Текст
                    АНДЕРСЕН Г. X.
БУЛÆМÆРГЪ
" 1^- ^
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАД
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1959


Г. X. АНДЕРСЕН СОЛОВЕЙ Сказки В переводе на осетинский язык Северо-Осетинское книжное издательство Орджоникидзе * 1959
ЗЫНГЦÆГЪДÆН Фæндагыл фæцæйцыд иу салдат: иу-дыууæ! иу-дыууæ! Йæ фарсыл æхсаргард, йе ’фцæджы хызын æфтыд. Уый цыдис хæсты быдырæй сæхимæ. Уалынмæ йыл амбæлд къулыбадæг ус,— зæронд, тæрсæны хуызæн. Йæ бинаг был суанг йæ риу- мæ хæццæ кæны. — Æгас цæуай, æфсæддон!—загъта къулыбадæг ус.— Мæлæты хорз æхсаргард дæм нæй; иннæ ахæм дæ хызын!Гъе уый салдат у, гъе! Ныртæккæ дæм æхца дæр уыдзæн, уæдæ, цас дæ хъæуы, уыйбæрц. — Бузныг, зæронд кæлæнгæнæг, — загъта салдат. — Уæртæ уыцы стыр бæлас уыныс? —ацамыдта къухæй къулбадæг ус. Уый мидæгæй у мæра. Куы йæм сбырай, уæд æй фендзынæ. Æз дын дæ астæуыл бæн- дæн бабæтдзынæн æмæ мæрайы суанг бынмæ дæхи ауадз. Куыддæр мæм схъæр кæнай, афтæ дæ фæстæмæ сласдзынæн. — Омæ цæмæн уадзон мæхи мæрайы? —бафарста салдат. — Æхцамæ, — дзуапп радта къулыбадæг ус. — Уый хуымæтæджы бæлас нæу. Дæлдзæхмæ куы ныххæццæ уай, уæд дзы фендзынæ даргъ фæндаг. Уыдзæн дзы, боны хуызæн, рухс, æхсæвæй-бонæй дзы судзынц сæдæгай цырæгътæ. Мачердæм-иу фæзил, комкоммæ цу размæ æмæ бахæццæ уыдзынæ æртæ дуармæ. Дуæрттæй алкæуыл дæр — дæгъæл. Дæгъæл фæзил æмæ дуар фегом уыдзæн. Фыццаг уаты астæу ис стыр чырын æвæрд, чырыныл бады куыдз; йæ цæстытæ —цайцымæн блудайыйæстæ. Ма-иу дзы фæтæрс. Мæнæ дын мæ чырынтæ цъæх куатæ ратдзы- з
нæн, уый-иу пъолыл айтау, æдæрсгæ фæлæбур куыдзмæ, фелвас æй æмæ йæ мæ куатæйыл авæр; стæй уый фæстæ чырын байгом кæн, æмæ дæ цас хъæуы, уый- бæрц дзы æхца сис. Уыцы чырыны уыдзæн æрмæстдæр æрхуы æхцатæ. Фæлæ дæ æвзист æхца куы бахъæуа, ^æд иннæ уатмæ бацу; уым дæр та уыдзæн чырын, ууыл дæр бадцзæн куыдз. Йæ цæстытæ — куыройы фыдтыйæстæ. Фæлæ дзы ма фæтæрс. Уый дæр та фелвас æмæ йæ куатæйыл авæр. Стæй æвзист æхца рахæсс. Сызгъæрин æхца дæ куы бахъæуа, уæд æртыккаг уатмæ бацу. Æртыккаг уаты астæу лæудзæн чырын, ^сызгъæрин æхцайæ йæ тæккæ дзагæй. Уый хъахъхъæны се ’ппæты стырдæр куыдз. Йæ алы цæст дæр у Тымбыл мæсыджыйас1. фæлæ дзы ма тæрс. Уый дæр мæ раздарæныл сбадын кæнын дæ къухы куы бафта, уæд дæ амонд: уæд дын тас нал у — нал дæм бавналдзæн. Гъестæй дæ зæрдæ цасдæриддæр зæгъа, уый- бæрц сызгъæрин рахæсс. — Уыдæттæ иууылдæр хорз, — загъта салдат,—фæлæ мæ уый тыххæй цы баца- гурдзынæ, зæронд кæлæнгæнæг? Лæвар мын ницы фæуыдзынæ, уый зонын. — Мæн дæуæй иу капекк дæр нæ хъæуы! —загъта къулыбадæг ус. — Æрмæст мын мæ зæронд зынгцæгъдæн схæсс,—мæ фыдымад фæстаг хатт уырдæм куы ных- хызт, уæд æй ферох кодта. — Цæй хорз, бабæтт мæ бæндæнæй! —сразы ис салдат. — Мæнæ дын ай та мæ цъæх чырынтæ куатæ æмæ фæндараст фæу. Салдат бæласмæ сбырыд, мæра ссардта æмæ дзы суанг бынмæ, дæлдзæхмæ, йæхи ауагъта. Къулыбадæг ус ын куыд дзырдта, хъуыддаг æцæгæй дæр афтæ рауад. Кæсы салдат æмæ йæ размæ фæндаг. Боны хуызæн рухс, уымæн æмæ дзы судзы тынг бирæ цырæгътæ. Араст салдат дæлдзæхы фæндагыл. Цæуы, цæуы æмæ бахæццæ йæ кæронмæ. Дарддæр дзы фæндаг нал. Кæсы, æмæ йæ размæ æртæ дуары. Æртæйæн дæр сæ дæгъæлтæ сæ уæлæ. Бакодта салдат фыццаг дуар æмæ мидæмæ бахызт. Уаты астæу лæууы чырын, чырыныл бады куыдз. Йæ цæстытæ цайцымæн блудайыйæстæ. Кæсы куыдз сал- датмæ æмæ йæ цæстытæ алырдæмты зилы. — Ахæм ма дзы куыдз уа! —ныддис кодта салдат, куыдзмæ фæлæбурдта æмæ йæ къулыбадæг усы куатæйыл авæрдта. Салдат чырын байгом кодта æмæ æхца æвгæны; йæ дзыппытæ æрхуы æхцайæ байдзаг кодта, чырыны сæр æрæхгæдта, фæстæмæ йыл куыдзы сбадын кодта æмæ иннæ уатмæ ацыд. Раст загъта къулыбадæг ус! Уым дæр та чырыныл бадти куыдз. Йæ цæсты- тæ уыдысты куыройы фыдтыйæстæ. — Дæ цæстытæ мæм цы ныццавтай, уый бæрæг дын нæй! Куы дын рахауой, уымæй нæ тæрсыс?— загъта салдат, куыдзмæ фæлæбурдта æмæ йæ къулыбадæг усы куатæйыл абадын кодта, йæхæдæг чырыныл йæхи ныццавта. Чырын æвзист æхцайæ уыди йедзаг. Салдат йæ æрхуы æхцатæ скалдта æмæ йæ дзыппытæ, стæй йæ хызын æв- зист æхцайæ байдзаг кодта. Уый фæстæ бацыд æртыккаг уатмæ. Мидæмæ бахызт æмæ йæ дзых хæлиуæй баззад. Уаты астæу — сызгъæрин чырын, чырыныл бады тæрсæн. Йæ цæстытæ растдæриддæр — дыууæ мæсыджы. Алырдæм разил-базил кæнынц тагъд уайаг къареты цæлхытау. !Уыцы мæсыг арæзт уыд Копенгагены. 4
— Де ’зæр хорз,— загъта салдат æмæ куыдзæн чест авæрдта. Ахæм куыдз йæ цæргæ-цæрæнбонты дæр никуы федта. Стæй айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ куыдзы йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ къулыбадæг усы куатæйыл авæрлта. Чырын байгом кодта æмæ... о, мæ кæнæг хуыцау! Уым сызгъæринæй чи уыди! Уыцы æхцайæ адæймаг балхæдтаид искæцы паддзахады сæйраг горæт, стæй зæххыл хъазæнæй, къала салдæттæй, хъæдын бæх- тæй æмæ пряниктæй цыдæриддæр ис, уыдон се’ппæты дæр. Алцæй фагдæр уыдаиккой уыцы æхца. Салдат йæ дзыппытæй æмæ хызынæй æвзист æхцатæ скалдта æмæ йæ дыууæ къухæй чырынæй æхцатæ æвгæнын байдыдта. Йæ дзыппыты, йæ хызыны, йæхуд æмæ йæ цырыхъхъыты уыйбæрц сызгъæрин ныккодта, æмæ йæ бынатæй фезмæлын йæ бон нал уыди. Хъæздыг у ныр! Куыдзы фæстæмæ чырыныл сбадын кодта, чырыны сæр сæхгæдта æмæ уæлæ- мæ ныхъхъæр кодта: — Ей, зæронд кæлæнгæнæг, слас мæ фæстæмæ! — Мæ зынгцæгъдæн мын рахастай?—бафарста йæ къулыбадæг ус. — Æнæрай дзы скæн, фæцæй мæ рох кодта,— бахъуыр-хъуыр кодта салдат. Аздæхт фæстæмæ, ссардта къулыбадæг усы зынгцæгъдæн æмæ йæ йæ дзып- пы авæрдта. — Ссардтон дын дæ зынгцæгъдæн, слас мæ тагъддæр! — ныхъхъæр кодта сал- дат къулыбадæг усмæ. Къулыбадæг ус бæндæныл схæцыд æмæ салдат фæуæле, йæ раздæры фæнда- гыл та фестад. — Æри мын ныр мæ зынгцæгъдæн,— загъта къулыбадæг ус. — Цæмæн дæ хъæуы, уый уал мын зæгъ,— дзуры йæм салдат. — Уый дæ хъуыддаг нæу! Æхца рахастай? Æри мын ныр мæ зынгцæгъдæн! — Цæмæн дæ хъæуы, уый мын зæгъ ныртæккæ, науæд ме ’хсаргард слас- дзынæн æмæ дын дзы дæ сæр акъуырдзынæн. — Ницæй тыххæй дын æй зæгъдзынæн!—ныццæхгæрмæ ис къулыбадæг ус. Салдат дæр уæд йе ’хсаргард фæцъортт ласта æмæ йын йæ сæр акъуырдта. Сал- дат йе ’хцатæ усы раздарæны бабаста, тыхтон йе ’ккой скодта æмæ горæтмæ араст. Уыцы горæт уыд стыр æмæ хъæздыг. Салдат бацыд стырдæр уазæгдонмæ, æрцарди хуыздæр уæтты æмæ, фылдæр цы хæринæгтæ уарзта, уыдон бацагуырд- та —æхца йæм, миййаг, нæ уыд ныр, цы! Йæ цырыхъхъытæ йын чи сыгъдæг кодта, уыцы фæсдзæуин дисæй мард, ахæм хъæздыг лæгæн цæй æвзæр цырыхъхъытæ ис, зæгъгæ,— салдатæн ногтæ балхæнын йæ къухы нæма бафтыд. Фæлæ дыккаг бон йæхицæн зынаргъ дарæс, мæлхъ сис- джын шляпæ æмæ шпорæджын рæсугъд цырыхъхъытæ балхæдта. Ныр салдат ссис æцæг барин. Радзырдтой йын, горæты диссагæп цы уыдис, уыдæтты тыххæй. Радзырдтой йын паддзах æмæ йæ рæсугъд чызджы тыххæй дæр. — Цы æгъдауæй фендæуа уæдæ паддзахы чызджы,— бафарста сæ салдат. — Уый афтæ æнцон бакæнæн нæу! — загътой йын адæм. — Паддзахы чызг бæр- зонд æрхуы мæсыджы цæры, мæсыджы алыварс та—бæрзонд быру æмæ мæсгуытæ амад. Паддзахæн йæхи йедтæмæ йæ чызгмæ бацæуæн дæр æмæ рацæуæн дæр ни- кæмæн ис, уымæн æмæ йын афтæ загътой, дæ чызг, дам, хуымæтæг салдат мой скæндзæн. Паддзахы та хуымæтæг салдатимæ бахæстæг кæнын кæм фæнды! Гъе- мæ уый дæр йæ чызджы æхгæдæй дары. Зын уыдис салдатæн, паддзахы чызгæн фенæн кæй нæ уыд, уый, фæлæ бирæ 5
нæ фæхъыг кодта. Æнæ паддзахы чызг дæр æвзæр нæ царди: театрмæ цыди, пад- дзахы цæхæрадоны тезгъо кодта æмæ мæгуыртæн æхца уæрста. Салдат æй йæхæ- дæг дæр бавзæрста, адæймаджы дзыппы иу сау капекк куы нæ уа, уæд куыд вæййы, уый. Фæлæ хъæздыг, хъæлдзæг цард кæм кодта, рæсугъд, аив дарæс кæм дардта, уым ын хæлæрттæ дæр фæзынд. Хуыдтой йæ хорз æмгар, уæздан барин; ахæм цæстмæхъус ныхæстæ салдатæн йæхи зæрдæмæ дæр тынг цыдыстьк Салдат йе ’хцатыл æппындæр фæстæмæ нæ хæцыд, хардз сæ кодта, уæдæ цы! Фæлæ дын иухатт кæсы, æмæ ма йæ дзыппы баззад æрмæстдæр дыууæ æхцайы. Æмæ уæд йæ хорз уæттæ ныууагъта æмæ цары тæккæ бын иу чысыл къуындæг къуымы æрцарди. Фæстæмæ та йæ гаччы абадт: йæ цырыхъхъытæ сæрфын та йæхæ- дæг байдыдта, се’скъуыдтæ сын æмпъызта. Йæ хæлæрттæй йæм æмгæрон ничиуал цыд,—æгæр бæрзонд ранцардиæмæ уырдæм чи хылди! Иуахæмы, изæрæй, салдат бадти йæ уаты къуымы. Бынтондæр баталынг, фæ- лæ цырагъ цæмæй балхæдтаид, уый фаг дæр æм æхца нал уыд. Уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд къулыбадæг усы зынгцæгъдæн. Рахаста йæ æмæ дзы зынг цæгъдын байдыдта. Куыддæр зынгцæгъдæн æхсоныл аныдзæвд, афтæ дуар байгом æмæ æрбазгъордта, йæ цæстытæ блудайыйæстæ кæмæн уыдысты, уыцы куыдз,—салдат дæлдзæхы фыццаг уаты цы куыдз федта, уый. — Цы дæ зæрдæ зæгъы, салдат? —бафарста йæ куыдз. — Мæнæ диссаг! Ай хуымæтæджы зынгцæгъдæн куы нæ у, æмæ йæ æз куы нæ зыдтон. Цымæ мын ацы зын сахат нæ баххуыс кæнид? — Тагъд мын æхца ссар! —фæхъæр кодта салдат куыдзыл. Куыддæр уыцы ныхæстæ йæ дзыхæй схаудысты, афтæ куыдз цыдæр æрбаци. Цæстыфæныкъуылдмæ фæстæмæ уым æрбалæууыд, йæ дзыхы дынджыр голлаг æр- хуы æхцайæ йæ тæккæ дзагæй. Бамбæрста салдат, йæ къухы цы диссаджы зынгцæгъдæн бафтыд, уый. Куыд- дæр-иу дзы æхсон иу хатт æрцавта, афтæ-иу йæ разы февзæрд, йæ цæстытæ блу- дайыйæстæ кæмæн уыдысты, уыцы куыдз. Дыууæ хатты-иу куы æрцавта салдат æхсон, уæд та-иу йæ разы фестад, йæ цæстытæ куыройы фыдтыйæстæ кæмæн уы- дысты, уыцы куыдз. Æртæ хатты æрцæвæд, уый йедтæмæ-иу йæ разы февзæрд, йæ алы цæст дæр мæсыджыйас кæмæн уыд, уыцы куыдз, æмæ-иу æнхъæлмæ каст сал- даты бардзырдмæ. Фыццаг куыдз ын хаста æрхуы æхцатæ, дыккаг — æвзист, æр- тыккаг та — сыгъдæг сызгъæрин æхцатæ. Æмæ та салдат ногæй схъæздыг, хорз уæттæм та раивта, зынаргъ дарæсы цæуын та байдыдта. Йæ хæлæрттæ дæр та йæ ссардтой, бауарзтой та йæ. Иухатт салдаты сæры февзæрд ахæм хъуыды: „Ныр цымæ паддзахы чызджы куы фенин, уæд куыд уаид? Уый рæсугъддзи- нады кой йедтæмæ куы ницы ис. Уæдæ цæрæнбонты уыцы æрхуы мæсыджы куы фæбада, бæрзонд быруты æмæ мæсгуыты астæу, уæддæр цы пайда у? Стæ-ма, мæ зынгцæгъдæн кæм и?" Æмæ дзы салдат æхсон иу цæф æркодта. Уыцы сахат йæ разы фестад, блу- дайыйас цæстытæ кæмæн уыд, уыцы куыдз. — Афтæ бакæн, мæ лымæн, æмæ паддзахы чызджы иуцъусдугмæ ардæм æр- бахæсс,—загъта салдат куыдзæн.—Раст зæгъгæйæ, ныр æнафон у, фæлæ йæ уынд- мæ афтæ тынг бæллын, æмæ æндæр гæнæн нæй. Гъæй кæн! Куыдз уыциу тахт акодта. Салдат йæ бынатæй нæма фезмæлыд, афтæ куыдз фæстæмæ йæ разы æрбалæууыд; йе ’рагъыл паддзахы чызг адджын фынæй кодта, афтæмæй. 7
Чызг уыди, æмбисонды рæсугъд кæй фæхонынц, ахæм. Фыццаг бакастæй дæр бæрæг уыд, паддзахы чызг æцæг кæй у, уый. Салдат йæхи нал баурæдта æмæ йын апъа кодта, уæдæ ма салдат цæмæн уыд, йæ сæрæй йæ зæвæттæм æцæг ка- валер. Уый фæстæ куыдз чызджы фæстæмæ ахаста. Райсомæй цай цымгæйæ паддзахы чызг йæ мад æмæ йæ фыдæн радзырдта, æнахуыр фын федтон, зæгъгæ. Цыма, зæгъы, куыдзы рагъыл фæцæйцыдтæн æмæ мын цавæрдæр салдат апъа кодта. — Гъе уый дын æнахуыр фын! —загъта паддзахы ус. Бæрæг уыди, чызджы фын мады зæрдæмæ тынг кæй нæ фæцыд, уый. Дыккаг æхсæв чызджы хуыссæны раз сбадын кодтой зæронд лæггадгæнæг усы æмæ йын бафæдзæхстой, цæмæй сбæрæг кæна, чызг кæй радзырдта, уый æцæг дæр фын уыди æви æндæр исты. Салдатæн та йæ бон нал уыд, æрфæндыд та йæ паддзахы рæсугъд чызджы фенын, Æхсæвы та куыдз æрхуы мæсыгмæ бацыд, паддзахы чызгмæ фæлæбурдта æмæ уыциу тахт ракодта. Уæд лæггадгæнæг зæронд усу дон кæм нæ хъардта, ахæм цырыхъхъытæ йæ къæхтыл акодта æмæ сæ фæдыл разгъорд^ Куыдз пад- дзахы чызгимæ иу стыр хæдзары куы смидæг ис, уæд ус йæхинымæр загъта: „Ныр та ма нын кæдæм ирвæздзæн!" Æмæ кулдуарыл урс мелæй бæрæггæнæн скодта, йæхæдæг æнцад-æнцойæ сæхимæ хуыссынмæ ацыди. Фæлæ куыдз паддзахы чызджы фæстæмæ куы рацæйхаста, уæд дуарыл бæрæг- гæнæн ауыдта æмæ хъуыддаг бамбæрста. Мел райста æмæ горæты хæдзæртты кулдуæрттыл се ’ппæтыл дæр бæрджытæ скодта. Ахæм ма дзы хорз æрхъуыды уыди: ныр зæронд ус, цы дуар æй хъуыди, уый ницæй тыххæй уал ссардтаид, уымæн æмæ бæстæ бæрджытæ сси. Райсомæй раджы паддзах æмæ йæ ус, лæггадгæнæг зæронд ус æмæ афицертæ, ацыдысты паддзахы чызг алы æхсæв куыдзы рагъыл кæдæм фæцæуы, уый базонынмæ. — А-гъа, уæдæ ам вæййы, ам? — загъта паддзах, фыццаг кулдуарыл урс бæ- рæггæнæн куы ауыдта, уæд. — Нæ, нæ, мæнæ ам! —загъта паддзахы ус, æндæр кулдуарыл ахæм бæрæггæ- нæн ауынгæйæ. — Уæртæ уыцы кулдуарыл дæр ахæм бæрæггæнæн æвæрд, мæнæ ам дæр, — сдзырдтой афицертæ алырдыгæй. Æмæ-иу кæцыфæнды кулдуармæ дæр фæкомкоммæ сты, алкæуыл дæр дзы уыди урс бæрæггæнæн. Афтæмæй сæ къухы ницы бафтыд базонын. Фæлæ паддзахы ус зондджын сылгоймаг уыд, къареты цæуынæй дарддæр ма æндæр цæмæдæрты дæр арæхсти. Уый йæ фæсдзæуинтæн рахæссын кодта йæ сыз- гъæрин хæсгард æмæ зæлдаг хъуымацы гæппæл. Хъуымацы гæппæлæй бахуыдта чысыл рæсугъд дзæкъул. Дзæкъулы ныккодта къурупа, æмæ йæ чызг куыд нæ базыдтаид, афтæ йын æй йæ къабайы фæсонтыл бахуыдта. Стæй дзæкъул фæ- хуынкъ кодта, йæ чызг та салдатмæ куы фæцæйцæуа, уæд къурупа фæндагыл цæ- мæй згт?æла, уый тыххæй. Æхсæвы та фæзынди куыдз, паддзахы чызджы йæ фæсонтыл авæрдта æмæ йæ салдатмæ ахаста. Салдат чызджы тынг бауарзта æмæ йæ ракурынвæнд скодта. Стæй паддзахы сиахс бауæвын дæр мæнæ нæ уыд! Куыдз размæ згъоры, къурупа дæр дзæкъулæй кæлы æмæ фæд уадзы. Райсомæй паддзах æмæ йæ ус сæ галуанæй рацыдысты, фæндагмæ акастысты æмæ йæ уайтагъддæр базыдтой, сæ чызг кæм вæййы, уый. Салдаты æрцахстой æмæ йæ ахæстоны бакодтой. 8
Бирæ фæбадт салдат ахæстоны, талынг æмæ æнкъард ран. Уæд ын иухатт хъахъхъæнæг афтæ зæгъы: — Райсом дæ ауындзгæ кæндзысты! Салдат æрæнкъард. Хъуыды кæнын райдыдта, мæлæтæй цы æгъдауæй фервæза, ууыл, фæлæ йæ бон ницы æрхъуыды кæнын баци. Йæ диссаджы зынгцæгъдæн та йæ уаты ферох. Дыккаг бон салдат бацыд гыццыл рудзынджы размæ æмæ решеткæйæ уынгмæ кæсы. Адæм чыртæ-чыртæй цæуынц горæты кæронмæ, салдаты куыд ауындздзысты, уымæ кæсынмæ. Барабантæй цæгъдынц. Цæуынц æфсæдтæ. Уалынмæ кæсы, æмæ ахæстоны тæккæ рæзты фезгъоры цавæрдæр лæппу, дзабыргæнæг; йæ уæлæ цæр- мын раздарæн, йæ къæхтыл та туфлитæ æнæ цъындайæ; лæппу фæцæйтахт гæппы- тæгæнгæ. Æвиппайды йæ иу туфли йæ къахæй атахт æмæ, салдат цы решеткæджын рудзынгæй каст, уымæ хæстæг ахæстоны къулыл сæмбæлд. — Гъей, лæггаг, кæдæм тагъд кæныс?—ныхъхъæр æм кодта салдат. — Æз ныр- ма ам куы дæн. Æнæ мæн дзы уæддæр ницы уыдзæн. Фæлтау куы азгъорис æмæ мын нæхицæй мæ зынгцæгъдæн куы æрбадавис, уæд дын цыппар æвзист æхцайы раттин. Цу, марадз! Лæппуйæн цыппар æвзист æхцайы бакусын гыццыл хъуыддаг нæ уыд. Фатау атахт æмæ зынгцæгъдæн æрбаскъæфта, салдатмæ йæ радта, стæй... Стæй дзы цытæ æрцыд, уымæ байхъусут. о Горæты кæрон сарæзтой стыр ауындзæн. Йæ алфамбылай лæууыдысты æфсæдтæ æмæ адæм. Паддзах æмæ йæ ус бадтысты рæсугъд къæлæтджыны. Сæ бакомкоммæ бадтысты суды æмæ паддзахады тæрхоны лæгтæ. Уалынмæ салдаты скодтой асинмæ. Гъа, ныр ын сæркъуырæг йæ къубалыл бæндæн æрбавæрдзæн, зæгъгæ, афтæ сал- дат ракуырдта, цæмæй ма иу минут банхъæлмæ кæсой. — Фæстаг хатт ма иу тамако куы бадымин, уый мæ тынг фæнды, — загъта салдат. Уыцы бæстæйы та ахæм æгъдау уыд, æмæ-иу марыны суд кæмæн скодтой, уымæн йæ фæстаг курдиат хъуамæ сæххæст кодтаиккой. Уымæ гæсгæ паддзах салдаты ныхасыл дыууæ нал загъта. Салдат лулæ йæ дзыхы атъыста, йæ зынгцæгъдæн систа æмæ дзы зынг цæгъдын райдыдта. Иу хатт æрцавта æсхон, дыууæ хатты æрцавта, æртæ хатты æрцавта — æмæ йæ разы феста- дысты æртæ куыдзы дæр. Иуæн йæ цæстытæ уыдысты блудайыйæстæ, иннæмæн — куыройы фыдтыйæстæ, æртыккагæн та — мæсыджыйæстæ. — Тагъд мæ ацы ауындзæнæй фервæзын кæнут! — загъта сын салдат. Æртæ куыдзы сæхи ныццавтой суды æмæ паддзахады тæрхоны лæгтыл: кæмæн йæ къахмæ лæбурдтой, кæмæн йæ фындзмæ; хæрдмæ сæ, портийау, æппæрстой, афтæ уæлиау-иу сæ фехстой æмæ-иу фæстæмæ куы æрхаудысты, уæд-иу фехæлдысты. — Мæнмæ ма æвналут! Мæн нæ фæнды! — ныхъхъæр кодта паддзах. Фæлæ æппæты стырдæр куыдз паддзахмæ æмæ йæ усмæ фæлæбурдта æмæ сæ хæрдмæ фехста. Æфсад фæтарстысты, адæм та хъæр кæнын райдыдтой: — Æгас цæуæд салдат! Паддзахæй нæм ныллæуу, æмæ паддзахы чызджы ракур! Салдаты сбадын кодтой паддзахы къареты æмæ йæ галуанмæ аластой. Æртæ куыдзы кафыдысты къареты алыварс æмæ хъæр кодтой „ура". Лæппутæ се ’хсит- тæй нал æнцадысты. Æфсад та йын чест лæвæрдтой. Паддзахы чызг зæрдæ- хъæлдзæгæй рауади йæ æрхуы мæсыгæй æмæ уæдæй фæстæмæ сси паддзахы ус. Чындзæхсæвы фæбадтысты иу абонæй иннæ абонмæ. Æртæ куыдзы дæр фын- джы уæлхъус бадтысты, хордтой, нозтой æмæ сæ дынджыр цæстытæ алырдæмты разг.л-базил кодтой. 9
ХУЫГÆС Раджыма-раджы цардис иу мæгуыр принц. Уый æлдариуæг кодта хæрз чысыл бæстæйæн, фæлæ уæддæр бæстæйыл нымад кæм уыд, уымæ гæсгæ йæ къайы кой бакæнын хъуыди. Гъемæ принц ус ракурынвæнд скодта. Йæ фыдæлтæ номдзыд къаролы хæдзарвæндагæй уыдысты, æмæ йын уымæ гæсгæ къаролты чызджытæй бирæ дæр бакуымдтаид, æцæг сæ мæгуырдæртæ. Фæлæ принцы паддзахы чызг йедтæмæ ничи хъуыд. Паддзахы чызджы размæ бацу æмæ йæ „бакомдзынæ мын", зæгъгæ, бафæрс,— афтæ бакæнæн нæ уыд. Уый æгæр къæйных хъуыддаг уыдаид. Ахæм æдзæсгом мийы тыххæй йæ, æвæццæгæн, галуанæй атардтаиккой. Нæ, уый гæнæн нæ уыд, æндæр исты æрхъуыды кæнын хъуыди. Принцы цæхæрадоны йæ фыды ингæныл æрзад æмбисонды рæсугъд розæ ди- динæджы къудзи. Уыцы къудзи фондз азы иу хатт йедтæмæ дидинæг не ’фтыдта, зайгæ та йыл кодта æрмæстдæр иунæг розæ. Фæлæ ахæм рæсугъд уыд, ахæм дзæбæх тæф кодта æмæ-иу уымæ смудгæйæ адæймагæй йæ маст, йæ сагъæс æрбайрох сты. Принц- мæ ма ноджыдæр уыди булæмæргъ, йæ диссаджы зард зæрдæйы иннæрдæм хызти. Адæймагмæ афтæ каст, цыма дунейы зарджыты хуыздæртæ йæ хъæлæсы æмбæхст сты. Гъемæ принц сфæнд кодта паддзахы чызгæн лæварæн розæ æмæ булæмæргъ барвитын. Розæйы дæр æмæ булæмæргъы дæр цæвæрдтой стыр æвзист къоппыты æмæ сæ арвыстой паддзахы галуанмæ. Паддзах бадт йæ бадæны, йæ чызг та йæ фæсдзæуин чызджытимæ „уазджы- тæй" хъазыд. Æндæр ницы кæнын зыдта. ю
Уалынджы паддзахæн æрбахастой дыууæ æвзист къоппы æд лæвæрттæ. Чызг сæ куы ауыдта, уæд фырцинæй сæмдзæгъд кодта. Паддзах байгом кодта фыццаг къопп æмæ дзы разьшд диссаджы розæ. — Ахæм ма дзы дзæбæх уа!—бацин кодтой чызджы фæсдзæуинтæ. — Йæхицæн æмбал нæй! —загъта паддзах. — Хуыздæр ма цы вæййы! Фæлæ паддзахы чызг йе ’нгуылдзæй андзæвыд розæйыл, иæ къахæй пъол æр- хоста æмæ, чысыл ма бахъæуа, ма скæуа. — Фи,—зæгъгæ, фæкодта чызг. — Ацы розæ къухæй конд куы нæ у, æрдзон дидинæг куы у! — Фи! —сæ былтæ асчъилтæ кодтой фæсдзæуинтæ дæр. — Ай æцæг розæ куы у, æцæг! — Багъæц уал, мæсты ма ма кæн, мæ хъæбул! Иннæ къопп уал фенæм, цымæ уым та цы ис, — загъта паддзах æмæ дыккаг къоппы сæр схъил кодта. Къоппæй ратахт булæмæргъ; уый афтæ рæсугъд ныззарыд, æмæ йæм лæг хъусынæй не ’фсæст. — Диссагæй цы кæныс! Æмбисонд! Шарман! Сюперб! — францусагау сцин кодтой чызджы фæсдзæуинтæ. Æцæг, францусагау уыцы дыууæ дзырды йедтæмæ ницы зыдтой æмæ уымæ гæсгæ æндæр исты зæгъын сæ бон уæвгæ дæр нæ бауыдаид. — Ацы цъиумæ паддзахы усы фæндыр мæ зæрдыл æрлæууыд, — загъта, пад- дзахæн рагæй чи лæггад кодта, иу ахæм фæсдзæуин. — Уымæн дæр раст ахæм хъæлæс уыд. — Æцæг зæгъыс, æцæг! — загъта паддзах æмæ сывæллонау скуыдта: йæ мард ус йæ зæрдыл æрбалæууыд. — Ацы цъиу удæгас нæу, æвæццæгæн?—бафарста паддзахы чызг. — Удæгас цъиу у! — дзуапп ын радтой, лæвæрттæ чи æрбаласта, уыдон. — Гъемæ уæдæ тæхæд, кæдæм æй фæнды, уырдæм! — загъта чызг; афтæ смæ- сты ис, æмæ принцæн галуанмæ æрбацæуынæн бар дæр нал радта. Фæлæ принцы ныфс нæ асаст. Сау æмæ морæ ахорæнтæй йæ цæсгом самæста, йæ худ йæ цæстытыл арф æркодта æмæ паддзахы галуаны дуар бахоста. — Дæ бон хорз, паддзах! —салам радта принц. — Ницы куыст дæм разындзæн мæнæн? — Дæ хуызæттæ ам бирæ рауай-бауай кæны куыстагур! —загъта паддзах.— Уæвгæ, фæлæуу, хуыгæс мæ хъæуы. Хуытæн нæм ныккæнæн дæр нæй! Æмæ принцы паддзахы кæрты хуыгæсæй баурæдтой, хуыдæтты раз ын иу къуым цæрынæн радтой. Принц уым йæхиуыл дуæрттæ сæхгæдта, бон-изæрмæ æддæмæ нæ ракаст, æмæ диссаджы рæсугъд дурын скодта. Дурыныл уыд бирæ мыр-мырæгтæ ауыгъд, æмæ-иу дзы исты куы фыхтой, уæд-иу мыр-мырæгтæ рагон зарæг цæгъдын байдыдтой: Уæ мæ уарзон, Августин! Августин, мæ хур, мæ цин! Зæрдæ ’рхæндæг, цард фæци! Цард фæци, цард фæци! Дурынмæ ма ноджы уыд иу ахæм æмбисонды миниуæг: йæ хуылфæй цы хæр- зад тæф цыдис, уымæ басмуд, уæд-иу адæймаг базыдтаид, горæты кæмæ цы хæ- ринаг фыцы, уый. О, уый æцæг диссаджы дурын уыд, розæтæ æмæ булæмæргътæ йæ цуры ницы уыдысты. 11
Æмбисбон паддзахы чызг йæ фæсдзæуинтимæ ацыд тезгъо кæнынмæ; æвиппайды йæ хъустыл ауад мыр-мырæгты рæсугъд цагъд. Уайтагъд фæлæууыд æмæ йæ гыццыл къахæй зæхх æртъæпп-æртъæпп кæнын райдыдта: уыйуыди, чызг арæх фортепиа- нойæ кæй цагъта, уыцы зарæг: „Уæ мæ уарзон, Августин! Августин, мæ бон, мæ цин!" Æрмæст уыцы иунæг зарæг цæгъдын зыдта паддзахы чызг, уый дæр иунæг æнгуылдзæй. — Ах, æз дæр уыцы зарæг куы фæцæгъдын! — загъта чызг. —Уæдæ уæд нæ ног хуыгæс хæрзахуыр у. Хъусут-ма, исчи уæ ацæуæд æмæ йæ бафæрсæд, йæ мыр-мырæгтæ цас кæны? Фæсдзæуин чызджытæй иу йæ къæхтыл хъæдын басмахътæ акодта æмæ хуыдæттæ кæм уыдысты, уыцы кæртмæ азгъордта. — Цас кæныс дæ дурын? — бафарста фæсдзæуин чызг хуыгæсы. — Паддзахы чызджы дæс пъайыл æй ратдзынæн, — дзуапп радта хуыгæс. — Дæ зонд фæцыд æви?—рамæсты ис фæсдзæуин. — Асламдæр нæ уыдзæн, — загъта та хуыгæс. Фæсдзæуин фæстæмæ фæзылд æмæ йæ хъæдын басмахъты къупп-къупгæнгæ паддзахы чызгмæ азгъордта. — Цæй, цы загъта? — бафарста йæ паддзахы чызг. — Раст дын куы зæгъон, уæд сæ рафæзмын дæр нæ уæндын! — загъта фæс- дзæуин. — Мæ хъусы мын сæ зæгъ! Æмæ йын фæсдзæуин чызг хуыгæсы ныхæстæ йæ хъусы бадзырдта. — Гъер уый æдзæсгом нæу? — фæхъæр кодта паддзахы чызг æмæ фæцæйцыд, фæлæ та уыцы сахат мыр-мырæгты дзыгъал-мыгъул райхуыст. Уæ мæ уарзон, Августин! Августин, мæ хур, мæ цин! Зæрдæ ’рхæндæг, цард фæци! Цард фæци, цард фæци! — Байхъус-ма, — загъта паддзахы чызг фæсдзæуинæн, — ацу æмæ ма йæ ба- фæрс, мæ фæсдзæуинты дæс пъайыл æй, зæгъ, нæ ратдзынæ дæ дурын? — Асламдæрыл æй нæ ратдзынæн! — дзуапп радта хуыгæс. — Паддзахы чызг мын дæс пъайы куы нæ акæна, уæд дурын йæ цæстæй дæр нæ фендзæни. — Куыд зын мæм кæсы уыцы хъуыддаг, уый куы зониккат! —загъта паддзахы чызг. — Фæлæ цы гæнæн ис, мæ алыварс уæ æрлæууын бахъæудзæн, куыд ничи нæ фена, афтæ. Фæсдзæуинтæ йæ алыварс æрлæууыдысты, сæ юбкæйы фæдджитæ фæйнæрдæм аивæзтой. Паддзахы чызг хуыгæсæн дæс пъайы акодта, æмæ райста мыр-мырагджын дурын. Ахæм дзы диссаджы дурын нæ уыд! Уыцы изæр, стæй дыккаг бон сау-изæрмæ дæр паддзахы чызг æмæ йæ фæсдзæуинтæ дурыны дон фыцыны куыст йедтæмæ ницыуал кодтой. Дурыны дон-иу куы рафыхти, уæд-иу æм се ’ппæт дæр æргуыбыр кодтой æмæ йын улæфыдысты йæ дзæбæх тæф. Ныр уыдон хорз зыдтой, министры хъæздыг цæлгæнæнæй суанг цырыхъгæнæджы мæгуыр хæдзары онг кæм цы хæри- наг фыцы, уый. Фæсдзæуин чызджытæ фырцинæй гæппытæ æмæ æмдзæгъд кодтой. — А-гъа, мах зонæм, абон хъæрмхуыпп æмæ лауызтæ кæмæ уыдзæн, уый! А-гъа, мах æй зонæм, абон кас æмæ хуыйы фыдæй катлеттæ чи фыцы, уый! Уый, диссаг нæу, зæгъут? 12
— Искуы-ма нæ! —загъта сæйраг фæсдзæуин. Уымæй ма уæ диссагдæр цы фæнды! — Æрмæст æй макæмæн схъæр кæнут, уæ дзыхтыл хæцут! —бафæдзæхста сæ паддзахы чызг! —Паддзахы чызгæн афтæтæ кæнын аив нæу. — Ай-гъай нæу аив! —схор-хор кодтой фæсдзæуинтæ æмхуызонæй. — Мах æй нæхæдæг дæр хорз æмбарæм! Уыцы рæстæг хуыгæс (растдæр зæгъгæйæ, та принц, фæлæ уыдонæн хуыгæс уыд, уæдæ цы) æнцад нæ бадт. Уый сарæзта диссаджы къæр-къæраг, дурынæй бирæ хуыздæр. Дурын иу зарæг йедтæмæ нæ кодта, фæлæ къæр-къæраджы куы азылд- таис, уæд дунейыл цы вальс æмæ полькæ нæ ацагътаид, ахæм нæ уыд. — Сюперб! —фæхъæр кодта паддзахы чызг францусагау, хуыдонæй йæм къæр-къæраджы зæлтæ куы райхъуыстысты, уæд. Уымæй дзæбæхдæр æз ницы фе- хъуыстон мæ дунейыл! Ныртæккæ цæугæут æмæ йæ бафæрсут, цас, зæгъ, кæныс дæ фæндыр? Æцæг пъатæ кæныныл æз нал сразы уыдзынæн! Æмæ та фæсдзæуин чызджы йæ къæхтыл хъæдын басмахътæ скæнын æмæ хуыдонмæ азгъорын бахъуыди. — Хуыгæс йæ къæр-къæрагæн агуры сæдæ пъайы! —фехъусын кодта фæс- дзæуин, фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд. — Æрра фæци æви? —рамæсты ис паддзахы чызг æмæ йæ фæндагыл араст. Фæлæ дыууæ къахдзæфы куы акодта, уæд фæлæууыд. — Раст зæгъын хъæуы, ахæм дæсныдзинад хæрзиуæг раттын аккаг у, — загъта уый. — Æмæ паддзахы чызг куыд дæн, уымæ гæсгæ хъуамæ мæ бæстæйы адæмæн сæ курдиатджынты разæнгард кæнон. Цы уа, уый уæд, зæгъут хуыгæсæн, разы, зæгъ, дæн дæс пъайы акæныныл, иннæтæ та дын, зæгъ, мæ фæсдзæуинтæ акæн- дзысты. — Уый нæ уыдзæн, мах хуыгæсæн пъатæ кæнын нæ фæнды!— загътой фæс- дзæуин чызджытæ! — Æдылыдзинад! —фæхъæр кодта паддзахы чызг. — Æз мæ сæрмæ куы æр- хастон хуыгæсæн апъа кæнын, уæд сымахæй цы сæфы! Кæй уæ дарын æмæ уын мызд кæй фидын, уый уæ рох ма уæд! Цы гæнæн ма сын уыд! Ацыди та фæсдзæуин чызг хуыгæсмæ. — Паддзахы чызджы сæдæ пъайæ асламдæрыл æй нæ ратдзынæн, — загъта хуыгæс. — Цæй, æрлæуут мæ алыварс!— скъаманды кодта паддзахы чызг. Фæсдзæуинтæ сæ алфамбылай æрлæууыдысты æмæ хуыгæс паддзахы чызгæн пъатæ кæнын райдыдта. Уыцы сахат паддзах рацыд балкъонмæ. — Уый цымæ хуыдæтты цур цæй æмбырд у? —бафарста паддзах йæ цæстытæ æууæрдгæ æмæ йæ кæсæнцæстытæ йæ фындзырагъыл кæнгæйæ. — А-а, уый та сыгъдæгæй фæсдзæуинтæ исты хъазт æрхъуыды кодтой. Цæуон æмæ сæм бакæсон. Паддзах йæ зæронд туфлиты йæ къæхтæ атъыста æмæ чоп-чопгæнгæ хуы- дæттырдæм араст. Фæсдзæуин чызджытæ тынг æнæвдæлон уыдысты. Уыдон нымадтой пъатæ (хæс æнæхъæнæй фыст цæмæй æрцыдаид, уымæ кæсын нæ хъуыди?) æмæ, уымæ гæсгæ, æмбаргæ дæр нæ бакодтой, паддзах сæм куыд бахъуызыд, уый. Паддзах сæм хæрз хæстæг бацыд æмæ йæ къахфындзтыл слæууыди. — Уый та ма цы у?—фæхъæр кодта паддзах, йæ чызджы хуыгæсæн пъа- гæнгæ куы ауыдта, уæд. н
Йæ туфли йæ къахæй фелвæста æмæ йæ йæ чызгыл суагъта, чызг хуыгæсæн æстайæм пъа куы фæцæйкодта, раст гъе уыцы минут. — Айс дæхи мæ паддзахадæй, мæ цæст дæр дæ куыд нæ уал фена, афтæ! — хъæр кодта паддзах æмæ йæ чызджы дæр æмæ хуыгæсы дæр феддæдуар кодта. Паддзахы чызг кæуы, хуыгæс та загъд кæны; ныр сыл ведрайæ калæгау уары. — Уæуу, мæнæ цы æнамонд фæдæн!—йе ’рдиаг цæуы паддзахы чызгæн. — Уыцы мæгуыр, фæлæ дзæбæх принцæн дæр ма нæ бакуымдтон! Уæуу, мæнæ цы мæгуыр дæн! Уæд хуыгæс бæласы фæстæ амбæхст, йæ чъизи дарæс феппæрста, йæ ахуырст цæсгом ныссæрфта æмæ та фæстæмæ принц фестад. Паддзахы чызг сагъдауæй баззад. — Байхъус-ма, мæ зынаргъ! —загъта принц паддзахы чызгæн. Ды мæгуыр принцæн нæ бакуымдтай, ды аккаг аргъ не ’скодтай æрдзон дидинæг æмæ удæгас булæмæргъæн. Фæлæ хуымæтæджы ницæйаг хъазæнты тыххæй сразы дæ хуыгæ- сæн сæдæ дæс хатты апъа кæныныл. Гъеныр фæсмон кæн! Дæхи аххос уыд. Хæрз- бон рау! Принц йæ фæдыл дуар рагуыпп кодта æмæ йæ паддзахадмæ афардæг. Паддзахы чызг та кæугæ æмæ æрдиаггæнгæ баззад .Æмæ та-иу базарыд: Уæ мæ уарзон, Августин! Августин, мæ хур, мæ цин! Зæрдæ ’рхæндæг, цард фæци! Цард фæци, цард фæци! 15
БУЛÆМÆРГЪ Китайæн, дæхæдæг куыд зоныс, афтæмæй сæ паддзах йæхæдæг дæр, стæй йæ адæм дæр сты китайæгтæ. Ацы хъуыддаг раджы уыди, æмæ цалынмæ бынтондæр нæма ферох ис, уæдмæ йæ радзурын хъæуы. Æгас дунейы дæр нæ разындаид паддзахы галуантæй хуыздæр æмæ аивдæр; уыдон уыдысты тæнæг зынаргъ ^фарфорæй арæзт, ахæм тæнæг фарфор уыди, æмæ йæм бавналæн дæр нæ уыд. Йæ цæхæрадоны зади рæсугъд дидинджытæ, сæ тæккæ рæсугъддæртыл уыди æвзист дзæнгæрджытæ баст, цæмæй сæ дзæгъ-дзæгъ- мæ цæуджытæ сæ цæстæнгас дидинджытæм здæхтаиккой, уый тыххæй. Алцыдæр дзы бæлвырд хъуыдыгонд уыди паддзахы цæхæрадоны! Цæхæрадон ахæм дын- джыр уыд, æмæ йæ кæрон кæм ис, уый цæхæрадонгæс йæхæдæг дæр нæ зыдта. Цæхæрадоны æдде йæхи айтыгъта диссаджы хъæд бæрзонд бæлæстимæ æмæ арф цадтимæ. Хъæд хæццæ кодта суанг цъæх денджызмæ, æмæ-иу наутæ æрбаленк кодтой, доны сæрмæ цы бæлæстæ æркъул сты, уыдоны бынты. Ам, доны был, царди булæмæргъ. Уый ахæм диссаджы зард кодта æмæ ма йæм-иу суанг мæгуыр кæсагахсæг дæр хъусыныл фæци, йæ хыз-иу дзы ферох ис. „О хуыцау, мæнæ куыд хорз у!" — фæхъæр-иу кодта уып, стæй та-иу йæ куыстмæ бавнæлдта, æхсæвы та йæм хъусдзынæн, зæгъгæ. Уыцы горæтмæ алы бæстæтæй цыдысты адæм; се’ппæт дæр дис кодтой галуан æмæ цæхæрадоны рæсугъддзинадыл, фæлæ-иу булæмæргъы зарын куы фехъуыстой, >6
уæд-иу загътой: „Гъе уый се ’ппæтæй хуыздæр!" Сæхимæ æрыздæхгæйæ-иу ра- дзырдтой, цытæ федтой, уый; ахуыргæндтæ сæ чингуыты фыстой паддзахы галуан- ты, цæхæрадоны æмæ горæты тыххæй, фæлæ сæ-иу булæмæргъы кой дæр нæ фе- рох, рох нæ, фæлæ ма дзы иннæтæй тынгдæр дæр æппæлыдысты; зарджытæ йыл фыстой. Сæ чингуытæ æрвыстой алы бæстæтæм æмæ дзы иуæй-иутæ бахаудысты Кита- пы паддзахмæ дæр. Сызгъæрин къæлæтджын бандоны бадгæйæ, уый æнæсцухæй каст уыцы чингуытæ æмæ йæ сæр разыйы тылд кодта,— æхсызгон ын уыди, йæ галуантæй, йæ цæхæрадонæй æмæ йын йæ горæтæй кæй æппæлыдысты,уый. нФæлæ се ’ппæтæй æмбисонддæр у булæмæргъ!" —фыстой чингуыты. — Ай дын диссаг!—загъта паддзах, уыцы хабар бакæсгæйæ.—Булæмæргъ! Афтæмæй йæ æз нæ зонын. Уый та куыд? Мæ паддзахады, мæхи цæхæрадоны ахæм цъиу цæрæд æмæ йын йæ кой хъусгæ дæр макуы фæкæн! Æрмæстдæр æй чингуытæй базон! Æмæ бадзырдта, йе ’ххуысгæнджытæй йæхимæ уæлдай хæстæгдæр кæй кодта, уымæ. Фæлæ уый къуыдипп хъал уыди, æмæ-иу æм йæхицæй дæлдæр адæймаг куы сдзырдта, кæнæ йæ истæмæй куы бафарста, уæд-иу „пф!“, зæгъгæ, фæкодта, кæд уыцы дзырдæй æппындæр ницы бамбарæн уыд, уæддæр. — Куыд дзурынц, афтæмæй нæ паддзахады ис диссаджы цъиу — „булæмæргъ" æй хонынц. Уыцы булæмæргъы нымайынц, ме ’стыр паддзахады хорзæй æмæ дис- сагæй цы’ ис, уыдонæй диссагдæрыл, — загъта паддзах йе ’ххуысгæнæгæн.— Афтæ- мæй мын ныронг йæ кой никуы ракодтай! — Æз уыцы цъиуы кой æппындæр никуы фехъуыстон, — дзуапп радта пад- дзахы æххуысгæнæг. — Нæ галуанмæ хуынд никуы уыди. — Мæн фæнды, цæмæй уый уа ам, æмæ мын зара абон изæрæй! — загъта паддзах. Æнæхъæн дуне дæр зоны, цы хæзна мæм ис, уый, æз та йын мæхæдæг æмбаргæ дæр ницы кæнын. — Никуы йын фехъуыстон йæ кой,—загъта та паддзахы æххуысгæнæг.— Фæлæ йæ агурдзынæн, хъуамæ йæ ссарон. Йæ зæгъын æнцон у! Фæлæ йæ кæм ссардæуа! Паддзахы æххуысгæнæг асинтыл дæлæмæ-уæлæмæ ратæх-батæх кæнын байдыд- та, тыргъты æмæ залты цъил фестад, фæлæ кæйдæриддæр фарста, уыдонæй бу- лæмæргъы кой никуы ничи фехъуыста. Фæстæмæ паддзахмæ бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæ бæрзонддзинад, чингуыты цы фыссынц, уыдоныл се’ппæтыл ма æууæнд. Уыдон иууылдæр мысгæ хъуыддæгтæ сты, хмæнæ кæлæнты хуызæн. — О, фæлæ мын уыцы чиныг Японы кадджын паддзах куы æрбарвыста, уым хъуа- мæ гæды ныхæстæ фыст ма уа!— загъта паддзах.—Мæн фæнды булæмæргъмæ байхъу- сын. Тæккæ абон изæрæй ам куыд уа, афтæ, æз ын ме ’стыр хорзæхдзинад бам- барын кæнон. Афоныл ам куы нæ уа, уæд мæ лæггадгæнджытæн сæ гуыбынтæ лæдзджытæй фæнæмын кæндзынæн, куыддæр æхсæвæр бахæрой, афтæ. — Хъусын дæм! —фæхъæр кодта паддзахы æххуысгæнæг æмæ та асинтыл, тыргътыл æмæ залты дыууæрдæм ратæх-батæх кæнын байдыдта. Галуаны адæм дæр йемæ зылдысты — кæй фæндыди над баййафын? Дис кодтой, цавæр булæмæргъ у уагæр, æнæхъæн бæстæ кæй кой кæны, фæлæ паддзахы фæсдзæуинтæ кæй нæ зонынц, уый. Æппынфæстаг цæлгæнæны ссардтой иу мæгуыр чызджы. — О хуыцау! Ау, булæмæргъы нæ зонут?— ныддис кодта чызг. — Æмæ куыд зары, уый та! Алы изæр мæ мæгуыр рынчын мадæн хæринаджы уæлдæйттæ фæ- 17
хæссын, денджызы был цæры. Æмæ фæстæмæ цæугæйæ мæ фæллад уадзынмæ хъæды куы æрбадын, уæд булæмæргъы зарынмæ фæхъусын. Йæ зардмæ мæм кæуын фæцæуы, стæй мæ зæрдæ ныррухс вæййы, цыма мын мæ мад батæ фæкæны, уыйау. — Хъус-ма, чызг, — дзуры йæм паддзахы æххуысгæнæг, — æз дæ хæринаггæ- нæджы куысты сæвæрдзынæн, стæй бацархайдзынæн, цæмæй дын бар радтой, паддзах куыд хæры, уый фенынæн, æрмæст нæ уыцы булæмæргъмæ фæкæн’ Изæрмæ галуанмæ хуынд у. Иууылдæр араст сты хъæдмæ, булæмæргъ кæм фæзары, уырдæм. Цæуынц, цæ- уынц æмæ уалынджы кæцæйдæр райхъуыст хъуджы уасын. — О-о! — фæхъæр кодтой æрыгон фæсдзæуинтæ. — Уый у! Ахæм гыццыл му- рæн цы тыхджын хъæлæс ис! Фæлæ йæ цыма кæддæр мах дæр фехъуыстам. — Уый хъуццытæ уасынц, — загъта сын чызг. — Мах нырма дард цæуын хъæуы. Цæуынц, цæуынц æмæ та цъымарайæ хæфсытæ ныууасыдысты. — Диссаджы хъæлæс, — фæхъæр кодта галуаиы зондамонæг. — Уыдон хæфсытæ сты, — загъта та чызг. Фæлæ ныр булæмæргъы дæр тагъд фехъусдзыстæм. Æмæ уалынмæ булæмæргъ ныззарыд. — Гъе уый уын булæмæргъ, — загъта чызг. — Хъусут-ма, хъусут! Уæртæ уый та йæхæдæг, — æмæ йæ гыццыл æнгуылдзæй ацамыдта чысыл фæныкхуыз ДЪИУ- мæ; цъиу бадт бæрзонд къалиуыл. — Уæртæ уымæй зæгъыс?—ныддис кодта паддзахы æххуысгæнæг. — Ахæм æнхъæл ын нæ уыдтæн! Мæлæты фыдуынд нæу. Æвæццæгæн, мах хуызæн кадджын адæмы куы федта, уæд йæ хуыз аивта. — Булæмæргъ, мæ къона! —ныхъхъæр æм кодта чызг. — Нæ уарзон паддза- хы дæ зардмæ байхъусын фæнды! — Тынг æхсызгон мын у, - дзуапп радта булæмæргъ æмæ ныззарыд. Иууылдæр дисы бацыдысты. — Авджын дзæнгæрджыты цагъды хуызæн зары, — загъта паддзахы æххуыс- гæнæг. — Кæсут-ма, куыд зыр-зыр кæны йæ гыццыл хъуыр! Диссаг нæу, ныронг æй куыд никуы фехъуыстам. Тынг фæцæудзæн нæ галуаны адæмы зæрдæмæ. — Фæнды ма паддзахы, æз зарон, уый?—бафарста булæмæргъ, уымæй афтæ æмæ йæм паддзах дæр хъусынмæ æрбацыд. — Æмбал кæмæн нæй, уыцы булæмæргъ!—загъта паддзахы æххуысгæнæг.— Мæныл ис кадджын хæс æвæрд—абон изæрæй паддзахы галуаны цы стыр хъазт- изæр уыдзæн, дæу уырдæм ахонын. Ды се ’ппæты зæрдæмæ дæр дæ диссаджы зардæй кæй фæцæудзынæ, ууыл æз гуырысхо нæ кæнын. — Мæ зардмæ бирæ æхсызгондæр у цъæх хъæды астæу хъусын!—загъта булæмæргъ, фæлæ йæ паддзах йæ галуанмæ хоны, уый куы базыдта, уæд сразы пс уырдæм ацæуыныл. Паддзахы галуанты сæхи цæттæ кодтой бæрæгбонмæ. Авджын къултæ æмæ пъол цæхæртæ калдтой æмæ сæ айдæнау зындысты судзгæ сызгъæрин чысыл цы- рæгътæ; тыргъы рæнхъгай равæрдтой рæсугъд дидинджытæ, дзæнгæрджытæ сыл ауыгъд; уыдон адæмы змæлдæй æмæ гыццыл дымгæйæ дæр ахæм дзыгъал-мыгъул кодтой, æмæ дзы дыууæ адæймагмæ кæрæдзийы ныхас нæ хъуыст. Паддзах кæм бадт, уым булæмæргъæн сæвæрдтой стыр сызгъæрин хъил. Галуаны адæм иууыл- дæр уыцы залы æрæмбырд сты; хæринаггæнæг чызгæн дæр бар радтой дуары раз слæууынмæ, уый дæр ныр сси паддзахы хæринаггæнæг. Иууылдæр уыдысты тынг 18
арæзт, æмæ сæ цæстытæ нал истой, паддзах йæ сæрæй кæмæн акуывта, уыцы гыццыл фæныкхуыз цъиуæй. Уалынмæ булæмæргъ ныззарыд; ахæм диссаджы зард ныккодта, æмæ паддза- хæн йæ цæстытæ доны разылдысты. Стæй йæ цæстысыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр кодтой. Булæмæргъ та ныззарыд ноджы зылангдæр æмæ рæсугъддæр хъæлæсæй, зæрдæйы иннæрдæм хызт йæ аив зард. Паддзах дзы афтæ ныббуц ис, æмæ загъ- та булæмæргъæн: — Лæвар дын кæнын мæ сызгъæрин туфли дæ хъуырыл бакæнынæн. Фæлæ йын булæмæргъ раарфæ кодта, ома æнæуи дæр æгъгъæд рæвдыд дæн, зæгъгæ. — Æз паддзахы цæстытыл федтон цæстысыгтæ, — цавæр хорзæх ма хъæуы мæн æндæр? Паддзахы цæстысыгты ис диссаджы тых. Иунæг хуыцау ме ’вдисæн, уый цы æмбæлы, уымæй мын стырдæр лæвар у. Æмæ та райхъуыст йæ диссаджы зарын. — Кæсут, скадджын уæвынæн цы хъæуы, уый, — сыбар-сыбур кæнын байдыд- той паддзахы фæсдзæуинты устытæ, æмæ сæ дзыхты дон бакодтой, цæмæй искæи- мæ дзургæйæ сæ хъуырты хæл-хæл кæна, уый тыххæй. Уыдонæй афтæ æмæ уæд сæ хъæлæстæ булæмæргъы хъæлæсы хуызæн суыдзысты. Суанг ма æххуырст лæг- тæ æмæ устытæ дæр загътой, булæмæргъы зардмæ стыр æхсызгонæн байхъуыстой, зæгъгæ. Уыдон зæрдæмæ та æнцонты фæцæуын нæ уыд. Цыбыр дзырдæй, булæ- мæргъ се ’ппæты зæрдæтæ дæр басаста. Булæмæргъы баурæдтой галуаны; æрцæрын æй кодтой хицæн къалатийы; дыууадæс фæсдзæуины йын лæггад кодтой; бон æй дыууæ хатты, стæй æхсæв иу хатт уагътой йæхи аирхæфсынмæ; æрмæст дыууадæс фæсдзæуинæй алчидæр фидар хæцыд, йæ къахмæ цы лент баст уыдис, ууыл. Æмæ ахæм уавæрты цас аир- хæфстаид йæхи! Æнæхъæн горæты уыцы диссаджы цъиуы кой йедтæмæ ницыуал уыд. Дыууæ зонгæйы-иу уынджы куы амбæлдысты, уæд-иу сæ иу „булæ" сдзырдта, иннæ та-иу ныхас кæронмæ ахæццæ кодта „мæргъ", зæгъгæ, стæй-иу дыууæйæ дæр сæ къæх- ты бынæй ныуулæфыдысты, ома кæрæдзи æмбарæм. Уымæй фæстæмæ, иуæндæс дуканийы кусæджы сæ фырттыл булæмæргъы ка- дæн сæвæрдтой „Булæмæргъ", кæд сæм булæмæргъы хъæлæсы хуызæн койæн дæр нæ уыд, уæддæр. Иухатт куы уыд, уæд чидæр паддзахæн лæвар æрбарвыста, уæле йыл уыд „булæмæргъ" фыст. — Уый та нын ног чиныг нæ диссаджы маргъы тыххæй! —загъта паддзах. Фæлæ уый чиныг нæ уыд, уый разынд æнахуыр дзаума: чысыл къоппы ми- дæг хиконд булæмæргъ æвæрд. Хиконд булæмæргъ уыди æгасы хæдхуызæн, æцæг зынаргъ дуртæй арæзт. Куы-иу æй баздыхтой, уæд-иу æгас булæмæргъы зарджытæй иу ныззарыд, йæ сызгъæринхуыз къæдзил дыууæрдæм радав-бадавгæнгæйæ. Йæ дæллагхъуырыл уыд лент баст æмæ йыл афтæ фыст: „Японы паддзахы булæмæргъ Китайы паддзахы булæмæргъимæ абаргæйæ æппындæр ницы у\ — Мæнæ цы рæсугъд у, — фæхъæр кодтой паддзахы фæсдзæуинтæ. Хиконд булæмæргъы æрбаласта Японы паддзахы æрвыст лæг, æмæ йыл уайсахат сæвæрд- той „Паддзахы булæмæргътæ ласæджы" ном. — Ныр дыууæ булæмæргъы иумæ азарæнт. Куыд дзæбæх уыдзæн сæ зард. Фæлæ сæ зард нæ рæстмæ кодта: æгас булæмæргъ хорз зарыд, хиконд булæ- мæргъ та, цыма, шарманкæ баздыхтой, афтæ. — Уый хиконд булæмæргъы аххос нæу, — загъта паддзахы капельмейстер 20
(зарæггæнджыты къорды разамонæг).—Уый æнаипп зард кæны? стæй мæ методмæ гæсгæ зары. Уæд хиконд булæмæргъы бафтыдтой иунæгæй зарыныл. Æмæ уый дæр иннæ булæмæргъы хуызæн се ’ппæты зæрдæмæ фæцыдис, рæсугъддæр дæр ма уыди. Цонгдарæнау æмæ брошкæйау æрттывдтытæ калдта. Æртын æртæ хатты азарыд хиконд булæмæргъ уыцы иу зарæг æмæ нæ ба- фæллад. Ноджыдæр ма йæм иу хатт байхъуыстаиккой, фæлæ паддзахы бафæндыд, иннæ булæмæргъ дæр куыд азара, афтæ... Фæлæ æгас булæмæргъ цыдæр æрбаци. Уынгæ дæр æй ничи фæкодта гом рудзынгæй куыд атахт æмæ хъæды куыд балæууыд, уый. — Уый куыд у, куыд?—бахъынцъым кодта паддзах. Лæггадгæнджытæ æмæ фæсдзæуинтæ булæмæргъы схуыдтой „æнæбузн цæрæгой". — Уæддæр хуыздæр булæмæргъ ам кæй баззад, уый хорз, — дзырдтой уыдон. Афтæмæй хиконд булæмæргъы уыцы иу зарæг бахъуыд æртын цыппæрæм хатт акæнын. Фæлæ уæддæр зарæджы мелоди йæ зæрдыл ничи бадардта, ахæм зын бахъуыдыгæнæн уыд. Капельмейстер æппæлыд хиконд булæмæргъæй, иннæмæй йæ хуыздæр хуыдта, канд йæ бакастмæ гæсгæ нæ, фæлæ йе ’ннæ миниуджытæм гæс- гæ дæр. — Уымæй фæстæмæ, ме ’стыр паддзах, стæй сымах, хæларзæрдæ господа, æгас булæмæргъ цы азардзæн, уымæн рагацау базонæн нæ уыд. Хиконд булæмæргъæн та йæ зарджытæ бæрæг сты, стæй куыд зары, уымæн дæр базонæн ис. Нæ бон у æмæ йæ райхалæм, мидæгæй куыд конд у, уый фенæм, — йæ валиктæ куыд æвæрд сты æмæ куыд зилынц. — Мах дæр афтæ хъуыды кæнæм, — загътой галуаны адæм æмæ капельмей- стерæн бар радтой иннæ хуыцаубон хиконд булæмæргъы адæмæн равдисынæн. — Уадз æмæ йæм адæм дæр байхъусой! — загъта паддзах. Адæм æм байхъуыстой, æмæ дзы уыдон дæр тынг разыйæ баззадысты, раст цыма сæ фаг цай бацымдтой. Сæ цинæн кæрон нал уыди, „о,о!", зæгъгæ, хъæр кодтой, сæ хистæр æнгуылдзтæ хæрдмæ даргæйæ æмæ сæ сæртæ разыйы тылд кæнгæйæ. Æрмæстдæр кæсагахсджытæ, æгас булæмæргъы зард чи фехъуыгта, уыдон хиконд булæмæргъæй дзырдтой: — Æвзæр нæ зары, йæ зарджытæ дæр æгас булæмæргъы зарджыты хуызæн сты, фæлæ ма уæддæр цыдæр хъуаг у йæ зард, фæлæ цы, уый нæхæдæг дæр нæ зонæм. Уæдмæ паддзах дзырд радта æцæг булæмæргъы Китайы паддзахадæй тардыл куыд нымайой, афтæ. Хиконд булæмæргъыта сбадын кодтой зæлдаг базыл, паддзахы сынтæджы раз, йæ алыварс ын сæвæрдтой йæ лæвæрттæ, — сызгъæрин æмæ алыхуызон зынаргъ дуртæ. Булæмæргъы райдыдтой хонын: „Паддзахы стъолы фыццаг зарæггæнæг га- лиуырдыгæй",—ома, зæрдæ кæцырдыгæй ис, уыцырдыгæй фарс сæйрагдæрыл нымад у, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, паддзæхтæн дæр сæ зæрдæтæ галиуырдыгæй сты. Капельмейстер хиконд булæмæргъы тыххæй ныффыста дыууын фондз чиныджы. Чингуытæ уыдысты бæзджын, зондджын китайаг ныхæстæй фыст. Паддзахы фæс- дзæуинтæ дзырдтой, бакастыстæм сæ æмæ сæ бамбæрстам, зæгъгæ; афтæ куы нæ загътаиккой, уæд сæ æдылытæ схуыдтаиккой æмæ сын сæ гуыбынтæ лæдзджы- тæй фæнадтаиккой. Рацыд æнæхъæн афæдз. Паддзах, йæ фæсдзæуинтæ, стæй æгас паддзахады адæм иууылдæр зыдтой хиконд булæмæргъы зарæджы алы фæзилæн дæр; æмæ зарæджы мелоди кæй базыдтой, хиконд булæмæргъ тынгдæр сæ зæрдæмæ уымæн 21
цыд; ныр сæ бон уыди булæмæргъæн хъырнын æмæ йын хъырныдтой. Сывæллæт- тæ уынгты зарыдысты: „Ци-ци-ци! Клю-клю-клю!", зæгъгæ, æмæ сын-иу паддзах дæр базарыд. Цы ма хъуамæ уа уымæй дзæбæхдæр! Фæлæ иухатт изæрæй, куыддæр хиконд булæмæргъ паддзахы хуыссæны уæл- хъус ныззарыд, афтæ æвиппайды йæ хуылфы цыдæр ныддыз-дыз кодта, йæ цæлхы- тæ ныззылдысты æмæ дзы цавæрдæр пружинæ аскъуыд. Уыцы сахат йæ зард фæхъус и. Паддзах йæ хуыссæнæй фæгæпп ласта æмæ йæ галуаны дохтырмæ арвыста, фæлæ цы йæ бон уыд дохтырæн? Уæд фæдзырдтой сахатгæнæгмæ. Уый йæм бирæ фæракæс-бакæс кодта, йемæ бирæ фæцархайдта æмæ булæмæргъ тыххæй-амæлттæй срæвдз ис. Сахатгæнæг загъта, хъавгæ йæм куыд æвналой, афтæ. Уымæн æмæ ми- дæгæй йæ цæлхыты дæндæгтæ баихсыдысты æмæ сæ ногæй куы аива, уæд фыц- цаджы хуызæн нал зардзæн. Уый та ног бæллæх! Сахатгæнæг сын бафæдзæхста, булæмæргъ афæдз иу хаттæй фылдæр куыд нæ уал зара. Уыцы хъуыддаг галуаны адæмæн тынг хъыг уыди, æрæнкъард сты; фæлæ капельмейстер раныхас кодта æмæ йæ раныхасы паддзахы фæсдзæуинты ба- уырнын кодта, зæгъгæ, хиконд булæмæргъ æппындæр хæлд нæу. Рацыди ма ноджыдæр фондз азы, æмæ бæстæйыл сæмбæлд стыр æнамонд ха- бар: хъус-хъус цыди, паддзах мæлæты къахыл лæуд у, зæгъгæ. Афтæмæй йæ адæм цас уарзтой! Йæ фæстæ паддзах чи уыдзæн, ахæмы дæр равзæрстой. Фæлæ ма уæддæр æмбырдтæ кодтой галуаны раз æмæ та-иу паддзахы æххуысгæнæджы афар- стой, йæ бæрзонддзинады ахаст куыд у, уымæй. — Пф! — дзуапп-иу радта æххуысгæнæг æмæ-иу йæ сæр ныттылдта. Хуыздзыдæй, ныууазал, афтæмæй хуыссыди паддзах йæ сыгъдæг, аив хуыссæнуа- ты. Фæсдзæуинтæ йæ иууылдæр нымадтой мардыл, æмæ сæ алчидæр тагъд кодта ногæвзæрст паддзахæн йæ сæрæй акувынмæ. Нæлгоймаг фæсдзæуинтæ-иу ацыды- сты исты хабæрттæ акæнынмæ, сылгоймаг фæсдзæуинтæ та сæ рæстæг пай цым- гæйæ æрвыстой. Тыргъты æмæ уæтты уыдис гауызтæ тыд, къæхты хъæр куыд нæ хъуыстаид, афтæ; цыма галуан хаст у, уыйау дзы сыбыртт дæр нæ цыд. Фæлæ паддзах нæма амард, кæд æнæзмæлгæйæ, фæлурсæй сызгъæрин коцораджын æмбæр- зæны бын хуыссыд, уæддæр. Рудзынгæй калди мæйрухс паддзахмæ дæр æмæ хи- конд булæмæргъмæ дæр. Рынчынæн улæфын тынг зын уыдис, афтæ йæм каст, цыма йæ риуыл пъæззы ныббадт. Æмæ уæд йæ цæстытæ байгом кодта æмæ ауыдта Удхæссæджы. Уымæн йæ сæрыл паддзахы худ, йæ иу къухы — сызгъæрин æхсаргард, иннæйы — рæсугъд тырыса. Йæ хъæдабæ æмбæрзæны бынæй разындысты цавæрдæр æнахуыр сæртæ; сæ иутæн уыди фæлмæн, уарзæгой цæстæнгас, иннæтæн та—æлгъаг. Уыдон уыдыс- ты паддзахы хорздзинæдтæ æмæ фыддзинæдтæ; йæ удисыны сахат æм Удхæссæг куы фæзынд, уæд ыл уыдон дæр æрæмбырд сты. — Хъуыды ма йæ кæныс? Уый дæр ма хъуыды кæныс? — фарстой йæ æн- дæрджытæ радыгай; сæ ныхæстæй паддзахæн йæ зæрдæ уазал кодта. — Æз сын æппындæр ницы зонын, — дзуапп сын лæвæрдта паддзах. — Музы- кæ, ардæм музыкæ! Стыр барабан! Сæ ныхас сын куыд нæ хъусон, афтæ, — хъæр кодта паддзах. Фæлæ йæ хъуыды дæр ничи кодта. Удхæссæг дæр-иу йæ сæр батылдта, ома раст дзурынц, зæгъгæ. — Музыкæ, ардæм музыкæ! —йæ хъæрæй не ’нцад паддзах. —Уæд та ма ды азар, сызгъæрин цъиу! Æз дын сызгъæрин æмæ алы зынаргъ дуртæ куы ралæ- 22
вар кодтон, æз дын дæ хъуырыл мæ сызгъæрин туфли куы æрцауыгътон, уæд цæуылнæ зарыс? Фæлæ цъиу нæ зарыд,— чи йæ баздыхтаид? Æнæ баздухгæйæ та йæ бон за- рын нæ уыд. Сабыр уаты Удхæссæг йæ къуырф цæстытæй æдзынæг каст паддзах- мæ, æмæ уыцы мæрдон сабырдзинадæй зæрдæ уазал кодта. Фæлæ дын мæнæ рудзынгæй æрбайхъуысти диссаджы зарын. Æгас булæмæргъ бадтис бæласы къалиуыл æмæ зарыд. Паддзах рынчын у, уый куы базыдта, уæд æм æрбатахт, кæд ын фенцондæр уаид, йæ зæрдæ йын барухс кæнид, зæгъгæ. Булæмæргъ зарыд, æмæ паддзахы цæстытыл цы æндæрджытæ уад, уыдон гыц- цылгай сæфын байдыдтой; паддзахы лæмæгъ тугдадзинты та туг базмæлыд. Суанг ма Удхæссæг дæр булæмæргъмæ хъусыныл фæци æмæ дзырдта:—Азар, булæмæргъ, мæ хур, азар. — Æмæ мын уæд дæ зынаргъ æхсаргард æмæ дæ тырыса ратдзынæ? Паддза- хы худ дæр мын ратдзынæ? — фарста йæ булæмæргъ. Удхæссæг райдыдта иу зынаргъ дзаума иннæйы фæдыл булæмæргъæн дæт- тын. Уалынмæ булæмæргъ ныззарыд, урс розæтæ кæм зайы, бæрæзетæ æхсызгон тæф кæм кæнынц, адæм сæ цæстысыгтæй, райсомы æртæхау, кæрдæг кæм пырх кæнынц, ахæм сабыр уæлмæрдты тыххæй... Удхæссæг æрæнкъард, бафæндыдис æй йæ цæхæрадоны фестын; урс мигъы къуымбил фестад æмæ рудзынгæй ратахт. — Бузныг, бузныг, мæ дзæбæх цъиу! — сдзырдта паддзах.—Æз ма дæ хорз хъуыды кæнын! Æз дæ мæ паддзахадæй атардтон, афтæмæй ныр ды мæ хуыссæны разæй æндæргты фæсырдтай, суанг ма Удхæссæджы дæр атардтай! Цæмæй дын ба- фиддзынæн дæ хæрзтæ?, — Ды мын сæ иу хатт бафыстай æмæ мын æгъгъæд у, — дзуапп ын радта булæмæргъ. Фыццаг хатт дын куы азарыдтæн, уæд ды дæ цæстысыг æркалдтай æмæ æз уый никуы ферох кæндзынæн! Цæстысыгтæ — уымæй ма зынаргъдæр лæ- вар цы уа зарæггæнæгæн! Ныр бафынæй у æмæ æнæниз, хъæлдзæгæй рабад. Æз та дын заргæ кæндзынæн. Æмæ та булæмæргъ ныззарыд; паддзах адджын фынæй бапи. Æнæниз æмæ зæрдæрухсæй куы райхъал, уæд рудзынгæй касти хур. Йæ фæсдзæуинтæй йæм иунæг дæр нæ бакаст, уыдонæй афтæ æмæ паддзах амард; æрмæст ма булæмæргъ зарыд рудзынджы раз. — Мæ галуаны цæргæйæ баззай, — загъта йын паддзах. — Зардзынæ æрмæст- дæр дæхи куы бафæнда, уæд, хиконд булæмæргъы та æз лыстæг мур ныккæн- дзынæн. — Нæ, афтæ ма бакæн, — загъта булæмæргъ. — Уый дæр дын, йæ бон куыд уыди, афтæ фæлæггад кодта. Уадз æй. Мæнæн мæ бон нæу дæ галуаны ахстон сбийын, бар мын ратт æмæ-иу мæхи куы бафæнда, уæд дæм æрбатæхон. Дæ рудзынджы раз-иу къалиуыл абаддзынæн æмæ дын зардзынæн; мæ зардмæ хъусын дын æхсызгон дæр уыдзæн, стæй дæ хъуыдытыл дæр бафтаудзæн. Æз зардзынæн амондджынтыл æмæ æнамæндтыл, хорздзинад æмæ мæнгарддзинады тыххæй. Уыдæт- тæ иууылдæр сты дæ алыварс, фæлæ сæ ды нæ уыныс. Зараг цъиу та вæййы алы ран дæр: батæхы мæгуыр кæсагахсæгмæ дæр, зæхкусæгмæ дæр; уыдон дæ галуа- нæй дард цæрынц. Æз дæ фылдæр дæ паддзахы номы тыххæй нæ, фæлæ дæ зæр- дæйы тыххæй уарзын! Фæлæ уæддæр дæ ном фæрнæйдзаг у! Æз дæм-иу æрбатæх- дзынæн æмæ дын зардзынæн. Æмæ мын ды дæр истæмæйты зæрдæ бавæр. — Цыдæриддæр дæ хъæуы, уый табуафси, — загъта паддзах æмæ сыстад раз- 23
дæрау уындджын æмæ дзуапджынæй, йæ паддзахы дарæс йæ уæлæ, афтæмæй; йæ риумæ æрбалхъывта йæ уæззау сызгъæрин æхсаргард. — Иунæг хъуыддаг дæ курын, — загъта булæмæргъ, — макæмæн дзур, æгас дунейы хабæрттæ дæм чи хæссы, ахæм гыццыл цъиу дæм кæй ис, уый тыххæй. Афтæ хуыздæр уыдзæн! Æмæ булæмæргъ атахт. Паддзахы фæсдзæуинтæ мидæмæ бахызтысты паддзахы мард фенынмæ, æмæ къæсæрыл сагъдауæй баззадысты. Фæлæ сæм паддзах радзырдта: — Уæ райсом хорз!
ЧЫЗГ СПИЧКÆТИМÆ Уыцы изæр тынг уазал уыди! Уарыд мит, бæстæ талынгæй-талынгдæр кодта. Уый уыд афæдзы фæстаг изæр — Ногбон æхсæв. Уыцы уазал æмæ талынг рæстæг уынгты разил-базйл кодта иу мæгуыр бæгъæввад, бæгъæмсар гыццыл чызг. Раст зæгъгæйæ, чызг сæ хæдзарæй бæгъæввадæй нæ рацыд: йæ ^къæхтыл уыди йæ мады зæронд стыр туфлитæ. Фæлæ йын цы æххуыс уыдысты? Йæ чысыл къæхтыл нæ лæууыдысты æмæ йæ згъорын куы бахъуыди, уæд ын ахаудтой. Уый та афтæ рауади: дыууæ бæхы къареты ифтыгъдæй уынджы æрбацæйтах- тысты, чызг сæ фæтарсти, уынджы цæхгæрмæ лидзынмæ фæци æмæ йæ туфлитæ алырдæм атахтысты. Иуы дзы æппындæр нал ссардта, иннæйы та цавæрдæр лæппу аскъæфта, искуы мын фырттæ куы фæуа, уæд уыдонæн авдæнæн бабæздзæн, зæгъгæ. Æмæ ныр чызг бæгъæввадæй разил-базил кæны, йæ чысыл къæхтæ уазалæй ныцъцъæх сты, афтæмæй. Йæ зæронд раздарæны дзыппы — цалдæр спич- кæйы къаробкæйы, иу та дзы йæ къухы дары. Æнæхъæн бон иунæг къаробкæ дæр нæ ауæй кодта, стæй йын капекк дæр ничи радта. Æххормаг æмæ æргъæвстæн йæ бон нал у, афтæмæй зилы. мæгуырæг! Миты гæлæбутæ тæхынцæмæ бадынцйæ даргъ къæбæлдзыг бурбын дзыккутыл. Чызг æй æмбаргæ дæр нæ кæны, дзыккутæ йæ фæсонтыл куыд рæсугъд фидауынц, уый. Хæдзæртты рудзгуытæй кæлы рухс, былтæ цæвы физонæггонд хъазы дзи- дзайы тæф. Æмæ куыннæ! Кæд æмæ Ногбон æхсæв у! Уалынмæ чызг æрбынат 25
кодта иу хæдзары къулрæбын. Уым æрбадти æмæ йæ чысыл къæхтæ йæ быны æрбакодта. Фæлæ уым бадгæйæ ноджы тынгдæр суазал; сæхимæ цæуын нал уæн- дыд, — ницы ауæй кодта, иу капекк дæр нæ бакуыста æмæ йæ ныр йæ фыд маргæ кæндзæн; стæй сæхимæ дæр уазал у: цары цæрынц, дымгæ дзы æхситт кæны, кæд стыр^хуынчъыты хæцъилтæ æмæ хъæмп тъыст ис, уæддæр. Йæ гыццыл къухтæ бынтондæр баргъæвстысты. Ныр ын иу гыццыл судзгæ спичкæйæ дæр бæргæ схъарм уаиккой! Æрмæстдæр къоппæй иу спичкæ сисын бауæндæд æмæ йæ ссудзæд, æндæр йæ къухтæ стæфсдзысты. Чьпг, мæгуыр, сын- дæггай иу спичкæ систа æмæ йæ хыррытт, зæгъгæ, ссыгъта. Спичкæ ныггуыпп ласта, ныррухс ис йæ алыварс. Чызг æй йæ къухæй æрæхгæдта, æмæ спичкæ сыгъди гыццыл мыдадзын цырагъау. Диссаджы цырагъ! Чызджы цæстытыл ауади, цыма æрттиваг æрхуы къоритæ æмæ æхгæнæнтæ кæмæн ис, ахæм æфсæйнаг пецы фарсмæ бады. Арт дзы цыренæй судзы. Куыд хорз æндавы! Æмæ чызг йæ къæхтæ адаргъ кодта, артмæ сæ бата- вон, зæгъгæ, фæлæ... æвиппайды арт ахуыссыд, пец цыдæр æрбаци æмæ ма чыз- джы къухы аззад спичкæйы сыгъдон. Чызг та ноджы иу спичкæ ссыгъта, ныррухс та йæ алыварс æмæ спичкæйы рухс къулыл куы сæмбæлд, уæд къул тæнæг зæлдаг хъуымацы хуызæн фестад. Чызг дзы. ауыдта уат, уаты стъол, урс-урсид æмбæрзæнæй æмбæрзт; йæ уæлæ зы- наргъ авджын дзаума, стъолыл тæбæгъы физонæггондæй хъаз, йæ дзæбæх, хæрзад тæф былтыл уайы. Хъазы хуылфы—сау чылауитæ æмæ фæткъуытæ. Æппæтæй дис- сагдæр та уый уыди, æмæ хъаз зæхмæ куыд æргæпп кодта æмæ йæ фæсонты кард æмæ вилкæ тъыст, афтæмæй узгæ-узгæ куыд фæраст, уый. Хъаз цыди мæгуыр чызгмæ, фæлæ... спичкæ ахуыссыд, æмæ та чызджы раз сырæзыд уазал, уымæл, æгомыг къул. Чызг та ноджы иу спичкæ ссыгъта. Ныр та фестади, цыппурс æхсæвмæ цы наз бæлас сфæлындынц, ахæмы фарсмæ. Уыцы бæлас уыд, уый размæ чызг къу- пецаджы уатмæ рудзынгæй бакæсгæйæ кæй федта, уымæй бирæ бæрзонддæр æмæ арæзтдæр. Назы цъæх къалиутыл сыгъди мин цырагъы бæрц, уыди сыл алыхуызон нывтæ ауыгъд; уыдон уыдысты, мæнæ дуканиты рудзгуытæй цы нывтæ фæзыны, ахæм- ты хуызæн. Гыццыл чызг сæм йæ къухтæ баивæзта, фæлæ... спичкæ ахуыссыд. Рухсы цæхæртæ уæлæмæ-уæлæмæ стахтысты æмæ уайсахат фестадысты ирд стъалытæ. Иу дзы арвыл атахт æмæ йæ фæдыл цæхæр калгæ дæргъæй-дæргъмæ фæд ныууагъта. „Чидæр амард", — ахъуыды кодта чызг. Уымæн æмæ йын æрæджы йæ зæронд фыдымад афтæ загъта: „Стъалы куы æрхауы, уæд хуыцаумæ кæйдæр уд атæхы". Йæ фыдымад дæр мард у; уый йедтæмæ йæ ацы дунейыл ничи уарзта. Чызг та ногæй спичкæ ахыррытт кодта æмæ та ногæй йæ алыварс куы ныр- рухс и, уæд уыцы рухсы ауыдта йæ зæронд нанайы, йæ фæлмæнзæрдæ æмæ рæдау нанайы. — Нана, — зæгъгæ, ныхъхъæр кодта гыццыл чызг, — акæн мæ, мæн дæр дæ- химæ акæн! Æз æй зонын, спичкæ куы ахуысса, уæд ды дæр цыдæр фæуыдзынæ, тæвд пец, хъаз æмæ диссаджы бæлас куыд фæтар сты, афтæ! Чызджы тынг фæндыди йæ фыдымады бауромын æмæ ма къоппы цы спичкæтæ баззад, уыдон дæр тагъд-тагъд ссыгъта. Æмæ спичкæтæ афтæ тынг ныррухс код- той, æмæ бонæй рухсдæр сси. Зæронд ус ныры хуызæн рæсугъд æмæ уындджын йе ’гасæй дæр никуы уыди. Зæронд ус чызджы йæ хъæбысмæ систа æмæ рухсдзыд, хъæлдзæгæй сæ дыууæ 26
дæр стахтысты уæлæмæ, — æххормагдзинад, уазал æмæ тасдзинад кæм нæй, уыр- дæм. Уыдон стахтысты хуыцаумæ. Иу хъызт зымæгон райсом чызджы ссардтой хæдзары къулрæбын: йæ уадултæ уыдысты сырх, йæ былтыл — мидбылхудт, фæлæ уыди мард; уый басыд зæронд азы фæстаг æхсæв. Ногбоны хур ныррухс кодта чызджы мард буар; чызг басыгъта йе ’спичкæйы къопп æнæхъæнæй. — Æвæццæгæн, мæгуырæг, йæхи батавынмæ хъавыд, — дзырдтой адæм. Фæлæ чызджы цæстытыл цавæр диссæгтæ ауад, йæ фыдымадимæ Ног азыл куыд сæмбæлд, уый адæмæй ничи зыдта.
Ч И Н Ы Д Ж Ы И С: Зынгцæгъдæн. Мамиаты Н. тæлмац 3 Хуыгæс. Бæдоаты Т. тæлмац Ю Булæмæргъ. Хетæгкаты В. тæлмац 16 Чызг спичкæтимæ. Хетæгкаты В. тæлмац • 25 Ганс Христиан Андерсен СОЛОВЕЙ Редактор И. К. Мамиева. Художник М. В. Джанаев. Худож. редактор У. К. Кануков. Тех. ред. Е. У. Датриева. Корректоры: Н. В. Цогоева, Г. Н. Кайтуков. Сдано в набор 13/1Х-1958 г. Подписано к печати 23/У1-1959 г. Формат бум. 60х921/1б. Печат. листов 3,5. Учетно-изд. листов 2,42. Заказ Л6 3407. Изд. № 118. Тираж 2000. Цена 1 р. 70 к. Северо-Осетинское книжное издательство, г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.