Автор: Гринберг А.Ф.  

Теги: æрымысгæ  

Год: 1960

Текст
                    Трин^С|>1 Липа
ШбвкоТ?&б1
’ БИНОНТЫ ЦАРАÆЙ
^Щ0
Цæгат Ирыстоны нингуыты рауагъдад
Орджоникидзе * 1960


МÆ ЗЫНЛРГЪ ЧИНЫГКÆСДЖЫТÆ/. Сымахæн ацы чиныг цæмæй ныффыстаин, уый тьСххæй æз иу æмæ дыууæ азы нæ фæдæн Владимир Ильич Ленины райгуырæн бæстæйы, Ульяновскы, раздæр Симбирск кæй хуыдтой, уы- цы горæты. Æз бирæ фæрацу-бацу кодтон Ульяновскы го- рæты уынгты, бирæ хæттыты ныццыдтæн уырдыг- мæ цъæхнæу уынгты Свиягæйы доны былмæ, фæзылдтæн Ульяновты чысыл хæдзары, фæрацу- бацу кодтон сæ зæронд дыргъцæхæрадоны къах- вæндæгтыл. Æз федтон, гимназист Ульянов Валодя цы партæйыл бадт, уый; ссардтон, Улья- новты бинонты цард чи зыдта, ахæм зæрæдты æмæ.сæ фæфарстон. Мæн цалдæр азы кæсын бахъуыд архивтæм, къухфыстытæм, алыхуызон гæххæттытæм æмæ мысинæгтæм Ульяновты цардæй. Æмæ цыдæриддæр федтон, фехъуыстон æмæ базыдтон, уыдон сымахæн бæстон радзурыныл нæ бацауæрстон. Гринберг Анна. Анна /’ринберг В СЕМЬЕ УЛЬЯНОВЫХ В переводе ж» осетннский язык Бадоева Т. А.
СÆ ФЫД Сашæ Ульйновæн йæ хæзнатæ йæ къухы, афтæмæй бакаст хæрæндон уатмæ: Сашæ рагæй æмбырд кæны театры афишæтæ. Сихор хæрæн стъолы уæлхъус бадти сывæллæтты хистæр, фарастаздзыд чызг Аня, æмæ, йæ лыстæг цонг йæ сæрмæ саразгæйæ, касти чиныджы. Кæстæртæй дзы ничи уыд — ничи бахъыгдардзæн Сашæйы. Лæппу йæ нывæфтыд, алыхуызон ахорæнтæй ахуырст чысыл афишæтæ пъолыл рæнхъ-рæнхъ æвæ- рын райдыдта. Дыгъал-дыгъулгæнгæ сын сæ сæртæ акаст: «Сæ цард не ’сбадт», мæскуыйы царды нывтæ, Островски- йы уацмыс... «Фæлмаст зæрдæйы аххосæй», граф Со- логубы водевиль... Концерт... «Арвы нæрын»... 3
Ракæс-бакæс кæнгæйæ сæ хуыздæры, æрвхуыз æмæ бæзджындæры, зынгæ ран æрæвæрдта; стæй пъо- лæй систа кæрдæгхуыз тæнæг афишæ æмæ йæ хъав- гæ алæгъзытæ кодта. — Ахорæнтæй ахуырст дзы чи у, уыдон хихъæп- пæрисадон спектакльтæ сты, — загъта Аня æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:—Мæгуырты пайдайæн. Хæрæндон уатмæ базгъордта Валодя, бурдзыкку гыццыл лæппу. Йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, фыр- цинæй худти æмæ йæ хъазæн йæ фæдыл ласгæйæ афи- шæтыл, гауыз цыма уыд, уыйау базгъордта. Сашæ схъæр кодта æмæ йæ афишæтæ æмбырд кæ- нынмæ фæци. йæ кæуын тыххæй урæдта. Уатмæ тагъд-тагъд æрбауад сæ мад æмæ Валодя- йы æддæмæ ракодта. Фæлæ хæдзары куыстытæ мадмæ куыд кастысты, уымæ гæсгæ йын бирæ рæстæг нæ уыди Валодяимæ абадынæн, няняйы хъæбысы та Оля уыди. Хистæр сы- вæллæттæн сæхи бахъуыди се ’фсымæры аирхæфсы- нæн исты æрхъуыды кæнын. — Нæ фыды кабинетæй йын бецъеби рахæссик- кам? Уыцы хъазт Валодя бирæ уарзта: бецъеби-иу фæс- мын гæппæлыл ахафта, стæй-иу æй лыстæг гæххæт- ты гæбæзтæм бадардта æмæ-иу сæ бецъеби йæхимæ æрбаскъæфта. — Нæ фæлæ нывтæм кæсæд, уый хуыздæр уыдзæн. Аня йын æрбахаста журнал «Детское чтение». Сашæ йæ гыццыл бандоныл сбадын кодта æмæ йын йæ разы табуреткæйы уæлæ журналтæ æрæвæрдтой. Валодя сабыргай, хъавгæ фæлдæхта журналы сыфтæ. Иу нывмæ^ дзы фæкомкоммæ æмæ йæм цæ- мæй хуыздæр зындаид, уый тыххæй слæууыд, йæ 4
къæхты бынæй . ныуулæфыд æмæ зыланг хъæлæсæй фæдзырдта йæ хо æмæ йе ’фсымæрмæ. Аня æргуь1быр кодта æмæ йын йæ быны тагъд- тагъд акаст:. «Индийæгтæ бонасадæн кæнгæйæ»; ин- нæйы бын та; «Арс сæгъдоны раз». Фæлæ Валодя иу ран бадын бирæ нæ фæрæзта. йæ фыды кабинеты дуар -уыди гом. Сабыргай йæ фыдмæ бакаст æмæ хинæйдзаг худтгæнгæ азгъордта кабинетмæ. Фыд кусæн стъолы лæгъзтæй иста цавæрдæр гæх- хæттытæ æмæ сæ иумæ æвæрдта — йæхи цæттæ кодта фæндагмæ. Йæ уæлæ уыд, адæмон рухсады министрады кус- джытæ кæй дардтой, ахæм дæрдджын æрвхуыз виц- мундир, æвзистдонытылд цæппузыртæ æмæ йын даргъ фæдджитæ. Илья Николаевич иог дарæс нæ уарзта, йæ мун- дир хаста ныр цыппар азы — Симбирскы губернимæ йæ адæмон скъолаты инспекторæй куы арвыстой, уæ- дæй нырмæ. Йæ чумæдан лæууыд пъоЛыл. Аня æмæ Сашæ æн- цад кастысты, сæ фыд йæхи куыд цæттæ кодта, уы- мæ. Илья Николаевич ницы дзырдта, уыдис ын тыхст- хуыз, афтæмæй архайдта стъолы лæгъзтимæ; гæххæт- тытæ стыр сæрак пъартфелы . цæвæрдта. Аня йæ сонт фарст акодта: — Папæ, уездмæ цæуыс æви губернимæ? Фыд æгас’губернийыл куы зила, уæд æрæгмæ æр- баздæхдзæн балцæй. Æрмæст Симбирскы уездыл куы зила, уæд та тагъд. Фыд æм йе ’ргом раздæхта, йæ фæтæн’ саулагъз ныхы бынæй йæм хæларзæрдæ цæстæнгасæй бакаст æмæ зына-нæзына гуылæвзагæй загъта, — дамгъæ «р» зæгъынмæ йе ’взаг нæ тасыд: 5
— Раздæр Юшанскмæ. Стæй та губернимæ. Тагъд не ’рбаздæхдзынæн. Валодя сабыргаи йæхи стъолмæ баласта æмæ, иæ къахфындзтыл лæугæйæ, йæхи хæрдмæ сивæзта, га- зет «Симбирские губернские ведомости»-мæ бакæ- сынмæ. Æппæты уæле, газет кæцы бон уагъд уыди, уый сæрмæ — Симбирскы горæты герб: каронæ, тулдзы сыфтæ æмæ гыркъотæй чысыл венок. Сывæллæтты сæ фыды ацыд нæ фæндыд. Фæлæ бæхтæ’’ифтыгъдæй лæууыдысты кæрты æмæ бæхтæрæг дзæнгæрæг къæлæты бын баста — горæты дзæнгæрджытимæ цæуын нæ уагътой. Бинонтæ иууылдæр æддæмæ рацыдысты сæ фыдæн фæндараст зæгъынмæ. Сæ мад бакаст уæрдонмæ: кæд дзы исты рох кæны, кæд хъæццул æмæ баз хорз баст не ’сты? Илья Николаевич йæ къæхтæ цæмæй æрбатух- дзæн, уыцы æмбæрзæн сæ цымæ нæ ферох ис? Валодя нал æмæ нал æнцад: — Папæ, хæрзбон!.. Папæ, хæрзбон!.. Уалынмæ бæхтæрæг йæ бадæнмæ схызт. Илья Николаевич ахъæбыс кодта Мария Алек- сандровнæйæн, фæпъатæ кодта йæ сывæллæттæн, хæрзбон загъта няняйæп. Бæхтæ фезмæлыдысты сæ бынатæй æмæ уæрдон аскъæфтой Стрелецкийы уынгты. Волгæйырдыгæй уазал дымгæ футтытæ кодта, къалиткæты æмæ фæрссæгты хъинц-хъинц цыд. Мария Александровнæ, йæхи хъарм кæлмæрзæны тухгæйæ, йæ сывæллæттимæ лæууыд хæдзары раз æмæ кастысты уæрдоны фæдыл. Уæрдон нал зынд, фæлæ уæддæр сывæллæтты сæ къах мидæмæ нæ хаста: ныр дæр ма цыма дзæнгæрæджы дзæгъ-дзæгъ кæцæйдæр дардæй хъуыст, афтæ сæм каст. 6
* * * Цыдысты Мæскуыйы постласæн стыр фæндагыл. Илья Николаевич йæхи æнгомдæр æрбатыхта æмæ арфдæр æрныгъуылд. Мит æмæ цъыфы гуппæрттæ фæйнæрдæм пырх кæнгæйæ, сæ рæзты æрбаивгъуыдта, æртæ бæхы иф- тыгъд кæм уыд, ахæм файтон. Бадти дзы пъырыстыф, æрмæст ма йын йæ цинел, йæ рихитæ æмæ йæ сырх чъилджын фуражкæ ауыдтой. Фæндагыл фæлладхуызæй цыдысты зæхкусджытæ мæцъæй быд дзабырты, æд дзæкъултæ; бæлццæттæ, мæгуыргуртæ. Фæззыгон уæлдæфы хъуыстысты зæр- дæмæгуыргæнæг ныхæстæ: «Чырыстийы хатырæй бах- хуыс кæнут æххормаг адæмæн!» Бæхтæ посты фæндагæй иуварс азылдысты хъæу- уон фæндагмæ. Уазал тыгъд быдырты куы иу ран, куы иннæ ран зындысты чысыл хъæутæ: хæдзæртты хъæмпынсæртæ сау дардтой; къуыбырыл, хъæууон мæгуыр .уæлмæрд- ты, алырдæмты ныкъкъул сты цыртытæ. Уæрдон бараст иу базаргæнæг стыр хъæуы уынг- ты, базаргæнæн фæзыл «Нуазæндон», зæгъгæ, æрв- хуыз дамгъæтæй йæ дуары сæрмæ цы хæдзарæн фыст уыди, уый рæзты. Куитæй хи иргъæвгæйæ, бæхтæрæг бæхты æрурæд- та волосты правленийы цур. Илья Николаевич мидæ- мæ бацыд, æмæ йæ палтойы тæрттæ суагъта. Хæдзары уыд бирæ адæм, цъыф фæхастой са^ къæхтыл. Махоркæйы фæздæг мигъау сбадт æмæ ма паддзахы ныв гæзæмæ зындис: Александр Дыккæгæм уырдыг лæууыд, йæ уæлæ мундир, йæ риуыл цæхгæр- мæ лент. Нывы бын, стъолы уæлхъус, бадти волосты хицау. Уыц, йæ ныхас фæурæдта æмæ бакаст хъæуы 7
бонджынтæй иумæ: «Ульянов, адæмон скъолаты ин- спектор»! Кæрæдзи къухтæ райстой. Илья Николаевич къух- тыкæлмæрзæнæй йæ гæмæхгомау сæр æрсæрфта æмæ дзурын райдыдта хъуыддаджы фæдыл: сход æрæм- бырд кæнын хъæуы, сыхаг хъæуы гом кæндзысты скъола. Волосты правленимæ иу иннæйы фæдыл цыдысты зæхкусджытæ. Бæгъæмсарæй лæугæйæ, æнхъæлмæ кастысты писырмæ хъуыддаджы фæдыл аныхас кæ- ныны тыххæй. Хъуыстой, стъолы уæлхъус цы ныхас цыди, уымæ дæр: скъола куы гом кæной, уæд та уый дæр музуккаджы дзыппæй аразгæ уыдзæн. Музук- кæгтæ сæ къæхты бынæй улæфыдысты. Сходкæйы Илья Николаевич адæмæн дзырдта, зæгъгæ, сæм ныртæккæ цы скъола ис, уым ахуыр кæ- нынц хæстæгдæр æртæ хъæуы сывæллæттæ. Скъола æгæр дард кæй у, уымæ гæсгæ сывæллæттæ цухтæ кæнынц. Афон у ног скъол’а байгом кæнынæн. Хъæуы бонджынтæ дзырдтой: — Кæцæй æркъахæм скъолайæн æхца? Нæхæдæг мæгуырæй куы сæфæм; Се ’хсæн лæууыди волосты хицау, йе ’фцæгыл æр- хуы бос’ ауыгъд, бонджынты фарсхæцæг, хъæддых адæймаг, хуымæтæджы мужуккаг нæ, фæлæ хицау- дзинады бартыл хæцæг. Волосты хийау къæрцц-къæц- цæй ралæхурдта: — Нæ фыдæлтæ дæр скъолаты нæ ахуыр кодтой, стæй махæн дæр уый нæ фæдзæхстой. Зæхкусджытæ хъуыстой тарæрфыгæй. Мужукка- джы скъолайы мæт нæй: фиддонтæ, хорты не’рзад, хæдзарыхæлд. Иу гуыбыр зæронд лæг схъуыр-хъуыр кодта: Искуы дæр ма-ахуыргонд уæвын æвзæр уыд? 8
Ахуырдзинад,ахсджиаг хъуыддаг у. Фæлæ нæ уадзут, уæ хорзæхæй, ницæмæн нæ хъæуы скъола. Илья Николаевич сæм уæддæр хатыди,,. ома сын къазна баххуыс кæндзæн, сывæллæттæн æнахуыргон- дæй уадзæн нæй, ахуыргондæй æнцондæр уыдзæн цæрын... Знаменскы, Астрадамовы æмæ Талызины арæзт æрцыд ног скъолатæ; сывæллæттæ ахуыр кæнын рай- дыдтой хорз агъуыстыты. Хæрз æрæджы Анненковы байгом ис ног скъола лæппутæн æмæ чызджытæн... Æппынфæстаг сход уынаффæ рахаста: скъолайæн ног хæдзар саразыны тыххæй, рæстæгмæ уал дякъоны хæдзары æмбис райсыны, алы адæймагæй дæр скъо- лайæн афæдз æртыгай суаритæ æмбырд кæныны тых- хæй. Илья Николаевич хуыфыди, ныффæлурс, бафæл- лад. Уый разы уыди сходы уынаффæйæ, йæ цæстытæ арф бахаудтой æмæ фырцинæй æрттывтой. Æрфысым кæнын æй бахъуыд æхсæвиуатгæнæн хæдзары. Стъорож бирæ рæстæг фæархайдта пецы арт бандзарыныл; хуылыдз сугтæн сæ цъыс-цъыс цыди. Илья Николаевич даргъ бандоныл æрбадт æмæ иугай- дыгай фæлдахын байдыдта, ивгъуыд сæрды фиппаи- нæгтæ кæм фыст уыдысты, уыцы чиныджы сыфтæ: «Симбирскы уезды скъолаты уавæры тыххæй...», «Ахуырады хайад ис хорз уавæры...», «Ахсджиаг хъуыддаг уый у, æмæ фыццаг бонæй фæстæмæ сывæл- лæтты, цы бакæсынц, уый æмбарыныл кæй ахуыр кæ- нынц...» Атяшкинойы хъæумæ хæстæг, Буинскы уезды стыгуыр сты фондз æмæ ссæдз уырыссаг хъæуы, сæ алфамбылай та ис тæтæйраг хъæу; цы хъæууон скъо- латæ дзы ис, уыдон нæ бæззынц... байгом дзы уыдзæн фæзминаг скъола...» Илья Николаевич йæхи фескъуыддзаг кодта те- 9
традæй: дыууæ мæйы размæ уый райста цæттæ агъуыст Атяшкинойы хъæуы фæзминаг скъола байгом кæны- ны тыххæй. Илья Николаевич сыстад. Стъорож ма ныр дæр бадти пецы раз æмæ хъуыр-хъуыр кодта: — Ссудзыны хъомыс ын нал ис! Илья Николаевич схуыссыны размæ тыргъмæ ра- цыди сыгъдæг уæлдæфмæ. Уыди фæззыгон мæйдар æхсæв. Дымгæ къуыззитт кодта фисынæй. Кæцæйдæр ссыд куиты рæйын. Стæй та бæстæ басабыр. Илья Николаевич фæстæмæ мидæмæ бацыд æмæ даргъ бандоныл æрхуыссыд. Хæдзары уæлдæф уыд сыгъды хъæстæ; æмæ рай- сомæй куы сыстад, уæд рыст йæ сæр. Хуыссæнхъуаг æмæ нæфæразгæйæ, тагъд-тагъд цай ацымдта æмæ æддæмæ рауад: уæрдон цымæ никуыцæй ма зыны? Илья Николаевич тагъд кодта йæ дарддæры бал- цы — уездтæм æмæ волосттæм, Симбирскы губернийы хъæууон скъолатæм. йæ фæндаг куыд адардзæн, уый йын рагацау бæс- тон хъуыдыгонд уыди. Анненковы октябрæй фæстæмæ кусы ног скъола; ахуыргæнæгæн рæстæг раттын хъæуы скъолайы куыст рæвдз сæвæрыны тыххæй — фæстæмæ цæугæйæ йыл, декабры æмбисы, йæ фæндаг ракæцдзæн. Алатыры уезды, Порецкы хъæуы, фарок 1872 азы байгом ахуыр- гæнджыты семинар: æнæмæнг æй бабæрæг кæнын хъæуы йæ афæдзы бон, нудæсæм ноябры. Гæнæн цас ис, уымæй фы^дæр скъолатæ бабæрæг кæнын хъæуы. Спайда кæнын хъæуы соса фæндаджы хуыздæр хæйттæй, хъæууон æмæ земствойы фæндæг- тæй. Симбирскы уездæй бацæуын хъæудзæн Алатыры уездмæ, уырдыгæй та Курмышскы уездмæ. Ноджыдæр ма æхсгæ уад Алатыры уездмæ. Дарддæр—Ардато- 10
вы уездмæ. Фæстæмæ та Карсуны уездмæ. Ногæй та Симбирскы уездмæ, уырдыгæй Буинскы уездмæ. Но- джыдæр ма иу хатт Алатыры уездмæ, стæй та фæс- тæмæ Буинскы уездмæ. Балцæй фæстæмæ хъуамæ æрбаздæхтаид цыппур- сы æхсæвмæ: цыппурсы размæ бон, цыппар æмæ ссæ- дзæм декабры Илья Николаевич кæддæриддæр æрвы- ста сæхимæ, йæ бинонтимæ, йæ сывæллæттимæ. * * * Илья Николаевичы зымæг æрыййæфта дæрддаг уездтæй иуы. Фæстæмæ раздæхт дзоныгъæй. Быдыртæ митæй урс адардтой. Уазал дымгæ та- сын кодта бæгънæг бæлæсты. Уыцы быдырты Илья Николаевич уыйас хорз нæ зыдта æмæ бæхтæрæджы афарста: — Кæй зæххытæ сты адон? Бæхтæрæг фæстæрдæм разылд æмæ ехсы хъæдæй рахизырдæм ацамыдта: — Помещицæ Скрииицинæйы. Стæй галиуырдæм ацамыдта йæ сæрæй. — Сæ бæрзонддзинад фон Вендрихты. Медаевскы волост... Ныртæккæ цæуæм Шейн-Майданы хъæуыл. Стæй ныуулæфыд æмæ фæхъæр кодта: — Но-о, аласатæ! Бæхтæ тагъд сирдæй уадысты митыл. Æрцæйхæццæ кодтой афæдзы тæккæ цыбырдæр бонтæ — декабры бонтæ. Иу стыр хъæуы æрлæууыдысты, а фæстаг бонты кæй байгом кодтой, ахæм ног скъолайы цур. Стыр хæдзары уазалæй фæлæууæн нæ уыд. Сывæл- лæттæ кæлмæрзæнты тыхтæй, сæ фыдæлты уæлæф- 11
тæутты ныккукатæ сты. Иуæй-иутæ дзы уайтагьд ба- зыдтой Илья Николаевичы. Уый ма фарон дæр уыдис ам, скъолайьр зæронд хæдзары. Лæппутæ бандæттыл рæбындæр бабадтысты, Илья Николаевичмæ сæ сæр- тæй амыдтой, нæ фарсмæ сбад, зæгъгæ. Ахуыргæнæг инспекторæн бамбарын кодта, ома арифметикæйы урок цæуы. Уый сывæллæттæн радта, апельсинты кой кæм уыд, ахæм хынцинаг. Илья Николаевич тагъдгомау æрбадт ахуыргæнæ- джы фарсмæ стъолы уæлхъус, къухтыкæлмæрзæнæй асæрфта йæ хуылыдз рихитæ æмæ боцъотæ. Хынцинаг конд куы фæци, уæд Илья Николаевич ахуыргæнæгмæ æргуыбыр кодта æмæ йын афтæзæгъы: — Бафæрс-ма сæ, апельсинтæ цы сты, уый зонынц? Сывæллæттæ ныфсæрмы сты. Æппынфæстаг, /лæппутæй иу сыстад æмæ, дызæр- дыггæнгæйæ загъта: — Уый у æнгуырстуан, мæнæ æнгуылдзыл кæй ба- кæнынц, ахæм. Ахуыргæнæджы цæсгом артау ссыгъди æмæ тарст- хуызæй Илья Николаевичмæ бакаст. Фæлæ йын Илья Николаевич сабырæй, мæнæ цыма йæ хорз хæлар уы- ди, уыйау бамбарын кодта: — Ахуыргæнинæгтæн, кæй æмбарой, ахæм хынци- нæгтæ дæттын хъæуы. Уый фæстæ къласыл æрзылд, сывæллæтты тетрæд- тæм кæсгæйæ. Æппæты фæстаг бандонмæ куы бахæц- цæ, уæд кæронæй ахуыргæнинæгты фарсмæ æрбадт æмæ иннæ урокмæ хъусынмæ йæхи сцæттæ кодта. Чингуыты сыфты сæр-сæр ссыд. Сывæллæттæ бай- гом кодтой Ушинскийы чиныг: «Родное слово». Сæ ра- зы æрæвæрдтой чысыл фæйнæджыта\ Райдыдтой кæ- сын æмæ фыссын. 12
ХЪÆХЪХЪАГ КУЫДЗ «Цæуыл рæйыс,.уæртæ куыдз?» — «Бирæгъты тæр- сын кæнын». «Дæ къæдзшгцæмæн амбæхстай, уæртæ куыдз?» — «Бирæгътæн тæрсын». Чидæр ныппыррыкк кодта. Аивæй акастысты ин- спектормæ. Бахудт. Æвзæр адæймаг нæу, æвæццæгæн. Урок ныддаргъ. Сæ зонындзинæдтæ инспекторæн равдисыны тыххæй кастысты ивгъуыд æрмæгмæ. Иу чызг, чысыл быд дзыкку йын, лæууыди фыс- сæн фæйнæджы раз æмæ æнувыдæй фыста чиныгæй: «Дурын» аг æфсæйнаг агæн æмбал нæу». Иу стыр лæппу сындæг æмæ хъæрæй каст: — «Стыр бузныг уæ цæхх, уæ кæрдзынæй, уæ цы- минаг, уæ къуымæлæй, уæ хæнкъæл, уæ касæй, уе ’стыр саламæй». Сывæллæттæ сæ мидбылты худтысты. Урочыты фæстæ æрæмбырд сты инспекторы алы- варс; се ’ргъæвст къухтæй йæм сæ тетрæдтæ бадаргъ- бадаргъ кодтой, алкæйы дæр фæндыд, йæ тетрадмæ йын куы æркастаид, уый. Стæй тагъд-тагъд сæхиуыл дзуæрттæ афтыдтой æмæ ныххæлиу сты. Илья Николаевич бафарста: — Афтæ гыццыл уæм цæмæн ис ахуыргæнинæгтæ? Скъолайы арт цæуылнæ кæнут? Ахуыргæнæг ын радзырдта, сывæллæттæ сæ къа’- хыл цы скæной, уый сын кæ?1 нæй, скъоламæ та сæ дардæй цæуын кæй хъæуы. Иннæ ахæм суг нæй, пец æвзæр амад, фæздæгæй мары. Хъæуыхицау сын ницы æххуыс кæны. Ахуыргæнæгæн кæуыны къуыбар йæ хъуырмæ схæццæ. 13
— Сауджын мæ иу ран нал уадзы, волостмæ мыл дзырдтæ хæссы: ахуыргæнæг, дам, æнæхуыцау у, ком, дам, нæ дары. Ахуыргæнæг йæ кæуын нал баурæдта. Тынг зын ын у! Сывæллæттæн тæригъæд кæны, æмбаргæ сывæл- лæттæ сты... Сæ ныййарджытæ дæр тæригъæд стьп мæгуыр, чъизи цард кæнынц, хъæуты иудадзыг дæр хылтæ, расгуытæ... Сывæллæттæй бирæтæ рынчынтæ... Илья Николаевич йæ къæхты бынмæ кæсгæ, йæ къухтæ йæ жилеты бын, афтæмæй дыууæрдæм рацу- бацу кодта. Иу заман фæлæууыд æмæ ахуыргæнæгмæ’ бакаст; ;уый айдагъ джиппæйфыст къабайы мидæг уазалæй ныцъцъæх,- уыди куыдвæллад. Илья Николаевичы цæстытæ зына-нæзына фæрухс сты. Стæй фидар æмæ рæвдауæн дзыхы уагæй загъта: — Ахуыргæнæджы куыст — кадджын куыст у. Ды фыдæбон кæныс æппæт адæмæн... — Иу къуымæй ин- нæ къуыммæ бацыд æмæ ма бафтыдта: — Суг уын æрбаласдзысты, хъæуыхицауимæ аны- хас кæндзынæн. Уыйфæстæ æрбадт æмæ райста ахуыргæнæн чиныг: — Мæнæ ацы правилæ сывæллæттæ не ’мбарынц, æндæр хуызы сын æй бацамонын хъæуы... Мæнæ йæ афтæ бамбарын кæн. Уыци-уыцитæ дæттынæн та хуыздæр рæстæг у урочы æмбисы, уæд сывæллæттæ урокмæ зæрдиагдæр хъусдзысты. Стæй йын ноджы бацамыдта, урочы афтæ хъæрæн дзурын нæ хъæуы, йæ хъуыр фехæлдзæн, зæгъгæ. Йæ ацæуыны размæ ма йын Илья Николаевич загъта: — Фысс мæм-иу. Мæ бон цы уа, уымæй дын æх- 14
хуыс’кæндзынæн. ^Чингуытæ дын рарвитдзынæн. Уал- дзæджы сараздзыстæм ахуыргæнджыты съезд. * * * Бæхтæрæг йæ уд хъардта, фест-фестгæнгæ æвзыс- та бæхтæм. Тымыгъ райдайынмæ хъавыд. Арв æвасг æрбахгæдта, æрбатар. Дымгæ дзоныгъы сæрыл чъи- битка рæдывта. Илья Николаевич тагъд кодта Ног Никулинмæ, цæмæй уым, хуторы, бахсæвиуат кæна адæмон тæр- хонгæнæг Валериан Никанорович Назарьевмæ. Бæхтæ ма тыххæйты цыдысты, уымæн æмæ изæры тары, миты хъæпæнты астæуты цæст дзæбæх нал ахста фæндаг. Хутормæ фæзилæны цы бæрзытæ æмæ хæрис- тæ сагьд ис, уыдон фæсте куынæ аззаиккой!.. Назарьев йæ хъарм кабинеты бадти кусæн стъолы уæлхъус æмæ цыдæртæ’ фыста. Дардæй йæм æрбайхъуысти дзæнгæрджыты дзинг- дзинг; куы стынг вæййы, куы та фæмынæгдæр. Чидæр æрбацæуы! Æрбахæстæг кæны. Ноджы æрбахæстæг- дæр. .Ардæм æрбацæуы! Куитæ срæйдтой. — Адæмон скъолаты инспектор Ульянов йедтæмæ нæ хъæутыл ахæм фыдрæстæг чи зилдзæн. Назарьев райста цырагъ æмæ тыргътæм рацыди. Цырагъы рухс ахъазыд йæ хуызджын æвгтыл. Æхсæ!з боны размæ Илья Николаевичимæ иумæ кастысты Грязнушкæйы хъæуы скъолайы куыстмæ. Фæлæ бæстон аныхас кæнын сæ къухы нæ бафтыдис, афтæмæй фæхицæн сты. Ныр ам кабинеты цай цым- гæйæ хæларæй бирæ фæныхас кæндзысты, фæрссæгты гыбар-гыбур’æмæ дымгæйы футтытæм хъусгæйæ. Назарьевкæйы уæвгæйæ-иу Илья Николаевич кæд- Дæриддæр йе ’хсæв æрвыста ам, туркаг диваныл 15
бадгæйæ, йæ чъылдыммæ æртæ базы рæнхъ æвæр- дæй. Назарьев бадти стыр къæлæтджыныл. Илья Нико- лаевич, ныллæггомау, йæ фæзылдтытæ — цæрдæг, дыу- уæрдæм рацу-бацу кодта чингуыты стыр скъаппыты рæзты æмæ, йе ’ргъæвст къухтæ æууæрдгæйæ, дзырд- та скъолаты хъуыддæгты тыххæй. Илья Николаевич тагъд фæуыдзæн губернитыл зылд. Уый уыдис фондз уезды, бабæрæг кодта дæс æмæ ссæдз скъолайы бæрц. — Губерниты адæмон ахуырад рæвдздæр кæнын байдыдта, — загъта зæрдæрухсæй Илья Николаевич æмæ райдыдта нымайын... Назарьев лæмбынæг хъуыста. — ...Æрмæст Кечушевæн се ’скъола нырмæ ис ар- гъуаны стъорожы чысыл къуымы, æмæ уым дæр хъуа- мæ а дыууæ азы ног скъола байгом кæнæм. Илья Николаевич тынг схуыфыд. — Дæхи та суазал кодтай, æнхъæлдæн? — уай- дзæфгæнæгау æй бафарста Назарьев. Фæлæ Илья Николаевич æрмæст йæ къух ауыгъ- та, йæ хъуыдытæ кæронмæ ахæццæ кæныныл тагъд кæнгæйæ: — Ахуыргæнджытæй бирæтæ тынг æнувыд сты сæ куыстыл, хорз арæхсынц — уæлдайдæр та Симбирскы ахуыргæнджыты курсытæ каст чи фæци, уыдон. Уыцы курсытæ арæзт æрцыдысты уезды скъолайы Илья Николаевичы хъæппæрисæй æмæ сын стыр аргь кодта. Уый уым йе ’скъслатæн цæттæ кодта адæмон ахуыргæнджыты. Губернийы симбирскы курсыты хуыд- той «Ульяновы курсытæ», зæгъгæ, æмæ ма-иу сæрысты- рæй сæ ныхасмæ бафтыдтой: «Æнæхъæн ^(ъазаны ахуырадон зылды уыдонæн æмбал нæй». Каст-иу сæ чи фæци, уыдоны дæр хуыдтой «ульяновонтæ». 1К
Илья Николаевич стъолы раз æрлæууыд æмæ цай- цымæн уидыгæй йæ цай сыстыдта. Рагацау куыд сфæнд кодта, афтæ йæ къухы бафтыди семинар бай- гом кæныны афæдзы бонмæ Порецкойы хъæумæ баф- тын. — Ахуыртæ хорз цæуынц, — дзырдта Ил’ья Нико- лаевич, бандоныл æрбадгæйæ.—Æрмæст ма фидæны ахуыргæнджытæн æмбарын кæнын хъæуы, курсытæ каст.фæуыны фæстæ кусынмæ горæттæм нæ, фæлæ фæсвæддæр хъæутæм цæмæй цæуой, уый. Аныхас кодтой ахуыргæнджыты съездты тыххæй дæр, июны — Карсуны, сентябры — Симбирскы чи уы- дзæн, уыдоны тыххæй. Сæ зæрдыл æрлæууыд, йæ урокæн цæстуынгæ æр- мæгæн цæргæсы чучыл чи æрбаласта, уыцы æрыгон чызг-ахуыргæнæг. Стæй фæндагыл цæргæсæн йæ иу дзæмбы ахауд, уый куы базыдта чызг, уæд куыд фæ- маст кодта, уыдæттæ. Илья Николаевич зæрдиагæй ныххудт æмæ та уа- ты дыууæрдæм рацу-бацу кæнын райдыдта. Стæй æр- лæууыд: — Æрыгон ахуыргæнджытæ чысылгай æмбарыи байдыдтой, педагогикæйы хуыздæрыл нымад чиу, уы- цы мадзæлттæ. Ушинскийы чингуытæ ахуырады хъуыд-1 даг иннæрдæм фæфæлдæхтой. Ушинскийы чиныг «Человек предмет воспитания», зæгъгæ, уый Илья Николаевич йе ’стъолæй цух нæ уагъта. Назарьевы зæрдæ барухс. Алы хатт дæр æй йн- спектор дисы бафтауы, адæмон ахуырады хъуыдда- гыл стыр æнувыд кæй у, скъолаты хъуыддаджы æн- тыстдзйнадыл йæ зæрдæ фидарæй кæй дары, уымæй. — Мæнмæ гæсгæ, æрхæстæг кæны, адæмон ахуы- рад æнæмæнг кæй хъæуы, адæмон скъолаты фарс 2 Ульяновты бинон’ы цардæй 17
фæлæууын кæй хъæуы, уый кæд бамбардзысты, уыцы сахат, — загъта Назарьев. — Алцæмæй дæр бæрæг у, адæмон скъолатæ куыд æмбæлы, афтæ æвæрд кæй æрцæудзысты, уый, — ра- зыхуызæй йæ ныхас фæци Илья Николаевич. Сындæггай ныццагъта къулы сахат. Илья Николаевич фæлладхуызæй бадти стъолы >æлхъус æмæ, арæх схуыф-схуыфгæнгæйæ, хъæбæр цай хуыппытæ кодта. Фæлæ уæддæр йæ æрфгуыты бынæй йæ цæстытæ æрттывтытæ калдтой; уый бирæ уарзта йæ куыст æмæ хъуыддаг размæ цыди. * * * Бæхтæ та ногæй згъордтой Симбирскы губернийы хъæутыл æмæ фæндæгтыл. Илья Николаевич фæцæй- дыд Буинскы уездыл æнæгуыффæ дзоныгъы. Чилимы йæ зæрды уыди уырдыгон помещичы, скъолаты сове- ты уæнг, Персианиновы бæхтыл Шамкинмæ ацæуын. Цæугæдæттæ ныйих сты. Ранæй-рæтты бæхтæрæг бæхты тардта ихыл. Митæмбæрзт быдыры астæу, ададжы, хуыссыд чу- вашты чысыл хъæу. Инспекторы дзоныгъ фæндагæй иуварсырдæм фæзылд, ныххызт адагмæ æмæ скъола- йы раз æрлæууыд. Илья Николаевич митæй нал зынд, йæхи æрцагъта æмæ мидæмæ бацыд. Уыцы бон ахуыр нæ кодтой. Ахуыргæнæг цыбыр- дым кæрцы мидæг бадти стъолы уæлхъус æмæ æу- уæрста йе ’ргъæвст къухтæ. Æдде æрбауайгæйæ мидæгæй уыд талынг. Ихæ- вæрд рудзгуытæй мидæмæ бирæ рухс нæ калди. Илья Николаевич уаты рацу-бацу кæнгæйæ, фарс- та ахуыргæнæджы ахуырты - пъланæй, ахуыргæнæн чингуытæй, æххуысадон æрмæгæй. 18
Ахуыргæнæг дзуапп лæвæрдта сындæггай. Уый дзырдта: — Сывæллæттæ арæх цухтæ кæнынц, сты бæгъ- нæг, бæгъæввад. Амы цæрджытæ æхсæвæй-бонæй къупецæгтæн дзæкъултæ æмæ ерджентæ уафынц. Сæ сывæллæттæ дæр сын æххуыс кæнынц. Куырм кæнынц трахомæйæ. Дæ фыдыл цал азы цæуы, зæгъгæ, куы бафæрсай гыццыл лæппуйы, уæд дын дзуапп ратдзæн: «Бакуырм и». Ома йæ дыууиссæдз азы ахицæн сты. Дæ мадыл цас цæуы, зæгъгæ, йæ куы бафæрсай, уæд та дын зæгъдзæн: «Куырм кæнын райдыдта». Ома йыл фынддæс æмæ ссæдз азы цæуы... — Ахуыргæнæг дарддæр дзырдта гуырысхотæгæнгæ: — Зын у сывæл- лæтты ахуыр кæнын — уырыссагау не ’мбарынц, чува- шаг æвзæгтыл чингуытæ нæй. Илья Николаевич стъолы раз æрбадт æмæ йæ ар- мытъæпæнæй йæ даргъ урсдзыд сæрыхъуынтæ лæгъз- гæнгæйæ дзырдта ахуыргæнæгæн: ’ — Хъазаны университеты ахуыр кæны курдиат- джын чувашаг лæппу Яковлев Иван Яковлевич, арды- гон, буинскы уездæй, Кошки-Новотимбаевскы хъæук- каг. Яковлевы хъуыдымæ гæсгæ, чувашы æхсæн рухс- дзинад æнтыстджынæй хæлиу кæнын æмæ ахуыры хъуыддаг рæвдз сæвæрын сæ бон у, сæхи æхсæнæй чи рацыд ахæмтæн. Яковлев гимназы куы ахуыр код- та, уæд хъæуæй Симбирскмæ ахуыр кæнынмæ æрба- хуыдта иу-цалдæр зæрдæргъæвд чувашаг лæппуйы. Ахуыры мидæг æххуыс кæнынæй дарддæр сæ уый хаста йæхи хардзæй, — уроктæй цы хца иста, уыдо- нæй. Яковлев æмæ уыцы чуващаг лæппуты уæззау фæллой æмæ æнувыддзинады фæрцы Симбирскы бын- дур æвæрд æрцыд, ныртæккæ æгас губернийы хъуыст- гонд чи у, уыцы чувашаг скъолайæн. Де ’мбæстаг 19
нырма кæд æрыгон у, уæддæр йæ адæмы æхсæнмæ рухсдзинад хæссы! Ахуыргæнæджы цæсгом барухси. — Яковлев. зæрдиагæй кусы чувашаг æвзагыл фыссынад саразыныл. Ноджы уырыссаг æвзагæй ра- тæлмац кодта, мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынæн цы фыццаг чингуытæ хъæуы, уыдон. Яковлевы чингуы- тæй уал чувашаг æвзагыл уырыссаг дамгъæтæй Хъа- заны мыхуыргонд æрцыд æртæ сæдæ экземпляры. Ахуыргæнæг цырд фестад, къуымы чингуытæ ара- кал-бакал кодта æмæ инспектормæ радавта дыууæ чиныджы мадæлон æвзагыл — æрæджы сæ ахуырадон округæй райста. Илья Николаевич æм хæстæгдæр бабадт æмæ йын амонын байдыдта, уыцы дыууæ чиныгмæ гæсгæ ахуыртæн куыд хуыздæр саразæн ис, уый. Уыйфæстæ ахуыргæнæгмæ бакаст æмæ йæ бафар- ста йе ’нæниздзинадæй. Бацамыдта йын фелшыр куы нæ уа, уæд цæстыты низ — трахомæ — куыд дзæбæх , кæнын хъæуы. Бандонæй стæгау скодта æмæ, рудзын- джы рамкæмæ бацамонгæйæ, ахуыргæнæгæн загъта, форточкæ дзы куыд акъæртт кæной, афтæ. Йæ зæр- дыл æрбалæууыд, йæхæдæг Нижний-Новгороды гим- назы физикæ æмæ математикæ куыд лæвæрдта, уый. Æппынфæстаг Илья Николаевич ахуыргæнæджы къух райста æмæ дзоныгъы сбадт. Мит ставд тъыфылтæй хауд. Уынджы урс дардтой миты бæрзонд хъæпæнтæ. Иуварсырдæм чи ныкъкъул, иу ахæм хæдзарæй ракаст гыццыл чызг айдагъ хæдо- ны мидæг. Ацæргæ чувашаг фæцæйцыд фæндагыл, нымæтхуд йæ сæрыл; йæ тарбын цæсгом уæлæмæ скодта æмæ йæ цæсты рæсыд тъыфылтæй тыххæйты ракаст. 20
Бæхтæ æрбаивгъуыдтой фæлдæхт кауы рæзты, зæ- гæлæй хост рудзгуыты рæзты. Бæхтæрæг ехсæй аца- мыдта æдзæрæг хæдзармæ æмæ йе ’уæхсчы сæрты фæстæмæ радзырдта: — Мæгуыргур ацыдысты Нижний-Новгороды гу- бернимæ... Зæхх сæм чысыл йедтæмæ нæй. Сыдæй мæлынц. Боныхъæд фæуазалдæр. Фæндагыл фембæлдысты чырæйыл. Уæрдæтты фарсмæ айдагъ куырæтты мидæг, се ’ргъæвст къæхтæ зæххыл хойгæ, цыдысты бæхтæрджытæ—лувашæгтæ. Алы ран гæвзыкдзинад. ХÆДЗАРЫ Илья Николаевичы уæлдæр сивтой йæ куысты æмæ йæ сæвæрдтой Симбирскы губернийы адæмон скъола- ты директорæй. Рæстæг цыди. Сывæллæттæ хъомыл кодтой. Аняйы зæронд авдæн та ногæй æвæрд æрцыд сы- вæллæтты уаты, фæлæ дзы ныр хуыссыд афæдздзыд Митя. Ныр æртыккаг сывæллон хъомыл кодта няня Вар- ьарæ" Григорьевнæ. Фыццаг уыди Валодя, уымæ кæсын байдыдта, Ульяновтæ ма Стрелецкийы уынджы куы цардысты, уæд, æмæ йæ уæдæй нырмæ кæны хъулон уарзт; дыккаг уыд Оля. Аня æмæ Сашæ сабыргай бакастысты сывæллæг- ты уатмæ: Митяйы, цымæ, хъæбысы адарæн нæ уаид? Фæлæ сын няня бамбарын кодта — нырма ныртæккæ бафынæй, зæгъгæ. Хæрæндон уатæй хъуысти Валодяйы хъæр æмæ Оляйы худын. Цæмæй сæ аирхæфстæуа? Няня Вар- варæ Григорьевнæ — хæрзхуыз сылгоймаг, уæрæх 21
кофтæйы, карзинкæйæ йæ кæнинаг систа æмæ хæрæн- донмæ рацыд. Æрбадтис. Варварæ Григорьевнæ нæдæр зарджытæ кæныи уарзта, нæдæр аргъæуттæ — нæ-иу æй æвдæлди уы- дæттæм. Æмæ та ныр дæр: — «Мæ дзыгытæ, мæ хъæбултæ, дуар мын бакæ- нут, бауадзут мæ мидæмæ, зæгъгæ, куыд райдыдта, афтæ фæлæууыди, сывæллонмæ йæ хъус даргæйæ. — Уæ мад уæм æрбацыди, æхсыр уын æрбахаста. Уайы æхсыр фæдджытыл, фæдджытæй та сæфтджытыл». Уатæй райхъуыст авдæны хъинц. Митя спæртт- пæртт кодта. Няня фестад æмæ тагъд-тагъд сывæллон- мæ ауад. Валодя йæ фæдыл азгъордта. Иæ зæрды æрæфтыд йæ гыццыл æфсымæры аралас-балас Гкæнын: сенæйы лæууыд сывæллоны гыццыл уæрдон, хъæдын цæлхы- тæ йын. Валодя Варварæ ГригОрьевнæйы алыварс цъил фестад, лæгъстæ йын кæны. Фæлæ йæ ус хæстæг нæ уадзы. — Иу ран ма æрлæуу! Митяйы бафынæймæ бирæ на<л хъуыди. Валодя’ нæ уисæн кодта. Уый уæрдон æрбатылдта æмæ йæ йæ тых-йæ бонæй йæ разæй фессыдта. Уæр- доны цæлхыты гыбар-гыбур ссыд. Митя скуыдта. Варварæ Григорьевнæ Валодяйыл йæхи сцагъта. Мад æрбацыдæмæ Валодяйы йæ фыды кабинег-, мæ акодта. Йæ рон ын адзæбæхтæ кодта, йæ пыхцыл фæлмæн сæрыхъуынтыл ын йæ къух æрхаста æмæ йын загъта: — Æрсабыр у! Мæнæ уал ам сау къæлæтджыныл чысыл абад. Афтæ хуыдтой сывæллæттæ, клеенкæ хуыд кæуыл 22
уыд, уыцы стыр сау къæлæтджын бандоны сæ фыды кабинёты рудзынджы раз. Мад рацыд. Стæй архайын райдыдта Митя, Оля, Сашæ æмæ Аняимæ. Æрæджиау Валодя йæ зæрдыл æрбалæууыд: йæ уынæр никуыцæйуал хъуысти. Тагъд-тагъд бауад кабинетмæ. Къæлæтджынæй ма ’рахизæд? Йæ фыды кусæн стъолмæ ма’ бавналæд, бецъеби кæнæ сойын,цырагъ ма райсæд? Науæд кæд бадынæй схъыг, уым æй кæй бакодтон, уый йæм хъыг фæкасти æмæ кæугæ кæны? Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй Валодя бадти «сау къæлæтджыны» æмæ, йæ ’къæбæлдзыг бурдзыкку сæр иуварсырдæм æркъул кæнгæйæ, фынæй кодта. * * * Аня тынг æнæвдæлон хуызæй кодта йæ хынцинæг- тæ, куы стъол барста, куы рудзынджы дæлвæйнæг: уымæ уыдис дзыхъхъынног тухгæ адлийы æрдæг, вер- шокæй-вершокмæ йыл бæрджытæ. Валодяйы зæрдæ йæм бахъазыд. Райста йæ, æр- кæстытæ йæм кодта, йæ уæрагыл æй æрбатасын код- та æмæ адли дыууæ дихы фæци. Кæд аныхæсиккой, зæгъгæ, сæ кæрæдзиуыл авæрдта, фæлæ куыннæ стæй! Азгъордта йæ хомæ — йæ фыдуаг ми фенын кæ- нынмæ. Аня фырмæстæй сырх-сырхид афæлдæхт. Фæлæ йын мад загъта: — Æгайтма уæддæр цы бакæны, уый сусæг нæ кæны, Дæсæм апрелы, Валодяйæн йæ райгуырæн боны, Варварæ Григорьевнæ балæвар кодта тынг дзæбæх хъазæн — æртæ бæхы дзоныгъы ифтыгъдæй. Уазæгуаты сæм æрбацыдысты сæ зонгæ сывæллæт- тæ. Хъазт сыл бацайдагъ. 23
Чысыл фæстæдæр Мария Александровнæ бафип- пайдта, Валодяиы уынæр кæй никуыцæй цæуы, уый. Рацагуырдтой йæ æмæ разынд фæсдуар — хæрза- рæзтæй, йæ ног хæдон йæ уæлæ; Валодя сындæггай, иу иннæйы фæдыл зылдта бæхты къæхтæ. Цæфхæдтæ æмæ сæфтæджытæ мур кодтой, згъæл- дысты. Варварæ Григорьевнæ йæ къухтæ сцагъта. Сывæл- лæттæ суынæр кодтой. Валодя йæ сæрыл схæцыд æмæ ныуулæфыди: диссагæй дзы ницы ис хъазæны, — мидæгæй тутт, хъæбæр гæххæттæй конд. Боны кæронмæ сывæллæттæ æгæр хъæр кæнын байдыдтой. Рæстæг уыди асæст æмæ нал æмæ нал изæр кодта. Мария Александровнæ роялы фарсмæ æрбадт æмæ рафæлдæхта сывæллæтты зарджыты æмбырдгонд «Гусельки». Йæ къабайы фæдджитæ æр- дæгзиллаккæй æрынцадысты пъолыл. Сызгъæринхуыз ахуырст дыууæ цырагъдарæны хуылфы сыгъдысты сойын цырæгътæ. Сывæллæттæ мады алыварс амбырд сты: — «Сидзæры» зарæгакæнæм! Нæ, «Сæныччы» за- рæг хуыздæр у!—æмæ æмхуызонæй зарын райдыдтой: «Цардис уæд зæрондмæ иунæг цъæх сæныкк». Валодя æмæ Оля кæрæдзимæ бакастысты, ныри- дæгæн худынц, уымæн æмæ та сæ кæстæр æфсымæр йæ кæуын нал бауромдзæн. Митяйыл цыппар азы дæр нæма цыд. Уый дæр за- рыди, фæлæ тыххæй урæдта йæ кæуын: «Бахордтой сæныччы цъæхсæр бирæгътæ», — уыцы ныхæстæ ма æнæ скæугæйæ куы азарид! Фæлæ йæм æваст Валодя цæхгæр фæзылд æмæ йæ цæстытæ схъулæттæ кодта. 24
Сойын цырæгътæ фæтæлп-фæтæпп кодтой. Уаты къуымты уыд талынг. Валодя Митямæ æргуыбыр кодта æмæ ныллæг, зæрдæ уынгæг хъæлæсæй база- рыд: «Баззад ма сæныккæй къæхтæ ’мæ сытæ», — йæ- хæдæг йæ къухтæй сыкъатæ ацарæзта. Митя йæ мады фæдджимæ фæлæбурдта. Заргæ ма бæргæ кодта, фæлæ йæ цæссы^тæ фемæхстысты. Сы- вæллæттæ худæгæй бакъæцæл сты: — Скуыдта та! Скуыдта та! Аня Митяйы къухыл фæхæцыд æмæ йæ айдæны размæ бадавта. Айдæны стъолыл уыд бурбын стыр сæтæлхъузг. Митя ма иу пæртт скодта, стæй йæ хъус сæтæлхъузгыл авæрдта, кæддæра «денджыз куыд сыр-сыр кæны». Аня æмæ Сашæ тынг хæлар -уыдысты. Хылтæ ни- куы кодтой, стæй æнæуи дæр Сашæимæ ничи фæхыл уыдаид. Аня дзы кæд афæдз æмæ æрдæг хистæр уыд, уæддæр æй алцæмæй дæр фæрсгæ кодта. Ульяновты сывæллæттæ се ’ппæт дæр фæзмыдтой Сашæбы, фæндыдис сæ Сашæйы хуызæн уæвын. Зæгъæм, хæргæйæ-иу мад Валодяйы бафарстаид: — Каш дæ æхсыримæ хъæуы æви царвимæ? Валодя-иу’ æваст фæзылд æмæ Сашæйы тæбæгъмæ ныккасти, фæлæ ма-иу тæбæгъ уыд афтид. Сашæ та- иу цæуылдæр хъуыдытæ кодта. Иууылдæр-иу кæрæ- дзимæ бакастысты. Аня-иу бахудт. Уæд-иу Валодя йæ тарбын цæстытæй мадмæ скасти æмæ загъта: — Сашæ цæимæ хæра, æз дæр уыимæ. Иухатт Аня Сашæйы бафарста: — Дæумæ гæсгæ, аипдзинæдтæй се ’ппæтæй æв- зæрдæр кæцы у? 25
Валодя йæ айхъуыста æмæ фæлæууыд; цымæ йе ’фсымæр цы дзуапп ратдзæн? Кæцы аипдзинад у цы- мæ æвзæрдæр? Сашæ йæ сæрыл схæцыд æмæ цыбырæй загъта: — Гæдыдзинад æмæ тæппуддзинад! * * * Алы аз дæр сæрды каникулты рæстæг Илья Нико- лаевич Волгæйыл тезгъо кæнынмæ йемæ кодта йæ дыууæ хистæр сывæллоны — Аня æмæ Сашæйы. Уый фæстæ-иу зымæг-зымæджы дæргьы дзырдтой сæ балцы хабæрттæ, кæстæртæ та сæм-иу лæмбынæг хъуыстой æмæ сæ рафæрс-бафæрс кодтой. Ацы сæрд Илья Николаевич сфæнд кодта йемæ Хъазанмæ, иннæ дыууæ хистæр сывæллонимæ, Вало- дяйы дæр акæнын. Æрхæццæ ис сæ цæуыны бон. Ныццыдысты уыр- дыгмæ, Симбирскы наулæууæнмæ. Волгæйыл цыдыс- ты дзаг баржæтæ, дыууæрдæм кодтой цатырджын лодкæтæ, чайкæтæ-иу доны сæрмæ сæхи уæллоз систой. Уалынмæ æрбацыд иау «Добрый». Илья Николаевич йæ сывæллæттимæ наумæ схызт тасаг асинтыл. Нау ныууасыд æмæ арасти. Валодя разгъор-базгъор кодта, фæндыд æй алцы- дæр фенын, алцæмæй дæр бæстон бафæрсын. Бæлц- цæттæй иу хъазгæмхасæн афтæ зæгъы: — Науы афтæ хъæргæнæн нæй! Валодя йæм фæзылд: — Æмæ нау йæхæдæг дæр тынг куы хъæр кæны! Симбирскы хæдзæртты цæст нал ахста. Рахизы- рдыгæй аедзæрæг доны былтæ сындæггай фæстæрдæм цыдысты; галиуырдыгæй та, цыма тархъæд фæстæр- 26
дæм ленк кодта, афтæ зынд. Уыгæрдæнтæй дымгæ хаста хосы дзæбæх тæф— уыд хосгæрдæн афон. Бирæ фаёкастысты доны сабыр цыдмæ, чи сыл æм- бæлд, уыцы наутæм æмæ тъиуитæм. Илья Николаевичы зæрдыл æрлæууыдысты, Хъа- заны университеты куыд ахуыр кодта, студент уæв- гæйæ балцы цæуын куыд бирæ уарзта, уыдæттæ. Илья Николаевич уыди хъæлдзæг, уæнгрог, раст цыма æрыгондæр фæци, афтæ. Куыд æхсызгон уыди дон-дон сабыргай ленк кæнын! Куыд хорз уыди сы- вæллæттимæ рæстæг æрвитын! Фæллад суадзын! Сывæллæттæ йæ фарстой йæ-райгуырæн бæстæ Астраханæй. Илья Николаевич ахъуыды кодта, стæй радзырдта йæ хистæр æфсымæры тыххæй: йе ’фсымæр Василий, æрыгон ма куы уыди, уæд Сапожниковты базарадон хæдзармæ къанторы кусæгæй куыд бацыди, цæмæй йæ кæстæр æфсымæр Илья сахуыр кодтаид, уый тых- хæй. Уыйфæстæ Илья Николаевичæн йæ зæрдыл æр- балæууыдысты ’йæ сабийы бонтæй хицæн цаутæ, йæ хо Феня æмæ йæ фыд, астрахайнаг хуийæг Николай Васильевич Ульянинов, иутæ йæ «Ульянов» хуыдтой, иннæтæ та «Ульянинов». Иухатт Илья Николаеви- чмæ — уæд ыл фондз азы йедтæмæ нæма цыд — йæ фыд дыууæ суарийы радта æмæ йæ дуканимæ арвыс- та, иу суарийы аргъ цайгæрдæг балхæн, зæгъгæ. Æх- сæв уыд мæйдар. Фæстæмæ цæугæйæ уынджы цъыф- дзасты ныссагъд æмæ йæ бахъуыди йæ цыппæртыл бырын, йæ къухты уыд цайгæрдæг æмæ суари, афтæ- мæй. Зынтæй бахæццæ сæхимæ, Хъазахъхъы уынгмæ, æмæ бирæ фæлæууыд дуармæ, йæ тымбыл къухтæ æлхъывдæй даргæйæ: йæ иу къухы уыд цъыфæйдзаг суари-, иннæйы та — цъыфæйдзаг цайгæрдæджы къопп. Мидæмæ бацæуын нæ уæндыд. 27
Валодя йæм æнцад хъуыста: уыцы астрахайнап лæппу уыд йæ фыд. Илья Николаевич йæ сывæллæттимæ Хъазаны æрфысым кодта сæ хæстæджытæм — Веретенников- тæм. Кæстæр сывæллæттæ æмбæхстытæй хъазыныл фес- ты. Уаты фезмæлæн нæ уыди. Чысыл стъолыл — гра- фин. Валодя æрбазгъордта æмæ стъол æнæбары скъуырдта — графин рахауд .æмæ базгъæлæнтæ. Авджы сæстыты дзыгьал-мыгъулмæ æрбауад сæ мады хо Аня æмæ сæ афарста: — Уый цæй дзыгъал-мыгъул у, сывæллæттæ? Гра- фин уæ чи асаста? Сывæллæттæ æмхуызонæй схъæр кодтой: — Æз нæ уыдтæн, æз нæ уыдтæн! ’" Уым, уазæгуаты сæхимæйы хуызæн нæ уыд. Вало- дя арф ныуулæфыд æмæ уый дæр загъта: — Æз нæ уыдтæн! ...Сæрд аивгъуыдта. Фæззæджы Симбирскы Мария Александровнæ иу изæр бадти залы æмæ роялæй цагъта. Илья Николаевич уыди балцы. Сывæллæттæ схуыс- сыдысты. Уыдон бирæ уарзтой музыкæмæ фынæй кæ- иын. Сæ мад цагъта Бетховены сонатæ æмæ талынг уаты сабыргай ленк кодтой диссаджы æнкъард æмæ дæргъвæтин^ зæлтæ. Æдде уарыны сæх-сæх ссыд. Волгæйырдыгæй дым- гæ футтытæ кодта. Мария Александровнæ роялы сæр æрæхгæдта æмæ уæладзыгмæ ссыд, сывæллæтты бабæрæг кæнынмæ: кæддæра бафынæй сты æви нæ? Кæд сæ, миййаг, исчи ныггом. 23
Алкæйы размæ дæр бацыд. Æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй Валодя нæма хуыссыди, стæй цыма кæугæ кодта. Мария Александровнæ йын йæ ныхыл йæ къух авæрдта, кæд ома тæвд сси. Валодя схæкъуырцц кодта æмæ загъта: — Графин... Мад æй нæ бамбæрста. Графины хабар ма бинон- тæй’рох дæр фæци. Фæлæ та Валодя, йæхиуыл чысыл уæлæмæ схæцгæйæ, мынæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æз асастон. Афтæмæй та сайгæ акодтон. Мад рæвдаугæ æрсæрфта Валодяйы фæтæн ных «æмæ загъта: — Ницы кæны. Æз Анямæ писмо ныффысдзынæн. Æмæ дын бахатыр кæндзæн. Бафынæй у. Мад сабыргай хъæдын асинтыл дæлæмæ æрхызт. Валодя ныуулæфыд, йæ ком аивæзта æмæ йæ оæр базыл æрхауд. Уымæн æмæ, иугæр мад зоны хъуыд- даг, уæд дзы уыйас тæссагæй ницыуал ис. Хæдзары уыди сабыр, хъарм. кокушкино Сæрдыгон-иу Ульяновты бинонтæ ацыдысты Хъа- заны губернимæ, Кокушкинойы хъæумæ, — сæ мады райгуырæн бæстæм. Сæ мады фыд Александр Дмитриевич Бланк ма æгас куы уыд, уæд-иу сæрд йæ чызджытæ æд сывæл- лæттæ Кокушкиномæ æрцыдысты. Валодя йæ дадайы не ’рыййæфта, æрмæст ма Аняйы зæрдыл лæууыд. Сывæллæттæ-иу арæх дзырдтой: «Кокушкинойæ рæсугъддæр хъæу дунейыл нæй!» Сæ мад уым схъомыл. Сæрды-иу хæстæджытæ иу- уылдæр уырдæм æрæмбырд сты. Сæ мады хо Аня Ве- 29
ретенникова йæ’бинонтимæ, иннæ мады хо Любæ Ар- дашева йæхионтимæ. Бинонты æхсæн-иу’æидæр исты дзæбæх раныл ны- хас куы рауадис, уæд-иу сывæллæттæ бафарстой: «Фæлæ Кокушкинойæ æвзæрдæр, нæ?» Æмæ-иу кæй кой кодтой, уый кæддæриддæр æвзæрдæр разынди: бæлæстæ-иу дзы бирæ нæ уыд, нæ цæугæ дон, нæ га- гадыргътæ. Хъазанмæ Ульяновтæ’ æрбацыдысты науы. Хъаза- нæй Кокушкиномæ та" дыууиссæдз версты — бæхтыл. Фæндаг уыд æвзæр. Уæрдон сæ тынг цагъта. Фæлæ сывæллæттæм суанг уый дæр хорз касти. Бадтысты "дыууæ быд коляскæйы. Кæд бахæццæ уыдзыстæм, зæгъгæ, Валодя фест-фест кодта. Уалынджы мæнæ Кокушкинойы æрхытæ. Бæхтæ сæ цыдыл бафтыдтой. Æрбазындысты хъæмпынсæр хæдзæрттæ. Сиренты æхсæнæй гæзæмæ зындысты зæронд хæдзары ставнæ- ты урс рамкæтæ. Бæхтæрæг хæдзары раз æрурæдта. Валодя куыддæр зæхмæ æрхызт, афтæ йæ зонгæ бынæттæ абæрæг кодта: Стыр хæдзары алыварс æр- зылд — хæдзары æнæ флигелæй «Стыр хæдзар», зæгъ- гæ, хуыдтой; уæллаг уæладзыджы, доны сæрмæ уыд ’балкъон, бинаг балкъоны раз — чысыл дидинæгдон. Уырдыджы, суанг Ушняйы былмæ—бæлæстæ. Æмуыр- дыг ныццæуæны зæронд сусхъæд бæлæсты цъуппытæ кæрæдзиуыл стыхстысты æмæ дзы рауад беседкæ. Бы- нæй, доны был, у сатæг, заЗ бæлæстæ дзы зайы. Иу сыбыртт никуыцæй хъуысы. Валодя хинайæн кулы рæзты азгъордта^ фæстæмæ хæдзары æдде сусхъæдбынмæ сызгъордта, стæй та бынмæ, ауæзт доны размæ, ныууад. ’ Уæле цыдис кæйдæр хъæр — чидæр æм дзырдта^ 30
Сыздæхт фæстæмæ Стыр хæдзары размæ, рудзынгæй залмæ бакаст — диван æмæ къæлæтджынтæ ныр дæр сæ фыццаджы бынæтты, — азгъордта фæндаджы фале флигельмæ, фегом кодта авгæвæрд дуар, бильярдæй хъазæн уатмæ бауад — мæнæ рудзынгмæ схизæн къа- хæвæрæн, рудзынджы æдде та æрхизæн асинтæ; дæ- лæмæ æрызгъордта, рахизырдыгæй — хъалгъæны зæ- ронд къудзитæ, дарддæр та — стыр цæхæрадон, бæрз б’æлæсты къох. Фæстæмæ та фæндагыл рахызт хæ- дзар æмæ æрхытырдæм. Æрхыты хуыдтой Фыццаг æмæ Дыккаг. Дыккаг æрхыл — нарæг хид. Сабыргай схызт хидыл. Фыццаджы — мæнæргъыты къудзитæ. Валодя æрлæууыд. Бынæй, доны сæрмæ, æрхы — хæ- рис бæлæстæ; уæле, фæндаджы был, хæдзармæ хæс- тæг — æртæ бæрз бæласы. Алцыдæр ам æндæрхуызон у, ам æндæр рæттæй рæсугъддæр у! Суанг ма, акъаци æмæ цъуй бæлæстæ дæр иннæ рæттæй рæсугъддæр сты. Сирены тæф фын- дзыл уайы. Дæрддзæфæй, узгæ-узгæ æрбацæйцыдысты кокуш- кинойаг сывæллæттæ. Валодя азгъордта сæ размæ. * * * Мария Александровнæ æмæняня æфснайдтой сæ дзаумæттæ Стыр хæдзары. Уæле, мезонины, уыдис стыр уат, йæ рудзгуытæ уынджырдæм. Уыцы уат хуыдтой «Ульяновты уат». Рагæй дæр уыцы хуыздæр уат лæвæрдтой Мария Александровнæйæн, чысыл Аня æмæ Сашæимæ-иу ардæм куы ’рбацыд, уæд; йæ- хæдæг дæр йæ фыдæи кæстæр сывæллон уыди — би- нонты хъазæнхъул Машенькæ! Иæ фыд æй хъулон уарзт кодта. Уæдæй нырмæ бабирæ сты Мария Алек- сандровнæйы сывæллæттæ. Илья Николаевич-иу Хъæуы бирæ нæ фæцис. Иæ 31
бинонты-иу баласта æмæ-иу уайтагъд фæстæмæ Хъа- занмæ фездæхт, нæ йæ æвдæлд йæ куыстæй. .Стæй ма сæ-иу сæрды æмбисы иу хатт бабæрæг кодта. Йе’рбацыдмæ иу тынг æнхъæлмæ кастысты. Алы бон дæр цыдысты йæ размæ Кокушкинойæ дыууæ версты æддæдæрмæ, æхсæвиуатгæнæн чысыл хæдзары размæ. Уалынмæ-иу æрбахæццæ! Сывæллæттæ-иу æй уæгъд нал уагътой. Йæ чысыл хæрæфырттæй-иу чи йе’уæхскмæ бырыд, чи йæ бæр- зæйыл æрцауындзæг. Æмæ сын-иу баиргъæвынæн ни- цыуал амал ардтой, няняйæн-иу йæ хъуыр-хъуыр цыдис: «Йæ фæллад уадзын ма йæ бауадзут!» Фæлæ сы- вæллæттæ уыдтой, Илья Николаевичæн йæ хæлар цæстытæ куыд æрттивынц, куыд æхсызгон ын у сæ цин, уый. Илья Николаевич архайдта райсомæй се ’ппæты разæй сыстыныл æмæ йæ куыд нйчи фена, афтæ йæ- хи найынмæ доны былмæ ацæуын. Кæннод-иу сывæл- лæттæ дæр йæ фæстæ цыдысты. Хинайæн та зæронд уыди; се ’ппæты уæзæй-иу, хи найгæйæ цы фæйнæгыл лæууыдысты, уый доны аныгъуылд. Хи цынайыны фæстæ-иу Илья Николаевич йæ къалостæ скодта æмæ сабыргай рацыд даргъ хъæдын хидыл. Хурмæ æрттывтой йæ гæмæх сæр æмæ йæ хуылыдз даргъ дзыккутæ хъустæм фастæй. Хисæрфæн-иу йе ’уæхскыл, афтæмæй хъæлдзæгæй цыди æмæ Аняйы худæджы æмдзæвгæтæ зарыд: — «Мæ фыд, мæ фыд, дæ къалостæ скæн, хина- йæны сæ ма ныууадз...» Кокушкинойы алцыдæр уыд зæронд, хæррæгъ: агъуысты сæр тагъди, пецтæ фæздæг кодтой, хина- йæн доны ныгъуылд, лодкæ уыд зыхъхъыртæ, суанг 32
ма флигелы цы бильярд æвæрд уыд, уымæн дæр йæ былтæ ихсыд уыдысты. Фæлæ сывæллæттæм уыдæттæ иууылдæр хорз кас- тысты. Алы æдзæллагдзинадыл дæр сын æнæ ахудгæ нæ - уыд. Суанг ма-иу сæ самаварæй дæр худгæ афтæ дзырдтой: «Йæ сыгъды смаг та цæуы!» # * * Фæизæрмилтæ. Илья Николаевич æддæмæ рацыд дуармæ бандоныл абадынмæ. Бæстæ уыд сабыр. Рыг фæндаг цыди рахизырдæм, Апокаевы хъæу- мæ, галиуырдæм та — Кокушкинойы хæдзæртты рæз- ты. Хæдзары чъылдымæй, ауæзты раз, цъымарайы уасыдысты хæфсытæ. Хинайæнæй хъуысти кæйдæрты дзурын. Хистæр сывæллæттæй ма чидæр йæхи надта. Фæндагыл æрбацæйцыд сæ зонгæ зæхкусæг Кар- пей, рæсугъд лæг, йæ къæбæлдзыг сæр урс кæнын райдыдта. Уый-иу арæх уыди Кокушкинойы: кæсæг- тæ кæнæ-иу хъæддаг мæргътæ уæй кæнынмæ æрба- хаста. Сывæллæттæм хорз касти Карпеймæ хъусын. Ушняйы доны хызæй кæсаг куыд фæахсы, йæ алы къах дæр хицæн бæлæгъы æвæрд, афтæмæй, уымæ кæсын. Карпей хæдзары размæ куы æрбахæццæ, уæд йæ быд хызын зæххыл æрæвæрдта æмæ Илья Николае- вичимæ ныхас кæнын райдыдта. Валодя аивæй хы- зынмæ ныккаст, стæй бандоны кæроныл æрбадт, хъу- сынмæ. Карпей уыд кæсагахсæг дæр, цуанон дæр, цы- рыхъхъгæнæг дæр æмæ хорз пецамайæг дæр. Къухæй цы нæ скОДтаид, уый ахæм ын нæ уыд. Æрмæст æй 3 Ульяновты бинонты цардæй 33
зæххы куыст кæнын нæ фæндыд. Цæуыл тухæнæй ма- ра йæхи, кæд æмæ зæхх фаг нæй, кæд æмæ зæхкусæг- мæ бæх, нæй, уæд? Сæ алыварс хъæуты зæхкусджытæ мæгуырæй куы сæфынц. Сыхаг уезды æгас хъæуæй дæр кусынц • къупецагæн: мæцъæй йын дзæкъултæ бийынц. Апокаевы хъæуы æрмæст иуæй-иу бæхтæр- джытæ не ’сты хæринаг хъуаг. _ * Карпей, йæ дзæкъул æмæ йæ кæсæгтæ цы ведрайы уыдысты, уый уæлхъус лæугæйæ, йæ сæр æруагъта. Карпей уыди бæрзонд, бæзæрхыг лæг, алы куыстмæ дæр гæрзарм. Фæлæ йын зæххы куыст кæнынæн фа- дæттæ нæй. Илья Николаевич æм хъуыста’ æнкъардæй, сагъæсты аныгъуылгæйæ. Карпеймæ хорз касти цард æмæ мæлæты фæдыл иыхас кæнын. Илья Николаевич-иу йæ бинонтæн дзырдта: «Карпей философ у, гЬэт!» — æмæ-иу бирæ фæныхас кодта йемæ. Сæ рæзты æрбацыд зæхкусæг сылгоймаг сыхаг хъæу Апокаевæй. Салам ратгæйæ, йæ сæрыл кæлмæр- зæн адзæбæхтæ кодта æмæ загъта: — Уæ хъæумæ кæсынæй зæрдæ рухс кæны! Чысыл уæвгæйæ, диссаджы дзæбæх у, райдзаст!.. Кокушкинойы ис æртындæс — æхсæрдæс хæдзары æмæ иу куырой. Хъæу лæууы Ушняйы рæсугъд бæр- зонд былыл. Сæрдыгон цъæх быдыры астæуæй Ко- кушкино æцæгæй дæр зынди рæсугъдæй, райдзастæй. Дидинæг калгæ къутæрты астæуæй кæм кау зынди, кæм агъуысты хæлд сæр. Фæлæ зымæг, æнтъыснæг за- ман, Аннæ Александровнæ Веретенникова, æмдзæв- гæтæй фыссын уарзаг, афтæ фыста Кокушкинойы тыххæй: ...Рагъыл хъæу æрæнцад, уæртæ, Уырдыгæй зыны уый дард. 31
Уымæн йе ’нæхуыз хæдзæрттæ Тарффынæйау сты æнцад. Иугай-дыгай цыдысты Какушкинойы зæхкусджытæ Илья Николаевичмæ, йемæ аныхас кæнынмæ. Дзырд- той хæдзары хъуыддæгтыл, быдыры куыстытыл. Фылдæр кодтой хъаст: зæхх фаг нæй, хортæ не ’рзадысты, бæх нæй, хъуг амард. Иу ацæргæ зæхкусæг дзырдта: — Уæртæ ма мын æрхы æдде иу гæбаз кæрдинаг баззад, æгæр хуртæ кæны æмæ куы нæ азгъæлид. Фæ- лæ йæ Ильяйы боны размæ ныккæрдын чи уæнды: Ильяйы бон, дам, къæвдайæн æнæ уæвгæ нæ вæййы; ныккæрдид æй, æмæ куы бамбийа! Зæхкусæг ныуулæфыди. Ноджыдæр ма йæ зæрдыл иу нысан æрлæууыд: йæ хъустæ гуыр-гуыр кæнынц, æнæ уаргæ йын нæй. Фæлæ Илья Николаевичы уыцы нысантæ нæ уыр- ныдтой. Уый дзырдта чингуыты, ахуырады тыххæй, фарстахæ скъолаиы хъуыддæгтæй: сывæллæттæ ахуыр кæнынц æви нæ? Кæд нæ, уæд цæуылнæ? Кæмдæриддæр уыдаид, алы ран дæр зæхкусджы- тимæ кодта скъолайы кой:^уазæгуаты уыдаид, иу хъæ- уæй иннæ хъæумæ бæхтæрæгимæ цыдаид, æхсæвиуат- гæнæн хæдзары фæндаггæттимæ баззадаид, алы ран дæр йæ ныхас уыд скъолаты тыххæй. Æмæ йæм кокушкинойаг зæхкусæг хъуыста йæ сæр дæлæмæ,,æруадзгæйæ, йæ зачъе адау-адау кæн- гæйæ, ома нæ мæгуыры хъистæ куы хæрæм, уæд ма нæ скъолайы мæт ис. * * * Арвыл иу къæм дæр нæ уыд. Илья Николаевич æмæ Мария Александровнæ сæ- 35
хи фæвдз кодтой сæ сывæллæттæ æмæ сæ хæрæ- фырттимæ хъæдмæ — Ушняйы фаллаг фарсмæ. Сывæллæттæ кæрæдзймæ хъæр кодтой: — Зокъотæм, гагадыргътæм, Шляпæмæ цæуæм! Шляпæ, зæгъгæ, хуыдтой Черемышевы нæзы хъæ- ды: бæрзонд былгæронæй зындис, нæлгоймаджы стыр шляпæ быдыры астæу куы æрæвæрай, уый хуызæ- нæй, — æмдымбыл, астæуæй бæзджын æмæ тар, йæ кæрæттæ — кæрдæгхуыз, тæнæгдæр æмæ ныллæгдæр. Сæ фæндаг акодтой хъæуыл. Мария Александров- нæ йемæ рахаста буар сæрдæн хос æмæ бауад иу рын- чын сылгоймаджы абæрæг кæнынмæ: Кокушкинойы фелсыр нæ уыд, рынчындон сæм дард, æмæ йæ бон цы уыд, уымæй сын Мария Александровнæ йæхæдæг æх- хуыс кодта. Валодя дæр йæ мады фæдыл бацыд. Æфсин ба- тыхсти. Скодта æнтæф, хур бон, фæлæ хæдзары чысыл рудзынг гом нæ кодта, иу къухы бæрц ыл рыгсбадт æмæ дзы рухсы цъыртт мидæмæ нæ калди. Цармæ уыди авдæн ауыгъд. Валодясындæггай авдæнмæ нык- каст: сывæллоны цæсгомыл бындзытæ æрæмбырд сты. Сывæллон йæ кæуынæй не ’нцад. Пецы сæр хуыс- сыди рынчын зæронд ус. Хæдзары æфсин Мария Александровнæйы хуыдта Машенькæ — æмгæрттæ уыдысты æмæ гыццылæй ныр- мæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Фæлладхуызæй авдæн узгæйæ, хъаст кодта йæ мæгуыр цардæй, йæ низæй. Мария Александровнæ куы рацæйцыд, уæд ын зæр- дæ бавæрдта цайгæрдæг æмæ цикорийæ. Зæхкусджы- ты къухы цайгæрдæг арæх не ’фтыд. Сылгоймæгтæм цикорийæ æхсызгондæр хæрзиуæг ницы каст. Хъæуы уынджы Валодямæ æнхъæлмæ кастысты кокушкинойаг лæппутæ. Æвдыстой йæм къæбырттæ- 36
гæй конд хæдæхсгæтæ. Стæй баныхас кодтой хуыцау- боны Ушняйы^доны фаллаг фарс быдырмæ уæрццытæ марынмæ ацæуыны тыххæй. Хуымтæ алырдыгæй бур дардтой. Мария Але^ксандровнæ цыдис Илья Николаевичы фарсмæ æмæ сывæллæттæн йæ фыды тыххæй дзырд- та. Александр Дмитриевич Бланк уыд дохтыр. Уый иудадзыг дæр архайдта чызджыты æнæниздзинад фи- дар кæныныл, фæлтæрдта сæ зындзинæдтыл, ахуыр сæ кодта фæстауæрц кæныныл. Сæрдæй, зымæгæй фондзæй дæр — Мария Александровнæ æмæ йæ хо- тæ — дардтой цыбырдыс, гомхъуыр джиппæйфыст къабатæ, ахæм къабатæ даер сын дыгæргттæ йедтæмæ нæ уыд. Мария Александровнæ дзырдта, гыццылæй йæ ахуыр ;кæнын куыд тынгг фæндыд, уый. Фæлæ Бланк- тæ цыбыр къух уыдысты, ахуыргæнæггаг та бирæ фидын хъуыд. Сæ мад куы амард, уæд чызджыты хъомыл кæнынæн’ арххуыс кодта мады хо. Уый Мария Александровнæйы сахуыр кодта музыкæйыл ’æмæ фæ- сарæйнаг æвзæгтыл. Дарддæр ахуыр кæнын йæ къу- хы нал бафтыд. • Мария Александровнæ роггомау ныуулæфыд. 'Илья Николаевич æм рæвдаугæ цæстæй бакаст, стæй, сывæллæттырдæм раздæхгæйæ, загъта: — Фæлæ уæддæр Аняйы райгуырды фæстæ йæхæ- дæг бацæттæ кодта æмæ экзаментæ радта райди- ан скъолайы ахуыргæнæджы ном райсыны тых- хæй... Илья Николаевичы фарсмæ цыди сæ хæрæфыртты хистæр Анютæ Веретенникова. Уый сын кодта иу зон- ’гæ ахуыргæнæджы кой: адæмы сæрыл кæй дзырдта, хъæуы цæрджыты æхсæнмæ йæ рухсдзинад хæссын кæй фæндыд, уый фæдыл æм хъæуы хицауад схæрам 37
сты. Волостмæ йыл фыссын, дзырд хæссын байдыд- той, фарстой йæ, джигултæ кæнын æм райдыдтой; фæстагмæ йæ уездæй арвыстой. Анютæ уыди тынг мæсты, йæ хъæлæс зыр-зыр кодта. Сащæ æмæ йæм Аня лæмбынæг хъуыстой. Анютæ сæ цæсты кадджын уыди, се ’ппæт дæр æй зыдтой, цалдæр азы размæ стенографи хорз сахуыр кодта æмæ йæ бон уыди йæхи хæссын. Фæлæ Анютæ- йы фæндыд хъæуы кусын, адæмæн æххуыс кæнын, хъæуккаг дохтыр уæвыи. Æмæ ныр ахуыр кæны Пе- тербурджы æфсæддон госпитæлы дохтырты курсыты, æртыккаг аз цæры гæххæттытæ рафысс-бафысс кæны- нæй æмæ уроктæ дæттынæй. Ныхасгæнгæ бахæццæ сты Бутыркæйы хъæумæ. Илья Николаевич йæ зонгæ зязхкусæджы фарсмæ хæдзары фæлгæтыл æрбадт. Амæн дæр та йæ хъаст, йæ маст иннæты хуызæн: фæззæг æрхæццæ кæны, хъалон цæмæй бафида, уый йæм нæй, йæ хæстæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, йæ хæстæн’æй йæ род дæттын бахъæудзæн, æмæ уæд бын- тон хæдзархæлд фæуыдзæн. Сабыргай ацыдысты дарддæр — куыроймæ, нæзы хъæды къохмæ. Хур ныллæг æрцыд. Къохы разæй фæстæмæ раздæхтысты. Фæндагыл амбæлДысты иу хуымгæнæг лæгыл. Куысты ф^æстæ æрбацæйздæхтсæ- химæ. йæ фарсмæ цыди йæ мæллæг бæх, дзывыр йæ фæдыл ласгæйæ. Илья Николаевич йæ къухтæ йæ чъылдымыл сæ- вæрдта, афтæмæй æмыр хъæлæсæй цыдæр зарыд. Аня æмæ Сашæ уыцы зарæг бирæ уарзтой. Сæ фыд-иу æй æдзухдæр йæхимидæг зарыди цавæрдæр æнахуыр хъæлæсы уагæй. Сывæллæттæ йын сындæг- гай бахъырныдтой. 38
Анютæ Веретенниковайæн зарæгмæ йæ цæсгомыл цыдæр сагъæс, цыдæр карздзинад фæзынд. Илья Николаевичæн йе ’уæхсчытыл зæронд кæл- мæрзæн, афтæмæй цыди над къахвæндагыл æмæ сын- дæггай зарыд: Æфсьшæртау кæрæдзи уарзæм, Ис ныфс нæ дыууæмæ дæр фаг. Æнустæм дæр’ нæ Бæсты знаг Æнæуыион уыдзæни махæн. Уыцы зарæг зарын нæ уагътой, афтæ дзырдтой, поэт Рылеев, дам, æй ныффыста. Фæззæджы сæхимæ, чиныг йæ дæларм, афтæмæй кæрты тезгъо кæнгæйæ, Аняйы зæрдыл æрбалæууыд Бутыркæйы^куырой, Ушняйы былгæрон, нæзы къох æмæ базарыд; Æнустæм дæр нæ Бæсты знаг Æнæуынон уыдзæни махæн. Йæ мад рудзынгæй ракаст, чызгмæ бадзырдта æмæ йын загъта: — Уыцы зарæгæн горæты мидæг хъæрæй зарæн нæй. Исчи фехъусдзæн æмæ дзурдзæн: адæмон скъо- латы директоры хæдзары чи не ’мбæлы, ахæм зар- джытæ кæнынц, зæгъгæ. Аня банцад æмæ Сашæимæ цæхæрадонмæ ацыди. Хорз сæм касти херыйыл лæугæйæ зарджытæ кæ- нын. Фæлæ уыцы зарæгæн зарыны дзырд нæ уыд, сæ фыд дæр-иу æй æмыр хъæдæсæй зарыди. Æмæ ныр херыйы бæттæнтыл хæцгæйæ, мынæг хъæлæсæй база- рыдысты: Æфсымæртау кæрæдзи уарзæм... 39
мæскуыйы уынджы 1878 азы сæрды Илья Николаевич Ульянов бал- хæдта хæдзар æд дыргъцæхæрадон Мæскуыйы уынджы. Бинонтæ æрцардысты сæ ног бæстыхайы. Хæдзар уыд хъæдкъул, уæладзыгджын, тарбур ахорæнæй ахуырст. Йæ номыр — фæндзай æстæм — дзæбæх нал зынди. Хæдзары фале уыди даргъ цъæх кæрт, кæрты æд- де — дыргъцæхæрадон. Æвæццæгæн йæ раздæры хицау бæхтæ дардта, уы- дис æм къарет; кæрты рахиз къуымы, цæхæрадоны быруйы раз та — къаретдарæн сара. Хæдзармæ хæс- тæг ныггæнд арæзт, йæ фарсмæ дыууæ пъадвалы, иу дыргътæн, иннæ та халсартæн. Кæрты лæууыд стыр тулдз хъæд. Илья Николаевич сфæнд кодта уыцы хъæдæй бан- дæттæ саразын. Хъæд афазтой фæхсытæн, пълотник сыл сарайы бирæ фæархайдта æмæ дзы сарæзта дыу- уадæс æнахуырст бандоны. Сæвæрдтой сæ хæдæндон уаты, фæлæ хорз нæ рауадысты. Стæй сын сæ бæсты венаг бандæттæ куы балхæдтой, уæд сæ æддæмæ ра- хастой. Ног бæстыхæйттæ сывæллæтты зæрдæмæ тынг фæ- цыдысты. Ам уыди парахат, æнцонвадат ран. Флигелæй-иу Валодямæ æрбауад йе’мгар лæппу> Нефедьев Коля, хуийæджы фырт. Няня сæ хуыдта: «Дыууæ фыдуаджы». Куы-иу сарайы фегуырдысты, куы стъорожы къуы- мы, куы цары; куы-иу иу ранæй райхъуысти сæ хъæр, куы иннæ ранæй. Иу хатт тæссонд асинтыл схызтысты цармæ, хо- сæвæрæнмæ, æмæ уым фæбыцæу сты. Коля асхуыста 40
Валодяйы; зæронд гæрæн æй. нæ баурæдта æмæ Ва- лодя уырдыгæй рахауд. Йæ амондæн бынæй хос фæ- ци æмæ йын ницы, уыд. Мария Александровнæ сæ хъæрмæ рауад. Кзесьг æмæ Валодя хосы бады, йæ сæр пыхцыл, æмæ худы. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ та ног фы- дуаг ми бакодтой. Дурты гыбар-гыбур ссыд агъуысты сæрыл; кæр- тæй æрбайхъуыст хъæртэе — уый Валодя æмæ Коля ерыс кодтой, дур дарддæр æмæ уæлдæр чи фехсдзæн,. зæгъгæ. Раздæр æхстой хъавгæ — дуртæ хаудысты акъацийы къудзитæм; . фæлæ Коля хъавын райдыдта агъуысты сæрмæ; иу-дыууæ хатты дур агъуысты жест сæрыл сæмбæлд, стæй уæд Аняйы тыргъы рудзынгыл, æмæ йæ авг базгъæлæнтæ. Зарварæ Григорьевнæ цæлгæнæнæй рауад æмæ ззагъд кодта: . — Къулбадæг! Бон сихор афон рудзынг куыд æр- басаста! Æз дæ ныртæккæ дæ м.адыл куынæ сардауон,. уæд ма-иу афтæ фæкæс! Фæлæ Валодя æваст фæхъæр кодта: — Уый æз уыдтæн, <æнæбары. - Варварæ Григорьевнæ йæм йæ къухы æнгуылдзæй бадодой кодта: . . — Ды та йын æвдакат дæ! — æмæ æлхынцъ æр- фыгæй фæстæмæ хæдзармæ бацыд. Коляйы мад, Нефедьева Еленæ Григорьевнæ, идæдз ус, .Ульяновты цæхæрадоны къуымы фатеры цардис, дыууæ стыр бæласы цур цы чысыл флигель уыд, уым, мæй сын фыста æртæ абазийы. Флигелæн цæхæрадонырдæм уыд æртæ чысыл рудзынджы. Ма- рия Александровнæ-иу сæ рæзты фæцæйцæугæйæ Не- федьевамæ æнæбауайгæ нæ фæци. Хатгай-иу йемæ цай 41
цымынмæ дæр æрбадт, Мария Александровнæ сын цы чысыл æрхуы самавар балæвар кодта, уымæй. Нефедьева-иу хъаст кодта йæ цардæй: æнафонмæ фæбады йæ хуыинагыл, йæ сæр схъил кæныны бон æй нæй, афтæвдæй йæ мызд дыууæ уды фаг нæ кæны, уы- мæн æмæ йын хуийæггаг ницæйаг капеччытæ фи- дынц. Арæх-иу дзырдта: зын дарæн’ у лæппу æнæ фы- дæй; фыдуаг, къулбадæг митæй дарддæр йæ хъус ни- цæмæ дары. Мария Александровнæ йын Коляйы дæттын кодта райдиан скъоламæ, Илья, Николаевич ын баххуыс кæндзæй, зæгъгæ. # # * Валодя лæф-лæфгæнгæ фæцæйзгъордта флигелы рæзты, Коля та йæ фæдыл. Къудзиты бын ссардтой гæдыйы лæппынтæ, цъæх-цъæхидтæ, нырма цæстæй дæр нæма^кæсынц, сæ цъист-цъист цæуы, æвæццæгæн сæ исчи заборы сæрты æрбаппæрста. Сæ дыууæ дæр тагъд кодтой цæлгæнæнмæ, гæдыйы лæппынтæн æхсыр аёмæ цайцымæн тæбæгъ хæссынмæ. Згъоргæ-згъорын Валодя иуварсырдæм фæзылд æмæ йæ мадмæ ныхъхъæр кодта: — Гæдыйы лæппынтæ ссардтам Чъизи Къохы!.. Афтæ схуыдтой сывæллæттæ, цæхæрадоны галиуыр- дыгæй фарс быруйы рæбынты цы къахвæндаг цыдис, уый. Сыхæгтæ уырдæм калдтой сæ бырæттæ, æппæрс- той йæм гæххæтты гæбæзтæ, афтид æвгтæ. Цæхæра- доны алыварс цы цыппар къахвæндаджы æртыхст, уыдонæй алкæмæн дæр уыдис сæрмагонд ном: алкæ- йы дæр дзы хъазгæйæ хуыдтой Къох. Рахизырдыгæй уыдис Сырх Къох — зади дзы сындз дурвæткъуыйы къудзи. Кæртырдыгæй — Сау Къох — стыр пæлæхсар 42
хъарман бæлæстæ æмæ дзы сирены къудзитæ. Цæхæ- радоны алыварс сагъд^уыд бур акъацитæ. Рæбинаг къахвæндаджы уыцы акъацитæ уыдысты уæлдай бæр- зонддæр; уый сывæллæттæ хуыдтой Бур Къох. Сæрды фæстаг бонты Валодя æмæ Коля æдзух дæр хъазыдысты цуанæтты дъазтæй. Суанг-иу райсо- мæй цæхæрадонмæ ацыдысты æмæ сирены къалиутæй кодтой фæттæ. Фæззæджы фæзындысты æндæр бæстæм тæхæг мæргътæ. Бæлæстыл бадтысты саурихи чысыл дзы- вылдартæ. Валодя æмæ Коляйы тынг фæндыди рихи- джын дзывылдары æрцахсын. Схызтысты зæронд хъарман бæласы тæккæ цъупмæ æмæ дзы сæвæрдтой цъиуахсæн къæппæг. Фæлæ дзы, æвæццæгæн, цавæр сайæн æвæрын хъуыд, ахæм нæ сæвæрдтой æмæ иунæг цъиу дæр не ’рцахста къæппæг. * * * Митджын зымæг скодта уыцы аз. Мит хъæпæнтæй лæууыд заборы рæбынты — митæй аразæн уыд цатыр кæнæ куыдзы будкæ. Валодя æмæ Коля арæзтой ми- тын лæг. Сæ къухтæ баргъæвстысты, уазал сын сæ уырзтæ хуынчъытæ кодта. Фæлæ сæ уæддæр мидæмæ сæ къах нæ хаста. Уалынмæ æрбазгъордтой сæ зонгæ лæппутæ. Бæс- тæ хъæр æмæ змæлд ссис. Чидæр йæ къух фæтылдта, митын лæгыл аныдзæвд æмæ лæг æркалд. Валодя миты бынæй рахылд æмæ лæппуйыл мæс- ты хъæр скодта: — Цæмæн æй. халыс! . Уыцы сахат Сашæ йæ даргъ цинелы кæрты фæ- цæйцыд. Раздæхт сæм, йæ дыууæ къухæй йæ хъустыл хæцгæйæ, Валодямæ бакаст æмæ æнцадæй загъта: 43
— Кæд æй иу хатт хорз скодтат, уæд æй ныр хуыздæр скæнут. Валодяйæн йæ маст ссыд. Валодя мит нæмынмæ фæци, æмæ зыланггæнаг хъæлæсæй лæппуты фæдыл ахъæр кодта: — Сараздзыстæм æй! Афтæ йæ сараздзыстæм, æмæ фехалын куыд никæмæн уал бакома! * * * Валодя йæ мадæй æхца ракуырдта æмæ Коляимæ ацыдысты Александры номыл цæхæрадонмæ цъиуах- сæг Лапшинмæ — цæхæрадон хъахъхъæнæгмæ; рав- зæрстой сауцъиу, балхæдтой йын къалати. Уый фæстæ ма балхæдтой’ноджыдæр фондз цъиуьь Коля сæ дардта йæхимæ. Æрмæст ма дзы иу сырх- риу цъиу Валодямæ къалатийы ныууагътой; уый куы доны агуывзæмæ гæпп кодта, куы гæны мыггæгтæ уыгъта. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ цъиу æнкъард кæ- нын байдыдта, сфыдхъуын, фæлæ уый ничи бафип- пайдта. Иу райсом раджы Валодя къалатийы размæ бацыд &мæ джихæй баззад: сырхриу цъиу йæ къæх- тæ хæрдмæ хъилæй лæууыд; агуывзæйы ленк кодта нæмыджы зæронд цъар. Чидæр йæ рæзты æрбацæйцыд, æрлæууыд æмæ йæ бафарста: * . — Кæд æм æвзæр зылдтæ, миййаг? Кæнæ дæ рох фæци? Фæлæ Валодя ницы сдзырдта. Æнцадлæууыд æмæ касти цъиуы мардмæ, йæ хæлиу бырынкъмæ, рыгæй- дзаг кълеткæмæ. Æппынфæстаг ныууылæфыд æмæ Колямæ ацыд. Исдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй загъта: — Амæй фæстæмæ цъиуты къалатийы никуыуал дардзынæн! 44
Адæммæ иу ахæм зæронд æгъдау уыд: дыууын фæндзæм мартъийы-иу, благовещенийы бæрæгбоны, ауагътой, зымæг-зымæджы дæргъы агъуысты цы цъиу- тæ фæдардтой, уыдоны. Ралæууыд дыууын фæндзæм мартъи, скодта уал- дзыгон хур бон. Бинонтæн се ’п’пæты разæй фестад Валодя æмæ азгъордта сывæллæтты уатмæ, няня æмæ кæстæрты хъал кæнынмæ. Хæдзар^ы йæ хъæрæй бацæуæн нал уыди. — Тагъддæр уæлæм,æ сыстут! Æз ныртæккæ цъиу- ты уадздзынæн! Мамæ! Анютæ! Сашæ! Няня кæртмæ рахаста чысыл стъол. Нефедьев Коля æрбахаста къалатитæ æд цъиутæ. Æрбамбырд сты бинонтæ, æрбацыдысты лæппутæ. Коля Валодяйы хъусы бадзырдта: — Мæнæ гыццыл цъиуы уæддæр ныууадзæм, хорз куы зары! Фæлæ йын Валодя йæ зæрдыл æрлæууын кодта: — Иу дæр дзы нæ ныууадздзыстæм, .зæгъгæ, куы баныхас кодтам. Æмæ бакодта къалатийы дуар. Цъиу сгæпп-гæпп кодта, йæ чъыр-чъыр ссыд. Стæй сабыргай ратахт къалатийæ æмæ бæласы къалиуыл абадт. Иу къали- уæй иннæмæ батахт, иу хатт ма бачъыр-чъыр кодта æмæ атахт. Афтæ иу иннæйы фæдыл Валодя ауагъта цъиуты се’ппæты дæр. Валодя йæхи срæвдз кодта Коляимæ Донласæн хидмæ кæсаг ахсынмæ. Цæхæрадоны ралыг кодтой æнгуырдарæн уистæ, скодтой æнгуыртæ. 45
Алчидæр йе ’нгуыр хаста йе ’уæхскыл. Фæнда- гыл сыл цы лæппутæ æмбæлдис, уыдон-иу сæ афар- стой: — Кæсаг ахсынмæ цæут? Коля сæрыстырæй тылдта йæ сæр. Кæсæгтæ сайынæн æнгуырыл фидар кодтой хæдза- ры бкндзытæ. Фæлæ хæрз лыстæг кæсæгтæ йедтæмæ æнгуыр ницы ахста. Сæ зонгæ лæппу хидыл æрбацæйцыд æмæ сæм дзуры: — Уыдон цæй кæсæгтæ сты? Уæртæ сæны заводы раз къанауы лæппутæ тъепатæ ахсынц. Азгъордтой сæны заводы размæ. Къанау уыдис арф, хъуына сæвæрдта, йæ былтыл зади дзала. Цъæх хъуынавæрд цъыфдзасты гæппытæ кодтой хæфсытæ. Лæппутæ сæ ахстой æнгуыртæй. Валодя æргуыбыр кодта, кæсы, æмæ иу дынджыр хæфс æрдæг мардæй, йæ урс гуыбын хæрдмæ хъилæй. лæууы. Йæхи йæм баивæзта, æнгуырдарæн уисæй йæ афæл- дахынмæ куыд хъавыд, афтæ фæбырыд æмæ цъыф- дзасты смидæг. Истæуыл куы фæхæст уаин, зæгъгæ, - ма бæргæ архайдта, фæлæ йæ алыварс цъыфдзаст йедтæмæ ницы уыд, къæхтæ сласын нæ куымдтой æмæ- арфæй-арфдæр ныгъуылд къанауы. Лæппутæй чидæр фæтарст: — Хъуыддаг хорз нæу! Нылласдзæн æй бынмæ! Æмæ иууылдæр уыциу хъæр ныккодтой: — Фæдис! Валодя йæ ронбастмæ афардæг цъыфдзасты, ныс- сырх ис, йæ сæрыхъуынтæ спыхцыл сты. Сусоколовы сæны • заводæй сæ хъæщ^æ иу кусæг æрбазгъордта. Уый йæм^ хъавгæ бахызт, йæ къæхтæ- фæтæн сæвæрдта æмæ Валодяйы къанауæй сласта. 46
Къанауы былæй йæ æддозгомау æрæвæрдта. Стæй æрбамæсты æмæ фæхъæр кодта: — Къулбадджытæ! Айсут уæхи ардыгæй! Валодяйы дарæсыл лакъон бынмæ лæсæнтæ код- та. Сыгъдæг кæнын æй райдыдтой кæрдæг æмæ мæн- тæджы сыфтæй. Азгъордтой Свиягæйы былмæ, кæсæг- ты ведрайы дон æрбахастой йæ цъыфтæ æхсынмæ. — Мæ къах фæбырыд, æндæр цы! Фæбырыдтæн, æндæр дзы тæссагæй цы ис!— дзырдта ’мæ дзырдта Валодя. Фæссихор Аня Валодяйы йемæ акодта библиоте- кæмæ чингуытæ ивынмæ. Мæскуыйы уынджы уæлæмæ ссыдысты. Аня, чин- гуытæ йæ дæлармы, афтæмæй цыди уæзданхуызæй. Йæ дзыккутæ фæсте лентæй баст, шляпæйы бынæй дæлæмæ æрцыдысты; йæ хъуырыл — сау бархæты уадздзаг фæрдгуыты хуызæн. Валодя алырдæм кæсгæ цыдис йæ хойы фарсмæ. Схæццæ сты тигъмæ. Сæ размæ фесты хъазтæ. Сæ раздзог йæ къубал размæ баивæзта æмæ басыф-сыф кодта. Валодя æваст Аняйы фæуагъта æмæ даргъ уис хъазтæм фæцарæзта. Нæл хъаз уисмæ фæлæбурдта. Валодя иуварс агæпп кодта, стæй та. хъазмæ хæс- тæг бацыд æмæ йæ мæстæй марын райдыдта. Иннæ хъазтæ бæстæ сæ сæрыл систой æмæ узгæ- узгæ Валодяйырдæм азгъордтой. Аня лæууыд иуварс æмæ-хъæр кодта: — Валодя, ныууадз сæ! х Фæлæ хъазтæ Валодяйы цæуын нал уагътой. Æппынфæстаг æрхъуыдьь кодта: уынджы астæу уæлгоммæ æрхуыссыд æмæ сæ йæ къæхтæй «æхимæ нае уагъта. 47
Аня иуæй худгæ кодта, иннæмæй мæсты. Изæры æхсæвæр куы хордтой, уæд йæ къæбæлдзыг дзыккуты бынæй Валодямæ хинæйдзаг цæстытæй ба- каст æмæ загъта: — Валодяйы ма бафæрсут, чингуытæ ивынмæ библиотекæмæ куыд фæцæуы, уымæй—уый дйссаг у... ^ Фæлæ Валодяйы тынг нæ фæндыд уыцы хабар дзурын. Диссагæй дзы цы ис! ÆФСЫМÆРТÆ ÆМÆ ХОТÆ Рæстæг уыд æнтæф. Мария Александровнæ бон дыууæ хатты йæ дидинджытыл дон пырх кодта. Æнтæф боны фæстæ, изæрырдæм,.бинонтæиууйл: дæр рацыдысты Мария Александровнæйæн æххуыс " яæнынмæ. Цъай уыди кæрты кæрон арæзт, цæхæрадоны дуа- ры раз. Иæ дон пъолтæ æхсынæн æмæ цæхæрадон. пырх кæнынæн йедтæмæ ницæмæн бæззыди. Нуазыны дон та донласæг боцкъайы мидæг Свиягæйæ ласта. Хистæр сывæллæттæ радыгай дон цъырдтой насо- сæй. Пырхгæнæнты æмæ йæ ведраты мидæг хастой цæхæрадонмæ, дзаг кодтой дыууæ стыр хъæдын мигæнæны бахъуаджы сахатæн. Кæстæртæ дæр раз- гъордтой хæдзарæй — чи графинимæ, чи бæгæныхæс- сæнимæ. Донæй-иу сæ куы байдзаг кодтой, уæд хъав- ’гæ уадысты фæндæгтыл — доны æртæхтæ зæхмæ тагъ- дысты æмæ рыг тымбылтæ кодта. Цалынмæ Сашæ насосæй дон ’ цъырдта, уæдмæ Валодя та йæ пырхгæнæнимæ тыннывæндæгау дыу- уæрдæм згъордта, ’ цъайæ — дидинджытæм, дидин- джытæй та — цъаймæ. Резеда æмæ левкой дидинджыты дзæбæх тæф цы- 48
ди. Клумбæйы бæзджын къудзиты æхсæн задысты анютæйы цæстытæ.1 Сывæллæттæй иу хъазгæйæ афтæ: — Анютæ анютæйы цæстытæ уарзы. ’ Аня йæ мидбылты бахудт. Фæлæ сæ уарзгæ æцæг кодта уыцы дидинджыты. — Дæлæ папæ рацæуы! — æваст фæхъæр кодта Митя. Хæдзарæй рацæйцыд сæ фыд. Уый кусынæй ба- фæллад æмæ ныр цыди æххуыс кæнынмæ. Фыдимæ куыст фæрæвдздæр, æмармæй бавнæлд- той се’ппæт дæр!. Дон насосæй чи цъырдта, уый йæ бынат нæ лар- вæрдта иннæмæн, цалынмæ-иу йæ къухтæ не ’стæц- пæлттæ сты, уæдмæ: дон фылдæр куы сцъирид æмæ мигæнæн тагъддæр куы байдзаг уаид, уымæ сæ тыр- ныдта алчидæр. * * * Райсомæй раджы Илья Николаевич йæхи срæвдз кодта лæппутимæ Свиягæйы донмæ йæхи найынмæ. Се’ппæты разæй хæдзарæй разгъордта Валодя, йæ фæндаг даргъ санчъехтæгæнæныл акодта æмæ йæ алыварс æрзылд. Цæджындз уыд ныккæндæй къарет- дарæн сарайы æхсæн сагъд. Чызджытæ-иу æдзух йæ алыварс зылдысты; хатгай-иу Сашæ дæр уыди семæ. Уалынмæ, хисæрфæн йе ’уæхскыл, афтæмæй Илья Николаевич æддæмæ рацыди. Хурмæ йæ цæстытæ нæ лæууыдысты.^ йæ фæстæ фæзынд Сашæ дæр. Кæрты рæбын Митяйы баййæфтой йæ уарзон куыс- тыл: цалынмæ фыд æмæ æфсымæртæ цыдысты, уæд- мæ уый йæ удæй бацыд ныллæг сарайы сæрæй зæхмæ 1 Анютæйы цæстытæ (анютины глазки) — дидинджыты мыг- гаг. 4 Ульяновты бинонты цардæй 49
гæппытæ кæныныл; уыцы хъазт нырма хæрз æрæджы базыдта. Ацыдысты цæхæрадæттыл. Илья Николаевич дæ- гъæлæй бакодта сырхбын ахуырст быруйы дуар æмæ рахызтысты Покровскийы уынгмæ, стæй цъæхнæу уынджы рахизырдæм ныццыдысты, Свиягæйы былмæ. Быруйы рæбынты къанæутты зади пысыра. Кæй- дæр хъуг хызтис уьтнджы. Бынæй хурмæ æрттывта дон. Покровскийы уынджы кæрон уыди цъыфдзаст. Доны был зади бæлæстæ. — Дæлæ мамæ чызджытимæ ссæуы! — æваст фæ- хъæр кодта Валодя. Доны былæй4 сцæйцыдысты чызджытæ, сæ хуылыдз сæртæ хисæрфæнтæй баст. Сæ мады’’сæрыл та тæнæг сæрбæттæн. Валодя сæм цæугæ-цæуын йæ хурмæ сыгъд къух батылдта. Афтæ-иу фембæлдысты кæрæдзиуыл алы бон дæр Покровскийы уынджы. Сæхи надтой радыгай: мад чызджытимæ, фыд та лæппутимæ. Ульяновтæ-иу æнæ- хъæн оæрдæн баххуырстой Рузкийы хинайæн: дыууæ сахаты райсомæй, дыууæ та — изæрæй. Иннæ хинайæн уыди немыцаг Кохы. Донмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд Илья Николаевич Кохьг хинайæны раз ауыдта немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг -Штейнгауэры. Ахуыргæнæгæн дардæй салам радта æмæ йæм хъазгæйæ ныхъхъæр кодта: — Немыцаг немыцагмæ цæуы, уырыссаг та уы- рыссагмæ! Штейнгауэр — ныллæг, стæвддæарæзт лæг, йе ’фцæгыл хъуырылдаргæ орден (хинайгæйæ дæр æй йæ хъуырæй нæ иста), хинайæнмæ бацæуæны раз лæугæ- йæ, йæ дзыхы дзаг ныххудт. 50
Валодя даргъ хидыл хинайæнмæ базгъордта æмæ йæ гæрстæ ласынмæ фæци. Хинайæны фæйнæджыты бынты раленк кодта доны астæумæ, стæй доны фаллаг фарс балæууыд. Свиягæ, уæрæх, ивылд дон, сындæггай цыди цъæх былгæрæтты æхсæнты. Валодя доны ныгьуылдтытæ æмæ футтытæ кодта. Дон йæ цæсгомыл бынмæ згъорд- та, йæ цæсгомыл цы дзыгъуыртае уыд, уыдон бæл- вырддæр зынын байдыдтой. Сашæимæ кæрæдзимæ хъæр кодтой. Уæлгоммæ æнæзмæлгæйæ бирæ фæ- хуыссыд. Фыд йæхи надта мидæгæй, хинайæны. Валодя фæс- тæмæ былмæ æрбаздæхт æмæ Митяйæн афтæ: — Æртæ урокæн дæ ленк кæнын сахуыр кæнон? Митяйæн ма суанг йæ хъустæ дæр асырх сты фыр- цинæй. Валодя йын уайтагъд бацамыдта, къæхтæ æмæ къухтæй куыд архайын хъæуы доны бын, уый, стæй йæ йæхи бар суагъта: — Æз дæ куыд ахуыр кодтон, афтæ ленк кæн. Митяйæн дон йæ сæрты анхъæвзта. Йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ тилы, йæхи доны сæр уромыныл ар- хайы. Нæ, нæма. арæхсти, дон йæ цæстыты æмæ фын- дзыхуынчъыты байдзаг. Сашæ Валодямæ смæсты, йæ гыццыл æфсымæрмæ баленк кодта æмæ йæ фелвæста. Фæлæ дыккаг бон Митя Валодямæ баздæхт, иу хатт ма мын ленк кæнын бацамон, зæгъгæ. Æмæ дын Митя куы аленк кæнид. * * * Валодя уарзта, змæлд æмæ хъæр бирæ кæм уы- даид, семæ стыртæ дæр кæм хъазыдаиккой, ахæм хъæзтытæ. 51
Аняйыл цыд йе ’хсæрдæсæм аз, уалдзæджы каст фæци гимназ, фæлæ-иу уый дæр рацыд йæ хотæ æмæ йе ’фсымæртимæ хъазынмæ. Сæ уарзондæр хъазт уыд «сау л.æдзæгæй» хъазт. Сашæ æмæ Аня цары бамбæхстысты æмæ сæм уырдæм хъуысы, Валодя куыд хъæр кæны, уый: «Сау лæдзæг æрбацыд — никæйы ссардта. Раздæр кæй сса- ра, уый лæдзæгимæ арвитдзæн». Уый фæстæ Валодя агурын райдыдта: тъæбæрг- . гæнгæ зылдис цæхæрадоны къуымты, стъорожы хæ- дзары алывæрсты, азгъордта ныккæнды размæ, ба- касти сарамæ. Уыцы рæстæг Аня æмæ Сашæ та цары бадтысты æмæ сабыргай ныхас кодтой. Сашæйы зæрдæмæ цыди Долохов, Толстойы роман «Война и мир»-æй. Анямæ уый диссаг касти: — Омæ Долохов тынг фыд-зæрдæ адæймаг куы у!—загъта Аня. Сашæ ууыл нæ разы кодта. Долохов уарзта ,йæ мады — ахæм адæймаджы фыд-зæрдæ схо- нæн нæй. Сашæ йын уарзта йæ характеры тых æмæ йæ ныфсхастдзинад. Хæрз хæстæгæй æрбайхъуыст Валодяйы къæхты хъæр. Аня фæгæпп ласта. Сашæ æндæр æмбæхсæн агу- рынмæ фæци, куыд агæпп кæнон, куыд алидзон, зæгъ- гæ, уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ. Уый фæстæ хъазыдысты гæды æмæ мыстæй. Илья Николаевич рацыд йæ кабинетæй кæртмæ сывæллæттæм бакæсынмæ. Семæ. зылды æрлæууыд, йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта. Гæды сабыргай æрбацæйхъуызыд, уый уыди цæрдæг Оля. Мыст та — Митя; Митя-иу зылды астæу- ты хъæргæнгæ фæсыффытт кодта æмæ-иу Илья Ни- колаевич уайтагъд дзуццæджы æрбадт. Валодя цоп- 52
пай кодта кæрдæгыл, куы-иу хæрдмæ сгæпп кодта, куы та-иу дзуццæджы æрбадт. — Папæ, ма йæ ауадз!.. — хъæр кодта йæ фыдмæ. * * * Бонтæй сывæллæттæ æппæты фылдæр уарзтой са- бат, уымæн æмæ сæ хуыцаубоны гимназмæ цæуын нæ хъуыди, Сихор хæргæйæ сывæллæттæ уыдысты хъæлдзæг, ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ, дзырдтой гимназ æмæ ахуыргæнджыты тыххæй. Немыцаг Штейнгауэр æвзæр дзуаппы тыххæй иу нæ, фæлæ æнæхъæн æртæ единицæйы куыд æвæры, уый тыххæй. Уый фæзæгъы: «Айс дæхи, единицæ». «!Мур дæр ницы æмбарыс, еди- ницæ, æмæ ма ноджы иу хатт единицæ». Се ’ппæт дæр худæгæй мардысты, се ’ппæтæй тынг- дæр та — Валодя. Бинонтæ-иу арæх дзырдтой: папæ æмæ нæ Вало- дяйы хуызæн зæрдæбынæй ничи худы, папæйæн ма суанг йæ цæссыгтæ дæр акæлынц. Иухатт хæрæндон уаты сихор хæргæйæ фыд ра- дзырдта иу чувашаг лæппуйы хабар: уый цалдæр азы дæргъы хызта хъæуы хъазтæ, стæй сæ хæдзарæй алыгъд горæтмæ ахуыр кæнынмæ, æмæ дыууæ боны Симбирскмæ фистæгæй фæцыд. Илья Николаевич ын баххуыс кодта скъоламæ бацæуынæн. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ, чувашаг кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы ахуыргæнæг сывæллæттæн рад- та ахæм сочинени ныффыссыны хæс къласы: «Абоны цаутæ дæм куыд фæкастысты?» Æмæ чувашаг лæппу ’ныффыста: «Абон нæм райсомæй фараст сахатыл, математи- кæйы урочы рæстæг, æрбацыд господин директор Илья Нцколаевич. Фыссæн фæйнæгмæ мæм фæдзырдтой 53
æмæ мын радтой, ныхас^ «гривенник» цалдæр хатты кæм æмбæлд, ахæм хынцинаг. Æз ныффыстон хынци- наг, бакастæн æй æмæ йæ хынцын райдыдтон. Госпо- дин директор Илья Николаевич мæ цалдæр хатт^1 ба- фарста æмæ бафиппайдтон, зына-нæзына гуылæвзаг кæй у, ныхас «гривенник» дзырдта «ггивенник». Уыцы хъуыддаг мæ сæрæй нал цух кодта æмæ мæ сæры сæвзæрд ахæм хъуыды; æз ахуыргæнинаг дæн, уæд- дæр арæхсын дамгъæ «эр» дзурынмæ, уый та дирек- тор у, стыр æмæ ахуыргонд адæймаг, афтæмæй дам- гъæ «эр» дзурын нæ зоны». Дыууæ боны фæстæ ахуыргæнæг радта сывæллæт- тæн сæ тетрæдтæ. Тетрæдтæ уаргæйæ уый чувашаг лæппуйыл фæхъæр кодта; «Хуыйы мыггаг», æмæ йæм йæ тетрад базыввытт кодта. Лæппу йæ систа æмæ, чысыл ма бахъæуа, ма скæуа. Йæ сочинеии уыд сырх кърандасæй дзуарæвæрд хахх, йæ бынмæ та уыд бæ- рæггæнæн — нуль. Уыцы рæстæг та Илья Николаевич фæстæмæ æрбацыд скъоламæ. Ахуыргæнинæгтæ фыс- той, уый та партæты æхсæнты зылд æмæ касти, куыст куыд цæуы, _уымæ. Афтæмæй бахæццæ чувашаг лæп,- пумæ, кæсы æмæ йæ тетрады — нуль. Систа тетрад, лæппуйы уæхскыл йæ къух æрæвæрдта æмæ дзы кæ- сы. Кæсы æмæ йæ мидбылты худы. Уый фæстæ ахуыр- гæнæджы размæ бацыд æмæ йæ ныллæг хъæлæсæй бафарста: — Дæ хорзæхæй, Василий Андреевич, уыцы лæп- пуйæн ахæм стыр картоф цæмæн балæвар кодтай? Сочинени грамматикон æгъдауæй раст фыст у, хъуы- дытæ кæрæдзиуыл кæрæй-кæронмæ раст баст сты, сыгъдæг зæрдæйæ фыст у, аиппæй дзы ницы ис. Ахуыргæнæг æрыгон уыд æмæ афтæ зæгъы: — Уыцы сочиненийы ис, хицæуттыл чи нæ бады, ахæм... 54
Фæлæ йын Илья Николаевич йæ ныхас айста: — Уыцы сочинени у сæ хуыздæртæй иу. Ахуыр- гæнинаг ныффыста, уыцы бон йæ сæрмæ тынгдæр цы бахызт, уый. Тынг хорз сочинени у! Сывæллæттæ хъуыстой æмæ цинæй мардысты, хъуыддаг афтæ хорзæй кæй ахицæн, Илья Николае- вич лæппуйы сæрыл кæй рахæцыд, уыдæтты тыххæй. Сашæ æрхъуыды кодта алы сабаты дæр журнал уадзын, æмæ йæ «Субботник» схонын. Аня фæндон бахаста: «Алчидæр йæхицæн фæсно- мыг æрхъуыды кæнæд æмæ журналы йе ’цæг номы бæсты йæ фæсномыг æвæрæд». Уый Валодяйы зæрдæмæ фæцыд æмæ сфæнд код- та йæхи «Кубышкин» схонын, уæнгджынтæ уæвгæйæ цыбыр лæппу кæй уыд, уый тыххæй. Оля цæрдæг уыди, фæлæ гыццыл. Бинонтæ йæ арæх хуыдтой: «маймули». Ныр йæхицæн цавæр фæс- номыг æрхъуыды кодтаид, уый нæ зыдта. Æппынфæс- таг ын чидæр загъта: «Дæхи «Обезьянков» схон». Сабатмæ бирæ нал уыд. Сашæ Оляйы фæурæдта æмæ йын афтæ, абон майрæмбон у æмæ нырма жур- налмæ ницы ныффыста, зæгъгæ. Оля фефсæрмы ис æмæ азгъордта сывæллæтты уатмæ. Чысыл фæстæдæр æм æрбахаста йе ’статья гæх- хæтты цыппæрæм хайыл фыстæй. Статьяйы бын зул дамгъæтæй кърандасæй фыст уыди: «Абезянков». Валодя журналы фыста даргъ радзырдтæ. Сашæ кодта худæджы нывтæ, фыста йæхи æрхъуыдыгонд уыци-уыцитæ, базон-базонтæ. Сашæ фæсномыгæй йæхи схуыдта «Вральман», ома гæдывад, фæлæ кæстæртæ дзырдтой: 55
«Уыцы ном Сашæйыл нæ бады, уымæн æмæ гæды ныхæстæ никуы фæкæны». Сабаты изæрæй бинонтæ иууылдæр æрæмбырд сты хæрæндон уаты, журнал кæсынмæ. Самавар сыр-сыр кодта. Сашæ рафæлдæхта папкæ. Се ’ппæт дæр уыды- сты хъæлдзæг, уаты уыди райдзаст. Фыдæн фырцинæй йæ цæстытæ æрттывтой, афтæ- мæй-иу бакасти мадмæ — ныййарджытæ бузныг уы- дысты сæ цотæй. Валодя æмæ Оляйы зæрдæмæ журналы се ’ппæтæй тынгдæр фæцыдысты нывтæ æмæ хъазæн ныхæстæ. Мæнæ дзы Валодяйы ныв: гимназмæ бацыд æмæ йе ’мбалæн гуыл дæтты, æмбал гуылты се ’ппæты дæр айста, Валодя æнæ аходæнæй баззад, йæ афтид дзæ- къул йæ къухы, афтæмæй дисхуызæй лæууы. Иннæ сыфыл уыди Оляйы ныв конд, йæ дзых хæ- лиу, йæ рустыл тымбыл цæстысыгтæ. Нывы бын афтæ фыст: «Оля схуыссыны размæ». Оля хуыссын нæ уарзта. Уый-иу йæ мадæн дзырд- та: «Æз уæддæр фынæй никуы вæййын. Æрмæст мæ цæстытæ æхгæдæй фæдарын». Фæлæ-иу мад уæддæр домдта: «Хуыссын афон у». Уæд-иу Оля кæуын рай- дыдта, сывæллæттæ йыл худтысты æмæ йæ мæстæй мардтой, Оля та тъизы, зæгъгæ. Аня фыста æмдзæвгæтæ. Сашæ йын стыр аргъ кодта. Ие ’статьяты Аня фæзмыдта журналты критик- ты. Йæ иу статья райдыдта афтæ: «Æмæ уæд нæ кад- джын «Вральман» та цы ныхъхъус ис, цымæ? Хъазæн ныхæстæ æмæ базон-базонтæй дарддæр цæуылнæ исты фыссы?» Йе ’ннæ статьяйы та Аня фыста: «Кубышкин йæ радзырды хорзыл нымайы...» Кубышкины радзырды уый æмæ уый нæ бæззы. Кубышкины радзырд уымæй 7 56
æмæ уымæй хорз нæу... Аня хорз фæхудти Валодяйы радзырдыл. Сашæ статья касти хъæрæй. Мад уыцы рæстæг агуывзæты кодта дай æмæ сæм лæмбынæг хъуыста: кæддæра Валодя цы зæгъид, хъыг ын нæ уыдзысты, цымæ, Сашæйы ныхæстæ? Фæлæ Валодямæ хъыг нæ фæкастысты. Аняйы статьяйæ цæмæй мацы ауадза, уый тыххæй чысыл йæ сæр ныкъкъул кодта: цæуылнæ у хорз йæ радзырд, хуыздæр куыд фыссын хъæуы цымæ радзырдтæ? Илья Николаевич сывæллæттæн балхæдта крокет. Кæрты райхæлдтой даргъ асыкк, систой дзы ла- кæй ахуырст даргъ дзæбугтæ сырх æмæ сыл сау тæл- мытæ. Сæйрагдæр хъуыддаг уыд: крокетæй хъазæн фæ- зы чысыл дуæрттæ раст сæвæрын. Уыцы куыст йæхи- мæ айста Валодя, иннæтæ та йын æххуыс кодтой. Уый дзæбугæй барста дæрддзæгтæ, стæй-иу къæлæт зæххы ныххоста, куыд нæ змæлыдаид, афтæ. Сырх къæбæ- лæй сау къæбæлы æхсæн айтынг кодта синаг æмæ фæз дыууæ раст æмбисы фæцис: мæнæ уый рахизырды-. гæй — рахиз дуар, галиуырдыгæй — галиу. Мæнæ ай та сæйраг дуар — къæппæг — тæккæ бæстастæу. Уæл- дай бирæ фæцархайдта Валодя къæппæгимæ. Крокетæй хъазыдысты сывæллæттæ дæр æмæ ас адæм дæр. Æрмæст-иу Сашæ арæх нæ хъазыди — рæстæг ын нæ фаг кодта. Хъазты æгъдæуттæ уыдысты тынг карз. Валодя æмæ Оля къори дзæбугæй ласын нæ уагътой. Уыдон алкæмæй дæр домдтой, къори уыциу къуырд куыд кæной æмæ хъазты æгъдæуттæ куыд нæ халой, афтæ. 57
Быцæутæ дæр сæм-иу рауад; хæдзармæ-иу арæх хъуысти сæ хъаугъа. Искæй къори-иу куы ныкъкъуырдтой, уæд-иу Ва-. лодя фæхъæр кодта: «Асхрйут æй уездмæ!», «Арвитут æй дарддæр губернимæ!» Хатгай-иу хъазт ныддæргъвæтин, суанг-иу талынг- мæ ахаста, фæлæ уæддæр хъазтæн æрдæгыл ныууа- дзæн ницы хуызы уыд. Æмæ-иу уæд хъазæн бынат рухс кодтой гæххæттын фанарта^й <æмæ-иу афтæмæй сæ хъазт куырмæджыты кæронмæ ахæццæ. # # # Валодя æмæ Олямæ цыдæр сусæг хъуыддæгтæ фæзынди. Цæуылдæр-иу асусу-бусу кодтой æмæ та-иу æваст фæхъус сты; хистæртæй сæхи æмбæхстой, цæ- хæрадоимæ-иу азгъордтой. Чингуыты бирæ диссæгтæ бакастысты сырхцъар адæймæгты тыххæй. Æмæ ныр сфæнд кодтой сæхицæй индейæгтæ саразын, урсцъар адæмæй хи хъахъхъæ- нын. Иухатт Митя цæхæрадоны хæмпæл къуыммæ баф- тыд, кæсы, æмæ Оля пыхсæйконд халагъуды бады, йæ сæрыл дынджыр мæнтæджы сыф, йæ быны кæр- дæг тыд, халагъуды раз къæцæлтæ æддæгуæлæ æвæрд æмæ сыл шафраны.сыфтæ зæрст. Митя æрлæууыд æмæ хæлиудзыхæй кæсы. Оля фæстæмæ разылд æмæ йын сындæггай бамбарын, код- та, уый арт у, сихор фыцы; Валодя цуаны ацыд, Оля та халагъуд хъахъхъæны; Оля æмæ Валодя индейæг- тæ сты, уый стыр сусæгдзинад у, фæлæ сæ стыртæн ма схъæр кæна! Уыцы рæстæг къутæрты астæуæй фæзынди Взло- дя, йе ’фцæгыл æрдын ауыгъд. Йæ фæдыл ласта къа- 58
базджын бьшдзæфхад — уый уыди, кæй амардта, уы- цы сырд. Валодя хæстулæфтгæнгæ дзырдта, куыд бафæллад, сырд æй куыд ныттыдта, æмæ йæ кардæй куы нæ ба- рæхуыстаид, уæд æй куыд фæцæйхордта, уыдæтты тыххæй. Уыцы хабæрттæ дзургæйæ, Валодя фæзмыдта туг- дзых сырды митæ: богътæ кодта, ниудта, йæхи-иу хæрдмæ фехста. Фæлæ æпнæтæй диссагдæр та уый уыди, æмæ сыр- димæ йæ тæккæ хæцгæйæ куы уыд, уæд йæ размæ бабадтысты урсцъар адæм. Уыдон æй* хъавыдысты архъанæй æрцахсын æмæ, амарынмæ, кæнæ та, чи зо- ны, æмæ уацары акæнынмæ дæр, индейагæн та уаца- ры бахауын мæлæтæй фыддæр у. Æппынфæстаг Валодя æрбадт зæххыл, арты фарс- мæ: стыр тæссаг раны уыди, тынг бафæллад, ныр æй исты ахæрын хъæуы. Митя хъуамæ урсцъар адæмы хæдзармæ азгъора æмæ исты хæринаг æрбадава.- Æцæг афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй йыл мачи фæ- гуырысхо уа. Митя азгъордта, фæйнæрдæм ракæс-бакæс кæнгæ- йæ: куы ничи йæ фенид! Хъуызгæ бацыд цæлгæнæнмæ, тагъд-тагъд дыууæ дзулы карстыл цæхх айзæрста. Стæй ахъахъхъæдта æмæ фæстæмæ фæзылд... Бæстыл цъиуызмæлæг дæр нæй. Фæлæ йæм кæд урсцъар адæм искæцæй сæ цæст сусæгæй дарынц, уæд та? Быруйы раз акъациты ау- уонмæ бауад. Фæлæ йæм индейаг æххормагæй æн- хъæлмæ кæй кæсы, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ хъуызын райдыдта цæхæрадоны кæронмæ. Уалынджы бахæццæ халагъуды размæ æмæ тагъд- тагъд дзурын райдыдта: чысыл ма бахъæуа, урс адæм æй ма феной, бирæ рæстæг æй йæ фæд фæливын куыд 59
бахъуыди, цæхæрадоны астæумæ куы бахæццæ, уæд йæ хъустыл хъæр куыд ауад — æвæццæгæн, урсцъар адæм бафиппайдтой, сæ дыууæ дзулы карсты кæй фæхъуыдысты, уый, æмæ йæ, æвæццæгæн, расырдтой. Индейаг хордта æмæ" сабыргай разыйы тылд код- та йæ сæр. Ие ’фсин ын хæринаг æрæвæрдта дурын къусы; цыма æцæг хъæрмхуыппы къус уыди, уыйау- иу Валодя йæ къæбæр афтид къусы атылдта. Уый фæстæ Валодя æрбацæуæггагмæ æвдисын байдыдта йæ диссаджы фæттæ: сæ иу кæрон-сыл чы- сыл фиййаджы хуызæттæ фидаргонд, иннæрдыгæй та — писи ныхæст. Индейаг йе ’рдын систа, йæ иу цæст бацъынд код- та, ныхъхъавыд æмæ фат суагъта. Митя къудзитæм азгъордта, фырцинæй йæ уадул- тæ туджы ахъазыдысты, афтæмæй индейаджы дисса- джы фат æрбадавта. * * * Сæрдæй бирæ нал уыд. Райдыдтой къæвда бонтæ. Цæхæрадоны бандæттыл згъæлдысты хуылыдз сыф- тæртæ. Фæлæ сывæллæтты нæ фæндыд мидæгæй бадын. Æрæмбырд-иу сты къаретдарæн сарайы. Хистæртæ уырдæм арæх нæ цыдысты. Сарайы дардтой, чи нæ хъуыд, ахæм дзауматæ. Сывæллæттæн дзы ныллæггомау ауыгъд уыди трапеци. Иухатт, къæвда бон, Митя æрынкъард: Валодя æмæ Оля никæцæй зындысты, Аня æмæ Сашæ уæле сæ уроктæ кодтой. Кæд миййаг уарын банцад, зæгъ- гæ, кæртмæ ракаст. Æдде сæлфынæг кодта, фæлæ уæддæр кæрты азгъордта, са’рамæ бакаст æмæ ауыд- та Валодя æмæ. Оляйы.-Цæмæдæр сæхи цæттæ код- той: Валодя зæххæй дыууæ адлийы бæрзонддæр ставд бæндæн айтыгъта. 60
Митя мæты бацыд: æвæццæгæн, бæндæныл цæу- дзысты. Айразмæ сывæллæттæ Зæронд Венецы цæу- гæцардгæнæг цирчы федтой. Оляйы къухы уыд даргъ хъил, цыма æцæг бæндæныл кафæг уыд, уыйау, фæцудынæй хъахъхъæныны тыххæй. Райдайыны агъоммæ сæ пъадостæ мелæй ахуыр- стой. Митя ныуулæфыд, тынг æй фæнды бæндæныл афæлварын. * * * Хорз уыди къæвда бон сарайы бадын æмæ истытæ аразын. Валодя сарамæ бацыд, трапецийыл йæхи сивæзта, æргæпп кодта æмæ, æхситтæй заргæйæ, фæрæт райс- та. Бирæ фæцамадта фæрæтæй, лæгъз кодта, хырхта. Митя йæм цымыдиоæй касти. Бинонтæ дзырдтой: «Диссаг нæу, Валодя куыд зæрдиагэёй кусы сара- йы!» — стæм хатт кодта ахæм • куыстытæ. Уалынмæ Митя. хæдзармæ «æрбазгъордта. — Валодя йæхицæн тодзы къæхтæ сарæзта, — загъта лæппу. Иннæ хатт та Валодя Свиягæйы былæй цавæрдæр бæласы фæлмæн цъар схаста æмæ дзы хæрынкъайæ Маняшæйæн чысыл лодкæ кæнын райдыдта. Тынг æй фæндыд бæлвырд конд куы рауадаид, уый. Æмæ йыл куыста зæрдиагæй, арæхсгæ. Митя æрхъæцмæ нал хъæцыд, тагъддæр куы фæ- уыдаид, уый йæ фæндыд. Уарын фенцайынмæ хъавы. Ныр цæхæрадонмæ азгъор æмæ бæхтæй ахъаз! Фæлæ Валодя тагъд *нæ кодта, æнувыдæй-æнувыддæр арæз- та йæ хъазæн. Æппынфæстаг æй фæци конд. Уарын банцад, хур ракасти. Хъазын райдыдтой. Синагæй скодтой божи. Вало- дя уыд бæхтæрæг, Митя та — бæх. Сæ хъазт хорз цы- 61
ди. Бæх иухуызон уадæй згъордта кæрты къуымтьг æмæ цæхæрадоны къахвæндæгтыл, йæ сæр размæ ныг- гуыбыр, афтæмæй. Бæхтæрæг ,æй ехсæй рог цъыччытæ кодта, æмæ-иу уæд бæх къæхтæ бæрзонд исгæйæ сгæп- пытæ кодта. Уый фæстæ сæ бынæттæ аивтой: Митя уыд бæхтæ- рæг, Валодя та — бæх, фæлæ сæ хъуыддаг рæстмæ нæ цыди. Валодя-иу йæхи арæмыгъта æмæ размæ атахт. Митя йæ нæ уромын фæрæзта, нæ йæ баййафын уыди йæ бон. Митя кæрдæгыл афæлдæхт æмæ хъаст кæнын рай- дыдта: — Афтæ хъазæн ’ нæй — ды мæнæй тыхджындæр дæ æмæ æппынæдзух размæ згъордзынæ. Гъе, уымæ гæсгæ, фæлтау бæхтæрæг у! Фæлæ йын Валодя бамбарын кодта: — Бæх кæддæриддæр лæгæй тыхджындæр вæййы^ фæлæ уæддæр ласы. Рæвдауын æй зонын хъæуы, рæвдауын, исты адджын хæринаг ын авæр: сау дзул цæххимæ —- бæхтæ уы.й бирæ уарзынц. Чи зоны, æмæ дæм уæд хуыздæр хъусдэæн! Валодяйы цæстытæ худæгæй æрттывтой. Фæлæ Митяйы нæ уырныдтой уыцы ныхæстæ æмæ чызджытимæ хъазынмæ ацыд. * * * Волгæйаг фæззыгон дымгæ уынгты йæ разæй сыф- тæртæ хаста. Райдыдтой даргъ мæйдар изæртæ. Фæссихор Валодя æмæ Оля бадзырдтой Митямæ- æмæ йын сусæгæй загътой: — Абон мамæ æмæ папæ ам нæ уыдзысты æмæ «Брыкаскæйæ» хъаздзыстæм. Кæд æризæр уыдзæн, зæгъгæ, Митяйæн йæ цæс- тытæ ныуурс сты. «Брыкаскæйы» хъазт хуымæтæджы хъазт нæ уыд: Валодя йæ æрхъуыды кодта. 62
«Брыкаскæ» цы у, уый ничи зыдта, — зыдтой æр- мæст, цыдæр тæрсæн кæй у, уый. Ныййарджытæ ацыдысты. Оля. æмæ Митя талынг залмæ бацыдысты æмæ пъолыл сбадтысты — цымæ цы уыдзæн, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастысты. Къуымы æвæргæ диван талынджы дзæбæх нæ зынди.. Дардæй хъуыст няняйы хъæлæс — æвæццæ- г«æн, Манечкæ нæма бафынæй ис. ^ Митя мынæг хъæлæоæй загъта: хуыздæр уыдзæн фортепианойы бын сбадын; кæнæ диваны бынмæ ба- бырын — нæ, диваны бынмæ нæ хъæуы... Фæлæ йын Оля йæ дыс раивæзта, ома, ма дзур! Цыдæр къæрццытæ цыди залæй. Сæ чъылдыммæ кабинеты дуар уыд гом, уым дæр уыди талынг. Уалындж^ы æваст цыдæр нынниудта, ныббогъ код- та. Залмæ йæ цыппæртыл цыдæр хъуынджын æрбаз- гъордта: Брыкаскæ! Митя фыртæссаЬй ныхъхъæр кодта. Брыкаскæ хъыллистгæнгæ йæхи диваныл ныццав- та. Оля æмæ Митя дзаумæттыл сæхи къуырттытæ- гæнгæ æддæмæ разгъордтой. Къулмæ сæхи нылхъыв- той. Брыкаскæ ам иæмдæр хæстæг ис, ныртæккæ нæм фæлæбурдзæн!.. Митя Оляйыл ныззæгæл. Уалынджы рабæрæг: Брыкаскæ æппындæр хъæхъ- хъаг нæу! Рæвдауæн хъуыр-хъуыр кæны æмæ йæхи Митяйыл хафы. йæ дæрзæг хъуынтæ æрсæрфын цæ- уы адæймашæ. Кæд миййаг гæды цинтæ кæны? Афзгæмæй куы фæлæбура, куы фæхæца? Фæлæ Брыкаскæ хъæлдзæг футт нылласта, йæ фæстæгтыл слæууыд жмæ æнахуыр’ æхситт ныккодта, Валодя куыд фехситт кæны, афтæ. 63
Æппæт дæр зонгæ разындис, хæдзарон, хион. Залы раз — папæйы кабйнет, уым у райдзаст, хъарм. Оля æмæ Митя кафгæ азгъордтой Брыкаскæйы фæстæ, зыгъуыммæ фæлдæхт чысыл кæрцы фæстæ. «Брыкаскæйæ» æдзух иухуызон нæ хъазыдысты, Валодя-иу куыд ’загъта, афтæ. Фæлæ уыцы хъазтæй хъазын сæ бон арæх нæ уыд. Мад ,æмæ фыд изæрыг.æттЬ1 уазæгуаты цæуын нæ уарзтой, хистæрты раз та уыцы хъазты уадиссагæй ницы уыд: лампæ залмæ рахæссын, диваны фæстæ- мæ бырын, кæрц ралас-балас кæнын нæ уадзынц. * * * Валодя æмæ Оля иу <æм,æ дыууæ. хатты нæ бакас- тысты америкаг сылгоймаг фыссæг Бичер-Стоуы дис- саджы чиныг «Томы халагъуд», зæгъгæ. Уым фыссæг æвдисы, Америчы ’Хуссар Штатты негрты хъизæмар цард, товар цыма сты, уыйау сæ куыд уæй кæнынц. Зымæджы 1881 азы та журнал «Детское чтение»- йы фæзындысты очерктæ, Америчы Иугонд Штатты президент Авраам Линкольны тыххæй. Линкольн Цæ- гат Штатты схæцын кодта Хуссары штаттимæ, негр- ты ссæрибар кæныны тыххæй. Цæгат штаттæ фæуæ- лахиз сты. Хуссар састы бынаты баззад. Валодяйы цæсты Линкольн тынг кадджын уыд. Гъе уый лæг у, гъе! Хъæддзау уæвгæйæ республикæ- йы президент ссис! Указ радта цагъардзинад аивыйы тыххæй!.. Валодя-иу чиныджы куы каст, уæд ,æй Митя арæх хъыгдардта: хъазын æм цыди, фæлæ Митяимæ хъа- зын ницы уыйас бæллиццаг хъуыддаг уыд. Æмæ уæд Валодя æрхъуыды кодта стъолыл хъазгæ стыр хъазт. Гæххæттæй ралыг кодта бирæ салдæттæ — дыууæ æф- сады, стæй сæ ахорæн кърандæстæй сахуырста. Штиб- 64
летджынтæ Валодяйы æфсад уыдысты. Бæрзонд цы- рыхъхъджынтæ та -- Митяйы æфсад. Алы салдат дæр афтæ конд уыди, цæмæй ма йыл бынæй аззадаид уадздзаг: фæтасын æй кæн — æмæ салдат лæууы. Генералтæн бынæй сæ уадздзæгтæ уæ- рæхдæр уыдысты æмæ, уымæ гæсгæ, фидардæр лæу- уыдысты. Салдæтты-иу хæрæн стъолы фæйнæ кæрон æрлæу- уын’ кодтой æмæ-иу дыууæ æфсады æхсæн хæст ба- цайдагъ. Æхстой тымбыл хьæдуртæй. Къухы æнгуылдзæй хъæдуры гага ныкъкъуыр — æмæ-иу нæмыг салдаты фæуæлгоммæ кодта. Валодяйы хъазт бинонты зæрдæмæ фæцыд. Иуæй иу хатт ма-иу суанг Сашæ дæр рацыд семæ ахъазын- мæ.- Фæстагмæ хъазт райдьГдтой пъолмæ хæссын, уы- мæн æмæ стъол уæгъд кæнын хъуыд^куы сихор хæ- рынæн, куы та цай цымынæн. Хъæдуры гагаты бæсты хатгай æхстой чысыл резинæ тымбылæгтæй. Алы хатт æй ногæй’барын цæмæй ма хъæуа, уый тыххæй Вало- дя хæрæндон уаты къуымы дыууæ æфсады æхсæн зæхх сбарста, стæй Сашæйæн ног салдæттæ скодта. Митя бон-изæрмæ дæр разы уыди хъазыныл. Стыхст-иу, фехсыны размæ-иу бирæ фæхъавыд, стæй- иу «мард» салдатмæ базгъордта. Быцæу кодта, змæ- лыд. ^ Иухатт Валодяйы зæрды æрæфтыд йе ’фсымæрæй ахъазын, кæддæра цы кæнид, зæгъгæ. Æрлæууын кодтой дыууæ æфсады дæр. Митя 41æ куыд нæ бафиппай^а; афтæ Валодя йæ салдæттæй иу- цалдæры .булавкæтæй стъолы кæронмæ ныффидар кодта. Райдыдтой хъазьгн. Митя дис кæны: хъæдуры гага салдатыл сæмбæлы, фæцуды, фæлæ салдат уæддæр 5 Ульяновты бинонты цардæй 65
) ыæ хауы. Ноджыдæр ма иу... æртыккаг, цыппæрæм... Валодяйы æфсадæй цалдæр салдаты нал æмæ нал хауынц. Митяйыонтæ та иу иннæйы фæдыл фæлдæ- ~ хынц. Митя мæсты кæнын райдыдта. Стъолы алыварс цъил фестад. Валодямæ бакæсы, иуварс ауайы, ныхъ- хъавы. Митя æхста, хаугæ чи нæ кодта, æрмæст уыцы салдæтты. Ахæм ма диссаг уа? Цымæ цæуылнæ ха- уынц? Уыдон фидаргонд уыдысты, уый цæмæй зыдта. Валодя ныттыппыр, тыххæй урæдта йæ худын. Митя нырма чысыл уыд æмæ ницы бамбæрста хъуыд- дагæн. КÆСЫНЫ ДЗЫРД КÆМÆН НÆИ, АХÆМ ЧИНГУЫТÆ 1881 азы, зымæджы Аня тифæй фæрынчын æмæ нал æмæ нал дзæбæх кодта, сфыдхуыз* йæ сæр ын сæлвыдтой. Рæстæг уыд змæст. Алырдыгæй хъуысти фыд хабæрттæ: нигилисттæ, студёнттæ бунт кæнынц хицауады ныхмæ. Кæцæйдæр- ты хъуысти сусæг хабæрттæ — паддзахы, дам, марын- вæнд кæнынц. Уыд мартъийы мæй. Æнæнхъæлæджы горæтыл ахæлиу хабар: «Амардтой йæ!» Городовой азгъордта уынгты йс ’хсаргардыл хæц- гæйæ. Алы рæтты да^гъæлæй æхгæдтой кæртыты æмæ хæ- дзæртты дуæрттæ. Ульяновты хæдзармæ тагъд кодта Илья Николае- ^ичы цумайы лæг, йæ къухы, хъусынгæнинаг^ афтæ- мæй. Хæстулæфт кæигæйæ, йæ зыр-зыр цыд: губер- наторы дзырдмæ гæсгæ æппæт ведомствоты служ: бæгæнджытæ бон дыууадяк: сахатмæ æнæмæнг хъуамæ 66
сæмбæлой Кафедралон аргъуанмæ, ног паддзахыл иу- зæрдион кæй уыдзысты, ууыл ард бахæрынмæ æмæ чи нал ис, ууыл саргъауынмæ. Илья Николаевич тагъд-тагъд йæ гæрстæ аивта бæрæгбоны дарæсæй, сæвæрдта йæ даргъ мундиры цæппæртæ, йæ орден йæ риуыл бакодта æмæ араст. Сашæ иунæгæй лæууыд уæле йæ уаты æмæ ру- дзынгæй каст æддæмæ, чъизи митмæ, бæгънæг бæ- лæстæм, цæхæрадоны решеткæмæ. Афтæ ис уæдæ тох кæнæн хæдхæцæг паддзахы ныхмæ! Хъæбатыртæ паддзахæй тыхджындæр разын- дысты! Ралæууыд уалдзæг! Волгæ раивылд, акалд йæ был- тæй. Хæрис бавлас къæбилатæ æфтауын райдыдта. Бонæй-бон æнтæфдæр кодта. Валодя . рауади кæртмæ Коля Нефедьевмæ фæ- дзурынмæ. Азгъордтой уынгмæ: сæ иу æвзыгъд, цæр- дæг, фидар, ныллæггомау; иннæ — бæрзонддæр æмæ хистæр. Ныр кæдæм ацыдæуа? у Ног Венецы1 ис дæргъæй-дæргъмæ бульвар, йæ ин- нæ фарс акъацитæ сагъд; стыр беседкæ дзы, хатгай дзы фæцæгъды музыкæ; фæйнæг къул будкæйы уæй кæ- нынц уазал дæттæ. Зæронд Венецы бæрæгбонты зылдис карусель, зæххы — кæсаджы цъæрттæ, тезгъогæнджыты сæрмæ рыг мигъау сбадти. Валодя нæ уарзта Венецмæ тезгъо кæнынмæ цæ’- уын. Хуыздæр æм каст уынгты рацу-бацу кæнын. Мæскуыйы уынджы уырдыгмæ ныццыдысты. Ти- гъыл фæзылдысты æмæ Богоявленскы æмæ Сызраны уынгты, ахæстоны раз цы цъæхнæу фæз уыд, уырдæм ахызтысты. 1 Волгæйы был горæтты афтæ хонынц бæрзонд былгæрæттæ. 67
Уый уыд горæтгæрон. Уымæй дарддæр та уыдысты хъæууæттæ, Симбирскы хуссаргæрон, Андреевы цæн- гæт тайынгæнæн завод, Стрижовы хох. . Кæдæм ацыдæуа ныр? Обрезковы цæхæрадоймæ? Топпæй сауцъиутæ марынмæ? Кæнæ Киндяковы къох- мæ бур кæлмытæ ахсынмæ? Нæ, уый æгæр дард у._ Уæд та Андреевы заводы размæ ацæуиккой? Фæ- лæ нæма бахæццæ сты, афтæ Валодя фæстæмæ го- рæтмæ тагъд кæныныл фæцис. йæ зæрдыл æрбалæу- уыд Сашæйы ныстуан. Уый йын бафæдзæхста Стре- лецкы уынгмæ йæ зонгæмæ фыстæг ахæссын. Коля схъуыр-хъуыр кодта: — Фыстæг! Уый мæт дæр кæныс! Фæлæ Валодя Сызраны уынджырдæм араст: — Иугæр мын ме ’фсымæр хъуыддаг бабар кодта, уæд æй хъуамæ сæххæст кæнон. • Фæстæмæ та ахæстоны размæ æрбахæццæ сты: Хъарм, сабыр бон фæуынмæ хъавыди. Дардæй æрбайхъуыст къæхты æмыр хъæр. Хæстæгæй-хæстæг- дæр кæны. Уый ахст адæмы цæхæрадæттæй æрбатард- той. Фæндаджы рыг сæ сæрмæ сбадт, афтæмæй сæ- химæ’ хъусгæйæ цыдысты рæнхъгай. Хъуысти сæ хъа- даманты дзыгъал-мыгъул. Валодя фæлæууыд. Каторжниктæ! Хæрдмæ скаст ахæстоны рудзынгм-æ æмæ решеткæйы мидæгæй ’ауыдта хуыздзыд, хъуынджын цæсгом. Цы кодтой, цымæ, цæмæн бадынц? Ацыдысты дарддæр. — Фыстæджы цы фыст ис, — бафарста Коля. Фыстæг уыд дохтыр Покровскимæ. Сашæ уымæй иста, кæсыны дзырд кæмæн нæ уыд, Писаревы уыцы уацмыстæ. Уый Валодя фехъуыста, Сашæ Аняимæ куы ныхас кодта, уæд. 68
Колямæ раздæхгæйæ, Валодя цæхгæр загъта: — Нæ йæ кастæн æмæ мæ хъæугæ дæр нæ кæны! Сæ дыууæ дæр банцадысты, уыдысты мæстыхуыз. Стæй чысыл фæстæдæр хъазгæ-худгæйæ сцæйцы- дысты Спасскы æмæ Стрелецкы уынгтырдæм. ф ф :*: , Илья Николаевич, йæ цæнгтæ йæ чъылдымыл æвæрдæй, рацу-бацу кодта йæ кабинетьгæмæ дзырдта: — Æцæг, сывæллæттæй æгæр æппæлын нæ хъæ- уы. Хорз ахуыр кæнынц, фæлæ уадз æмæ ноджы хуыз- дæр • ахуыр кæныцмæ тырной. Мария Алексацдр.овнæ цæуылдæр хъуыдытæгæн- гæйæ адзæбæхтæ кодта, чингуытæвæрæн скъаппы ба- комкоммæ тымбыл стъолыл цы чингуытæ амад уыд, уыдон æмæ загъта: - — Куыд тагъд айрæзтысга, куыд сæмбаргæ сты! Уалдзæджы Сашæйæн йæ фынддæс азы йæхи фес- ты. Æртын фыццæгæм мартъийы йын йæ райгуырæн боны йæ ныцйарджытæ балæвар кодтой Пушкины уацмысты æххæст æмбырдгонд. Бинонтæ иууылдæр зыдтой, Сашæ.гыццылæй нырмае Пушкины бирæ кæй уарзы, уый. Фæлæ куыд рабæрæг ис, афтæмæй йын уыйас æх- сызгон нæ уыд йæ лæвар. Ныр йæ зæрдæмæ тынгдæр цыди Писарев. Сашæ .æмæ Аня бакастысты Писаревы уацмыстæ иууылдæр. Исгæ та сæ кодтой сусæгæй, куыд ничи сыл фæгуырысхо уыдаид, афтæ иу зонрæ адæймагæй. Гъе ахæм хуызы сæ фыццаг хатт кæсын бахъуыди, кæсыны дзырд кæмæн нæ уыд, ахæм чингуытæ. Писарев фыста: «Сæйрагдæр нысан у — æххормаг æмæ бæгьнæг адæмы хъуыддаг кæронмæ ахæццæ кæ- 69
нын. Куыд сæ бафсæстæуа, сæ хъуагдзинæдтæ сын куыд бамбæрстæуа?» «Хъæуы чиныджы кæсын æмæ хъуыды кæнын... — афтæ фыст уыди Писаревы чингуыты. — Фæфылдæр кæнын хъæуы хъуыдыгæнæг адæмы нымæц». Аня-иу йæ сау цæстытæ чиныгæй уæлæмæ систа. Уæдæ хъуыдыгæнæг адæймаг суæвын хъæуы! Фæлæ цас æмбæлд, уый бæрц кæсын йæ къухы не ’фтыд. Сæрды йын Сашæ балæвар кодта Дрэперы чиныг: «Умствённое развитие Европы», зæгъгæ, англисаг æвзагæй уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй. Фæлæ йын дзы бирæ кæсын не ’нтыст — æнтæф рæстæг скодта, ’стæй зын кæсæн чиныг дæр уыд... Райсомæй Аня ацыди цæхæрадонмæ кæсынмæ. Ба- цыди Сашæ дæр. Аняйæн чиныг йæ дæларм, афтæмæй йе ’фсымæримæ рацу-бацу кодта цæхæрадоны къах- вæндæгтыл. Дзырдтой Писаревыл. Сашæ кодта Писаревы царды хабæрттæ. Петро- павловскы фидары йæ цыппар азы куыд. фæдардтой, стæй йæ æпнынфæстаг куыд рауагътой, æрмæст æм пъæлицæ йæ цæст куыд дардтаид, афтæмæй. Уæд ыл цыдис аст æмæ ссæдз азы. *Сæрды денджызы был куыд цард æмæ йæхи найынмæ куыд ацыд. Денджы- зы былмæ сæрмагондæй уымæ цæст дарынмæ æрвыст чи уыд, ахæм жандарм аивæй куыд бацыд. Уалын- джы кæсы, æмæ Писаревы дон фæласы, фæлæ жан- дарм æххуысмæ никæмæ фæдзырдта. Уый æнцад лæууыд æмæ касти, Писарев куыд фæдæлдон ис, уымæ. Аня фæхъæр кодта æмæ гæды бæлæсты бын æр- лæууыд, йæ цæсгом фырмæстæД туджы разылди. Са- шæ сабыргай цыд къахвæндагыл, бынмæ тарæрфыгæй кæсгæйæ. 70
Аня музыкæйы ахуыртæ ныууадзынвæнд скодта. Мадæн уый тынг хъыг уыди. Аняйæн йæхимæ дæр хардзау касти, Оля залы роялæй куыд цагъта, уымæ хъусгæйæ. Фæлæ музыкæйæ куы ахуыр кæна, уæд ын чин- гуытæ кæсынæн цас æмбæлы, уыйбæрц рæстæг нæ уыдзæ’ни. Писарев афтæ фыстаг губернийы чызджыты, дам, се ’ппæты дæр фортепиан’ойыл цæгъдын ахуыр кæнынц, кæд басмахъхъытæ хуийынмæ хуыздæр фæ- арæхсыц, уæддæр. Писарев ахæмтыл худгæ кодта. Уыцы фæззæг Аня бацыди райдцан скъоламæ ахуыргæнæгæн æххуысгæнæгæй кусынмæ. Иу хатт изæрæй, йæ лæджы кабинеты бадгæйæ, Мария Александровнæ афтæ зæгъы; — Аня тифы фæстæ куыд ныддаргъ ис! Фæчызг кæны!—Æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта: — Ног къаба кæнын нæ комы, уымæн æмæ йæхи фæллойæ æлхæд нæу. Илья Николаевич йæ мидбылты бахудт. — Писаревы тæваг æм фæхæццæ ис. Писарев йе ’статьяты фæсивæдæн афтæ фæдзæхс- та: уæ ныййарджыты æккойы бирæ ма бадут, арха- йут уæхи фæллойæ цæрыныл. Арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ Илья Николаевич ногæй загъта: — Нæ сывæллæттыл Писаревы тæваг тынг зыны! Зымæджы фыд бафиппайдта, цыма Сашæ аргъуан- мæ нал цæуы. Сихор хæргаейæ йæ бафарста: — Абон æхсæвы аргъуыдмæ нæ цæуыс? Валодя бакаст йе ’фсымæркгæ. Сашæ цыбыр дзуапп радта: — Нагъ! Ахæм дзуапп ма ноджы цалдæр хатты радта. Æмæ йæ уæд фыд к никуыуал бафарстз. 71
Алы ран кодтой Æппæтуæрæсейы промышленнон- нывгæныны равдысты кой. Уый хъуамæ байгом уы- даид 1882 азы Мæскуыйы. Илья Николаевич йæхи цæттæ кодта йæ службæ- йы хъуыддæгты фæдыл’равдыстмæ цæуынмæ. Дыууæ хистæрæн — Аня æмæ Сашæйæн дæр загъта, уæхи срæвдз кæнут мемæ, зæгъгæ. Æфсæнвæндагыл никуыма ацыдысты нырма! Ныр цы хорз уыдзæн равдыстмæ ацæуын, Мæскуы фе- нын!.. Сашæйæн цыма йæ цæстытæ ирддæр фесты фырцинæй, афтæ зынд. Фæлæ Аня ч зæрдиагæй загъта: — Иннæ аз нæ дыууæ дæр хъуа-мæ Петербургмæ ахуыр кæнынмæ ацæуæм æмæ æхцатæ дзæгъæл хардз кæнæн нæй. Мад сын фæтæригъæд кодта æМæ загъта: — Омæ уæ, Аня, папæ йæхæдæг куы ласы!.. Сашæ аивæй ныуулæфыд æмæ уый дæр загъта: — Нæ, нæ цæуæм. Райсомæй раджы, гимназмæ ацæуыны размæ Ва- лодя ,й,æ уатæй нарæг асинтыл иæ фыды кабинетмæ æрызгъордта æмæ стъолæй ног тетрæдты пачкæ райс- та. Аходæны фæстæ сæ дзæбæх бафснайдта йæ хы- зыны. * * Няня йæм каст йæ кæсæнцæстыты сæрты. Æппын- фæстаг йæ кæнинагæй тел сласта æмæ йæ бафарста: — Уый бæрц тетрæдтæ дæ цæмæн бахъуыд? Валодя йын бамбарын кодта: — Нæ къласы кæмæндæр тетрæдтæй зæрдæ ба- вæрдтон, — æмæ фидар балвæста йæ хызыны бæттæн- тæ, Вало’дя æфснайдæй дарын уарзта йæ хызын. Уый фæстæ йæ палто скодта æмæ тагъд-тагъд уынгмæ рауад. 72
Стыр Саратовы уынджы тигъыл, чысыл флигелы, кулдуары раз цардис йæ гимназы æмбæлттæй иу; Кузнецов Михаил. Валодя йыл йæ фæндаг акодта; къласы фæрсæй-фæрстæм бадтысты. Кузнецовтæ раздæр хъазайрæгтæ уыдысты, поме- щик Мантуровы æххуырстытæй: йæ фыд уыд лæггад- гæнæг, йæ фыдыфыд та — куырд. Кузнецов Мишæйæн ахуыр кæнын зын уыд. Сæ бинонтæй дзæбæх ’къух æрæвæрын дæр ничи зыдта. Ахуыр кæнын та хъуыди хорз, уымæн æмæ зæхкусджыты сывæллæтты гимназ- мæ зынтæй истой. Валодя йын æххуыс кодта уроктæ цæттæ кæны- нæн. Иумæ ссыдысты Мæскуыйы уынджы хæрдмæ. Куз- нецов Михаил цыди гуыбыр-гуыбыр æмæ дзырдта: йæ бæрæггэбнæнты табелы къух æвæрын йæхи ба- хъуыд — йæ фыд йæ ныфс нæ бахаста, йæ къухæвæрд рæсугъд нæу, дамгъæтæ йын зылын-мылынтæ уайынц. Йæ фыд афтæ зæгъы: «Æрмæст, дам, табель фехал- дзынæн, æндæр ницы. Цы зæгъдзæн господин ахуыр- гæнæг, мæ къухæвæрд куы фена, уæд?» Гъемæ дзы къух æвæрын мæхи бахъуыди. Мишæ уыди тыхстхуыз, æнкъард — историйы ахуыргæнæг æй куы бафæрса, уымæй тæссаг у. " — Нæмттæ дзы бирæ ис, се ’ппæт зæрдыл зын ба- дарæн сты... — хъуыр-хъуыр кодта Мишæ. — Хроноло- ги мын зын хъуыдыгæнæн ’у, — ныуулæфыд Кузне- цов,: — Мæ сæры йæ лæууынц. Валодя архайдта, цалынмæ гимназмæ хæццæ кæ- ной, уæдмæ йын нæмттæ æмæ хронологи амынд куыд фæуа, ууыл. Рахызтысты Спасскы ’уынгмæ. Галиуырдыгæй, Галуаны фæзæй, разынди Карам- зины чысыл цыппæрдигъон цæхæрадон. Сызгъæриндо- 73
нытылд æрхуы решеткæйы мидæгæй, митæйдзаг’ къу- дзиты астæу, лæууыд историк Карамзины цырт. Сим- бирскы йæ хуыдтой «цæнгæт ус», фæлæ йæ гимназы ахуыргæнинæгтæ чингуытæй зыдтой, историйы гре- къаг музæ Клио кæй у, уый. Уый лæууыд гранитæй кфнд пьедесталыл даргъ дарæсы мидæг, йæ тар цæс- гом касти бынмæ, йæ къухы лыстæг хæтæл. Пьедес- талы розæхуыз къулы, Галуаны уынджырдæм йе ’ргом, къускгонды, æвæрд уыд Карамзины : бюст бронзæй кондæй. Цæхæрадоны бакомкоммæ уыди даргъурс агъуыст, фондз æмæ ссæдз рудзынджы йæ уæллаг уæладзы- гæн, цыппар æмæ ссæдз та йæ бинагæн. Уæле йыл фыст: «Симбирскы нæлгоймæгты классикон гимназ». Валодя митыл уынджы фаллаг фарсмæ баз- гъордта. Алырдыгæйты тагъд-тагъдгæнгæ цыдысты гимна- зисттæ. Чи байрæджы кодта, уыдонмæ уынгмæ хорз хъуысти, гимназы стъорож рацу-бацугæнгæ дзæнгæ- рæг куыд цагъта, уый. Къæлидоры дыууæрдæм кодтой ахуыргæнинæгтæ. Се ’хсæн — иу къæсхуыр, бæрзонд лæппу; иуфарсыр- дыгæй бакæсгæйæ йæ сæр цъиуы сæры хуызæн кæй уыд, уый тыххæй йæ схуыдтой Цъиу. Валодя йæ куы ауыдта, уæд æм немыцагау ныхъхъæр кодта: — Гутен морген, герр Фогель! (Дæ райсом хорз уа, господин Цъиу!) —æмæ’йын уæзданхуызæй йæ сæрæй акуывта. Лæппу фæуыргъуыйау æмæ йæ мидбылты бахудт, иннæтæ дæр хъазæн ныхасмæ ,бахудтысты. Валодя бацыд къласмæ йæ сæр лæгъз фастæй, сырхуадулæй. йæ уæлæ, гимназы кæй дардтой, ахæм хæдон, æвзистдонытылд цыппар цæппузырæй æвæрд, хæлаф дæр ахæм, æндонхуыз скæлладæй. Йæ роны 74
æргъæвæг цэехæртæ калдта, æртæ дамгъæйы йыл фыст «СКГ» — Симбирскы классикон гимназ. Йæ бæрзонд æфцæгготыл мидæгæй крахмалдонытылд урс-урсид хæцъил хуыд, йæ кæрæттæ æфцæгготæй чысыл уæлæ- мæ зындысты. Дыууæ лæппуйы йæ размæ базгъордтой æмæ, кæ- ’ рæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ, загътой: — Латинаг æвзагæй мын ратæлмац кæн, -æрмæст тагъддæр. — Дæ хынцинаг куыд скодтай, уый ма мæм рав- дис, мæнæн нæ уайы! Валодя фыссæн фæйнæджы размæ бацыд æмæ мел райста. Гимназисттæ йæ алыварс æрæмбырд сты. Суанг ма хуыздæр ахуыргæнинæгтæ дæр сæхи хæс- тæгдæр баластой, Ульянов куыд æмбарын кæны, уы- мæ байхъусынмæ. Ахуыры фæзминаг чи уыд, уыдоны гимназы нæ уарзтой. Фæлæ Валодяйæн аргъ кодтой: раззаг ахуыр- гæнинаг уæвгæйæ, тынг хуымæтæг дардта йæхи. Урок- ты-иу ныхас кæй нæ кодта, суанг ма сæм уый дæр хъыг нæ касти гимназисттæм. Валодяйы фæстæ се ’ппæтæй хуыздæр ахуыргæни- наг уыд Наумов, помещичы фырт, губернийы дворян- ты раздзоджы фыртыфырт. Наумов къæлидоры цыди йæ сæр хæртты хæсгæ- йæ. Кузнецов Михаилмæ кæсгæ дæр нæ кодта: ома уый музуккаг у, лæггадгæнæджы фырт. Урокты рæстæг Валодя тыхстызмæлд кæнын нæ уарзта. Схъиудтытæ нæ кодта йæ партæйыл, йæ къух хæрдмæ нæ ивæзта. Æрмæст-иу æм ахуыргæнæг «Ульянов!» зæгъгæ, куы ф^едзырдта, уæд сыстад æмæ фыссæн фæйнæджы размæ æнцад бацыд. 75
Валодя-иу чйæ урок дзырдта æнцад. Иæ ныхасы уаг уыд фидар, æнæгуырысхо. Фæлæ йæ ахуыргæнджытæ арæх нæ фарстой. Уыд боны æртæ сахаты. Валодя æрбаздæхт гим- назæй. Тагъд-тагъд бауад йæ фыды кабинеты рæзты, цæугæ-цæуын йæ хызын йе ’уæхсчытæй æфтаугæйæ. Кабинеты дуар уыди гом. Æнæныллæугæйæ йæ фы- дæн адзырдта йæ бæрæггæнæнтæ: — Историйæ — фондз! Арифметикæйæ — фондз! Тагъд кодта уæлæмæ йæхи уатмæ. йæ сæрыл уыд гимназы кæй дардтой, ахæм фу- ражкæ, бæрзонд гопп ын; чъилы сæрмæ йыл æвзист- донытылд нысан фидаргонд — лавры сыфтæ дзуарæ- вæрдæй æмæ æртæ дамгъæйы «СКГ». Йæ худы чъилы бынæй зындысты йæ мыдхуыз дзыккутæ. Мад æмæ фыдмидбылты худгæйæ кæрæдзимæ ба- кастысты. Фæлæ дзы Аня разы нæ уыд æмæ афтæ фæкодта: — Æгæр стырзæрдæ у! Фыд æнæдзургæйæ стъолыл чингуытæ иуварс акодта, æмæ сагъæсхуызæй загъта: — Ахуыр æгæр æнцонæй æфты йæ къухы! Куыст- хъомдзинадыл куы нæ сахуыр уа, уымæй йын тæрсын! Сæ фарсмæ, залы, Оля цагъта роялæй. Ахуыр код- та этюд; ноджы дæр ма иу хатт, ноджыдæр, ноджы- дæр, фæстæмæ та ногæй... Аня йæ фыды кабинетæй рауад æмæ, залы рæзты фæцæйцæугæйæ, ауыдта Валодяйы: уый йæ сæр йс ’уаехскыл æркъул кæнгæйæ хъуыста. Валодя Аням,æ бакаст, Стæй дуармæ ацамыдта. Мидæгæй Оля цагъта уыцы иу этюд; ногæй та-иу æй райдыдта, æмæ афтæмæй бирæ хæттыты. 76
— Ахæм ма дзы фæразон уа. Кæд æм хæлæг нæ ба- кодтон! — загъта Валодя сабырæй. Æмæ æд чингуытæ сындæггай араст уæлæмæ, чи- ныджы кæсынмæ, йæ уроктæ цæттæ кæнынмæ. Ахуыр, ахуыр æмæ ноджыдæр ахуыр. Фæссихор-иу Валодя æмæ Сашæ ацыдысты каток- мæ къахдзоныгътыл бырынмæ, иуæй-иу хатт-иу Аня дæр ацыд семæ, ха!та*й та-иу кæстæрты.се ’ппæты дæр акодтой — суанг Маняшæйы дæр: дзоныгъы æфсæр- тыл арæзт чысыл къæлæтджыны йæ аралас-балас кæныны тыххæй. Иу хатт Маняшæйыл уыд æхснырсæг, ноджы ма кодта дымгæ æмæ йæ семæ бырынмæ нæ аластой. Иу- уылдæр срæвдз сты цæуынмæ. Маняшæ сæ фæдыл сагъуыд. — Банцай, кæннод пецсыгъдæггæнæгмæ бадзур- дзыстæм, — тæрсын æй кодта няня. ’ Валодяйы зæрды æрæфтыд йæ тыппыррус гыццыл ’ хойы барæвдауын æмæ йæ къахдзоныгътæ æрæвæрд- та. Няняйы чырыны сæр æрбадт, йæ фæтæн хъарм къухæй йын йæ чысыл къух райста æмæ загъта: — Ма тæрс! Пецсыгъдæггæнæг дæр иннæ адæй- мæгты хуызæн у, æрмæст у сæгæйдзаг. Маняшæ йæм скаст; йæ цæсты бын ма æрттывта иу цæссыджы фæрдыг. Валодя йын тагъд-тагъд дзурын райдыдта: — Фæлæ ис æцæг сау адæм — негртæ, уыдон цæ- рынц æнтæф бæстæты. Няня æмæ хæринаггæнæг Михайловнæ хъуыстой лæмбынæг. Валодя алцæй тыххæй дæр афтæ радзу- рын зыдта, æмæ йæм-иу адæйма’г хъусыныл фæцис. 77
Æхсæнадон каток уыд иу хъæздыг лæг Максимовы къухы Стыр Саратовы уынджы, цæугæдон Симбир- кæйы донмарæны фале, æмæ йын хъуыди фидын, цагъта дзы музыкæ. Фæлæ Ульяновты сывæллæттæ цыдысты Свиягæ- мæ,- сæ хæдзармæ хæстæг, æрмæст сæ Покровскы уын- джы ныууайын хъуыди. Уым уыд хорз къуыбыр, хъæдæй конд, цъенгæл, тынг уырдыг. Дзоныгъæй быргæйæ дæр дзы зæрдæ уазал кодта, фæлæ дзы Валодя æмæ Сашæ къахдзо- ныгътæй бырыдыс1ы. ^ Бынæй, къуыбыры рæбын, лæууыдысты кæйдæр сывæллæттæ æмæ хæрдмæ хъæбатыртæм кастысты. Уæлæ сты! Йæ тæккæ цъуппыл! Иу дзы ныллæг, бæ- зæрхыг, иннæ бæрзонддæр — дыууæйæ дæр гимна- зисттæ! Сашæ æмæ Валодя сабырГай сæхи фесхуыс- той, — стырындз сты, æртæхынц дзуццæджы бадгæ- йæ, гуыбырæй. Гыццылгай сæхи раст кæнынц!.. Аня сæм дардæй касти. ’ Фæстагмæ-иу бынтондæр сæхи сраст кодтой æмæ- иу над быдырыл дард абырыдысты. — Хæлæг сæм кæнын, фæлæ æз мæ ныфс нæ ба- хæссин! — дзырдта Аня, уазалæй йæхи æнхъырдтæ кæнгæйæ. Уазал дымгæ йын йæ уа’дултæ сыгъта. Даргъ босыл йæ муфтæ боцкъайы хуызæн æрзæбул. Сæхимæ цыдысты хъæлдзæгæй, сырхуадулæй., Æрцæйталынг кодта. Рудзгуытæй цырæгъты рухс кæлын байдыдта, мит къæхты бын хъыс-хъыс кодта. Валодяйы зыланггæнаг хъæлæс дардмæ хъуысти са- быр’ уынджы. Изæры цай цымгæйæ Аня дзырдта бырæн фæзьг хабæрттæ: — Валодяйæн æнцондæр у — уый бæзæрхыгдæр 78
æмæ ныллæгдæр у, Сашæ та лыстæгдæр æмæ даргъ- дæр æмæ йын, уымæ гæсгæ, зындæр у. Кæстæртæ-иу ныхас сæхимæ айстой, хынцфарст кодтой: хорз сæм касти, се ’фсымæртæ къахдзоныгъ- тыл афтæ дæсны кæй сты, уый. „„Æрмæстдæр^мад, æнцад хъуыста. Ахæм уырдыгæй куы рахаурй æмæ сæхи куы ныппырх кæной, зæгъгæ, дзы мæт бацыди. Фæлæ ницы сдзырдта. Рогулæфт скодта æмæ йæ сывæллæттæм мидбылты бахудт. Уадз æмæ цырддзинад, арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзина- дыл ’ахуыр кæной. Уæлæмæ, антресолтæм, Валодя æмæ Сашæйы уæт- тæм, арæзт уыд хицæн асин. Фыццаг уат — асинтæй схизæн фæзуат, хъæдын гæрæнджын — уыди Вало- дяйм. Йе ’стъол лæууыд рудзынджы тæккæ раз, къу- лыл — зæххьГдыууæ æрдæгкъорийы географион кар- тæ ауыгъд. Рудзынджы æвгтæ æрттывдтытæ калдтой. Пъолыл — тæлмытæ кæронджын кæттаг дорожкæ тыд. Мария Александровнæ йæ фæлмæнуадæй æрзыл- дис сывæллæтты уæттыл: ома дзы кæд исты æнæ- фснайдæй баззади, кæд уæттæм сыгъдæг уæлдæф ба- уадзын ферох кодтой. Бацыд, Валодямæ. Хуыссæнтæ æмбæрзæн урс хъæццул адзæбæхтæ кодта, сойын цырагъ æвæрæн хъавгæ йæ бынатæй систа æмæ йæ æндæр ран æрæ- вæрдта. Ку-ьг рацæйцыд, уæд ма загъта: — Алы дзаума дæр йæ бынаты æвæр. Уат æфс- найдæй ,дар. Валодя йæ уроктæ конд фæци. Уæлвæйнæгæй Го- голы чиныг райста æмæ кæсын райдыдта. Рудзынджы фарсма? сцнæгты/1 ауыгъд, йæхæдæг кæи сарæзта, 79
ахæм уæлвæйнæг. Чингуытæ йыл зулаив æвæрд, хъæ- бæр Цъæртты мидæг. Каесгæ-кæсыны-иу Валодя æваст йæ сæр фæстæмæ аппæрста æмæ сындæггай ныххудт, Сашæйы куыд нæ бахъыгдара, афтæ. Асинтыл къæхты хъæр ссыд. Кæстæртæ сабыргай уæлæмæ ссыдысты хистæр æфсымæртæм. Валодя йæ сæр йæ ’къухыл æруадзгæйæ.асинты- рдæм бадти чъылдымыздæхтæй. Сашæйы уаты дуар уыд гом. Раздæр бацыди Митя, йæ фæстæ — Маняшæ. Валодя сæм æваст фæзылд æмæ, уæзданæй йæ къух иуварсырдæм акæнгæйæ, худæндзастæй загъта: — Самондджын мæ кæнут уæ ацыдæй! Гыццылтæ алыгъдысты. Сæ къæхты бын ссыди асинты хъинц-хъинц. Сабыр уыд уæле. Сашæ æнæ уынæрæй архайдта, спъирттæй судзгæ цырагъыл тасын кодта авджын хæтæл. Стæй сыстад æмæ йæ фуражкæ райста. Тагъд-тагъд рауад Вало- дяйы уатыл æмæ чысыл фæстæдæр пакетимæ æрбаз- дæхти афтеккæй. Цымæ цы æрбахаста, зæгъгæ, йæм Валодя цымы- дисæй ракаст. — Уый ног фæлварæнæн æрбахастай? — бафарста йе ’фсымæры æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Няня афтæ зæгъы, дæ хос, дам, хъæндилтæ марынæн мæлæ- ты хорз у. Сæ дыууæ дæр ныххудтысты. Сашæ сагъæсгæнгæйæ дзырдта, зæгъгæ, химийы фæлварæнтæн Симбирскы ссарæн кæмæн уыд, уыцы прибортæ йæм иууылдæр сты. Ныр та йæ бахъæу- дзæн Хъазанæй рафыссын. Сашæйы ма гимназы иу аз хъуыди. йемæ иу къласы чи ахуыр кодта, уыдон æм-иу «0
арæх æрбацыдысты: чи консп?ктмæ, чи чиныгмæ, чи та цыбыр рæстæгмæ истæмæй афæрсыны . тыххæй. Куыддæр-иу уæлæмæ суадысты сæ цинелты мидæг, афтæ-иу кæстæртæй исчи рудзынгæй кæсгæйæ афтæ бакодта: «Сашæйы æмбæлттæ ацыдысты». • Се ’ппæт дæр æй зыдтой, æнæвдæлон кæй у æмæ йæ хъыгдарын кæй нæ хъæуы, уый. Сашæ уыд раз- загдæр ахуыргæнинаг сæ къласы. Ахуыр ма кодта хими, кæд æй гимназы нæ цыдысты, уæддæр. Æмæ йын уый йæ рæстæгæй бирæ иста. Арæх Сашæйы уатæй цавæрдæр æнахуыр тæф цæ- уын байдыдта æмæ-иу æгас хæдзарыл. ахæлиу. Уæд- иу бинонтæ дзырдтой; «Уый та Сашæйы лаборатори- йæ цæудзæн!» Митя-иу сæрыстырæй загъта: «Уыдон Сашæйы фæлварæнтæ сты!» — æмæ-иу къамоды сæр сойын цырагъæвæрæнмæ йæхи сивæзта, цырагъы сыгъдонæн кæд райсын афон у, -уæд æй Сашæйæн ахæсса, уымæн æмæ уый æвгтæ, банкæтæ æмæ сойын цырагъы сыгъ- дæттæ æмбырд кæны йæ фæлварæнтæн. Афтæ-иу уыд, æмæ фыд кæстæртæн загътаид; «Сашæмæ фæдзурут æмæ йæ фæллад суадза — уадз æмæ сыгъдæг уæлдæфмæ аулæфа». Куы фæхъармдæр æмæ крокетæй хъазæн фæзæй къориты къуырцц хъуы- сын куы байдыдта, уæд-иу фыд -афтæ: «Сашæмæ фæ^ дзурут крокетæй хъазынмæ, уадз æмæ баулæфа». Кæстæртæ-иу ныййарц сты уæлæмæ. Сашæ сæм- иу кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй-иу сын дзуапп радта: «Хорз. Фæстæд&р. Ныртæккæ мæ не ’вдæлы». Хистæр кълæсты хæдзармæ бирæ уорктæ лæвæрд- той/Ноджы ма йæхæдæг дæр лæвæрдта уроктæ: фæл- варæнтæ кæнынæн æй чиныгæй, приборæй цыдæрид- дæр хъуыд, уыдон иууылдæр,, уроктæй цы æхца куыс- та, уымæй æлхæдта. 6 Ульяновты бинонты цардæй 81
Уымæ гæсгæ йын фæллад суадзыны рæстæг нæ уыд. Арæх-иу æй фæстæдæрмæ ныууадзын бахъуыди ахсджиаг химикон фæлварæн æмæ-иу грекъаг æвза- гæй тæлмац кæныныл, кæнæ сочинени фыссыныл ба- лæууыд. Фæстаг четверты уырыссаг æвзаджы æмæ литера-- турæйы ахуыргæнæг æвдæм къласы ахуыргæнинæгтæн бахæс кодта сочинени ’ахæм темæйыл ныффыссын: «Паддзахадæн æмæ æхсæнадæн пайда цæмæй уай, уый тыххæй цы хъæуы?» Сашæ æрбадти стъолы уæлхъус æмæ чысыл гæх- хæтты гæбазыл сарæзта пълан. Уыйфæстæ арацу-бацу кодта уаты. Æрлæууыд рудзынджы раз... Иæ зæрдæ сочинени фыссынмæ нæ ради: дарддæр æй ахæццæ кæнын фæндыд, цы фæлварæн райдыдта, уый. Фæлæ йын иугæр куыст радтой, уæд æй æххæст кæнын хъæуы, уымæй дæр куыд æмбæлы, афтæ. Фæстæмæ стъолы размæ бацыд, йæ пълан сæрæй бынмæ бакаст, сыгъдæг гæххæтты сыф систа æмæ стыр зулаив дам- гъæтæй фыссыц райдыдта: «Адæймаджы куыст пайдайаг цæмæй уа, уый тых- хæй, фыццаджыдæр, адæймаг хъуамæ уа æнæсайд; дыккаджы — фæллойуарзаг; æртыккаджы, уа йын фидар характер; цыппæрæймаджы, хъуамæ уа зонд- джын; фæндзæймаджы, уа йæм зонындзинæдтæ. уЕхсæнадæн пайда цæмæй æр’хæссай, уый тыххæй хъуамæ уай æнæсайд, фæллой кæныныл ахуыр; дæ куыст, цас гæнæн ис,' уыйас фылдæр пайда цæмæй хæсса, уый тыххæй та хъæуы зонд æмæ куыст хорз зонын. Æнæсайддзинад æнæмæнг;- хъæуы алы адæй- маджы дæр, цавæрфæнды куыст куы кæна, уæддæр: уый куы нæ уа, уæд суанг зондджын æмæ фæллой- уарзаг адæймаджы куыст дæр æхсæнадæн пайда нæ 82
фæуыдзæн, уый нæ, фæлæ ма йын зиан дæр æрхæс- дзæн...» Афтæ ныффыста Сашæ цыбырæй, æнæ уæлдай ныхæстæй йæ сочинени кæрæй-кæронмæ. Цыппар сы- фæй йын фылдæр нæ рауадис. КАНИКУЛТÆ Уалдзæджы Симбирскмæ æрбацыди Мария Алек- сандровнæйы хæрæфырт — Веретенникова Анютæ. «Сылгоймаг-дохтыр», зæгъгæ, йæ ’кой стыр дисса- гæн кодтой; бирæтæ фыццаг хатт федтой сылгоймаг дохтыр. Уазæг бадти залы йæ хæстæджыты æхсæн. Бирæ фæныхæстæ кодтой. Анютæ каст фæци дохтырты курсытæ, æмæ йæ хъуа- мæ арвитой Уфайы губернимæ, Белебейскы уездмæ участочы дохтырæй. Анютæ Илья Николаевичы бæлвырд фæфарста земствойы куысты тыххæй. Бирæ цæмæйдæрты тарсти: зæхкусджытæ чиновниктыл афтæ сæнæууæнк сты æмæ дохтыртыл дæр нал æууæндынц. Куыд хуыздæр бав- нæлдæуа куыстмæ? Анямæ гæсгæ куысты мидæг ахс- джиагдæр у, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр тæтæй- раг æвзаг базонын. Илья Николаевич тæригъæдгæнгæйæ каст уазæ- джы фæлурс цæсгоммæ, йæ гыццыл сæрмæ. Амыдта йын, зæгъгæ, >йæ хъæддых фæлæууын æмæ зынтæн фæразын бахъæудзæн. Фæлæ се ’ппæтæй ’зындæр та уый у, æмæ йæ ныхас уыдзæн хъæуты кулактимæ — хъæуы хицæуттæ æмæ волосты хицæуттæ уыдон сты, хицаудзинад уыдон къухы ис. Æмæ хъæддых куы нæ фæлæууа, уæд зæхкусджытæн ницы феххуыс уыдзæн. Анютæ Веретенникова бадти къуымы æвæргæ ди- ваныл, ~диван æмбæрзт уыд дидинджытæ джиппæй- фыст æмбæрзæнæй. Чызгæн йæ дзыккутæ уыдысты 83
цыбыр къуырд. Сывæллæттæй йæ чидæр бафарста, дæ дзыккутæ цæмæн акъуырдтай, зæгъгæ. Уазæг æм дис- гæнгæ бакаст, — цы загътаид, уый нæ зыдта, исдуг æнæсдзургæйæ алæууыд, стæй дзуапп радта: — Семæ архайынмæ мын рæстæг нæй. Уыцы заман сывæллæттæ æрæмбырд сты уаты дуар- мæ, хъуысти сæ худын, сæ сусу-бусу. Валодя базгъордта мидæмæ, уазæджы размæ ба- уад æмæ, йæ худын тыххæй уромгæйæ, загъта: — Анютæ, сдзæбæх ма мæ кæн — æз рынчын дæн! Уазæг бамбæрста, сывæллæттæ хъазгæ кæй кæ- нынц, уый, фæлæ йæ уæддæр æцæгхуызæй бафарста: — Æмае дæ цы риссы? - Валодя, йæ сæр иуфарсырдæм æркъулгæнгæйæ, ныуулæфыд: — Бафсæдæн мын ницæмæй ис. Цас фылдæр хæ- рын, уыйас мæм тынгдæр хæрын цæуы. Дуары фæстæ чидæр иылпыррыкк кодта, чидæр ныххудти æмæ азгъордта. Фæлæ Анютæ Веретенникова йæ цъæх хъоппæг цæстытæй Валодямæ бакаст æмæ æцæгхуызæй загъта: — Цæлгæнæнмæ ауай, хлепа дзулæй дæргъæй- дæргъмæ бæзджын карст рауадз, цæхх ыл дзæвгарго- мау айзæр æмæ йæ бахæр. ^ Валодя æваст фæхъæр* кодта: — Бавзæрстон æй æмæ мын ницы феххуыс! — Иу хатт ма йæ бавзар, хъуамæ дын феххуыс уа! * * * Уалдзæджы райдыдтой экзаментæ. Ульяновты сывæллæттæ бадтысты ^ингуыты уæл- хъус. Рудзгуытæ уыдысты гом. Уæле, Аняйы чысыл балкъонæй, зынди цæхæрадон, дыргъбæлæстæ диди- нæгæй урс-урсид адардтой. 84
Хæрæндон уаты рудзгуытæ уыдысты уынджырдæм, фæл,æ суанг уырдæм дæр цыди дидинджыты дзæбæх тæф. Сихор хæрæн стъолыл стыр дурыны хуылфы уыд сирен дидинджыты букет. Аня йæ разы æрлæууыд æмæ дзы агуырдта «амонд» — фондзсыфон дидинæг, фæлæ йæм фаг фæразондзинад кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзы ницы ссардта, «амонд» Оля арæх ардта. Æнтæфтæ кæнын, рыг хæссын байдыдта. Гимна- зисттæ уæнгмард æм,æ фæлладæй цыдысты уынгты фæсмын мундирты. Митяйыл аст азы дæр нæма цыд, фæлæ уый дæр æнхъæлмæ каст ахуыры азы кæронмæ. Тагъддæр куы фæуид, уæд та Кокушкиномæ ацæуиккой сæрибар цардмæ! Афтæ ахицæн 1882 азы май. Валодя бахызт цып- пæрæм къласмæ. Йæ хорз ахуыры тыххæй йын рад- той фыццаг хæрзиуæг. * Сашæ фæстаг, æстæм къласмæ бахызт фыццаг хæрзиуæг ын радтой, афтæмæй. Райдыдтой каникултæ. Æрхæццæ сæ цæуыны бон. * * * Иннæ хæттытæй хъауджыдæр уыцы сæрд фылдæр хæстæджытæ æрæмбырд Кокушкиномæ. Райсомæй Валодя Ульянов æмæ Коля Веретенни- ков ныццыдысты доны былмæ. Ушня ауæзт уыд æмæ айдæнау æрттывта цъæх былгæрæтты æхсæнæй. Йæ -быдтыл задысты бур дидинджытæ. Коля цалцæг кæнын райдыдта йæ хъæзæй конд тъиуи; æрмæст ма дзы хъуыди пæлæз’ айтындзын. Валодя æхситтæй заргæйæ йæ кæстæр хойæн уа-^ дындз арæзта. 85
Æнтæф кæнын байдыдта. Хинайæнæй æрбайхъуыст се ’мхæрæфыртты — Ардашевты ныхас. Веретенников Коля йæ сæрыл схæцыд æмæ загъта: — Ардашев Валодя йе ’феымæр Александрæн стыр аргъ кæны, йæхицæн æй фæзминагыл нымайы!..—Уый Коляйы зæрдæмæ нæ цæуы. — Искæйы зондмæ хъу- сын нæ хъæуы, адæймаг хъуамæ йæхи сæрæй куса. Фæлæ Валодя йемæ.не ’сразы. Уый дзырдта: • — Мах бирæ цыдæртæ нæма зонæм, æмæ хистæр æфсымæры зондæй бафæрсын æвзæр нæу. Уый фæстæ сыл бацайдагъ ныхас, цы чингуытæ бакастысты, уыдон фæдыл. Валодя Коляйæн бафæдзæхста Тургеневы радзырд «Часы» бакæсын. Сашæ дæр дзы æппæлы: зæрдæмæ- дзæугæ характертæ, дам, дзы ис. Радзырды сæйраг архайæг, фынддæсаздзыд лæп- пу Давыд, тынг фæцыди Валодяйы зæрдæмæ йæ фи- дар мид-зæрдæйы ахастæй. — Ахæм адæмы цы бафæнда, æмæ цы нæ бакæн- дзысты, — дзырдта Валодя. Раисæ дæр йæ зæрдæмæ фæцыд, æнæ уæлдай ныхас, хæрзæгъдау чызг. Куы схъомыл сты, уæд æй Давыд ракуырдта. Коля дæр чингуытæ бирæ бакаст; гыццылæй рын- чьшгæнаг уыд æмæ йын-иу йæ мад æмæ йæ хотæ кас- тысты. Фæлæ ма ахæм зæрдæхудты хъуыддаг уа: Валодя йын цы чингуыты кой кæны, уыдонæй, цыма барæй уыд, уыйау иу дæр нæ -бакаст! Валодя уадындз арæзт фæци, иуварс æй æрæ- вæрдта æмæ Коляйы бафарста: — Тургеневы роман «Дым» кастæ? Коля «нагъ, нагъ» дзурынæй сфæлмæцыд. Пæлæз- мæ æргуыбыр кодта æмæ дызæрдыггæнгæйæ дзуапп радта: ’ — Кастæн. 86
Валодя йæм зулмæ бакаст: — Æмæ уæд повёсть «Литвинов» та?^" Коляйы дыккаг хатт гæды ныхас дзурын нал фæн- дыд. Йæ сæрыл схæцыд æмæ загъта: — Нæ бакастæн! — Асайдтай, асайдтай!—фæхъæр кодта Валодя— «Дым» куы бакастаис, уæд æй зонис, Литвинов ро- маны сæйраг архайæг кæй у, уый. Коля фæкъæмдзæстыг. Хорз нæ рауад йæ хъуыд- даг: иуæй гæды ныхас загъта, иннæмæй та йын æргом рацис. Ныр ыл Ульянова Анбчкæ æнæмæнгæй æм- дзæвгæтæ ныффысдзæн æмæ йæ иууылдæр мæстæй мардзысты. Фæлæ æцæгдзинадæй хъуыддаТ афтæ нæ рауад. Валодя уый тыххæй æппындæр никæмæн ницы загъ- та. Стæй йæ Коляйæн йæхй цæстмæ дæр никуы ба- дардта. ^ Веретенниковтæм Ульяновты тыххæй арæх цыди ныхас — алчидæр сæ йæхицæн фæзминагыл нымадта. Хъуыдыты аныгъуылгæйæ-иу Валодяйы тыххæй Аннæ Александровнæ Веретенникова афтæ дзырдта: «Бирæ цæмæйдæрты у йæ фыды хуызæн». Кокушкиномæ æрбацыд сæ сыхаг помещик. Сы- вæллæттæ уайтагъд бафиппайдтой, уазæг йæхи стыр ахуыр.гонд, бцрæ фенаг адæймагæй равдисынмæ кæй хъавы, уый. - Помещик бадти балкъоны, стыртимæ æмæ, сæры- стырхуызæй йæ рихитæ здухгæйæ, ныхас кодта. Уыцы рæстæг дидинæгдонмæ æмбырд кæнын рай- дыдтой фæсивæд. Аня, Сашæ, стæй Веретенникова Маруся фæлладæй, быдираг дидинджытæй сæ хъæ- быстæ се ’дЗаг, афтæмæй æрбахызтысты чысыл дуа- рыл — уыдон-иу иумæ бирæ фæтезгъо кодтой. 87
Хъазын æмæ сыл худт, бацайдагъ.-, Веретенникова Сашæ дзырдта æмдзæвгæтæй. Уый фæстæ хи конд ракеттæ уадзын райдыдтой. -Фæсивæд сæ хорз базыдсой аразын: тынг бæрзонд-иу ’ стахтысты уæлæмæ. Уазæг дисы бацыд. Фæстагмæ йæхи фесхъæл код- та æмæ загъта: — Мæнмæ гæсгæ, иуæй-иу ракеттæ суанг стъалы- тæм дæр схæццæ вæййынц. - Лæппутæ ныппыррыкк кодтой: гъе -уый ахуыргонд у, гъе! Илья Николаевич сæм æлхынцъæрфыгæй , ракаст. Æмæ уæд фенцадысты. Илья Николаевич уазæгмæ хæстæгдæр бабадтæмæ хуымæтæг ныхæстæй дзурын райдыдта стъалыты æмæ планетты тыххæй, дунейы тыххæй. Уазæг лæмбынæг хъуыста, къæлæтджын бандоны къухтыл хæцгæйæ. Йæ хъалдзинад уайтагъд цыдæр æрбаци, фæлæ уазæгмæ уый хъыг нæ фæкаст: йемæ ныхас кодта сты’р лæг, уыцы ахсджиаг фарста хорз чи/зыдта,*ахæм адæймаг. Уазæг куы ацыд, уæд Илья Николаевич сывæллæт- тæн бамбарын кодта, зæгъгæ, искæйы лæмæгъдзина- дыл худæн нæй; æфхæрьш та æппындæр нæ хъæуы адæймаджы. * * * Иуахæмы лæппутæ фондзæй сбадтысты иу стыр бæлæгъы хæррæгъы. Рагацау дæр æй зыдтой, бæлæгъ зыхъхъыртæ кæй у, æмæ æнæмæнг кæй фæдæлдон уыдзæн, уый. Æмæ диссаг дæр гъе уымæй уыд æмæ хи ирвæзын кæнын кæй бахъæудзæн. Куыд вæййы, цы вæййы, зæгъгæ, сæ цырыхъхъытæ раластой æмæ сæ сæ разы сæвæрдтой. Дон æддæмæ калдтой дыууæ чдуысийæ. Аленк кодтой. 88
Бæлæгьæн уайтагъд дон йæ былтæй акалд æмæ бынмæ цæуын байдыдта. Иууылдæр сæ цырыхъхъы- тæм фæлæбурдтой. Ф<æлæ дзы иу лæппуйæн йæ хъуыд- даг хорз нæ рауад: рахиз цыр^хъмæ куыд февнæлд- та, афтæ галиу доны бын фæци. Се ’ппæтмæ дæр уый худæг фæкаст. Валодя бæ- гъæввад, донластæй, йæ къухтæ фæйнæрдæм акæнгæ- йæ,: фæхъæр кодта: — Гъеныр-иу дæ иу къахыл гæпп-гæпп кæн! Уый фæстæ донмæ цырыхъхъ агурæг гæппытæ кæ- нын райдыдтой. Доны бынæй-иу куы хъуына сластой, куы къуындзих, фæлæ цырыхъхъыл нæ хæст кодтой. Æппынфæстаг чидæр афтæ, ныхъхъуытты йæ уадзын хъæуы, уæддæр æй не ’ссардзыстæм, зæгъгæ. Дон сызмæстой, сæ хъустæ донæй байдзаг сты. Фæлæ Валодя нæ разы кодта: цырыхъхъ доцы куыд ныууадза, æвгъау нæу? — Сымахæн уæ бар уæхи, фæлæ йæ æз нæ ныу- уадздзынæн, — загъта Валодя. Донмæ ныггæпп ласта. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ фæстæмæ<скаст, йæ къухы цыдæр. Иннæтæй афг тæ æмæ та къуындзих у, фæлæ ацы хатт цырыхъхъ разынд. ♦ ф $ »• Æхсæвæры фæстæ-иу бинонтыл «бадгæ» хъæзтытæ бацайдагъ. Уыди сабыр изæр. Фæизæрмилтæ. ч Иууылдæр æрæмбырд сты дидинæгдоны, Стыр хæдзары балкъоны размæ. Сывæллæттæ азгъордтой хистæртæн бандæттæ хæссынмæ; гыццылтæ сбадтысты балкъоны асинтыл; райдыдтой^ «омонимтæй» хъазьш. Валодяйы хуызæн тагъд ничи арæхстис омоним — дыууæ хуызы æмбарæн кæмæн ис, ахæм цыхас æр- 8Э
хъуыды кæнынмæ. Митя азгъордта, чи цавæр омоним яфхъуыды кодта, .уый чи базондзæн, уымæ дзурынмæ. Уый æрбацыд ,æмæ сын лæвæрдта фарстытæ; ал- чидæр дзуапп дæтгæйæ архайдта, омоним зындæр ба- зонæн цæмæй уа, ууыл. Аня загъта: — Ирд æмæ згæ! Оля фæхъæр кодта: — Уæззау æмæ уазал! Митя æрхъæцмæ нал хъæцыд, уый дæр æр- хъуыды кодта! Омонимтæ зонæг æм нæма æрбахæц- цæ, афтæ фæхъæр ласта: — Рухсдзыд æмæ стыр! Омонимтæ зонæг хъуыдыты аныгъуылд: иуæй ирд, иннæмæй уæззау, аннæмæй рухсдзыд... Дзуапп ын ис: дæгъæл. Хъазыдысты æмбисæндтæй дæр. Хатгай-иу æмби- сæндты бæсты æрхъуыды кодтой æмдзæвгæтæ дæр. Æмбисæндтæ зонæг уыдУльянов Сашæ.-Уый ацыд, аразгæ цадмæ ныццæуæны сусхъæд бæлæсты бын цы беседкæ уыд, уырдæм æмæ æнхъæлмæ касти, цалын- мæ йæм фæдзурой, уæдмæ. Чидæр фæндон бахаста: «Вот парадный подъезд»... Нæ! Некрасов æмæ Пушкины Сашæ хорз зоны, уай- тагъддæр сæ базондзæн. Зындæр исты -æрхъуыды кæ- нын хъæуы. Æрхъуыды кодтой Веретенников Сашæйы хъазæн æмдзæвгæ: Æхсæвы тары Мæ хъæбын н’ арын. Æрбадæлдзæх, кæдæмдæр атылд, Цы фæци, уымæн ницы хатын. Райдыдтой ныхæстæ уарын. Ничр куымдта дзырд «тары» исын — зын’у. Илья Николаевич йæ сæр ба- тылдта: 90
— Уыцы хауæны æнцон сæвæрæн нæу! Уыцы дзырд Валодяйæн раттынвæнд скодтой — уый йын исты æрхъуыды кæндзæн. Сашæ йæ размæ нæма бахæццæ, афтæ Валодя йæ уæрагмæ фæлæбурдта. Сашæ йæ бафарста: — Дæ уæраг цы кæны? Валодя æваст дзуапп авæрдта: — Знон мæ зæнг ныццавтон: æнæ рухсæй тары мæ гæрстæ ластон æмæ табуреткæйыл мæхи скъуырд- тон. Сашæ алæууыд, ахъуыды кодта, стæй иннæмæ ба- цыд. Ныхас хъуыдыйады афтæ хорз æвæрд æрцыд æмæ йыл Сашæ гуырысхо дæр нæ фæци... Валодя æмæ Веретенников Коля схуыссыдысты сæ уаты æмæ сабыргай ныхас кодтой. Хуыссæг сæ нæ ахста. Банхъæлмæ кæсын хъуыди, цалынмæ иууылдæр схуыссой, уæдмæ, уæлдайдæр та, цалынмæ сæ мадæлтæ Аннæ Александровнæ æмæ Ма- рия Александровнæ бафынæй уой, уæдмæ. Уæд ру- дзынгыл ахиздзысты æмæ* мæйрухсмæ атезгъо кæнæн уыдзæн. Валодямæ хорз каст æнафоны тезгъо кæнын, фæн- дагыл ныхас кæнын, æхсæвыгрн доны был хи æхсын. Симбирскы уыдæттæй ницы уыд, стæй æнæуи дæр гимназистты æнафон уынгмæ цæуын нæ уагътой. Уалынмæ Стыр хæдзары бæстæ ныссабыр. Валодя мынæг хъæлæсæй загъта: — СыдæйГ^мæ уд схауы. Цом æмæ ахизæм. Дыууæ лæппуйы æнæ сыбырттæй рудзынгыл ахыз- тысты æмæ Фыццаг æрхырдæм азгъордтой. Æрхмæ ныццыдысты; пысыратæй сæхи араугæйæ, тыдтой хъæлæрдзытæ, хъалгъæнтæ, м&нæргъытæ æмæ сæ дзулимæ хордтой. Уый фæстæ сæхи ныйистой доны былмæ. 91
Уыдис мæйрухс, хъарм æхсæв. Цъыр-цъырæгтæ уасыдысты. Мæй сабыргай ленк кодта арвыл æмæ йæ урс аууон доны уæлцъарыл змæлыди. Валодя дзырдта Симбирскы гимназы хабæрттæ, æппæлыд немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй, францу- сагмæ та мæсты кодта. Гимназы грекъаг æмæ лати- наг æвзæгтæй фæстæмæ иунæг фæсарæйнаг æвзаг йед- тæмæ ахуыр кæнын нæ хъуыди, фæлæ Валодя ахуыр кодта дыууæ дæр: немыцаг дæр æмæ францусаг дæр. Фæсарæйнаг æвзæгтæ йын æнцон ахуыргæнæн уы- дысты. йæ зæрдыл æрлæууыд, иухатт дзы иннæ къла- сы хуыздæр ахуыргæнинаг немыцаг æвзаджы иумæ- йаг уроч*>1 тæлмац рафыссынмæ куыд бацагуырдта, уый... Коля йæ уайтагъд афарста: — Æмæ йын æй радтай? Валодя йе ’уæхсчытыл схæцыд: , — Уæдæ йын æй цы кодтон. Фæлæ уый цæй хорз ахуыргæнинаг у? Стæй цы пайда у афтæ ахуыр кæ- нын? Коля фæлæууыд. — Ау, æмæ дæуыл ахæм хабар æппындæр никуы æрцыд, æмæ дæ урок кæд нæ сахуыр кодтай? Валодя фидарæй загъта: — Никуы! Стæй ма цыбырæй бафтыдта: — Ни- куы уыд æмæ никуы уыдзæн. Валодяйы тынг фæндыдис хъæуы лæппутимæ æх- сæвæддæйы ацæуын. Лæппутæ-иу сæхæдæг ацыдысты, хъæды цы æрдуз уыд, уырдæм æхсæвæддæйыл бæхтæ хизынмæ; арт-иу скодтой, кателоччы фыхтой картæфтæ. Валодя лæгъстæ кодта хистæр лæппутæн: 92
, — Мæн дæр ма уемæ акæнут. Æз мемæ сæкæр æмæ цай ахæсдзынæн, сугтæ уын æмбырд кæндзынæн. Фæлæ уыдон хынджылæгæй дзырдтой: — Бирæгътæ дзы ис хъæды. Бæлæсты аууон та — хæйрæджытæ! - Хъæуы лæппуты нæ фæндыд горæтаг лæппуйы се- мæ æхсæвæддæйы акæнын. Куы фæтæрса, куы ба-ч фæллайа æмæ сæ куы хъыгдара, миййаг! Иухатт куы уыд, уæд Валодя сæ фæдыл иунæгæй араст. Фæндаг хорз зыдта. Фæлæ æхсæвцгон быдыртæ æмæ уыгæрдæнтæ æнахуыр. сабыр æмæ тар уыдысты, цыма сæм сæхи хуы&енæй ницыуалуыд, афтæ йæм кастысты: уæлбыл куы хосы мæкъуыл, куы къудзи фезмæлы. Разæй, дардæй хъуысти лæппуты дзурын æмæ бæхты къæхты хъæр. Валодя хъæды бараст. Æваст сау талынг æрбаци бæстæ. Иæ алыварсæй цыди сыр-сыр,.хус талаты къæрццытæ. Цавæрдæр чысыл сырд йæ къæхты бы- нæй ’асæррæтт ласта. Йæ тæккæ разæй цъиуы пæр-пæр ссыд. Фæлæ иугæр сфæнд кодта, уæд кæронмæ цæуын хъæуы. Цыди дарддæр, фидар къахдзæфтæ кæнгæйæ, ар- хайдта, мæйдары йæ къæхты хъæр тынгдæр цæмæй хъуыса, ууыл. Æппынфæстаг/бахæццæ ис æрдузмæ. Бæхтæ сæ сахсæнæвæрд къæхтæ феппар-феппар- гæнгæ гæппытæ кодтой бæрзонд кæрдæджы. Æрдузы астæу уыди ныллæг нæзы бæлас æмæ дыууæ хъæддаг фæткъуыйы. Мæй сцæйтылди йæ цæл- хыдзагæй. Валодя хæстæгдæр бацыд. Куыдз срæйдта.. 93
Лæппутæ фæкастысты æмæ дисгæнгæйæ фæхъæр кодтой: — Уæддæр æрбацыд! Нæ фæтарст! Исчи ма аца- фон хъæдмæ иунæгæй цæуы? Арт скодтой. Тымбыл æрбадтысты йæ алыварс. Валодя йæ дзыппæй сæкæртæ систа æмæ’алкæмæн дæр фæйнæ дыууæ къæртты радта. Хистæр лæппутæ алыхуызон тæрсæн хабæрттæ дзурын райдыдтой. Хъæды, суадоны раз, хъæдгæсы куыд амардтой, æмæ йæ чи амардта, уый дæр куыд нæ сбæрæг: Арвыл стъалы атахт. Цъымарайы уæрццыты бал сæ сæрты æрбатахтысты, сæ базырты æхситт цæугæ. Чидæр аргъау кæнын райдыдта, фæлæ дзы йæ кæ- рон ферох. Уæд иннæ афтæ: — Иу æмбисонд уын радзурон? Махæн ахуыргæ- нæг чиныг радта æмæ уым фыст уыд: - Æмæ тагъд-тагъд дзурын райдыдта: — «Цæй адджын сты, уæдæ, хъазы къæхтæ!» — «Æмæ сæ ды искуы бахордтай?» — «Нæ бахордтон, фæлæ сæ барин куыд хордта, уый мæ фыдыфсымæр федта». Ахудтысты. Валодя артмæ кæсгæйæ, лæмбынæг хъуыста. Хорз æм касти хъæуккаг лæппутимæ арты фарсмæ бадын. Мæй æрдузы хæд сæрмæ схæццæ. Иу стыр лæппу артмæ къалиу баппæрста, арт скъæрццытæ кодта. Арвыл та стъалы атахт. Изæрырдæм фæсивæд ацыдысты быдырмæ тезгъо кæнынмæ. I 9*
Афтæ æнтæф нал уыд. Ульянова Аня æмæ Веретенникова Маруся цыдыс- ты разæй æмæ Некрасовы поэмæ «Уæрæсейы хора цард кæмæн ис?» зæгъгæ, уырдыгæй æмдзæвгæтæ дзырдтой. ^ , Быдыр уыд сабыр. Сыгъдæг уæлдæфы хъуыстысты сагъæссаг ныхæстæ: / Æфхæрдтæм цу, Мæстджынтæм цу — Кæн ’сын фæндаг, Æфхæрд кæм хъуысы, Нæ туг кæм сысы, Уым у фыццаг. Кæстæр сывæллæттæ разгъор-базгъор кодтбй. Ульянова Оля йæ хъæбыс æрвдидинджытæй дзаг, афтæмæй цæугæ-цæуын йæхицæн худ быдта. Ауæдзы цыдысты дардæй-дарддæр. Æмхæрæфырттæ кодтой Хъазаны университеты кой, студентты змæстыты кой; студенттæн сходкæтæ аразыны- бар нал и, студентты тыххæй дзурынц: ни- гилисттæ, змæнтджытæ, дам, сты; бунт, дам, кæнынц хицауады ныхмæ. Ульянов Сашæ тарæрфыгæй касти дардмæ. Ныхас рацыд сылгоймаджы барты фæдыл. Аня сылгоймæггы Хистæр курсытæм бацæуынмæ хъавыд, фæлæ университетмæ сылгоймæгты нæ истой. Æмхæрæфырттæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, курсыты чи ахуыр кæны, уыцы чызджытæ фæзмынц лæппу сту- дентты, дарынц, дам, нæлгоймаджы иуварсырдæм æвæргæ хæдæттæ, пинджактæ, сæ дзыккутæ фæсте къæлæтæлвыд кæнынц, тамако дымынц, суанг ма, дам, нæлгоймæгтау дæр æлгъитынц. Уыцы митæ Сашæйы зæрдæмæ нæ цыдысты. Уый дзырдта, зæгъгæ, архайын хъæуы, цæмæй сылгоймæг- 95
ты исой университетмæ, æцæг^сын нæлгоймаджы да- рæс дарын не ’мбæлы. > Фæлæ чызджытæ мæстыхуызæй Сашæмæ бауырд- гуытæ сты. — Æмæ дæумæ гæсгæ, уæдæ, модæйы чызджыты дарæс хъуамæ дарой? Рюмкæйы хуызæн астæуæлвæс- тæй цæуой?.. Аня раивæзта Сашæйы цонг æмæ йын йæ цæстьГ- тæм бакаст: — Дæумæ гæсгæ, уæдæ, цавæр дарæс хъуамæ да- рой? Костюм цавæр хъуамæ уа? Сашæ бакаст йæ хомæ, Веретенникова Марусямæ дæр, стæй ахъуыды кодта æмæ загъта: — Мæнæ мамæ цавæр костюм дары, ахæм. — Чы- сыл æнæсдзургæйдэ алæууыны фæстæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:—Тынг хуымæтæг. САШÆ Сæрды æмбисы Ульяновтæ Кокушкинойæ æрбаз- дæхтысты сæхимæ. Сæ кæрт Цыма цъæх дæр фæцис, афтæ сæм фæкаст. Хъомдоны раз фæдæгъд тынг сырæзыд, фæйнæрдæм ныппака, йæ пуцæлттæ сырх адардтой. Фæссихор Мария Александровнæ бадти уисæй быд къæлæтджын бандоны цæхæрадоны стъолы уæлхъус æмæ цыдæртæ хуыдта. йæ чыргъæд йæ разы æмæ дзы куы æндах сисы, куы æмпъузæн. Бæстæ ныссабыр! Бинонтæ алырдæмты сæхи айстой. Фæлæ мæнæ йе ’нгуыр йе ’уæхскыл, афтæмæй фæ- зынди Валодя. Къалиткæйы хъæр ма фæцыд ноджыдæр иу хатт: Сашæмæ æрбацыд йе ’мбал. Уый Александры бинон- 96
ты хорз нæ зыдта æмæ гуырысхогæнгæйæ фæлæууыд. Валодя йæ къухтæ йæ былты алыварс тымбыл авæрдта æмæ флигелырдæм ныхъхъæр ^кодта: — Сашæ-æ! Уыцы сæрд хæдзар ремонт кодтой æмæ бинонтæ иууылдæр рæстæгмæ флигельмæ ралыгъдысты. Нс- федьевтæ дзы нал цардысты. Сашæ æрцахста, хæринаг кæнынæн флигелы фарс- мæ цы чысыл сæрст къуым уыд, уый. Ремонтгонд фес- ты, уæддæр ма Сашæ уым цард: ам ын химийы фæл- варæнтæ кæнынæн хуыздæр фадæттæ уыди, ныр хæ- дзары сыгъдæг уæлдæф, нал чъизи кæндзæн. Валодя уазæджы флигель’мæ бахæццæ кодта. Сашæ уыд йæ хорз зæрдæйы уагыл. Йæ куыст, йæ химийы ахуыртæ рæвдз дыдысты. Ныр сыгъдæг кодта йæ дыууæхстон, райсом Свиягæмæ бабызтæ марьш- мæ цæуы. Цы лæппу æрбацыд, уый Сашæимæ иу къласы ахуыр кодта, æрæджы йæ гимназæй аппæрстой, æу- уæнк, дам, ыл нæй, ’ æмæ уый тыххæй. Фыццаг аныхæстæ кодтой, стæй гимназы сусæг библиотекæйы кой кæнын райдыдтой. Сашæмæ тынг бахъардта, «Фидæн кæй уыдзæн», зæгъгæ, æрæджы цы брошюрæ бакарт, уый. Сæ дыууæйæн дæр зынд- гонд уыдысты уыцы авторы «Историон писмотæ». Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Сашæ рудзынгæй ракаст: цымæ Валодя ам хæстæг никуы ис, харбыз æрбадавид. Валодя кæртьггодзы къæхтыл рацу-бацу кодта. Дуканимæ лцардмæ цæуын нæ хъуыд. Уайтагъд фæстæмæ харбызимæ æрбахæццæ, йе ’нгуылдзæй йæ бакъуырдта æмæ йæ Сашæмæ радта. Уыцы рæстæг Сашæ, арф хъуыдыты аныгъуылгæ- йæ, дарддæр кодта, æрдæбон цы ныхас райдыдта, уый. 7 Ульяновш бин. нты цардæй 97 х
— Революцион куыстæн хъæуы хихорз бацæттæ кæнын. Валодя æнæ дзургæйæ æрбадти Сашæйы сынтæ- джы кæрон. Бинонтæ фиппайдтой: Валодя политикон ныхæс- тæм йæ хъус дарын байдыдта. Уазæг Валодяйы куы ауыдта, уæд йæ ныхас фæ- урæдта. Уæд Сашæ Валодяйы уæхскыл йæ къух æрæвæрд- та æмæ загъта: — Дзур, дзур, ныхас чи ахæсса, ахæм лæппу нæуг ма тæрс. — Стæй йе ’фсым-æрмæ бакаст æмæ хъазгæ- йæ бафтыдта: — Ай æрдзæй фæци конспиратор. Дыууæ æмбалы дзырдтой ныхас æмæ зондахасты сæрибардзинадыл, хицауады реакцийы ныхмæ тох кæ- ныныл. Валодя бирæ фæбадт æнæ иу сыпп скæнгæйæ, — лæмбынæг сæм хъуыста. Уалынмæ рудзынгæй æрбай- хъуыст Оля æмæ Митяйы хъæр. Уæд сындæггай сыс- тад æмæ дуары æдле фæци. * ^ ^ Ног ахуыры азы раайдайыны агъоммæ Симбирскы нæлгоймæгты гимназы кадджын æмбырды Валодя- йæн, фæндзæм къласмæ кæй бахызт, уый тыххæй рад- той æппæлды гæххæтт æмæ Е. Н. Водовозовы чиныг «Европæйы адæмты цард». Уыд августы æмбис. Валодя йæ ныхы хид сæрф- гæйæ фæцæйцыди сæхимæ. Иæ уæлæ — цъæх мундир, йæ цæппузыртæ кæронмæ æвæрдæй. ф Уыдис æнтæф бон. Уынджы астæу дзыхъхъы бæгъ- дулæг кодта сырддонцъиу æмæ рыг йæ сæрмæ сбадт. Цæхæрадæттæй хъуысти цъиуты уасын. Валодя сæхимæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ хотæ æмæ 98
йе ’фсымæртæ йæ алыварс амбырд сты. Йæ мад æм рæвдаугæ касти йæ сау æмбаргæ цæстытæй. Кæстæрты фæндыди Валодяйы чиныг тагъддæр фенын. Сæ иу æй райста æмæ йын йе ’ддаг цъарыл бакаст: «Хæрзæгъдаудзинады æмæ æнтыстдзинæдты тыххæй», — сызгъæрин дамгъæтæй цыппар ныхасы фыст. Чиныг рафæлдæхтой æмæ йын йæ фыццаг сы- фыл федтой къухæй фыст: «Симбирскы гимназы Педагогон совет IV къласы ахуыргæнинаг Ульянов Владимирæн йæ иттæг хорз ахуыры æмæ хæрзæгъдаудзинады тыххæй дæтты* ацы чиныг æмæ æппæлды гæххæтт. Симбирск, Майы 30 бон 1883». Æппæлды гæххæтт уыди чиныджы мидæг æвæрд. Кæстæртæ йæм бирæ фæракæс-бакæс кодтой. Уыйфæстæ Валодя ацыд йæ няня Варварæ Гри- горьевнæйæн йæ хæрзиуæджы хабар фехъусын кæ- нынмæ. Няняйы чысыл уат уыди Мария Александровнæйы уаты фарсмæ. Ардыгæй цыдис нарæг асинтæ уæлæмæ антресольтæм — сывæллæтты уæттæм. Няняйы стъо- лыл уыди гыццыл жестын цырагъ, йæ кæсæнцæстытæ æмæ, кæнын кæй райдыдта, ахæм цъында æд телтæ. Йæ рудзынг цыди чысыл- галереймæ; йæ æвгтæ алыхуызæттæ — бур, цъæх, сырхытæ. Н’яня цыдæр агуырдта йæ чырыны. Чырыны сæр уыди гом, мидæджырдыгæй йыл алыхуызон нывтæ ныхæст/ Сывæллæттæ сæ раджы федтой, фæлæ уæддæр уар- зынц уыцы нывтæм кæсын. Æппæты астæуæй — инæлар Тотлебен, кокардæ- джын фуражкæйы, Севастополы фидæрттæ аразæг! Валодя йæхæдæг æххуыс кодта няняйæн уыцы ныв ныхасынæн. 99
Мæнæ немыцаг ныв: стæвдтæарæзт лæг сырх хæ- доны мидæг хуыйы æргæвды. Хуы хъыллист кæны, лæг та худæгæй мæлы: «Филь гешрай унд вениг воллэ!» — «хъæр дзы — бирæ, хъуын — чысыл». Æнæхъæн гæбаз дзы ныхæст у дыууæ капеччы яргъ шоколадтухæн гæххæттытæй. Алы гæххæттыл дæр фыст: «Мæскуы, кондитер Роенко А.», стæй чысыл •ныв æмдзæвгæимæ. Варварæ Григорьевнæ тынг буц уыди Валодяйæ: æмæ куыннæ, хæрзиуæг ын радтой! Иæ чырын сæхгæдта æмæ йæ четæнæй бамбæрзта. Аныхас кодтой экзаменты тыххæй. Валодя ас лæ- гау бадти няняйы чырыны сæр æмæ дзырдта: — Махæн папæ хорз сахуыр кодта! Папæ куыд ахуыр кодта, афтæ ахуыр кæнын хъæуы, гъе! Стæй фестад æмæ няняйæн афтæ зæгъы: — Æри-ма, æз дын дæ кæсæнцæстытæ асæрфон — хуыздæр сæ уындзынæ. Æмæ сыл хъавгæ баулæфыд. Афтæ ахуыр уыд йæ гыццылæй фæстæмæ. Йæ ня- няйы кæсæнцæстытæ йæхæдæг сæрфта. Æрымысыдысты алы хабæрттæ: иу хатт няня фæ- рынчын æмæ йын лæггадгæнæг сылгоймаг Машæ хос лæвæрдта. Валодя йæ разьклæууыд æмæ, агуывзæйы хос цас æмбæлы, уый бæрц куы нæ ныттадза, зæгъгæ, йæм лæмбынæг каст. Уалынмæ æваст фæхъæр кодта: «Æгъгъæд у, æгъгъæд у, — иу æртах дзы уæлдай ныт- тагъди!» Æмæ куыд æнхъæл стут! Фæстæмæ йын хос авджы ныккæнын кодта æмæ <ертæхтæ ногæй баны- мадтой. Валодя хъуыста нянямæ æмæ худтис. Уæд ма хæрз чысыл уыди! Ныр та йæ няняйы раз бады æртындæс- аздзыд стыр лæппу. Фæндзæм къласы ахуыргæнинаг, 100
Уыд 1883 азы оæрдыгон изæртæй.иу. Бинонтæ иу- уылдæр схуыссыдысты, æрмæст ма Аня тезгъо кодта цæхæрадоны, стæй Сашæйы рудзынгæй рухс калд. Мæй стылди йæ цæлхы дзагæй. Цæхæрадонæй уддзæф дзæбæх тæф хаста. Аня хæдзары размæ бацыд æмæ сабыргай Сашæ- мæ бадзырдта, тезгъо кæнынмæ рацу, зæгъгæ. Рацыдысты уынгмæ. Ныллæг сау хæдзæртты сæр- тæ мæйрухсмæ урс дардтой. Хидæй æрбайхъуысти кæйдæр къæхты хъæр, Гæды хъуызгæ-хъуызгæ уынджы цæхгæрмæ бауади. Аня арвмæ скаст: — Ахæм ма диссаджы изæр, уа! йæ дзыккутæ уыдысты дæлæмæ уагъд æмæ сæ йæ фæсхъустæм акодта. Дзырдтой Петербурджы тыххæй, сæ балцы тых- хæй. Уыцы сæрд Сашæйæн хорз куыст лæвæрдтой: къу- пецаг Сачковы сывæллæттæн ахуыргæнæгæй бацæ- уын, цæргæ дæр йæ дачæйы куыд кæна, афтæмæй. Сашæйы фæндыд Петербургмæ, цæуынæн фæндаггаг бакусын, фæлæ йæ йæ мад нæ бауагъта: уадз æмæ ма фæстаг сæрд йæ хæдзары ацæра, йæ фæллад суадза. Мадæн зын уыди Сашæйы ацыд. йæ хоимæ уынджы цæугæйæ, Сашæйы зæрдыл æрлæууыд уыцы куысты хабар æмæ йæхи ныттар кодта. —» Цас æхца нæ бахъæудзæн Петербурджы ахуыр кæнынæн. Нæ фыд та фидар нал у. Аня йын йæ зæрдыл æрлæууын кодта: — Омæ папæ йæхæдæг куы загъта, мæ мызд фаг уьгдзæн, зæгъгæ. 101
Тигъмæ бахæццæ сты æмæ фæстæмæ раздæхтыс1 ты. Æнæ* уынæрæй къæлиткæйыл мидæмае бацыдысты. Кæрты кæрдæджы æхсæн цыдис змисæй зæрст къæдз- мæдз къахвæндаг. Аня æваст йе ’фсымæры афарста: — Зæгъ-ма, Сашæ, цы хъуагдзинæдтæ мæм ис? Сашæ йын æнæкъуылымпыйæ дзуапп радта: — Бæрæг æхсæнадон хъуыдыйыл хæст нæ дæ... — Чысыл æнæдзургæйæ алæууыд æмæ ма- йæ ныхасыл бафтыдта. — Стæй дæ характер иудадзыг иухуызон нæ хæссы. Анямæ тынг диссаг фæкаст: ау, афтæ чысыл сты йæ хъуагдзинæдтæ! Хиуарзондзииад æм нæ хæццæ кæ- ны? Ныфс æмæ йæм хъару фаг ис? — Цыдæр зæгъынмæ ма куы хъавыдтæ. Зæгъ æй! Фæлæ Сашæ фидарæй алыг /кодта: — Нæ, æндæр ницы! Дæ характер иудадзыг иу- хуызон нæу. Ахызтысты цæхæрадонмæ, уым мæйы рухсæй уы- ди бонау. Аня касти хæрдмæ æмæ хъуыдытæгæнгæйæ йæ мидбылты худти. Стæй Сашæмæ бакаст æмæ загъта: * — Адон нæ фæстаг бонтæ сты Симбирскы. йæ зæрдæ аЬрбауынгæг. Сашæмае фæзылд æмæ йын ныхъхъ^æбыс кодта. Сашæ хъæбыстæ кæнын нæ.уарзта, фæлæ ныр бам- бæрста, царды мидæг алцыдæр куыд рæсугъд, куыд ахсджиаг уыд — ацы æхсæв дæр, ацы цæхæрадон дæр!.. Балцы цæуын дæр хорз у! Зынгомау уыд рай- гуырæн хæдзар ныууадзын. Сашæ æрбахъæбыс кодта Аняйы, йæ сабийы бонты æмбалы, йæ хойы. Æмæ аф- тæмæй къахвæндагыл гæдыбæлæсты бынты ссыдысты. Мария А’лександровнæ ху&ссыд - иæ уаты, ’ фæлæ дзы рухс нæ калд, рудзынгæмбæрзæнтæ уыдысты I 102
бынмæ уагъд, фæлæ кæЦæйдæр зыхъхъырæй мидæмæ калди мæйы рухс. Мария Александровнæйы хуыссæг нæ ахста. Хъуыс- та алы сыбыртмæ дæр. Уалынджы дуары хъæр фæ- цыд. Асинты хъинц-хъин’ц ссыд. Йæ хистæр сывæл- лæттæ æрбаздæхтысты цæхæрадонæй. Мæнæ Аня ссæуы’ сывæллæтты уæттæм. Сашæ дæр бацыд йæ уатмæ хæдзары иннæ кæрон... ^ Тагъд ралæудзæн фæззæг... Рæхджы хистæртæ ацæудзысты..: У # * * Августы мæйы Сашæ ацыди Петербургмæ. Нижний Новгороды онг Волгæйыл науы. Дарддæр та æфсæнвæндагыл, йæ царды мидæг фыццаг хатт. Алы вагоныл дæр римаг цифрæтæй фыст, кæцы къласмæ хауы, уый: I, II, III. Фыццаг къласы вагæтты купетæ хъæдабæйæ арæзт, уым бирæ адæм нæ уыди. Сашæ цыди æртыккаг къласы вагоны. йæ хъæдын бандæттæ уыдысты чъизи, рыгæйдзаг, алы ран — бы- рæттæ, силодкæйы сæртæ, æхсынæнты цъæрттæ. Та- макойы цъæх фæздæг мигъау сбадти вагоны. Адæмæй дзы къах бавæрæн нæ уыд: иутæ бацæуæнты лæууы- дысты, иннæтæ сæ дзаумæтты бæстытыл бадтысты, чи та йæ карзинкæйыл. Сашæ лæууыди рудзынджы раз. Фæзты сæрмæ сцæйтылд ног мæй. Вагæтты рæзты быдыртæ згъордтой фæстæрдæм. Быдыры астæу зади зылын нæзы бæлас. Къутæр,тæ. -Æрх. Бæрз бæлас. Хъæд. Вагабтты цæлхытæ сæ гуыпп-гуыппæй не ’нцадыс- ты. Сашæйæн рысти йæ сæр. Æмæ йæм афтæ каст, цыма Некрасов æфсæнвæндаг аразджыты тыххæй цы 103
æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон къуырцц-къуырцц кæ- нынц æнкъард, уыциухуызонæй. * * * Мæйы фæстæ Аня дæр æрцыди Петербургмæ. Сашæ а^рцард горæтгæрон, Петербурджы фарс кæй хуыдтой, уым. Горæтгæрон цæрын хорз каст сту- денттæм. Уый фатер баххуырста иу зæронд усы чы- сыл хæдзары, Съезжинскы уынджы. Аня царди горæты иннæ кæрон, Бестужевы номыл цы сылгоймæгты курсытæ уыд, уый раз. Фæлæ-иу бæрæгбон заман æфсымæр æмæ хо иумæ ацыдысты горæт уынынмæ. Сæ фыццаг бонтæй иуы ацыдысты Петропавловскы фидар уынынмæ. Уым, Петропавловскы аргъуаны, уыдысты уырыссаг императорты зæппæдзтæ. Хæстæг цæуын æмæ сæм кæсын уагътой. Фæлæ алчидæр зыдта, Петропавловскы фидары ахæстон кæй ис, уый; Невайы сæрмæ дурæй амад бæз- джын къулты мидæгæй, уыцы рагон бастион æмæ равелинты сусæг камерæтæ кæй ис, раздæры казе- матты дæргъæццон рудзгуыты раз ахст адæм кæй бадынц, уый. Петропавловскы фидары тыххæй дзырдтой: æга- сæй, дам, дзы ничи рацæуы. Æхсæвыгон æрбаласынц ахст адæмы сæ цæстытæ бастæй. Сæ номæй сæм ничи фæдзуры. Уым алцыдæр сусæггонд уыди. Фæлæ азæй-азмæ Уæрæсейы хъус-хъусæй цыдыс- ты алы ныхæстæ: зæгъгæ, Николай Фыццæгæм Тру- бецкойы бастионы декабристты бакодта. .Александр Дыккæгæм Алексеевы равелинмæ Чернышевскийы арвыста. Петропавловскы фидары Писаревы бакод- 104
той. Петропавловскы фидары бадынц народово- лецтæ... Фидар арæзт уыдис Зымæгон галуаны бакомком- мæ сакъадахыл. Аргъуаны цъуппыл — сызгъæриндо- нытылд зæды ныв. Александр Дыккæгæмы номыл хи- дæй кæсгæйæ афтæ зынди, цыма фидары гранит къул- тæ Невайы доны бынæй ссыдысты. Аня æмæ Сашæ фидармæ бацыдысты Петербургаг фарсырдыгæй. Исгæ хидыл бахызтысты къанауы сæрты. Уыди хуыцаубон. Фидары дуæрттæ^ байгом сты. Адæм æм бирæ не ’рбацыд. Фидары уыд сабыр. Æр- мæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысти хъахъхъæ- нæджы æмыр хъæр æмæ хæцæнгæрзты дзыгъал-мы- пьул. Цалдæр минуты фæстæ сахаты дзæнгæрджытæ ныццагътой. Аня фестъæлфыд: аргъуаны цъуппыл са- хат. цагъта «Коль славен наш господь в Сионе». Адæм аргъуанмæ цыдысты æмæ уырыссаг пад- дзæхты мраморæй конд зæппæдзтыл зылдысты. Сыгъ- дысты дзы мыдадзын цырæгътæ æмæ лампадæтæ. Пъолтыл уыд гауызтæ тыд. Къултæ æмæ колоннæтæ нæ зындысты æвзист æмæ сызгъæрин веноктæй. Сахат ныццагъта цыппæрæмæй фынддæс минуты, стæй та цыппæрæм æрдæг. Зылд фесты. Аня æмæ Сашæ рацыдысты фидары кæртмæ. Сæ зсæдфæстæ цыди рихиджын хъахъхъæнæг: нæ- дæр сын æрлæууæн уыдис, нæдæр фæстæмæ фæкæ- сæн! Фидары къалиткæйыл рахызтысты æмæ фæстæмæ ракастысты: ныллæг къултæ, исгæ хидыл дыууæ фа- нары, къулты- мидæгæй зыны ^аргъуаны цъупп. Цыппар сахаты йедтæмæ нæма уыдис, афтæмæй талынг кæнын райдыдта — ралæууыдысты Петербур- 105
джы рагизæртæ. Код’та сæлфынæг. Невайырдыгæй ды’мдта дымгæ. Уыд уазал æмæ æнтъыснæг изæр. — Ахст адæм дзы кæцы ран бадынц? — бафарста Аня Сашæйы. Фæлæ йын Сашæ дзуапп нæ .радта. Аня йе ’фсымæрмæ иуварсырдыгæй ’бакаст æмæ йæм афтæ фæзынд, цыма Сашæйы фæлурс саулагьз цæсгом зæронддæр фæци. Йæ’къух дымгæмæ ныцъ- цъæх. Æдзынæг касти размæ. Аня цы загътаид, уый нæ зыдта. Зæрдæтæ йын куы авæрдтаид, уый йæ бæргæ фæндыд! Фæлæ цæмæй? Невайы сæрты хидыл ахызтысты. Ноджыдæр ма иу хатт фæстæмæ ракастысты. Изæрон цъæх арв ауыгъдæй лæууыд фидары сæрмæ. Сæ фæндаг акодтой Сæрдыгон цæхæрадоны рæз- ты. Рахизырдыгæй айтыгъди Марсы æдзæрæг быдыр. Сæрдыгон цæхæрадонæй цыди бæлæсты сыр-сыр. Дымгæ бæлæсты къалиутæ рæдывта æмæ-иу сæ цæн- гæт решеткæйыл ныццавта. Иуæй-иу ран-иу сыл ам- бæлдысты цæуджытæ. Се ’фцæгготтæ хæрдмæ фæл- дæхтæй гуыбыр-гуыбыр уадысты. * # * Æртыццæг æмæ цыппæрæмы Аня æмæ Сашæ сæ изæртæ æрвыстой иумæ. Аня-иу тынг æнхъæлмæ кас- ти уыцы изæртæм. Хуыцаубоны изæрæй Аня конкæйы ацыди Сашæ- мæ. Уазалмæ йæ уадултæ ныссырх сты, афтæмæй хъæлдзæгæй бацыд сабыр чысыл уæттæм. ’Сашæ кас- ти чиныджы. Аня йæ муфтæйæ писмо раласта æмæ хъæлдзæгæй загъта: — Мæ хæрзæггурæггаг дæумæ, мамæйæ писмо райстон! Кæд æм ныффысдзынæ? » 106 ’
Хæдзары хицау сылгоймаг сырт-сыртгæнгæ сама- вар æрбахаста, стæй хуыцаубоны фæткъуыджынæй Аняйæн иу карст. Цай цымгæйæ Аня райхæлдта сырх ленты гæба- зæй баст чысыл тыхтон æмæ загъта: — Ацы лæвар Маняшæйæн балхæдтон гæххæтт- уæйгæнæн дуканийы. Аня йæ кæстæрты тынг мысыд æмæ сын аслам лæ- вæрттæ æрвыста бапъирозы гæххæтты ’тыхтæй, — зынаргъдæртæн æм æхца нæ уыд. Сашæ стыр дисы бацыд: — Цæй хорз ма самал кæныс уыдæттæн æхца?— æмæ хъуыдытæгæнгæ тыхтонмæ бавнæлдта. Йæхæдæг дæр æдзух дуканийы рудзгуыты рæзты цæуы, фæлæ сæ никуы бафиппайдта. Уый фæстæ сæ алчидæр чиныг кæсын райдыдта. Анямæ ацы хатт лæмбынæгдзинад нæ уыди: куы- иу Сашæмæ бакаст йæ цæсты зулæй, куы та-иу фæй- нæрдæм афæлгæсыд. Сашæйы стъолыл уыдысты йæ’ мад æмæ йæ фыды къамтæ. Аня æгас изæр дæр йе ’фсымæримæ ныхас кæны- нæй нæ бафсæстаид, фæлæ Сашæйы не ’вдæлди, тынг ауæрста рæстæгыл. Хæдзары хицау æнæ сыбырттæй уатмæ бацыд цай- цымæн дзаумæттæм. Æнафон кæнын байдыдта. Сашæ йæ сæрыл схæцыд, йæ ных асæрфта æмæ хъыгзæрдæйæ загъта: — Суткæ æхсæрдæс сахатæй фылдæр мæ бон ку- •сын нæу. ’ * * * Зымæгæн кæрбн нал уыди. Райсом раджы-иу хæ- дзæртты цырæгътæ ссыгътой; æппынæдзух бадти цъæх мигъ; хур нæ каст. 107
Симбирскы митджын æмæ тæмæнтæ калгæ хур~ джын зымæджы фæстæ Аняйæн зьШ уыди Петербур- джы климæтыл сахуыр уæвын. Курсыты йæ зонг-æ чызджытæй чи ахуыр кодта, уыдон уыдтрй, Ульянова æнкъард кæй кæны, уый. Æппынфæстаг ралæууыд уалдзæг. Гом рудзынджы цæстæй мидæмæ хъуысын байдыд- та уæрдæтты гыбар-гыбур. Фæзынд органæй цæгъдæг дæр; йæ ихсыд хъæд ын зылдта æмæ полькæйы цагъды скъуыддзæгтæ азæлыдысты уалдзыгон уæл- дæфы. Сашæ фыццаг экзамен радта химийæ æм’æ изæры Анямæ æрбацыд. Уый Симбирскы куыд кодта, афтæ Петербурджы дæр горæты уынгты цыди фистæгæй, конкæйыл æхца дзæгъæл хардз’ ма кæнон, зæгъгæ. Йæ фыд ын алы мæй дæр цыппар туманы æрвыс- та, фæлæ ма Сашæ Симбирскы куы уыд, уæд загъта: «Мæнæн æртæ туманы дæр фаг сты», æмæ^ ныр алы мæй дæр туман фæстауæрц кæны, афæдзы кæрон сæ фæстæмæ йæ фыдæн арвитдзæн. Анямæ хорз каст йæ изæртæ Сашæимæ æрвитын. «Уыимæ зæрдæ рухс кæны», — зæгъгæ, иу афтæ. Иннæ хæттыты хуызæн ын ацы хатт дæр йе ’рба- цыдмæ сцæттæ кодта хæринаг: чысыл пецы хъармæй лæууыдысты Филипповы дзулгæнæнæй кæй æрбахас- та, ахæм сойыфых гуылтæ, стъолыл фыхтис самавар. Сашæ бадти диваныл æмæ сындæггай йæ цай уи- дыгæй змæста. Йæ зæрдæ уыд рухс. Экзамен тынг хорзæн радта, иннæ ахæм уалдзæг æрцыд, бонтæ даргъæй-даргъдæр кæнын байдыдтой. Аня дзырдта: — Абон куыд дзæбæх æндæвта хур. Тагъд нæхи- 108
мæ каникулты ацæудзыстæм. Фендзыстæм та нæ уар- зон Волгæйы!.. Уыйфæстæ ног хабæрттæ кæнын райдыдта. Афтæ дзурынц, тагъд, дам, сылгоймæгты курсытæ сæхгæн- дзысты. Журнал «Отечественные записки» уадзыны дзырд нал ис, йæ редактор ’Щедрины йын æрцахстой’ Сашæйæн йæ цæсгом фæтар ис. ’ Йæ даргъ къухы æнгуылдзтæй цайдымæн тæбæгъ иуварс акодта æмæ саст хъæлæсы уагæй загъта: — Цъаммар паддзах! Адæмы хуыздæрты ахæс- тæтты дарынц!.. Сæ изæр сын . æрбанад. Сашæ æнæдзургæйæ, тарæрфыгæй бадти диваныл .æмæ æдзынæг стъолæмбæрзæнмæ каст, йæ цайы агуывзæ йæ разы ныууазали. Цæмæн хт&еуы ахуыр кæнын, кæд æмæ адæмы æх- сæнмæ рухсдзинад хæссæн нæй, кæд адæм æнамонд, сты, кæд бæстæйы сæрибардзинад нæй, уæд? 1885 азы зымæджы Аня йæхи сцæттæ кодта цып: пурсы каникулты сæхимæ ацæуынмæ. Поезды æрбацыд Сызранмæ, — уырдыгæй дарддæр ■æфсæнвæндаг нæ уыд. Уыцы рæстæг Илья Николаевич та губернийæ сæ- химæ æрбацæйздæхт. Раздæр куыд баныхас кодтой, афтæ Аня æмæ йæ фыд сæмбæлдысты Сызраны æмæ уырдыгæй иумæ араст сты Симбирскмæ дзоныгъыл. Бæхтæ цыдысты митæмбæрзт фæндаг;ыл. Мыр-мы- раг дзæгъ-дзæгъ кодта. Бæхтæрæг-иу бæхтæм фев- зыста: «Но-о, аласатæ!» Æрбазынд хъæууон чысыл аргъуаны цъупп. Хъæд митæй урс дардта. Куыд хорз уыд райгуырæн бæстæйыл цæуын, хур бон уазал уæлдæфмаа улæфын! 109
_ Аня бадт йæ фыды фарсмæ хъарм тыхтæй. Кæл- мæрзæны бын йæ худ ныллæг конд, йæ уадултæ уа- залмæ ссырх сты, афтæмæй йæ фыдырдæм разылд æмæ йæ зæрдиаг фæрстытæ кæнын райдыдта: «Цавæр скъолатæ бабæрæг кодтай? Ахуыргæнджытæ куыд ку- сынц? Ахуыргæнинæгтае дзы бирæ ис æви нæ?» - Илья Николаевичмæ хорз касти скъолаты тыххæй дзурын. Фæлæ ацы хатт хъæлдзæгæй не здæхти. Уый æрбацæйцыд Карсуны æмæ Сызраны уездтæй. Бабæ- рæг кодта Жадо^кæйы дыууæ къласон ног скъолайьь Æрыгон ахуыргæнæг Кириллов, Порецкы ах^ыргæн- джыты сеМинар каст чи фæцис, æмæ кусынмæ Жа- довкæмæ æрвыст чи уыд, ахæм, хъаст кодта, сауджын ыл адæмы ардауы, зæгъгæ. Тынг зын, дам, у мола- дзандоны æмæ æппæты хъæздыгдæр помещик Прото- поповы фабрикæйы фарсмæ кусын. Скъолайы арæх вæййынц кадджын уазджытæ: Жадовкæйы зылды архимандрит, Карсуны адæмон тæрхонгæнæг, земский управæйы сæрдар. Становой пъырыстыф, сауджын æмæ диакъонæй та æппын нал фæразы, арæх æм цæ- уынц, уымæй дæр урокты рæстæг. Фабрикæйы хицауы ус экзаменты фæбады. Алчидæр архайы «Порецкы се- минарæй» æрвыст æрыгон ахуыргæнæгмæ йæ хъус ба- дарын. Илья Николаевич йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Стыр тох цæуы нырыккон педагогикæйыг раззагдæр. идейæты ныхмæ. Æрæджы плагъоц Баратынский ахæм ныхас ракодта: «Ахуыргæнджыты семинарты ахуыргæнджытæ са- хуыр сты, ахуыргæнинæгтæн цæстуынгæйæ æмæ ахс- джиагдæр амынддзинæдтæ кæй хонынц, уыдон руа- джы амоныныл... Афтæмæй та сывæллæттæ дины чин- гуытæ зондæй уый бæрц нæ исынц, зæрдæйæ сæ цас исынц... Ныртæккæ, — йæ ныхасæн кæрон скодта пла- 110
гъоц, — адæмон рухсады министрад тынг фидарæй бавналынм,æ хъавы ахуыргæнджыты семинартæ бын- тондæр рацаразынмæ...» Илья Николаевич йæ къух ауыгъта, ома зæрдæ дарæн ницæуыл ис, зæгъгæ. Æвддæс азы размæ йæ Симбирскмæ кусынмæ куы арвыстой, уæд æгас губер- нийы дæсгай скъолатæ йедтæмæ нæ уыд. Фæлæ уыцы азты дæргъы уый сарæзта цыппар сæдæ скъолайæ фылдæр, ахуыр дзы кæныссæдз мин сывæллоны. Æмæ цы? Ныр хицауад бавдæлд æмæ адæмон скъо- латы бæсты, гом кæны аргъуаны скъолатæ! Аня йæм хъуыста зæрдæрыстæй. Иннæ азты-иу йæ фыд сьсъолаты тыххæй зæрдæрухсдæрæй дзырдта; сходты дæр æмæ-иу земский æмбырдты дæр йæ зæр- ды цы уыд, уый йæ къухы бафтыд. Аня дызæрдыггæнгæ загъта: — Земствойæн йæ бон у... Илья Николаевич æм æваст фæзылд. Земский æм- бырдты плагъоц Баратынский адæммæ хаты, цæмæй адæмон скъолатæ иууылдæр ивд æрцæуой аргъуаны скъолатæй. «Аргъуаны скъолатæ, — зæгъы Баратынский, — схъомыл кæндзысты ахуыргонд зæхкусджыты хуыз- дæр тип. Славяйнаг абетæ-, дины чингуытæ кæсын, аргъуаны зарын — æндæр цы хъæуы зæхкусæджы сывæллоны». ч Уыцы хъуыддагæн афтæ. æмбарæн ис, æмæ нал хъæуынц Ушинскийы амынддзинæдтæ, нал хъæуы æмбары’нгæнæн чиныджы каст æмæ педагогикæйы ногдæр мадзæлттæ се ’ппæт дæр! Уый та ууыл дзу- рæг у, æмæ нал хъæуынц зонындзинæдтæ! Илья Николаевич йæ сæр æнкъардæй æруагъта, стæй та фæстæмæ Анямæ бакаст йæ уазалæфхæрд цæ1 стытæй. ч
— Афтæмæй та зæхкусджытæ хорз æмбарын бай- дыдтой, скъолатæ сæ æхсызгон кæй хъæуынц, уый!.. Илья Николаевич банцад. Гуыбырæй бадт æмæ фæллад каст кодта митæмбæрзт быдыртæм. Йе ’вддæс азы фæллæйттæ дзæгъæл сæфт кодтой йæ цæстыты раз. Аня йæ цæсты зулæй йæ фыдмæ бакаст. Куыд тынг базæронд! йæ цæстытæ цы арф бахаудтой! Куыд æнкъард у! Афтæ тынг^ никуы хъаст кодта йæ куы- стæй!.. Аивгъуыдтой бæрæгбæттæ. Ралæууыд ног аз — 1886-æм аз. Илья Николаевич цæттæ кодта афæдзы отчег, Симбирскы губернийы адæмон скъолаты куыст цы уавæры ис, уый тыххæй. Æнæфæразгæ хаста. Фæлæ куыст стыр, æвæстиа- тæй æххæстгæнинаг уыд æмæ йæ фæстæдæрмæ куыд аргъæвтаид! Йæ кабинеты, кусæн стъолыл лæууыдысты сводкæ- тæ, ведомосттæ, скъолаты программæтæ, хъæууон ахуыргæнджыты писмотæ. Куы йæм райсомæй, куы изæрæй цыдысты адæмон • скъолаты инспектортæ — Амосов, Стржалковский æмæ йæ хæстæгдæр æххуысгæнæг, Иван Владимиро- вич Ишерский. 12 январы æхсæвы Илья Николаевич, аххуыс мын кæн, зæгъгæ, фæдзырдта Анямæ. Фæкуыстой æна- фонмæ, бинонтæ иууылдæр схуыссыдысты. Иу рæс- тæг Аня бафиппайдта, йæ фыд ныхæстæ хæццæ кæ- нын кæй байдыдта, уый. Æмæ йæ тыххæй схуыссын кодта. Дыккаг бон та райсомæй Йлья Николаевич бадт 112
йæ куысты уæлхъус. Æрбацыд Ишерский дæр, фæ- куыста дыууæ сахатмæ. Сывæллæтта^ фæдзырдтой сæ фыдмæ сихор хæ- рынмæ. Фæлæ хæрын нæ бакуымдта, æрмæст йæ кусæн халаты мидæг бацыд дуары размæ æмæ хæрæндон уатмæ бакаст. Сывæллæттæ иууылдæр бадтысты сæ бынæтты. Даргъ стъолы уæлхъус, йæ чъылдым рудзгуытыр- дæм здæхтæй, лæууыд сæ мад æмæ сын тæбæгъты хъæрмхуыпп кодта. Мад йæ мидбылты бахудт, йæ уæллаг былы сæрмæ сау стъæлф. Сабыргай, Маняшæйы куыннæ фесхойа, афтæ, Митямæ тæбæгъ балæвæрдта. Валодя тагъд-тагъд бауад йæ бынатмæ, Оляимæ ныхас кæнгæйæ. Мады бакомкоммæ бадт Аня. Бинонтæ иууылдæр æмбырд уыдысты, æрмæст сæ фыды бынат уыд уæгъд. Илья Николаевич рæвдауæн цæстæй бакасти се ’ппæтмæ дæр. Стæй сабыргай дуар æрбассыдта æмæ йæ каби- нетмæ ацыд æркъул кæнынмæ. Уырдыгæй хъуыстис йæ хуыфын. Куыддæр хæрд фесты æмæ сыстадысты, афтæ Мария Александровнæ бакаст Илья Николаевичы кабинетмæ: фынæй у цымæ? Кд-Д æй, миййаг? исты хъæуы? Илья Николаевич хуыссыд йæ цæстытæ æхгæд, афтæмæй, æмæ æмризæджы рызт. Мария Александровнæ арвыста дохтырмæ. Хъарм хъæццул кабинетмæ бадавта æмæ уайтагъд фæстæ- мæ рауад, Аня æмæ Валодямæ фæдзурон, зæгъгæ. Илья Николаевич хуыссыди диваныл. Ницыуал 8 Ульяновты бинонты цардæй 113
уыдта, ницыуал æмбæрста. Йæ цонг пъолмæ æрзæбул æмæ йын фесхъиу-фесхъиу кодта. Фыд йæ уд исыныл ныллæууыд... * * * Æртæ боны фæлæууыд Илья Николаевичы мард хæдзары; ныр дæр ма Мария Александровнæйы нæ уырныдта, амардис, уый. Нæ, нæ! Чи зоны æмæ ма æгас у, кæд райхъал уаид, ахæм хабæрттæ вæййы. Æрмæстдæр цыппæрæм,бон баныгæдтой Илья Ни~ - колаевичы Покровскы моладзандоны. Скодта хъызт бон. Моладзандоны кæрты митæм- бæрзт бæлæстæ æвзистдонытылдау тæмæнтæ калдтой сæууон хуры рухсмæ. Арв уыд тынг ирд. Дины скъолаты зарджыты къорд кадджын уавæры æнкъард зарæг кодта. Цалдæр боны фæстæ газет «Симбирские губерн- ские ведомости»-йы фæзынди, адæмон скъолаты ин- спектор Амосовы фыст стыр некролог. «...Губернийы цæрджытæ никуы ферох кæндзысты Илья Николаевичы æнувыд куыст. Къуыригæйттæ æмæ-иу мæйгæйттæ фæзылдис æгас губернийыл, куы скъолаты куыстмæ æркæсыны æмæ; сын баххуыс кæ- ныны тыххæй, "куы ног скъолатæ байгом кæныны тыххæй; иу ран разамынд лæвæрдта педагогон кур- сытæн, иннæ ран йæ цæст дардта, ног скъолатæ куыд аразынц, уымæ; аннæ ран бынæттон кусджытимæ ныхас кодта скъолатæн æхца ауадзыны тыххæй, ны- хас кодта хъæуты цæрджытимæ, се ’ргом сын здæхта скъолатырдæм... Бынæттон цæрджытæ Илья Николаевичæн цы стыр кад æмæ рад кодтой, уый искуы иуты къухы йедтæ- мæ не ’фты. йæ зианы хабар уайтагъд ай’хъуыст æгас горæтыл æмæ Симбирскы губернийы алы кæрæттыл. , 114
Адæм тагъд кодтой мæрдджынтæн тæфæрфæс ракæ- нынмæ... Баныгæдтой йæ 15 январы. Уый бæрц мæрддзыгой æрцæугæ никуыма фендæуыд. Райсомæй 9 сахатмæ кæрты æмæ уынджы азмæлæн нал уыд адæмæй. Ра- хастой мард. Марды чырын райста йæ дыккаг фырт Владимир...» * * * Мария Александровнæ курдиат балæвæрдта, сæ фыды бынтæ йæхиуыл æмæ йе ’нахъом сывæллæттыл: Александрыл, Владимирыл, Димитрийыл, Аняйыл, Ольгæйыл, Марияйыл фыст цæмæй æрцæуой, уый тых- хæй. «Бынтæ цæй аргъ сты, уый тыххæй сæрмагонд курдиат нæ фыссын, — фыста йæ курдиаты, — уымæн æмæ мæ лæджы фæстæ цы мулк баззад, уыдон сты хæ- дзары дзауматæ æмæ дыууæ мин сомы æхца»'. Симбирскы нотариус Брызгалов хæдзары дзау- мæттæн скодта авд туманы æм,æ иу сомы аргъ. Мæскуыйы уынджы сын цы хæдзар уыд, уый фыды бынтæм нæ хауд — уый Мария Александровнæйы уыд æмæ йын афæдзы фæстæ Симбирскы горæты управæ окладной чиныгмæ гæсгæ скодта дæс æмæ цыппарыс- сæдз туманы аргъ. Ныр Мария Александровнæйы хъуыди. ноджы бон- зонгæдæр цард кæнын, сывæллæттæ иууылдæр нырма ахуыр кодтой, се ’ппæтæн дæр ахуыр фæуыны фадат раттын хъуыди. Сæ хæдзары æмбис: зал, сæ фыды кабинет æмæ, лæппутæ кæм цардысты, уыцы антресольтæ фатеры раттынвæнд скодтой. Æнцон нæ уыди Илья Николаевичы кабинет æцæ- гæлон адæймагæн дæттын. Фæлæ æндæр гæнæн кæй нæ уыд, уый иууылдæр æмбæрстой.- 115
Æрцарди дзы æрыгон дохтыр. Чы’сыл бацæуæнæй Мария Александровнæйы уаты æхоæн цы дуар уыдк, уый зæгæлтæй ныххостой. Рояль залæй хæрæндон уатмæ рахастой. Валодя æмæ Митя æрцардысты сæ мады уаты, уырдæм бахастой Сашæйы дзаумæттæ дæр; хæрæндон уаты дуармæ сæвæрдтой сæ фыды чингуыты скъапп классикты уацмыстимæ. Уæле, Аняйы’уаты, къамоды сæр тымбыл айдæны раз ныр уыди Мария Александровнæйы æхсæвсудзæн чысыл цырагъ: уый æрцард ам йæ чызджытимæ. «Мамæ, куы бахъæуа, уæд цыфæнды къуындæг уа- вæрты дæр базондзæн цæрын»,—дзырдта Аня Вало- дяйæн æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. ВАЛ ОДЯ Йæ фыды амарды фæстæ Аняйы нæ фæндыд йæ мады, йæ кæстæр аафсымæрты æмæ хоты иунæгæй ныууадзын, уымæ гæсгæ дзæвгар бафæстиат Сим- бирскы. Уыцы мæйты бирæ’ рæстæг æрвыста * Вало- дяимæ. Уæд Валодяйыл æхсæрдæс азы æххæстæй нæма цыд. Чысыл фæдаргъдæр. Бæзæрхыг, уæнгджын са- бийæ рауад гуырвидауц, хæрзконд лæппу. Йæ мыд- хуыз дзыккутæ чысыл фæтар сты. Йæ сæр бæрзонд даргæйæ, уый æдзынæг касти цъынддзастæй, цыма да дæ, уый базонынмæ хъавыд, уыйау. Иæ былты æвæрд — худæнхуыз, лæппуйæн куыд вæййы, афтæ сæрыстыр... Валодя ахуыр кодта æвдæм къласы. Иу заманæй фæстæмæ фидарæй æрлæууыд гимназы æгъдæутты ныхмæ, фауын сæ райдыдта. I 116
Йæ амæлынæй цалдæр мæйы раздæр, Аняимæ ны- хас кæнпæйæ, Илья Николаевичы зæрдыл æрлæууыд, Валодя ма кæстæр кълæсты куы ахуыр кодта, уæд францусаг æвзаджы ахуыргæнæг Поры куыд нæ ба- уарзта æмæ йæ фæстæдæр, фæндзæм къласы ахуыр кæнгæйæ, Лангобардæ куыд схуыдта йæ боцъоты тыххæй, уый. Иæ фыд дзы уæд дзырд райста, афтæ кæй никуыуал бакæндзæн. Аня йе ’уæхсчытыл схæцыд: «Валодя æгæр уæндо- нæй кæны искæйы кой! Хъазгæмхасæнты адæймаджы тынг бафхæры!..» Валодяйы уыцы миниуæг Аняйы зæрдæмæ нæ цыд. Уый сахуыр ис Сашæйыл; хистæр æфсымæр уыд хи- уылхæцгæ, уæздан, мадзура. Илья Николаевич хъуыдытæгæнгæ бакаст Анямæ: Аня дæр искæуыл ахудаг уыд. Фæлæ фыд хорз æмбæрста, уый иуцасдæр лите- ратурæйы тæваг кæй у, зæгъæм, рæзгæ фæсивæдыл афтæ тынг чи зыны, Писаревы уыцы хурмæ хæссæг статьяты тæваг, уыимæ йыл канд ногдзинады æмæ карз хъуыдыты хуызы нæ зынынц, фæлæ ма æвзаджы цыргъдзинад æмæ арæхстдзинады хуызы дæр!.. Сæ фыд нал ис. Аня йæ гыццылæй фæстæмæ йæ мадæн æххуыс кæнын ахуыр уыд сывæллæтты хъоМыл кæнынмæ, æмæ бамбæрста, ныр ыл фылдæр хæс æвæрд кæй ис, уый. Йæ хъус тынг лæмбынæг дардта Валодямæ. * * * Стъолы уæлхъус бадгæйæ сæм иухатт гимназы кой рауад. •* Валодя худт латинаг æвзаджы ахуыргæнæджы æдылы примертыл: фæдзырдта ахуыргæнинагмæ 117
Юлий Цезæры уацмысæй скъуыддзаг ратæлмац кæны- ны тыххæй; зын ранмæ куы бахæццæ, уæд къуыхцы кæнын байдыдта, фæдзырдта дыккаг ахуыргæнинаг- мæ, фыццагæн лæуу, зæгъгае, загъта; дыккаг дæр нæ арæхсти; фæдзырдта æртыккагмæ — ныр фыццаг дыу- уæ лæууынц.,. Хатгай æгас урок дæр афтæ фæфæрсы: ахуыргæнинæгтæн се ’мбис лæууын байдайынц, ца- лынмæ зын тæлмац кæнæн бынат исчи раивы, уæдмæ. Стæй æппынфæстаг сбадынц. Цы пайда у ахæм урок? Митя ныхасы йæхи фæтъыста — уый гимназы хъуыддæгтæ хорз зыдта. — Латинаг æвзаджы ахуыргæнæг, уадз æмæ иу- уылдæр лæууой, зæгъгæ, Валодяйы барæй нæ фæфæр- сы, уымæн æмæ йæ Валодя уайтагъд ратæлмац кæн- дзæн. Æиæкъуылымпыйæ тæлмац кæны рагон æвзæг- тæ! — сæрыстырæй загъта Митя. — Фынæйæ дæр грекъагау фæдзуры. Хуыцауыстæн!.. — Митя худæгæй бакъæцæл: — Цыфæнды йын куы фæкæнай, уæддæр нæ хъал кæны, грекъагау цыдæртæ дзурын байдайы! Валодя хуыссæгуарзаг кæй уыд, уый бинонтæ иу- уылдæр зыдтой. Маняшæ худти, йе ’фсымæрмæ кæс- гæйæ. * * * Аня æмæ-иу Валодя бирæ фæрацу-бацу кодтой миты хъæпæнты æхсæнты Симбирскы уынгты. Аняйы даргъ шубæ суанг зæхмæ хæццæ кодта, йæ къухтæ дардта муфтæйы. Ие ’фсымæрыл цъæх цинел, йæ теуайы хъуынæй басылыхъхъ хæрдмæ фæл- дæхт æфцæгготы алыварс тыхт, афтæмæй цыд йæ фарсмæ. Кодтой царды, мæлæт’ы æмæ хуыцауы кой. Иу заман Аня, хъуыдыты.ацæугæйæ;"афтæ зæгъы: — На? фыд динпæнæг уыд. « Валодя йæм фæзылд æмæ фæхъæр- кодта: 118
— Афтæмæй мамæ та аргъуанмæ цæуын нæ уарзы! Валодяйы зæрдыл æрлæууыд ахæм хабар. Иухатт, сæ фыдмæ уазæгуаты сæ зонгæ чиновник æрбацыд æмæ йæ сывæллæттæй фæрсын райдыдта: «Куыд ахуыр кæнынц, аргъуанмæ æнæзивæг цæуынц æви чæ?» Илья Николаевич’йæ сæр батылдта æмæ дзуапп радта: «Нæ, аргъуанмæ сæ хъус нæ дарынц!» Уазæг Валодямæ бакаст, йæ къух йæ уæрагыл быцæу авæрд- та æмæ, мæсты худт бакæнгæйæ, фæхъæр кодта: «Нæ- мын сæ х’йæуы, нæмын!» Валодя йæм æрбамæсты, феддæдуар, цæхæрадонмæ азгъордта, крест йæ хъуы- рæй æррæдывта æмæ йæ ныддыввытт ласта... Сæ цыд кодтой сабыргай. Уарыди .мит. Валодя дзырдта мæстыйæ, фидар ныхасы уагæй. Куыд рабæ- рæг, афтæмæй уый рагæй хъуыды кæны дины тыххæй æмæ крест æппарынвæнд раджы скодта. Спасскы уынгыл бахæццæ сты гимназмæ. Карам- зины цæхæрадоны бакомкоммæ уыд даргъ урс агъуыст: уæле йын фондз æмæ ссæдз рудзынджы, бынæй — цыппар æмæ ссæдз; æппæты уæле йыл фыст «Сим- бирскы нæлгоймæгты классикон гимназ». Ныхас та сæм рауад гимназы хъуыддæгты тых- хæй. Аня аивæй загъта: — Иуæй-иу ахуыргæнджытæй папæ тынг æппæ- лыд. — Уый раст у, фæлæ бæллæх уый мидæг ис, æмæ дзы хорз ахуыргæнæг бир,æ нæ лæууы. Дзырдæн рай- сæм историйы ахуыргæнæг Теселкины — уый у зонд- джын адæймаг, тынг хорз ахуыргæнæг. Æмæ йæм ахæм фау æрхастой, зæгъгæ, дам, программæйæ æд- дæдæр ахизы. Уыцы хъуыддаг ын гимназы хицæуттæ нæ ныббарстой æмæ йæ атардтой. «Ахуыргæнинæгтæн, дам, хорз нæ амоны, хуыцауыл, дам, иузæрдион нæу,— зæгъы директор...» 119
Валодя, арф ныхъуыдыгæнгæйæ, йæ къухы æн- гуылдз хæрдмæ сдардта. Аня йæм худæндзастæй ба- каст. - Дворянты æмбырды хæдзары чъылдымæй урс-ур- сид æврæгътæ цæндамадæй сцæйцыдысты; адæймаг- мæ афтæ касти, цыма уыцы митын хох æвиппайды цæджындзтыл арæзт балкъоны фæстæ фегуырд. — Волгæйы сæрмæ куыд у арв, афтæ иу ран дæр нæу, — дзырдта Аня æмæ, йæ цæстытæ цъынд кæнгæ- йæ, зымæгон хурмæ йæ уадул бадардта. Петербурджы æппынæдзух дæр тар бонтæ вæййы, нæ сыл ахуыр кæны. — Фæлæ цæй дзæбæх сты, æвæдза, урс æхсæвтæ!— исдуг æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ æмæ дардмæ кæсгæйæ, йæ мидбылты бахудт Аня. Бахæццæ сты Стрелецкы уынгмæ, Дворянты æм- бырды хæдзары архиерейы подъездмæ, Карамзины библиотекæ дæр уыцы хæдзары уыд, бинаг уæла- дзыджы. Аняйы фæндыди Венецмæ ацæуын, Волгæмæ ба- кæсын. Æрæджы, Петербурджы, Аня ныффыСта æм-. дзæвгæ «Волгæ», зæгъгæ, æмæ йын Сашæ афтæ: Кэей ныффыстай, уыдонæй дын се ’ппæтæй хуыздæр у^>. Рафыссынмæ ма йын æй кургæ дæр ракодта. Сашæйы зæрдæмæ фæцыдысты, цæугæдоны уылæнтæ адæмы уылæнтæм — революцимæ кæм рахызтысты, уыцы рæнхъытæ. Валодя йæм зæрдиагæй хъуыста. Стæй Аняйæн радзырдта, кæимæ ахуыр кæны, уы- донæй иумæ æрæджы йæ хъус куыд æрдардта, уый: афтæ йæм фæкаст, цыма уыцы ахуыргæнинагæн йæ зæрдæ æхсæнадон хъуыддæгтæм æхсайы, æмæ Вало- дяйы æрфæндыд, хæстæгдæр .æй куы базонид, уый. Бадзырдтой, аныхас кæныны тыххæй Свиягæйы сæм- 120
бæлыныл. Фæлæ дзы ницы рауади. Куы. сæмбæлдыс- ты, уæд лæпп-у куыст равзарыны фæдыл ныхас кæ- нын куы райдаид. — Ыæ йæм кæсыс, — Валодя фæлæууыд уынджы астæу, — уымæ гæсгæ равзарын хъæуы, стыр бынат- мæ дын тагъддæр фæндаг чи скæна, ахæм куыст! Кæй зæгъын æй хъæуы, -не ’хсæн ницы зæрдиаг ныхас ра- уад. Æнæсæр карьерист! Æнæуи Валодя фидар ныхас кæнаг уыди, фæлæ ныр йæ хъæлæсыуаджы фæзынди хъыгдзинад æмæ маст. Бахæццæ сты Венецмæ. Бульвары — хъæдын бесед- кæ, йæ, мидæг ничи бадт. Бынæй дæрдтыл йæхи ай- тыгъта Волгæ. * * * ^ Иухатт изæрмилты Валодя æмæ Аня æрбацæй- здæхтысты сæхимæ Сызраны æмæ Покровскы уынгтыл. Сæ къæхты бын мит зыхъ-зыхъ кодта. Ныллæг хæ- дзæртты цырæгътæ судзын райдыдтой. Аня фæйнæрдæм фæлгæсыд æмæ йæ зæрдыл æр- лæууыд, ивгъуыд азты-иу Сашæимæ æртæйæ ихыл бырынмæ Свиягæмæ куыд цыдысты, стæй-иу изæр- милты мæнæ ацы быруйы рæзты фæстæмæ куыд сцæйцыдысты, уый. Аня фæлæууыд æмæ Валодяйы дисгæнгæйæ афарста: — Хæдæгай, къахдзоныгътыл та цæуылнæуал бырыс? Валодя йын бамбарын кодта: — Ахуыр кæнын хъæуы, къахдзоныгътæй та адæй- маг фæллайгæ кæны! — æмæ бахудт: — Къахдзоныгъ- тыл бырынæй адæймаджы хуыссæг ахсы! — Исдуг ницы сдзырдта, с?æй ныуулæфыд æмæ зæрдиагæй загъта: — Рæстæгыл ауæрдын... \2\
Аня йе ’фсымæрмæ бакаст: йæ хæстæм куыд кар- зæй кæсы. Иæ фыды хуызæн у... * * * Аня сфæнд кодта йæхи хъæппæрисæй Бестужевы курсытæм экзаментæ бацæттæ кæнын. Петербургæй йын Сашæ æрвыста ахуыргæнæн чингуытæ æмæ, лек- цитæ фыст кæм уыдис, ахæм тетрæдтæ. Фæлæ йынахуыр кæнын зын уыди. йæ фыды тынг мысыд. Программæ æгæр стыр уыдис, латинаг æвзаг ахуыр кæнын æм æнкъард хъуыддаг каст. Аня-иу иуварс æрæвæрдта латинаг æвзаджы грам- матикæ æмæ Юлий Цезæры уацмыс «Зæронддзинады тыххæй», тынг сæ сфæлмæцыд, йе ’фсымæримæ-иу бы- цæу кæнын райдыдта: ома æнæхъуаджы æвзæгтыл рæстæг дзæгъæл хардз кæнын цæмæн хъæуы? Кæй хъæуы рагон ромæгты æвзаг? Нырыккон ромæгтæ рагæй дзурынц италяйнаг æвзагыл... Валодя нæ разы кодта йемæ. Уый бирæ уарзта рагон æвзæгтæ æмæ сæ зæрдиагæй ахуыр кодта. Сæ фыд ма æгас куы уыд, уæд Чувашаг скъолайы директор Яковлев Валодяйæн -радзырдта, уыцы скъо- лайы ахуыргæнæг ОхотниковьГтыххæй, зæрдæргъæвд математик у, зæгъгæ. Охотников сфæнд кодта универ- ситетмæ бацæуын. Æмæ, дам, чувашаг адæмы рухс- дзинады сæраппонд баххуыс кæнын хъæуы уыцы курдиатджын æрыгон лæппуйæн сахуыр кæныны хъуыддаджы. Уый уыд чувашаг зæхкусæджы фырт, Хъазаны губернийæ, Чистополы уездæй; гимназ’ы, кæй зæгъын æй хъæуы, никуы ахуыр. кодта. Университет- мæ бацæуыны тыххæй йæ экстеонæй экзамен раттын хъæуы, цæмæй райса цæттæдзинады аттестат; фæ- лæ йын латинаг æмæ гр-екъаг æвзæгтæ зын ахуыргæ- нæн сты. 122
Иван Яковлевич Валодяйæн балæгъстæ кодта, цæ- мæй уый баххуыс кæна Охотниковæн рагон- æвзæг- тæй гимназы курс сахуыр кæнынæн. — Æцæг æй зон, — загъта Яковлев, — лæвар æй ахуыр кæндзынæ. Цы бафида, уый йæм нæй. Валодя сразы ис. Уæдæй фæстæмæ Охотников Никифор Михайлович къуыри æртæ хатты изæрыгон цыди Валодямæ ахуыр кæнынмæ. Иннæ предметтæ ахуыр кодта йе ’мбалимæ. Иуæй- иу хатт-иу чиныджы искæцы бынат не ’мбæрстой. Æмæ-иу уæд Охотников æрхы сæрты Мæскуыйы уынг- мæ Валодямæ фыстæг арвыста. Чувашаг скъолайы стъорож, кæнæ-иу æй ахуыргæнинæгтæй исчи ахаста. «В. И.! § 30 (астæуыккаг æнусты историйæ). Вельф- ты æмæ Гибелинты тох. Уыдонæй кæцы партийы уы- дысты Генрих Гордый æмæ Конрад Æртыккæгæм? Н. Охотников», — фыста-иу уый. Афæдз æмæ æрдæджы фæстæ Охотников Валодяи- мæ иу рæстæг Симбирскы нæлгоймæгты гимназы эк- замен радта, цæттæдзинады аттестат райста æмæ Хъазаны университетмæ бацыд. Уыцы лæппу Валодяйæ кæд бирæ хистæр уыд, уæддæр æй афтæ уарзта, уæлдæр ахуырдзинад рай- сынмæ йын фæндаг кæй скодта, уый тыххæй, æмæ ма йæ фыртыл дæр Владимир, зæгъгæ, сæвæрдта. Охотников тынг хорз ахуыр кодта математикон факультеты. Йе ’стыр курдиатдзинадмæ йын сæ хъус .æрдардтой университеты профессортæ. Фæлæ стыр зынтæй бафтыди йæ къухы фæндаг ахуырмæ. Цыппæрæм курсмæ куы бахызт, уæд ма йæ уни- верситет каст фæуынмæ цыппар мæйы хъуыд, афтæ амард чехоткайæ. ’ 123
Аня æнкъард кодта. Кдошæрзæны йæхи æрбатых- та, афтæмæй бадти хæрæндон уаты йæ чингуыты уæл- хъус. Йæ ахуыр рæвдз нæ цыд. Æнæрайы латинаг æвзаг!.. Йæ бон дзы нал у. Аня чиныг иуварс ассыдта, сыстад æмæ уаты рацу-бацу кæнын райдыдта. Валодя йæ тетрæдтæм кæсын ныууагъта æмæ йæ цæст йæ хомæ дардта. Фæстагмæ йын зæрдæ сæвæрд- та латинаг æвзагæй баххуыс кæнынæй. Аня бадис кодта: — Куыд мын баххуыс кæндзынæ, рæстæг дын куы нæ ис, уæд? Ныр фæстаг къласмæ хизыс æмæ дæ би- рæ кусын хъæуы. Стæй Охотниковæн уроктæ куы дæт- тыс!.. Хардзау каст Анямæ, курсыты ахуыр кæнгæйæ, йæ кæстæр æфсымæрæй, гимназистæй, æххуыс бацагурын. Фæлæ йын хуыздæр гæнæн нæ уыд æмæ сразы. Æнæн- хъæлæджы уроктæм йæ зæрдæ райын байдыдта. Ва- лодя бирæ уарзта Юлий Цезæрæй зын скъуыддзаг раивын, хъуыдыцад равзарын "æмæ равдисын: куыд рæсугъд сты йæ ныхасы фæзилæнтæ, куыд бæл- вырд æвæрд дзы сты ныхæстæ, куыд æнцон æмбарæн у йæ хъуыды, куыд зыланггæнаг у йе ’взаг! Валодя бирæ .латинаг уацтæ æмæ æмдзæвгæтæ зыдта грамматикæйы æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн. Суанг ма сæ кæстæртæ дæр райдыдтой дзурын. Митя- иу асинтыл згъоргæ-згъорын латинаг ныхæстæ уæнг- гай дихтæ кодта: Гут-та ка-ват ля-пи-дем Нон ви сед сэ-пэ ка-ден-до. Аня-иу ын йæ ныхас айста æмæ-иу сæ тæлмац код- та йæ фæдыл: 124
Тæдзынæг дур къахы Йæ тыхы фæрцы нæ, фæлæ арæх тæдзынæй. Йæхи бацæттæ кæныны фæстæ Аня уалдзæджы ацыди Петербургмæ, Бестужевы номыл сылгоймæгты уæлдæр курсытæм экзаментæ дæттынмæ. * * * Валодя афтæ архайдта фыссыныл, цæмæй алы ныхас дæр уа йæ бынаты, цæмæй хъуыдытæ уой раст æмæ æнцон æмбарæн. Æвзаджы ахуыргæнæг хæдзармæ сочинени ныф- фыссынæн лæвæрдта дыууæ къуырийы æмгъуыд. Гимназисттæй бирæтæ æг.ъгъæдыл нымадтой, куыстмæ æмгъуыдæй иу-дыууæ боны раздæр бав- налын. Фæлæ Валодя талф-тулфæй кæнын ницы хъуыд- даг уарзта. Темæ цавæрфæнды куы уыдаид, — «Крес- товый походты аххостæ æмæ фæстиуджытæ», кæнæ «Æцæг хæлæрттæ се ’махастдзинæдты», науæд «Цæ- мæй аразгæ у адæмы хъæздыгдзинад?», — уæддæр-иу ыл кусын райдыдта фыццаг бонæй фæстæмæ. Гæххæтты сыфы цыппæрæм хайыл-иу пълан са- рæзта раздзырд æмæ фæсдзырдимæ. Стæй-иу фыс- сынмæ бавнæлдта. Гæххæтт-иу дæргъырдæм йæ ас- тæуыл асаста. Галиуырдыгæй-иу фысгæ кодта, рахи- зырдыгæй та ма-иу сыгъдæг уыд. Пъланыл хъуыды кæнгæйæ-иу Валодя рацу-бацу кодта уаты. Кæртæй йæм зындысты митæмбæрзт къу- дзитæ. Хæдзары-иу уыд сабыр. Ничи-иу æй хъыгдард- та. Хорз æм каст ахæм уавæр, йæ зæрдæ ради куыст- мæ! Алы бон дæр йæ сочиненимæ, гæххæтты рахиз фарсмæ, хаста ног хъуыдытæ. 125
Гимназæй-иу йæ фæндаг Карамзины библиотекæ- йыл ракодта æмæ-иу райста, сочинени фыссынæн æй чи хъуыд, ахæм чингуытæ. Чингуытæ кæсгæйæ гæх- х&тты рахиз фарсыл кодта бæрджытæ: зæгъæм: «Кæс ахæм æмæ ахæм чиныг, уалæм æмæ уалæм фарс». Митя архайдта,йе ’фсымæры куыннæ бахъыгдара, афтæ йын дардæй йæ фыстытæм бакæсын. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цыди, сыфы рахиа фарс бонæй-бон дзагдæр кæй кодта рæнхъытæй, уый. Гимназæй-иу куы æрбацыд, уæд-иу афарста: «Ва- лодя нæхимæ ис?» Няня-иу дзуапп радта: «Нæй, нырма нæма æрба- цкд», кæнæ: «Валодя библиотекæмæ чингуытæ ивын- мæ ацыд.» Уæд-иу Митя Валодяйы стъолы раз балæууыд. Мæнæ йæ чингуытæ! Мæнæ йæ сочиненийæ кæй ныффыста, уыцы сыфтæ; цырагъдарæны сойын цырагъ æвæрд, тæбыны гæппæлтæй конд пъеросыгъдæггæнæн. Ныртæккæ æрбацæудзæн æмæ фыссын райдайдзæн!.. Æргуыбыр кæнгæйæ-иу лæмбынæг касти фысты- тæм: лыстæг фыст у, фæлæ æнцон æвзарæн... Иу къуыри-иу аивгъуыдта, райдыдта- дыккаг. Валодя-иу сыгъдæг гæххæтт райста æмæ-иу йæ сочинени кæрæй кæронмæ ныффыста срастгæнинæг- тимæ æмæ бафтауинæгтимæ, стæй чингуытæй цы скъуыддзæгтæ рафыссын хъуыд, уыдон дæр æм-иу бахаста, афтæмæй; чи-иу ~æй хъуыд, уыцы чингуытæ лæууыдысты йæ разы стъолыл. Стæй-иу куыст раттын бон æрхæццæ кæны, зæгъ- гæ, уæд-иу сочинени сыгъдæг тетрадмæ рафыста. Хистæр кълæсты уырыссагчæвзаг лæвæрдта гим- назы директор йæхæдæг, .Керенский. Валодяйы сочине- ниты тыххæй-иу уый дзырдта: «Хорз ыл ахъуыды кодта, бирæ хъуыдытæ дзы ис, хуымæтæг æмæ цыбыр 126
ф’ыст у». Хатгай йын-иу бæрæггæнæн сæвæрдта фондз уæлæмхасæнимæ. Фæлæ иухатт, «Адæмы хъæздыгдзинад цæмæй аразгæ у», зæгъгæ, ахæм темæйыл фыст сочиненитæ Керенский ахуыргæнинæгтæн фæстæмæ куы уæрста, уæд Валодяйы мæстыхуызæй афарста: — Цавæр æфхæрд1-адæмы тыххæй фыссыс дæ куысты? Уый дзы æппындæр ницæмæн хъуыдис! Валодя сыстад, йæ хъуыдытæ бамбарын кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ Керенский сдзурын нал бауагъта: — Нæ хъæуы, нæ хъæуы, сбад,1 йæ къухæй йын ацамыдта. / * * * Ралæууыд 1886 азы сæрд — сæ фыды амарды фæс- тæ фыццаг сæрд. Хистæртæ каникулты Петербургæй-æрбацыдысты, куыддæр экзаментæ фесты, афтæ. Валодя бацыд æстæм къласмæ æмæ ныр уагъта йæ фæллад, Тургеневы уацмыстæ ногæй касти. Уыд æнтæф рæстæг. Фæссихор-иу бацыд, Сашæимæ иумæ цы уаты цардысты, уырдæм, æмæ-иу йæ иуфар- сырдæм æвæргæ æфцæггот суадзгæйæ йæхи чиныги- мæ сынтæгыл æруагъта. Иæ рæмбыныкъæдзæй-иу ба- зыл æрæнцой кодта æмæ касти Тургеневы роман «От- ны и дети». «— Цы у Базаров? — Аркадий бахудт. — Базаров цы у, .уый базонын дæ фæнды, мæ мадыфсымæр, уæд дын æй æз зæгъон? — Дæ хорзæхæй, мæ хæрæфырт. — Уый у нигилист. — Куыд? — бафарста Николай Петрович, Павел Петрович та карды фындзыл нæлхæйы къæртт уæлæ- мæ систа æмæ афтæ æнцад лæугæйæ баззади. 127
— Нигилист у, — ногæй та загъта Аркадий. — Нигилист, — загъта Николай Петрович. — Уый, мæнмæ гæсгæ, латинаг ныхас шкИ- æй равзæрд, ома ницы, кæд ма исты зонын, уæд; æмæ уæдæ уыцы ныхас æппындæр разы чи ницæуыл кæны, ахæм адæй- маджы амоны? — Растдæр уыдзæн: æппындæр аргъ чи ницæмæн кæны, ахæм адæймаджы, — загъта Павел Петрович æмæ та ногæй нæлхæмæ бавнæлдта...» Валодя тагъд касти, иугæр-иу кæсгæ куы кодта, уæд æндæр ницæмæуал дардта йæ хъус, рæстæгыл ауæрста, афтæ ахуыр уыд. * * * Тынг æнтæф бонтæ кодта — сæрд йæ тæмæны ба- цыд. Никуыдæм цæуын агуырдта зæрдæ. Аня бацыд йе ’фсымæры уатмæ. Тургеневы чиныг та кæсы, цымæ, Валодя? Лæппу Анямæ ракаст æмæ фæстæмæ чиныджы аныгъуылд. «...Талынг æмæ нарæг бацæуæныл мах бахæццæ стæм Колосовы уатмæ; мидæмæ бацыдыстæм. Сымах, æвæццæгæн, зонут мæгуыр студенты уат цы хуызæн вæййы, уый. Дуары бакомкоммæ къамодыл бадти Ко- лосов æмæ лулæ дымдта. Хæларзæрдæйæ йæ къух Бобовмæ бадаргъ кодта, мæнæн та уæзданæй йæ сæ- рæй акуывта. Æз бакастæн Колосовмæ æмæ уыциу бакастæн мæ зæрдæмæ фæцыд. Господа! Бобов нæ рæдыди. Колосов æцæгæйдæр уыд диссаджы адæй- маг. Бар мын раттут, æмæ йын йæ сурæт бæлвырддæр радзурон...» Уый уыди Тургеневы радзырд «Андрей Колосов». Валодя йæ уæлдай æнувыддæрæй касти. Иуæй иу- тæ ус ракурынмæ пайдайы цæстæй куыд кæсынц, сæ- 128
хицæн нымд æмæ .кад скæныны тыххæй сæхи уæзда- нæй куыд февдисынц, уыдæтты тыххæй бирæ фехъуы- ста. Фæлæ студент Колосов та у æнæсайд адæймаг, æргом характер ын, йæ ахастдзинæдты цæстмæ митæй ницы ис, суанг ма гæды ’рæригъæддзинад дæр. Валодя чиныг сæхгæдта æмæ хъуыдытыл фæци. СТУДЕНТТÆ Университеттæ ма кæм ис, уыцы иннæ горæтты хуызæн Петербурджы дæр ахуыры ног азы студентты сусæг организациты куыст зынгæ фæрæвдздæр. Ульянова Аня конспиративон куыстыты уыйас æм- баргæ нæма уыд, фæлæ йæ алыварс уавæртæ куыд амыдтой, афтæмæй хъуыди къæрцхъус уæвын. Аня æмбырд кодта æхца «Сырх Кресты» пайда- йæн — афтæ хуыдтой, нолитикон хъуыддæгты "фæдыл ахст æмæ хаст чи уыд, уыдонæн æххуысгæнæг органи- зацийы. йæ зонгæ æвдакатмæ взнос исынмæ куы ба- цыд, уæд æм равдыста, «Сырх Кресты» мыхуыр æвæрд кæуыл уыд, ахæм гæххæтт. Æвдакаты ахуыргæнинæгтæ зыдтой, куыд се ’мзæр- дион адæймаджы. Æмæ Аняйæн афтæ зæгъы: — Æхца дын ратдзынæн, фæлæ уыцы гæххæтт де- мæ ма хæсс. Уыдæттæ куыст халыны хос йедтæмæ ни- цы сты. Хъуыддагыл иузæрдион чи уа, уый дыл æнæ уыцы гæххæттæй ^дæр баууæнддзæн. Уæгъд рæстæджы цъусдуг Аня бауад Сашæмæ. йæ къухы уыди чысыл чиныг. Сашæ чиныгмæ æдзынæг бакаст æмæ дисгæнгæйæ бафарста: — Афтæ ’йæ æнæтыхтæй хастай? Аня фефсæрмы ис æмæ йæхи рæстытæ кæнын- мæ фæци: ома дардмæ нæ цыдтæн, стæй мæ къухы цавæр чиныг ис, уымæ афтæ бæлвырдæй чи кшстаид. 129"
- Сашæ йе ’уæхсчытыл схæцыд æмæ карзæй загъта: ■ — Фыццаг хатт уынын сусæг литературæ уынгты æргомæй хæсгæ. Цард йæхæдæг ахуыр кодта студентты сусæгæй архайыныл. Хи хъæппæрисæй ахуыр кæныны къордтæ нал уагътой, фæлæ уыдон уæддæр сусæгæй куыстой æмæ фылдæрæй-фылдæр кодтой: экономикон, этикон, исто- "рион... Æмбæстон студентты къордтæ архайдтой сусæгæй, сбирæ сты. Симбирскы æмбæстæгты къорд бацыд По- волжьейы иугонд къордмæ.. Æмбырдтæ аразын нæ уагътой, пъæлицæйы æвас- тæй иунæг хъазтизæрæн дæр саразæн нæ уыд. Фæлæ- иу фæсивæд райгуырæн бон, ном æвæрæн бон, кæнæ бафидауыны бон абадыны тыххæй бар райстой, æмæ сыл цæмæй мачи фæгуырысхо уыдаид, уый тыххæй-иу стъолтыл хæрд æмæ нозт æрæвæрдтойæмæ ныхас кодтой æхсæнадон хъуыддæгты фæдыл. Фæззæджы 1886' азы университеты лабораториты, ботаникæйы кабинеты, студентты хæрæндоны хъус- хъус кодтой, зæгъгæ, æвддæсæм ноябры Добролюбовы амардыл фондз æмæ ссæдз азы сæххæст уыдзæн æмæ се ’ппæты дæр Волковы уæлмæрдтæм йæ ингæнмæ цæ- уын хъæуы, Уыцы хъуыддаг сусæгæй арæзта æмбæстон сту- дентты Цæдис. Уый сырæзыд æрæджы. Поволжьейы æмбæстæгтæй йæм бацыд Ульянов Александр дæр. Ралæууыд æвддæсæм ноябрь. Талынг, мигъ рай- сом скодта — ахæм райсомтæ вæййы Петербурджрл фæззыгон. Нудæс сахатмæ Никъалайы номыл вагзалы раз 130
æрæмбырд мин студентæй фылдæр. «Рухсаджы за- рæг» кæнгæйæ араст сты Лиговкæйыл Волковы уæл- мæрдмæ. Фæндагыл сæм иу кодтой, кæмæн байрæ- джы, уыцы фæсивæд. Бирæтæ уæлмæрдтæм цыдысты^ комкоммæ конкæйыл, уыдонимæ уыдысты Ульяновтæ Аня æмæ Сашæ дæр. Фæлæ уæлмæрдты æфсæйнаг дуар æхгæд разынд; йæ ракомкоммæ дардгомау лæууыди городовойты взвод. Чидæр азгъордта пъæлицæйы участокмæ. Теле- фонæй адзырдтой горæты хицаумæ. Уалынмæ бар лæвæрд æрцыд: уæлмæрдмæ уагьд æрцæуæнт æрмæст делегаттæ æд веноктæ, иннæтæй иу дæр куыд н,æ бацæуа, афтæ. Сæлфынæг кодта. Дæс æмæ ссæдз адæймаджы æд веноктæ «Рухсаджы зарæг» кæнгæ бараст сты уæл- мæрдмæ. Иууылдæр сæ- худтæ систой. Æхгæд дуары æдде чи баззад, уыдон дæр зарыдысты. Сабыргай, кадджын уавæры адæмы сæрмæ хæлиу кодтой зарæджы ны- хæст.æ: «Рухсаг уæд... рухсаг уæд!..» . Æнкъард æмæ кадджын хуызы хъуыст’ис уæлмæрд- тæй дæр: «Рухсаг уæд... рухсаг уæд... рухсаг уæд!» Стæй куыдфæстæмæ сабырæй-сабырдæр хъуысын бай- дыдта зарæг. Банцадысты дуармæ чи лæууыд, уыдон дæр. Фæлæ цæугæ нæ акодтой. Уазал буары иннæр- дæм хызт, афтæмæй лæууыдысты сæ бынæтты. Кæрæ- дзимæ хъæр кодтой. Чидæр дзырдта, Добролюбов цардæй куыд ницы федта, афтæмæй æрыгонæй чехоткæйæ куыд амард, уый тыххæй. Мæнæ ам, Волковы уæлмæрды йæ чы- рыны уæлхъус раныхас кодта поэт Некрасов æмæ куыдта, «стыр хъуыддæгтæ бакæныны тыххæй чи рай- гуырд, уыцы гениалон лæппуйы» мардыл.
Сæ зæрдыл æрлæууыд Некрасовы æмдзæвгæ, Добролюбовы рухсагæн кæй ныффыста, уый. Иу бæр- зонд студент, йæ дзыккутæ йæ ныхæй фæстæмæ акæн- гæйæ, мæстæлгъæд, æрхæцгæ хъæлæсæй радзырдта: Фæлæ æгæр тагъд фескъуыди дæ цард, Ныллæутц де ’нусон пъеро йæ фыстæи. Уæдæ цьгзонды рухс стъалы фæтар! Уæдæ цы зæрдæ банцади йæ куыстæй! Æмæ та ногæй æрымысыдысты, Некрасов дзы куыд .загъта, уый: «Фондз æмæ йыл ссæдз азы йедтæмæ нæма цыд, фæлæ уыдонæй цыппар азы дæргъы уый лæууыд уырыссаг литературæйы сæргъы... Уый амард- та йæ адæмы мæгуырдзинад». Дуармæ хæстæгдæр чи лæууыд, уыдонæй бирæтæ дзырдтой йæ фæстаг æмдзæвгæтæ. Æмæ адæм баса- быр сты, афтæмæй цъæх, хъуынтъыз арвы бын сабыр- гай’ хъуысыдысты Добролюбовы ныхæстæ: Хорз æххæст кодтон мæ хæстæ, Ме ’рдхорд, уыи тыххæй фæмæлын, Фæлæ æз мæ уарзон бæсты Иу минут дæр рох нæ кæнын/ Инн,æ кæрон æндæр чидæр бæрзонд, зыр-зыргæнаг зыланг хъæлæсæй дзырд фæци: Ме ’рдхорд, о, мæ зынг фæхуыссы, Фæлæ у æнцад мæ зæрдæ.... Æз æрмæст дæуыл куы тыхсын: Макуы-иу ныббар æфхæрдæн... , Гъе, афтæ фæлæууыдысты фæсивæд æхгæд дуары æдде, сæ зæрдæйæн зынаргъ цы ингæн уыд, уый та быруйы мидæгæй уыд. Делегаттæ рацыдысты. Фæстæмæ се ’ппæт дæр иу- мæ раздæхтысты. Уалынджы Расстанны уынгæй Ли- 132
говкæмæ фæзилæны бæхыл æрбазынди горæты хицау Грессер. Бæрзонд хъал бæх йæ быны кафыд. Горæты хицау саргъыл узæгау кодта, йæ къухыл урс æрм,- къух, афтæмæй й,æ бæхы бæрзæйыл дардта æмæ та йын-иу йæ рохтæ æрбалвæста. , Фæсивæдæн уæзданхуызæй загъта, куыд. ахæлиу уой, афтæ. Фæлæ студенттæ æнæ дзургæйæ дарддæр сæ цыды кой кодтой. Цыдысты æнгом рæнхъытæй, æнæ зард, æнæ ны- хасæй. Невайы проспектырдыгæй бæхты къæхты хъæр æрбайхъуыст æмæ демонстранттæ федтой, бæхджын хъазахъхъ кардæлвæстæй сæ размæ куыд æрбацæ- уынц, уый. Алкæйы къухы дæр дзы — ехс. Иууылдæр æрлæууыдысты. Дарддæр цæуæн ни- куыдæмуал уыд: галиуырдыгæй — Лиговы къанау, раэæй æмæ фæстейы — хъазахъхъ. Æрмæст ма рахи- зырдæм дуар гом уыд; дуары мидæгæй — стыр кæрт; •кæрты—ныллæг даргъ агъуыст,—пъæлицæйы участок. Хъазахъхъ æртыхстысты демонстрантты алыварс, сæ бæхты фæрстæй сæ ссыдтой, ёхсытæй сæм æвзыс- той. Студенттæ хъæр кодтой. Сæ тæккæ зынгæдæрты сын пъæлицæйы участокмæ ластой. Горæты хицауы бардзырдмæ гæсгæ фæсивæдæй æд- дæмæ никæйы уагътой. Уыд уымæл, дымгæ бон. Студенттæ уынджы астæу сæ мидбынаты цъыф змæстой. Се ’фцæггæттæ уæлæ- мæ фæлдæхтæй ныхас кодтой сæ кæрæдзиимæ. Ульянова Аня хæцыд йе ’фсымæры цонгыл. Сæ зонгæ курсйсткæ оæ размæ бацыд æмæ, йæ дыууæ æн- гуылдзæй йæ пенсне растгæнгæйæ, бафарста: — Ныр цы чындæуа, господа? 133
Ульянов Сашæ карзæй загъта: — Размæ цæуын! — Уый кæдæм? Хъазахъхъы ныхмæ? Æхсаргæрд- тæм? Сашæ ницы дзырдта. йæ цæсгом æваст фæтар ис. Аня йæм бакаст æмæ йæм йæ цаесгом фæзынд æф- сæйнагæй конды хуызæн, æнæсæттон. Къанауы фаллаг фарс æмбырд кодтой цæуджытæ æмæ цымыдисæй, удаистæй кастысты, хъазахъхъ уча- сточы раз кæуыл æртыхстысты, уыцы студенттæм. Цымæ цы ракодтой, зæгъгæ, дисы бацыдысты. — Æвæццæгæн студенттæн сæ зæрды сæ мард профессоры ном æрымысын æрæфтыди, фæлæ ахæм бар лæвæрд нæй, нæ! Уалынмæ пъæлицæйæгтæ фæзындысты æмæ цæуæг адæмæй чи æрбамбырд, уыдоны хæлиу кæнын рай- дыдтой: «Ма æмбырдтæ кæнут! Цæугæут дард- дæр!..» Адæм тарæрфыгæй, æнæдзургæйæ иуварс цыдыс- ты. Цалдæр сахаты рацыд, уæддæр ма студенттæ- лæууыдысты уынджы пъæлицæйы участокæй Лиговы къанауы решеткæйы æхсæн цъистæй. Аня фыруазалæй йæхи æнцъылдтæ кодта. Дымгæ-' мæ йæ цæстытæ барæсыдысты. Адæмы æхсæнты тыха- мæлттæй йæ цурмæ æрбацæйцыд Сашæйы æмбал, Поволжьейы къордæй. Аня йæ дардмæ ауыдта, лæп- пу йæ худ систа æмæ йæ йæ къухы иуварс даргæйæ, йæ сæрæй ныллæг акуывта. Стæй сабырæй, кæнгæ уæзданхуызæй загъта: — Базонгæ уæм: Марк Тимофеевич Елизаров! Уый сæм худæг фæкаст, æвиппайды бахъæлдзæг сты. Сашæ йæ мидбылты бахуд’г æмæ^Елизаровы къух райста. Изæрмæ бирæ нал уыд. Адæм баргъæвстысты. 134
Къæхтæ къалосты мидæг бандæвтой. Хæрын агуырд- та зæрдæ. Фæлæ се ’ппæтæй заманадæр та уый уыд æмæ сын сæ ахст æмбæлтты кæй нæма уæгъд кодтой. Цырагъсудзджытæ фанартæ ссыгътой. Æппынфæстаг дзырд рацыд, — демонстрантты дьь гæйттæ, æртыгæйттæ" сæхимæ уадзыны тыххæй. Бынтондæр баталынг. Уыд^мæйдар, петербургаг изæр. Цалдæр боны фæстæ базыдтой: Добролюбовы мы- сыны тыххæй столицæйы уæлдæр скъолаты ахуыргæ- нинæгтæй демонстрацийы чи уыд, уыдонæй дыуукс- сæдзы бæрц æрвыст цæуынц провинцимæ, уæлдæр скъолатæ кæм нæй, чи хъæуы, ахæм чингуытæ кæм нæй, ахуыр кæныны фадат сын æппындæр кæм нал уыдзæн, уырдæм... * * * Аня фиппаин байдыдта: Сашæйæн ног æмбæлттæ фæзынд, цыдæр сусæг хъуыдда^гтæ кæны. Сашæ ныр царди, Симбирскы зонгæ кæимæ уыд, иу ахæм лæппу — Чеботаревимæ. Дыууæйæ дæр уы- дысты Поволжьейы æмбæстæгтцмæ, экономикон къорды. Сæ цæрæнбынат стыр уыд: дыууæ-уаты, сæр- Магонд бацæуæн сын. Аня-иу æрымысыд Съезжинскы уыиджы Сашæйы зæронд фатеры цы сабыр изæртæ æрвыстой, уыдон. Ног бынаты æгæр бирæ змæлд уыд. Адæм дзы æд- дæмæ-мидæмæ кодтой. Кæройнаг нарæг уаты уыд Симбирскы æмбæстæг- ты къорды библиотекæ. Уым уыд, сусæгæй мыхуыр- гонд чи цыд, Щедрины уыцы «Аргъæуттæ», кæнæ кæ- сыны дзырд кæмæн нæ уыд, Лев Толстойы уыцы уац- мыстæ: «Исповедь», «Цы у мæ дин?», «Цы сты æхца?» Уырдæм цыдысты кæрæдзийæн æххуыс кæныны кассæйы хъуыддæгты фæдыл дæр. 135
Уыд изæр, æнафон. Сашæ æмæ Чеботаревы фатеры дуар иу минут æх- гæдæй н,æ лæууыд. Æрбацæуæг-иу йæ миттæ æрцагъ- та æм,æ раззаг, стыр уатмæ бахызт. Се ’ппæтыл дæр- иу йæ цæст ахаста, кæд дзы ома æцæгæлон исчи ис. Æмæ-иу дзы æддагон куы ничи разынд, уæд кæрæ- дзийыл ныццин кодтой.- Дыууæ рудзынджы астæу, тымбыл стъолыл, уыд самавар æвæрд æмæ-иу куы иу, куы иннæ бацыд стъолы размæ æмæ йе ’ргъæвст къухтæй йæхицæн цай рауагъта. Иу æртæйæ Сашæимæ мидæггаг уатмæ ацыдыстй. Уым даргъ къулы рæбын уыд дыууæ сынтæджы æвæрд. Чингуытæ æвæрæн уæлвæйнæджытæ суанг бынмæ чингуытæй сæ тæккæ дзаг. Сабыргай ныхас кæнын райдыдтой. Студент Шевырев йæ къухы æнгуылдзтæ æддæг- мидæг ауаин кодта, афтæмæй хæцыд йæ уæраджы сæ- рыл; й,æ пенсне йæ фындзы рагъыл ферттив-ферттив кодта. — Нæ пълан ахæм у: фехсын хъæудзæн пистоле- тæй, маргæйдзаг дроб кæнæ нæмыгæй ифтыгъдæй. Фæлæ иннæтæ нæ разы кодтой. Сашæ стыр къах- дзæфтæгæнгæ рацу-бацу кодта уаты. Иннæтæ домд- той: иистолет нæ, фæлæ бомбæ! Уыцы раэстæг æддаг уаты цайцымæн стъолы уæл- хъус цæуылдæр ныхао кодтой, чидæр худт. Уыцы уа- тæй æрбацыд Аня, йæ къухы муфтæ. Сашæимæ абадын æй бæргæ фæндыд, фæлæ Сашæйы не ’вдæлд. Уый лæууыди чингуыты уæлвæйнæджы раз æмæ кас- ти йе ’рфгуыты бынæй, йæ цæстæнгас уыди карз. Ие ’мбæлттæ æваст сæ ныхас фæуагътой. Аня бам- бæрста, ацæуын æй кæй хъæуы, уый. Цалдæр боны фæстæ Шевырев фæллад, тыхулæфт- 136
гæнгæ æрбазгъордта. Уый хуыфыди, размæ ныггуы- быр, афтæмæй, сдзурын иуцасдæр йæ бон нал уыди.. Се ’ппæт дæр æй зыдтой, Шевыревыл чехоткæ кæй фæзьшд, уый. Æппынфæстаг æрбадт, йæ уæраг йæ армытъæпæ- нæй æркъуырдта æмæ хъæлдзæг худт бакодта. Стæй йæ алыварс афæлгæсыд æмæ ныллæг хъæлæсæй дзу- рын райдыдта: ис иу сыбираг студент, Осипов; пад- дзахы амарыны тыххæй сæрмагондæй Хъазаны уни- верситетæй Петербургмæ чи æрбаивта, ахæм. Ис До- наг хъазахъхъаг Генералов — хъæбатыр, æппындæр ницæмæй тæрсы, æрмæст иу хъуыддагæй тæрсы; куы йæ фæивгъуыйа! Сашæйы сынтæгыл бадти студент Говорухин, До- наг æмбæстæгты къордæй. йæ уæззау тымбыл’къу- хæй базылæнцой кæнгæйæ, уый дзырдта зарæггæнæ- гау, ныхæстæ-иу даргъ ауагъта. Ахæм æвзаджы хат- тæй дзурынц уыдонмæ Кубаны. - — Бомбæ чи фехса, ахæм ис? — бафарста сабыр- гай Товорухин. Паддзах æрбацæуы, зæгъгæ,. чи фæ- хабар кæна, ахæм та? — Ис! — Шевырев фестад æмæ уаты рауай-бауай кæнын райдыдта. — Ис, — загъта ма æваст æмæ фæлæууыд: — Хъæуы химиктæ —^бомбæтæн динамит цæттæ кæны- нæн! Пенснейы æвгтæй йæ цæстытæ кодтой æнæсæттон каст. Уыцы рæстæг стыр уатæй æрбайхъуыст кæйдæр зарын: • Ныллæууыди та рухс уалдзæг йæ рады. Мæгуырæг, уый та ахæстоны бады. Æддаг уатмæ æрбакаст кæртмæрзæг. Цы зæгъон, зæгъгæ, йæ мидбынаты цоппай кодта. Фæлæ цы загъ- 137
таид, уый йын нæ уыд; Петербурджы кæртмæрзджы- тæн пъæлицæйæ бардзырд лæвæрд уыд: студенттæм сæ цæст куыд дарой, фондз лæгæй фылдæр куы æм- бырд кæной, уæд сын куыд хъусын кæной, афтæ. Студенттæ иуæй худгæ кодтой кæртмæрзæджы æрбацыдыл, иннæмæй — мæсты. ’ Кæртмæрзæг пъæлицæйы участркмæ араст æмæ сын фехъусын кодта: Алексайдры номыл проспекты, фондз æмæ ссæдзæм хæдзары студенттæ Ульянов æмæ Чеботаревмæ уыцы бон æмæ уыцы бон уыдис уал адæймаджы; цæуыл дзырдтой, уый нæ раиртæстон. Уыцы рæстæг Александры номыл проспекты та цайцымæн стъолы уæлхъус, фæсивæдæй чидæр худæ- гæй мæлгæ æрæджы Елизаров Марк тыфылы куыд бахауд, уый тыххæй дзырдта. Пъæлицæйаг студентты æмбырдмæ æрбахæццæ, студенттæ цыма Елизаровæн ус ракуырдгой, уый хуызы бадтысты. Уæд пъæлицæ- йаг Елизаровы куы бафæрсид, дæ усаджы мыггаг кæ- мæй у, зæгъгæ. йе ’намондæн ын æнахуыр зын мыг- гаг фæцис: Калайтан. Елизаровы дзыхы нал æмæ нал бадт æмæ «Катай... Калай...» кæнын байдыдта. Пъæ- лицæйаг ыл бадис кодта- «Дæ усаджы мыггаг куыд нæ зоныс?» Фæлæ нуазинагмæ йæ зæрдæ ’хсайгæйæ хъуыддаг не ’сдзырдтаг кодта. Студенттæ æмæ курсисткæтæ уыцы хабарыл æкæ- м.æт худт бакодтой цайцымæн стъолы уæлхъус. Уыдысты январы фæстаг бонтæ. Сашæ бауад Анямæ. Пецмæ хæстæг балæууыд æмæ загъта: — Вильнойы горæтæй дæ номыл мæнмæ тел æр- бацæудзæн, «Петров!» зæгъгæ, ахæм къухæвæрдимæ. 138 \
Аня йын куыддæр йæ ныхæстæй фæтарст. Сашæ æндæр ницыуал загъта. Цалдæр боны фæстæ Сашæ йæ хомæ бæрæггæнæг. бауад, фæлæ тел нæма уыд. Уалынмæ æхоæвы дзæнгæрæг ныццагъта. Хæдзары хицау тыргътæм рауад. Æдде æрбайхъуыст хъæр; «Тел уæм». Аняйы зæрдæ хуыссæнхъæлдзæгæй ныссæххæтт кодта: «Нæ бинонтыл мацы æрцæуæд?» — æмæ йæ хуыссæнæй расæррæтт ласта. Телы уыд æрмæст æртæ ныхасы æмæ къухæвæрд: «Петров». Райсог^æй Аня азгъордта Сашæмæ. Баййæфта йæ микроскопы уæлхъус архайгæ зооло- гион лабораторийы. Æрæджы йæхæдæг сæрмагондæй иртасын райдыдта æдзæхх дæтты цæрæгойтæй иуы уынæн оргæнтæ — цæгджын уаллоны уынæн оргæнтæ. Пъолыл ведрайы уыд денджызы хъæйузтæ, универ- ситеты кусæг сæ абон райсом Кронштадтæй æрбаласта. Аня йæ муфтæйæ тел систа, Сашæйæн æваст йæ цæсгом фендæрхуызон. Йæ къухы телеграфы цъæх гæххæтт, афтæмæй цыма кæдæмдæр тынг дардмæ каст, афтæ зынд йæ цæстæнгас... Тел уыд шифрæйфыст, æрмæст дзы æртæ ныхасы: «Дæ хо тыхст рынчын у»< Цалдæр къуырийы фæстæ прокурор Аняйы фæрс- гæйæ загъта: «Тел цæй тыххæй уыд, уый зоныс?.. Уый æмбарын кодта паддзахы марынæн динамитæн Виль— нойæ азотон туагад фервитынц, зæгъгæ». Масленый уынджы Аня бауад Сашæмæ. Хæдзары хицау йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта æмæ загъта: — Дысон ам’’нæ уыд. Аня азгъордта Говорухинмæ æмæ Шевыревы дæр уым баййæфта. Шевырев -æнæдзургæййе уаты къуым- 139
ты рауай-бауай кодта. Говорухин тыхстхуызæй загъта: — Сашæ кæдæмдæр, ацыди, тагъд фæстæмæ æр- баздæхдзæн, агурын æй нæ хъæуы — пъæлицæ исты бамбардзæн, миййаг. Дзæвгар рæстæг рацыд, афтæ Аня базыдта; уыцы бон Сашæ уыди Петербургм,æ хæстæг Пархоловы, сту- дент Новорусскимæ. Цыма уырдæм гыццыл лæппуйæн урок дæттынмæ ацыд, уый æфсон скодта. Æцæгдзи- надæй та йæ скæнын хъуыд æртæ джиранкайы дина- мит азоты туагадæй. Цалдæр боны фæстæ Аня уынджы фембæлд йе ’фсымæрыл. Йæ палтойы тæрттæ уæгъд, йæ къухы зонтыкк, афтæмæй цыди фидар, уæрæх къахдзæфтæ- гæнгæ. Аняйæн йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд æмæ йæм æдзынæг ныккаст. Сашæйы цæстытæ уы’дысты тынг æнкъард, фæлæ ныфсджын. Кæдæм цæуыс, зæгъ- гæ, Аняйы бафарста, фæл,æ дзуапмæ нæ банхъæлмæ каст. Аня бамбæрста, æндæр цæуылдæр кæй хъуыды кæ- ны, уый. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ алырдæмты ацыдысты. Уый уыди сæ фæстаг фембæлд/ Хуыцаубоны Аня бон-изæрмæ фенхъæлмæ каст Сашæмæ. Фæл,æ уый нæ фæзынд. Уæд æм изæры бæрæггæнæг ацыд Александры номыл проспектмæ. Дардæй Сашæйы æртæ рудзын- гæй рухс кæлгæ ауыдта. «Уæдæ сæхимæ ис», — бацин кодта Аня. Тагъд-тагъд асинтыл сызгъордта æмæ дзæнгæрæг ныццагъта. Дуар ын бакодха жанда{5м. Аняйы мидæмæ ба- уагъта æмæ дуар дæгъæлæй сæхгæдта."* Жандармтæ змæлыдысты тыргъы дæр æмæ уæтты дæр. Сашæйы 140
дзаумæттæ алы рæтты лæууыдысты æппæрстытæй. Бандон — фæлдæхт. Диван иуырдæм ссыд. Мидæггаг уаты стъолы уæлхъус бадт жандармты афицер æмæ Сашæйы тетрæдтæ æмæ писмотæ ракал-бакал кодта. Чингуыты уæлвæйнæг уыд афтид. Чингуытæ уыдысты пъолыл. ^Жандармтæ сæ цагътой æмæ сæ иуфарсыр- дæм æппæрстой. Сашæйы фатеры уыдис джигул. Аняйы æрцахстой. Уый сæ ницæмæй фарста, æрмæст алырдæмты кас- ти. Фæлæ Сашæ уым никуы .уыд. Уый боныгон æр- цахстой æм,æ йæ ф-æрсынмæ хъахъхъæнынадон хайад- мæ аластой. СÆ МАД 1887 азы рагуалдзæг скодта Симбирскы. Боныгон мит тади хурмæ. Мартъийы фыццаг бонты райдайæн скъолаты ахуыргæнæг Кашкадамова Петербургæй Ульяновты хæстæгæй райста писмо. Сæ хæстæг, Песковская Екатеринæ Ивановнæ фыс- ^а: «Мария Александровнæиæн аивæй бамбарын кæ- нут — йæ чызг Аня æмæ йæ фырт Сашæ ахст фесты, зæгъгæ. Александр уыд паддзахы марынвæндгæн- джытимæ». Кашкадамозайæн йæ зæрдæ бауазал, ноджыдæр ма иу хатт бакаст писмо æмæ арвыста Валодямæ гим- назмæ. Валодя æрбацыд урокты фæстæ, сенæйы йæ палто раласта æм,æ тагъд бауад уатмæ. Иæ мыдхуыз дзык- кутæ алæгъз кодта æмæ хъæлдзæгхуызæй бакаст Кашкадамовамæ. Уый йæм писмо радта. Валодя æрбадт æмæ кæсын райдыдта. Уалынмаэ æваст фестад, йе *рфгуытæ фел- М1
хынцъ кодта. Писмо бакаст, уæддæр ма йæм æдзынæг бирæ фæкаст. Кашкадамова дис кодта. йæ разы бадти фыццаджы хуызæн æнæмæт, хъазаг, цæр- дæг гимназист нæ, фæлæ ас адæймаг; писмо йæ къу- хы, афтæмæй арф ныссагъæс кодта æнамонд хаба- рыл. Æппынфæстаг Валодя загъта: — Ай хуымæтæджы хъуыддаг нæу! — æмæ, исдуг æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ, фæсусгомау хъæлæ- сæй бафтыдта: — Сашæйæн йæ хъуыддаг хорз куы нæ рауайа, уымæй тæссаг у. Уыцы бон Валодяйы арвыстой йæ мадæн æмбал агурæг: Мария Александровнæ сфæнд кодта Петер- бургмæ ацæуын. Сызраньмæ — бæхтыл, фæндæгтæ нæ бæззыдысты; уалдзæджы тæфмæ мит тайын байдыд- та; миты бын дзыхъхъытæ байдзаг сты донæй; ив- гъуыд фæззæджы дыууæ фæндаггоны æдбæх ныххау- дысты иу ахæм ран; уымæ гæсгæ, иунæгæй цæуын тæссаг уыди. Валодя фæстæмæ сæхимæ .æрбаздæхт æнафон, хуыздзыд, къулбæрзæйæ. Сызраньмæ цæуджытæ би- рæ дæр уыди, суанг Мæскуымæ æмæ Петербургма^ дæр. Фæлæ Симбирскы ^ъус-хъус кæнын райдыдтой: æрыгон Ульяновты хъуыддаг Петербурджы хорз нæу.. Студент Ульянов нигилист, сусæгвæндгæнæг ра- зынд. . Иу зонгæ хæдзары Валодямæ ракастысты уазал цæстæй, цыма йæ фыццаг хатт федтой, уыйау; иннæ ранæй йæ арвыстой æртыккаг хæдзармæ; йæ фæдыл- иу тагъдгомау дуар рахгæдтой. Нæй, фæндаггон æмбал нæ разынд студент Ульяно- вы мадæн Симбирскы горæч;ы. Гæнæн нæ уыд, æмæ Мария Александровнæ иунæ- гæй ацыдис уыцы æвзæр фæндæгтыл. 142
* * * Петербурджы Мария Александровнæ курдиат ба- лæвæрдта, йæ фыртимæ йын феныны бар куыд радтой, афтæ. Æцæгæлоны цыд кодта горæты уынгты иунæ- гæй, зæрдæрыстæй. Аня бадтис хъуыддаг сбæлвырд кæныны агъом- мæйы ^хæдзары. Сашæйы смидæг кодтой Петропав- ловскы фидары. Афтæмæй рацыди мæйы ’рдæгæй фылдæр. Æп- пынфæстаг Мария Александровнæйæн йæ фыртимæ фембæлыны бар радтой. Цы сахатмæ йын сæмгъуыд кодтой, уыцы сахат- шæ æрбацыд фидармæ. Къанвой æрбакодтой Сашæйы. Цыма бæрзонддæрг бæзæрхыгдæр фæци, афтæ фæкаст мадмæ. Мария Александровнæ йе ’ппæт тыхтæ дæр æрбам- бырд кодта, йæхиуыл ныххæцыд, афтæмæй æнцад. каст йæ фыртмæ — куы’нæ скæуин, зæгъгæ, йæхи тыххæй урæдта. Сашæ куы æрбацыд, уæд йæ мады размæ бакъах- дзæфкодта æмæ тар, уазал пъолыл йæ цуры йæ зон- гуытыл æрлæууыд. Йæ зæнгтæ йын æрбахъæбыс кодта æмæ сабыр хъæлæсы уагæй загъта: — Цы гæнæн ис, мамæ, — афтæ бакæнын хъуыдГ Алы раст адæймагыл дæр ис йæ райгуырæн бæстæйы раз хæс æвæрд... Уырыссаг æхсæнадмæ бартæ нæй, адæм -сс^ест сты, райгуырæн бæстæ у æнамонд, уы- мæ гæсгæ йын хъæуы баххуыс кæнын. Мад ницы дзырдта. Сашæ йæ сæр схъил кодта. йæ цæссыгтæ рахъардтрй: ^ — Æрмæст дæуæн тæригъæд кæнын, мамæ... Ба- хатыр мын кæн. Мария Александровнæ бадти бандоныл, йæ буары 143
дыз-дыз тыххæй уромгæйæ, йæхи раст дардта. Йæ цæсгомыл фæзындис бирæ лыстæг æнцъылдтæ. Хъахъхъæнджытæй йын иу дон рахаста. Æрыгон’ салдат дзаг агуывзæ дардта Мария Александровнæйы раз, фæлæ йæ къухты зыр-зыр цыд æмæ дон Мария Александровнæйы уæрджытыл тагъди. — Æз дæ хорз æмбарын, — ныллæг хъæлæсæй загъта мад. — Фæлæ уыцы мадзæлттæ афтæ æвирхъау сты... — Цы гæнæн ис! Цы гæнæн ис, мамæ, хуыздæртæ куы нæ уа, уæд!.. Сæ рæстæг фæци. Сашæйы акодтой. * * * Апрелы сын райдыдтой тæрхон кæнын. Суд кæмæн кодтой)-уыдон уыдысты фынддæс. Сæ суды гæххæт- тытыл уыд паддзахæн йæхи къухæй бæрæггæнæнтæ. Хъусынгæнинæгтæй иуы фыстой, студент Ульянов Александр ’дыууæ боны .æмгъуыдæй Парголовмæ бом- бæтæн динамит кæнынмæ куыд ацыд, фæдфæливæ- нæн мещанкæ Ананьинæйы фырт — цыппæрдæсаздзыд Николайæн ахуыргæнæгæй ’куыд ныллæууыд, гимназ- мæ йæ бацæттæ кæныны тыххæй. Уыцы ран гæххæт- тыл Александр Æртыккæгæм иуфарсырдыгæй зул стыр дамгъæт^ей ныффыста: «Мужуккаг у, афтæмæй уый дæр гимназмæ цæуы». Суды лæгтæ фарстой: ахст адæмæй Говорухины къухы бафтыд алидзын, фæндаггаг ын радта Ульянов. Кæм уыдис Ульянов А’лександрæн уыцы æхца? Сашæ бамбарын кодта: дæс туманыл цъынды ба- вæрдта, университеты цы сызпыæрин майдан райста, уый. Прокурор Неклюдовы бафæндыд базонын, ахст 144
адæмæй сусæгвæнд аразджыты разамонæг чи уыди^ уый. — Æз, —дзуапп радта Александр. — Террорист- ты къорд саразыны хъуыды фыццагдæр фæзынд мæ сæры æмæ мæнæй зæрдиагдæрæй ничи куыста йæ сырæзыныл. Æвдйсæнтæй иу, Говорухины фатеры хицау, зы; лын кодта ахст лæппу Андреюшкины, ахст чызг Шми- дова Раисæимæ баст кæй уыд, уымæй. Александр тæрхонгæнджытæн фидарæй дзырдта, æвдисæн рæстытæ нæ дзуры, зæгъгæ. Шмидоваимæ Андреюшкин нæ, фæлæ уый, Ульянов Александр, йæ- хæдæг æмбæлди. Райдыдтой тæрхоны фæстаг бонтæ. Александр æв- дакаты дзурын дæр нал бауагъта. йæ фæстаг ныхасы хатыр нæ ракуырдта. Уый загъта: «...Уырыссаг адæмы æхсæн кæддæриддæр разын- дзæн ахæм адæймæгтæ, æмæ йæ идейæтыл уый бæрц иузæрдион чи у, йæ райгуырæн бæстæйы æнамонддзи- над уый бæрц кæмæ хъары, æмæ уый сæраппонд йæ сæр нывондæн æрхæссын нымады дæр кæмæн нæу. Ахæм адæймæгты фæтæрсынгæнæн нæй...» Тæрхон фæуынмæ ма бирæ хъуыд, афтæмæй дæр бæрæг уыди, цы тæрхон сын рахæсдзысты, уый: æр- цауындзыны тæрхон. * * * Тæрхоны фæстæ Мария Александровнæйæн йæ хæстæджытæ дзырдтой: — Сашæмæ бацæуыны бар райс æмæ йæ сразы кæн паддзахмæ курдиат бадæттыныл, æрфæсмон кæ- нæд йæ хъуыддæгтыл, нырма æрыгон лæппу у, æмæ йын кæд паддзах ныххатыр кæнид, æрцауындзыны бæсты йæ кæд каторгæмæ арвитид. 10 Ульяновты бинонты цардæй 145
Мария Александровнæ-иу йæ урс сæрыл схæцыд, йæ былта^-иу ныззыр-зыр кодтой, афтæмæй-иу загъта: — Бæргæ, цæрæнбонты каторгæмæ йæ куы арви- тиккой — уый стыр амондджын хъуыддаг уаид, æз- дæр йемæ ацæуин — хистæртæм кæсын нал хъæуы, кæстæрты мемæ акæнин. Кæд сразы уаид хатыр ра- курыныл... Фæлæ йæ куы федта, уæд Сашæ æнкъард æмæ рæвдауæн хъæлæсы уагæй загъта: ’— Нæ, мамæ, мæ бон нæу!.. Уыд уалдзæг. Райдыдтой дæргъвæтин изæрмилтæ, рухс æхсæвтæ. Петербурджы ахæм ныхас. ахæлиу: паддзах, дам, сын бахатыр кодта, ауындзгæ сæ нал æркæндзысты. Уыцы рæстæг Мария Александровнæйæн радтой йæ фырты феныны бар Петропавловскы фидары. Дурæй амад * къæлидорты уымæлы тæф кодта. Талынджы сыгъд фанар: Зындысты къæлæт æвæрд цартæ. Сашæ лæууыд решеткæйы мидæгæй. Иннæ решет- кæ та уыд Мария Александровнæйы размæ. Се ’хсæн дыууæрдæм кодта жандарм. Мария Александровнæ йын зæгъынмæ хъавыд: «Маргæ дæ нæ акæндзысты, æгас баззайдзынæ, дæ бон уыдзæн ахуыр кæнын, кусын!» Фæлæ уыдæттæ дзурæн нæ уыд. Æмæ йын уæддæр загъта: — Фидар лæуу!.. Ахъæбыс кæнæн ын нæ уыд, къух райсын дæр аф- тæ —Сашæ лæууыди дыууæ решеткæйы мидæгæй. Жандарм йæ къухы дардта сахат. Мад ма иу хатт загъта: — Фидар лæуу!.. Сашæ ницы дзырдта, æрмæстдæр касти йæ мадмæ^ йæ сау цæстытæ мйдæмæ бахаудысты. 146
Жандарм се ’хсæнты ацыд раст къахдзæфтæгæн- гæ, къулмæ бахæццæ æмæ фæстæмæ раздæхт. ч Уый уыд сæ фæстаг фембæлд. Сæ фæстаг ныхæс- тæ. Сæ фæстаг фенд. Æхсæвы Петропавловскы фидары - Трубецкойы бастионæй, иугай адæймæгтæ кæм дардтой, уыцы ха- тæнтæй ракодтой, марыны тæрхон кæмæн рахастой, уыдоны: Шевырев ПетрЫ, Ульянов Александры, Оси- пов Василийы, Андреюшкин Пахомийы, Генералов Василийы. Фæтæген цырагъ къулыл мынæг рухс кодта æмæ йæ пиллон калд. Фидары мидæг фондз хатты айзæлд -æфсæйнаджы дзыгъал-мыгъул: алкæйы дæр дзы æд- дæмæ кодтой хицæнæй, хъадаманæвæрдæй. Ракодтой сæ фидары кæртмæ. Уыд майы мæй, рухс æхсæв. Фидары мæсыгыл сах*ат ацагъта «Хуыцау ба- хатыр сын кæн». Чысыл нау сæ аласта æдзæрæг сакъадахмæ, Шлис- сельбурджы фидармæ. Хъадаманты мидæг тыххæйты рахызтысты нарæг гæмæх былмæ. Жандармтæ сæ алфамбылай алæууы- дысты æхсаргардæлвæстæй. Гæрæм будкæйы лæууыд хъахъхъæнæг. Цæджьш- дзыл уыди тырыса сагъд. Тæккæ былгæрон арвмæ фæцыд -æхсæз сардзины бæрзæндæн сис; йæ зæронд скъуыдты хъуына æрзад. Тигъыл цы мæсыг уыд, уым арф кулдуар сау дардта. Дуары сæрмæ — паддзахы герб: коронæйы мидæг — дыууæсæрон сау цæргæс. Уый хуынди «Паддзахы кулдуар»—Шлиссельбур- джы фидармæ бацæуæн. Дуары раз лæууыдысты хъахъхъæнджытæ. Рихи- джын-афицер, йæ фуражкæйыл кокардæ — ахæстоны 147
кусджыты нысан, лæууыд, йæхи кысхъæл кæнгæйæ. Сæ къæ^тыл дæр æмæ сæ къухтыл дæр хъадаман- тæ æвæрд, афтæмæй бацыдысты æхстытæ гъе уыцы дуарыл. Ахæстон уыд зæронд, ныллæг, иувæрсыг сæр ын. . Чысыл рудзгуыты мидæгæй хицæн хатæнты бад- тысты Шлиссельбурджы фидары ахæст адæм. Ардæм æддейæ иу сыбыртт дæр нæ хæццæ кодта. Нæ хъуыс- тысты зæронд революционертæм фондз æрыгон лæп- пуйы къæхты хъæр дæр. Кæртыл цыдис къæйдур къахвæндаг; къæйдурты æхсæнты зади фæныкхуыз кæрдæг. Цæгатаг дымгæмæ ныкъкъæдз ис бæрз бæлас. Уым ахæстоны кæрты, къулы рæбын, 1887 азы, æстæм майы, боныцъæхтыл, æрцауыгътой фондзы дæр.4 ХИЦАУАДЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГ Симбирскы уалдзæгæй фæстæмæ адæм кæрæдзийы дзыхæй истой, зæгъгæ, студент Ульянов разынди пад- дзахадон фыдгæнæг — куыд рабæрæг, афтæмæй хъа- выд императоры амарынмæ. Зæронд чиновниктæ тылдтой сæ сæртæ: «Кадджын Илья Николаевичы фырт!» Иуæй-иутæта афтæдзырд- той: «Уый йæхæдæг дæр стыр либерал уыд!» Рæстæг змæст уыди. Зымæджы Симбирскы губер- нимæ Петербургæй æрвыст æрцыд жандармты инæ- лар. Базары æндæр кой нал уыд: у’ым æмæ уым зæх- кусджытæ арт бандзæрстой помещикты бæстыхæйт- тыл, уым басыгътой хортæ... Хъазаны бунт кæнынц студенттæ... Иуахæмы райсомæй раджы казначействойы раз телы хъæдыл ссардтой прокламацийы гæбаз, чидæр М8
æй æрыстыгьта, фæлæ ма дзы скъуыддзагыл цалдæр ныхасы аззад: «...паддзах æппæрст æрцæуæд». Жандармтæ Симбирскы - къуымты цъил феста- дысты. Ныр ма Ульяновты хæдзары цардысты æрмæст сы- вæллæттæ сæ няня æмæ хæринаггæнæгимæ — мад Пе- тербурджы уыдй. Фæлæ сыхæгтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, сæ уынгты æнафон жандарм æрбацыд — уый та уый нысан у æмæ Ульяновты хæдзармæ сæ цæст да- рьлнц, уымæ гæсгæ, хуыздæр уыдзæн Ульяновтæй хн дард ласын. Мад Петербургмæ куы ацыд, уæд бинонты хистæ- рæн баззади Валодя. Уæд ыл цыдис æвддæс азы. Гимназ фæуынмæ йæ бирэе нал хъуыд. Ныр сихор хæрæн даргъ стъолы уæлхъус сывæл- лæттæ бадтысты цыппарæй. Кэестæртæ аивæй касты- сты Валодямæ. Йæ дзыхæй ныхас арæх нал хауд. Æдзынæг-иу касти стъолæмбæрзæнмæ æнкъардæй. Сихор бахæры- ны фæстæ-иу тагъд кодта йæ уатмæ: экзаментæм цæт- тæ кодта йæхи. Сашæйы дзаумæттæ, йæ фæлварæн- тæгæнæн мигæнæнтæ дæр нырма уыцы уаты уыдысты. Оля фиппайдта: Валодя йæхимæ хъусыныл фæци, æмæ йын уыцы хъуыддаг зын уыди. Фæлæ Валодяйæ рох нæ уыд, сывæллæттæ йе ’вджид кæй сты, уый. Стæм хатт ын цы æвдæлон сахæттæ уыд, уыдонæй иуы рæстæг рацыд хæрæндонмæ йæ хоты æмæ йе ’фсы- мæры аирхæфсынмæ. — Цæй æмæ шахмæттæй ахъазæм, — загъта Митя- йæн. Маняшæ, фарастаздзыд чызг, йæ дзыкку фæстæмæ >агъд, йæ алыварс гæппытæ кæнын райдыдта: нæ 149
фæлæ уыци-уыцитæ дзурæм. Гъе та лотойæ ахъа- зæм. Æрбадтысты сихор хæрæн стъолы кæрон. Оля ба- фиппайдта, Валодя кæд хъазгæ кæны, уæддæр йæ хъуыдытæ æндæр цæуылдæр кæй сты, хъазты мæт æй кæй нæй, уый. Маняшæ Митяйы басхуыста: уыцы нымæц æм куы ис! Митяйæ ахынджылæг кæнынвæнд скодтой; йæхæ- дæг дæр æй нæ бамбæрста, куыд рамбылдта, уый! ФæлæМитяйæ сагъæсæйдзаг цæстытыл схæцыдæмæ æвиппайды зырзыргæнаг хъæлæсæй бафарста: — Æмæ уæддæр цы бакодта? Цæмæн афтæ ба- кодта? Валодя сыстад æмæ æнæдзургæйæ уаты рацу-бацу кæнын райдыдта, стæй æрлæууыд æмæ загъта: — Æнæ афтæ бакæнгæ йæ бон нæ уыд. — Иæ сæр æруагъта æмæ та сындæггай загъта: — Нæ уыд йæ бон æнæ афтæ бакæнгæ. # # * Ауындзыны тæрхон сын кæй скодтой, уый фехъуыст^ Симбирскмæ даер. Фæлæ иууылдæр фидарæй дзырд- той, нæ сæ æрцауындздзысты, зæгъгæ. Ульяновты хæдзары алы бон дæр æнхъæлмæ кас- тысты хабармæ: телеграфистмæ, постхæссæгмæ, пис- мотæм Петербургæй. Валодя-иу .сагъæсхуызæй рафæлдæхта мæскуыйаг газет: кæд газеты исты хйбар уаид тæрхон аивыны тыххæй! Йæ цæст-иу тагъд-тагъд ахаста æгас сы- фыл... Хъусынгæнинаг хæрз цыбыр уыдзæн—.æрмæст^ иу- цалдæр рæнхъы... Кæд сæ, миййаг, фæуагъта уыцы рæнхъыты?.. 150
Ногæй-иу„ сæрæй бынмæ бакаст газет сабыргай. «Русские ведомости. Цыппæрæм, 1887 азы 30 ап- рел. / Любимовы пост æмæ адæмы ласæн науты распи- сани... Раззаг статья. Киевы сæкæргæнæн заводты хи- цæуттæ фæзынаргъдæр кодтой сæкæр... Мид ^хабæрт- тæ. Орехово-Зуево. Кусæг адæм ныххæррæтт кодтой фæскуадзæны уæгъд бынæттæм. Уый бæрц æгуыст адæм никуыма æрæмбырд амы фабриктæм куыст- агур... Пъæлицæйы кусджыты фæфылдæр кæныныл яхъуыды кæнын æмбæлы...» Валодя йæ сæр æруагъта. Хъуыдытæгæигæйæ арацу-бацу кодта уаты, стæй æваст фæлæууыд: газеты кæй ницы хабар ис, уый, чи зоны, æмæ хуыздæрæн у? Йæ ных асæрфта... Æмæ та ногæй æнхъæлмæ кæсын райдыдта пост- хæссæгмæ. Ногæй та тагъд-тагъд фæлгæсыд газетыл: кæд, миййаг, хæрз чысыл уацхъуыд у, æрмæст иу- цалдæр ныхасы; чи зоны, æмæ йын бахатыр кодтой. * * * Уыцы рæстæг гимназы цыдис фысгæ экзаментæ. Фæндзæм майы — уырыссаг æвзаг æмæ литературæ. Æвдæмы—латинаг æвзаг. Æстæмы—алгебрæ. Иуæн- дæсæмы — геометри æмæ тригонометри. Æртындæсæ- мы — грекъаг æвзаг. Фараст сахаты æнæ иу минутхъуагæй-иу гимназы стъорож байгом кодта авджын -дуар æмæ-иу экзамен- тæгæнæн залмæ бацыдысты директор, ^ инспектор, ахуыргæнджытæ. Сауджыныл фæныкхуыз зæлдаг пæ- лæз, афтæмæй йæ размæ дардта крест. Авд æмæ ссæдз лæппуйы-иу æрбадтысты хицæн- тæй чысыл стъолты уæлхъус. Экзамены размæ, æхсæв 151
æнæхуыссæг фæуыны фæстæ-иу бирæтæ уыдысты хуыздзыд; иуæй-иутæц фыртæссæй зыр-зыр кодтой сæ къухтæ. Алкæмæн дæр лæвæрдтой, гимназы мыхуыр æвæрд кæуыл уыд, ахæм дыууæ сыгъдæг сыфы. Фыссынæн: иу «сау фыст кæнынæн» иннæ та «сыгъдæг рафыс- сынæн». Фысгæ куыстæн лæвæрдтой æхсæз сахаты. Валадя-иу фыст фæцис æмгъуыдæй бирæ раздæр. Сыгъдæг-иу æй рафыста лыстæг раст рæнхъытæй. Стæй-иу æй радта æмæ-иу ацыд сæхимæ. Бонæй-бон фылдæр кодта йæ мæт. Фæстаг экзаментæй иу раттыны фæстæ, гимназæй рацыд æмæ чердæм ацæуон, зæгъгæ, æрлæууыд. Раджы ма уыд — пост нæма æрбахастаиккой. Карамзины цæхæрадоны иувæрсты азылд. Быруйы мидæгæй нарæг къахвæндæгты фæйнæ фарс кæрæдзи- мæ дард лæууыдысты æвзонг бæлæстæ. Памятничы алыварс хъазыдысты сыв>æллæттæ, сæ нянятæ сæм сæ цæст дардтой, афтæмæй. Гимназисттæ ардæм цæуын нæ уæндыдысты. Ди- ректоры фатеры рудзгуытæ, гимназы бинаг уæладзы- джы, комкоммæ цæхæрадонмæ арæзт уыдысты. Валодя ацыд Стрелецкы уынгты. Сагъæстæлæнгæ бахæццæ иу зæронд дыууæуæла- дзыгджын хæдзармæ, фынддæсæм номыр ыл. Иæ ный- йарджытæ фыццаг хатт Симбирскы ам баххуырстой фатер. Йæхæдæг дæр ам райгуырд. Акушеркæ Ильина Аннæ Дмитриевнæ, уыцы заман ын йæ мадмæ чи зылд, уый уыцы хæдзары цардис. Рагæй йæ нал федта Валодя. Йæ.зæрдæ агуырдта хæстæг æмæ сын уарзон чи уыд, ахæм искæимæ аба- дын, рухс, райдзаст цæсгом фенын. Къалиткæ байгом кодта. 152
Аннæ Дмитриевнæйæн æхсызгон уыд йе ’рбацыд. Фæрсынтæ йæ райдыдта: йæ мадæй/ хæдзарьг •хъуыддæгтæй, экзаментæй; мысын райдыдтой ив- гъуыд царды бонтæ. Чи зоны, адон тæрхоны хабар нæма зонынц. Валодя, хъуыдыты аныгъуылгæйæ, хъуыста. Ам уыд æнцад, сабыр. Аннæ Дмитриевнæ, хæрзхуыз сыл- гоймаг, йæ уæззау дзыкку йæ къæбутыл тыхт, фæл- мæн къахдзæфтæй рацу-бацу кодта уаты. Йæ уæлæ уыд, æдзух кæй дардта, уыцы морæ къаба, урс æф- цæгготимæ. йæ ныхас нæ фескъуынгæйæ хæринаг æрæвæрдта: хæмпус пирог уарзы Валодя! Хæринаг- гæнæг Маркеловнæ æрбахаста самавар. Фæлæ Валодя æвиппайды фестад æмæ сын тагъц- тагъд хæрзбон загъта. Мæт æмæ йæ сагъæс фæстæмæ тардтой уынгмæ. Кæд афонмæ сæхимæ тел райстой! Чи зоны, Сашæйæн бахатыр кодтой! Оля дæр хъуамæ гимназ фæуыдаид Валодяимæ иу рæстæг. Æвдæм къласæй цалдæр чызджы экзаменмæ афо- нæй бирæ раздæр æрбацыдысты æмæ къуымы лæу- уыдысты. Ныхас кодтой Оляйы тыххæй. Йæ бинонтыл стыр бæллæх сæмбæлд: студент Ульянов Александрæн æр- цауындзынæй тас у. Æртæ гимназисткæйы тарстхуызæй иуварс ацы- дысты. Оляйы хæстæг æмбæлттæ дис кодтой йæ фи- дардзинадыл: куыд сусæг кæны йæ зындзинад. Цыма йыл ницы æрцыд,, йæхи афтæ куыд дары, экзаментæ куыд хорз дæтты. Дæсæм майы гимназ æмбырд сарæзта, афæдзы размæ сын цы хицау амард, уый ном ссарыны фæдыл. 153
Гимназисткæтæ дыгæйттæ æрлæууыдысты стыр залы. Чызджыты хор цъæхснаг æмæ æнкъард хъæлæ- оæй дины зарæг кæнын райдыдта. Æвиппайды Оля фæцудыдта — йæ зЗердæ ба- хъарми. Классная дамæ, йæ даргъ къабацы фæдджитæ зæх- хыл хафгæйæ, йæ размæ бацыд. Чызджы сындæггай залæй ракодтой æмæ йæ хъæдын бандонй| æрæвæрд- той. Иæ урс раздарæн нынцъылдтæ; йæ сау дзыкку- ты бындзыг йæ русыл æрхауд; йæ фæлурс æхгæд дзых уыд Александры дзыхы хуызæн. Чидæр ын йæ урс аборкæджын æфцæггот суагъта. Иннæ азгъордта донмæ. Æппынфæстаг Оля ’йæ цæстытæ байгом кодта æмæ дардмæ æнæмбаргæ цæстытæй ныккаст. Йæ ныхас тыххæй хъуысти, ахæм хъæлæсæй йæ хæстæгдæр æм- балы бафарста: — Катя! Æрцауыгътой йæ! * * * Æрцауындзыны хабар базыдтой газеттæй. Ныр дæр ма æнхъæлмæ кастысты сæ.мадæй пис- момæ. Кæд, миййаг, Сашæйæн ныхх^атыр кодтой! К^д .æй Сыбырмæ ахастой! ч Кæстæртæй чидæр хæрæндон уатмæ бахъæр кодта: — Валодя! Почтæ! Писмо сæм нæ уыд; æрбахастой мæскуыйаг газет «Русские ведомости». Валодя йæ рафæлдæхта аэмæ йыл уæле йæ цæст ахаста: «Хуыцаубон, 1887 азы 10 май... А. Зцнгер æмæ йæ К°...-ы Банчы хæдзар адæмæн хъусын кæны... Теле- графы хабæрттæ... Ворон’ежыл цæугæйæ Паддзах
æмæ йæ ус сæрæй акуывтой Митрофаны ингæнæн...» Æмæ дарддæр уый бынмæ лыстæг фыстæй: «Хицауады хъусынгæнинаг». Валодя æдзынæг ныккаст. Иæ къухтæ базыр-зыр кодтой. Газеты сыр-сыр ссыд. «Иæ бæрзонддзинады фæндонæй... паддзахы ама- рыны тыххæй 1 ’мартъийы цы сусæгвæнд раргом ис, уыцы хъуыддаг...» Йæ цæстытæ уыцы рæнхъытæй нæ исгæйæ, Вало- дяйы зæрдæ бакатай ^одта. Стъолмæ хæстæгдæр ба- лæууыд. æмæ, цавддурау лæугæйæ, дарддæр кæсын байдыдта: «Хицауиуæггæнæг Сенаты сæрмагонд æм- бырды тæрхон Генераловы, Андреюшкины, Осипо- вы, Шевыревы æмæ Ульяновы æрцауындзыны тыххæй æххæстгонд æрцыд 8 майы». Валодя æнæдзургæйæ каст газетмæ. йæ уадулты сырх цыдæр æрбаци. Йæ цæсгом ацъæх, йæ рустæ ба- хаудтой. Бинонтæ йæ алыварс амбырд сты æмæ æнæ истæ- м.æй фæрсгæйæ удаистæй æнхъæлмæ кастысты. — Сашæйы нын... — райдыдта Валодя, фæлæ йæ хъуыр ахгæдта æмæ йæ бон нал бацис йæ ныхас кæ- ронм,æ ахæццæ кæнын. Иууылдæр мардау фесты. Стæй уæддæр йæ сæр схъил кодта æмæ зынтæй, йæ хъуыр ахгæн-ахгæн кæнгæйæ, бакаст хицауады хъусынгæнинаг. Няня Варварæ Григорьевнæ йæ къухтæ кæрæдзи- уыл ныццавта, йæ кæлмæрзæны кæрон йæ дзыхыл ав-æрдта æмæ йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты. Йæ цæс- гомы нордтæ базмæлыдысты,. з’ыр-зыргæнаг къухæй йæхиуыл дзуæрдтæ æфтыдта. Кæстæртæ удаистæй кастысты Валодямæ. Ахæм хуызæнæй йæ никуыма федтой. 155
Каст куы фæци, уæд газет æрæвæрдта. Ничи ни- цы дзырдта. Уалынмæ Оля йæхи пъолыл аппæрста, æмæ хъæр кæнын райдыдта. Оля! Сабыр, хъæлдзæг, хæларзæр- дæ Оленькæйæн йæ чиныг йæ къухæй æрхауд, йæ дзыккутæ спыхцыл сты. Кэеуынæй ныффæсус. — Æнаккаг паддзах! — йæ чысыл тымбыл къух æлхъивгæйæ, æртхъирæн кодта паддзахмæ: — Æз æй амардзынæн!.. • Валодя йæм базгъордта. Оля сыстади зыр-зыргæнгæ, æппындæр дзы хъару нал уыд, йæцæсгом цæссыгæй уыди хуылыдз. Йæхи дзæбæх нæма æрæмбæрста, уæддæр ма хъæр кодта: — Амардзынæн æй!.. Фæлæ йæ Валодя фæурæдта: — Нæ! йæ къæхты бынæй ныуулæфыд æмæ йæ цæссыгтæ ныхъуыргæйæ загъта: • — Нæ... мах ахæм фæндагыл нæ ацæудзыстæм... Æндæр фæндæгтæ агурын хъæуы... СÆЗОНГÆТÆ Аняйы ахæстонæй рауагътой, Сыбыры фондз азы куыд цæра æмæ йæм пъæлицæ сæ цæст куыд дарой, ахæм дзырдæй. Фæлæ Мария Александровнæ йæ хæс- тæг юристы руаджы бар ракуырдта, Сыбыры бæсты Аня Хъазаны губернийы Кокушкинойы хъæуы йæ мадыхо’ Ардашева Любовь Александровнæмæ куыд цæра, афтæ. Майы кæрон Мария Александровнæ æрбаздæхт Симбирскмæ. 156
Æнæ уынæрæй бацыд хæдзармæ, йæ уæлæ фæнык- хуыз палто, йæ сæр бынтондæр сурс, афтæмæй. Уæттыл æрзылд. Нал уыд йæ хъæбул Сашæ, ма- дзура, сауцæст, гуырвидауц Сашæ... Нал уыд! Сывæллæттæ иууылдæр æнæниз уыдысты. Валодя æм& Оля гимназ каст фæуыны фæстаг экзаментæ лæ- вæрдтой тынг хорз бæрæггæнæнтимæ — фондзæй дæл- дæр сын иу бæрæггæнæн дæр нæ уыд. Фæлæ цалдæр боны фæстæ мад бафиппайдта ахæм уавæр: цыма Симбирскы йæ сывæллæттæ зыбыты иу- нæгæй цæрынц, æндæр дзы сывæллон нæй. Гимназы сын цы æмбæлттæ уыд, уыдонæй сæм иу дæр нал цы- ди, нæдæр лæппутæм, нæдæр Олямæ, ничиуал сæм цагъта сæ тыргъы дзæнгæрæг. Суанг ма бинонты хæстæгдæр хæлар Ишерский дæр нал цыди, Мария Александровнæ Петербургæй куы æрбаздæхт, уæд æй бæрæг дæр нæ бакодта. Ба- фæрсынмæ хъавыд: «Æмæ уæд Иван Владимирович та кæм и?» зæгъгæ, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд. Нæй йын, æвæццæгæн, æрбацæуæн! Пъæлицæ йыл куы фæгуырысхо уой, уымæй тæрсы. Иу-къорд боны фæстæ Мария Александровнæ хъуыддаджы фæдыл хæдзарæй рацыд æмæ сцæйцыд Мæскуыйы уынджы. Яковлевыл амбæлд æмæ æрлæу- уыдысты аныхас кæнынмæ. Уыцы рæстæг Ишерский æрбацæйцыд æмæ Мария Александровнæйы дардмæ куы ауыдта, уæд аивæй уынджы иннæ фарсмæ ахызт. Мария Александровнæ уыдæттæ нæ бафиппайдта. Фæлæ йын Яковлев хæрзбон куы загъта, уæд Ишер- скийы цæхгæр фæурæдта. Ишерский йе 'уæхсДжытыл хæрдмæ схæцыд æмæ, йæ сæр дæлæмæ æруадзгæйæ, загъта: «Кæрцæй хæдон хæстæгдæр». Мария Александровнæ йæхæдæг дæр æддæмæ нал 157,
цыдис. Бамбæрста, сæ зонгæтæ йыл сæхи кæй^ атигъ кодтой, уый. Цыдысты ма сæм Яковлевтæ æмæ Кашкадамова Верæ Васильевнæ. йемæ ныхас кодтой хъавгæ, йæ рыст зæрдæ йын куыд нæ фæцагайой, афтæ. Мария Александровнæ дæр сын дзуапп лæвæрдта уыцы иухуызон хъæлæсы уагæй. Петербурджы хабæрттæй йæ ничи фарста. Сашæйы кой йын кæнгæ дæр нæ кодтой, — Мария Александровнæйæн Сашæйы кой кæнын йæ бон уæв- гæ дæр нæ уыд... Суанг цалдæр мæйы фæстæ. дæр, Хъазаны куы æрцарди æмæ Симбирскмæ йæ лæджы ингæн бабæрæг кæнынмæ куы æрбацыд, уæд дæр йæ бон нæма уыд Сашæйы ном дзурын. Уыцы æрбацыдæн æрфысым кодта Яковлевтæм. Кашкадамова йæм æрбацыд уыдонмæ. Ныхæстæ кæн- гæйæ йын Мария Александровнæ йæ армытъæпæны чысыл конверт æрæвæрдта æмæ æнæдзургæйæ уатæй æддæмæ рацыд. Конверты уыд Сашæйы къам. Ист уыд дыууæ хуы- зы: разырдыгæй æмæ иуфарсырдыгæй, — афтæ истой паддзахадон фыдгæнджыты Хъахъхъæнынадон хайа- ды. Сашæ касти æнкъард æм»æ тарæрфыгæй. Иæ дзык- кутæ, иннæ хæттытау, уыдысты хæрдмæ фаст æмæ бадтысты уылæнтæ-уылæнтæ, йæ цæсгом уыд нарæгг дæргъ(æлвæст. \ Мад арвыста Петербургмæ, Сашæйæн Петропав- ловскы фидары цы дзаумæттæ баззад, уыдон ын куыд радтой, афтæ. Æмæ йæм ныффыстой, Ульянов Алек- сандры дзаумæттæ (æмбæрзæн хъæццул æмæ дзыи- пы даргæ сахат) уæйгонд æрцыдысты, ахæстоны хæс- сæггаг бафидыны тыххæй. Æрмæст ма йын йæ къам сæрвыстой. » Д5Я
Райсомæй раджы няня, йæ дзабырты сырт-сырт цæугæ, разылдис уæттыл, уæлæмæ схызт æмæ æрлæу- уыд: Аняйы уаты дуар уыди гом, Мария Александров- нæйы хуыссæн та — афтид. Афтæ кодта Мария Александровнæ алы райсом дæр; сæумæцъæхæй-иу фестад æмæ æнæ сыбырттæй ацыд цæхæрадонмæ. Ныр бел æмæ пырхгæнæн йæ къухы, афтæмæй иу-. нæгæй лæууыди зæронд къудзиты æмæ къахвæндæгты æхсæн/ Сæууон дымгæ змæлын кодта бæлæстæ. Сывæллæттæ ма хуысгæ кодтой. Зæронд няня йæм каст Аняйы уаты чысыл балкъонæй æмæ йæ кæлмæр- зæны къуымæй йæ цæссыгтæ сæрфта. Мария Александровнæ хуымтæ къахта, цыдæртæ сагъта, рывта. Фæлæ-иу арæх йæ бел йæ къухæй æр- хауд... Иæ сау цæстытæ-иу доны разылдта. Нал ис Сашæ, йæ сабыр, хæрзæгъдау, фæлмæнзæрдæ лæппу! Нал ис йæ хъæбул. Гимназы экзаментæ нæма фесты. Дыууæ æмæ ссæ- дзæм майы — истори. Фараст æмæ ссæдзæмы — ла- тйнаг æвзаг. Фыццагау-иу Валодя экзаментæм æрбацыд фараст гыццыл хъуагыл, цæнгæт асйнтыл-иу уæладзыгмæ ссы’д, æмæ сæ къласмæ бацыд. Худгæ нал кодта, цыма асдæр фæци, афтæ каст адæймагмæ. Дардæй зынд йæ фæтæн лæгъз ных, йæ зына:нæзына цъынддзаст цæстытæ. Æстæм къласы ахуыргæнинæгтæ-иу сусу-бусу кæ- нын райдыдтой: — Ульянов æрбацыд!.. Гимназисттæн-иу салам радта æмæ-иу гом рудзын* джы размæ бацыд. 159
Уалдзыгон хъарм дымгæ-иу æрбадымдта къласмæ. Венецы æддейы, цъæх къуылдымтыл фæткъуы цæхæ- радæттæ дидинæгæй урс дардтой, дæллозгомау бынæй зындис Волпæ. Валодя-иу рудзынджы раз лæууыд æмæ æнцад каст -æддæмæ. Экзамены фæстæ-иу уайтагъд ацыди сæхимæ. Цы- дис-иу Мæскуыйы уынджы уырдыгмæ. Фыццæгæм июны — грекъаг æвзаг, æхсæзæмы — математикæ... Тагъддæр гимназ каст куы фæуид, уæд Хъазанмæ ацæуид! Университетмæ бацæуид! * * * Симбирскы гимназы директорыл стыр маст ауад: гимназ паддзахадон фыдгæнæджы кæй схъомыл код- та, афойнадыл æм сæ хъус кæй нæ æрдардтой, уый тыххæй йæ хицауад бафхæрдта. Иуæй-иу ахуыргæнджытæ сæ цæстæнгас аивтой Ульянов Владимирмæ дæр. Аиппыл нымадтой уымæн фыццаг ахуыргæнинаджы хæрзиуæг раттыны хъуыд- даг. Ахуыргæнджыты уаты бирæ фæрадзур-бадзур код- той. Францусаг æвзаджы ахуыргæнæг Пор хъаст код- та: Ульянов Владимир искæуыл ахудаг у, йæ зæрдæ йæхиуыл æгæр дары æмæ йын йе ’гъдауы тыххæй йæ бæрæггæнæн фæныллæгдæр кæнын хъæуы. Уæд... Хи дарыны тыххæй бæрæггæнæн «цыппар» сæвæ- рын æгъгъæд уыди, сызгъæрин майдан ын цæдеæй мауал радтаиккой, уый тыххæй. Латинаг æвзаджы ахуыргæнæг, йæ цыбыр боцъо адау-адау кæнгæйæ, дыгъал-дыгъул кодта: — Зын бынаты стæм: ацы аз гимназы каст чи фæуыдзæн, уыдоны æхсæн ис... — куыддæр фæкъуы- 160
зæгау, стæй йæ ныхас фæци: — паддзахадон фыдгæ- нæджы æфсымæр Ульянов Владимир... Æрыгон историк ьгн йæ ныхас фæурæдта: — Уый се ’ппæтæй хуыздæр ахуыргæнинаг у, сыз- гъæрин майдан раттын уымæн æмбæлы. Фæлæ латинаг æвзаджы ахуыргæнæг йæ удæй ба- цыд: — Паддзах нæм куы сфыдæх уа, уымæй нæ тæр- сут!? Фыдгæнæджы æфсымæрæн..: сызгъæрин майдан куыд дæттын кæнут?.. Чидæр ын йæ ныхас айста: — Уæлдайдæр та нæм ис æндæр хорз кандидат — Наумов, губернийы дворянты раздзæуæг Наумов Ми- хаил Михайловичы фыртыфырт. Кæйдæр мæстыгæр хъæл;æс ын йæ зæрдыл æрлæу- уын кодта: — Наумов фыццаг ахуыргæнинагыл ньшад никуы уыд. Зæронд ахуыргæнджытæй иу уæззау ныхасы уагæй загъта: — Уый гæнæн нæй, господа! Ульянов Владймир аст азы дæргъы иу къласæй иннæ къласмæ фыццаг хæрзиуæгимæ хизы. Уый гимназы фидауц у! Уыма&й дарддæр ма у, æппæт адæм кæй уарзтой æмæ чи нал ис, уый фырт, адæмон скъолаты директоры фырт... Математикæйы ахуыргæнæг Федотченко, йæхи чи куыд дары, уый кæм фыстой, уыцы журнал систа æм’æ йæ батылдта: — Стыр курдиатджын, зæрдæргъæвд ахуыргæни- наг у! Тынг зæрдиагæй æххæст кæны йæ куыстытæ. — Се ’ппæтыл дæр йæ цæст ахаста æмæ сæрыстырæй загъта: — Фидæны стыр ахуыргонд, математик! Быцæуæн кæрон скодта директор. Бапъироз дым- гæйæ æмæ арф хъуыдытæ кæнгæйæ, загъта: 11 Ульяновты бинонты цардæй 161
— Курдиатджын лæппу у!.. Зæрдæргъæвд. Æнæ- мæнгæй дзы литератор рауайдзæн. — Бапъирозы сыгъ- дон тамакодоны æрæвæрдта æмæ ма йæ ныхасыл баф- тыдта: — Господа, махæн нæ бон нæу, æмбæлгæ йын> цы хæрзиуæг кæны, уый нæ раттын. Иууылдæр басабыр сты. — Фæнда нæ—нæ фæнда, уæддæр ын сызгъæрин майдан дæттын бахъæудзæн! — фæци директор ны- хасгонд. ПЪÆЛИЦÆИЫ ЦÆСТДАРДÆЙ 1887 азы фæззæджы Ульянов Валодя ахуыр кæ- нынмæ бацыд Хъазаны университетмæ. Йæ фыд дæр ам ахуыр кодта- Кæддæр Илья Никол>аевич цыди ацы ихсыд нывæфтыд цæнгæт къæйтыл. Мария Александровнæ дæр Хъазанмæ алыгъдис кэестæр сывæллæттимæ. Симбирскы Валодяимæ гимназы чи ахуыр кодта, уыцы æмбæлттæ, стæй йæ ахуыргæнджытæ æнхъæл уыдысты, æмæ Валодя историон-филологион факуль- тетмæ бацæудзæн. Уымæн æмæ æвзæгтæ хорз зыдта, дæсны уыди дзурынмæ, фыссынмæ дæр афтæ. Фæлæ Валодя бацыд юридикон факультетмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй йе ’ргом тынг аздæхта эко- номикон наукæтæм. Аху^ртæ райдыдтой. Валодя стыр æнувыдæй цыдис лекцитæм, универ- ситеты библиотекæмæ; библибтекæ ахста æнæхъæн дыууæуæладзыго’н колоннæджын х’Зедзар. Разы уыд йæ фадæттæй. Хорз у, æвæдза, студёнт уæвын! Уни- верситет кæм ис, ахæм стыр горæты цæрын! Сентябры мæйы Симбирскы студентты къорд Со- 162
бачийы цæхгæрмæ уынджы байгом кодтой сусæг хæ- рæндон. Цалдæр студенты цардысты хæрæндоны фарсмæ чысыл уаты, пъадвалы. Валодя дæр сæм цæуын бай- дыдта. Ам уыди хибарæй аныхасгæнæн, педелтæй дзы та^ нæ уыд — афтæ хуыдтой’ университеты цæстдарджы- ты. Уыдис дзы шахмæттæй ахъазæн дæр. Фæйнæ суа- рийы-иу æрæвæрдтой æм<æ-иу харбыз балхæдтой. .- Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы хæрæндон. Хицауад æй базыдта æмæ йæ сæхгæдтой. Унивёрситеты фæсивæд сæ хъус тынг æрдардтой фыццаг курсы студент Ульяновмæ, кæй æрцауыгътой, уый æфсымæрмæ. Иу лæппу, фыццаг курсы чи ахуыр кæны, ахæм сту- дентæй афтæ фехъуыста: ныхас, дам, нæм рауад, фи- дæны чи цы куыст кæнынмæ хъавы, зæгъгæТ Рево- люцион куыстьГкой дæр сæм уыди. Бафарстой Улья- новы, æмæ сын уый ахæм дзуапп радта: «Ме’фсымæ- ры хъысмæт мæ домы революцион куыст кæнын». * * * Ноябрæй бирæ нал уыд. Лекциты фæстæ студент- тæ къордтæ-къордтæ æмбырд кодтой къæлидоры. Се ’хсæнты, куыд ничи йæ æрхъуыды кæна, афтæ ра- цу-бацу кодта цæстдарæг, æмæ сæм йæ хъус дардта: цæуыл ныхас кæнынц? Цы радзура университеты хицауадæн? Студенттæ’ йæм мæстæй мардысты. — Цомут тамакодымæн уатмæ! Валодя тамако нæ дымдта, фæлæ студенттæ æндæр кæм аныхас4 код- таиккой, уый сын нæ уыд. Тамакодымæн уатæй цыди дзолгъо-молгъо, алыр- дыгæй хъуыст: 163
— Уый университетæй ацух кодтой! — Ахæмты æрвйтынц Хъазанæй! — Студенттæн сходкæтæ аразыны дзырд нал и! — Мæскуыйы, Харьковы, Киевы студенттæ бунт кæнынц! •• Сходкæ саразæм, зæгъгæ, чидæр фæндон бахаста. 4 декабры, ахуыртæм-иу куыд æрæмбырд сты, аф- тæ студенттæ университетмæ æрцыдысты. Аудиторы, анатомион театр, кабинеттæ суанг.райсомæй нырмæ уыдысты студенттæй се ’дзаг. Иуæндæсæм сахаЧыл фидиуджытæ æгас универси- теты лабораторитыл, тамако дымæнтыл, аудиторитыл æрзылдысты æмæ фехъусын кодтой: — Сходкæмæ! Сходкæмяе, господа! Чидæр* ныхъхъæр кодта: —^ Стыр ’залмæ! Азгъордтой къæлидортыл, цæнгæт асинтыл уæла- дзыгмæ. Валодя згъордта бæрзонд рудзгуыты, колон- нæты рæзты.. Фæлæ сходкæ урæд æрцыд, — цæстдарджыты къу- хы бафтыд хабар афоныл университеты хицауадæп фехъусын кæнын, — стыр зал уыд æхгæд. Бæстæ хъæлæба сси. Алырдыгæй хъуысти хъæртæ: — Фæдзурут инспектормæ! — Фехъусын, кæнут студентты домæнтæ! — Университетæй кæй ацух кодтой, уыдоны се ’ппæты дæр фæстаемæ райсæнт! — Педелты университетæй атæрæнт! — Фæдзурут... Фæлæ ийспектор никуыцæй зынд. Æхгæд дуары раз чи лæууыд, уыдонæй иу ныхъхъæр кодта: — Ныппырх кæндзыстæм... Валодя стæвд, йæ уæлæ бæрзонд æфцæгготджыи 164
мундир, афтæмæй йæ тых-йæ бонæй дуар тымбыл къу- хæй н’ыххоста. Уыцы сахат æрбазынди инспектор. * Разæй чи лæууыд, уыдон хъæр кодтой: — Мах домæм!.. Ныфсджынæй йæ къух уæлæмæ сисгæйæ лæууыд æмæ хъæр кодта бæзæрхыг, ныллæггомау æрыгон лæппу — Ульянов Владимир. Фæлæ оæм инспектор нæ байхъуыста. Йæ уазал цæстытæй сæм лæмбынæг каст, ома, амидингæнджы- тæ кæцытæ сты? Чи у аххосджын ацы хъуыддаджы? Уалынмæ хъæлæбайы æхсæнæй райхъуыст кæйдæр æртхъирæн: — Фæдзурут пъæлицæмæ. Æхсæвы Ног-комиссариаты уынджы, Ульяновты фатеры æваст дзæнгæрæг ныззыланг кодта. Дуары æддейæ цыди цырыхъхъджынты къæхты хъæр, уыдон уыдысты пъæлицæйæгтæ, цъæх цинелтæ сыл, сæ фæрс- тыл æхсаргæрдтæ: æрбацыдысты студент Ульяновмæ дЖигул кæнынмæ. Пъæлицæйы пъырыстыф ын фехъусын кодта: — Ахст дæ ды, дæ дарæс скæн! — йæхæдæг йæ зачъе адаудта. Мария Александровнæйæн йæ хуыз фæцыд, афтæ- мæй , бацыд йæ фырты размæ. Пъырыстыф дуары раз æрлæууыд. Мад зыр-зыргæнаг къухтæй æрбахъæбыс кодта Валодяйы. Æнæдзургæйæ йæ цæст ахаста уаты къуым- тыл: хуыссæн уыд змæст, бандон фæлдæхт, чингуытæ æмæ тетрæдтæ хæлиутæ... Няня дуары æддейы ставд цæссыгæй куыдта. Цы- тæ сын æвзарын кæнынц сæ бинонтæн! 165
Валодя рацыд æддæмæ. Хæдзары раз лæууыди бæхтæрæг. Кæрты дуармæ цоппай кодта кæртмæрзæг. Пъырыстыф сбадт дзоныгъы Валодяйы фарсмæ; бæхтæрæг бæхмæ февзыста æмæ дзоныгъ атахт Хъа- заны уынгты. Бон цъæхтæ кæнын байдыдта. Митæмб’æрзт уынг- ты цъиутæхæг дæр нæ уыд. Даргъ кæрцы мидæг ти- гъæй æрбазынд æхсæвгæс, йæ-къухы фæйнæг æмæ хъæдын дзæбуг... Валодя фæлгæсыд фæйнæрдæм йæ сæр бæрзонд даргæйæ. Пъырыстыф адзæбæхтæ кодта йе ’рмкъухтæ, йе ’хсаргард йæ фарсыл асгæрста, йе ’уæнгтыл схæцыд æмæ загъта: — Ныр цы бунт кæныс, уый бæрæг дын нæй, лæп- пу, — дæ размæ къул куы ис! Валодя йæм фæкаст æмæ йын дзуапп радта: — Къул бæргæ у, фæлæ æмбыд у — фæцагай йæ æмæ æрызгъæлдзæн! Пъырыстыфæн йæ цæсгом сырх цывзыйы хуызæн афæлдæхт. Бæхтæрæджы рон раивæзта æмæ фæхъæр кодта: — Гъæй кæн! Тагъддæр! Æмæ суанг участокмæ йæ дзыхæй иунæг ныхас дæр. нал схауд. Пъæлицæйы участочы Валодя фæбадти цалдæр боны. Иемæ ма ноджыдæр дыууиссæдз студ’енты. Æпиынфæстаг æй рауагътой æмæ йын фехъусын кодтой: — Университетæй тард æрцыдтæ, фæстæмæ бацæ- уыны бар дын нал уыдзæн, афтæмæй. Цæрынмæ æр- выст цæуыс Хъазаны губернимæ, Кокушкинойы хъæумæ. 166
* * * Кокушкинойы хъæуы Стыр хæдзары дуæрттæ æмæ рудзгуытæ уыдысты зæгæлтæй хост. Фæндаджы æдде, æдзæрæг кæрты миты бынæй зындис флигель: Уым цард Ульянова Аня. Ардашевты æмæ Ве- ретенниковты бинонтæ сæ зымæг æрвыстой Хъа- заны. Флигелы уыд уазал; пецтæ хорз нæ тæвд кодтой. Аня йæхи тыхтæй дардта стыр кæлмæрзæны. Рудзын- джы разм^æ-иу бацыд æмæ каст урс цæхæрадонмæ: мит, бæзджын базтау, лæууыд кауы рæбынты; мæнæ халон абадт лыстæг къалиуыл, æмæ йæ сау къæхты бын миты таг æрызгъæлди. Аня хъуыста æддæмæ: чи зоны, кæд искуыцæй мыр-мыраджы^ дзæгъ-дзæгъ’ æрбайхъуысид! Кæд æп- пын исчи фæзынид! Куыннæ стæй! Бæстæ уыцы сабыр у. Ничи зыны. Æрмæст æй пъырыстыф рæстæгæй-рæстæгмæ абæрæг кæны: кæд, миййаг, • йæ бар кæй бакодтой, уыцы Ульяцова Аннæ, кæй æрцауыгътой, уый хо йæ бынаты нал ис; кæд, миййаг, зæхкусджытимæ истæуыл ныхас кæны; гъе сын, кæсыны дзырд кæмæн нæй, ахæм чин- гуытæ дæтты? Фæлæ.мæнæ зымæджы астæу, æдзæм быдырты рæзты дзыгъал-мыгъулгæнгæ æрбаивгъуыдтой бæхтæ, дзоныгъ æрлæууыди тыргъы раз. Уый Ульянов Валодя æрбацыд Кокушкиномæ. Иæ цæрæнбынатæй кæй рарвыстой, университетæй кæй ацух кодтой, уыцы Ульянов. Хъæууон уæттыл æрзылд. йæ чысыл къух йæ фæл- мæн сæрыхъуынтыл æрхаста... Иæ фæдыл Лаишевский уездмæ, исправникмæ, арвыстой гæххæтт Хъазаны губернаторæй. 167
Иæ уæллаг’ къуымы уыди бæрæггæнæн: «Сусæг- гаг». «Тынг ахсджиаг ’ хъуыддаг». , Гæххæтты фыст уыдис: «,..Ацы хъуыддаг хъусынгæ^гæйæ, дæ бæрзонд- дзинадæн хæс кæнын, куыддæр ацы гæххæтт райсаи, афтæ, ныхас цы Ульяновыл цæуы, уымæ сусæгæй * ’ цæстдард куыд цæуа»... Гъе афтæ фыццаг хатт æрвыст æрцыди Валодя. ,Уæд ыл æстдæс азы дæр æххæстæй нæма цыд. Зымæг ныддаргъ. Валодя йæхæдæг ахуыр кæнын райдыдта, универ- ситеты кæй цыдысты, уыцы предметтæ. Уæгъд рæстæг-иу касти йæ мадыфсымæры жур- налтæ. Изæры-иу Аняйæн радзырдта: «Абон замма- най статья ссардтон 1869 азы журнал «Вестник Ев- ропы»-йы. Искуы-иу хатт-иу Хъазанæй æрбацыд йæ мады- фсымæры лæппу. Къуыри дыууæ хатты цыдис горæтмæ Ардашевты кусæг чингуытæ æмæ писмотæ, ласынмæ. Валодя æмæ-иу Аня разгъордтой йæ размæ, дын- джыр быд чыргъæд æвдæлон кæнынмæ. Мæнæ «Рус- ские ведомости», мæнæ хъазайнаг газет... Ис!.. Цы чиныг агуырдта, уый йын æрбарвыстой! Уæддæр сын æй ссарын кодта!.. Иуахæмы изæрыгон бадтысты стъолы уæлхъус. Фæтæген цырагъ бурбын æвзаг суагъта; хъуыстысты фителы къæрццытæ. Бæстæ басабыр, иу сыбыртт дæр никуыцæй цыд. Æрмæст ма къулы сахат цъыкк-цъык- гæнлæ дзедзырой кодта. Аня касти чиныджы æмæ иу заман бафиппайдта, Валодя кæмæдæр стыр писмо кæй фыссы, уый. Писмо 168
сæрæй бынмæ æлхынцъ æрфыгæй бакаст, цыдæр ма йæм бафтыдта æмæ йæ къонверты цæвæрдта. Чыргьæды бавæрдтой писмотæ, кæй бакастысты, уыцы чингуытæ æмæ номхыгъд: ома, уый æмæ уый фæстæмæ раттут Хъазаны библиотекæмæ æмæ сæ бæс- ты æндæртæ райсут. Хуыссæг сæ нæма ахста. Аня йæ-сæр йæ армы- тъæпæныл æруагъта æмæ Валодяйы бафарста: , — Ахæм даргъ писмо кæмæ ныффыстай? Куыд рабæрæг, афтæмæй,фыста гимназы раздæры æмбæлттæй иумæ. Ныффыста йæм Хъазаны студентты змæстыты тыххæй, æмæ йæ фарста, уыдонмæ та хус- сары, Киевы университеты куыд у, зæгъгæ. Аня йæм бакаст æмæ зæрдиагæй загъта: — Куы нæ йæ арвитис, уæд хуыздæр уаид. Пъæ- лицæ писмотæ кæспæ кæнынц. Ахæм писмойы тыххæй дæ ам фылдæр фæдардзысты. Фæлæ йæм Валодя нæ байхъуыста. Дыууæрдæм рацу-бацу кæнгæйæ уый дзырдта, йæ писмойы ин- спекторæй куыд ахынджылæг кодта, цæстдарджыты дзы цы хуызы равдыста æмæ хистæр хицæуттæн цы цыргъ ныхас ссардта, уыдæтты тыххæй. - Дзургæ-дзурын-иу худæндзастæй йæ сæр фæстæр- дæм аппæрста, йæ уадултæ ссырх сты. йæ астæуыл уыд зæронд гимназисты рон; йе ’ргъæвæджы æртæ æф- сæйнаг дамгъæйы — «СКГ», цырагъы рухсмæ цæхæр- тæ калдтой. Аня та ногæй загъта: —Хуыздæр уыдзæн, куы нæ йæ арвитай, уæд. Фæлæ Валодя йемæ нæ разы кодта. Писмо йæ зæрдæмæ фæцыд. Тынг æй фæндыд йæ ар- витын. Кэемдæр горæтты, университетты ахуыр кодтой æмæ цардысты йе ’мгæрттæ, йе ’мбæлттæ, студенттæ, 169
æмæ йæ фæндыдис, уæд та дардмæ, уæд та писмойы аныхас кæнын йе ’мбалимæ. Аня йæ фæдзæхста. Кæд, миййаг, йе ’мбалы дæр ра- тардтой университетæй? Кæд уымæ дæр пъæлицæ сæ цæст дарынц? Кæнæ та йæм джигул кæнынмæ æрба- цыдысты. Уæд ын ахæм писмо фыдбылызы хос йедтæ- кæ ницы у. Валодя ницыуал дзырдта, цæлгæнæнмæ ацыд æмæ писмо фæстæмæ чыргъæдæй систа. Кæдæм фæнды акæс — алы ран дæр миты хъæ- пæнтæ. Мит уарыд æмæ уарыд ставд тъыфылтæй, йæ быны кодта салд Ушняйы сæрмæ хъæу, зæронд стыр хæдзар æмæ йæ бакомкоммæ флигель дæр; Хатгай- иу тымыгъ сыстад, æмæ-иу уæд къахвæндæгтыл зын цæуæн сси цæлгæнæн æмæ цъаймæ. Къуырма хъæу. Алы ран дæр мит... Мит... Кæмдæр, дыууиссæдз километры æддæдæр уыд Хъазан — горæт, уынгтæ, адæм, цырæгъты рухс... Фæлæ Ульяновтæн, Аня æм& Владимирæн, ардæм æр- выст чи у æмæ пъæлицæ сæ цæст лæмбынæг кæмæ дарынц, уыдонæн хъæуæй ацæуæн никуыдæм уыд. Кокушкинойы, Апокаевы, Бутыркаейы хъæуты сын зонгæ зæхкусджытæ бæргæ уыди, фæлæ уыдонмæ куы нæ цæуой, уæд хуыздæр у. Хъæуыхицау сæ, чи зоны, æмæ нæ бæрæг кæндзæн, цы оæм агуырдтой, уымæй. Фæлæ урядникæн йæ хæс у зылды пъырыстыфæн фехъусын кæнын; урядник æрзилдзæн хæдзæрттыл æмæ бафæрсдзæн: цы ны- хæстæ кодтой Ульяновтæ мужуккæгтимæ? Цы нæ æм- бæлы, уыдæтты фæдыл кæд, миййаг, истытæ дзырд- той? Кæд сын, миййаг, аивæй чингуытæ лæвæрдтои кæсынмæ? Хур бон сын фæндагмæ атезгъо кæнынмæ рацæуæн уыдис. 170
Аня хъарм кæлмæрзæны тыхтæй æнкъардæй каст йæ размæ. Зымæгон ам алцыдæр бынтон æндæрхуызон уыди, фæндаг — даргъ, æнæзмæлæг., Валодяйæн йæ уадултæ ссырх сты, йæ уæлæ худ æмæ зæронд палто, а.фтæмæй цыди Аняйы фарсмæ æмæ цымыдисæй касти фæйнæрдæм. Фæндагыл горæ- тæй æрбацæйцыд йæ зонгæ зæхкусæг. Æрлæууыд сæ разы. Салам радтой кæрæдзийæн. Ацæргæ .зæхкусджытæ Ульянова Мария Алексан- дровнæйы хорз зыдтой суанг йæ чызгон бонтæй фæс- тæмæ — Машенькæ Бланк ма куы уыдис, уæдæй ныр- мæ. Ныр сæм æрбайхъуыст: Мария Александровнæ- йæн йæ хистæр фырт нал ис, йæ хистæр фырт йæ сæр нывондæн æрхаста. Бирæ цæмæйд^ерты бафæрсын æй фæндыд. Бутыр- кæйаг зæхкусæг лæууыд уазалмæ æмæ йæ зæронд ва- ленкæты мидæг цоппай кодта йæ мидбынаты. Касти сæм йæ зæронд хуызивд цæстытæй. Се ’ртæ дæр æнæдзургæйæ лæууыдысты. Зымæгæй бирæ нал уыд. Аня гом рудзынджы размæ бацыд, сыгъдæг уæл- дæфæй йæ риуы дзаг сулæфыд æмæ загъта: — Уалдзæджы комытæф хæццæ кæнын байдыдта. Уыцы аз рагуалдзæг скодта. Боныгон хур дзæбæх æндавын байдыдта. Кæрдæг йæ цъæх фындз сдард- та; æрмæст ма æрхыты уыдис мит. Арвыл бæрзондæй хъуысти дыгоппон цъиуты зарын. Аня бадзырдта Валодямæ, искуыдæм быдырмæ тезгър кæнынмæ цом, зæгъгæ. Цыдысты сабыргай. Сæ зæрдыл æрлæууыди Сим- бирск, сæ сабийы бонтæ. Æрмæст Сашæйы кой сæ иу дæр не ’скодта. 171
Бирæ рæстæг ма нæ кодта Аня Сашæйы кой. Цы- дысты азтæ, фæлæ ма йæм уæддæр афтæ касти, цымæ йæ къухы зонтыкк, йæ палтойьг тæрттæ уæгъд, йæсау цæстыты — арф æнкъарддзинад, ныфсхастдзинад, аф- тæмæй стыр къахдзæфтæгæнгæ ныртæккæ тигъæй æр- базындзæн. Æрмæст йæ мадимæ ныхасгæнгæйæ йæ бон уыди Сашæйы кой кæнын... Кодтой Уæрæсейы кой, царды кой. Аня хæрдмæ кæсгæйæ хъуыста дыгоппон цъиуы зарынмæ. — Цæрын афтæ хъæуы, æмæ адæмæн пайда куыд уай, — загъта Аня. Валодя фæлæууыд: — Фæсивæдæн ахуыр кæнæн куы нæ уа, æмбырд- тæ аразæн куы нæ уа, уæд афтæмæй куыд ис пайда æрхæссæн? Цы кæнын хъæуы? — Сæхи йедтæмæ бы- дыры ничи уыд æмæ Валодя мæстыхуызæй хъæрæй дзырдта:—Уæрæсейы ма баззади хæдхæцæгад, Уæ- рæсейы ис æрмæстдæр деспотизм! Хъуыдыты аныгъуылгæйæ, Валодя дардмæ каст æрдæгцъынд дæстытæй. Бæгънæг къуылдымтæ. Хъæм-- пын сæр’ хæдзæрттæ дзыгуырæй... * * * Ралæууыди ^сæрд. Мария Александровнæ кæстæр сьтæллæттимæ Хъа- занæй æрбацыди Кокушкиномæ. Æрыздæхтысты Ве- ретенниковтæ дæр æмæ Ардашевтæ дæр. Валодяйыл цыдис стдæс азы. Веретенников Коля- йыл та — æвддæс. Фæлæ Колямæ афтæ касти, цыма Валодя уымæн æмсæр æмбал нал у, цыма Валодяйы цæстытæй ас адæймаг кæсы. Фыццаджы хъæлдзæг, худæг ныхæстæ дзы нал фехъуыстаид ныр адæймаг. Дзæгъæл ныхæстæ кæнæ быцæуныхас фехъусгæ- 172
йæ-иу дзурæгмæ йæ цæстызулæй бакаст æмæ æнæхуд- гæйæ загъта: «Бьштон раст хъуыдытæ ис дæ сæры магъзы», — æлхыскъæмхасæнæй-иу цитатæ æрхаста Маркевичы роман «Четверть века назад»-æй. Ивгъуыд фæззæджы, Валодя ма Хъазаны куы уы- ди, уæд æй Веретенников Коля фарста, юридикон фа- культетмæ цæмæн цæу&с, зæгъгæ. Æцæг наукæтæ сты математикæ æмæ æрдззонынады наукæтæ. Писарев дæр афтæ зæгъы. Валодя йын цыбырæй дзуапп радта: ныртæккæ ахæм рæстæг у, æм,æ ахуыр кæнын хъæуы адæйма- джы барты тыххæй наукæтæ æмæ политикон экономи. Веретенников Коля не’мбæрста: цавæр рæстæг у ныртæккæ. Фæлæ йын Валодя æндæр ницыуал загъта. Сæрды Кокушкинойы Валодя дарддæр ахуыр код- та юридикон наукæтæ, кæд æй университетæй ацух кодтой, уæ^дæр. Коля Веретенников дардæй уыдта: йе ’стъолыл уыди «Адæймаджы барты «-энциклопеди». Фæлæ чи цы ми кæны, уымæ кæсын, рафæрс-ба- фæрс кæнын аиппыл нымад уыдис фæсивæдмæ. Валодя дзырдта, мæхицæн, дам, ахуырты æмæ чин- гуыты кæсынæн программæ сарæзтон. «Æнæ пъланæй кæсын ницы пайда у», — дзырдта ВалоДя. Фыццагæй тынгдæр ауæрста йæ рæстæгыл. Иухатт ’журналæй рафыста бильярдæй хъазыны хынцинаг. Беретенников Коляйæн хынцинаг зын кæ- нæн разындис. Коля йæм æрбацыд: — Нæ мын комы! Фæлæ Валодя не ’сразы йæ кæныныл: — Æз æй дæуæн рафыстон. Ууыл хъуыды кæнын- мæ мæ не’вдæлы. Дæхæдæг ыл ахъуыды кæн. 173
Уый нæ, фæлæ ма шахмæттæй дæр арæх нал хъа- зыд. Фæлæ сыл Митя фæцалх ис. Митя уарзта истæуыл хъуыды кæнын; хорз уаид, æвæдза, грекъаг æмæ латинаг æвзæгты бæсты гимна- зы шахмæттæй х-Ьазыныл куььахуыр кæниккой, уæд. Митямæ рагон æвзæгтæ ахуыр кæнынæй зындæр ни- цы каст. Валодя йыл дис кодта: — Уымæй дыл ницы бафтдзæн. Шахмæттæ æрмæст хиирхæфсæн кæй сты, уый дæ рох ма уæд. Кокушкинойы ацы сæрд фыццаджы хуызæн хъæл- дзæг нал уыди, рæстæг цыди сабыргай. Се ’ппæт дæр ахуырыл уыдысты. Иннæ фæсивæд дæр ма уыдонмæ гæсгæ разæнгард кодтой. Уæлдай диссагдæр уыд Оляйы куыстхъомдзинад. Цалдæргай сахæттæ. фæндагмæ æмæ дидинæгдонмæ хъуыстысты уыцыиухуызон цагъды зæлтæ: уый Оля Стыр хæдза- ры фортепианойыл цæгъдын ахуыр кодта. Йæ мадыхотæ—Веретенникова Аня æмæ Ардашева Любæ иннæ сывæллæттæн амыдтой, цæмæй уыдон дæр ахуыры мидæг фæзмой Оляйы æнувыддзинад. Цыфæн- ды лæгъстæтæ ’йын-иу куы фæкодтаиккой, уæддæр ни- цæй тыххæй ацагътаид æндæр исты, фæлварæнтæ æмæ этюдтæй дарддæр, — афтæ сæ домдтой Хъазаны му- зыкалон скъолайы ахуыргæнджытæ; Оля ахуыр кæ- нынмæ уырдæм бацыд. Митя стыр цымыдисæй Аня æмæ Валодяйæн дзырд- та, зæгъгæ, уыцы зымæг Оля Хъазаны цы куыст нæ кодта, ахæм ын нал баззад! Англисаг æвзаг ахуыр кодта, уроктæ лæвæрдта, тынг зæрдиагæй бавнæлдта шведаг æвзаг ахуыр кæнынмæ, Гельсингфорсы меди- динон факультетмæ бацæуыны тыххæй. Митя афтæ дзырдта Оляйæ: 174
«Æрмæст фынæй куы вæййы, уæд нæ фæкусы». Анямæ-иу арæх æрбацыд районы пъырыстыф. Уы- мæ æгъгъæд нæ каст, æрвыст чызг ма уым ис æви . нæ, уый базонын, — фæндыд æй йæ фенын, йемæ аны- хас кæнын. Аня-иу æм рацыд. Фæсивæд сæм-иу аивæй сæ цæст дардæй дардтой: иууылдæр æй хорз зыдтой, Аня дзы кæй ахынджылæг кæндзæн, уый. Пъырыстыф-иу зæвæттæ кæрæдзиуыл бакъуырдта æмæ Аняйæн йæ сæрæй акуывта, йæ кокардæджын фуражкæ йæ къухы, афтæмæй. Ульянова Аня уыдис æрыгон, ахуыргонд... æнæцыд чызг! Фæлæ æрвыст! Йемæ куыд ныхас кæна, уый дæр нæ зыдта пъырыс- тыф. Æмбарын ын-иу кодта, Кокушкинойæ йын цæуæн кæй никуыдæм ис, уый. Аня йæм-иу дисгæнгæйæ касти: — Æмæ уæдæ мусы æдде хъæды къохмæ дæр нæй цæуæн? Пъырыстыф-иу йæ мидбылты бахудти: — Цæуыннæ? Уырдæм та цæуыннæ! Фæлæ фынд- дæс верстæй фалдæр нæ. Аня-иу йæ сæр йе ’уæхскыл æруагъта æмæ худæн хуызæй бафарста: — Æмæ куыд вæййы, цы вæййы, миййаг æхсæр- дæс верстæй фалдæр куы ацæуон, уæд та? Пъырыстыф-иу йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта, ногæй та-иу зæвæттæ кæрæдзиуыл æрбакъуырдта æмæ гуызавæгæнгæйæ загъта: — Уæд та.-. ахæстон. Фæсивæд-иу сæ худын тыххæй урæдтой... ’ Фыццаджы хуызæн-иу ныр дæр изæры æрæмбырд сты дидинæгдоны кæнæ балкъоны. Æрмæст-иу Мария Александровнæ иунæгæй„ацыд 175
хæстæгдæр къохмæ. Ничи йæ хъыгдаргæ кодта, ничи йæ фæдыл цыд. йæ хистæр хо Аннæ Александровнæ- иу йæ фæдыл кæсгæйæ баззад, йæ цæстытæ-иу донæй айдзаг сты, фæлæ-иу уайтагъд æндæрырдæм азылд. КАРЛ МАРКСЫ «КАПИТАЛ» Сæрд аивгъуыдта. Ралæууыд 1888 азы фæззæг. Ульянова Аня æмæ Ульянов Владимирæн бар рад- той сæ бинонтимæ иумæ Хъазаны цæрынæн. Мария Александровнæ фатер баххуырста Арский быдырмæ хæстæг уæладзыг хæдзары. Уæллаг уæла- дзыджы уыдысты цæрæн уæттæ, бинаджы та — цæл- гæнæн, йæ фарсмæ чысыл уат. Валодя уæлæмæ суад, балкъонæй ракаст — хæдзар уыд къуыппыл; бынæй—цъæх нæуу; уырдыджы дæле адаргъ ис уынг. Стæй фыццаг уæладзыгмæ æрхызт æмæ йæ мадæи афтæ зæгъы: — Ам мын ахуыр кæнынæн хуыздæр уыдзæн — ам сабырдæр у. Æмæ æрцард цæлгæнæны фарсмæ. Студенты мундиры бæсты дарын райдыдта пин- джак жилеткæимæ. Галстучы бæсты йе ’фцæгготджын хæдон баста коцораджын сау здыхт бæттæнтæй. Иу хатт Маняшæ Валодяйы уатæй уæлæмæ суад æмæ загъта: — Валодя тамако дымы! Бинонтæ иууылдæр фиппаин райдыдтой, Валодя стæм хатт тамако кæй адымы, уый. Уый мады зæрдæмæ нæ цыд æмæ йын дзырдта: — Цалынмæ йыл нæ сахуыр дæ, уæдмæ йæ ныу- уадз, — низы ’хос йедтæмæ дын ницы у... 176
Фæлæ Валодя æрыгон уыд æмæ йæм афтæ касти, цыма йын йе ’нæниздзинадæн ницы батых кæндзæн. Маняшæйы хæд фæстæ Валодя уæлæмæ ссыд, би- чнонтæ ма дзырдтой, тамако цы зиан хæссы, уый фæ- дыл. Мад аивæй бамбарын кодта: — Стæй уæлдай хæрдзтæ кæнын дæр ницæмæн хъæуы. Ульяновты бинонтæ цардысты æрмæст пенсийæ — сывæллæттæ нырма иууылдæр ахуыр кодтой. Валодя» хъуыдыты ацыд. Йæ мад кæддæриддæр раст вæййы. Уыцы бон йæ бапъирозтæ иуварс æрæвæрдта æмæ уæдæй фæстæмæ тамако йæ къухмæ дæр никуыуал райста. Изæрыгæтты-иу Валодя арæх цыди куы къорд- тæм, куы рефераттæм, куы та æмбырдтæм. Йæхимæ йын фæсивæдæй. ничи цыд, уымæн æмæ Ульяновты бинонтæм пъæлицæ йæ цæст дардта, ахуыр чи кодта, уыдонмæ дæр афтæ — уымæ гæсгæ, æргомæй фембæ- лæн, истæуыл ныхас кæнæн нæ уыд. Къордтæ æмæ æмбырдтæ уыдысты сусæг. * * * Уыцы зымæг Анл йæ мадæн арæх дзырдта: — Валодя тынг уæнгрог у... Митя йын-иу йæ ныхас айста æмæ-иу афтæ: — Иæ уатмæ куы бацæуай, уæд дæхимæ дæр ахуыр кæнын æрцæудзæн. Аня дарддæр дзырдта хъуыдытæгæнгæйæ: — Цæрын* æрцæуын кæндзæн адæймагмæ, афтæ æууæнды цардыл... Изæрыгæтты-иу Аня Валодямæ ныццыд абадын- мæ, аныхас кæнынмæ. 12 Ульяновты бикоиты цардæй 177
Дуары æддемæ-иу’ хъуысти Валодяйы æхситтæй зард, оперæ «Кардиналы чызгæй». * ари. Валодя æмæ Олямæ, Симбирскы хуызæн, ам дæр хорз касти театрмæ цæуын. Уæлдай ’хорз уыди Хъа- .заны оперæ. Уæле йæ уаты уæвгæйæ-иу Мария Александровнæ арæх хъуыста, Валодя «Фауст»-æй Валентины ари куыд зарыд, уымæ. Мад-иу ныуулæфыд æмæ загъта: — Хъыгаг у, музыкæйы ахуыртæ гыццылæй кæй ныууагъта, уый, зæрдæргъæвд у музыкæмæ, уайтагъд. æй ацахсы. Аня-иу бацыд Валодямæ. Йе ’стъолыл сыгъди цъæх æмбæрзæнджын цырагъ. Цæлгæнæнæй уаты æхсæн цы къул уыдис, уый рæбын нарæг тæрхæгыл чингуы- тæ æмæ газеттæ æвæрд. Валодя-иу сæ иуварс ассыдта æмæ тæрхæгыл æр- бадти. Бирæ-иу фæныхас кодтой. Валодя-иу дзырдта, алы æмбырды æмæ къорды дæр куыд быцæу кæнынц, уый тыххæй. Карл Маркс сбæлвырд кодта: æрмæст кусджыты кълас кæй у революцион кълас; уый фæ- уæлахиз уыдзæн æмæ арæзт æрцæудзæн социализм. Фæлæ фысджытæ-народниктæ зæгъынц: -Уæрæсе у зæхкусджыты бæстæ; зæхкусджыты общинæ — гъе уый дын социализммæ фæндаг. Карл Марксы ахуырады тыххæй ма Аня уый раз- мæ дæр фехъуыста. Марксы стыр чиныг «Капитал» иу хатт федта Сашæмæ; фæстаг сæрд Сашæ ахуыр кодта политикон экономи. Валодя ныхас кодта хъуыдытæгæнгæ: народниктæ бирæ сты, марксисттæ та нырма хæрз чысыл. Иуахæмы Валодя радзырдта: иу ахсджиаг къорд ис, кусы Федосеевы разамындæй. Афтæ зæгъынц, Федосеев, дам, сусæг типографи аразы, мыхуыр, дам, кæндзæн марксистон лйтературæ. 178
Ахъуыды кæныны фæстæ ма хъыггæнгæ бафтыдта: — Æмбисонды курдиатджыц лæппу кæй у, уый алцæмæй дæр бæрæг у, фæлæ й-æ гимназ каст фæуын нæ бауагътой — æстæм къласæй йæ аппæрстой. Аня йæ тарстхуызæй афарста: — Ды зонгæ дæ йемæ? — æмæ ма зæрдæсастæй бафтыдта: — Дæхи хъахъхъ’æ... мамæйы тыххæй. Сæ мады мæт æй уыди: Валодя сусæг типографи- йы хъуыддæгты тъыст куы разына, уæд мамæ цы кæндзæн! ч < Фæлæ Валодя хъыгзæрдæйæ загъта: — Нæ, нæ дæн. Федосеевы фæдыл зылдис пъæлицæ. Валодямæ та сæ цæст дардтой, паддзахадон фыдгæнæджы æфсы- мæр кæй уыд, уый тыххæй æмæ сын Федосеевимæ ба- зонгæ уæвæн нæ уыд. Уæвгæ, цы бæрæг уыд, сæхæдæг дæр æй нæ базыдтой, афтæмæй кæд искуы фембæл- дысты, уæд дæр? Къордты æмæ æмбырдты фидарæй æххæст кодтой конспирацийы æгъдæуттæ, — кæрæдзи- мæ номæй нæ дзырдтой. Валодя йæ иу къах йæ иннæ къахыл баппæрста æмæ, ахуыр куыд уыд, афтæ уæрагыл къухæй хæц- гæйæ, дарддæр йæ ныхас кодта. Æрæджы иу æмбыр- ды фехъуыста, Швейцарийы, дам, арæзт æрцыд уы- рыссаг марксистты къорд, сæхи схуыдтой «Фæллой- ссæрибар кæныны» къорд, мыхуыр кæнынц чысыл чин- гуытæ Карл Марксы ахуырады тыххæй; Уæрæсемæ æрвитынц сусæг марксистон литературæ. Стæй цырд фæзылд йæ хомæ; — Доклад тынг суйтæгонд уыд, зын æмбарæн, фæлæ иу хъуыддаг бæлвырд у: мæнмæ гæсгæ, уый æцæг, стыр, революцион ахуырад у1 Валодя хъуыдытыл фæци... зæрдæхъыгæй бакаст Анямæ... Сашæ та... 179
Уыйфæстæ тæрхæгæй фестад æмæ уатьь хъæлдзæ- гæй арауайЧ:бауай кодта; ныггуыбыр кæнын хъæуы уæдæ æмæ сахуыр кæнын хъæуы Марксы ахуырад! Уыд æнафон зымæгон изæр. Мария Александровнæ æмæ кæстæр сывæллæттæ схуыссыдысты. Аня талынг рудзынджы размæ бацыд, арацу-бацу кодта уаты — хуыссæг æй нæ ахста. Фæстагмæ Валодяйы уатмæ æрхызт. Валодя бадти стъолы уæлхъус æмæ, йæ сæр йæ къухыл æруадзгæйæ, чиныджы каст. Аняйы фæлурс цæсгоммæ фæкомкоммæ, чиныг иуварс æрæвæрдта æмæ йæм бандон бахæстæг кодта. Аня йæ алыварс йæ цæст ахаста. Уаты уыд сабыр, дзæбæх. Къулы рæбын .урс дардта нарæг тæрхæг. Лампæйы раз лæууыд иу стыр чиныг. Валодя йæ бай- гом кодта. Аня йын йæ фыццаг сыфыл бакаст: «Капи^ тал. Карл Марксы уацмыс. Немыцаг æвзагæй тæл- мацгонд. Санкт-Петербург 1872». В’алодя хинæйдзаг худт кæнгæйæ радзырдта, Пе- тербурджы цы рæдыд æруагътой, уый: зынæмбарæн чидшг у æмæ йæ ничи бакæсдзæн, зæгъгæ, «Ка- питал»-æн мыхуыр кæныны бар радтой уырыссаг æв- загмæ тæлмацгондæй. Фæлæ цалдæр азы фæстæ бам- бæрстой сæ рæдыд. Ныр «Капитал» хаст æрцыд, кæ- сыны дзырд кæмæн нæй, уыцы чингуыты хыгъд- мæ. Стъолы уæлхъус æргуыбыр кæнгæйæ, Валодя" хъæ- рæй кæсын райды^а. Аня йæ къухтæ йæ уæрджытыл сæвæрдта æмæ йе ’фсымæрмæ хъуыста. Стъолыл, цырагъы мынæг рухсмæ, Валодяйы раз уыдысты «Капитал» æмæ «Коммунистон манифест»-æй скъуыддзæгтæ кæдæм хаста, уыцы тетрæдтæ. 180
Валодя чиныг иуварс æрæвæрдта æмæ йæ сæрыл схæцыд: — Гъе уый æцæг, тыхджын, революцион ахуырад у... Æнхъæлмæ кæсыи æмæ искæуыл зæрдæ дарын нæ хъæуы, — тох кæнын хъæуы! Хæдзары иу сыбыртт никуыцæй цыд. Иууылдæр фынæй уыдысты. Валодя лæууыд гыццыл уаты астæу. Цырагъы мынæг рухсмæ йе ’стыр ных ноджы стырдæр æмæ рухсдæрæй зындис. Раздæры студент, ныр та хицауад йæ цæст кæмæ дардта, уыцы Ульянов Владимирæп йæ цæстытæ æрт- тывдтытæ калдтой. Гъе афтæ райдыдта, йе ’ппæт цард кæй сæрыл æрхаста, уыцы хъуыддаг.
СÆРГÆНДТÆ: Фæрстæ Сæ фыд 3 Хæдзары 21 Кокушкино 29 Мæскуыйы уынджы 40 Æфсымæртæ æмæ хотæ 48 Кæсыны лзырд кæмæн нæй, ахæм чингуытæ .... 66 Каникултæ . 83 Сашæ 96 Валодя 116 Студенттæ 129 Сæ мад 141 Хицауады хъусынгæнннаг 148 Сæ зонгæтæ 156 Пъæлицæйы цæстдардæй , 162 Карл Марксы „Капитал" 176
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ ЧИНГУЫТЫ РАУАГЪДАДЫ ИРОН ÆВЗАГЫЛ МЫХУЫРÆЙ РАЦЫДЫСТЫ АХÆМ ЧИНГУЫТÆ Гулуты Андрей, «Тохы фæндæгтыл»; «Диссаджы дыргъдон» (дыууæ кадæджы) Г æ л у а т ы А к и м, «Æфцæг» (’æмдзæвгæ- тæ) X ъ а й т ы х ъ т ы Г е о р, «Хæхтар райынц» (æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ) В. Б и а н к и, «Мæргъты хæдзæрттæ» (ра- дзырдтæ сывæллæттæн) Ирон адæмы зарджытæ Китайаг аргъæуттæ Уыдонæн балхæнæн ис республикæйы чиныг- уæйгæнæн магазинты.
ДЛЯ СЕМИЛЕТНЕЙ ШКОЛЫ Гранберг Анна Филипповна В семье Ульяновых Редактор Н. М а м и е в а Художник А. В. П е т р о в Художественный редактор У. К. Канукоа Технкческий редактор Е. У. Датриева Корректоры И. Д. Каболова иВ. Т. Дзодзикова Сдано в набор 5-Х-1961 г. Подписано к пе чати 9-ХИ-60 г. Формат -бумаги 84х1081/32, Печат. листов 9,43+0,30 вкл. Учетно-изд. лис- тов 7,40. Заказ № 3856. Изд. >& 161. Ти- раж 1500. Цена 3 р. 95 к., о 1-1-1961 г. цена 39 коп. Северо-Осетинское книжное издательство* г. Орджоникидзе, пр. Сталина, 11. Республиканская книжная типография, г. Орджоникидзе, ул. Джанаева, 20.