæлдысты зæрдæрайгæйæ. Абоны бон дæр театрдзау- ты зæрдæмæ тынг цæуынц Георы пьесæтæ: «Мæ усы лæг», «Мæ усы мад», «Сæтти æмæ Бæтти», «Æмпъузæнтæ», «Ба- буца, Гагуца, Данел æмæ Дарданел», «Чепена», «Амонд, кæм дæ?», «Фыдæлты намыс», «Софьяйы зарæг», «Нафи æмæ Нафигæйы чызджытæ» æмæ æнд. Уыдон канд ирон сценæ- тыл не ’рцыдысты æвæрд, уыдысты уырыссаг æмæ æндæр нациты сценæтыл дæр, куыд, зæгъæм, Калинины, Балашо- вы, Брянскы, Дербенты, Кишиневы, Николаевы, Новочеркас- скы, Пермы, Псковы, Ужгороды, Чебоксары драмон театрты сценæтыл. Георы комеди «Сæтти æмæ Бæтти» æвдыст æрцыд Мæскуыйы Централон телеуынынады дæр. Хуыгайы фырт уыдис арæхстджын тæлмацгæнæг дæр. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта 60 драмон уацмысæй фыл- дæр. Уыдон та сты Шекспир, Бомарше, Еврипид, Шиллер, Гоголь, Островский, Горький, Чехов, Хикмет, Гусев æмæ æндæрты пьесæтæ. 13* 193
Нæ драматурджы сфæлдыстадон бынтæ зынгæ фæ- хъæздыгдæр кодтой Цæгат æмæ Хуссар Иры драмте- атрты репертуартæ. Йæ комеди «Бабуца, Гагуца, Данел æмæ Дарданел»-мæ куы кæсæм, уæд фæхудæм, алцы дæр нæм дзы худæг кæсы, фæлæ куы ныхъхъуыды кæнæм, уæд нæ зæрдыл æрлæууы уæззау тохы дуг, фашизмы æбуалгъ фыдракæндтæ, æмæ кæд уыцы хæст раджы басабыр, уæддæр бирæ ныййарджы- ты зæрдæты хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Уыдон абон хистæр фæлтæрыл сты нымад, æмæ драматурджы хъуы- ды та у: уадз абоны фæлтæр зоной, ныййарджытæ цытæ бавзæрстой, æмæ абоны бон кæстæрты зæрдæты хорздзи- нады рухсæй кæй цæрынц, уый. Хуыгаты фыртæн æрдз радта хæдбындур курдиат, адæймаджы хорз миниуджытæ, зæрдæхæлардзинад. Уыцы миниуджытимæ фæцард йæ адзалы бонмæ. Куыд режиссер, афтæ кæй нæ барæвдыдта нæ драматургтæй, кæй пьесæты нæ рарттивын кодта Цæгат æмæ Хуссар Иры театрты сценæтæй, ахæм дзы нæй. Георы лæггæдтæ дзæвгар сты канд Дзæуджыхъæуы театрæн нæ, фæлæ ма Цхинвалы театрæн дæр. Басыгъд Цхинвалы театр, амард Хуыгаты Геор, фæлæ уыдис рæстæг, сæ дыууæ дæр цæрдхъом куы уыдысты. Уæд Геор Хусса- ры театры сценæйыл сæвæрдта ахæм спектаклтæ, куыд: Брытъиаты Е. «Амыран», Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ», Дзугаты Г. «Аргъау», Гаглойты Вл. «Тугæйдзагчындзæхсæв», Уанеты Вл. «Хилачы фидар», йæхи комедитæ «Чепена», «Мæ усы лæг», «Мæ усы мад» æмæ «Æмпъузæнтæ». Георы лæггæдтæ дардыл уыдысты ирон аивадæн, наци- он культурæйы рæзтæн. Йæхи фыдæбæттæ, йæхи лæггæдтæ Геор фагыл никуы банымадта, æнæхъæн бинонты дæр баф- тыдта сæ адæмы культурæйæн лæггад кæныныл. Йæ биной- наг, зынгæ актрисæ, иу æмæ дыууæ ролы не сæххæст кодта Цæгат Ирыстоны уырыссаг театры сценæйыл. Йæ фырт дæр равзæрста фыды дæсныйад, ссис курдиатджын режиссер, йæ чызг дæр у сфæлдыстадон кусæг.
ЦАРД У ССАРГÆЙÆ Саулохты Мухтар Ахæм хъуыдыйыл хæст уыд йæ цыбыр царды бонты зын- гæ ирон поэт æмæ драматург, Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артист Саулохты Пъау- лейы фырт Мухтар. Цыбыр уыдысты йæ цар- ды бонтæ Мухтарæн, фæцард æдæппæтæй 31 аз, фæлæ йын æнтысгæ бирæ бакодта ирон аивады рæзты фæндагыл кусгæйæ. Йæ февнæлд уыд цæрдæг, æвзыгъд алы хъуыддаджы. Саулохты Мухтар райгуырдис 1915 азы марты мæйы Дзауы районы Дæллаг Згъуыбиры хъæуы. Йæ фыд Пъау- ле уыдис, æгас комбæсты сæ хæрзæгъдауæй зындгонд чи уыд, уыцы Леуан æмæ Гæбæдзы хæдзарвæндагæй. Уыдонау Пъауле дæр уыдис дзырддзæугæ, хæрзæгъдау, куыстуарзаг. Хæдзары бирæ бинонтæ уыдысты, æдæп- пæтæй 30 адæймаджы бæрц, фæлæ, куыстуарзаг, хæлар- зæрдæ кæй уыдысты, уый тыххæй сыл цард дæр хæцыд, ницы хъуаг æййæфтой. Леуан æмæ Гæбæдз хорз зыдтой ирон хъæздыг дзы- хæйдзургæ сфæлдыстад, æмæ йæм ахæм уарзондзинад рахаста Мухтар дæр. Фæлæ ацы хæдзарвæндагæн гуыр- дзыйы меньшевикты азарæй сæ адджын цард ныссуйтæ ис. Хæхтыл Цæгатмæ куы лыгъдысты, уæд 5-аздзыд 195
Мухтар федта æмæ бавзæрста æххормагдзинад, уæззау низтæй адæм куыд мардысты, уый. Уым фæмард йæ фыд, стæй иннæ бинонтæй дæр цыппар. Советон хицау- ад куы æрфидар, уæд адæм здæхын райдыдтой сæ сыгъд уæзгуытæм. Æрыздæхтысты, Пъаулейы бинонтæй ма чи баззад, уыдон дæр æмæ ногæй райдыдтой сæ цард аразын. 1923 азы Мухтар ахуыр кæнын райдыдта Згъуыбиры райдиан скъолайы. 1924 азы йæ йе ’фсымæр Симон акод- та Тбилисмæ, уым бацыд ирон скъоламæ, фæлæ иу азы фæстæ Симон æрбаздæхт Цхинвалмæ, ракодта Мухта- ры дæр æмæ та бацыд сæхи хъæуы скъоламæ. Сæ мадæн уыйбæрц бинонтæ дарын йæ бон нæ уыд æмæ Мухтары радтой Къоджоры сидзæр сывæллæтты хæдзармæ, уый фæстæ ахуыр кодта Сталиниры «ФЗУ»-йы, кусгæ та код- та театры. Театр бирæ кæй уарзта, уый тыххæй-иу ын хатт бахæс кодтой къаннæг ролтæ. Фæстæдæр, 1932-33 азты та кусын райдыдта актерæй æмæ театры директорæй. Уæддæр æй ахуыр кæнын хъуыд æмæ 1933 азы ацыд Тби- лисы Шота Руставелийы номыл театры студимæ, 1936 азы та ирон равзаргæ фæсивæдимæ ацыд Ленинградмæ теа- тралон институтмæ. Куы æрыздæхт, уæд куыста театры, хæсты рæстæджы та уыд Фысджыты Цæдисы сæрдар. Бирæ зындгонд фæлгæнцтæ сарæзта Мухтар ирон сценæйыл. Бердзенишвилийы трагеди «Зынг»-ы - Да- нелы, Къостайы «Дуня»-йы Перышкины, йæхи пьесæ «Фыййæутты уæтæры» Карумы æмæ бирæ æндæрты фæлгæнцтæ. Мухтар хорз арæхст режиссеры куыстмæ дæр. Адæм æй дисæн хастой, йæхи пьесæ «Бега»-мæ гæсгæ кæй сæвæрдта, уыцы спектакль куы федтой, уæд. 1941 азы Тбилисы ирон литературæ æмæ аива- ды декадæйы рæстæджы Мухтар иттæг хорз рольтæ кæй сæххæст кодта, уый тыххæй ын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артисты ном. Бирæ хорз фæндтæ æмæ бæллицтæ уыд курдиатджын фыссæг æмæ артистмæ, фæлæ йын сæ сæххæст кæнын нæ бан- тыст - 31-аздзыдæй трагикон æгъдауæй фæмард. 196
Цъус рацард, фæлæ бирæ саразын бафтыд йæ къухы. Хæрзæвзонгæй бавнæлдта æмдзæвгæтæ фыссынмæ, æмæ кæд нырма техникон æмæ аивадон æгъдауæй лæмæгъ уыдысты, уæддæр сыл зынд, сæ автормæ æрдзон курдиат æвидигæ кæй уыд. Ног дуджы ралæуд æхсызгон уыд Мухтарæн æмæ йыл зарыд бæрзонд хъæлæсæй ахæм æмдзæвгæты: «Хъугдуцджыты зарæг», «Колхозон чызгай», «Хосдзау- ты зарæг» æмæ æндæрты. Йæ ном фыццаг хатт фæзынд журнал «Фидиуæджы» 1937 азы æмæ уæдæй йæ амæлæты бонмæ уыд сфæлдыстадон куысты тæмæны. Йæ поэтикон хъæлæс арвы нæрдау хъуыст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Æмдзæвгæтæ «Нæ бæстæ», «Уайгæ, мæ хъæбул», «Мады фæдзæхст», «Нæ дзыллæ расидтис», «Ард хæрæм» æмæ æндæрты уынæм, сове- тон адæм куыд иузæрдионæй растадысты Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ. Поэты хæстон сал- дат у ныфсхаст, хъаруджын, фæлæ дзы цард дæр нæ рох кæны: уый мысы йæ уарзон чызджы, æхсызгонæй йын фæкæсы йæ фыстæджытæ, фæцин ын кæны йæ хъарм хикъухæй конд дзаумæттыл («Дыууæ фыстæджы») Мухтар хæсты нæ уыд, нæ федта тугхъулон хæстон бы- дырты, фæлæ йе стыр курдиаты фæрцы хæсты нывтæ æвдисы цæстуынгæйæ, ахадæнæй. Уый фидарæй æууæн- ды, ацы уæззау хæсты советон адæм кæй фæуæлахиз уы- дзысты, ууыл. Уый та ирдæй зыны ахæм æмдзæвгæты, ку- ыд «Нæ уарзон Киев, мах дæ», «Хæстон цуаны», «Сырд фæтыхст йæ хызы» æмæ æндæрты. Æмæ йæ фидар уыр- нындзинад нæ фæмæнг ис: Сырх Æфсад фæуæлахиз æмæ поэт адæмы циндзинад æвдисы æмдзæвгæты «Хæстон æрыздæхтис фæстæмæ», «Тæрхон» æмæ æндæрты. Саулохты Мухтармæ бирæис ирон хъæбатыр лæппу- ты номарæн æмдзæвгæтæ. Йæ поэзийы ары Айдарты Знауыры («Хъайтар Знауыр»), Милдзыхты Хадзымыр- зæйы («Милдзыхты Хадзымырзæ»), Хъоцыты Къос- тайы («Денджызон хъайтар»), Харебаты Алыксийы («Æгас нæм цу») æмæ æндæрты нæмттæ. 197
Ирон литературæйы аккаг бынат ахсынц Мухта- ры поэмæтæ «Герсан», «Æртындæсæй иумæ», «Сос- лан», «Зæронд Матвей», «Хæстон бæгъатыр». Поэмæ «Æр-тындæсæй иумæ»-йы дзырд цæуы Хуссар Иры- стоны фæллойгæнджыты æнæмсæр тохыл гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты со- ветон салдаты хъæбатыр тох æвдыст цæуы поэмæтæ «Сослан», «Зæронд Матвей», «Хæстон бæгъатыр»-ы. Фæлæ Мухтары сфæлдыстады астæуы цæджындз у йæ драматурги. Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсынц йæ пьесæтæ «Фыййæутты уæтæр», «Бега», «Айдар-ты Знауыр», «Усгур», «Хæхтæ сдзырдтой», «Хандзе-риффæ», «Патриоттæ», «Партизантæ», «Нарты Батрадз». Йæ комеди «Усгур» йæ ныффыссынæй фæстæмæ нæ рахызт ирон про- фессионалон сценæйæ, арæх æй æвæрынц адæмон æмæ хæдархайгæ драмон коллективтæ. Колхозон цардыл фыццаг драмон уацмыс уыдис «Фый- йæутты уæтæр». Уый театры сценæйыл фæзынд 1940 азы. Ам ирдæй зыны, кълассон знаг нырма фидар кæй лæууы йæ къæхтыл æмæ йæ ныхмæ карзæй кæй хъæуы тох кæ- нын. Пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль æвдыст æрцыд Тбилисы Хуссар Ирыстоны аивад æмæ литературæйы де- кадæйы. Стыр аргъ ын скодтой театр-дзаутæ дæр æмæ критиктæ дæр (фыста йыл газет «Заря Востока»). Ирысто- ны цы æппæрццаг зианхæссæг æгъдæуттæ уыд, уыдоныл зæрдиагæй фæхудтис автор æмæ сыл сценæмæкæсджыты дæр фæхудын кодта йæ хъæлдзæг комеди «Усгур»-ы. Чъынды, кæрæф, æнæфсис лæджы дзы равдыста æппæт йе ’фтиæгтæ æмæ йæ æнæ-сæрфат митимæ. Пьесæ «Айдарты Знауыры»-ы æвдыст цæуы зынгæ революционеры фæлгонц. Зæрдæмæхъаргæ сценæты фæрцы адæмы рæгъмæ рахаста партизанты архайд меньшевикты ныхмæ тохы. Адæм кæуыл баууæндой, ахæм хуызы дзы æвдыст сты адæмы знæгтæ, меньше- викты фæлгæнцтæ. Гуырдзыйы хицауады ардыдæй Уырысы паддзах Ирыс- тонмæ стыр æмæ хотыхджын æфсад куы рарвыста 1830 198
азы, уæд карз тохтæ æрцыд Чеселтгомы, ном-хуындæй та Хъолайы мæсыджы цур. Тохæн разамынд кодта хъæбатыр хæххон лæг Коцты Бега. Ацы тохы нывтæ ирд ахорæнтæй равдыста драматург йæ зындгонд уацмыс «Бега»-йы. Зæронд Ирыстоны адæмы хсæн цы социалон æмæ экономикон æнæмсæрдзинад уыд, уый равдыста автор пьесæ «Хандзериффæ»-йы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронты дæр æмæ фæс- чъылдым дæр фæсивæд сæхи цыхуызæн хъæбатырæй, æнувыдæй равдыстой, уыцы хабæрттыл дзырд цæуы «Партизантæ» æмæ «Патриотты». Æмткæй хæсты дугыл ноджы уæрæхдæр, гуырахстджындæрæй æрдзырдта ав- тор йæ драмæ «Хæхтæ сдзырдтой»-йы. Уацмысы сæрæй кæронмæ уынæм фашизмы æнæадæймагон митæ, сове- тон адæмы удуæлдай тох Райгуырæн бæстæ бахъахъ- хъæныны сæрыл. Мухтар адæмон сфæлдыстадмæ уарзондзинад рахас- та йæ хæдзарвæндаджы хистæртæй. Хæрзкъаннæг ма уыдис, афтæ бауарзта аргъæуттæм хъусын, айста сæ йæ зæрдæмæ æмæ сæ нал стыдта йæ удыскондæй. Уый ир- дæй зыны пьесæ «Нарты Батрадз»-ы. Нарты эпос ирон адæмы истори у, адæмæн уарзон сты йæ хъайтартæ сæ хъæбатырдзинадæй, сæ лæгуарзондзинад æмæ сæ уæздан ахастæй. Уыцы бирæ хъайтартæй адæмы зæрдæ-мæ иу- уыл хæстæгдæр лæууы Батрадз. Уый у тыхджын æмæ уыимæ уæздан, хиуылхæцгæ алы хъуыддаджы дæр. Гъе, æмæ ацы диссаджы фæлгонц автор скодта, драматургийы æппæт фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, æмæ йæ адæмæн но- джы тынгдæр бауарзын кодта. Мухтар дæсны тæлмацгæнæг дæр кæй уыд, ууыл дзу- рæг у, Шота Руставелийы æнæмæлгæ поэмæ «Стайы цармдарæг» ирон æвзагмæ иттæг дæсны тæлмац кæй ракодта, уый. Ахæм аив тæлмац ма ракодта Бараташви- лийы кадæг «Гуырдзыстоны хъысмæт» æмæ æндæрты.
СТЪАЛЫЙАУ ФЕРТТЫВТА - СТЪАЛЫЙАУ ФÆТАР Магкæты Алихан Кæддæр Тырсыгом дæр Дзауы районмæ хауд. Уæд уы- цы комы цард 14 нæргæ хъæ- уы. Уадз нæ адæм зоной, уыцы æдзæрæг хъæутæн сæ нæмттæ. Федзæрæг сты Хъазбеджы рай- оны (абоны «Степан цъминда») къухдариуæгады фыдмиты ах- хосæй. Федзæрæг сты, фæлæ ма сæ нæмттæ, сæ мæсгуытæ, сæ хæдзæртты сис-хæлдтытæ баззадысты. Кæддæры нæргæ хъæутæн сæ хорзы кой хъуыст мæнæ ахæм нæмттимæ: Дыууæ Тъепы, Рес, Хъаратæ, Бур мæсыг, Цоцолтæ, Дыууæ десы, Æртæ Суатъисы, Четойтæ, Абана æмæ Четырс. Уы- цы хъæуты цардысты мæнæ ахæм мыггæгтæ: Уртатæ, Цобыкъатæ, Хъаратæ, Цæболтæ, Берозтæ, Сапиатæ, Четойтæ, Хæмыцатæ, Елойтæ, Хъалæгатæ, Мырыкатæ, Къæлгутæ, Магкæтæ, Кокайтæ, Дзæхатæ. Тырсыгомы хъæутæ бирæ разагътайы адæймæгтæ радтой - инæлæрттæ, инженертæ, дохтыртæ, зонадон кусджытæ, артисттæ æмæ композитортæ, æхсæнадон кусджытæ. Уыдоны ’хсæн бæрæгæй æрттивы йæ ном курдиатджын актер, режиссер æмæ драматург Магкæты Алиханæн, кæцы йе ’взонджы бонты тых бахардз кодта Хуссар Ирыстоны театры сценæйыл. 200
Дарддæр нæ ныхасы сæр дæр уыдзæн Алиханы бакæн- гæ хъуыддæгты фæдыл. Алихан райгуырди 1911 азы Тырсыйы комы Цоцол- ты хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Ти- мофей уыдис мæгуыр хæххон лæг. Алихан йæ сабион бонтæ арвыста хæхты. Уым, фыййауы лæдзæг хæсгæйæ, бауарзта бæрзонд хæхты рæсугъддзинад, хъал дæтты сæр-сæр, хъуытаз хъæлæс кæмæн уыд, уыцы мæргъты. Тимофей кæд æнæахуыргонд лæг уыд, уæддæр бирæ сагъæс кодта йæ сабиты сомбоныл æмæ 1918 азы ныу- уагъта йæ райгуырæн Цоцолты хъæу æмæ æрцард Дзæу- джыхъæуы. Дуг уæззау æмæ хæццæ уыд, фæлæ адæм зыдтой, цардæн иуæрдæм, хорзæрдæм æнæ ’рхаугæ нæй. Æмæ æцæгдæр ралæууыд ног дуг, æмæ уæд Тимо- фей йæ зæнæджы бафтыдта ахуыры фæндагыл. 1924 азы Алихан ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджы- хъæуы фыццæгæм скъолайы. Ахуырмæ æвзыгъд разынд Алихан, райгонд дзы уыд йе ’скъола, ахуырæй дарддæр ма Алихан зæрдиагæй архайдта алыхуызон изæрты, уыд дзырдарæхст, уæндон, бирæ бауарзта Къостайы сфæл- дыстад, æнæкæсгæйæ зыдта «Ирон фæндыр». 1931 азы Алиханы хъустыл æрцыд, зæгъгæ Хуссар Ирыстоны байгом ирон профессионалон театр. Æвзон- гæй бауарзта театр, æвзонгæй ,1931 азæй, Алихан йæ цард сбаста нæ театримæ, йæ фыццаг бонтæй ссис нæ театры актер. Æвзонг Алиханы змæлд æмæ архайдыл сæ цæст æрæ- вæрдтой театры фыццаг коллектив: Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гугкаты Сашæ, Уырысты Муссæ, Кав- казаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Гуы- биаты Георги, Цоциты Нинæ, Хуыбылты Гриша, Кокойты Тæтæрхъан. Алихан хорз æмбæрста иу хъуыддаг - ахуыр хъæуы дарддæр, бынаты зонындзинæдтæ фаг не сты. Театр йæхæдæг дæр хатыд, коллектив фаг цæттæ не сты æмæ 201
иу къорды арвыста Тбилисмæ Шота Руставелийы но- мыл театралон студимæ. Уыдонимæ уыд Магкæты Али- хан дæр. Райгонд уыд йæ ахуырæй Алихан, йæ зæрдæ рухс уыд, семæ Сандро Ахметели кæй куыста, уымæй. Алиханæн йæ тырнындзинæдтæ дардыл уыдысты, фæлæ йе ’нæниздзинад нывыл кæй нæ уыд, уый йæ хъыг дардта. Ныууагъта йæ ахуыр, æрбаздæхт фæстæмæ Цхинвалмæ æмæ йæ куыст дарддæр кодта нæ театры. Ногæй та Алиханы зæрдæмæ бакаст хуры тын. 1936 азы ног фæлтæр æрвыст цæуынц Ленинграды Остров- скийы номыл театрал он институтмæ. Уыцы фæлтæримæ фæраст Алихан дæр. Хорз цыд ам дæр йæ ахуыр, йæ уд хъардта театралон дæсныйад райсыныл, æцæг актер суæвыныл. Фæлæ та ам дæр йе ’нæниздзинады аххосæй йæ хъул сах нал бадт, гæнæн та йын нал уыд, ныууагъта йæ ахуыр æмæ та æрыздæхт йæ уарзон сценæмæ. Ног тыхтимæ бавнæлдта куыстмæ Алихан, цæстæвæ- рæн фæцис йæ диссаджы архайдæй, йæ дæсны хъазт сценæмæкæсджыты æлвæста йæхимæ. Уый канд актер нæ уыд, фæлæ ма уыдис арæхстджын режиссер дæр. Алихан йæ куысты фæллад нæ зыдта, æппæт йæ тыхтæ лæвæрдта театралон аивадæн, сценæйæн, театр- дзаутæн. Домаг уыд йæхицæй, домаг уыд йæ куысты коллекти- вæй дæр. Абоны бон дæр ма диссагæн хæссынц, Алихан йæ са- разгæ фæлгæнцты цы арæхстдзинæдтæ равдыста, уы- дон. Бердзенишвилийы трагеди «Зынг»-ы Алихан æххæст кодта Тасолтаны роль. Раст ын бамбæрста йæ удыгъæд. Уый уыдис хъæздыг лæджы фырт, нуæзта мæгуыр адæ- мы туг, у къуыдипп æмæ хъал лæппу. Алихан арф бацыд йæ ролы æмæ йæ тынг аив сæххæст кодта. Бынтон диссаг та разынд Садуллæйы ролы (Саулохты М. «Фыййæутты уæтæр»). Раст бамбæрста Садуллæйы удыгъæд. Уый уыдис æнувыд колхозон, цыргъзонд æмæ 202
цардбæллон, хъæлдзæг адæймаг. Уыцы миниуджытыл фæхæст Алихан æмæ Садуллæйы миддуне æрцыд раст æвдыст. Алихан хорз рæхстис гуырдзиаг лæджы удыгъæд, уы- рыссаг лæджы мидæнкъарæнтæ рафæлгъауынмæ дæр. Ууыл та дзурæг у Къостайы комеди «Дуня». Ам Али- ханæн бахæсгонд æрцыд Мазиловы роль. Уый уыд кæд- дæры нывгæнæг, фæлæ уыцы куыстæй фæиппæрд, абон ницы куыстыл у хæст æмæ йе ’мбæлттимæ - Перышкин æмæ Трубодуровимæ цæрынц фатеры Суйковтæм æмæ мæстæй марынц фысымы ус Евдокияйы, фатеры мызд ын нæ фидынц. Магусатæ, æгуыст адæм, цæмæй хъуамæ фидой сæ фатерæн. Ацы юмористон роль Алихан сæххæст кодта иттæг арæхстджынæй. Театралон аивады тагъд рæзт Алиханы курдиат æмæ театрдзаутæ базыдтой, стыр курдиаты хицау кæй у æв- зонг актер. Уый æмрæнхъ тагъд сæрттывта йе стыр кур- диат режиссурæйы фадыджы дæр. Ууыл та дзурæг у Сау- лохты Мухтары пьесæ «Фыййæутты уæтæр», Остров- скийы «Хъæд» æмæ Бердзенишвилийы трагеди «Зынг» театры сценæйыл режиссер Алиханы руаджы æвдыст кæй æрцыдысты, уый. Куыд актер æмæ режиссер, афтæ æрæнцой нæ зыд- та, фæллад нæ хатыд, уый нæ, фæлæ ма æрæвнæлдта йæхæдæг дæр пьесæтæ фыссынмæ. Уым дæр та Али- хан разынд стыр курдиаты хицау. Ныффыста пьесæтæ «Тохы бонтæ» æмæ «Фембæлд». Ацы пьесæтæ уайтагъд æвæрд æрцыдысты нæ театры сценæйыл, æхсызгонæй сыл сæмбæлдысты нæ театрдзаутæ. Пьесæтæн сæ тематикæ алыхуызон у. «Тохы бонты» уынæм Октябры социалистон революци æмæ мидхæсты азты дуг. Пьесæ «Фембæлд»-ы автор равдыста колхозон арæзтады рæстæг Ирыстоны. Алихан реалон нывты рав- дыста кълассон тохты нывтæ, тугцъиртæ, зæхджынтæ бирæгъы цæстæй куыд ракастысты ацы хъуыддагмæ. Тох цыдис дыууæ къласы ’хсæн, æмæ рæстдзинад куыд 203
уæлахиз кодта, фæллойгæнæг адæм сæ цагъарадон æфсондз куыд æппæрстой, уый реалон нывты æрцыд æвдыст ацы пьесæйы. Алихан уыдис стыр курдиаты хицау, фæлæ йын дуг æмæ рæстæг йæ фæндтæ йæ хъуыры фæбадын код- той. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Алихан фæраст хæсты быдырмæ, фæцыдысты йемæ, сценæйы ад рæстмæ чи нæ бамбæрста, рæстмæ дзы йе уæнгтæ чи нæ аивæзта, уыцы курдиатджын актерты къорд. Уы- дон та уыдысты Хаситы Алыксандр, Гæззаты Степан, Мæргъиты Сослан, Цхуырбаты Ясон, Тедеты Андрей, Тедеты Владимир, Алыккаты Хадзы-Мурат. Адонæй ма театрмæ æрыздæхтысты Гæззаты Степан, Мæргъиты Сослан æмæ Тедеты Владимир. Хæсты быдыры чи баззад, уыдонæй иу уыдис Магкæты Алихан дæр. Стъалыйау ферттывтой, стъа- лыйау фæтар сты. Махæн сæ рухс нæмттæ сты мысинаг.
НÆ ТЕАТРЫ ÆВÆЛЛАЙГÆ ЗИУУОН Цоциты Къæдзæх 1950 азы театрмæ цы кур- диатджын фæлтæр æрбацыд, уыдоны зынгæдæртæй иу уыд Цоциты Къæдзæх. Къæдзæх куы райгуырд, уæд цыма йæ ныхыл фыст уыд, театры фи- дауц, ирон сценæйы зæрин- гуырд кæй уыдзæн, уыцы хъуыддаг. Театр царды айдæн кæй у, сценæ та - удыхъæды миниуджытæ æвдисæг, уый йе ’взонджы бонты раст бам- бæрста Къæдзæх æмæ æппæт йæ зонд, йæ хъару, йæ арæхстдзинæдтæ схай кодта Хус- сар Ирыстоны паддзахадон драмон театрæн. Рох нæ ма хъуамæ уой нæ театры бындурæвæрджытæ, нæ театры кады тырыса бæрзонд чи систа, сæрыстырæй йæ чи хаста, уыцы фæлтæртæ, уыцы зиууæттæ. Уыдон та уыдысты: Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуг- каты Сашæ, Уырысты Муссæ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Туаты Зураб, Гуыбиаты Георги, Цоци- ты Нинæ, Хуыбылты Гриша, Кокойты Тæтæрхъан. Уы- дон уыдысты нæ театры фыццаг фæлтæр, хистæрты фарнхæссæг. Къæдзæх се ’ппæты дæр зыдта , се ’ппæты дæр хуыдта йе схъомылгæнджытæ, се ’ппæтимæ дæр уыд сценæйы фæдисон. 1935 азы Тбилисæй æрбаздæхт ног фæлтæр, Шота Руставелийы театралон студи каст чи фæцис, уыдон. 205
Зæгъæн ис, ацы фæлтæр Къæдзæхæн йе ’мкарæнтæ уыдысты, æмæ та уыдонимæ дæр куыста сценæйыл æвæллайгæйæ, кæд ма æндæр бæрнон бынæтты куы- ста, уæддæр. Къæдзæх абон не ’хсæн нал ис, фæлæ йæ бакæнгæ хъуыд- дæгтæ цæрынц не ’хсæн. Цоцийы фырт уыдис курдиатджын актер, сценæйы æцæг дæсны, ирон сценæйы фидауц, уыд Гуырдзысто- ны республикæйы сгуыхт артист. Тæбæхсауты Бало иу æмæ дыууæ хатты нæ фед- та Къæдзæхы хъазт æмæ змæлд сценæйыл æмæ-иу йæ сæр нынкъуысгæйæ загъта: «Мæн ирон сценæйыл Къæ- дзæхы йедтæмæ ничи раивдзæн». Цоциты Къолайы фырт Къæдзæх райгуырдис Цхин- валы 1926 азы. Къола йæ цардæмбал Санахъонимæ рæ- сугъд кæстæрты схъомыл кодтой, национ культурæйы рæзтæн уыдзысты аккаг фæлтæр. Къæдзæх астæуккаг ахуырад райста Цхинвалы 1943 азы. Уæззау дуг уыд, хæсты азты хъуагдзинæдтæ æхгæд- той канд ныййарджыты фæндæгтæ нæ, фæлæ ма рæзгæ фæлтæры фæндæгтæ дæр. Цоцийы фырт æвзонгæй бауарзта театралон аивад, ныййарджытæ йæ арæх кодтой семæ театрмæ. Сценæ йæ йæхимæ кæй æлвæста, уый бæрæг у иу хъуыддагæй. 1943 азы, скъолайы фæстæ, Къæдзæх кусынмæ бацыд театрмæ. Æвзонг уæвгæйæ, уыдис бæрзонд, хæрзконд уæнгты хицау. Театр та ахæмты фæагуры кæддæриддæр. Театры коллектив уарзæгой цæстæй ракастысты Къæ- дзæхмæ, æнгом бинонтау æй барæвдыдтой æмæ йын хæс кодтой, кæуыл фæтых уыдаид, ахæм ролтæ. Къæдзæхæй рох никуы уыд йæ ахуыры хъуыддаг, те- атры æмрæнхъ ахуыр кодта Цхинвалы педагогон ин- ституты, кæцыйы каст фæцис 1948 азы. Ахуыргæнæгæй дæр фыццаг куыста горæт Цхинвалы, стæй та Цъунары скъолайы. Къæдзæхы абоны бон дæр бирæтæ мысынц, куыд сæ уарзон ахуыргæнæджы. Къæдзæхæй та рох ни- куы уыд йæ уарзон сценæ æмæ дыууæ куысты дæр код- 206
та иу рæстæджы. 1952 азы нысан æрцыд Хуссар Иры- стоны облæххæсткомы цур культурæйы хайады лек- цион бюройы директорæй. Зæрдæбынæй кодта йæ ку- ыст, фæлæ та сценæ йæ кæнон кодта, æмæ та 1954 азы фæстæмæ баздæхт нæ театрмæ. Нæ театр рæзт, уæрæх кодтой йæ авналæнтæ, арæзт цыдысты хуыздæр уавæртæ нæ актертæн. Ууыл та дзу- рæг у, 1956 азы Мæскуыйы Аивадон Академийы теат- ры цур Немирович-Данченкойы номыл театралон сту- ди кæй рахицæн кодта Хуссар Ирæн бынæттæ. Сæхæдæг æрцыдысты Цхинвалмæ, сæхæдæг истой райсыны фæл- варæнтæ. Æнтыстджынæй фæлварæнтæ чи радта, уыдо- нимæ уыд Цоциты Къæдзæх дæр. Мæскуы уæрæх фæндаг бакодта ацы фæлтæрæн те- атралон дунемæ. Советон Цæдисы зынгæ театралон дæснытæ сæ зонынад æмæ дæсныйад нæ бахæлæг код- той нæ фæсивæдæн, фондз азы фæстæ нæ театрмæ æрыздæхт цæттæ фæлтæр, Къæдзæх дæр семæ, афтæ- мæй. Уый уыдис 1961 азы. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Къæдзæх, фæиппæрд та ирон сценæйæ, кусын райдыдта Бахрушины номыл Цен- тралон театралон музейы. Уыд зонадон кусæг. Фæстæдæр кусын райдыдта Уæрæсейы Федеративон Республикæйы культурæйы министрады культуронрухсадон аппараты. Цыбыр дзырдæй, куыста Фурцевамæ, æмæ-иу Къæдзæх мидбылты худгæйæ арæх æрымысыд, куыд æрцыд æрвыст Гуырдзыстонмæ театртæ, культурæйы галуантæ æмæ хъæууон-районон клубты куыст бабæрæг кæнынмæ. Худгæ та уымæн кодта, æмæ йæ кæй нæ базыдтой Тбили- сы, æнхъæлдтой йæ мæскуыйагуырыссаг. Чъребайаг ирон кæй у уый сын загъта, хæдтæхæгмæ куы сцæйхызт, уæд. Къæдзæх йæ Ирыстоны, йæ адæмы, йæ мадæлон æв- заджы бирæуарзта, афтæ дæр-иу дзырдта, Мæскуыйы Сырх фæзæй Чъребайы Богирийы фылдæр уарзын, зæгъгæ. Ногæй та Цхинвалмæ æрыздæхт 1965 азы æмæ та дысвæлдæхтæй бавнæлдта театралон куыстмæ, рахызт та сæрбæрзондæй ирон сценæмæ. 207
Цоциты Къæдзæх цы фæлгæнцтæ сарæзта ирон сце- нæйыл, уыдонæй бирæтæ сты ирон националон аивады сæрыстырдзинад. Къæдзæхмæ уыдис æвидигæ курдиат. Хъæздыг миддунейы хицау уыд, куыстуарзондзинад йæ хуыздæр хæлар уыд. Цы фæлгæнцтæ сарæзта, уыдонæй алкæй миддуне дæр æмбæрста, уырзæй сгарæгау сæ код- та, уыдта сæ цæстæй, хъуыста сын сæ ныхас, хатыд сын сæ фезмæлд. Къæдзæх сценæйыл кæддæриддæр йæхи хатыд сæ- рибарæй, йæ ролты уымæ къуыхцыдзинадæй никуы ницы уыд. Ирон сценæйыл Къæдзæхæн ис йæхи сфæл- дыстадон цæсгом. Йе ’рмдзæф уымæн иууыл тынгдæр æрттывта хъайтарон-эпикон ролты, арф социалон æмæ сатирикон ролты. Бирæ сты Къæдзæхы саразгæ фæлгæнцтæ, фæлæ уы- доны ’хсæн бæрæгдæрæй æрттивынц æмæ иууыл тых- джындæртыл нымад сты: Саулохты М. «Нарты Батра- дзы»-ы - Созырыхъо; «Хæхтæ сдзырдтой»-йы Заурбег, Ел- быздыхъойы «Дыууæ хойы» - Хъамболат, «Хазби»-йы - Ис- лам; Туаты Д. «Хæрзойты Фатимæт»-ы - Булатыхъо; «Си- дзæргæс»-ы - Амырхан; Плиты Грисы «Чермен»-ы - Чермен, Саулохты М. «Бега»-йы - Хъæцлæу Джусойты Н. «Азау æмæ Таймураз»-ы - Мистъала æмæ æнд. Уырыссаг, фæсарæйнаг, гуырдзиаг классикон драма- тургийæ ирон сценæйыл æвæрд цы уыд, уыдæтты дæр арæхстджын уыд Къæдзæх. Советон дуджы нæ радиойы арæх уыдис литерату- рон ралæвæрдтæ. Уыдоны, сæйраджыдæр, каст Къæдзæх, æмæ тынг райгонд уыдысты хъусджытæ. Мæхицæй абон дæр нæ рох кæнынц, Къæдзæх кæй каст уыцы уацмыстæ. Уыдон та уыдысты: Плиты X. «Сæлимæт», Къубалты Ал. «Æфхæрдты Хæсанæ», Хъуылаты С. «Таймуразы зарæг», «Тотырадзы зарæг», Дарчиты Д. «Гæмæт», Гафезы «Ирон цагъд», Дзугаты Г. «Бындзыг» æмæ æнд. Къæдзæх уыд нæ театры рæбинаг цæджындзтæй сæ фидардæр. Йæ бирæ лæггæдты тыххæй Къæдзæхæн æрæджиау лæ- вæрд æрцыд Гуырдзыстоны сгуыхт артисты ном. 208
Къæдзæхы хуызæттæ кæй сценæйыл уыдысты, уы- дон тæхудиаджы адæм уыдысты æмæ сты, фæлæ махæй арæх байрох вæййы, нæ хæрзгæнджытæ æрхъуыдыйы аккаг кæй сты, уый. Уый афтæ куынæ уаид, уæд цæуылнæ æрымысыдыстæм искуы Къæдзæхы ном? Уыдис рæстæг - Къæдзæхыл сæххæст 50 азы, стæй - 60, фæстæдæр - 70. Йæ кой кæнгæ дæр ничи скодта, æмæ йæм хъыг касты- сты ацы æнæрхъуыды митæ, æмæ ам диссагæй ницы ис, лæг йæ фырмæстæй нуазгæ дæр акæны. Уый дæр загъ- та Къæдзæх, уæдæ ма ном æмæ чинтæ нуæзты тыххæй лæвæрдтаиккой, зæгъгæ, æндæра дзы Къæдзæхмæ исты æрхаудтаид, уæд Къæдзæх аууоны баззадаид. Ам æрмæст Къæдзæхы уавæрыл нæ дзурæм. Къæдзæх Чермены роль куы æххæст кодта, Тлаттаты раз æд мæцъис куы æрлæууыд, уæд адæм федтой, ай Чермен нæу, фæлæ цæф арс æмæ дзы старстысты сæхицæн. Æрмæст уыцы ро- лы тыххæй дæр Къæдзæхмæ æмбæлд сгуыхт артисты ном. Актер нæ дæн, фæлæ театримæ æнгом баст уыдтæн. Æз цы фæлтæрты зыдтон, уыдонæй бирæтæм æмбæлд адæмон артисты ном. Нымайгæ дæр сæ ракæнæм: Хе- тæгкаты Владимир, Хъайырты Владимир, Къæбулты Гриша, Дзæхаты Дзæбидыр, Туаты Зураб, Гугкаты Са- шæ, Цоциты Нинæ, Таугазты Гаврил, Гаглойты Варя, Мæргъиты Сослан, Пæррæстаты Димитр, Джелдыты Андрей, Медойты Заретæ, Джыгкайты Иван, Еналды- ты Вахтанг æмæ Цоциты Къæдзæх. Нæхи къухы уыцы ном раттын не ’фтыд, кæй къухмæ хауд, кæмæй аразгæ уыд, уыдон хъуыды та бæлвырд уыд: Хуссар Ирæн æх- сыд стæг дæр фаг у Къæдзæх уыдис куырыхон зона- дон кусæг, хорз зыдта нæ театры истори æмæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг»-ы фæрстыл ныммыхуыр код- та ахсджиаг куыстытæ. Уыдон та уыдысты «Театралон элементтæ Нарты эпосы». «Фыццаг ирон хæдархайгæ кружоктæ Хуссар Иры», «Фыццаг ирон профессионалон театры райгуырд» æмæ æнд. Къæдзæх бирæ куыста йæхиуыл. 1988 азы уый æнтыст- джынæй бахъахъхъæдта Тбилисы Шота Руставелийы но- I Г 209
мыл театралон институты кандидатон диссертаци ахæм темæйыл: «Хуссар Ирыстоны драмтеатры фæзынд æмæ йæ рæзты фæндæгтæ». Уыцы куыст æрæджы мыхуыры рацыд хицæн чиныгæй. Диссертацийæн егъау аргъ скодтой йæ къухдариуæг- гæнæг Гугушвили Э.Н., официалон оппоненттæ филоло- гон зонæдты доктор Джусойты Н.Г. æмæ аивадиртасы- ны доктор Тухарели И.В. Уыцы аз Къæдзæх ссис аивадиртасын азы зоннæдты кандидат. Бирæ уарзта Къæдзæх Чъребайы, Театралон фæзуат; уым-иу ирхæфста лæппуты, фæсивæды йæ хъæлдзæг ныхæстæй. Къæдзæхы хуызæттæн рохгæнæн нæй, мысинаг у йæ ном, фæстагæттæ хъуамæ зоной, чи уыдысты нæ театры зиууæттæ, национ хæзнадон аразджытæ.
ЙÆ ЦАРДВÆНДАГ - ЙÆ ЗИУЫ ХАЙ Еналдыты Вахтанг Нæ горæты Театралон фæ- зуаты арæх фембæлæн уыдис, нырма йе уæнгты конд, йæ цæсты рухс, йæ мидбылхудт зæрдæмæдзæугæ кæмæн сты, ахæм нæлгоймагыл. Уый та уыд нæ ансамбль, нæ театры фидауц Еналдыты Вахтанг. Уæрæх æмæ вазыгджын уыдысты Вахтанджы царды фæндæгтæ. Йæ хæдзарвæн- дагæн ис йæхи цымыдисон ис- тори. Йæ фыды фыд Дзамбол Нары комы Къамахы царди. Нымад лæг уыд комбæсты, ирон кæфтытæм уый хуызæн чи рæхстис. Зæххъуаг лæг уыд Дзамбол æмæ уый агургæйæ рахызт Хуссары ’рдæм. Цæрæн бынатæн равзæрста Мзиугом. Уым ма æрцардысты Галуантæ, Ходтæ æмæ Дзерантæ. Цард цыдис размæ, байрæзтысты зæнæг - дыууæ лæп- пу æмæ æртæ чызджы. Йæ фырттæ Дауыт æмæ Барис ра- лыгъдысты быдырмæ, æрцардысты Тъбеты хъæуы. Да- уыт йæ цард баиу кодта Цъæриттонимæ, рацыд сын зæ- нæг - иуæндæс хъæбулы. Уыдонæн сæ хистæр уыдис Вахтанг. Еналдыты Вахтанг, йæ рæстæджы зынгæ ирон кафæг æмæ актер, райгуырдис 1927 азы Тъбеты хъæуы. Гайлаг, дам, родæй бæрæг вæййы, зæгъы ирон æмбисонд. Ахæм 211
уыд йæ сабийы бонты Чали, цæрдæг, фердæхтджын. Хæдзарвæндаджы фарн Чалийы уæнгты дæр ахъардта. Йæ фыд Дауыт аивад бирæ уарзта æмæ йæ уарзын код- та йæ зæнæгæн дæр. Йæ чызджытæ уыдысты диссаджы фæндырдзæгъдджытæ. Вахтанг йæхæдæг афтæ дзырд- та, зæгъгæ, дам-иу мæ хотæ цæгъдгæ кодтой, æз та - кафгæ. Вахтанг йæ сабион бонтæ Тъбеты арвыста, уым бакаст цыппар къласы. Адæм кæд цардцух уыдысты, уæддæр дзы хъæлдзæгдзинад фаг уыд, алы изæр дæр дзы уыд хъазтизæртæ. Вахтанг уæдæй байдыдта ирон аивадмæ лæгæрдын. Йæ фыд Дауыт кæд æндæр куысты лæуд уыд, уæддæр бирæ уарзта театр, йемæ æнгом баст уыд, уыцырдæм здæх- та йæ зæнæджы дæр, уæлдайдæр та Вахтанджы. Фыд ра- джы рахатыд, йæ хистæр фырт йæ фезмæлд, йе уæнгты айстмæ гæсгæ ирон кафтæн кæй райгуырд. 1938 азы фыд йæ фырты æркодта Сталинирмæ, рад- та йæ, ансамблы цы сывæллæтты кафджыты къорд уыд, уырдæм. Сывæллæтты ансамблæн йæ къухдариуæггæнæг уыдис, йæ рæстæджы зынгæ кафæгыл нымад чи уыд, уы- цы Гæбæраты Гриша. Æвзонг лæппуйыл тагъд æрæвæрд- та йæ цæст, тагъд бамбæрста, чысыл Вахтангæн стыр фи- дæн кæй ис, стыр фæндæгтыл кæй ацæудзæн. Вахтанг ахуыр кæнын райдыдта, Леуахийæн фалæр- дыгæй цы ирон фæллойадон скъола уыд, уым. Ахуыр æмæ кафт - уыдонæй нал фæхицæн йæ сабийы бонты, цыдисхуымæтæг цыдæй нæ, фæлæ къахкъухтыл, цыдис нæ, фæлæ ленк кодта... Æвзонг лæппу Ирыстоны арæнтæй фыццаг хатт ахызт 1940 азы. Уæд Тбилисы уагъд цыдис ирон аивад æмæ литературæйы декадæ. Уым хайад иста сывæллæтты ан- самбль дæр, æмæ йыл æрæвæрдтой сæ цæст. Ралæууыд æнамонд рæстæг - Стыр Фыдыбæстæйон хæст, тугуарæн рæстæг. Æвирхъау дуг алы уагдоны дæр стæнæг кодта. Аивылдысты ансамблы артисттæ дæр 212
хæсты цæхæрмæ. Хæсты уæззау фæдтæ фæзындысты Цхинвалы дæр - байгом нæм госпиталь: цæфтæ, уæззау рынчынтæ... Чали мысыд уыцы бонтæ: «Баззадыстæм ма ансам- блы 13-14-аздзыдтæ. Музыкæ уæддæр йæ бон калы. Гри- ша сарæзта бригадæтæ. Нæ бригадæйы уыдысты Дзуцца- ты Ахмæт, Плиты Виктор, Гæбæраты Хъасбол, мæхæдæг, чызджытæ нæм уыдысты: Цхуырбаты Замирæ, Коцты Заирæ, Цхуырбаты Зоя æмæ Æлборты Софья. Концерттæ лæвæрдтам рынчынтæн куыд нæ горæты, афтæ Дзауы дæр». Фæцис тугкалæн хæст. Знаг æрцыдис дæрæнгонд, фæ- лæ цы нуæстæ, хъæдгæмттæ ныууагъта, уыдоны нымæц егъау уыд. Фæзынд йæ фæд нæ ансамбль æмæ нæ театрыл дæр. Гъе, фæлæ уæддæр ногæй скуыстой, бавнæлдтой сæ куыстмæ æмæ Вахтанг дæр дарддæр кодта йæ куыст нæ ансамблы. 1952 азы ансамбль радон концерт лæвæрдта Тбили- сы. Дисæн фæхастой уæд Вахтанджы къах-къухтыл кафт. Æцæг хæххон цæргæс уыд уæд Вахтанг. Уыцы концерты фæцис мæскуыйаг балетмейстер. Уый бирæ фæныхас кодта Вахтангимæ, хуыдта йæ Мæскуымæ, арæзта йын царды æппæт уавæртæ дæр, фæлæ йын уый загъта: Иры- стон æмæ ирон сценæйæ мæ къах никуыдæм авæрдзы- нæн. Æрымысы ма Вахтанг æндæр хабар дæр. Æрцыд æм Су- хишвили, хуыдта йæ йæхимæ, ныфс ын æвæрдта алцæ- мæй дæр. Уый дæр та ирон джигит арвыста æнæ разыйы дзуаппæй. Вахтанг ансамблы фæкуыста 1956 азмæ. Уыцы аз Хус- сар Иры фæсивæдæй иу къорды арвыстой Мæскуымæ театралон институтмæ. Уыцы къорды уыдысты: Харе- баты Федя, Цæбиты Ростик, Джыгкайты Иван, Тыбылты Сæлимæт, Гугкаты Евелинæ, Куымæридтаты Донарæ, Гой- яты Нателæ, Козаты Пъауле, Абайты Маирбег, Годжыцаты Исахъ, Джусойты Хасан, Еналдыты Вахтанг, Зæгъойты Ро- 213
стик, Галуанты Людмилæ, Цхуырбаты Светланæ, Дзбой- ты Зоя, Цоциты Къæдзæхмæт, Бекъойты Георги (Гоги), Плиты Бекызæ. Фондз азы фæцахуыр кодтой Мæскуыйы МХАТ-ы В. И. Немирович-Данченкойы скъола-студийы. Курдиатджын фæлтæр ныццыд уырдæм. Сæхи хъæп- пæрисæй сарæзтой кафт æмæ зарды ансамбль. Кæфтытæ æвæрæг, сæ разамонæг уыдис Еналдыты Чали, зарджы- ты разамонæг та - Годжыцаты Исахъ. Институты ректорат сын сæ фыццаг концерт куы фед- та, уæд сæ цин æмæ сæ дисæн кæрон нал уыд. Ацы ан- самбль институты кад æмæ ном бæрзонд систа. Мæс- куыйы уагдæтты цытджын изæртæ уагъд кæм цыды- сты, уырдæм кæддæриддæр хуыдтой ацы ансамблы. Уыдис ма ахæм хабар дæр. А.П. Чеховы цардæмбал куы амард (актрисæ уыд уый дæр), уæд æй æрбахастой ацы институты æмбырдгæнæн залмæ. Нæ ансамбл ы сол исттæ уыцы хъыггæнæн боны фæссценæйæ æххæст кодтой Къо- стайы «Додой». Ам дæр та нæ фæсивæд цæстæвæрæн фе- сты, цалдæр хатты сæм бахатыдысты, цæмæй та «Додой» сфæлхат кæной. 1957 азы та Тбилисы уагъд цыдис ирон аивад æмæ литературæйы дыккаг декадæ. Æрхуыдтой Мæскуыйæ Еналдыты Вахтанджы æмæ Годжыцаты Исахъы. Вах- танг уæдмæ сфидардæр, февзыгъддæр æмæ та йæ аив кафтæй æркæсын кодта йæхимæ тбилисæгты, æххæст кодта нæ «Симд»-ы нарты гуыппырсар Батрадзы фæл- гонц. Уæд Вахтангæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артисты ном дæр. Хорзæхтæй цух нæу Вахтанджы царды фæндаг, фыц- цаг грамотæ райста Хъахъхъæнынады министрадæй, хæс- ты уæззау дуджы æвзонг лæппутæй рынчынтæн, цæф хæстонтæн концерттæ кæй лæвæрдтой, уый тыххæй. Фæцис Вахтанджы Мæскуыйы рæстæг. Æрыздæхтыс- ты 1961 азы. Ныр та йын байгом сты нæ профессиона- лон театры дуæрттæ. Ссис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артист. 214
Афтид армæй нæ сыздæхтысты нæ фæсивæд Мæскуы- йæ. Сластой семæ 8 спектаклы. Уыцы нымæцы Гоголы «Ускурын», Флетчеры «Испайнаг сауджын», Горькийы «Егор Булычев», Саламты Къ. «Дыууæ чындзæхсæвы» æмæ æндæртæ. Уыцы спектаклты Вахтанг æххæст код- та вазыгджындæр рольтæ. Театралон аивады дæр адæм тагъд æрæвæрдтой сæ цæст Вахтангыл, стыр курдиаты хицау разынд театра- лон сценæйыл дæр. Абоныбон дæр нæ нæ рох кæ-нынц йæ саразгæ фæлгæнцтæ. Уыдон та уыдысты Гафезы «Бæсты фарн»-ы - Тода, Гуыцмæзты Михалы «Бирæ- гътæ»-йы - Быдзæг, Гоголы «Ускуырд»-ы - Подколе- син, Хуыгаты Георы «Мæ усы лæг»-ы - Хъæриу, Хацыр- ты Сергейы «Тулгæ дур»-ы - Аслæмбег, М. Шамхаловы комеди «Æфсин»-ы - Аяз, Уырыймæгты Езетханы дра-мæ «Æлгъыстхæдзар»-ы - Гæмæзи, Псафасы комеди «Хъæуы нæ фæл итой»-ы - Патаяс, Шекспиры трагеди «Гамлет»-ы - Розен- кренц, Розовы пьесæ «Æнæмсæртох»-ы - Григорий Степанич, М. Горькийы пьесæ «Егор Булычев»-ы - Трубæйæ цæгъдæг, Гаглойты Владимиры комеди «Сыгъзæрин фæткъуы»-йы - Годах, Флетчеры комеди «Испайнаг сауджын»-ы - Миланес, Туаты Дауыты комеди «Мæрдтæйдзæуæг»-ы - Дзиба, Салам- ты Къолайы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»-йы - Астемыр, Са- ламты Къ. æмæ Брытъиаты 3. «Дыууæ чындзæхсæвы» - Да- до æмæ бирæ æндæр спектаклты. Ацы ранымад дзурæг у, Вахтанг кæй уыд арæхстджын актер, куыд сæйраг рольты, афтæ фæрссаг рольты дæр, куыд комикон, афтæ драмон рольты дæр. Вахтанг аивадæн гуырд фæцис, сценæ ссис йæ дыккаг хæдзар, йæ кувæндон. Вахтанг национ аивадæн ссис æну- выд лæггадгæнæг æнæхъæн фæндзай азæй фылдæр. Ирон аив дзырдыл йæ уд хъардта æмæ дзы абоныбон дæр нæ рох кæны инженер Джыгкайты Дзоццæ, кæцы сын Мæскуыйы амыдта ирон аив ныхасы фæрæзтæ, нæ дзы сты рох Къæ- бысты Гриша æмæ Гæззаты Степан. Уыдон та уыдысты сæ къухдариуæггæнджытæ, аивадон разамонджытæ. 215
Вахтанг уæздан, хæдæфсæрм ирон лæг уыд кæддæ- риддæр æмæ кæмдæриддæр. Скодта рæсугъд хæдзары уаг, сæвæрдта цæвиттойнаг цард йæ цардæмбал Гатыгкоты Наташæимæ. Сæхицæй амондджындæр никæй хуыдтой, сæ къуымты фырыхъулы хуызæн лæппутæ змæлгæ, худгæйæ куы уыдтой, уæд. Уæд Чалийæ амондджындæр лæг нæ уыд. Сæрыстыр уыд йæ цардæмбал Наташæйæ, йæ фырттæ Инал æмæ Димайæ. Фæлæ цард мæнгард у, тæбæгъы донау къулгæнаг у, хъысмæт карзæй бафхæрдта Вахтанджы. 47 азы йыл куы сæххæст, уæдæй фæстæмæ арв йæ цæхæртæ ныккалдта Чалийы хæдзарыл. Йæ цардæмбал Наташæ ба- бын автомобилон катастрофæйы. Ныррызт хъæбатыр ирон лæг, фæлæ уæддæр фидар фæлæууыд. Йæ фыртты хъомыл кæй хъуыдис, фыд сæ кæй хъуыд, уыцы хъуыды йæ цудын нæ бауагъта. Иæ кæстæр фырт Димайыл 10 азы йедтæмæ нæ цыд, мад куы фæзиан, уæд... Вахтангæн бирæ дзырдтой, уыцы нымæцы мæхæдæг дæр, бинонтæ æркæн, зæгъгæ. Æмбарын ын кодтой, афтæмæй цæрæн кæй нæй, уый. Æмбаргæ, хиуылхæцгæ Чали-иу сæм байхъуыста, фæлæ йæ зæрдæйы фæндон нæ дзырдта. Уæддæр дзы иу хатт сирвæзт, зæгъгæ, Дима Хуыцъейы йæ мады мадмæ ахæм фарст радта: æцæг у, дыккаг мад, дам, нæмаг у? Уый куы фехъуыстон, - загъта Чали, - уæд аскъуыддзаг кодтон, мæ сывæллæтты хъуамæ схъомыл кæнон æнæ дыккаг мадæй. Æмæ сæ райдыдта хъомыл кæнын, сæ цæрайæ æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадт, сæ сæрыл царвау тад. Æмæ цы... Сау халон та галиуæрдыгæй бауасыд Вахтанджы хæдзармæ. Инал каст фæцис Мæскуыйы театралон ин- ститут, куыста Тæбæхсауты Балойы номыл Цæгат Иры- стоны театры. Курдиатджын актер ссис йæ фыдау, арæх хъазыд алыхуызон кинофильмты. Фæстæдæр куыста сфæлдыстадон цæдисты ассоциацийы. Иу бон, йæ куыст- мæ фæцæйцæугæйæ, трагикон æгъдауæй фæмард. Ныр- рызт тулдзбæлас Вахтанг, фæлæ та ахауын нæ бауагъ- 216
та йæхи, йæ дыккаг фырт Димайыл хъуыды кæнгæйæ. Дима та æнтыстджынæй каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон институт. Кусын райдыдта Абхазы зæххыл ахуыргæнæгæй. Уæдмæ ралæууыдысты рацарæзт, де- мократи æмæ æргом ныхасы рæстæджытæ æмæ Аб- хаз, Хуссар Ир, стæй Цæгат Ир дæр рæстæй нæ «уæздан» сыхæгты къухæй туджы лæсæнты бын кодтой. Абхазы сæрыл тохы Дима ссардта йæ мæлæт. Йæ хъæ- батырдзинады тыххæй Абхазы фыццаг Президент Ард- зинбайы къухæй хорзæхджын æрцыд орденæй. Стыр кад ын скодтой нæ абхазаг æфсымæртæ. Уый хорз у, фæлæ Вахтанг цы ракодта Хуыцауæн дæр æмæ дуне- йы фарнæн дæр, цæмæн бабын нæргæ хæдзар Хуыца- уы рæстæй, кæд æмæ фыдæй-фыртмæ Еналдытæ кувæг, рæстаг адæм сты, уæд? Стыр лæггæдтæ бакодта Вахтанг нæ адæмæн, ирон лæ- джы фарн æмæ лæгдзинад бæрзонд систа æмæ уыдæттæ махæй рох никуы уыдзысты. Нал ис абон немæ Вахтанг дæр.
ТЕАТР - ЙÆ УД, ЙÆ ДЗÆЦЦ Джелдыты Андрей Театр кæмæн нæй, уыцы адæм мæгуыр сты, професси- оналон актертæ кæмæн нæй, дыууæ хатты мæгуырдæр та уыцы наци у. 1931 азы Хуссар Ирыстоны профессионалон театр куы бай- гом, уæд кæуылты бæрæгбон уыд нæ адæмæн. Нæ адæм теат- ралон аивадмæ фыдæй-фырт- мæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ арæхстджын, стыр курдиаты хи- цау кæй уыдысты, ууыл та дзу- рæг сты Октябры революцийы агъоммæйы хæдархайгæ къордтæ, советон дуджы профессионалон актертæ. Кæуылты ныхъхъæр ис сæ ном нæ театры дæсны- тæн - Хетæгкаты Владимирæй суанг Цоциты Къæдзæх- мæты онг. Уыдоны ’хсæн бæрæгæй æрттивы Гуырдзы- стоны республикæйы сгуыхт артист, зынгæ актер Джел- дыты Андрейы фæлгонц. Зын æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд Андрей. Гуыргæ Къуернеты кæй ракодта, уый дæр бирæ цæуылдæрты дзуры. Андрей йæ равзæрдмæ гæсгæ ер- майнаг у, Джелдыты мыггаг уым цардысты, кæд абон хъæу стæнæг, фæлыгъдысты æндæр ранмæ, уæддæр. Джелдыты Андрей райгуырдис 1927 азы. Нæ уыды- сты нывыл йæ сабион бонтæ. Сывæллонæй баззад си- 218
дзæрæй, бахауд Куртайы сидзæрдонмæ, уырдыгæй рай- дыдтой йæ ахуыры бонтæ, уым фæбæрæг сты Андрейы æвзыгъддзинæдтæ аивадмæ. Сидзæрдоны скъолайы цы кафт æмæ драмкъордтæ уыд, уымыты активон хай- ад иста Андрей, тагъд ыл æрæвæрдтой сæ цæст куыд педколлектив, афтæ къордты къухдариуæггæнджытæ дæр. Фидæны курдиатджын актер æвзонгæй байдыдта хайад исын алыгъуызон олимпиадæтæ, фестивалты. Скъолайы фараст къласы куы бакаст, уæд æй бахъуыд царды фæрæзтæ агурын. Уыцы рæстæджы Абхазы зæххыл арæзт цыдис Бзибы æфсæнвæндаджы тъунел. Андрей уы- цы арæзтады бакуыста. Уым кусгæйæ дзы рох нæ уыд ирон кафт, зард, фæндыр, драмон сценæ. Ууыл та дзурæг у иу хъуыддаг: Абхазы республикæйы цыд хихъæппæрисон къордтæм æркаст. Бæдæйнаг Андрей дзы хайад рай- ста, сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн сахатæй. Цхинвалмæ Андрей æрбаздæхт 1941 азы. Адарддæр кодта йæ ахуыр, уæдæй сбаста йæхи, Цхинвалы Культу- рæйы хæдзары цы драмкъорд уыд, уыимæ, кæцыйæн къухдариуæггæнæг уыдис Сланты Григол. Уый раза- мындæй æвæрд æрцыдис Хъуысаты Хъасболаты пьесæ «Зауырбег». Андрей дзы хъазыд Псийы ролы. Григолы зæрдæмæ тынг фæцыд æвзонг Андрей, уый йыл æрба- хæцыд паддзахадон театры ’рдæм. Цæрынæн мадзæлттæ фæхъæуы кæддæриддæр, цард та Андрейæн уæхсджытыл уыдис. Ууыл хъуыдыгæн- гæйæ, Андрей 1945 азы кусын райдыдта театры æхсæв- гæсæй. Сæххæст ныр Андрейы бæллиц: федта професси- оналон театры сценæ, хайад исын райдыдта дзыллæйон сценæты, арæх ын хæсгонд цыдысты къаннæг ролтæ. Андрей бахауд куырыхон адæймæгты коллективмæ. Уыдон та уыдысты: Дзаттиаты Сона, Мамиты Димитр, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Георги, Туаты Зураб, Гугкаты Сашæ, Саулохты Мухтар, Мæргъиты Сослан, Пæррæстаты Димитр, Цхуырбаты Барис, Цоциты Нинæ, 219
Гаглойты Зинæ, Магкаты Алихан æмæ æнд. Уым базонгæ зынгæ режиссертæ Къæбысты Гриша, Хъайырты Вла- димир, Цæбиты Залихан æмæ Гæззаты Степанимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæст мæгуырауæрдæм бан- дæвта театры куыстыл дæр, фæлæ уæддæр театр ку- ыста, архайдта. Рæзт Андрейы фæлтæрддзинад æмæ йæ актерон курдиат дæр. Тагъд рарттывтой Андрейы арæхстдзинæдтæ нæ театры сценæйæ. Уымæн та Ан- дрей йæ царды бонтæй снывонд кодта 50 азæй фылдæр. Андрейæ абоны бон дæр нæ рох кæны йæ фыццаг роль. Уый та уыд Труффальдинойы роль Гольдонийы пьесæ «Дыууæ хицауы лæггадгæнæджы». Абоны бон дæр мæ цæстытыл уайы, Андрей Уæхæ- нæзы ролы куыд хъазыд, уый. (Саулохты М. «Усгур») Ан- дрей уыцы роль йæхæдæг дæр бирæ уарзта. Уарзта æмæ йæм рæхсгæ дæр тынг скодта. Уыцы ролыл кусгæйæ, Ан- дрей разынд цыргъзонд, æрхъуыдыджын, кафынмæ, зарынмæ - рæвдз æмæ уыдæттæ домдтой актерæй, цæ- мæй Уæхæнæзы роль сæххæст кодтаид. Андрей сценæйыл кæддæриддæр уыдис стыр юмо- ры хицау. Цы пьесæты хъазыд, уыдонæй сценæмæкæс- джытæ истой егъау æхцондзинад. Уый кæддæриддæр арæхстджынæй æххæст кодта куыд сæйраг рольтæ, аф- тæ фæрссаг рольтæ дæр. Уæхæнæзы фæстæ Андрейы ном ныхъхъæр, Туаты Дауыты «Сидзæргæс»-ы Писыры роль куы ахъазыд, уæд. Андрейæн бацис йæ бон паддзахы лæггадгæнæджы, гæртамисæджы фæлгонц рæгъмæ рахæссын. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Андрей, Хуыгаты Георы пьесæ «Бинонты» Джуджийы роль куы æххæст кодта, уæд. Уый та у пьесæйы сæйраг рольтæй иу. Куыд рæзт Андрейæн йæ актерон дæсныйад, ууыл та дзурæг у, Гаглойты Владимиры драмæ «Залинæ»-йы цы роль сæххæст кодта, уый дæр. Уый та уыд Айтеджы фæлгонц. Андрей æвзонгæй бавзæрста фыййауы уæззау куыст æмæ йын ныр уый хуыздæр фадæттæ радта, цæмæй Ай- теджы миддуне хуыздæр бамбæрстаид. 220
Джелдыйы фырт æнæ театр цæрын нæ фæрæзта, йæ цæрайæ цардис кæддæриддæр. Тынг куыста йæхи- уыл, цынæ фæлварæнтæ арæзта йæ бæрны уæвæг фæлгæнцтыл хъуыдыгæнгæйæ. Нæ мæ рох кæны абон дæр, Андрей Ногдзауты парчы куыд тезгъо кодта куы- дзимæ. Куы йæ бафарстон, цæмæн дæ бахъуыд, уæд мын загъта: мæ ролæн мæ хъæуы, зæгъгæ. Йæ царды хуыздæр бонтæ Андрей нæ театрæн схæ- лар кодта. Дзæвгар у сæ нымæц уыцы спектаклтæн, Ан- дрей хайад кæм иста; цъус нæу, Андрей цы ролтæ сæх- хæст кодта, уыдоны нымæц дæр. Се ’ппæты кæм фæны- майдзыстæм, фæлæ дзы уæддæр иуцалдæры кой æнæ- ракæнгæ нæй. Уыдон та сты: Датуа - Туаты Дауыты коме- ди «Мæрдтæйдзæуæг»-ы, Дзибыл - Хацырты Сергейы ко- меди «Æрдхæрдтæ»-йы, Сослан - Гуыцмæзты Михалы му- зыкалон комеди «Хæхты дидинæг»-ы, фыййау - Санахъо- ты Уасойы драмæ «Цæуыл зары фыййау»-ы, Бындз - Га- глойты Владимиры пьесæ «Сыгъзæрин фæткъуы»-йы, Цица - Санахъоты Уасойы трагеди «Джиоты Тъатье»- йы, Тенгиз - Саулохты Мухтары пьесæ «Хандзериффæ»- йы, Миха - Къанделакъийы хъайтарон комеди «Цъхънет- таг чызг Майа»-йы, Додти - Гуыцмæзты Михалы пьесæ «Къæдзæх ныннæрыд»-ы, ингæнкъахæг - Шекспиры тра- геди «Гамлет»-ы æмæ æнд. 1957 азы уыд Тбилисы Хуссар Ирыстоны аивад æмæ литературæйы декадæ. Уæд газет «Заря Востока» стыр аргъ скодта нæ театры коллективæн, уыцы нымæцы Джелдыты Андрейы арæхстдзинæдтæн. Андрейæн уæд лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны сгуыхт артисты кад- джын ном.
НЫХАС МЕ ’МДУГОНЫЛ Зæгъойты Руслан Рæсугъд уыд йæ царды фæндаг не сценæйы фидыц, театрдзауты уарзон актер, Рес- публикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Зæгъойты Рус- ланæн. Зæгъойы фырт гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд. Абоны онг цардæй цы ратыдта, уы- дон агургæйæ бирæ фæцыд хуырджын фæндæгтыл. Рос- тик хæрзæвзонгæй бамбæрс- та ирон æмбисæндты нысаниуæг: «Дæхицæн базын кæн æмæ дын уа», «Куы нæ байтауай, уæд не ’ркæрддзынæ». Махæй алкæмæн дæр æхсызгон у, Ростикæн йæ хуым- гонд, йæ хосгæрст зад кæй сты, уый, æхсызгон нын у, уы- цы уыгæрдæнтæ æмæ кæрдинаг хуымты уæлхъус æцæг зиуусш кæй лæууы, зæрдæрухсæй сæм кæй кæсы. Хæдзарвæндагæн бирæ нысаниуæг ис. Æвзæр хæ- дзарвæндаг æгад уыд Ирыстоны, хорз хæдзарвæнда- гæн та йæ кой дардыл хъуыст уыд. Берозты Тотрадз йæ сабитимæ цардагур Заманхъу- лы куы балæууыд, уæд сабиты афтæ бафарста: «Зæгъут ма мын, мæ хуртæ, хуыздæр лæг уæм кæй хонынц, йæ уазæджы хæларæй хынцын йæ бон кæмæн у?» Æцæг ирон хæдзарвæндагæй рацæугæ уыд Ростик. Йæ фыд Георги нæ сахары пæрджытæн уарзон ялæймяг уыл. 222
Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой фырттæ, чызг, æр- мæст сæхицæн нæ - æгас Ирыстонæн. Георги хъæлдзæг адæймаг уыд, бирæ уарзта аив ныхас, æмæ уыцырдæм здæхта йæ зæнæджы дæр. Мад æмæ фыдæн сæ зæнæджы æвзæрдзинад кæм ба- уарзтаид сæ цæст. Сæ бæллиц цахæм уыд сæ цоты тых- хæй, уый сæхи йедтæмæ чи зоны. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, зæнæг царды гуылфæнмæ баленк кодтой æмæ дзы æгадæй нæ раздæхтысты. Зæнæджы хистæр Ростикы лæгдзинæдтыл фæстæдæр цæудзæн ныхас. Фæнды уал мæ зæгъын Ростикы æфсы- мæртæ мæ сæ хойы цардвæндаджы тыххæй. Астæуккаг æфсымæр Никъала (махæн та Къоли) æппæт йæ тыхтæ радта æмæ дæтты Ирыстоны адæмы æнæниздзинадæн. Къолийы къухæй цас фервæзт йæ низæй, Къоли цасæн рад- та цард, уыдоны, æвæццæгæн, нымайæг нæ банымайдзæн. Георги æцæг ирон лæг уыд, Иры фыдæлты сгуыхтдзи- нæдтæй сæрыстыр уыд, уæлдайдæр та Къостайæ. Йæ кæстæр фыртыл Хетæджы ном кæй сæвæрдта, уый дæр у ууыл дзурæг. Хетæг йæ фыды уарзон фæндагыл ацыд. Кæд Дзæуджыхъæуы хъæууонхæдзарадон институт фæ- цис каст, уæддæр дзы сценæ рох никуы уыд. Къахæй цæуын æнцон у, зæвæттæ дæр дын æххуыс кæнынц, фæлæ Хетæг къахфындзтыл цыд, йе ’змæлд, йæ уæнгты айстыл цæст нæ хæцыд. Хетæг ахæмæй мысы йе ’взонджы бонты, уæлдайдæр та ансамбль «Симд»-ы кусгæйæ. Хетæг гастролон балцы бирæ фæсарæйнаг бæстæты уыд, Уæрæсейы горæттæй кæцы сценæйы нæ айвæзта йæ уæнгтæ... Æртæ æфсымæры æмæ иу хо. Аргъæутты дæр арæх вæййы афтæ. Сæ хо Азæ царды фæндагыл ахауд Дзæу- джыхъæумæ, кусы базарадон хаххыл, лæггад кæны йе ’мирон адæмæн, йæ бон цы у, уымæй. Абон нæ ныхасы сæр сæйраджыдæр у нæ театры фи- дыц Ростикыл. 223
Ростикы номимæ æз базонгæ дæн Ручъы астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ. Уæд журнал «Фидиуæг»-ы арæх цыдысты мыхуыры Ростикæн йе’мдзæвгæтæ. Уы- цы æмдзæвгæты та уынæм, цахæм уыдысты æвзонг лæппуйы сагъæстæ, цæуыл уыд йæ цин, йæ мæт: Зад хосы тæф, сæрды цин æнкъарæм, Хурмæ сыгъд нæуадултæ - рæсугъд. Не ’взонгад, нæ хъуыддæгтæй мах райæм, Ерыс куысты алхатт дæр - æмуд. Ирон аивады Ростикы ном аккаг бынат æрцахста. Уый дын ансамблы солист, уый дын драмон театры ак- тер, уый дын арæхстджын режиссер, уый дын драматург æмæ тæлмацгæнæг, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг. Ростик фæстаг азты ссис, нæ телеуынынадмæ зæрдæ- бынæй чи кæсы, уыдоны уарзон адæймаг. Аив дзырды дæсны, кæд ын йæ ралæвæрды хонынц «Аргъæутты дзæкъул», уæд ма йæ æмбарын хъæуы иннæрдæм дæр. Ростик йæ курдиатæй у хæзнатæй йедзаг дзæкъул. Сценæ фæлгæнцтæй у. Актерæн йæ «къæбæрдæттæн бон» куы фæнысан кæнынц, уæд ын кæддæриддæр аны- майынц йæ саразгæ фæлгæнцты - цал сты? Стæй та, ку- ыд сæ сæххæст кодта, фæтых сыл ис æви нæ? Цъус не сты Ростикы саразгæ фæлгæнцтæ: Гаглойты Владимиры «Сыгъзæрин фæткъуы»-йы - Баймæты, «Уарзондзинады кадæг»-ы - Сæрмæт, Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»- йы - Биайы фырт, Хацырты Сергейы «Тулгæ дур»-ы - Хæсанæ, Гаглойты Владимиры «Тугæйдзаг чындзæх- сæв»-ы - Саулæг, Гаджиты Георы «Нæ усгур алыгъд»-ы - Ацæ, Уырыймæгты Езетханы «Æлгъыст хæдзар»-ы - Вла- димир, Хъайырты Владимиры «Бæтæйы фыртты»-йы - Дочче, Гафезы «Фыдæлты фарн»-ы - Джетæ, Саламты Къо- лайы «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»-йы - Батрадз, Уанеты Владимиры «Хъуыбадты чындзæхсæв»-ы - Муссæ, Кочыса- ты Розæйы «Гæды лæг»-ы - Умархан æмæ бирæ æндæртæ дзурæг сты Ростикы актерон дæсныйадыл. 224
Стыр цымыдисаг сты, Ростик тæлмацгонд пьесæты цы рольтæ сæххæст кодта, уыдон дæр. Зæгъæм, Шек- спиры трагеди «Гамлет»-ы - Лаэрт, Псафасы комеди «Хъæуы нæ фæлитой»-йы - Тодоре, Войничы драмæ «Кардиналы фырт»-ы - Артур, Шекспиры «Сæрдыгон æх- сæвы фын»-ы - Тезей, Войничы «Дыдынбындз»-ы - Ар- тур, Софоклы «Эдип-паддзах»-ы - Эдип, Шиллеры «Дон Карлос»-ы - маркиз Поза, А. С. Пушкины «Куывд»-ы - Со- ломон æмæ æндæртæ. Зæгъойты Ростик ронбæгъдæй нæ бацыд ирон теа- тры сценæмæ. Сывæллонæй бауарзта сценæ. Скъолайы бонты йæ тыхтæ радта хæдархайгæ кружоктæм, ссис те- атры кусæг дæр, нырма «цумайы» лæппу, стæй та мас- сон сценæйы архайæг. 1956 азы Мæскуыйы Аивадон Академион тетары В.И. Немирович-Данченкойы номыл театралон студи- мæ Хуссар Ирыстонæй цы курдиатджын фæсивæд арвы- стой, уыдонимæ уыд Зæгъойты Ростик дæр. 1961 азы æрыздæхтысты профессионалон артисттæй. Фæлæ Ростик ууыл дæр не ’рлæууыд. 1962 азы та балæууыд Мæскуыйы Луначарскийы номыл Театралон аивады институты. Бацыд фæсаууонмæ хайады театралон факультетмæ. Фæцахуыр дзы кодта цыппар азы, стæй æрыздæхт йæ театрмæ. Уым ын бирæ куыст, бирæ хъуыддæгтæ уыд. Цыппар азы цы зонындзинæдтæ райста,уыдон стыр ахъаз фесты Ростикæн йæ дарддæры куысты. Ростик сценæйы дæсны кæй ссис, ирон драматур- гийы авналæнтæ фаг кæй сахуыр кодта, ууыл дзурæг сты йæхи фыст пьесæтæ «Нанайы скъæфт» æмæ «Гыц- цийы митæ». Ныртæккæ театры коллектив кусынц Ро- стикы ног пьесæйыл. Схуыдта йæ «Хуры æртæхтæ». Зæгъойы фырт йæ хъус дары тæлмацы хъуыддагмæ дæр. Цы стæлмац кодта ирон æвзагмæ (Р. Томы «Авд бауарзæджы», А.Островскийы «Бальзаминовы ускуырд», Т. Уильямы «Авгджын сырддон»), уыдон æнтысгæйæ цыдысты нæ театры сценæйыл. Æмæ уый та дзурæг у, 15* 225
Ростик арæхстджын тæлмацгæнæг кæй у æмæ мадæлон æвзаджы фæзилæнтæ иттæг хорз кæй зоны. Хуссар Ирыстоны университеты театралон факуль- тет куы байгом, уæд йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ Ро- стик уым рæзгæ фæлтæрæн амыдта сценæйы вазыг- джын фæзилæнтæ, кæддæриддæр студенттæ хатыды- сты, сæ разы фæлтæрд ахуыргæнæг кæй лæууы, уый. Ростик бирæ фæлгæнцтæ сарæзта. Уыдон алыхуызæт- тæ сты. Егъау у сæ нымæц ахæм фæлгæнцтæн, царды карз æмæ тызмæг чи у, дзæвгар у сæ нымæц ахæмтæн дæр - хъæлдзæг æмæ цардбæллон чи у. Цыбыр дзырдæй, Ростик рæхсы алы жанры дæр, фæнды трагеди уæд, фæнды - драмæ, фæнды - комеди. Рæхсы, æмæ кæддæриддæр цы рæхса, уый йын нæ уарзта нæ цæст, фæлæ цард мангард у, Ростик дæр нал бахиздзæн нæ ног театры къæсæрæй.
УАНЕЛЫ ТУТЫР ЫН - ФÆНДАГАМОНÆГ Цæбиты Руслан Мæгуыр уыцы кæстæртæ сты - рæстмæ хистæртæ кæ- мæн нæ вæййы - дыууæ хат- ты мæгуырдæр та сты уыцы хистæртæ - рæгъыдзыд кæс- тæртæ кæмæн нæ вæййы. Ацы ныхæстæ арæх фæл- хат кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Цæ- биты Руслан. Фæлхат сæ уымæн кодта, æмæ сæрыстыр уыд йæ фы- дæлтæй, йæ мыггагæй, сæ бакæнгæ хъуыддæгтæй. Ирыстоны Хуссар хайыл ныхас куы фæцæуы, йæ исто- рион ратæдзæны кой куы фæкæнæм, уæд нæ ахиздзынæ Цæбиты мыггаджы иувæрсты. Мыггагæй дардыл мыг- гаг не сты, фæлæ Ирыстоны царды ивындзинæдты хъуыддаджы сæ хайбавæрд цæстыахадгæ у. Революци æмæ мидхæст, тох ног царды сæрыл, кол- хозон арæзтад æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст, Иры- стоны культурон фронт æмæ æнд. хъуыддæгты сæ хай- бавæрд егъау уыд. Кæуылты хъуыстгонд уыд сæ кой Цæбиты Арсен æмæ Матейæн, Михакъойæн, стæй уæд сæ зæнæгæн. Нæ культурон артдзæсты стыр ролы схъазыдысты Цæбиты фæсивæд. Ахуыргæнджытæ, дохтыртæ æмæ инженертæ, кафджытæ æмæ актертæ. 227
Нæ театралон аивады кæуылты уыд сæ хайбавæрд Цæбиты Нинæ æмæ Залиханæн, абон нæ ныхасы сæйраг чи у, уыцы Русланæн (Ростикæн) Цæбиты. Руслан æвзонгæй сбаста йæ цард театримæ, уыцы хъуыддаджы егъау ролы схъазыдысты йæ хотæ Нинæ æмæ Залихан, уыдон ын бауарзын кодтой мадæлон æвзаджы аивдзинад, ирондзинады кад æмæ уæз, фы- дæлты фарн æмæ æхсар. Æппæтыл дæр рæстæгыл фæ- хæст Руслан. Фарн æмæ æгъдау уыдысты йæ царды сæй- раг рахæцæнтæ. Уæздан уыд йæ ахаст, йе сныхас, аив йæ ацыд æмæ йе рбацыд, нывыл йæ бахудт æмæ йæ салам. Бирæтау Русланæн дæр театр уыд йæ авдæн, сценæ - йæ хъомылгæнæг. Зæгъæн ис, Руслан нæ театры сценæйыл дысфæлдæхтæй куы куыста, уæд нæ театр нæргæ театрыл нымад уыд. Нæргæ йæ уымæн хонын, æмæ гъе уæд баиу сты æртæ фæлтæры театры бындурæвæрджытæ Дзаттиа- ты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Туаты Зураб æмæ æнд. Ле- нинградæй æрыздæхтысты; Таугазты Гаврил, Хъайырты Владимир, Мæхъиты Володя, Багаты Федыр æмæ æнд. Уæдмæ сæм Мæскуыйæ сæ ахуырæй æрыздæхтысты Ро- стикы къурс - Зæгъойты Руслан, Годжыцаты Исахъ, Цоци- ты Къæдзæх, Тедеты Алихан æмæ æнд. Тыхджын æмæ номдзыд коллектив бæрзонд систой нæ театры кад, ноджы фæтыхджындæр Русланы сце- нæйон дæсныйад. Хорз æмæ нын хæларадон ахастытæ уыд Русланимæ, цыдæриддæр рольты хъазыд, уыдон абон дæр мæ цæс- тытыл уайынц. Хæдбындуры хицау уыд Руслан, йæ ныхас, йæ архайд тынг цыдысты сценæмæкæсджыты зæрдæмæ. Цард фыдæбонæн у зæгъы нæ ирон æмбисонд. Гуыр- гъахъ уыдысты йæ царды фæндæгтæ. Зæгъæн ис, Рус- лан йæ зонд æмæ йæ хъаруйы фæрцы рахаста йæхи. Цæбиты Михакъойы фырт Руслан райгуырд 1931 азы, растдæр уæд, нæ профессионалон театр куы байгом. Абон нæ ног театр байтыгъта йæ дуæрттæ, фæлæ ууылты нал бахиздзæн Руслан. Нæ ног галуанæн та уыдзæн уыцы фадат, цæмæй сæ раздæры зиууæттæн сæ рухс нæмттæ ссарой. 228
Дзауы дзыхъы бауарзта Руслан нæ ирон культурон хæзнаты, скъолаимæ иумæ архайдта кафт æмæ зарды кру- жокты, 15-аздзыдæй та ссис ансамбль «Симд»-ы коллек- тивы уæнг. Бæлвырд у, йе взонг хъару кæй схæлар кодта кафт æмæ зардæн. Фæкафыд ансамбль «Симд»-ы 1946 азæй 1952 азмæ. Цардбæллон лæппу рæстæгмæ фæуагъта йæ кафт, 1952 азы фæраст Фыдыбæстæйы раз йе ’фсæддон хæс сæххæст кæнынмæ. Йе фсæддон хайы дæр цæстæвæрæн фæцис йæ арæхст- дзинадæй, йæ зард æмæ йæ кафт, йæ цæрдæг фезмæлдыл дис кодтой йе мбæлттæ, йæ хистæртæ. 1955 азы æрыздæхт йæ уарзон ансамблмæ. Йæ улæфт нæма суагъта, афтæмæй йæ хъустыл æрцыд, зæгъгæ, паддзахадон театр Мæскуымæ, театралон институтмæ, æрвиты чызджытæ æмæ лæппуты. Дарддæр ахуыр кæй хъæуы, ууыл йæ сагъæс рагæй уыд Русланæн. Уый уыд 1956 аз, Руслан æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ, ссис Мæскуыйы аивадон Академион театры цур Ив. Немиро- вич Данченкойы номыл театралон студийы студент. Гуыппырсар фæсивæд æрцыд æрвыст ахуырмæ, уæ- лахиздзауæй æрыздæхтысты 1961 азы æмæ уæд нæ теа- трыл разад ног базыртæ, дывæлтæр тыхтæй бавнæлдта уæд театр йæ куыстмæ. Русланимæ уыцы балцы уыдысты: Цоциты Къæдзæхмæт, Абайты Маирбег, Бекъойты Георги, Галуанты Людмилæ, Гойаты Нателæ, Гугкаты Евелинæ, Зæгъойты Руслан, Джыгкайты Иван, Джиоты Зауыр, Джу- сойты Хасан, Еналдыты Вахтанг, Тедеты Алихан, Цхуырба- ты Светланæ, Годжыцаты Исахъ, Дзбойты Зоя, Харебаты Федыр, Козаты Павлик, Куымæридтаты Донара, Тыбылты Сæлимæт, Плиты Бекызæ. Мæскуыйы ацы коллектив цæстæвæрæн кæй фесты, уый дардыл дзуринаг у. Зæгъын хъæуы, фондз азы фæстæ нæм дзаджджын хуынтимæ кæй сыздæхтысты. Сæ репер- туары уыд иу 8 пьесæйы, уыцы нымæцы Гоголы «Ускурын», Флетчеры «Испайнаг сауджын», М. Горькийы «Егор Булы- чев», Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæв» æмæ æнд. 229
Ацы спектаклты дæр Руслан активон хайадисæг уыд, бæрнон рольтæ дзы æххæст кодта. Цъус нæу сæ нымæц, нæхи сценæйыл кæй сæххæст кодта, уыцы фæлгæнцтæн дæр. Абон дæр хорзæн мысæм Гæлæу-Русланы (Саламты КъолаæмæБрытъиатыЗариффæ«Дыууæчындзæхсæвы»), Гæбул-Русланы (Хацырты Сергейы «Тулгæ дур»), Гисо-Рус- ланы (Гафезы «Бæсты фарн»), Дзандар-Русланы (Хъайыр- ты Вл-ры «Бæтæйы фырттæ»), Хамбитта-Руслан (Мамсы- раты Д. «Хæсанæ»), Бола-Руслан (Гуыцмæзты М. «Хæхты дидинæг»), Хамырзæ-Руслан (Саулохты М. «Усгур»), Ацæ- Руслан (Гæджиты Г. «Нæ усгур алыгъд») æмæ æнд. Руслан арæхстджын уыд не сценæйыл æндæр на- циты цардыуаг æвдисæг фæлгæнцты хъазгæйæ дæр. Уыдон та сты: Шмидт (Ремаркы «Фæстаг æрлæууæн»), Октавио (Джон Флетчеры «Испайнаг Сауджын»), Илгар (Шамхаловы «Æфсин»), Коси (Шекспиры «Сæрдыгон æхсæвы фын»), æлдары фырт (Г. Нахуцришвили æмæ Б. Гамрекъелийы «Фæныкгуыз»). Алыварсон курдиаты хицау уыд Руслан, тынг арæхст- джын уыд комикон æмæ сатирикон рольты хъазгæйæ. Æниу фидар актер уыд драматикон рольты дæр. Йæ кафт æмæ йæ зард нæртон миниуджытæй хайджын уыды- сты. Æнæзонгæ адæймагмæ Руслан мадзурайы хуызæн каст, афтæмæй та уыд дзырды уылæнты хицау, хъæлдзæг æмæ фердæхтджын, æмбæрста ныхасы уæз æмæ дзы арæхстджынæй пайда кодта сценæйыл дæр æмæ царды къуымты змæлгæйæ дæр. «Къусджыты бын - Цæбитæ, фендзыстут мын мæ ми- тæ». Уый адæмон зарæг у æмæ Русланæй дæр рох никуы уыд. Алы ран æмæ алкæд дæр архайдта ууыл, цæмæй йæ митæ канд йæхи æмæ йæ бинонты нæ, фæлæ цæуой адæмы зæрдæмæ дæр. Кæронбæттæны зæгъын хъæуы, Руслан уыдис нæ теа- тры мæсыгамайджытæй иу, æвæллайгæ зиууон, рæсугъд ирон дзырдаивады сæрыл чи тох кодта, уыцы разагъ- тайы фæлтæрæй.
СЦЕНÆ — ЙÆ УДЫ ЛÆУУÆН Харебаты Федыр 1961 азы Хуссар Ирысто- ны драмтеатры коллектив фæфылдæр сты иу ахæм. Уæд Мæскуыйы Вл. Ив. Немирович- Данченкойы номыл театра- лон институт каст фесты нæ фæ-сивæды раззагондæртæй 21 адæймаджы -14 лæппу æмæ 7 чызджы. Уыдонæй иу уы- дис нæ абоны театры режис- сер; Гуырдзыстоны ССР æмæ Цæгат Ирыстоны АССР-ы сгуыхт артист, абоны Хус- сар Ирыстоны адæмон артист Харебаты Федыр. Ацы стыр къорд кæд се ’ппæт нæ, уæддæр сæ фылдæр хай ак- каг фæдонтæ разындысты хистæр фæлтæрæн, уæдæй фæстæмæ нæ театры сценæ, нæ актерты змæлд зынгæ фæхъæздыгдæр, йæ хуыз скалдта нæ театр. Нæ ныхас Харебаты Федырыл у, йæ сабион бонтæй абонмæ йæ цард театр, сценæимæ чи сбаста, уыцы ныл- лæг, къæсхуыр, фæлæ йæ фезмæлд, йæ архайдыл цæст кæмæн нæ хæцы, уыцы цæхæрцæст ирон гуырдыл. Федя райгуырд аивадæн, схъомыл театры авдæны, сценæ у йæ уд, йæ дзæцц. Кæд абон нæ нæргæ театр нал ис, уæддæр Федя йæ гæрзтæ не ’рывæрдта, архайы нæ театралон аивад цæмæй ма ахуысса, уыцы стыр хъуыд- дагыл. 231
Лæг йæ митæй лæг у, Федяйы дардмæ чи зоны, уы- доны цæсты та у ирон куырыхон лæг, ирондзинад, ма- дæлон æвзаг, фыдæлты хорз миниуджытыл рыг абадын чи нæ уадзы, ахæм сæрæн гуырд. Нæ уыдысты лæгъз, Федя цы фæндæгтыл рацыд, уыдон. Зындзинæдтæ дзы бирæ уыд, фæлæ лæууыд сæ ныхмæ, ныфсджынæй хызтис сæ сæрты, йæ адæм æмæ Ирыстоны сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ. Харебаты Григолы фырт Федыр райгуырдис Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хъуыстгонд Исахъы хъæуы 1930 азы. Нæ уыдис цард нывыл, нæ уыдысты бæллиццаг Федыры сабион бонтæ дæр. Дуджы, ног царды къæсæрыл, стыр ивындзинæдтæ цыд, колхозон арæзтад уæд йæ цырыныл уыд. Бæллиццаг уымæй уыд, сывæллæттæн ахуырмæ фæндаг кæй байгом. Æвзонг тæлтæг лæппу ахуырмæ зæрдæргъæвд разынд, стыр цинимæ 1951 азы каст фæцис Тбилисы астæуккаг скъола. Йæ зæрдæ Ирыстоны уыд, æрбаздæхт Цхинвалмæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта нæ педагогон институты уырыс- саг æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Каст æй фæцис иттæгхорз бæрæггæнæнтимæ 1955 азы. Федыр театралон аивад æвзонгæй бауарзта, хæдархайгæ къордты активон уыд. Ирд æвдисæнæн мæнæ иу хабар: 1952 азы, студент уæвгæйæ, зынгæ театралон нывгæнæг-режиссер Гаглой- ты Тауырбег (Тъатъа) сæвæрдта опереттæ «Сæрибары дымгæ». Æвзонг Федырæн бахæс кодта Миккийы роль. Афтæ диссаджы арæхстдзинæдтæ равдыста Федыр, æмæ Цхинвалы ацы ном йе ’ккойæ нал ахызт. Федыр активон уыд æхсæнадон куысты дæр. Куы- ста Цхинвалы фæскомцæдисы райкомы агитаци æмæ пропагандæйы хайады хистæрæй. Харебайы фыртæн кæддæриддæр йæ зæрдæ дзырдта сценæимæ, æмæ йын 1956 азы фадат фæцис Иры фæсивæдæй иу къордимæ Мæскуымæ ацæуын, уым 1961 азы каст фæцис театра- лон студи. Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, уыдон семæ æр- 232
ластой цалдæр дипломон спектаклы. Уыдонæй сæ иу уыдис Гоголы комеди «Ускурын». Федыр дзы хъазыд Жевакины ролы. Цæстæвæрæн фæцис уæд Федыр, ацы ролы хъазгæйæ, адæм ыл дисæй мардысты, фæзынд дзæвгар рецензитæ нæ газеты фæрстыл, цыран ныхас цыд Федыры диссаджы змæлд æмæ арæхстдзинæдтыл. 1963 азы Федыр хуынд æрцыд Тбилисмæ, цыран дыууæ азы бакуыста актерæй æвзонг театрдзауты уы- рыссаг театры, цыбыртæй ТЮЗ-ы. Уым дæр аккаг фæд ныууагъта Федыр. Уыцы театры сценæйыл уымæн бан- тыст цалдæр вазыгджын ролы ахъазын. Уыдон та уы- дысты: Жаны роль - Макаровы пьесæ «Гæды цырыхъ- хъыты»-йы; Хъахъхъæнæджы роль Нахуцришвилийы пьесæ «Чъинчъаракъа»-йы; Васюковы роль - В. Леви- довы пьесæ «Æртæминутон ныхас»-ы; Шейнины пьесæ «Уæззау азым»-ы - къаннæг лæппуйы роль; В. Буры пьесæ «Чи амардта Томы»-йы - Томы роль æмæ æнд. 1965 азы фæстæмæ æрбаздæхт йæ уарзон театрмæ. Уæд раразмæгонд æрцыд театры директорæй. Ацы бына- ты дæр Федыр разынд арæхстджын разамонæг, театралон аивады сусæгдзинæдтæ хорз чи æмбæрста, сценæйы ва- зыгджын фæзилæнтæ фидарæй чи зыдта, ахæм адæймаг. Ирон театрдзаутæ Федыры базыдтой арæхстджын ко- микæй, карз сатирикæй. Уыдæттæ уæлдай ирддæрæй рарт- тывтой мæнæ ахæм рольты: Буцæ - «Дыууæ хойы»; Ми- хел - «Чепена»-йы, «Мæрдтæйдзæуæг»-ы - Гæбыла; «Ный- йарæджы кадæг»-ы - Дади; «Дыууæ чындзæхсæ-вы» - Уæфти; «Уарзондзинады кадæг»-ы - Сæрмæт; «Фыдфын- ты» - Хыдыр æмæ æнд. Æниу Харебаты Федыр тынг арæхстджын у трагикон рольты дæр. Гаглойты Вл. «Ныййарæджы кадæг»-ы Федыр æххæст кодта Дудийы роль. Дуди йæ мадæн иунæг лæппу уыд, нæ йын радта раст хъомылад. Пьесæйы райдианы Ду- ди сценæйыл разынд ницæйаг, æгуыдзæг лæппуйæ. Нæрыд хæст, ивылынц Дудийы цахъхъæнтæ хæсты быдырмæ, Ду- 233
ди та къуымы мыстау йæхицæн хъармы бадт. Федыр - Дуди уыцы бонты арæхстджынæй æвдисы. Ивы Дуди- йы зондахаст, акаст йæ алфамблаймæ æмæ бамбæрста, раст фæндагыл кæй нæ лæууы, арф ныхъхъуыды кодта йæ уавæрыл, рахызт дуджы, рæстæджы домæнтæ æххæст кæнынмæ. Уыцы ивындзинæдтæ тынг фæцыдысты сце- нæмæкæсджыты зæрдæмæ. Фæцыдысты уымæн, æмæ сæ Федыр арæхст-джынæй æвдыста. Раздæры ницæйаг Дуди фæстагмæ ссис лæгаулæг, йæ мæлæт куы ссардта, уæд тынг фæмаст кодтой театрдзаутæ. Кæуылты уыд йæ арæхстдзинад Федырæн, куы æххæст кодта Хуыгаты Георы комеди «Чепена»-йы пъырыстыф Михелы роль, уæд. Михел æргомæй цас архайы, уый - иу хъуыддаг, сусæгæй цытæ кæны, уый та - иннæ. Уыцы ми- ниуджыты адæмы размæ бафæрæзта рахæссын Федыр. Мæхæдæг федтон Федыры Г. Нахуцришвили æмæ В. Гам- рекъелийы пьесæ «Фæныкгуыз»-ы Фæныкгуызы фæлгонц æххæстгæнгæйæ. Пьесæйы автортæ Фæныкгуызы сныв кодтой ницæйаг æмæ æдылыйæ. Гъо, фæлæ Федыр уы- доны надвæндагыл нæ ацыд, æвæццæгæн, хъуыды кодта, ирон Фæныкгуыз сæрбахъуыды рæстæджы лæгдзинæдтæ æвдыста, зондæй уæйгуытыл тых кодта. Гуырдзиаг На- царкекийы Федыр схотыхджын кодта лæгдзинады миниу- джытæй æмæ адæмæн фенын кодта, йе ’гуыдзæг мини- уджыты æмрæнхъ уымæ кæй ис адæймаджы хорз миниу- джытæ дæр. Йæ рæстæджы йæ раст банысан кодта дзæнæты ба- динаг Бæциаты Агуыдз. Газет «Рæстдзинад»-ы фæзынд йæ уац: «Аргъау нæ - Рæстдзинад», цыран зæгъы: «Фæ- ныкгуыз - Федыр æппындæр зивæггæнаг, магуса æмæ тæппуд нæу...Спектакль чи федта, артисты хъазтмæ чи бакаст, уыдон æнæмæнг бафиппайдтой, æлдар, паддзах æмæ уæйгуытимæ фембæлтыты Фæныкгуызы зыр-зыр. Фæлæ уый тæппуды нысан нæу. Уый у, хуымæтæг адæй- маг царды зын уавæрты куы бахауы, уæд уый йæхи куыд 234
февдисы, уый æвдисæн. Зын сахаты йæ тых, йæ ныфс куы асæттынц, уæд æрбайсы йæ сæйраг хæцæнгарз - зонд, æрхъуыдыдзинад». Федыр хъазыд Уанеты Владимиры пьесæ «Хъуыбадты чындз»-ы Хъанцауы ролы. Хъанцау сæйраг фæлгæнцтæй нæу, фæлæ йæ Федыр афтæ схуызджын кодта, æмæ сце- нæйыл Хъанцау æрлæууыд иннæ сæйраг фæлгæнцты æмрæнхъ. Харебаты Федыры царды æрцыд ахæм хабар. 1965 азы Тбилисæй фæстæмæ æрбахуыдтой Федыры нæ театрмæ æмæ нысан æрцыд театры директорæй. Хорз ма йæ хъу- ыды кæнын, ирон театр [уыдис дзы гуырдзиаг театр дæр) цыппæргай, фæндзгай мæйты мызд нæ иста. Йæ аххосаг уыд, æхцайы бакуысты сæ нывæст кæй нæ æххæст кодтой, уый. Йе ’цæг аххосаг та уыд: дыууæ театрæн иу кассæ, иу нывæстуыд. Гуырдзиаг театрмæ ничи цыд, æмæ ирон теа- тры фæрæзтæ та нывæсты фаг нæ уыдысты. Ирон коллек- тив цалдæр хатты расидт куыстурæдтæ, домдтой æхцаты нывæст (пълан) адих кæнын, фæлæ ууыл не сразы нæ обла- сты бодз, уæд гуырдзиаг театр æхгæдмæ цыд. Æниу Гуры те- атры тынг фæндыд, цæмæй Цхинвалы æхгæд æрцæуа гуырд- зиаг къорд æмæ Гурæн фадат уа, цæмæй къуыри æртæ хатты се спектаклтæ æвдисой нæ театры. Разы уыдысты гуырдзиаг актерты сæхимæ акæныныл. Ууыл уæды чиновниктæ не сра- зы сты сæ къæлæтджынты тыххæй, нæ актертæ маамæлайы къæбæрæй кæй цардысты уалгай мæйты, уый нæ бахъардта уæды разамонджытæм. Уыйхыгъд «бунт» басабыр кæныны охыл Федыр ист æрцыд йæ куыстæй. Федыр йæ куыст адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны радиокомитеты музыкалон ралæвæрдты редакцийы ре- дакторæй. Йæ зæрдæ не сивта театрыл дæр, куыста уым дæр актерæй. 1972 азы Федыр урæд æрцыд нæ театры литерату- рон хайады хистæрæй. Уæдæй йæ тыхтæ радта режиссе- ры куыстмæ дæр. 235
Ирон сценæйыл æвæрд куы цыдысты «Антигонæ», «Хилачы фидар» æмæ «Чепена», уæд Федыр уыдис сæй- раг режиссерæн æххуысгæнæг, æмæ уым рарттывтой йæ арæхстдзинæдтæ режиссурæйы фадыджы. Нæ театр режиссертæй цух кæй уыд, уый хынцгæйæ, Федыр 1979 азы æрвыст æрцыд Мæскуымæ курсытæм. Ахуыры æмгъуыды фæстæ Федыр æрыздæхт Цхинвалмæ, нæ театрмæ. Нырма куыста æвæрæг режиссерæй, стæй та, 1987 азæй фæстæмæ - нæ театры сæйраг режиссерæй. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Федыр спектаклтæ æвæргæйæ, бирæ ногдзинæдтæ бахаста зæронд спектак- лты фæлгæнцтæм. Иуцалдæр цæвиттоны. Саулохты Мух- тары комеди «Усгур» дзæвгар азты цыд æвæрд нæ театры сценæйыл. Алы режиссер дæр Гацийы æвдыста зондцухæй, æдылыйæ. Федыр æм æндæргъуызон бацыд. Гацийы фæл- гонцæн радта æндæр гæнæнтæ, æндæр авналæнтæ, æмæ сценæйыл разынд æндæр Гаци, уый нæдæр зондцух у, нæдæр фыдуынд, нæдæр æдых. Уый у, æхсæнады æнæраст закъæттæ сæ быны кæй æркодтой æмæ сын сæттын чи нæ комы, ахæм хъаруджын адæймаг. Фыд йæ фыртæн ирæд нæ фиды, æнæ ирæд йæ чызджы ничи дæтты, æмæ Гаци йæ фыдæн уыдæттæ амоны æмæ йын стæй комкоммæ зæгъы: «Исты фыдбылызтæ куы бакæнон, уæд-иу мæ аххос ма уæд» (ома, куы раскъæфон чызджы]. Æндæр авналæнтæ радта Федыр Зæрæдайæн дæр (уый дæр ацы пьесæйы]. Уый у абадгæ чызг, тæрсы, йæ фыды уæларт куы баззайа, æмæ кæд къæйных æмæ æдылыгомауæй йæхи æвдисы, уæддæр æм усгур куы фæзынд, уæд йæхи æгадмæ чи нæ ’руагъта, разынд ахæм æмбаргæ зонды хицау. Тынг фæивта Федыры къухты М. Горькийы драмæ «Фæстагты» мидис дæр. Режиссер Федыр раст рахатыд сюжетон хаххы æмæ фæлгæнцты ныхасы дæлтекст. Раст фыста йæ рæстæджы зынгæ драматург Гаглойты Воло- дя ацы пьесæйы тыххæй, режиссер Федыры тыххæй: «Иуæрдыгæй æрæвæрдта адæймаджы сыгъдæг намыс 236
æмæ царды рæстдзинад. Иннæрдыгæй та - мæнгдзинад æмæ æхсæнадон сау тыхты». Æмæ уый та Федырæн фа- дат радта, цæмæй реалон нывты равдиса персонажты æнæбафидаугæ социалон мидис. Уый сæ къухты бафтыд куыд режиссерæн, афтæ актертæн дæр. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Федыр, Хуыгаты Ге- оры драмæ «Бинонты» адæмы рæгъмæ куы хаста, уæд. Пьесæйы сæйраг фарст афтæ у: нæ рагон фыдæлтыккон рæсугъд æгъдæуттæ абон хæяд цæуынц ног фæлтæрты аххосæй. Ууыл сагъæс кæнынц хистæртæ. Федыр ацы фарстмæ бацыд иннæрдыгæй, сæйраг уæз æрæвæрдта куырыхон хистæрты уæхсчытыл, цæмæй кæстæртæн фе- нын кæной фыдæлты фарн æмæ дуджы рухс фæнда- джы нывтæ. Уыдис рæстæг, æмæ Гаглойты Валодяйы пьесæ «Нæ фехъуыстон мачи зæгъæд» ист æрцыд театры репер- туарæй. Йæ аххосаг уыд: драматург ам равдыста, обла- сты хъæууон хæдзарад раууатмæ куыд æрцыд, хъæу- уон адæммæ хицæутты ’рдыгæй хъусдард кæй нал уыд æмæ адæм кæй лидзынц хуыздæр цард агурæг. Уый кæмæ хауд, уыцы хицæутты зæрдæмæ нæ фæцыд. Фе- дыр 1989 азы бавнæлдта ацы пьесæмæ æмæ йæ рахаста адæмы рæгъмæ, фаг бакуыста актертимæ, æмæ комеди тынг фæцыд нæ театрдзауты зæрдæмæ. Басыгъд Хуссар Иры фидауц - нæ рæсугъд театр. Уæз- зау æмæ хæццæ дуг стыр дур ныффæлдæхта нæ театры сценæйыл, фæлæ актерты тырнындзинæдтæ сæттын нæ бакуымдтой. Архайынц алы къуымты, æмæ сæм ныр æх- хуысмæ фæзынд Харебайы фырт, æрлæууыд сæ астæу æмæ куыд арæхстджын режиссер, афтæ бавнæлдта спектаклтæ æвæрынмæ. Ныртæккæ равдисыны къахыл лæуд у Гого- лы «Ускурын», ратæлмац кодта комеди «Ревизор», æмæ та ууыл дæр куыст цæуы. Ирон сценæмæкæсджытæ æнхъæлмæ кæсынц наци- он цард æвдисæг пьесæтæм, æмæ уыдон дæр Федырæй рох не сты. 237
Федыр цы коллективы сæргъ слæууыд, уыдоны хъæ- уы сценæ, зал, адæм кæм æрбадой - партер. Цæуы куыст уыдæттыл Совпрофы агъуысты, фæлæ нырма йæ къа- хыл не слæууыд. Адæмы хъæуы сæ раздæры театр, æмæ йæм ныфсджынæй æнхъæлмæ кæсынц. Æниу Федыр куыд актер, афтæ цæстæвæрæн ссис нæ адæмæн. Цы рольты хъазыд, уыдон нымæц сæдæйæ фылдæр у. Сæ зынгæдæртæ сты мæнæ ахæмтæ: Дости- гаев - Горькийы пьесæ «Егор Булычев»-ы, Уæфти - Са- ламты Къола æмæ Брытъиаты Зариффæйы комеди «Дыууæ чындзæхсæв»-ы, Арсенио - Флетчеры «Испайнаг сауджын»-ы, Джордж - Парнисы «Афродитæйы сакъа- дах»-ы, Чъеишвили - Нодар Думбадзейы «Урс тырыса- тæ»-йы, Гæбыла - Туаты Дауыты «Мæрдтæйдзæуæг»-ы, Хыдыр - Гуыцмæзты Михалы «Фыдфынтæ»-йы, Дон Таксис - Шиллеры «Дон Карлос»-ы, Дади - Гаглойты В. «Ныййарæджы кадæг»-ы, Михел - Хуыгаты Г. «Чепе-на»- йы, Фæныкгуыз - Г. Нахуцришвили æмæ Б. Гам-рекъелийы «Фæныкгуыз»-ы, Хъанцау - Уанеты Вл. «Хъуыбадты чындз»-ы æмæ æнд. Федырæй рох никуы уыд æхсæнадон куыст дæр. Уыд «Адæмон ныхас»-ы активон хайадисджытæй иу. Хуссар Ирыстоны театр - нæ фидауц нал ис, фæлæ Фе- дя абоны бон дæр архайы ууыл, цæмæй ирон театралон аивад ма ныууазал уа. Абон ирон æвзаг, фыдæлты фарн æмæ æгъдæутты тыххæй чи тайы æмæ руайы, уыдонæй иу у нæ «Фæныкгуыз» - Федя.
РÆСТÆДЖЫ ЗИУУОН Гæбæраты Дауыт Знауыры районы йæ рæс- тæджы иууыл егъаудæр æмæ рæсугъддæр хъæутæй иу уы- дис Куатетри. Уым райгуыр- дис 1933 азы зынгæ актер Гæбæраты Дауыт. Йæ фыд Пъетъре уыдис ног колхоз аразджытæй. Цард нырма ны- выл нæ уыд, хъуагдзинæдтæ æййæфтой адæм, къæбæрцух уыдысты Пъетърейы бинон- тæ дæр. Кусаг лæг уыд Пъетъ- ре, хорз æмбæрста ног дуджы æмæ ахуыры нысаниуæг. Йæ тых æй цы амыдта, уымæй фæндаг лæвæрдта йæ зæнæгæн. Пъетъре уынаффæйы лæг уыд сæ мыггаг æмæ сæ хъæубæстæн, йæ бинойнаг Æлборонимæ схъомыл кодтой æртæ фырты æмæ иу чызг. Се ’ппæтæн дæр радтой æмбæлон ахуырдзинад. Сæ хистæр фырт Граф уыдис æфсæддон дохтыр, йæ кæстæр Маруся уыдис ахуыргæнæг, Софрон - шахтер, Дауыт та ссис актер. Дауыт фыццаг ахуыр кодта Зиулеты хъæуы астæук- каг скъолайы. Уæд-иу рæстæггай нæ театр йе спектакл- тæ æвдыста хъæуты, уыцы нымæцы Куатетрийы дæр. Уæд бауарзта æвзонг лæппу театр, актерты хъазт, уæд райдыдта къахæй цæуын Цхинвалмæ, нæ театрмæ, спек- таклтæ уынынмæ. 239
«Театр - мæ амонд, театр - мæ сомбон» - ахæм хъуы- дытимæ балæууыд Тбилисы, ссис Руставелийы номыл паддзахадон театралон институты студент. Уый уыдис 1956 азы. Æвзыгъд уыд ахуырмæ, арæхстджын - йæ рольты, бирæ куыста йæхиуыл. Дауыты рæстæджы йæ тыхы уыд Тбили- сы Плехановы номыл Адæмон театры архайæг ирон драм- къорды куыст. Йæ ахуыры æмрæнхъ Дауыт кусынмæ бацыд ацы театрмæ, куыста дзы аивадон къухдариуæггæнæгæй. Уыцы сценæйыл цы пьесæтæ сæвæрдта, уыдоны зынгæ- дæртæ уыдысты Брытъиаты Е. «Дыууæ хойы» æмæ Сау- лохты Мухтары «Усгур». Гæбæраты Дауыт йæ институт каст фæцис 1961 азы, уæд æрбаздæхт Цхинвалмæ æмæ уæдæй фæстæмæ уæхс- куæзæй фæкуыста Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артистæй пен- сийы ацæуыны онг. Драмон уацмыстæ алыхуызæттæ сты, алыхуызæттæ вæййынц сæ фæлгæнцтæ дæр. Дауыт арæхстджын ак- тер уыд. Хорз рæхст комедион æмæ сатирикон рольты, фæлæ йæ бæрны куы уыдысты арф социалон хъуыды кæм ис, ахæм рольтæ, уæд сæ кæддæриддæр фæрæзта рæгъмæ рахæссын. Дауыты саразгæ фæлгæнцтæ 250 фылдæр сты. Коме- дийы жанр æмæ Дауыт хъонæгътæ уыдысты. Цы бирæ комедиты архайдта, уыдон Дауыты ном бæрзонд си- стой, сценæмæ йæ алы рахызт дæр уыд адæмæн цины хос, худыны фæрæз, хъæлдзæгдзинад дæттæг. Йе сценæйон дæсныйад Дауыт райдыдта Хуыгаты Георы водевил «Мæ усы лæг»-æй. Уым æххæст кодта Хъæриуы рол ь. Хъæриу уыдис, йæ царды раст фæндагæй чи фæиппæрд, ахæм адæймаг. Йæ бинонтæн дæр, æх- сæнадæн дæр цы маст, цы зиæнттæ хаста, уыдæтты арæхстджынæй рахаста адæмы размæ Дауыт. Вазыгджын у Хадзыйы фæлгонц Саулохты Мухта- ры комедии «Усгур»-ы. Дауыт стыр арæхстдзинæдтæ 240
равдыста ацы фæлгонцыл кусгæйæ. Хадзы у бонджын лæг, фæлæ мæрддзæст, йæ иунæг фырт Гаци кæд чысыл зондцухыл нымад у, уæддæр йæ лæгдзинæдтæ фылдæр сты фыдæй. Уый йæ фыдæн комкоммæ зæгъы: ды ирæд нæ фидыс, æнæ ирæд та йæ чызджы ничи ратдзæн. Скъæфын рæсугъд хъуыддаг нæу, æмбары йæ Гаци, фæлæ фыдæй йæ бон куы базыдта, уæд ын афтæ зæгъы: ис- ты фыдбылызтæ куы саразон, уæд-та мæ аххос ма уæд, зæгъгæ. Дауыт арф бахызт ацы фæлгонцы миддуне рафæлгъауынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Худæджы нывтæ, фæлæ арф мидис. Ахæм у комеди «Сæтти æмæ Бæтти». Ам Дауыт æххæст кодта Бæттийы роль. Дыууæ уарзон сыхаджы, цалынмæ сæ сæ хъару амыдта, уæдмæ уыдысты цæсгомджын, æхсæнадон куыс- тыл æнувыд колхозонтæ. Фæнды сæ сæ кæрæдзийæн хорздзинæдтæ, хæларæй цæрынц, фæлæ арæх хыл дæр фæвæййынц, æцæг сын бирæ нæ ахæссы. Дауыт та ам дæр цæстæвæрæн фæцис Бæттийы роль æххæстгæнгæйæ. Кæнæ кæуылты уыд йæ архайд Гуыцмæзты Миха- лы комедии «Бирæгъты», Дабеджы ролы куы хъазыд, уæд. Æрдхæрæйнаг уыд йæ хъазт, Хацырты Сергейы ко- меди «Тулгæ дур»-ы Гæбулы роль куы æххæст кодта, уæд. Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста Дауыт, Мамсыра- ты Дæбейы «Хæсанæ»-йы Ханы роль куы æххæст код- та, уæд. Зæрдæмæдзæугæ уыд йе змæлд, йæ ныхас Сана- хъоты Уасойы пьесæ «Сыхæгты» Иналы ролы куы хъа- зыд, уæд дæр. Тынг вазыгджын у йæ темæ Уырыймæгты Езетханы пьесæ «Æлгъыст хæдзар»-ы. Уым Дауыт æххæст кодта къниазы роль. Тынг райгондæй баззадысты сценæмæксджытæ, куы уыдтой Дауыты Гаглойты Владимиры пьесæ «Сыгъзæ- рин фæткъуы»-йы Мураты ролы хъазгæ, уæд. Дзæвгару сæ нымæц Гæбæраты Дауыты саразгæ фæл- гæнцтæн. Кæд се ’ппæтæн характеристикæ раттынæн фадат нæй, уæддæр сын хъæуы сæ ахсджиагдæрты ра- 16* 241
нымайын. Уыдон та сты: Хацырты Сергейы «Тулгæ дур»-ы - Гæбул; Уырыймæгты Езетханы «Гуылæрты Сæниат»-ы - Ислам; Уанеты Владимиры «Шахмæтты» - Хæмыцо; Саулохты Мухтары «Усгур»-ы - Хадзы; Гаглой- ты Владимиры пьесæтæ «Сыгъзæрин фæткъуы» æмæ «Ныййарæджы кадæг»-ы Мурат æмæ Æхсар; Хъайттаты Сергейы «Мады зæрдæ»-йы - Хъазыбег; Хуыгаты Георы «Мæ усы лæг» æмæ «Сæтти æмæ Бæтти»-йы - Хъæриу æмæ Бæтти; Санахъоты Уасойы «Сыхæгты» - Инал; Мам- сыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы - Хан; Брытъ- иаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы» - Бибо. Дауыты саразгæ фæлгæнцтæй алкæуыл дæр бирæ дзурæн ис, фæлæ иу уац уыцы фадат нæ дæтты. Уымæн та хъæуы сæрмагонд монографион куыст. Хъыгагæн, нæ театры стыр зиууæттыл ахæм гуырахстджын куыстытæ ис бынтон цъус. Дауыт ахæм диссаджы актер уыд, цы фæлгонцы мид- дунемæ-иу бавнæлдта, уымæн рæгъмæ æнæрахæсгæ нæ уыд. Сценæмæкæсæг-иу цалынмæ фæлгонцты уды- хъæдимæ зонгæ кодта, уæдмæ-иу æй Дауыт æддаг скон- дæй рахаста рæгъмæ. Йæ фæзынд сценæйыл уыд цины æмæ худыны хос. Да- уыт цы спектаклты хъазыд, уыдонмæ адæм тындзыдтой кæддæриддæр. Дауыт, сæйраджыдæр, æххæст кодта æппæрццаг фæл- гæнцты. Арæх-иу хъаст кодта йæ режиссертæй ацы роль- ты тыххæй, домдта алы хатт дæр фæзминаг рольтæ, фæлæ йæ къухы не ’фтыдысты. Гæбæрайы фырт фæлвых рольтæ нæ арæзта. Йæ бæр- ны уæвæг рольтæм ын уыд цæсгомджын ахаст, кæд æй ахæм фæлгæнцтæ зын уавæрты æвæрдтой, уæддæр. Æмæ раст уыд Дауыт: кæй бон у алы хатт искæй æнæбары удыгъæдыл кусын, искæй æдзæсгом, мæнгард, æлгъин, уæйгæнæг адæймæгты адæмы рæгъмæ хæссын, адæмæн æнæуынон чи у, ахæм адæймагæй цæрын сценæйыл. 242
Раст банысан кодта йæ рæстæджы Бæциаты Агуыдз: «Уыцы персонажты хъазгæйæ артист (Дауыт - П.П), ра- гацау сахуыр кæны уыдонæн се ’нгæс æууæлтæ, сæйраг æргом аздахы сæ хъауджыдзинæдтæм æмæ уыдон бын- дурыл кусгæйæ фæтырны оригиналон фæлгонц сара- зынмæ». Гæбæраты Дауыт арæхстджын уыд æндæр нациты дра- матургийы фæлгæнцтæ æххæстгæнгæйæ дæр. Уæлдæр æй загътон, Дауыт театралон скъолайы цæттæдзинад райста Тбилисы æмæ йын уый стыр æххуыс фæцис ирон сценæйыл гуырдзиаг фæлгæнцтæ сфæлдисынæн. Ууыл та дзурæг сты: А. Цагарелийы пьесæтæ «Мæрдты чын- дзæхсæв»-ы - Осеп; «Ханума»-йы - Микъич; Нодар Дум- бадзейы «Æнусон закъон»-ы - дзабырхуыйæг æмæ æнд. Нæ театры актерты дæсныйад (сæ фылдæрæн) ахæм у - театр æмæ кинойы актер. Дауыт экрантыл дæр ра- зынд зынгæ актерæй. Хъазыд «Чермен»-ы - Цæрайы ро- лы, персаг æфсады разамонæг - «Данс»-ы, Азæмæты ро- лы - «Карабаиры фæдтыл»-ы, купецаджы ролы - «Ро- ский парень»-ы, уæйгæнæджы фæлгонцы - «Фæндаг фæвæййы бæрзæндыл»-ы. Сатирæ æмæ юмор Дауытимæ æмдзу кодтой кæд- дæриддæр. Стыр æнтыстытæ уыд Дауытæн театралон аивады. Актерæн фæаргъ кæнынц, цал фæлгонцы са- рæзта, цал спектаклы хъазыд, уыдонмæ гæсгæ. Уыдо- ны нымæц та Дауыты сфæлдыстады егъау у. Нымæцмæ кæм кæсæм, уым кæсын хъæуы гъæдмæ дæр. Абоны- бон дæр фидарæй зæгъæн ис: Дауыт сценæйы дæсны уыд, арæхстджын актер уыд. Фæлгæнцты миддунемæ ныккæсын кæддæриддæр фæрæзта, фæндагуарын зыд- та сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Цард мæнгард у, нæ бантыст Дауытæн йе стыр кур- диат кæронмæ райхалын. Хуссар Ирыстоны рæстæй æфхæрд кæй æрцыд, Дауыты уарзон театр кæй басыгъд - уыдæттæ Дауыты хъæлдзæг удыхъæдыл бандæвтой 243
мæгуырауы ’рдæм, уæззау низ æй æрбаста сынтæгмæ æмæ Ирыстоны сæрибардзинад нал федта. Ахицæн йæ цардæй 2007 азы фæззæджы. Дауыт цардбæллон уыд, хæлар æмæ цæстуарзонæй каст адæммæ, ирон фынджы фидауц уыд кæддæриддæр, Ирыстоны зæдтæ æмæ дауджыты нæмттæ Дауыты хуызæн чи зыдта. Лæг йæ хъуыддæгтæй лæг у, Дауыт ирон фарн, æгъдау æмæ лæгдзинадыл рыг абадын ни- куы уагъта, булæмæргъау рæсугъдæй дзырдта йæ ма- дæлон æвзагыл. Рынчынæй дæр Дауыт рохуаты нæ уагъта йæ театр, йе сценæ. Театры кой куы фæкæнæм, уæд нæ цæстытыл ауайы Дауыты сурæт, йæ дисса- джы саразгæ фæлгæнцтæ: Хадзы, Хъæриу, Дабег. Дауыт кæддæриддæр сæрыстыр уыд Мамиты Дмитрийæ, Пæр- рæстаты Дмитрийæ, Мæргъиты Сослан, Цæбиты Нинæ, Цоциты Нинæ, Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил æмæ æндæртæй. Нымадта сæ йæ ахуыргæнджытыл. Дауыт ирон театры историйы æрцахста аккаг бынат.
ТЕАТР - ЙÆ ЗÆДБАДÆН, СЦЕНÆ - ЙÆ КУВÆНДОН. Хаситы Вильгельм Аивады хуызтæ бирæ сты, фæлæ уыдонæй царды айдæн хонæм театры, сценæйы. Про- фессионалон театр кæмæн ис, уыцы адæмæн ис истори, æв- заг æмæ æгъдæуттæ, рæгъ-мæ цы рахæссой, уый. Ирыстоны профессионалон театрты фæзынд рагон нæу, Хуссары байгом 1931 азы, Цæ- гатыта- 1935 азы. Фæлæ ацы азтæ ууыл дзу- рæг не сты, æмæ уæдмæ ирон адæммæ театралон аивад фынæй уыд. Нæ уыд! Йæ рай- диан ын нымайæм 1906 азæй. Уæдæй нæм кæрæдзи фæдыл гуырын райдыдтой хæдархайгæ драмкъордтæ æмæ уыдон сындæггай бындур æвæрдтой фидæны театрæн. Ирон адæмы историон фæндаг рагон æмæ дæргъ- вæтин у Скифтæ, Сарматтæ æмæ Алантæ сæ цард æр- выстой дунейы лæгъз быдырты. Фæстагмæ, XIII æнусæй, Алантæ систы хæххон адæм. Сæ царды уаг, сæ царды фæндæгтæ вазыгджын сты, тынг бирæ сæ ис аивадон сценæтæ - «Симд», куывд æмæ хæрнæг, туджы фынгтæ, бæхты дугътæ, кафт æмæ зард, дзуары бонтæ æмæ æнд. Уыдон хистæртæй домдтой куырыхондзинад, кæс- тæртæй - æгъдау æмæ арæхстдзинæдтæ. Уыдæттыл кусынц нæ театртæ, культурæйы галуан- тæ, алыхуызон хæдархайгæ къордтæ. 245
Ног дуджы ралæудимæ йе уæнгтæ айвæзта ирон театр дæр. Уынæм уый дæр, рацарæзты дуг бирæ нациты туджы лæсæнты бын фæкодта, Ирыстон бавзæрста æбуалгъы хъуыддæгтæ, удгоймæгты зиæнтты æдде ныццудыдтой нæ культурон уагдæттæ, басыгъд нæ театр. Цард тох у, тохы та цæссыг ницы æххуыс у, Ир фи- дар æрлæууыд йæ рагон мæнгард сыхæгты ныхмæ, не рлæууыд йæ зоныгуылтыл æмæ бамбарын æмæ фенын кодта, Ирон лæг мæлын дæр æмæ цæрын дæр куыд зоны. Ир сæрыстыр æмæ ныфсджын сты Стыр Уæрæсейæ, нæ зын сахаты немæ кæй вæййы, стæй нæ сæрибаргæнæг кæй у, æппæт уыдæттæй. Ирыстоны раджы фæзынд зарæг - «0, Иры уарзон Уы- рысы адæм!». Хæдбар, сæрибар дуджы цæрынц нæ адæм, рæзы æмæ фидардæр кæны нæ театр, рæхджы се уæнгтæ айваздзы- сты нæ актертæ, ног театры къæсæрæй куы бахизой, уæд. Нæ адæм уæд цин кæндзысты дыууæ стыр хъуыдда- гыл: Ног театры галуаныл, стæй уæд, нæ театры сырæзты 85 азы боныл. 1931 азæй абонмæ нæ театр бирæ фæлтæртæ раив- та, нæ адæм абон дæр кад æмæ цытимæ мысынц хистæр фæлтæры: Дзаттиаты Сона, Туаты Зураб, Хетæгкаты Во- лодя, Цæбиты Нинæ, Мамиты Димитр, Таугазты Гаврил, Хъайырты Вл-р, Гæззаты Степан æмæ æнд. Абоны бон хистæр фæлтæрыл кæй нымайæм, уыдо- нæй иу у Хаситы Вильгельм. Хъыгагæн, Вильгельм цы фæлтæримæ æрбацыд, уыдон дæр сцъус сты, фæлæ табу Хуыцауæн, чи ис, уыдон мад, фыды лæггад кæнынц нæ театрæн, уыцы нымæцы Вильгельм дæр. Вильгельм нæ театры кусы 1967азæй абонмæ. 49азы цыппар фараст боны не сты. Уыдон сты куысты æмæ агурæджы азтæ, театры бæрзонд асинтыл хæрдмæ цæ- уыны азтæ, намыс æмæ хъару æвдисæн азтæ. Хасийы фырт йæхи знауыраг хоны, гуыргæ Тормане- улийы хъæуы ракодта 1950 азы, фæлæ рæзгæ, ахуыр, йæ 246
царды фæндагыл та слæууыд нæ уарзон сахар Цхинва- лы. Йæ ныййарджытæ уыдысты службæгæнæг. Йæ фыд Герасим йæ царды бонты хæст у æгъдау æмæ намысыл, ирондзинадыл, фыдæлты фарн æмæ нæртондзинады хæзнатыл. Ныртæккæ йыл цæуы æнусмæ æввахс, фæлæ у уæнгрог, хъæлдзæг, йæ лæппуйон бонтæй абонмæ йæ къухæй никуы ахауд Дала фæндыр (йæхæдæг æй хоны Чонгури], йæ къух никуы ауыгъта зарæгыл æмæ ацы стыр хъуыддæгтæ уарзын кодта йæ зæнæгæн. Рæсугъд æмæ нæртон хæдзарвæндаг сты, Герасим йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой фондз фырты. Бæргæ бæллыдысты чызгмæ, фæлæ сæм ацы хъуыддаджы Мады Майрæм йе ргом нæ раздæхта. Вильгельм у зæнæджы хистæр, йæ цард снывонд код- та национ культурæйы рæзты хъуыддагæн, бæлвырд- дæрæй та нæ театры сценæйæн. Ие ’фсымæртæй Вильгельмы фæндагыл ничи æрлæу- уыд, фæлæ уый хардз йæхи хæдзарвæндаг равзæрстой ирон адæмы культурон хæзнадонмæ хуынтæ хæссыны хъуыддаг. Кæуылты сты сæ лæггæдтæ нæ аивады фадгу- ыты. Чызг Эммæ йæ цард, йæ куыст сбаста нæ театримæ, театралон институт фæуыны фæстæ кæны æнæзæрдæ- худт куыст нæ театры сценæйыл. Фырт Сослан йæ саби- он бонтæй фæстæмæ бафтыд зарыныл, йæ дадайы зар- джытæ йæ систой сæ уæлныхты æмæ абон йæ диссаджы зарджытæ хъуысынц, канд ирон сценæтæй нæ, фæлæ ма Кавказ æмæ æндæр нациты сценæтæй. Консерваторийы уæрæх дуæрттæ байгом кодта Сосланæн зарды къæбиц, зарды галуанмæ. Вильгельм йæ ахуыры фæндаг райдыдта 5 скъолайæ. Уым базонгæ сценæимæ, уым райдыдта зарын, Сиукъа- ты Отар лæвæрдта разамынд ацы къордæн, фæндырдзæ- гъдæг та сын уыд Гусойты Ленгиор. Уæдæй райдыдта хай- ад исын алыгъуызон Олимпиадæты. Æвзонгæй ссис Вильгельм театры кусæг, хайад иста массон сценæты, хаудтой йæм арæх къаннæг рольтæ 247
дæр. Уарзта театр, сценæ, актеры куыст, ахуыр кодта, те- атры Хъайырты Вл. цы студи бакодта, уым. бæргæ йæ фæндыд театралон институтмæ, фæлæ йæ уавæртæ не самыдтой. Афтæ сындæггай, фæлæ ныфсджынæй, цыдис театры асинтыл хæрдмæ æвзонг лæппу æмæ зæгъæн ис, Виль- гельм рæнхъон актерæй схызт адæмон артисты кад- джын бынатмæ. Ацы хъуыддаг та дзурæг у, Хасийы фыр- ты рацæугæ фæндæгтæ лæгъз æмæ хуымæтæг нæ уыды- сты, куыст æмæ цардагурæджы фæндæгтæ уыдысты. Йæ фыццаг бакъахдзæф уыдис Уырыймæгты Езет- ханы сфæлдыстадмæ. Йæ пьесæ «Сæниат» (хуый- ны ма «Æлгъыст хæдзар» дæр) уæрæх дуæрттæ бай- гом кодта нæ актерæн театры сценæмæ рацæуынæн. Æххуырсты роль æххæстгæнгæйæ, актерæн бантыст æбар адæймаджы миддунемæ ныккæсын, йæ хъуыды- тæ рафæлгъауын, йæ лæгдзинæдтæн саргъ кæнын, уы- доны адæмы ’хсæнмæ рахæссын. Актерæн йæ фыццаг рольтæм хауы «Сæрмæт æмæ йæ фыртты» комиссары роль. Стыр арæхстдзинæдтæ рав- дыста уæд нæ актер сценæмæкæсджыты раз. Къаддæр æнтыстытæ нæ уыдис Вильгельмæн Хамырзæйы ролы куы (Саулохты М. «Усгур») хъазыд, уæддæр. Вильгельм арæхстджын у, куыд комедион рольты, афтæ трагедион рольты дæр. Йæ лæппуйон бонты тæхудиаджы хъазт кодта, куыд æвзæнгты-фæсивæды рольты, афтæ хистæр кары адæймæгты рольты дæр. Кæуылты зæронд лæг у Мистъала (Нафи «Азау æмæ Таймураз), мыггаджы. Комбæсты хистæр, зонды къуыбылой, царды рахæцæнтæ раст чи æмбары æмæ хъуыддæгтæ рæстырдæм чи аразы. Æрæджы йæ хъазыд Вильгельм, æмæ адæмæн фенын кодта нæ фыдæлтæ зонд æмæ хъаруйæ æххæст кæй уыдысты, рæстæджы цаутæн аргъ кæнын куыд фæрæзтой, фæсивæды царды раствæндагыл куыд æфтыдтой. Æндæргъуызон зонд æмæ зæрдæйы уагимæ хъазыд нæ актер Мырзæйы ролы (Плиты Г. «Чермен»). Æлгъаг, 248
мæнгард, цъаммар удты хицæуттæ сты Дакко æмæ йе мхъузæттæ, сæ цæуæт: Хъассай, Дзандар, Мырзæ. Виль- гельм бафæрæзта æлдæртты уды сконды миниуджытæ фæлывд мæнгард рæстдзинæдтæ рæгъмæ рахæссын, æнаккаг удтæ æмæ дугыл худинаджы къæлæт сæвæрын. Фыдæлты фарн æмæ æгъдау царды раст фæндæгтæ амонæг сты. Уыдоныл хъомылгонд фæсивæд та сты нациты цæсгом æвдисæг. Ахæм диссаджы фæлгонц снывæста Брытъиаты Елбыздыхъо йæ драмæ «Дыууæ хойы». Уый у Пупæ, Асиаты уарзон. Ацы ролы хъазгæйæ, Хасийы фырт равдыста диссаджы арæхстдзинæдтæ. Пупæ æмбары уаг æмæ æгъдау, Асиаты раз у уæздан æмæ æрхъуыдыджын, Касалы фыртау, фæллой , исбонмæ нæ кæсы, уый адæймагдзинадæн аргъ кæны йæ зонд æмæ йе ’гъдаумæ гæсгæ. Ахæмæй уынæм Пупæ-Вильгельмы Асиатимæ фембæлгæйæ. Национ цардæвдисæг пьесæты хъазгæйæ, Вильгельм би- рæ фæлгæнцтыл фæфыдæбон кодта, бирæты удты сконды бацыд. Уыдон та йын сæйраджыдæр сты: Сæрæби (Хуыгаты Г. «Чепена»), Хамырзæ (Саулохты М. «Усгур»), Майрæм (Хуы- гаты Г. Æмæ Хуыбецты Р. «Софяйы зарæг»), Лади (Нартых- ты Г. «Уой ацы зæрæдтæ»), Азæмæт (Жажиты А. «Хылой»), Мыртаз (Уанеты В. «Хилачы фидар»), Сабан (Хетæгкаты Къ. «Фатимæ»), Гобр (Хуыгаты Г. «Сау нымæт»), Эльбрус (Хуы- гаты Г. «Мæ усы лæг»), Алихан (Хуыгаты Г. «Æмпъузæнтæ»), Инал (Хуыгаты Г. «Сæтти æмæ Бæтти»), Салам (Саламты Къ. «Дыууæ чындзæхсæвы»), Дзанг (Уанеты В. «Æнусон цырт»), Хæмыцо (Уанеты В. «Шахматтæ»), Хъазбег (Хуыгаты Г. æмæ Хуыбецты Р. «Софьяйы зарæг»), Темыко (Айларты А. «Рæс- тæгмæ ус») æмæ æнд. Егъау у йæ хайбавæрд Вильгельмæн тæлмацгонд пье- сæты хъазгæйæ дæр. Бирæ вазыгджын рольты хъазыд. Ам дæр та йæ бæр- ны уæвæг фæлгæндзтæм аздæхта бындурон хъусдард. Цы адæймæгтæ сты, цы дуджы æууæлтæй сты хайджын, сæ цухдзинæдтæ æмæ хорздзинæдтæ кæцæй ратæдз- гæ сты, уыдæтты æмбары бæстон, дзуры сыл æмбæлон 249
хъæлæсы уагимæ. Цыбыр дзырдæй се гъдæуттæ, сæ уа- гахаст кæд ирæттæ не сты, уæддæр актеры бон бацис, уыдоны ирон æвзагмæ рахизын кæнын, иронау сын зæ- гъын кодта æппæт дæр, ома сæ зæрдæты æвæрæнты. Ирон фæлгæнцты æмрæнхъ Вильгельм йæ театр- дзауты базонгæ кодта æндæр нациты минæвæрттимæ дæр. Уыдон та сты: Бухути (0. Иоселиани «Цалынмæ уæрдон нæ афæлдæхт»), Вани (Габоридзе «Мæрдты чындзæхсæв»), Дутуя (Думбадзе Н. «Æнусон закон»), Осепп ( Габоридзе «Дыууæ чындзæхсæвы»), Денис (Ар- бузов «Иркутскаг истори»), Молерба (Дж. Верго «Сыл бирæгъ»), Хæйрæг (В. Шекспир «Макбет»), хъазыд Сафо- клы «Эдип паддзах» æмæ «Антигонайы». Иу хорз рагон æгъдау ис нæ театры актертæм. Сæ тыхтæ канд рольтыл нæ хардз кæнынц, бирæтæ ма кæ- нынц æмæ кодтой драматурджы куыст дæр. Нæ театры историйыл нæ цæст куы рахæссæм, уæд дзы дзæвгар уыдис æмæ ис актер-драматургтæ. Уый дын Саулохты Мухтар, Хъайырты Вл-р, Магкæты Алихан, Та- угазты Гаврил, Галуанты Людæ, Зæгъойты Ростик, Харе- баты Федыр. Фæсте нæ баззад ацы хъуыддаджы Вильгельм дæр. Нæ театры сценæйæ рарттывтой æмæ сыл сценæмæ кæсджытæ зæрдæрайæ сæмбæлдысты йæ пьесæтæ: «Расыггæнджытæ», «Дæ мады лымæн»-ыл æмæ «Чындз цæра». Æрдæг æнусы бæрц Вильгельм лæггад кæны нæ театрæн. Йæ саразгæ фæлгæнцтæ сты 60 фылдæр. У йæ адæм æмæ йæ бæстæйы патриот, нæ театры гæнах амайджытæй иу Бынаты дæр æмæ æндæр рæтты дæр йæ ирондзинадыл рыг абадын никуы бауагъта. Царды рахæцæнты сæрыл - не взаг, не гъдæуттæ - уæндон тохгæнæг у кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Йæ лæггæдтæ фарон дæр æмæ абоны бон дæр рохуаты никуы уыдысты хицауады рдыгæй. Вильгельм у сценæйы дæсны, 15 къæпхæны дæсныйады хицау Республикæ 250
Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист (1981), Республикæ Хус- сар Ирыстоны сгуыхт артист (2000), Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы сгуыхт артист (2007). Абон нæ театры адæмон артист. Кады грамотæтæ æмæ арфæйы гæх- хæттыты кой нал кæнæм. Егъау у сæ нымæц, зæрдæрухс- гæнæн сты, цы ныхæстæ сæ æрцыд загъд, уыдон. Бирæ дзурæн ис Вильгельмы удыхъæд æмæ йæ ны- вæфтыд фæндæгтыл, фæлæ иу уац ахæмтæн нæ фаг кæ- ны. Вильгельм ис йæ тæккæ сфæлдыстадон тæмæны. Æнхъæлмæ йæм кæсы фæззæджы къæсæрыл ног театр, йе взонджы бонты сценæйы ад кæм банкъардта, уыцы ног сырæзгæ агъуыст. Нæ цæст ын уарзы, цæмæй йыл сæмбæла æнæниз-уæнгрогæй, заргæйæ. Ацы аз у нæ театры аз, æххæст ыл кæны 85 азы. 400 сæдæ азы та æххæст кæны Вильям Шекспиры амæлæ- тыл. Дыууæ стыр культурон бæрæгбоны. Уадз æмæ Виль- гельмæн бантысæд уыйбæрц, адæм та йыл ногæй сæ цæст куыд æрæвæрой. Иу ран Вильгельмы тыххæй фыст ис: «Обладает вы- соким профессинализмом, пониманием традиций и осо- бенностей Осетинского театра. Является одним из веду- щих актеров театра. Его работы отличаются обаянием, юмором, выразительной формой, интересными и раз- нообразными находками. Снискал себе заслуженную лю- бовь осетинского зрителя». Æмбæлон ныхæстæ сты йæ удыхъæды, стæй уæд, йе сфæлдыстады хорз миниуджыты тыххæй. Кæд абон хистæр фæлтæрыл нымад у уæддæр тых æмæ зондæй фидар у, хистæр фæлтæр та нæ хъæуынц царды дæр, ахуыры дæр, куысты дæр. Вильгельм! Де нус ног театры сценæйыл банысан кæн æмæ та уæд дарддæр ныхас уыдзæн ног æнусы са- разинаг хъуыддæгтыл. Вильгельм! Фарн æмæ Амонд демæ уæнт кæддæрид- дæр, Уастырджы та дæ рахиз фарс цæуæд!.
ЦАРД СÆРÆН ГУЫРДТЫ УАРЗЫ Тедеты Алихан Уыдис рæстæг æмæ-иу адæймаг нæ радиоралæвæр- дтæм хъусынæй не ’фсæст. Хъуыстам сæм бон æртæ хат- ты: райсомы 815 минуты, сихо- рыл 1130минутыл, изæры 1730 минутыл. Уыцы рæстæджы нырма телеуынынад нæ уыд. Цыфæнды дуджы дæр æр- мæджытæ адæмæн зынаргъ сты, сæ хъус сæм лæмбынæг да- рынц. Уæлдай æхсызгондæр та уæд вæййынц хъусджытæн, сæ диктор аив ныхасмæ куы рæхса, ирон аив дзырды дæсны куы уа. Уыцы аив дзырды дæснытæ та уыдысты абоны дзæ- нæты чи бады, уыцы Гайты Евген, Абайты Маирбег æмæ Тедеты Алихан, Куымæридтаты Донара. Мæ ныхасы сæр абон у нæ театры æрттиваг стъалы, номдзыд актер æмæ зæлдаг æвзаджы хицау Тедеты Али- ханыл. Фыдусы æлгъыстау нæ интеллигенцийы разагъды фæлтæртæ, суанг Къостайæ абонмæ, цардæй хайджын нæ фесты, сæ хуымтæ æмæ сæ уыгæрдæнтæ æрдæг карстæй баззадысты. Уыцы фыдусы æлгъысты ма уынæм æндæр ныв дæр - рæуæд нæм галы бынатмæ нæ хæццæ кæны, лæппу та - лæджы. Алихан йе ’нус куы батыдтаид, уæд йæ Ирыстоны раз фырты хæс сæххæст кодтаид. Фæлæ табу Хуыцауæн, 252
цы фæцард, уыцы бонтæ Алиханæн уыдысты зиууоны бонтæ. Секъайы загъдау: æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадт, театр æмæ радиокомитеты къуымты зылд æмæ архайд- та ууыл, цæмæй йе ’мирон адæмæн истытæ сарæзтаид. Хæдзарвæндагæн егъау нысаниуæг ис. Алихан цы би- нонты ’хсæн схъомыл, уыдон иууылдæр уыдысты аив дзырды рахæцæныл баст, 11 бинойнагæй ахæм нæ уыд, зарын, кафын, фæндырыл цæгъдынмæ йæ быцъынæг чи нæ тыдта. Алихан йæ азтæм гæсгæ уыд астæуккаг. Кастис хис- тæртæм дæр, йæ хъус дардта кæстæртæм дæр æмæ уыд- та, æмбæрстой сæ фыд Уасилы домæнтæ, сæ мад Нанионы фæдзæхстытæ. Сæ фæдзæхст та уыд, ахуыр, хи æвзаг зо- нын, ирон æгъдæуттыл æнувыд уæвын. Тедеты Алиханы царды фæндæгтæм куы акæсæм, уæд дзы уынæм - лæгъз æмæ æнцон цæуæн фæндæгтæ нæ уыдысты. Нырма уал уый, æмæ йæ фыд Уасил 1920 азы кæй бахауд лидзæг адæмимæ. Æрцард Ногиры, ногæй сæ бахъуыд хæдзар аразын, бынтæ кæнын. Йæ цардæмбал Нанионимæ æвæрдтой фидар бындур сæ цардæн, сын- дæггай баисты 9 сывæллоны хицау. Алихан-иу арæх ра- кодта йæ фыды кой: æхсæвæй - бонæй йын иу ран æр- бадт нæ уыд, иууыл кусгæ, змæлгæ, фæллад цы у уый йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд. Алихан райгуырдис 1936 азы Ногиры хъæуы. Алиха- ны рæстæджы хъæу цæрдхъом уыд, колхозтæ æрфидар сты, фæзынд хъæуы скъола, клуб. Уасил æмæ Нанион сæ зæнæджы бафтыдтой ахуыры фæндагыл, кæмæн сæ куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта ныййарджытæн æмæ хæдзарвæндаг цæрын фæ- рæзтой. Бирæ дзурæн ис Уасилы зæнæгыл, фæлæ уый фадат нæй. Иумæййагæй зæгъын хъæуы: хæдзарвæндаг æвзыгъд уыдысты зарынмæ, кафынмæ, фæндырыл цæгъ- дынмæ. Сæ рæстæгмæ гæсгæ сæ рахонæн ис хæдзарон ансамбль. Сæ разæнгардгæнæг, сæйраджыдæр уыдис мад - Нанион. Диссаджы фæндырдзæгъдæг, арæхстджын кафынмæ æмæ зарынмæ, хъæлдзæг зæрдæйы хицау 253
Йæ сывæллæттæн сæ туджы бауагъта æвзонгæй ирон- дзинады рахæцæнтæ: æгъдау фарн, æвзаг, культурон фрон- ты домæнтæ. Алихан йæ ахуыры фæндаг райдыдта Ногиры скъо- лайæ. Сывæллонæй уыдта, скъолайы ахуыры æмрæнхъ кæй кусынц кафт, зард æмæ драмкъордтæ. Æвзонгæй райдыдта хайад исын æртæ къорды дæр. Æниу дзы йæ ахуыры хъуыддаг дæр рох нæ уыд. Ногиры скъолайæ райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын, æцæг сæ йæ цæсгом рæгъмæ хæссын нæ хъæцыд. Алыварсон курдиаты хицау уыдис Алихан. Арæхст- джын уыд зарынмæ, кафынмæ, балалайкæ, мандолина, стæй уæд пианинойыл цæгъдынмæ дæр. 1955 азы Алихан ссис Цæгат Ирыстоны хъæууон хæ- дзарады институты студент. Йæ ахуыр боны хайады дзæ- бæх цыд, фæлæ йæ бахъуыд фæсаууонмæ хайадмæ ахизын, хæдзар фаг æххуысхъом кæй нæ уыд, уый тыххæй. Ныллæууыд æвзонг лæппу куысты фæндагыл. Нырма куыста Ногиры скъолайы физикæйы кабинеты лаборан- тæй. Уый æмрæстæджы архайдта скъолайы драмкъорды, кæцыйæн йæ къухдариуæггæнæг уыдис, фæстæдæр йæ цард нæ театримæ чи сбаста, уыцы адæмон артист Тау- газты Гаврил. 1965 азы Мæскуыйы Аивадон Академион театры цур Вл. Ив. Немирович-Данченкойы номыл театралон студи байгом кодта йæ дуæрттæ Хуссар Ирыстоны фæлтæрæн. Мæскуыйæ æрцыд сæрмагонд къамис, фæлварæнтæ ис- той нæхи театры. Нæ адæмон артист Таугазты Гаврилы фæндонмæ гæсгæ æрцыд Алихан дæр Ногирæй. Фæлварæнты рæстæджы къамисы уæнгтæ тынг райгондæй баззадысты Алиханы дзуаппытæй. Сæрæн лæппутæ æмæ чызджытæ æрцыд æрвыст Мæскуымæ. Уыдон та уыдысты: Абайты Маирбег, Бекъойты Георги, Галуанты Людмилæ, Гояты Нателæ, Гуг- каты Евелинæ, Зæгъойты Руслан, Джыгкайты Иван, Джи- оты Зауыр, Джусойты Хасан, Еналдыты Вахтанг, Цоциты 254
Къæдзæхмæт, Цæбиты Руслан, Цхуырбаты Светланæ, Год- жыцаты Исахъ, Дзбойты Зоя, Харебаты Федыр, Козаты Пъауле, Куымæридтаты Донарæ, Тыбылты Сæлимæт, Те- деты Алихан, Плиты Бекызæ. 1961 азы ацы фæлтæр æрыздæхтысты нæ театрмæ. Уæдæй фæстæмæ Тедеты Алихан йæ царды бонтæ сба- ста нæ театримæ. Театр ссис йæ царды сæйраг рахæцæн. Театр - йæ уд, йæ дзæцц. Аныгъуылд сæйраджыдæр, театры денджызы. Цæстæвæрон фæцис канд комеди- он рольты нæ, фæлæ ма трагедион рольты дæр. Йæ фез- мæлдтыты йæ зарыны сæр кæм бахъуыд, уым дæр фæстæ никуы фæлæууыд. Дзæвгар у сæ нымæц Алиханы саразгæ фæлгæнц- тæн. Арф æмæ фагæй æмбæрста сценæйы домæнтæ, кæддæриддæр фæрæзта йæ бæрны уæвæг фæлгæнцты миддунемæ ныккæссын, уыдоны рæгъмæ рахæссын. Ахæм фæлгæнцтæ та сты: Мадзур (Брытъиаты Зариффæ æмæ Саламты Къолайы «Дыууæ чындзæхсæв»), Хæсанæ (Мам- сыраты Дæбейы «Хæсанæ»), Эльбрус (Хуыгаты Георы «Мæ усы лæг»), Бардзи (Хацырты Сергейы «Тулгæ дур»), Тузар (Брытьиаты Елбыздыхъойы «Хазби»), Локо (Гæджиты Георгийы «Нæ усгур алыгъд», Дзæнæт (Гуыцмæзты Ми- халы «Хæхты дидинæг»), Дзантемыр (Саулохты Мухтары «Усгур»), Доди (Гафезы «Бæсты фарн»), Цæрай (Гаглойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг»), Алексей (Хъайтта- ты Сергейы «Мады зæрдæ»), Хетæг (Хъайырты Владими- ры «Бæтæйы фырттæ») æмæ æнд. Тедейы фырт канд национ цард æвдисæг пьесæты нæ уыд арæхстджын. Йæ егъау курдиат æмæ арæхс-тдзинæдтæ бæрæгæй рарттывтой тæлмацгонд пьесæты хъазгæйæ дæр. Уыцы фæлгæнцтæта йын сты: Тодорос (Псафасы сатирикон комеди «Хъæуы нæ фæлитой»), Марцелл (Вильям Шекспи- ры «Гамлет»), Кох (Э.Ремаркы «Фæстагæрлæууæн»), Лаптев (М.Горькийы «Егор Булычев»), Слава (Розовы «Æнæмсæр тох»), Пэк (Шекспиры «Сæрдыгон æхсæвы фын»), Карлос (Шиллеры драмæ «Дон Карлос») æмæ æнд. 255
р Йæ бирæ саразгæ фæлгæнцтæй йæхи зæрдæ дæр тынг рухс кодта, фæлæ дзы цæмæдæр гæсгæ, йæ зæрдæмæ иуу- ыл æввахсдæр айста Хетæджы (Хъ. Владимиры «Бæтæйы фырттæ») æмæ Локойы (Гæджиты Г. «Нæ усгур алыгъд»). Иæ дуджы Алихан канд нæ театры фидыц нæ уыд. Уæл- дæр æй загътон, Алихан ма уыд нæ радиоралæвæрдты фи- дыц дæр. Æрмæджытæ алыгъуызæттæ вæййынц. Алихан сын æвзæрста сæ хуызтæ дæр æмæ сæ мидис дæр. Стыр æхцондзинад истой нæ адæм Алиханы хъæ- лæсы уагæй. Зындис йæ хъæлæсыл, дикторы зæрдæ цæмæйдæр кæй барухс, хатыдтой йæ хъæлæсы уагæй, зæрдæмæдзæугæ хабæрттыл кæй нæ дзуры, æмбарын кодта алы хатт дæр, нацийы царды бындур кæй æнцой кæны æвзаг æмæ æгъдæуттыл. Алихан æрдзæй уыд сабыр æмæ хиуылхæцгæ адæй- маг, æмгæртты уарзон, ирондзинады рохтыл фидар чи хæцыд, ахæм нæртон лæг. Царды дыууæ иугъуызон адæймаджы нæй. Рольтæ дæр æндæр æмæ æндæртæ сты. Кæй сыл хъæуы ку- сын, фæлгонцы миддуне бамбарын, уый тыххæй йæ хъуыды ахæм уыд: «Алы роль дæр домы профессиона- лон цырддзастдзинад æмæ зæрдæбын ахаст. Актер йæ роль алыхатт дæр йæхи уды, йæхи зæрдæйы активон монцæй куынæ хъæзныг кæна, йæ хъайтары уагахасты зын æмбарæнæй цы ис, уый йæхæдæг куынæ бамбара æмæ йæ куынæ сæргом кæна, уæд уымæй хъайтар нæ рауайдзæн. Фæлæ уыдзæн афтид, æнæзæрдæ быдыргъ». Цæдисы ныппырх, царды уагахасты ивындзинæдтæ тынг фæзындысты Хуссар Ирыл. Мæнгард, фæлитой сыхæгтæ нæ разагътайы къуымæй «афтид быдыр» ара- зынмæ куы бавнæлдтой, уæд фæцудыдта нæ театры куыст дæр. Алихан ма йæхи аппæрста Цæгатмæ, фæлæ йын уым дæр йе уæнгтæ айвазынæн фадæттæ нал уыд. Алиханы лæггæдтæ Ирыстоны дыууæ хайæн æнæ- зонгæ нæ уыдысты. Цалдæр хатты хорзæхджын æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-ы Сæйраг Советы Президиумы 256
кады грамотæтæй, Культурæйы министрады æппæлæн гæххæттытæй, уыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт артист. Нæ баззад рох нæ ног саразгæ хæдбар Республикæйæ дæр: лæвæрд ын æрцыдис Республикæ Хуссар Ирысто- ны адæмон артисты ном. Рæхджы йæ ног дуæрттæ байгом кæндзæн Алиханы уарзон театр. Уæд фаг ныхас æрцæудзæн нæ театралон зиууæтты цард æмæ се сгуыхтдзинæдты фæндæгтыл. Цард мæнгард у, цыбыр æмæ фæлитой, Алихан цы фæл- тæримæ ахуыр кодта, уыдонæй ма абон аззад иугæйттæ. Хистæр фæлтæры кой ма та чи кæны. Театр царды айдæн у. Цалынмæ Ирыстон уа, уæдмæ уыдзæн ирон театр. Театр куы уа, уæд та Алиханы хуы- зæтты ном рохгонд никуы уыдзæн. 17*
ХÆХТЫ ЗАРÆГ - АМОНД ДÆТТÆГ Гугкаты Евелинæ Заргæ быдыры дæр кæ- нынц. Фæлæ дард нæ хъуысы. Зарæг райхъуысы уæлвонг бы- дыртæй, цъæхсæр къæдзæх- тæй, бæрзонд урс хæхтæй. Уыдæттæй абоны бон дæр хайджын у бæрзонд Урстуал- гом - мæсгуыты бæстæ. Уым райгуырд, уым арвыста йæ са- бион бонтæ Республикæ Хус- сар Ирыстоны адæмон артист- кæ Гугкаты Лентъойы чызг Евелинæ. Эвелинæ йе скъолайон бонтæй фæстæмæ йæ уд сны- вонд кодта ирондзинады хъæздыг къæбицы хуынтæ рæгъмæ хæссыны хъуыддагæн. Гуыргæ ракодта Дзауы районы зынгæдæр хъæутæй иу - Едысы. Кæд Ирыстонæн искæцы хъæу кад æмæ ном скодта, уæд уыдонæй иу у Едыс. Легендæтæ, археологон сгарæнтæ, этнографтæ æмæ историктæ иу хъуыдыйыл сты хæст - фыццаг ирон горæт Едысы кæй уыд. Абоны- бон дæр сæрыстырæй дзурæм Царциаты Калак, æмæ уый Едысы ис, æниу ма йæ бирæтæ хонынц Едысы ка- лак дæр. Урстуалты зылд, фæдзурæм ма йæ Едысы зылд дæр, бирæ цæмæйдæрты сбуц кодта Ирыстоны. Уым райгуыр- 258
дысты нæ кадæггæнджытæ Беджызаты Леуан æмæ Сланты Гаха, уырдыгæттæ уыдысты нæ фысджытæ: Гугаты Ша- мил, Сланты Ахмæт æмæ Хæмыцаты Георги, Фæрниаты Дзибуш æмæ Гæлыуаты Аким; уырдыгон уыдысты Мæ- хъиты Володя (актер) æмæ Тотраты Бесæ - историк-эт- нограф. Сæ авдæнтæ кæд мæгуырау фæл ыст уыдысты, кæд зæх- æй дзабыр кодтой, хурæй - хæдон, уæддæр фæлæгæрстой зындзинæдты сæрты æмæ æрцыдысты цахæм дуг агуыр- дтой уымæ, кæд дзы бирæтæ рæстæй æфхæрд æмæ сæфт æрцыдысты уæддæр. Зæххъуаг уыд Урстуалгом дæр, Чермен уый тыххæй фыста: «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый цыдис галы аргъ- мæ, хъуг кæм æрхуыссыдаид - хъуджы аргъмæ». Æуыцы уæззау дуджы уым цардысты хъуыстгонд мыггæгтæ: Тотратæ, Фæрниатæ, Тыбылатæ, Гæлыуатæ, Хъоротæ, Мæхъитæ, Басатæ, Слантæ, Букуылтæ, Дзестæ, Мамитæ, Гугкатæ. Легендæтæм гæсгæ, ранымадгонд мыггæгтæй алкæ- мæн дæр ис йæхи истори. Таурæгъты бæлвырдæй зыны, Едысы цы иунæг хæдзар уыд Гугкатæй, уыдон дæр Цæ- гат Ир Хъæдгæронæй æрлидзгæ кæй уыдысты. Сæ рагон фыдæлы не ’рыййфтон. Хорз зыдтон Евели- нæйы фыд Лентъойы, уыд Дзесты сиахс, нымад лæг уыд Едысы зылды, уыдис колхозы, стæй та хъæусоветы сæрдар. Лентъойы æфсымæр хуынд Дзатте, йæ царды хуыздæр бонтæ арвыста нæ зонад-иртасæн институты, уыдис институты ахуырадон нымæрдар, уæздан, сабыр, хиуылхæцгæ адæймаг. Иæ цардæмбал Раисæ уыд Плион, дзомагъаг, Плиты Ароны хæдзарвæндагæй. Адæттæ дардыл ныхасаг сты, фæлæ нæ ныхасы сæйраг у Евелинæ æмæ йæ хæдзарвæндаг. Æнгом æмæ рæсугъд бинонтæ уыдысты, Лентъо æмæ Дзесон æнæхъæн Цъала- гомы дæр уыдысты зындгонд сæ уæздан ахастæй, нæртон хæдзарвæндагæй. Схъомыл кодтой æртæ лæппу æмæ дыу- 259
р уæ чызджы. Фондз дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ стыр лæггæдтæ бакодтой нæ Ирыстонæн рухсад æмæ аи- вады къабазы. Зæнæджы хистæр Зинæ уыдис зынгæ географ, йæ кæстæр Шамиль - поэт, прозаик, иннæ æфсымæр - Му- харбег - партион, хæдзарадон кусæг, кæстæр æфсымæр Батырбег - биологи-географийы ахуыргæнæг. Дзæнæты фæбадæнт, кæм сты, уым. Зæнæджы кæстæр у Евелинæ, нæ ныхасы сæйраг, хъысмæты фыдæнæн, уый хъуамæ бирæ фæцæра. Рай- гуырд Едысы дзыхъхъы 1937 азы, йæ сабион бонтæ дæр уым арвыста, астæуккаг скъола фæцис каст Дзæу- джыхъæуы. Фыд Лентъойæн Цæгат Иримæ бастдзинæтæ егъ- ау уыд, зæнæг ахуырдзинад сæйраджыдæр, Дзæуджы- хъæуы райстой. Кæд уымыты дæр акуыстой, уæддæр сæхи Хуссармæ æппæрстой, се ’ппæт дæр сæ егъау æхсæ- надон куыст Хуссар Иры кодтой. Афтæ рауад йæ царды фæндаг Евелинæйæн дæр. Скъолайы фæстæ Хуссар Иры фæсивæды иу хайимæ ахуырмæ ацыд Мæскуымæ, театралон институтмæ. Сæ ахуырæй æрыздæхтысты 1961 азы æмæ уæдæй абонмæ Эвелинæ уæхскуæзæй кусы нæ театры сценæйыл. Азтæ сæ кæнон кæнынц, фæлæ сын сæттын нæ ко- мы Гугкиан, цæуы æмæ йе ’ххуысы хай кæны рæзгæ фæлтæрæн, у сын мады бынаты дæр æмæ амонæг ре- жиссеры раны дæр. Нæ театр ныртæккæ ис йе ’нусы къæсæрыл, рæхджы йæ дуæрттæ бакæндзæн стыр æмæ ног театры галуан. Уый къæсæрыл сæрбæрзондæй чи бахиза, уыдонæй иу у Гугкаты Евелинæ. 55 азы 55 боны не сты, уал азы сæр- дæй-зымæгæй сценæйæ ма рахизай, уал азы ног чындзы лæггад кæнай театрдзаутæн, уый хуымæтæджы хъу- ыддаг нæу æмæ фидарæй зæгъæ хъуыддаг нæу æмæ фидарæй зæгъæн ис, нæ театры историйыл дзургæйæ, нæ ахиздзынæ Гугкианы иувæрсты. 260
Азты нымæц алыгъуызон дæр батонæн ис, æрмæст сценæимæ баст бонтæн ихсыдæй æрвитæн нæй, сценæ царды айдæн у æмæ уырдæм хизгæйæ адæймаг - ак- тер хъуамæ хъуыды кæна, цæмæ йæм хизын æмæ дзы куыдæй рахиздзынæн, стæй цы зæгъдзысты адæм - сценæмæкæджытæ - театрдзаутæ. Уыцы сагъæс йæ фыццаг бонтæй абонмæ йæ хъуыдыйæ нæ хицæн кæны Евелинæйæн. Зæгъæн ис, сценæмæ схызт чындздзон чызгау æмæ дзы рахызт кардзыд адæймагау «Рахызт» уымæн зæгъын, æмæ кæддæры чындздзон чызгæй йæхи хъазуатон рольтæм нал æппары, фæлæ те- атрыл йæ къух дæр нæ исы. Йæ царды бонты йæ рольтæ дæр ахæмтæ уыды- сты: æвзонг чызг, чындздзон æхсинæг, хæдзары фарны æфсин, ацæргæ, фæлæ æмбаргæ зондахастыл лæуд сыл- гоймаг. Цы нæ кары йæ нæ федтой адæм, ахызт-иу ирон чи нæ уыд, уыцы сылгоймæгты удыхъæд æвдисынмæ дæр. Алы дæсныйадæн дæр ис йæхи рахæцæнтæ, лæггæдты нымайыны сæр куы бахъæуы, уæд актертæн æппæты фыццаг йæ разы авæры фарст: цал фæлгонцы сæххæст кодта? Эвелинæйæн йæ саразгæ фæлгæнцты нымæцмæ йæ зæрдæ не ’хсайы, сты 150 фылдæр, куыд сæ ахъазыд, куыд сæм сырæхст, уый та адæм, сценæмæкæсджытæ хъуамæ зæгъой, æмæ йæ загътой: «Гугкаты Евелинæ у курдиатджын драматикон актри- сæ. Йæ курдиат уæлдай тынгдæр фæбæрæг героикон æмæ арф социалон рольты. Гугкаты Евелинæ арæхстджын у фæлгæнцты миддунейы миниуджытæ райхалынмæ. Дæс- ны у сценæйон техникæйæ. Арæхстджынæй æххæст кæны комедион æмæ сатирикон рольтæ дæр» (Хуссар Ирыстоны театр, Цхинвал, 1962, ф. 1991-1992]. Нæ театр гуыргъахъ фæндæгтыл рацыд, 1941-1945 азтæ дæр куыста, нæ ахуыссыд, нæ фыдбоны сыхæгтæ дзы сарæзтой хуыдон æмæ дзы афтæмæй цардысты. 261
0 Кæд æнæхинæй сыгъд æрцыд, уæддæр театр иу ран не ’рбадт, æрбынат кодта профцæдисты клубы æмæ стыр фыдæбæттимæ йæ куыст кæны, æнхъæлмæ кæсынц ног театры байгоммæ. Уыцы фæндæгтыл рацыд Эвелинæ дæр, уазал æмæ æххормаг бонтæ дæр бирæ федта. Æниу сценæ хъарм никуы вæййы. Гугкаты Евелинæ 1961 азæй фæстæмæ бирæ бафæл- лой кодта нæ театралон аивадæн. Йæ бирæ саразгæ фæл- гæнцты ’хсæнæй бæрæгæй æрттивынц: Госæма (Мамсы- раты Д. «Æфхæрдты хæсанæ»), Ханиффæ (Брытъиаты Е. «Хазби»), Уардис (Гафез, «Бæсты фарн»), Мæдинæт (Га- глойты Владимиры «Уарзондзинады кадæг»). Нæ фæсивæд 1961 азы Мæскуыйæ афтид армæй не сыздæхтысты. Семæ сластой иу 8 пьесæйы бæрц, уыцы нымæцы: Н. В. Гоголы «Ускурын», Флетчы «Испайнаг сауджын», М. Горькийы «Егор Булычев», Саламты Къ. «Дыууæ чындзæхсæвы» æмæ æнд. Ацы пьесæтæй дæр Евелинæмæ æрхауд цæстыахадгæ рольтæ, куыд, зæгъæм: «Ускурын»-æй - Минæвар, «Ис- пайнаг сауджын»-æй - Амарандæ, «Егор Булычев»-æй - Меланья. Канд уыдон нæ, бынаты цы пьесæты хъазыд, уыдоны дæр цæстæвæрæн фæцис Евелинæ. Уыдон та уыдысты: Кэт - А. Парнасы «Афродитæйы сакъадах», Гертрудæ - Шекспиры трагеди «Гамлет»-ы, Джемма - Войничы тра- геди «Кардиналы фырт»-ы, Джени - Псафасы комеди «Хъæуы нæ фæлитой»-ы, Севда - Шамхаловы комеди «Æфсин»-ы, Ипполитæ - Шекспиры комеди «Сæрдыгон æхсæвы фын» æмæ æндæрты. Сæрбахъуыды рæстæджыты бавнæлдта режиссурæ- йы куыстмæ дæр æмæ йын уыдис дзæбæх æнтыстытæ. Сæвæрдта Шекспиры «Гамлет», Гаглойты В. «Æфсинтæ æмæ чындзытæ». 1989 азæй фæстæмæ нæ царды фæндæгтæ стыр цæлх- дуртыл сæмбæлдысты. Театр царды айдæн у æмæ 262
нæм уый цæлхдуртæ уæззаудæр æмæ стырдæр фæкас- тысты. Хистæр фæлтæры актертæ, уыдонимæ Гугкиан дæр, зæрдæдзурæнты фесты, сæ рæсугъд фæндтæ æмæ бæллицтыл ихджын дон рацыд, бирæ рæтты та туджы лæсæнтæ. Нæ театры фæзуатæй цал араст уыцы зæхмæ, нæ ирхæфсæн фæзуат цæстысыг фестад, зард æмæ фæн- дыры хъæлæба хъарджыты бын фесты. Рæстаг адæмæн сæфæн нæй, аивад æвдудон у æмæ та слæууыд йæ къæхтыл, сæ мидбылты та бахудтысты кæс- тæртимæ иумæ Евелинæ, Людмилæ, Федя, Мэлс, Вильге- льм - æппæт нæ театралон зиууæттæ. Гугкиан, нæ театримæ уæ гуырæн азтæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц. Дæ 100 азы бон дæр дын ирон адæм уе ’нæниздзинад уынгæйæ цы арфæтæ кæной, уыйбæрц амонд дæ уæд!
СТЫР ФÆЗ-ЙÆ САБИОН АВДÆН Уанеты Хсар Нæ Республикæйы рæсугъд къуымтæй иу у Дзауы рай- он. Йæ равзæрд, йæ исто- рион фæндæгтæм гæсгæ, уый у иууыл рагондæр рай- он Хуссар Иры. Хуссар Ир хæххон адæмыл нымад сты, фæлæ зæгъын хъæуы, уый сæйраджыдæр кæй хауы Дза- уы районмæ. Дзауы районмæ ма ис иу миниуæг - йæ æрдзон скондæн æмбал нæй. Йæ дис- саджы нæзыджын хæхтæ, йæ хъуытазхъуыр суадæттæ, йе нхъизгæ суæрттæ, гауызау рæсугъд равæрд уыгæрдæнтæ, йæ сойджын сæрвæттæ æмæ йæ хъæддаг цæрæгойтæн æмбал кæм ис. «Рæсугъд мит дæр у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц», - зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Адæмæн зæххæй у сæ цард, уымæй Ирыстон хъуаг уыд, фæлæ дзы Дзауы рай- оны хъæутæ куыд цыбыркъух уыдысты революцийы агъоммæ, афтæ никæцы районтæ. Æнæхъуаджы нæ фы- ста революцийы салдат, едысаг, Беджызаты Чермен: «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый уыдис галы аргъмæ, хъуг кæм æрхуыссыдаид, уый та - хъуджы аргъмæ». Хуссар Иры алы районæн дæр ис йæхи истори, ном ын чи скодта, ахæм фæлтæр. Дзауы район сæрбæрзонд у уыцы хъуыддаджы. Куыд революцийы агъоммæ, афтæ 264
Советон дуджы дæр, стæй уæд абоны бон дæр царды размæцыды фæлтæрæй хъуаг нæу. Царды ахæм фадыг нæ баззад, кæцы нæ рацыд Дзауы районæй. Ирондзинады тых дæр фылдæр Дзауы районы уыд. На- цион культурæйы рæзты фæндæгтæ дæр ацы районæй райдыдтой. Культурон артдзæсты кусджытæй иу у Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Респуб- ликæйы сгуыхт артист, стæй уæд, Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы сгуыхт артист, Уанеты Хсар. Хсар райгуырдис Дзауы районы Хуыцъейы зылды Стырфæзы (фылдæр æй хонынц Фæзыхуыцъе) 1949 азы. Ацы хъæуы ном дæр та дзурæг у зæххъуагдзинадыл. Хуыцъейы зылды иннæ хъæутæ сты къулты, рындзы- тыл, къуыбыртыл. Хсары хъæу кæм æрбынат кодта, уый у иу фæзы гæппæл, ис доны был æмæ йын Леуахи бонæй-бонмæ хæ-ры йæ кæрæттæ, ихсийы йæ фæзуат. Ирыстоны хъæутæн сæ фылдæр федзæрæг сты, чи ма дзы баззад, уыдон та стæнæг сты. Ахæм уавæры ис або- ны Фæзыхуыцъе дæр. Ам арвыстой сæ царды бонтæ Хсары ныййарджытæ Димитр æмæ Кокойты Оленкæ. «Мæгуыр лæг - уæрдонджын», - дзырдтой нæ фыдæл- тæ. Бинонтæ кæд царды рахæцæнтæй ифтонг нæ уыды- сты, уæддæр сæ фидæны ныфсæй зæрдæйы дзæбæх æмæ хъæлдзæгдзинадæй хайджын уыдысты. Уый зæгъын уы- мæн, æмæ фыд Димитр уыдис ирон аив дзырды дæсны, фынджы фидауц. Цы фынг уыдаид Хуыцъейы зылды, Дза- уы дзыхъхъы æмæ дзы Димитр кувæг ма уыдаид. Алы фынг дæр рæсугъдæй æрвыста йæ диссаджы зарджытимæ. Æрхаудта йæм хъæуы хистæры бынат дæр æмæ йæ кадимæ фæдардта. Гуфтайæ Рукъмæ алы вазыгджын хъуыддæгты дæр уыд хайадисæг. Хъахъхъæдта фыдæлты фарн йæ цæхх æмæ йæ къæбæримæ. Мад Оленкæ - нæртон æфсин уыд. Йæ удыхаимæ фæ- цардысты «а» æмæ «о»-йæ, Нæртон хæдзарвæндаг уыды- 265
сты, сæ уазæджы æгадæй никуы арвыстой. Зараг лæгæн йæ къухмæ бахауд кафаг ус. Оленкæйы кафт, йæ дайрайыл цагъд - адæмæн уыд цæстæвæрæн. Зæнæгæй - æфсæст, хæдзары - хъæрмуддзинад, æмæ адæмы хорзæхæй хайджын - нæ уыдысты хъæстаг сæ цардæй, кæд Димитр фыццаг къæпхæны инвалид уы- дис, уæддæр. Димитр æмæ Оленкæ схъомыл кодтой æмæ сæ мыг- гаг æмæ Ирыстонæн радтой 3 лæппуйы æмæ дыууæ чыз- джы. «Сæгъæй сæгъ цæуы, фысæй - фыс», - зæгъы ирон æмбисонд. Зæнæг рацыдысты ныййарджыты фæндиаг æгъдауæй дæр æмæ аивады дæр. Нырма уал уый, æмæ зæнæг ахуырмæ разындысты рæвдз. Хæдзарон куысты- ты æмрæнхъ сæ къухæй нæ хауд чиныг дæр. Хсар ныр- ма ахуыр кодта Хуыцъейы 8-азон скъолайы (астæуккаг скъола дзы нæма уыд), уый фæстæ та Дзауы астæуккаг скъолайы. Дыууæ скъолайы дæр сæ тыхы уыдысты зард æмæ кафты къордтæ. Хсар абон дæр хорзæн мысы йæ къухдариуæггæнджыты Дзаттиаты Таймураз æмæ Пæррæстаты Остинейы. Хуыцъейы уыд адæмон театр. Хсары хотæ театры хъазыдысты, æфсымæртæ та зары- ны къорды уыдысты. Уыцы хъуыддагыл сифтыгътой сæ кæстæр æфсымæр Хсары дæр. Йæхæдæг афтæ зæгъы: - «Æз æнæнхъæлæджы не сдæн театры хосдзау - ме взон- джы бонты бирæ уарзтон зарын, кафын адæмы ’хсæнмæ рахизын. Хуыцъейы клубы цы коллектив уыд, уыдоны ’хсæн уыдысты мæ хистæр хотæ æмæ æфсымæртæ, уы- дон мæ бафтыдтой сценæйы куыстыл, аивады фæн- дагыл». Æвзонгæй бауарзта Æхсар зард æмæ кафты æхцон зæлты, хъæууон æмæ районон клубты. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ 1967 азы йе скъола каст куы фæцис, уæд райдыдта кусын Хуыцъейы культурæйы хæдзары аива- дон къухдариуæггæнæгæй. Рæстмæ дзы йе уæнгтæ нæ айвæзта, афтæмæй конд æрцыд æфсæддон службæмæ. Æнхъæл уыд, мæ аива- 266
дон фæндагæй фæиппæрд дæн, зæгъгæ, фæлæ та ам дæр йæ тæлфаг уæнгтæ сæхицæн ссардтой куыст. Зард æмæ кафтыл æнувыд чи уыд, æртымбыл кодта ахæмты, слæууыд сын разамонæгæй æмæ та ам дæр цæстæвæрæн фæцис йе фсæддон къухдариуæггæнджыты цæсты, æгæрстæмæй сæ сахуыр кодта ирон кæфтытыл дæр. Хсар йе фсæддон хæс ахицæн кодта 1970 азы. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, бацыд ахуырмæ Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Ацахуыр дзы кодта 2 азы, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы театралон инсти- туты. Хуыдтой йæ М. Щепкины номыл чысыл театр. Уæрæсейы сæйраг горæт ног базыртæ басагъта æрыгон хæххон лæппуйыл. Хсар æнæхъæнæй аныгъуылд теа- тралон уылæнты. Кæд æй уыцы уылæнтæ сæ уæлныхты систой, уæддæр æй былмæ раппарын нæ бацис сæ бон. Хсар ам дæр фæцахуыр кодта дыууæ азы, стæй æрыз- дæхт йæ Ирыстонмæ æмæ райдыдта кусын нæ театры актерæй. Зæрдылдаринаг аз у уый Хсарæн, уæдæй сбаста йæ хъысмæт театримæ, сценæимæ - йæ аходæн, йæ сихор, йе хсæвæр уыдысты репертуары цы пьесæтæ уыд, уыдон, уæд байгом сты æвзонг лæппуйæн театры кулдуæрттæ, уæд ныхъхъуыды кодта бæстон Цхуырбаты Борис, Тау- газты Гаврил, Гæбæраты Дауыты сæрзилæджджын, кæ- лæнгæнæг хъæзтытыл. Æрвылбонон куыстимæ Хсарæй уæддæр рох нæ уыд дарддæр сахуыр кæныны хъуыддаг. Актерæн йæ тырнын- дзинæдты бæрзонд къæпхæнтæй иу у режиссеры куыст. Мæскуыйы дæр æмæ ирон сценæйыл дæр Хсар бамбæрста, режиссер актертæн æмæ сценæйæн сæ мад кæй у, уый, цъи- уджын каркау иууыл сæ уæлхъус кæй лæууы. Балæууыд та Уанеты лæппу ногæй Мæскуыйы. Ныр та йæ ных сарæзта Мæскуыйы культурæйы паддзаха- дон институты режиссурæйы факультетмæ. Хъæууон лæппуйы æвæццæгæн, йæ хæдзары уавæр- тæ нæ амыдтой, æндæра цæмæн равзæрста фæсаууонмæ хайад. Хсар уымæ нæ каст, цы домдтой студентæй актер 267
0 æмæ сценæйы домæнтæй, фæлгæнцты миддуне ра- фæлгъауынæй, комедион æмæ трагедион цаутæ бамба- рынæй - æфтыдысты йæ къухы æмæ дзы райгонд уы- дысты йæ театры разамонджытæ. Фæцис Хсар йæ режиссерон факультет хорз бæрæггæ- нæнтимæ 1979 азы. Ныр уæхскуæзæй бавнæлдта театры къæбицы æвæрæнтæм, сценæйы вазыгджын къуымтæм, режиссеры куырыхон хъуыдытæ рафæлгъауынмæ. Уæ- дæй фæстæмæ æндæр цæстæй акаст, куыд национ, афтæ æндæр адæмты драматургимæ дæр. Рох дзы нæ уыды- сты зынгæ актерты хъазт æмæ змæлд. Уыдæттæ та йын фадат радтой, цæмæй адæмы размæ хастаид куыд коме- дион, афтæ трагедион рольтæ дæр. «Лæгæн æрдзæй йе рагъмæ бахауы цыдæр уаргъ», - дзырдтой нæ фыдæлтæ. Уыцы уаргъ Хсар рахаста сæ хæ- дзарæй, йæ ныййарджытæй. Уыцы уаргъы схонæн ис ко- медион дзæкъул. Уыцы дзæкъулимæ цæуы фæндагыл, куыстмæ, сæ хæдзармæ æмæ... æмæ алы æмбæлæджы дæр бахъæлдзæг кæны, фæивы йын йæ зæрдæйы хатт, бафтауы йæ рæсугъд хъуыдытыл. Нæ театры сценæйыл бирæ фæлгæнцтæ сарæзта Хсар, раджы ссардта фæндаг театрдзауты зæрдæмæ, бирæ сты сценæмæ йæм чи каст æмæ фæкæсы, уыцы адæм. Цæс- тæвæрæн фæцис куыд Хуссары сценæмæкæсджыты- театрдзауты, афтæ Цæгат Иры театрдзауты цæсты дæр. Цыбыр дзырдæй, комеди æмæ юмор райгуырдысты йемæ æмæ йын канд йæхи нæ, хъæлдзæгдзинадмæ здахынц кæуыл æмбæлы, сценæмæ йæм чи кæсы, уыдоны дæр. Актеры рацæугæ фæндæгтæн кæддæрты аргъ æрцæуы. Аргъгæнæг та вæййынц культурон фронтæн разамынд чи дæтты уыдон, сæйраджы сæйраг та сценæмæкæсджытæ, театралон критиктæ. Ахæм рæстæджы сæ фыццаг домæн вæййы: Цал фæл- гонцы ролы ахъазыд, дыккаг та - æмæ сæ куыд ахъазыд. Куыд ахъазыд, цахæм уыд æмæ у йæ арæхстдзинад. Уый 268
йæ раны куы вæййы, уæд уыцы актер нырма æрлæууы сгуыхт актеры къæсæрыл, стæй та бахизы адæмон ар- тисты дуарыл. Уыцы тырнындзинæдтæ йæ туджы сты Хсарæн, дзæв- гар сты йæ саразгæ фæлгæнцтæ. Уыдон канд ирæттæ не сты, уынæм дзы æндæр æмæ æндæр нациты минæвæртты дæр. Уадз нæ адæм зоной Хсары æнæрынцой зæрдæйы куыст, цас адæмимæ нæ базонгæ кодта сценæйы руа- джы, куыд сын рафæлгъуыдта сæ удты алыгъуызон миниуджыты. Уыдон та сты: Гаци (Саулохты М. «Усгур»), Чъипа (Жажиты А. «Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы»), Локо (Гæджиты Г. «Нæ усгур алыгъд»), Дзиу (Плиты Г. «Чер- мен»), Буцæ (Брытъиаты Ел. «Дыууæ хойы»), Данзан (Уа- неты Вл. «Аланты Успаддзах Зæринæ»), Уæфти (Брытъиа- ты 3. æмæ Саламты Къ. «Дыууæ чындзæхсæвы»), Эльбрус (Хуыгаты Г. «Мæ усы лæг»), Дудар (Годжыцаты И. «Уарзон зарæг»), Хъызылбег (Дзугаты Г. «Арсы уазæг»), Къуын- дзих (Саламты Къ. «Сæрмæт æмæ йæ фырттæ»), Зыгъарæг (Хуыгаты Г. «Фыййауы нымæт»), Инал (Гуыцмæзты М. «Чи дæ?»), Болат (Гуыцмæзты М. «Хæхты дидинæг»), Дудар (Гуыцмæзты М. «Сæтти æмæ Бæтти»), Мыттыл (Хаситы В. «Расыггæнджытæ»), Илуш (Айларты А. «Робинзонтæ»), Хæмæт (Нартыхты Гр. «Æз президент куы уаин»), Мысост (Айларты А. «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц»), Аслан (Зæгъойты Р. «Мæ мады скъæфт»), Сымси (Гаглойты Вл. «Сухтаг фыдсылтæ»), Фыййау (Хетæгкаты Къ. «Фатимæ»), Гагкал (Б. Гамрекъели, Г. Нахузришвили «Фæныкгуыз»), Аппалон (Р. Эристави «Мæрдты чындзæхсæв»), Маль- кольм (В. Шекспир «Макбет»), Паж (Шиллер «Дон Кар- лос»), Августин (Шеридан «Дуэнья»), Бруно (Дж. Верга «Сыл бирæгъ»), æмæ æнд. Лæгæн йæ бæллицтæ дардыл вæййынц, сæ сæххæст кæнын та алыхатт къухы нæ бафты. Бирæ фæлгæнцтæм ивазы йæхи Хсар, фæлæ йæ къухы не фтынц, фадæттæ кæй 269
V нæй, уый тыххæй. Рæхджы йын ног сценæйыл бантысæд Кассияйы адæмы размæ рахонын (Шекспиры «Отел- ло»), уый йæ рагон бæллиц у, кæд æппæрццаг фæлгонц у уæддæр. Цы сарæзта, цы йын бантыст рæгъмæ рахæссын, уы- дон та йæ адæмы, театрдзауты цæсты систой бæрзонд. Æргомæй йæ зæгъæм - Хсары сæйраг рахæцæнтæ сты комедион рольтæ. Сылгоймæгтæй Цæбиты Нинæ- Мысырхан, нæлгоймæгтæй Гæбæраты Дауыт æмæ Хсар цы пьесæты хъазыдысты æмæ хъазынц, уырдæм адæм ивылдысты знæт донау. Æмæ йæ раст банысан кодтой: «Ванеев Х.Д. - актер яркого комедийного дарования, об- ладает большим сценическим обаянием и заразитель- ностью. Созданные им образы отличаются четким ри- сунком, выразительностью и темпераментом». Æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, Хсарыл сæ цæст æрæ- вæрдтой Цæгат Иры театрдзаутæ дæр. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ралæууыд Тæбæхсауты Балойы номыл театры сценæйы. 1990 азы Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Советы президиум Хсарæн саккаг кодта сгуыхт артисты ном. Тынг бахъардта сæ зæрдæтæм Хсары архайд, йæ арæхст- дзинад, сценæйы къуымты змæлд Хъæрæсе-Черкесты те- атрдзаутæн дæр. 2007 азы сæ президенты Уынаффæмæ гæсгæ Хсарæн лæвæрд æрцыд сæ Республикæйы сгуыхт артисты ном. «Лæг фыдæбонæн райгуырд», - зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. «Куыст цардæн-фæрæз», - уый та нын Къоста загъ- та. Куыст æмæ фыдæбæттæй цух нæу Хсар, æппары сæм йæхи, уымæн æмæ уыны йæ фыдæбæттæн ис аргъгæн- джытæ. Фыццаг аргъгæнджытæ сты театрдзаутæ-сце- нæмæкæсджытæ, дыккæгтæ та сты Республикæты раза- монджытæ. Хсар сæ рæвдыд у. 2006 азы йын лæвæрд æрцыд Рес- публикæХуссар Ирыстоны адæмон артисты ном. Культу- 270
рон фронты уымæй егъаудæр хорзæх нæй. Уыцы хорзæх та рæсугъд цæстыты тыххæй нæ дæттынц. Дæттынц æй егъау бакæнгæ хъуыддæгты тыххæй. Уыдон та дзæвгар сты Хсары царды. Афтæ куынæ уаид, уæд дзæвгар азты фæд-фæдыл куыд фæиста удæппæт Кады Гæххæттытæ. Ской дзы кæнæм цалдæры: 1976 азы Гуырдзыстоны культурæйы министрад, 2001 азы Аланты конгресс, РХИ 10 юбилейы тыххæй, цыппар хатты Цæгат Ирыстоны Автономон ССР-йæ. Афтæ у, дæ гутоны фæд дардмæ куы зына, уæд æй адæм уынынц æмæ сæ уырны, ам æнæмæнг хъæздыг тыллæг кæй æрзайдзæн. Хсаримæ иу æмæ дыууæ хатты нæ цыдис ныхас нæ театр æмæ йæ рацæугæ фæндæгтыл. Театр - йæ хæдзар, сценæ - йæ мад. Уый Хсарæй рох никуы уыд, фæлæ мад йæ хъæбултæн къæбæр раттынхъом куы нæ уа, уæд уыцы мад мæгуыр у. Бирæ мæгуыры бонтæ арвыста Хсар театры кусгæйæ, уый тыххæй йæ нæ фæндыд йæ фырт Эдуард йæ фыды фæндаг равзæрстаид, уый. Фæлæ фырт нæ фæуисæн кодта æмæ ныр иу 15 азы æнувыдæй, разæнгардæй кусы не сценæйыл. Ис æм сценæйон арæхстдзинæдтæ. Уарзы йæ равзæрст фæндаг. Хсар канд Къостайы номыл театры зиууон нæу, егъау у йе змæлды хай алыхуызон фестивальтæ æмæ адæмон теат- рты дæр. Ныр цалдæр азы йæ бæрны ис нæ адæмон театр. Цы рахæссынц рæгъмæ, уый сын вæййы гъæдджын æмæ нуарджын, сценæмæкæсджытæ райгондæй баззайынц. Хса- ры змæлды ма разыны иу стыр хъуыддаг - рæхсы режиссе- ры куыстмæ, æмбары драматургийы ад, никуы дзы сты рох А. Н. Островскийы ныхæстæ. Уый та фыста: «Национальный театр есть признак совершеннолетия нации, также как и академии, университеты, музеи. Иметь свой родной театр и гордиться им желает всякий народ, всякое племя, всякий язык - значительный и незначительный, самостоятельный и не самостоятельный» (А. Н. Островский. Т.12,1952, с.160). 271
р Театр у царды айдæн. Уый дæр рох нæу Хсарæй. Сценæ уарзы фых, хæрзгъæд, нуарджын куыст. Кæддæриддæр ууыл хъары йæ уд Уанейы фырт дæр. Дзæнæты бадæд Къæдзæх. Уый-иу арæх дзырдта Хса- рæй: - «Йæ гыццылмæ йын ма кæсут». Фысгæ та афтæ ныккодта: «Хсары сфæлдыстадмæ куы ’ркæсæм, йæ акте- рон дæсныйадæн ын анализ куы скæнæм, уæд ын рахонæн ис рог жанры характерон актер лирикон миниуджытимæ. Ацы фæндагыл актер аразы йæ фæлгæнцты, бацæуы се ’муд, се ’мбуар, батайы сæ, йæхи сæ бакæны, æмæ йыл уæд театрдзаутæ дæр феууæндынц». Хсар ис йе сфæлдыстады тæмæны, йæ хосгæрсты фæ- тæны æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, нæ ног театры сценæйыл ногæй цы айваза йæ фæлтæрд уæнгты, дарддæр дæр нæ зæрдæрыст адæмы зæрдæтæм хуры тынтæ бауадзын йæ бон цы бауа. Де ’нус дзæбæхæй батон Хсар, бирæ цы Ирыстоны уар- зыс, уый дæ фæндиаг уæд. Дæхæдæг та Ирыстоны фæн- диаг.
РÆСТÆДЖЫ ЗИУУОН - ЖАН-ЖАК Харебаты Жан-Жак Цард тыхджын æмæ вазыг- джын у. Хай ратонын дзы алкæмæ дæр æмбæлы. Цард æгуыдзæджы нæ уарзы. Уар- зы сæрæн гуырдты, зондджын æмæ хъаруджынты, нæртон адæймæгты. Цард адджын у, фæлæ цыбыр æмæ фæлитой, æууæнк ыл нæй, йæ чъылдым дæм кæд фездахдзæн, уый ничи зоны. Уымæн дзурынц нæ адæм: цард фæдис у, фæдисонæн та æйтт адæймаг хъæуы. Адæймагæн царды фæндæгтæ алыгъуызæттæ вæй- йынц. Чи дзы цæуыл фæхæст вæййы, кæцы дзы равза- ры, уым та хъуамæ ныууадзай лæджы фæд. Фæцæрын, азтæ батонын, уый диссаг нæу. Диссаг уый у, кæцы дзы равзæрстай æмæ дзы цы сарæзтай. Театралон фæндаг равзæрста йæ сабион бонты нæ абоны курдиатджын актертæй иу - Харебаты Жан-Жак. Жан-Жакæн æрдз радта удыгъæды хорз миниуджы- тæ - зæрдæйы хæлардзинад, зонды рæсугъд хъуыдытæ, тых æмæ æмгæртты уарзын, Ир æмæ Ирыстоныл ау- дын, национ театры артдзæсты кусын, йæ къонайы арт кæнын. Харебайы фырт абон у нæ Республикæйы театры сгуыхт артист. Нæ театры кусы 1994 азæй фæстæмæ, Мæскуыйы 18* 273
театралон институт каст куы фæцис, уæдæй. Æниу ин- ституты агъоммæ дæр иу 8 азы бакуыста алыгъуызон бынæтты нæ театры. Республикæйы сгуыхт артисты ном та райста 2004 азы. Æвзонгæй ахæм бæрзæндмæ схизай, уый чысыл хъуыддаг нæу. Йæ царды фæндæгтæ лæгъз æмæ æнцонцæуæн нæ уыдысты, нæ федта фыды рæвдыд, йæ мад - дохтыр Розалинæ фæбадт йæ иунæджы номыл, ракодта йæ цар- ды фæндагыл, радта йын астæуккаг ахуырад. Жан-Жак астæуккаг скъолайы фæстæ не ссис студент, фæкъуыхцы иу аз. Фидæны ахуыры азæн та йæ хъуыд куысты ныллæууын. Йæ хорз зонгæ йæ бакодта театрмæ «сау» кусæгæй. Æвзонг лæппу фæцыд коллективы зæр- дæмæ, цы йын хæс кодтой, уый арæзта æнæзивæгæй, æххæст кодта къаннæг рольтæ дæр. Ралæууыд 1990 аз. Уæд та ногæй Мæскуыйы театра- лон институт йæ дуæрттæ байгом кодта Хуссар Иры фæ- сивæдæн. Æрвыст æрцыд ахуырмæ 10 лæппуйы æмæ 6 чызджы. Сæ институт æнтысджынæй каст фесты 1994 азы æмæ зæгъæн ис, абоны татры уæз уыдоны уæхсджытыл кæй æнцайы. Уыдон та сты: Бибылты Сослан, Хуыгаты Дзамболат, Багаты Георги, Джиоты Аслан, Пæррæстаты Димитр, Гаглойты Артур, Медойты Алыксандр, Харебаты Жан-Жак, Елбачиты Рамаз, Чилæхсаты Эдуард, Гобозты Галинæ, Джиоты Альмæ, Джиоты Бэллæ, Таугазты Дзе- рассæ, Гæбæраты Иринæ, Дыгъуызты Жаннæ. Нæ адæм уæззау дуджы къухы бахаудтой 1989-2008 азты. Кæд куыста нæ театр, уæддæр йæ тых саст уыд. Мæнгард сыхæгты ныббырст нæ театрæй сарæзта хуы- дон, ныппырх кодтой къуымтæ, Къостайы цырт. Цы дзы уыд хорзæй, уыдон аластрй. Театр нæ ахуыссыд, змæлыд. Æуыцы тугуарæнты уыдис æвзонг Жан-Жак дæр. Жан-Жак хорзæн мысы Мæскуыйы театралон рæс- тæг, йæ аивадон къухдариуæггæг Монахов В.Б., Исаты Мæхæмæт æмæ йæ бинойнаджы, уыдон сын кастысты 274
лекцитæ (уæлдайдæр - йæ бинойнаг) ирон литературæйы, стæй уæд нæ театры историйæ, нæ драматургийæ. Хорзæн мысы Ерохина Татьяна æмæ иннæ лекторты дæр. Нæ театрмæ æрыздæхтысты цыппар стыр хуынимæ: «Худæджы хабар» - К. Гольдони, Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ», «Медея» Софоклы, стæй уæд Уанеты Вл. «Алантæ»-имæ. Цыппар спектаклы дæр егъау уыд Жан- Жакы хайбавæрд, ахсджиаг рольтæ дзы æххæст кодта. Алыварсон курдиаты хицау у Жан-Жак. Канд актер нæ, бирæ вазыгджын куыстытæ æххæст кæны нæ театры. Спектаклты сюжеты цы кæфтытæ, музыкæ, зарджытæ ис, уыдон æвæрæг вæййы Жан-Жак. Уыдис рæстæг, нæ университеты куыста аивæдты факультет. Уый каст фесты, æмæ уæлдæр кæй ранымад- тон, уыдонимæ уæхскуæзæй кусынц: Æлборты Агуындæ, Букуылты Сослан, Куымæридтаты Батрадз, Битеты Миленæ, Харебаты Лейла, Хуыгаты Альбинæ, Чохели На- тия, Сагкаты Хатунæ æмæ Цоциты Никъала. Театралон предметтæ сын амыдтой: Цоциты Къæ- дзæх, Таугазты Гаврил, Зæгъойты Руслан, Харебаты Фе- дыр æмæ Жан-Жак. Фондз азы фæкуыста уыдонимæ Жан-Жак, сæйраджыдæр сын амыдта фехтовани, хъама- тæ æмæ æх-саргæрдтимæ архайын. Абоны бон дæр дзы рох нæу ахуыр-хъомыладон куыст. Кæд ын дард у, уæддæр æнæзивæгæй цæуы Знауыры скъо- ламæ, кусы дзы ахуыры хайады уагæвæрды хистæрæй. Æнæрынцой зæрдæйы хицау у Жан-Жак, бирæ цы- дæртæ йæ фæнды саразын Ирыстоны фæлтæрæн. Нæ сахары театрæй дарддæр архайы бирæ ахсджиаг хъуыд- дæгтыл. Арæх исы къаннæг-цыбыр кинонывтæ дæр. Цы сарæзта, уыдоны сæйрагдæртæ сты: «Месть и закон» («Мас- тисæн æмæ закъон»), «Везунчик» («Йæ хъул сах бады», «Рихиджынтæ хъуыддаджы»). Мастисыны фæндæгтæ, дох- тырты митæ æмæ милицæйы хъуыддæгтæ - æуыдæттæ сты йæ ныхасы сæйраг æууæлтæ ацы къаннæг кинонывты. 275
Се ’ппæт дæр хорз, фæлæ нæ ныхасы сæйрагдæр у - Жан-Жак - актер. Дзæвгар у сæ нымæц, Жан-Жак цы спектаклты хъа- зыд æмæ хъазы, уыдонæн. Йæ саразгæ фæлгæнцтæ канд Ирæттæ не сты, уынæм дзы æндæр нациты минæвæрт- ты фæлгæнцтæ дæр. Иæ ирон фæлгæнцтæ, йæ ирон пьесæтæ сты: Уане- ты В. «Алантæ» - Сафайы роль; Галуанты Л. «Дзæнæты фæндаг зындонмæ» - Фидар; Гаглойты Вл. «Ныййарæджы кадæг» - Дади; йæ уырыссаг фæлгæнцтæ сты: Пушкины «Пир...»-ы - Моцарт; А. Толстойы «Буратино»-йы - Базилио; фæсарæйнаг пьесæтæ: Шекспиры «Юлий Цезарь»-ы - Ок- тавий, «Ромео æмæ Джульеттæ»-йы - Пьеро, Гольдонийы «Сугътаг фыдсылты» - Хъазуат, Жан Мольеры «Мещанин во дворянстве»-йы - Ковель, Томас Брантоны «Чарлейы мады хо»-йы - Бабс, Пинтер Гарольды «Хъахъхъæнæг»-ы - Астон, Фернандо Аррабаль «Фандо и Лис»-ы - Митаро, С. Арутю- няны «Къулбадæг устыты» - Бирæгъ, Псафасы «Хъæуы нæ фæлитой» æмæ æнд. Дзæвгар у сæ нымæц, Жан-Жак нæ телеуынынады цы инсценировкæтæ сарæзта, уыдонæн дæр. Театры спектакльты сфæлындзыны хъуыддаджы егъ- ау у йæ хайбавæрд. Фæлындзыны хъуыддагмæ хауынц: музыкæ равзарын, кæфтытæ сæвæрын, сценæйы массон хылтæ, тохтæ. Ахæм спектаклтæ сты: Ж. Мольеры «Меща- нин во дворянстве», Пинтер Гарольды «Сторож», А. Тол- стойы «Буратино», Хæмыцаты Цæрайы «Дыууæ усгуры», Р. Куни «Он, она, окно, покойник», В. Шекспиры «Гамлет»; фильмтæ: «Месть и закон-2», «Везунчик», «Рихиджынтæ хъуыддаджы» - уыдис æвæрæг режиссер. Жан-Жакы къухæй арæзт æрцыд киностуди «Театр - арт». Уый тыххæй йæм сæрмагонд арфæйы фыстæг æр- барвыста уæды Президент Кокойы фырт. Ахæм фыстæг ма райста сахар Ульяновскæй дæр. Кады грамотæтæ бирæ хæттыты æрцыд лæвæрд Жан- Жакæн нæ Президенттæй. 2004 азы та йын лæвæрд æр- цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном. 276
Йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ арæх æмбæлæм Жан- Жакы тыххæй зæрдæрухсгæнæн ныхæстыл, йæ хъæп- пæрисадон куыст æмæ тырнындзинæдты тыххæй. 2004 азы г. «Южная Осетия» фыста: «Ж-Ж. Харебов верит и надеется, что все получится. Актер также занимается музыкальным оформлением сценических постановок, а порой и сам сочиняет музыку к спектаклям, обращается к фольклору» (газ. «Южная Осетия», 2004.) 2003 азы, августы мæйы, кæд змæст дуг бонæй - бон карздæр кодта, уæддæр нæ театр гастролон балцы уыд Ачъарайы. Семæ аластой спектаклтæ: «Блуждающие ан- гелы», «Юлий Цезарь», «Тетушка Чарлея» æмæ «Амран». Режиссер æмæ сын аивадон къухдариуæггæнæг уыдис Дзуццаты Тамерлан. Батумы театрдзаутæ зæрдæрухсæй сæмбæлдысты нæ театры минæвæрттыл. Егъау аргъ скодтой Бибыл- ты С, Багаты Г, Хаситы В., Тъехты В., Хъæцмæзты Ф., Чохели Н., Хуыгаты А., Къуезерты Ф. æмæ Пæррæстаты Д. хъазт æмæ архайдæн. Федтой Батум, кæй ис аккаг коллек- тив Хуссар Иры театрæн, кæй кусы семæ æвзонг, хъару- джын æмæ курдиатджын режиссер Дзуццаты Тамерлан. Газет «Ачъария» цæстуарзон ныхæстæ фæфыста нæ те- атры актерты дæсныйады тыххæй, сæ диссаджы арæхст- дзинæдтыл. Æнæхъуаджы нæ фæхицæн кодтой режиссер Дзуццайы фырты æмæ актер Жан-Жакы Харебаты. Тамерланы тыххæй фыстой: « Надо сказать, что кол- лектив театра во многом обязан своими успехами Та- мерлану Дзуццову. Молодой, но уже снискавший при- знание опытный режиссер, он руководит театром и формирует его творческое направление... Поиск новых изобразительных средств, владение всем арсеналом художественных приемов характерны для его постано- вок». (газ. «Аджария», 23.08.2003}. Батумы театрдзаутæн сæ цæст уæлдай тынгдæр схæцыд Жан-Жакыл. Иууыл арфдæр сæ зæрдæмæ ай- стой Т. Брантоны комеди «Тетушка Чарлея». Газет фыс- сы: «Нельзя без восхищения смотреть на исполнителя 277
р главной роли актера Жан-Жака Харебова. У зрителя уже сложилось определенное впечатление об этом ак- тере по предыдущим спектаклям. Он одинаково хорошо представляет в разноплановых ролях, перевоплощаясь, то в один, то в другой образ (будь то драматический или комический). Это говорит о его таланте, профессиона- лизме». Стыр дисы сæ бафтыдта æндæр хъуыддаг дæр. Сæйраг ролы, мады хойы ролы, йæ хъазгæ куы федтой, уæд бын- тон егъау аргъ скодтой Жан-Жакæн, сæ дисæн кæрон нал уыд. Сæ газет дæр æй банысан кодта: «Даже женщина не смогла бы так ярко сыграть женскую роль, да ещё и про- явить свои музыкальные способности» (уый дæруым). Харебайы фырт абон дæр уæхскуæзæй кусы нæ теа- тры, у сценæйы дæсныйады 15 къæпхæны хицау. Нæ театры коллектив йæхи цæттæ кæны дыууæ стыр бæрæгбонмæ. Фыццаг у: театры сырæзтыл ацы аз æххæст кæны 85 азы. Дыккаг - ног театр йæ дуæрттæ байгом кæндзæн ацы аз. Дыууæ стыр цауы, дыууæ стыр хъуыддаджы банысан кæнинаг сты театры коллективæн, директор æмæ режиссертæн. Цы ахсджиаг мадзæлттæ æрцыд банысан уыцы бонтæм, уым егъау уыдзæн Жан- Жакы хайадист дæр. Алыварсон курдиаты хицау у Жан- Жак. Зæгъы йын нæ зæрдæ бирæ азты цæрæнбон йæ адæм æмæ йæ уарзон сценæимæ.
ТЕАТР - ЙÆ ХУЫМГÆНДЫ ХАЙ. Бибылты Сослан Хетæгкаты Къостайы но- мыл Хуссар Ирыстоны паддза- хадон драмон театр фæхæццæ кæны йæ 100 азы къæсæрмæ. Фæхæццæ йæм кæны стыр хуынимæ, ног сырæзгæ бæс- тыхайимæ. 2018 азы фыццаг æмбисы Хуссар Иримæ цины улæнты уыдзысты Цæгат Ир дæр, стæй не рхонгæ адæм дæр. Уæд байгом уыдзысты нæ диссаджы бæстыхай-театры дуæрттæ, уæд Иры дзыллæйы цин къаддæр нæ уыдзæн 1931 азы цинимæ абаргæйæ, кæд нæм уæд фыццаг ирон пофессионалон театр байгом, уæддæр. Нæ ног театры къæсæрæй бахиздзысты нæ ног театр- дзаутæ, хисдæр фæлтæры æмæ уыдоны къухæй рацæугæ спектаклтæ чи нæ федта, ахæм цæрдхъом фæлтæр. Уыдо- ны ’хсæн ма разындзæн ахæм (фæлæ цъус), азтæ кæуыл ацыд, хистæр фæлтæры хъазт æмæ архайд кæй цæстытыл уайынц абон дæр. Уыдон театры къуымты агурдзысты театрæн бындур æвæрдзысты: Дзаттиаты Сона, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Георги, Цæбиты Нинæ, Цоциты Нинæ, Мамиты Димитр, Туаты Зураб, Уырысты Муссæ æмæ æнд. Агурдзысты цæстæй фыццаг ирон профессионалон, дипломджын фæлтæры дæр: Багаты Федыр, Гаглойты 279
р Зинæ, Варя, Гæззаты Степан, Хъайырты Вл-р, Магкоты Наташæ, Мæхъиты Вл-р, Цæбиты Залихан æмæ æнд. 1961 азы Мæскуыйæ цы дыккаг фæлтæр æрыздæхт, уыдон дæр разындысты нæ театры астæуккаг цæджындз, уыдоныл дæр нæ дзыллæ стыр цинимæ сæмбæлд. Цингæнæн боны агурдзысты: Абайты Маирбеджы, Бекъ- ойты Георгийы, Зæгъойты Русланы, Джыгкайыты Иваны, Джиоты Зауыры, Джусойты Хасаны, Еналдыты Вахтангы, Цоциты Къæдзæхы, Цæбиты Русланы, Тедеты Алиханы, Годжысаты Исахъы, Козаты Паулейы, Куымæридтаты Донарæйы, Плиты Бекызæйы, Гæбæраты Дауиты, фæлæ дзы никæуыл сæмбæлдзысты - сæ бынат Дзæнæты ис. Уыдоны номæй сыл сæмбæлдзысты, абон ма дзы чи ис, уыцы æмбæлттæ - Гуккаты Евелинæ, Харебаты Фе- дыр, Дзгойты Зоя, Цхуырбаты Светланæ, Гояты Нателæ, Галуанты Людæ æмæ æнд. (абоны номхыгъд). Ног сценæмæ чи бæллы, йæ уæнгтæ айвазынмæ чи тырны, уыцы зиууæтты нымæц абоны-бон дзæвгар у. Æхсарджын, йæ хъуыддаг чи зоны, уыдон та сты: Бы- центы Циснарæ, Багаты Георги, Букуылты Сослан, Бите- ты Миленæ,, Битарты Бессарион, Уанеты Хсарбег, Уане- ты Эдуард, Гæджиты Ингæ, Гобозты Инал, Гуыцмæзты Галинæ, Гаглойты Артур, Галуанты Людмилæ, Гугкаты Евелинæ, Джиоты Сослан, Джиоты Альмæ, Дыгъуызты Жаннæ, Бибылты Сослан, Дыгъуызты Иринæ, Елбачиты Рамаз, Хъæцмæзты Фатимæ, Квезерты Фатимæ, Козаты Ромик, Мамиты Григори, Мæргъиты Ингæ, Наниты Ви- тали, Пæррæстаты Димитр, Тадтаты Фатимæ, Тъехты Уасил, Таугазты Дзерассæ, Тедеты Андрей, Тыджыты Мая, Харебаты Жан-Жак, Хуыгаты Дзамболат, Хаситы Вильгельм, Харебаты Федыр, Хаситы Эммæ, Цоциты Никъала, Чохели Натия, æмæ æрæджы коллектив кæй руаджы фæфылдæр уыцы Бекъойты Заринæ æмæ Цоци- ты Андрей. Ацы актертæй алкæуыл дæр хицæнтæй бирæ дзурæн ис. Уыдоны хсæн ис адæмон артисттæ, аивæдты сгуыхт артисттæ, алыгъуызон хорзæхтæ кæмæн ис, ахæмтæ. 280
Нæргæ коллектив нын ис, сæ тых, сæ арæхстдзи- нæдтæ ног сценæйæ кæй рарттивдзысты, уый та фи- дарæй уырны, нæ театрдзауты - сценæмæкæсджыты. Абоны хъазуатон фæлтæрæй иу у театрæн йæ цар- ды бонтæ чи сныв кодта, дæллаг галы уæз кæмæ хауы, æдзух сценæйы æфсондзы ивтыгъд чи вæййы, уыцы Бибылты Сослан. Нæ ныхасы сæр дæр ууыл у Сослан нæ театры сценæйы архайы 1994 азæй абон- мæ. Ронбæгъдæй нæ бахоста нæ театры дуар, уæды Мæс- куыйы диплом йæ къухы уыд. Уый 1990-æй 1994 азмæ ахуыр кодта Мæскуыйы М.С. Щепкины номыл театралон институты, ссис театр æмæ кинойы актер. Йæ фыццаг бонты змæлд æмæ йын йæ архайдмæ куы бакаст театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан, уæд ныфсджынæй загъта: «С первых же дней своего пребывания в театр Бибилов С.Г. проявил себя темпераментным, интеллектуальным актером, испол- няющим во многих спектаклях главные роли». Театры уæз рæуæг никуы вæййы, уый хорз æмбæрста Сослан, фæлæ ма уыдта, театры сæрмæ дæр саумыла- зон мигътæ кæй æмбырд кæнынц, театрдзаутæ фæ- дисы дуджы знæт уавæры кæй сты, Хуссары хæстон нæлгоймæгтæ адæм æмæ бæстысæрвæлтау æнæмсæр тохы кæй бацыдысты. Бирæ тухитæ бавзæрстой уыцы азты нæ театры кол- лектив дæр, фæлæ сæ уонг нæ ауагътой, нæ сæхгæдтой театры дуæрттæ, сæ аивад ныфс, царддæттæг кæй уыд, уый сæ иу ран æрбадын нæ бауагъта. Нæ «уæздан» сыхæгтæ, «чырыстон» йæхи чи хуыдта, уыдон æдзæсгомæй æрбынат кодтой нæ театры æмæ адæм кæй не сты, уый равдыстой театры къуымты. Фæтых сты Къостайы цыртыл, ныппырх ын кодтой йæ сæр, ныддæрæн кодтой агъуысты рæсугъддзинæдтæ, сæ цæлы фынгтæ никуы систой, афтæмæй алы бон дæр бырæтты сæрыл бадгæйæ, Мравалджамиер цæлхъ код- той. Сæ фидиссаг хъуыддæгтæ дæр уым арæзтой, æхсæв æттæмæ нæ уæндыдысты, афтæмæй. 281
р Тард куы æрцыдысты, уæд нæ актертæ, театры къух- дариуæгад, бафснайдтой сæ къуымтæ æмæ та бавнæлдтой сæ куыстмæ. Бирæтæ дзы æхсæвбонмæ хъахъхъæнæн бы- нæтты уыдысты, бон та сæ уарзон сценæйы. Уыцы азты, уыцы бонты æрлæуд, æрулæфт нæ зыдта Сослан, рæстæджы уæззау хæстæ æмбæрста æмæ сыл куыста йе мбæлттимæ, кæм мæстыйæ, кæм тахъазгæйæ, цæмæй йе мбæлттæ сагъæстæй иппæрд цæуой. Сослан йæ адæмимæ федта кæуинаг æмæ зæрдæ- рысты хъуыддаг - басыгъд Хуссар Иры сыгъзæрины æвдылд театр. Уды зиæнтты фæстæ, Ир ацы хъуыддаг банымадтой стыр трагедийыл. «Мастæн дæр кæрон вæййы», - зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Тыхст дуджы уынаффæгæнджытæ, уæды хицауад æмæ театры къухдариуæгад уæддæр ссардтой фæрæз, абоны театры бынат, æмæ та ногæй бавнæлдта йæ ахс- джиаг куыстмæ. Кæд къуындæг уавæрты сты, уæддæр театрдзаутæн театры дуæрттæ сты гом. Театр федта йæхи цæстæй августы бонты [08.08.08.] цы туг ныккалд, адæм цард æмæ мæлæты хсæн куыд слæууыдысты, уыцы нывтæ дæр. Тугкалд урæд æрцыд, Уырысы фидар къух Хуссар Ирæн радта цард, сæрибардзинад, цæмæ бæллыдыстæм, уыцы паддзахад. Фæивта Ирон лæджы хъæлæс, ныззарыд хъæлæсы дзагæй æмæ сфæлхатт кодта куырыхон Илас Æрнигоны ныхæстæ: «Сæрибар - нæ бæстæ, Сæрибар - нæ зæхх...» Сослан Бибылты уыцы стыр улæнтæн уыдис сæ астæу, цардæвдисæг сценæйæ никуы ацыд иуварс, йæхи æп- пæрста иу ролæй иннæмæ, иу спектаклæй аннæмæ, фылдæр кодта йæ ныфс æмæ йæ тых, уæлдайдæр ын 2011 азы йæ бæрны куы бакодтой театры аивадон къух- дариуæггæнæджы куыст. 282
Нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан арæх фæзæгъы: «Бибилов С.Г. обладает ярки- ми сценическими данными. Очень талантливый. Создал блестящие образы, которые были оценены по достоин- ству критиками». Нæ курдиатджын актеры ном раджы ахызт нæ тон- нелæй, æрзылд Цæгат Ир æмæ Абхазы къуымты, Цæгат Кавказы Сахарты, Уæрæсейы. Уымæн æвдисæн сты Дзæуджыхъæу, Сухум, Ульяновск æмæ æнд. театралон фестивальты «Театр без границ»-ы архайгæйæ. Уæд ын æрцыдысты лæвæрд алыгъуызон хорзæхтæ. Йæ архайд, йе змæлд, йе нувыд куыст æнæ уынгæ, æнæ хатгæ нæ уыдысты нæ президенттæ: Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард, 2004 азы Бибылты Сослан пре- зидент Кокойты Эдуарды къухæй æрцыд хорзæхджын. Уæд ын æрцыд лæвæрд РХИ-ы сгуыхт артисты ном. Уыцы ном ын цæстуарзонæй схæлар кодта 2012 азы РЦИ-ы - Аланийы администрацийы хистæр Мамсыраты Таймураз дæр. 23 азы æнæ рулæфгæйæ кусы Сослан нæ театры. Те- атр у йе скъола, сценæ - йæ авдæн. Драматургийы жанртæ алыгъуызæттæ сты. Сослан комедион рольты æмрæнхъ арæхстджын у трагедион рольты дæр. Фæлæ зæгъын хъæуы, фылдæр йæ бæрны вæййынц комедион - юмористон рольтæ. Куы зæгъæм, хъæзныг у Сосланы репертуар, куыд нацийы цард æвдисæг пьесæтæй, афтæ тæлмацгонд пьесæтæй дæр, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Цы ирон пьесæты хъазыд, уыдоны фæлгæндзтæ куыд алыгъуызон сты, афтæ алыгъуызон сты рæстæджытæй дæр. Ирыстоны ивгъуыд цардæвдисæг пьесæтæ йын сты: Брытъиаты Е. «Амыран», Мамсыраты Д. «Хæсанæ», Туа- ты Д. «Пæсæйы фæндон», Уанеты Вл-р. «Алантæ», Хуы- гаты Г. «Туаллаг рæсугъд» æмæ æнд. Дзæвгар у сæ нымæц, фæстæдæр дугтыл фыст пье- сæты цы фæлгæндзты ахъазыд, уыдонæн дæр. Ахæмтæ 283
р сты: Уанеты Вл. «Шахматтæ», Хуыгаты Г. «Цола», Хаситы В. «Расыггæнджытæ», «Дæ мады лымæн», Хæмыцаты Ц. «Чи у аххосджын», «Дыууæ усгуры», Зæгъойты Р. «Гыццийы митæ», «Сухтаг фыдсылтæ», Айларты Ас. «Робинзонтæ» æмæ æнд. Банысан кæнинаг сты, Сослан тæлмацгонд пьесæты цы рольты ахъазыд, уыдон дæр. Ам дæр, æндæр адæмты цардмæ æвналгæйæ Сослан разынд арæхстджын. Уæл- дайдæр та мæнæ ахæм пьесæты В. Шекспиры «Ромео æмæ Джульеттæ», «Юлий цезарь», «Гамлет», Пушкины «Маленькие трагедии», Лопе де Вегайы «Иуæндæсæм фæдзæхст», Р. Куни-Ричард «Нæлгоймаг, сылгоймаг, руд- зынг, мард», Т. Брантон «Чарлейы мады хо», Т. Брантон «Годомæ æнхълмæ кæсгæйæ» æмæ бирæ æнд. Сослан Цхинвайлаг лæппу у, йæ царды бонтæ æрвиты нæ сахары, гуыргæ дæр ам ракодта 1969 азы, цæуы йыл 58 азы, уыдонæй 23 азы æнæ рулæфгæйæ лæггад кæны сценæйæ нæ адæмæн. Йæ ныййарджытæ уæлдæр ахуыримæ уыдысты, йæ фыд Жорæ йæ царды бонты уыд газ. «Хурзæрин»-ы мæ- сыг амайджытæй иу. Цардбæллон сабийæн фæндаг лæвæрдтой ахуырмæ. Сослан æнтыстджынæй каст фæцис Цхинвалы дыккæгæм скъола, стæй ахуыр кодта профтехахуыргæнæндоны Цхинвалы, дыууæ къурсы бакаст сахар Владимиры поли- техникон институты. Ныууагъта йæ æмæ йæ ных сарæзта театрмæ, ирон аивадмæ, ирон ныхасы Зæрингуырд суæ- вынмæ æмæ йыл кусы абон дæр нæ театры. Арæх ын хъусæм йæ хъæлæс нæ телеуынынады экранæй, кæсы рæзгæ фæлтæрæн ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Уымæй цайдагъ кæны нæ ахуырдзау фæсивæды ирон æвзаджы рæсугъддзинад базоныныл. Хæдзарвæндагæн егъау нысаниуæг ис. Бибылты хæ- дзарвæндаг ирон национ культурæйы хæзнатæ ныб- 284
биноныг кæныныл бирæ бакуыста æмæ абон дæр сæ удæй арт цæгъдынц, цæмæй адæмы хсæн зæлой ирон музыкæйы æхцон зæлтæ, не взаджы алгъыл та бадой нæ рæсугъд, хæрзконд, аив æмæ зырнæйзылд дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ. Ууыл кусы Сослан, æрдхæрæйнаг та нын фæцис йæ цардæмбал Саппиаты Залинæ. Зард æмæ фæндыры хъæр кæцæй хъуыса, уым цард никуы бафынæй уыдзæн.
ФÆСНЫХАС Нæ театрæн дзаджджын истори ис. 1931 азæй абонмæ уым чи фæкуыста директорæй дуаргæсы онг, уыдон сæ адæмы талынг къуымтæм рухс цырагъ хастой. Бæгънæг, бæгъæввад, уыимæ кæйдæр фæсдуæртты цæргæйæ, нæ- дæр сæ тых фæллад, нæдæр сæ зонд. Театр сæ мад уыд, сценæ - сæ авдæн. Уыдис рæстæг - æртыгай мæйты, æнæ мыздæй куы куыстой. Алцæмæн дæр быхстой Ирыстоны рæсугъд фидæны сæраппонд. Дзæвгар уыд сæ нымæц ахæмтæн дæр, цу- майы лæппуйæ сгуыхт актеры бæрзæндмæ чи схызт. Нæ театр куы байгом 1931 азы, уæд ыл æппæты тынгдæр фæцин кодтой нæ фыццаг актертæ. Куы басыгъд, уæд- дæр ыл иууыл фылдæр фæкуыдтой нæ актертæ. Царды цалх йæ бон калы, уымæн æрлæууæн нæй, нæй йын æнæ тулгæ. Æрлæууыдыстæм ног Театры къæсæрыл, хизæм ног Галуанмæ, зилæм йæ къуымты æмæ нæхицæн дзурæм: Цымæ махæй амондджындæр ныртæккæ исчи ис, айхуызæн хæзна кæмæн ис. Нæ Республикæйы рахæ- цæнтæ кæмæ сты, Стыр Уырысы арм кæуыл æрæнцад, уыдон хуымæтæг адæм не сты, хуымæтæг адæмæн ахæм галуантæ нæ аразынц. Райгуырд æргъæу Галуан. Райгуырд ног сценæ, къæх- ты бынæй ныуулæфыдысты нæ театры коллектив æмæ зæгъынц сæхицæн: Ныр æндæргъуызон бавналын хъæ- уы куыстмæ. Нæ цæст сын уарзы фидар æнæниздзинадимæ стыр æнтыстытæ. Ацы чиныгæй уарын абоны галуан чи нал æрæййæф- та, уыдоны рухс нæмттæ. Арфæ та дзы кæнын абоны нæртон зиууæттæн. Хатыр та курын, чи нæ бахауд ацы чиныгмæ, уыдонæй. Егъау у нæ театры истори, ууыл аххæссынæн бирæ рæстæг хъæуы. 286
ИРОН ТЕАТРЫ ИСТОРИ ÆВДИСÆГ НЫВТÆ
р
Бибылты Сослан, Тъехты Уасил. Сцена из спектакля «Васса Железнова» М. Горького. Железнов - Б. Тотров, Васса - В. Каргинова. 19* 289
У Битеты Миленæ, Хаситы Вильгельм 290
^ Софокл «Царь Эдип» К. Чочиев, Т. Таугазов 291
К. Гольдони, «Слуга двух господ» 3. Гаглоева, Ф. Багаев 292
Д. Туаева «Сказка» Г. Губиев, Н. Чочиева, Д. Мамиев. 293
Джиоев Д., «Пухаты Иликъо» Мамиты Д., Гаглойты В. 294
«Ныййарæджы кадæг» Гугкаты Е. - Госæма, Цхуырбаты Б. ■ Тæга. 295
Харебаты Ф. «Фæныкгуыз» Цоциты Ы. - Магда 296
Харебаты Ф. «Фæныкгуыз» Фæныкгуыз 297
«Дыууæ хойы» Гуыбиаты Г. - Касалы фырт 298
«Хъуыбадты чындз» Цоциты Къ. - Ахбол 299
«Отелло» Гæззаты С. - Яго 300
«Зынг» Цæбиты Н. - Мзевинар 301
«Бонвæрнон» Тедеты А. - Хъараман 302
Гаглойты Варя - Фатимæ, Мамиты Дмитр - Наиб 303
V У Аюбаев М. - Гамлет, Гаглоева 3. - Гертруда, из спектакля «Гамлет» ЧМ
Плиты Г. «Чермен» 20* Мамсыраты Тасолтан 305
ш Гелдиев А. - Датуа «Вернувшийся с того света» Туаты 3. - Амилахвари «Цъхънеттаг чызг Майя» Куымæридтаты Д. Гугкаты Е. 306
«Сидзæргæс» Гæджиты Г., «Кæркгæсы чызг» Куымæридтаты Д., Хъæцмæзты Ф., Уанеты X. 307
Ё? Сцена спектакль «Хлой». Режис. Джуссойты X. Быценты Ц.; Хаситы В.; Мæхъиты Д. 308
Кабисов А. - балетмейстер, Медоева 3. засл. артист ГССР Плиев Г. - солист хора, Плиев 13»- засл. деятель засл. артист ГССР искусств ГССР 309
Мæхъиты В. Фотиев В. Джатиев В. - хореограф. Хаханов Д. 310
Бирагов 3. - хореограф Цæбиты В. Гойаты Натэлæ Джиоты Сослан 311
0 Гуыцмæзты Галинæ Тыджыты Майя Наниты Витали Къуезерты Фатимæ 312
Быценты Циснари Таугазты Дзерассæ Дыгъуызты Жаннæ Тедеты Андрей 313
Пæррæстаты Димитр Хъæцмæзты Фатимæ Гæджиты Инга Дыгъуызты Иринæ 314
Тадтаты Фатимæ Сагирова Миленæ Хаситы Эммæ Чохели Натия 315
Куымæридтаты Батрадз Хуыгаты Дзамболат Хуыгаты Альбинæ Гуыцмæзты Елизаветæ
Багаты Георги Гаглойты Артур Уанеты Эдуард 317
63 В. Шекспир. «Юлий Цезар». А. Пушкин «Куывд». Режисер Дзуццаты Т. Хъæцмæзты Ф.; Харебаты Ж-Ж. 318
«Фатимæ» Гæгойты Шота - Джамбулат, Тадтаты Фатимæ Фатимæ 319
«Мæрдты чындзæхсæв» Гæбæраты Д., Куымæридтаты Д. 320
Хуыгаты Г.; «Чепена» Цхуырбаты Борис, Джуссойты Хасан. 321
Е- о й I ’й X и й со *с о ПЗ О) О) 322
Хугаты Г. «Сау нымæт» Режиссер Хуыгаты Г., Хъæцмæзты Ф., Хаситы В. «Æнахуыр Миссис Сэвидж» Гæбæраты Д., Гасситы Р. 323
Н. Островский. «Бальзаминовы ускуырд» Реж. Дзуццаты Т. Хæмыцаты Ц. «Дыууæ усгур»-ы Реж. Гуыцмæзты Б. 324
Таугазты А. «Макбет» 325
Къоста «Фатимæ» Галуанты Л., Къацты Ф. 326
Брытъиаты Е., «Хазби» Хъайырты В. - Хазби 327
«Гроза» Цæбиты Залихан - Катерина 328
329
1Р О м Си О 2 си и и и о^ н ^ сх к; и о х Щ < X . ^ X о Э’ < со и X X ш и ,о со т^ х н и < § Э 330
/*^ н Си н пз 331
~л 332
333
~л % 334
СÆРГÆНДТÆ Бацæуæн 5 Театр - царды айдæн 9 Къоста - иры хъуыддæгты сæрбос 18 Нæ театры режиссертæ 23 Нæтеатры нывгæнджытæ 24 Кæфтытæ æвæрæг. 24 Музыкæ æмæ фæндырдзæгъдджытæ 24 Зарæггæнджытæ 24 Брытъиаты Елбыздыхъо 25 Æлборты Борис æмæ ирон театр 29 Фынæй хæхты хъалгæнæг - Борис 32 Симд æмæ йæ раттæг адæм 37 Ирон театр æмæ В. Шекспир 45 Ирон театры фæдисон - Тотраты Бесæ 56 Дзаттиаты Сона - нæ театры мад 79 Кавказаг кафтыты дæсны 85 Дзæхайы фырт æмæ нæ театр 91 Санибайаг Джиуæр 97 Терчы донвæзыл цæуæг. 104 Йæ цард театрæн уыд нывонд 110 Хъарадзауы фæдон 116 Фæндыр æмæ сценæйы хæлар 126 Театр - йæ мад, сценæ - йæ авдæн 131 Сидæн æм раст фæндагмæ сидт. 139 Хæхтæ базыртæ садзынц 145 Хъайыры фырт æмæ йæ фæндæгтæ 155 Куыст - цардæн фæрæз 163 Театр - йæ фыдæлты артдзæст 169 Хъемулта дзыхъхъы лæуд никуы уыд 175 Нæ театры мæсыг амайджытæй иу - Гришæ 180 335
Йæ мад сцена уыд 184 Елбыздыхъойы хуыздæр фæдонтæй иу. 190 Цард у ссаргæйæ 195 Стъалыйау ферттывта - стъалыйау фæтар 200 Нæ театры æвæллайгæ зиууон 205 Йæ цардвæндаг - йæ зиуы хай 211 Театр - йæ уд, йæ дзæцц 218 Ныхас ме ’мдугоныл 222 Уанеты тутыр ын - фæндагамонæг. 227 Сценæ - йæ уды лæууæн 231 Рæстæджы зиууон 239 Театр - йæ зæдбадæн, сценæ - йæ кувæндон 245 Цард сæрæн гуырдты уарзы 252 Хæхты зарæг - амонд дæттæг. 258 Стыр фæз - йæ сабион æвдæн 264 Рæстæджы зиууон - Жан-Жак 273 Театр - йæхуымгæнды хай 279 Фæсныхас 286 Ирон театры истори æвдисæг нывтæ 287