Текст
                    МИХАИЛ ШОЛОХОВ
УЫДОН ТОХ КОДТОЙ
НÆ РАЙГУЫРÆН
БÆСТÆЙЫ СÆРЫЛ
ХИЦÆП СÆРТÆ РОМАНÆЙ
Дзадтьаты Гиуæргайы ткæлмац
ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
СТАЛИНИР — 1961


Боиырдæм фæци. Хусбын атагъайæ æрбадымдга ^хуссайраг сæлæф, уалдзыгон хъарм дымгæ. Дысоны ирдгæмæ фæндæгтыл цы млтдоны цæмтæ ■фæсалд, уыдоы æртæфстысты. Адгуыты хъыррыст гæнгæ тæбæкк кодта дысоны дзода, фæстаг хырыз мит. Мигъты сау пæлæзтæ дымгæмæ ленк кодтой сауда- -лынг , арвыл — цадæг, сæрыстырæп æккуырстысты. Хъæддаг бабызты, аццыты, хъазты æгæрон дзугтæ фæстейæ уагътой мигъты сау пæлæзты æмæ, æх- ■ситт гæнгæ, сæ базыртæй гæрстой умæл уæлдæф, дзаг æй кодтой хъæлдзæг хъæлæбайæ, ивылдысты чзе ’нусон ахстæтты бынæттæм. Черноярскы МТС-ы хистæр агроном Стрельцов Никъала сыстад хурскастæй бирæ раздæр. Цыма хъæрзгæ кодтой, уыйау сæ хъыс-хъыс цыди рудз- гуыты æхгæнæнтæн. Пецы хæтæлы цъæхснаг хъæлæ- чзæй ниудта дымгæ. Уæлхæдзар гыбар-гыбур кодта тасмачъийы сыф—дзæбæх хуыд нæ уыди. Стрельцов йæ сæр йæ къухтыл æруагъта, дзæвгар фæхуыссыд уæлгоммæ, дзæгъæлгаст кодта сæумæ- райсомы саудалынг арвы цъæхмæ, ’лæмбынæг хъуыс- та, куы хæдзары къултыл йæхи хойæг дымгæйы тыхджын футтытæм, куы йæ усы иугъæдон, сывæлло- ны цадæг улæфтмæ—йæ фарсмæ хуыссыд. Уалынмæ уæлхæдзарыл æргæр-гæр кодтой къæвда- #ы æртæхтæ. Чысыл фæсабыр дымгæ. Хъуысып бай- дыдта, умæл зæхмæ пæлхъ-пæлхъ æмæ хъæл-хъæл гæнгæ дон цыхцыры фæлмæц æмæ уæззау уадæй куыд уади, уый. л
Хуыссæг æмгæрон нæ цыд. Стрельцов сыотад^ бæгъæввадæн цадæг рахызт хъыс-хъысгæнаг астæр- дыл стъолы цурмæ, лампæ ссыгъта, æрбадт папирос* дымынмæ. Астæрды зыхъхъыртæй рæхойæгау кодта уазал. Стрельцов бар-æнæбары æрбакъæдз кодта йæ* бæрзонд зæнгтæ, бæстондæр æрбадт, лæмбынæг æры- хъуыста: къæвда цыди æмæ канд сабыр нæ, фæлæ- тынгæй-тынгдæр кодта. уЦы хорзу! Ноджьт фæумæл уыдзæнзæхх",—разæн- гардæй ахъуыды кодта Стрельцов æмæ уайтагъд: сфæыд кодта райсом быдырмæ ацæуьтн „Коммунизммæ* фæндаджы" колхозы фæззыгæндтæ басгарын æмæ- анеулитæм дæр бакæсын. Иæ папирос бадымдта, скодта йæ дарæс, йæ цыбыр- хъус резинæ цырыхъхъытæ, йæ кæттаг плащ, фæлæ? йæ худ нæ ардта æмæ нæ. Бирæ йæ фæцагуырдта* дарæсауындзæны бын дыдзырухс тыргъы, скъаппы фæстæ, стъолы бын. Хуыссæн хатæны сынтæджы цуртьь цадæггай куырацæйцыд, уæд чысыл фæлæууыд. Уæл- гъа фынæй кодта, йе ’ргомуыди къулы ’рдæм здæхт.. Базыл пырх уыдысты йæ урс-урсид, гæзæмæ бурбын, дзыккутæ. Йæ æхсæвыгон хæдоны сæнтурс уæхск ныдзæвди йæ бурбын тымбыл стъæлфыл æмæ йын йæ* нард уæхск ныуугардау кодта. „Нæ дæр æм къæвдайы хъæр хъуысы, нæ дæр дым- гæ... Ахæм фынæй кæны, цыма йæ цæсгом сыгъдæ- гæй сыгъдæгдæр у",— ахъуыды кодта Стрельцов, йæ- усы цæсгоммæ уарзон æмæ фыдæхæй кæсгæйæ, усæн, йæ цæсгом уыди аууон, рухс ыл нæ ныдзæвд. Ноджыдæр-ма иу чысыл алæууыд сынтæджы цур. Йæ цæстытæ æрцъынд кодта, цыдæр æмбæхст рис- сæи рысти йæ зæрдæ. Æрымысыд йæ ивгъуыд рай- гонд царды мысинæгтæ, чи зоны, йæ царды? тæккæ ахсджиагдæр хабæрттæ чи нæ уыдысты, уыдон æмæ йæ уд, йæ зæрдæ æнкъардта, мæнæ,- 4
йын ацы сæумæрайсомы къæвда, зымæгон æн- .дзыгдзинад сæттæг тыхджын дымгæ, колхозон бы- дырты зын æмæ æхсызгон куысты къæсæр ын йæ ••зæрдæйы цы æхцондзпнад равзæрын кодта, уымæй •цадæггай, фæлæ æнæ фæивгъуыцæй кæй иртæсы, уый... Стрельцов бæгъæмсарæй рахызт дæлбазырмæ. Фæлæ яшривгъуыд азтау нæ банкъардта хъæддаг бабызтыба- ^ырты æхситт мæйдар арвы, раздæр-иу куыд уыд, афтæ ’йæм цуаноны монцы хуызæн тыхджын нал бахъард- та хъæддаг хъазты хъæрзын æмææбæрæг дард кæм- дæр сидæг хъæлæба. Йæ усы ахсджиаг æмæ уыцы иу рæстæджы æцæгæлон цæсгоммæ цы цæсты ны- къуылды бæрц каст, уый йын цыдæр маргæй фæ- хъæстаз кодта йæ сæры магъз. Ныртæккæ Стрельцов- кæ æндæргъуызон зынд, цыдæриддæр йæ алфæмблай уыди, уый. Æндæргъуызон æм каст, царды мидæг ног стыр хъуыддæгтæ бакæнынмæ райхъал уæвæг æп- агæт дуне, æгæрон дуне... Къæвда тынгæй-тынгдæр кодта. Лыстæггай зулмæ уарыд æмæ, сæрдыгон къæвдайау, зæххæн парахатæй дон дардта. Йæ гом сæр къæвда æмæ дымгæмæ дар- гæйæ, Отрельцов зыдызмæлд кодта йæ фындзы хуын- чъытæ, фæндыд æй ссау уæвæг саумæр зæххы •смæр тæф банкъарын, фæлæ дзæгъæлы — зымæджы дæргъы ныууазал уæвæг сыджыт нæма сулæфыд. Æгæрыстæмæй зымæджы фæстæ фыццаг къæвда дæр — <сæумæцъæхы агъонмæ талынджы æнæуд æмæ æдых •къæвда—нæ кодта, уалдзæг куыд вæййы, афтæ гæзæ- мæ хæрздæф. Æппыннæйæ афтæ касти Стрельцовмæ. Йæ сæрыл æркодта йæ плащы худ, ацыд бæхдонмæ, «бæхæн холлаг авæрынмæ. Воронек дардмæ базыдта йæ хицауы æмæ цадæг бамыр-мыр кодта, йæ фæстаг къæхтæ райс-байс кодта æмæ хъæдын астæрдыл хъуыст йæ цæфхæдты гуыпп-гуыпп. 5
Бæхдоны уыди хъарм, сур. Лæг дзы æнкъардта. раджы аивгъуыйгæ сæрды тæф, алæугæ быдираг хооы тæф, бæхы хиды тæф. Стрельцов осыгъта фанар, бæ- хæн хос нывæрдта кæвдæсы æмæ йæ сæрæй аппæре- та йæ плащы худ. Бæх иунæгæй æнкъард кодта талынг скъæты. Æвæндонæй басмыста хосмæ, фæхуыррытт кодта, йæ- хибайвæзта йæ хицаумæ, æмæ йын йæ русылйæзæл- даг фæлмæн былтæ хъавгæ æруагъта. Фæлæ йæ хи- Цауы дæрзæг хъисрихитыл куы аныдзæвдысты, уæд .æнæразыйы хуыррытт фæкодта, йæ цæсгоммæ йын ба- улæфыд æууылд хосы хъарм тæф æмæйын хъазгæйæ* æууылдта йæ плащы дыс. Хъæлдзæг-иу куы уыд, уæд-иу Стрельцов кæддæриддæр ныхас кодта йа^ бæхимæ æмæ-иу кæрæдзийыл узæлыдысты. Фæлæ ныр- йæ чеппыл нæ уыд. Схойæгау акодта бæхы æмæ æт~ тæмæ фæраст. Воронекы бынтон нæма бауырныдта, йæ хицау йæ чеппыл кæй нæу, уый, цæхгæр фæзылд æмæ йын йа^ фæндаг ахгæдта.Стрельцов йæхæдæг дæр йæхицæк уый æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ бæхы рагъ тынг- ныццавта тымбыл къухæй æмæ Гшл фæсус хъæлæ- сæй фæхъæр кодта: — Дæ хъазынмæ бахæццæ дæ, холы фæуай!.. Воронек фесхъиудта, фæстæмæ алæууыд, йæ- къæхтæ радав-бадав кодта, тæссæй йæхи æнгом -бал- хъывта къулмæ. Стрельцов фефсæрмы, йæхиуыл æнæ- хъуаджы кæй нæ фæхæцыд, уый тыххæй. Райста зæгæ- лыл ауыгъд фанар, фæлæ йæ нæ ахуыссын кодта, цæмæдæр гæсгæ йæ астæрдыл æрывæрдта, дуары цур- саргъыл æрбадт, тамако ссыгъта. Чысыл фæстæдæр загъта: — Цæн, бахатыр мыи кæн, æфсымæр, цьшæ вæййы царды... '6
ВорЬнек цæхгæр æрбакъæдзкодта нæ бæрзæп, ра- зылдта)йæ цъæхбын тæмæнкалгæ цæсты хъоппæг, бакаст\нæ æнкъард хицаумæ, æмæ æнæбары æууи- лын равдыдта йæ дæндæгты ’хсæн мыртт-мырттгæнаг хос. Æндъард уыди бæхдоны быдираг хус кæрдæджы- ты тæфм&з, хъæзæй агъуыст уæлхæдзарыл фæззыго- нау цыди\црен къæвдайы сæр-сæр, дзир-дзур кодта бон... Йæ ^æмбыны къæдзтæй йæ уæрджытыл уæззау æнцойгæнг|æ, Отрельцов бирæ фæбадти сæргуыбырæй. Йæ къах æ|й нæ хаста хæдзармæ, йæ ус кæм хуыс- сыд, уырд&м: нæ йæ фæндыд базыл апырх уæвæг гæзæмæ къæбæлдзыг урсдзагъд дзыккутæ æмæ йæ* тарбын уаехскыл æнæуынон тымбыл стъæлф фенын. Ам ык, (бæхдоны, æвæццæгæн, хуыздæр, æхцондæр уыди... Дуаруæрæх байгом кодта, бынтон куы срухс, уæд. Чъизи мигъы къæмтæ дзедзлой кодтой бæгънæг гæ- дыбæлæсты сæрмæ. Тарбын цъæх фæлмы аныгъуыл- дысты МТС-ы бæстыхæйттæ æмæ дардмæ гæзæмæ чи з.ынд, уыцы хутор. Дымгæмæ зыр-зыр кодтой ихуа- зйлæйдæвдæг, урс акъацийы æнæбон лыстæг къалиу- тæ. Æрбабоны агъонмæ æгуыппæджы уæлиауæй, æв- рæгъты сæрмæ арвы цъæхæй, амы хуызæн æнкъард . кæм нæу, уырдыгæй æваст фехъуыст æмæ зæххыл аныдзæвд хърихъуппыты хъуыри-хъуыри. Стрельцовæн йæ зæрдæ цыдæр фелхыскъ кодта. Цæрдæг фестад æмæ иу боны бонцаулæмбынæгхъуыс- та хърихъуппыты дзуджы куыд фæстагмæ байсысæг хъæрмæ, стæй къуырма хъæрзт фæкодта, цыма фы- ны уыди, уыйау, æмæ загъта: — Нæй, мæ бон нал у! Уæлгъаимæ хъуыддаг ахи- цæн хъæуы... Иал у мæ бон! Мæ хъару басаст. Афтæ æрхæндæгæй райдыдта фыццаг æцæг уал- ч дзыгон бонСгрольцов Никъалайыл мæстæлгъæд æмæ 7
æхсайгæ зæрдæйы Яадомдæй. Тæккæ уыцы бощ сæу- мæрайсом, хур куы скаст, уæд, Стрельцов кæм.цард, уыцы хæдзармæ æввахс æлыгбьш къуылдымыл зæх- хæй йæ сæр сдардта фыццаг кæрдæджы билдъ. Йæ фæлурс цъæхбын цыргъ æвзаг схуынкъ кодта фæз- зæджы ардæм кæцæйдæр æрхауæг тæгæр’ бæласы фæлымбыд сыфтæры хыз, æрхауд ыл къæвдайы уæз- зау æртах æмæ уайтагъд фæгуыбыр. Фæлæ уалын- мæ дæлвæз æрбадымдта хуссайраг дымгæ.- Фæци йæ дуг тæгæры сыфтæрæн æмæ/ умæл рыга|у, æрыз- гъæлд. Фæцудыдта æртах, сыджытмæ ныттылд. Зы- быты иунæг, æдых, æ.гæрон зæххыл кæй ничи фип- пайдта, фæлæ æнусон царды хосмæ,' хурмæххъæддых æмæ æвæлмонæй тырнæг кæрдæджы хал .базмæлыд, йæхиуыл схæцыд, сраст. ’ Хъæмпы цъынайы фарсмæ, зæхх ма салд кæм уыд, уым цæхгæр разылд ЧТЗ трактор æмæ йæ галиу калмдзалхæй тæнгъæд цъыф æмæ хъæмпимæ æмхæц- цæ салд сыджыты чъылбызтæ æппаргæйæ, цæрдæг ацыд хуымы кæронмæ. Фæлæ хуымы тæккæ райдианы æвиппайды фæстæмæ фæцудыдта, алы сриуыгъдæн дæр арфæй-арфдæр ныхсти лæхъир мæры, стæй бын- тондæр ныффидар. Тракторы цъæхгъуыз фæздæг аны- гуызта æмæ бурбын кæрццæгыл хъуымацы тынтау уырынгтæ-уырынгтæ æрбадт. Матор ма цадæг акуыс- та æмæ ахуыссыд. Тракторист араст сæ бригадæйы вагонмæ, тыххæй- иу сласта йæ къах цъыфæй, цæугæ-цæуын йæ къух- тæ сæрфта гæны фæскъауæй. — Нæ дын дзырдтон, Иван Степанович, абон нæ хъуыди райдайын? Тракторы дæр ма цъыфы ныппæр- стат. Ныр æй хæйрæг дæр нал сыфтаудзæн! Изæрмæ йыл фыдæбон кæндзысты,—мæстæйдзагæй дзырдта Стрельцов 1\æ чысыл саурихитæ схъаугææмæ МТС-ы 8
.директбры сырхуадул, нард цæсгоммæ каст, йæ маст æргом æвдисгæйæ. Директорæн хъыг уыди æмæ бахъуыр-хъуыр кодта, -фæлæ дзуапи ницы радта. Æрмæст вагоны цурмæ куы бахæццæ, уæд зулаив фæкаст Стрельцовмæ æмæ йын афтæ: — Ды та кæсты ма кæи. Хуымæтæджы ницæуыл мæсты нæ хъæуы. Ыæ ныссæдздзæн Дæ трактор, хæйрæджытæ йæ нæ бахæрдзысты! Изæрмæ йæ -лæнпутæ сыппардзысты æмæ та нннæбон бафæл- вардзыстæм. Бавзарынæй ныл ницы зиан æрцæу- дзæн. Цыфæнды куы уа, уæддæр нæ нскуы раидаиын ’Хъæуы, æви цалынмæ зæхх рыг кала, уæдмæ æн- зсъæлмæ кæсдзыстæм? Фæззыгæндты федтай? — Федтон иу-фондз боны размæ. — Æмæ куыд сты? — Ницы сын у. Зымæг арвыстой. Æрмæст дзы цæ- -лейæ, Гæмæх ададжы цур, иу гæбаз доны бын фæци. —Бирæ у? — Нæ, бирæ нæу, афтæ иу-дыууæ гектарæп дæр къатдæр, фæлæ йæ уæддæр ногæй байтауын хъæудзæн. •Ныртæккæ та уырдæм цæуын æмæ йæ фендзынæн. 'Фæлæ иннæбон фæлварынвæнд æппындæр ма С1$æн; Пван Отепанович! Зонын, ды хивæнд дæ, фæлæ уы- мæй зæхх тагъддæр нæ сур кæны. Æз дæуæй куы уаин, уæд уал дыууæ тракторы „Сталинон" колхозмæ барвитин. Дæхæдæг æй зоныс, уым зæхх змисбын у, гуырысхойаг нæу, хзгым кæнынæн кæй бæззы, уый. Директор тæссæй йæ къухтæ батылдта: — Æмæ трактортæ уæгъды тæрын та? Æртагдзæ- гъæлы судзын та? Кой дæр мын æп ма кæн! Цæйдæр дыууæ боыы номыл тракторы дыууадæс кнлометры ^атæр, уый тыххæй мæ райкомы бюройы уæлхъæдæй -аныхъуырдзысты! Зæгъдзысты, зæгъгæ, мæнæуи афо- 9
ныл нæ базыдта, кадртæ куыд æрывæрыи хъæуы, уыйг зæгъгæ, хъуыддаг дзæбæх нæ равзæрста, æмæ цæ- мæй зонын цы нæ зæгъдзыоты, цæмæй мæ нæ азым- джыи кæндзысты! Нæ, трактортæ арвитыны тыххæй мын кой дæр ма кæн. — Уæдæ, дæумæ гæсгæ, трактортæ хъуамæ ам дзæгъæлы лæууой? Директор йæхи сынцъылдтытæ кодтаæмæйæ къух ауыгъта, ома уыцы ныхас фæци. Æппьшдæр æй нæ фæндыд, Стрельцов ын дарддæр цы загътаид, уымæ хъуеын æмæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. Фæлæ йæ Стрельцов баййæфта æмæ йæ бафарста: — Цы ныхъус дæ? Мадзура дын ницы баххуыс кæн- дзæн. — Цы хъуыд, уый иууылдæр загътон æмæ брига- ды уæлдай ныхас куыннæ уал уа. — Цæй, хорз. Ныхас, дæхи загъдау, æндæр ран кæн~ дзыстæм. — Дзырдæн, кæм? — Кæм куы зæгъай, уæд райкомы. Фæлмаст, хæларзæрдæ директор-иу стæм хатт йед- тæмæ кæддæриддæр худæндзаст уыди. Ныр дæр хъæ- рæй ныххудти,- йæ фæлмæн армы тъæпæнæи æрхоста Стрельцовы уæхск: — Ех, куыд хъæтæф дæ, куы, агроном Микола, æмæ хъæтæфтæ кæдæм аскъæфынц лæджы, уый зоныс? Гъе, уæдæ, афтæ! Бавзар, смидæг у райкомы, кæд- дæра æппæты фыццаг дæхæдæг нæ бахауис фыдбы- лызы. Стæп дыл æз мæхæдæг дæр бахъасткæндзы- нæн, зæгъгæ, мæ бæсты йæхи уынаффæгæнæг кæны æмæ йæхи тъыссы мæ администрацион функцитьи Хорз уыдзæн? Бæзджынтæконд Иван Степановичы æвидигæ зæр- дæхæлардзинадæй-иу кæдцæриддæр • æрсабыр чсуцца Стрельцов. Хъазæн ныхасæн дзуапп нæ радта, фæлæ æнæуый дзæвгар æрсабыр æмæ загъта: 10
— Уынаффæгæнæг нæ, фæлæ дыы дзургæ кæнын...; Фæлæ директор ныхас иннæрдæм аздæхта. — Сæйраг хъуыддаг уый у, æмæ мæсты ма кæн.. Дæ хуызæн мæллæг лæгæн мæсты кæнын хорз нæу. Фæлæ Отрсльцовы æрфыгæлхынцъæй куы федта, уæд хъазæн ныхас фæуагъта æмæ дзурын райдыдта. хъуыддаджы фæдыл: — Уæвгæй хæйрæг æй базонæд, чн зоны, раст>зæ- гъыс. Ахъуыды кæндзынæн, аныхас кæндзынæн бри- гадиримæ, æмæ кæд афтæ уа, кæд æндæр амал нæ уа,. уæд трактортæ ахсæв баппа’рдзыстæм „Сталинон" кол- хозмæ. Бæлвырд у, уым райдайæн ис хуым кæнын, фæлæ æз æнхъæл уыдтæн, зæгъын, уым Романенко йæхæдæг дæр æгъгъæд у. Фæдзурын æм хъæуы, ба- зонын хъæуы, хуым кæнын райдыдта æви ма схæц. æруадз кæыы.—Æмæ, сæ цурмæ бацæуæг тракторист-' мæ дзургæйæ, уайдзæфгæнгæ йæ сæр батылдта. •—Ех, Федыр! Федыр! Уый куыд ныссагътай, мæ- хæлар, трактор цъыфы? Афтæмæй та танкист уыди,. хорз ахуыр кодта æфсæддон хъуыддаг! Тракторист Белявин Федыры йæ хæлæрттæ дзæгъæ- лыиесхуыдтой „Сау хъæндил": йæ цырыхъхъытæ, йæ бæмбæджджын сау хæлаф, йæ бæмбæджджын сау къан- дзол, йæ фæтæн уæхсчытыл сау сæрак хъусджын худ, худы бынæй зæу-зæугæнаг сау-сауид бецыкк,. ала æмæ мазутæйдзаг саулагъз цæсгом—æппæт уы- дон бæлвырд æвдисæн уыдысты, цы фæсномыг ыл сы- вæрдтой, уый йыл дзæбæх кæй фидыдта, уымæн. Худæджы фæцъынд-фæцъынд кæнгæ, йæ цæсты- ты цъæх гагуытæ æмæ урс-урсид цъæхбын дæндæгтæ^ тæмæнтæ калгæ, Федыр дзуапп радта: — Дæ аххосæй ныссагъди, Иван Степанович! Неп-- пæт дæр дын дзырдтам—брпгадир дæр, агроном дæр,, трактористтæ дæр, зæгъгæ, нæ ацæудзæн трактор*. \Ь
•Фæлæ ды кæй дзырд суадздзынæ? Бафæлвар, зæгъ, уый дын иу æмæ дыууæ. Ныр æм мæнæ кæсынæй -бафсæд æмæ нын баххуыс кæн, цæмæй йæ сыфтауæм. Тыхæй дæм фау нæй. Бакæсгæйæ, раст ЧТЗ-йы хуы- -зæн дæ. Мæгуырау зылд нæ баййæфтай зымæджы. — Цæуыл скуыдтай?—æдыхст æмæ гæзæмæ æнæв- вæрсон ныхасы хаттæй загъта директор.—Дæ цæс- ты сыг æруагътай, чызджытæ та дæ бæгъатыр хо- нынц. Æнхъæл дæн, дзæгъæлы дæ хоныиц бæгъа- тыр... Цом-ма, фенæм, кæддæра йæ куыд ныссагътай. Фæцæуæг сты сæ дыууæ дæр трактормæ. Æрба- ■цæйцыд бригадир дæр, йемæ ноджы дыууæ тракторис- ’ты. Отрельцов æвæндонæй араст вагонмæ, уым баст уыд йæ бæх Воронек. Йæ къах æй нæ хаста бригадæ- йæ, ам ын æнцондæр улæфæн уыд,—адæмы цур, куыс- ты йын æнцондæр уромæн уыд йæ сагъæс. Фæлæ сæ «алфæмблайы колхозты фæззыгæндтæ æнæмæнг феыын хьуыд, æмæ цадæггай цыди ссæст хус кæрдæгыл. Фæстæмæ та йæм æрыздæхтысты, йæ усы тыххæй йæм цы хъуыдытæ уыдис, уыдон, йæ ус æмæ ахуыргæ- нæг Овражни кæрæдзимæ цы цæстæнгас дарынц, уы- -дæттыл хъуыдытæ æмæ, йæ къæхты бынмæ кæсгæ- цæ, архайдта, цæмæй сæ йæ сæрæй аппæрстаид. Фæ- ~лæ йын афæстаг рæстæджы йæ уд чи æууылдта *æмæ куыд æмбæлы, афтæ йæ цæрын æмæ кусын чи еæ уагъта, уыцы худиыаг æмæ уæззау хъуыдытæ яехсæвæй-бонæй йæ сæрæй нæ хаудысты. —- Лæу нæм, æмбал Стрельцов, немæ бааходæн кæн! Ахæм кас скодтон, æмæ дæ цæрæнбонты дæр уый :хуызæн никуы бахордтаис!—фæхъæр кодта бригадæйы хæринаггæнæг Марфæ, пец амайынмæ дæсны чи уыд, кæцыдæр ахæм трактористы арæхстджын къухтæ ва- гоимæ æввахс кæй сарæзтой, Стрельцов уыцы къухня- $ы цурты сæргуыбыр æмæ æыкъардæй куы фæцæй- цыд, уæд. 12
Стрельцов ын йæ сæрæй акуывта æмæ йæм йæ мид- был æнæбары худт бакодта: — Цæй, æркæн уæд та, Марфушæ, цы уа, уый уæд,„ æндæра ардыгæй изæрмæ хæдзары нæ уыдзынæн. Стрельцов æрбадт вагоны бинаг къахæвæрæныл, хæринаггæнæджы армæй райста касы къус æмæ æр- мæст уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд, знонæй нырмæ* хойраджы хъæстæ кæй нæ фæци, уый. Фæлæ цал~ дæр уидыджы куы ацымдта хæрзад, чысыл фæздæ- джы адгæнæг тæнæг касæй, уæд къус зæххыл æрыг- вæрдта æмæ,—ныр цал æмæ цал хатты ацы райсом— йæ зæроид сæрак тамакодонæй систа æнцъылдтытæ папирос... Цæсты тигътæ йæм нæ лæууыдысты, ахæм арвы цъæх-- мæ тæмæнтæ калдта июлы цæхæркалгæ зынгхур. Урсца- гъд къуымбилы бындзгуытау урс-урсид дардтой дым- гæйы байтаугæ мигъы къæмтæ. Фæндагыл—цъæхбын- рыгыл бæлвырд мыхуыргондæй лæууынц танкы калм- дзалхы фæдтæ, фæстæдæр сыл аззад автомашинæты, фæд. Фæндаджы алфæмблай быдыр афтæ зынди, цы- ма æнуд тæвды дзыхъмард фæци: кæрдæг афæлдæхт,. тарбын дыдзы æрттывд кæны гæмæх зæхх, дæрддзæф, обæуттыл фæлмау сбадти æмæ зыр-зыр кæны цъæх-- бын уæлдæф, бæстæ афтæ æгуыппæг у^ æмæ дардæй< хъуысы уырыйы æхситт, тæвд уæлдæфы æрæгмæ бай- сысы атæхгæ цъыр-цъыраджы сырх базырты хус- сых-сых. Никъала цыди фыццаг рæнхъыты. Къуылдымæй дæлæмæ ракасти, æмæ уыцы иу фæкастæй йæ цæст æрцахста, Сухой Ильмены тыххæй цы тох æрцыд,. уый фæстæ ма сæ удæгас чи баззад, уыдон иууыл- дæр. Сæдæ æвддæс салдаты æмæ камандиры—фæстаг тохы, æнауæрдон цæфтæ бавзарæг полчы фæлхортæ 13-
•цыдыеты æнгом рæнхъæй, сæ къах фæллщ ист код. той æмæ ныхъуырдтой фазндагыл мигъау ныббадгæ быдираг масг рыг. Фæндацжы былтыл чиугæ къах- дзæф кодта дыккаг батальоны,цæф -камандир капи- тан Сумсков—майор куы фæмард, уæд иолкæн каман- да кæныныхæс йæхимæ чирайста, уый. Сержант Лгоб- чеикойы фæтæн уæхскыл узæгау кодта, фæстæмæ куы фæчъил сты, уымæи æрмæст чысыл раздæр кæм- дæр дыккаг эшелоиы æрфæны! кæй самал кодтой æмæ йæ ахуырст кæмæн ссыд, ахæм агъуды æвæрд, пол- чы тырысайы хъæд. Колоипæйы рæнхъыты фæстæ нæ задысты, афтæмæй сæ цыд кодтой уæлæнгай цæф хæс- тонтæ рыгæйдзаг чъизи бæстытæй. Дæрæнгонд полчы уæззау змæлды, хæсты быдыры, тæвды, æнæхуыссæг æхсæвты æмæ дард фæндæгтыл бастайæг хæстонты иугъæдон къакайсты адæймаг фип- иайдта цыдæр сæрыстыр æмæ зæрдæмæхъарæг æн- «къарæнтæ: кæд стад, фæлмæцыд уыдысты, уæдзæр цыфæнды уысм дæр ногæй бацыдаиккой хæетЕл бы- ■дырмæ æмæ та тох самадтаиккой. Никъала йæ цæст ахаста йæ зонгæты фæлмаст тарбын цæсгæмттыл. Цас фæхъуыд полкæй ацы æл- гъыстаг фондз боны! Никъалайæн тæвды йæ былтæ ^аскъуыдтæ сты. Фембæрста, базыр-зыр кодтой йæ былтæ æмæ фæстæмæ фæзылд. Æвиппайды судзгæ масты къæм йæ хъуыры фæбадт, нæ сæр æркъул кодта æмæ йæ цæстытæм æрзылдта судзгæ танхъа, цæмæн йын йе ’мбæлттæ ма фсной йæ цæсты сыгтæ .. „Слæмæгъ дæы, бынтондæр ме ’уонг ауагътон... Уый иууылдæр тæвды æмæ фæлмæцыды аххос у",—хъуыды кодта 'Никъала йæхинымæр æмæ тыххæй-фыдæй иста йæ къæхтæ, цыма сæ зды ауагъд, уыйау, пæ тых йæ бо- нæй, цæмæй йæ къахдзæф ма фæкъатдæр кодтаид. Ныр\Никъала цыди^ фæстæмæ нæфæзилгæйæ, йæ развæндагмæ каст фæлмаст цæстæцгасæй, фæлæ та Л4
ныр дæр, фыны уынæгау, йæ цæстытыл уадысты, фæстæмæ ацы дзæвгар алæуд цы тохæй райдыдта æмæ иæ зæрдыл хорз чи лæууыд, уыцы хæрз æрæджыйы тохы хицæн нывтæ. Ауыдта та: мæнæ къуылдымы фахсыл цæрдæг æрцæуы пемыцаг танкты гуыргуыр- гæнаг зæй. Рыджы мигъ сыл сбадт, афтæмæй æрбаз- гъорынц (автоматчиктæ. Сармадзаны нæмгуыты фехæл- дæй бæрзонд фæцыдысты сау стъæлфæнтæ. Быдыры, кæрдинаг мæнæуы хуымы ныпнырх сты сыхаг бата- льоиы хæстонтæ æмæ æвæткæн фæстæмæ уайынц... Уый фæстæ—тох æрцыд знаджы моторифтонг фистæг азфсадимæ, рацыдысты æрдæг æрхъулагонд уавæрæй, фронты фæйнæ фарсæй мæлæтхæссæг æхст, нæмгуы- ты схъистæй æрызгъæлдысты ,хурмæзилджытæ, къан- нæг дзыхъхъы йæ бырынкъныссагъд уырынгтæфындз пулеметæн, йæ фарсмæ—бомбæйы улæн иуварс ап- пæрста пулеметчиш æмæ æдзæммард фæци. Мæнæ уæлгоммæ хуыссы, сæрæй бынмæ йыл æрызгъæлдыс- ты диссаджы рæсугъд æмæ æвирхъау тæссаг туг- хъулоы хурмæзиладжы зæрин дидингуытæ... Немыцаг бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ уыцы бон цыппар хатты æрбатахтыоты полчы раззаг кæронмæ. Лæг загътаид—дур дурыл нал баззад. Знаджы танк- ты цыппар æрбабырстæн дæр лæвæрд æрцыд ных- къуырд. „Хорз хæцыдыстæм, фæлæ сæ уæддæр нæ баурæдтам",—хъыгзæрдæйæ ахъуыды кодта Никъала, тохы æууæлтæ йæ зæрдыл æрлæугæйæ. Иу уысмы бæрц йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ та федта дидинæг æфтауæг хурмæзилджытæ, сæ æмраст рæнхъыты ’хсæн хæмпус сыджытыл пулемет- чикы мард... Ахъуыды кодта, зæгъгæ, хурмæзилæг- ты хуымтæ, æвæццæгæн, уымæн нæ барывтой, æмæ колхозы фаг нæй кусæг тых; зæгъгæ, ацы хур- мæзилæгоу ныртæккæ бирæ колхозты хурмæзилаг уал- 15
дзæгæй фæстæмæ иунæг хатт дæр рывд нæ уыд æмæ- йыл хæмпæлгæрдæг схæцыд; зæгъгæ, пулеметчик, æвæццæгæн, хорз лæппу уыди, æндабра нын цæмæн фæтæригъæд кодтаид салдаты мæлæт æмæ йæ цæмæн- нæ ныццæнкуылтæ кодта? Йæ цæнгтæ рæсугъд бай- тыгъта, афтæмæй уæлгоммæ хуыссы, иууылдæр æнæ- хъæн, цымахурмæзиладжы сыгъзæрин дидинæджджыв тырысайæ æмбæрзт у, уыйау. Уый фæстæ Никъала ахъуыды кодта, зæгъгæ, уыдæттæ мур дæр ницы сты^ зæгъгæ, бирæ федта, сармадзаны нæмыджы схъистæ кæй ныппиекъуылтæ кодтой æмæ æнæзæрдæмæдзæу- гæ фыдуынд чы сси, ахæм хорз лæппуты мæрдтæ, æмæ пулеметчикы хабар афтæ кæй рауад, уый æнæн- хъæлæджы уыди: ныдздзæхст æй кодта фехæлгæ бом- бæйы улæн, йæ алыварс æрсæх-сæх кодта, æрыгон лæппуйы мардыл æрызгъæлдысты æвзонг хурмæзила- джы дидннгуытæ, аныдзæвдысты йæ цæсгомыл, цы- ма йæ зæхх фæстаг хатт рæвдыдта, уыйау. Чизоны, уый рæсугъд ныв уыди, фæлæ хæстыбыдыры æттейæ бакæсгæйæ рæсугъддзинад хъылмайы хуызæну. Уы- мæн бадардта Никъала бирæ рæстæджы дæргъы йæ- зæрдыл уыцы пулеметчик лæппуйы: йæ уæлæ хур- мæсыгъд фæлурс хæдон, йæ’домбай цæнгтæ байтыгъ- та тæвд зæххыл, йæ мæрдон цъæхдзаст цæстытæ скодта комкоммæ хурмæ... Никъала тыххæн асырдта уыцы æдзæлгъæды мы- синæгтæ. Загъта, зæгъгæ, ныртæккæ, æвæццæгæн, хуыздæр у æппындæр ницæуыл ;:ъуыды кæннн, фæ- лæ мæнæ афтæ цъындæй цæуын, уæззау къахдзæфы ритм хъусæй ахсын æмæ цас гæнæн ис, уымæн йæ фæсонты æмæ йæ фæллад къуырма рыст ферох кæ- ныныл архайын. Сдойны. Æниу æнæзонгæ нæ уыд, иу цъыртт дæр< æ!м дон кæй нæ уыди, уый, фæлæ уæддæр бавнæлд- 16
та йæ доигарзмæ, бауыгъта афтид флягæ æмæ тых- хæй-фыдæй аныхъуырдта, йæ дзыхы цы бæзджын æн- дæдзаг сæт уыди, уый. Къуылдымы фахсыл дымгæ стæрæгау кодта фæн- даг, бынтондæр ныддымдта æмæ фæхаста рыг. Ныры онг гæзæмæйы йедтæмæ нæ хъуыст, рыджы ныгъуылд æфсæддонты къæхты хъæр. Фæлæ ныр дæвдæг зæххыл æнæнхъæлæджы дзæбæх райхъуыст. Никъала ракаст: Бынæй сзынди хутор—фæндзайы бæрц хъазахъхъаг урс-урсид хæдзары, сæ алыварс дыргъдæттæ,— æмæ быдираг цæугæдоны уæрæх ауæзт. Ардыгæй, къуылдымæй, урс-урсид хæдзæрттæ, афтæ зындысты цыма исчи кæрдæгыл æвæткæй байзæрста дзæнхъайы къæрттытæ. Æнæдзургæйæ цæуæг æфсæддонтæ фæцæрдæг сты, Райхъуыст кæйдæрты дзурын: — Ам хъуамæ аулæфиккам. — Уæдæ æндæр куыд, сæумæрайсомæй нь;рмæ æр- тын километры расæпп кодтам. Никъалайы фæстейæ фехъуыст, чидæр йæ былтæ куыд ацъырдта, уый æмæ къæзгæ хъæлæсæй загъта: — Ех, ныр алы лæгæн дæр ведрайы ’рдæг ихы хуыг зæн уазал суадонæй! Фæстейæ аззад æнæзмæлгæ тыгъдбазыр дымгæйые куырой. Бацыдысты хутормæ. Хъулон бур родтæ кау- гæрæтты зивæггæнгæ æхсыдтой хурсыгъд кæрдæг, дыргъдоны уæлейæ кæмдæр хъуыдатт-хъуыдатт код- та карк, бæласдæтты фæстæ сæ сæртæ фынæйы уагъд æркодтой сырх-сырхид дицинджытæ, гæзæмæ змæлыд урс фæрссагæмбæрзæн гом рудзынгыл. Никъаламæ афтæ æнцад-æнцой, афтæ сабыр фæкаст, æмæ йæ цæ<^ тытæ тынг ныдздзагъыр кодта, йæ улæфт ныссашр, цыма тæрсгæ кодта, зæгъгæ, уыцы зонгæ аемёе кæд- "дæр, тынг раджы кæй федта, уыцы сабыр^Дарды ныв "2. М. Шолохов. 17
ныртæккæ йæ цæсты раз фæдæлдзæх уыдзæн, атай- дзæн тæвд уæлдæфы мигъы къæмау. Фæзы бæзджын сзади лæджирттæг, нал та хъуыс- ти фистæг æфсæддонты æмист къæхты хъæр. Хъуыс- тн æрмæст, фæкъул уæвæг кæрдæджы цъуппытæ æф- сæддонты цырыхъхъыты хъустыл куыд сæх-сæх код- той, уый. Дидинджыты цъæх ссæгæй ахуырстыс- ты цырыхъхъытæ, æнудгæнæг рыджы тæфимæ сæм- хæццæ дидинæг калæг лæджирттæджы цъæхснаг æмæ æнкъард тæф. Хæст æрбахæццæ Докы бæстæйы æгæрон тыгъд- быдыры аныгъуылæг ацы къаннæг хутормæ дæр. Хæ- дзæртты кæртыты, сарайты къулты æмбуар лæууы- дысты медсанбаты автомашинæтæ. Уынгты фæцæйцы- дысты саперон æфсæддон хайы сырхæфсæддонтæ. Æртæтонон автомашинæтæ цæугæдоны ’рдæм цъупп- амадæй ластой ногфаст гæдыбæласы фæйнæджытæ., Дыргъдоны, фæзмæ æввахс, æрбынат кодтазенитон сар- мадзанты батарей. Оармадзантæ уыдысты бæлæсты цур сыфтæртæй хæрзарæхст аууонгонд. Нырма æрæ- джы кæй скъахтой, уыцы акопты алфæмблай сыджы- тыл уыди фæлвых кæрдæг. Уынджы æрдыгæй йæ дзых хæрдмæ тызмæг дардта сармадзан, зæрдиагæй йæ æр- <5ахъæбыс кодта, цъæхбын фæлурс фæткъуытæ кæуыл зæу-зæу кодта, ахæм антоновкæ фæткъуыбæласы уæ- рæх къабуз. Звягинцев йæ цонгæй басхуыста Никъалайы æмæ йын хъæлдзæгæй афтæ: — Ай нæ къухня куы у, Микола! Дæхиуыл схæц! Нæ фæллад суадздзыстæм, нæ фарсмæ цæугæдон, Петька Лесиченко йæкухняимæ, цы гуыбынниз ма дæ хъæуы? Полк æрынцад цæугæдоны тæккæ был дзæгъæл егъау дыргъдоны. Чысыл хъуыртгай нуæзта Никъа- 18
ла уазал, цæхджынгомау, дон, тагъд-тагъд-иу йæхи фæиртæста донæй, стæй та-иу йæ дзых зыдгæнгæ но- гæй бахаста ведрайы былмæ. Звягинцев æм каст æмæ йын афтæ зæгъы: — Дæ лæппуйæ фыстæг куы райсыс, уæд уый дæр раст афтæ фæкæсыс: чысыл дзы акæсыс, фæуадзыс •æй, стæй та йæ ногæй райдайыс кæсын. Æз аф- тæ схæц-æруадз нæ уарзын. Æз уалтæ нæ быхсын. Цæй, æри ведра, æндæра ныррæсидзынæ. Райста Никъалайы къухтæй ведра, йæ сæр дзы ны- тъьтста æмæ дзæвгар рæстæджы æнæулæфгæйæ нуæз- та, йæ хъæр куыд хъуыст, ахæм егъау хъуыррыттæй, "бæхау. Йæ бурхилдяшн хъæл-хъæлаг адæргæй ра- уай-бауай кодта, йæ хъоппæг цъæх цæстытæ æхцо- ■ны цъынд æркодта. Йæ дойны куы басаста, уæд йæ хъуыррытт фæцыд, йæ хæдоны дысæй йæ былтæ æмæ Иæ хуылыдз роцъо асæрфта æмæ æнæразыйæ загъта: -- Хорз дон нæу. Хорз æрмæст уымæй у, æмæ уа- зал у, стæй хуылыдз, фæлæ Гшн йæ цæхх фæкъат- тæр кæнын хъæуы. Нуазыс ма? Никъала йæ сæр банкъуыста, æмæ йæуæд Звягнн- цев æваст афарста: — Дæумæ фыстæг тынгдæр дæ лæппу фыссы, уый зонын, фа^лæ дæм цыма дæбинойнаджы фыстæджытæ нæ бафиппайдтон. Идæдз миййаг дæ? Æмæ йын Никъала йæхæдæг дæр æнхъæл куыд нæж уыд, ахæм дзуапп радта: — Нæй мын бинойнаг. Ахицæн стæм. — Раджы? — Фарон. ’— О-о-о!-—тæригъæдгæнæджы ныхасыхаттæйдаргъ •ауагъта Звягинцев.—Æмæ сывæллæттæ та кæимæ ■сты? Æнхъæл дæн дыууæ дын сты? — Дыууæ. Мæ мадимæ цæрынц. — Дæхæдæг æй ныууагътай, Никъала? 19
- — Нæ, йæхæдæг мæ ныууагъта... Зоныс, хæст цы*. бон райдыдта, уыцы бон камандировкæйæ æрцыдтæн æмæ йæ хæдзары не ’рыййæфтон, афардæг. Фыстæг ныууагъта æмæ афардæг. Никъала дзырдта зæрдиагæй, стæп куыддæргонау æваст фæсыкк æмæ ныхъхъус. Нынкъард, йæ былтæ нылхъывта, фæткъуыбæласы бын аууоны æрбадт æмæ æнæдзургæйæ ласын райдыдта йæ къахыдарæс. Фæ- фæсмон кодта йæ ныхасыл. Æмæ куыннæ, дæ хор- зæхæй, афæдзы дæргъы йæ зæрдæйы фæхаста йæ низ, никæмæн æц загъта æмæ йæ ныр мæнæ афтæ- æнæхъуаджы ралæхурдта фыццаг фембæлæгæн, йæ ныхасы хатты тæригъæдгæнæджы æууæлтæ кæмæвг банкъардта, уымæн. Æмæ йын æй цæмæн, цæй тыххæй ралæхурдта? Цы хъуыддаг ис Звягинцевы йæ зæрдæ- йы низимæ? Звягинцев нæ федта, Никъалайæн йæ цæсгом кæй фæтар, уый, амæн æмæ йæ сæр тынг æргуыбыр код~ та, æмæ йæ дарддæр фарста: — Æвæццæгæн, налат æндæр ссардта? — Нæ зонын,—æвæндонæй дзуапп радта Никъала. —-Æвæццæгæн ссардта!-—фидар загъта Звягинцев æмæ йæ сæр тынг баикъуыста.—Ахæм адæмы хатт сты ацы сылгоймæгтæ! Куыд зыны, афтæмæй ды мæгуырау лæппу нæ дæ, æвæццæгæн, хорз мызд ис- таис, æмæ йæ æндæр цы гуыбыннизхъуыди? Сывæл- лæттыл дæр нæ ахъуыды кодта, гадза? Бæстондæр куы бакаст Никъалайы цæсгоммæ (тан- хъа йæм аууон дардта), уæд Звягинцев бамбæрста, уыцы ныхас нал æмбæлы, ныууадзын æй хъæуы. Хуымæтæг æмæ хæрзæгъдау адæм куыдкæнынц, аф- тæ ницы у?л сдзырдта, улæфыд æмæ йæ къæх- тæ адæргæйæ райс-байс кодта. Стæй фæтæригъæд кодта уыцы егъау æмæ тыхджын лæгæн, йе ’мбалæн, 20
шыр дыууæ мæйы фæрсæй-фæрсмæ кæимæ хæцы æмæ салдаттаджы уæззау хъысмæт кæимæ æвзары, хуымæн; йæ фарсмæ æрбадт æмæ райдыдта: — Ма йыл мæт кæн, Микола. Хæст фæуыдзæп, стæн уæд бæрæг уыдзæн. Сæйраг хъуыддаг уый у, æмæ дын сывæллæттæ ис. Сывæллæттæ, ме ’фсымæры къуындзих —ныртæккæ сæйраг уыдон сты. Нæ царды уидаг сты, мæнмæ гæсгæ афтæ у. Уыдонмæ кæсы ацы хæлд цард фæстæмæ йæ раны сывæрын, сынг .хæст мийаг нæ бацайдагъ. Сылгоймæгтæ та, æргом дын зæгъдзынæн, æнахуыр диссаджы ацæм сты. Ахæмтæ дзы ис, æмæ æртæ хатты йæхи æрцауындз- .дзæн, уæддæр йæхион бакæндзæн. Сылгоймаг хинæй- дзаг у, æз сæ, ме ’фсымæр, зонын!Кæсыс мæ уæллаг •былы зыкъуыримæ? Фарон мын афтæ фæци. Фыццæ- гæм Майы æз æмæ ме ’мбал комбайнертæ сфæнд код- там аминас кæнын. Æрæмбырд стæм нæ устытимæ, нæхи ирхæфсæм, ссардтам фæндыр, иу цасдæр аныз- там. Анызтон æз дæр, мæ бинойнаг дæр, уæдæ цы уыдаид. Мæ биыойнаг та, куыд дын æй зæгъон, мæ- лæ’ немыцаг автоматчикæй хъауджыдæр нæу: исты •куы райдайа, уæд цалынмæ йæ абоймæтæ иууылдæр ^фæуа, уæдмæ ницæй тыххæй ныууадздзæн, æмæ уый .дæр иу фæхæппæй абырсынмæ хъавы. Уыцы хъæлдзæг изæры уыди иу чызг, æмбисон- ды хорз кафыди „цигайнаг кафт44. Æз æм кæсын, уæдæ цы уыдаид. Мæ фæсонæрхæджы дæр ницы уыд .хинæйдзаг хъуыдыйæ. Мæ бинойнаг мæм æрбацыд, мæ цонг мын нылхыскъ кодта æмæ мын мæ хъусы ■сыф-сыф кæны: „Ма йæм кæс!" Ай дын диссаг,—загъ- тонмæхинымæр,—уæдææнæхъæн изæр куырмæмбæхс- тытæй хъазон æви цы? Æмæ та кæсын. Уый та мæм. .æрбацыд æмæ мын мæ уæраг ахъаззаг нылхыскъ код- \та: „Ма йæм кæс!" Иуæрдæм азылдтæн, иннæрдæм 21
скодтон мæ цæстæнгас, бар, зæгъын, йæхи, нал ,мæ- хъæуы, нал æм кæсьш. Кафты фæстæ сбадтыстæм- фынгыл. Мæ бинойнаг сбадт мæ ныхмæ, йæ цæстытæ раст гæдыйы цæстыты хуызæн—цæхæртæ калыпц. Мæнæн та мæ цонг æмæ мæ уæраг сцъæхтæ сты. Нынныгъуылдтæн, мæхнцæн бадын. Кæсын уыцы æнæ райфæуинаг чызгмæ æмæ хъуыды кæнын. „Дæу тыххæй мыл сæмбæлд, хæйрæг, хуыцауы рæстæй ахæм хабар. Ды дæхицæн кафгæ кодтай, мæн та азар басыгъта". Куыд- дæр уыдæттыл хъуыды кодтон, афтæ мæ бинойнаг стъо - лæй къала тфбæгъ фелвæста æмæ мыл æй. ныффæртт ласта. Мæгуырау мыранмæ не ’хста, кæй зæгъын æй хъæуы, уæд мæ цæсгом егъаудæр уыд. Нæ дæ ба- уырндзæн,—тæбæгъ йæ астæуыл фæдыдагъ, мæфындз æмæ мæ былы туг акалд, цыма ахъаззаг цæф фæдæн» уыйау. Чызг, кæй зæгъын æй хъæуы, стыхст æмæ оххы- тæ кæны. Фæндырдзæгъдæг йæхи баппæрста дива- ныл, йæ къæхтæ йæ сæрæп бæрзонддæр систа, ху- дæгæй бакъæцæл æмæ йæ хурхы уадындзтæй хъæр кæны: „Цæв ыл самовар, бауромдзæн, йæ.ных фидар у!а Мæ цæстытæ аталынг сты. Оыстадтæн æмæ мад^ фыд нал ныууагътонусæн. „Уый цы ми кæныс, æнак- каг цыдæр, афтæ, уфтæ дын уа?!" Уый мынæнцадæи- цой хъæлæсы уагæй афтæ: „Уæдæ йæм дæ цæстытæ цы ныдздзагъыр кодтай, дæлимон! Куы дындзырдтон, ма йæм кæс". Æрсабыр дæн, уæдæ цы уыдаид, æрбад- тæн æмæ йын афтæ зæгъын сабырæй: „Уый у дæ культурæ, Настасья Фидшшовнæ? Æппындæр аив нæу адæмы цур тæбæгътæ зыввыттытæ кæнын. Дæ зæрдыл æй бадар æмæ хæдзармæ куы аздæхæм, уæд бæстон аныхас кæндзыстæм ацы хъуыддагыл". I « Кæй зæгъын æй хъæуьт, бынтон дæр мын æнæад, фæкодта мæ бæрæгбон. Мæ был фæсаджил, мæ дæн- 22
дæгтæй иу сынкъуыст, мæ хæрдгæбыд урс хæдон—- тугамæст, мæ фындз’арæсыд æмæ иуырдæм фæцудыд- та. Æдзæугæ нын нал уыд хæдзармæ. Сыстадыстæм, хатыр ракуырдтам фысымтæй, хæрзæхсæв загътам æмæ ацыдыстæм. Ус цæуы разæй, æз та, куыд ах- хосджын—фæстейæ. Фæндагыл афтæ уади, æмæ йыл цæст дæр нæ хæцыд, дæлдзæхфæуинаг. Фæлæ куыд- дæр къæсæрæй йæ къах бавæрдта, афтæ ахаудта, бауадзыг. Хуыссы, улæфгæ дæр нæ кæны, йæ цæс- гом цæхæрайы хуызæн сырх-сырхид, фæлæ мæм уæд- дæр йæ галиу цæсты зулæй фæкæсы. Ахъуыды код- тон, зæгъын, ам хылæй ницы рауайдзæн, зæгъын, миййаг усыл иеты куы ’рцæуа. Дон ыл фæкалдтон, куыддæртæй йæ æрчъицын кодтон, мæлæтæййæ фер- вæзын кодтон. Чысыл фæстæдæр та бауадзыг. Ныр цæстæй дæр нал кæсы. Ауагътон та йыл ведрайы дзаг дон. Ус æрчъицыдта, цъæхаст кæны, йæ цæс- сыг калы, йæ гæндзæгътæ цæгъды. „Мæ ног зæлдаг кофтæ, дам, мын бынысæфт фæ- кодтай, æвзæр цыдæр, ныххуылыдз æй кодтай, æх- сад дæр ын ницы уал фæахъаз уыдзæн! Гадзрахатæй мыл зилыс! Алы сылмæ дæ цæстытæ ныдздзагъыр кæ- ныс! Мæ бон нæу дæхуызæн бирæгъимæ цæрын!" — æмæ æндæр ахæм алывыдтæ калы. Æз ахъуыды код- тон, зæгъын, иугæр йæ къæхтæ тилы æмæ йæ коф- тæйы кой кæны, уæд ын тас нæу, фервæзти! Æрбадтæн стъолы фарсмæ, тамако дымын. Кæсын æмæ—ус сыстад, чырынмæ бацыд æмæ йæ дзаумæт- тæ батыхта. Тыхтонимæ ацыд къæсæргæронмæ æмæ дзуры: „Цæуын. Демæ мæ бон нал у. Мæ хомæ цæр- дзынæн". Загътон, зæгъын, хæйрæг æй ралгъыста, ныртæккæ йæ ныхмæ дзурæн нæй æмæ уымæ гæсгæ йемæ^сразы дæн. „Ацу, зæгъын, уым дын хуыздæр уыдзæн". „Уæдæ афтæ у! —фæкъæртт ус—Афтæ мæ 23
уарзыс, æмæ мын ма ацу дæр нæ зæгъыс? Мæ къах дæр никуыдæм авæрдзынæн! Ныртæккæ хъуамæ мæ- хи æрцауындзон, цæмæй дыл, куыдзы фырт, дæцæр- гæцæрæнбонты дæ зæрдæ худа!" Йæ мысинæгтæй бахъæлдзæг Звягинцев, еиста йæ тамакойы чыссæ æмæ, йæ мидбыл худгæ æмæ йæ сæр æнкъусгæ, тухын райдыдта папирос. Ни- къала йæ къухы дардта умæл, хидæйдзаг тæвд иортянкæтæ æмæ уый дæр йæ мидбыл худти, фæ- лæ лæмæгъдæр, æнæбарыгомау. Бауайын æй бæргæ хъæуы цъаймæ йæ портянкæтæ æхсынмæ, фæлæ йæ нæ фæндыди Звягинцевы йæ зæрдиаг ныхасæй -фæкъуыхцы кæнын, стæй нæ дæр йæ хъару амыдта, цæмæй сыстадаид æмæ артау судзгæ хурмæ араст уы- даид. Звягинцев папирос дымдта æмæ дарддæр дзырдта: — Æз ахъуыды кодтон æмæ загътон: „Кæд дæ фæнды, уæд æрцауындз дæхи, бæндæн дæ разы чы- рыны фæстæ къулыл ауыгъд". Ус аппæрста йæдзау- мæтты тыхтон, раскъæфта бæндæн æмæ къæбицы фæмидæг. Стъол баввахс кодта, бæндæны иу кæрон æрбаста, кæддæр сывæллоны узæн кæдæм бастам, уыцы къæндзымæ, йеннæ кæронын цæг ацарæзта æмæ йæ йæ хъуырыл æркодта. Стъолæй гæпп миййагнæ кæ- ны, фæлæ йæ уæрджытæ æркъæдз кодта, йæ роцъо- йæ цæгыл æнцайы æмæ хуыр-хуыр кæны, цымаæцæ- гæй хурх кæны, уыйау. /Ез мæхицæн бадын стъолы •фаремæ æмæ иттæг дзæбæх уынын уыцы ныв кæрæй- кæронмæ—къæбицы дуар чысыл’зыхъхъыр уыди. Чы- сыл банхъæлмæ кастæн, стæй хъæрæй дзурын: „Цæй, табу хуыцауæн, æнхъæл дæн йæхи æрцауыгъта. Фервæзтæн мæ фыдæбонæй!" Ус дын стъолæй рагæп- лаата æмæ мæм тымбыл къухæй лæбуры: „Уæдæ дыц æхсызгон. уыдаид, мæхи куы ’рцауыгътаин, уæд?! Уæдæ мæ афтæ уарзыс?!" Тыххæй-фыдæй йæ 24
•басабыр кодтон. Мæ расыгæн йæ кой дæр нал фæ- зынд, дз^егъæлы фæци, изæры литры æрдæджы бæрц цы арахъ банызтон, уый. Уыцы тохы фæстæ бадын æмæ хъуыды кæнын: адæм театрмæ спектаклмæ ацы- дысты, мæнæн та мæ хæдзары лæвар спектакль ис Иуæй мæ худæг нæ уадзы, иннæмæй та мæсты кæ- иын. Ахæм хинæйдзаг сты сылгоймæгтæ—уыцы хæй- рæджы мыггаг адæмы хатт! Хорз уыди, æмæ уыцы ’хсæв сывæллæттæ хæдзары нæ уыдысты: мæ мад сæ йæхимæ акодта, æндæра тæссæй сæ уд сæ къæхты <бынæй ауадаид. Звягиицев чысыл фæлæууыд, стæй та ногæй дзу- рын райдыдта, фæлæ ныр афтæ хъæлдзæгæй нал дзырдта: — Афтæ ’нхъæл ма у, Микола, æмæ æз æмæ мæ бинойнаг иууылдæр афтæ цардыстæм. Нæ, æрмæст мын фæстаг дыууæ азы фæци хæйрæджы ’æлгъыст. Хæйрæджы æлгъыст та фæци, комкоммæ дын зæгъын, ^аивадон литературæйы’аххосæй. Аст азы фæцардыстæм адæймаджы цардæй. Ус ^куыста прицепщикæй тракторыл, нæ дæр уадзгуыгæ ■кодта, нæ дæр фокустæ арæзта. Отæй фæцайдагъ алыхуызон аивадои чингуытæ кæсыныл, æмæ, гъе, уымæй райдыдта хъуыддаг. Ахæм фырзæндджын дзырдтæ базыдта, æмæ иунæг хуымæтæг дзырд дæр йæ дзыхæй нал хауд, иууыл къæлæсы ныхас. Уыцы чингуытыл афтæ фæцайдагъ, æмæ æхсæв йæ цæстыл хуыссæг нал хæцыд, æппынæдзух каст æмæ каст чингуытæ, бон та цæуы фынæйау. Æппынæдзух хъæр- зы, унæргъы, цæмæдæриддæр бавналы—йæ къухæй ахауы. Иуахæмы та хъæрзы, унæргъы, стæй йæ ^цæсгом сынцъылдтытæ кодта, æрбацыд мæмæмæ мын -афтæ зæгъы: „Иу хатт мын уæддæр куы радзурис, 25
. Ваня, уæлтæмæн уарзтæй мæ кæй уарзыс, уый. Ыикуьг дæ фехъуыстон, аивадон литературæйы кæй фыссынц,. æхæм фæлмæц дзырдтæ". „Гъе, гъе, йæ тæккæ тæмæн- мæ бахæццæ!"—ахъуыдыкодтон мæхинымæр æмæйын афтæ зæгъын: „Æнхъæл дæн, дæ зонд фæцыд, НастасьяГ Ныр дæс азы иумæ куы цæрæм, æртæ сывæллоны нын куы ис, уæд ма дын цавæр уарзондзияадыл дзу- рон?! Лæппуйæ дæр фæлмæн ныхæстæй мæ уарзон- дзинад никæмæн дзырдтон, тынгдæр армæй архайд- тон, ныр та уæлдайдæр. Макæн, ма, ды куыд æнхъæл дæ, афтæ æдылы нæ дæн! Ды та, зæгъын, æдылы чингуытæ кæсыны б&сты сывæллæттæм дзæбæхдæр куы кæсис, уæд хуыздæр уаид’’.’.Сывæллæттæ та æцæгдæр бынтон æвæгæсæг баззадысты, сидзæр са- битау цæуынц чъизи, æнæхсадæй, нæй æркаст хæ- дзармæ дæр. Ахъуыды ма кæн, Микола, уый цæмæн бæззы? Æз,, кæй зæгъын æй хъæуы, культурон хиирхæфсыны ных- мæ ницы зæгъæг дæн. Мæхæдæг дæр акæсын, тех- никæ, маторы тыххæй фыст чи у, ахæм чиныг: трак-' тормæ куыд зилын хъæуы, уый тыххæй, мидæгон судзгæ маторы тыххæй, дизель стационары куыд сы- вæрын хъæуы, уый тыххæй, комбайнты тыххæй ли- тературæ. Цал æмæ йын цал хатты дзырдтон: „Райс æмæ бакæс, Настасья, тракторыл кæм дзырдæуы, ахæм чиныг. Хъуамæ йæ зонай, прицеищикæй ку- сыс". Æмæ йæ ома бакасти? Æндæр мæт æй нæй! Калм битънайæ тæрсы куыд фæзæгъынц, афтæ æм- гæрон дæр ыæ цыд мæ чингуытæм: аивадон ли- тературæ й& хъæуы, уымæй дæр*ахæм, æмæ дзы уар- зондзинад куыд æнхъиза, æыхъизæн хъуырауæй куыд фæкæлы, афтæ. Хыл дæр æм кодтон, сабырæй дæр ын дзырдтон—читт дæр нæ фæкодта. Ныццæвынмæ та йæм^ мæ къух никуы систон, амæн æмæ цалынмæ ком-. 26
баинерсдæн, уæдмæ æхсæз азыфæкуыстон дзæбугæй,. æмæ уымæ гæсгæ’ мæ къухы æрцæф æгæр стыхджын. Гъе, афтæ гакъон-макъон цыди, ме ’фсымæры хай,. нæ цард, цалыимæ æфсадмæ нæ рацыдтæн, уæдмæ. Æмæ мьш ныр афтæ æнхъæл дæ æнцондæр у? Мæ- хур акæн! Æргом дыы зæгъдзынæн мæ сусæг ны- хас: ницы амалæй у мæ бон, цæмæй мæ бинойнаг Настасья Филипповыæимæ кæрæдзимæ фыстæджытæ фыссыны хъуыддаг нывыл сывæрон. Цыфæнды кæ- нон, уæддæр нæу æмæ нæу мæ бон! Дæхæдæг зоныс, Микола, алкæмæн дæр нæ ам, фронты, æхсызгон у хæдзарæй фыстæг райсын, кæрæдзийæн нæ фыстæ- джытæ фæкæсæм, ды дæр мын кастæ, дæ лæппуйæ- цы фыстæджытæ райстай, уыдон. Фæлæ æз мæ би- нойнаджы фыстæг искæмæн бакæсон, уый мæ бон нæу, мæ цæсгом нæ хъæцы. Харьковы цур ма куы уыдыстæм, уæд дзы фæд-фæдыл райстон æртæ фыс- тæджы æмæ йæ алы фыстæг дæр райдайы афтæ: „Мæ зынаргъ дзиба!" Бакæсын æмæ мæ цæстытæ цæхæр» акалынц. Кæм ракъахта уыцы маргъы мыггагæй æв- зæрæг дзырд—-яицы мæ сæрæн зонын, æвæццæгæн,. аивадон чиныгæй. Чи йæ нæ уадзы адæмы • хуызæн фыссын: „Мæ зынаргъ Ваня" кæнæ æндæр исты? ахæм, фæлæ нæй, æнæмæнг „дзиба". Нæхимæ куы уыдтæн, уæд мæ иугæндзон дæлимон хуыдта, фæлæ иугæр фронтмæ рацыдтæн, уæд ыы уайтагъд „дзи- ба" фестадтæн. Уымæй дæр уæлæнгай, хылы-мылы- тæй афысеы, зæгъгæ, сывæллæттæ æнæниз, сæрæгас сты, МТС-ы ницы ахæм ног хабар ис. Стæй уæд йæ æппæт хъаруйæ райдайы уарзондзинадыл, уымæй дæр< ахæм зынæмбарæн, чингуытæй кæй сисы, ахæмдзырд- тæй, æмæ мæ сæр разилы, мæ цæстытæ атарытæ вæй- ЙЫЕЦ... Дыууæ хатты фæд-фæдыл бакастæн уыцы æнæ- хайыр фыстæджытæ æмæ цыма расыг фæдæн, уыйау 27~
сдæн. Слюсарев мæм æрбацьгд дыккаг взводæй æмæ мæ фæрсы: цы, дам, дæм фыссьгдæ бинойнаг ног хабарæй? Æз фыстæджытæ уайтагъд мæ дзыппы фæ- цавтон æмæ чйæм æрмæст мæ къух бауыгътоп:- дæхи • айс, зæгъын, мæ хæлар, ныууадз мæ >мæ адыл. Уый уæддæр фæрсы: „Дзæбæхсты дæ бинонтæ? Дæ цæсго- мыл зыны, цыдæр æнамонд хабар дыл кæй æрцыд, уый". Æмæ йын цы хъуамæ зæгъон? Æрымысыдтæн æмæ йын загътон: мæ фыды мад, зæгъын, фæзиан, æмæ уæд ницы уал загъта, ацыд. Изæры æрбадтæн æмæ фыссын мæ бинойкагмæ. 'Салæмттæ арвыстон сывæллæттæн, мæ мад, мæ фы- дæн; куьтд æмбæЛы, афтæ ныффыстон мæ службæйы тыххæй, стæй йын афтæ зæгъын: дæ хорзæхæй, алы- хуызон æнæуаг нæмттæ мыл ма ’вæр, ис мын мæ •аргъуыды ном, чи зоны иу æртын фондз азы размæ уыдаин „дзиба", фæлæ ныр уасæгæй дæр фæегъау- дæр дæн, стæй мæ уæз дæр—стай дыууæ килограм- мы—„дзибайæн" æгæр бирæ у. Стæй дæ ноджы ку- рæг дæн, æмæ мæм уыцы æнæхайыр фæуинаг уар- --зондзинады тыххæй ма фысс æмæ мын мæ мастьтл цæхх ма кæн. Фылдæр мæм фысс, МТС-ы хабæр.ттæ/ ’чи ма баззац мæ хæлæрттæй хæдзары, куыд кусы МТС-ы ног директор. Æмæ та фæстæмæкуыалæууыдыстæм, уый агъонмæ .дзы райстон дзуапп. Райстон фыстæг æмæ мæ къухтæ» ,ризынц, райхæлдтон æй æмæ мæ цæсгом артау ссыгъд. Фыссы мæм: „Дæ бон хорз, мæ зыыаргъ бæлон!" Дарддæр тетрады гæххæтты æнæхъæн цыппар фар- сы уарзондзинады тыххæй. МТС-ы тыххæй иунæг дзырд дæр нæ, Иу фыстæджы та мæ Иван нæ, фæлæ ,цавæрдæр Эдуард хоны. Загътон, зæгъын, ус бынтон -сæрра, æндæр иу дæр нæ æмæ иннæ дæр! Æвæццæ- тæн, чингуытæй фыссы уыцы æнæхайьтр фæуинаг •28
уарзондзинады тыххæй, æндæра кæцæй æрхаста ца- вæрдæр Эдуарды, стæй йæ фыстæджытæм кæцæйг æрцыд уытæппæт къæдзгуытæ? Йæ цæрæнбонты дæр • уыцы къæдзгуытæн никуы ницы æмбæрста, фæлæ сæ ныр уый бæрц ныццарæх кодта, æмæ сын бахын- цæн дæр нæй, цыфæнды хæбуздзыхъ’ лæджы цæсго- мыл дæр уый бæрц стъæлфытæ нæ уыдзæн, йæ иу~ фыстæджы цал къæдзыджы ис. Æмæ мæ алы фæс- номыгæй кæй хоны, уый та?Фыццаг — „дзиба", стæй— „бæлон", цымæ мæ дарддæр та цьт хондзæн,—ахъуы- ды кодтон мæхинымæр. Йæ фæндзæм фыстæджы мæ чи зоны Трезор схона кæнæ æндæр исты хайваны ’ номæй. Циу, цавæр у, цирчы миййаг райгуырдтæн?' Хæдзарæй мемæ рахастон „ЧТЗ" трактор ахуыргæ- нæн чиныг,—мемæ йæ хæссын, зæгъын, чиныг кæсын мæм куы ’рцæуа, уæд дзы кæсдзынæн. Æмæ хъуамæ • уыцы чипыгæй иу-дыууæ фарсы сфыстаин æмæ йæм. сæ арвыстаин, йæ фыстæджытæн бæсты куыд фæ- цыдаиккой, афтæ, фæлæ стæй мæ фæнд аивтон. Фех- хæлыдаид мæм. Фæлæ исты æрымысын хъæуы, цæ- мæй ныууадза уыцы æдылы митæ... Исты мын баца- мон, Микола! Звягинцев йе ’мбалмæ бакаст æмæ фæхъуыррытт кодта. Никъала йæ фæсонтыл æнцой кодта æмæ тарф ■ фынæй уыди. Йæ гуыбыр сау рихиты бынæй урс - дардтой йæ зылын дæндæгтæ, йæ худынæвронг был- тæ æнцъылдæй баззадысты. Бирæ нæ афынæй Никъала, уайтагъд райхъал. Рог дымгæмæ змæлыдысты фæткъуыбæласы сыфтæртæ. Кæрдæгыл тыбар-тыбур кодтой хуры алæмæттаг урс-урсид тæппытæ. Æввахс кæмдæр цъыбар-цъыбур • кодта цъиу, фæлæ ферхæц-ферхæц гæнгæ куыста тракторыматор æмæ Гшн йæ хъæр нымæг кодта. Фæрс- 29
;уынгæй æрбайхъуыст ньтхас, худын, стæй чидæр æв- зонг, зæлланггæнæг тыхджын хъæлæсæй фæхъæр кодта: — Нæ дын загътон, йæ лампæ басыгъд. Шведаг .дæгъæл дæумæ и? Рахæсс æй ардæм, рахæсс, мæ хур! Дыргъдонæй цыди фæлвых кæрдæг, фæздæг æмæ аджы быныл сыгъд касы тæф. Æфсæддон кухняйы ’фарсмæ йæ зылын къæхтыл хæлиу лæууыд Никъала- йы хæлар бронебойщик Лопахин Петр,—тамако дымдта .æмæ загъд ^одта хæринаггæнæг Лисиченкомæ. — Кас та скодтай, и, нæл бæх! — Кас. Фæлæ фидистæ ма кви. . — Мæнæ мын ацы ран ныффидар дæ кас, бамбæрс- *тай? —Кæм фæнды] дын ныф|шдар уæд, мæнæн уæл- ^дай нæу. — Ды хæринаггæнæг нæ, фæлæ мур дæр ницæмæн бæззыс. Æппын дæм ницы æрхъуыды ис, иунæг рæстмæ лдея дæр нæй дæ сæры. Афтид агæй уæлдай <нæу дæ сæр, тутхъæр йедтæмæ ницы кæны. Ау, ^уæдæ ацы хуторы иу фыс кæнæ иу хуы ракурын дæ >бон нæ уыд, йæ хицау дæ куыд нæ федтаид, афтæ? <Скодтаис хорз бас, ноджы æндæр хæринаг... — Цæугæ, цæугæ, иу æмæ дыууæ хатты нæ фе- •хъуыстон ахæм ныхæстæ! — Æртæ-къуырийы дæргъы нын еууы касы йед- тæмæ ницы радтай. Искуы дæр ма афтæ кæны хæрз- æгъдау хæринаггæнæг? Мæ фæндæй, ды хæринаг- ,гæнæгæн нæ, фæлæ дзабырхуыйæгæн дæр нæ бæззыс! — Антрекот дæ æрхъуыд? Æви бур физонæг? — Дæуæй физонæг скæн. Тынг хорз физонæггаг .дæ, ныннард дæ, цыма дыккаг ранджы интендант Дæ! — Уæлдай ма дзур, Петкæ, æндæра тæвд дон мæ •разы ис... Медсанбаты уыдтæ? -30
— Уыдтæн. — Æмæ ? — Æмæ цы? — Цæмæ дзы уыдтæ? Лопахин йæ ком айвæзта æмæ истуг ницы уал даырдта. Лнсиченко йæ оины сæртыл ныххæцыд æмæ йæм худгæ æнхъæлмæ каст дзуаппмæ. — Афтæ, æнæуый бауадтæн, кæд дзы, зæгъын, мæ зонгæтæй искæй фенин,—æвæлмастæй загъта Лопа- хин. — Уым иу рæсугъд чызг куы иё... Ницы ком дын дæтты? — Мæ фæсонæрхæджц, дæр ницы уыди. — Ныууадз ахæм ныхæстæ! Федтон, дæ цырыхъ- хъытæ кæрдæгæй куыд сæрфтай æмæ дæ медаль хæ- дъилы гæппæлæй куыд даудтай, уый. Æвæццæгæн дын медаль дæр ницы баххуыс кодта, и? Æниу дын цы хъуамæ баххуыс кæна? Дзырдæн, орден дын куы уаид, уæд æндæр хъуыддаг у, фæлæ медаль цы диссаг у—æхсары медаль? Уым, ме ’фсымæры къуын- Дзих, бирæ ахæм орденджынтæ вæййы. — Сæрхъæн цыдæр,—загъта йын Лопахин, фæлæ фыдæхæй нæ.-—Мæ фæсонæрхæджы дæр ницы уыди, афтæ æнæуый азылдтæн хуторыл. Куыннæ стæй, ахæм хæринаг нын дæттыс, лæг бахъæлдзæг уыдзæн. А-фæстаг бонты афтæ сцола дæн, æмæ æгæрыстæмæй мæ усы дæр нал уынын фыны. — Уæдæ цы фынтæ феныс, бæгъатыр? — Ницæйаг фынтæ, алы хъылма, мæнæ дæ касы хуызæн. — „Дзæнгæда цæгъдын сæм цæуы",—-ахъуыды кодта Никъала, рабадт æмæ йе ’ндзыг цæнгтæ ай- вæзта. Лопахин æм æввахс бацыд æйæ йын хъазгæйæ йæ сæрæй акуывта. 31
— Куыд аулæфыдтæ, цытджын мнстер Стрельцов? — Цу, хæринаггæнæджимæ аныхас кæн, мæнæн мæ сæр риссы,—тарæрфыгæй загъта Никъала. Лопахин æрцъынд кодта йе ’рттиваг цæстытæ æмæ йæ сæр хъуыддагæмбарæджы тылд бакодта. — Æмбарын дæ: мæт кæныс, фæстæмæ кæй алæу- уыдыстæм, ууыл, стæвд дæ æмæ дæ сæр риссы. Цом, Коля, нæхи ныннайæм сихоры размæ, æндаера тагъд анкъуысдзыстæм ардыгæй. Нæ лæппутæ донæй æт- тæмæ нал хизынц. Æгæрыстæмæй дзы æз дæр иу^ хатт мæ тæригъæддаджы буар стылдтон. Æрæджы фæхæлар Никъала Лопахинимæ. „Рухс- фæндаджы" совхозы сæрыл куы хæцыдысты, уæд сæ акоптæ фæрсæй-фæрстæм уыдысты. Лопахин полкмæ æрмæст уый размæ бон æрцыд, полкмæ фæстаг хатт цы хæстонтæ æрбарвыстой, уыдонимæ. Дыууæ танкы дзы, ссыгътой бронебойщиктæ, сæдæ æмæ æрдæг-сæдæ метры бæрцмæ сæ куы ’рбауагътой, уæд, фæлæ пуле- меты дыккаг номер куы фæмард, уæд Лопахин афоныл налфæцарæхст фехсынмæ, æмæ æртыккаг танк цæугæ- цæуын æхста, афтæмæй ахызт уартсæттæг топпæхс- джыты акопыл æмæ уыцыиу растæйатындзыдтабата- рейы позицитæм. Никъалайæ уæрджытыл лæууыд, йæ къухтæ рызтысты, афтæмæй гилдзытæ æвæрдта авто- маты дискы. Уый федта, танкы калмдзæлхыты бынæй Лопахины акопмæ бурбын æлыг сыджыт куыд акалд, уый, æмæ ахъуыды кодта, зæгъгæ, бронебой- щиктæ бабын сты. Фæлæ цалдæр уысммæ æрдæг калд акопæй, бурбын рыджы мигъы астæуæй (рыг нæма æрбадти) разынд уартсæттæн топпы даргъ хæтæл—арæзт уыдис, цы танк æрбатыдта, уы- мæ. Гæрах фæцыд. Танк æваст фæлæууыд йæ мид- бынаты, йæ сатæг-сау уартыл ферттывта гæккуырийы хуызæн пиллон, стæй йæ абынæй кодта бæзджын сау 32
фæздæг. Зтаьйтагъд Лопахйн фæдзырдта Никъаламæ:. — ГъæГ/, рихиджын саулагт>з! Удæгас дæ?—Никъа- ла йæ с&р едардта æмæ ауыдта Лопахины цæсгом; -æлыг сыджытæй амæст, мæстæ/1 туджы зылд.—Цæ- мæннæ ’хсые, цæ, дæ цæст рахауа?! Нæ уыныс, уæр- -тæ æрбалæсынц!—стай-тай йыл кодта Лопахии, би- рæгъау йæ цæстытæ ныиирд кæнгæйæ, æмæ ауæдзы æмбуар сæ гуыбыны цъарыл æрбацæйбырæг неяы-; цæ^тæй амбнгæйæ. Никъала суагъта йæ автомат. Фыццаг ацагъта, ауæдзыл цы дйдйнджытæ зад, уыдон къубæлттæ, стæй бынДзæф æрхъавыд æмæ йæ автоматы æнауæр- дон къæр-къшры ’хсæн æхцонæн фехъуыета знаджы æнуд цъæхаст дыууæ хатты. Хæсты фæстæ, изæры Лопахин бацыд сыджут къæсмæ. Лæмбынæг бакаст* сырхæфсæддонтæм æмæ бафарста: — К&м и, кæ, уæ саулагъз рихиджын рæсугъд лæппу, Англисы .министр Антони Идены хуызæн чи у, уый? Никъала рухсмæ разылд. Лопахин æй ауыдтаæмæ æнæхъазгæйæ загъта: — Уæддæр дæ ссардтон! Цæи, ~мæ иубæстон, æт- тæмæ ахизæм , æмæ тамако адымæм сатæг уæл- дæфм’æ. Æрбадтыеты сыджыт къæсы ’цур, тамако дЫмынц. — Хорз багæрйх кодтай фæстаг тайчы,—загъта Нл- къала, мæйдары уартсæттæг топпæхсдяшты хурсыгъд тарбын сырх цæсгомм’æ кæсгæйæ.—Афтæ фёнхъæлд- тон, зæгъыи, уæ дыууæ дæр •еыдашты бын фебтут,1 фæлæкæо.ын æмæ чидæр тойпы хæтæл радаргъ кбдта’; Уæд^ Лоиахин фæхудт æмæйæ йæ дзурынйй фæу- рæдта: х •—1~ъе-гъе, з&з дæр дæм уымæ æнхъæлмæ кастæн.... Маё ку&стыл дис кæныс, фæлæ мæ акопыл танк к^й 3., М, Шолохов 33
лскка-кодта, уæд дæхæдазг цæмæннæ æхстай, дæхæ- дæг? Цалынмæ дын алывыд фæкалдтон, уæдмæ авто- матчикты цæмæннæ æхстай? Марды хæринаг куыд ницæмæн хъæуы, афтæ мæн дæр ницæмæн хъæуы, мæ куыстыл мын кæй дис кæныс, уый. Бамбæрстай? Хæцын хъæуы, хæцьш, дис кæнын нæ, ’фæлæ! - Никъала йын, йæ мидбыл худгæ, дзуанп ратта, зæгъгæ, йæ дисктæ иууылдæр фесты, æмæ уый тых- хæп ферхæцыд. Уыцы уысм Лопахин йæ цæстытæ æрцъынд кодта æмæ йæм зулмæ бакаст, цыма йæ йæ дз’ырдтæ нæ бауырныдтой, уыйау æмæ загъта: — Тохмæ растадтæ, стæй афтæ рауад, æмæ тохмæ цæттæ нæ разындтæ. Æз æмæ дæумæ нæй иу хъуыд- даг: хорз уаид, нæ цæдисонтау, дæ намыс дæ дзып- пы арф куы нывæрис æмæ мæм гилдзытæ куы дæт- ткс, æз та дæ бæсты дæр куы хæцин... Хуыздæр нæ уаид? Иттæг хорз уаид нæ хъуыддаг, и!.. . Никъала фенкъард. Лоиахии æм йæ цыбыр къух бадаргъкодта æмæ йын зæрдæхæларæй афтæ: — Мæсты ма кæн. Рæстдзинадыл мæсты нæ хъæ- уы. Иугæр нæ хъысмæт баиу кодта, уæд иумæ хæц- дзыстæм. Цæй, базонгæ уæм. Æнхъæл дæн, æз æмæ ды æмбæстæгтæ стæм. Ростовы областаг нæ дæ? Æз та Шахтты горæттаг дæн. Абонæп фæстæмæ хæлар азмбæлттæ уыдзыстæм. * Уыцы бонæй фæстæмæ, æцæгдæр, фæхæлар сты хуымæтæг салдаттаг фидар хæлардзинадæй. Хъазæ- гой, фыддзых, сылуарзон æмæ хъæлдзæг Лопахин цыма æххæст кодта кæддæриддæр хиуыл хæцгæ, ма- дзура Никъалайы. Уæзбын, ацæргæ украинаг лæг, старшина Поприщенко иу æмæ дыууæ хатты нæ загъта: , — Лопахин Петр æмæ Стрельцов Никъалайæ хыс- сæ скæн, стæп уыцы хыссæ ахъаззаг сызмæнт æмæ 34
дзы адæймаг сараз, уæд, чц зоны, сæ дыууæйæ лæ- гау-лæг-рауаид, фæлæ дзы чи зоны, ницы рауанд, чи йын цы зоны, ахæм арвйстонæп цы рауайдзæн? Цэеугæдоны былæй хъуыст сапер æфсæддонты хырхы зæлланг, доны цæллахъ æмæ сæхи чи надта, уыцы сырхæфсæддонты хъæлдзæг ныхас. Лопахин æмæ Никъала æнæдзургæ фæцæйцыдысты фæрсæй- фæротæм æнæссæст кæрдæгыл. Стæи Лопахин загъта: — Цом хиды фалемæ, уым арфдæр уыдзæн. Лопахин разæй ахызт фæлдæхт кауы сæрты æмæ Пæ сæрæй ацамыдта, фæндагыл цы трактор лæууыд, уымæ. Йæ маторимæ йын архайдтой дыууæ трактор- нсты сойæдзаг комбинезонты, æххуыс сын кодта Звягинцев, йæ ронбасты онг бæгънæг. Йæ фæтæн фæсонтæ æмæ йе ставд хæцъæфджын цæнгтæ зетийы пъæрайæ амæст, йæ цæсгомыл кæрæй-кæрбнмæ сау уаццаг. Рагагъоммæ раласта йæ хæдон, æхсызгон ын уыди, майшнæйы цур’ алæууыны фадат ын кæй фæци, уый æмæ цæрдæг зæрдиаг хæрзарæхстæй ар- хайдта "дæгъæлæй. —-Ей, дæлæ къуыдипп! Лæппутæй змисдур рахæсс æмæ цом немæ нæхи найынмæ, исты амалæй дæ нус- сыгъдæг кæндзыстæм,—цæугæ-цæуын æм фæдзырдта Лопахин. Звягинцев сæм фæкаст æмæ Никъалайы куы ауыд- та, уæд йæ мидбыл фæхудт: — Уыныс, Микола, цы трактор у! Уый бæрц тых æм ис, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Кæсыс, цы хъа- оæн ласы! Йæ цуры алæууыдтæн æмæ цыма нæхимæ, нæ МТО-ы февзæрдтæн, афтæ фæдæн... Бауырнæддæ, ацы матор хæрз æнцонæн æртæ комбайны дæр алух- дзæн! * Звягинцевы хидæйдзаг цæсгом æрттнвтытæ кодта, афтæ æнæхин цин калдта, æмæ йæм Никъала зæрдæ- бынæй бабæллыд. 35
Кулы ленк кодто’й бур хъуы’рæуттæ. Хъуына &щ цæугæдоны умæлы тæф цыди: Никъала йæ дарæс ралаета, ныхсадта йæ хæдон æмæ йæ портянкæтæ, æрбадтзмиеыл æмæ йæ къухтæй йæ зæнгтæ æрба- хъæбыскодта. Лопахин йæхи æруагъта Никъалайы ДУР. — Абон æнкъард дæ, Ыикъала... — Цин та цæуыл кæнон? Цæуыл цин кæнон, уы~ мæн ницы зонын. — Куыд ницы зоныс? Удæгас дæ æви нæ? Дæ. Цыма дæ хъæуы? Цин кæн. Акæса, цы хорз бон скод- та! Хур, цæугæдон, уæртæ хъуырæуттæ ленк кæ~ нынц... Цы ма дæ хъæуы уьшæй дзæбæхдæр? Дис дыл кæиын, Никъала:,зæронд салдат уæвджыйæ, ныр æнæхъæн афæдзы бæрц хæцыс, афтæмæй дæ сæры’ ’зплы алыхуызон хъуыдытæ, цыма ног æрсиддон дæ- Куыд æнхъæл дæ: фæлæбурдтои нæм æмæ хъуыддаг ’ ууыл фæци? Бæстæ фесæфти? Хæст фæцп? . Никъалайæн хъыгзæрдæйæ йæ цæсгом фенцъылд: \ — Цæмæн дæ хъæуы ахæм ныхас—хæст фæци? Æз æппындæр уый зæгъæг куынæ дæи. Фæлæ мæнæн* куыд фæнды фæуайы цæстæй кæсын мæ бон нæу, цы ’рцыд, уымæ. Ды та йæм раст ахæм цæстæнгасæй кæсыс æмæ дæхи афтæ æвдисыс, цыма никуы æмæ ннцы. Æз иттæг хорз æмбарын, æвирхъау хъуыддаг кæй æрцыд, уый. Уыцы æвирхъау хъуыддаг цæГг бæрц у, уый æз æмæ ды нæ зонæм, фæлæ дзы цы- дæртæ бамбарæн ис. Ныр фондз боны цæуæм æз æмæ ды, тагъд бахæццæ уыдзыстæм Донмæ, стæй уæд— Сталинград... Нæ полк нын ныддæрæн кодтой. Науæд иннæтæ цы баисты? Цы баци арми? Бæрæг у, нæ фронт нын ахъаззаг æрбатыдтой. Нсмыц гурæй-гур- 36
мæ нæ «фæдыл цæуынц, нæ зæвæттыл нын лæууынц, нырма аæ ныртæккæ фæхицæн стæм æмæ иууыл сæпп кæнæм /фæстæмæ. Бæрæг нæу—кæд æрфидар уы- дзыстæм. Искуыма хъыгагнæу, фæстæмæафтæ сæпп кæн æмæ мацы зон! Науæд нæм цы цæстæй кæсынц, фæстейæ кæп уадзæм, уыцы адæм?Лæгсæрра уыдзæн! НикЦлайæн йæ дæндæгтæ фæхъыррыст . кодтой, иннæрдæм азылд. Иу минут æнæдзургæйæ алæууыд, йæ тыхст урæдта, стæй дзурын райдыдта æдыхст, сындæгдэер: — Уыдæттæй лæгæн йæ. уд йæ буарæй ахпцæн уыдзæн, ды ,та—удæгас, дам, дæ æмæ цин кæн, _хур, дау, кæсы, хъуырæуттæ, дам, ленк кæнынц... х\тте у дæ хъуырæуттимæ, мæнæн уыдонмæ кæсынæи мæ зæрдæ хæццæ кæны! Ды мæнæ æвзæр пьесæгонды цы ницæиаг хъазæгой вæййы, уымæй уæлдан нæ дæ, ^едсанбаты дæр смидæг дæ... Лопахин йæхи уæззау айвæзта æмæ загъта: — Хорз нæу, мемæ кæп нæ ацыдтæ, уый. Уым, 'Коля, ахæм дохтыр чызг ис, æртыккаг рангы дохтцр, азмæ йæм куы бакæсай, уæд æвæстиатæн фæраст уы- дзынæ тохмæ, цæмæй уайтагъд фæцæф уай! Дохтыр нæ, фæлæ къадзон лæдзæг, хуыцауæн дæ бауырнæд! — Хъусыс, атте у ардыгæй! — Бауырнæд дæ, æнæ хъазгæйæ дын зæгъын! Ахæм хæрзæгъдау, ахæм рæсугъд сылгонмаг у, æмæ диссаг! Дохтыр нæ, фæлæ æхсæзхæтæлджын миномет, уымæй дæр тæссагдæр махæн, салдаттаг лæгæн, ка- манДиртæн цы у, уый у, уыдон тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы. Никъала мадзура, æрфыгæлхынцъæй каст донмæ, урс миг:ьы къæмы аууонмæ. Лопахин йæхиуыл хæц- гæ-æмæ мæстæлгъæдæй райдыдта дзурын: 37
— Æз та куыдзау мæ къæдзил мæ сагæх*ы цæмæ гæсгæ батъысссн, уымæн ницы зопын. Бамрæрстай? Цæвынц нæ? Уæдæ нын афтæ хъæуы. Хуыздæр хæ- цут, куыдзы фырттæ!#Уæхи зæхх куы у, ныззæгæл- ут уæ зæххы алы къуыбырыл дæр, базонут знаджы аф- тæ цæвын, цæмæй мæлæтдзаг хæкъуырцц кæыа. Æмæ кæд нæ зонут, уæд мæсты ма кæнут, фырнадæн уын уæ хæмхудты туг кæй калынц æмæ уæм адæм тигъ- мæ кæй кæсынц, ууыл. Цæмæн хъуамæ цæуой адæм нæ размæ цæхх æмæ кæрдзынимæ? Бузныг цæмæннæ дæ, нæ цæсгомыл нын ту кæй нæ кæнынц, уый тых- хæй, уый дæр нын æгæр у. Дзырдæн, ды хъазæгой иæ дæ æмæ ма мын зæгъ: немыц сынчъы йас хъæу дæр куы ’рцахсынц, уæд æй тыххæй-фыдæй скъа- хæм, мах та хаттæй-хатт æнæхъæн горæттæ иугай гæрæхты фæстæ раттæм æмæ фæстæмæ асирæм. Уый цæмæн афтæ у? Нæхимæ куы кæсы сæ байсын, æви сæ æндæр исчи байсдзæн мах бæсты? Уый уымæн афтæ у, мистер, æмæ æз æмæ ды нырма куыд æм- бæлы, афтæ нæ сахуыр стæм хæцын, чысыл нæм ис. судзгæ мастдзинад дæр. Фæлæ хæцын куы базонæм æмæ тохмæ куы цæуæм, судзгæ мастæй нæ былтыл . нæ комы фынк æхсидгæйæ, гъе, уæд немыц йæ фæс- таг. фæзилдзæн хурскæсæнмæ. Бамбæрстай? Дзыр- дæн, мæыæн мæ масты градус ,уый онг схызт, æмæ мыл куы^бату кæнап, уæд сæт рахсиддзæн. Уымæы дæн хъæлдзæг, уымæн схъæл дарын мæ къæдзил æмæ мæ маст æхсидгæ кæны! Ды та дæ къæдзил дæр балхъывтай дæ сагæхты æмæ дæ цæссыг дæр згъалыс: „Ох, нæ полчы нын ныппырх кодтойГ Ох, нæ армийы нын ныддæрæн кодтой! Ох, немыц . æрбатыдтой фронт!" Дæлдзæх фонт уыцы 1æлгъысты немыц! Фронт "æрбйтыдтой æмæ æрба- тыдтой, фæлæ мах нæ тыхтæ куы ’рбамбырд кæ- 38
нæм ймæ сæ куы фæцæф кæнæм, уæд сæ ардыгæй фæстæмæ та чи акæндзæн? Кæд сæ ныртæк- кæ фæрæмæ цæугæпæ цæвæм, уæд сæ размæ бырс- гæйæ та дæс хатты тыигдæр цæвдзыстæм! Хорз у, æвзæр1у, уæддæр мах фæстæмæ цæуæм, фæлæ уы- донæнÆæстæмæ цæуæн дæр иæ уыдзæн, нал сын уы- дзæн радат! Куыддæр сæ фæстæгтæ хурскæсæнмæ фæзилЬн, афтæ уыцы гадзайы фырттæн сæ къæхтæ срæдувдзыстæм, кæм сьш æрзадысты, уырды’гæи, цæ- мæй ыæ зæххыл мауал цæуой. Гъе, æз афтæ хъуыдьг кæныи. Дæуæн та уый зæгъын: дæ хорзæхæй, мæ цуры т ку, уæддæр дын дæ цæсты сыгтæ нæ асæрф- дзынæ]/, хæсты заманы мæ къухтæ сдæрзæг сты, цы нæ вæййы, миййаг дын дæ цæсгом атондзынæн... — Мæн ирхæфсын ницæмæл хъæуьт, æдылы, æмæ дæ рæсугъд ныхæстæ дзæгъæлы ма хардз кæн. Фæл- тау мын зæгъ, дæумæ гæсгæ кæд сахуыр уыдзыстæм ’хæцын? Сыбырмæ куы бахæццæ уæм, уæд?—загъта Никъала. — Сы-быр-мæ? — ивазгæ дзырдæй йæ .бафарста Лопахин, йæ ирддзаст цæстытæ тагъд-тагъдныкъул- гæ.—Нæ, мæ зынаргъ мистер, уыцы скъоламæ мах дард цæуын ницæмæн хъæуы! Мæнæ раст ацы ран, раст мæнæ ацы быдырты сахуыр уыдзыстæм, хæцын. Бамбæрстан? Сыбыры кой уал ныууадзæм, рæстæгмæ йæ сисæм географийæ. Зион мын Саша—мæ дыккаг номер—афтæ зæгъы: „Уралмæ куы бахæццæ уæм, уæд уым немыцæн сæ бон базонын кæндзыстæм". Æз ын афтæ зæгъын: „Уралы кой ма мын куы скæнай, зæххыл хилæгхæфс, уæд дылуартсæттæн топпы гилдз дæр нæ бацуарддзынæн, ныртæккæ мæ даргъ хæтæл топп сисдзынæн æмæ дын де ’дылы мæсыг дæ уæхс- чытæй ракалдзынæн!" Уый цæхгæр фæзылд: хъазгæ, дам, кодтон. Зæгъш?, æз дæр хъазгæ кодтон, исчи 39
&а ахæм æдылытыл уартсæттæн тоипы гмдзытæ хардз кæны, уымæн дæр танкæхсæи топпы гплдзытæ? Æмæ ууыл фестæм нæ хъæлдзæг ныхас. • I Лопахин æввахсдæр бабырыд донмæ æмæ ]лæху- рæг умæл змисæй бирæ феууæрста йæ хъæоæрвад къæхты дæлфæдтæ, стæй разылд Никъаламæ: 1 , — Мæ зæрдыл æрлæууыд, Коля, мæгуыр РМзаевы ныхас. Уыцы иыхас цыма иу номдзыд инæлар/загъ- та: „Алы сырхæфсæддон дæр иу немыцадяш куы амарид, уæд афонмæ хæст раджы фæуыдаид".|Уæдæ, æвæццæгæн, цъус марæм уыцы цъаммæрттæй. Афтæ яæу? I Никъала ныхасæи схъыг æмæ мæстыгæр\дзуапи радта: — Уый шщы зæидджын арифмеТгикæ у... Нæ инæ- лæрттæй алчи дæр фæйнæ тохы куы рамбулид, уæд хæст, æвæццæгæн, поджы тагъддæр фæуид. Лопахин иыууагъта йæ къæхтæ æууæрдын æма> нæргæ хъæлæсæй ныххудт. — Мах куы нæ уæм, æнæрхъуыды, уæд куыд хъуа- мæ рамбулоГг иыæлартæ хæст? Науæд мæ Сашаны хуызæн хæстонтимæ цæй хæст рамбулæн ис! Нырма ^ Донмæ нæ бахæццæ, афтæмæй Уралмæ кæсы. Мæнмæ гæсгæйæ, инæларæн æфСад куы нæ уа кæнæ йыи æвзæр æ.фсад куы уа, уæд дзсбол сиахсæн хъауджы- дæр нæу, мах та æнæ инæлар, сиахс кæм нæ уа, ахæм чындзæхсæвæй хъауджыдæр не стæм. Кæй зæ- гъын æн хъæуы, Сашайы/ хуызæи ииæлæрттæ дæр ис. Искæцы æнæсæрæны иемыц æхсынын райдыдтой тæккæ арæныл æмæ йæ ныр дæр æхсынынц. Уый бастад, иæ онгамард æцæ ныр хъуыды кæны, немыцы ныццæгщныл нæ, фзелæ та йын цармæй йæ^и ма иыц- цæдой, ууыл. Фæлæ ахæмтæ бирæ не сты, æмæ х^уыддаг уыдощсæ гæсгæ нæ уыдзæн. Мах^æ та ’ 40
фæцайдагъ сты: куыддæр пскуы фронт чысыл фæцу- дыдта, афтæтуым-гуым райдайынц, азымы дарынцинæ- ларты: уыдон афтæ сты,уфтæсты, нæ зонынц хæцын, цыдæриддæр æнамонддзинæдтæ цæуы — иууылдæр уыдон аххос сты. Фæлæ раст æркæсгæйæ, алы хатт уыдон аххос нæ вæййы, пæ дæр сæ афтæ карз æл- гънтын хъæуы, амæн æмæ хæсты инæлартæй æна- монддæр адæм нæн. Цæй, цы мæм нымдзаст дæ, фыс иог кулдуармæ куыд нымдзаст уа, уыйау. Æз куыд -зæгъын, раст афтæ у. Раздæр мæхæдæг дæр ме ’дылы- пæ тæхуды кодтон инæлары номмæ. „Зæгъын, куыд ■еыгъдæг цард кæны!.Рæсугъд, хæрзарæзт, мæлхъы хуызæн, акоп къахын, цъыфы йæ йæ гуыбыны цъа- рыл бырын нæ хъæуы..." Фæлæ стæй куы ахъуыды додтон, уæд мæм фæсмон æрцыд. . Уæд ма хуымæтæджы топпæхсæг уыдтæн, уарт- чзæттæг нæма уыдтæн. Иуахæмы ыæ ротæ сыстад дже- <5огъæй хæстмæ. Æз куыддæр фæкъуылымпы дæн, .раст зæгъгæйæ,—ихуарæгау ныл кодтои немыц æмæ лиæ зæххæй фæнртæсын нæ фæндыд. Æрбауад мæм взводы камандир, наганæй мæм æвзиды æмæ хъæр .кæны: „Сыст уæлæмæ!.." æмæ мын мæ мадæн ахъаз- заг иысспдтп. Бамбæрстай? Джебогъæй хæсты фæстæ лхъуыды кодтон: „Цæн, хорз—æз дæн хуымæтæджы оалдат æмæ мæ ме ’гуыдзæджы фыдæн иу æлгъыст •фæци! Æз дзуапп дæттын æрмæст иунæг мæхи тых- хæй, фæлæ дивцзийы камандир дзуапп дæтты мингай •адæмы тыххæй. Цымæ æгуыдзæг куы . разына, уæд уый та цал æлгъысты фæуыдзæн? Армийы каман- диры та?" Райдыдтон нымаиын æмæ мæ сæр разылд яхæм арифметикæйæ. Нæ, зæгъын, ныууадз, дæ хор- зæхæй! Фæлтау хуымæтæджы хæстон уыдзынæн. Дæхæдæг ма ахъуыды кæн, Иикъала. Æхсæв б,он- лгæ йе штабы хистæримæ бады инæлар, цæттæ кæны 41
раэмæабырст, хойраджы хъæстæ, хуыссæджыхъæстар- нæ фæцп, иууыл хъуыды кæны. Йæ цæсты бынтæ- дзæкъулы хуызæн ныррæсыдысты уæззау сагъæеæй. Йæ сæр тъæппытæ хауы алыхуызон фæндтæй. Хъуа- мæ æппæт дæр бахынца, æппæт дæр рафæлгъауа рагагъонмæ... Стæй йе ’фсæдтæ абырстой размæг фæлæ йын ницы рауад, фæсыкк. Цæмæн? Чи йын цы зоны, цæмæн—иу æмæ дыууæ аххосаджы вæйны! Дзыр- дæн зæгъæм, йæ зæрдæ дардта Лопахин Петкæйыл,. раст цыма йæхи фыд у, афтæ. Фæлæ Петкæ фæтарст æмæ алыгъд, Петкæйы фæдыл Коля Стрельцов^ Стрельцовы фæдыл æндæр ахæм тæппудтæ. Уый дын иу æмæ дыууæ—фæци хъуыддаг! Мард чи фæ~ ци, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, ницыуал хъаст кæндзысты инæларæй, фæлæ чи алыгъд, уыдонæн сæ зæрдæ се ’муд куы ’рцæуа, уæд алывыд калынц инæ- ларæн! Алывыд ын калынц, амæн æмæ æппындæр- дызæрдыг нæ кæнынц, нууылдæр ннæлары аххос у,. зæгъгæ, сæхимæ дзы æппындæр ницы азым хауы.. Ллчи дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уставмæ гæсгæ^ йæхинымæр æлгъиты, фæлæ уый инæларæн цы ахъаз. у? Бады инæлар йæ къæссы, йæ къухтæ йæ сæрмæ" быцæу æвæрд, йæ алыварс ын йæ мады æлгъитынц— мингай æлгъыстытæ! — лампæйы алыварс гæлæбутæ- куыд пæр-пæр кæнынц, афтæ. Пннæрдыгæй телефоны. - дзæнгæрæг. Комкоммæ телæй йæм сидынц, мæгуы- рæг, Мæскуыйæ. Йæ сæры хъуынтæ йын уæлæмæ- схæцынц йæ ’рæсугъд худыл. Райсы телефоны хæ- тæл æмæ хъуыды кæны: „Куыд æнамонд дæ, мæ мад!. Цæмæн мæ ныййардтай инæларæй!" Телефонæй йын йæ мады не ’лгъитынц, Мæскуыйы хæрзæгъдау адæм цæры, фæлæ йын цæвиттонæн, афтæ зæгъынц: „Уый циу, Иван Иванович, куыд æнахъола хæст кæиыс? Ладдзахады æхцатæ дыл фæхардз кодтой, фæцахуыр- 42
дæ кодтой, дарæс, хæлц цух дæ нæ уагътой, ды та- ахæм митæ кæныс? Дзидзидай сывæллон йæ хæцъил-~ тæ куы счъизи кæна, уæд уымæн æндæр гæнæн нæй, уый дзидзидай сывæллон у. Фæлæ ды сывæллон нал дæ æмæ чъизи та.скодта хæцъиятæ нæ, фæлæ размæ- бырсты хъуыддаг. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цæмæн афтæ у?" Дзурынц æм сабыр, уæздан ныхасы уагæй. Фæлæ инæларæн уыцы сабыр ныхасæй йæ . уд йæ хъуырмæ схæццæ æмæ йæ хид йæ фæсонтыл суадæт- тæ кæыы... Нæ, Коля, ды куыдфæнды зæгъ, фæлæ мæн кнæ- лар нæ фæнды! Кæд цыфæнды .цытуарзаг дæн, уæд- дæр мæ нæ фæнды æмæ фæци! Дзырдæн зæгъæм, æвиппайды мæм Мæскуымæ фæсидтысты æмæ мын загътой: „Айс æмæ каманда кæн, æмбал Лопахин, уыцы æмæ уыцы дивизийыл",—уæд мæ сæрæй мæ къæхтæм афæлурс уаин æмæ цæхгæр отказ ныкъ- къуырин. Мæнæ мæм тыххатыд кæнынц, зæгъгæ, уæд рацæуин, схизин Кремлы сисмæ æмæ уырдыгæй мæхн. ныррæцугъиц Мæскуыйы фурды мæнæ афтæ! Лопахин йæ къухтæ бæрзонд сдардта йæ сæрмæ, йæ армы тъæпæытæ баиукодта æмæ æуыцы иу гæпн; акодта цъæхцъæхид донмæ. Цæугæдоны астæу фæ- цъелфкодта, стæй футтытæ гæнгæ дзагъырдзастæй- алырдæм акаст æмæ фæхъæркодта: ■— Тагъддæр рагæпп кæн, æыдæра дæ фæдæлдон кæндзынæн! Никъала разгъордта æмæ донмæ багæпи кодта, йæ буар æваст банкъардта туасау рæхойгæ уазал^ æмæ йæ ох фæцыд, стæй йæ даргъ цæнгтæй дард æв- налгæ баленк кодта Лонахинмæ. — Багъæц, ныртæккæ мын ацъелф кæндзыпæ, зы- лынвад дæлимон!—худгæйæ дзырдта Никъала шзе- хъуамæ ацахстаид Лопахины, фæлæ Лопахин æды- 43
:лы-тзессой æнхъырдтытæ акодта йæ цæсгом, доны та анЕ^гъуылд, гæзæмæ ферттывтой йæ тарбын агъды фæлмæнтæ æмæ дæлдон цæрдæг архайдта йæ къæх- «тæй. Фæцæрдæг Никъала, йæхн куы ныннадта, уæд. Æр- бацсæфт йæ сæры рис, йæ фæллад, æмæ ныр йæ ал- фæмблай æмбисбоны цæхæркалгæ хуры тынтæй æмæх- тæд дунемæ ракаст æндæрхуызон цæстæнгасæй. — Куыд диссаджы хорзу! Цыма ног райгуырдтæн!—г загъта Лопахинæн. —Ахæм ныннайыны фæстæ фæйнæ агуывзæны аназ æмæ хæдзары кæй сфыцай, ахæм хорз кт>абускад/кын бас адæлæиæ кæн! Уыцы хуыцауы æлгъыст Лиси- ченко та кас сызмæста, йæ хъуыры фæбада!--мæсты- йæ загъта Лопахин æмæ йæ иу къахыл æнарæ’хст . счеп-чеп кодта, йеннæ къах хæлафы къахы акæны- ныл архайгæйæ.— Цом. Пскуы зæронд усæй къабус- къаджын бас ракуриккам? — Аив нæу. — Ома нæ ратдзæн? — Чи зоны, дæтгæ ракæна, фæлæ куыддæр аив нæу, — Хæйрæг æй базонæд. Æмæ нын кухня куы нæ уаид, уæд та? Цæмæннæ у аив? Цом! Нæ райгуырæн область æмæ дзы къабускъадзкын бас ма ракур. — Бæлццæттæ кæнæ мæгуыргуртæ мипйаг куы нæ стæм,—цадæг загъта Никъала. Донауæзты фæстейæ рацæйцыд дыууæ зонгæ сырх- æфсфддоны. Сæ иу — бæрзонд, - мæллæг лæппу, йæ цæстытæ сабийы цæстытау. æгъуыз, йæ дзых хæрз чыеыл—йæ къухы хаста хуылыдз тыхтон. Иннæ цыди ш*з фæдыл æмæ цæугæ-цæуын æвæрдта йæ хæдоны æфцæгготы æгънæджытæ. Донласт лæджы цæсгомау йæ æргъсæвст цæсгом цъæх-цъæхидафæлдæхт æмæ 44
стъæлфыд, дыз-дыз кодтоййæ былтæ. Сырхæфсæддон- тæ æрбахæццæ сты Лопахины цурмæ. Уый сырдау йæ къубал сивæзта æмæ сæ бафарста: — Цы хæссут уæ тыхтоны, цæргæстæ? — Рактæ,—æвæндон дзуапп ратта бæрзонд сьфх- æфсæддон. ■ — Гъо-гъо! Кæм сæ ссардтат? — Донауæзты цур. Æнхъæл дæн, суадæттæ дзы и. Афтæ уазал дон у, æмæ диссаг! — Æз æмæ дæуæн куыннæ ’рцыд нæ хъуыдыйы!— фæсмонгæнæгау загъта Лопахии, Никъаламæ бакæс- гæйæ, æмæ бæрзонд сырхæфсæддоны бафарста: — Цас æрцахстат? -г Иу сæдæйы бæрц, фæлæ гыццылтæ сты. — Уæддæр дыууæйæн бирæ сты,—цæхгæр загъта Лопахин.—Мах дæр бамбал кæнут. Ведра æмæ цæхх æз ссардзынæн, фыцгæ та иумæ. Разы стут! — Уæхæдæг æрцахсут. — Цытæ дзурыс, мæ хæлар! Цафон ма у? Суазæг нæ кæн, цы дывæнд кæныс, стæй куыддæр Берлин сисæм, афтæ дæ бæгæнымæ фæхондзыиæн, ард дын ’ хæрын уартсæттæг топпæхсæджы номæй. Бæрзонд сырхæфсæддон йæ тæнæг былтæ ра- цъунп кодта æмæ хынджылæджы æхситт фæкодта: , — Гъе, уый мын хорз ныфс æвæрыс! Лопахины, æвæццæгæн, тынг фæндыд фых рактæй; ацаходын. Чысыл ахъуыды кодта æмæ загъта: — Æниу, æвæдза, мæ бон у ныртæккæ дæр, фæй- нæ агуылзæйы мæм арахъ разыидзæн, ауæрстон ыл, зæгъын, миййаг куы фæцæф он, уæд мæ бахъæудзæн,. фæлæ йын ныр рактимæ æнæнуазгæ нæй. — Цомут! —загъта бæрзонд сырхæфсæддон æмæ Щ цæстытæ цинæй ферттывтой; 35
Цьша йæхи хæдзары уыд, уыйау -Лопахин æдæрс- тæ бакодта зæбул кулдуар æмæ мидæмæ бахызт, хæмпæлгæрдæг æмæ пысыра астæумæ кæм сзад, ахæм кæртмæ. Кæрты хæлддзаг агъуыстытæ, фæрс- саджы хъæдын æмбæрзæн иу зиллоныл ауыгъд, .дæлбазыры асины æмбыд къæпхæнтæ—-уыдæттæ иу- уылдæр æвдисæн уыдысты, хæдзары нæлгоймаджы цæст кæи не’рттивы, уымæн. „Хæдзарыхицау, æвæц- цæгæн, фронты ис æмæ мæ хъуыддаг ацæудзæн",— æнхъæл уыди Лопахин.- Сарайы цур сæнæрттæ амадта къаннæ^гомау зæ- ронд ус, бакæсгæйæ мæстыгæр, йæ уæлæ дæрдджын цъæх юбкæ æмæ чъизи кофтæ. Ус кулдуары хъинцъ куы фехъуыста, уæд зынтæй сраст кода йæ астæу, йæ цæстытæн аууон акодта йæ æнцъылдтытæ бур армы тъæпæнæй æмæ æнæдзургæйæ касти æнахуыр сырхæфсæддонмæ. Лопахинæм æввахс бацыд, аргъуц- гæнгæ йын салам ратта æмæ йæ бафарста: — Мæ мады хай, ведра æмæ нын иу чысыл цæхх нпцн азæрис? Рактæ æрцахстам æмæ сæ сфыциккам. Зæронд ус ныттарæрфыг æмæ гуырымыхъ, нæлгой- маджы хуызæн тыхджын хъæлæсæй загъта: — Цæхх дæ хъæуы? Сымахæн цæхх нæ, фæлæ -мæнæ ацы сæнары къæртт дæр æвгъау у! Лопахин цыма сонт фæци, уыйау йæ цæстытæ æр- тъæбæртт-тъæбæртт кодта æмæ йæ бафарста: — Цæмæн нæм ахæм фыдгулы цæстæй кæоыс? — Нæ йæ зоныс, цæмæн?—тызмæг бафарста зæ- ронд ус —Худинаг нæ зонынц дæ цæстытæ! Кæдæм цæут? Доны фурды фаллаг фарсмæ тагъд казнут? Æмæ хæцгæ та чи кæндзæн уæ бæсты? Æви мах, зæ- ронд устытæ, райсæм хæцæнгарз æмæ уæ бахъахъ- 46
хъæнæм немыцæй? Ныр æртæ боны æмæ æртæ ’хсæ- вы фæстæмæ цæуынц æфсад ацы хуторыл. Федтам уæ, •æгæр дæр уæм фæкастыстæм! Фæлæ адæмы та кæмæн уадзут? Нæ дæр худинаг зонут, нæ дæр уын цæсгом ■ис, æлгъыст фæуат! Кæд ма уыди афтæ, æмæ знаг айонг æрбацæуа? Никуы уыди, ай бæрц базæронд дæн, фæлæ ахæм хабар нæ хъуыды кæнын! Сæумæрайсом хурныгуылæнæй хъуысын байдыдта сармадзанты нæ- рын. Цæхх уæ æрхъуыд? Мæрдтæм фæндаггаг уын •фод, уьш дæр дзы куыннæ бафсæдат! Нæ ратдзынæн! Цæугæ ардыгæн! Зæронд усы мæстæлгъæд тызмæг ныхасмæ Лопа- :хин фæкъæмдзæстыг, фырæфсæрмæй æмæ фырмæс- тæй ныссырх. Исдуг фергъуыйау, стæй загъта: — О-о-о, куыд карз дæ, куы, мæ мады хай! — Ды уый аккаг нæ дæ, æмæ дын рæвдауæн ны- :хас загъдæуа. Æви рактæ ахсынмæ кæй фæцырд дæ, уый тыххæй дæм акæсон хæлар цæстæй? Цымæ дыд медаль дæр ракты тыххæй æрцауыгътой? — Мæ медалы кой мын ма кæн, мæ-мады хай, уый дæумæ нæ хауы. Зæронд ус æргуыбыр кодта хуртуангонд сæ’нæрт- тæм, фæстæмæ та сраст кодта йæ астæу æмæ йæ къуырф сау цæстытæ æвзонг аемæ мæсты æрттывд фæкодтой. — Мæнмæ, мæ чысыл уар’и, алцы дæр хауы. Æз ’зæры бонмæ галау уæзæгæй, каркау ныхбынæй уы- мæн миййаг нæ куыстон, æппæт хъалонтæ уымæн нæ фыстон, хицауадæн уымæн не ’ххуыс кодтон, цæ- мæй ныр сымах фæстæмæ лидзат, цыма уæ фыдра- кæнд фæхъæр, æмæ алцы ныууадзат сæфт æмæ хæ- .^а?ттагæй? Æмбары уый дæ куысыфтæг сæр?' Лопахинæн цыма йæ дæндаг срыст, уыйаусхъйер- зыдта æмæ йæ цæсгом сынцъылдта. 47
— Уыд&ттæ иууылдæр æнæ дæу дæр зонын, мæ ма- ды хай! Фæлæ дзæгъæлы афтæ ’дзурыс... — Куыд зонын, афтæ дзурын... Гуырдæй ды мæ- нæй хистæр нæ дæ æмæ мын зонд амонай/ — Æвæццæгæн дын æфсады ничи нс, æндæра аф- тæ нæ дзурис. — Уый мæнæн ничи ис æфсады? Марадз-ма уæдæ уæртæ сыхæгты афæрс, кæддæра дын цы зæгъиккой. Йæнæн ме ’ртæ лæппуйы æмæ мæ сиахс фронты сты- Ж1гЬ цыппæрæм лæппу та, сеппæты кæстæр, Севасто- пол-горæты фæмард. Вамбæрстай? Æттагон, æцæгæ- лон лæг дæ, æмæ дæм уымæн афтæ сабыр дзурын. Фаелæ мæхи лæппутæ ныртæккæ мæ разы куы ’рба- лæууиккой, уæд сæ кæртмæ дæр не ’рбауадзин. Лæ- дзæгæй сын сæ сæртæ æркъæрцц кæнин æмæ сын зæ- гъи’н ньШйарæг мады ныхасæй: „Иугæр хæстмæ ба- цыдУстут, уæд куыд æмбæлы; афтæ хæцут, цыфнд- доер фæуат, æмæ знадлш уæ фæдыл ма ласут æнæ- хъæн паддзахадыл, адæмы раз ма худннаг кæнут уæ зæронд мады!" Лопахин йæ хидæйдзаг ных асæрфта æрттæсæр- фæнæй æмæ загъта: —Цæй, цы гæнæн ис, мæ мады хай... бахатыр кæн,. тагъд кæнæм. Цæуок, æндæр искæмæй ракурдзы- нæн.—Хæрзбон загъта Лопахин æмæ хæмпæлгæрдæ- ^кы цыииукъахвæндаджы фæд ацыд, ууыл фæстæ- мæ раздæхт, хъыгзæрдæйæ хъуыды гæнгæ: „Цы хæй- рæг мæ ацардыдта, цы, ардæм! Адджын ныхас фæкод- т^н, цыма мыд бахордтон..." — Æй, æфсæддон, фæлæу-ма! Лопахин фæстæмæ фæкаст. Зæронд ус рацæйцыд йæ фæдыл. Æнæдзургæ бацыд хæдзары размæ, ца- дæггай ахызт асины хъыс-хъысгæнаг къæлхæнтыл æмæ- чысыл фæстæдæр рахаста ведра æмæ цæхх къахыр- тæ хъæдын къусы. 48
— Мигæн&нтæ-иу æрбахæсс,—-загъта та тызмæг ныхасæй зæронд ус. Кæддæриддæр дзырдарæхст æмæ къæйных Лоиа- хин æнæбары багуым-гуым кодта: •—Цы гæнæн и, æз сæрыстыр нæ дæн.,. Ахæссон сæ... Бузныг, мæ мады хай!—æмæ- йын цæмæндæр æваст йæ сæрæй ныллæг акуывта. > Фæллад æмæ фæлмæцыд, фыргуыст æмæ зæронды тыххæй гуыбыр чысыл зæронд ус йæ цурты ахæм ты- змæг æмæ сæрыстырæй ахызт, æмæ Лопахинмæ афтæ фæкаст, цыма дзы асæй дæр зæрондус дыууæ хатты бæрзонддæр у æмæ йæм цьтма кæсгæ дæр æркодта уæ- лейæ бынмæ, æлгъаг æмæ тæригъæддагмæ кæсæгау... Никъала æмæ иннæ дыууæ сырхæфсæддоны бад- тысты кæрты раз, кауы аууон сатæг уæлдæфмæ, та- мако дымдтой æмæ æнхъæлмæ кастысты Лопахинмæ. Хуылыдз хæдоны баст рактæ хъыррыст гæнгæ змæ- лыдысты. Бæрзонд сырхæфсæддон хурмæ скаст æмæ- загъта: — Цыдæр æрæгмæ цæуы нæ уартсæттæг. Æвæц- цæгæн ын ведра нæ дæттынц. Байрæджы уыдзæн, æнæфых зайдзысты нæ рактæ. — Нæ байрæджы уыдзæн,—загъта иннæ.—Зенит- чиктæ капитан Сумсков æмæ батальоны камиссаримæ нырма хæрз æрæджы фæцæйцыдысты телефонмæ. Стæй ныхас æрыфтыдтой, зæгъгæ, ацы аз алы ран дæр мæнæутæ хорз сты, зæгъгæ, лобогрейкæтæй зын- кæрдæн уыдзыстыахæм бæзджын, афæлдæхгæ мæнæу- тæ, зæгъгæ, устытæн тынг зын уыдзæн тыллæг бафс- найын, зæгъгæ, æвæццæгæн, немыцæи бирæ фæллой- баззайдзæн, не ’фсад фæстæмæ цæуын куы нæ ныу- уадза/уæд. Бæстон, лæмбынæг уынаффæ кодтой хæ- дзарадон хъуыддæгтыл, зæхкусдяштæ бæрæгбон хæ- дзары фисынмæ бадгæйæ куыд фæуынаффæ кæнынц/ 4. М. Шолохов. 49
афтæ. Никъала сын хъуыста сæ дæрзæг хъæлæстæм æмæ хъуыды кодта: „нырма знон уыдысты ацы адæм тохы, абон та цыма хæст сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Чысыл аулæфыдысты, сæхи ныннадтой æмæ уынаффæ райдыдтой тыллæгыл. Звягинцев архайы тракторимæ, Лопахин архайы рактæ фыцыныл. Алцы дæр сын бæрæг у, ницæуыл кæнынц дызæрдыг. Æфсад фæс- тæмæ кæй цæуы, уый кой ницы уый бæрц кæнынц, нæ дæр мæлæты кой кæнынц. Хæст—уый у тыххæрд хохмæ фæндаджы хуызæн, уæлахиз—уым, уæлейæ ис, хохы сæр, æмæ цæуынц, фæндагыл æнæуæвгæ цы зындзинæдтæн нæй, уыдоныл, дзæгъæлы сагъæс, хинæйдзаг фырзæндджын ныхас нæ кæнынц. Сæхи царды сагъæстæ æвæрынц фæсвæд, цыфæнды фæуа, уæддæр уæлæмæ, хохы сæрмæ схизын — сæ сæйраг хъуыддаг^! Фæкæлынц, рахауынц, расхъиуынц, фæлæ та сыстынц æмæ цæуынц. Цы хæйрæг сæ бауром- дзэен? Оæ къахы ныхтæ асæтдзысты, сæ туджы мæц- дзысты, фæлæ уæддæр хохмæ схиздзысты. Сæ цып- пæртыл бырдзыстЕл, фæлæ уæддæр схиздзысты!" Никъалайæн æхцон, аахсызгон уыд, хæстон хæлар- дзинад æй цы æмбæлттимæ баиу кодта, уыдоныл хъуы- ды кæнын, фæлæ уалынмæ Лопахин фæзынд æмæ йын йæ хъуыдытæ^фæурæдта. Ныссырх, йæ хид калд, афтæмæй æрбацыд Лопахин тындзгæ къахдзæфæй, арф ныуулæфыд æмæ загъта: — Куыд тæвд у, куы! Раст зындоны цæхæр.—Фæл- варæджы каст бакодта Никъаламæ, хъавыд, цæмæй йын йæ цæсгомыл рафæлгъуыдтаид: фехъуыста йын ч æви нæ йæ ныхас зæронд усимæ. — Къабускайы басы кой нæ бакодтай?—бафарста Никъала. — Цæмæн ма хъæуы къабускъайы бас, рактæ куы сфыцæм, уæд!~мæстыйæ загъта Лопахин. 50
— Куыд æрæгмæ цыдтæ? Лопахин хуыснæгау йæ цæст ахаста æмæ дзуапп •радта: — Ахæм хъæлдзæг, ныхасуарзаг зæронд усмæ ба- хаудтæн, æмæ дзы тагъд рацæуæн нæ уыд. Цæмæй- ты мæ нæ фарста: чи стæм/кæцон стæм, кæдæм цæ- уæм... Зæронд ус нæ, фæлæ зæд у, зæд! Уымæн дæр йæ лæппутæ æфсады сты. Æмæ æфсæддон лæджы куы федга, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, царвау ба-. тад, хонынвæнд мæ скодта, æхскры сæртæ, дам, уæд- дæр ахæр... — Æмæ не .сразы дæ?—хъыгзæрдæйæ бафарста Никъала. Лопахин æм тызмæг цæстæнгасæй бакаст: — Исты дард бæлццон кæнæ мæгуыргур . дæн? Куыд хъуамæ астæрон мæгуыр зæронд усæн йе ’хсы- ры сæртæ? — Дзæгъæлы не сразы дæ, — æнкъардæй загъта Никъала.— Гæнæн уыд æмæ йын йе ’хсыры сæрты ^аргъ бафыстаис. Лопахин, иннæрдæм ^æсгæйæ, загъта: — Æхсыры сæртæ афтæ бирæ уарзыс, уый нæ зыд- тон, æндæра дын, кæй зæгъын æй хъæуы, рахастаип. •Фæлæ уымæн гæнæн ис: ведра фæстæмæ æзне схæс- дзынæн, æгъгъæд мын фод ’уыцы рæвдыд, ды йæ •сдав æмæ æхсыры сæртæ дæр бахæрдзынæ. Ахæм зæрдæхæлар зæронд ус у, æмæ дæ иу капек дæр нæ райсдзæн. Æхца дæттынвæнд ын миййаг ма скæн, хьыг ын уыдзæн. Йæ ныхас мын уый уыд: „Фæстæ- мæ цæуæг хæстонтæн афтæ тæригъæд кæнын, афтæ, æмæ сын мæ уд дæр нæ бацуарддзынæн!" Цæй, цом, ..æндæра нæ рактæ ныммæлдзысты æмæ нал сбæз- дзысты! 51
* # # Никъала бахордта йæ кас, ныхсадта æмæ бæсток. ныссæрфта йæ кателок. Лопахин нæ бахордта йæ хай. Дзуццæг бадти арты фарсмæ, хъилæй змæста ведра æмæ мондаджы каст кодта тæфæй æмбæрзт доны ми- дæг сæ къабæзтæ адаргъгæнæг æнæзмæлгæ рактæм. Фыцгæ хъонтхора тæфæй байдзаг арты фарсмæ. Лопахин-иу рæстæгæй-рæстæгмæ базмæлын кодта йæ- фындзы хуынчъытæ, æхсызгон-иу бацъæм-цъæм код- та æмæ дзырдта: — Растовы, Садовая уынджы „Интуристы" уазæг- доны куыд вæййы, раст афтæ: хъонтхора æмæ ног* фых ракты æхцон тæф... Иу æхсæз авджы ма ихуа- зал бæгæны, æндæр ницы хъæуы. Ой, хæцут мыл, æмбæлттæ! Ахæм æхцон тæфæй мæ сæр разилдзæн æмæ арты бахаудзынæн! Цæхгæрмæ уынджы кæрæдзийы фæдыл анкъуыс- тысты медсанбаты автомашинæтæ. Æппæты фæстейæ цыди америкæйаг гом машинæ, тарбын æрттывта йæ- цъæх ахуырст, нырма ног уыд, фæлæ ныридæгæн би- рæ рæтты фæхуынчъытæ нæмгуытæй, йæ капот ныд- дызгъуынтæ нæмгуыты схъистæй. Машинæйы гуыф- фæйы чъилтæм æнцой кодтой, афтæмæй дзы бадтысты рог цæфтæ: сæ ног баст урс-урсид бинттæм ноджы* бæлвырддæр зындысты сæ хурсыгъд, тарбын цæс~ гæмттæ. — Брезентæй уæддæр куы бамбæрзтаиккой маши- нæйы, — хъыггæнгæ загъта Никъала. — Ацы тæвды сфыцдзысты! Бæрзонд сырхæфсæддон цæфтæм фæстейæ каст æмæ ныуулæфыд: , — Цы хæйрæг сæ сардыдта боныгон цæуынмæ?' Тыгъд быдыры сæм æрбатæхдзысты хæдтæхджытæ* 52
^азмæ сæ скæрдæнтæ кæндзыстьг. Æрхъуыды нæй, æрхъуыды, адæммæ! — Чи зоны, æнæбары фæрастысты,—загъта иннæ.— Дæлæ сапертæ дæр цыма сæ дзæбугтæй нал къуырцц- къуырцц кæнынц, æрмæст ма мах бадæм аууоны. Никъала æдзынæг айхъуыста: хутор уыди зæрдæ- хсайгæ æгуыппæг, хъуысти æрмæст дард аивгъуый- гæ автомашинæты уынæр æмæ хъæддаг бæлоны æнæ- мæт гуым-гуым. Фæлæ уайтагъд хурныгуылæнæй æр- байхъуыст сæ зонг^е артиллерийы хъæрзæгау уынæр. — Фæсайдтой нæ рактæ!-—адæргæй загъта Лопахин æмæ шахтеры æнахуыр æлгъыстæй сæлгъыста. Рактæ сфыцыны фадат сын æцæгдæр нал фæци. Цалдæр мииуты фæстæ полк сыстад фæдисы уагыл. Капитан Сумсков йæ цæст цæрдæг ахаста рæнхъ слæу- уæг сырхæфсæддонтыл æмæ, йæ контузигонд сæр тилгæ æмæ чысыл йæхимид тыхсгæйæ, загъта: — Æмбæлттæ! Бардзырд райстам: хъуамæ хуторы уæлеиæ цы къуылдым ис, фæндæгтæ дзуарæвæрд кæмкæнынц, уым нæхи æрфидар кæнæм. Уыцы къуыл- дым хъахъхъæндзыстæм, цалынмæ нæм ног тыхтæ цæуа, уæдмæ. Бамбæрстат, нæ .разы цы хæс æвæрд ис, уый? Бирæ нæ фæхъуыд ацы фæстаг бонты, фæ- .лæ нæ полчы тырыса бахызтам, хъуамæ йын бахи- -зæм йæ кад дæр. Фидар лæудзыстæм фæстаг лæ- джы онг. Полк араст хуторæй. Звягинцев йæ рæмбыны къæ- дзæй басхуыста Никъалайы æмæ, цæстытæй тæмæн калгæ, загъта: — Тохмæ тырысаимæ цæуын—уый хорз у, фæлæ тырысаимæ фæстæмæ здæхын — уымæй æдзæллагдæр хъуыддаг ницы ис! Ацы бонты нæ тырысамæ мæ цæст бакæсын дæр нал тæры, иу æмæ мæм дыууæ хатты не •’рцыд ахæм хъуыды: „Уæд та йæ Лисиченко Петямæ 53
куы раттиккой,- æмæ йæ йемæ сусæгæй ласа кухняи- мæ, науæд тырысаимæ цæуæм знагмæ чъылдымздæх- тæй". Адæмы раз куыддæр къæмдзæстыг кæны лæг йæхи тыххæй дæр æмæ уыцы тырысайы тыххæй дæр...—Исдуг ницыуал сдзырдта, стæй бафарста: — Куыд зæгъыс—бауромдзыстæм? Никъала йæ уæхсчытæ банкъуыста,, бæлвырд. дзуапи нæ ратта: — Бауромын бæргæ хъæуы.—Йæхимидæг та ахъуьг- ды кодта: „Кæсыс, уый дын хæсты романтикæ! Пол- кæн ма баззадысты йæ фæлхортæ, бахызтой йын æр~ мæст йæ тырыса, баззад ма сæм цалдæр пулеметы,. цалдæр уартсæттæн топпы æмæ кухня, æмæ афтæмæй цæуæм хъахъхъæнæг... Нæ сармадзантæ ис, нæ ми- нометтæ, нæ бастдзинад. Цымæ кæмæй райста капи- тан уыцы бардзырд? Хистæр æфсæддон ном кæмæн. ис, ахæм сыхагæй? Æмæ цымæ уыцы сыхаг йæхæ- дæг та кæм и? Танктæ нæм куы ’рбабырстой, уæд нын зенитчиктæ уæддæр куы баххуыс кæниккой. Фæ- лæ уыдон, ^æвæццæгæн, Донмæ атындздзысты, фур~ дыл хизæг æфсæдтæн æххуысмæ. Æниу ацы хуторы- цы лекка кодтой? Иууыл атындзыдтой Донмæ, быдыр- ты хъёллау кæнынц цыдæр хъæддаг æфсæддон хæйт- тæ, уавæр, æвæццæгæн, фронты камандир йæхæдæг дæр нæ зоны, æмæ æппæт уыдæттæ фæткыл чи æры- вæра, ахæм тыхджын лæг нæй... Фæстæмæ цæугæйæ,. кæддæриддæр ахæм æдзæллаг уавæр вæййы!" Ни- къала иу уысм катайæфтауæг хъуыдытæ акодта: „Цы- мæ ныл куы ’рхъула кæной, бирæ танктæ нæм куы^ ’рбабырсой æмæч нæм уыцы хæрхæсайы æххуыс куы нæ æрбахæццæ уа, уæд та?" , Фæлæ уый размæ тохы састы бынаты кæй баззадыс- *ы, уый маст ын афтæ судзгæ æууылдта йæ зæрдæ, æмæ йæм уыцы мæлæтдзаг хъуыды дæр тас нæ ба«~ 54
уагъта, алцæуыл дæр йæ къух ауыгъта æмæ мæстæл- гъæд хъæлдзæгæй ахъуыды кодта: „Ех, цы уа, уый уæд! Тагъддæр æрцæудзæн кæрон! Кæд нын акоптæ скъахын бантыса, уæд абон фрицты хардзæй,ахъаз- дзыстæм! Ех, ахъазыдыстæм! Æрмæст гилдзцух ма’ фæуæм. Нæ полчы ма чи баззад, уыдон фыдæвзарæн- тæ чи федта, ахæм адæм сты, сæ фылдæр коммунист- тæ, капитан дæр хорз лæг у,—бауромдзыстæм!" Дымгæйыл куыройы цур иу авдаздзыд бæгъæввад фæлурссæр лæппу хызта хъазтæ. Лæппу æввахсдæр базгъордта фæндагмæ, иу ран æрлæууыд æмæ, йæ сырхцъар былтæ гæзæмæ змæлын гæнгæйæ, дисæй каст^æ цурты фæцæйцæуæг сырхæфсæддонтæм. Ни- къала лæмбынæг бакаст лæппумæ æмæ йæм фырди- сæй нымдзаст: цæрмæстыгъд ын бакодта мæ лæппуйы. Йæ хистæр лæппуйы цæстытау уæрæх æвæрд йæ цъæх цæстытæ, уыйау гæны хуызæн фæлурс сæры хилтæ... Цыдæр иудзинад уыди йæ цæсгомыл дæр æмæ æппæт йæ къаннæг, мытылхъарæзт фигурæйы дæр. Цымæ ныр уый, йæ ахсджиаг, йæ гыццыл Ни- коленка Стрельцов кæм ис? Бафæндыд æй лæппумæ ноджы дæр бакæсын, диссаджы æнгæстæ сты йæ лæппуимæ. Фæлæ Никъала йæхиуыл фæхæцыд. Тохы агъонмæ йæ нæ хъæуы, зæрдæ кæмæй фæлмæнкæны, ахæм мысинæгтæ. Уый йæ сидзæр сабитæ ,æмæ сæ æвзæр мадыл ахъуыды кæндзæн, романты куыд фыссынц, уыйау фæстаг уысм нæ, фæлæ немыцæгты уыцы æнæном къуылдымæй куы атæрой, уæд. Ныр уал автоматчик Стрельцов Никъала хъуамæ тынгдæр нылхъива йæ былтæ æмæ хъуыды кæна æндæр исты фæрссаг хъуыддагыл, афтæ хуыздæр уыдзæн... Иудзæвгар Никъала цыди знæтæй, йæразвæндагмæ каст, фæлæ уынгæ нæ кодта, архайдта, йæ дзæкъулы ма цал гилдзы баззад, уый æрхъуыды кæнын, æмæ йæ 55
бон нæ цыд. Стæй та уæддæр нæ баурæдта йæ цыбæл яемæ фæстæмæ фæкаст: сырхæфсæддонтæ раивгъуыд- той, фæлæ лæппу уæддæр лæууыди ’ фæндаджы бйл ■æмæ сæ фæдыл каст, йæ хурсыгъд чысыл къух бæр- ’зонд сдардта йæ сæрмæ æмæ сæм æй цадæггай хæрз- бояи тылд кодта. Æмæ та абонрайсомау Никъалайæн •æваст ныккæрзыдта^йæ зæрдæ, йæ хъуырмæ схæццæ ризгæ, судзаг масты къуыбылой... Къуылдымы нæудзарм зæхх хурмæ ныхсыст, ■æхсон дуры хуызæн ныхъхъæбæр, бел дзы тыххæй ныхсти æрмæст цалдæр сантиметры. Фесхъис-иу дзы кодта гыццыл къуыбæртты згъæлæнтæ, йæ нуæс æрт- тывта глянцы æрттывдæй. Хæстонтæ сæхицæн акоптæ къахтой удаистæй. Чысыл раздæр æрбатахт немыцаг сгарæг хæдтæхæг, цалдæр зылды æркодта къуылдымы сæрмæ, фæлæ ныллæг не ’ртахт, дыууæ хатты скъæр-къæр кодта лулеметæй æмæ хурскæсæны ’рдæм аивгъуыдта. „Ныр тагъд æнхъæлмæ кæс уазджытæм",—загътой сырхæфсæддонтæ. Никъала уæраджы ’мбæрц скъахта акоп, йæ астæу •сраст кодта, цæмæй йæ фæллад суагътаид. Чысыл фалдæр къахта Звягинцев. Йæ фæсонтыл йæ хæдон баумæл æмæ фæтарбын, йæ цæсгомыл, фæрдгуытау, гæр-гæр кодта хид. — Ай сыджыт нæ, фæлæ адæмы удхарæй марæн у!—загъта Звягинцев тагъ-тагъд улæфгæ, æмæ йæ дысæй йæ тарсырх цæсгом асæрфта.—Белæй • схъа- уын нæ, фæлæ топпы хосæй халинаг у. Уæддæр не- мыц кæй нæ бырсынц, уымæй бузныг, æндæра, топпы гæрахмæ фæрсылæй къахгæйæ, лæг ахæм сыджыты тагъд нæ ныббырдзæн. Никъала лæмбынæг айхъуыста. Дардæй хъуыст сармадзанты нымæг уынæр. Стæй та чысыл аулæ- фыд æмæ та райдыдта къахын. 56
Цæстытæ æмæ фындзы хуынчъытæ дзаг кодтой зъыхъхъаг рыгæй. Зæрдæ тыхджын гуыпп-гуыпп кодта. Уыди зынулæфæн. Лкоп ронбасты онг куы скъахта, уæд æваст фæфиппайдта—куы нæ аулæфа, уæд йæ бон нал у, цы сыджыт скъахта, уый уæрмы бынæй -скалын. Мæстæлгъæдæй ату кодта йæ дæндæгты ’хсæн хъыррыстгæнаг змис æмæ акопы кæрон æр- • бадт. — Куыд дæм кæсы, исты пайдайы куыст у?—ба- >фарста Звягинцев. — Иттæг хорз. — Кæсыс, Микола, кæуылты хæст у! Зæгъæн дæр ын нæй—цас сыджыт фæкъахдзæн лæг белæй. Æн- пхъæл дæн, æмæ трактор иу сезоны цы скъаха, уымæй къатдæр иунæг мæхæдæг не скъахтаин фронты. Ни- цы фæллойбонтæй ис бахынцæн нæ куыстæн! — Ныууадзут уæ ныхас!—-тызмæг фæхъæр кодта .лейтенант Голощеков æмæ уæзбын Звягинцев цæрдæг .ныггæпп кодта акопмæ. Фæсæмбисбон, иу-æртæ сахаты уыдаид, афтæ ;акоптæ къахт фесты лæджы ’мбæрц. Никъала йæ .хъæбысыдзаг æртыдта фæлурсцъæх лыстæг скъæл- дзо æмæ дзы бæстон æрымбæрзта йæ акоп. Акопы раз- :заг къулы цы къускъ скъахта, уым нывæрдта пуле- меты дисктæ æмæ гранаттæ, сыхæлдта йæ дзæкъул— .уым йæ хуымæтæджы салдаттаг дзаумæттимæ пыр- :хæй уыдысты йæ гилдзытæ дæр,—æрывæрдта йæ ако- :пы фæстæрдыгæй æмæ æрмæст гъеуæд лæмбынæг .афæлгæсыд йæ алфæмблаймæ. Къуылдымы хурныгуылæн фахс куыддæлæмæ къулаив ахаста адагмæ, уым уыди æвзонг тулдз бæ- .лæсты тæнæг хъæд. Къуылдьшы къул фахсы стæм рæтты цъæх дардтой хъæддаг какосындз æмæ дур- шæткъуыйы къутæртæ. Къуылдымæн йæ дыууæ фар- 57
сæй æрцыд дыууæ бæзджын æрхы æмæ иу кодтой* ададжимæ, уыи адыл Никъала æхцонæй ахъуыдъг кодта, зæгъгæ, фæрсырдыгæй сæм танктæн æрба- цæуæн нæй. Тæвд нæма ’рхаудта. Хур раздæрау æнауæрдонæй арыдта зæхх. Фæлвыхгæнæгау скъæлдзойы хъыхъ- хъаг тæф цырен кодта æнæмбаргæ æрхæндæг. Ни- къала фæлладæй йæ фæсонтæй банцой кодта акопьи къулыл. Касти уырыты зæронд къахт кæритæй æмæх- гæд, хурсыгъд, тарбур быдырмæ, цъæнуты цъуппы- тьтл селфгæнæг, цъæнутæн йæхи хуызæн фæлурс- быдираг цъиусурмæ. Скъæлдзойы хæтæлты ’хсæю зынди, цæст кæм ницы æвзары, ахæм æмырæнгом ар- вы цъæх. Фæздæджы хуызæн уæлдæфы цæст гæзæ- мæ æвзæрста хъæды тæлмытæ дард уæлвæзы, ар- дыгæй зындысты цъæхбын, цыма зæххы сæрмæ æнæз- мæлгæ пæр-пæр кæнынц, афтæ. Никъала йæ хъуырмæ сси дойныйæ, фæлæ йæ- донгарзæй акодта æрмæст иу хуыпп: фæлвæрд ьда уыд æмæ зыдта, хæсты тæмæны иунæг æртах- дæр- дон куыд зынаргъ у, уый. Æркаст йæ сахатмæ. Уы- ди фынддæс минуты цух цыппар сахаты. Удхайраг* æнхъæлмæ кæсгæйæ рацыд ноджы сахаты ’рдæджы бæрц. Иикъала зыдæй дымдта тамако. Дыккаг папи-- рос ын куыд фæцæйфæуд кодта, афтæ фехъуыст ма-- торты дард уынæр. Тынгæй-тынгдæр, уæрæхæй-уæ- рæхдæр кодта уыцы гуыр-гуыр, куыдфæстагмæ- хъуысти бæлвырддæр æмæ тызмæгдæр, зæххы æм- буар улæнтæгæнæг арвы нæрдау. Ададжы иувæрстьг зылын-мылын фæндагыл, цъæх къабайы даргъ фæч- читау, дæргъæй-дæргъмæ сыст’ад рыг. Цыдысты. танктæ. Никъала дзы банымадта цыппæрдæс. Фæау- уон сты ададжы, бабырсыны агъонмæ кæрæдзимæ бæрæг дæрддзæг æрлæууыдысты, Маторты нæрьта 58
нæ сабыр кодта. Ныр фæндагыл автомашинæты тагъд цыдысты æфсæдтæ. Æппæты фæстейæ æрбабырыд æмæ ададжы фæзилæны фæаууон уартджын бензинлас&н тъæпæнарæзт автомашинæ. Æмæ мæнæ ралæууыдысты, тохы размæ лæгæн йæ зæрдæйы уысмы бæрц тыхджын мидæнкъарæнтæ куы февзæры, уыцы минуттæ: ралæууыдысты, зæр- дæ тагъд-тагъд къуырма гуыпп-гуыпп куы фæкæньг алы хæстон дæр, йæ алыварс цыфæнды бирæ æм- бæлттæ куы уа, уæддæр зыбыты иунæгдзинады ихуа- зал æмæ зæрдæууилæг тыхджын æрхæндæджы æн- къарæнтыл куы вæййы, уыцы минуттæ. Никъалайæн’ зонгæ уыд уыцы æнкъарæн дæр æмæ цы æууæлтæм гæсгæ равзæры, уыдон дæр. Иу хатт уый фæдыл Лопахинæн куы дзырдта, уæд ын уый æнæхъазгæйæ- загъта, æниу æнæхъазгæйæ дзурын йе ’гъдауынæ- уыд: „Хæцгæ неппæт дæр иумæ кæнæм, фæлæ мæл- гæ хицæнтæй кæндзыстæм, стæй нæ алкæмæн дæр» йæхи сæрмагонд мæлæт ис, мæнæ нæ дзæкъултау,. чернилæйы кърандасæй нæ нæмттæ кæуыл ныффыс- там, уыцы дзæкъултау... Стæй,-Коля, мæлæтимæ фем-- бæлын—уый хъазæн хъуыддаг нæу. Ахæм фембæлд, мæлæтимæ фембæлд, уыдзæн æви нæ, уый зын зæ- гъæн у, фæлæ уæддæр зæрдæ гуыпп-гуыпп кæны, фыццаг хатт чи бауарзы, уый зæрдæйы хуызæн, æмæ- æгæрстæмæй дæ цуры исчитæ куы уа, уæддæр дæхи афтæ хатыс, цыма а-дунейы уæ дыууæйы йедтæмæ- ничи ис: ды æмæ мæлæт... Алы лæг дæр—удæгас у, цы гæнæн ис?" Никъала зыдта, зæгъгæ, куыддæр тох райдайа,. афтæ уыцы æнкъарæны бæсты фæзындзысты æндæр æнкъарæнтæ: хæрз цыбыр рæстæгмæйы æнкъарæнтæ, • фæпæртгæнæг æнкъарæнтæ, фæпæртгæнæг æнкъа- рæнтæ хаттæй-хатт, чи зоны, адæймаджы сæры магъ- 59>
зы коммæ чи нæ кæсы, ахæм æнкъарæнтæ... Цæхгæр ныуулæфыд æмæ æдзынæг кæсын райдыдта, адаг къуылдымы фахсæй цы нарæг цъæх уадздзаг хицæн кодта, уымæ. Уым, уыцы нарæг уадздзаджы фале нырма дæр цыди маторты æмвæтæн къуырма гуыр- гуыр. Æдзынæг кæсынæй йæ цæссыг рацыд Ни’- къалайæн, йæ æппæт егъау буар, ^иыр бынтон йæхи ..дæр нал уыд, райдыдта дæсгай æнæхъуаджы змæлд- тытæ кæнын: йæ къухтæ цæмæндæр асгæрстой къус- чы æвæрд дисктæ, цыма уыцы уæззау æмæ хурмæ схъарм уæвæг дисктæ исты фæуыдаиккой, уыйау. Стæй бараст кодта йæ хæдоны æнцъылдтытæ, æмæ уæддæр адагæй йæ цæстæнгас æппын нæ фæиртæс- та. Чысыл иуæрдæм фæхæцыд йæ автоматыл: акопы чъилæй æрызгъæлд æлыг сыджыты чысыл хус • къуыбæрттæ, йæ цырыхъы фындзæй сæ æрысгæрс- та æмæ сæ йæ къахы бын æрнадта, фæйнæрдæм ахæ- цыд скъæлдзойы къалиуыл, æниу æнæуый дæр дзæ- бæх уыдта йæ раз, æмæ йæ уæхсчытæ базмæлын кодта... Уыдон уыдысты æнæрхъуыды змæлдтытæ. Никгьала сæ иæ фиппайдта. Йæ хъуыды иууылдæр арæзт уыди знагмæ, йæ хъус æм дардта, æдзынæг каст хурскæсæнмæ æмæ дзуапп нæ ратта Звягинце- вы нымæг хъæрæн. Адагæй сыхъуыст маторы гуыр-гуыр, сзындысты танктæ. Сæ фæдыл, гуыбыр нæ кæнгæйæ, æмраст лæугæ цыдысты фистæг æфсад. „Куыд сналат сты, æлгъыстæгтæ! Цыма парады •сты, уый цыд кæнынц... Багъæцут, ныртæккæ уын мах уæ къух райсдзыстæм! Æрмæст æвгъауаг у, ар- тиллери нæм кæй нæй, уый, æндæра уын уæ пара- дæн дзуапп раттиккам, æгъдаумæ гæсгæ куыддæрид- дæр æмбæлы, афтæ",—^хъуыды кодта Никъала, æмæ йцн улæфт дæр куыд нал фаг кодта, афтæ мæстæй •судзгæ касти знæгты чысыл фигурæтæм дардмæ. №
Зæрдæхсайгæ бынæттæ иулеметтæй сгаргæ, уыры-- ты къахт сыджыты кæрнты иувæрсты хъавгæ, танк-- тæ цыдысты цадæг, фистæг æфсадæй нæ иртæсгæ- йæ. Никъала федта, дыууæ сæдæ метры бæрц йæ размæ цы дурвæткъуыйы къутæр уыди, уый куыд нынкъуыст, раст æй цыма дымгæ нынкъуыста, æмæ нæмыгæй йæ сыфтæртæ æмæ йæ кталиутæ куыд æрызгъæлдысты, уый. Танктæ цæугæ-цæуын æхсын райдыдтойч сарма- дзантæй. Сармадзаны нæмгуытæ нæ хæццæ кодтой’ къуылдыммæ, тынгдæр хаудысты къутæрты цурмæ, стæй сармадзаны нæмгуыты хæлынæй рæзгæ сау. фонтантæ сæ бынат ивтой, æввахсæй-æввахсдæр код- той акоптæм, æмæ Никъала йæхи нылхъывта акопы къулмæ, цыфæнды уысм дæр цæттæ уыди æвиппай- ды фæдзуццæг кæнынмæ. Танктæ сæ фæндагæн йæ фылдæр хай куы рауа- дысты, æмæ къутæртæм схæццæ уæвгæйæ, сæ цыд куы фæчынгдæр кодтой, уæд Никъала фехъуыстал камандæйы дæргъвæтин дзырдтæ. Уыцы иу рæстæ- дясы æхсын райдыдтой уартсæттæг топпæхсдяштæ* æмæ пулеметчиктæ, автоматты лыстæг къæр-къæри- мæ баиу сты топпы хус æмæ сæртæг гæрæхтæ. Немыцаг фистæг æфсад танктæй фæиппæрд сты,- зиæнттæ сыл цыд, фæлæ уæддæр иу-цасдæр рæстæ- джы дæргъы размæ цыдыстьт, фæлæ сæ ахъаззаг æх- сынæй зæхмæ куы нылхъывтой, уæд ныххуыссыдыс- ты. * Уартсæттæг топпæхсджыты гæрæхтæ сцырын сты. Фыццаг танк какосындзы къутæртæм дæр нæма схæц- цæ, афтæ ныллæууыд, .дыккагæн йæ пиллон скалд, фæстæмæ фæзылд, ныллæууыд æмæ арвмæ сдардта- дохты хуызæн сау-сауид гæзæмæ æнкъуысгæ фæз- дæджы цæджындзæг. 61'
Фронты кæрæтты ссыгъдп ноджы дæр дыууæ тан- кы. Хæстонтæ тынгдæр райдыдтой æхсын сыстынмæ хъавæг немыцаг фистæг æфсады, цы танктæ сыгъди, уыдон люктæй гæппытæгæнæг танкистты. Уартсæттæг хæстон Борзыхы хæцæнгарз кæй ныхъх’ьус, уый адыл фæндзæм танкæн бантыст ир- гъæвæн хахмæ сæдæ дыууын метры æввахсæн бацæ- уын. Фæлæ уалынмæ танкы ныхмæ фæцæйбырыд ’еф- рейтор Кочетыгов. Зæхмæ йæхи нылхъывта, афтæ- мæй гыццыл, цæрдæг Кочетыгов рæвдз бырыд уыры- йы къахт бурбын сыджыты кæриты ’хсæнты. Скъæл- дзойы тæлм гæзæмæ кæй змæлыд, æрмæст уымæй бæ- рæг уыди йæ фæндаг. Никъала федта: Кочетыгов цæрдæг фестад, йæ -къух дард фæхаста æмæ йæ тынг ныттылдта, йæхæ- дæг уайтагъд зæххыл фæстæмæ æрхауд. Йæ уæл- вæд йæ калмдзæлхытыл гыбар-гыбургæнæг æндон гуымиры размæ атахт танкхалæн гранатæ, æмææрды- ны хуызæн уæззау хахныв афыста уæлдæфьГ-.. Танкæн галиурдыгæй бæрзонд фæцыд зулаив^ фæлурс пиллонæй рухсдзыд сыджыты сæвджын цæ- джындзæг. Цыма цыдæр æнахуыр егъау маргъ æвип- пайды йæ сау базыр нынкъуыета, уыйау танк, йæ гæндзæхтæ цæгъдæгау, йæ калмдзалхыл фæзылд æмæ •йæ мидбынаты дзыхълæуд фæкодта, дзуарæвæрд ын цы чъилыл уыд, уый топпы нæмыгмæ бадардта. Цалдæр минуты агъоммæ ныхъхъус уартсæттæг хæстон Борзыхъы хæцæнгарз, ныр та-скуыста æмæ комкоммæ æхста фæрсылæй лæууæг хæлд танкы. Фыццаг гæрахæн танкы зыхъхъыртæй фæзынд фæз- дæдяш къæм. Танкæй райхъуыст ферхæц-ферхæцгæ- наг дæргъвæтин къæр-къæр æмæ ныхъхъус. Тан- кистты рахизын кæнæ фæндгæ нæ бакодта, кæнæ сын æндæр гæнæн нал уыд æмæ машинæйы баззадысты. •82
Цалдæр минуты фæстæ йæ мидæг хæлын райдыдтой фæсауæрц гилдзытæ. Фæздæг феуæгъд æмæ танк уартсæттæн топпы нæмыгæй кæм фæхуынчъытæ, уырдыгæй æмæ йæ æгуыппæг мæсыгæй фемæхст бæз- .джын, фынккалгæ къуыбылæйттæ гæнгæ. Пулеметы æхстæй къахатйлæн нæ уыд знаджы фистæг æфсадæн, цалдæр хатты афæлвæрдтой сыс- тын, фæлæ-иу фæстæмæ ныххуыссыдысты. Æппын- •фæстаг сыстадысты, æрхуысс-фестгæйæ згъордтой, æрбаввйхс сты. Фæлæ раст уыцы рæстæджы танктæ <цæхгæр фæзылдысты æмæ фæстæмæ фæсуанг сты. (Къуылдымыл дзы цы æхсæз машинæйы баззад, уы-, донæй чи сыгъд фæцæйфæуд кодта, чи та хæлдæй .лæууыд. Цыма зæххы бынæй фегуырд, уыйауНикъала кæ- цæйдæр фехъуыста Звягинцевы фæсус, цинæйдзаг тшхас: — Микола! Хорз сын фестæм, цъам!.. Иу фæхæп- пæй нæм хъавыдысты, æмæ сын хорз куы фестæм! Тынг хорз сын фестæм! Рацæуæнт та—аккаг та сын фæуыдзыстæм! Никъала байдзаг кодта афтид дисктæ, йæ донгар- зæй чысыл анызта æлгъаг хъарм дон, æркаст йæ са- хатмæ. Афтæ йæм касти, цыма тох цыди æрмæст цалдæр минуты, фæлæ хъазуат хæст куы райдыдта, уæдæй нырмæ сахаты æрдæгæй дæр фылдæр рауад, ’хур дзæвгар фæкъул æмæ йæ тынтæ æрдæбоны хуы- зæн тæппалсыгъд нал кæнынц. Ноджы дæр ма ахуыпп кодта Никъала йæ донæй, донгарз æвæндонæй рахицæн кодта йæ былтæй æмæ акопæй хъавгæ акаст. Йæ фындзыхуынчъытыл сæмбæлд сыгъдæг æфсæйнаг æмæ бензины æнуд тæф, арыд кæрдæджы маст фæнычы тæфимæ æмхæц- *цæйæ. Æвва?ссдæр æм цы танк уыд, уый цур ба- 6з
сыгъд кæрдæг, скъæлдзойы’цъуппытыл пæррæстытæ* кодтой пиллоны гыццыл æвзæгтæ—боны рухсмæ гæ- зæмæ зындысты. Къуылдымы фахсыл сæ фæздæг- калд сау æвзалы бауæг æнæзмæлгæ танкты бындзæф- хæдтæн. Афтæ зынди, цыма уырыты къахт хуынчъы- ты цур фæфылдæр къуыппыты нымæц, æрмæст ныр-. уыцы иугъуызон бур нал уыдысты, бирæтæ дзы ар~ дыгæй, къуылдымæй зындысты тъæпæндæр, фæлурс, цъæх. Никъала сæм лæмбынæгдæр куы акаст, уæд. бамбæрста: уыдон сты немыцæгты мæрдтæ, æмæ йæм. хардзау фæкаст, уыцы фæлурсцъæх къуыппытæ уый, куыд фæндыд, афтæ бирæ кæй нæ уыдысты,уый... Адагæй ныкъæр-къæр кодтой пулеметтæ. Никъала. йæ сæр фæцавта акопы чъилы аууон: стæй йæ хи- дæйдзаг фæсонтæй акопы къулыл анцой кодта, йæ- фæллад уагъта æмæ уæлæмæ каст. Æрмæст уым, уы- цы уазал, алцыппæтмæ дæр æнæмæт цæстæнгас дарæг арвы цъæхыл мурдæр ницы фендæргъуызон; раздæ- рау æнæнкъуысгæ бæрзонд разил-базил кодта быди- раг цæргæс æмæ искуыдæй-искуыдмæ йæ рухсдзыд (бынæй кæсгæйæ) фæтæн базыртæ базмæлын кæны;„ раздæрау иттæг бæрзонд лæууы сæтæлхъузджы æн- гæс, æргъæуы хуызæн тæмæнтæ гæнæг цъæхбын» урс мигъы%къæм æмæ афтæ зыны, цыма æппындæр- змæлгæ нæ кæны; раздæрау бæрзонд кæцæйдæр хъуы> сы хърихъуппыты хуымæтæг, фæлæ адæймаджы зæр- дæмæ æнæфæрæдигæ фæндаг чи ары, ахæм уынæр;. æрмæст дæрддаг къуылдымы сæрмæ цы фæздæджы- хуызæн фæлм бады, уый чысыл фæирддæр, къуыл- дымы алыварс цы хъæды тæлм ис, уый афтæ нал\ зынди, цыма ницы ахады, цыма зæххы сæрмæ тæхгæ кæны, фæлæ тынгдæр рацъæх æмæ йын ныр ис, уыр- зæй басгарæн кæмæн ис, ахæм мæстæгдзинад... Никъала æнхъæл уыди, зæгъгæ, немыцæгты дык- 64
каг атахъ райдайдзæн, сæ танктæ æмæ сæ автомат- чиктæ æндæр рæтты æрзилын куы бавзарой, уæд. Фæлæ немыцæгтæ, æвæццæгæн, тагъд кодтой, фæн- дæгтæ дзуарæвæрд кæм сты, уырдæм баирвæзыныл æмæ къуылдымы фале поствæндагмæ ахизын: фыц- цаг атахъау та ныр дæр танктæ æмæсе ’мдзугæнæг фистæг æфсад æнæсæттон хивæндæй комкоммæ ра- раст сты, сæ мæрдтæ хуртуанау кæм уыдысты, уыцы къуылдымы фахсыл. Æмæ та фистæг æфсадыл ихуарæгау куы ныз- гъæлдтой, æмæ танктæй куы фæиртæстысты, уæд та къуылдымы гæмæх фахсыл ныххуыссыдысты; танк- тæй размæ чи раирвæзт, уыдон дæр та уыцы иу рас- тæй ратындзыдтой хъахъхъæдады хахмæ. Ацы хатт дзы дыууæ танкы æрбахæццæ, нæ хъахъхъæдады рахиз кæрон цы акоптæ уыди, уырдæм. Дыууæйы дæр фе- хæлдтой граиаттæй. Фæлæ сæ иуæн бантыст акопты цалдæр чыры аныгудын. Ныр сыгъди, фæлæ судз- лзе-судзын дæр архайдга размæ бырсьш, ницыхъом тызмæг гыбар-гыбур кодта йæ иунæг æнæхъæн баз- зайæг калмдзалхыл, разил-базил кодта йæ мæсыг æмæ æхста, йæ тæвдуартæй райдыдта цъæхбып бур стъæл- фæнтæ хауын, фыртæвдæй йæ фæрстæй стыхсын æмæ топтыхт кæнын байдыдта фыдуацхæссæг гар ахурæн. Хуры зулаив тынтæ ныккомкоммæ сты згъæрху- ды бынмæ. Тынг зын уыди æрхуысс-фестгæйæ згъо- рæг немыцæгтæм æппынæдзух топпы кæсæнæй хъавын æмæ кæсын. Хаттæй-хатт-иу сæ цæст нал ауыдта хурмæ. ’Иикъала æхста йæ гилдзытыл ауæрд- гæ, æхста, знадлш æнæмæяг куыд цæф кодтаид, аф- тæ, фæлæ уæддæр йæ цæстытæ тынг фæрыстысты хурмæ, æмæ знадяш дыккаг атахъæн ныхкъуырдкуы раттой, уæд арф ныуулæфыд æмæ цæсти ныкъуылды бæрц йæ цæстытæ æхцонæн æрцъынд кодта. 5. М. Шолохов. 65
— Хорз та сыи фестæм...— иуварсæрдыгæй рай- хъуыст Звягинцевы къуырма хъæлæс, ацы хатт хъæлдзæг нæ уыд.—Цы фæдæ, Микола? Удæгас дæ? Уæдæ хорз. Хъуыддаг уый у, æмæ миййаг нæ гил- дзытæ куы нæ сфаг уой, цæмæй сын кæронмæ ак- каг фысым фæуæм. Лæг сæ цæгъды æмæ цæгъды, фæлæ уæддæр бырынц æмæ бырынц, хъæндил хормæ куыд бырьт, уыйау... Звягинцев ма цыдæр æнæмбаргæ дзырд’тæ гуым- гуым кодта ныллæг хъæлæсæй, фæлæ йæм Иикъала - нал хъуыста—-кæмдæр ныллæджыты тахтысты немы- цаг хæдтæхджытæ ферхæц-ферхæц гæнæг бæзджын уынæр гæнгæ æмæ йæ хъусдард иууылдæр уыдои- мæ скодта. „Гъе, гъе, уыдон цух ма уыдыстæм..."—ахъуыды -кодта Никъала æмæ йæ цæстытæ арвыл ахаста, фæ- лæ ницы суыдта, æмæ йæхимидæг æлгъыста хуры, кæсын æй кæй нæ уагъта, уый тыххæй. Дыууадæс „юнкерсы" тахтысты къуылдымы цæгат- хурныгуылæиы æрдыгæйты—æвæццæгæн [Доны бæс- тæм. Кæцырдæм тахтысты,* уый куы базыдта, уæд фыццаг афтæ ахъуыды кодта Никъала, зæгъгæ, До- ны фурды хид халынмæ тæхынц. Æхсызгон улæфт дæр ма скодта æмæ загъта: „Аирвæзтыстæм!" Фæлæ уайтагъд ауыдта: хæдтæхджыты балæй цыппар фæ- хицæн,- разылдысты æмæ къуылдымы сæрмæ февзæр- • дысты. Никъала арфдæр ныббырыд акопы, йæхи æррæвдз- кодта æхсынмæ, фæлæ æрмæст иунæг хатт суагъта йæ автомат йæ размæ зулаив æрбацæйтæхæг хæдтæ- хæгыл—æндæр фадат ыи нал фæци. Хæдтæхæджы маторы хъæримæ баиу бомбæйы цыбыр, куыдфæстаг- ’мæ тыхджын анæрд. ’ ’ Никъала нæ фехъуыста, бомбæйы фехæлдæй зæхх 66
куыд нынкъуыст æмæ иугуыр куыд анæрыд, уый: нæ федта, йæ фарсмæ сыджыт хæрдмæ куыд фæцыд æмæ æвирхъау цæджындзæг куыд ныллæууыд, уый. Тæвд уæлдæфы хъæддых улæн акопмæ нызгъæлдта, йæ раззаг былыл цы сыджыт уыди, уый, фæстæмæ ариуыгъта Никъалайы сæр. Згъæрхудыл йæ къæбут афтæ ныццавта, æмæ йæ хъуырбос аскъуыд, бауа- дзыг, фæсур... иицыуал базыдта... Хæдтæхйжытæ дыууæ ’рбатахтæн сæ бомбæтæкуы ’ркалдтой æмæ фæстæмæ. куы атахтысты,. стæй не- мыцаг фистæг æфсад (ныр æртыккаг хатт) атахъæй куы ’рбацыдысты æмæ, сæхи скъуыддзаггæнæг тох- мæ цæттæ кæнгæйæ, нæ хъахъхъæдады хахмæ хæрз æв- вахс куы ’рбахæццæ сты, æрмæст уæд æрчъицыдта Никъала. Карз, æнауæрдон карз тох цыди Никъалайы алы- варс. Сæ фæстаг тыхтæ æрæмбырд кодтой, полкæй ма цы иугай хæстонтæ баззад, уыдон, æмæ зяаджы урæдтой. Лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта сæ хæцæн- гарзы тых—чысыл ма дзы баззад хæцынхъом адæм. Хъахъхъæдады, галиу кæрон кусын райдыдтой армы гранаттæ. Удæгас ма цы хæстонтæ баззад, уыдон сæ- хи цæттæ кодтой немыцæгтыл фæстаг хатт джебо- гъæй сæмбæлынмæ. Никъала ма уæддæр, сыджыты бын æрдæг ныгæд уæвгæйæ, акопы лæууыд фæл- дæхт голлагау, удисæгау тыхулæфткæнгæ, цъирæ- гау кодта уæлдæф, алы раулæфтæн-иу йæ уадултæ аныдзæвдысты, акопмæ цы сыджыт æркалд, ууыл... Йæ фындзæй фемæхсттуг, хъыдзыгæнæг хъарм туг... Туг, æвæццæгæн, рагæй цыди, амæн æмæ ныр йæ рихитыл ныхъхъæбæр, баныхæстысты дзы йæ был- „_тæ. Никъала йæ къух йæ цæсгомыл æрхаста æмæ раба&æгау кодта. Фæлæ^ йæ зæрдæ тынг схæццæ, ^фæСтæмæ та æрхаудта. Отæй аивгъуыдта уыцы уа- 67
вæр дæр. Рабадт Никъала, афæлгæсыд йæ талыаг цæстытæй æмæ æппæт дæр бамбæрста: хæрз æввахс уыдыстн немыцæгтæ. Бирæ фæхъизæмар кодта йæ æдых къухтæй ав~ томаты ног днск бакæныныл. Бирæ фæцархайдтасыс- тыныл, йæ уæрджытыл слæууыныл. Йæ сæр зылди. Йæ омдзæджы туаг тæфмæ йæ зæрдæ ноджы тынг- дæр хæццæ кодта. Фæлæ баурæдта, йæ зæрдæ кæй хæццæ кодта, уый дæр, йæ сæр кæй зылд, уый дæр æмæ йæ хъару æмæ йæ бархъом кæмæй фæцудыдта,. уыцы лæмæгъдзинад дæр. Æмæ райдыдта æхсын. Йæ. алыварс цы цыд, уымæ йæхи ныкъкъуырма кодта. Ар- хайын æй кодтой æппæтæй тыхджындæр дыууæ фæн- доны: удæгас уæвын æмæ кæронмæ тох кæнын! Афтæмæй цыдысты минуттæ, уымæн сахатты бæрц. чи уыдысты, уыцы минуттæ. Никъала нæ федта, ададжы фаллаг фарс хуссарæрдыгæй нехмыцаг азто- машинæтыл æртæ „КВ" танчы сæхи куыд ныццавтой (семæ моторифтонг фистæг æфсад уæвгæйæ), уый. Йæ сæрымагъз кæй фæхæццæ, уымæ гæсгæ тагъд нæ бамбæрстэ, йæ акопæй æрмæст сæдæ метры фалдæр фæрсылæй цы немыцæгтæ уыди, уыдонæн сæ топ- пæхст æваст цæмæн фæцудыдта, тагъд-тагъд цæмæн райдыдтой сыдзмыдзы бырын, стæй цæмæн фестадыс- ты æмæ цæмæн алыгъдысты, уый, уымæй дæр фæс- тæмæ, адагмæ нæ, фæлæ цæгат-хурныгулæны 'рдæм,„ арф æрхмæ. Немыцæгтæ дæлæмæ зулаив тылдысты къуылды- мы фахсыл тарбын цъæх сыфтæртау, цыма сæ дымгæ- ратыдта æмæ сæ скъæфгæ кодта, уыйау; бира^тæ дзы сыфтæртау зæхмæ хаудысты æмæ кæрдæджы ныгъуылдысты, фæлæ фæстæмæ нал стадысты... Æрмæст бомбæйы къахт уæрмыты сæрты гæппы- тæ гæнгæ йæ цурты куы ’рызгъордтой, Звягинцев. 68
лейтенант Голощеков æмæ ноджы цалдæр хæстоны, -сæ цæсгæмттæ мæстæй фæлурс æмæ уæлахизы ци- нæйдзаг, æрмæст уæд бамбæрста Никъала хъуыддаг. Йæ хъæлæсы фæсус хъæл-хъæл ссыд, йæ цурты згъорæг сырхæфсæддонтау уый дæр цыдæр фæхъæр ■кодта, фæлæ йæ хъæр йæхимæ дæр нæ хъуыст:кæд- дæрау, раздæр-иу куыд кодта, афтæ йæ фæндыд фес- тын æмæ йæ ’мбæлттимæ азгъорын. Фæлæ йæ æдых къухтæ, зæронд лæджы къухтау, адæргæй ацархайд- той акопы дæрзæг кæроныл æмæ бадзон-дзой кодтой, фæбырыдысты. Йæ бон нæ бацис акопæй рахизын... Дæлгоммæ ныххауд акопы былыл æмæ схъæрзыдта, •стæй скуыдта йæ æдыхы тыххæй зæрдæхалæн карз маст æмæ йе фырцинæй, ома мæнæ гъе—сыххæст нæ бæллиц!—бахъахъх’ьæдтам, нæ бæрны цы къуыл- дым уыди, уыГг, афоныл æрбахæццæ æххуыс, æмæ лидзынмæ фæци йенæуынон æлгъыст знаг!.. Никъала нæ федта, тæккæ æрхы цур Звягинцев ^æмæ сырхæфсæддонтæ немыцæгты куыд баййæфтой æмæ джебогътæй тох куыд самадтой, уый; нæ федта, «сержант Любченко размæ атындзæг сырхæфсæддонтæй фæсте куыд дард баззад æмæ йæ цæф къахыл уæз- зау æнцайгæ куыд цыд, уый—йæ иу къухæй хæцыд топптыхт тырысайыл, иннæ къухæй та йæ фарсмæ нылхъывта йæ автомат æмæ йæ размæ дардта; нæ дæр сармазаны нæмыгæй хæлд акопæй капитан Су- мсков куыд рахылд, уый федта... Капитан йæ галиу къухыл æнцой кодта, афтæмæй къуылдымыл дæлæ- нæ ’бырыд йæ хæстонты фæдыл; йæ рахиз цонг ын йæ тæккæ рæбыныл атыдтой сармазаны нæмыдяш охъистæ, æмæ йæ йæ фæдыл уæззау æмæ æвирхъау ласт кодта дзедзылой гæнгæ, урæдта ма йæ тугæй :хуылыдз хæдоны пискъуыл: хаттæй-хатт-иу капитан -æрхуыссыд йæ галиу уæхскыл, стæй та-иу æрцæй- 69
бырыд.^Туджы ’ртах нал уыди йæ чъыры хуызæн урс цæсгомы, фæлæ уæддæр размæ "бырыд æмæ, йæ сæр фæхъилгæнгæ, хъæр кодта сывæллоны цъæхснаг, ферхæц-ферхæцгæнаг хъæлæсæй: — Мæ цæргæстæ! Мæ ахсджиагтæ, размæ!.. Хорз сæ фенут лæгау! Уыдæшæй Иикъала ницы федта, ницы фехъуыста. Изæры фæлмæн арвыл нырма ныртæккæ ссыгъди тыбар-тыбургæнæг фыццаг стъалы. Никъалайæн та ралæууыд саудалынг æхсæв—ирвæзынгæ’нæг æмæ бирæ рæстæг ахæссæг уадзыджы уавæр. * Немыцаг авиабомбæтæй схæцыдысты æмæ æхсæв- бонмæ сыгъдысты кæрдинаг хуымты æгæрон быдыр- тæ. Æхсæв бонмæ нæ ахуыссыд æмæ арвы æмбис ахста тарсырх тыбар-тыбургæнæг æхсид. Æгæрои быдыр рухс уыди уыцы тызмæг хæстон æрттывдæй, æмæ былкъахыр мæйы цъæхбын дыдзы рухс кастиг æгæр фæлмæн, лæг дзы загътаид, æвæдза, æппындæр ницæмæн хъæуы. Сыгъдоны тæф дымгæ йемæ хаста хурыскæсæны ’рдæм, æппынæдзух гурæй-гурмæ цыди Доны фурд- мæ "’ивылæг сырхæфсæддонты фæдыл, цух сæ нæ уагъта зæрдæхалæн мысинагау. Куыд дарддæр цы- дысты, афтæ тынгæй-тынгцæр æрхæндæг кодта Звя- гинцев, раст ын цыма сыгъдоны маст, хъæстæ уæл- дæф канд йæ рæуджытæ нæ, фæлæ йæ зæрдæ дæр æвдæрзта, уыйау... Хидмæ бацæуæн фæндагыл цыдысты хъахъхъæ- нæг фæстаг æфсæддон хæйттæ. Æккуырстысты ли- дзæг адæмы уæрдæттæ хæдзарон дзаумæттæй цъуп- пайадæй. Сæ калмдзæлхытæй хъыррыст гæнгæ æмæ 70
фæнычы хуызæн рыг сыстын кæнгæйæ, ^æнæастæрд фæндаджы иувæрсты гыбар-гыбур кодтой танктæ. Доны фурдмæ фæдисæй тардтой колхозон фосы дзуг- тæ. Фыстæ-иу танкты куы ауыдтой, уæд-иу тæссæйг. ныййарц сты быдырмæ æмæ-иу æхсæвы тары нал фæзындысты. Бирæ-ма-иу фæхъуысти фысты къан- нæг сæфтæджыты къуырцц-къуырцц, бирæ-ма-иу хъуысти, куыдфæстагмæ ныссабыруæвæг устыты æмæ фостæрæг æнахъом лæппуты кæуын. Фостæрæг æнахъом лæппутæ архайдтой тæссæй знæт фыстьг бауромын æмæ ныссабыр кæныныл. Фæндагыл æрлæууыд автоколоннæ. Звягинцев йæ« иувæрсты цæугæйæ, иу ран хуымы кæрон ратыдта, артæй чи ’фервæзт, ахæм æфсир æмæ йæ æввахс схаста йæ цæстытæм. Уый уыдис „мелянопуе" мæ- нæуы тигъджын уæззау æфсир. Йæ нарст нæмгуы- тæ н&хъхъоппæг оты. Йæ рихитæ арыд, йæ нæм- гуыты хæдон аскъуыд арты пиллонмæ, æвидыц æмæ тæригъæддаг сси æфсир, кæрæй-кæронмæ дзы ахъардта хъыхъхъаг фæздæдяш тæф. Звягинцев басмыста æфсирмæ æмæ цадæг багуым- гуым кодта: — Мæ ахсджиаг, куыд тынг дæ ахъардта, куы, фæздæг! Фæздæджы тæф дæ цæуы цигайнагау... Цы дын бакуыста æлгъыст, дурзæрдæ немыцаг! Арæхетгай аууæрста æфсир йæ армы тъæпæны. Афу кодта мæнæуы нæмгуыты цъæрттæ. Йæ иу къу- хæй сæ йе ’ннæ къухмæ æркодта æмæ дзы иунæг нæмыг дæр зæхмæ куыд нæ ахаудаид, афтæ сæ ца- дæггай йæ дзыхы бакалдта. Æрæууылдтасæ æмæ-иу æртæ хатты - ферхæц-ферхæц гæнгæ уæззау ныу- улæфыд. Фронты цы дæргъвæтин мæйтæ арвыста, уыцы мæйты бирæ федта Звягиицев мæрдтæ, адæймаджы 71
дудгæ бонтæ, хъизæмартæ. Федта, дур дурыл кæм нал баззад æмæ цъыбыртты сыгъд чи баци, ахæм хъæутæ, хæлд заводтæ, æрæджы дæр ма рæсугъд горæттæ кæм уыд, унм агуири æмæ хуырдуры æна- хъинон цæндтæ. Федта, танктæ кæй ныддæрæн код- той æмæ сармадзанты нæмгуытæ хъæууат кæй фæ- кодтой, ахæм дыргъдæттæ. Фæлæ хæсты æнпæтрæс- тæджы дæргъы ацы бон фыццаг хатт федта æгæрон тыгъд быдыры кæрдинаг хортæ судзгæ, æмæ йæ зæрдæ ныккæрзыдта. Звягинцев цыди æмæ цыди, арф-иу ныуулæфыд æнæрхъуыдыйæ, æхсæвы сауда- лынджы рухсмæ • йæ хус цæстытæй лæмбынæг каст фæйнæрдæм, знаджы къухæй сыгъд, æвзалыйы хуы- зæн сатæгсау быдыртæм, хаттæй-хатт-иу ратыдта, цыдæр диссагæн фæндаггæрон чи фервæзт, ахæм мæ- нæуы кæнæ хъæбæрхоры æфсир. Хъуыды кодта, ныр- тæккæ адæмы тугвæллойæ куыд бирæ æмæ куыд æдзæлгъæды сæфы æмæ цыдæриддæр удæгас æмæ цæ- рæгой ис, уый ныхмæ немыц куыд æгъатырæй хæцы, ууыл. Йæ цæстытæ-иу æрмæст стæм хатт сæхи аирхæфс- той зынгæй фервæзæг цъæх еууы улæнтыл, бæрзонд нартхор æмæ хурмæзиладжы хуымтыл, стæй та-иу фæндагæн* йæ дыууæ фарс дæр дардыл ахаста сыгъд зæхх, æмæ афтæ тар, афтæ æвирхъау зæрдæуынгæггæ- нæг æгуыппæг уыди, æмæ йæм хаттæй-хатт Звягин- цевæк йæ бон кæсын нæ уыди. Йæ буар мæрдвæллад баци æмæ лæгъзтæ кодта, цæмæй аулæфыдаид, фæлæ йæ сæры магъз уæддæр йæ куыст. кодта, æмæ кæд цæстæй „цы федта, уымæй æруæззау, уæддæр Звягшщев, хæстыл хъуыдытæ гæнгæ æмæ цæмæй йæ хуыссæг фæлыгъдаид, уый тыххæй хæрз ныллæг хъæлæсæй загъта: — Ех, немыц, немыц, удхор æнаккаг! Сахуыр дæ, 72
маргæйдзаг куш, цæрæнбонты искæй зæхх дæ къахæй нæмын æмæ налат митæ кæнын. Фæлæ дын хæст дæхи зæхмæ куы ахæссæм, уæд та куыд кæндзынæ? Ам налат, тынг налат митæ кæныс, акæчз-ма цас хор ба- сыгътай, нæ хъæутæ дæр ный судзыс æнæмæтæй... Фæлæ куыд уыдзæн дæ хабар, хæст дæ фрицаг зæх- ^ мæ куы анхъæвза, уæд? Багъæц, саузæрдæ немыц, уæд æндæр хъæлæсæй ныззардзынæ! Ныр акопты ба- дыс æмæ дзыхы фæндыр цæгъдыс, фæлæ дæ уæд фæндыр æрбайрох уыдзæн, дæ хæмхуттæ уæлæмæ ■сдардзынæ, дæ цæст ныдздзагъыр кæндзынæ уæлæ учыцы ирд мæймæ æмæ куыдзы ниуд кæндзынæ, амæн -æмæ уæдмæ дæ адзал абаддзæн дæ тæккæ фæскъæ- <5ут, æмæ йæ дæ фындзы хуынкъæй басмуддзынæ! Уый бæрц хъизæмар нын бавзарын кодтай, немыц, дæу тыххæй уый бæрц сидзæр баззад нæ сабитæй,уый бæрц идæдз баззад нæ устытæй, æмæ дæм хъуамæ æнæ- мæнг ныццæуæм, цæмæй дын дæ хæс бафидæм! Æмæ дæм уæд нæ хæстонтæй æмæ нæ камандиртæй иунæ- гæн дæр йæ зæрдæ нæ фæтæнæг уыдзæн, иунæг адæймаг дæр дын нæ батæригъæд кæндзæн, уый ды- зæрдыгаг нæу! Æмæ дæ цъаммар зæххыл фæздæ- джимæ цы бон æрзилæм, æнаккаг немыц, уыцы бон- мæ мын мæлæн нæй, æнæмæнг цæрдзынæн æмæ, кæд- дæра уæд, æлгъаг хилæгой, дæ цæссыг кæцы дысæй сæрфдзынæ. Æнæ афтæ бакæнгæ мын ницы амалæй ис, амæн æмæ дæм мæ маст æхсиды, æмæ мæ фæн- .ды, цæмæй дын дæ уд сисын кæнон бынтондæр æмæ дæ "æнусмæ бавæрон дæ калмы хуынчъы, ам, нæхи искæцы губернийы миййаг нæ, фæлæ... Афтæ, цадæг гуым-гуым гæнгæ, цыди Звягинцев, æмæ йæ ныхас уыди æнæзонгæ немыцмæ. Уыцы æнæ- •зонгæ немыц та уымæн ныртæккæ уыди æппæт не- ^ыцаг æфсад æмæ уыцы æфсад уырыссаг зæххыл цы 73
æбуалгъы фыдмитæ бакодтой, уыдон, Звягинцев хæс- ты рæстæджы цы æнæнымæц бирæ æбуалгъы фыд- митæ федта, уыдон, ныртæккæ дæр ын йæ развæнда’г цы фыдуацхæссæг зынгирвæзты тæмæн рухс кодта, уыцы æвирхъау фыдмитæ. Звягинцев хъæрæй кæй хъуыды кодта, уый йын ахъаз уыди хуыссæджы ныхмæ тох кæнынæн, йæ зæрдæйæн куыддæр æнцондæр уыди хъуыддаг æм- барьтнæй, зæгъгæ, раджы уа æви æрæджы, уæддæр- зыаг йæ фыдмиты тыххæй дзуапп ратдзæн, ныртæк- кæ цыфæнды лæбурд куы кæна размæ, йæ адзал фæс- тæдæрмæ аргъæвыныл цыфæнды фæлварæнтæ куы кæна, уæддæр æнæмæнг бабын уыдзæн. — Ныццæудзыстæм дæм, куыдзы фырт, ныццæу- дзыстæм, æмæ дæ ныддæрæн кæндзыотæм! Уазæгуа- ты цæуын уарзыс—уæд уарз уазæг дæхи хæдзармæ ахонын дæр!-»йæ хъуыдытæй бамæсты æмæ чыеыл хъæрдзерæй загъта Звягинцев. Лопахин йæ фæстæ фæллад сæпп кодта, йæ къух ын йе уæхскыл æрæвæрдта æмæ йæ бафарста: — Уый цы гуым-гуым кæныс, комбайнер, къуырма гарк мусы куыд гуым-гуым кæна, уыйау? Цас хор басыгъд, уый нымайыс? Ныууадз, уæгъды ма фыдæ- бон кæн, уыцы зиæнттæ бахынцыны фаг дæ сæрь* цифртæ нæй. Уымæнматематикæйы профессор хъæуы. Звягинцев исдуг ныхъус, стæй йын æндæр хъæлæ- сæй, ныллæг хуыссæнхъæлдзæг хъæлæсæй дзуапп ратта: — Уый æз мæ хуыссæг дзурынæй сурын... Хор та мæм, зæхкусæг лæг кæй дæн, уымæ гæсгæ, кæй зæ- гъын æй хъæуы, æвгъау кæсы. Цы хор фесæфти, цы„ ме скæнæг хуыцау! Оæдæ, сæдæ дыууын путы æр- цыдаид алы гектарæй дæр -уый, ,ме ’фсымæры хай, мæнæ нæй! Ахæм тыллæг æрзайын кæнын—уый дæк дурæвзалы рафæйлауыны хуызæн ма кæсæд. 74
— Хор йæхæдæг зайы, дурæвзалы та къахын хъæ- уы. Ныууадз уыцы ныхас, уый фаг сæры магъз дæу- мæ нæй. Уый бæсты ма мын бамбарын кæн, æррайау дæхæдæг дæхиимæ цæмæн ныхас кæныс? Ныхас кæн мемæ, науæд дæхинымæр цыдæртæ гуым-гуым кæ- ныс æмæ афтæ фенхъæлдтон, зæгъын, æхсæв йæ зонд бынтон фæцыд. Дæхицæн мауал ныхас кæн, бар дын нæ дæттын ахæм æдылы митæ кæнынæн! —Исты мæ хистæр дæ, куыннæ мын дæттыс бар,— загъта Звягинцев. — Рæдийыс, мæ хæлар, тæккæ дæр æз дæн ныртæк- кæ дæ хистæр. Звягинцев цæугæ-цæуын фæаылд Лопахинмæ æмæ йæ тызмæггомау бафарста: — Уый та куыд? Куыд мын бахаудтæ хистæры бынатмæ? Лопахин тамакойæдзаг бур æнгуылдзы ныхæй ба- къуырцц-къуырцц кодта Звягинцевы згъæрхуд æмæ- хъазгæйæ загъта: —Сæрæй хъуыды кæнын хъæуы, ацы æфсæйна- гæй нæ, фæлæ! Æз дæ хистæр цæмæн дæн, зæгъыс?* Уымæн, æмæ, размæ бырсгæйæ, камандир вæййы ра- зæй—уыи дын иу. Фæстæмæ алæугæйæ та—фæсте- йæ~уый дын дыууæ. Хуторы фале къуылдым куьг хъахъхъæдтам, уæд мæ акоп дæ акопæй уыди ссæдз метры бæрц раздæр, ныртæккæ та æз цæуын дæ фæс- тæ. Ныр ахъуыды кæн дæ кадавар зондæй, чи нæ у хистæр—ды æви æз? Æмæ мæм пыр ды хъуамæ гуы- мир ныхас ма кæнай, фæлæ мын алцæмæй дæр æгъ- дау дæттай. — Уый ома цæмæн афтæ?—ноджы тызмæгдæр ба- фарста Звягинцев, хъыг æм каст хъазæн ныхас æмæ~ нæ быхста Лопахины хынджылæг митæ. — Уый та уымæн, куысыфтæг сæр, æмæ-ма нæ пол- г<5*
кæй баззад æрмæст лыстæг схъистæ, æмæ-ма раздæ- рау иу чысыл зæрдиагæй куы фæхæцæм, иу-дыууæ къуылдымы-ма куы баиргъæвæм, уæд-ма раст æртæ- йæ баззайдзыстæм мах нæ полчы: æз, ,ды, æмæ хæ- ринаггæнæг Лисиченко. Æмæ иугæр æртæйæ куы: баззайæм, уæд æз уыдзынæн полчыкамандиры бына- ты, дæу та æдылыбег, штабы хистæрæй бауромдзы- нæн. Уымæ гæсгæ мемæ дæхи хæлар дар. Звягинцев мæсты риуыгъд акодта йæ уæхск—йæ топпы бос бараст кодта, æмæ фæстæмæ нæ разылд, афтæмæй, йæ масг уромгæ, загъта: — Дæ хуызæттæ камандир нæ вæййынц. — Цæмæн? — Полчы камандир хъуамæ лæгау-лæг уа, йæ дзыр- дæн хицау... — Æмæ дæумæ гæсгæ æз лæгау-лæг нæ дæн? — Ды пъæрпъæрой æмæ дзæнгæдадзæгъдæг дæ, æндæр ницы. Дæ цæрæнбонты хынджылæг кæнын æмæ, далафæндырæй цæгъдæгау, дзæнгæда цæгъдын йед- тæмæ ницы зоныс. Цæй камандир хъуамæ уа дæуæй? Ницæйаг цыдæр, камандир нæ фæлæ! Лопахин цадæг бахуыфыд, стæй та дзурын рай- дыдта æмæ бæрæг уыди, ныхас бынтон хъазыны ’рдæм кæй здæхта, уый: — Ех/Звягинцев, Звягинцев, ды ницыфенæг кол’- хозон куы дæ! Камандиртæ алыхуызон вæййынц сæ зонд æмæ сæ æууæлтæм гæсгæ. Вæййы дзы лæгау-лæг- тæ дæр æмæ хъазæгойтæ дæр, зæнджынтæ дæр æмæ æдылыдзæфтæ дæр. Фæлæ штабы хистæрæй куы зæ- гъæм, уæд уыдон нууылдæр иу джиппы уагъд сты— рæстылдзæуæг æмæ сæрджын адæм. Ивгъуыд заманы ахæм хабæрттæ уыди, ме ’фсымæры хай: камандир ^æдылы, ницы йæм ис зонды мыггагæй, фæлæ зæрдæ- йы кондæй æхсарджып, уæпдон, йæ хицоны хурхыл "76
дæр ныллæудзæн, цыдæртæ хымпыры æфсæддон хъуыддаджы, йæ риу, кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд сырддонцъиуы риуау, тыппыр/пыррыккрихи, зæлланг- хъæлæс каманда кæнынæн; иттæг хорз арæхсы æл- гъитынмæ, ме ’фсымæры хай, иу цыбыр дзырдæй, ка- мандир нæ, фæлæ цæргæс. Фæлæ хæсты иунæг хæр- зарæзтæй иицы рауайдзæн. Разы дæ ууыл? Звягинцев æнæгуырысхойæ сразы, æмæ Лопахин дарддæр дзырдта: —Гъе, ахæм рæстæджы камандирæн штабы хис- тæрæй бауромынц сæрджын лæг. Кæсыс, æмæ нæ цæргæс-камандирыхъуыддæгтæ бирæ фæхуыздæр сты. Райгонд дзы сты уæлдæр лæууæг хицæуттæ, йæ кад рæзы, хыссæ æнхъизæнæй куыд нæрсы, афтæ. Каман- диртæ йын иууылдæр цыт кæнынц, уый кой йедтæ- мæ ницыуал кой вæййы. Штабы хистæр та зæндджын куыдз, фæлæ хæдæфсæрмæй цыдæр æнахъинон, ка- мандиры цыты аууон фæвæййы, мæнæ ’ дидинæг зал- мысыфы аууон куыд фæвæййы, афтæ. Нырма уал æй "■ ничи фæхъуыды кæны, ничи йæм дзуры уæздан дзы- хæй, æниу хъуыддаг иууылдæр уымæй цæуы, ка- мандир æрмæст фæтджыхъæдæн у. Гъе, ахæм хъуыд- дæгтæ уыди Фараон паддзахы заманы. Звягинцев разыйы мидбыл худгæйæ, загъта: — Иуæй-иу хатт, Петя, дæ хъазæн ныхæстæ зæнд- джын вæййынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзырдæн зæгъæм, æз дæуæн штабы хистæр куы уаин, уæд дæ æзалыхуызон æдылы митæ кæнын нæ бауадзин! Уæд- дæр æз лæгау-лæг дæн, дæуæн та, хъыг мæм ма фæу, фæлæ дæ сæры дымг& зилы. Кæй зæгъын а^й хъæ- уы, мемæ дæ хъуыддæгтæ хуыздæр ацæуиккой. Лопахин цыма фæхъыг, уыйау ын бауайдзæф кодта: . — Куыд хиуарзонлæг дæ, Звягинцев! Мæ ныхæстæ мын иууылдæр дæхи пайдайæн фæзылдтай... 7Т
— Ома куыд? Куыд сæ фæзылдтон мæхи пайда- ;йæн?—æнувыд фарст æй бакодта Звягинцев. — Куыд куы, дæхицæн. пайда куыд ой, афтæ сæ аздæхтай, æндæр ницы. Афтæ хорз нæу! — Фæлæу-ма, фæлæу, дæхæдæг куы загътай, зæгъ- тæ, штабы хистæр зæнджын лæг куы уа, уæд каман- .дирæн йæ хъуыддаг хуыздæр цæуы. Загътай æви нæ? Цурон ми гæнæгау æрсабыр уæвгæйæ, Лопахин дзуапп ратта: — Загътон, загътон, æз мæ ныхæстыл мæ къух нæ исын. Æдылыдзæф камандирæн штабы хистæр зæнд- .джын лæг куы вæййы, уæд йæ хъуыддаг хуыздæр кæй цæуьт, уый бæлвырд афтæ у. Фæлæ æз æмæ дæ- уæн бынтон æндæр хуызон рауайдЗæн нæ хабар:.мæ- оаæй рауайдзæн зæндджын камандир, фæлæ мын ды уæддæр уыдзынæ штабы хистæр, кæд дæ сæры зон- ды мыггагæй нйцы ис, уæддæр. Ныр дæу, кæй зæ- <гъын æй хъæуы, иттæг зæрдиагæй фæнды базонын: æндæр искæйы нæ, фæлæ номхуындæй дæу, дæ хуы- зæн æдылыбеджы цæмæн бауромин штабы хистæрæй? Ныртæккæ дын æй бамбарын кæндзынæн, тыхсгæ ма ■кæн. Фыццаджы дæр уый, æмæ æз дæу штабы хис- тæрæй бауромдзынæн, нæ полчы ма рæнхъон хæстон- тæй æрмæст иунæг хæринаггæнæг, уыцы æнусмæ .хуыцауы æлгъыдт Лисиченко Петя куы баззайа, уæд. Уæд ЛисиченкойРлГ ^бауромдзынæн топпæхсæгæй æмæ йын каманда кæндзынæн, ды та мын мæ алыхуызон стратегион хъуыдытæ бæстон кæндзынæ, уыимæ кас дæр фыцдзынæ æмæ-иу мæ разы слæудзынæ, цъща цæвæгхъæд аныхъуырдтай, афтæ. Дыккаджы уый, æмæ Лисиченко Петяйы йедтæмæ. ма нæ полчы иунæг хæстон дæр куы баззайа, уæд ды штабы хистæры бы- нат( дæ фыны дæр нæ фендзынæ! Уæд ды мæ бæр- зонддзинадæн уыдзынæ адъютант—уымæй егъаудæр 78
бынатмæ æнхъæлмæ ма кæс! Уыдзынæ мыи адъютант ■æмæцумагæнæн. Сыгъдæг мынкæндзынæ мæ цырыхъ- хъытæ, къухнамæ мын згъордзынæ хæринаг æмæ арахъмæ, æмæ æндæр ахæм хæдзарадон зылдтытæ кæн- дзьтнæ. Звягинцев фыдæахъæл фæци æмæ фырмæстæй ату кодта, фæлæ дзургæ ницы скодта. Лопахины фарсмæ цы сырхæфсæддон цыди, уый ныллæг хъæлæсæй ба- худт. Уæд Звягинцев æвæццæгæн йæхи иал баурæд- та æмæ загъта: — Далафæндыр дæ, Лопахин, далафæндыр, æндæр ницы! Тутсæр адæймаг. Хуыцау бахизæд æмæ ды искæмæн камандир уай. Æз ахæм службæйы дыккаг бон фæхурх уаин. Ды иунæг бон уый бæрц фæдзæн- гæда кæныс, æмæ сæ лæг къуыримæ дæр нæ рафæл- гъаудзæн. — Дзæбæх мæм дзур, кæннод дæ цумагæнæгæй дæр нæ райсдзынæн. — Искуы истæуыл маст кодтай, Лопахин?—исдуг ницыуал сдзырдта, стæй бафарста Звягинцев. Лопахин цадæг йæ ком айвæзта æмæ загъта: — Мæсты ныртæккæ дæр дæн, æмæ цы? — Де ’ууæлтыл нæ зыны. — Æз мæ маст адæмы размæ æркæсынмæ нæ хæс- сын. — Æмæ дæ цы маст бацыд, куы зæгъæм, уæд? — Маст цы вæййы, уый ныртæккæйы заманмæ гæс- гæ: раестæгмæ’ мын немыц атыдтой Белоруссы,, Украи- нæ, Донбасс. Ныр мын, æвæццæгæн, мæ райгуырæн горæт дæр систой, æмæ уым та ис мæ ус, мæ зæронд •фыд> æвзонгæй фæстæмæ кæм куыстон, уыцы мадан... Бирæ фесæфти ме ’мбæлттæй хæсты... Бамбæрстай? —-Кæсыс, цыхуызæн лæг дæн! — загъта Звягин- цев.—Ахæм стыр маст ис дæ зæрдæйы, ды та хын- 79
джылæг кæныс. Уый фæстæ ма дæуæй лæгау-лæг у зæгъæн яс? Нæ, ды афтид къоппа дæ, бакаст дæ цьт ис, æндæр ницы дæ. Дис мæм кæсы:' куыд дæ бау- рæдтой уартсæттæг топпæхсæгæй? Уартсæттæг топп- æхсæг—уый хъазæн хъул нæу, нæ дыл фидауы, дæ* зæрдæйы уагмæ гæсгæ. Ды къуыдиппарæзт дæ, дæ сæры дымгæ зилы. Куы зæгъæм, уæд духовон оркеот- ры исты хæтæлтæй куы уасис кæнæ æрхуы тæбæгъ- тæ куы къæрцц-къæрцц кæнис, науæд хъæдын дзæк- корæй барабан куы тъупп-тъупп кæнис, гъе, уый уаид дæ аккаг куыст. — Звягинцев, дæхиуыл æрхуд! Зæгъ, уыцы æды- лы ныхæстæ хуыссæнхъæлдзæгæй кæй фæлæхурд- тай, уый, æндæра дын æз фенцн кæндзынæн! —цыма йæ маст рафыхт, уыйау фæбогъ кодта Лопахин. Фæлæ ныр Звягинцев бынтондæр фæтых хуыссæ- гыл æмæ нал æнцад йæ дзурынæй, хаттæй-хатт-иу фæзылд Лопахинмæ æмæ-иу ын бакаст йæ хуыссæн- хъæлдзæг, фæлæ худæндзаст цæстытæм. — Фæлæ уæддæр ды дæ аккаг бынаты.нæ дæ, Пе- тя, амæн æмæ иуæй-иу æфсæддон хистæртæсæ зæр- дæйы уагмæ гæсгæ дæ хуызæн сты: дымгæ зилы сæ сæры. Дзырдæн зæгъæм, цæмæн фæтъыстой мæн фистæг æфсады, кæд æмæ æз мæ дæсныйадмæгæсгæ комбайнер дæн æмæ иттæг зæрдиагæй уарзын алы- хуызон матортæ? Æппæт закъæттæм гæсгæ дæр мын танкист æмбæлы, æз та уырыйау сыджыткъахын фис- тæг æфсады. Науæд дæуæй зæгъæм: ды æрмæст ба- рабан хъуамæ тъуп-тъуп кæнис, хъуамæ адæмы му- зыкæйæ ирхæфсис. Ды та, акæс дæ хорзæхæй, уарт- сæттæг топпæхсæг дæ, уымæй дæр фыццаг номыр. Æмæ уый цы, ноджы фыддæр хабæрттæ вæййы. Фыц- цаг цы æфсæддон -хаймæ бахаудтæн, уый арæзтой Волгæйы был иу чысыл горæты. Уыди дзы иу хъа- 80
захъхъаг бæхджын æфсады полк дæр. Æрцыдысты æрсиддонтæ’ Доны бæстæй æмæ раздæры Ставрополы губернийæ. Хъазахъхъæгты æмæ ставрополæгты æр- барвыстой махмæ, фистæг æфсадмæ, хъазахъхъæгтьт та снысан кодтой сапертæй, телефонисттæй æмæ сæ- кæм нæ тъыстой. Æрхæццæ сты æрмдæснытæ Рас-. товæй мобилизацимæ гæсгæ æмæ уыдон та бæхджын æфсады скуысси кодтой, ссæрфтой сыл дæргъæй-. дæргъмæ сырх уаццагджын хъазахъхъаг хæлæфтæ; цъæх мундиртæ æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй хъа- захъхъæгтæ къуырцц-къуырцц кæнынц фæрæтæй, ахуыр кæнынц хидтæ аразын æмæ бæхтæ куы ауынынц,, уæд арф ныуулæфынц. Растовæгтæ та—хæсты размæ иууыл æрмдæены адæм—столяртæ, маляртæ æмæ æн~ дæр ахæмтæ—разил-базил кæнынц бæхты алыварс, нæ сæм уæндынц æввахс бацæуын, амæн æмæ хæс- ты агъонмæ бæх сæ фыны дæр нæ федтой. Бæхтæ- та полкмæ æртардтой Сальскы хъалмыхъхъы бы- дыртæй—æртыгай аздзыдтæ, æнахуыр, саргъæвæрд кæуыл нæ уыд, ахæмтæ. Æмбарыс, куыд рауади? Худæг æмæ сагъæссаг митæ: столяртæ æ^мæ маляр- тæ, мæгуыртæг, цалдæр лæгæй æрымбырд вæй- йынц фыццагсæргъаг бæхы алыварс, хъуамæ йыл саргъ сæвæрой, уый та, æлгъыст фæуа, хуыррытт кæны, йæ фæстæгтыл слæууы, армаццагæй цæ- вы, дæндагæй лæбуры, науæд зæххыл афæлдæхы æмæ ратул-батул кæны, иуæй-иу æвзæр устытæ к’уыд фæсур вæййынц, афтæ... Циу уый, æгъдау у? Иу хатт æфсæнвæндаджы æфтауцдоны раз хъахъ- хъæнæг уыдтæн æмæ федтон, маршæй цæуæг эскад- роны фронтмæ куыд æрвыстой, уый. Эскадроны ка- мандир скаманда кодт?1, цæмæй сæ бæхтæ сифтыгъ- таиккой, фæлæ сæдæ фæндзай æфсæддонæй цыппоры бæрц нæ зыдта, бæхы рагъыл саргъ куыд баппарыя 6. М. Шолохов. 81
хъæуы, уый, хуыцауыстæн мæнг нæ зæгъынц! Уы- дон уыцы растоваг столяртæ æмæ маляртæ уыдысты. Эскадроны камандир йæ сæрмæ фæлæбурдта æмæ æл- гъиты, ахæм æлгъыст кæны, æмæ йæ цурты бындз нæ атæхдзæн. Фæлæ цы аххосджын сты уыцы сто- ляртæ æмæ маляртæ? Кæсыс, ме ’фсымæры хай, ца- хæм хабæрттæ вæййы! Уыдон иууылдæр уымæн афтæ сты, æмæ хаттæй-хатт камандиртæ фæвæййынц мæнæ дæ хуызæттæ, сæ сæры дымгæ кæмæн зилы, ахæмтæ. — Ме ’намондæн дæ бацагайдтон,—барæй нглуулæф- гæйæ, загъта Лопахин.—Бацагайдтон дæ æмæ ныр лæхурыс æмæ лæхурыс, иууыл сæ иу рашмæ æрæ- мбырд кодтай æмæ æихуызон аргъауыс мард у, удæ- гас у, уæддæр. Кæнгæ та уымæн афтæ кæныс, цæмæй сбæлвырд кæнай, зæгъгæ, мæнæй камандир нæ рауай- дзæн. Фæлæ æз дæ фыдæнæн~камандир суыдзынæн, æмæ дыы уæд де ’дылы хъуыдытæ ахсæддзынæн, раст дæ æндахьГхуызæн скæндзынæн æмæ дæ судзины бын ахизын кæндзынæн! Стрельцов Коля мын фæдзæхста, госпиталмæ йæ куы арвыстой, уый агъонмæ, цæмæй дæм мæ хъус дарон. „Дæ хъус, зæгъы, дар уыцы æдылыбег Звягинцевмæ, науæд æй, зæгъы, цы нæ вæййы, йæ æдылыйы тыххæй куы амарой." Æмæ.дæм мæ хъус дарын. Цæй, зæгъын, ныхасыл æй фæкæнон, йæ æнкъард хъуыдытæй йæ фæиртасон. Фæлæ мæм ныр фæсмон æрцыд, кæй дæ бацагайдтон, уый тых- хæй. Ныр хъуыды кæнын, дæ дзых дын цавæр къæр- мæгæй сыхгæнон, ууыл, цæмæй чысыл дæ дзурынæй фæлæууай .. Сухар аууилын дæ нæ фæнды? - Æри дзы иу. — Айс дыууæ дæр, æрмæст ныхъхъус у, мемæ ма ^ыцæу кæн. Мæ удхæссæг у, мæ дæлбар лæгтæ мæ коммæ куы нæ кæсынц, уæд. Звягинцев фæхуыррытт кодта, фæлæ сухар уæд- 82
дæр айста, мыртт-мыртт гæнгæ йæ æрæууылдта æмæ гхуыссæнхъæлдзæгæй загъта: — Гъе, Стрельцов Миколайæ мын зæгъ, уый æцæг- дæр лæгаулæг уыд, дæ хуызæн тутт сæр ыæ уыд. -Стæй уый мæн æдылыбег схуыдтаид, уымæй дæр мæнг зæгъыс. Бирæ мæ уарзта æмæ йæ мæхæдæг дæр л5ирæ уарзтон. Мах-иу кæддæриддæр ныхас кодтам ^бинонты цардыл дæр æмæ æндæр алцæуыл дæр. -Гъе, уымæй рауадаид камандир, уымæн æмæ уый йæ дзырдæн хицау уыди, хæрзахуыр лæг, хæсты размæ ►агрономæй куыста. Хъуыддагмæ йын æнувыд зæрдæ- •йы уаг кæй уыди, уый тыххæй ма дзы йæ ус дæр .ахицæн. Фæлæ ды та цы дæ? Маданы кусæг, дурæв- залы къахæг уыры, ды дурæвзалы змæнтын æмæ .уартсæттæн даргъ топпæй æнæбары æхсын зоныс, -æндæр ницы... Звягинцев ма бирæ фæдзырдта Стрельцовы хорз ’миниуджытыл, стæй йæ ныхас фæсабыр, йæ дзырдтæ кæрæдзийыл> нал бадтысты, æмæ бынтондæр ныхъ- хъус. Иу цасдæр цыди æнæдзургæ, йæ сæр дæлейау æруагъта, йæ къах-иу скъуырдта, стæй æваст фæ- цудыдта, рахызти хæстонты рæнхъытæй æмæ иуварс араст. Лопахин федта, Звягинцевæн цæугæ-цæуын йæ уæрджытæ цадæггай тасын куыд байдыдтой, уый, æмæ бамбæрста, Звягинцев кæй бафынæй æмæ йæ ахауынмæ бирæ кæй нал хъæуы, уый. Адугъ кодта Лопахин æмæ йе ’мбалы баййæфта, фидар "ын ных- лсæцыд йæ цонгыл æмæ йæ ныууыгъта. — Фæстæмæ рацу, бæгъатыр, ницæмæн хъæуы •рæвхъæйцæуджыты фæтк халын,—рæвдаугæ хъæ- лæсæй загъта Лопахин. Лопахины гуымир хъæлæсы уыцы дзырдтæ афтæ -æнæнхъæлæджы æмæ афтæ диссаджы æхцон уыдыс- ты, æмæ Звягинцев куы фехъал, уæд æм лæмбынæг <бакаст æмæ йæ хыр-хыргæнæг хъæлæсæй бафарста:, 83
— Æнхъæл дæн, Петя, æррæдзæ-мæдзæ кодтон, и? — Рæдзæ-мæдзæ нæ, фæлæ бафынæй дæ, нæл бæх ифтыгъдæй куыд бафынæй уа, уыйау. Куы нæ дыл фæхæцыдаин, уæд зæххыл дæ тъæпп фæцыдаид. Бæ- хы тыхы.йас дæм ис, фæлæ хуыссæгæн нæ фæразыс. — Уымæй раст зæгъыс,—сразы Звягинцев.—Гæ- нæн ис æмæ табафынæй уон уæлхъæдæй. Куыддæр фе- най, зæгъгæ, мæ сæр дæлæмæ æруагътон, афтæ мын, дæ хорзæхæй, мæ фæсонтæ цæв, гыццылгай нæ, фæ- лæ тыхджындæр, кæннод æй нæ бамбардзынæн. — Уый дын мæ быгъдуан уæд, иттæг зæрдиагæйг дын де уонты астæу фæцæф кæндзынæн мæ сарма- дзаны зæвæтæй,—баныфсæвæрдта Лопахин, йæхæдæг Звягинцевы фæтæн уæхсчытæ æрбахъæбыс кодта æмæ йæм бадардта тамакойы чыссæ:—Айс, Ваня. Па- пирос стух æмæ дæ хуыссæг. алидза. Хуыссæнхъæл- дзæгæй дæ бакаст тынг тæригъæддаг у, раст руминаг уацайраджы хуызæн, уымæй дæр фыддæр. Лопахины фæдыл коммæгæсæй цæугæйæ, Звягин- цев ’тамакойы чыссæ иучысыл йæ къухы адардта æвæндонæй, стæй хъыггæнæджы улæфт скодта: — Айс æй, ну папиросы фаг йедтæмæ дзы нал ис,. нæ дын райсдзынæн дæ фæстаг папирос. Куыд сцух стæм тамакойæ... Лопахин иуæрдæм ахæцыд йе ’мбалы къухыл æмæ тызмæг загъта: — Сараз папирос, бирæ ма дзур! Æмæ, нæлгоймаджы фæлмæн зæрдæйы уаг æм- бæхсынмæ хъавгæйæ, барæй тызмæг ныхас кæнгæ,. йæ дзырд фæци:—Хорз æмбалæн хаттæй-хатт тама- койьт фæстаг тæпп нæ, фæлæ фæстаг туджы цъыртт (раттын дæр æвгъау нæ вæййы... Æмæ ды хорз æм- бал дæ, салдатæй дæр мæгуырау нæ дæ. Танкæй нæ* лидзыс, хор.з кусыс джебогъæй, хæсты дæ маст æх~ 84
'Сиды, уый бæрц æнувыдæй тох кæныс, æмæ цæугæ- >цæуын æрхауыс. Æз та куыд фæндыфæуайы цæстæй чи нæ кæсы æмæ удуæлдайæ чи хæцы, уыдон мæхи ;удæй дæр фылдæр уарзын: æнаккаг немыцимæ нард- уатæй хæцын хъæуы: иугæр нардуатмæ бавнæлдтай, .уæд гъæйтт кæы, цалынмæ фæуæлахиз уай, уæдмæ. Ам бонгай куыстæй ницы рауайдзæн. А.фтæ у, Ваня, фæлæ бадым, хæлар дын уæд. Стæй ма цы, уый зо- ныс? Дæ хорзæхæй, мæ хъазæн ныхæстыл мын мæс- ты ма кæн. Ды йæ цæмæй зоныс, чи зоньг, мæнæн хъазæн ныхас гæнгæ цæрын дæр æмæ хæцын дæр ^енцондæр у? Бæрæг нæу, чи зоиы зын уавæры йе ’мбалæй цы -тамакойы тæпп райста, уый руаджы уыди, чи .зоны Лопахины дзыхæй цы зæрдæхæлар фæлмæн рæвда- уæн ныхас фехъуыста, уый руаджы уыди, æви, чи зоны, Стрельцов Иикъалайы дыдзæлхон уæрдон медсанбатмæ куы аласта; уæд иунæгæй баззайæджы æнкъарæнтæ кæй бавзæрста, уый тыххæй уыди, фæ- лæ цыдæр аххос уыди, цæмæй Звягинцев Лопахини- мæ фæхæлар уыдаид. Полкæй ма чи баззад, уыдон фурдыл ахизæнтæ хъахъхъæнæг æфсæддон иугондмæ сæумæцъæхæй куы бацыдысты, уæд Звягинцев раздæры хуызæн нæ, •фæлæ æндæр хуызон цæстæй кæсын байдыдта Лопа- хинмæ. Лопахин рæвдз кодта фæсауæрц позищг. Звя- гинцев, кæддæриддæр куыд кодта, афтæ хъуыр-хъуыр гæнгæ, хъæбæр сыджыт æмæ йæ мæстаг салдаттаг дард-æлгъитгæ уайтагъд акъахта йæхицæн акоп, стæй •бацыд Лопахинмæ æмæ> йæ былты кæрæттæй худгæ, загъта: —- Цæй, аххуыс дын кæнон, æндæра сомбоны пол- чы камандирæн цыма куыддæр аив нæу сыджыт змæн- ’ггын...—Æмæ, йæ къухтыл æртутæ кодта, райста бел. 85
Лопахин ницы сдзырдта, фæбузныг Звягшщевæй? æмæ сразы йе ’ххуысыл. Фæлæ йыл цалдæр минутьг фæстæ хъæртæ кæнын райдыдта; цыма йæ хистæр- уыди, уыйау, æнцой йæ нæ уагъта æнæфсарм хъа- зæн ныхасæй, йæ армы тъæпæнæй йæ ног хæлары- хидæйдзаг фæсонтæ æрхоста æмæ дзырдта: •=— Арфдæр къах, хуыцаумæ кувæг Иван! Зæронд: лæгау уæлæнгæйтты цы хыбыр-хыбыр кæныс? Уар-- зондзинад куыд у, афтæ сыджыты куыст дæр хъуа- мæ бæрæг æрфæнмæ ныххæццæ кæнай, ды та уæлæн- гай къахынмæ тырныс. Уæлæнгай лæг дæ, уæлæн- гай. Дæ ус дæр дæм уымæн нæ фыссы фыстæг стæщ хатт йедтæмæ, ницы хорздзинад дæ дары йæ зæрдыд,, дæлимон, цы дæ æрымыса... Къæсхуыр, нуарджын Лопахин цырд куыста æр~ зæткъахæг кусæджы хæрзарæхстæй, куыста æнæ- аулæфгæ, йæхи нæ фæстиат кодта тамакойыл. Йæ; саулагъз цæсгомыл ныббадт цъæхбын дурæвзалыйьг рыг æмæ йыл цæсты сыгау æрттывтой хиды æртæх- тæ. Йæ мæстæйдзаг тæнæг- былтæ—æнгом æлз;ъывд. Белæй рæвдз æппæрста, æлыгбын сыджыты-иу цы дуртæ фæзынд, уыдон. Фæлæ егъау дур æппарыньш йæ тых куы нæ цыд, уæд-иу йе ’лхъывд дæндæгты* ’хсæн ахæм зыкъуыр æлгъыстытæ лæхурдта, æмæ* йыл ’æгæрыстæмæй Звягинцев дæр дис кодта, кæд уыцы хъуыддаджы йæхæдæг стыр дæсны уыди, уæд- дæр. Минуты бæрц-иу йæ астæу сраст кодта, йæ сæр- иу банкъуыста æмæ-иу, йæ хус былтæ стæргæ, уай- дзæфæмхас дзырдта: — Уæ, ме ’скæнæг хуыцау, Фыддзыхæй дзурынмæ* куыд æмхиц дæ, куы, Петя/ Уæд та афтæ арæх æмæ ахæм æнæфсарм æлгъыст куы нæ кæнис. Адæймаг куыд æлгъиты, афтæ дæр не ’лгъитыс, фæлæ асины къæпхæнтыл уæлæмæ-уæлæмæ хизæгау, лæг дæм æн~ 86
хъæлмæ’ кæсынæй бафæллайы, зæгъгæ, кæд схæццæ уыдзынæ фæстаг къæпхæнмæ... Лопахин йæ мидбыл фæхуды, гæзæмæ фæзыхъ- хъыр кæны йæ урс дæндæгтæ, йæ къæйных фæлурс цæстытæ ныиирд кæны æмæ зæгъы: — Уый, ме ’фсымæры хай, чи цы арæхдæр æрымы- сын фæцайдагъ, уымæ гæсгæ у. Ды алы дзырдæи дæр—„уæ ме скæнæг хуыцау", æз та æндæр æмбисонд дзурын... Стæйдæр, мæ хур, ды хъæууон лæг дæ, ком- байныл бадтæ æмæ сыгъдæг туаггуыр улæфыдтæ. Дæуæн физикон куыстæй дæ нуæрттæ сæ бынаты сты, цæмæн хъуамæ фæцахуыр уыдаис æлгъитын? Æз та æрзæткъахæг кусæг -дæн. Хæсты размæ маданы æртæ сæдæ процентæй дæр фылдæр скъæрдтон сут-. кæйы нормæ. Æртæ сæдæ проценты сыххæст кæнын та, мæ хур, зонд куы нæ куса, уæд иунæг цонгды- хæй нæ бантысдзæн. Уымæ гæсгæ мæ куыст ныма- йын хъæуы зонды куыстыл. Гъемæ зондæй кусæг лæгæн куыд вæййы, афтæ мæнæн дæр мæ интелли- гентон нуæрттæ фæцудыдтрй. Уымæ гæсгæ хаттæй- хатт лæг йæхи басабыр кæныны тыххæй æнæ ахъаз- заг сылгъитгæ нæ фæлæууы. Фæлæ ды кæд уæздан хъомыл дæ æмæ дæ бон нæу, æз мæхи сабыр кæны- нæн цы дзырдтæ дзурын, уыдонмæ хъусын, уæд дæ хъусы къæрмæджытæ бакæн. Сабыр рæстæджы артил- леристтæ афтæ кодтой, цæмæй ’сармадзаны хъæрмæ ма бакъуырма ой. Куыд зæгъынц, афтæмæй хорз ахъаз кодта... Фæсауæрцон позици куы ’рцæттæ кодта, уæд Лопахин дыууæ акопы ’хсæн канау акъахын æмæ сæ баиукæнынвæнд скодта; фæлæ фæллад Звягинцев цæхгæр ныллæууыд йæ ныхмæ. —-Цытæ дзурыс, зымæгиуат дзы кæндзынæ? Нал къахын. 87
— Зымæгиуат дзынæ кæндзынæн, фæлæ дзы хъуа- мæ мæхи ныффидар кæнон, цалынмæ иннæтæ фурдæй ахизой, уæдмæ. Нæ федтай, дысон хидмæ цас техни- кæ цыди? Хъуыддаг дæр уый у.' Мæ бон яæу уытæп- лæт фæллой немыцæн ныууадзын, мæ хæдзардзин цæсгом нæ хъæцы. Бамбæрстай?—бынтон æнæхъаз- гæйæ загъта Лоп’ахин. — Сæрра дæ, æндæр ницы, Петя! Кæд нын хъуа- жæ фæуа къахт цыппор метры канау? Æиæканау ныф- фидар кæн дæхи цасдæриддæр дæ фæнды, уый ас. Цæмæн дæ бахъуыд канау? Сæр дæ куы бахъæуа, куы фæтыхсай, уæд æнæуый дæр бабырдзынæ! Цы мыл ныиттæг дæ, цы мæ баййарттай? Загътон дын, нал къахын—æмæ нал къахын. Исты дын сапер дæн æви цы? Æдылы нæ дæн, мæ хъару дзæгъæлы нæ хардз кæнын. Кæд дæ фæнды, уæд æй дæхæдæг æнæ- хъæн километры дæргъæн дæр скъах. Фæлæ мæнмæ дзæгъæлы дзурыс, æфсымæр, мæ къух дæр æм нал фæкæндзынæн! — Уæдæ фæсауæрц акопмæ куьт цæуон, уæд хъуа- мæ ацы цæгæр рæтты абырон?—Лопахин диссаджы сæрыстырæй йæ къухæй бацамыдта æнæуд кæрдæ- гæй гæзæмæ æмбæрзт гæмæх сыджытмæ.—Фыццаг гæрахæн дæр мæ мæ тæккæ гоппамæ сыджыты ных- хойдзцсты зæгæл хойæгау, катлеттæ мæ ацараздзыс- ты. Акæс-ма, адæм хорз хорзæй куыд фидынц; мæ риу æрывæрдтонæмæ йæ танктæй хъахъхъæнын, уый та белæй уæлдай фæныхилынмæ дæр зивæг кæны... Цæугæ ардыгæй, мæ фыдбылыз ахæсс, æнæ дæу дæр æй скъахдзыстæм. Фæлæ дæ рагацау фæдзæхсын: камандир куы суон, уæд уый æнхъæл ма у, æмæ дæ орденмæ бавдисон, цыфæнды куы кæнай, цыфæнды куы архайай, фрицты удæгасæй куы ныхъхъуырай, уæддæр мур дæр нипы райсдзынæ! 88
— Цæмæй мæ тæрсын кæны, — æнæбары мидбыл тхудгæйæ, загъта Звягинцев. Фæлæ уæддæр райста бел, æниу æй фæндгæ нæ кодта. Цалынмæ уый æмæ уартсæттæн топпы дыккаг но- мыр Копытовский Александр—уæзбын æвзонг лæппу, йæ цæсгом пецы æмбæрзæяау фæтæн, йæ пилоткæйы бынæй зæу-зæу кодта йæ къæбæлдзыг бецыкк, белтæ æндæдзæг æлыгсыджытæй сыгъдæг кодтой; уæдмæ Лопахин рахызт акопæй æмæ бæстон æркасти, алы- рдæм афæлгæсыд. Цыма къæвда æрцыд, уыйау кæр- дæгыл уыди тыхдлшн æртæх æмæ хус сыфтæй æх- гæд тихалджытæ зæхмæ æртасыдысты. Хур нырма ныртæккæ скаст. Далæ дарддæр гæды бæлæсты фале, ,Доны фæлурс сакъадах кæм æрттивы, уым фурды сæрмæ ныллæг æрбадт мигъ æмæ донгæрон цыхъæд зайы, уый йæ тæккæ бындзæфхæдты онг æнгом ба- тыхта, афтæ зынди, цыма хъæд йæхи найы пæллæхъ- хъæй фыцгæ фурды улæнты, цыма уалдзыгон дон- ивылæн у. Хъахъхъæдады хахх цыди хъæугæрæтты. Полкæй ма чи баззад, уыдон баиукодтой иуротæйы æмæ сæхи æрфидар кодтой, иттæг хорз æмбонд кæмæн уыд, ахæм егъау дыргъдоны кæрон, сырх агъуындæн ду- рæй æмбæрзт бæстыхаймæ æввахс. Лопахин бирæ фæкаст фæйнæрдæм, цæст æй бæ рæг кодта, сæ размæ цы къуылдымау уыд, уымæн йæ тæккæ рагъмæ цас дæрддзæг уыдзазн, уый, æв- æрдта нысæнттæ, стæй разыйæ загъта: — Цы хорз сты, цы, мæ фæлгæсæнтæ! Ай позици нæ, фæлæ сыгъзæрин у. Ардыгæй афтæ цæвдзынæн уыцы дейч-панцирты, æмæ танктæ фæзгъæргай куыд тæхой, танкисттæн та—сæ дзидза фæлвыххъуын æм- хæццæ. — Абон хъæбатыр дæ,—хинæйдзаг ныхасæн загъ- 89
та Копытовский Александр, йæ астæу сраст кæнгæ.— Охъæлдзæг æмæ схъæбатыр^дæ, амæн æмæ зоныс, ам мах хæцæнгарз йедтæмæ, хæйрæг йæ зонæг, цас хæцæнгарз ис, ис дзы танкты ныхмæ хæцæн сармадзан- *гæ дæр. Фæлæ нæм знон танктæ куы ’рбабырстой,- уæд афæлурс дæ..г — Æз кæддæриддæр афæлурс ва^ййын, танктæ- мæм куы фæбырсынц, уæд,—æргом загъта Лопахин.. — Хъæр та мыл афтæ фæкодтай, иу дзырдæй расг сæгъы хъæлæсæй: „Цæттæ кæн гилдзытæ!" Цыма^ æнæдæу зæгъгæ мæхæдæг нæ зонын, цы - мæ кæнын* хъæуы, уый. Дæуæн дæр сылгоймаджы нервтæ ра- зынд... Лопахин ницы сдзырдта, алырдæм лæмбынæг ай~ хъуыста. Дыргъдоны фале кæцæйдæр фæцыд сыл- гоймаджы хъæр æмæ авджын мигæнæнты дзыгъал- мыгъул. Лопахины фæлмаст цæстæнгас æваст фæ- цырд æмæ фæирд, йæ бæрзæй сраст, йæхæдæг дæр» размæ агуыбыр кодта æмæ цы уыд, уымæй иууылдæр- лæмбынæг кæсæг æмæ æдзынæг хъусæг фестад. — Афтæ æдзынæг кæмæ кæсыс, æви сырды тæф- хатыс?—худгæйæ загъта Копытовский. Фæлæ йын Лопахин дзуапп нæ ратта. Æртæхæй умæл урс бæстыхайы сырх агъуындæн* дурæй æмбæрзт уæлхæдзар тар æрттывд кодта. Хурьг зул тынтæ сыгъзæрин зæрстой агъуындæн дуртыл,. ирд æрттывд кодтой. фæрссæгтыл. Бæлæсты ’хсæн рухсдзыд ран Лопахин ауыдта дыууæ сылгоймаджьь фигурæйы, æмæ уай^тагъд аскъуыддзаг кодта. — Саша, ды ам дæ цæст фæдар нæ райгуырæн* бæстæГш интерестæм, æз иу уысмы бæрц дæлæ уыцьо агъуындæн дурæй æмбæрзт уагдонмæ ныууайон,—йæ- цæст фæныкъулгæйæ, загъта Копытовскийæн. ’Копытовский фæдис кодта, йæ рыгæйдзаг фæнык- 90
гъуыз цъæхбын æрфгуытыл уæлæмæ схæцыд æмæ* йæ бафарста: — Цæмæ дзы цæуыс? — Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, æмæ кæд уыцы хæдзары скъола кæнæ туберкулезы диспансер нæй, уæд дзы аходæнæн исты дзæбæх хæринаг самал гæ- нæн ис. — Уым исты куы уа, уæд дæр ветеринарон хосгæ- нæндон,—исдуг æнæдзургæ алæууыд, стæй загъта^ Копытовский.—Кæй зæгъын æй хъæуы, ветеринарон хосгæнæндон у, æмæ дзы гæбæр кæнæ хæрæгхæлма- джы йедтæмæ ницы самал кæндзынæ аходæнмæ. Лопахин æнæввæрсон цъынд æркодта йæ цæсты- тæ æмæ бафарста: — Цæмæн афтæ... хосгæнæндон, æмæ уымæй дæр ветеринарон? Фыны йæ федтай, æви? —Уымæн æмæ хибар ран ис. Стæй дзы æрдæбон- цæйдæр хъуг цыдæр тæригъæддаг хъыллист кодта—- æвæццæгæн æй хоскæнынмæ æркодтой. Иу цасдæр адывæнд кодта йæ фæндоныл Лопахин,. иу минуты бæрц фыдæнхъæл æмæ фæлмастæй æхсит- тæй зарыд, фæлæ уæддæр боныфæстагмæ цæуынвæнд скодта. — Æз ныууайдзынæн бæрæггæнæг,—хъæлдзæгæй^ загъта Лопахин.—Кæддæстаршинакæнæ æндæрисчи* бафæрса, Лопахин кæм и, зæгъгæ, уæд-иу ын бамбарын кæн, зæгъгæ, дымгæмæ ацыд, зæгъгæ, тынг риссы йæ- гуыбын, зæгъгæ, чи зоны, гуыбынниз дæр ыл фæ- зынд. Гуыбыр-гуыбыр, йæ къæхтæ йæ фæдыл ласгæ- æмæ йæ цæсгом хъизæмаргæнæджы цæсгомы хуызæн скæнгæйæ, Лопахин æрзылд лейтенант Голощековы ако- пы алыварс, фæстейæ фæуагъта, камандагæнæн бына- тæй телефоны тел чи анывæзта, уыцы телефонистты, æмæ 91'
. дыргъдоны смидæг. Куыддæр балбæлæсты аууон фæци æмæ йæ æттейæ кæсæдяш цæст нал ауыдта, афтæ йæ астæу сраст кодта, йæ рон балхъывта, йе згъæрхуд иуырдæм къуыдиппзылд акодта, æмæ йæ зылын къæхтыл узгæ цыдæй арасти, уазæгуарзоиы тыххæй йæ дуар гом кæмæн уыди, уыцы хæдзармæ. Дардмæ сарайы цур ауыдта цьтдæр зылдтытæ гæ- нæг устыты, хурмæ æрттиваг бидонты рæнхъытæ æмæ æппындæр гуырысхо нал кодта, зæгъгæ, йæ разы ис кæнæ царвгæнæн завод, кæнæ колхозы урс« саджы товарон фермæ. Фæлæ кауы сæрты цæрдæг куы багæпп кодта æмæ сарайы цур хæрзконд зæронд лæджы устытæн цыдæртæ фæдзæхсгæ куы.ауыдта, уæд ын уый сынг хъыг нæ уыди. Лопахин-иу исты . амалиуæг куы кодта, уæд æм хуыздæр каст, йæ . хъуыддаг сылгоймæгтимæ куыд уыдаид, афтæ. Тынг æй уырныдта сыдгоймаджы хæлар æмæ мы- дадзау фæлмæн зæрдæйы конд, кæд уарзондзинады арæх къуыхцы кодта, уæддæр йæ зæрдæ дардта йæхи хъару æмæ арæхстдзинадыл дæр... Зæронд лæгтæй куы зæгъæм, уæд уыдон нæ уарзта, иууылдæр сæ цæ- мæдæр гæсгæ хуыдта мæрддзæст æмæ алцы амалæй дæр йæхи хызта, цæмæй сæ мацы кура. Фæлæ йын . ацы сахат зæронд лæгмæ æнæсдзургæ нæ уыд: æп- ■ пæт æууæлтæй дæр бæрæг уыд,—сеппæты хистæр уый у. Лопахин йæ зæрдæ фæхъæбæр кодта, йæхинымæр æнæазым зæронд лæгæн загъта, цæмæй тагъддæр æрбамæла, араст сараймæ, фæлæ ныр цыди сылгой- маджы зæрдæ балхæныны охыл æрдæбоны хуызæн хъæлдзæг æмæ уæгъдибар къахдзæфæй нæ, фæлæ • б&лвырд æфсæддон къахдзæфæй, рагагъонмæ йе згъæрхуд йæ сæрыл бараст кодта, йæ цæстытыхъæл- . дзæг худæндзаст фæнымæг кодта. '92
Зæронд лæгыл цæрдæг ахаста йæ цæст: йæ уæхсчы- тæ—-æмраст, нæма фæгуыбыр сты йæ фæсонтæ, æмæ ахъуыдыкодта: „Æвæццæгæн, фельдфебель уыди, за- чъеджындæлимон! Арæхстгай йæм бавналын хъæуы, . æндæра ницы рауайдзæн". Цалдæр къахдзæфы онг æм бацыд, йæ цырыхъхъыты цæфхæдты къæрцц фæцыд, . дæ бон хорз, зæгъгæ, салам ын ратта æфсаеддон æгъдаумæ гæсгæ, цыма йæ разы æппынкъатдæр ди- визийы камандир уыди, уыйау. Йæ фæнд фæраст Лопахинæн: тынг фæцыд зæронд лæджы зæрдæмæ, æмæ йын уый дæр, йæ къæдз армы тъæпæн йæ хур- сыгъд хъазахъхъаг худы ныхмæ схæсгæйæ, зæлланг хъæлæсæй къатдæр кадимæ нæ ратта дзуапп: — Æнæниз у. — Ай цы у, мæ фыды хай, колхозы бæхдон у æви?—бафарста Лопахин, ницы* зонæгау хъуццыты скъæтмæ амонгæйæ. — Нæ, уый нæ урссаджы товарон фермæ у. Мæиæ фæндагмæ рæвдз кæнæм нæхи... — Æгæр байрæджы кодтат,—цæхгæр загъта Лопа- • хин.—Ууыл раздæр ахъуыды кæныи хъуыди. Зæронд лæг ныуулæфыд, йæ зачъе æрдаудта æмæ, кæдæмдæр Лопахины иувæрсты кæсгæйæ, загъта: — Æгæр тагъд æрбазгъордтатнæ ху’тормæ, бæгъатыр хæстонтæ... Æндæрæбон радио дзырдта, зæгъгæ, тох цæуы Россошы цур. Фæстæмæ фæкæсын дæр нын нæ бантыст, афтæмæй нæ фосдæтты цур февзæрдыс- тут æмæ, æвæццæгæн, яемыцы дæр уæ фæдыл ла- оут... Ныхас аздæхт, Лопахинæн пайда чи нæ уыд, ахæм ссадвæдыл, æмæ йæ уый хæрзарæхстæй фæзылдта ног ссадвæдмæ, мæтгæнæг лæджы фарст æй акод- та: — Ау, хъуццыты дæр ыæма ахйзын кодтат Доиы 9В
-фурдæй? Уæ хъуццытæ, æвæццæгæн, хорз сты, хорз гуырдз хъуццытæ? — Мæгуырау не сты нæ колхозы хъуццьгтæ, хъуццы- тæ нæ, фæлæ сыгъзæрин!-— сæрыстырæй загъта зæронд лæг.—Хъуццыты дысонизæр бæргæ ахизын кодтам, фæ- лæ шшæ фæллой нырма ласæм æмæ сæ аласдзыстæм æвииæ, уыйзæгъыы дæр мæ боннæу, амæн æмæ хидыл -ахæм æвирхъау арвистон ис, æмæ хуыцау ма зæгъæд! Иыр дыккаг суткæ немыц хидыл бомбæ калы, халы йæ, куы йыл сæмбæлы, уæд. Уым та мингæйттæй байдзаг сты алыхуызон æфсæддон машинæтæ; стæй- дæр хиды хъус камандиртæ кæрæдзимæ къухæй куы ’взидынц, уæд-ма мах кæцæй аирвæзын кæндзыстæм нæ папитæ!.. — Гъай-гъай, уый æнцон хъуыддаг нæу,—загъта -Лопахин.—Фæлæ мæт ма кæн, мæ зынаргъ фыды хай. Нæ хъайтар полк æрлæууыд немыцы ныхмæ, æмæ дæ *ныфс уæд, немыц Доны фурды фаллаг фарсмæ уыцы иурастæй нæ агæпп кæндзысты. Ацы фарс дæр уал сæ куыд æмбæлы, афтæ туг рауадздзыстæм. — Бабын уыдзæн нæ хутор, цъыбыртты сыгъд «бакæндзæн, ам хæст куы уа, уæд,—фæцудгæ хъæлæ- -сæй загъта зæронд лæг. — Гъай-гъай, мæ фыды хай, уæ хутор, æвæццæ- * гæн, йæ мады фæндиаг нæ баззайдзæн, фæлæ йæ мах -хъахъхъæндзыстæм, цалынмæ нын гæнæн æ’мæ амал уа, уæдмæ.. — Хуыцаууын баххуыскæнæд,—зæрдæбынæй загъ- та зæронд лæг æмæ йæ йæхиуыл дзуар бафтауын фæндыд, фæлæ Лопахинмæ, йæ риуыл ауыгъд медал- мæ зулаивæй бакаст, йæ къух йæ ныхмæ нал схаста æмæ ^æгъзытæ кæнын райдыдта йæ сæвджын урс зачъе.—Уæдæ дыргъдоны фале сымах æфсæддон хай 94
яъахы акоптæ?—исдуг ницыуал сдзырдта, стæй ба- фарста зæронд лæг. — Гъай-гъай, мæ фыды хай, мах æфсæддон хай у. .Къахæм, архайæм, фæлæ мæ ком ныххус...—Лопахин йæ ныхас фæурæдта аивæй, фæлæ йын зæронд лæг, -æвæццæгæн, нæ бамбæрста йæ æмбарæнгæнæн ныхас. Иудадзыг йæ зачъе даудта, æмæ касти, бидонтæ уæр- .доныл чи амадта, уыцы хъугдуцджытæм. Æвиппайды _йæ цæстытæ сырдау фæдзагъыр кодта &мæ цъæхсыаг хъæлæсæй фæхъæркодта: — Глашкæ, дæ уд сисай, уæдæ ныры онг кæм й -ефс? Немыц сармадзантæй æхсын куы байдайой, уæд яегæрдæр фæтагъд кæндзыстут! Хæрзхуыз æмæ хæрзконд, риуæй арæзт хъугду- оцæг, йæ былтæ мæнæргъыйы хуызæн сырх, æхсгæ каст фæкодта Лопахины ’рдæм, цыдæр ацагъта сыл- тоймæгты хъусы æмæ цадæг бахудтысты, стæй уæд -æнцадæнцой сдзырдта: — Тагъд æй æрбакæндзысты, Лука Михалич, дæ зæрдæ ма ’хсайæд, ныххæццæ кæндзынæ Доны фурд- _мæ дæ зæронды дæр... Лопахин хингондау æдзынæг каст хъугдуцæгмæ .æмæ йæ цæст ныкъуылдта, цыма йæ ирд хур хъыг .дардта, уыйау. Тыххæй систа йæ цæстытæ сырхуа- „дул саулагъз сылгоймаджы цæсгомæй, ныуулæфыд æмæ цæмæндæр æваст бафарста фæлмаст хъæлæсæй: — Хæсты размæ, мæ фыды хай, æвæццæгæн, хорз цард уæ колхоз? Уæ адæм хæрзхуыз сты... — Иттæг хорз царди, скъола зæгъ, рынчындон ^зæгъ, клуб зæгъ—æппæт дæр нæхицæн уыди, хæри- наджы тыххæй дзурын дæр нæ хъæуы—æппæт дæр хъуырмæ уыди. Æмæ ныр æппæт уыдон, ’ нæ æппæт лсбон хъуамæ ныууадзæм. Цы ма æрыййафдзыстæм, >фæстæмæ куы ’рыздæхæм, уæд? Дур дурыл дæр нал 95
баззайдзæн, æниу уый хуыцауы хъуыддаг у,—нык- кæрзыдта зæронд лæг. Æндæр уавæры Лопахин, чи зоны, фæхъыг кодта- ид кæйдæр зындзинадыл, фæлæ йæ ныртæккæ не ’вдæлы æмæ ма ноджы дæр иу мадзал æрымысыд, цæмæй зæронд лæг фæфиппайдтаид, ардæм цы сæрæн æрцыд, уый. — Цæхджынгомау у уæ цъайы дон. Акоптæ къа-- хæм, тынг дойны кæнæм, æмæ дон æппын ницæмæн; бæззы. Хорз донæн куынницы амал скодтат?—уай- дзæфгæнæгау загъта Лопахин. — Цæхджынгомау у зæгъыс?—дисгæнгæ бафарста. зæронд лæг.—Цымæ кæцы цъайæ систат? Лопахин ацы хуторы æппындæр дон нæ банызта æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цъай кæм ис, уый нæ зыдта. Уымæ гæсгæ, гом дуарæй скъола зынди, æмæ уыцырдæм йæ къух фæдардта. Зæронд лæг ноджьь тынгдæр фæдис кодта: — Дис мæм кæсы уый! Скъолайы цъайы донæй хуыздæр ацы зылды нæй, æнæхъæн хутор нуазыны дон уырдыгæй хæссынц. Цымæ ныр цы кодта, цæ- мæннæ уал бæззы? Знон мæхæдæг дæр уырдыгæй æр- хастон дон. Рог, хорз дон уыди, мæхæдæг дзы ба— нызтон. Зæронд лæг зæхмæ нымдзаст, хъуыдыты ацыд;. Лопахин мæстæй ныккæрзыдта æмæ загъта: — Æнæуый дæр, мæ фыды хай, махæн хом дон нуазын нæ уадзынц, цæмæй нæ гуыбынтæ ма фæрис-- сой æмæ ныл ахсæнниз ма бахæца. — Мах донæн хомæй дæр ис нуазæи,—ныццæхгæр ■ зæронд лæг.—Æрвыл аздæр цъай сыгъдæг кæнæм, æнæхъæн хутор дзы нуазы, æмæ дзы цæрæнбонты1 дæр^йæ ахсæнæй ничи фæрынчын. Лопахинмæ цыдæриддæр уыди æнæрхъуыды зæ-- 96
ронд лæгæн уæздан æгъдауæн бамбарын кæныны фæ- рæзтæ, уыдон ын бахардз сты, мæстæй йæ хъуырмæ сси æмæ йæ риуымбæрц араст: — Æхсыр кæнæ уæм нæлхæ уæййаг нæ уаид? — Уый тыххæй дæ, мæ хъæбул, урссаджы товарон фермæйы хистæрæн зæгъын хъæуы. Уæртæ, гъе, хъугдуцджыты цур лæууы, дзыгъуыр, тымбылдзæс- гом, йæ сæрыл цъæх кæрдæн. — Æмæ дьг,.. дæхæдæг та цы куысты лæуд дæ?— фергъуыайау, афтæмæй бафарста Лопахин. Зæроыд лæг ын, йæ зачъе даугæ, сæрыстырæй дзуапп радта: — Æз ам бæхгæсæй кусын, ныр æртыккаг аз. Ку- сын—хуыцау алкæмæн дæр уый бæрц раттæд, мæ бæрны ис хос кæрдын дæр, фосмæ кæсын дæр, æмæ хæдзарады цыдæриддæр зылдтытæ ис, уыдон иууыл- дæр. Ацы аз мын преми баныфсæвæрдтой... Ноджы дæр ма цыдæртæ дзырдта зæронд лæг, фæлæ ’ Лопахиы мæстæй йæ армы тъæпæнæй йе згъæрхуд батъæпп кодта, йæ былтæ æнæдзургæйæ баз- мæлын кодта æмæ арасти, йæ сæрыл цъæх кæрдæн кæмæн уыд, уыцы усмæ. Урссаджы товарон фермæйы хистæр разынди æнæ- хин, æнцондзырд сылгоймаг. Лæмбынæг байхъуыста Лопахины куырдиатмæ æмæ загъта: *— Госпиталмæ цæфтæн ауагътам сæдæ фæндзай литры æхсыр æмæ царв, цыдæртæ ма дзы аззад, æмæ сæ йемæ кæм ласдзыстæм. Дыууæ бидоны фаг уы- дзæн уæ хæстонтæн? Глашæ, ауадз æмбал каманди- рæн дыууæ бидоны æхсыр, дысонизæры æхсыр, æмæ ма кæд ихгæнæны царв баззад, уæд ын царв дæр ратт иу дыууæ-æртæ килограммы. Камандирыл æй кæй банымадтой, уымæй йын йæ зæрдæ иттæг балхæдтой, стæй æпæуый дæр разы 7. М. Шолохов. 97
уыд Лопахин æмæ зæрдиагæй нылхъывта фермæйы зæрдæхæлар хистæры къух, цæрдæг ныууад их- гæнæнмæ. Хъугдуцæджы къухтæй уазал, ихыл сæ хид кæмæн рацыд/ахæм бидонтæ куы иста, уæд ци- нæйдзагæй загъта: — Дæ фыды номæй дæм куыд бадзурон, уый нæ зонын, Глашæ, фæлæ ды сылгоймаг нæ, фæлæ сыгъ- зæрин дæ! Иу дзырдæй, мæнæ хæмпус æхсыры сæрты хуызæн, æндæр иу дæр нæ æмæ ’иннæ дæр! Мæнмæ цы аппетит.ис, уымæй дын ахæрæи ис иу æрбадтæн: кæрдикгай дæ кæрдзыныл сæрд æмæ дæ æдзæххæй дæр æууил æмæ æууил... — Цы дæн, уый дæн,—тызмæг дзуапп ратта æнæ- рцæф хъугдуцæг. —-Æфсæрмы’ма кæн, Глашæ, иттæг хорз бæргæ дæ, фæлæ кæмæн дæ, уымæн! Цымæ уый бæрц цæ- мæй ныннæрстæ уæддæр, ногдыгъд æхсырæй æви туаг æхсырæй?—ноджы дæр ма дис кодта Лопахин. — Сис бидонтæ æмæ цом. Царвмæ стæй æруай- дзынæ. — Ацы ихгæнæны демæ разы дæн мæ цæрæнбонты фæбадыныл дæр,—зæрдæбынæй загъта. Лопахин. Дуары зыхъхъырмæ хуыснæджы каст фæкодта Лопахин, фæндыд æй дæмпусбуар хъугдуцæджы’ ахъæбыс кæнын, фæлæ йын уый хæрз æнцонæй иуæ- рдæм ахæцыд йæ къухыл, бавдыста йæм йе стыр саулагъз тымбыл къух æмæ зæрдæхæларæй бахудт: — Æнцад у, лæппу, æндæра ихæй нæ, фæлæ амæй тагъддæр æруазал уыдзынæ. Æз тызмæг идæдз ус дæн æмæ ахæм æдылы митæ нæ уарзын. — Ахæм идæдз усæй мыл цыфæнды цæф ауайæд, разы дæн, фæлæ фæстæмæ нæ алæудзынæн, æнæуын деЬр мæ хъуырмæ сдæн фæстæмæ цæуынæй,—сабы- 08
рæй загъта Лопйхин æмæ йæхи байвæзта хъугдуцæ- джы мæнæргъыйы хуызæн худгæ былтæм. Фæлæ; уыцы уысм ихгæнæны хъæзæй астæрд дуар кæрæй-кæронмæ æрбайгом, дуарæй фæзынд тар фигурæ, æмæ зæронд лæг бæзджын, нæргæ хъæлæсæй фæхъæр кодта: — Гликериа! Кæм фесæфтæуæдæ? Æви дæ фæдчи- тæ ихыл ныссалдысты? Размæл æмæ тагъддæр ракæн ефс! Лопахин иуварс агæпп кодта æмæ, йæхинымæр æлгъитгæ æмæ бидонтæ дзыгъал-мыгъул гæнгæ, аси- ны умæл бырынцъаг къахæвæрæнтыл уæлæмæ фæ- раст. Ихгæнæны къæсæрмæ куы рахæццæ, уæд фæлæууыд æмæ æнхъæлмæ каст йæ фæдыл хинæй- дзаг, худгæ цæуæг хъугдуцæгмæ æмæ йæ бафарста: — Доны фурды фаллаг фарсмæ ахиздзынæ, æви ам баззайдзынæ? Барæй дæ фæрсын, цы иæ вæййы. — Ныртæккæ араст уыдзыстæм, салдаттаг лæппу. Иемæ дæ нæ фæнды? — Нырма нæ фæндаг иу нæу,-—дзæвгар фенкъард Лопахин, фæлæ та уайтагъд йæ фæсусгомау хъæлæс райдыдта бæлонау фæлмæн æвзагæй гуым-гуым кæ- нын:—Чизоны æрхауа, уæд кæм% фендзыстæм кæрæ- дзи, Глашенькæ? Хъугдуцæг йæ æмуырдыг уæхскæй Лопахины худгæ асхуыста, стæй дзуапп ратта: — Цыма нæ ницæмæн хъæуы, кæрæдзи ма фенæм, уый, фæлæ дæ кæд афтæ тынг бафæнда æмæ æнæ мæ фенгæ нал быхсай, уæд-иу мæ Доны фаллаг фарс хъæды æрцагур. Мах нæ хуторæй дард нæ ацæудзы- стæм. , * Арф ныуулæфгæйæ æмæ йæхимидæг салдаты æнæн- цой цард æлгъитга\ Лопахин бидонтæ раргъом код- та æмæ рарæсти дыргъдонмæ. Йæ зæрдæ йæм сдзырд- 99
та нодяш дæр ма иу хатт куы бакæеид уындæй тыз- мæг, фæлæ диссаджы зæрдæхæлар, тæмæнкалæг бур- дзæст идæдз усмæ. Фæстæмæ фæкаст æмæ, чысыл Ма бахъæуа ахауа—йæ къах къуыдырыл скъуырдта* Уайтагъд йæ хъусыл ауад сылгонмаджы кæл-кæл æмæйæ зæпдæйы иннæрдæм ахызт... Акопы Лопахин бидоны былæй иубоны бонцау фæнуæзта царддæттæг ’уазал тæнгъæд, стæй, цы æхбыр банызта, уымæй æруæззау, сывæллонау йæхи амондджын хатыд æмæ Копытовскийæн загъта, иæ- мæй ротæйы хæстонтæн байуæрстаид æхсыр, алкæмæн дæр иу кателок. Карз æй бафæдзæхста, зæгъгæ, уæл- дай ма дзы куы баззайа, .уæд иннæты дæр куыд нæ фæхъыг кæна. Дæхæдæг та йæхи рарæвдз кодта цæ- уынмæ, ф&лæ йын Копытовский загъта, цæмæй ма- уал ацыдаид: — Старшина хыл кæндзæн, ма ацу. Лоиахин цыбæлгæнæджы мидбыл худт бакодта æмæ афтæ зæгърл: — Æз, чи зоны, нæ ацыдаин, фæлæ мæ мæ къæх- тæ сæхæдæг хæссынц... Ахæм хъугдуцæг дзы ис, Иæ ном Глашæ хуыйны, æхгæ хæст куы нæ уаид, уæд сразы уаин йемæ мæ цæрæнбонты хъуджы бын бадын æмæ йын йæ фæдджытæ ивазын. Копытовский йæ цæстытæ æрцъынд кодта, йæ дзых бамбæрзта йæ сау-сауид армы тъæпæнæй æмæ худæгæй æрхæц-æрхæцгæнаг хъæлæсæй бафарста: — Кæй фæдджытæ, зæгъыс! —’Уый хъауджыдæр нæу,—цæуылдæр ахъуыды кодта Лопахин æмæ æнæмæт дзуапп ратта. Йæ цæстæнгас разил-базил ’кодта цъæх бæлæсты къохтыл æмæ иудзæвгар афæстиат сырх агъуындæн ду- рæй æмбæрзт урссаджы товарон фермæйы бæстыхайы уæлхæдзарыл. 100
— Дæхимæ кæс, абон дыл старшинайæ мацы аны- дзæвæд. Знонæй нырмæ. баст куыдзау цæуылдæр мæс- ты у,-~бафæдзæхста йæ Копытовский. Лопахин йæ къух ауыгъта æмæ фæхъæркодта: , — Атте у дæ уынаффæтимæ, старшина дæр де- мæ! Мæ къах атилын мæ нæ уадзы, æви цы? Зæгъ ын, зæгъгæ, Лопахин ацыд царвмæ, æхсырæй йæ суазæг кæн, æмæ ууыл фæци хъуыддаг. Фæлæ мæм- быцæу кæнынвæнд куы скæна, уæд æй фыдгуадзæн фæкæндзынæн! Мæ бон нал у Лясиченкойы кас хæ- рын, мæ ахсæн дзы фæсахъат. Микояны уставмæ гæс- гæ цы ’мбæлы, ахæм паек нын дæттæнт, æмæ уæд ныууадздзынæн хæтæны цæуын. Æрра дæн, адæм мын кад æмæ радæй царв дæттынц æмæ йæ цæмæн- нæ хъуамæ райсон? Уæдæ йæ знагæн ныууадзон? — Уый æндæр хабар у, кæд царв дæттынц, уæд ма цæмæкæсыс,—уайтагъд сразы Копытовский. Минуты фæстæ Лопахин фæцæйуади дыргъдоны йæ зонгæ иукъахвæндагыл, хъуыста мæргъты сæу- мæрайсомы зарынмæ æмæ иттæг аддяшнæн улæфыд æртæхæй умæл кæрдæджы сатæг, рæуæг уæл^æф. ’ Кæд цалдæр суткæйы фæд-фæдыл гæзæмæйы йед- тæмæ нæ бафынæй кодта, кæд куыд æмбæлы, афтæ- нæ бахордта хæринаг æмæ тохтимæ рацыд дыу- • уæ сæдæйæ фылдæр километры зынвадат маршæй, уæддæр ацы райсом уыди иттæг хъæлдзæг. Бирæ хъæуы цы адæймаджы хæсты? Чысыл иуварс ацу мæлæтæй, дæ фæллад суадз, бафынæй кæн, дзæбæх бахæр, хæдзарæй фыстæджы гæбаз райс, цадæггай тамако адым дæ хæларимæ—æмæ цæттæ у салда- ты цин. Æцæг, ацы райсом Лопахин фыстæг нæ райста, фæлæ сын уый хыгъд дысон тамако рат- той; рагæй йæм æнхъæлмæ кастысты, стæй фæйнæ къоппы фыдызгъæлы консервтæ æмæ цас хъæуы, 101
уый ас гилдзытæ. Æрбабоны агъонмæ иу чысыл афынæй, стæй фæцырд, фæхъæлдзæг æмæ райдыдта акоптæ къахын. Тынг æй уырныдта, зæгъгæ, ам До- ны фурды был боныфæстагмæ фæуыдзæн уыцы мæс- таг фæстæмæ цæуын, æмæ йæм ацы хатт йæ куыст раздæры хуызæн æппындæр зæрдæцъæхгæнæн æмæ æлгъаг нал фæкаст. Разыйæ баззад, цы позици равзæрстой, уымæй, фæлæ ноджы тынгдæр разыуыди, йæ фагæйуæлдай æхсыр кæй банызтаæмæ уыцы æна- хуыррæсугъд идæдз ус Глашæйыл кæй фембæлд, уы- мæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, искуы йыл улæфыны за- маны куы фембæлдаид, уæд бæргæ бирæ хуыздæр уы- даид, уæд уый базыдтаид, кæддæрау йæ арæхстдзинад равдисын, фæлæ йын]ацы чысыл æмгъуыдмæ фембæлд дæр.æрхастацалдæрæхцон минуты. Уымæй дæр хæс- ты заманы фæцайдагъ чысыл хайыл разы уæвын æмæ цыфæнды зианыл дæр хъæцын... Йæ мидхъуыдытæм худгæ æмæ цадæг æхситт гæнгæ, Лопахин цыди иукъахвæндагыл, йæ къахæй фæйнæрдæм схуыста æртæхы уæзæй фæгуыбыр уæ- вæг з^лмы сыфты, æмæ фыццаг йæ хъус не ’рдард- та, къуылдымы фале кæцæйдæр гæзæмæ æрбайхъуысæг ныллæг, сабыр уынæрмæ. Фæлæ йæ уæлвæд уынæр хъусын райдыдта бæлвырддæр. Лопахин йæ мидбынаты фæлæууыд æмæ æрыхъуыста. Уынæрмæ гæсгæ ба- зыдта, зæгъгæ, æрбатæхынц немыцаг хæдтæхджытæ æмæ тæккæ уыцы сахат фехъуыста дæргъвæтин фæ- хъæр: „Уæ-æл-дæ-æф!" Лопахин цæхгæр фæзылд æмæ сиргæ базгъордта акоптæм. Æрмæст уысмы бæрц йæ сæры февзæрд мæстаг хъуыды: „Бабын мæ царв дæр æмæ Глашæ дæр..." Фæлæ уый фæстæ, кæд ын уыцы дывæр зиан тыг^г хъыг уыди, уæддæр дзы бирæ рæстæгмæ фе- рох и... 102
Цыппæрдæс немыцаг хæдтæхæджы февзæрдысты æрвгæронæй гæзæмæ бæрзонддæр æмæ4 тындзгæ тах- тæй æрбацæйæввахс кодтой. Лопахин йæ акопмæ нæ- ма базгъордта, афтæ скъолайыдыргъдонæй ссыди зе- нитон сармадзанты зæлланг къæр-къæр. Фыццаг хæд- тæхджытæй гæзæмæ раздæр æмæ чысылдæлдæрнæм- гуыты хæлынæй" ферттывтой тарцъæх дидинхудтæ. Стæй зенитон сармадзанты нæмгуытæ хæлын байдыд- той дзыгуырæй æмæ, æнæмигъ арвыл разил-базил гæнгæ, аленк кодтой хæдтæхджытимæ фæрсæй-фæрс- тæм, хæлдтой сын сæ фæтк, ивын сын кодтой сæ фæндаг. — Иу дзы расхъиудта!—фырцинæй фæхъæр кодт’а Копытовский Саша. Лопахин акопмæ ныггæппкодта. Уæлæмæ куы екаст, уæд федта,' раздзог хæдтæхæг йæ иу базырыл æнæ- хъола куыд æрзæбул, сау фæздæг æй куыд ануæрс- та æмæ зулаив дæлæмæ хауын куыд райдыдтаг уый. Зилгæ буры æхситт æмæ хъæргæнгæ, фæздæг æмæ арты пиллоны тыхтæй расхъиудта акопты хаххы сæр- мæ, хуторы над лæзгъæрыл сæмбæлд æмæ йæхи бом- бæтæй фехæлд. Сармадзаны тъæпп æмæбомбæтыстын- дæй ахæм тыхджын хъæр фæцыд, æмæ Лопахин цæс- ты ныкъуылды бæрц бацъынд кодта. Стæй йæ худгæ цæсгом Сашамæ азылдта æмæ загъта: — Цы диссаджы ифтыгъд у!.. Уыцы æрвон хæй- рæджытæ—зенитчиктæйзæгъын—иууылдæр афтæ куы ’хсиккой! Ноджы ма иу хæдтæхæгыл сармадзаны нæмыг ком- коммæ сæмбæлд, уæлдæфы базгъæлæн æмæ хутормæ дæрддзæф æрхаудта. Иннæтæ аирвæзтысты хиды сæрмæ. Уым сыл пулеметтæ æмæ хидыхъус æвæрд дыккаг зенитон сармадзанты батарей куы нызгъæлдта, 103
уæд сæ бомбæтæ куыдфæндыйæ æрыппæрстой, тæо- саг бынаты иувæр’сты æрзылдысты æмæ фæстæмæ фе- здæхтысты хурныгуылæнмæ. Фугасон бомбæтæй цы рыг сыстад, уый нæма æр- бадт, афтæ фæскъуылдымæй фæзынд немыцаг бом- бæзгъалæг хæдтæхджыты дыккаг улæн, нымæцæй ацы хатт æртыны бæрц. Цыппар хæдтæхæджы дзы фæхицæыи æмæ хъахъхъæдады хахмæ фæзылдысты. — Махмæ цæуынц,—йæ æлхъывд былтæй - фæцуд- гæ хъæлæсæй ралæдæрста Оаша.—Дæхимæ кæс, Ло- пахин, уыдон пикировщиктæ сты, ныртæккæ райдай- дзысты дæлæмæ-уæлæмæ тæхын... Кæсыс, райдыд- той! Лопахин зына-нæзына фæфæлурс, размæ радард- та уартсæттæн топп æмæ, акоппы бинаг сынæгауыл йæ къахæй фидар æнцой гæнгæ, лæмбынæг ныхъхъа-' выд. Йæ ирд цæстытæ афтæ æнгом æрцъынд кодта, æмæ йæм Саша йæ цæсты зулæй куы фæкаст, уæд федта æрмæст хæрз гыццыл зыхъыртæ, карды фын- дзæй угарды хуызæн, йæ цæсты къуырфытыл тыгъд- гонд сау цармы кæрæттæ—арф æнцъылдтытæ. — Æртæ корпусы... æртæ æмæ æрдæг... цыппар корпусы раздæр æй сывæр!—хъусты иннæрдæм хи- зæг маторты æвирхъау æхситты ’хсæнты-ма куыддæр фæхъæркодта фергъуыйау уæвæг Саша. Лопахин цыма фынæй уыд, афтæ йын фехъуыста йæ хъæр æмæ лейтенант Голощековы зонгæ фæсус хъæлæс: „Цæвут знадясы хæдтæхджыты!"—алыхат- тау тыхджын ныхъхъæркодта. Лопахин фехста æмæ йæ уæхск, стæййæ буар иууылдæр бапкъардта топпы риуьтгъд, цæсты ныкъуылды цалæмдæр хайы рæс- тæгмæ фæфиппайдта, кæй фæивгъуыдта, уып дæр. Бомбæйы зоыгæ æлгъаг æхсятт уысммæ сырæзт, баиу фехæлгæ бомбæйы къуырмагæнæг хъæримæ. Лопахи- 104
ны згъæрхудыл, пæ æгады гуыбыр фæсонтыл ставд ихау тыхджын æргæр-гæр кодтой хæрдмæ фæцæуæг æмæ дæлæмæ хауæг сыджыты къуыбæрттæ, йæфын- дзыхуынчъыты бакалд сыгъдон халæн буаргъæды згъæры хъыхъхъаг тæф æмæ йыи йæ улæфæнтæ æхгæдта. Вомбæтæ арæх хæлдысты, акопты рæнхъ куыд ахаста, уыцы хаххыл, фæлæ уымæй фылдæр та хæлдысты æмæ гыбар-гыбур кодтой акопты фæс- тæ, <$къолайы дыргъдоны. Лопахин йæхи æвæндонæй йæ сæр сдардта, мигъау ныббадгæ бур рыджы фæл- мы ’хсæнты галиуæрдыгæй ауыдта цъæх арвмæ фа- тау стæхæг .хæдтæхæджы, æгæрыстæмæй йын йæ къæдзилыл фашистон нысан дæр равзæрста æмæ хъандзалау- йæхи сраст кодта, фырмæстæй йæ дæн- дæгты къæс-къæс ссыд ’æмæ та ногæй йæхи андæгъ-( та йæ хотыхыл. — Цæв уыцы цъаммары! Цæв æй тагъддæр!..-— тæфсæгæй ризæгау кодта Саша, æмæ хъæрæй дзырд- та Лопахины хъусы. Нæ, ацы хатт Лопахинæн йæ бон нæу фæивгъуы- йын, нæй йын бар! Иууылдæр цыма цавд дур фес- тад, 'уыйаУ æнæзмæлд уыд, æрмæст йæ къухтæ, дур- æвзалы къахæг кусæджы æндонфидар къухтæ, нын- дæгъдысты уартсæттæн топпыл æмæ галиуæрдæм зылдысты, йæ тугбадт цъынд цæстытæ та, фырмæс- .тæй пиллон уадзгæ, згЪордтой æмхæрд сцæсйтæхæг хæдтæхджыты рæзты æмæ лæмбынæг хъавыд тонпы кæсæнæй. Фæлæ таацыхатт дæр фæивгъуыдта... Цæй бæрц æй хъуыд, уый бæрц бæрзонд та куы стахт хæдтæ- хæг, æхситтгæнгæ куы разылд æмæ та акоптыл куы нызгъæлдта, уæд Лопахины былтæ бадыз-дыз кодтой. — Гилдз! —хъæл-хъæлгæнæг хъæлæсæй , фæхъæр кодта. „10-87" æмуырдыг æрцæйтахт æмæ бурсыджыт 105
акопты чыртыл йæ æппæт пулеметтæй нызгъæлдта. Йæ развæндаг ын, фыразарæй хуыдуг гæнгæ, æхста сержант Никифоровы пулемет. Арæх хъуысти топ- пы гæрæхтæ, лыстæг æмæ къуырма къæр-къæр код- той автоматтæ. Лопахин æнхъæлмæ каст. Æппын- æдзух йæ хъус дардта ныллæг, æнæаскъуыйгæ æмæ куыдфæстагмæ тыхджындæр гæнæг уынæримæ дæлæ- мæ цæуæг хæдтæхæгмæ. Уыимæ бар-æнæбары йæ хъус ахста хæцæнгарзы алыхуызон зæлтæ: зенитон сармадзанты батарейы позицитыфале скъолайы дыргъ- донмæ цы бомбæтæ згъæлд, уыдон нæрын зæйы гуыр-гуырау, зенитон сармадзанты тагъд гуыртт- гуыртт, пулеметты фæлмæн къæр-къæр. Æгæрыстæ- мæй танксæттæн топпыты цалдæр гæрахы • дæр раир- тæста. Бæрæг уыд, танксæттæн топпæй æрмæст иу- нæг уый кæй нæ хъавыд йæ цæсгом суадзæг налат пикировщикмæ.. — Цы бандзыг дæ? Дæу куы фæрсын, цы бандзыг дæ? Кæд нæ фæцæф дæ?!—хъæр кодта Саша. Фæлæ Лопахин йæ цæст нæ фæиртæста хæдтæхæ-. гæй, æрмæст ахъаззаг сылгъыста, æмæ уæд Саша бамбæрста, Лопахин æнæниз, сæрыгас кæй у, уый æмæ æрбадт къуыппытæ-дзыхъхъытæ акопы бын— сыджыты къуыбæрттæ йæм нызгъæлд. Дыккаг разылдæн пулеметы нæмгуыты æхсидгæ улæнæй рыг сыстад, акопы раззаг чъилы ныллæг скъæлдзойы йæ тæккæ бындзарыл адаста, адавта йын йæ кæрон калд сыджыт дæр, фæлæ Лопахин нæ фезмæлыд. — Æргуыбыр кæн! Ацæхæраджынтæ дæ кæндзæн, хивæнд!—тынг фæхъæр кодта Саша. — Мæнг зæгъыс, нæ фæцарæхсдзæн!—бахыр-хыр ,кодта Лопахин æмæ цалынмæ хæдтæхæг срасти, уæд- мæ банхъæлмæ каст, стæй топпы къахыл æрбахæцыд. 106
Хæдтæхæг йæ фындз чысыл фæгуыбыр кодта, фæ- лæ уайтагъд срасти æмæ, цæф маргъау дыууæрдæм- цудгæ, араст хуссары’рдæм цадæггай, йæ хиуыл йæ зæрдæ нæ дардта, æмбæлон бæрзондмæ тахт. Йæ галиу базыры цур фæзынди фыдуацхæссæг фæздæ- джы къæм. — Гъе-гъе, дæ хъуын дæ фæци, дæ мад æмæ дæ- фыдæн афтæ, уфтæфæуа!—цадæгзагъта Лопахин æмæ- акопы раст слæууыд.—Дæ хъуын дæ фæци! — ноджы цадæгдæр -æмæ ахадæндæр ныхасы уагæй загъта æмæ зыд каст кодта цæф хæдтæхæджы алы фæзылдмæ. Къуылдыммæ нал сфæрæзта хæдтæхæг, ныццух- мух кодта æмæ æмуырдыг дæлæмæ расхъиудта. Зæх- хыл йæ тъæпп афтæ фæцыд, цыма æввахс кæмдæр стъолыл сурфых айк асастæуыд, æмæ æрмæст гъеуæд сулæфыд Лопахин стыр æхсызгонæй, сулæфыд йæ- риуы тæккæ дзаг æмæ йæ цæсгом аздæхта Сашамæ. — Гъе, афтæ сæ цæвын хъæуы!—загъта Лопахин, йæ фæлурс фындзыхуынчъытæ радымсгæйæ, ныр йæ уæлахиз нал æмбæхста. — Уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ, хорз æй • багæ- рах кодтай, Петр Федотович!—цингæнгæ загъта Са- ша, æнхъæл дæн, иумæ службæ куы райдыдтой, уæ- дæй нырмæ фыццаг хатт скад кодта Лопахинæн—йæ фыды номæй йæм сдзырдта. Лопахин йæ ризгæ къухтæй тагъд-тагъд стыхта папирос,'фæллад уыд æмæ йыл цыма тæдзгæ фæ- кодта, уыйау æрбадт акопы бын, цалдæр хатты зы- дæй сцъырдта папирос. — Æнхъæл уыдтæн, зæгъын, аирвæздзæн та уы- цы æлгъыстаг!—загъта Лопахин æдыхстдæрæй, фæ- лæ ма уæддæр знæт кæй уыд, уымæ гæсгæ ныхас- кодта фæлæу-фæлæугæнгæ.—Къуылдымы аууон куы фæуыдаид, уæд хæйрæг йæ зонæг —æрхаудта æви 107"
йæ лæгæтмæ бахæццæ. Фæлæ ам хъуыддаг гуырыо хойаг нæу, зæххыл йæ цæлхъ фæцыд, æмæ судзæд, цас æй фæнды, уый ас... Йæ папирос дымд нæма фæци, афтæмæй сыстад æмæ иу минугы бæрц æнæдзургæ, æхцоны каст код- та æрæппæрстгонд хæдтæхæдяш цъæлты сыгъдæт- тæм. Иннæ æр’тæ "хæдтæхæджы, зенитон батарейыл ■бомбæтæ чи калдта, уыдон фæцæйцьтдыстьт хуссар- мæ. Фæлæ ма хиды сæрмæ уæддæр бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ тугдзых сырдау разил-базил кодтой. Къуырма æмдзæгъд кодтой зенитон сармадзантæ. Бомбæтæ хæлдысты æмæ хурмæ ирдгъуыз доны фæлурс цъæх цæджындзтæ бæрзонд фæцыдысты. Уалынмæ уæлдæфон æрбабырст фæци, æрбазгъордта ’бастдзинаддарæг хæстон æмæ Лопахинмæ фæсидт ротæйы камандирмæ. Цыма хъæдгæмттæй æхгæд уыд, уыйау акопæн сæ разæй дæр æмæ сæ фæстæ дæр быдыр иууылдæр æмыхгайд уыди асæй алыхуызон бурбын тымбыл уæрмытæй, сæ кæрæтты сурфых сыджытæй фæл- гæттæ. Бомбæтæй дыргъдоны цы зулаив фæндæгтæ •сырæзт æмæ ныр фæлдæхт, ’ фæстытæ бæлæстæй чи сдзолгъо-молгъо, уыдон байгом кодтой раздæр къалиутæй æмбæрзт хуторы хæдзæртты къултæ земæ уæлхæдзæрттæ, æмæ ныр æппæт дæр уыди ^æндæр хуызон: ног, æнахуыр, æнæзонгæ. Звягинце- вьт акопмæ æввахс дæлджиныгæй лæууыд хъуырдзæ- уæны комы хуызæн егъау уæрм, акопы чъилы тæккæ цур уыди йе ’мбисмæ сыджытæй йæ тæккæ дзаг, таст •æмæ йæ кæрæттæ згъæры æрттывдгæнæгкъаннæгго- мау бомбæйы къæдзил. Фæлæ стæмты йедтæмæ сырх- зефсæддонты акопты чьтрты сæрмæ цыди аддяшн ма- Зсоркæйы фæздæг, хъуысти æфсæддонты ныхас, пу- •леметы ахстон та арæзт уыди зæронд, æмбисхæлд 303
силосы уæрмы— хъуысти кæйдæр къæзгæ хъæлдзæг ныхас, фæлæ йæ нымæг кодта ахæм æмхъæлæс къуыр- ма кæл-кæл, æмæ Лопахин сæ цурты куы фæцæй- цыд, уæд йæ мидбыл бахудт, ахъуыды кодта: „Хæй- рæджы æлгъыст адæм, нæй сыы сыскъуыйæн! Бом- бæтæ сыл афтæ калдтой, æмæ сæ бирæ нал хъуыд сæ сæрыл хъен слæууынмæ. Ныр чысыл фæсабыр, æмæ хæрзхаст нæлбæхты мыр-мыр кæнынц". Уай- тагъд4 йæхæдæг дæр йæ худыы нал баурæдта, амæн æмæ сержант Йикифоровы зонгæ хъæлæс, бæрзоыд, фырхудынæй кæуыны хуызæн хъæлæс фæци йæ ны- хас: — ...Кæсын æмæ—зыгъуыммæ лæууы, йæ сæр ти- лы æмæ мæ "фæрсы: „Федя, нæ мæ амардтой?" Йао цæстытæ та—раст тымбыл къухы йæстæ, йæ ныхмæ рабырыдысты, пары фых хуыдырбулчъы тæф цæуы йæ дзыхæй... Фыртæссæй, æвæццæгæн фæед... Чидæр уæрæх акопы кодта фæллад худт, тæнæг хъæлæсæй, йæ фæстаг тыхтæй, фæлæз æнæсцухæй,' раст цыма баст уыди æмæ йæ тьтхæй хъыдзы кодтой, •уыйзу. Лопахины йæ худæг нæма ныууагъта, афтæ- мæй ахызт пулеметчиктæй, бомбæты уæрмыты иу- вæрсты æрзылд, бастдзинаддарæг сырхæфсæддоны бай- йæфта æмæ загъта: — Хъæлдзæг лæппу у уыцы Никифоров. — Ныртæккæ кæмæ худын цæуы, кæмæ кæуын, кæуыл та йæ дуне æнусмæ баталынг...—æнкъардæй дзуапп радта бастдзинаддарæг æмæ йæ къух бадард- та комкоммæ сымбæлгæ сармадзаны нæмыгæй хæлд акопты чырмæ æмæ тугхъулон хæдонджын сырхæф- сæддонмæ,—уый дæрддзæф < фæцæйцыд, расыг лæ- джы цудтытæ гæнгæ, саиитары цонгыл уадзыгау æн- цой кодта. Лейтенант Голощеков худгæ цæсгомæй сымбæлд 109
Лопахиныл, йæ къух æм фæтылдта, акопмæ æрхиз, зæгъгæ. Хæст чысыл фæсабыр æмæ ныртæккæ тагъд- тагъд аходæн хордта. Голощеков чъизи сау къухтæ- сæрфæнæй йæ дзых асæрфта æмæ йæ цæстытæ хи- нæйдзаг ныкъуылд фæкодта: — Ды йæ æрластай, Лопахин? — Æнхъæл дæн, æмбал лейтенант. — Хорз æрмдзæф дын ис. Фыццаг дын у? — Фыццаг. — Цæй, абад, хорз дæ фендзынæн., ’ Уæдæ фыццаг у зæгъыс, фæлæ, æвæццæгæн, фæстаг нæ уыдзæн, и?—хъазгæйæ загъта лейтенант, кателок æд касы уæлдай акопы къусджы æвæргæ-æвæрын æмæ дзы егъаугомау трофейон флягæ исгæйæ. - Лейтенанты акопæй цыди, канд нырмаумæл æлыг- сыджыт æмæ скъæлдзойьг тæф нæ, фæлæ амуницийы гæрзыты æрчъиаджы тæф. дæр, стæй зына-нæзына одекалоны тæф, дзмарийы хуызæн нæлгоймаджы хи- ’ ды карз тæф æмæ махоркæйы тæф. Лопахин ахъуы- ды кодта, зæгъгæ, адæм куыд диссаджы тагъд фæ- цæрæггъуыз кæнынц акопты, рæстæгмæйы цæрæнуат- мæбынтон алыхуызон, æрмæстхицæн лæгмæ чи вæй- йы, ахæм тæф бахæссынц. Йæ зæрдыл æрбалæууы- дысты сержант Никифоровы дзырдтæ æмæ йæ мид- был бахудт. Лейтенант уыцы мидбыл худт бамбæрста Лæхирдыгонау, алюмины агуывзæйы арахъ æркодта æмæ загъта: — Нæ сыхаг зенитчиктæ мын æй авæрдтой абон, мæхимæ рагæй нал уыди... Цæй, арфæгонд у, æхсызгон мын у де сгуыхтдзинад, ’ айс, аназ. Лопахин йæ дыууæ æнгуылдзæй арæхстгай райс- та агуывзæ æмæ бузныг загъта, фæлæ йæхинымæр а^нкъардæй ахъуыды кодта, ома æгæр чысыл мигæнæн у, уырыссаг лæгæн афтæ не ’мбæлы. йæ цæстытæ 110
æрцъынд кодта æмæ цадæггай анызта фæтæгены ад- гæнæг хъарм арахъ. . Лейтенант ныккæрзыдта Лопахинимæ уыцы иу рæстæджы, цыма уымæн дæр æхсызгон уыди арахъы анызт, уыйау, фæлæ нуазгæ нæ бакод^а, флягæ бафс- найдта. — Нæ, фæлæ нæ адæм куыд раивтой, Лопахин, и? Раздæр-иу куыддæр хæдтæхæг фæзынд, афтæ-иу уайтагъд зæххыл ныддæлгоммæ сты æмæ-иу оыджыт- мæ смыстой, фæлæ ныр афтæ нал у, ныр нæ сæрты уæлæуæз цу, æндæра дын дæ къæхтæ асæтдзыстæм, и? Афтæ нæу, Лопахин? — Гъай-гъай, æмбал лейтенант. — Æрæджы дæлбулкъон телефонæй дзырдта, хæд- тæхæг, дам, чи æрыппæрста. Адæм загътой дæуæй, мæхæдæг дæр æй федтон. Æвæццæгæн дæ хорзæх- мæ бавдисдзыстæм. Цæй, цæугæ уал. Æвæццæгæн, ныр тагъд æрбабырсдзысты. Фидар лæу, танктæ дæ ма рахъаст кæнæнт. Борзыхмæ бауай æмæ йæ мæ номæй бафæдзæхс. Стыр тох уыдзæн, хъуамæ фидар фæлæууæм—кæнæ мæлæт, кæнæ уæлахиз. Зæгъ ын, зæгъгæ., тынг дыл дарын мæ зæрдæ. Æз та ныртæк- кæ рахиз флангмæ бауайон. Æгæр тыхархайд кæнынц немыцы хæдтæхджытæ, сæхицæн фæндаг гæрдынц хидмæ... Тæвд бон уыдзæн, фæлæ цырд лæу! Лопахин цин æмæ арахъæй ныссырх, афтæмæй фæстæмæ æрбацæйцыд, фæлæ уартсæттæг топпæх- сæг Борзыхмæ куы баввахс, уæд йæ мидбыл худт фæтары. Борзых аходæн хордта, дзулы хъæбæрæй зæрдиа- гæй сыгъдæг кодта консервы къоппы къултæ. Лопахин йæхи æруагъта акопы фарсмæ, фæрсы йæ: — Куыдтæ дæ, сыбираг, æнхъæл дæн бомбæтæ дæр дын ницы тых кæнынц? 111
— Æз цалынмæ амæлон, уæдмæ мын æппындæр- ницы ратых кæндзæн,—бæзджын хъæлæсæй дзуапп ратта бæзæрхыг, хæларзæрдæ сыбираг, йæ хæрын нæ ныууадзгæйæ. — Хорз мæ фен сыбираг хъæбынтæй, уазæгуаты дæм куы ’рбацыдтæн. — Уазæгуаты ныууай мæ бинойнагмæ Омскмæ. Абоы хуыцаубок. у, хъæбынтæ æнæмæиг кæндзæн æмæ дæ хорз фендзæн. Лопахин йæ сæр æнкъардæй батылдта, ома ууыл разы нæу. —Дæрддзæфу, нæ ацæудзынæн, дымдыфæуæнтдæ хъæбынтæ... — Гъай, гъай, дæрддзæф у,—ныуулæфгæйæ загъ- та Борзых, æмæ лæг нæ бамбæрстаид, уыцы рог улæфт цæй тыххæй уыди, уый: ацы Доны бæстаг дæвдæг быдырæй йæ райгуырæн Омскмæ дард кæй у, уый тыххæй æви йæ консервы къопп афтæ тагъд кæй раафтид, уый тьтххæй... Йæ къух дард нæ фæхаста Борзых, афтæмæй кон- сервы афтид къопп хæмпæлмæ фехста, йæ къухтæ бæстон иыссæрфта йæ еойахуырст чъизи хæлафыл æмæ загъта: — Уый бæсты мын тамако авæр, Лопахин. —- Ау, дæхион сыгъд фæдæ?—фæдисы Лопахин. — Цæмæн æй фæдæн сыгъд? Искæй хай кæддæ- риддæр адджындæр у,—-хъуыды гæнгæ загъта Бор- зых, йæхæдæг гæххæтты гæбаз тæгæнайы хуызæн стыхта æмæ йæ къух акопæй радардта.—Æркæн, чъынды ма у. Мæнæн мæ хъул сах куы абадтаид æмæ хæдтæхæг куы ’рыппæрстаин, уæд мæ тамако иууыл- дæр байуæрстаин мæ хæлæрттæн... Æнæдзургæйæ махоркæйы дæрзæгфæздæгæй фæй- нæ дыууæ хатты куы аныхъуырдтой, уæд Лопахин афтæ: 112
— Лейтенант мып бафæдзæхста, цæмæй дын зæ- гъон, цырд куыд лæууай, афтæ. Уый сæрджын лæп- пу у æмæ афтæ хъуьтды кæны, зæгъгæ, танктæ æп- пæты фыццаг махыл æвзардзысты сæ тых. Нæ ных- мæ цы бæрзæндтæ ис, уым сын хорз æрæмбырдгæ- нæн ис, стæй уырдæм сæ бацæуæн дæр хорз у: аууон ран, къуылдымæй зулаив цæуы адаг, федтай йæ? Борзых æнæдзургæйæ йæ сæр батылдта. — Лейтенант комкоммæ афтæ: „Æз, зæгъьт, Бор- зых æмæ дæуыл, Лопахин, мæ зæрдæ дарын. Лæугæ, дам, кæндзыстæм фæстаг амалы онг". — Йæ зæрдæ ныл кæй дары, уымæй раст кæны,— хиуылхæцгæ загъта Борзых.—Адæм нæм бирæ нал баззад, фæлзе чи ис, уыдон иууылдæр хъæтыф лæп- путæ сты. Мах бæргæ бауромдзыстæм, фæлæ’ нæ сьт- хæгтæ куыд уыдзысты? — Сыхæгтæ сæхæдæг хъуыды кæнæнт сæхи тых- хæй,—загъта Лопахин. Борзых та йæ сæр батылдта æнæдзургæйæ. Лопйхин сыстад, райста йе ’мбалы æнæтасгæ фæ- тæн къух æмæ загъта: — Цæй, райгонд у, Аким! — Бузныг, райгонд у дæхæдæг дæр. Топпæхсджыты акопыты дыууæ чырæй куы ахызт æмæ æртыккаджы ныхмæ куы бахæццæ, уæд Лопа- хин, раст цыма йæ разы, æнæнхъæлæджы ныхдур -февзæрд, уыйау дзыхълæуд фæкодта, йæ цæстытæ аууæрста æмæ йæ дæндæгты ’хсæнты’ мæстæй ралæ- мæрста: „Ахсджиаг хъуыддаг! Уый цух ма уыдтæн зæрыбонты"... Арæхстджын лæджы бæстон къахт ако- пæй йæм арф конд згъæрхуды бынæй æнæныкъулгæйæ кастысты хæринаггæнæг Лисиченкойы фæллад, фæлæ кæддæриддæрау уæндон, уазал цъæх цæстытæ. Æм- бисонды æрыгонгъуыз, хъæлдзæг уыди хæринаггæ- 3. М. Шолохов. 113
нæджы нард цæсгом, йæ рустæ—антоновкæ фæткъуы- йы’хуызæн тыппыр, йæ цъæх цæстытæ—æнцад-æн- цой, Лопахинмæ фæзындысты хылкъахæг æмæ æдзæ- сгом цъынддзаст. Сыффытгæнаг æппæлой къахдзæфæй Лопахин æр- баввахси акопты чырмæ, дзуццæг æрбадт æмæ, хæ- ринаггæнæгмæ уæлейæ бынмæ кæсгæйæ, сыф-сыфгæ- наг, фьтдуацхæссæг хъæлæсы уагæй загъта: — Дæ бон хорз уа! — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд,—æнæбары дзуапп ын ратта Лисиченко. —-Цы хуызæттæ дæ?—хорз æгъдауæй йæ бафарс- таЛопахинæмæ хæринаггæнæгмæ ахæм рæхойæг цæс- тæнгасæй касти, цъша йæ æртхутæг фестынмæ хъа- вы æмæ йе ’хеидгæ маст тыххæй-фыдæй урæдта. — Вузныг, ницы мын у, фæлæ дæ гуыры конд айс. — Æз дын дзуапп бæргæ раттин æфсæддон зонады æппæт - æгъдаумæ гæсгæ, фæлæ дæу тыххæй нæ ауæрстон æппæты зынаргъдæр æмæ стæмдæр дзырд- тæ,—раст слæугæйæ, загъта Лопахин.—Дзуапп мын ратт иунæг, æрмæст иунæг фарстæн: чи уыд*уыцы сæрхъæн, чи дæ сбадын кодта ацы уæрмы, æмæ цьг хъуамæ рауадзай ацы уæрмы, кæнæ кæм и кухня æмæ цы хæрдзыстæм • абон дæ дзæбæх зæрдæйы- руаджы? — Мæн ам ничи сбадын кодта, мæ хæлар. Мæхæ- дæг скъахтон акоп æмæ дзы мæхæдæг æрбынат код- тон,—æнцад-æнцой æмæ æрхæндæгæфтауæг хъæлæ- сæй дзуапп ратта Лисиченко. Лопахин фырмæстæй фæцæйхуыдуг кодта. — Дæхæдæг дзы æрбынат кодтай? Ничи йæм кæ- оы!.. Æмæ кухня та? — Кухня ныууагътон. Фæлæ хъæлæба ма кæн, дæ Ш
хорзæхæй, дзæгъæлы мæм ма ’ртхъирæн кæн. Абон кухняйы фарсмæ бадынæй æнкъард кодтон æмæ йæ ныхъхъуытты уагътон. — Æнкъард кодтай, зæгъыс, дæхивæндæй ныууагъ- тай кухня æмæ ардæм æрхæццæ дæ? —Гъай-гъай. Цы ма дæ фæнды базонын, бæгъатыр? — Куыд дæм дæ зæрдæ дзуры, афтæ ’нхъæл дæ зенæ дæу немыцы ныхмæ нæ фæлæудзыстæм?—тагъд- тагъд дзургæйæ бафарста Лопахин, Лисиченкойы ма уæддæр ахæм æнæныкъулгæ æмæ æнæуьшон цæс- тæнгасæй рæхойгæйæ. Фæлæ афтæ æнцон нæ уыди алыхуызон фыдæвза- рæнтæ фенæг хæринаггæнæджы фæгæрсын кæнын кæнæ æгæрстæмæй фергъуыйау кæнын. Лопахинмæ дæлейæ уæлæмæ æнцад-æнцойæ кæсгæйæ, Лисиченко загъта: — Гъай-гъай! Раст мæ бамбæрстай. Мæ зæрдæ дыл нæ дардтон, Лопахин, загътон, зæгъын, зынвадат рæстæджы фæцуддзынæ, æмæ æрбацыдтæн. — Уро худ цæмæннæ ныккодтай? Инæлары хæри- наггæнæджы сæрыл урс худ федтон—сыгъдæг, тьтбар- тыбур кодта... Цæмæннæ ныккодтай урс худ?—тыххæй- фыдæй улæфгæйæ, бафарста Лопахин. — Уый инæлары хæринаггæнæг, фзелæ æз та цæ- мæн ныккæнон урс худ? — хинæйдзаг мимæ æнхъæл- мæ кæсгæйæ, гуызавыйæ бафарста Лисиченко. Лопахин нæ баурæдта æмæ æхцон, æхсызгонæй загъта: — Хорз уаид, куы йæ ныккæнис, уæд, кæд дæ, нæл гогыз* тагъддæр амариккой! Фæлæ Лисиченко æрмæст йæ къух ауыгъта æмæ та раздæрау дзуапп ратта æдыхстæй: — Цалынмæ дæ ингæныл бæхы сындз æрзайа, Петя, цалынмæ дын галгъæфс дзидзи бадара, уымæй раз- дæр мæнæн амæлæн нæй. 115
Ницы пайда уыди хæринаггæнæджимæ дзурын- Йæ украинаг зæрдæхæлар æнцад-æнцойадмæ гæсга^ дзы къæрттæй, цъулайæ ницы хауди, раст цыма æф- сæнбетонæп конд уыди, уыйау; Уымæ гæсгæ Лопахшг куы аулæфыд, уæд цадæг, гуызавы гæнгæ загъта: — Уæззау истæмæй дæ ахæм цæф фæкæнин, дæ- еуудæ хуылфæй куыд ракæла, фæлæ мæ ахæм чъи- зй мийыл мæ тых хардз кæнын нæ фæндьт. Фæлтау ма мын зæгъ—æнæуæлдай дзæнгæда,—абон цы хæр- дзыстæм? — Къабуекæджын бас. -Ау? — Ног æргæфст фысы фыд æмæ ног къабу’скæ- джын бас. Лопахин æмбылды кодта уыцы быцæуы. Лисичен-. ко дзы бæлвырд хынджылæг кодта, фæлæ уый нæ ардта ахæм уæзгæ дзырдтæ, цæмæй йын чи ’мбæлы,. ахæм дзуапп раттаид. Дзуццæг та æрбадт акопы фарсмæ, æрæмбырд код- та йæ æппæт быхсынад æмæ зæрдæбын ныхасы уа- гæй загъта: — Лисиченко, ныртæккæ тохы размæ тынг мæстьг дæн, стæй дæ хъазæн ныхасæй дæр сфæлмæцыдтæн, зæгъ мын æнæхъазгæйæ: адæмы æнæхъарм хæринаг ныууадзын ис дæ зæрды? Дæхи хъахъхъæн, уый дын лæппутæ нæ ныббардзысты. Æз дыл мæхæдæг дæр нæ бацуарддзынæн, æппæты разæй дæ багæрах, кæндзынæн, æмæ дæ уый фæстæ цы рауайдзæн, дæ- цæсгом цы хуызæн уыдзæн, уый мын хъауджыдæр- нæу. Ды цы дæ, уый æмбарыс æви нæ? Размæбырс- ты рæстæджы дæр æмæ хъахъхъæныны рæстæджы дæр æппæты сæйраг хъуыддаг у хæринаг: цыфæеды лшггаг æфсадæн дæр хæлц куы нæ уа, уæд нольг фарсмæ-хахх фыст куыд нæ уа, уымæй хъауджыдæр> 116
тацы у. Ам цы цоппай кæныс’? Тагъддæр цæугæ, мæ хур, ардыгæй, цалынмæ дæ дæ къахæй нæ раластой, уæдмæ, цæугæ æмæ цалынмæ хæсты алфæмблай æн- цад-æнцой у, уæдмæ, куыд æмбæлы, афтæ дæхи ау- уон дар æмæ фæздæг æгæр ма скъæр, афтæмæй кас фыц. Цы уа, уый уæд, разы дæн дæ хæрыныл дæр, æппыннæйæ уый хуыздæр у. Цы стæм мах æнæ хъарм хæринаг? Тæригъæддаг адæм, бауырнæд дæ! .Дзырдæн, æз мæхæдæг æнæхæлц цыфыддæр италиа- гæй дæр тæригъæддагдæр æмæ цыфæнды тæригъæд- даг руминагæй дæр æвзæрдæр вæййын. Нал топпы кæсæн рæстмæ фæуынын, нал мæ къæхты тых вæй- йы, куыддæр фæризынц мæ къухтæ дæр... Ацу, Ли- сиченко, дæ зæрдæ ма ’хсайæд, ды ам куы нæ уай уæддæр нын ницы уыдзæн. Ард дын хæрын, дæ куыс- тæн къатдæр кад нæй мæ куыстæй. Чи зоны æрмæст, иу дæсæймаг хайы бæрц ныллæгдæр уа... Лопахин æнхъæлмæ каст дзуаппмæ. Лисиченко ца- дæггай йæ дзыппæй систа, цыдæр нывæфтыдтæ кæ- уыл уыд, ахæм морæ тамакойы чыссæ, цадæггай рас- ■къуыдта газеты сыфæй гæлир даргъ уаццаг æмæ но- джы цадæггайдæр тухын райдыдта папирос. Æрмæст лапиросы гæххæтт куы скодта, куы йæ байдзаг кодта :махоркæйæ æмæ йæ трофейон зажигалкæйæ куы ссу- дзын кодта, уæд уæззаугай загъта: — Дзæгъæлы мæм тыххатыд кæныс, бæгъатыр. Кухня ме ’ккой скæнын æмæ Доны фурды ахизын мæ бон нæу, уайтагъддæр фæдæлдон уыдзыиæн, нæ дæр 'Ын хидыл ис аласæн. Куы хъæуа, уæд æй гранатæй ’фехалдзынæн. Ныр та уал дзьь фыцы бæркадджын ног къабускæ æмæ фысы фыды бас. Æцæг дын зæгъын. Дæ цæстытæмæм цы ныдздзагъыр кодтай? Фæстæдæр сæ лкæн, науæд та сыл дæ къухæй хæц; æндæра дын зæхмæ æрхаудзысты. Хъуыддаг афтæ уыд: хиды хъус 117
цалдæр фысы фæмард бомбæйæ. Æз дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, иу куыисты æрбаргæвстон, хæдмæл æй нæ- бауагътон бомбæйы схъисæй. Къабускæ самал кодтон цæхæрадоны, давæгау æй рахастон, æргом дын зæ- гъын. Васыл цы хъуыд, уый йыл ныккодтон æмæ йæ дыууæ рог цæф сырхæфсæддонæн бафæдзæхстон, цæ- мæй йæм сæ хъус дарой. Куыд уыныс, афтæмæй мæ- нæн мæкуыст рæвдз у. Иу чысыл агæрæхтæ кæндзы- нæн, аххуыс уын кæндзынæн, стæй сихорафон куы суа, уæд абырдзынæн хъæдмæ æмæ, гæнæн уæвгæйæ, хъарм хæринаг æмбæлдзæн. Разы дæ мæ куыстæп, бæгъатыр? Лопахинæн йæ зæрдæ фæфæлмæн æмæ йæ фæндыд хæринаггæнæгæн ныхъхъæбыс кæнын, фæлæ уый, йæ мидбыл худгæ, йæхи æруагъта, æрбадт акопы бын æмæ загъта: — Уыцы ницæйаг буцмиты бæсты мын иу гранат куы раттис—чи зоны мæ истæмæн бахъæуа. — Мæ зынаргъ! Зынаргъ адæймаг! Цас дæ фæнды, уый ас хæц, ныр дын бар дæттын!—цытджын ныхасы уагæй загъта Лопахин, йæ ронæй’ суæгъд кодта армы гранат, ратта йæ хæринаггæнæгæн æмæ йын йæ сæ- рæй ныллæг акуывта. Лопахин ма, æвæццæгæн, ноджы дæр адзæнгæ- да кодтаид хæринаггæнæджимæ, фæлæ та ногæй фе- хъуыст хæдтæхджыты æрбаввахсуæвæг уынæр, æмæ фæцæуæг йæ акопмæ. Ацы хатт дæр та сæ нысанмæ бацæуæны раз хæд- тæхджытæ дыууæ дихы фесты: сæ иу хай бомбæтæ ныккалдта хъахъхъæдады хаххыл, иннæтæ, зенитон сармадзанты æмæхсты ’хсæнты бырсгæйæ, атындзыд- той хидмæ. » Бæзджын бур рыджы мигъ та æнæуддзæф уæлдæ- фы бæрзонц фæцыд æмæ фæлмау ныббадт акоптыл, 118
бамбæрзта хур. Хæлæг бомбæты уынæр, се схъисты æхситт æмæ уæлейæ хауæг еыджыты иугуыр къуыр- ма хъæры ’хсæвты Лопахиы тырныдта йæ зениткæты гæрах фехъусынмæ, фæлæ нæй.æмæ нæй. Ннхъхъу- си батарей скъолайы дыргъдоны. Лопахин мæстæл- 1гъæдæй ахъуыдыкодта: „Бабын сæ кодтой, цъаммæрт- тæ!" Стæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, зæгъгæ, чи зо- цы, батарей æндæр ранмæ аивта, æмæ чысыл фæ- абыр. Йæ алфæмблай бæстæ иууылдæр æвирхъау æмнæр’д кодта æмæ Оашайы хъæр дæр нал æвзæрста. Бомбæ- тæ æмæсармадзанты нæмгуыты хæлынæй зæххы цъа- рыл еыстад уадтымыгъ æмæ фæхуырымгонд, нырхæн- дæг. Фæлæ уæддæр йæ хъару иæ асаст, йæхи-иу ра- тонæгау кодтаакопы къулæй æмæ-иу тагъд-тагъд, фæ- лæ арæхстгай, ракаст акопы чъилы сæрты. Бомбæты хæлынæй æвзæргæ тæвд улæнтæ-иу ын йæ сæр фæс- тæмæ аппæрстой, фæлæ уый уæддæр рыджы фæлмы ’хсæнты зыдмондаджы каст кодта размæ æмæ архайд- та фенын—æрбацæуынц æви нæ знаджы танктæ, хæд- тæхджытæ уæлейæ бомбæтæ кæй калынц, уый руаджы. Иу ахæм уысм, хур цы саудалынгæй фæаууон, уый хæлгæ бомбæты пиллонæй куы фæкъæртт, уæд Лопахин æнæнхъæлæджы фæкаст, Звягинцевы акоп кæм уыд, уырдæм æмæ йын æхсызгон уыд, тынг фæ- цин кодта, радон гæрахы фæстæ та йын йæ уартсæт- тæн топпы хæтæл уæлæмæ арæзтæй чысылгай бариз- гæ куы федта, уæд. Стæй йæ цæст аныдзæвд Звягин- цевы фезмæлгæ згъæрхудыл дæр—йæ фарсыл зонгæ нуæс, рыг ыл сбадт халасау æмæ ныр бынтондæр нал зыны йæ кæрдæггъуыз ахорæны тарбын æрттывд. „Æмбисонды лæппу!—дисгæнгæ загъта Лопахин.— Уый æппындæр ницы музыкæйæ фæтæрсдзæн..." 119
Лопахинæн йæ зæрдæ цæмæ ’хсайдта, уый уай- тагъд æрцыд: хæдтæхджытæ дыууæ хатты разылдыс- ты æмæ сæ бомбæтæ æххæстæй нæма æркалдтой, аф- тæ къуыппæй æрбайхъуыст маторты хъæр, раздæры хуызæн нæ, фæлæ ныр’бынтон æндæр, зæххы æмбуар, танкты калмдзæлхыты æфсæйнаджы дзыгъал-мыгъул æмæ хъыррыстимæ æмхæццæ иугуыр уынæр. Уый æмрæстæджы фæскъуылдымæй немыцы артиллери рай- дыдта æхсын хид, æмæ сын нæ батарейтæ æмыхстæй дзуапп раттой Доны фаллаг фарс хъæдæй. — Гъæйтт, Саша, дæ хæлафыл схæц æмæ фидар лæу!—ныфс æвæрыны мидбыл худгæ, загъта Лопа- хин.—Цырд лæу, танк куы ссудзон, уæд дзы иунæг танкист дæр куыннæ аирвæза. Куыд у дæ зæрдæйы уаг? Дзæбæх у? Уæдæ хорз. Нæ профессийы æппæты сæйраг хъуыддаг у, цæмæй лæг æнкъард ма уа. Лопахин æргуыбыр кодта йæ хотыхмæ æмæ йыл æрдæбон, знаджы хæдтæхæг акопыты сæрмæ æмхæрд- æмуырдыг куы тахт, уæд куыд нындæгъд, ныр дæр та афтæ нындæгъд йæ æвидыц уартсæттæн даргъ хотыхыл, цыма йыл ныхæсгæ бакодта. Йæ цæст нæ иста, æрдæбонæй ныр тæнæгдæр рыджы фæлмы цы гуыр-гуыргæнæг æндон къоппытæ тыхт уыди æмæ, сæ астæуккæгтæ раздæр, сæ кæрæттæ фæстæдæр, аф- тæмæй, фæтæн цуркау, уæлейæ чи æрцæйцыд, уыцы æндон къоппытæй. Нæ, ныр æнцондæр уыди улæфын! Ацы тохы рай- диан æппындазр нæ уыди, саст полкæй ма чи баззад, уыдонæн, дæлæмæ,дæр æмæ сæм уæлЪмæ дæр цып- пар уартсæттæн зюппы æмæ цалдæр пулеметы уæв- гæйæ, къуылдым бахъахъхъæнын æмæ знаджы налат размæбырстæн ныхкъуырд раттын куыд бантыст, уый хуызæн. Иыр тохы æууæлтæ бынтон æндæрхуызон уыд^сты. Лопахин цы ориентиргæ снысан кодта, уы- 320
донмæ æмбисы бæрц дæр нæма рауадысты танктæ, афтæ сæ развæндагыл хæлын райдыдтой сармадзан- ты нæмгуытæ æмæдзы сырæзт сау мигъты бру. Æхс- та полчы артиллери. Æхсгæ та афтæ зæрдиаг æмæ афтæ хæрзарæхст кодта, æмæ къуыппы фалейæ цы ссæда астæуккаг танчы разылд, уыдонæй уайтагъд æртæ сæ мидбынаты аззад, цыма сæлгæ акодтой. Цып- пæрæм танк, йæ фæдыл дæргъдым фæздæгкъаба лас- гæйæ, дæс метры дæр нæ рауад, афтæ йын сарма- дзаны радон нæмыг йæ рахиз борты цур ныссагъта фыдхъуын сыджыт цæджындз. Танк æнцонæй æмæ коммæгæсæй иуырдæм æркъул, цыма цалдæр минуты агъоммæ йæ калмдзæлхытæй афтæ сæрыстырæй кæй æууæрста, уыцы хъæзныг доныбæстаг саумæр сы- джытæй йæ хæлд мæсыдяш тигъæй фелвасынмæ хъа- выд, уыйау... Артиллеристты æхстыл фырцинæй Лопахин, ар- къауæй æлхъивæгау, йæ къухтæй тыкг нылхъывта Сашайы уæхсчытæ æмæ загъта: — Куыд æхсынц, куыд! Гъæй, уæ мад амæла, гъе! Цымæ сæ чи ахуыр кодта? Уыцы лæгæн æз йæ тæк- кæ сæры тенкайæн апъа кæнин! Бауырнæддæ, Саша, афтæмæй гæнæн ис, æмæ æз æмæ ды абон æгуыстæй баззайæм!.. Галиу флангæй, къаннæг дыргъдонæй, танкты æх- сын бай/ ыдта танктæй иргъæвæн батарей дæр. Цал- дæр минутмæ фехæлдтой ноджы дыууæ танчы, фæ- лæ иннæтæн бантыст размæ æрбатонын æмæ ныр акоп- тæм дыууæ сæдæ метрæй дарддæр нал уыдысты. Лопахин дзæбæх федта чысыл зулаив æрбацæй- цæуæг танчы тарбынцъæх корпус, федта, танчы фар- сыл, йæ дзуарæй чысыл галиуæрдæмдæр, урс ахо- рæнæй цы æнахуыр къæдзилджын сырд нывгонд уыд, уый дæр. Æппæт дæр федтой йæ судзгæ æмæ сыг- 121
, калгæ цæстытæ, фæлæ æнхъæлмæ каст, цалынмæ йæм иу-фæндзай метры бæрц уæддæр феввахсдæр уыдаид,. уæдмæ, цæмæй йæ æхстаид æнæкъуыхцыйæ. Танчы калмдзæлхыты бынæй цыхцыр ныллæууыд цъæх рыг æмæ ныллæг, зæххы æмбуар, быдираг цы- быр скъæлдзойыл халасаубадт. Хаттæй-хатт-иу хурмæ ферттывта айдæнау слæгъзгонд калмдзалхы фарк, стæй та-иу, раст цыма танчы фæдыл цъæх бæмбæджы тъыфылтæ лæстысты, уыйау къуыбылæйттæ кодта рыг.. Рыджы уæлейæты зынди, танчы мæсыг сындæггай куыд зылди, уый. Цæсты ныкъуылды бæрц танчы сар- мадзаны лулæйæ калмы саджил æвзаджы хуызæн фæзыны æмæ фæстæмæ фæтары вæййы фæлурс æмæ цыргъбырынкъ пиллон, фæлæ йæ цæст æрмæст гæ~ зæмæ æвзары сæумæрайсомы ирд хуры тынтæм. Стæй -ротæйы рахиз флангы, акопты къаннæг бур обæуттæн сæ разæй дæр æмæ сæ фæстейæ дæр, бомбæйæ спырх сыджытæй анæрсы æмæ фæстæмæ цадæг æрбады сау зокъо, райхъуысы хæлгæ бомбæйы сæртæг къæрццы зæлланг хъæр. Дыккаг æхстæн Лопахин фехæлдта танк. Уый æм- рæстæджы ссыгъди ноджы дæр дыууæ танчы... Ин- нæтæ цæхгæр разылдысты, фæстæмæ фездæхтысты æмæ къуылдымы аууон фесты. Фæстаг танк обауы рыгæйдзаг рагъы аууон куы фæтары, æрмæст уæд ферттывтой Лопахины цъæхбын цæстыты гагуытæ, фæкаст Копытовскийы фæлурс цæсгоммæ æмæ йæ ца- дæггай бафарста: — Уый циу, Саша, цыдæр цъæххуыз куы сдæ? —- Ахæм Дардæй ’бар-æнæбары сцъæх уыдзыяæ,— тыхулæфт гæнгæ, дзуапп радта Копытовский. Сахаты æрдæджы фæстæ та райдыдта немыцы хъазуат. Ацы хатт дæсы бæрц немыцаг танчы (семæ 122
автоматчиктæ дæр) бавзæрстойдыууæ ротæйы ’хсæн батонын—ротæтæй иуæн каманда кодта лейтенант Го- лощеков, Цæф сæмбæлд Голощековыротæйы галиу флангыл. Разæй цыд знаджы рæстæмбис танк æмæ уыцы иу- растæй йæхи ныццавта колхозы æлыгсæрют каукъул куырдадзыл. Цæсты ныкъуылдмæ дзы рыгæй ницуал фæзынд. Бæстыхайы æрызгъæлгæ хæлддзæгты ’хсæ- нæй расæррæт кодта, йæ уартыл хаста хус цъыхыры- тæ, згъæлди дзы брон, аф^æмæй сармадзанæй фехс- та станкон пулеметчикты, ныцъист кодта цалдæр- топпæхсæг сырхæфсæддоны акопы... Цыди гакъон-ма- къон, йæ калмдзæлхытæй ссæста акопты, йæ ныллæг лыг, гуылмыз цъæх бырынкъæй фæйлыдта зæхх. Тагъд æрбацæйæввахс кодта Лопахинмæ, æмæ, йæ æп- пæт гуымир асæй ефрейтор Кочетыговы акоп куы бам- бæрзта, йæ иу калмдзалхы æваст куы фæурæдта æмæ йæ мидбынаты куы ныззылд, арф акоп сыджыты бын фæкæныныл архайгæйæ, уæд Лопахин ныггæрах код- та. Фæлæ уыцы танчы уый нæ ныддæрæн кодта: йæ риуы æмбæрц сыджытыныгæд æмæ мæлæты къахыл лæуд уæвгæйæ, ефрейтор Кочетыгов йæхи уæлæмæ сивæзта, æмæ куыддæр йæ хæлд акопæй танк ахызт, афтæ йæ къух, сывæллоны æдых змæлдау, дард фæ- хаста. Тохы гыбар-гыбур нæ фехъуыст, фæлæ авг чысыл фæкъæрцц кодта танчы уырдыгаив цъæх уар- тыл æмæ лыстæг згъæлæнтæ баци. Машинæйы æндон уартыл схæлбурцъ кодтой пиллон арты æвзæгтæ æмæ^ цъæхбын, фæлмæн, къæбæлдзыг фæздæг... Судзгæ танчы матор, раст цыма йæ рисс нæ урæд- та, афтæ сбогъ-богъ кодта, фæстæмæ цæхгæр фæзылд, дыргъдонмæ атындзыдта æмæ уым архайдта, цæмæй бомбæтæ æмæ сармадзаны нæмгуытæй фæлдæхт æн- гом балбæлæсты къалиутыл йæ пиллон ахуыссын кодтаид. игз-
Танкскъæрæгæн йæ цæстытæ фæтары сты, фæз- ..дæджы фæхуыдуг æмæ, æвæццæгæн, хорз нал уыдта: танк уыцы тагъд цыдæй йæхи бахста, дзæгъæл кæй ныууагъдæуыд, ахæм афтид цъаймæ, йæ сисамад къу- -лыл сæмбæлд, иуæрдæм фæкъул æмæ, тæвд зетийæ улæфгæ, йæ сау гæлдæрыл уæлæмæ схæцыд, афтæ- мæй йæ мидбынаты æдзæмлæуд фæкодта^ æмæ æн- :хъæлмæ каст йæ мæлæтмæ, бынтон дзы ницыуал тас уыди... Йæ галиу калмдзалх ма уæддæр сонт зылд кодта, йæ урс фæрчытæй зæххыл фæхæст *уæвынмæ тырнгæйæ, фæлæ йын не ’нтыст. Йæ рахиз калмдзалх та тасгæ æркодта æмæ къахт сыджыты сæрмæ ауыгъ- ..дау аззад æдых, тæригъæддагæй. Уыдæттæ иууылдæр федта Копытовский. Тагъд- тагъд æмæ цыбыр улæфт кодта, йæ цæстытæ сæм- - дымбыл сты, афтæмæй æдзынæг каст, знаджы танк куыд æвирхъау змæлд кодта æмæ куыд бабын, уымæ, •’Стæй йæхи фембæрста, йæ тæккæ хъусы цур йæ зон- гæ топпы гæрах, Лопахины уартсæттæн топпы гæрах куы фæцыд, æрмæст, уæд. Копытовский цъиуау тагъд фæзылдта йæ сæр æмæ рахизæрдыгæй, акопæй -сæдæ метры фалдæр, ауыдта: мæрдтæмдзæуæджы гæп- пытæгæнгæ цыдæй æрбацæйцыд æмæ цæстыны- къуылдмæ дзыхълæуд фæкодта танк, йæхи тæккæ æмбуар, йæ фарсмæ та Лопахины туджы зилгæ æна- хуыр цæсгом. Раст цыма цъæх аууæттæ уыдысты, уыйау дзыхълæуд фæкодта машинæ, йæ люкæй цæс- тыныкъуылды бæрц фæзынд æмæ фæс^æмæ фæ- тар дыууæ немыцаг танкисты. Сæ иу уæлгоммæ æрцæйхауд гомриу мундиры, цæхгæр фæзылд йæ цы- г:рыхъхъыты зæвæттыл æмæ йæ къухтæ дзуарау бай- тыгъта. Иннæ—бæгъæмсар, йæ сæрыхил тарбын, йæ -цъæх хæдоны дыстæ йæ цонджы хъулты онг мидæ- згæ тылд. Йæ уæрджытыл слæууын æй фæндыд, фæ- Х1?А
лæ та æваст ныффæлдæхт зæххыл, ныффæлдæхт æн— гом æмæ абырыд, калмы цъыс-цъыс гæнгæ, йæ къух— тæ æппын не змæлын кодта... Уыцы тæккæ уысм ферхæцыд Копытовский, фæ- фиппайдта, йæ къухтæй йын автомат тыхриуыгъд^ куыд акодтой, уый: Лопахин йæ хингонд цæстытæ- нæ ’иста, цы танкист фæцæйбырыд, уымæй, афтæмæй йæхимæ тыхивæзт кодта Копытовскийьт автомат, фæ«- лæ. куыддæр рахизæрдыгæй, Звягинцевы акопæй иу-" гай æхсæджы гæрах фæцыд æмæ фæцæйбырæг тан- кист йæ хæмхудтæ сындзыты ацавта, афтæ Лопахин автомат’ феуæгъд кодта, Копытовскимæ азылдта йæ мæстыйæ бандæргъуызон цæсгом æмæ, йæ æлхъывд, дæндæгты ’хсæн æхситт гæнгæ, къæзгæйæ загъта: — Ды... æнаккаг цыдæр!..' Хæцгæ кæныс æви цы аразыс?! Афоныл цæмæннæ æхстай? Цалынмæ йæхи уацары дæтта, уæдмæ йæм кæсыс?! Цæвæй, цалынмæ йæ къух уæлæмæ не сдардта, уæдмæ! Цæв æй æвæс- тиатæй! Мæн немыц мæ зæххыл уацайрагæй ницæмæН’ хъæуы, уый мæн хъæуы мардæй, æмбарыс æви нæ?Г * Бомбæтæ æмæ сармадзаны нæмгуытæй æфхæрд* зæххы сæрмæ рæсугъд цъæх арвыл хур бæрзонд куы стылд, быдираг скъæлдзойы тæф хуры хъæрммæ карздæр, мастдæр æмæ зæрдæйæн æхцондæр куы фæ- ци, уæд та фæлмæвæрд донаг бæрзæндты фалейæ фæ- зындысты танктæ æмæ та нсмыцаг фистæг æфсад* райдыдтой ног, нымæцæй æртыккаг æдзæлгъæды- хъазуат. Хидмæ бацæуæн фæндæгтæ чи хъахъхъæдта, уы- цы æфсæддон иугонды хæстонтæ ныхкъуырд рат- той æхсæз хъазуат лæбурдæн, немыцаг фистæг æфсæд- 125,
ты æмæ танкты асчъил кодтой бæ.рзæндты фалемæ, æмбисбонмæ тохы быдыр чысыл рæстæгмæ фæса- быр. Фронты æппæт раззаг хайыл иугуырæй цæуæг сармадзанты æрвнæрды * хуызæн уынæр, бомбæтæ хæлыны гыбар-гыбур, пулеметты æмæ автоматты къæр-къæры фæстæ Звягенцевмæ куыддæр æнахуыр æмæ диссаг фæкаст уыцы æваст ралæугæ æгуыппæг- дзинад... Цадæггай систа йæ сæрæй йе згъæрхуд, йæ хæдоны дыс фæллад" уагъд æркодта йæ чъизи цæс- гомыл æмæ дзы асæрфта суадонау фемæхсгæ хид, стæй, йæхи хъæлæсы ныллæг зæлтæм æхцонæй хъус- гæйæ, загъта: — Фæсабыри... Йæ мондæгтæ иста тæхудиаг сабырадæй, йæ сæр иуырдæм гæзæмæ æркъул кодта æмæ сывæллонау лæмбынæг хъуыста акопы чъилæй згъæлæг сы- джыты хус сæх-сæхмæ. Змисы муртæ æмæ æлыгсы- джыты хус згъæлæнтæ бур суадоны тагау æмуырдыг хаудысты акопы бынмæ Звягинцевы къæхты цур хус гилдзыты кæримæ æмæ хус гилдзытæ цадæггай динг- динг кодтой, цыма цæст кæй нæ уыны, сыджыты бын .æмбæрзт чи у, ахæм хъуытæзтæ уыдысты, уыйау. Хæрз æ’ввахс кæцæйдæр райхъуыст цъырцъыраджы цъыс-цъыс. Звягинцев йе ’ргом аздæхта æмæ лæмбы- нæг æрыхъуыста уыцы ног зæлмæ дæр. Морæгъуыз хъæддаг мыдыбындз, фæндыры бæзджынхъæлæс тæн куыд дыз-дыз кæны, афтæ гуыз-гуыз гæнгæ æрзылд ако1Ш сæрмæ, тæхгæ-тæхын райтынг кодта йæ сау хъæ- дабæгъуыз хъуынджын дзæмбытæ æмæ акопы чъи- лæй цы ромашкæ дидинæджы зæнг ныхъхъил, ууыл абадт. Звягинцев йæ цæстытæ тагъд-тагъд ныкъуылд. та æмæ æдзынæг каст рыгæйдзаг ромашкæ дидинæ- джы ратас-батасгæнæг зæнгмæ, æмбисонды рæсугъд 120
фæлыст мыдыбындзмæ, кæсгæ та сæм афтæ кодта, цыма сæ фыццаг хатт федта йæ цæрæнбоны, стæй æваст фæхъилкодта йæ сæр: дымгæйы уддзæф ын дард-кæцæйдæр йæ хъусмæ æрбахаота уæрццы сыгъ- дæг, зæлланггæнæг хъæр... Дьшгæйы сыф-сыф хурсыгъд кæрдæджы, ромаш- кæ дидинæджы тæмæн калгæ урс-урсид сыфты къæм- дзæстыг, хæдæфс’æрм рæсугъддзинад, æнтæф уæл- дæфы æнæрынцойæ ратæх-батæхгæнæг хъæддаг мы- дыбындз, зæрдæйæн æхсызгон, сабийы бонтæй фæс- тæмæ зонгæ уæрццы хъæлæс—æппæтхъом царды ацы æппæт хæрз лыстæг æууæлтыл Звягинцев «дин дæр фæкодта æмæ йæ дисы дæр бафтыдтой: „Мæнæ ди- саг, цыма хæстæн йæ кой дæр нæ уыд,—хъуыды код- та дисгæнгæ.—Гыццыл раздæр мæ алфæмблай мæлæт алыхуызон хъæлæсæй уасыд, нырма акæс, дæ хор- зæхæй—уæрцц быллыхъ кæны сабырадон рæстæгау, иннæ уырынгонтæй дæр алчи йæ хъуыддаг кæны, ^уыд æмбæлы, афтæ... Диссаг, æндæр ницы!" Цыма фергъуыйау, афтæ алырдæм фæлгæсыд Звя- гинцев æмæ уыцы сахат уыди, хъизæмары фыдфынæй чи фехъал æмæ фервæзт æмæ æцæг царды фенд æх- сызгон кæмæн у, ахæм лæджы хуызæн. Ноджы ма йæ иу цасдæр рæстæг бахъуыд, цæмæй йе ’муд æрцы- даид æмæ фæцайдагъ уыдаид сабырадыл. Сабырад та уыди зæрдæхсайгæ, фыдуацхæссæг, мæнæ тæрк къæв- дайы агъоммæ сабырады хуызæн, æмæ ма дардцæр аф- тæ куы ахастаид, уæд дзы Звягинцев, æвæццæгæн, фæлмæцын райдыдтаид. Фæлæ уалынмæ галиу флан- гы фæлæу-фæлæу гæнгæ къуыртт-къуыртт райдыдта пулемет, къуылдымы фалейæ æхсын райдыдтой немы- цаг егъау минаметтæ, æмæ бирæ рæстæг нæ ахæссæг •сабырад куыд æваст райдыдта, афтæ æваст фæци. 127
Гилдзхæссæг æрыгон сырхæфсæддон, —Звягннцев-. æй рæстмæ нæ зыдта — фæстæрдыгæй бабырыд акоп- мæ æмæ нæтгæ, арф улæфгæйæ, загъта: — Гилдзытæ æрбахастон. Цы зæгъдзынæ, боцъо, дæ ди’сктæ рæвдз кæндзынæ æви нæ? Æхсызгон нæ уыд уыцы ныхас Звягинцевæн. Йæ- армы тъæпæн æруагъта йæ æнæдаст æхсæрфарсьг æрхуыйы хуызæн сырхбын хъисыл æмæ йæ .фæрсы: —-Цæй боцъо дын дæн! Исты зæронд дæя? — Зæронд дæ æви нæ дæ, уæддæр дæ бирæ нал< хъæуы, мæнæ куыд æнахъинон æруагътай дæ хшь. Цæй, айс дæ хай. • — Хил кæй æруагътон, уый ницы давы... Фæстæ- мæ цæуыны заманы лæджы йæхи рæсугъдтæ кæнын- мæ не ’вдæлы, уый æмбарын хъæуы. Фæлæ азтæй ’афт тæ зæронд нæ дæн,—æнæразыйæ загъта Звягинцев,. уæззау æмæ сойæдзаг хъарм гилдзытæ—уырз сæ æн- къардта—йæ гилдзыты хызыыы нæмгæйæ. Звягинцевы ныхас не ’рхъуыды кодта, фырдзырд гилдзхæссæг æмæ та загъта: — Акопы цы ныкъкъæдз дæ, мæ фыды хай, зын- доны бадæгау? Никуы немыц зыны, никуы æхсгæ кæнынц, хурмæ рабыр æмæ дæ зæронд стджытæ сраст кæн! Æвæццæгæн, Звягинцевы зæрдæмæ нæ фæцыдысты дзырдтæ „мæ фыды хай" æмæ „зæронд стджытæ44, йæ цæсгом фенцъылдтытæ кодта æмæ хинæйдзаг фарст бакодта: —■ Уæдæ ды, æрыгон лæппу, дæ гуыбыны цъарыл цæмæы бырыс, кæд никуы дæр немыц зыны æмæ ии- куы дæр æхсгæ кæнынц, уæд? — Уый мæнæн мæ ахуыр афтæ у,—худгæйæ дзы- эдапп ратта гилдзхæссæг.—Бауырнæд дæ, мæ профес- симæ гæсгæ, хилæг цæрæгойау, бырын афтæ фæцай- 128
дагъ дæн, æмæ тæрсын, миййаг къахæй цæуын æп- пындæр куы нæ уал базонон. Æппынæдзух мæ мæ гуыбыны цъарыл бырын фæнды... — Зын нæу æдылы ми бакæнын, гæнæн ис æмæ мауал базонай,—йæ ныхасыл ын сразы Звягинцев* Æнкъард кæй кодта, уый адыл æй бафæндыд хъæлдзæг лæппуимæ аныхас кæнын æмæ йæ бафар- ста, æрыгонхæстонтимæ ныхас кæнгæйæ, кæддæрид- дæр. куыд’ вæййы, афтæ йæм чысыл тæригъæдгæнæ- джы æмæ сæрылхæцæджы^хъæлæсы уагæйдзургæйæ: — Ды, лæппу, æртыккаг ротæйæ нæ дæ? цыма дæ онын. — 0, æртыккаг ротæйæ. — Дæ мыггаг та куыд у? — Утишев. — Бинонтæ дын ио, Утишев? Лæппу йæ сæр батылдта, ома нæй, æмæ йæ мид- был фæхудт. — Нырма æвзопг дæн, нæ мьтн бантыст хæсты размæ. — Хъуыддаг дæр уый у, æмæ дын нæ бантыст... Ныр кусдзынæ гилдзхæссæгæй, ферох дæ уыдзæн къахыл цæуын, æмæ хæсты фæстæ ус курынвæнд куы скæнай, уæд дæ зæрдыл æрбалæудзæн æфсæд- дон ахуыр æмæ адæмау къахыл цæуыны бæсты дæ гуыбыны цъарыл абырдзынæ усгур. Æмæ чызг, мæ хур акæнай, куыддæр ахæм усгур фена, афтæ бауа- дзыг уыдзæн. Чызджы фыд лæдзæг райсдзæн æмæ дыы дзы дæ фæрсчытæ банымайдзæн: „Ма худинаг кæн чызджы, афтæ-уфтæ дын уа! Куыд æмбæлы, аф- тæ цу!" Утишев гилдзыты къопп йæхимæ айвæзта йæ бо- сæй æмæ худгæйæзагъта: — Кæд æнæ даст дæ, уæддæр хинæйдзаг дæ... • 9. М. Шолохов. 129
Ныхасыл мæ ма дар, нæ мæ фæсайдзынæ—хъусгæ дæм кæнын, фæлæ гилдзытæ дæр нымайын. Æгъгъæд у, дæ хай айстай! Иннæтæ дæр æхсынц, канд ды нæ дæ. Звягинцевы цыдæр фæндыд йæ ныхмæ зæгъын, фæлæ Утишев абырыд иннæ акопмæ æмæ, йæ сæр фæетæмæ дæр нæ разылдта, афтæмæй бынтон æнæн- хъæлæджы срæтыгъта зондамонæн ныхас æнæхъазгæйæ: — Ды, боцъо, ауæрдгæйæ æмæ рæстдзæвиндæр æхс, науæд ды, æвæццæгæн, æгас дунемæ гæрах кæныс, цыма капекмæ æхсыс, уыйау. Отæй зæрырдæм къатдæр кæн ^чызджыты кой, уæд дæ къухтæ дæр нæ риздзысты... Звягинцев ахæм ныхас æнхъæл кæй нæ уыд æмæ йæм хъыг дæр кæй фæкаст, уымæ гæсгæ уайтагъд нæ фæцарæхст дзуапп раттынмæ, æрмæст чысыл фæгæдзæйы фæстæ йæ фæдыл ахъæр кодта: — Дæхицæн бацамон, куыд æхсын хъæуы, уый, хæффындзхор цыдæр! Утишев фæцæйбырыд, йæ мидбыл худгæ, фæстæ- мæ нæ кæсгæйæ, йæ фæдыл ласта гилдзыты къоппы- тæ. Звягинцев ын æлгъгæнæджы каст бакодта йæ фæсонтæм: йе онты цур схъардта урс цæххы тæппы- тæ, дзæкъулы босау йе уæхсчытыл æфтыд синаг- бос ын арф ныуугард кодта йæ хæдон, хурсыгъдæй бынтоц чи сурс, уыцы хæдон, æмæ хъыгзæрдæйæ ахъуыды кодта: „Адæмы хынджылæг йедтæмæ ницы- уал æндавы, хæйрæг æй базонæд, цавæр адæм сты! Раст цыма иууылдæр Лопахин Петямæ ахуыр код- той... Ех, æнамонд хабар, æндæр ницы. Стрельцов Ми- кола мын ам нал ис æмæ лæг зæрдæбын ныхас кæи- мæ акæна, ахæм нæй". Йæ хæлар йæ цуры кæй нал ис, ууыл иу чысыл ахъынцъым кодта Звягинцев, стæй æрбæстон кодта йæ 130
салдаттаг хæдзарад: аппæрста, йæ къæхты бынцы хус тялдзытæ ратул-батул кодтой, уыдон, æрдзæбæх кодта йæ цинелы тыхт, кæрдæгæй ныссæрфта йæ кателок æмæ йæ акопы къусчы бавæрдта; фæндыд æй, акоп иу чысыл куы фæарфдæр кодтаид, уый, фæлæ куы ахъуыды кодта, зæгъгæ, архайын та хъæудзæн белæй, хус æмæ дуры хуызæн хъæбæр сыджыт мургай схъа- уын, уæд æппæтæй дæр ныллæууыд уыцы фæндо- <ны ныхмæ, æмæ æвиппайды йæ цæнгты ахæм æзды- йы хуызæн уæззау, ахæм фæллад рахатыд, æмæ тæк- кæ уыцы уысм цæхгæр аскъуыддзаг кодта: „Ницы ’йын у афтæмæй дæр, цъай дзы миййагкуы нæ къа- хын, боны фæстагмæ! Мæлæты куы бафæнда, уæд дæ цъайы дæр ссардзæн". Цадæггай æмæ сæрыстырæй хурыскæсæнмæ ленк ’кодтой иугай мигъы тъыфылтæ. Æрмæст-иу искуы- дæй-искуыдмæ кæрæй-кæронмæ рухсдзыд урс мигъы (къæм чысыл фæаууон кодта хур, фæлæ-иу уæддæр ’нæ фæуазалдæр; судзгæ зæххæй тæвд улæфыд, æгæр- ыстæмæй акопæн йæ хураууон фарс дæр афтæ стæ- зди, æмæ Звягинцевæн йæ зæрдæ нæ тардта, йæ •буар ыл аныдзæвдаид, уый; кæцæйдæр февзæрдысты ’бындзытæ æмæ лæджы хъуырмæ кодтой сæ æнæрын- • цой гуыз-гуызæй. Бадомдта Звягинцевы æмбясбоны æнтæф, куы-иу цинелы тыхтыл абадт, куы-иу сы- •стад æмæ йæ къухы уæлармæй сæрфта йæ хуыс- сæгхъæлдзæг цæстытæ, афтæмæй касти, цы тан- ктæ фехæлд æмæ басыгъд, уыдонмæ; быдыры дæр- >гъæй лæууæг немыцæгты мæрдтæм; дард, къуылдым- ты фалейæ, Доны фурдимæ фæрсæй-фæрстæм пост- вæндаджы сæрмæ хурыскæсæны ’рдæм цы бурбын .рыджы къæдзилджын мигъ бырыд, уымæ. „Цыдæр фыдвæнд кæнынц æлгъыст фрицтæ,—хъуыды кодта •Звягинцев, мигъы цыдмæ кæсгæйæ.—Æвæццæгæн 131
сæм æххуыс цæуы—рыг гсуыд сыстын кодтой! Æр- бамбырд кæндзысты сæ тыхтæ, æфсæдты æндæргъуы- зон фæкъордтæ щендзысты, бастæрдзысты сæ буарьг цæфтæ æмæ та рабырсдзысты. Æнæсæттон дæлимон- тæ сты, тынг æнæсæттон! Фæлæ мах дæр хуымы гæнгæлы не стæм, куыд сæ найын хъæуы, уый ба- зыдтам, æрмæст цæрдæг лæууæнт сæ фындзы бынты- сырхдон сæрфынмæ. Ныр сын цыппор фыццæгæм аз нал у! Райдианы ахынджылæг кодтой, æмæ сын æгъ- гъæд фод!" —Йæхи ирхæфсгæ, хъуыдытæ кодта Звя- гинцев, стæй йæ цæстæнгас скодта, Лопахин цы танк фехæлдта, уымæ. Хæрз æрæджы дæр ма тæссаг цы тар-цъæх ма- шинæ уыди, уый зулаив фæзылд æмæ, йæ сармадза- ны зæнг хæрдмæ хъил, афтæмæй лæууыд гомдзых, æгомыгæй. Танчы люкæй фыццаг цы танкист рагæпп кодта æмæ автомат йæ тæккæ рæбыныл кæй æрба- лыг кодта, уый лæзæрыд танкы калмдзалхы фарсмæ, йæ къухтæ уæрæх айтыгъта æмæ йын дымгæ зивæг- гæнгæ змæлын кодта йæ гомгуыр мундиры фæччи;, дыккаг танкист,—Звягинцев кæй амардта, уымæн йæ- мæлæты размæ бантыст танкæй чысыл дарддæр абы- рын. Звягинцев ын скъæлдзойы тæнæг губаччыты^ ’хсæнты федта йæ тархил къæбут, йæ размæппæрст хурсыгъд къух, йæ цъæх хæдоны дыс йæ рæмбыны: къæдзы онг уыди счъил, йæ батинкæты уæфстыл. хурмæ æрттывтой слæгъзгонд цæфхæдтæ æмæ урс- зæгæлты тымбыл, фæлахс сæртæ; — Ахæм тæвды ардыгæй изæрмæ мæнæ мæ къу- хæй чи (зсардта йæ адзал, уый дæр æмæ иннæ мæрд- тæ дæр æнæмæнг срæсидзысты æмæ тæф кæнын рай- дайдзысты. Ахæм сыхæгтæй ам æппындæр сулæфæн нæй,.. —Цæмæндæр хъæрæй загъта Звягинцев æмæ* а^лгъгæнгæ йæ цæсгом сæнцъылдтытæ кодтй. 132
Йæ фæсонтыл цыма мæлдзыджытæ ауадысты, афтæ ^банкъардта йæхи æмæ, суанг уалдзæджы тæккæ рай- дианæй фæстæмæ тохты дæр æмæ фæндагыл дæр сæ полчимæ цы зæрдæхæццæгæнæн æнуд мæрдрн тæф æмдзу кодта, уый куы æрбаймысыд, уæд йе уæхс- чытæ барызтысты, цыма йын ихæн уыди. Звягинцев ма æвзонг æмæ æвæлтæрд салдат куы уыд, уæд-иу цы знаджы амардта, уымæн æй æнæ- мæнг йæ цæсгоммæ бакæсын куы фæндыд, уыцы рæстæг раджы аивгъуыдта; ныртæккæ уый фæлма- сæй касти нæмыгæй фæлдæхт æмæ йæ цуры тыгъ- дæй лæзæрæг бæрзонд танкистмæ æмæ йын йæ зæр- дæ агайдта æрмæст иу хъуыды: тагъддæр куы аирвæ- зид ацы къуындæг акопæй, ныр æхсæз сахаты дæр- гъы йæ удхæссæг чи фестад, уымæй, æмæ иу-дыу- уæ суткæйы искуы ног цъойы хъæмпы цъынайы æнæ райхъалæй куы фæфынæй кæнид. Хæрз æнцонæй йæ зæрдыл æрбалæууыд, нырма ныртæккæ кæй банай кодтой, ахæм цъойы тыхджын хæрздæф. (Цы мысинæгтæ йæм æрбагуылф кодта æмæ йын йæ зæрдæ æхцон æлхъывд чи ныккодта, уыдонæй схъæрзыдта æмæ та йæхи æруагъта акопы бынмæ, йæ сæр фæстæмæ ауагъта, йæ цæстытæ ба- цъыыд кодта. Хуыссæг ыл тых кæнын байдыдта, æмæ ныр æгæр стæмæй Лопахинимæ куы аныхас кæцид, уæддæр ын иттæг æхсызгон уаид, цæмæй фæсура æнæнцой хуыссæджы, фæлæ Лопахин немыцы цып- пæрæм атахъы фæстæ аивта фæсауæрц акопмæ æмæ йæм дард уыди. Адæймаг хъал у æви фынæй, уый куынæ уал февзары, ахæм уадзыггондæй Звягинцевæн йæ цæс- тытыл ауад йæ ус, йæ сабитæ, кæй амардта, уыцы цъæх хæдонджын танкист, МТО директор, кæй нæ зыдта, ахæм цыдæр тагъд цæугæ къаннæг дон, йæ 133
быны алыхуызон лыстæг лæгъз дуртæ... Цæугæдон æрра уад кодтайæ къуындæг æлыгбылты æхсæн,. гуыр-гуыр кодта знæтæй-знæтдæр æмæ тынгæй-тынг- дæр, Звягинцев æвæндоиæй фехъал æмæ йæ цæсты-- тæй ракаст: йæ сæрмæ арвыл рацæйтахт нæхи æхсæз- куынæггæнæг хæдтæхæджы, сæ маторты зæлланг- гæнаг уынæр бирæ фæстæдæр зад. Звягинцев уыди практикон зондахасты хицау лæг* æмæ нæ авиацийыуарзтаæмткæй зæгъгæйæ æмæ кæд- дæриддæр нæ, фæлæ йæ арвы æрдыгæй куы хъахъ- хъæдта кæнæ йæ цæсты раз знаджы позицитыл бом- бæтæ куы калдта, науæд сæм штурмæй куы бырста, æрмæст уæд, цæрдæг адард уæвæг куынæггæнджыты фæдыл дæр, йæ хуыссæгхъæлдзæг г цæстыты уæл~ тъæфæлтæ æруадзгæйæ, уазал цæстæнгасæй уымæн каст æмæ. мæстæй уымæн багуым-гуым кодта: — Ноджы та барæджы кодтой! Немыц ныл бомбæ- тæ куы калдтой æмæ нæ позициты сæрмæ ауыгъдау~ куы уыдысты, цыма баст уыдысты, уæд сымах та; æвæццæгæн, кофе цымдтат æмæ уæ куыдзы нымæт- дзабыртæ кодтат, æмæ ныр фæсбайдианы сæ фæдыл: пæр-пæр кæнынц, дзæгъæлы судзынц паддзахады бензин... Сымах бензин куынæггæнджытæ стут, æндæр- ницы! Йæ маст суадзыны бон æй æххæст нæ фæци: не- мыц райдыдтои хъазуаты размæ сармадзантæй æх- сын, сæ позицийы раззаг кæроныл æвиппайды ахæм» æбуалгъ карз æхсты улæн атылд, æмæ Звягинцевæй -цæсты ныкъуылдмæ æрбайрох сты куынæггæнд^кытæ* дæр æмæ дунейы æппæт дæр... Сæдæгай сармадзаны нæмгуытæ æмæ минæтæ сæ ^æхситт æмæ сæ хъæрæй тæвд уæлдæф сыгом кодтой æмæ фæскъуылдымтæй тахтысты æмæ акопты цур- хæлдысты. Се схъистæй сыстад пырхæнтæ калæг сы- 134
джыт æмæ фæздæджы сау фаитантæ æмæ, æнæуый дæр уæрмытæй йæ тæккæ дзаг чи уыд, уыцы хъахъ- хъæдады зул-мул хахх дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ хуымгæнæгау къахтой. Сармадзаны нæмгуытæ æмæ минæтæ фæд-фæдыл хæлдысты, адæймаджы зонд кæй нæ ахсы, афтæ æвирхъау тагъд; куы-иу баиу сты, уæд-иу сармадзанты æмæ минæты æхстæй æнкъуыс- гæ зæххы сæрмæ иугуыр анæрыд уæззау дыз-дыз- гæнаг, æппæт нымæггæнæг дæргъвæтин уынæр. Рагæй нал уыд Звягинцев ахæм ’æнгом, ахæм æм- гуыдын цæхæры, рагæй нал бавзæрста уый хуызæн æвирхъау, зæрдæ къуымых кардæй рæхойæг тас... Йæ алыварс минæтæ æмæ сармадзанты нæмгуытæ афтæ æнгом хæлдысты, йæ алфæмблай бæстæ афтæ æнæрын- цой æмæ афтæ тынгæй-тынгдæр гуыр-гуыр кодта^ æмæ Звягинцев кæд райдианы куыддæртæй йæхиуыл хæцыд, уæд фæстагмæ йæ тых басаст æмæ ма ацы зындонæй аирвæза, уый ныфс æй налуыд... Æвæццæгæн сæ кæнон бакодтой æнæхуыссæг æх- сæвтæ, æвирхъау фæллад æмæ æхсæз сахаты дæр- гъы фыд æвзарæн тох, æмæ акопмæ æввахс рахиз- æрдыгæй стыр сармадзаны нæмыг куы фехæлд, стæй, хæсты уынæр фегом кæнгæйæ, йæ сыхаг цæф сал- даты зæрдæхалæн цыбыр хъæр куы фехъуыста, уæд Знягинцев афтæ фæци, цыма йæ хуылфыдзаумæттæ ныккалдысты. Цæхгæр фестъæлфыд, йæ риу, æппæт йæхи нылхъывта акопы раззаг къулмæ, йæ мусту- чъиты æвирхъау æлхъывдæй йæ къухты æнгуылдз- тæ андзыг сты, йæ цæстытæ фæдзагъыркодта. Афтæ йæм каст, цыма арвы цæфау æхстæй зæхх æнкъуцсы æмæ æмызмæлд кæны, тæфсæгæй рынчынау, æмæ æнæрынцойæ гæв-гæв гæнгæ, тынгæй тынгдæр йæхи æлхъывта, йæхæдæг куыд гæв-гæв кодта, афтæ, минаты. æмæ сармадзаны нæмгуыты хæлынæй æмри- 135
зæджы ризгæ зæхмæ, зæххы агукрдта æмæ дзы нæ ардта фервæзыны амал, æмæ уыды уысм асаст йæ раздæры ныфс, зæгъгæ, æндæр куы никæй, уæддæр уый, Звягинцев Иваны, йæ райгуырæн зæхх æнæ- мæнг йæ дæлбазыр бакæндзæн æмæ йæ фервæзын кæндзæн мæлæтæй... Æрмæст цæсты ныкъуылды бæрц йæ сæры -ферттыв- та бæлвырд хъуыды: „Арфдæр къахт куы уаид акоп", —стæй йæм нал уыди нæ дæр кæрæдзийыл æмхæст хъуыдытæ, нæдæрæнкъарæнтæ, йæзæрдæ йын кæрæф зыдæй цы тасдзинад æууылдта, уый йедтæмæ æп- пындæр ницыуал. Звягинцев ныххуылыдз хидæй, ба- къуырма æвирхъау гуьтр-гуырæй, йæ цæстытæ бацъынд сты, йæ дынджыр къухтæ æнæрхъуыдыйæ ауагъта йæ уæрджыты астæу, йæ сæр ныллæг æруагъта, тыххæй- фыдæй аныхъуырдта йæ сæт, цæйдæр тыххæй хъыл- майы хуызæн чи смаст, уыцы сæт, æнæсыбыртт змæ-. лыдысты йæ фæлурс былтæ æмæ райдыдта кувын. Раджы, сывæллон ма куы уыд æмæ хъæууон ар- гъуан-приходон скъолайы куы ахуыр кодта, уæд гыццыл Звягинцев Ваня бæрæгбонты йæ мадимæ цыд аргъуанмæ, æнæкæсгæйæ зыдта алыхуызон куывдтытæ. Фæлæ уæдæй фæстæмæ бирæ азты дæргъы хуыцауæй никуы ницы куырдта, ницæмæй йæ фæлмæцын кодта. Цы куывдтытæ зыдта, уыдон дзы иууылдæр ферох сты, æмæ ныр куывта йæхирдыгонау, цыбыр æмæ фидарæй дыгъал-дыгъул кодта уыцы иу пыхас: „Хуыцау,. баххуыс мын кæн! Хуыцау, фервæзын мæ кæн мæлæтæй!.." Рацыди цалдæр хъизæмаргæнæг, æгæрон даргъ минуты. Æхст нæ сабыр кодта æмæ нæ... Звягинцев азваст фæхъил кодта йæ сæр, йæ мустучъитæ та аф- тйе нылхъывта, æмæ се ’ргъиуты къæс-къæс ссыд, рæсыд, фырмæстæй цæхæркалгæ цæстытæй каст 136
акопы къуыммæ, алы минæ кæнæ сармадзаны нæмы- джы фехæлдæй-иу сыджыт парахатæй кæцæй æрыз- гъæлд, уыцы акопы къулмæ, æмæ хъæрæй райдыдта æлгъитын. Æлгъитгæ та афтæ кодта, æмæ йæ куы фехъуыстаид, уæд æм ацы хатт Лопахин йæхæдæг дæр бахæлæг кодтаид. Фæлæ йын уый дæр ницы фæахъаз æмæ ныхъхъус. Цадæггай йыл фæтых æр- хæндæггæнæг цыфæндыфæуоны цæстæнгас... Звягин- цев йæ дæллагхъуырæй аппæрста хидæй хуылыдз земæ бырынцъаг гæрз, систа йе згъæрхуд, йæ æнæдаст фæныкгъуыз цъæх рус акопмæ нылхъывта æмæ, фæл- мæцыд уæвгæй, йæхиуыл йæ къух сисæгау ахъуы- ды кодта: „Уæд тамæ тагъддæр куы амариккой..." Йæ алфæмблай та бæстæ æрЪнæрæгау нæрыд æмæ пæлхъ-пæлхъ кодта фæздæджы, рыджы, сарма- дзаны нæмгуыты æмæ минæты хæлынæй цы бур пил- лон калд, уым. Хутор æдзæрæг баззад æмæ кæрæй- кæронмæ сыгъди. Пиллон калæг хæдзæртты сæрмæ йæ фыдхъуын базыртæ уæрæх байтыгъта фæздæджы æгæрон сау-сауид мигъ, æмæ акопты сæрмæ цы топ- пыхосы хæраг. фæздæг лепк кодта, уый тæфимæ сæмхæццæ хъæдæрмæг æмæ хъæмпы сыгъдоны маст тæф. Атахъы размæ артиллерийы æхст ахаста сахаты æрдæгæй чысыл фылдæр. Фæлæ Звягинцевмæ афтæ фæкаст, цыма уыцы рæстæджы дæргъы йæ цæрæн- бонтæ дыууæ хатты арвыста. Боны фæстагмæ йæм цалдæр хатты æрцыд æрра хъуыды: хъуамæ акопæй рагæпп кодтаид æмæ азгъордтаид уæлæ уырдæм, къуылдыммæ, сармадзаыы нæмгуыты æмæ минæты хæлынæй чи сырæзт æмæ акоптæм чи бырста, уыцы иугуыр сау къулы размæ, фæлаа тыххæй-фыдæй йæг хи урæдта ахæм æыæхъуаджы ми бакæныиæй. Немыцы артиллери йæ æхст аивта* хъахъхъæдады 137
æрфæнмæ. Сармадзаны нæмгуытæ тагъд-тагъд хæ- лын райдыдтой пиллонуадзæн хуторы æмæ ноджы дарддæр, донбын угæрдæны ныллæг æмæ тæнæг тулдзхъæды. Уыцы фыдæвзарæн сахаты дæргъы Звягинцев афæлахо æмæ базæронд. Æнæрхъуыдыйæ^ йе згъæрхуд йæ сæрыл ныккодта, йæ хæдоны дысæй ныссæрфта топпы сампал, топпы кæсæн æмæ акоппæй ракаст. Фалиау бæрзæндтæй æрхызтысты æмæ танктьг æххуысæй æнгом. рæнхъытæй æрбацæйцыдысты немы- цы фистæг æфсæдтæ. Звягинцев фехъуыста дардмæ фæсабыргонд маторты уынæр, ф^хъуыста атахъæй цæуæг немыцаг салдæтты алыхуызон хъæлæсæй æмбу,, йæхæдæг дæр æй’куыд нæ фæфиппайдта, афтæмæй куыддæр фæтых, йæ хъуырмæ кæмæй сси, уыцы хуыдуггæнæг æнкъарæныл æмæ фæцырд, йæхиуыл фæхæцыд. Æниунырмайæ зæрдæ тагъд-тагъд гуыпп- гуыпп кодта, фæлæ чысыл раздæр цы æвæрæз æр- гъуыйаудзинады уавæры уыди, уымæй æппындæр ни- цы уал аззад. Дзыхъхъыты фæлмæнныгъуылæг танк- тæ, æмбугæнæг, сæхи сæ хъæрæй размæ тæрæг немыцæгтæ—уын уыди, цæст кæй уыдта, тох гæнæн кæимæ уыди, Звягинцев ахуыр кæуыл уыд, ахæм тас. Боныфæстагмæ, ам цыдæртæ уыди уымæн йæ- хицæй, Звягинцев Иванæй аразгæ дæр. Æппыниæйæ ныр йæ бон уыди йæхи хъахъхъæнын, æмæ æрттæ- дæлармæй нал бадтаид,. ныфссастæй дзæгъæлы æн- хъæлмæ нал кастаид, цалынмæ йæ тæвды сфæлмæцæг искæцы сармадзанæй хъавæг немыцаджы дзæгъæл нæмыг йæ акопы бабын кодтаид, уæдмæ... Звягинцев флягæйæ ахуыпп кодта æлыг сыджытье адгæнæг хъарм дон æмæ бынтондæр æрчъицыдта, фыццаг хатт банкъардта, тамако дымын æй тынг кæй фæнды, уый; хъыг ын уыди, ныр æй папирос- 138
стухын æмæ иу цалдæр хатты сулæфыны фадат кæй нал фæуыдзæн, уый. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, чысыл раздæр цы тас бавзæрста æмæ куыд куывта,, уый ~æмæ цыма æндæр искæуыл хъуыды кодта, уыйау фæсмонгæнгæ ахъуыды кодта: „Акæс-ма, дæ хорзæ- хæй, кæйонг æркодтой лæджы, æнаккæгтæ!" Стæй йæ цæстыл ауад Лопахины рæхойæн мидбыл худт æмæ рагагъоммæ аскъуыддзаг кодта: „Ацы хабар ской кæнын нæ хъæуы, хуыцау бахизæд, Петрæн æй радзу- рын, æттæмæ ракæсын мæнал бауадздзæн, схынджы- лæггаг мæ кæндзæн! Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æнæ- партион кæй дæн, уымæ гæсгæ мæ дин кæнын æнæуа- дзгæ ничи у, фæлæ уæддæр мæхицæй цæмæй рап- пæлон, ахæмæй дзы ницы рауайдзæн..." Уыцы хабар æрымысгæйæ, куыддæр йæ зæрдæ йæхиуыл худт, худинаг æм каст. Фæлæ цæмæй йæхи бæстон сраст кодтаид, уый тыххæй йæ ахъаззаг ах« хосæгтæ агурынмæ нæ дæр æвдæлгæ кодта, нæ дæр фæндгæ æмæ уыдæттыл иууылдæр йæхинымæр йæ- къух ауыгъта, æфсæрмдзæстыгæй ныуулæфтытæ кодта, нæхинымæр мæстыйæ загъта: „Цас диссаг у, иу чысыл кæй акуывтон, уый, уымæй дæр хæрз чы- сыл... Лæг уынгæджы куы фæуа, уæд цынæ бакæн- дзæн! Мæлæт æфсымæр нæу, алчи дæр дзы тæрсы— партион дæр, æнæпартион дæр æмæ кæцыфæнды æн- дæр лæг дæр... Знаджы артиллери та сармадзантæй æхсын рай- дыдта нæ хъахъхъæдады раззаг кæрон. Фæлæ ныр Звягинцевæн йæ алфæмблайы цы цыд, уый йæ зæр- дæмæ раздæры хуызæн тыхджын æнкъарæнтимæ нал иста: знаджы артиллерийы æхст æм раздæры хуы- зæн æппæт куынæггæнæг нал каст. Сармадзаны нæм- гуытæ дæр цыма ныр сыджыт змæстой канд йæ- акопы алыварс нæ, фæлæ немыцаг дырысдзинадæй 139*
æртыхстысты хъахъхъæдады æппæт зылын-мылын4 хаххыл... Сармадзаны æхсты улæны фæдыл цæугæйæ, не- мыцаг фистæг æфсæдтæ æрбацæй æввахс кодтой акоптæм. Салдæттæ цыдысты цæрдæг къахцæфæй, лæугæйæ. Танктæ æхстой цæугæ-цæуын. æмæ-иу чы- сыл фæлæугæйæ. Фæлæ Звягинцев куыд рахатыд, афтæмæй сæ ныхмæ нæ сармадзанты æхст бирæ фæ- лæмæгъдæр. Уæд æххуыс райдыдта нæ уæззау ар- тиллери. Доны фурды фаллаг фарсæй дардæй ранæ- рыд цыппарвазыг къуырма гуыр-гуыр, сармадзаны нæмгуытæ уæззау сыф-сыф æмæ æхситт гæнгæ акоп- ты сæрмæ уæлдæфы афыстой æнæуынгæ къæлæт хæххытæ, немыцæгты рæхысы раз-иу уыцй æмхуызо- • нæй бæрзонд фæцыдысты сатæг-сау сыджыты егъау .цæджындзтæ æмæ-иу уæлдæфы ныхæлдысты. Танктæ сæхи размæ раппæрстой. Тындзыдтой, цæмæй раирвæзтаиккой, сармадзаны нæмгуытæ кæм хæлынц, уырдыгæй. Немыцаг фистæг æфсад сæ не ’ййæфтой æмæ сæ фæдыл дугъы уадысты, Звягинцевæн цыма йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад, афтæ æдзынæгкаст, знаджы салдæттæ куьтд фæкъорд- тæ сты, сармадзаны нæмгуыты хæлынæй дыууæрдæм • куыд рахау-бахау кодтой, куыд-иу æрхаудысты, иуæй-иутæ-иу дзы сæ бынаты куыд аззад, афтæмæй, уæрмыты алывæрсты зилгæйæ, куыд æрбацæй æввахс кодтой, уымæ. Бирæтæ дзы згъоргæ-згорын æхсын райдыдтой автоматтæй. Уый агъоммæ нæ хъахъхъæ- . дады раззаг кæрон уыди æнцад, æгуыппæг. Фæлæ ныр æвиппайды базмæлыд! Лæг загътаид, ам цыдæрид- дæр удæгас змæлæг уыди, уыдон иууылдæр знаджы ’батарейтæ ныддæрæн кодтой æмæ сæ зæххы цъарæй фесæфтой, фæлæ ма дзы чи баззад, уыдон æмхуы- зон схæцыдысты, æмæ немыцаг фистæг æфсадыл 140
тæесармæ их уарæгау нызгъæлдтой пулеметтæй- Немыцæгтæ ныххуыссыдысты, фæлæ та чысыл фæс- тæдæр æрхуысс-фестгæйæ ратындзыдтой, цæмæй æр- баввахс уыдаиккой. Æрмæст иунæг уысмы бæрц зæххæй атыдта йæ- цæстытæ Звягинцев æмæ фæкаст уæлæмæ—уым, уæ- лейæ æппындæр ницы фендæргъуызон ацы фæстаг сахаты æрдæджы дæргъы: арв раздæрау уыди цъæх- цъæхид, æнцад-æнцой æмæ сæрыстыр æвæлмает. Йæ- æнæбын цъæхы раздæрау ленк кодтой иугай мигъы къæмтæ, цыма хурсыгъд уыдысты æмæ сæ кæрæт- тыл гæзæмæ фæздæг ^фæхæцыд, æмæ сæ раздæрау æнæнкъуысгæ хурыскæсæны ’рдæм" ласта рог дымгæ- йы уддзæф... Звягинцевы цæст чысыл аныдзæвд ху- рæй рухсдзыд цъæх дуиейы тæккæ кæроныл. Фæлæ уыцы иунæг æгæрон зыд фæкастæй цы федта, уый йын йæ зæрдæ фатау ныццавта, уый уыди мæсты мидбыл фæхудтау, сылгоймаг, хæрзбон кæнгæйæ, йæ мидбыл куыд фæхуда, уыйау... Звягинцевы æхсæрфарсы тæккæ цур, йæ цъынд дæсты фарсмæ, рамашкæ дидинæг рыджы уæзæй йæ сæр æруагъта, ратас-батас кодта, æмæ йæ кæсын нæ уагъта. Змæлыдысты скъæлдзойы фæныкгъуыз къа- лиутæ. Фалдæр та, кæрдæджы халтæ кæрæдзийыл æнахуыр тыхст кæм скодтой, уый фалейæ бæлвырд разындысты знæгты гуыбыр фигурæтæ, минутæй- минутмæ егъаудæр кодта сæ ас, æввахсæй-æввахс-- дæр кодтой... Звягинцевы акопы ныхмæ æрбацæйцыд аст немы- цаг салдаты. Сæ разæй гæзæмæ гуыбыраив, цыма тыхдымгæйы ныхмæ лæгæрста, афтæ тагъд цыди афицер. Уый цæугæ-цæуын æнæмæтæй , тылдта лæ- дзæг, стæй фæстæмæ фæзылд, æвæццæгæн, цыдæр скомандæ кодта. Салдæттæ йæ разæй фесты æмæ^ уæззау сæппæй атындзыдтой. 141*
Звягинцев топпы кæсæнæй ныхъхъавыд афицер- :мæ. Уысмы бæрц йæ улæфт фæурæдта æмæ фехста. Æнхъæл уыди, зæгъгæ, афицер ’ æрхаудзæн, фæлæ уый цыди, цьша никуы æмæ ницы. Сахъ афицеры хъæбатырдзинад æй дисы æфтыдта æмæ йæхимæ мæсты, кодта, афтæмæй фехста дыккаг хатт, æртыккаг хатт, тагъд-тагъд æмæ знæтæй ауагъта ноджы дæр дыууæ нæмыджы. Уæддæр афицер цыди хингондау, чизоны иу чысыл йæ къахдзæф фæтагъддæр кодта, раздæрау :хъазыд, цыма тезгъо кодта, йæ лæдзæг тылдта æмæ салдæттыл фæстейæ йæ хъæлæсы дзаг хъæр кодта. „Уый расыг куы у, расыг, куыдзы фырт!"—фем- бæрста Звягинцев æмæ, йæ ризгæ æнгуылдзтæй абоймæ æвæргæйæ, фырмæстæй йæ дæндæгты къæс- къæс ссыд: „Багъæц... Ныртæккæ (дæ æрфæлдахдзы- нæн! Ныртæккæ дæ дæ хай фæуыдзæн зæххыл..." Цалынмæ уый топп ифтыгъта, уæдмæ сержант Никифоров йæ автомат дыууæ хатты цадæг, æдыхс- тæй суагъта æмæ сахъ афицер æмæ æртæ салдаты афæлдæхта. Иннæ фондзæн уыцы зиæнтты фæстæ •сæ зæрдæ се ’муд æрцыд, уайтагъд ныххуыссыдысты сармадзаны нæмгуытæй къахт уæрмыты æмæ сæ ав- томатты абоймæтæ афтæ тагъд райдыдтой æвдæлон кæнын, цыма сæм цыддæриддæр фæсауæрц гилдзы- тæ уыд, уыдон сæ æвиппайды фехсын фæндыд. Танктæ гыбар-гыбур кодтой кæмдæр рахизæрды- гæй. Тохы уынæрмæ Звягинцев тыххæй-фыдæй бам- бæрста лейтенант Голощековы дæрзæг, фæсус хъæ- лæс: — Танкты ауадзут! Танкты ауадзут! Фистæг æф- сады цæвут! Немыцæгты фистæг æфсад махонты иузæрдион æхсты фæрцы фæиртæстысты сæ танкт^æй æмæ ротæйы х^ахъхъæдады хахх æмæ сыхаг фадыджы хахх куыд :142
ахас^та, афтæ йыл кæрæй-кæронмæ ныххуыссыдысты. Оæй танктæ хъахъхъæдадыл куы адсызтысты, уæд иу аууон ранæй иннæмæ бырын райдыдтой сæ гуы- 15ыны цъарыл, цадæггай æввахсæй-æввахсдæр кодтой, сæхи цæттæ кодтой скъуыддзаггæнæг ^атахъмæ. Ныр æввахс уыдысты немыцæгтæ. Звягинцев бæс- тон фехъуыста немыцаг камандæйыдзырдтæ-—фыдгул знаджы æцæгæлон дзырдтæ—æмæ йæ зæрдæйы тых- джын гуьшп-гуыпп, йæ риуы гуыдыр кæмæй бай- дзаг, ахæм гуыпп-гуыпп. Звягинцев æхста æмæ æн- къардæй лæмбынæг хъуыста—сержант Никифоровы пулемет æваст фæхъус æмæ ма йæ хъæр райхъуыс- дзæн, æви нæ? Нæ хъуыст пулеметы хъæр. „Ныртæк- кæ джебогъæй",—йæ адзал кæмæн æрцæуа) ахæм лæджы æвæлмасæй ахъуыды кодта Звягцнцев æмæ йæ хидæйдзаг къухæй æрыегæрста гранат. Фыртыхс- тæй хъуыды кодта, йæ фындзы хуынчъытæ-иу анæрс- тыстысты æмæ фæздæджы тæфгæнæг æнуд уæлдæф тыхулæфт кодта, тыхуадæй фæхуыдуг бæхау. Минуты фæстæ сыстадысты немыц хъæрахст гæн- гæ. Цыма сыл фæлм ныббадт, уыйау Звягинцев фед- та кæрдæггъуыз цъæх мундиртæ, фехъуыста уæззау къæхты хъæр, къухы гранатты гыбйр-гыбур, топпы тагъд-тагъд гæрæхтæ æмæ пулеметы цыбыр къæр- къ&р, цыма йæ^комдзаг йæ хъуыры фæбадт... Хъи- зæмапæй мæлæджы æхсгæ каст фæкодта йæ алфæм- •блаймæ: акопытæй гæппытæ кодтой йе ’мбæлттæ, цар- ды дæр йемæ чи уыд æмæ мæлæтмæ дæр йемæ чи цыд, уыцы кæнгæ æфсымæртæ; бирæ иæ уыдысты, фæлæ уæддæр сæ „урайы" хъæр раздæры тæхудиаг рæстæгау зæлланг кодта тыхджын æмæ тызмæг... Звягинцев йе стыр. буар уыцы иу риуыгъдæн акопæй раппæрста, æвиппайды диссацжы рогæн, цы. ма æппындæр ницы уал уæз кодта, уыйау топп рас- 143
къæфта æмæ æнæссыбырттæй размæ азгъордта, йæ зыхъхъьцэ дæндæгтæ нылхъывта, йе ’рфгуыты бынæй цæстынгас нæ иста, æввахсдæр æм цы немыцагуыди, уымæй; æнкъардта, топпы уæз уайтагъд иууыл дæр джебогъы быррнкъмæ куыд ивта, уый. Æрмæст ын цалдæр метры азгъорын бантыст ако- пæй. Йæ фæстæ арвы æрттывдау ферттывта пиллон. Къуырмагæнæг нæрд ныккодта бæстæ. Звягинцев дæлгоммæ ахауд къуыбылæйттæгæнæг саудалынгмæ, фæлæ уыцы саудалынг уадидæгæн байгом æмæ фæй- нæрдæм фæцыд йæ æвирхъау риссæй ницыуал æм~ барæг, дзагъыр цæстыты раз. * Хид байсыны фæдыл цы фæлварæнтæ кодтой, не- мыц, уыдонæй сын куы ницы рауад æмæ хур аныгуы- лынмæ бирæ куы нæ уал хъуыд, уæд нцууагътой атахъæй бырсын, сæхи æрфидар кодтой бæрзæндты, активон архайд нал кодтой, фæлæ ’методикон æгъда- уæй артиллери æмæ минаметтæй æхстой хид æмæ дæлвæз угæрдæнты, æдзæуæг фæндæгты. Хъахъхъæнæг æфсæддон пугонды камандакæны- над изæры дзырд ратта Доны фурды галиу фарсмæ ахизыны тыххæй. Куы ’рталынг, уæд æфсæддон хæыт- тæ æнæхъæлæбайæ сыстадысты æмæ сыгъд хуторы хæлдтыты иувæрсты, æнæфæндаг рæтты, хъæд-хъæд цæуын райдыдтой Доны былмæ. Ротæйæ ма чи .баззад, уыдон кодта старшинæ Но- прищенко. Уæззау цæф лейтенант Голощековы æф- сæддонтæ хастой плащ-палаткæйыл радыгай. Æп- пæты фæстыйæ цыд æнкъард, дæлимонау мæсты Лопахин, чысыл иуварсæрдыгæй ’къæлæтау ны- кЪæдз уæвæг Копытовский, йе ’ккой гилдзыты уæз-' 144
зау голлаг æмæ Борзыхы уартсæттæн топп,—Борзых йæхæдæг фæмард. Сæумæрайсом цъæх сыфтæртæ тæмæнтæ кæм калдтой æмæ цъиутæ зæлланг хъæлæсæй кæм зары- дысты, ныр та æрхмæст бæлæсты бындзæфхæдтæ сау- сауид кæм дардтой, цыма æвирхъау тыхдымгæ сыс- тад æмæ сæ уый ныффæйлыдта, уыйау æдбындзæф- хадæй срæдывд, цъæлтæ æмæ ныддæрæхсæнгондæй, бомбæты æмæ сармадзанты схъистæй къалиуæхсæст бæлæстæ æбуалгъы æнахъинонæй кæм лæууыдысты, уыцы дыргъдоны цурты куы фæцæйцыдысты, уæд Лопахин æрлæууыд цъайы уæрæх донвæтæны цур, æмæ мæйдары æдзынæг бакаст немыцаг танкы сыгъ- доны æрхæпдæг сау æндæргмæ. Танк йæ фарсыл фæ- къул, афтæмæй лæууыд. Йæ иу калмдзалхæй ассæс- та мæнæргъы къутæртæ æмæ кæддæр бæлæстыл доц кæмæй кодтой, бæлæстæ кæй фæрцы цардысты, кæй фæрцы рæзтысты æмæ сыл дыргъ кæй фæрцы зад, уыцы донпырхгæнæн цалхы хъæдын чъилы цъæлтæ. Хъарм уæлдæфы ауыгъдау æнæзмæлгæ лæууыд æф- сæйнаджы сыгъды, сæрдæн зетийы сыгъды æмæ адæй- маджы фыды сыгъдон æмхæццæ фырмаст тæф. Фæ- лæ уыцы хæдмæлы хъылмайы тæфæн дæр йæ бон нæ уыд æкафоны руайгæ сыфтæрты, æнафоны æмпылгæ, дыргъты фæлмæн, алæмæты æрдзон хæрздæф фæбы- нæй кæнын. Æниу дыргъдон мард уыди, фæлæ дзы уæддæр æмæ уæддæр фæстаг æхсæв цыди зæрдæ- скъæф, зæрдæйæн æхцон царды улæфт... Тынд æмæ кæрæдзийыл тыхст дзедæрæджы къа- лиутыл йæ цырыхъхъытæй хыртт-хыртт гæнгæ йæм бацыД Копытовский, ныуулæфыд æмæ ныллæг хъæ- лæсæй загъта: — Ех, нæ царды бонтæ, нæ царды! Ныр тамако адым... 10. М. Шолохов. 145
— Минæ æрымысыдтæ? Бабыхбдзынæ æнæ тамако дæр,—-уазал цæотæнгасæй æмæ йын йæхиау яыллæг хтьæлæсæй загъта Лопахин. — Бабыхсдзынæ, бабыхсдзынæ,—æнæразыйæ ба- гуым-гуым кодта Копытовский.—Гъай-гъай уырыс- саг салдат цыдæриддæр бабыхсдзæн, фæлæ уымæн дæр йæ быхсыидзæг æндонæй конд мийиаг нæу... Æнæуый дæр абон уый бæрц фæбыхсыдтон алывыд- тæ, æмæ мæ быхсындзæджы хуыд кæрæй-кæронмæ арæдывта... Лопахин ницы дзырдта, раздæрау æдзыиæг каст танкы сау-сауид гуымирымæ. Копытовскин голлаг ба- дзæбæх кодта йе ’ккой æмæ мынæг хъæлæсæй загъта: — Тынг мæ фæнды тамако дымын, исты ахæрын та—иоджы тынгдæр! Уый зæрдæйы хаттмæ гæсгæ у: иуæй-иуæн тасæй йæ артæн бынтæ кæлынц, фæл’æ зез цас тынгдæр тæрсон, уыйас мæм тынгдæр цæуы хæрын. Æмæ абон тасы бон уыди, ой, куыд тасы бон уыди, .куыд! Уыцы æлгъысты немыцаг иæм куыд лæст абон? Æз мæхи мардыл банымадтон, æнхъæл уыдтæн, зæгъын, æнусм^ мæ ферох уыдзæн улæфын, фæлæ нæй, нæ рауади! Лопахин нæ хъуыста Копытовскимæ; æнæдзургæ- йæ бацамыдта танкмæ æмæ загъта: — Кæсыс, уый Кочетыговы куыст у, фæлæ йæ- хæдæг удæгас нал у, хъæбатыры мардæй фæмард.., Æмæ цы лæппу уыд! Сæр куы нæ хъуыди, уæд æмбæлтты марды тых- хæй ничи ницы дзырдта, афтæ уыди се ’фсæддон хайы æнæбадзургæ æгъдау. Фæлæ ам Лопахин йæхи нал баурæдта, цыма къæртт фæци, уыйау. Æнæуый ахæмтæ дзурынмæ рæвдз нæ уыди, фæлæ ныр дзу- рын райдыдта зæрдæзнæг, мынæг хъæлæсæй: — Лæппу нæ, фæлæ цæхæр уыди, цæхæр! Æцæг 14(5
тсомсорг, ахæмтæ стæм ис полчы! Æниу, æвæдза, цы- тæ дзурын—полчы! Полчы нæ, фæлæ æнæхъæн æф- еады дæр! Кæнæ танк куыд ссыгъта? Ныцъцъист æй кодта танк, йæ астæумæ йæ сыджыты быы фæ- кодта/йæ риу ыи иууылдæр ныцъцъæл кодта... Йæ туг йæ хъæлæсæй цъыкк-цъыкк кодта, мæхи цæстæй йæфедтон, фæлæ уæддæр йæ акопы сыстад—мард уыди, фæстаг улæфт ма скодта!—æмæ фехста авг... Фехста æмæ танк ссыгъд! Ныр æй йæ мад куы фе- хъуса, уæд куыд? Æмбарые, ныр уый фæстæ куыд цæрдзæн йæ мад?! Уыцы æлгъыст танчы æз æхс- тон. Æхстон, фæлæ не ссыгъд! Не ссыгъд, æлгъыст <фæуа! Раздæр æй хъуыд æхсын, куы ’рбацæйцыд, уæд, стæй йын æхсын хъуыд йæ^ных нæ, фæлæ йæ фарс... Сæнтдзæф дæн, сæнтдзæф! Хуыцауæй. æртæ хатты æлгъыст æмæ зæронд сæнтдзæф! Фæтагъд код- тон, æмæ лæппу зæфцыфыдæй бабын... Цардмæ нæма бахæццæ, нырма йыл базыртæ йеныр разад, фæлæ йæ зæрдæ—цæргæсы зæрдæ! Акæса, цы басгуыхти, цы хъæбатырдаянад сарæзта! Мæнæн... мæнæн, æфсымæр, ахæм æстæсаздзыд æмæ æнудæсаздзыд лæппутымæ цæсты раз куы фæмарынц, уæд мæм кæуыя фæцæ- уы... Кæуын æмæ уыцы немыцаг цъаммæртты æгъа- тырæй цæгъдын! Нæ, æфсымæр, мæ мæлæт бынтон æндæр хъуыддаг у, æз дзæвгар^чи ацард, ахæм нæл •куыдз дæн æмæ цард цы ад кæны, уый базыдтон. Фæ- .лæ Кочетыговы хуызæттæ куы мæлынц, уæд мæ зæр- дæ тъæппытæ хауы, бамбæрстай? Цæмæй бафиддзыс- ты немыц уыцы зиан? Цæй-ма, цæмæй? Акæса, мæнæ -лæзæрынц немыцаг хæдмæлтæ æмæ сæ тæф кæлы, фæлæ уæддæр мæ зæрдæ æххормаг у, мæ маст исын мæм цæуы! Науæд нын нæ мадæлты цæстысыг цæ- мæй бафиддзысты? Æз уæраджы онг, мæ тæккæ къу- «балмæ, мæ тæккæ фындзыхуынчъытæм балæгæрддзы- 147
нæц немыцаг цъаммар туджы, фæлæ уæддæр зæгъ- дзынæн, зæгъгæ, нырма æппындæр нæ райдыдтой сæ- фыдракæндты тыххæй дзуапп дæттын! Нæма райдыд- той, æмбарыс? Лопахины гуылæвзаг æмæ расыг лæджы ныха- сау хæццæ-мæццæ ныхас стыр дисы бафтыдта æмæ> сызнæткодта Копытовскийы. Фыццаг æм хъуыста æвæлмасæй æмæ цæмæй тамакоимæ йæ зæрдæ нæ- дзырдтаид, уый тыххæй йæ дзыхы бакалдта уырзты- дзаг махоркæйы муртæ. Æууылдта хъылмайы хуы-- зæя маст тамакойы муртæ, карз сæтæй сыгъдыстьг йæ мылытæ, йæ комарынг æмæ ту кодта. Дис ыл баф- тыд, зæгъгæ, Лопахин кæддæриддæр фидар куы уыд йæ зæрдæйы сагъæстæ уромынмæ, уæд ыл ныр цы- ’рцыд? Ахæм хабар æппындæр нæ фидыдта Лопахи-, ныл, яæй, нæ йыл фидыдта! Æппынфæстагмæ Копы-' товский адæргæй ныхъхъуырдта тамакойы мастимæг’ æмхæццæ сæт, алцы амæлттæй архайдта йæ æвæндоьг мидтыхст бауромыи, Лопахины цæсгомы æнгас фе- нын, фæлæ йæ талынджы нæ уыдта. Уый йæм лæу- уыд зулмæ, сæргуыбырæй, æмæ йæ хъæлæсы хатты дæр, стæй йæ сæр гуыбыр кæй дардта, уым дазр- ахæм цыдæр уыди, æмæ Копытовский бынтонцæр фæ- зæрдæхæлд, Хъуыды кодта, зæгъгæ, Кочетыгов кæй фæмард, уый фæдыл æппæт уыцы ныхæстæ æмæ мы- синæгтæн ныртæккæ æппындæр нæ уыд нæ дæр бы- нат, нæ дæр афон. Копытовский фæтых йæ зæрдæйы æнкъарæнтыл æмæ цæхгæр, фидарæй загъта: — Æгъгъæд дын у хъарæг кæнын! Æвзæр ус’æй хъауджыдæр нæ дæ ныртæккæ... Цавæр у, амардтой, лæппуйы, æмæ дзы æндæр никæй амардтой? Сеппæ- тыл нæ фæхъарæг кæндзынæ, нæ дæр уый æз æмæ. дæ хъуыддаг у, ницæмæн дæр хъæугæ кæны уыцы ныхас. Цом, цæугæ, æндæра лæппутæ адард сты,/ миййаг фæиппæрд уыдзыстæм. 148:
Цæхгæр фæзылд Лопахин, иу дзырд дæр нал «скодта, фæраст размæ. Æнæдзургæйæ ахызтысты копрадзгъуыз саудалынджы аныгъуылæг урссаг-то- варон фермæйы хæлддзæгты цурты, фистæг æфсæд- доны барст къахдзæфæй-асæцп кодтой сæ къæхты »бын хъыс-хъысгæнæг агъуындæн дуры цъæлтыл •æмæ æрмæст хъæды, иу чысыл аулæфыны тыххæй куы ’рбадтысты, уæд Лопахин сдзырдта: — Звягинцев дæр... амард? —. Æмæ йæ æз цæмæй зонын? — Дæхæдæг куы загътай, зæгъгæ, куыд æрхауд, уый федтай. — Куыд æрхауд, уый федтон, фæлæ мард фæци, •æви цæф, уымæн ницы зонын, Йæ пульс ын миййаг нæ басгæрстон. — Чи зоны, уый нæ уыди? Чи зоны, уый не ’рха- уд? Чи зоны йæ уыцы дзолгъо-молгъойы нæ базыд- тай?..—дызæрдыгаг ныф’сы хъæлæсы уагæй та ногæй ’бафарста Лопахин. Æмæ та Лопахины æнкъард ныхасыл фæшнд, Ко- пытовс’кий кæй нæ зыдта, ахæм тæригъæддаг хъæлæ- ■сы уаг. Копыт.овский бар-æнæбары фæфæлмæн æмæ ныр æндæр хъæлæсы уагæй загъта: — Нæ, уый æрхаудта—Звягинцев уыди, дзæбæх æй федтон. Йæ фæстæ фехæлд минæ æмæ æрхаудта, >фæлæ амард æви наз, уымæн ницы зонын. — Æмæ зонгæ та цы кæныс ды, зонгæ? Ды æп- пындæр ницы зоныс! Дæу нæ дæр зонын исты хъæ- уы, дæуæн ахæм аппарат нæй, æмæ исты зонай,— мастджын, мæстæлгъæдæй загъта Лопахин.—Сыст уæлæмæ, цом. Ничи йæм кæсы, цыма мын курорты ис, уый бадт æркодта... Уый та уыди æцæг Лопахины дзурын, йæ хъæлæс дæр зæлланг кодта раздæрау: дæрзæг, фæсус тых- 149
дзырдгомау... Копытовский йæм фæхъыг, фæлæ уæд- дæр ницы сдзырдта: раздæры Лопахинимæ æнцондæр* цæрæн уыди... Æнæ дзургæйæ та арастысты саудалынджы. Тул- дзы талаты уидæгтæ сыгом сты æмæ сыл фæкæл- фæкæл кодтой, февнæлдтой-иу дæрæн къудзиты къа- лиутæм, сæ развæндаг хатыдысты, разæй чи цыд, æрмæст уыдон къæхты хъæрмæ. Фæндæгтæ кæм фæ~ дзуарса сты, уырдæм æввахс сыл лæнчы æркалд зна- джы минаметты цæхæр. Цалдæр минуты хуыссыдыс- ты, æруазалгомаузмисбын зæхмæ сæхи нылхъивгæйæ, стæй старшинайы камандамæ гæсгæ фестадысты, ду- гъы уайгæ ахызтысты фæндагыл. Минаметтæ æхстой куырмæджы æмæ сæ зиан ничи фæци. Ноджы дæр та, немыц изæррухсæй æхсын кæй райдыдтой, уыцы æрдæгхæлд ауазæнмæ куы фæцæйхæццæ кодтой,. уæддæр та цæхæрмæ бахаудтой æмæ та уæддæр къу- дзиджыны фæхуыссыдыстьт гæзæмæ цух сахатьг " ’рдæг. Сармадзаны нæмгуытæ-иу фехæлдысты, ферттыв- тагиу æмæ-иу саудалынг фæрухс, æрттиваг топпы нæмгуыты фæд-иу кæрæй-кæронмæ аззад арвыл. Дард,. немыц кæм уыдысты, уыцы бæрзæндты-иу хаттæй- хатт ссыгъд ракетæты урс-урсид рухс, цæстытæ кæ- мæ нæ лæууыдысты, ахæм рухс, йæ æрттивæн-иу абадт бæлæсты цъуппытыл, æнахуыр рæсугъд-иу фæцæйбырыд къалиутыл æмæ-иу цадæггай, цыма æвæндонæй уыд, уыйау бамынæг. Æхсæвыгон хъæды уæлдай тынгдæр хъуыст, сармадзанынæмгуытæкуыд хæлдысты, уый н’æрын, æмæ-иу Копытовский æрвыл. хатт дисгæнгæ загъта: — Куыд азæлы хъæр, æфсæйнаг боцкъайы куыд азæльт, афтæ! Ауазæны фалейæ сæм фæдзырдтой. Дыдзырухс- 150,
фæкодта дзыппы фанар цинелы фæччийьт бынæй æмæ ахуыссыд. Кæйдæр фæлмæнзæрдæ бæзджын хъæлæс азæлыд: — Цæй ныр кæдæм бырсут, фистæг æфсад? Кæ- дæм бьгрсут? Сымахæн уæлдай нæу, фысты сæпп кæ- нут, ам та минæтæ æвæрд и. Ауазæнæй чысыл галиу- æрдæм хъавут... Куыинæ дзы и нысæнттæ? Уæдæ ма цы вæйпы, кæсыс, мæнæ михтæ сагъд, стæй æфсæд- донтæ дæр лæууынц. Кæм фæуд кæны? Уæлæ уым, ададжы цур, уым уæ фендзысты æмæ уын фæндаг бацамондзысты сапертæ. Сапертæ алцы дæр зонынц, мæрдты бæстæм дазр уæ акæндзысты, уымæй дæр дарддæр... Уый та уын цы у, цæф у? Лейтенант у? Гъæй, бецау, гъе! Ахæм фæндагыл æй фенкъусдзыс- тут, сцæгъддзыстут æй. Ноджы галиуæрдæмдæр куы азшшккат, уым лæгъздæр уыдзæн. Копытовекий фенкъард, уыцы ныхасы скъуыддзæг- тæ куы фехъуыста, уæд. — Фехъуыстай, Лопахин, уыцы гæдымартæм ца~ хæм æгъдæуттæ ис?—мæстæй дзурын райдыдта Ко- пытовский. — Мах фæзмынд, фистæг æфсад, дам, фæлæ сæхæдæг цæйаг сты, сæхæдæг? Мæлæты маргъ бæхджын æфсад! Сæ цæрæнбоны фæрæттыл уайынц, белтæ та сын ехсы бæсты... Минæтæ æвæ.рынц æмæ сын цæйдæр михтæй гæрæн аразынц. Циу уый, ис- ты фæлварæн хуымтæ сты? Цы хæйрæг сын фендзæн ахæм талынджы сæ цæртмихтæ. Ам телеграфы цæ- джындзмæ барæдидзынæ æмæ йыл цалынмæ дæ ных бакъуырцц кæнай, уæдмæ йæ нæ базондзынæ. Цы сты адон, æнамонд каркхортæ, белæй хафджытæ, уырыйы мыггаг цыдæр. Цæсты къух куы фæтъыссай, уæд æй нæ фендзынæ, адон та мын михтæ садзынц... Уы- цы саперон нæл бæх—фæндаг нын чи амыдта, уымæй зæгъын—хуыррыттæй куы бафынæй уыдаид, уæд гæ- 151
нæн уыди, æмæ минææвæрд быдыры смидæг уыдаик- кам. Хуыздæр ма цы уа! Немыцæй раирвæзтыстæм æмæ нæхи минæтæй цагъды кæнæм... Мах ацы æл- гъыст Доны фурдæй аирвæзтыстæм, зæгъгæ, уæд фервæзтыстæм. Æмæ ма акæс, дæ хорзæхæй, чысыл- Ш бахъæуа бабын уæм нæхи, нæ хъахъхъæнæг ми- нææвæрд быдыры. Ахæм хабæрттæ та уæвгæй вæййы, цас дæ фæнды, уыйас! Лæг зæгъдзæн, йæ бæллиц сæххæст, фæлæ кæсыс, æмæ бындурзылд фæци! Нæ колхозы—уый хæсты агъоммæ уыди-—хынцæг куырд- та иу чызджы. Чызг тейефонисткæ уыди хъæусове- ты. Лæппу йæ курьг, фæлæ йын чызг нæ комы, амæн æмæ йæ зæрдæмæ нæ цыд, æппындæр æй нæ уарзта. Фæлæ лæппу, уыцы куыдзы фырт, уæддæр йæ кæ- нон бакодта: чызг уый бæрц сфæлмæцыд йæ тыхха- тыдæй, æмæ йын фырмæстæй сразы. Дон, дам, дуры дæр ахуынкъ кæны, афтæ уый дæр: æртæ афæдзы фæфæртхой кодта æмæ йæ кæнон бакодта. Чызг «скуыдта æмæ йе ’мбал чызджытæн загъта: „Мой дзы кæнын, мæ уарзон æмбæлттæ, мæ фыруарзонæй мий- йаг нæ, фæлæ мæ цæлæнцой. кæй нæ уадзы, уый тых:$æй". Иу цыбыр дзырдæй, хъуыддаг сырæзт, сæ- х:и ныффыстой загсы. Хынцæг изæры æрхуыдта уаз- джыты. Бады фынгыл, йæхицæн буц æмæ сæрыстыр, йæ цæсгом, царвæй сæрст хъæбынау, æрттывты- тæ кæны: æмæ куыннæ, æртæ азы дæргъы усгур фæзылд æмæ уæддæр йæ фæнд атардта! Гъемæ хъал, сæрыстырæй бадти æмæ бадти, фæлæ сахаты ’рдæ- джы фæстæ тæккæ уыцы ран йæ гæндзæхтæ бацагъ- та. Æмæ- зоныс, цы йæм рауад? Сойыфых хъæбын йæ хъуыры фæбадт, цъаммар! Фырцинæй æви фырзыдæй; уый зæгъын мæ бон нæу, фæлæ йæ æнæхъæнæй, æнæууылдæй аныхъуырдта, æмæ хъæбын йæ улæ- фæн хъуырмæ бахауд. Æмæ—де знаг дæр афтæ! 152
Цы нæ кодтой уыцы æгæнон сиахсæн: йæ сæрыл æй слæууын кодтой, йæ фæсонтæ йын цавтой тым- был къухæй, бандæттæй, цыдæриддæр ардтой, уы- .мæй, цæвгæ та йæ, раст дын зæгъон, æнауæрдонæй кодтой, йæ хъуырмæ йын сойæдзаг хæцъилæй дæр æвнæлдтой—цынæ йын кодтой! Нæй, ницы йын фæа- хъаз. Афтæ, фынджы уæлхъус, идæдз баззад нæ те- лефонисткæ, æмæ йын æхсызгон уыди. Ноджы ма ахæм хабар уыди нæ колхозы... — Ныхъхъус у, ныууадз дæ хабæрттæ,— тызмæг ын загъта Лопахин. Копытовский ницы уал сдзырдта. Минуты фæстæ бæласы бындзæфхадыл фæкалд æмæ адæргъ, йæ ка- телочы гыбар-гыбур ссыд. — Дæуæй хиды цæджындзтæ хой, æндæр ницæ- мæн дæ!-—мæсты сыф-сыф скодта Лопахин. — Цы хуызæн .талынг у, уый нæ уыныс?—йæ цæф уæраг æууæрдгæ, азымджыны хъæлæсы уагæй йæ- хи рæстытæ кодта Копытовский. Æвæццæгæн, абондæргъы цы бавзæрста, уый фæс- тæ йæ бон нæ уыд æнæдзургæ, æмæ чысыл куы ауа- дысты, уæд та бафарста: — Цымæ нæ старшина кæдæм кæны, Лопахин, ни- цы йын зоныс? —- Доны фурдмæ, — Уымæй дæ нæ фæрсын: хидмæ нæ кæны æви кæдæм? — Галиуæрдæмдæр. — Æмæ уым куыд ахиздзыстæм Доны?~тарст хъæ- лæсæй бафарста Копытовский. — Нæ лукъатыл,—йæ дзырд ын фæлыг кодта Ло- пахин. Копытовский цалдæр минуты хъеллау кодта, стæй фидауæн хъæлæсы уагæй загъта: 153
— Мæсты ма кæн, Лопахнн! Науæд ды иугæндзон мæеты кæныс æмæ мæсты... Æмæ куы зæгъæм, уæд цæмæн мæсты кæныс? Дæуы йедтæмæ никæмæн рис- сы йæ зæрдæ? Алкæмæн дæр афтæ риссы. — Уымæн мæсты кæнын, æмæ ды иууылдæр æды- лы ныхæстæ кæныс. -т Цавæр æдылы ныхæстæ ■ кæнын? Цыма ницы ахæм загътон. — Ницы? Хорз ницы у! Нæ уыныс, немыц хид кæй æхсынц, уый? — Уынын, æмæ цы? —.Уыныс, афтæмæй ноджы фæрсыс—хидмæ цæуæм æви кæдæм? Ды де ’дылы зондæй, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы хæлд хидмæ акæнис, сармадзаны нæм- гуыты бынмæ... Канд уый нæ, фæлæ мæ ныууадз дс ’дылы фарстытæй, æнæуый дæр мæ хъуырмæ дæн. Мæ зæвæттьтл дæр мын ма лæуу, æндæра дын мæ рæмбынкъæдзæй дæ фындзы туг ’æркалдзынæн. — Дæ зæвæттыл фанартæ бакæн, науæд талынджы’ нæ зынынц. Амæн дæр йæ зæвæттæ кæд сты чызджы зæвæттæ...-— фæкъæпп кодта Копытовский. — Сæр куы бахъæуа, уæд фанартæ дæуыл бакæн- дзынæн, фæлæ мыл ныртæккæ дæхи ма ныхас, æз хъуг нæ дæн, ды та мæ род нæ дæ, бамбæрстай? — Æз деял ницы ныхасын мæхи. — Дистанцимæ гæсгæ цу, бамбæрстай? — Æз æнæ дæ зæгъгæ дæр дистанцимæ гæсгæ цæуын. — Уый цæй дистанци у, кæд æмæ мын æппын- æдзух мæ зæвæттыл лæууыс? Цы мыл дæхи хафыс? — Ннцы дыл хафын мæхи, цы гуыбыннизæн мæ, бахъуыдтæ! — Нæ, нæ, хафыс мыл дæхи! Циу, фæдзæгъæлæй тæрсыс, æви цавæр у? 154
— Акæса, мæсты та кæныс,—тыхст æмæ фæлмæ- цыдæй загъта Копытовский.—Фæдзæгъæлæй нæ тæр- сын, фæлæ мæм фурды æнæ хидæй ауайын, куыд- дын æй зæгъон... Иу цыбыр.дзырдæй, тæссаг хабар кæсы! Дæуæн æнцону уынаффæтæ кæнын, амæн æмæ ленк кæнын зоныс, фæлæ æз нæ зонын ленк кæныи, æппындæр нæ зонын, уый дын уый! Мах цæуæм хиды галиувæрсты, уым лодкæтæ кæй нæ уыдзæи, уый æз хорз зонын. Æмæ дзы иугæр лодкæтæ нæ- уыдзæн, уæд нæ фурды ахизын бахъæудзæн къухы бафткæ æрмæджы фæрцы, æмæ уый та мæнæн ме* ’нæзонгæ нæу: Донецы фурдыл ахызтæн къухы бафт- кæ æрмæгыл æмæ йæ зонын, цы у, уый... — Цымæ гæнæн нæй, æмæ иу чысыл дæ дзурын- фæуадзай?—хиуылхæцгæ, рæхойæн уæздан ныхасьг уагыл талынджы райхъуыст Лопахины фарст. Æмæ йын Копытовскийы æрхæндæг, фæлæ æнæ- сæттон хивæнд бæрзонд хъæлæс дзуапп раттакæцæй- дæр фæстейæ, къудзийы сау худы аууонæй: — Нæ, мæ дзурын нæ ныууадздзынæн* Хæрз чы- сыл йедтæмæ мын нал ис цæрæнбон, æрмæст ма ца-- лынмæ Доны фурдмæ бахæццæ уæм, уæдмæ. Уымæ^ гæсгæ æз хъуамæ мæ дзырд зæгъон мæ мæлæты агъоммæ... Æгæрыстæмæй ма закъон дæр ис, цæ- мæй лæг ’йæ амæлæты размæ йæ ныхас зæгъа. Къу- хы бафтгæ æрмæджытæ цы сты, уый зоныс? Кæд. ленк кæнын зоныс, уæд ленк кæн, кæд нæ зоныс, уæд де ’нгуылдзтæ фидар батъысс дæ фындзы хуын- чъыты æмæ цæугæ доны бынмæ рактæ хизынмæ... Загътойнын, цæмæй ахыстаиккам Донецы фурдыл, æмæ нæ ротæйы камандир дзырд ратта: „Райсут уæ къухы бафтгæ æрмæджытæ æмæ мæ фæдыл уайгæ, лæппутæ!" Æз донмæ батылдтон немыцаг бензины афтид боцкъа, ныххæцыдтæн ыл, мæ къæхтæ тилын^ 155.
;æмæ архайын уыцы æнæхаир Донецы фурдыл ахизын. :Куыддæртæй бахæццæ дæн фурдьг астæумæ, æвæц- -цæгæн мæ дон йæхæдæг кæнæ дымгæ ахаста. Стæй, куыддæр мæ уæлæдарæсныххуылыдз, афтæ иртæсын •райдыдтон боцкъайæ. Боцкъа рахау-бахау кæны Доны *æмæ æз дæр йемæ: мæ сæр куы уæлæмæ фæвæййы, . куы дæлæмæ доны бын. Иу хатт мæ цæстæй ракас- тæн æмæ—уæ, мескæнæг!-—бæстæ алæмæтырæсугъд: хур, арв цъæх-цъæхид, доны был бæлæстæ. Дыккаг •хатт ракастæн æмæ мæнæ диссаг—мæ алыварс дон цъæх дары, йæ бын нæ зыны, цæйдæр фæлурс тæп- пузтæ мæ алыварс уæлæмæ тæхынц. Æз феуæгъд .дæн боцкъайæ, уæдæцы уыдаид, æмæ фистæгæй ацыд- тæн доны бынмæ... Бузныг, иу æмбал мæм ныггæпп- "кодта æмæ мæ сласта. —- Дзæгъæлыдæ сласта. Нæ дæ хъуыди сласын!— •цыма йын хъыг уыд, уыйау загъта Лопахин. — Дзæгъæлы æви нæ, фæлæ мæ уæдДæр сласта. ,Ды мæ, бæгуы дæр, не сластаис, дæумæ хорзæй ма- цæмæ æнхъæлмæ кæс! Гъе, æрмæст уымæн мæхи дард ласын æз уыцы къухы бафтгæ æрмæджытæй^ Фæлтау мыл нæмыг згъæлæд, фæлæ уæддæр хидыл. Уымæн свæййын мæ тæккæ хъуырмæ, уæд Донецы фурдæй цас анцъыхтон, уый мæ ’ зæрдыл куыддæр æрбалæууы, афтæ... Иу дыууæ ведрайы дзы анызтаин уыцы иу нуæзтæн, тыххæй ма дзы равдæлон кодтон мæхи... " — Ма ’рдиаг кæн, Оаша. Иу чысыл дæхиуыл фæ- хæц, ацы хатт исты амæлттæй ахиздзынæ,—баныфс ын æвæрдта Лопахин. — Куыд ахиздзынæн!—удаистæй загъта Копытовс- ’кий.—Бакъуырма дæ æви цы? Иудадзыг дын уый +куы дзурын—æппындæр ленк кæнын нæ зонын, уæд куыд ахиздзынæн, цæй-ма? Ноджы мын мæ голладжы 451
æнæхъæн дыууæ путы бæрц ныннадтай ацы æнæ- хаиры гилдзытæ, уыимæ Борзыхы уартсæттæн топш дæр мæнмæ, стæй цинелы тыхт, автомат æд дисктæ,. бел мæ уæлæ, цырыхъхъытæ..; Ленк кæнын чи зоны,. уый дæр хъуамæ ахæм уаргъимæ фæдæлдон уыдзæн,. фæлæ мæнау ленк кæнын чи нæ зоны, уый та æнæ- уæлдай сыбырттæй; дæ уæрагмæ куыд скæла, афтæ бацу доны, адæргъ у æмæдæ удсисдоны был. Нæ, æз хъуамæ æнæмæнг фæдæлдон уыдзынæн, уый æз хорз. зонын! Фæлæ ма гилдзытæ æмæ нннæ æппæт хара- хура та цæмæн лухын, мæлæты агъоммæ ма фæстаг хатт<цæмæн хъизæмар кæнын, уымæн ницы æмбарын! Доны фурдмæ куы бахæццæ уæм, уæд сæ иууылдæр- арæцугъдзынæн, мæ хæлаф раласдзынæн æмæ мæхи бæгънæгæй ныппардзынæн доны. Бæгънæгæй уæд-- дæр æхсызгоыдæр у. — Ныхъхъус у, дæ хорзæхæй, нæ фæдæлдон уы- дзынæ! Дон йæ бынмæ фаджыс нæ ласы,—ныллæг,„ фæлæ тызмæг хъæлæсæй загъта Лопахин. Фæлæ йæм Копытовский уайтагъд фæцырд: — Бæгуыдæр дон йæ бынмæ фаджыс нæ ласы, æмæ • ды, Лопахин, æппæты разæй аленк кæндзынæ фурды фаллаг фарсмæ, фæлæ æз бабын уыдзынæн... Куыд- дæр 'Доиы фурдмæ бахæццæ уæм, афтæ дын мæ сæр- дасæн балæвар кæндзынæн зæрдыл дарынæн... Æз дæ хуызæн пысыра нæ дæн, æз маст нæ хæссын... Дæхи- .иу адас мæ сæрдасæнæй æмæ-иу æрымыс хъæбатыры мардæй амæлæг Копытовский Александры. ’— Зæххыл цынæ цæуы!—Йæ æ’лхъывд дæндæгтьг ’хсæн багуым-гуым кодта æмæ йæ цыд фæтагъддæр- ко’дта Лопахин. 1 ’Кæрæдзийы æлгъитгæ-æлгъитын, сæ фатхъулты онг змиеы ныхсгæ ныххызтысты змисбын къуылдымæй. Къудзиты ’хсæн рухсдзонæй ауыдтой Доны фурдЕл 157
здыйау цъæх уадздзаджы мынæг ферттывд, фурды бьтл æрурæд саудар тъиуитæ æмæ змисбын къæлæ- тауы бирæ адæмы къорд. — Æри, Саша, балæвар мыи кæн дæ сæрдасæн! Хъу- 'Сыс æви нæ, ды уæддæр донласт куы дæ!—тызмæг загъта Лопахин. Фæлæ Копытовский райгонД æмæ æдылыйы къæл- къæл ныккодта: — Нæ, ме ’фсымæры хай, ныр мæхи дæр бахъæу- дзæн! Ныр та удæгас дæн! Тъиуийы ауындæй цыма ыогæй райгуырдтæн, афтæ фæдæн! —-Ды дæ, Лопахин?—фæдзырдта сæм талынгæй старшина Поприщенко. — Æз,—æнæбары бакодта-Лопахин. Старшина рахицæн, тъиуийы цур цы къорд лæу- уыд, уыдонæй æмæ рацыд Лопахин æмæ Копытовс- кийы размæ, йæ цырыхъхъытæй лыстæг фурддаг сæ- тæл-хъузджыты хъыррыстгæнгæ мур кæдгæйæ, Ком- коммæ бацыд Лопахинмæ, загъта йын ризгæ хъæлæ- сæй: — Нал æрбахæццæ... Амард лейтенант. Лопахин йæ хæцæнгарз зæххыл æрывæрдта, ца- дæггай систа йе згъæрхуд. Лæууыдысты æнæдзур^ тæйæ. Сæ цæсгоммæ сын комкоммæ дымдта æдзæх _доны умæлхæссæг хъарм дымгæ. Æхсæв скъæвда кодта. Футтытæ кодта умæл, рæ- хойгæ дымгæ, æмæ къуырма, дæргъвæтин хъæрзыд кодтой бæрзонд гæдыбæлæстæ Доны фурды галиу фарс хъæдбыны. Лопахин донласты хуызæн ныххуы- лыдз, уазалæй рызти æмæ йæхи æндæхта æнцад - хуыррыттæй фынæйгæнæг Копытовскийыл, йæ сæр нуæрста донласты хуызæн хуьшыдз цинелы уæззау фæччийæ, хуыссæджы ’хсæнты-иу æрыхъуыста арвы 168
нæрыымæ æмæ йæм, сармадзанты гыбар-гыбуримæ абаргæйæ, касти сабыр æмæ диссаджы æхцоп, хæдза- рон уавæрау. Æрбабон. Къæвда банцад. Ныббадт бæзджын мигъ. Лопахин зæрдæзнæт, уæззау фынæй баци, фæлæ йæ уайтагъд райхъал кодтой. Старшина сæ иууылдæр сыстын кодта, хуыфынæй фæсус хъæлæсæй загъта: — Куыд æмбæлы, афтæ бавæрын хъæуы лейте- нанты æмæ цæуын хъæуы, ницæмæн у ам хуымæтæ- джы кисель змæнтын. Æрдузы, къæвдайы цæссыгтæй йæ сыфтæртæ кæ- мæн фæгуыбыр сты, ахæм хъæддаг фæткъуы бæласы фарсмæ, Лопахин æмæ иу æндæр сырхæфсæддон, йæ мыггаг Майборода, скъахтои ингæн. Сыджыты фыц- цаг фæлтæртæ куы систой, уæд Майборода загъта: — Æкæса, дысои-бонмæ цы къæвда уыд, фæлæ зæх- хы нæ ахъардта. — Уæдæ,—загъта Лоиахин. Æндæр сыбыртт дæр нал скодтой, цалынмæ иигæн къахт фæци, уæдмæ. Цæттæ ингæны бынæй фæстаг -белы дзаг сыджыт скалдта Майборода. Йэе хидæйдзаг ных йæ армы тъæпæнæй асæрфта æмæ загъта: — Уæдæ фæстаджы акоп скъахтам нæ лейтвнан- тæн. — Уæдæ,—цыбырæй та загъта Лопахин. — Ныр тамако бадымиккам?—афарста Майборода. Лопахин йæ сæр банкъуыста, ома нæ хъæуы. Йæ ’бурбын, хуыссæгхъæлдзæгæй æмнылд цæсгом æваст фенцъылдтытæ, иннæрдæм азылд, фæлæ уайтагъд йæхиуыл фæхæцыд æмæ фидар хъæлæсæй загъта: — Цæуон,. старгаинайæн зæгъон. Ды уал... ды уал -тамако адым. 159
Лопахин зыдта, старшина ныхас кæнын кæй уарз- та, уый æмæ тынг тарсти, зæгъгæ, лейтенанты ин- гæпы уæлхъус азæлдзысты, хъусын æхцон кæмæ нæу, ахæм^ æнæхъола, афтид, æдзæлгъæды дзырдтæ. Катайы бацыд. Йæ зæрдæ æхсайдта, афтæмæй касти старшинайы зæронд цæсгоммæ, йæ бур рихитæм, йæ рæсыд цæстытæм. Йæ цæстæнгас-иу азылдта лейте- нанты портупейы гæрзытæм æмæ ихсыд сæрак хы- зынмæ — хызын старшина йæ риумæ уæздан ныл- хъывта. Лопахин нырма знон нуæзта арахъ лейтенанты акопы, нырма йыл цалдæр сахаты ^йедтæмæ нае ра- цыд. Уæд уыцьт хызын æмæ портупейы хидæйдзаг гæрзытæ æнгом бадтысты лейтенанты тæвд, гуырвидыц буарыл. Ныр уыцы буар лæууы ингæны был, лæууы æнæзмæлгæ æмæ йæ цымамæлæт фæцыбырдæр кодта, афтæмæй. Лæууы лейтенант Голощеков мардæй, туг- хъулон плащ-палаткæйы тыхтæй, йæ мæрдон фæлурс цæсгохмыл нæ еысынц къæвдайы æртæхтæ. Мæнæ æр- хæццæ лейтенантæн хæрзбон зæгъыны фæстаг ми- нут... Лопахин фесхъиудта, старшина фæсус хъæлæсæй сабыр куы сдзырдта, уæд: — Хæстон æмбæлттæ, мæ хъæбултæ, салдæттæГ Мах ныгæнæм нæ лейтенанты, нæ полчы ма цы фæс- таг афицер баззад, уый... Уый дæр украинаг уыди, æрмæст мæ сыхаг областаг уыди, Днепропетровскаг. Уым, Украинæйы баззад йæ зæронд мад, йæ ус æмæ- йæ æртæ къаннæг сабийы, уый æз бæлвырд зонын... Хорз камандир, хорз æмбалуыди, уæхæдæг æй зонут, фæлæ æз нырттæккæ ууыл нæ дзурын... Мæн ацы зынаргъ ингæны уæлхъус зæгъын фæнды... 160
Старгаина ныхъхъуб, агуырдта, чи хъуыд, ахæм дзырдтæ, стæй бынтоы æндæр, æмбисонды фидар, зæрдæйыхъæды стыр тых кæмæ уыд, ахæм хъæлæ- сæй загъта: — Акæсут-ма, мæ хъæбултæ, цахæм егъау млазон мигъ ныббадт нæ алыварс! Уынут? Г’^е, ахæм млазон мигъы хуызæн сау маст æртыхст адæмыл, нæхи Украинæйы æмæ æндæр рæтты немыцы дзæмбыты чи бахауд, уыцы адæмыл! Уыцы мастæй адæмыл æхсæв хуыссæг иæ хæцы, бон арвы рухс нæ уынынц... Æмæ мах хъуамæ уыцы маст кæддæриддæр нæ зæрдыл дарæм: ныртæккæ, не ’мбалы куы ныгæнæм, уæддæр æмæ уый фæетæ дæр, улæфты заманы, чизоны, ис- куы исчи нæ цуры фæндыр куы цæгъда, уæддæр. Æмæ йæ мах æцæгдæр нæ зæрдыл дарæм, мах хуры- скæсæнмæ цыдыстæм, фæлæ нæ цæстытæ хурныгуы- лæнмæ кастысты. Цæй æмæ уырдæм кæсæм, цалынмæ нæ зæххыл фæстаг немыцаг нæ къухæй мæрдтæм ба- цæуа, уæдмæ! Мах, мæ хъæбултæ, фæстæмæ дыдыс- тæм, фæлæ тох кодтам, куыд æмбæлы, афтæ. Акæс-ма, мæыæ ма нæ цас баззад—иу, дыууæ, æмæ фæдæн... Махæн худинаг нæу хорз адæмæн сæ цæстытæм ба- кæсын. Нæу нын худинаг... æрмæст уый у нæ цин- аг, æмæ пыи худинаг нæу, фæлæ нын нæ дæр æнцон у! Махæннырма раджыу зæххæйнæцæстытæ уæлæмæ сисынæн. Раджы у, раджы!, Мæн афтæ фæнды, цæмæй нын худинаг ма уа, не ’мбæлызнаджы къухæй мард чи фæци, уыцы æмбал лейтенанты сидзæрты цæсты- тæм бакæсын, цæмæй нын худинаг ма уа йæ мад æмæ йæ усы цæстытæм бакæсын æмæ сыл куы сæмбæлæм, .уæд С1дн ыæ Сонуа сыгъдæг цæсгомæй зæгъын: „Мах цæуæм, уæ лæпну, уæ фы’димæ цы хъуыддаг рай- дыдтам, уый кæрон&æ ахæццæ кæнынмæ, уæ зынаргъ лæг йæхи Доны бæстæйыл нывондæн цы хъуыддагыл 11. М. Шолохов. 161
æрхаста, уый æххæст кæнынмæ—немыцы цæгъдынмæ цæуæм, цæмæй йæ уд сиса!" Бирæ нæ фæкайдтой, уый бæлвырд у, тынг бирæ нæ фæкайдтой. Фæлæ æз, уе ’хсæн зæронд лæг æмæ зæронд салдат дæн-—табу хуыцауæн, ныр цыппæрæм хæст æрвитын,—æмæ зо- нын, цардæгас стæгыл кæддæриддæр фыд æрхæцы, байгас вæййы. Мах дæр байгас уыдзыстæм! Æрба- цæудзæн адæм нæ полкмæ, æмæ та рæхджы ацæу- дзыстæм, цы фæндагыл цыдыстæм, уыцы фæндагыл фæстæмæ, хурныгуылæнмæ. Фидар къахдзæфæй ацæу- дзыстæм... Ахæм фидар къахдзæфæй ацæудзыстæм, æмæ немыцæн сæ бындур разилдзæн! Старшина, зæронд лæг уæвгæйæ, йæ иу уæраг зынтæй æркъæдз кодта, æргуыбыр кодта лейтенантмæ æмæ загъта ныллæг хъæлæсæй, афтæ ныллæг хъæ- лæсæй, æмæ йæ зæрдæзнæт Лопахин тыххæй-фыдæй фехъуыста: — Чи зоны ма ды дæр, æмбал лейтенант, фехъу- сай не стæры хъæр... Чи зоны, дæ ингæнмæ дæр ныт- тæха дымгæ Украинæйæ... Дыууæ хæстоны ныггæпп кодта ингæнмæ, арæхст- гай райстой сæ къухмæ лейтенанты æнæтасгæ буар. Старшина ма уæддæр лæууыд йæ уæрджытыл, змис- сыджытæй йæ армыдзаг ингæнмæ бакалдта æмæ йæ къух уæлæмæ сдардта. Ингæныл тагъд айрæзт къаннæг змис къуылдым, æртæ хатты анæрыд топпытæй æмæхст салют æмæ, уыцы æхст дæс хатты тыхджындæр æмæ мæстджын- дæр хъаруйæ дарддæр кæнгæйæ, ныггыбар-гыбур кодта, сæ фалейæ цы гаубицты батарей уыди, уый. Ныртæккæйы хуызæн някуы рыст йæ зæрдæ Лопа- хинæн, ныртæккæйы хуызæн никуы уыд мæстджын. Фæндыд æй, иунæг куы уыдаид, уый æмæ бацыд хъæдмæ, къутæры бын æрхуыссыд. Йæ цурты цадæг- 162
гай фæцæйцыдысты Копытовский æмæ ноджы ,иу æфсæддон. Лоиахин фехъуыста, Копытовский, фыр- дис æмæ фырхæлæгæй хуыдуг кæнгæйæ, куыд дзырд- та, уый: — ...Дзыхъхъынног дивизи, хæрз æрæджы æрцыд ардæм. Федтай, цы лæппутæ сты? Хæлафæй, хæдо- нæй, цинелæй—иуылдæр дзыхъхъынног, æрттывтытæ кæнынц! Хорз фæлыст сты, дæлимонтæ, раст усгур лæппуты хуызæн! Стæй йæхимæ æркаст—мæнæ ма!— цыма куыйты чындзæхсæвы фæдæн, цьша мæ ссæдз нæл куыдзы ныттыдтой! Мæ хæлафы къæхтæй сæ иу æртæ раны абырæгътæ, мæ худинаггæнæг æмбисыонг æттæмæ зыны, фæлæ йæ цæмæй бахуыйон, уый нæй, ме ’ндæхтæ иууылдæр фесты. Мæ хæдоны фæсонтæ хидæй алæзæрдысты, уаццаггай ныппискъуылтæ æмæ хызы зæронды хуызæн сси. Къахыдарæсыл дзурын дæр нæ хъæуы, мæ галиу цырыхъхъ йæ дзых ныххæлиу кодта, æмæ бæрæг нæу, цы йæ хъæ- уы, йæ уафс бабæттынæн телефоны телы скъуыддзаг, æви куыд æмбæлы, ахæм цалцæг... Стæй сæ хæлц та, сæхæлц! Раст цыма санаторийы бадынц!Кæсагахсынц Доны фурды, бомбæтæй чи фæсур вæййы, ахæм кæсаг. Мæ цуры ахæм сазан нысхуыстой аджы, æмæ йæ куы фенис, уæд дисæй амæлио! Раст, цыма дачайы сты, ахæм цард кæнынц. Афтæмæй, бæгуыдæр, хæцæн ис. Уæдæ ма знон махцы зындоны бахаудтам, ахæм зын- дрны бахауиккой, — уайтагъддæр сæ хуыз фендæр уаид уыцы усгур лæппутæн! Лопахин йæ рæмбыныкъæдзæй хырыз сыджытыл æрынцад, афтæмæй хуыссыд æмæ фæлладæй хъуы- дытæ кодта, зæгъгæ, сæ полкæй ма чи баззад, уыдон ныр фæсфронтмæ арвитдзысты ногæй баххæст кæ- нынмæ кæнæ сæ баппардзысты искæцы æндæр ног полкмæ, æмæ афтæмæй æдас нæу фронтæй бирæ рæс- тæгмæ фæхицæн уæвынæй, уымæй дæр немыц Волгæ- 103
мæ æрра бырст куы кæнынц æмæ фронты алы лæг дæр зынаргъ куы у, ахæм рæстæджы. Йæ цæстытыл ауад, цыма йе ’ккой тæбæкк „дзæкъул", афтæмæй кæдæм- дæр, æнæзонгæ фæсфронтмæ фæцæуы хъеллæуттæ гæнгæ, æмæ стæй йæ цæстытыл ауад, дарддæр хъуыд- даг куыд уыдзæн, уый иууылдæр: хæстон зындзи- нæдтæ æмæ циндзинæдтæ кæм нæй, ахæм æнкъард, цард чысыл провинциалон горæты, фæсауæрцы чи ис, ахæм æфсæддоны ницæйаг цард, æфсæддон фæс- горæт хурсыгъд быдырты, танкты хъæдын макеттæ- æхсын æмæ искæцы фæлтæрд лейтенанты фырæн- къард, æнуд зондамонæн ныхæстæм хъусын; æмæ ахæм лейтенант та, йæ службæ йын куыд амоны, уымаа- гæсгæ Лопахин Петрмæ дæр, æппæ? фыдæвзарæнтæ чи бавзæрста, æппæт фыдгуадзæнтæ чи федта, уь!шæ дæр кæсдзæн, цыма хуымæтæджы хæлиудзых, æвзонг æрсиддон у, афтæ. Лопахин фырмæстæй йæ сæр ба- тылдта, йæ мидбынатц базмæлыд. Нæ, уый ахæм сабыр- цгрдæн нæ райгуырд! Уымæ хуыздæр кæсы, цæйдæр æдзæлгъæды макеттæ нæ, фæлæ æцæг танктæ, немы- цаг танктæ æхсын, æмæ хурыскæсæнмæ нæ, фæлæ хур- ныгуылæнмæ цæуын, æмæ кæд æндæр гæнæн нæ уа, уæд ам, Доны фурды был иу чысыл аулæфын ног абырсты агъоммæ. Æниу æй цы хæйрæг бауромдзæн, йæ зæроыд æмбæлттæй иу дæр кæм нал баззад, ахæм æфсæддон хайы? Стрельцов нæй, æмæ нæ дæр бæрæг* у, госпиталы фæстæ кæдæм бахаудзæн, уый. Æрмæст иуыæг знон фæмард сты Звягинцев, хæриыаггæнæг Лисиченко, Кочетыгов, сержант Никифоров, Борзых... Цал æмæ цал хæстон æмбалы баззад æнусмæ хуыс- гæйæ Харьковæй Доны фурдмæ тыгъд быдырты! Уы- дон хуыссынц сæ райгуырæн зæххыл, немыц кæп счъизи кодтой, уыцы зæххыл æмæ нæм æнæдзургæ- йæ сидынц маст исынмæ, æмæ уый та, Лопахин, фæс- 104
фронтмæ фанер танктæ æхсынмæ æмæ хæсты быды- ры раджы цы базыдта, уыдæттæ ахуыр кæньшмæ хъуамæ ацæуа?! Лопахин цæрдæг фестад, йæ уæрджыты змис ацагъта, бацыд зæронд къæсмæ, старшина кæм æр- бынат кодта, уырдæм. „Курæг дæн, цæмæй мæ ныууадзат архайæг æф- сæддон хайы. Фæци хъуыддаг, мæ къах дæр яикук- дæм авæрдзынæы ардыгæй!" — аскъуыддзаг кодта Ло- пахин , æмæ комкоммæ араст уагъылъгйы бæзджын къутæрты ’хсæнты. Ссæдз къахдзæфæй фылдæр нæма акодтаид, афтæ ♦фехъуыста Стрельцовы зонгæ хъæлæс. Лопахин йæхæ- дæг дæр не ’ууæндыд йæхиуыл, дисы бацыд, иуыр- дæм цæхгæр фæзылд, бахызт иу каннæг æрдузмæ, чъылдымырдæм лæугæ федта Стрельцовы æмæ ноджы ^ертæ æнæзонгæ сырхæфсæддоны. —- Никъала!—фæхъæркодта Лопахин, фырцинæй ницыуал базыдта, афтæмæй. Сырхæфсæддонтæ æнхъæлмæгæсгæ бакастысты Лопахинмæ, Стрельцов куыд лæууыд, афтæ лæууыд, ничердæм фæзылд, æмæ цыдæр хъæрæй дзырдта. — Никъала! Кæцæй фæдæ, дæлимон?!—фæхъæр та ’кодта Лопахин хъæлдзæг, фырцинæй ризгæ хъæлæ- сæй. Стрельцовы къухыл аныдзæвд, йæ фарсмæ цы сырхæфсæддонтæ лæууыд, уыдонæй иу æмæ Стрель- цяв фæзылд. Æвиппайды йæ цæсгомыл ссыгъд стыр цины мидбыл худт, æмæ фæраст Лопахины размæ. — Мæ хæлар, кæцæй фæдæ?—дард ма уыди, аф- тæмæй хъæр кодта Лопахин. Стрельцов æнæдзургæйæ йæ мидбыл худгæ æмæ йæ даргъ къухтæ тилгæ, стыр сачъехтæй æрбацæй- цыд æрдузы, фæлæ йæ къахы айст иттæг æдæрсгæ нæ уыд. 165
Баиу сты, æрæджы кæй скъахтæуыд æмæ ног скалгæ змисбын сыджыт бæрæгбонау бур фæйлауæн- тæ кæмæн кодта, ахæм дæргъæй-дæргъмæ нарæг акопы цур, æмæ кæрæдзийыл ныттыхстысты. Лопа- хин æввахсмæ федта Стрельцовы сау, фырцинæй тæ- мæнкалгæ цæстытæ æмæ, зæрдæзнæтæй ферхæц- ферхæц гæнгæ, загъта: — Уый циу! Æз дæм мæ хъæлæсы дзаг хъæр кæ- нын, ды та дзургæ ницы кæныс, цы хабар у? Зæгъ- ма, кæцæй фæдæ? Ам цæмæн дæ? Стрельцовæн цыма йæ мидбыл худт сæлгæ ныккодта,. ахæм мидбыл худынимæ лæмбынæг, иттæг æдзынæг каст Лопахины змæлгæ былтæм, стæй, æрæджиау, гæзæмæ къæзгæ æмæ цыма дзырдтæ ивазгæ кодта^ афтæмæй загъта: — Петя! Куыд æхсызгон мын у, куы, дæ фенд— ды йæ нæ бамбардзынæ!.. Сымахæй ма искæй ссар- дзынæн, уый ныфс мæ æппындæр нал уыди... Ам уый’ бæрц ад-а-д-æ-м и-с, æ-æмæ.,. — Омæ кæцæй фæдæ, кæцæй? Медсаыбатмæ дæ куы арвыстой? — дис кодта Лопахин. — Фæлæ кæсын æмæ—мæнæ Лопахин! Иннæтæ та кæм сты? — Уæзхъус фæдæ, æви?—днсгæнгæ бафарста Ло- пахин. —-Дысон изæрæй нырмæ уæ агурын, æфсæддон хæйттыл иууылдæр фæзылдтæн! Фаллаг фарсмæ хъуа- мæ ахызтаин, фæлæ мын иу артиллерист капитан загъта, зæгъгæ, уырдыгæй иууылдæр ацы фарсмæ- цæуынц,—ноджы тынгдæр къæзгæ, йæ сау цæстытæ тæмæн калгæ, загъта Стрельцов. Лопахин нырма уæддæр бæстон нæ бамбæрста, йæ^ ха^ларыл цы фыд æрцыд, уый, æмæ йын йе уæхск. æрхоста. 166
— Гъе, ме ’фсымæры хай, уый тынг уæзхъус куы дæ, тынг! Æмæ ныл рагон æмбисонд æрцыд: „Дæ бон хорз уа!" — „Базары уыдтæн". — „Къуырма мийаг дæ?"—„Уасæг балхæдтон". Æцæг нæ хъусыс, æви?— ныр бирæ хъæрдæрæй бафарста Лопахин.—Дзургæ дæр куыддæр ферхæц-ферхæц гæнгæ, къæзгæйæ кæ- ныс... Багъæца, багъæц... Уый, æвæццæгæн, канту- зийы фæстæ афтæ фæдæ? О-о-о! Лопахин йæхимæ смæсты, сырх афæлдæхт æмæ зæрдæрыстæй бакаст Стрельцовы фендæргъуызон, фæ- лæ раздæрау худгæ цæсгоммæ. Стрельцов Лопахины уæхскыл æрывæрдта йæ ризгæ къух æмæ хъизæмар- гæнгæ, тыхджын къæзгæйæ загъта: —■ Цæй, сбадæм, Петя. Мемæ зындзурæн у, бомбæ мыл куы фехæлд, уæдæй фæстæмæ ницы хъусын. Стæй, кæсыс, къæзгæ дæр кæнын... Ды фысс, æз дын дзуапп дæтдзыиæн. Стрельцов æрбадт акопы фарсмæ, йæ риуы дзып- пæй систа сойæдзаг къаннæг блокнот æмæ кърандас. Лопахин ын йæ къухæй раскъæфта кърандас æмæ цæрдæг афыста: „Бамбæрстон æй, медсанбатæй лидз- гæ ракодтай?" Стрельцов æм бакаст йе уæхсчы сæр- ты æмæ йын загъта: — Цы загъдæуа, лидзгæ цæмæн... рацыдтæн—уый растдæр уыдзæн. Дохтырæн загътон, зæгъын, куыд- дæр фенцойдæр он, афтæ ацæудзынæн. „Цæмæн? Дæу хоскæыын хъæуы, æдылыцыдæр!"-— ныффыста Лопахин æмæ хъæры нысаныл ахæм мæс- ты хæст æркодта, æмæ кърандасы апп асаст. Стрельцов бакаст фыст æмæ йæ уæхсчытæ бан- къуыста. — Куыд цæмæн? Мæ хъустæй туг нал цæуы, мæ зæрдæ гæзæмæйы йедтæмæ нал хæццæ кæны. Гъемæ ма дзы цы ривæд кодтаин?—загътаСтрельцов, йæхæ- 167
дæг Лопахипы къухæй цадæггай райста кърандас, систа хырынкъа æмæ, кърандас цыргъ кæнгæйæ æмæ йын йæ амайæны чысыл муртæ йæ уæрагæй афу кæнгæйæ, загъта: стæй æнæуый дæр мæ бон нæ уыд уым баззайын. Нæ полк уыди тынг уæззау уавæры, бирæ нал уыдыстут сымах... Цæй æнæрцæугæ мын уыди? Æмæ æрцыдтæн. Æмбæлтты фаромæ, æвæдза, хæцæн ис къуырмайæн дæр. Афтæ нæу, Петя? Лæгæй сæрыстырдзинад, уарзондзинад æмæ ци- нæй байдзаг Лопахины зæрдæ. Йæ зæрдæ йæм сдзырд- та Стрельцовы ахъæбыс кæнын æмæ йын ныпъпъатæ кæнын, фæлæ йын æхсидгæ тыхстдзинад æвиппайды йæ хъуыр ахгæдта, фефсæрмы йæ цæстысыгтæй, ’ иуырдæм азылд æмæ тагъд-тагъд систа йæ тамакойы чыссæ. Лопахин ныллæг æруагъта йæ сæр æмæ папирос тыхта. Куыддæр ын фæцæйфæуд кодта, афтæ папи- росы гæххæттыл æртагъд сæнтурс цæссыг æмæ гæх- хæтт алæзæрд йæ къухты... Фæлæ Лопахин уыди хивæид адæймаг: йæ ды- дæгътæ кæмæн фæсаусты, ахæм зæронд газетæй рас- къуыдта ног сыф, . арæхстгай йæм æркодта тамако азмæ уæддæр папирос стыхта. •X- * Звягинцев æрчъицыдта йæ æпиæт буары артау судзгæ æмæ æвирхъау рæхойгæ риссæй. Хæр-хæр- гæнгæ, арф сулæфыд, æнуд хуыфт скодта — йæ хъæ- лæс байдзаг сыджыт æмæ рыгæй—æмæ йæм афтæ фæкаот, цыма искуыцæй фехъуыста йæхи сабыр, æнуд хуыфын æмæ арф, йæ тæккæ хуылфæй чи цыд, ахæм хъæрзын. Йæ алфæмблай хæлдысты сармадзаны нæмгуытæ. 168
шшæтæ. Зæхх æнкъуыст, .сæ тых æмæ сæ хъæрæй алыхуызон чи уыд, ахæм гуыппытæй. Кæмдæр фæс- тейæ дæргъвæтин æхстæй къæр-къæр кодта пулемет. Сармацзаны нæмгуытæ æмæ минæтæ æввахс хæлдыс- ты æмæ тæвд, фæздæджы тæфгæнæг уæлдæфы хъæд- дьгх улæнтæ зæхмæ æлхъывтой фæлдæхтæй лæууæг Звягинцевы, йæ алфæмблай къуыбылæйттæй зилахар кодта хъылмайы хуызæн маст рыг. Нырма йæм уæд- дæр афтæ касти, цыма йæм хæсты уынæр иууылдæр æбæрæг дард кæцæйдæр хъуысы æмæ чысыл фезмæ- лыд. Уыцы гæзæмæ фезмæлдæй йæ судзгæ рисс дæс хатты фæтынгдæр, æмæ йæ фæталынггонд æмбарæн- мææрмæст уæд бацыд, удæгаскæй у, уый. Ныр тарс- ти фезмæлынæй, йæ онтæй, йæ чъылдымæй, йæ къæхтæй æнкъардта, йæ хæдон æмæ йæ хæлаф дон- ласты хуызæн хуылыдз кæй сты тугæй æмæ йæ буа- рыл кæй, æндæдзынц, уый. Бамбæрста Звягинцев: сармадзаны нæмгуытæ æмæ йæ минæйы схъистæ сы-' хырнайы хуызæн ныххуынчъытæ кодтой æмæ къахæй къухмæ афтæ тыхджын уымæн у йæ рисс. Йæ хъæрзын йæ былалгъмæ схæццæ, фæлæ йæ баурæдта. Афæлвæрдта, цæмæй йе ’взагæй аппæрс- таид, улæфын æй чи нæ уагъта, уыцы æндæдзаг цъыфы къæм йæ дзыхæй. Йæ дæндæгты ’хсæн фæ- хъыррыст кодта горкъоти змис. Уыцы хъыррыст ахæм къуырмагæнæг уыд, афтæ тынг ын фæрæхуыста йæ сæр, йæхи туджы тæф, инджынау бацахст ту- джы тæф, ын йæ фындзы хуынчъытæ ахæм æн- уд, зæрдæхæццæгæнæн цæф ныккодта, æмæ, чьь сыл ма бахъæуа, бауадзыг та уа. Стæй йæ æм- барынад, алы уысм дæр аскъуыйынæйтаскæмæн уыд, ахæм æрдуйы хуызæн хæрз лыстæг æндахыл чи хæцыд, уыцы æмбарынад райдыдта рæзын, фидар кæнын. Æмæ уæд, æппынæрæджийау, тæссы тыхджын фæпæртти- 169
мæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, кæддæр, æвæццæгæн, хæрз: æрæджы, акопæй куыд рагæпп кодта, уый; хæрз æввахс ын комкоммæ йæхимæ цы немыцæгтæ æрбацæй згъорд- той, уыдон куыд федта, уый уæлдайдæр сæ иуы— бæзæрхыг, гуыбыр немыцаг, йæ мундиры æфцæггот— гом, æлыг ’сыджытæй ахуырст, йæ цъæх цæстытæ сæ- къусчытæй рацæйхаудтой... Немыцаг йæ фæлурс был- тæ æнгом нылхъывта, афтæмæй згъордта, йæ пака. фындзæй^хыр-хыр гæнгæ уæлдæф цъырдта, йæ га- лиу уæхск гæзæмæ размæ къулæй хаста. Згъоргæ- згъорын архайдта йæ автоматы тъæпæн, сау абоймæ; нывæрыныл. Звягинцев æм цыбыр, фæлæ цырд къах- дзæфтæй баввахс æмæ федта знагæн йæ цъæх цæс- тытæ дæр—атахъы азарæй æрра цæстытæ—æмæ немы- цаг мундиры тарбын æгънæг дæр. Уыцы æгънæгæш гыццыл дæлдæр гъаныр-гъауæд æлгъаг-фæлмæнзон- гæ хъыррыстимæ хъуамæ бацæуа Звягинцевы дже- богъ. Федта Звягинцев уыцы уысм йæ джебогъы бы- рынкъыл згъоргæ-згъорын дыз-дызгæнæг æмæ тыбар- тыбур гæнæг æрттивæнтæ... Уыцы тæккæ уысм цы- дæр тыхджын цæф сæмбæлд йæ фæсонтæ æмæ йæ- къæхтыл. Сæрдыгон арвы нæрдау фæстейæ фехъуыст* бомбæйы фехалыны сæртæг хъæр. Дæлгоммæ хаугæ- йæ, лæгæн йæ къух сисын æмæ йæ цæсгом бахъахъ-- хъæнын йæ бон куы нæ уал вæййы, ахæм æвирхъау фæстаг хауд кæнгæйæ, Звягинцев бамбæрста, зæгъ- гæ, бабын, йæ адзал æрцыд... Тыххæй-фыдæй йæ цæсты уæлтъæфæлтыл схæцыд Звягинцев. Цæссыгтимæ чи сæмхæццæ æкæ цæсты- тыл чъизи хæрв кæмæй сбадт, ахæм рыджы æхсæнты ауыдта сырх-хъулон арвы гæппæл, йæ русы цурты кæдæмдæр фæцæйленк гæнæг хиталджыты æнахуыр алдымбыдтæ. Æвæццæгæн æй плащ-палаткæйы уæ- лæ кæрдæгыл ластой æмæ кæрдæджы хус, дæрзæг 170
хыбар-хыбуримæ иу кодта, йæ разæй чи хылд æмæ^ йын йæ уæззау, æнæзмæлгæ буар тыххæй-фыдæй, сантиметргай чи ласта, уыцы адæймаджы уæззау улæфт. Чысыл фæстæдæр Звягинцев банкъардта, фыццаг йæ сæр, стæй йæ гуыр дæр кæдæмдæр дæлæмæ куыд фæцæйбырыд, уый. Цыдæр хъæбæрыл йæ уæхсктынг ныццавта æмæ та цæсты ныкъуылдмæ бауадзыг. Дыккаг хатт æрчъицыдта, йæ цæсгомыл кæйдæр чысыл, дæрзæг къухы æрныдзæвд куы банкъардта, уæд. Чидæр ын умæл марлайæ йæ дзых æмæйæ цæсты- тæ арæхстгай асæрфта æмæ цæсты ныкъуылды бæрц. ауыдта сылгоймаджы къаннæг къух æмæ йæ урс цонджыхъулы цур цъæхбын тугдадзин. Стæй йын йæ былтæм бахастой хъарм, згъæры умæл адгæнаг алюминийæ конд флягæйы дзых. Йæ комарынг æмæ йын "йæ хурхы сæртæ судзгæ, йæ хъуыры ацыд. арахъхъы хæрз гыццыл цыхцырæг. Уый йæ ныхъ- хъуы’рдта адæргæйæ, гыццыл хъуыррыттытæй. Стæй йын флягæ арæхстгай йæ былтæй куы райста, уæд ма ноджы дæр иу-æртæ хатты афтид хъуыррытт фæ- кодта, мæнæ роды йæ мады дзидзийæ иуварс куыд. асхойай, уыйау, æмæ йæ хус былтæ астæрдта, йæ цæс- тытæй ракаст. Æргуыбыр æм кодта æнæзонгæ чызг. Чызгæн йæ хæбуздзыхъ цæсгом кæд хурсыгъд уыди,. уæддæр уыди фæлурс, йæ хуызивд пилоткæ йын æм- бæрзта йæ зынггъуз бурдзалыг къæбæлдзыгæмæ æууад.. сæрыхъуынты мæкъуыл. Чызджы цæсгом уыди æды- лыдзæф, хуымæтæг, къуыбырфындз уьтрыссаг чыз- джы æнæхин цæсгом. Фæлæ уыцы фæгуырымыхъ- гонд цæсгом адæймагыл уый бæрц зæрдиаг узæлыд, уый бæрц сагъæс кодта, чызджы фæлмæи цъæх цæс- тытæ сылгоймаджы æнусон рæвдауæн æмæ адæйма- гыл уый бæрц аудыны цæетынгасæй кастысты, æмæ•• 171.
Звягинцевмæ афтæ фæкаст, зæгъгæ, уыцы цæс- тытæ дæр афтæ хорз сты æмæ афтæ æхсызгон хъæ- уьтнц, цард йæхæдæг куыд хъæуы, йæ сæрмæ æгæ- рон цъæх арв уæлæ йæ базырджын мигъты. рæгъти- мæ куыд хъæуы, афтæ. Удæгас кæй у, йæхионтæ йæ кæй иæ ныууагътой, уыцы æнкъарæнты фырцинæй æнæзонгæ чызгæн— кæйдæр ротæйы санитаркæйæн— дзыхы, дзырдтæй йæ бон зæгъын кæй нæ уыд, æмæ, æвæццæгæн, нæ дæр бауыдаид зæгъын, ахæм æгæрон бузныджы æнкъа- рæнтæй йæ зæрдæ бахъарм æмæ цадæггай йæхины- мæр багуым-гуым кодта: — Мæ хойы хай... мæ ахсджиаг... кæцæй фæдæ ды та? Фæцырд арахъхъæй Звягинцев. Тæхудиаг хъарм ахъазыд йæ уæнгты, йæ ныхыл лыстæг фæрдгуытау рахъардтой хиды æртæхтæ, æгæрыстæмæй цыма йæ цæфты рис дæр фæк’ьуырма æмæ æрдæбоны хуызæн судзгæ риссæй нал рысти, афтæ нæм каст. — Иу чысыл ма мын арахъхъ куы авæрис, мæ хойы хай... — чысыл хъæрдæрæй загъта Звягинцев, æмæ йæхи мидæг дис кодта, йæ хъæлæс сывæллоны хъæ- лæсау тæнæг æмæ лæмæгъ кæй у, ууыл. — Цæй арахъхъ у! Уанцон нæу, нæй гæнæн, ницæйы тыххæй, мæ зæрдиаг! Æрчъицыдтай—æмæ иттæг хорз. Кæсыс, куыд æвирхъау æхст кæнынц! Уый нæ, фæ- лæ дæ исты амалæй медсанротæмæ куы ныххæццæ кæнин,—хъастгæнæгау загъта чызг. Звягинцев цадæггай адаргъ кодта йæ галиу къух, стæй йæ рахиз къух, йæ къухы диссаджы æгоммæ- гæс æнгуылдзтæй йæ фарсмæ æрысгæрста хурмæ стæвд уæвæг винтовкæйы хæтæя. Ацархайдта йæ къæхтæ базмæлын кæныныл, фæлæ йæ бон нæ баци. :Цæ цæфты риссæй йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ бафарста: 172
— Цымæ цы ран дæн цæф? — Иууылдæр... Иу ран дæр цух нæ баззадтæ! — Мæ къæхтæ та... мæ къæхтæ дæр æнæхъæн не сты æви?—къуырма хъæлæеæй бафарста Звягинцев, йæ зæрдæйы мидæг цыфæнды бæллæх бауромынмæ дæр цæттæ уæвгæйæ, фæлæ уæддæр фидар лæууын. — Æнæхъæн сты, æнæхъæн, мæ ахсджиаг, æр- мæст дын иу чысыл фæхуынчъытæ сты. Тыхсгæ ма кæн, ма ныхас кæн. Бынатмæ ныххæццæ уыдзыстæм, куыд æмбæлы, афтæ дæм базилдзысты, райдайдзыс- ты дын хос кæнын, æвæццæгæн, дæ фæсфронт гос- питалмæ арвитдзысты, æмæ æппæт дæр уыдзæн фæтк æмæ æгъдауыл. Хæст фæтк æмæ æгъдау уар- зы... Чызг цы загъта, уыдон иууыл нæ бамбæрста Звя- гинцев. — Иууылдæр мæ ныххуынчъытæ кодтой, зæгъыс?— дыккаг хатт бафарста Звягинцев æмæ, чысыл æнæ- дзургæйæ алæуды фæстæ, мæстæлгъæд багуым-гуым кодта:-—Цы зæнджын ныхас ракодта... Уый цæй фæтк, цæй æгъдау у? Бадтысты бомбæйьт къахт арф уæрмы зæххы æр- фæнæй скалгæ æлыгбын сыджытыл. Куыд æввахсдæр тынгдæр сыф-сыф гæнгæ сæ сæрты ныллæг ратахт минæ. Звягинцев йæ риссы йедтæмæ æппындæр ни- цы ницæмæ дардта, фæлæ уæддæр йæ цæсты зулæй касти æмæ федта: чызг æнхъæл уыди, зæгъгæ, ми- нæ æввахс фехæлдзæн æмæ къуыбылойы хуызæн атымбыл, зæхмæ йæхи æнгом нылхъывта, йæ цæс- тытæ бацъынд кодта æмæ сывæллонау æнæхин, зæр- дæагайæг змæлдæй йæ цæстытæ бамбæрзта йæ чъи- зи гыццыл армы тъæпæнæй. Звягинцевæн рæстæгæй-рæстæгмæ йæ зонд йæхи- мæ цы чысыл уысмыты æрцыд, уыцы уысмыты дзæбæх 173
иæма æрæмбæрста йæ æвирхъау тæссаг уавæр, нæма йæ фæци йæхицæн фæтæригъæд кæныны рæстæг, фæлæ чызгæн фæтæригъæд кодта, хъуыды кодта, зæрдæрыстæй: „Саби, æнахъом саби! Хъуамæ хæдза- ры уаид æмæ чингуытимæ дæсæм къласмæ згъорид алы алгебратæ æмæ арифметикæтæ ахуыр кæнын- мæ, уый та ш æвирхъау хæсты мæлæтдзаг тæссаг- дзинад æвзары æмæ мæ хуызæн цæфты ласынæй йаз гыццыл уд скъуыны..." Хæсты уынæр цыма сабырæй-сабырдæр кодта, æмæ Звягинцевмæ сæ тыхджын хъæлæсæй цардмæ сидæг сармадзаны нæмгуытæ æмæ минæтæ цас стæмдæр хатт хæлдысты, уыйас лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта, уыйас ыл тыхджынæй-тыхджындæр кодта талынг, æвзæр æнцойад, мæрдырохы æнæрхъуыдыдзинад... Чызг æм ныггуыбыркодта, ныккасти йын йæ æна- хуыр, ницыуал æмбарæг, мæлæты ’рдæм фæкъул уæ- вæг цæстытæм, æмæ йын цыма йæ æгомыг хъастæн йæ цæстыты мидæг, йæ дзыхы алывæрсты хъизæмар- гæнæг æнцъылдтыты асæлæг æгомыг хъастæн дзуапп лæвæрдта, уыйау домæгау æмæ тарст хъæлæоæй загъта: — Дæхиуыл фæхæц, мæ ахсджнаг! Фæхæц дæхи- уыл, мæ ахсджиаг, дæ хорзæхæй! Ныртæккæ араст уыдзыстæм дарддæр, бирæ нæ нал хъæуы! Хъусыс мæ?! Тыххæй-фыдæй йæ сласта уæрмæй. Лæппу æр- чъицыдта, йæ къухтыл æнцой кодта, йе ’щуылдзтæй æвнæлдта сындзджын хус кæрдæгмæ, афтæмæй фæл- вæрдта чызгæн баххуыс кæнын, фæлæйæ риссæн æп- пындæр бауромæн нал уыд. Йæ цæссыгæй хуылыдз æхсæрфарс æруагъта йæ тугæй хуылыдз плащ-палат- кæйыл æмæ æууилын райдыдта йæ хæдоны дыс, цæмæй чызг нæ федтаид нæлгоймаджы лæмæгъ- Л74
;дзинад, цæмæй ма ныхъхъæр кодтаид æнæуромгæ рис- •сæй, ахæм риссæй, цыма йæ къабазгай кодта, æмæ дзы кæд туг нал баззад, уæддæр æнкъардта судзгæ- уыраугæ рыст. Уæрмæй цалдæр метры æттæдæр чызг }йæ хидæй- дзаг æндзыг къухæй суагъта плащ-палаткæйы кæ- рон, хæр-хæр гæнгæ сулæфыд æмæ кæуындзæг хъæ- лæсæй æваст загъта: — Уæ, ме скæнæг, цьшæ ахæм гуымирыты цæмæн исынц æфсадмæ? Цæмæн, цæй тыххæй? Цæй, ныр куыд хъуамæ аласон дæ хуызæн нæл бæхы? Ды, мæ «ахсджиаг, æхсæз путæй къатдæр нæ уыдзынæ! Звягинцев йæ былтæ базыхъхъыр кодта æмæ хыр- хыр гæнгæ загъта:' — Нæуæдз æртæ... — Нæуæдз æртæ цы?Цы зæгъыс?—бафарста чызг, тыхулæфт гæнгæ. — Уал килограммы уыдтæи... хæсты агъоммæ. Ныр къатдæр дæн,—-гыццыл алæугæ æмæ санитар- жæйы тыхулæфтмæ хъусгæйæ, загъта Звягинцев. Цæмæдæр гæсгæ та йæм тæригъæд æркаст уыцы къаннæг, мæрдвæллад бауæг чызг æмæ фыццаг ип- пæрд хъуыдыты ацыд: „Мæхи Наташа дæр иу æхсæз -азы фæотæ ахæм уыдзæн: уындæй æдылыгомау, фæ- лæ зæрдæйæ рæвдауæг...", стæй, нæлгоймаджы тых- джын æмæ барджын хъæлæсы уагæй сдзурыныл æдзæлгъæды архайгæйæ, ферхæц-ферхæц гæнгæ загъ- та: — Цы, уый зоныс, мæ хъæбул... ныууадз мæ... дæхи фыдæбонæй ма мар... Æз —мæхæдæг... Гыццыл аулæфдзынæн æмæ мæхæдæг бавзардзынæн... Иу- гæр мæ къухтæ æнæхъæн сты, уæд исты амæлттæй лыббырдзынæн! — Ыицæмæн хъæуы ахæм сæнттæ цæгъдын! Сы- 175
мах, нæлгоймæгтæ, кæддæриддæр ахæм æнæсæрфат ныхæстæ кæнут!—мæстыйæ бахъуыр-хъуыр кодта чызг.—Цы дæ бон у, цы? Цæй-ма, цы дæ бон? Уый æз æнæуыи афтæ загътон, чысыл афæлладтæн, фæ- лæ куыддæр мæ фæллад ссæуа, афтæ та араст уы- дзыстæм. Æз дæуæй фыддæр цæфты раластон, мæт ма кæн! Бирæ ахæм хабæрттæ мыл сæмбæлд, амæй дæр фыддæр! Бакастæй гыццыл кæй дæн, уымæ ма кæс, æнæуый тыхджын дæы... Чызг ма ноджы дæр цыдæр ныфсæвæрæн æмæ- чысыл æппæлой ныхæстæ кодта, фæлæ_ йын Звягин- цев йæ дзырдтæ нал æвзæрста, кæд тынг архайдта, уæддæр. Чызджы æхцон хъæлæс райдыдта мынæг кæнын, дардæй-дарддæр кæнын æмæ бынтондæр фæ- тары. Звягинцев уыди лæггуыфы æмæ æппæты фыццаг цы банкъардта, уый уыди хосты тæф, спирты карз тæф, стæй ауыдта цъæхбын уæрæх палаткæйы ныллæгцъупп, зæхбын астæрдыл тыд цъæх брезентыл арæхсгай цæугæ урс халатджын адæмы. „ Иу æртæ хатты бауадзыг дæн, фæлæ уæддæр удæгас дæн... Æвæццæгæн,.- фервæздзынæн, мæлæт уал фæуадзон",—фæныфсджындæр уæвгæйæ, ахъуы- ды кодта Звягипцев. Цæмæдæр гæсгæ йын зынулæфæнуыди æмæ тарс- ти, йæ чъизи сау къух йæ дзыхмæ схаста æмæ йæ армы тъæпæны æрту кодта. Йæ сæт уыди урс. Йæ армы тъæпæны иунæг сырх тæппуз дæр нæ уыди.. Звягинцев фæхъæлдзæгдæр æмæ йæ бынтондæр ба- уырныдта, зæгъгæ, ныр йæ хъуыдда^ иууылдæр дзæбæх рауайдзæн. „Мæ рæуджытæ, æвæццæгæн^ æнæхъæн сты, фæлæ кæд мæ фæсонтæй мæ игæр- мæ исты схъис бахаудта, уæд уый ыицы кæ- ны—дохтыртæ йæ æртысгæн мигæнæнтæй сласдзыс- ты. Уыдонмæ ахæм мигæнæнтæ, æвæццæгæн, фагæй 176
уæлдайдæр ис. Сæйраг уый у, æмæ мæ къæхтæ куыд сты? Се стджытæ хъыгдард сты æвя нæ? Мæ къахыл ма цæудзынæы æви цæнкуылæй баззайдзынæн?'4 — хъуыды кодта Звягинцев æмæ та лæмбынæг æркаст йæ сæтмæ йæ уæзæгæвæрд стыр армы тъæпæныл. Йæ фарсмæ дыууæ санитары иу сырхæфсæддонæи йæ дзаумæттæ ластой. Сæ иу йе ’нцой лæууыд æмæ йын йæ къухтыл хæцыд, иннæ йæм йе стыр æнгуылдз- тæй æвнæлдта æмæ Гшн хæсгардæй хæлдта йæ ту- гæйдзаг хæлаф йæ хуыдвæдыл. Сырхæфсæддоны кæрдæггъуыз æттаг хæлаф брезен- тау ныхъхъæбæр, туг ыл ныххус. Йæ мидæггаг хæ- лаф—хом хъуымацæй копд—кæрæй-кæронмæ сыхыр- найау хуынчъытæ, йæ хуызæй нал хицæн кодта йæ æттаг дарæсæй. Сырхæфсæддоны хæлæфтæ уыцы фыд- уынд æнцъылдтытæй астæрдмæ куы ’рбырыдысты, уæд ын Звягинцев йæ рахиз зæнгыл, йæ синæй гыц- цыл дæлдæр федта тынг егъау гок хъæдгом æмæ сырхамæсты астæуæй æнахъинон зæбул урс-урсид цъæл стæг. Сырхæфсæддон гæзæмæ- цæмæйдæр уыди Стрель- цовы æнгæс. Ацæргæ лæг, йæ мидæмæ хауд дзыхы сæрмæ йæ рихиты урсытæ фæзр^нд, йæ къуыпп уа- дултæ—фæлурс цъæх, йæхи фидар дардта, иунæг хатт дæр не схъæрзыдта, æппынæдзух иу ранмæ каст цыдæр æнахуыр иппæрд цæстæнгасæй. Фæлæ йын Звягинцев фæкаст йæ галиу зæнгмæ, хъуынджын æмæ мæллæг зæнгмæ; уыди æнæбон, къæдзæй лæу- уыд æмæ адæргæйæ рызти. Звягинцёвæн йæ бои нал уыд искæйхъизæмармæ кæсын, цæхгæр фæзылд иуыр- дæм æмæ цæрдæг амбæрзта йæ цæстытæ. „Ацы лæппу йæ.хъуыддаг бакодта. Дохтыртæ.йыи йæ къæхтæ акъуцрдзысты, акъуырдзысты, мæнæ хуы- мы гæнгæлы куыд ратонай, афтæ, фæлæ ма æз мæ 12. М. Шолохсв. 177
къахыл уайдзынæн. Ау, мæнæн дæр мæ къæхтæ саст разыной?!—йæ зæрдæ æхсайдта, афтæмæй æнхъæлмæ каст Звягинцев. Уыцы рæстæджы йæм бацыд кæсæнцæстджын ацæргæ коса санитар, йæ фæлтæрд цæстæй йьгн йæ къæхтæм æркаст, æргуыбыр æм кодта æмæ йын хъуа- мæ алыг кодтаид йæ цырыхъхъы хъус. Звягинцев æм лæмбынæг æмæ цырддзастæй йæ хъус дардта, æрæибырд кодта йæ æппæт тыхтæ æмæ йын сабыр, фæлæ цæхгæр загъта: — Хæлаф алыг кæн, уый ницы æвгъауаг у, фæлæ цырыхъхъытæм ма ’внал, бар дын нæ дæттын. Ныр- ма сæ мæй’дæр нæ адардтон, мæ къухы та æнцонæй нæ бафтыдысты. Уыныс, цы товарæй хуыд сты? Сæ уæфстæ спирты уыдысты, сæ хъустæ дæр хуымæтæ- джы æрчъиагæй нæ, фæлæ стуры цармæй сты. Уы- дон, æфсымæр, хуымæтæджы товар не сты, уый æм- барын хъæуы... Æыæуый дæр мæ хуыцау æнамонд фæкодта: мæ цинел æмæ мæ дзаумæтты дзæкъул ако- пы баззадысты... Фæлæ цырыхъхъытæм ма фæцагай, бамбæрстай? — Ды мæнæнзондмаамон,—æвæлмастæй загътаса- нитар, æмæ бæрджытæ кодта, цырыхъхъы хъусыхуыд- вæдыл кэрд куыд хуыздæр ауадза, уый. — Уый та куыд—ма мын амон? Цырыхъхъытæ мæн не сты?-~смæсты Звягигщев. Санитар чысыл сраст кодта йæ астæу æмæ та уы- цы фæлмаст хъæлæсæй загъта: — Дæу сты æмæ цы? Дæу уыдысты, æмæ дын сæ ныр дæ къæхтимæ раласон? — Хъуоыс, æнæрхъуыды, рахæц сыл... рахæц сыл арæхстгай, цадæг, æз бабыхсдзынæн,—барджыны ны- хас загъта Звягинцев, йæхæдæг нырма фезмæлынæй тарсти æмæ, ног риссмæ зæрдæхалæн æнхъæлмæ кæс- щйæ, дзагъырдзастæй касти цармæ. 178
Санитар ын йæныхас ницæмæ æрдардта, æргуыбыр «одта æмæ арæхстджын æвпæлдæй цырыхъхъы хъус •сшгæ^ста йæ тæкгсæ зæвæтмæ, стæй æрывнæлдта ин- •нæ цырыхъхъмæ. Звягинцев бæстон нæма ахъуыды код- ■та „дæу уыдысты", зæгъгæ, дзырдтæ цы цысан кæ- нынц, ууыл, афтæмæй йæ хъустыл ауад цырыхъхъы æндахы хыррытт. Йæ зæрдæ банкъуыст, йæ улæфæн- тæ ахгæдтой, йæ цырыхъхъытæ йынкуы арæцыгътой,, •æмæ къулы цур сæ зæвæтты къæрцц куы фæцыд .уæд. Звягинцев йæхи нал баурæдта æмæ ризгæ хъæ- .лæсæй загъта: — Цæгæрсæр куьтдз! Коса хæйрæг! Цы ми бакод- тай, тугцъир?! — Басабыр у, басабыр, хъуыддаг ахицæн. Æлгъи- тын дын æвзæр у. Агъæца, фæкæсон дæм æмæ дæ фарсыл æрхуысс, —фидауæджы хъæлæсы уагæй загъ- *та санитар. — Фесæф, ницæмæн мæ хъæуы дæ фæкæсын, цæу- тæ, кæцæй æрлæстæ, уырдæм æмæ ноджы дарддæр!— мæстæй æмæ йæ æнахъомдзинады фыдæхæй хуыдуг кодта, афтæмæй загъта Звягинцев. — Ды знаггадгæ- лæг дæ, лæгуын теуа, кæсæнцæстджын емынæ! Цы ми ’бакодтай къазнайыцырыхъхъытæн, куыдзы фырт? Ныр та мæ фæззæджы куы бахъæуой, уæд хæлдхъус цы- <рыхъхъытæ куыд хъуамæ скæнон? Мæ цæссыг калон? Æмбарыс æви нæ—цыфæнды хуыд сæ куы бакæнон, .уæддæр сæ хуыды хгёлдæй дон кæй.хъардзæн, уый? Щæгæрсæр холы, гæбæрхæрд цыдæр! Ды -адæмы знаг .дæ, æндæр ницы! Санитар æнæдзургæ, арæхстгай хæлдта Звягин- [цевы къæхтæй хид æмæ тугæй хуылыдз, фæздæг кал- гæ портянкæтæ. Дыккаг портянкæ куы райхæлдта, * уæд сраст кодта йæ гуыбыр астæу æмæ, йæбур ри- 1иты бын йæ мидбылты худын не ’мбæхста, афтæмæй ибафарстахъæлдзæг, фæсусгомаубæзджын хъæлæсæй: 179
— Æлгъитын фæдæ, Илья Муромец? Звягинцевæн мæстæй йæ тых аеаст. Хуыссыд^æнæ- дзургæйæ. Æнкъардта йæ зæрдæйы тагъд-тагъд тых~ джын гуыпп-гуыпп, йæ æппæт буары æнæуромгæ- судзгæ рисс. Хатыд, йæ æфхæрд дæлфæдтæм æхцон ирдгæ кæй хæццæ кодта, уый дæр. Фæлæ йæм уæд- дæр разынд тых, æмæ йын ахæм маст чи скодта, уы- цы санитары- ноджы мæлæтдзагдæр рæхуыст куыд фæкæна, уый тыххæй дзырдтæ æвзаргæйæ, загъта. лæмæгъ хъæлæсæй: — Ды кæлдым бæлас дæ, лæг нæ, фæлæ! Бæлас- дæр нæ, фæлæ бутъро къодах! Зæгъ-ма, зонды мыг~ гагæй дæм исты ис? Уымæй дæр ацæргæ лæг —ху- динаг дæм нæ кæсынц дæ митæ? Хæсгы агъоммæ дæ- хæдзары къæсæры бын кæд иунæг хæфс царди, æн- дæр дæумæ, мурдæр ницы уыдаид, æмæ уый дæр, æвæццæгæн, æххормагæй мард... Фесæф мæ цæсты, разæй, кæрчиклой цыдæр, дыкъахыг тæвдииз! Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æвæткдзинад уыди: мендсанбаты дарæс ласæн уат кæддæриддæр уыдиг сабыр, æгуыппæг, райхъуыет-иу дзы æрмæст хъæр- зын æмæ нæтын, ахæм æвирхъау æлгъыст дзы стæм- хатт уыди. Фæлæ санитарьæн Звягшщевы æнæдаст бур- хъис мæллæг цæсгоммæ кæсын хъыг нæ уыди, йæ- рихиты бынæй йæм худти фæлмæн, зæрдæхæлар мид- был худтæй. Хæсты аст мæйы дæргъы^санитар сфæл- мæцыд, æппæтæй дæр фæзæронд бирæ адæмы хъизæ- мармæ кæсгæйæ, фæзæронд, фæлæ уæддæр дурзæр- дæ не сси. Бирæ федта цæф æмæ мæлæг салдæттæ- æмæ афицертæ, афтæ бирæ, æмæ рæстæг куы амонид уæд ынæгъгъæд у, Фæлæ уæддæр уыцы фыдæлгъысг хуыздæрыл нымадта, æнæныкъулгæ æнахуыр дзагъыр- дзастæй йæм цы сахъатджын цæстытæ каст, уыдо- лæй, æмæ ныр, æваст æмæ æнæсæр хъæугæйæ, йæ- 180
•-зæрдыл æрбалæууыдысты йæ лæппутæ, кæмдæр ын хурныгуылæн фронты цы дыууæ лæппуйы хæцы, уы- дон. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты/рогсулæфыд, ахъ- уыдьт кодта: „Ай бæргæ фервæздзæн, акæса, куыд æнæ- •сæттон æмæ цардæмхиц у! Фæлæ цымæ ныр мæ лæп- путæ та куыдтæ стьт? Дæлдзæх фод ахæм цард. Тæ- худы, мæ иу цæстæй сæм уæддæр куы бакæсин, кæд- .дæра мæ лæппутæ куыд æххæст кæнынц сæ службæ? Цымæ удæгас сты, æви, чи зоны, уыдон дæр уым ис- куы афтæ лæзæрынц æмæ сæ онг онгыл дæр нæ хæцьт?" Звягинцев та ныр канд ирвæзгæ нæ, фæлæ йæ къухтæй æмæ йæ дæндæгтæй фидар хæцыд цардыл. Ныр дæр ма мæрдвæлурс, -йæ цæстытæ цъынд, аф- тæмæй хуыссыд сынтыл. Йæ зæрдыл та æрбалæууы- дысты йæ сæфт цырыхъхъытæ æмæ æрдæбоны зæнг- саст сырхæфсæддон—ьшртæккæ операцигæнæн уатмæ кæй ахастой, уый, æмæ хъуыды кодта: „Ех, мæгуы- рæг, цы æвирхъау цæф ыл сæмбæлд! Сармадзаны нæ- мыджы стыр схъис ыл сæмбæлдаид, æндæр ницы. ’Стæг иууыл æттæмæ рабырыд, фæлæ хъыпп-сыпп нæ :кæны... Цы хъæбатыр у! Уый, кæй зæгъын æй хъæ- уы, бабыни, фæлæ æз хъуамæ аирвæзин? Мæнæн мæ къахы æнгуылдзтæ дæр рисс æнкъарынц. Æрмæст мыы дохтыртæ, тагъд-тагъд гæнгæ, æнæрхъуыдыйæ ма акъуырæнт мæ къæхтæ! Æндæра æз адзæбæх уы- дзынæн æмæ та хæцдзынæн... Чи зоны ма уыцымина- метчик немыцаг дæр, хорз мæ чи суазæг кодта, уый дæр мæ къухмæ æрбахауа... Ех, æз æй æнцонудисын •бæргæ нæ бауадзин! Мæ къухы бирæ фæхъихъхъытæ кæнид, цалынмæ йæ мæлæты уазæг бакæнин, уæдмæ. <&æлæ ацы лæппуйæн æнæмæиг алыг кæндзысты йæ къах. Уыи, бæгуыдæр, ницæмæн уал хъæуы цырыхъ- зсъытæ! Уымæн цырыхъхъытæ йæ фæсонæрхæджы дæр 181
нал сты. Фæлæ мæ хабар æндæр у: æз куы адзæ- бæх уои, уæд мын ме ’фсæддон хаймææдзæугæ нæн, æмæ ахæм цырыхъхъытæ та мæ цæрæнбоиты дæр ни- куы уал ссардзынæн! Æмæ сæ куыд тагъд ахауын кодта уыцы коса хæдмæл! Уæ, ме скæпæг хуыцау, ахæм æнаккæгты дæр санитархæй исынц! Ахæм цæнг- ты хицау хъуамæ, цæрмттæ кæм стнгъынц, уым ку- са, уый та йæхи æфсæддонты къахыдарæс къуыхтæ кæны..." Звягиыцев дызæрдыг нал кодта, зæгъгæ, нырма йæм: мæлæт дард у, æмæ йæ масг фыхти йæ цырыхъхъы- тыл. Уый бæрц хъыг ын уыди йæ цырыхъхъыты ха- бар, æмæ, зæрдæхæлар, æнæхъыг лæг уæвгæйæ, ныр« операциоы стъолыл гомæй куы хуыссыд æмæ йæ цьь хирург сгæрста, уый йын куы загъта, зæгъгæ: „Чы- сыл дæ дæхиуыл фæхæцын бахъæудзæн, ме ’фсымæ- ры хай", уæд мæотæй фæхъуыртт кодта: „Уымæй фнл- дæр фæбыхсыдтон, ницæмæн хъæуы дзæгьæлы дзу~ рын! Æнæрхъуыдыйæ мæ уæлдан мацы алыг кæнут, сымахыл зæрдæдарæн нæй..." Хирургæн уыди æры- гон, афæлахсгонд цæсгом. Сыкъафæлгæт кæсæнцæс- тыты æвгты мидæгæй Звягинцев федта: цалдæр æх- сæвы æгъуыссæгæй хирургы уæлтъыфалтæуыдыеты рæсыд æмæ сырх, йæ цæстытæ лæмбынæг, фæлæ æгæ- рон фæллад. — Иугæр фыддæр бабыхстай, салдат, уæд ныр но- длш хуыздæр хъуамæ бабыхсай. Уæлдай ницы ралыг кæндзыстæм, дæ зæрдæ ма ’хсайæд, дæуæй нæ ницьг хъæуы,—фæлмæн ныхасы уагæй та загъта хирург. Стъолы иннæ фарс лæууыд æрыгон сылгоймаг дох- тыр. Уыи, йе ’рфгуытæ æрбаиу кæнгæйæ, æргуыбыр кодта æмæ лæмбынæг сгæрста рынчыны. Звягинце- вæн нæмыджы схъистæй ныскъуыдтæ йæ чъылдым, ныххуынчъытæ йе ’рбадæнтæй йæ къæхты онг. Звя- 182
гинцев аивæй каст сылгоймагмæ, æфсæрмы кодта,. бæгънæг кæй уыд, уый тыххæй, йæхи хъизæмаргæ- нæджы æнцъылдтытæ скодта æмæ загъта: — Уæ, ме скæнæгхуыцау! Циу, цы мæдæцæстытæ ныссагътай? Бæгъыæг пæлгоймаг никуы федтай, æви? Ницы мæм ис ахæм цымыдисаг. Нæ дæр ай Æппæт- цæдисон хъæууонхæдзарады равдыст у, стæй æз дæр куыр миййаг нæдæн, уыцыравдысты цы куыр вæййы,. ахæм... Сылгоймаг дохтырæн йæ цæстытæ цæхæртæ акалд- той æмæ тызмæг загъта: — Æз дæ цымыдисæгтæм æппындæр нæ кæсын, фæлæ мæ куыст кæнын. Дæуæн та, æмбал, æнæдзур- гæйæ хуыздæр у! Хуысс, ныхас ма кæн. Диссаджы æнæдисцишшнæ .æфсæддон дæ! Ус ныффурт кодтаæмæ тигъмаз слæууыд. Звягин- цев ын йæ фæсырхгонд уадултæм æмæ йæ тымбыл, гæдыйы цæстытау, мæсты цæстытæм каст æмæ са- гъæс гæнгæ ахъуыды кодта: „Гъе, афтæ у сылгойма- джы фæцагайын: иу гæрах æй куы фæкæнай, уæд дыл ихуарæгау нызгъалдзæи... Фæлæ куы зæгъæм, уæд уыдонæн дæр æнцон нæу сæ куыст— æхсæвæй- бонæй сæ къухтæ змæнтынц нæ дзидзаты". Дохтыр- тимæ афтæ тызмæг ныхас кæй кодта, уымæй фефсæр- мы æмæ æндæр,< хатыргæнæг, сабыр хъæлæсы уагæй загъта: — Æмбал æфсæддои дохтыр, дæ ранг халатæй нæ зыны, иу чысыл мын мæ хуылфы спирт куы пытта- дзын кæнис,—фæлæ йæм дохтыр ницы сдзырдта. Уæд Звягинцев мæгуыргурæджы цæстæнгасæй скаст кæ- сæнцæстджын дохтырмæ æмæ йæ тигъмæазилæгсыл- гоймаг тызмæг дохтыр куыд нæ фехъуыстаид, афтæ ныллæг хъæлæсæй багуым-гуым кодта: — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, æмбал дохтыр, спирт кæп курын, 183
уый тыххæй, фæлæ мæ буар афгæ тыхджын риссы æмæ мæ мæ уд схауынмæ ницыуал хъæуы... —Гъе, уый æидæр хъуыддаг у! Уый мæ зæрдæмæ цæуы. Чысыл фæгæдзæ кæн, фенæм уал дæ, стæй уæд бæрæг уыдзæн. Кæд гæнæн уа, уæд дын рат- дзыстæм фронтон сæдæ граммы. — Ам фронт нæй, фронт ардæм дард у, ам фыл- дæр баназæп дæр ис ахæм ризс уæвгæйæ,—æмбарæн- гæнæн хъæлæсы уагæй загъта Ззягинцев æмæ йæ цæст цыбæлы цъьтнд æркодта. Фæлæ Оын пæ оны цур дудгæ цæф спиртæй куы рахеадтой æмæ Лæ цыргъцæмæйдæр куы фæрæхуыс- той, уæд æгасæйдæр йæхи скъæдзтæ кодта, фыррие- сæй ссыф-сыф кодта æмæ æрдæбонау сабыр, хатыр- гæнæджы хъæлæсæй нæ, фæлæ æртхъирæнгæнæджы фæсус хъæлæсæй загъта: — Гъæп-гъæй, цадæгдæр архайут... фæзилæнты! — Оххай, æфсымæр, куыд мæстыгæр дæ, куы! Цы мьтл сыф-сыф кæныс, хъаз куыдзыл куыд сыф-сыф кæна, уыйау? Медицинон хо, æри-ма спирт æмæ бæм- бæг! Куы дын дзырдтон, зæгъын, иу чысыл дæ дæ- хиуыл фæхæцын бахъæудзæн, уæд ма цытæ кæныс? Дæ зæрдæйы хатт æвзæр у, æви цы? — Уæдæ цардæгас буары цы ракъах-бакъах кæнут, цыма дæ къух дæ дзыппы нытъьтстай? Ам сыф-сыф пæ, фæлæ, бахатыр кæн, лæг куыдзау дæр ср’æй- дзæн... æмæ нынниудзæн,— мæстыйæ, дзæвгар ф$р- хæц-фсрхæцы фæстæ загъта Звягинцев. —Уанцон нæу, афтæ тынг дын риссы? Ау, дæ’бон быхсын нæу? — Рисгæ, нæ, хъыдзы мæ кæнъь Æмæ æз та мæ гыццылæй фæстæмæ хъыдзыйæ тæрсын... Выхсын дæр уьтмæи нæу мæ бон...—йæ дæндæгтæ’ ньглхъывта, аф- тæмаЬй загъта Звягинцез, стæй Шæ цæ-етом иннæрдæм 184
азылдта—йæ рустыл гæр-гæр кодтой йæ цæссыгтæ азмæ архайдта, куыд нæ йæ фæфиппайдтаиккой, афтæ сæ простиняйы кæронæй асæрфыныл. — Быхс, быхс, гвардион! Дæхицæн уыдзæн хуыз- дæр,—сабыргæнæг хъæлæсы уагæй загъта хирург. — Исты фынæйы хос мын уæддæр куы раттиккат, цы хæлæг кæнут уæ хостæ? —зынæмбарæы ныллæг - хъæлæсæй багуым-гуым кодта Звягинцев. Фæлæ хирург загъта цыдæр цыбыр, барджын ны- хас, æмæ Звягинцев хæсты рæстæджы цыбыр каман- дæ æмæ барджын ныхас æххæст кæнын кæй фæцай- дагъ, уьтмæ гæсгæ ныхъхъус æмæ йæ рисс урæдта. Хаттæй-хатт-иу мæрдвынæйау аци, фæлæ ахæм мæрд- выйæйæ дæр йæхи афтæ æнкъардта, цыма йын йæ бæгънæг буар æнæфсис стæрд кæны фыдбыльтзы ар- ты пиллон, стæры йæ, йæ тæккæ стджытæм ын фæ- хæццæ кæны... Кæйдæр фæлмæн æнгуылдзтæ, æвæццæгæн, сыл- гоймаджы æнгуылдзтæ йын æнæсцухæй хэецыдысты йæ къухыл æмæ сын æхцонæн æнкъардта сæ хъарм. Стæй йын арахъ адардтой æмæ æппынфæстаг бара- сыг—арахъхъæй миййаг пæ—уанцон расыгнæу цæй- дæр сæдæ граммæй!-—фæлæ ацы æвирхъау зынæвза- рæн бон цы бавзæрста, уымæй. Боныфæстагмæ йæ рисс дæр куыддæр фендæргъуызон, фæсабыр, цыма йын хирургы арæхстджын къухтæ йæ рохтæ нылхъыв- той, уыйау. Звягинцевы та сæрач’т бынмæ бинтытæй тыхтæй, йæ буары уæз не ’нкъаргæйæ, сынтыл æнкъуысгæ куы фæцæйхастой, уæд фæлвæрдта йæ рахиз къух тилыя—-уыцы къух ын цæф нæ уыди—æмæ ыыллæг хъæлæсæй дзырдта, ахæм ныллæг хъæлæсæй, æмæ йæ дзырдсанитарты йсдтæмæ никæмæ хъуыст, фæлæ пæхæдæг афтæ æнхъæл уыд, цыма йæ хъæлæсы дзаг хъæр кодта: 185
— ...Нæ мæ фæнды ацы уагдоны! Ницæмæн мæ? хъæуы! Ам мæиервтæ вæ уромынц! Кæдæмфæнды мæ* ахæссут, æрмæст мæ ам нæ фæнды! Фронтмæ? Цæ- уын, цæуын фæстæмæ фронтмæ, фæлæ ам разы нæ* дæн! Мæ цырыхъхъытæ мын цы фæкодтат? Рахæссут мын сæ, мæ нывæрзæн сæ нывæрдзынæн. Уæд æдас- дæр уыдзысты... Науæд сымах искæй цырыхъхъы- тæм гæппæввонг лæуут! Иæ, мæ хуры" чысыл, цæ~ мæй цырыхъхъытæ райсай, уыи тыххæй дæ хид, хъуамæ рацæуа, къуыхтæ сæ алы сæрхъæн дæр нык- кæндзæн... Уæ ме скæнæг хуыцау, мæнæ куыд рис- сы мæ буар! Цыдæр ма гуым-гуым кодта, æнæмбаргæ сæнттæ цагъта, сидти Лопахинмæ, куыдта, йæ^дæндæгтьг хъыррыст цыд, цыма тар’ доны аныгъуылд, уы- йау ницыуал бамбæрста—бауадзыг. Уыцы рæстæ- джы хирург та сырх сæнæй ахуырсты хуызæн урс- стъолы корроныл йæ дыууæ къухæй фидар хæцыд. æмæ дзой-дзой кодта, куы-иу йæ къахкъухтыл фæ- уæз кодта, куы йæ зæвæттыл. Фынæн уыди... Æр- мæст йе ’мбал дохтыр, йæ фарсмæ цы стъол уыд, ууьыь нырма ныртæккæ хуылфы вазыгджынопераци чи фæ- ци, уыцы саузачъе егъау лæг йæ къухтæй тугæй’ хуылыдз æрмкъухтæ куы раппæрста, сæ фæлмæн тъыллупп куы фæцыд æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй куы: сдзырдта, зæгъгæ, „Куыд удæ бæгъатыр, Ииколай. Петрович? Фервæздзæн?", уæд фсхъал æрыгон хи- рург; уæды онг стъолы кæрон æлхъывтой йæ къухтæ, ныр сæ феуæгъд кодта, ахуыр куыдуыд, ахæм фев- нæлдæй бадзæбæх кодта йæ кæсæнцæстытæ æмæ йын уый дæр хъуыддаггъуыз, фæсусгомау хъæлæсæй- дзуапп ратта: — Æнæмæнг. Нырма йын ницы тас у. Уый ирвæз- гæ нæ, фæлæ хъуамæ хæцгæ дæр кæндзæн. Бауыр- 186
нæд дæ, аф/гæ фидар у, æмæ йæм лæг тæхуды кæ- ны... Фгæлæ йын ныртæккæ æрвитæинæй: йæ иухъæд- гом куыддæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы... Иу чысыл фæ- гæдзæ кæнын хъæуы. Æрыгон хирург банцад йæ дзурынæй, цалдæр хат- ты ма фæдзой кодта, фыццаг йæ къахфындзтыл, стæй. йæ зæвæттыл алæууыд, йæ æппæт тыхтæй тох кодта æгæрон фæллад æмæ хуыссæджимæ, стæй йæ зонд æмæ йæ бархъомыс йæхимæ куы ’рцыдысты, уæд та йæ цæсгом азылдта кæрдæггъуыз хъуымацæй æм- бæрзт, палæткæйы дуармæ æмæ, сахаты ’рдæджы. агъоммæ цахæм лæмбынæг, сырх æмæ æвирхъау фæл- лад цæстытæй каст, ахæм цæстытæй кæсгæйæ, фæл- мастæй загъта: — Евстигнеев, ракæнут æндæры! Хъæды æрдынæгау æркалдысты минæтæ æмæ сæ^ хæлыны хъæр азæлыд. Лопахинмæ æввахс, къутæры фæстæ,-чидæр йæ ком дæргъвæтин айвæзта æмæ æвæ- лмастæй сдзырдта: — Сгарæн æхст та кæны, цъаммар! Ныр та райдай- дзæн минæтæ калын æмæ змис змæнтын, цалынмæ- хъæд иууылдæр ахсæда, уæдмæ. Уый ахæм у, цъам- мар, уæлдай минæ разыгъгъуытт кæнын йæ цæсгом æнæбахъæцгæ нæ фæуыдзæн... Фæлæ минаметты æхст уайтагъд фæсабыр. Æр- мæст дæрддзæф кæмдæр сæртæг, мæсты къыбар-къы- бур кодтоц автоматтæ, æмæ Доны фурды фаллаг фарс^. бомбæтæй хæлд хиды ыыхмæ, хъæды мæнг æгуып- пæгдзинад сгарæгау, бæрæг рæстæгæп-рæстæгкæ æхс- та немыцаг пулемет. * Уалынмæ пулемет фæхъус, бæстæ фæсабыр æмæ- бæлвырддæр райхъуыстысты хæсты æндæр хъæлæс- 187;
тæ: дард кæмдæр, хурыскæсæньт, æнæсцухæй гуыр- туыр кодта артиллери æмæ дард кæй уыд, уымæ гæс- гæ ньшæгæй хъуыст йæ дæргъвæтин нæрын;' цæст æй куыд нæ уыдта, афтæ бæрзонд къуыр-къуыргæ- нæг дард сгарæг хæдтæхæджы æрхæцгæ гуыр-гуыр, æмæ Доны фурдьт къуышштæ-дзыхъхъытæ рахиз фæрсты Клетская, зæгъгæ, станицæмæ тындзæг не- мыцаг бирæ танктæ æмæ автомашинæты æмвæтæн бæз- джын уынæр. Дæрддзæф гæдыбæлæсты цъуппыты сæрмæ дым- гæ гæзæмæ æнкъуыста, хуры зулаив тыитæ иннæ- рдæм кæм ахызтысты, ахæм хæрз тæнæг цъæхбын мигъы фæздæг æмæ йæ узæгау кодта. Тарф фыыæйау сæргуыбыр урс дидингуыты цупæлттыл æмæ уагъылы- йы сырхбын дидннгуытыл, цыма арвы роны æрттивæнтæ байзæрстæуыд, уыйау тæмæн калгæ æрттывта æртæх. Æхсæвы къæвдайы фæстæ хъæд фæцæрдæг. Стрельцов каст зæрдæрайæ, хъуьтдыты ацыд, афтæмæй загъта: — Куыд рæсугъд у хъæд, п? Лопахин йæ цæсты зулæй фæкаст йæ хæлармæ, фæлæ йын ницы дзуапп ратта. Йæ дæндæгтæ ныл- хъьтвта, йе знæт цæстыты æдзынæг, æнæныкъулгæ каст скодта, фурды фаллаг фарс мелбын обауы фа- -лейæ фыдуацхæссæг бур рыджы мигъ кæм сыстад, уырдæм, æмæ æнæдзургæйæ лæмбынæг хъуыста, ра- гæй кæй зоны, ахæм стыр размæбырсты тызмæг уы- нæрмæ. Лопахии дæр уарзта æрдз, уарзта йæ, йæ царды бирæ азтæ зæххы бын уæззау куысты ни арвита, ахæм лæг æй куыд уарзьт, афтæ. Æгæрыстæмæй-иу хаттæй-хатт акопы дæр, чысыл-иу хæст куы фæса- бцр, уæд цымыдисæп каст фронты сæрмæ фæздæдж- джын арвыл ленкгæнæг доны хъазы хуызæн урс Л88
мигъмæ, куы. сармадзаны нæмыджы зæронд къахт уæрмы был иæхи æруазæггæнæг æмæ æдзард, хур- сыгъд сыджыты фæзгъæрты фарсмæ йæ рæсугъд- дзинадæй æнæмæлгæ чи зынд, ахæм дидинæгмæ... Фæлæ Лопахин ныртæккæ нæ уыдта нæ дæр къæв- дайы æхсад хъæды алæмæты рæсугъд, нæ дæр дидиыæгзгъалæг уагъылыйы æнкъард рæсугъддзинад. Æппындæр ницы уыдта, знаджы машинæтæй чи сые- тад æмæ хурныгуылæны ’рдæм цадæггай цы рыг æнкъуыст, уый едтæмæ. Уым, хурныгуылæны, Доны фурды атагъайы цъæх быдырты знаджы къухæй хæсты фæмардысты йе ’мбæлттæ, дард хурныгуылæны баззад йæ райгуырæн горæт, йæ бинонтæ, йæ фыды чысыл хæдзар æмæ йæ фыды сагъд æмпылд тæгæр бæлæстæ. Æппынæдзух сыл бадти дурæвзалыйы рыг, бакастæй—тæригъæд- даг, фæлæ-иу йæ фыдимæ сæумæрайсом шахтмæ куы цыдысты, уæд-иу кæддæриддæр адæймаджьг цæст рæвдыдтой уыцы бæлæстæ. Цыдæриддæр царды зы- наргъ æмæ йæ зæрдæйæн адджын уыди, уыдон иу- уылдæр баззадысты уым, немыцы хицауады къухы... Æмæ та, ныр цал æмæ цал хатты, хæст куы райдыд- та, уæдæй фæстæмæ, Лопахины хуыдуг кодта знагмæ судзг’æ масты азар, йæ хурхы сæртæ æваст æхгæдтой, йæ бон нал уыд æлгъитын дæр. Афтæ-иу фæци хат- тæй-хатт тохы. Фæлæ-иу уæд уыдта знаджы салдæт- ты æмæ уыцы æлгъыстаджы тарбын цъæх танкты, сæ уартсæрст фæрстыл дзуæрттæ, æмæ сæ канд уыи- гæ нæ, фæлæ сæ куынæг дæр кодта уартсæттæн топ- пæй. Уæд-иу йæ судзгæуыраугæ, хуыдуггæнæг маст суагъта тохы. Фæлæ ны{) та? Ныр уыц у, дардæй чи кæсы, ахæм дæрæнгонд æфсæддон хайы салдат, йæ бон ницы у, афтæмæй мæстæймæлгæ дардæй , кæсы, знæгтæ йын йæ райгуырæн зæххыл уæлахизæй куыд 189-
сæпп кæнынц æмæ æнæкъуыльшпыйæ иууыл дардæй- дарддæр, хурыскæсæнмæ куыд цæуынц, уымæ... Лопа- хин Стрельцовы къухтæй блокнот ратыдтаæмæ дзы тагъд-тагъд афыста: „Никъала, æз фæсфронтмæ нæ ацæудзынæн. Куыд зыны, афтæмæй нæ хъуыддæгтæ æвзæр сты. Мæ бон нæу ныртæккæ ардыгæй ацæуын! Хъуамæ фронты раззаг хаххы баззайон, искæцы æф- сæддон хаимæ баиу уыдзьшæп. Ды дæр мемæ пыл- лæу, Коля!" Стрельцов æй бакаст æмæ, гæзæмæйы едтæмæ, æнæ- къæзгæ, æнæрхæцгæ сдзырдта: — Мæхимæ дæр ахæм фæнд ис. Цæугæ дæр уымæн æркодтон ардæм. Æрмæст старшина цы зæгъдзæн? Ауадздзæн дæ? Нæ мæ уырны... Мæнæн æнцондæр у: Æз нырма медсанбаты фыст дæн. — Æмæ æз цы кодтон, исты мæ усмæ уазæгуаты цæуын? куыд мæ нæ ауадздзæн, уьщьт киноныв куы -фенин!—мæстыйæ загъта Лопахин, Стрельцов хъус- гæ кæй нæ кæны, уып дзы уысмы бæрц æрбайрох. Фæлæ къуырма æмæ æгомыг адæнмаджы цæсгом куыд вæййы, йе ’мбалы ахæм лæмбынæг æмæ тых- .джын æнхъæлмæгæс цæсгоммæ куы фæкаст, уæд мæстæлгъæдæй ницыуал сдзырдта. Ставд дамгъæтæй ныффыста „ауадздзæн", зæгъгæ, æмæ кæрæдзийы фæдыл цалдæр ахæм егъау хъæры нысаны æрывæрд- та, æмæ лæг загътаид, уыцы хъæры нысæнттæн æр- :мæст сæ иу фендæй дæр Стрельцов хъуамæ æппын- дæр мауал гуырысхо кодтаид. Пæлæхсар кæрз бæласы цъуппыл лæмæгъ æнæ- уæндонхъæлæсæйсуасыдгаккукк. Суасыд æмæ ныхъ- ^съус, цыма хотыхджын адæмæй æмæ дардæп цы сар- мадзанты хъæр ленк кодта, уымæй йæ. тæккæ дзаг хъæды йæ сагъæсгæнæг æмæ æнкъардгома^^ уасын кфй нæ фидауы, уый бамбæрста, уыйау. Æмæ уай~ 190
тагъд Лопахин фехъуыста Копытовскийы хиуылæв- вæрсон, æлгъаг хъæлæс: — Диссаджы зæндджын маргъы мыггаг у гаккукк! Цалынмæ уалдзазг фæуа, уæдмæ дын уасы æмæ те- бæйы фиу куыд физонæг кæна, уыйау æхцон къæр- къæр кæны, стæй йæм мауал бахат—-ыал дын фæуи- •сæн кæндзæн. Ныртæккæ, уымæ хъусгæйæ, мæхицæн базон-базон загътон: кæддæра ма цас фæцæрдзынæн. Уый, æлгъыст фæуа, дыууæ хатты суасыд æмæ ныхъхъус. Фæзæрдиаг мыл ис, даргъкъæдзил æнак- каг цыдæр! Фæлæ йæм æз, раст зæгъгæйæ, нæ фæ- хъыг дæн: афтæ рауад, æмæ дыууæ азы мæ бон у <бынтон æддсæй хæцын, æппыидæр мын тас иæу мæлæ- тæй! Цыма мæ хъæуы уымæй хуыздæр! Мæн æндæр ницы хъæуы. Дыууæ азмæ хæст дæр хъуамæ фæуа, уæдæ цы? Фæуыдзæи. Æмæ хæсты фæстæ уыцы фыдхъуын гаккуккмæ æз’ кæсгæ дæр нал фæкæндзы- нæн æмæ мæхицæн цæрдзынæн, цас мæ фæнда, уын- .ас. Иттæг хорз! — Хорз дын цæуы, лæппу, иттæг хорз!--дисгæн- гæ загъта уазалдзыд фæсус хъæлæсæй автоматчик Некрасов Павел.—Ныртæккæ дæ уырны гаккуккы ны- хас, фæлæ хæст куьт фæуа, уæд ын йæ куырыхон ныхæстæ аппардзынæ! — Уæдæ дæу куыд фæнды? — хъуыды гæнгæ, дзуапп радта Копытовекий,—мæнæн, мæ хæлар, ныф- сытæ æвæрын æрмæст ныртæккæ хъæуы, æндæра хæсты фæстæ мæхæдæг дæр исты амæлттæй цæрдзы- нæн, мæхи хъаруйæ... Копытовский къутæры фæстейæ ракъахдзæф код- та, Стрельцовы ауыдта æмæ йæм фырдисæй йæ цæс- тытæ ныиирд сты. Йæ фыдджын тымбыл цæсгомыл ахъазыд дисы бафтæджы мидбыл худт. Йæ бæгънæг агъд ныкъкъæрцц кодта, йæ хæлафы къах йæ тæккæ 191
ронбастæй йæ уæраджы къæдзмæ окъуыд кæм уыдг раст уыцы тæккæ ран, æмæ дисы хъæр фæкодта: — Стрельцов? Мæнæ диссаг!.. Ацæргæ, æрдзæй æвæлмаст Некрасов та, йæ хъуы- рыл аунгъд автоматыл йæ къухæй куыд хæцыд, афтæ йыл хæцыд, æмæ цыма Стрельцовимæ æрмæст сахаты ’рдæджы агъоммæ фæхицæн сты, ахæм ныхасы уагæй загъта: — Æрыздæхтæ, Никъалан? Иттæг хорз. Æндæра бирæ нал стæм... Л-фæстаг бонты нæ ныффæрсыгъта æнаккаг немыц, балуæрста нæ сасирæй луарæгау. Стрельцов цæуылдæр арф ахъуыды кодта, ныллæг æруагъта йæ сæр, зæхмæ каст, йæ галиу къухы æн- гуылдзтæй йæ рихитæ даудта æмæ æрбацæуæг æм- бæлтты нæ федта. Лопахин ын æхсгæ каст фæкодта иæ цадæг æн- къуысгæ сæрмæ, зæронд лæджы къухау йæ цадæг ризгæ къухмæ æмæ, Кодытовскийы диссаджы æнæ- низ цæегоммæ фыдгулы цæстæй бакæсгæйæ, загъта: — Ма хъæр кæы! Уæддæр дæ нæ фехъусдзæн.. Бакъуырма. — Æппындæр нæ хъусы?—ноджы тынгдæр ныд~ дис кодта Копытовский æмæ та йæ агъд ныкъкъæрцц, кодта. — Нæ хъусы. Æндæр ма?—цадæггай , а сырхуæв- гæйæ, йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта Лопахин.— Да^ бæгънæг буар цы къæрццытæ кæныс, цыма театры дæ? Ничи йæм кæсы, мæлæты артист! Фæсахъатджыы æмæ йыл ницæмæн хъæуы дис кæнын, æнæхъуаджы æндзæгъд кæнын! Уый бæсты дæ хæлаф бампъуз^ къуыдипп цыдæр, науæд зæд дзæнæты куыд бæгъ- нæг вæййы, афтæ бæгънæгæй цæуыс, дæ худинаг- гæнæг æттæмæ зыны... -—Иу дзырдæй, дæ уд дык фæхаста мæ хæлаф!— 192
фæхъыг æм Копытовский. — Ныр мыы æй цал æмæ- цал хатты бадардтай мæ цæстмæ? Мæ бон нал у дæ уайдзæфтæм-хъусын! Науæд æн куыд хъуамæ бам- пъузон, кæрæдзийыл дзы куы ницыуал хæцы? Æр- кæс ма йæм дзæбæх, цы ма дзы баззад! Æнæхъæн ма дзы ис—иу гæппæл разæй, фæстейæ та йæ ко’м- дæл, иннæ иууылдæр бамбыд æмæ къухты мидæг лæ- зæры. Афтæмæй бар-æнæбары фестдзынæ зæд, уымæй дæр фыддæр... Нæ дæр æндах ис. Æндæхтæ ныртæк- кæ æфсæддон базарады палаткæимæ кæм сты, уый зоныс? Æвæццæгæн, Саратовæи фæфале сты, ды та— бампъуз æмæ бампъуз! Некрасов йæ къух æрæвæрдтаСтрельцовы уæхскыл æмæ хъæрæй загъта: , — Æгас цæуай, Никъала! Стрельцов цæхгæр фестъæлфыд, йæ сæр фæхъил- кодта, йе ’рфгуытæ фæтар -сты, фæлæ уайтагъд йæ сау рихиты бын йæ мидбыл худтæй ферттывтой йæ зылын урс дæндæгтæ. Йæ дзых схæлиу кодта, архайд- та цыдæр зæгъын, тыхивæзт кодта йæ бæрзæй, йæ сæр тылдта. Йæхъæл-хъæлагыл фæхæцыдлыстæг сау хъуынтæ, стæм хатт, фæлæ йын тыхджын фее’тъæлф- фестъæлф кодта. Æбæрæг фæсуо зæлтæ æттæмæ бырстой, пæлхъ-пæлхъ кодтой йæ хъуыры. Лопахинæн фырмæстæй йæ зæрдæ фæцæйтыдта. Йæ зæрдæ-иу куы рыст, уæд-иу алы хатт ’дæр куыд кодта, афтæ ныр дæр йæ фыидзы хуынчъытæ афæ- лурс сты, судзгæ мастæй йæ цæстытæ адымстысты, Копытовскимæ сæ ыыдздзагъыр кодта æмæ йыл сцъах- цъах кодта: —• Иуырдæм азил дæ цæстытæ! Цы йæмсæ ныйирд кодтай? Бакъуырма ис æмæ къæзгæ кæны! Ма йæм кæс! Зын ын у, æмбарыс æви нæ? Ма йæм кæс дын куы зæгъыы, гомгæрцц дæлимон!.. 13. М. Шолохов. 193
Копытовскнй фергъуыйау, йе уæхсчытæ фæхъил кодта. — Нйцы йын зыдтон... Науæд ды цæуыл.æрдиаг кæныс, Лопахин? Дæуæн ахæм хъæлæс ис, æмæ хъуа- мæ базары æхсынæнтæ уæй кæнис, дæ базайраг тых- хъард куыд кæнай... Мæ фæндæй ды гуырымыхъ, на- лат адæймаг дæ, афтæмæй та мын тпахт.ты куыста, изæры рабфачы ахуыр кодта. Ныхы.сæры йас йедтæ- мæ дæм культурæ нæй, мæнæ уый бæрц! Мæсты Копытовский йæ къухы ныхæй йæ кæс- тæр æнгуылдзы кæроныл банысан кодта, уымæ гæс- гæ Лопахинмæ цас культурæ ис, уый. Фæлæ йæ уый æппындæр ницæмæ дардта. Йæ къухтæ кæрдæджы ныссагъта, адæргæй рафт-бафт кодта змисы, йæ бон быхсын иал уыд, афтæмæй æнхъæлмæ каст, Стрель- цовы хъæлæсæй фыццаг дзырд кæд схаудзæн, уымæ. Афтæ тыхсти, æмæ æгæрыстæмæй чысыл иæ цæсгом дæр фæсырх. Стрельцов йæ цæстытæ бацъынд кодта, фырæзнæтæи йæ цæстыхаутæ стæлфыдысты, афтæмæй тыххæй- фыдæй загъта цалдæр арфæйы дзырды. Уæд Лопа- хин асæрфта, йæ ныхыл цы хид рахъардта, уый, æн- цон улæфт скодта æмæ загъта: — Зын ын райдайын у, стæй иугæр куы фæцалх вæйны, уæд дзæбæх дзуры, æнцон æмбарæн нæу, фæлæ йын бамбарæн ис. Иуæй-иу оратор уымæй æз- зæрдæр фæдзуры, æцæг зæгъын,æцæг! . Стрельцов тыххæй-фыдæй дзурын сфæразгæпæ, азымджыны мидбыл худт кодта æмæ, йе ’мбæлтты кьухтæ исгæйæ, загъта: — Бакъуырма дæн, æмбæлттæ, стæй ме ’взагьгл дæр цыдæр бæллæх æрцыд...'Нал мын уисæн кæны... ^>æлæ дохтыр загъта, зæгъгæ, уый рæстæгмæ афтæ у... Мæ цинæн кæрон дæр нæй, уемæ та кæй дæп, 194
уый тыххæй. Æрмæст нырма мемæ дзурын хъæуы фысгæйæ... Мæнæ мын Лопахинимæ цы къæнцылар уади,—æмæ æрдæгцъьшд, фæлæ худгæ цæстытæй <5ацамыдта блокноты фыст сыфтæм. Некрасов ын тæригъæд кодта, нæтыд, йæ цæсгом нынцъылдтытæ, автомат систа йæ хъуырæй, æрбадт Стрельцовы фарсмæ æмæ йын æмæнкъарæн зæрдæйы уагæй йæ фæсонтæ æрхоста. — Кæсы-ы-с!—йæ дзырд даргъ ауагъта.—-Цы дзæ- бæх æркастысты лæппумæ... Уыдон цъаммар не сты, бынтондæр æй фæсахъатджын кодтой! Рог дымгæ æрдузыцадæг уызта кæрдæг, бæлæс- ты сыфтæртыл сур кодта къæвдайы фæстаг æртæхты. Цьтди хурмæ .стæвд уæвæг уагъылыйы дидинджыты’ хæрз’дæф, æнæкарст баззайгæ кæрдæджы æдзæхх тæф; къæвдайы фæстæ сур кодта зæхх æмæ дзы, тулдз боцкъайау, цыди фароны сыфтæрты æмбыд, дæрзæггомау маст тæф. Доны рахиз фарс бомбæтæ фехæлд æмæ сæ гыбар- гыбур азæлыд. Фурды былыл гæдыбæлæсты сæрмæ арвмæ стахтысты æмæ дымгæмæ цадæггай тадыс- ты сауфæздæджы цæджындзтæ. — Судзынц сармадзаны нæмгуытæ æмæ бендзинæй дзаг машинæтæ. Дзæгъæлы сæфы нæ фæллой!—йæ сæр нынкъуыста æмæ йæхицæн дзурæгау багуым- гуым кодта Копытовский. Иу чысыл ма æнæдзургæйæ алæууыдысты; стæн Некрасов бафарста Лопахины: — Куыд æнхъæл дæ, цымæ нæ ныртæккæ арвит- дзысты ног полк ифтонг кæнынмæ? Лопахин æнæдзургæйæ йæ уæхсчытæ банкъуыста. — Старшина ацыд æмæ ныртæккæ нæ фæндаг кæ- дæм хъуамæ дарæм, уый базондзæн. Чи зоеш, нæхи- онтæ ам искуы æввахс разыной, Лæппутæй чидæр 195
дзырдта, цыма ан, хъæды федта æртын цыипæрæм полчы штабы хистæры. Афон нын у ардыгæй нæхи айсынæн,—дзырдта Некрасов.—Адæм хъахъхъæдады æрлæууыдыстьт, халагъудтæ аразынц, акоптæ къа- хынц, алчи куысты сæр лæууы. Махта лодыры бадт кæнæм, лекка кæнæм хъæды, иннæты дæр ма хъыг дарæм. Лопахин йæхи ныхъхъус кодта. Некрасов йæ цæст- æнгас раздæхта-Стрельцовмæ æмæ йæ сæр банкъуыста. — Фæлæ Никъала дзæгъæлы рацыд санчастæй. Ныффысс æмæ йын бамбарын кæн, зæгъгæ, хъуамæ йæхи сдзæбæх кæна, кæннод цæрæнбонмæ афтæ къæзæ- нæгæй баззайдзæн, афтæ суанг йæ мæлæты бонмæ йæ сæр тилдзæн цæуау. — Фыстон æм,—æнæбары дзуапп радта Лопах’ин. — Æмæ цы зæгъы? — Ам баззайдзæн. — Уæдæ йæхивæндæй æртъæбæртт кодта? — Уæдæ куыд æнхъæлдтай? — Ех, бынтон дзæгъæлы. Бахатыдаие æм. Хæлæрт- тæ куы стут. — Фæлвæрдтон ыл. — Æмæ? — Нæ разы кæны. Уый ныртæккæйы уавæр иу- æй-иу куыдзы фырттæ куыд æмбарынц, афтæ не ’мба- ры,—дардыл æххæссæг хъуыдыйы уагыл загъта Лопахин. — Акæс, дæ хорзæхæй!—йæ дæндæгтæ нылхъив- гæйæ, загъта Некрасов, аргъуц æмæ гæзæмæ ирони- йы цæстæй бакаст Стрельцовмæ. Рагæй зоны Лопахин Некрасовы. Харьковы цур зымæгон тохты уæззау бонты иу æфсæддоны хайы Ьлужбæ кодтой. Уый фæстæ ацы полкмæ дæр иумæ æрцыдысты, баххæст кæныны тыххæй йæм ног æфсæд- 196
донтæ куы ’рбарвыстой, уæд. Æввахс хæлæрттæ пи- куы уыдысты, чи зоны, уымæн, æмæ Некрасов уый бæрц æргомзæрдæ лæг нæ уыди. Фæлæ йыл тохы кæддæриддæр зæрдæ дарæн уыди. Уый хорз зыдта Лопахин, æмæ йын зæгъгæ дæр уымæн кодта, цыма фæлмæцыдæй сæ хуыз аивтой, Некрасовы ахæм цъæх- бын фæлурс цæстытæм фæлварæджы цæстæй кæс- гæпæ: — Æзæмæ Стрельцов афтæ сфæнд кодтам: мах баз- зайдзыстæм ам. Ныртæккæ ахæм боныгъæд нæу, æмæ фæсфронт хъеллау чындæуа. Кæй онг нæ æрбасчъил кодта немыц... Ахъуыды кæнгæйæ, худинаг æмæ æр- диаг у, кæй онг ныл рахæцыд фæстæмæ, куыдзы фырт! Ды цы зæгъдзынæ, Некрасов, немæ нæ ныл- лæудзынæ? Иу фæлтæрд хæстон, стæй дыккаг, æртык- каг...куы ныллæууа, уæд уый тых у, тых! Фурд дæр æртахгай рæзы. Æндæр искуыцæй ам тынгдæр хъæ- уы нæ сæр, афтæ нæу? Копытовский йæхимидæг дис кодта Лопахины хъæ- лæсы лæггьзтæгæнæджы æууæлтыл. Фæлæ Некрасов æнæратас-батас æмæ æнæдывæндæй цæхгæр дзуапп рагта: — Нæ, нæ ныллæудзынæн. Уадз æмæ ног хæстои- тæ, топпыхосмæ чи нæма басмыста, уыдон дæр хæсты ад базоной, сæ дзæмбытæй маст астæрой, æз фæс- фронтмæ ацæуыны ныхмæ ницы зæгъын. Цалын- мæ полк ногæй ифтонг кæной æмæ æндæр дæ- лæ-уæлæтæ, уæдмæ дзæбæх аулæфдзынæн, ацы зын- доны бонты . æгъуыссæг кæй фæдæн, уый хъыгъд хуыссæгæй бафсæддзынæн! Бауырнæд дæ, а-фæстаг рæстæджы мæм цæйдæр æцæгæлон сыстытæ дæр’ фæзынд. Нæ -зонын, хъынцъымы тыххæй уа? —-Чъизийы тыххæй. Афæдз иу хатт едтæмæ дæхи нæ найыс,—сабьтр" загъта Лопахин, йæ уæрджытыл 197
уæнгуагъдæй æвæрд къухты æнгуылдзты згъæр-фи- дар миндалы аппы хуызæн ныхтæм иттæг лæмбынæо кæсгæйæ. — Чизоны, чъизийæ дæр у, — сразы Некрасов. — Найынмæ та нæ, дæхæдæг зоныс, æвдæлгæ нæ кæны, курорты миййаг не стæм, стæй мæн æнæуый дæр тæфсæг нæ уадзы. Гъемæ, фæсфронт иу чысыл мæ сыстытæ азгъалдзынæн, рæстæгмæ искæмæ мидæг- моймæ бацæудзынæн... Бацæудзынæн æппæты æвзæр- дæр усмæ, æрмæст йæ хæдзары хъуг уæд! Ех, æз дын цардæй къæртт æппардзынæн æхсыры сæрты хъуы- рауы фарсмæ, мæхи хорз фендзынæн дзаджджын хъæбынтæй. Куыд æмбæлы, афтæ мæ фæллад суадз- дзынæн, стæй... стæй фæстæмæ фронтмæ, разы дæн... Некрасов дзырдта цыбæл æфтаугæ, хурмæ хуыз- ивд фæлурс цæстыхаутæй йæ æрдæгцъынд цæстытæ- æрæмбæрзгæйæ, йæ бæзджын, æттæмæ фæлдæхт был- тæй цыдæр адджын цъæм-цъæм гæнгæ. Лопахин ын лæмбынæг хъуыста йæ цадæг ныхасмæ, иуыл бæр- зондæй-бæрзонддæр цыди йæ къæлæсы галиу æрфыг, стæй æппынфæстаг нал бабыхста æмæ, йæхи барæй хъæлдзæг даргæ, фæхъæр кодта: — Диссаг дæ, æвæдза, диссаг, Некрасов! — Диссаг æз нæ дæн, диссаг фыркъа у: суанг джиуæргуыбатæм йæ мады цъиры, йæ цæстытæ ныт- тымбыл вæййынц. Æз та цы диссаг дæн? Нæ, уымæй рæдигæ кæныс... — Уæд та диссаг нæ, фæлæ фыддæр цыдæр...— загъта Лопахин зæлгай æмæ, алы хаттау, йæ масг фæкъæртты агъоммæ йæхи тыххæй-фыдæй уромгæ. — Цы дæн, уый дæн, ныр мæ ногæй нал рацæгъд- дзынæ, барæджы,—рог раулæфгæйæ, дзуапп ратта Некрасов,—Стæй ам ницы дæр диссагæй ис. Мæнæ хъахъхъæдады цы дивизи æрлæууыд, уыцы дивизи- 198
йæ мын иу лæппу дзырдта, зæгъгæ, дивизи рæзти Вольскы горæты, æмæ, дам, уым иу усмæ мидæгмой- мæ бацыдтæн. Уыцы усæн, дам, йæ лæг ацыд æф- садмæ, æмæ, дам, æм уыди æртæ дуцгæ сæгъы. Цæр- гæ нæ, фæлæ, дам, мын иууылдæр урсыкъуыри уы- ди! Сæгъы æхсырæй уыди æви æндæр истæмæй, уый бæр>æг нæу, фæлæ мæймæ афтæ снарди, æмæ æхсæз килограммы фæфылдæр. Гъе, уый хъуыддаг у,—лæп- пу цардæй йæ хай ратыдта! Раст цыма курорты уыди! — Æнхъæл дæн бынтон сæрра дæ,—мæстыйæ загъ- та Лопахин.-—Нæ хъусыс, зондцух, хæст кæм цæуы? — Хъусын, къуырма нæма дæн. — Уæдæ цытæ дзурыс? Цæй мдцæгмойты кой кæ- ныс? Цæй улæфтыл дзурыс? Лопахин нал баурæдта, йæ маст ратыдта, æлгъи- тынмæфæкъæртт, уый бæрцбирæ æмæ æнахуыр фыд- дзых æлгъыст кодта, æмæ йæм Некрасов кæронмæ дæр нал байхъуыста, афтæмæй æваст æхсызгон. мид- был худт бакодта, йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ сæр йæ рахиз уæхскыл æркъул кодта, раст цыма алæмæты рæсугъд музыкæмæ хъусынæй ради, уыйау. — Гъæй, дæ мард фесæфа, гъе! Куыд рæсугъд дзурыс, куы!—йæ дис æргом æвдисгæ, загъта Некра- сов, Лопахин чысыл куы фæсабыр æмæ куыддæртæй уæлдæф куы сулæфыд, уæд. Некрасовыл чысыл раздæр хуыссæгхъæлдзæджы хуызæн фæллад кæй æртæфст, уымæн йæ кой дæр нал фæзынд, æмæ дзурынмæ фæци, хаттæй-хатт, йæ мидбыл худгæ, Лопахинмæ бакæс-бакæс кæнгæйæ: — Иу цыбыр дзырдæй, дæуаш æмбал нæй, æфсы- мæрГЦыппор фыццæгæм азы нæ ротæйы кæстæр по- литрук Астахов куыд æмбисонды дæсны уыди ахæм дзырдтæм, куыд æмбисонды мæлгъæвзаг уыди, фæлæ 199
уæддæр дæумæ дард лæууы! Дæ рыг дæр дын нæ аййафдзæн! Иуæй-иу фæзилæнтæм, мæгуыртæг, нæ арæхст, нæ йьш цыдысты. Фæлæ дзырдарæхст æнæ- мæнг уыди, ахæм дзырдмондаг уыди, &мæ—баба-бау! Уыдис-иу афтæ, æмæ нæ стын кæны атахъæй тохмæ, мах та хуысгæ кæнæм. Афтæмæй-иу йæ фарсыл ра- зылд æмæ хъæр кæны: „Æмбæлттæ, размæ, цæвут æлгъыст знаджы! Цæвут фашистон цъаммæртты!" Мах уæддæр хуыссæм, амæн æмæ фрицтæ ихуарæ- гау згъалыиц—иу дзырдæй, сулæфæн нæй! Зьтдтой йæ, цъаммæрттæ, мах нæ, фæлæ сæм мæлæт сæдæ сардзины æввахсæн кæй хуыссы, уый; зонынц, а-ныр, а-уæд кæй сыстдзыстæм, уый... Æмæ-иу Астахов мæн- мæ кæн& æндæр искæцы хæстонмæ æрбабырыд, йæ дæндæгты къæс-къæс-иу ссыд. „Оыстдзынæ æви зæх- хы уидæгтæ ауагътай? Лæг дæ æви сæкæры цæхæ- ра" Æмæ-иу, йæ фарсыл хуысгæйæ, цынæ алывыд скалдта, ахæм нæ уыд—бæстæ пæ сæрыл хаста! Хъæ- лæсæй та арæзт уыд, бæзджын, нæргæ хъæлæсы хи- цау... Мах дæр-иу фестадыстæм, æмæ-иу уæд дæ бал- гъитæгыл фрицты бон æркæнæд. Куы-иу сæм бахæц- цæ стæм, уæд-иу сæ скъуыхтæ кодтам!.. Астаховмæ кæддæриддæр фагæй уæлдайдæр уыди алыхуызон дзырдтæ. НæмЕДг ихуарæгау цъых-цъых кæны, цъыфы хуыссыс, афтæмæй хъусыс ахæм аивадон ны- хасмæ, æмæ дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма дæ фæсон- тыл мæлдзыджытæ æхсынчъытау гæппытæ кæнынц; фестдзынæ æмæ, цыма ныртæккæ цыппар сæдæ грам- мы арахъ анызтай, раст афтæ згъорыс, згъоргæ дæр нæ, бауырнæд дæ, фæлæ цыма тæхгæ кæныс! Нæ ха- тыс нæ дæр уазал, нæ дæр тас—иууылдæр фæстейæ • аззадысты! Нæхи’Астахов та æппæты разæй лæууы æмæ æрвнæрæгау кæны: „Гъæйтт мардзæ, лæппутæ, цæвут сæ, афтæ-уфтæ сын уа!" Цæй, цы æнæхæцгæ 200
уыди ахæм политрукимæ? Иттæг хорз арæхст т;охы джебогъæй дæр æмæ гранатæй дæр. Уымæй хуыздæр та æлгъитгæ кодта, тынг рæсугъд æлгъыста! Дзу- рын-иу ’куы райдыдта æмæ-иу æй ’куы бафæндыд, уæд-иу æнæхъæн ротæйæн саз цæстысыг калди, куы- иу æй бафæндыд схъæлдзæг сæ кæнын, уæд-иу ху- дæгæй сæ бичъы бынтæ фæцæйскъуыдысты. Дисса- джы дзырдарæхст уыди, диссаджы! — Багъæц-ма, багъæц, ам цæмæн хъæуы дзырд- арæхсты кой?—Лопахин катайыл фæци æмæ афæл- вæрдта Некрасовы йæ дзурынæй фæуромын, фæлæ уый йæ мысинæгтыл ацайдагъ, йæ къух ауыгъта: — Ма мæ хъыгдар, хъус дарддæр! Раст дын куы зæгъон, уæд уыцы Астаховы æппæт нацитæ дæр æм- бæрстой æмæ уарзтой, уый ахæм лæг уыди! Кæд кад- рон нæ уыд, нæ уьгд иттæг ахуыр, уымæй дæр ацæргæ лæг, уæйдæр æнæхъуаджы æхсарджын уыд! Суаыг мидæгон хæсты дæр Сырх Тырысайы орден райста, уæдæ, ме ’ ’фсымæры хай! Æниу æй куыд уарзтой, куыд, уыцы Астаховы ротæйы—стыр диссаг! Уарз- той йæ йæ хъæбатыры тыххæй, хæстонтæм йæ зæр- дæхæлары тыххæй, тынгдæр та йæ æргом дзырд- арæхсты тыххæй. Красний Кут, зæгъгæ, хъæуы цур æй куы ныгæдтой, уæд æнæхъæн ротæ йæхи ныхсад- та йæ цæоты сыгæй. Æгæрстæмæй ацæргæ æфсæд- донтæ дæр, чысыл сабитау, куыдтой. Канд мах, уы- рыссæгтæ нæ, фæлæ ротæйы цыдæриддæр нацитæ уьтди,—иууылдæр куыдтой æмæ йын алчи йæхи ’вза- гыл тæфæрфæс кодта. Ды та, Лопахин, афтæ зæгъыс, цæмæн, дам, хъæуы ам дзырдарæхст. Нæ, ме ’фсы- мæры хай, лæг дзырдарæхст куы уа, уæд уый стыр хъуыддаг у. Æмæ дзырд, чи 4м0æлы, ахæм дзырд афоныл куы зæгъай, уæд кæддæриддæр фæндаг ссар- дзæн лæджы зæрдæмæ, мæнмæ афтæ кæсы. 201
Лопахинæн бынтондæр йæ сæр сдзæгъæл, афта^- мæй хъуыста Некрасовмæ, дисгæнгæ-иу йæ уæхс- чытæ банкъуыста, хаттæй-хатт-иу гуызавæ гæнгæ- бакаст куы Копытовскимæ, куы фынæй Стрельцовмæ,. æмæ йæ цæсгомыл бæлвырд зынди, кæй фергъуыйау, уый, æниу афтæ никуы кодта. Йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, йе ’лгъыст искæмæ афтæ тынг бахъар- дзæн, уый; кæддæриддæр æм хъæбæрзæрдæ æмæ æвæлмаст лæг чи каст, уыцы Некрасовмæ афтæ тынг бандавдзæн йе ’лгъыст, уый æнхъæл нæ уыд... Некрасов ма уæддæр хъуыдыгæнгæ йæ мидбыл фæлмæн худти, йæ мысинæгты аныгъуылд, фæлæ Лопахин йæ рустæ ныхгæ—сæ зыхъхъырты йын ду- рæвзалыйы рыг ныббадт—дзурын рандыдта: — Байхъус-доа, мæ хæлар! Ныхас ууыл нæуГ Хъуыддаг дзырдарæхстыл нæу, дæлдзæх фод дзырд- арæхст. Хъуыддаг ууыл у, æмæ немыц мах •• иуварс фæуагъта æмæ, куыд зыны, афтæмæй Волгæмæ лæ- сы. Уым та Сталинград... Æмбарыс æви нæ уый? — Æмбарын æй, иттæг хорз æй æмбарын. Æнæ- мæнг уырдæм у йæ хъавд, цъаммар. Уырдæм æ& фæнды, æнаккаг, балæгæрдын. — Кæсыс! Æмæ ды та цæуыл хъуыды кæныс? Ца- вæр дæлимон хъуамæ бацæуа ныртæккæ мидæгмоймæ» куыд хъуамæ хъуыды кæна улæфыныл? Дæ сæрæй аппар ахæм æдылы хъуыдытæ, Некрасов. Уый, æвæц- цæгæн, уымæи афтæ у, æмæ дæ сæры магъз фæхæц- цæ, абон умæл зæххыл кæй хуыесыдтæ, уый тых- хæй... — Æмæ ды бумбули гобаныл хуыссыдтæ? Абон иууылдæр умæл зæххыл хуыссыдысты. — Фæлæ уæддæр æрмæст дæ сæрмæ æрцыд ах&м - æдылы хъуыды—ус курын. Нæ, куыдфæнды зæгъ„ ($æлæ дын уый умæл зæххы тыххæй у... 202
— Нæ, цæй умæл зæххытæ кæныс! — буцтæ гæнæ- гау загъта Некрасов.—Умæл зæххы тыххæй нæ, фæлæ хæсты рæстæджы тынг кæй бафæлмæцыдтæн, уый тых- хæй, бамбæрстай? Науæд цы ’рцыд, дуне мæныл бан- цад? Фæнды дæ—баззай, мæн ницæмæн. хъæуы агита- ци кæнын, æз мæ сабийæ фæстæмæ политикæйæ цæт- тæ дæн. Æз æмæ ды куы ныллæууæм, уæд сæ мах дыууæйæ бындзагъд фæкæндзыстæм? Фронт бауром- дзыстæм? Куыннæ стæй! Æз, Лопахин хæсты рай- дианæй фæстæмæ лухын ацы цъæх дзæгъæйладжы.— Некрасов йе стыр армы тъæпæнæй æрхоста йæ цине- лы топптыхт, йæ тар цæстытæ тызмæг æрттывд фæ- кодтой æваст.—Мæ фæллад суадзыны бар мын ис æви нæ? — Уый, рæстæг куыд амоны, уымæ гæсгæ у,—тлив- гæнæг дзуапн ратта Лопахин. — Нæ, нæ, тлив ма кæн, æргом зæгъ! — Ныртæккæ—нæй. Лопахин уыцы ныхас загъта фидар æмæ та Не- красовы цæстытæм бакаст æнæныкъулгæ комкоммæ цæстæнгасæй. Некрасов йæ мидбыл бахудт гæзæмæ^ зулаив æмæ, цыма йæхицæн æххуыс агуырдта, уыйау йæ цæст фæныкъуылдта Копытовскимæ—уый сын лæмбынæг хъуыста сæ ныхасмæ. — О-о! Ныртæккæ—нæ? Уæдæ кæд? Фыццаг цæф куы фæдæн, уæд мæ сулæфыны фадат дæр нæ фæ- ци, афтæмæй медсанбатæй æфсæддон хайы бамидæг дæи. Дыккаг цæф куы фæдæн, уæд мæ фæсфроит федта гарнизоны къамис, æнхъæл уыдтæн, зæгъын, ныр мæ иу къуыри æнæмæнг ауадздзысты хъæмæ. Хъуыддаг дæ нæй! Хъуыды дæр нæ! Æртыккаг цæ- фы фæотæ фæсадтæн армийы госпиталы æмæ та— фронтмæ. Афтæ æнæхъæн афæдз хъеллау кæнын ацы лæвар каруселыл... Афтæ кæдмæ хъуамæ кафа мæ- 203-
хуызæн ацæргæ лæг? Азтæ та мыл, рох дæ ма уæд, чысыл нæ рацыд. — Хæцынмæ, уæдæ, зæронд дæ, ус курынмæ — дæ тæккæ афон? — Æмæ афтæ ’нхъæл дæ усмæ ме ’взонджы тых- хæй цæуинаг дæн? >Мæ сæрæн нал дæн, мæ сæрæн, æдылыбег! Ацы еууы концентратты æлгъысты касæй нал фæразын!—ноджы тынгдæр мæстыйæ схъæр кодта Некрасов—Стæй нал дæр уый бæрц æнæниз дæн æр- тæ цæфы фæстæ — Хæцынмæ, уæдæ, æнæниз нæ дæ, фæлæ ус ку- рынмæ — хуыздæр нæ хъæуы?—бафарста та йæ Лопа- хин æнæхъазгæйæ. Копытовский ныппыррыкк кодта, бæх сысджы куы ауына, уыйау, æмæ йæ дзых амбæрзта йæ къухæй. Некрасов та æдзынæг бакаст Лопахинмæ æмæ загъта: — Госпиталы фехъуыстон:, зæгъгæ, ис, дам, ахæм æвзæр низ, йæ ном ахсæны рак хуыйны... Лопахин йæ цæстытæ хинæйдзаг цъынд æркодта: — Кæд дæуыл нæй рак? — Мæныл нæй, фæлæ ды дæхæдæг, Лопахин, раст- дæр уыцы низ дæ! Куы зæгъæм, уæд демæ лæджи- мæ дзурæгау дзурæн ис? Кæддæриддæр кæныс алы- хуызон æлхыскъ, рæхойæн ныхас, æдьтлы дзырдтæ... Дыкъахыг ахсæны низ дæ ды, лæг нæ, фæлæ! — Мæ кой дзæгъæлы кæныс, мæныд. дзурын нæ хъæуы, фæлтау дæуыл æрдзурæм. Цымæ цæмæй фæ- цудыдта де ’нæниздзинад? Цы дæ риссы, сахъ еф- рейтор? — Ныууадз, дæ хорзæхæй! — Нæ, нæ, æнæхъазгæйæ дæ фæрсын, цы дæ риссы? — Исты дохтыр дæ, цæмæн дын хъуамæ дзурон?— æвæццæгæн, дызæрдыг кодта Некрасов æмæ гуызавæ гаЬнгæ загъта. 204:
Лопахнн стыхта къаннæг папирос, тамакойы чыс- сæ ратта Некрасовмæ, фæкаст æм æнæрхъуыдыйæ æмæ дисы бафтыд: Некрасов газетæй раскъуыдта, йæ цыппæрæм хайы дæргъæы чи уыдаид, ахæм гæппæл, парахатæй дзы æркодта тамако æмæ тухын райдыдта фырыставд папирос. — Фæлæу-ма!—тарот хъæр фæкодта Лопахин æмæ чыссæмæ февнæлдта.—Уанцон нæу! Цавæр у, æнæ- хъæн æнгуылдзы стæвдæн папирос куы тухыс? Мæ дзæкъулы тамакойы фабрикæ миййаг нæй. Йе ’рдæг ын æркæн фæстæмæ! — Æз искæй тамакойæ лыстæг папирос тухын нæ зонын,— æдыхстæй загъта Некрасов. — Æри, æз дын стухон, -хъусыс? — Нæ, нæ, ма мæм æвнал, акалдзынæ йæ, мæхæ- дæг æй стухдзынæн,—Некрасов йæ къухтæ цæрдæг азылдта иуæрдæм æмæ гæххæтты гæпнæлы дæрзæг кæрон лæмбынæг умæл кодта йæ сæтæй, йе ’рфгуы- ты бынæй Лопахинмæ зулаив фæкæс-фæкæс гæнгæ. — Æцæгдæр тынг дæсны дæ искæй тамакойæ па- пирос тухынмæ,—мæсты хъуыр-хъуыр бакодта Лопа- хин æмæ йæ сæр батылдта, æваст фæтæбæкк уæвæг тамакойы ^ыссæмæ кæсгæйæ æмæ йын йæ армы йæ уæз сгаргæйæ. — Мæхи тамакойæ чысыл лыстæгдæр папнрос ту- хып,—афтæ æнцад-æнцой, афтæ æдыхстæй та загъта Некрасов æмæ йæхи байвæзта зынгмæ. Сæ папиростæ ссыгътой иу гспичкæйæ. Ныхъхъус сты, кæрæдзимæ фыдæх цæстæнгасæн бакæс-бакæс гæнгæ. Ныхасы райдианы Стрельцов лæмбынæг каст, Лопа- хин æмæ Некрасовы цæстæнгас куыд ивта, уымæ, фæлæ уайтагъд схъыг. Йæ сæры бын æркодта ды- 205
дæгътæ плащ-палаткæ, йæхи æруагъта, йæ æппæт буары дæр æекъардта йæ низæфхæрдæй зонгæ фæл- ладдзинад, йæ зæрдæ хæццæ кодта. Уый зыдта, сал- дæттæ бирæ кæй фæныхас кæнынц, бар-æнæбары сæ æдзæлгъæды бадын куы бахъæуы, уæд, æмæ йæ фæндыд афынæй кæнын, фæлæ йæм хуыссæг æмгæ- рон нæ цыд. Æппынæдзух цадæггай гуыр-гуыр код- той йæ хъустæ, рыстысты йæ къæмисæнтæ. Йæ ал- фæмблай иууылдæр уыди къуырма, æдзард æгомыг- дзинад, æмæ йæм уымæ гæсгæ йæ алыварс æппæт дæр афтæ каст, цыма дзы реалон ницы ис, цыма æн- дæрг у. Стрельцовæн уæддæр æмæ уæддæр йæ бон нæ цыд йæ но’г уавæрыл фæцайдагъ уын, йæ бон нæ уыд, афтæ æваст кæй бакъуырма, ууыл йæхи сразы кæ- нын. Уый уыдта, æхсæвы къæвдайæ хæрзæхсад^ æрттывтытæ калгæ бæзджын сыфтæртæ йæ сæрмæ æнæ сыбар-сыбурæй куыд змæлдысты, уыи; уыдта, уагъылыйы къутæры сæрмæ æнæхъæлæбайæ къогъотæ -азмæ хъæддаг мыдыбындзытæ куыд æмызмæлд код- той,^уый, æмæ, æппæт уыцы æдзард змæлд, алыхуы- зон удæгас хъæлæбайæ иппæрд змæлд кæй уыдта, чи зоны, уый тыххæй разылд чысыл йæ сæр, æмæ йæ цæстытæ бацъынд кодта, хъуыды кæнын райдыд- та ивгъуыд цардыл, фарон 22 июны æваст чи ас- къуыд, уыцы сабыр цардыл... Фæлæ куыддæр йæ сы- вæллæттæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, а-фæстаг рæстæджы æппынæдзух кæуыл мæт кодта, уыцы сы- вæллæттæ, афтæ та йæ йæ зæрдæ фæрæхуыста æмæ, йæхæдæг дæр æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ æваст дæргъвæтин схъæрзыдта æмæ тæссæй- йæ цæстытæ фæдзагъыркодта. Лопахин раздæр куыд бадт, афтæ бадти гуыбыр- гомау, йæ уæрæх, джиппы рауадзæгау къухтæ, йæ 206
уæраджы чъилтыл æрывæрдта, фæлæ йæ цæсгомыл яал уыди æрдæбоны фыдæх æмæ сусæг æндыгъдад. Йæ ирд, æхсарджын цæстытæ хинæйдзаг æмæ худæ- джы цъынд æркодта, йæ тæнæг былты кæрæттыл зынди æмбæхст мидбыл худт. Стрельцовæн зонгæ уыди Лопахины ахæм цæстæи- гас, æмæ йæ мидбыл фæхудт, ахъуыды кодта: „Æвæц- цæгæн, уыцы тюленæй, Некрасовæй, хынджылæг кæны". Уалынмæ Стрельцов тарф, æнкъард фынæй баци. Фæлæ фынæйæ дæр йæ сæр фæстæдзæг æвæрдæй адæргæйы змæлд кодта, тæфсæгæй рынчынау цадæг рызтысты йæ къухтæ йæ риуыл. Некрасов æм бирæ фæкаст, æнæдзургæйæ ныхъ- хъуырдта тамакойы фæздæг, тыхызмæлд кодта йæ хъæл-хъæлаг, стæй йæ къæхты бынмæ аппæрста, йæ папиросæй ма чи аззад, уый — йæ къух ын сыгъта— æмæ загъта: — Амæй ма цæй хæстон ис? Еу æмæ сагъæссаг* хæстон нæ, фæлæ! Бакæс-ма йæм, кантузийæ куыд ризы, автамат дæр нæ бауромдзæн йæ къухы, ды та йæ фронты баззайыныл ардауыс. Тæлтæгдзинад дæм бирæ ис, Лопахин, фæлæ зонд та къатдæр... — Иннæты кой ма" кæн, фæлтау дæ сусæг ни- зы хабар радзур,—фæхудт Лопахин æмæ къахæджы цæстæнгасæй бак.аст Некрасовы хурсыгъд, хæривгæ уадулджын цæсгоммæ. — Ам худинаг ницы ис,—фæхъыги Некрасов,—ам худын æвзæр у. Раст дын куы зæгъон, уæд æз ако- ны низæй рынчын дæн. — Фыццаг хатт хъусын ахæм низы хатт! Уый та цавæр у?—æцæг бадис гæнгæ бафарста Лопахин/— Исты ахæм... Цыдæр-мыдæр у?.. Некрасов фæхъыги, йæ цæсгом фенцъылдтытæ кодта. 207
— Нæ, сымах уе ’дылыйæ куыд æнхъæлут, уый æппындæр ахæм низ йæу. Уый буары низ нæ, фæлæ сæрымагъзы низ у. — Сæрымагъзы низ зæгъыс? — Лопахин цыма фергъуыйау, афтæ йæ дзырд дард ауагъта.—Уый æппындæр ницы у! Дæумæ ахæм низ уа, уый гæнæн нæй, цæуыл фæхæца, уый йыы нæй, бьшдур ын нæй, бындур!.. — Цахæм низ у? Дзур, цæмæ кæсыс,—фырцыбæ- лæй йын йæ ныхас фæурæдта Копытовский. Некрасов хъуыды дæр не ’ркодта Лопахины рæ- хойæн ныхæстæ. Бæласæй цы гыццыл къалиу расас- та, уымæй бирæ фæхæххытæ кодта змис, йæ зæронд кирзæйæ конд цырыхъхъы хъустæ, стæй æвæндонæй загъта: — Зоныс, куыд рауади... Зымæгæй фæстæмæ мæ зæрдæ мæхимæ æхсайын байдыдта, цыма куыддæр мæ зæрдæйы ахаст ивын райдыдта. Дзурын мæм нал цыд мæ хæлæрттимæ, нал мæм цыди мæхи дасын, мæхи ’хсын æмæ^æндæр ахæмтæй мæхимæ зилын. Хæ- цæнгарзмæ, раст зæгъын хъæуы, мæ хъус дардтон, фæлæ мæхимæ—æппындæр нæ. Канд æфцæгготраивын кæнæ æндæр исты саразын нæ, цæмæй мæхи сыгъ- дæг дардтаин, фæлæ куыддæр быхстон æмæ, уый ба- хъуыды кæн, дыууæ мæйы дæргъы мæ мидæггæгтæ дæр ыæ раивтон, куыд æмбæлы, афтæ мæхи никуы ныхсадтон. Цы хъауджыдæр у, зæгъын, фæнды æх- садæй бабын у, фæнды æнæхсадæй. Иу цыбыр дзыр- дæй, нырхæндæг дæн æмæ мæ сæры зонд бынтондæр фæиртæст. Мæ цард,— фыны цæрæгау, мæ цыд—хæлд лæдяш цыд... Лейтенант Жмихов мæм æртхъирæн кодта ивары батальонмæ арвитынæй, æмæ мын цы нæ крдта. Фæлæ æз ныззæгæл дæн уыцы иу хъуыды- йыл, зæгъын, фронтæй дарддæр мæ никуыдæм ар- 208
витдзысты, рæнхъои салдатæй дæлдæр мæ не ’рыл- пардзысты! Иу цыбыр дзырдæй, схъæддаг дæн, ме ’мбæлттыл мæхи тигъ кæнын, мæхæдæг дæр нал зо- нын мæхй, æппын тæригъæд никæмæн уал кæнын— нæ æмбалæн, нæ хæларæн, мæхицæн та—уæлдайдæр. А-уалдзæджы та, дæ зæрдыл ма" лæууы, Лопахин, раив-баив нæ куы кодтой æмæ, фронты хаххыл цæу- гæйæ, Семеновкæйы куы бахсæвиуат кодтам, уый? Гъс, уæд мыл æрцыд ацы хабар фыццаг хатт... Æнæ- хъæн ротæйы æмбис иу уатьг æрымбырдысты, хуыс- сыдысты дæлфæдтæм-уæлфæдтæм, чи та бадгæйæ— алыхуызон. Уат—æнуд, тæвд, сулæфæн дзы нал уыд комы тæфæй! Райхъал дæн мæхи хъуыдыйы акæсы- иы тыххæй. Сыстадтæы, афтæ фенхъæлдтон, цыма сыджыт къæсы дæн æмæ, цæмæй æттæмæ рахизон, уый тыххæй хъуамæ къахвæрæнтыл уæлæмæ ехизон. Афтæ^ хъуыды кодтон, мæ зæрдыл лæууы, цыма пецмæ фæ- бырын...Пецыл такæд хуыссыд зæронд ус. Усыл цы- даид нæуæдз, сæдæ азы, фырзæрондæй йыл зокъо- тæ æрзад... Копытовскип куыддæрæгон æваст фæхæкъуырцц кодта, йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт, хуыдуг кодта, йæ цæсгом бамбæрзта йæ армы тъæпæптæй. Ыæ иу цæстæй, цæстысыгæй-дзаг цæстæй каст Не- красовмæ йæ къухы зыхъхъыртæй, тыххæн урæдта йæ худын æмæ æнæдзургæйæ рызти. Некрасов йæ дзырд фæуагъта, ныттарæрфыг. Ло- иахии тызмæг базмæлын кодта йæ былтæ, æмæ йæ Некрасов куыд нæ федтаид, афтæ йæ зыкъуыртæ тымбылкъух бавдыста Копытовскимæ æмæ загъта: — Дæ дзырд кæн, Некрасов, æфсæрмы ма кæн, ам иууылдæр, иу æдылыйы йедтæмæ, æмбаргæ адæм сты. Копытовский иннæрдæм азылд, хъуыр-хъуыр Н. М, Шолохов. 209
æмæ цъæхснаг хъыллиот кодта, йæ бархъомыс сарæзта йæ худæг бауромынмæ, стæй æфсоны хуыфт скодта. Нскрасов æрфыгæлхынцъæй æнхъæлмæ каст, цалынмæ Копытовский йæ хуыфын баурæдта, уæдмæ, •стæй дарддæр дзырдта æнæхудгæйæ: — Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы зæроид хъебыр- гъа усмæ йæ сæнтдзæфæн афтæ фæкаст, цыма йæм азз... Æз лæууын пецмæ схизæныл, уый та, уыцы зæ- ронд хъебыргъа, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыссæг- хъæлдзæг æмæ .тæссæй, фергъуыйау æмæ уынгæг хъæлæсæй дзуры: „Уый цы ’рымысыдтæ, хуыцауы æлгъыст хъæбул?" Йæхæдæг мын йæ нымæтдзабы- рæй мæ цæсгом цæвы. Йæ фырзæрондæй уыцы дæ- лимон, хъазæн къамты ус-паддзахы хуызæн, тæвд пецыл дæр æд кæрц, æд дзабыр хуыссыд. Худæджы хос æмæ сагъæссаг хабар! Нымæт дзабырæй иу-дыу- уæ цæфы мæ фындзыл куы сæмбæлд, уæд æрым- бæрстон æмæ йын>афтæ зæгъын: „Хуыцауы тыххæй ма цъæхахст кæн, мæ мады хай, ныууадз дæ къæхтæ тилын, науæд, цы нæ вæййы, ахæм зæрондæй дын фелвæсдзысты. Хуыссæгхъæлдзæгæй афтæ фенхъæлд- тон, цыма сыджыт къæсæй уæлæмæ хизын, уый тых- хæй дæм æрбадзæгъæл дæн. Ныббар мын, мæ мады хай, райхъал дæ кодтон, фæлæ дæхицæн æппындæр ма тæрс, удхæссæджы хай фæу!" Рахызтæн пецмæ схизæнæй, хуыссæгхъæлдзæгæй дзой-дзой кæнын ра- сыг лæгау æмæ мæ хъустæ артау судзынц. „Ме скæнæг хуыцау, ай мыл цы ’рцыд? Ныр кæд лæппу- тæй исчи фехъуыста, зæронд усимæ цы дзырдтон, уый, уæд куыд уыдзæн? Уыцы зæронд дæлимоны тыххæй мæ хынджылæг кæндзысты æмæ мæ цæрду- дæй ингæнмæ барвитдзысты!" Куыддæр уый ахъуы- ды кодтон, афтæ мын чидæр мæ къах ацахста. Псцы фарсмæ хуыссыд бастдзинады майор. Райхъал, 210
ссыгъта дзыппы фанар, фæрсы тызмæг хъæлæсæй, .7,Циу? Цы хабар у?" Æз ын, æгъдау куыд амоны, афтæ дзуапп раттон, зæгъын, афтæ мæм фæкаст, цы- ма сыджыт къæсы дæн æмæ зæронд усы æнæрхъуы- дыйæ райхъал кодтон. Уый мын афтæ: „Уый, æмбал хæстои, акопы низ у. Мæныл дæр ахæм хабар æрцыд хурныгуылæн фронты. Ацу, дуар—рахизæрдыгæй. .Æрмæст уæлхæдзармæ макуыдæм сбыр, æндæра рас- хъиудзынæ æмæ дæ бæрзæй асæтдзæни". Дæппутæй нын, мæ амондæн, нæ ныхас ничи фе- хъуыста, иууылдæр тарф фынæй кодтой фырфæлла- дæй, æмæ хъуыддаг ууыл ахицæн. Фæлæ уæдæй •фæстæмæ стæм хатт ма уæд, уый йедтæмæ алы ’хсæв дæр афтæ фенхъæлын, цыма сыджыт къæсы дæн, 'Кæнæ акопы, кæнæ æндæр ахæм ныккæнды. Диссаг ’Куыннæ у: хæстон фæдисы мæ куы фехъал кæнынц, .уæд уайтагъд бамбарын, цы у, куыд у. Фæлæ мæхи хъуыдыйы æттæмæ ауайыны тыххæй куы райхъал ’вæййын, уæд — æнæмæнг фæдзæгъæл вæййын... Ибонты, Стукачевойы куы бахсæвиуат кодтам^ ;уæд та пецы хуылсры смидæг дæн. Ахъуыды ма кæн— нецы хуылфы! Бынтон æрра дæр ахæм мц нæ бакæн- .дзæн... Фæцæй дзы хуыдуг кодтон. Кæдæмдæриддæр фæзылдаин—нæй ахизæн! Фæстæмæ фæзылдаин, .уый азрхъуыды та мæм цæугае нæ кодта, мæ сæр агуыри дурмæ скодтон æмæ хуысеын. Алырдыгæй кæлы сыгъдон тæф... Загътоп, зæгъын, мæ мæлæт æрцыд, æвæццæгæн, зæгъын, сармадзаны нæмыг фехæлд æмæ мæ аныгæдта, Æрцыд мыл ахæм хабар дæр, фарон ноябры мæй ныл сармадзаны нæмыг фехæлд æмæ нзе •блиндажы аныпæдта. Ме ’мбæлттæ мæ уайтагъд куы 'Нæ ракъахтаиккой, уæд ныр ме стджытыл къаппа-- къуппа дидингуытæ заид... Æмæ пецы мидæг мæ ^ныхтæй къахын агуыри дур, алырдæм калын сугтæ, 211
дадæггай хыбар-хыбур кæнын, стæй æваст ныхъхъæр- кодтон: „Зынаргъ æмбæлттæ! Чи ма уæ у удæгас?: Къахгæ ут уæхи!" Нæй дзуапп дæттæг. Æрмæст хъусын—фыртæсеæй мæ зæрдæ мæ хъуырмæ схæц- цæ, йæ гуыпп-гуыпп цæуы. Мæ къухтæй æрысгæрс- тон мæхи, мæ роныл баст нæу мæ чысыл бел. Загъ- тон, зæгъын, æвæццæгæн, иннæ лæплутæй ничи уал< фервæзт, фæлæ æз дæр афтид армæй мæхи нал скъах- дзынæн. Æмæ уæд, раст зæгъын хъæуы, скуыдтон... Ай, зæгъын, ныр дыккаг хатт цæй ницæйаг мардæй’ мæлын, фесæфæд, дæлдзæх фод ахæм хæст! Уалыпмæ* кæсын, æмæ мын чидæр мæ къæхтыл ахæцыд. Уы&< уыди старшина. Раласта мæ. Æз æй, кæн зæгъын æй хъæуы, талынджы нæ базыдтон. Слæууыдтæн æмæ- мæ цинæн кæрон нал уыд. Ахъæбыс æй кодтон, арфæ- йын кæнын. „Бузныг, зæгъын, стыр бузныг, зынаргъ- æмбал, мæлæтæй мæ фервæзын кодтай. Тагъддæр- баххуыс кæнæм иниæ лæппутæн дæр, иауæд бабын уыдзысты, фæхуыдуг уыдзысты!" Старшйна хуыс- сæгхъæлдзæгæй ницы æмбарьт, мæ уæхсчытæ мын уигъы æмæ мæ цадæггай фæрсы: „Уагæры цалæй ба- бырыдыстут иунæг пецы кæнæ цæмæн?" Стæй, хъуыд- даг куы бамбæрста, уæд мæм тыргъмæ расидт, алы- выд мын фæкалдта æмæ афтæ зæгъы: „Æртæ хæсты бавзæрстон, цы нæ федтон мæ цæрæнбонты, фæлæ- уæлхæдзæрттæм нæ, фæлæ искæй пецы чи рабыр-ба- быр кæны, ахæм лунатик фыццаг хатт уынын. Дæ- хæдæг, зæгъы, куы федтай, рухс ма уыди, афтæ æф- син пецæй райста, цыдæриддæр дзы хæринаг уыди,_ уыдон иууылдæр æмæ дзы сугтæ бавæрдта арт скæ- нынæн, уæд ма дæ цы хæйрæг сардыдта пецмæ, цæ- дае,<ма дзы бырыдтæ?" Æз мæхи æрæмбæрстон æмæ йын дзурын райдыд- тон мæ акопы низы хабар, фæлæ мæм уый хъусгæ 212
.дæр нæ бакодта, чысыл йæхи аныхта, ныззæмбыдта æмæ йæ адджын украииаг æвзагыл афтæ зæгъы: .„Мæнг зæгъыс, -дæлимоныфырт! Райсом дыууæ наря- ды райсдзынæ, пецы мародеры иитæ, сабыр цæрæг адæмьт бахъыгдарынвæнд кæй кодтой, уый тыххæй. Дыууæ наряды та уый тыххæй, æмæ кæм хъæуы, уым нæ агурыс. Æхсæвæрæй ма цы фых æхсыр æмæ къабускæны бас баззад, уыдон æфсин дысон- изæр ныккæндмæ ныххаста. Иунæг капеччы аргъ дæр дæм нæй салдаты цырддзæстдзинад!.." Копытовский худæгæй бакъæцæл, æрбайрох æн æмæ та йæ бæгънæг агъд æртъæпп кодта: — Куыд раст стæрхон кодта, куы, уыцы старшина! Иу дзырдæй, уый старшина нæ, фæлæ СæВраг тæр- .хюндон уыди! Негфасов æм йæ цæсты зулæй æнæразыйæ фæкаст --æмæ дарддæр йæ ныхас кодта сабыр, æнцад-æнцойæ, цыма æндæр искæй хабæрттæ дзырдта, афтæ: — Æмæ цы нæ кодтон, цæмæй æхсæв нæ хъал код- таин, уый тыххæй, фæлæ мын ницы фæахъаз! Цал- .дæр суткæйы мæ дзыхмæ дон нæ хастон, тæвд хæри- .наг нæ хордтон—аба-бау, ницы мын феххуыс! Боннæ- ма æрбацъæх вæййы, афтæ фæтæррæт кæнын, цыма •бардзырд райсын, уыйау, æмæ адзæгъæл вæйпын. .Дзырдæн, дысон райхъалдæн боныцъæхты агъоммæ, къæвда уары, мæ къæхтæ хуылыдз. Хуыссæгхъæл- дзæгæй, уыцы æвзæр акопы низæфхæрдæй хъуыды кæ- нын: „Æртагъд сыджыт къæсмæ. Изæры донвæд акъахын хъуыди, цæмæй къæвдайы доп алæдæрс- таид." Сыстадтæн, къухæй асгæрстон æмæ—бæлас. Уый мæ хъуыдыйы не ’рцыд, æмæ Майбородаимæ гæдыбæласы бын хуыссыдыстæм... Бæлас армæй сга- рын æмæ мæхинымæр хъуыды кæнын, зæгъын, уый жъул у, æмæ къахæвæрæнтæ агурын, цæмæй уæлæ- 213
мæ схизон. Гæдыбæласы алыварс зилгæйæ, æваст фæ- лæууыдтæн уыцы Майбородайы сæрыл... Ех, уыйг. дын, ахæм цъæхахст фæкодта, æмæ диссаг! Фæгæпп, кодта, аппæрста плащ-палаткæ, тутæ кæн4ы, æлгъи- ты—бæстæ иннæрдæм фæлдахы! Ды, зæгъы, сæрхъæн дæ, бынтондæр сæрра дæ æмæ маймулиау бæлæстыл: хилыс æмбисæхсæв. Уæд та, зæгъы, удæгас адæмыл ма рабыр-бабыр кæн, ма сын лекка кæн сæ сæртыл,. науæд, зæгъы, топп райсдзынæн æмæ дæ арцæй бæ- ласмæ сæргъæвдзынæн! Æмæ, зæгъы, бæласы къали- уыл бахус уыдзьГнæ, кæлмхæрд фæткъуыйау! Уыцы æрра уый не ’мбары, æмæ ’йыл барæн нæ- ныллæууыдтæн, фæлæ ацы æлгъыст акопы низы аххо- сæй. Йæ æлгъитын нæ ныууагъта, цалынмæ мæстæй ныффæсус, уæдмæ. Æмæ йæм иицы сдзырдтаин, пыб- барстаин ын, амæн æмæ азымдяшн мæхæдæг дæн, æмбарын æй. Фæлæ уый йæ дзаумæттæ æрбамбырд, кодта, батыхта сæ плащ-палаткæйы æмæ мын, хъæды хус бынат агурæг арасты агъоммæ, афтæ зæгъы: „Акæса, адзал куыд æнаккаг у: дзæбæх лæппуты ма- ры, фæлæ дæумæ, Некрасов, нæ агайы..." Уæд æм æз« дæр, кæн зæгъын æй хъæуы, нал фæлæууыдтæн æмæ йын афтæ зæгъын: „Цæугæ, дæ хорзæхæй, ам ма. смаг кæн! Фæсмойнаг у, дæ æдылы къоппайыл дын. мæ иу къахæй кæй ныллæууыдтæн, уьтй—хуыздæр уы- даид дыууæ къахæй, æмæ уымæй дæр згъоргæ-згъо- рын..." Уый мæм йæ тымбылкъух фæхъил^кодта. Асæп, та йæм фау нæй, галæй тыхджындæ^ у. Æз автомаг- фелвæстон, иу-дыууæ ауæдзы бæрц фæстæмш цæр- дæг алæууыдтæн æмæ’ йæм дардæй хъæр кæнын: „Æввахс ма ’рбацу, æндæра дæ автоматæй зæххы- цъарæй ныссæрфдзынæн! Уайтагъд дæ Январьборода. ацараздзынæн!" Чысыл ма бахъæуа, джебогьæй хæст* нын бацайдагъ уа... 214
— Фехъуыстон уын уæ фæлмæн ныхае,—загъта Лопахин,—фæлæ æппæт уыдæттæ цæуыл æрыфгыд- тай, ницы сын хатын. — Цы дын дзырдтон, ууыл—баулæфын мæ хъæуы. — Æмæ иннæты нæ хъæуы баулæфын? — Иннæтæн æз ницы зонын. Чи зоны, æз иннæты -хуызæн æндон нæ дæн,—æнкъардæй загъта Некра- сов. Хæлиу, сæргуыбырæй бады Некрасов, æмæ æрдæ- бонау лыстæг къалиуæй змиоыл хæххытæ кæны цы- дæр хуымæтæг къæдзостæ. Йæ цырыхъхъытæ йын ныххафта быдираг хæмпæлгæрдæг æмæ фæлурс да- рынц. Кæмдæр галиуæрдыгæй, хъæды фале, ардыгæй, зæххæй, бæзджын, цыма йын уырзæп басгарæн ие, афтæ æнгом чи зынди, уыцы æнæмнгъ цъæх арвы цыди удаисты уæлдæфон хæст. Æрдузы чи бадти, уыдонæй хæдтæхджыты ничи уыдта, фæлæ хъуыс- той, уым, уæлейæ, дыууæрдыгæй дæр пулеметтæ куыд æхстой æмæ-иу сæ къæр-къæры ’хсæн сарма- дзанты къуырма гæрæхтæ куыд фæцьтд, уый. Маторты алыхуызон хъæлæсджын æмæ хæццæ- мæццæ уынæрæй иу уысмы бæрц хицæнæй рай- хъуыст иу куынæггæнæгхæдтæхæджы хъæлæс: фыц- цаг уыди цъæхснаг, хъусты иннæрдæм хызти, стæй цыма фæныллæгдæр, бæзджынæй-бæзджындæр код- та, рахызт тызмæг богъ-богъмæ æмæ æваст фæ- хъус. Хъуысти æрмæст дæрддаг, куы тыхджындæр,. куы ныллæгдæр, æмыр зæлтæ æмæ дыз-дыз гæнæг къæрцц-къæрцц, цымачидæр дард кæмдæр кæттаг гæп- пæлгай скъуыдта, уыи хуызæн. Галиуæрдыгæй арвыл æваст фæзынди сау мигъ’ьг зылын уаццаг, йæ тæкгсæ раз—хур.мæ тар æрттывд гæнгæ, зæхмæ æнæбауромгæ цæрдæг тахт хæдтæхæ- 215
джы æндæрг. Чысыл фæстæдæр Доны фурды фал- лаг фарсæй райхъуыст цыбыр, къуырма цæфы хъыр- рыст... Копытовский æваст афæлурс, йæхинымæр загъта: — Иу дзы бабын... Ех, нæхион уæддæр куы нæ уаид! Мæ зæрдæ сриссьг, ~мæ дзых смаст вæййы, нæхи хæдтæхæг афтæ мæ цæсты раз куы ’рхауы, уæд... " Чысыл æнæдзургæ алæууыд æмæ хæдтæхæджы æрхауды карз æнкъарæн чысыл куы фæньшæг, уæд зæрдæхсанæджи зул каст бакодта Некрасовмæ æмæ яшдæр, хъуыддагыл дзурæгау, знæт хъæлæсы уагæй Зафарста: -- Гъæй, уыцы низ, дæ акопы низ миййаг хæцгæ низ нæу? Æндæра лæг дæ фарсмæ афтæ æнæрхъуыды- йæ куы фæбада, уæд миййаг æхсæвыгон бырын куы райдайа, кæдæм не ’мбæлы, уырдæм? Некрасов йæхи сынцъылдтытæ кодта æмæ æлгъаг, мæстæлгъæдæй загъта: — Сæрхъæн! — Лу» цæмæн дæн сæрхъæн?—иттæг фæдис код- та Копытовский. — Уьшæн æмæ дæ хуызæы æнæниз лæгмæ исты зонды низ нæ, фæлæ хуысар дæр æмгæрон не- ’рцæудзæн. Копытовский, æвæццæгæн, йæхицæй пыббуци, йæ фæтæн риу размæ ракъуыпп кодта æмæ сæрыстырæй загъта: — Æнæ низæй цух нæ дæн, уымæй раст зæгъыс. — Гъе, сымах æрыгон æмæ æнæниз кæй стут, уы- мæ гæсгæ æнæ баулæфгæйæ дæр уæ бон у хæцын, фæлæ мæнæн мæ бон нæу,—æнкъардæй загъта Не- красов.—Мæ кар мæ нал амоны, стæй мæ хæдзармæ бауайын дæр фæнды... Цыппар сывæллоны мын ис, 216
«емæ сæ ныр афæдз нал федтон, цы хуызæн стьт, уый дæр нал зонын... Сæ цæстытæ ма сын чысыл хъуыды кæнын, фæлæ æнæуый цыма мæ цæстытыл •фæлм сбадт æмæ сæм афтæмæй кæсын, уымæй уæл- дай сæ нал уынын. Иуæй-иу æхсæв, хæст куы нæ вæййы, уæд архайын, хъуырдухæн кæнын, цæмæй сæ æрымысон, фæлæ нæй, мæ бон нæу! Æгæрыстæмæй мæ сур хид акæлы, фæлæ сæ уæддæр. бæстон æр- хъуыды кæнон, уый мæ бон ыæу æмæ нæу! Æгæр- ътстæмæй мæ хистæр чызгМашуткæ дæр рæстмæ нал лæууы мæ зæрдыл, афтæмæй ныр йæ фынддæсæм азы бацыд..* Æмбаргæ чызг у, иттæг хорз ахуыр кодта скъолайы... Нымæгæй-нымæгдæр кодта Некрасовы ■ ныхас. Фæстаг дзырдтæ загъта, йæ фæсус хъæлæс дыз-дыз кодта, афтæмæй, стæй бынтоыдæр ныхъхъус, æппын- æдзух йæ къухы цы къалиу уыди, уый асаста, ^евиппайды йæ умæл цæстытæ ферттывтой æмæ Ло- пахинмæ фæкаст, йæ цæссыгтæ -— нæлгоймаджы иугай цæссыгтæ—æрцыдысты æмæ æфсæрмдзæстыг мидбьтл худт фæкодта: — Мæ усьг тыххæй ницыуал зæгъын... Уый ахæм хъуыддаг у, æмæ зын зæгъæн у... Æрмæст, раст дын зæгъон, уымæн дæр йæ дæлæртты бын цæй ад кæны, уый мæ раджы ферох... Лопахин ныффæлурс, фырмæстæй йæ цæстытæ ■баумæл сты, тыххæй-фыдæй йæхи урæдта, афтæмæй касти Некрасовмæ, хъуыста йæм æнæдзургæйæ, стæй лыллæг хуыдуг хъæлæсæй æваст бафарста: — Кæцон дæ, Некрасов? Курскаг нæ дæ? Некрасов куыд сабыр дзырдта, афтæ сабыр, цадæг- гай хуыфгæйæ, дзуапп радта: — Уыдтæн курскаг. Лебеднанийаг. Лопахиы йæ къухьт æнгуылдзтæ тыххæй æттæг- 217
мидæг кодта æмæ, Некрасовы лаками цæсгоммæ ныры- онгау æдзынæг кæсгæйæ, къуырма хъæлæсæй загъта: — Тæригъæд гæнгæ дзурыс дæ сывæллæтты хабар, æнаккаг! Тынг тæригъæдгæнгæ! Дзырд дæр ыл нæйт- бирæ уарзы йæ ус, йæ зæнæджы. Йæ хæдзары йын æлдариуæг кæнынц немыц, хынджылæг ын кæнынц йæ биноытæй, уый та, акæса, мидæгмоймæ цæуын æрымысыд, хъуамæ йæхи ирхæфса фæсфронт. Хорз^ афон ссардта... Цы гæнæн ис, цæугæ, баулæф, дæ- химæ базил, дæхи ирхæфс искæй усимæ, дæхи усы та дын уадз æмæ немыц хуымы сифтындзæнт... Дæ сывæллæттæ та, æнæхицау куыдзы хъæвдынтау, æх- хормагæй мæлæнт... Хуыздæр ма цы уа! Ды та мын дзурыс, ферох мæ сты, нал хъуыды кæнын мæ сы- вæллæтты. Дисс’аг нæу ферох кæнын, æрмæст дæхи уды кой куы кæнай, уæд! Хъус, хъус, дæ хæмхуттæ- ма радав-бадав кæн! Афтæ куы зæгъыс уæхимæ бауа- йын дæ фæнды, уæд куыд хъуамæ бацæуай? Салдатау кад æмæ радимæ дæ къæхтыл бацæудзынæ, æви, чтг зоны, дæ гуыбыны цъарыл немыцмæ уацары бабыр- дзынæ? Стæй дæ къæсæрмæ балæсдзьшæ, куыдзау дæ къæдзил батилдзынæ æмæ дæ бинонты барæвдау- дзынæ: ома мæнæ уæ хъæбатт>тр хæстон бастад хæс- ты быдыры, ныр фрицы. раз мæ фæстæгтыл слæу- дзынæн æмæ йын .зæрдиагæп лæккад кæндзынæн... афтæ, н? Афтæ æнхъæлдтон уырыссаг лæг дæ, Не~ красов, фæлæ ды фаджыс куы дæ, фаджыс, æбæрæг адæмы хатты фаджьтс. Фесæф ардыгæй, хæфсы сæт,„ цалынмæ дæм мæ къух нæ систон, уæдмæ! Лоаахинæн куыдфæстагмæ тьшгæй-тыцгдæр йæ маст нæ риуы фыхти, афтæмæй дзырдта, стæй боны- фæстагмæ, пыххъус æмæ афтæ тыхджын раулæфыд^ уæлдæф, цыма йæ риуы куырдадзы куынц уыди. — Дæхи куы айсис, Некрасов, науæд æй миййаг* 218
йæ маст нал бафæрсдзæн æмæ... ныххафт дæ кæн- дзæн,—загъта йын Копытовский, Лопахин йæхи тых- хæй-фыцæй кæй урæдта æмæ уый та æвнрхъау фыд- уацхæссæджы нысан кæй уыд, уый зонгæйæ. Некрасов йæ быыатæй нæ фезмæлыд. Исдуг хъуыс- та, цадæггай сьтрх кодта, æдзынæг каст Лопахины доигьуыз цъæх тар æрттывдгæнæг цъæх цæстытæм, стæй йæ цайстæнгас иуырдæи азылдта, æмæ æвиппай- ды пæ рустæ æмæ йæ роцъо куыддæр цъæхбын фæ- лурс апысты, æгæрыстæмæй йæ хурсыгъд уадултæ- дæр æнахуыр, мæрдои цъæх адардтой. Ницы дзырдта, йæ сæр ныллæг æруагъта Некра- сов, æмæ æдзæлгъæды архайд кодта нæ ризгæ æн- гуылдзгæй автрматы сойæдзаг босимæ. Уыцы æго- мыгæп лæууын афтæ зын уыди, æмæ Лонахинæн йæ- бои нал уыди быхсын, æмæ уæддæр тагъд-тагъд æмæ фæсус улæфт гæнгæ, бадзырдта Копытовскимæ: *— Ды та,- Саша, цы зæгъдзынæ? Ныллæудзы- пæ ам? Конытовский-рарæмыхта гæххæтты зылын гæппæл« напиросæн æмæ мæсты зылд фæкодта йæ бур æр- фыг. — Уый та цавæр æнахуыр фарст у? Æз æмæ ды нæ уартсæттæн топп йæ астæуыл асæтдзыстæм, æви?.Ды куы баззайай уæд, æз дæр. Æз æмæ ды; кæсаг æмæ донæй хъауджыдæр не стæм... Иумæ- фыдæбон кæндзыстæм уæлахизы бонмæ. Иунæгæй дæ куыд ныууадзон, мæ бон нæу, æнæ мæн æрхæн-- дæгæй амæлдзынæ: кæй ма æлгъитдзынæ? Æз барон дæн, фæлæ дын æыдæр исчи куы нæ ныббара—чизо- ны кæимæ сæмбæлдзынæ. Фæфæлмæн Лопахины цæстæнгас, йæ дыккаг но- мермæ зулмæ куы фæкаст, уæд ног цыдæр ферттыв- та йæ цæстæнгасыл.- 219>
—Уымæй раст зæгъыс,—-разæнгардæй Загъта.— Уый æмбалы ныхас у. Цæй, хорз, ды ам фæлæу, мæ зынаргъ Саша, Стрельцовимæ, æз старгаинамæ ба- уайоы. Зæгъын хъæуы хистæртæн, ам кæй лæууæм, уый. Ахæм хъуыддаг сусæгæй кæнгæ нæу. Уайтагъд æй аййæфта Некрасов, фæдзырдта йæм. —Цы ма дæ хъæуы, кæйдæр сиахс?-—фæетæмæ йæм нæ фæкаст, афтæмæй йæ тызмæг бафарста Лопахин. Баййæфта йæ Некрасов æмæ зынæмбарæн дыбал- дыбул кæны. — Аскъуыддзаг кодтон... ну дзырдæй æз дæр... сфæнд кодтон сымахимæ баззайьш, ахæм хъуыддаг! Фæсонтау дæн! Лæг- фæллад æмæ мæстæй цы нæ æрымысдзæн, йæ æдылыйæ цы нæ заегъдзæн... Æмæ ды, Лопахин, лæгæн алцы йæ цæстмæ ма дар... Чысыл нæ фæсæпп кодтам иуйæ, æз æцæгæлон миййаг нæ дæн... Мæстыйагæй дзы уыйас ницы ис. Хъусыс, Петя? Цæй, тамако мын авæрис æмæ бафидауиккам? Йæ зæрдæ фæфæлмæн Лопахинæн хицон лæгмæ... Йæ къахдзæф фæсабыр кодта æмæ, цæугæ-цæуын тамакойы чыссæ исгæйæ, фæлмæндæр хъæлæсæй фæхъуыррытт кодта: — Дæумæ, сæнтдзæф, тамако нæ фæлæ топпы зæвæтæй фæкæсын хъæуы! Цы нæ дзæнгæца цæгъ- ды, æмæ йæм хат, лæгъзтæ йын кæн, дæ фæстаг æнамонд нервтæ хал... Гъа, фæлæ исгсæй тамакойæ гыццылдæр папирос тухын кæн хъæуы, уый дæ рох ма уæд. — Арддып хæрын, гыццыл папирос тухын нæ зонын! — загъта Некрасов хъæлдзæгдæр хъæлæ- сæй. Лопахин æрлæууыд, хæрз гыццыл папирос стыхта æмæ:, йæ æнæдзургæйæ Некрасовы къухы фæсагъта, Уый йæ арæхстгай анста йæ æнæтасгæ сау æн- .220
гуылдзтæй, алырдыгæй йæм бæстон æркаст, сгарæ- джы каст, ныуулæфыд æмæ йæм æй Лопахин куыд æнæдзургæйæ раттв, афтæ йæ уый дæр æнæдзургæйæ ссудзын кодта.* X -X- Старшинайы зæхбын къæсмæ бахæццæ сты, куыд æмбæлд, раст уыцы афон: йæ къухтæ йæ фæрстыл æруагъта, афтæмæй къæсмæ бахизæны раз æдзынæг- лæууыд станкон пулеметæхсæг Хмыз Уасил. Стар- шина Поприщеыкойы гыццыл цæстытæ æгъуыссæ- гæй ныссырх сты, фырмæстæй цæхæртæ калдтой, афтæмæй йын алывыд дзырдта: —...Омацавæр бæгъатыртæ басгуыхтысты, цавæрШæ устав истæмæ дарынц, нæ дисциплинæ, æппын ницы зонынц æфсæддон службæйæн, сывæллæттæ базары куыд уой, ахæм митæ кæнынц, сæ зæрдыл цы ’рба- лæууа, уый сис æмæ сын æй ратт, кæд дæ фæнды тъæппытæ ахау—ис, нæй, уый хъуыды дæр нæ кæ- нынц! Уый нæ зонынц, æмæ салдат хъуамæ кас дæр^ хæра æмæ мæлгæ дæр кæна, æрмæст йæ хистæры дзырдмæ гæсгæ, йæхи куы бафæнда, уæд нæ, фæлæ æрмæст йæ хистæры дзырдмæ гæсгæ? Старшина чысыл æнæдзургæ алæууыд, йæ цæс- тытæ ныццавта пулеметæхсæдяш мæллæг, рæсугъд цæсгоммæ, стæй æваст фæбæрзонддæр кодта йæ хъæлæс: — Нал уисæн кæнут! Цы уæ бафæнда, уый кæнут! Агъæца, цы мæ домыс, фыдгæнæг? Æфсæддон хай стæм, æви æрмдæсныты артель? Æфсадмæ бонгай куыстмæ бацыдтæ? Цы бар мын ис æмæ дæ æндæр æфсæддон хаймæ ауадзон, цæй-ма, цы бар мын ис? Абон ды ацæудзынæ, райсом—иннæ, æмæ афтæ дард- дæр... Æмæ стæй цы рауайдзæн? Дæу куы фæрсын, 22Ь
’цы рауайдзæн?Мæхæдæг ма баззайдзынæн иунæгæй— æмæ иунæгæй бацæуон дивизийьт камандирмæ? Мæнæ, зæгъын, æмбал булкъон, зæронд сæрхъæн никуы федтай? Дæхорзæхæй—æрбацыд дæм.старшина Попри- щенко. Полчы ма тохты фæстæ баззад æфсæддонтæ, фæлæ сæ æз æгас дунейы байтьтдтон, мæнæ æв- зæр цъиуджын карк йæ цъиуты куыдныппырх кæны -æмæхæдзармæ иунæгæй куыд æрцæуьт, афтæ... Сисут мын ме отаршинайы бæрзонд чин æмæ дзырд раттут, æппæты æвзæрдæр къалиуыл мæ куыд æрцауын- дзой, афтæ, аккаг мын у, æнæмæнг мьтн у акгсаг ахæм ’фæртхой... А.фтæ, и, Хмыз Уасил? Мæ зæронд сал- даты сæрæн дæ ахæм цыт фæнды? Уый дæ хъуы- .дыйы нæй, дæлимоньт хай фæуинаг дзæгъæлдзу? Старшина йæ тамакойы фæздæгæй бур æнгуылдз- тæй ацарæзта мæстæймарæн фигурæ, иу цасдæр æй фæдардта пулеметæхсæджы гуыбырдзæф тæнæг фындзы цур, стæи йæ къух æруагъта æ^мæ ракæнон- лæгау загъта: — Де ’дылы зондæй æвастæй куы ацæуай, уæд дæ дезертирыл баныиайдзынæн—уый дæ рох ма уæд! Æмæ трибуналы раз дзуапп дæттæг уыдзынæ, куыд дезертир! Цæугæ, æмæ мæм ахæм æдылы миты тых- хæй куьтннæуал æрбацæуай! — Хъусын, æмбал старшина, ахæм æдылы миты тыххæй дæм нал æрбацæудзынæн,—бæлвырд официа- лон ныхасы хаттæй сфæлхатт кодта Хмыз старши- найы барджын ыыхас æмæ, чызджы æрфгуытау йæ тæнæг сау æрфгуытæ фæхъуынтъыз гæнгæ, цæхгæр фæзылд галиуæрдæм, йæ ихсыд цырыхъхъыты зæ- вæтты фæлмæн къæрцц фæцыд. Старшина бирæ фæкаст лулеметæхсæджы гуыр- видыц, къуыдиппгомау фигурæйы фæстæ, стæй йæ цæнгтæ уæрæх байтыгъта. 222
— Кæсыс, цы зæнджынтæ дзы басгуыхт?—загъта «старшина, йæ цæссыгæйдзагæй гыццыл цæстытæ тагъд-тагъд тъæбæртт-тъæбæртт гæнгæ æмæ йæ урс- хæццæ бур рихитæ мæстæп ныддымсгæйæ.—Ныр мæм цыппæрæм æрбацыд ацы райсом æмæ иууыл- дæр уыцы иу уынаффæимæ! Цыппæрæм! Нæ сæ фæнды фæсфронтмæ цæуын, ам сæ фæнды... Мæн, чи зоны, æппындæр нæ фæнды фæсфроптмæ, фæлæ бардзырд хъуамæ сæххæст кæыон æви нæ!?—æнæнхъæлæджы фæхъæр кодта бæрзонд зыр-зыргæнæ*г цъæхснаг хъæ- лæсæй, фæлæ стæй йæ маст фæурæдта æмæ æдыхст- дæрæй дзырдта:—Чысыл раздæр федтон майоры—æр- тын цыппæрæм полчы камандиры. Уый дзырд рат- та, цæмæй æвæстиат араст уæм Таловскийы хутормæ. Уым ис’нæ дивизийы штаб. Майоры бафарстон, зæ- гъын, нæ хабар куыд уыдзæн? Æмæ афтæ зæгъы: „Мæт ма кæн, зæронд, иугæр полчы намыс, полчы тырыса, бахызтат, уæд уын уæ полк нæ фехалдзыс- ты. Уайтагъд æй баххæст кæндзысты æфсæддонтæй, ратдзысты уын камандиртæ æмæ та уæ фронтмæ •фæрасткæндзысты, тæккæ ахсджиагдæр ранмæ".— Старшина бæрзонд сдардта йæ амонæн æнгуылдз æмæ ^æрыстырæй загъта дыккаг хатт: Тæккæ ахсджиаг- дæр ранмæ, бамбæрстат? Уымæн, æмæ, дам, нæ диви- ш у кадрон, бирæ бавзарæг æмæ фидар. Æмæ ахæм дивизи та; æцæг ыл стыр зиæнттæ æрцыд, фæлæ уæд- дæр бирæ нæ фæбаддзæн дзæгъæлы. Афтæ загъта майор. Мæнмæ та алыхуызон дзæгъæлдзутæ цæуы æмæ мæ мæ хъуырмæкæнынц сывæллоныхъæбатырдзинадæй... Уыдон фæнды сæхи æфсæддон хай ныууадзын æмæ фронты лекка кæнын... Кæд ма уыди афтæ, -æмæ лæг иу æфаæддол хайæ иннæмæ æвастæй ратæх- батæх кæна? Æз уæ фæрсыи: цæмæй зоны Хмыз Уасил, уыцы дзидзидай къæбыла, фронтæн йæ тæк- 223
кæ ахсджиагдæр ран кæм ис, уый? Мæнæ ам хъахъ- хъæдады хахх цы дивизи æрцахста,. уый, чи зоны, афтæ лæууа суанг зымæгмæ, цæмæй стæй мах.раива^ чи зоны, ам хæст æппындæр нæ уа, фæлæ дзæгъæлы. бадт кæной. Науæд чи фылдæр зоны, майор æви уы- цы къуыдипп Уасил? Хъуыддаг цыди сæфтмæ! Лопахины фæйдтæ æмæ хъуыдытæ иууылдæр фæмæнг. сты старшинайы æнæ- гуырысхойаг æвдисæйнæгтæй. Лопахин цæмæндæр систа йе згъæрхуд—-хурмæ ахъаззаг стæвд—æмæ йыл йæ къух æруагъта. „Иттæг раст зæгъы зæронд дæлимон! Мæ сæр куыннæ бакуыста уыцы хъуыддаг раздæр" —фергъуыйау Лопахин æмæ кæдæмдæр каст старшинаны иувæрсты: — Æппындæр ницы гуырыс- хойаг у, арвитдзысты нæбæрнон ранмæ, амта фрицтæ- хæцгæ дæр нæ кæндзысты. Æвæццæгæн, æцæгдæр афтæ уыдзæн хъуыддаг! Уæртæ, гъе, нæ иувæрсты гæрдынц кæдæмдæр хурыскæсæны ’рдæм... Ех, фæ- къуыхцы дæн, ныр мæ иннæрдæм аргъауын бахъæу- дзæн..." — Сымах та цæмæ æрбауадыстут, мæ’ хъæбул--, тæ?—фыдуацхæссæг къахæджы фарст сæ акодта старшнна, æвæгщæгæн сæм йæ зæрдæ фехсайдта, æмæ уасæг хылы агъоммæ куыд фæкæны, афтæ йæ æнцъылдтытæ къубал райтыиг кодта æмæ æнхъæлмаз- каст дзуаппмæ. Лопахин йæ хæдоны дысæй йæ ныхы хид куы асæрфта æмæ æвæлмасæй дзуапп куы ратта, зæгъ- гæ. „Кæд араст уыдзыстæм, уый базонынмæ æрцы- дыстæм", уæд Негсрасовæн йæ бинаг æфсæр ауыгъ- дау аззад. Старшина æнцон улæфт скодта. Йæ раздæры фæндыл йæ къух зынæй исгæйæ, уæззау ныуулæфыд Лопахин дæр. Некрасов æхситтæй сулæфыд уæл- дæф’ æмæ ссыф-сыф кодта: 22*
— Дои цы змæнтыс? Цы хорзы бонмæ ма кæсыс, зæгъ ын ныртæккæ. Æргом ьш зæгъ, мах нæ фæ- тæрсын кæндзæн! -—Фæци хъуыддаг!—ахицæн кодта Лопахин. Стар- шинамæ аздæхт:—Дзырд ратт, цæмæй æрæмбырд уой, науæд миййаг дæ æрмдæсныты артель æрбайхæл- дзæн... Фынддæс километры ауадысты, æмбисвæндаг ч чы- сыл аулæфгæйæ, æмæ изæры æхсæз сахаты бæрц уыдаид, æнуд æнтæф чысыл фæсаст, афтæ бахæццæ сты хутормæ, гæдыбæласджын хуыскъададжы уæрæх æрбынатгæнæг хутормæ. Уырдыгæй-Таловскийы хутормæ, дивизийы штаб кæм уыд, уырдæм æдæппæтæй уыди æрмæст авд километры бæрц, фæлæ хутормæ нæма бахæццæ сты, афтæ старшина Поприщенко расидт, зæгъгæ, æх- сæвиуат кæндзысты уым. Æфсæддонтæй чидæр æнæ- разыйæ сдзырдта: — Раджы ма у æхсæвиуат кæнынæн! Тамако адымæм, чысыл аулæфæм, æмæ хурныгуылдмæ ныс- сæпп кæндзыстæм Таловскийы хутормæ. Хъусыс, старшина? Ноджы æидæр чидæр загъта: — Абондæргъы æххормаг стæм! Уым . коменданты кухнямæ уæддæр бауайдзыстæм... Поприщенко мæсты хуыррытт фæкодта йæ цъæх рихиты бынæй—йæ рихитыл рыг сбадти æмæ уымæй цъæх уыдысты,—стæй тызмæг цæстæнгас ахаста ныхасгæнджытыл. — Ныууадзут уæлдай иыхас, фæстæмæ дзурын. Æххормаг гомгæрццытимæ мæ бон нæу булкъонмæ бацæуын. Бамбæрстат? 15, М, Шолохов. 225
Бахсæвиуат кæндзыстæм æмæ талынгтæм æппæт дæр нывыл куыд уа,, афтæ: уæлæдарæсы скъуыдтæ ба- хуыйут, бампъузут. Йæ къахдарæс йæ чеппыл кæ- мæн нæу, уый сæ æрбæстон кæнæд. Хæцæнгарз—кæй ,зæгъын æй хъæуы,—айдæиьг хуызæн тæмæн куыд кала. Уæхи ныхсут, уæ хъис ныддасут, райсоммæ ,мын авджы къæрттыты хуызæн куыд уат, афтæ. Бæс- тон сгæрст уæ кæндзынæн. Бамбæрстат? Хæринаджы хьуыддаг та колхозы бакæндзынæн. Ам дæр æцæгæ- лон паддзахад нæу, æмæ мын хæдзарн-хæдзар куыд нæ лекка кæиат, мах мæгуыргуртæ миййаг не стæм. Бамбæрстат? Æз мæ полк худинаг кæнын нæ бауадз- дзынæн. Æппæт дæр бамбæрстат? Колхозы сæрдары баййæфтой правленийьг. Отарши- на хæдзармæ бахызт. Хæстонтæ аууоны æрбадтысты, иуæй-иутæ дзы хъеллæуттæ гæигæ бараст сты цъай- мæ. Фынддæс минуты бæрц рацыд, уæддæр ма хæ- дзарæй хъуыст ныхас: старшинайы зондамонæн æмæ хатыпы хъæлæс, иннæ—бæзджын хъæлæс, æвæццæ- гæы, сæрдар уыди, æппынæдзух дзырдта: „Мæ-бон нæу. Загътон дын нæу мæ бон. Мæ бон нæу, æмбал старшина!" — Æнхъæл дæн, кæрæдзи нæ бамбардзысты. Ма- радз, Лопахин, зæрондæн феххуыс кæн,—бауынаффæ кодта Копытовский, Лопахин рагæй хъуыста лæмбынæг, хæдзарæй цы цугай дзырдтæ хъуыст, уыдонмæ; фестад æмæ цæр- дæг фæраст хæдзары дæлбазырмæ. Къаннæгуаты, газеты гæххæтты уаццæгтæ дзуар- æвæрд ныхæст кæуыл уыдысты, ахæм фæрссаджы раз бадти колхозы сæрдар бæрзонд, æрыгон лæппу- лæг, йæ уæлæ—зæронд салдаттаг хæдон, йæ сæрыл, йæ къæбуты онг фæстæдзæг коыд, хурмæ чи сивта 226
^æмæ бынтон чи ныуурс, ахæм æнæстъалы пилоткæ. Йæ хæдоны рахиз, афтид дыс—æнæхъола сагъд йæ роны. Старшина бадт сæрдары ныхмæ, хæрз æнгом æм бакодта табуреткæ, йæ уæрджытæ ныдзæвдысты сæрдары уæрджытыл, алцæмæй дæр архайдта, цæмæй йæ бæзджын, фæсус хъæлæс тынгдæр ахадыдтаид, æмæ дзырдта: — Дæхæдæг дæр фронты куы уыдтæ, афтæмæн нæ уавæр дæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Аипп ма уæд, фæлæ дæ ныхас æнæмбаргæ сылгоймаджы ныхасæй хъауджыдæр нæу... Сæрдарæн мæстæрттывд кодтой йæ æнгом сагъд цъæх цæстытæ æмæмадзурайæсчъилтæ кодта йæ был- тæ. Бæрæг уыд, уыцы ныхасæй кæн фæлмæцыд, уый. Лоиахин салам ратта æмæ фæхс бандоцы кæрон æрбадт. — Цы хабар уæм и? Цæуыл базар кæнут? Сæрдар æм йæ сæр нæ разылдта, афтæмæй дзуапп ратта: — Цы хабар у куы зæгъай, уæд уе старшина ку- ры, цæмæй йын колхозы къæбицæй продукттæ рафыс- 'Сон, мæнæы та мæ бон нæу. — Цæмæннæ? — Цæмæннæ?! Цæмæннæ, цæ, къæбиц афтид у. Аф- ~тæ ’нхъæл дæ, нæ хуторыл сымахæй раздæр ничн алыгъд? — Мах лидзгæ нæ кæнæм, — йæ маст уромгæйæ, •Лопахин бараст кодта сæрдары ныхас, æнкъардта, йæ •маст кæй æнхъызт сæрдармæ, йæ æнгом сагъд уазал цæстытæм, йæ хиуыл æввæрсон бæзджын хъæлæсмæ. „Ферох дзы фронты цард, йæ хæст фæци, йæхи нын- нард кодта, æмæ йæм ныр искæйы мæт нал хъары"— йæхинымæр хъуыды кодта Лопахин, æмæ фæрсыр- дыгæй мæстæйдзагæй каст сæрдары нард, сырх бæр- зæймæ, йæ хъæддых, бынылдаст рустæм. 227
— Сымах фыццаг лыгъдонтæ не стут, стæй куыд зыны, афтæмæй нæ дæр фæстæгтæ стут,—ноджы та загъта сæрдар. — Дыккаг хатт дын зæгъын—мах лидзгæ нæ кæ~ нæм,—тызмæг загъта Лопахин.—Уый иу. Иннæ уый, æмæ мах æппæты фæстæгтæ стæм. Нæ фæстæ ничи- уал ис. — Уæ фæстæ ничи уал ис—уымæй махæн æнцон- дæр нæу! Уæ разæй чи расæпп кодта, уыдон æппæт дæр асыгъдæг кодтой, цъылынæй мæрзæгау! Сæрдар йе ’ргом аздæхта Лопахинмæ. Цыдæр за?- гъын ма йæ фæндыд, фæлæ Лопахин фæраздæр æмæ йæ афарста: — Фронты нæ уыдтæ? — Уæдæ мын мæ цонг дæумæ гæсгæ род ахордта?' — Фæстæмæ алæууын дæ никуы бахъуыд? —Алцы дæр уыди, фæлæ ныртæккæйы хуызæн: никуы федтон. — Бамбар, хорз лæг, куысыфтæгсæр: мæ бон пæу мæ адæмы æххормагæй ныууадзын,—загъта старши- на.—Алкæй тыххæй дæр сæ дзуагш дæттыы каманда- кæнынады раз. Бамбæрстай? Ды нын рафысс, стæй дзы исты ссардзыстæм, мах бирæ нæ хъæуы. Тынгдæр баууæндыны тыххæй старшина йæ къух. æрывæрдта сæрдары уæрагыл, фæлæ уын йæ зæнгьш иуварс ахæцыд, æмæ йæ мидбылфæлмæн бахудт: — Ех, старшина, старшина! Уынгæджы мæ фæкод- тай, зæронд! Цал æмæ дын цал хатты загътон: къæ- бицы мыстыты едтæмæ ницы ис, фæлæ дæ нæ уырны... Ма дæр мын мæ уæрагмæ агай, исты чызг нæ дæн,, нæ дæр мæ къах лæгъзтæтæ æнкъары, протезыл цæ- уын... Ай дын мæ фæстаг дзырд: иу-дыууæ килограм- мы уын еууы къурупа ратдзынæн—æндæр ницы, дзул1: та хæдзæртты ссардзыстут. — Цы фаг мын у дыууæ килограммы дыууын авд:. 228
:хæстонæн—æыæхъæн полкæн? Кæнæ касæн ахуыйæн ницы хъазуы? Нæ дæр салдæтты хæдзарихæдзар зи- лын ауадздзынæн, мах мæгуыргуртæ не стæм. Бам- ■Зæрстай? Лопахин фæкомкоммæ старшинайы тыхст, фæл- ’мæцыд цæсгоммæ, гыбар-гыбургæнгæ иуырдæм ахæ- цыд фæхс бандоныл. Старшина йæ къух сдардта, фæ- даæхсæгау загъта: — Лопахин, мæсты ма кæн! — Цомут къæбицмæ,—цыбырæй загъта сæрдар. Хъыс-хъысгæнаг протезæй астæрды фæйнæджы- тыл фидар æнцайгæ, фæраст дуармæ. Поприщенко разæнгардæй рацыд йæ фæдыл. Æппæты фæсте цыд Лопахин. Къæбицы цур сæрдар старшинайы йæ разæй ауагъ- та æмæ Лопахины цонгмæ бавнæлдта. — Фен дæхæдæг, тæвд лæг, цы ма ыæм баззад, уый. Сусæг къæбиц мын нæй, ницы уæ æмбæх- •сын. Зыны уыл, хорз, хъæбатыр лæппутæ стут, язмæ уын, дзырдæн, фыс дæр нæ бахæлæг кæнин .ахуыйæнæн, фæлæ фос иууылдæр—лыетæг фос дæр ■æмæ хъомвос дæр—районы амындмæ гæсгæ знон ар- врыстам эвакуацийы. Æрмæст ма колхозонтæн сæхи юæрмагонд фос баззадысты. Мæхи фыс уын раттин, ’фæлæ мæ хæдзары ме ’фсин æмæ нæ гæдыйы едтæмæ лшцы ие. Лопахин сын æнæдзургæйæ баххуыс кодта, къæ- •бицы дуарыл цы егъау гуыдыр уыди æвæрд, уый -бакæиын æмæ бахызт талынггомау къæбицмæ. Æрмæст иу къаннæггомау хордоны къуымы уыди, еууы къу- рупайæ ма кæй æрбасæрфтой, уыцы муртæ. Лопахи- ны гуырысходзинад уынгæйæ, старщина тызмæг загъта: — Цæмæн кæсыс, фæтындз! 229
*" Лопахии ныссырх æфсæрм æмæ тыхстæй! Æргуы- ’быр кодта. Хордоньг бын цы’ хъазы" базыр уыдн, уы- мæй хордоны астæумæ æрбасæрфта еууы къурупа- æмæ йæ астæу сраст кодта: — Иу-æртæ килограммы бæрц уьтдзæн. —Гъемæ йæ иууылдæр ахæссут, тауинагæн нæ- нал хъæуы,—зæрдæхæларæй загъта сæрдар, Лопа- хинмæ фæлмæн, хæлар цæстæнгасæй кæсгæйæ. Цалынмæ Лопахин еууы къурупа йæ армæй дзæ- къулмæ æвгæдта, уæдмæ етаршина йæ дзынпæй снс- та* хидæйдзаг, цæхджьтн, тæбæкк æхцадон ашæ, йæ* рыгæйдзаг рихитæ змæлын гæнгæ, нымайын байдыдта. сойæдзаг иугай сомтæ. — Цас хъæуы фидар аргъæй?—бафарста, сæрдар-- мæ йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ. Уый худгæйæ йæ къух ауыгъта: — Ницы хъæуы. Еууы муртæ ’уæй нйе кæнæм. — Махта лæвар нæ исæм. Бамбæрстай?—Старши- на æхцатæ æрывæрдта хордоны «кæрон, хæрзæгъда- уæй раарфæ кодта:—Бузныг, кæй нæ фæаргъуц код- тай, уый тыххæй,—æмæ араст дуармæ. — Мыстытæ дын бахæрд.шсты де ’хцатæ,— худгæ- йæ та загъта сæрдар. Отаршина йын дзуапп нал ратта. Дуарæй куы ра~ хызт, уæд Лопахинмæ иуварс асидт æмæ йын нæ хъу~ сы загъта: — Бындур æрывæрдтам, фæлæ дарддæр цы бакæ- нæм? Аргъауы дзырдæуы/ зæгъгæ, салдат кас фæ- рæтæй фыхта, уый—-аргъауы, фæлæ мах цы бакæпæм,. шахтер? Цымгæйы хуызæн тæнæг кас æнæцарв æмаз- æнæдзулæй æнæсиахс чындзæхсæвæй хъауджыдæр- нæу, æмæ нæ лæппутæ та æххормагæй мæлынц! Пу* дзырдæй, ницы амал ис,—æнкъардæй загъта стар- шина. Иицы амал ис? Амал.цæмæн нæи, ахæм ницы исИ 230"
Æппыннæйæ афтæ хъуыды кодта Лопахин кæддæрид- дæр, æмæ, чи зоны, рæузонд уынаффæйыл дæр стар- шинайы фæстагдзырдмæ гæсгæ ныллæууыд... Цæхæр* акалдтой Лопахины ирддзаст, уæндон цæстытæ. Гъæй, джиди, сылгоймæгты ’хсæн йæ хъуыддаг кæддæрид- дæр æнæкъуылымпыйæ кæй цæуы, йæ хъуыддаджы æнæивгъуыцыл йæ зæрдæ фидар кæй дары, уыцы ахъаззаг хотых йæ къухы кæй ис, ууыл раздæр куын- нæ ахъуыды кодта, куыд æруагъта йæ уæнгтæ? Ло- пахин хъæлдзæгæй æрхоста æрынкъард уæвæг стар- шинайы уæхсчытæ-лæмæ загъта: — Æппæты ахсджиагдæр хъуыддаг уый у, æмæ- тæрсгæ ма кæн, Поприщенко! Ме ’вджид бакæн æп- пæт дæр. Ныртæккæ алцы дæр срæвдз кæндзыстæм. Абон уын бирæ ницы иыфс æвæрын. Уавæримæ уал базонгæ уыдзынæн æмæ сгардзынæн тохæмхасæн. Фæ- лæ райсом раджы хорз фендзыиæи уеппæты дæр, мæ- нæ афтæ—æмæ йæ къухты тигъ йæ нарст фындзьь хуынчъытыл авæрдта. — Цымæ цы ’рхъуыды кодтай?— хъавгæ афарста старшина.—Исты æнæзакъондзииад’ мацы æрымысай?' — Æппæт дæр уыдзæн закъонмæ гæсгæ, ард дын хæрын уартсæттæг толпæхсæджы номæй, — баныфс- æвæрдта Лопахин æмæ тынг ахудт йæ мидбылты.— Ацы хъуыддаджы фыдæбоы бахъæудзæн æрмæст мæн. Бахъæудзæн мæ мæ моралои фидæрттæ базмæлын кæ- нын, фæлæ æнæ уый дæр рагæй кæй сынкъуысыдыс- ты, уымæ гæсгæ разы дæн ме ’мбæлтты тыххæй ба- фыдæбон кæнын. — Цы зæгъинаг дæ, уый æргом зæгъ æмæ мын мæ сæр ма дзæгъæлтæ кæн. — Ныртæккæ йæ базондзынæ. Æмбал сæрдар, ра- уай ма иу чысыл! Лопахин хионау архайдта сæрдары хæдоны æгъ- 231
нæджытимæ, комкоммæ йын каст йæ æнгом сагъд цæс- тытæм æмæ дзырдта: — Ды æцæгæлон нæ дæ æмæ дын æргом зæгъдзы- нæн: исты хæринаг хъæуы æви нæ? Хъфуы. Дæ бон у æви нæ продукттæй нæм фæкæсын? Нæу. Уæдæ нын баххуыс кæн æндæр хъуыддаджы. — Цы хъуыддаджы? —-Дæ колхозы ис æви нæ идæдз ус, кæнæ йæмой æфсады кæмæн ис, ахæм хъæзныг цæрæг ус, йæ хæ- дзары адыхуызон хъылма кæмæн уа—кæрчытæ, фыс- тæ кæыæ æндæр ахæм лыстæг фо-сы мыггаг? — Бæгуыдæр дзы ис ахæмтæ. Нæ колхоз мæ- гуыр нæу. — Уæдæ нæ иу ахæм хъæзныг æфсинмæ бакæн æхсæвиуат кæныимæ—æрмæст иунæг æхсæв. Стæй нæ нæхи бар уадз, нæхæдæг бафидаудзыстæм. Æр- мæст, дæ хорзæхæй, æфсин бынтон фыдфыны хуызæн куыннæ уа, фæлæ чысыл уæддæр сылгоймаджы хуы- зæн куыд уа. Æмбарыс мæ? Оæрдар хынджылæггæнæджы цъынд æркодта йæ цæстытæ æмæ бафарста: — Куыннæ дæр ыл æвдай азæй къатдæр цæуа, и? Ныхас иттæг ахсджиаг фарстыл кæм цыд, уым Лопахинæн йæ бон нæ уыд, æмæ алыхуызон хъазæн ныхæстыл сразы уыдаид. Æнæдзургæйæ ахъуыды кодта, стæй дзуапп ратта: — Æвдай азы—уый, æфсымæр, æгæр бирæ у, фæ- лæ æхсай азыл разы дæн, цы уа, уый уæд! Риск— кады хъуыддаг у! Фæлæ æвзонгдæр куы уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр... — Цæй, хорз, ссардзыстæм,—загъта сæрдар^ йæ мидбыл худгæ, йæ былтæ фенцъулгæйæ. —Салдаттаг лæгау скъуыддзаг кæныс хъуыддаг. Кæсаг куы нæ уа/уæд, дам, рак дæр кæсаг у, быдыры та—хъæн- 232
.дил дæр дзидза. Бакæндзынæн уæ фысыммæ, фæлæ отæй тобæ, мæнæй-иу ма рахъаст кæнут... — Цæмæн афтæ зæгъыс?—къæрццхъусæй йæ афарс- та Лопахин. — Ардæм æввахс цæры иу ус. Иу æртын азы йыл цæудзæн. Йæ лæг фронты ис, хистæр лейтенант, у. Йæ хæдзары хæйрæджы цæот нæй, уый едтæмæ дзы цы нæ ис, ахæм нæй—кæрчытæ зæгъ, хъазтæ зæгъ, бабызтæ зæгъ, дыууæ егъаугомау хъыбылы, иу фынд- дæсы бæрц фыстæ. Хъæзныг цæры. Сæйраг та уый, .æмæ—зыбыты иунæг,—-нæ дæр сывæллон, нæ дæр æн- дæр. Уалæ, гъе, йæ хæдзар, гæдыбæлæсты фæстæ цъæх: уæлхæдзар уыныс? Гъе, уым цæры. Йæ лæг хæсты агъоммæ куыста... — Хорз, хорз, æхсæв æй мæ фыны миййаг нæ фæ- уынын, йæ лæгæй дын зæгъын,—цадæггай йæ фæу- рæдта йæ дзурынæй Лопахин.—Уæдæ ма цы хабар у? Дæмæн ма хъуамæ хъаст кæнæм? Йæ кар—куыд æм- <<5æлы, афтæ! — Карз адæймаг у, тынг карз! — Уый ницы кæны, уымæй фыддæрты æртасын- кодтам,—хиуыл æввæрсонæй загъта Лопахин æмæ старшинамæ фæзылд.—Хъуыддагмæ æрывналон, æм- бал старшина? Поприщенко йæ къух ауыгъта: — Æрывнал. Æрмæст æз гуызавæ кæныы... Фæсай:- дзынæ нæ, Лопахин. — Æз? Фæсайдзынæн?—фæмæсты Лопахин. — Гъай, гъай, фæсайдзынæ. Æз службæ кодток зæронд æфсады, уæд æз дæр æвзонг уыдтæн, зæхх мæ зæвæтæй къахтон, æнæ тæригъæды бацæугæ нæ цардтæн. Мæхи-иу айстон зонгæ сылгоймагмæ, хъай- .ла æмæ-иу арахъхъы авг самал кодтон мæхицæн, фæ- лæ ам дыууын авд лæджы ис... Гъемæ, хъуыды кæ- 233
нын: цы хорзы хъуамæ бацæуай æфсннæн, цæмæ№ Хæринаг ратта иу лæгæн нæ, фæлæ дыууын авд лæ- гæн? Ам, шахтер, ахъаззаг куыст хъæуы, æз зæ- гъин... — Æмæ æз мæхп куыстæй нæ атылив кæндзы- нæн,—йæхицæй нæ раппæлыд, афтæмæн нæ бауыр- нын кодта Лопахин. Арвы хурныгуылæн кæрон уыди гæзæмæ сырх- бын урс мигъы къæм, æрмæст зына-нæзына змæлыд. Йæ зылын-мылын къахыр кæрæтты алыварс тезгъо ко’Дта уæларвон дымгæ, къæбæлдзыг ын кодта йæ пых- цыл кæрæттæ. Мигъы уæлеты цæгатырдæм • стахт цыппар вмессершмитты" æмæ кæмдæр хуторы фæс- тæ дæлæмæ æрхаудтой. Чысыл фæстæдæр дымгæ æр- бахаста пулеметты тагъд-тагъд къæр-къæр æмæ бом?, бæты фехæлды къуырма уыиæр. ’ — Кæйдæр бабын кодтой фæндагыл. Ныртæккæ уым кæмæндæр хъæлдзæг нæу йæ зæрдæ...— загъта, ’Доны фурды фаллаг фарс рактæ чи æрцахста, уыцы бæр- зонд, даргъкъубал æфсæддон. Лопахин æрмæст уысмы’бæрц схæцыд йæ сæрыл,. байхъуыста æввахскæмдæр фехæлгæбомбæты уынæр- мæ, стæй йæ сæр фæстæмæ æруагъта, тутæ кодтанæ- цырыхъхъытыл æмæ сæ лæмбынæг даудта немыцаг цинелы фæччийы уаццагæй... : Æфсæддонтæ æрбынаткодтой мæнгагъуыст сарайы. Донласты хуызæн хидæйдзаг, чъизи мидæггагхæдæт- ты бадтысты æмæ æмпъызтой сæ хурсыгъд æттаг хæ- дæтты рæмбыныкъæдзты бырæгътæ, сæ æттаг хæлæф- тæ æмæ сæ цинелтæ, архайдтой сæ цырыхъхъыты æмæ сæ батинкæты бызгъуыртыл. Чидæр сыхæгтæй 234
ракуырдта дзабырхуыйæн мигæнæнтæ/дыууæ зæронд; калодкæйы æмæ хуыйæндаг. Копытовскнй . разынди хæрзарæхст дзабырхуыйæг. Уый бахуыдта йæдырыхъ-- хъыты уæфстæ, æнæразыйæ бакæс-ба’кæс’ кодта йæ фарсмæ, къуымы йе ’мбæлтты къахдарæсы цагъдмæ æмæ мæстæй тъыфылтæ калдта: „Ссардтой дзабырхуы-- йæн комбинат! Ссардтой æдылы, лæвар дзабырхуыйæг!'. Куыннæстæй, боныцъæхмæ уын къуырцц-къуырцц кæндзынæн дзæбугæй!'4 Бадти* Копытовский къуы- дырыл, бырæгътæ цъæх трусикыл, л!е ставд зæнгтæ уæрæх айт’ыгъта æмæ Некрасовы цырыхъхъыты уæфс- ты фæдисы хост кодта бæрзхъæдæн арæзт ’ставд шиилкæтæ. Йæ къæхтæ ’ æрбатымбыл кæнгæйæ, йæ фарсмæ зæххыл бадти Некрасов æмæ, ницæйаг зы- лын судзинæй æнарæхст архайд кæнгæнæ, егъау æм- пъузæн æвæрдта ’Коиытовскийы хæлафы ’ къахыл. Хуыдта ставд æндахæй æмæ нæ’хуыд къуыппытæ дардта. Йæ куыст-иу фæурæдта Копытовский æмæ- критикæйы’ уагыл дзырдта: — Æрмæст хуыйæджы бадт цы кæныс, Некрасов, æндæр зонгæ ницы кæныс. Куы зæгъæм, уæд ды’ хъуамæ салдаттаг буц хæ^тæфтæ ма æмпъузис, фæ- лæ æрмæст ’уæр’доны бæхы хамуттæ рæхсис. Цæй/ яыр уыи цы куыст у? Куыст нæ, фæлæ хæлафæй хынджылæг кæныс! Дæ сынк — æнгуылдзы стæвдæн, цыфæнды сыст дæр уырдыгæй куы расхъиуа, уæд æрбамæлдзæн. Æнарæхст дæлтъур, хуыпæг нæ, фæлæ! — Уый дæ хæлаф у,' уæздаы?—загъта Некрасов.— Къухмæ сисын дæр ыл лæг æлгъ кæны! Æз та йæ æмпъузгæ кæнын, удхар кæнын, газсæттæньп дыууæ хызыны йыл бахардз кодтон, фæлæ уæддæр мæ куыс- тæн йæ кæрон нæма зыны... Дæуæн кæд’ тасмачъийæ- бахуыдæуа ’ хæлаф, æндæр4 ницы. Æри, Саша, дæ трусикыл дын комдæл бахуыйон, хæлафы та судзгæ бакæнæм, и? 235-
Коптыовский йе ’рфгуыты бынæй каст æмæ хъуы- ды кодта, тынгдæр æй куыд фæрæхуыстаид, ахæм дзуаппыл. Фæлæ уыцы рæстæджы чидæр фæхъæр кодта: — Æфсин рацæуы, лæппутæ! Сеппæт дæр фæхъус сты. Дыууын æхсæз лæджы €æ цæстытæ ныццавтой кулдуармæ. Æрмæст Стрель- цов цадæг æхситтæй зарыд æмæ гуыбырæй бæстон •сæрста йæ автоматы сампал. Æнахуыр бæрзонд, стæвдтæконд сылгоймаг сæ- рыстырæй фæцæйцыд кулдуармæ. Уый уыди уæнг- тæй хæрзконд, цæсгомæй рæсугъд, æфсæддонтæй •зеппæты бæрзонддæр чи уьтд, уымæй дæр бæрзонд- .дæр. Æгуыппæджы чидæр фырдисæй загъта: — Гъе, уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ! Старшина та, тæссæй йæ гыццыл цæстытæ ныдз- .дзагъыр кодта æмæ Лопахинæн йæ фарс басхуыста: — Цин кæн ныр... Фыдæнхъæл фестæм! Лопахин уайтагъд йæ рон ахъаззаг нылхъывта, тагъд-тагъд æрлæгъз кодта йæ хæдоны æнцъщщтытæ, систа йе згъæрхуд, йæ сæрыхъуынтыл йæ къух æруагъта. Æфсæддон бæх уадындзы хъæрмæйæ хъус- тыл куыд ’схæцы, афтæ йæхиуыл схæцыд æмæ кæ- ла^нгонд, æрттиваг цæстытæй касти кæрты стыр къах- дзæфтæй фæцæйцæугæ стæвдтæконд усы фæдыл... Старшинаиæн йæ ныфс асаст, йæ къух ауыгъта яемæ загъта: — Бабын стæм! Цом, ныртæккæ уыцы сæрдарæн хъуамæ йæ хæмхудтæ ныммур кæнон, цы нæ хын- джылæг кæны, куыдзы фырт!.. Лопахин æм бакаст рохст цæстæнгасæй, бафарс- та йæ тызмæг хъæлæсæй: — Цæуыл фæтыхстæ? I— Куыд цæуыл?—фæмæсты старшина.—Нæ уы- быс, цавæр сылгоймаг фæцæуы? :2У6
— Уынын æй. Сылгоймаг цы вæййы, уый у. Йæ~ уæлæ ибкæ æмæ æндæр алцы, сылгоймагæн цы вæй-- йы, удй. Оылгоймаг нæ, фæлæ зæд!—цин гæнгæ загъ- та Лопахин. — Сылгоймаг цы вæййы,, уый! Зæд, йæ уæлæ- ибкæ! — сфæзмыдта йæ старшина. — Уый сылгоймаг нæ, фæлæ цырт рацæуы. Бамбæрстай? Кæсын дæр æм тæссаг у! Хæсты агъоммæ Мæскуыйы хъæууон хæ- дзарады равдысты ма федтон ахæм. Равдыстмæ ба-- цæуæны лæууы цырты хуызæи0 дурын ус, ай дæр уымæй къатдæр нæу.,. Цы нæ уæнгæл сфæлдисдзæн хуыцау дæр, пуй!—-старшина тутæ гæнгæ, æлгъит- гæ, Лопахиныбаласта сарайы къуыммæ æмæ йæ фæр- сы, йæ хъусы йын дзуры: — Цæй, ныр цы бакæнæм?' Нæ фатер аивиккам? Лопахин тæизæрдæ мидбыл худт фæкодта æмæ йе- уæхсчытæ банкъуыста: — Цытæ дзурыс? Цæмæн хъуамæ аивæм нæ фа-~ тер? Куыд бадзырдтам, афтæ кæндзыстæм. Нæ разы. цы хæс æрывæрдтам, уый сæххæст кæндзыстæм. — Дæ цæстытæ ма асæрф, Лопахин, дæ цæстытæ, æмæ йæм дзæбæх бакæс! Дæ сæр йе уæхсчытæм дæр-< куы нæ сæххæсдзæн! — Æмæ цы? — Цы цы дæ ас уымæн æгæр чысыл у. Бамбæрс- тай? Старшинайы тыхст æмæ æгæрыстæмæй чысыл тарст цæсгоммæ кæсгæйæ, Лопах ин ныр худти æргом æлгъгæнгæ: — Дæ сæр сурс, старшина, фæлæ цыфæнды сыл- гоймаг цы зоны, уый дæр нæ зоныс... — Цы нæ зонын, бафæрсын аипп ма уæд? — Цы нæ зоныс, цы, гыццыл æхсынкъ тынгдæр хæцы. Бамбæрстай?" 237
'Старггшнайæн чысыл фæцудыдта йæ дызæрдыг- гдзинад, æнæдзургæйæ æдзынæг каст Лопахинмæ, ар- гъуц дзы кодта йæ мид-зæрдæйæ, дис ын кодта йæ -æнæмæт хиуыл æввæрсындзинадыл. Лопахин,та йæ мидбыл худты йæ ирддзаст цæстытæ æргуьындкодта æмæ дарддæр дзырдта: . — Искуы рагон истори ахуыр кодтай, старшина? — Никуы. Плотннк кæй дæн, уымæ гæсгæ мæ, чи- :зоны, хъæугæ дæр ницæмæн кодта. Æмæ цы? — Раджы заманы уыди ахæм æфсæддон фæтæг, Александр Македонский, зæгъгæ. Уый, стæй уый •фæстæ , ро’маг æфсæддон фæтæг Юлий Цезар дæр, '.афтæ дзырдта: „Æрцыдтæн. Федтон. Фæуæлахиз дæн". Æз архайын уыцы лозунгмæ гæсгæ, æмæ ацы •сылгоймаг афтæ егъау кæй у, уымæй æппындæр нæ тæрсын! Бар мын дæттыс, старшана, хъуыддагмæ .æрывналон? — Æвналгæ, кæп зæгъын æй хъæуы, æркæн, æз уый ныхмæ ницы зæгъын, æндæр гæнæн нын кæй ыæй, уымæ гæсгæ. 'Фæлæ дын хъуамæ иу дзырд зæгьон, шахтер: ды дæхи мæлæтæй нæ амæлдзыдæ... Старшина хъынцъым гæнгæ йæ сæр батылдта, фæ- лæ Лопахин æрмæст хъазæнæмхасæн йæ цæст æр-^ ныкъуылдта æмæ йæ уæззау къух æрывæрдта стар- шинайы зæронд мæллæг уæхскыл. . — Алцы дæр æгъдауыл уыдзæн. Нæ дæр дæуыл, нæ дæр мæхиуыл æруадздзынæн сайд, старшина! Дæ -зæрдæ ма ’хсанæд! Лопахин хъазуатон архайдчгодта, цæмæй йæхимæ раздæхтаид æфсины зæрдæ: æххуыс ыи кодта цæхæ- радоны дон пырх кæнын,лæппулæгæн куыд æмбæлы, 238
=афтæ дзаг ведратимæ цъайæ цæугæ нæ, фæлæ чысыл къахдзæфæй сирæгау кодта цадæг къахдзæ- •фæй цæуæг æфеины разæй; сугтæ афтæ саста.фæ- рæтæй,. æмае: фæрв сугты бурбурид хус лыстытæ алырдæм тахтысты; æппындæр æнæ рахъуыды:ба- хъуыдыйæ фелвæста йæ-сыгъдæг цырыхъхъытæ, йæ уæраджы чъилты онг стылдта йæ хæлафы къæхтæ земæ æнувыдæй æрывнæлдта сæрдыгон хъомдон сыгъ- дæг кæнынмæ, йæ фатхъулты онг бæзджын фаджысы ныхсгæ... Æфсин иттæг разæнгард уыди уыцы куыстытæй, хинæйдзаг хъæлдзæг цæстæй каст рауай-бауайгæнæг Лопахинмæ, худти æрмæст йæ цъæх цæстытæй, стæм хатт-иу фæкаст иуырдæм, йæ сæрыл-иу уæзбын хæр* заив æвнæлдæй бадзæбæх кодта йæ урс сæрбæттæн. Фæлæ йын Лопахин æрмæст уынгæ куы фæкодтаид уыцы сахат йæ æргом æмæ æппæтзонæг мидбыл худт!... Æфсæддонтæ раздæрау бадтысты мæнгагъуыст сарайы æмæ сабыргай ныхас кодтой. Алчи сæ йæ куыст ’ кодта, фæлæ; Лопахин æмæ æфсины змæлд- тытæй иунæг дæр сæ лæмбынæг хъусдардæй нæ аирвæзт. Æппæты цырддзастдæрæй Лопахинмæ каст старшина.' Уый æрбынат кодта, сарайы фарсмæ цы саст кæрдæн машиыа уыди, уый бадæны, æмæ хæсты быдыры тох куы цæуы, уымæ æфсæддонхистæр куыд фæкæсьт, уыйау фæлгæсыд кæртмæ. Æфс&ддонтæм йæ цæст ныкъулгæ, пулеметчик Хмыз Уасил хъазгæ- йæ загъта: — Æмбисонды фæлгæсæн бынат дын ис, æмбал •старшина, раст инæлары фæлгæсæн бынаты хуцзæн. Хуыздæр ма цы уа, æппæт дæр уыныс! Старшина м^зсты хуыррытт фæкодта. -—Ныхъхъус у,куыдзы хъæвдын! Лæг не ’ппæты тыххæй фыдæбон кæны, ды та куыдзау рæйыс. 239
Старшина раздæрау дызæрдыг кодта Лопахинш хъуыддагыл, фæлæ æфсин уартсæттæг топпæхсæгмæ- ныллæг, риуыдзаг рæвдаугæ хъæлæсæй куы фæ- дзырдта, уæд старшинайæн йæ цæсгом ныррухс: — Куыд хингæнæг у! Амæй фыдбылыздæр ма уы~ дзæн сылгоймæгты хъуыддаджы! .Æфсин æм йæ ном. æцæ йæ фыды номæй райдыдта дзурын! Куыд тагъд^ æй базыдта! Фехъуыстаг!г, Петр Федотич, зæгъгæ, йæ^ хоны? Ътц& дын шахтер! Уымæн нæ дæр сæфæн ис,, нæ дæр сидзæры бынаты ныууадздзæн йæхи. — Цæуы/цæуы къæпхæнмæ!—разыйæ сдзырдтаНек- расов, æфсинмæ амонгæйæ æмæ цадæггай старшина- йы фарс басхойгæйæ. — Кæй зæгъын æй хъæуы, цæуы! Æниу, бафæр- сон дæ, цæмæннæ хъуамæ цæуа? Хъæбатыр лæплу у, æцæг асæй... фæлæ ас цы?... Ацы усæн хъуамæ- бæрзонд лæппу уа къайæн, хиды цæджындзы дæр- гъæн, науæд та дыууæ дзæбæх лæппуйы зæгæлтæй бахуыйын хъæуы, цæмæй йæм уæллаг лæппу сых- хæсса. Ф^елæ Лопахинæн йæ тых уый мидæг нæй,, куыдзы фырт! Дзæгъæлы нæ акæнынц, зæгъгæ, гыц- цыл хъæдысыст дæр у, фæлæ хъылмайы тæф кæны.. Æхсарджын кæй у, йæ тых уый мидæг ис, мæнæ уы- цы æфсæддонау ...— старшина, йæ былтæй æууилгæ; æдзынæг’ бакаст Некрасовы цæсгоммæ æмæ йæ æнæн- хъæлæджы æваст бафарста;-—Искуы рагон историг -ахуыр кодтай? — Мæнмæ чысыл ахуырады йедтæ^æ нæй,—фæе- моны улæфт ныккæнгæйæ, загъта Некрасов.—Ирихо- дон скъола дæр нæ фæдæн каст уыцы æлгъысты ца- ризм:ы аххосæй æмæ мæ мад æмæ мæ фыд мæгуыр кæй уыдысты, уый аххосæй. Рагон. историтæ нæ зо- нын, никуы сæ ахуыр кодтон. Цы нæ зонын, уый нæ= зонын, мæхицæй не ’ппæлдзынæн. 240
— Дзæгъæлы сæ нæ ахуыр- кодтай, дзæгъæлы!— уайдзæфгæнæгау загъта старшина æмæ йæ рихи сæ- рыстырæй аздыхта.—Мæнæн дæр мæ сабийы бонтæй фæстæмæ зын уыд алыхуызон зонæдтæ ахуыр кæнын. Дзырдæн, ахуыр кæныс искæцы рагон кæнæ уый бæрц рагон чи нæу, ахæм истори, кæнæ, зæгъæм, географийы хуызæн зынархайд зонад, æмæ, нæ дæ бауырндзæн—хаттæй-хатт-иу лæгæн йæ сæр разыл- ди! Фæлæ сыл уæддæр лæг фæтых вæййы æмæ рай- дайы ахуырæй-ахуырдæр ’кæнын, фылдæрæй-фылдæр зонын. Бамбæрстай? — Кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстон,—старши- найы стыр ахуыргонддзинадæй фæныхкъуырд ис æмæ къæмдзæстыгæй загъта Некрасов. Уый размæ куыддæр никуы бафиппайдта, старшина афтæ стыр ахуыр кæй уыд, уый—-нæ йæ æвдæлд тохы хъуыд- дæгтæй. — Дзырдæн зæгъæм, раджы заманы уыди ахæм æмбисондк æфсæддон раздзог: Алексаидр... Алексан- др... Пуй, дæлимоны хай фæуинаг зæрдæ! Æрбайрох мæ йаа мьтггаг... Зæронд лæджы зæрдыл ницы лæу- уы, зæронд æрмкъухæй хъауджыдæр нæу... Алек- сандр... — Суворов?—къæмдзæстыгæй загъта Некрасов. — Суворов нæ, фæлæ Александр Македонсков уы- ди йæ мьгггаг! Тыххæй-фыдæй йæ æрымысыдтæн, дæлимонты хай фод! Уый Суворовæй раздæр уыди, Горох паддзахы замаыы, адæм бирæ куы нæ уыди, уæд. Æмæ уыцы Александр афтæ хæцыд: иу, дыууæ-— æмæ дамкæмæ ахызт! Æмæ знаджы тыххæй йæ фыццаг фæдзæхст афтæ уыди: „Æрцыдтæн, федтон, цæуæт скодтон". Цæуæт та-иу афтæ скодта, куыдзы фырт, æмæ- иу уый фæстæ йе знаг сæдæ азы дæргъы цы нæ код- та, фæлæ йе ’муд нал æмæ нал цыд. Æмæ кæуыл нæ 16. М. Шолохов. 7241
фæуæлахиз! Немыцæгтыл, фраыцузæгтыл, шведæг- тыл, алыхуызон италийæгтыл дзурьш дæр нæ хъæ- уы. Æрмæст Уæрæсейы фæкалд æмæ йæ чъылдым фæзылдта, фæстæмæ фездæхт.. Йæ дæндаг не схæ- цыд Уæрæсейьтл! -—Цымæ цы нацийæ уыди?—бафарста Некрасов. — Уымæй зæгъыс? Уыцы Александр?—æнæнхъæ- лæджы фарстæй фергъуыйау старшина. Бирæ феу- уæрста йæ рихи, хъуырдухæн гæыгæ, æнцъылдтытæ кодта йæ ных, гукм-гуым кодта:—Ех, куыдзы зæр- дæ фæу! Зæронд лæгæн зæронд нæлбæхæй уæлдай йæ зæрдыл ницы лæууы: бæхмæ сидыиц, Цъæхой, зæгъгæ, фæлæ уый йæ къæдзил дæр нæ батилы, фе- рох дзы йæ ном...—Старшина хъуыдыты ацыд æмæ исдуг ныхъхъус, стæй цæхгæр загъта:—-уымæн уы- ди йæхи наци. — Уый та куыд—йæхи наци?— дис бафтыд Нек- расовыл. — Куыд вæййы, афтæ. Йæхи сæрмагонд наци, æн- дæр ницы. Бамбæрстай? Афтæ фыст у рагон истори- йы. Уыдис ын йæхи наци, стæй быныскъуыд фæци, цæуæтæн дзы ницы уал баззад. Цæй, уый куыдфæн- ды уæд, ницы ахсджиаг хъуыддаг у. Фæлæ æз æмæ Лопахинæн уыцы Александр нæ зæрдыл ахæм хъуыд- даджы фæдыл æрлæууыд: æз ын дзырдтон, зæгъын, ма фæкъуыхцы уæд хъуыддаг æфсинимæ, ма нæ фæсайдьг кæн хæринагæй. Уый та, дæлимон, кæл-кæл кæны æмæ афтæ зæгъы: „Мæнæн, зæгъы, Александр Македонсков куыд кодта, мæ ахуыр афтæ у: æрцыд- тæн, федтон, цæуæт скодтон". Цæй, зæгъын, хуыца- уы бафæндæд, цæмæй нæ род бирæгъы бахæра, ар- хай, фæлæ, зæгъын, иугæр архайыс, уæд афтæ ба- кæн, цæмæй æфсин рауæлдай кæна куыист, уымæй къатдæр нæ! Баныфс æвæрдта. Æмæ, куыд зыны, аф- 242
тæмæй йæ хъуыддаг хорз цæуы. Фехъуыстон, æфсин æм куыд фæдзырдта, уый: „Петр Федотович, радав ма ведра!—йæ ном, йæ фыды номæй йæм дзуры. Æмæ уымæн исты нысан ис, æви нæ? Бамбæрстай? — Кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстон,—зæрдæ- -бынæй сразы Некрасов.—Мæгуырау нæ уаид куыист фысы фыдимæ къабускæджын бас апирын... Хорз сты æфсины далыстæ, уæлдайдæр дзы иу нард далыс ис, æмæ уый. Йæ фæхсын цыппар килограммы уыдзæн, уымæй цухдæр нæ! Кæд æфсин фæрæдау уа, уæд æргæвдыы хъæудзæн’ æрмæст уыцы далыс. Тынг мæ зæрдæмæ фæцыд, фыстæ сæрвæтæй куы ’рцыдысты, уæд æй федтон. — Фысы фыды бас хорз фидауы ног къабускæи- мæ;—хъуыды гæнгæ загъта старшина. — Къабускæ ног, фæлæ картоф хъуамæ зæронд уа •ахæм басæн,—зæрдæрайæ загъта Некрасов.—Ног кар- тоф ницы у, басæн нæ бæззы. -—Зæронд картофæн дæр ницы у,—сразы старши- на.~-Мæгуырау нæу, сурфых хъæдындз ыл куы нык- (кæнай, уæд уый дæр, бирæ нæ, афтæ иу чысыл... Æнæбафиппайгæ сæм бацыд Хмыз Уасил æмæ оындæггай загъта: — Хæсты размæ мæ мад кæддæриддæр базары фы- сы фыд æлхæдта, æнæмæнг дзы уыргтæ дæр куыд уыдаид, афтæ. Къабускаджын бабæн уымæй хуыздæр хай нæй! Стæй иу-чысыл хъонтхорадæр хъæуы. Уый ахæм хæрздæф кæны, æмæ æнæхъæн хæдзар байдзаг вæййы! — Хъонтхора къæбæда ми у, æндæр ницы. Сæй- раг хъуыддаг ног къабускæ æмæ помидортæ сты. Хъуыддаг уый у!—йæ ныхмæ цæхгæр загъта стар- шина. — Уырыдзы дæр зианы хос нæу къабускæджын ба- оæн,—цыбæлгæнгæ загъта Некрасов. 243
Старшинайы ма цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ æваст ату кодта æндæдзаг сæт æмæ мæсты хъуыр- хъуыр бакодта: — Фæци, ныууадзут уæ базар! Фæут сыгъдæг уæ хæцæнгарз, ныртæккæ сгардзынæн иттæг карзæй. Алы æдылы ныхæстыл схæцынц, æмæ сæм хъус, ахсæн схæлбурцъ кæны... * # Æфсæддонтæн сæ фылдæр схуыссыд кæрты, са- райы цур. Æфсин йæхицæн бауат кодта кухняйы, Стрельцов, Лопахин, Хмыз, Копытовский æмæ ноджы цыппар æфсæддоны та схуыссыдысты къаннæг уа- ты аетæрдыл—кухня æмæ уаты ’хсæн уыди къаннæг тыргъ. Хмыз æмæ даргъкъубал æфсæддон, фæсномыгæй „рактæ ахсæг" кæй хуыдтой, уый, бирæ фæсусу-бусу кодтой цæуылдæр. Копытовский зæрдæаивæй ахста æхсынчъытæ, йæхинымæр æлгъыста. Лопахин дыу- уæ папиросы фæд-фæдыл бадымдта æмæ ныссабыр. Чысыл фæстæдæр æм ныллæг хъæлæсæй фæдзырдта старшина. — Лопахин, фынæй дæ? -На. — Ма бафынæй у! — Ма тæрс! — Бæргæ, иу-дыууæ сæдæ граммы дæ ныртæккæ арахъхъ куы уаид, фæлæ йæ цы хæйрæг ссардзæн? Лопахин цадæггай бахудт талынджы æмæ загъта: — Ницы мын уыдзæн æнæ уыцы æвдадзыхос дæр. Хъуысти, йе уæнгтæ хъыррыст гæнгæ куыд ай- йæзта æмаь куыд сыстад, уый. — Ацыдтæ цы?—цадæг бафарста старшина. 244
— Уæдæ рæстæг дзæгъæлы цы сафон?—йæ хъæ- лæс сирвæзт, афтæмæй загъта Лопахин. — Райгонд фæу!—раарфæ Гшн кодта рактæахсæг. Лопахин ницы сдзырдта, саудалЫаджы йæ къах- къухтыл араст дуармæ, тыргъмæ ахизæн дуармæ. — Хæдзары хуыссынц бынтон æххормæгтæ, иинæ- тæ та—кæрты,—ннллæг хъæлæсæй загъта Хмыз, гыц- цыл лæппуйау ныппырыкк кодта, æмæ йæ дзых йæ кьухæй амбæрзта. — Цы дæм рауад?—лис гæнгæ бафарстл Копытовс- кий. — Но иасаран! Нæ рахиздзысты!—йæ худын нæ уромгæйæ, загъта Хмыз. Нал æм фæлæууыд Акимов—æртыккаг батальоны снайпер,—суцца, мæстыгæр лæг, хæсты размæ Сы- быры стыр арæзтады бухгалтерæй куыста: — Курæг дæ дæн, æмбал Хмыз, æмæ адæймагæн зынаргъ цы дзырдтæ сты, уыдонæй хынджылæг ма кæн. Цас дæ зонын, уымæй æрыгон интеллигент лæг дæ, каст фæдæ дæсæм кълас, афтæмæй æвзæр уа- гыл цайдагъ кæныс—уæлæнгай цæстæй кæсыс дзырд- мæ... — Нæ ахиздзæн!—худæгæй йæ бон улæфын нал уыд, афтæмæй та загъта Хмыз. — Ныр цы къæу-къæу кæныс, былджын?—рамæс- ты йæм рактæахсæг.—-Нæ ахиздзæн, нæ ахиздзæн, афтæмæй та æгæр дзæбæх фæцæуы цадæггай! Нæ хъусыс, астæрды фæйнæджы хъинцъ фæцыди, ды та— нæ ахиздзæн. Куыннæ ахиздзæн? Иттæг хорз дæр ахиздзæн! Копытовскийы фæдзæхсæгау загъта: — Сабыр! Ам æппæты сæйраг хъуыддаг у æнцад •лæууын æмæ хуыррытт фынæй кæнын. — Хуыррыттæй цух бæргæ не стæм... — Ам сæйраг хъуыддаг у маскировкæ æмæ æдзы- 245
нæг лæууын. Кæд дæ æххормагæй хуыссæг нæ ахсы, уæддæр фынæйæфсон скæн. — Цæй маскировкæ æмæ цæй цыдæр, кæд æмæ гуыбын афтæ хъуыр-хъуыр кæны. æмæ, æвæццæгæн, уынгмæ дæр хъуысы,—æнкъардæй загъта рактæах- сæг.-—Куыд лæгхор сты, æнаккаг цъулбертæ! Æф- сæддон лæгæн кæрдзын ма бахæрын кæн, уый циу? Зæгъæм, Смоленскы облаеты—уым дын æфсин йæ фæстаг картофы нæмыг дæр ратдзæн, фæлæ адон мит дæр нæ ратдзысты, мит, æмбисзымæг! Æвæццæгæн,. сæ колхоз дæр æрмæст раздæры кулæктæй у: фæцæ- уы æви нæ? Йæ къæхты хъæр цыма нæ цæуы. — Райдайæн позицимæ бахæццæ, фæлæ уæддæр нæ ахиздзæн! —худæнæмхасæн багуым-гуым кодта Хмыз. — Вынтондæр дæ сæрра кодта, лæппу, фронты цардуаг. Куыд кæсын, афтæмæй дын срастгæнæн нæй,—мæстыйæ загъта Акимов. — Ныууадзут уæ радзур-бадзур!—хыр-хыр, сыф- сыфгæнæг хъæлæсæй загъта старшина. — Ныр цы сыф-сыф кæны, нæл хъаз куыдзыл куыд сыф-сыф кæна, уыйау? Зæронд лæг дæ, ных- хуысс æмæ хуыррытт^кæн.. дæдыууæ фындзы хуын- къæй... не старшина старшина нæ, фæлæ рæхысæй баст* сырд у... — Æз дын райсом фенын кæндзынæн сырд! Афтæ æнхъæл дæ, дæ хъæлæсæй дæ нæ базыдтон, Некра- сов? Куыдфæнды аив дæ хъæлæс, уæддæр дæ ба- зондзынæн! Иу минуты бæрц уатæй алыхуызон хыр-хыры йедтæмæ сыбыртт нал райхъуыст, стæй рактæахсæг- йæ маст нал баурæдта, райдыдта дзурын: — Нæ цæуы размæ! Ныр цы цоппай кæны райдиан позицийыл? Ох, адæймаджы фыдхор! Уый цалынмæ- 246
фронты хахмæ хæццæ кæна, уæдмæ нæ уд дæр сио дзыстæм! 0, ме скæнæг, арвыстой мыы мæлæты цæр- дæдяш. Чи зоны, райсоммæ бахæццæ уа тыргъмæ. Иу чысыл ма алæууыдысты æнæдзургæйæ, стæй та рактæахсæг, ныр бынтон ныфссастæй, загъта: — Нæй, нæ йын æнтысы размæ цæуын! Æвæццæ- гæн, райдайæн позицийыл æрхуыссыд? Æмæ дзы цæмæн æрхуыссыд? Кухняйы раз æфсин сындзтел гæрæн сæвæрдта, æви цы? Старшинайæн йæ бон нал уыд быхсын, рабадт: — Ныхъхъус уыдзыстут æви нæ, дæлимонтæ!., — Уæ, хуыцау, æнæуый дæр ныл цыма немыцæг- тæ ракетатæ æхсынц, афтæ куы хуыссæм...—багуым- гуым кодта рактæахсæг æмæ фæхъус: Копытовскийы стыр армы тъæпæн ын йæ дзых нылхъывта... Нодззуы дæр ма цалдæр дæргъвæтин минуты ра- уади фыдæвзарæн æнхъæлмæ кæсгæйæ, стæй кухня- йы ныззæланг кодта æфсины мæсты хъæлæс, рай- хъуыст чысыл хъуырдухæн, цæйдæр тъæпп фæцыди зæххьтл, цавæрдæр мигæнæн згъæлæнгай баци æмæ* йæ дзыгъал-мыгъул ссыд астæрдыл, къулыл фæцыд дуары ахъаззаг дзæхст, ахæм дзæхст, æмæкъулныр- рызт, йæ сæрстытæ æрызгъæлдысты, тæригъæддаг динг фæкодта чырыны сæрмæ тыхызмæлдгæнæг къу- лы сахат æмæ йæ кусынæй банцад. Лопахин йæ фæсонтæй æрбахæцыд дуарыл æмæ уатмæ æрбахаудта, цалдæр цадæг къахдзæфы акодта. цух-мух гæнгæ, чъылдымырдæм, тыххæй-фыдæй ма баззад æнæахаугæ æмæ сагъдау аззад уаты бæс- тыастæу... Старшина æвзонг лæппуйау цæрдæг фестад, фæ- тæгены лампæ ссыгъта, систа йæ йæ сæрмæ. Лопа- хин хæлиу лæууыди. Йæ рахиз цæстылæртыхст æрт- тивæнтæ гæнгæ сау-цъæх рæсыд, фæлæ галиу цæст 247
цины тæмæнтæ калдта. Астæрдыл чи хуыссыд, уы- цы æфсæддонтæ иууылдæр рабадтысты, цьша еын афтæ загъдæуыд, уыйау. Бадтысты тыгъд цинел- тыл, æнæдзургæйæ кастысты Лопахинмæ, ницæ- мæй дæр æй фæрсгæ кодтой. Æниу æй æвæдза, фæрс- гæ дæр цæмæй кодтаиккой: #æ рæсыд цæст æмæ йæ ныхыл цы къуызыр анæрет,—карчы айчыйас уыдаид, —уыдон цыфæнды дзырдтæй дæр хуыздæр æвдыстой хъуыддаг... — Александр Македонсков! Гыццыл æхсынкъ! Гъы, куыд у, бахордтай æнæнхъæлæджы хай?—куынæггæ- нæг ныхасы уагæй, йæ дæндæгтæ къæс-къæсгæнгæ, загъта фырмæстæй афæлурс уæвæг старшина. Лопахин йе ’нгуылдзты ’хсæн аууæрста йæ ра- хиз æрфыдлш сæрмæ егъауæй-егъаудæргæнæг къуы- зыр æмæ йæ къух æнæмæтæй ауыгъта: — Æнæнхъæлцау къуыхцы! Фæлæ уый хыгъд, æфсымæртæ, куыд тыхджын у, куы, уыцы сылгой- маг! Сылгоймаг нæ, фæлæ сыгъзæрин. Ахæм дзы ни- куы ма федтон! Диссаджы боксер, æппæты уæл- дæр категорийы хъæбысæйхæцæг! Табу хуыцауæн, къахæн-мæцъисæй кусгæйæ схъомыл дæн, æдых не сты ,мæ цæнгтæ, центнеры уæзæн голлагзæххæй сис- дзынæн æмæ йæ, кæдæм дæ фæнды, уырдæм ахæс- дзынæн. Фæлæ мын уый мæ зæнгтæ уæрагæй чысыл уæлдæр, æмæ мæ уæхскмæ февнæлдта, систамæ æмæ афтæ зæгъы: „Ацу, бафынæй кæн, Петр Федотович, æндæра дæ фæрссагæй арæцугъдзынæн!"--„Уый, зæ- гъын, фенгæйæ у". Æмæ федтон... Æгæр хъæппæ- рисæй архайдтон æмæ мæ мæ хъуын фæци...—Лопа- хин йæ цæфы рисæй йæхи фенцъылдта, йе ’рфыджы уæле та аууæрста копрадзгъуыз къуызыр æмæ загъ- та:—Уæддæр мæ фæсонтæ дуармæ кæй ахастон, уый хорз рауад, æндæра гæнæн уыди æмæ дуары фæзгъæр 248
иууылдæр ме уæхсчытыл рахастаин. Сымах куыд- фæиды кæнут, фæлæ æз кæд удæгас баззайон, уæд хæсты фæстæ ацы хутормæ æрцæудзынæн æмæ ацы усы лейтёнантæй срæмудздзынæн. Уый сылгоймаг нæ, фæлæ хæзна у, хæзна! — Æмæ ныр фысы хабар та куыд уыдзæн!—фæд- мæцыд хъæлæсæй бафарста Некрасов. Ахæм нæргæ худынæй йын дзуапп раттой, æмæ Стрельцов тæссæй фесхъиуыдта, хуыссæгхъæлдзæгæй фæлæбурдта йæ нывæрзæн автоматмæ. — Цымæ нын дæ хæзна райсом кæрдзын бахæрын кæндзæн—йæ судзгæ маст уромгæ, бафарста стар- шина. Лопахин донгарзæй зыдæйнуæзта хъарм дон, æмæ йæ куы равдæлон кодта, уæд дзуапп ратта æнцад- æнцой: — Гуырысхо кæнын. — Уæдæ ма цы .дзæнгæда цагътай æмæ нын нæ сæртæ цы разилын кодтай? — Цы мæ домыс, цы, æмбал старшина? Æфсинмæ та бацæуон? Фæлтау немыцы танктимæ архайдзынæн. Кæд нал лæууыс, уæд æм дæхæдæг бацу. Мæн дзы иу къуызыр фæци, фæлæдзы дæу дыууадæсæй къат- тæр нæ фæуыдзæн, тыхсгæ ма кæн! Цы зæгъдзынæ, кæд дæ фæнды, уæд дæ бахæццæ кæнон кухнямæ? Старшинанытту кодта, мынæг хт>æлæсæй сылгъыс- та æмæ йе ’ттаг хæдон райдыдта йæ уæлæ кæнын. Йæ дарæс куы скодта, уæд лæгæй-лæгмæ никæмæ бадзырдта, фæлæ æнæуый æрфыгæлхынцъæй фæ- хъуыррытт кодта: — Колхозы сæрдармæ ныууайон. Æнæ аходæн ба- хæргæ нæ ацæудзыстæм. Куыд хъуамæ бацæуон хис- тæрты размæ æмæ сæ уайтагъд куыд ракурон: хæ- ринаг раттут махæн дæр, гомгæрццытæн. Сабырдæр ут ам/ æз тагъд фездæхдзынæн. 249
Лопахин йæ бынаты схуыссыд, йæ къухтæ йæ сæры бын бакодта æмæ цыма йæ хæс сæххæсткодта, ахæм лæджы ньтхасы хаттæй загъта: — Ныр бафынæй кæнын дæр æмбæлы. Мæ атахъæй ницы рауад. Фæстæмæ алæууыдтæн æгъдауыл, фæ- лæ мыл иу-цасдæр зиан æрцыд, æмæ знаджы тыхтæ бæлвырд фылдæр кæй сты, уымæ гæсгæ ацы ран размæ нал бырсдзынæн. Зонын æй, лæппутæ, ныр мыл иу дыууæ мæйы худдзыстут—уыцы дыууæ мæ- йы удæгас чи баззайа, уыдон. Фæлæ уæ иу хъуыд- даг курын: худын райдайут райсомæйфæстæмæ, фæ- лæ ныр та—фынæй! Дзуаппмæ дæр нал фæкаст Лопахин, йæ фарсыл æрзылд æмæ цалдæр минуты фæстæ тарф фынæй аци, сывæллоны тарф фынæй. Оæумæрайсом Копитовский раджы райхъал кодта Лопахины. — Сыст, аходæн бахæр, гыццыл æхсынкъ! — Уый æхсынкъ у? Уый æхсынкънæ, фæлæ Алек- сандр Македонский у, — загъта Акимов, сыгъдæг хæцъилы гæппæлæй алюмины уидыг бæстон сæрфт кæнгæйæ. — Уый адæмы басæттæг бæгъатыр æмæ сылгой- мæгтæ æмризæджы кæмæй ризынц, уыйу,— йæ дзырдч баппæрста Хмыз.—Фæлæ знон фæсыкк, æниу ын æз рагацау дзырдтон. — Ахæм бæгъатырыл дæ зæрдæ куы дарай, уæд æххормагæй ныммæлдзынæ!—загъта Некрасов. Лопахин рабадт, йæ цæстытæй ракаст. Йæ галиу цæстæй каст кæддæриддæр дзы куыд каст, афтæ— цæрдæг æмæ хъæлдзæг. Йæ рахиз цæстыл æртыхст цъæхбын рæсыд æмæ гæзæмæ зынди, дæргъæццов нарæг угардæй ферттив-ферттив гæнгæ. 250
— Хорз дыл аузæлыд! — ныпыррыкк кодта æмæ* нинæрдæм азылд,—тарсти йæ худын нæ бауромынæй. Лопахин иттæг хорз зыдта, йе ’мбæлттæ йыл кæй худынц, уымæн кæй ие æрмæст иунæг хос—-ницы дзурын. Йæхи афтæ дардта, цыма йæм æппындæр ницы хъары, æхситтæй заргæ, йæ дзæкъулæй систа хисæрфæн æмæ йæ сапонæй чи баззад, уыцы гыццыл мур. Рахызт дæлбазырмæ. Æфсæддонтæ сæхи æхсад- той, хъомпал кодтой цъайы фарсмæ. Хæдзары тæккæ фарсмæ чысыл бæласдоны цъæх нæууыл айтыгътой плащ-палаткæтæ., æмæ сыл æнгом æвæрд уыдысты кателоктæ, тæбæгътæ, къустæ. Гыццыл фалдæр—цы- рен арт. Уæларт-~бригадæйы стыр аг, ставд телыл ауыгъд. Рæсугъд фæлыст æфсин арт æндзæрста, йæ- домбай гуыр æргуыбыр кæнгæ, аг змæста хъæдын уидыгæй. Уыдон иууылдæр уыдысты фын фенæгау. Лопа- хин фæсонтау, йæ цæстытæ æрныкъуылдтытæ кодта, асæрфта сæ. „Кæлæнгæнджытæ!" — ахъуыды кодта- йæхинымæр. Фæлæ уайтагъд йæ фындзыл ауад фыдьт- згъæлы басы тæф, æмæ Лопахин йæ уæхсчытыл схæцыд, дæлбазырæй æрхызт. Арты фарсмæ æрлæу-- уыд æмæ иттæг уæздан акуывта йæ сæрæй: — Дæ райсом хорз уа, Наталья Степановна! Æфсин йæ астæу сраст кодта, æхсгæ каст æм фæ- кодта æмæ та агмæ æргуыбыр кодта. Сырх ахорæн ахъазыд йæ рустыл, æгæрыстæмæййæ нард ур с бæр- зæйыл дæр фæзынд сырх тæппытæ. — Дæрайсомхорз,—нымæгхъæлæсæй загъта ус—- Бахатыр кæн, Петр Федотович...—Дæ ных сцъæхи... Дысон дæ, æнхъæл дæн, де ’мбæлттæ фехъуыс- той? — Уый ницы кæны,—хæлар зæрдæйæ загъта Лопа- хин.— Лæппуйы цæсгом ахæм цъæхтæй фидауы. Кæй 251
зæгъын . æй хъæуы, тымбыл къухæй чысыл аив- дæр куы архаис, уæд хуыздæр ’у, фæлæ ма ныр цы гæнæн ис. Фæлæ мæымæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, афтæ байгас уыдзæн,, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Чи цы агуры, уый ссары: куыдз ауайы—стæг ссары, æз дæр дысон дæумæ бауадтæн æмæ мæ цъ’æх къуызыр рахастоы. Уыдон, Наталья Степановна, .усгуры митæ сты... Æфсин та йæ астæу сраст кодта, комкоммæ бакаст Лопахинмæ, тызмæг схæцыд йæ бæзджын, бурбын æрфгуытыл. — Усгуры митæ кæй кæнут, бæллæх дæр уый у. Афтæ ’нхъæл дæ, иугæр лæг æфсады ис, уæд йæ ус йæ цæсгом суагъта? Гъсмæ мæн дæр, Петр Федотович, тымбылкъухы сæр бахъуыди, цæмæй дын бауырнын кодтаид, мах цы стæм, уый; хуыцау мæ нæ фæхъыг- кодта— тых мын ратта... Лопахин йæ дзæбæх цæстæй тæрсгæгомау зулмæ. бакаст æфсины тымбылкъухмæ æмæ йæ бафарста: — Бахатыр кæн ахæм фарсты тыххæй, фæлæ, дæ хорзæхæй, цы хуызæн у дæ лæг? Дзырдæн, цахæм у асæй? Æфсин цæстынгасæй сбарста Лопахины, йæ мид- был бахудт: — Раст дæуыйас, Петр Федотович, æрмæст дæуæй чысыл нарддæр. — Æфхæрдтай йæ, æвæццæгæн? Кæд дæм мидæг- моймæ уыди? — Цытæ дзурыс! Уанцон нæу, Петр Федотович! Тынг æнгом цардыстæм. Æфсины хæмпус сырх былтæ фæцудыдтой. Иннæ- рдæм азылд æмæ йæ сæрбæттæны кæронæй йæ цæс- сыг асæрфта йæ русæй, фæлæ уайтагъд хинæйдзаг худт фæкода йæ мидбыл æмæ, Лопахинмæ умæл цæс- тытæй кæсгæйæ, загъта: 252
— Мæ лæгæй хуыздæр нæй зæххыл! Хорз лæг мын у, куыстуарзаг, сабыр, фæлæ арахъхъ куы анцъухы, уæд—фыдбылыз. Фæлæ æз милиционермæ хъæстгæ- нæг никуы уыдтæн: абухын-иу куы райдыдта, уæд- иу æй уайтагъд æрсабыр кодтон: фæриссыны цæф æй нæ кодтон, фæлæ афтæ, уарзгæйæ... Ныртæккæ Куй- бышевы ис, фæцæф æмæ госпиталы хуыссы. Фæстæ- дæр æй, чи зоны, хæдзармæ рауадзой, цæмæй фæ- дзæбæх уа. — Рауадздзысты йæ, æнæмæнг æй рауадздзысты,— бауырнын кодта Лопахин.-Цымæ не ’мбæлттæн сеп- пæтæн аходæн кæнын та цæмæ гæсгæ æрымысыдыс- тут? Куыддæр æй не ’мбарын... — Ницы дæр дзы æмбаринаг яс. Знон нæ сæрда- рæн дзæбæх куы бамбарын кодтаиккат, æндæрæбон Подъемскы Хуторы немыцимæ сымах æфсæддон хай кæй хæцыд, уый, уæд уын знон дæр кæрдзын бахæ- рын кодтаиккой. Кæннод мах, устытæ, афтæ- æнхъæл стæм, удаистæй лидзут, нæ уæ фæнды знагæй нæ баиргъæвын, æмæ нæхимидæг иумæ аскъуыддзаг код- там: Доны зæххæй фæсчъылдыммæ чи лидзы, уыдо- нæн мачи дæттæд нæ дæр кæрдзыны къæбæр, нæ дæр æхсыры кружкæ, уадз æмæ æххормагæй мæлæнт, æл- гъыст тæппудтæ! Фæлæ Доны зæхмæ чи цæуы нæ хъахъхъæнынмæ, уыдонæн • æппæт дæр дæттут, цы- дæриддæр сæ хъæуа, уый. Æмæ афтæ кодтам. Фæлæ Подъемскы сымах кæй хæцыдыстут, уый нæ зыдтам. Нæ колхозы сылгоймæгтæ æндæрæбон Доны цурмæ сармадзаны нæмгуытæ ластой, æмæ куы ’рбаздæхтыс- ты, уæд дзырдтой: нæхионтæй, дам, бирæ фæмарди Доны фаллаг фарс, фæлæ, дам, немыцæй дæр бирæ ныккалдтой къуылдымыл, лæзæрынц, дам? суджы нцагъдтау. Уым кæй хæцыдыстут, уый куы зыдтаик- кам, уæд уæм æндæр цæстæй ракастаиккам. Уæ хис- 253
тæр, бурхил, къæсхуыр зæронд лæг дысон сæрдармæ ныццыд æ^æ йын радзырдта, куыд карз тох кодтат, уый. Кæсын, æмæ боныцъæхæй сæрдар цыппæрвады- гæй æрбатæхы мæ хæдзармæ. Фæрæдыдыстæм, зæгъы, Наталья. Уыдон, зæгъы, тæппудтæ не сты, фæлæ бæгъатыртæ. Ныртæккæ аргæвд кæрчытæ, сфыц лап- ша æмæ хорз фен ацы лæппуты. Радзырдта мын, куыд хъахъхъæдтат Подъемск, цас зиæнттæ уыл æр- цыд, æмæ æз дæр уайтагъд хыссææрцæттæ кодтон лапшайæн, аст карчы ачъепп кодтон æмæ сæ аджы ныппæрстон. Ау, нæ зынаргъ хъахъхъæнджытæн цæй- дæр æиæхайыр кæрчытæ æвгъаукæнæм? Æрмæст нын немыцы ардæм ма ’рбауадзут, уый едтæмæ мах æп- пындæр ницæуыл бацуарддзыстæм! Науæд кæдмæ хъуамæ цæуат фæстæмæ дæр? Афон у æрфидар уæ- вынæн дæр... Хъыг дæмчма кæсæд мæ дæрзæг ныхас, фæлæ уыл худгæ кæнынц, худгæ,.. • — Афтæ рауад, æмæ уæ гуыдырæи йæхи аккаг дæгъæл не ссардтам?—бафарста Лопахин. — Афтæ рауад,—йæ мидбыл бахудт æфсин. Лопахин мæстæй ныккæрзыдта, йæ къух ауыгъта æмæ цъаймæ фæраст „А-фæстаг рæстæджы мæхъуыд- даг нал тулы уарзондзинады", — æнкъардæй загъта йæхицæн, иукъахвæндагыл цæугæйæ. X- * к- Дивизийы камандир булкъон Марченко фæцæф ’Серафимовичы бын — йæ цонг æмæ йæ сæр. Ацы райсом, йæ баст ын куы раивтой, уæд бацымдта хъæбæр цайы агуывзæ æмæ æрхуыссыд аулæфыны охыл. Йæ туг кæй фæцыд æмæ æнæхуыссæг æхсæв- тæ кæй арвыста, уымæ гæсгæ цæфы фæстæ бонты иууылдæр йæхи æнкъардта лæмæгъ, хуыссæг æй зæх- 254
ъ*æ ласта æмæ мæстæй марди. Фæлæ куыддæр чысыл ^арæдзæ-мæдзæ кодта, афтæ чидæр дуар æрбахоста, тынг нæ, фæлæ хъæддых хостæй. Бар райсынмæ нæ фæкæсгæйæ, æрдæгталынг уатмæ æрбахызт штабы хистæр майор Головков. — Фынæй дæ, Василий Семенович!—бафарста майор. — На, -исты дæ хъуыди? Æгæр раджы фæнард уæвæг, ныллæг, боцкъайы хуызæн фæтæнтæ конд Головков цæрдæг къахдзæф- тæй бацыдфæрссагмæ, райста йæ кæсæнцæстытæ æмæ *сæ, сæрфгæ-сæрфын, Марченкомæ чъылдымырдæм лæугæйæ, фæцудгæ хъæлæсæй загъта: —Æрхæццæ æртын стæм полк... — А-а-а... — Марченко цæхгæр рабадт сынтæгыл æмæ йæ дæндæгтæ хъыс-хъысгæнгæ нылхъывта: йæ къæмисæны стæг афтæ рысти, æмæ, чысыл ма ба- хъæуа, дæлгоммæ ахауа. Фæстæмæ æрхуыссыд, йæ тыхтæ иууылдæр æрым- бырд кодта æмæ æцæгæлон, дард кæцæйдæр чи цыд, <ахæм хъæлæсæй бафарста: — Куыд æгъдауæй? Æмæ дард кæцæйдæр йæ хъус æрцахста йæ зон- гæ хъæлæс, Головкойы хъæлæс: — Дыууын авд æфсæддоны. Фондз дзы ис рог цæф- тæ. Æркодта сæ старшина Поприщенко. Сæ фыл- дæр—дыккаг батальонæй. Хæцæнгарз—уый дæхæдæг зоныс... Полчы тырыса бахызтой. Хæстонтæ æнхъæл- мæ кæсынцрæнхъæвæрдæй.—•Æмæ бынтон æввахс, йæ тæккæ хъусы цур:—Вася, ды ма^сыст. Мæхæдæг сæм ахиздзынæн. Ма сыст дын куы зæгъын, дæ бон нæу! Урс-урсид дæ, къулы хуызæн. Цæй, гъа, афтæ дæр .ма чындæуы?! Цалдæр минуты Марченко бадти сынтæгыл, цадæг 255
дзой-дзой гæнгæ æмæ йæ саулагъз къухæй йæ бин- тæйбаст сæрыл хæцгæйæ. Йæ рахиз къæмисæныл рахъардта хиды лыстæг æртæхтæ. Йæ бархъомысы фæстаг тыхархайдæй систа йе стыр стæгджын буар æмæ фидар загъта: — Адæудзынæн сæм. Зоныс æй, Федыр, æз хæсты агъоммæ уыцы тырысайы бын аст азы фæолужбæ кодтон... Мæхæдæг сæм ацæудзынæн. — Знонау та куы ахауай? — Нæ,—фæлмаст дзуапп ратта Марченко. — Уæд та дын дæ цонгыл фæхæцон? — Нæ хъæуы. Цу, зæгъ сын рапорт нæ хъæуы. Тырыса райхалæнт. , Марченко дæлбазырæй куы ’рцæйхызт, уæд аси- ны дзой-дзойгæнаг къæпхæнтыл йæ къах æвæрд- та цадæг æмæ хъавгæ, йæ къухæй æнцой кодта асины гæрæнхъæдыл. Зæххыл уæззау лæуд куы ’ркодта, уæд æфсæддонты рæнхъæй фæцыд салдаттаг цырыхъхъыты дыууын авд къайы ихсыд зæвæтты æмхуызон къуырма къæрцц. Фыццаг йæ къахфындзтыл, стæй йæ æппæт уæфс- тыл лæугæйæ, булкъон куырмау цадæг фæцæйцыд æфсæддонты рæнхъæвæрдмæ. Старшина Поприщенко æнæдзургæйæ змæлын кодта йæ былтæ. Æгомыг æг- уыппæджы хъуысти æфсæддонты тыхуромгæ зæрдæ- знæт улæфын æмæ булкъоны къæхты бын змисы сы- бар-сыбур. Æрлæууыд, æфсæддонтæм акаст йæ иу цæстæй, баст ын чи нæ уыд æмæ дурæвзалыйы къæртты хуы- зæн чи æрттывта, уыцы сау цæстæй æмæ æнæнхъæ- лæджы зæлланг хъæлæсæй загъта: , — Салдæттæ! Нæ райгуырæн бæстæ æмæ уын Ст;алин никуы ферох кæндзысты нæ дæр уе сгуыхт- дзинæдтæ нæ дæр уæ фыдæбæттæ. Полчы намыо—пол- 256
чы тырыса кæн бавæрдтат, уый тыххæй бузныг,— Булкъон тыхсти æмæ йæ бон нæ цыд ,йæ басусæг кæнын: йæ рахиз уадул ын стъæлфын кодта первы рæхуыст. Чысыл æнæдзургæ алæууыд æмæ та иогæй райдыдта: — Мин фараст сæдæ æнудæсæм азы ацы тырысайæн дыууæ хатты æфсæцдон цыт лæйæрдта нæхн цыт- джын Сталин, Хуссар фронтьг куы уыди, уæд. Уым иолк хæцыд дешшшон абырджытимæ. Уыцы тырыса Сивашы федта æмбал Фрунзе. Уыцы тырыса къорд хæттыты тыгъдæй, тохты федтой æмбæлттæ Вороши- лов æмæ Буденный... Булкъон йæ саулагъз тым’былкъух бæрзонд сдардта йæ сæрмæ. Æнæфæцудгæ тыхджын æй уырныдта йæ хъуыддаджы рæстдзинад, кæронмæ пыффидар кодта/йæхи, йæ’хъæлæс фæбæрзонддæр æмæ хъæд- дых ивæзт фæндыры хъисау ныззæлланг кодта: — Уадз æмæ рæстæгмæ цин кашæд знаг, фæлæ уæлахиз уæддæр махфæуыдзыстæм. Оымах уæ тыры- са ахæсдзыстут Германмæ! Æмæ фæстаг тохты, немы- цаг зæххыл пе фсад... сæрибаргæнæг стыр Æфсад пæ мæстæйсудзаг тырысатæ куы айтындза, уæд цодопаг фæуыдзæи стигъджыты, тыхгæнджнты, лæгмарджыты аг;уырæфсад схæссæг æлгъысты бæстæ!.. Бузныг, салдæттæ! МæнæргъыГш хуызæн сырх тырысайы уæззау, джиппы уагъд згъæры хуызæн дыдæгътæ зæу-зæу , кодтон йæ хъæдыл, дымгæ йын цадæг уызта йæ тар- бын сыгъзæрин хаутæ. Вулкъон сабыргай бацыд тырысамæ, йæ уæраг æркъæдз кодта. Уысмы бæрцфæ- цудыдта æмæ йæ рахиз къухы æыгуылдзтæй тых- джын æрынцад умæл змисыл. Фæлæ цæсты ныкъуылд- мæ фæтых йæ лæмæгъдзинадыл, йæ астæу сраст кодта, топпыхосы сыгъдон тæф, дард фæндæгты рыг æмæ быдираг ,скъæлдзойы æнæихсигæ тæфæйдзаг хъæдабæйæ хуыд тырысайы кæронмæ йæ ризгæ был- 17. М. Шолохов. 25?
тæ æлхъивгæйæ, нымдгæигæ æркъул кодта йæ баст сæр... Лопахин йе ’фсæртае нылхъывта æмæ æдзьгаæг, æнæфезмæлгæ лæууыд. Æрмæст йæ рахиз фарсæй къуырма, тыхуромгæ нæтын куы фехъуыста, уæд гæ- зæмæ фæзылдта йæ сæр: бирæ фыдæбæттæ фенæг хæстон лæг старшина, Поприщенгсойæн йæ уæхсчы- тæ рызтысты, гæртт-гæртт кодтой йæ къухтæ йæ фæре- тыл дæлæмæ уагъдæй, йæ зæронд лæмæгъ рустыл та, дæлæмæ æруагъд уæлтъыфалты бынæй, лыстæг ирд цæссыгтæ згъордта. Фæлæ уставæн коммæгæс уыд æмæ йæ къухыл нс схæцыд йæ цæссыг асæр- фынмæ, æрмæст ныллæгæй-ныллæгдæр уагъта Щ урсхил сæр...
ЛШХАИЛ АЛЕКСАНДРОВИЧ ШОЛОХОВ ОНИ СРАЖАЛИСЬ ЗА РОДИНУ (на осетинском языке) Госнздат Юго-Осетии Сталинир — 1961 Редактор И. К. Плиев Художник У. X. Гассиев Худ. редактор А. Д. Ванеев Техредактор Н. С. Сиукаев Корректор А. И. Техов Сдано в набор 23. VII. 1961 г. Подписано к печати 2. X. 1961 г. Заказ № 890. Формат бумаги 84х108у32 см. Изд. листов 10,7, Печатных листов 13. Тираж 2000 экз. Цена 50 коп. Сталинирская типография Грузглавиздата, г. Сталинир, ул. Исака, 2.