Текст
                    Томайты Мишурхан
11 ’ '|1 1111|' 11 I к Л
Радзырдтæ
'’х ,?л;
,-гЛ-^
Г?*\
*л •
;-&<*■•• :'.ЛЛ
&.• „ - -Ш’- ’ ;'"7Ч
&..>■ •• .-аву-'.—*■«
№
Дзæуджыхъæу
2003


84 Осет Т-64 Нывгæнæг Дзиуаты Батраз Томайты М. Т-64 Адæймаджы фæд: Радзырдтæ - Дзæуджыхъæу: Ир, Томаева М.М. След человека Герои рассказов Томаевой люди разных профессий, разного уров- ня понимания жизни, но их объединяет простота и искренность, преданность своему делу. Человек приходит в этот мир, чтобы оставить свой след, непо- хожий на след другого. В этом общий замысел сборника в целом. 470250021-6 ТМ131(03)-03 74"03 840сет © Томаева М.М., 2003 © Дзиов Б.Г.,оформление, 2003
АДÆЙМАДЖЫ ФÆД Заремæйы æдзух йæ хотæ мæстæй мардтой: «Бафу йыл кæн æмæ ахаудзæн». Къæсхуыртæ. Æвзонг талайы хуы- зæн. Æмæ паддзахадон фæлварæнтæ дæттынмæ куы цыд, уæд Тепсарыхъо йе ’фсинæн загьта: — Ам йæ хъуыры куы ницы уадзы, уæд ахæм схæцæны цы бакæндзæн. Йемæ ацу æмæ йæм фæкæс. Хъарм хæри- наг-иу ын уæддæр акæндзынæ. Заремæ уыцы ныхæстæ фехъуыста, фæлæ ницы сдзырдта. Æхсызгон ын уыд, мад йемæ кæй цæудзæн, уый. Алкæмæ дæр-иу йæ мад кæнæ йæ фыд æрцыди, фæлæ Заремæйы бинонтæн ахæм фадат никуы фæцис. Дземысайы йæ мойы иунæгæй ныууадзын никуы бафæндыд, дыууæйæ ацæуынæн та сын фадат нæ уыд. Цотæй алчи — хицæн хæдзар. Алчи дæр куысты бæрны ис. Дзæгъæл бадтмæ гыццыл сывæл- лоны дæр не ’вдæлы. Хæдзары та, æппын ницы’, фæлæ каркæн хæринаг раттын уæддæр хъæуы. Заремæйы уæлдай æххуыс нæ хъуыди, мыййаг, фæлæ йæм йæ бинонтæй никуыма ничи уыд. Кæм ахуыр кодта, уыцы стыр горæты сæ никуыма ничи федаа. Цард та куыд рауайы — чи зоны, мыййаг сын æндæр гæнæн куы нæуал фæуа. Æмæ ныхас куы алыг, Заремæ дыууæ билеты куы æрбахаста, уæд дæр Дземысайы нæма уырныдта, дыккаг билет æцæг уымæн у, уый. Хистæр хойы сывæллæттæ сæ фæстæ агъуыйдзысты, зæгьгæ, сæ Тепсарыхъо цæхæрадонмæ акодта. Сывæллон цы æмбары сагъуыйынæй дарддæр. Ис, нæй, уæддæр сæ нанайы фæстæ цæуыныл ныллæууыдысты. Сывæллæттæ хъазыныл фесты, æмæ ма уæд Тепсарыхъо цæхæрадоны дуары сæрты ракаст. Дземысамæ йæ лæг тынг æнкъард фæкаст. Цыма, цæмæн мæ уадзыс, зæгьгæ, загъта. Адæймаг ахуыр кæм уа, уым диссагæй æппындæр куы ницы уа, уæддæр æм цавæрфæнды дзæбæх ранæй дæр хуыздæр фæкæсы. Æмæ Дземыса дæр тагьд афæлмæцыд йæ æнахуыр ран. Макæимæ абад, макæимæ сныхас кæн. Æмæ дзы æниу з
кæй æвдæдд абадынмæ? Иууылдæр уым хъуыддаджы фæдыл уыдысты æмæ сыл цæст хæцгæ дæр нæ кодта. Хæринаггæнæнмæ бацу, уæд-иу газы пецтыл алырдыгæй хæринаг фыхт, фæлæ сæ чи сæвæрдта, уыдонæй иу дæр сæ разы — нæ. Уæд-иу Дземыса дæлдæр æрзылдта пецты ссудзæнтæ, æмæ-иу сæ уд сæ мидæг æрцыд. Сæ хицæуттæй- иу исчи куы фæзынд, уæд-иу ыл усы цæст нæма æрхæцыд, афтæмæй-иу фæстæмæ феддæдуар ис. Бузныг-иу ын загъ- той уайгæ-уайын. Зыдгой йæ, уый, тыргьы кæройнаг агьуыс- ты чи цæры, уыцы чызджы мад у. Æмæ-иу сын кæд сныхæстæн рæстæг нæ уыд, уæддæр сæ фæхудты, сæ иунæг дзырд «бузныг»-ы уыд хæлар æнгæс, æмæ-иу Дземысайæн дæр йæ зæрдæ барухс, уыцы æнæвдæлон адæмæн цыфæн- ды гыццыл æххуыс дæр бæсты кæй цæуы, уымæй. Хихсæны разæй сæ фылдæрæй никуы федта иумæ. Йæ ахуыр нæ хæлдта æмæ-иу фыццаг дыууæ боны райсомæй раджы йæхи ’хсынмæ куы бацыд, уæд ма дзы уый кæм балæууыдаид, иу ахæм бынат нал уыд. Æмæ уæд йæхицæн загьта: «Адон сæ хъуыддæгтæм фæтагъд кæнынц, фæлæ ды та цы кæныс? Дæ куыстытæ дæ, мыййаг, куы нæ домынц». Дземыса та, уæгьд рæстæг ын цыфæнды бирæ куы уыда- ид, уæддæр æрæгмæ стын-нæ уарзта. Хуыссæны уæлдай ратул-батул ахуыр нæ уыд. Æмæ та-иу уæддæр райсом ра- джы фестад. Цынæхуызон чызджытæ уыд Заремæйы алыварс — бур- хилтæ, саухилтæ, даргъдзыкку æмæ къуырддзыкку. Уай- тагъд иууылдæр салам дæттын райдыдтой Дземысайæн. Иугай ныхæстæ дæр ма йæм-иу скодтой. Хæрзаг æм-иу сæхи мæдты мондагмæ кастысты. Мæдтæн та се’ппæтмæ дæр ис æнгæсдзинад, саухил уа, æви бурхил, цавæрфæн- ды æвзагыл куы дзура, уæддæр. Дземыса ма сæ кæмæндæрты сæ нæмттæ дæр базыдта. Æнахуыр нæмттæ. Йе ’взаг сæ тасгæ дæр нæ кодта. Æмæ- иу æм уæд диссаг фæкаст алыхуызон адæмы хъуыддаг. Иу зæххыл цæрынц, афтæмæй сæ алкæмæн дæр ис йæхи æвзаг, йæхи зæхх, æмæ адæймагæн æндæр ран цыфæнды хорз куы уа, уæддæр йæ зæрдæ уырдæм тырндзæн. Æнæ уый йын ад никуы скæндзæн. Тепсарыхъо æмæ Дземыса сæ цард-цæрæнбонты сæхи адæмы æхсæн фæцардысты. Сæхи æвзагыл дзырдтой, фæлæ уæддæр Дземысайæн йæ зæрды цы зæгъын вæйы уырысса- гау, уый бамбарын кæны. Ныхæстæ бынтон раст нæ фæзæгьы, уым диссагæй цы ис! Дземысайы рæстæг ахуыр 4
тынг кадцжын нæ уыд адæмы цæсты. Чызгæн та ма йæ худинаг дæр хуыдтой, æмæ Дземыса дæр, егъау чызг сси, уæддæр ма чындзытæй хъазыд. Искæй раз сæм æвналын æфсæрмы кæнын куы райдьщта, уæд та-иу сæ цармæ схаста, æмæ-иу сæ уым равæрдта. Цалынмæ-иу æм исчи фæдзырдтаид, уæдмæ-иу ын æрхизæн нæ уыд. Дземыса чиныджы кæсын куы зыдтаид, уæд æнцад бады- ны бæсты йæхи ууыл ирхæфстаид, æмæ-иу Заремæ цалынмæ институтæй цыдаид, уæдмæ æнкъард нæ кодтаид. Фæлæ кæм? ...Иуахæмы бæстæ бæргæ стынг кодтой: æнахуыргонд адæм нæм куыд нæуал уа, алчи дæр чиныджы кæсын куыд базо- на, афтæ. Дземыса уыцы рæстæг ног чындз уыд, афтæмæй ахуырмæ цæуын байдыдта. Ликбезтæ сæ хуыдтой. Тынг зæрдæргъæвдæй ахуыр кодта, æвæдза, Дземыса, фæлæ искуы-иутæй фæстæмæ зæрдиагæй ничи архайдта. Сылгоймæгтæ-иу, цыма бастæй феуæгъд сты, уыйау сæ ныхæстæ уæдмæ æрхастой. Уæд сæм цыма цавæр ныхæстæ уыд? Фæлæ адæймаг йæхæдæг куы нæ бамбара йæ хъуыд- даджы апп, уæд ын æй йæ зонды тыххæй ничи бакæндзæн. Хъуыдцаг гыццылгай бамынæг æмæ Дземысайы ахуыр дæр ууыл фæцис. Фæлæ дамгъæтæ йæ зæрдыл бадардта æмæ- иу, йæ размæ исты фыст куы фæци, уæд-иу æй дамгьæгай бакаст. Ныхас-иу ирон æвзагыл куы разынд, уæд-иу æй бамбæрста, уырыссагау — уæд-иу фæфыдæнхъæл. Тепсарыхъо дæр æрмæст дамгъæгай кæсын зыдта, æмæ-иу чиныг куы райста, йæ зæрдæмæ чи цыд, ахæм бынагтгæ-иу дзы куы ссардта, уæд-иу Дземысамæ фæдзырд- та: «Байхъус-ма», æмæ-иу ын æй бакаст. — Æз дæ хуызæн кæсын куы зонин, уæд чиныг цух нал суадзин, — зæгъгæ-иу бакодта ус дæр. Æмæ-иу Заремæ æмдзæрæны йæ чингуытимæ куы бадт, уæддæр та-иу йæхи- нымæр уыцы ныхæстæ загьта: «Æз дæу хуызæн кæсын куы зонин...» Заремæ фæлварæнтæ лæвæрд куы фæци, йæ чингуытæ институтмæ куы ахаста, æмæ йæ стъол афтидæй куы фед- та, уæд æм тынг æнахуыр фæкаст. Æмдзæрæнæй йæм цы дзаума уыд, уыдон ма ратдзæн æмæ уал азы кæуыл сахуыр, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ æмбæлттæй бынтондæр ахицæн уыдзæн. Фæлæ адæймаг иу бон кæм фæцæры, уый дæр ма йæ зæрдыл бадары. Ам та Заремæ фондз азы фæцард, æмæ 5
дзы йæ зæрдæйы иу хай баззайдзæн. Йæ зæрдыл бадардзæн йе ’мбæлтты æмæ-иу сæ^ æрымысдзæн. Сæ хъæлæстæ-иу йæ хъусыл ауайдзысты. Йæ зæрдыл-иу æрлæудзæн, ахуы- ры азы райдайæн-иу ын дзаумæтгæ буцдæр æвзæрст чи код- та, уыцы зæронд ус. Йæ дæндæгтæ хауд, цалдæр къæпсы- ры ма-иу, хæлд мæсыджы тигьтау, йæ дзыхæй фæзындыс- ты. Фыдуынд, фæлæ йæ Заремæ уарзта æмæ-иу æм дзæбæх сдзырдта. Йæ зæрдыл бадардзæн, иу хатт æй цавæрдæр гæххæтт райсын куы хъуыд, уæд, æз йе ’фсымæр дæн, зæгьгæ, йæ бæсты йæ къух чи æрæвæрдта, уыцы лæппуйы. Афтæ куы нæ загьтаид, уæд фехæлдаид ахсджиаг хъуыдцаг æмæ йæ саразын къухы нал бафтыдаид Уæдæй фæстæмæ йæм хионы цæстæй каст чызг. Æмæ йæ йæ сæр кæм бахъуыдаид, уым ын йæ уд дæр нæ бавгьау кодтаид. Уæддæр та-иу «Ныр дарддæр та цы?» — зæгьгæ, Заремæ йæхи бафарста. «Дарддæр та цы?» — Æнахуыр æм каст, йæ размæ, цæуын кæмæ хъуыд, ахæм хæс кæй нал уыд, уый. Йæ зæрдæ фæлварæнтæм нал ахсайдта. Никуыдæмуал тагъд кодта, фæлæ царды ахæм схизæнтæ бирæ ис, æмæ дзы алчидæр цæйдæр райдайæн у. Заремæ уый нæма æмбæрста æмæ тыхст, цæуыл тыхсы, уый зæрдæйæ фаг не ’мбæрста, афтæмæй. Хабармæ дæр никæцæйуал æнхъæлмæ каст, фæлæ уæддæр уынгæй æрбацæугæйæ стъолыл иунæг телы гæххæтт куы федта, уæд æм фæстæмæ фæзылд. Дземыса æмæ йе ’мбал чызг дæр фæлæууыдысты. Иунæгæй кæй нæ уыд, ууыл куы нæ хъуыды кодтаид Заремæ, уæд уыцы ран йæ зæрдæ бахъарм уыдаид. Йæ цæстысыгтæ уæддæр æркалдаиккой, фæлæ йæм цæссыг бауромыны хъару æнæнхъæлæджы разынд. Дземыса, хабар гæххæтгы куыд фыст уыд, афтæмæй куы базыдтаид, уæд кæм лæууыд, уырдыгæй нал фезмæлыда- ид. Уыцы ран йæ зæрдæ аскъуыдаид. Æмбал чызгæн дæр нæ уыд хабар зæгьæн. Заремæ йæм гæххæтг куы радгид, уæд йæ арм йæ уадулыл уæддæр авæрдга- ид фырдиссагæй. Исты ныхас дзы уæддæр сирвæзтаид, æмæ Дземыса хабары æцæгдзинад фембæрстаид. Уæддæр Дземысайæн йæ зæрдæ Заремæйы удаист цæсгоммæ фех- сайдта æмæ йæм йе ’мбалимæ æмдзырд скодтой: — Цы кодтай?! Заремæйы цæсгомыл цыма уазал дон бакалдæуыд, уыйау ауазал. Цыдæр кæй æрцыд, уый иннæтæй дæр гуырыс- хойаг никæмæнуал уыд, фæлæ Заремæйæ ныхас кæдмæ 6
не схаудта. Уæдмæ Дземысайы зæрдæ нæ ахсайдта! Йæ уæрджытæ адон сты. Иæ зæнгтæ йæ быны нал цыдысты. — Баба уæззау рынчын у. Ныртæккæ нæхимæ цæуæм. — Загъта Заремæ. Цыма уыцы хабар йæхæдæг нæ аймы- сыд, фæлæ афтæ фыст гæххæтты уыдис. Æмæ йæхицæн дæр фенцондæр и. Йæхæдæг дæр йæхи ныхæстыл баууæн- дыд. Ау, уæдæ цы кодтаид хъуамæ йæ фыд? Заремæйы фæндыд дуар сæхгæнын æмæ фæндагыл æдыхстдæрæй ацæуын, фæлæ Дземысайы афтæ нæ бафæн- дыд. Иу къуырийы размæ Тепсарыхъоимæ ныхас кодтой телефонæй æмæ ма йын фæстæмæ дæр уый фæдзæхста: «Чызджы фæстæмæ цæуын куыд нал хъæуа, афтæ-иу бакæ- нут». Заремæмæ-иу афтæ каст, цыма йæ агъуысты ницы уыдис, фæлæ, æртæйæ æмбырд кæнынмæ куы бавнæлд- той, уæд сын рæстæг нал фаг кодта... ... Иу æвдæлон бон сывæллæттæн стыр порти балхæд- той; зæххытæ æмæ йыл денджызты нывтæ. Дземыса уый дæр фелвæста. Уæдæ йæм йæ гыццьш хуртæ цæмæ скæсдзыс- ты. Æппындæр сын мацы ахæсс! Фæлæ Заремæ гæххæтгы гæбазæй цы хабар базыдта, уый уыцы бæлвырддзинæдтæм кæсынæн нæ быхста. Портийыл ма уыдысты?! Порти хызы мидæг уыд. Хызы кæрон та хъуамæ чумæ- даны хæцæнмæ баст уыдаид, хицæнæй хæссын æй куыд нæ хъуыдаид, афтæ. Фæлæ Заремæйы къахы скъуырдæй порти дуары раз балæууыд æмæ Дземысамæ йæ чызг сонты хуызæн фæкаст. Цыма йæ мады ныхас нал æмбæрста. Ахæмæй йæ никуыма федта, æмæ йæ зæрдæ фехсайдта: «Кæд мæ исты сусæг кæны...» Поезд цыд иугæндзонæй. Куыд гæнæн уыд, афтæ тагьд, фæлæ адæймагмæ иу бон дыууæ боны дæргъæн куы фæкæсы, уæд æм æцæгдзинад нал фæхъары, æмæ Дземы- самæ дæр афтæ каст, цыма поездæн æппындæр размæ не ’нтысы. Заремæ-иу аивæй тыргьмæ рацыд, фæлæ-иу мады раз мæнгæфсон кæмæн хъуыд, уыцы цæссыгтæ цыдæр фес- ты. Дземыса дæр-иу аджих: «Ау, уæдæ йæм цы рауадаид? Уымæн мæ рарвыста, æмæ йæхæдæг карчы цъиуы хуызæн æрбарынчын уа? Кæд иунæгæй афæлмæцыд, æмæ иу хатт Заремæйы куыд фæсайдтам, мах дæр ныр афтæ фæсайдтой. ...Уыцы бон райсомæй астæуккаг чызг къæсæрыл алæу- уыд æмæ та мад æмæ фыды ныхасмæ байхъуыста. Заремæйæ, дам, фыстæг нæма ис. Ныр, дам, æнæхьæн къуыри. Цыма уый афтæ бирæ уыд. Æмæ сын сæ ныхасмæ сдзырдта: 7
— Кæд уæ чызг ам не ’рбалæууа, уæд ма-иу фæкæсут. Мад æмæ фыд нæ бамбæрстой, чызг афтæ цæмæн загь- та, уый, фæлæ дыккаг бон Заремæ сæхимæ æцæг схæццæ. Æмæ уый дæр хорз фæуæд, фæлæ дæ цæст ахæм ныхæстæ ныффыссын бакомæд. Адæймаджы уд афтæ ауайын кæн! Дæ хо, дам, уæззау рынчын у. Дæ ном, дам-ма, дзуры... Хæдтæхæг уыцы изæр нал ратахт æмæ Заремæ бонмæ аэровокзалы бадгæ баззад. Изæрæй æртæ фæткъуыйы бал- хæдта, æмæ-иу уыдонæй йæ дзыхмæ схаста, фæлæ та-иу дзы йæ зæрдæ скомдзаг кæнын нал бакуымдга. Кæд, мыййаг, йæ хо уый бæрц тыхст у, æмæ йæ дзыхмæ хæринаг дæр нал исы, зæгъгæ. «Кæд нын Хуыцау уыцы фæсайд нæ ныббарста æмæ ма- хон уымæн æрсад. Уæдæ йыл цы ’рбамбæлдаид сонтæй? Уæвгæ, кæд нæлгоймаг хъаруйæ тыхджын у, уæддæр низы ныхмæ лæмæгь у. Уайтагьд фæкæлы». Заремæ цы бон ссыд, уыцы изæр Тепсарыхъо дуар куы сæхгæдта, уæд загъта: — Гъер та уал иу æхсæв æнæмæт уыдзыстæм. Нæ зæрдæ никæдæм æхсайдзæн. «Уæдæ дзы афтæ тынг дæр куы никуы ницы срыст æмæ йæ уæззау рынчын рахоной. Къуырийы размæ дæр ма иумæ дзæбæх куы ныхас кодтам. Дæ зæрдæ, дам, мацæмæ æхсайæд. Чызгимæ-иу иумæ ссæут. Адæймаг дын ахæм ныхæстæ фæкæнæд, стæй... Уæдæмæ цардыл æппындæр æууæнк нæй...» Бирæ рæстæг дæр ма Заремæйæн йæ бон хæринагмæ бакæсын нæ уыд. ...Куы схæццæ сты, æмæ иугыццыл сæ уд сæ мидæг куы æрцыд, уæд сæм æрхатыдысты: «Ахæрут ма... Сæнæхъару уыдзыстут...» Цыма иууылдæр дзырд бакодтой. Сæ размæ кæй рацыдысты, стæй та сын хæрын кæй кодтой, уымæй цыма бинонты раз адæм исты аххосджын уыдысты. Цыма уыдон рагацау дæр зыдтой, цы æрцæудзæн, уый, За- ремæмæ афтæ каст. Вокзалы поездæй куы æрхызтысты, уæд сæм æртæйæ бацыдысты. Сæ иуæй дæр цæстысыг не ’рхаудта, æмæ За- ремæ бынтондæр йæхи хъуыдытыл баууæндыд: рæдыдæй æрцыд лæвæрд ахæм тел. Æмæ сæм уæд йæхæдæг фæраздæр: — Куыд у? — Тыхстæй хъуаг нæу... Дземыса скуыдта. — Дзургæ дæр ницы кæны? 8
— Ницы. Сæ размæ чи рацыд, уыдон загьтой гæды ныхас, æви Заремæ бынтондæр йæхи хъуыдытыл баууæндыд, уымæн бæрæг нал уыд æмæ та уымæй фæныфсджындæр, фæлæ уалынмæ машинæ сæхи тигьыл базылд... Хæдзар адæмæй куы æрсабыр, уæд-иу устытæ алы ныхæстæ кодтой. «Мæрддзыгой, дам, хохæй куы рацæйцыдысты, уæд, дам, машинæ иу æруайæны йæхи нал баурæдта, æмæ, дам, ма, гыццыл бахъæуа, былæй ма ахауой, фæлæ, дам, Тепсарыхъо цæйбæрц фæлмæнзæрдæ лæг уыд, уыйбæрц сыл мæрдтæй дæр бацаудыдта. Цынæ-иу фехъуыстаид адæймаг уыдонæй! Сæ иу хабар- иу иннæмæй диссагдæр уыд. Дземыса сæм-иу хъуыста, æмæ-иу йæ зæрдæ цæмæйдæр барухс. Ахæм хабæрггæ ма-иу раздæр дæр фехъуыста, фæлæ йæм-иу уыйбæрц диссаг нæ фæкастысты, фæлæ уæд... Теп- сарыхъо куы нæуал ис, уæдæй фæстæмæ-иу уыцы ныхæстæм хъусгæйæ йæ зæрдæ цæуылдæр фæдардта. Фæндыд æй, мæрдты исты куы уаид, ууыл баууæндын. Уæд, искуы йæхæдæг куы амæла, уæд ма йæ фенид. Фæлæ, дам, адæм уым кæрæдзийы нал фæзонынц. Нæ. Дземыса йæ йæ зæрдыл бадарид æмæ ма йæм йæ цæсты дзагæй иу хатг уæддæр бæкæсид. Цырагъ ссудзын афон-иу æм афтæ каст, цыма дуар байгом уыдаид æмæ къæсæрыл Тепсарыхъо æрбахызтаид. Кæнæ та кæд йæ фæлурс æнгас искуы цæхæрадоны лæууыд, кæртмæ æнкъардæй каст; йæхæдæг-иу кæм архайдта, уыцы кæртмæ, йæ кусæн дзаумæттæм, Дземысамæ. Фæлæ-иу ус цæхæрадонмæ куы рацыд, уæд-иу дымгæ бæлæсты ныллæг къалиутæ сабыр уызта, æндæр дзы змæлæг нæ уыд. Дземыса-иу йæ цæст ахаста, Тепсарыхъойы кусæнгæрзтæ æфснайдæй кæм лæууыдысты, уыцы асыккыл. Адæймаг нал ис, æмæ уыдон дæр лæууынц. Искуы йын йæ дзаумæтгæй искæцыйæ афтæ куы загьтаид, уый æмбай фæцæр, зæгьгæ, уæд æм æлгъысты хуызæн фæкастаид. Фæлæ ныр... Йæ зонгæ адæмæй ацы кусæнгæрзтæй арæзт дзаума кæмæн нæ ныууагьта, ахæмтæ бирæ нæ уыд. Æмæ уыцы дзаумагттæм кæсгæйæ, Дземысамæ рæстæгмæ цы хъуыдытæ фæзынд, уыдон тадысты. Тепсарыхъойæн йе ’нæуд æндæрг нæ, фæлæ йæ сурæт, царды куыд уыдис, афтæмæй лæууыд Дзе- мысайы раз: бæрзонд, уæнгджынтæ, стыркъух. Зынд æм, йæ къухвæд кæмдæриддæр баззад, уырдыгæй; кæрты бы- 9
руйæ, цоты цот сæхи кæмæй ирхæфстой, уыцы хьазæнтæй, устытæ сæ къухмæ цы чъирифæлдахæн райсынц, уый фенгæйæ. Æмæ Дземысайы сæры æндæр хъуыды фæзынд. Сарамæ ауад æмæ, йæ мойы кусæндзаума кæм æвæрд уыдыс- ты, уыцы асыккы сæр байгом кодта. Никуы сæм никæй бауагьта бавналын дæр, цыма сыл Тепсарыхъойы къухты хъарм баззад, æмæ æндæр адæймаджы бандзæвдæй уыцы хъарм фесæфдзæн, уыйау. Цыма сæ æндæр искæй бавнæлдæй куы бахъахъхъæна, уæд ма Тепсарыхъойæн уымæй дæр исты пайда уыдзæн. Фæлæ уыцы хъуыды дæр атад, сылгоймæгты ныхæстæм хъусгæйæ цы уазал æндæрджы æрбацыдыл баууæндыд, уыйау, æмæ йæхицæн загьта: «Изæры мæ хуртæй исчи куы æрбацæуа, уæд ын сæ йæ къухы бакæндзынæн. Уадз æмæ сæ кусой. Кæд мæрдты исты ис, уæд махонæн дæр æхсызгон уыдзæн. Уый-иу сæм сæ йæхæдæг дæр лæвæрдта: «Уадз æмæ, дам, ахуыр кæной...» СЫХÆГТÆ Хорз сыхæгтæ ис Темырби æмæ Меретханæн. Уæдæ цы у адæймаджы цард æнæ сыхаг! Адæймаг йе ’фсымæр, йæ хойы иудадзыг нæ уыны, мыййаг. Исты йыл æрцыд, уæддæр фыццаг йæ сыхаджы дуар бахойдзæн. Ныртæккæ кæм цæрынц, уыцы хæдзар куы æлхæдтой, уæддæр сын, сыхаг чи уыдзæн, Меретхан æмæ Темыр- бийы хъынцъым фыццагдæр ууыл уыдис, фæлæ куыдцæр æрбаивтой, афтæ сæ уайтагъддæр базыдтой... Цæвитгон, сæ ног хæдзары быру аразинаг уыдис, æмæ Темырби æнæхъæн машинæйы дзаг фæйнæг æрбаласта. Аразынæн чи бæззыдис, ахæм фæйнæг дзы уыйбæрц нæ уыд, суг дзы цас æрæвзæрд. Æмæ ууыл нæ батыхстысты лæг æмæ ус — ног сыхмæ куы ’рцыдысты, иу аг сæ бæгæны сфыцын дæр нæ хъæуы? Хъуамæ сæ ног сыхимæ иумæ аба- дой. Мæ фыдгулы та ма хъуыды дæр мачи æркæна. Машинæ кæртмæ куы ’рбатылди, Темырби йæ сæрмæ куы схызт æмæ фæйнæджытæ дæлæмæ калын куы райдыд- та, уæд æм фыццагдæр, йæ фарсмæ чи цæры, уыдоны лæг рауад. Рæстæмбис кары лæг. Саухил. Салам радта Ме- ретханæн. Йæ къух ын райста. Сæ хæдзарыл сын йæ цæст ахаста, цыма йæ фыццаг хатт федта, уыйау, æмæ сын ю
арфæ ракодта. Стæй Темырбимæ уæлæмæ схызт. Уымæн дæр йæ къух райста æмæ йæ фарсмæ кусыныл æрлæууыд... Уый фæстæ та сæм сæ иннæ сыхаг æрбацыд... Сæ дыу- уæ дæр Темырбийæ кæстæртæ, фæлæ лымæндзинад кæстæр æмæ хистæры сæрыл нæу. Цæрын чи зоны, уый хистæрæн дæр бæззы æмæ кæстæрæн дæр. Темырбийы ахизын код- той зæхмæ æмæ сæхæдæг куыстмæ февнæлдтой. Кæцæй æрбалыгъдысты, уым дæр Темырби æмæ Ме- ретханæн иу сыхаг уыдис. Цалдæр азы фæцардысты иу ран. Лæджы, мæгуыр, бæргæ фæндыд адæмимæ цæрын, фæлæ сæ фырт, адæмы ’хсæн хъæддаг сырд, æмгæрон сæ никæмæ уагъта. Лæг-иу искуы фынгыл куы бадт, уæд-иу хъуыды кодта, уæдæ ацы адæм мæ хæдзары дæр куы абадиккой, зæгьгæ, фæлæ фыртæй чи уæндыд? Куыйты хæринаг æй куыд ба- кодтаид, афтæ? Æдзæттæйæ уазæджы хæдзармæ бакæнын та зын у. Æфсинæн дæр къæмдзæстыджы хос. Æмæ-иу йæхицæн ныхъхъус. Хъуыддаг, хорз бахæр æмæ бануаз, ууыл нæу. Нозтæй дæ сæр дæ фад мауал æмбар, уый куыд у, фæлæ ныхас ууыл цæуы æмæ адæмимæ иумæ абадын ницы кæны. Бакæс, байхъус сæм. Адæймаг цы у, уый куысты æмæ ныхасы рабæрæг вæййы. Иу сыхаг ма уыд ноджыдæр Темырби æмæ Меретханæн, Асæбе, зæгьгæ. Абон дæр ма сæ зæрдыл æрлæууы. Царды хостæ сын, мыййаг, нæ сарæзта, фæлæ... Кæм ис, уым ыл царды хæрзтæ уалдзыгон дидинджытау тыхсæнт. Иухатт Меретханы цæгатæй сонт хабар ссыд; йæ хистæр æфсымæрæй, уый, дам, уæззау рынчын у. Лæг æмæ ус фæдисы цæуынмæ бæргæ рарæвдз сты, фæлæ сæ зæрдæ хæдзармæ æхсайдта. Фос чи бафснайдзæн. Сæ иунæг чызг ма уæд гыццыл уыдис, æртыккæгæм къласмæ цыд, уый дæр иунæгæй куыд ныууадзой? Фæлæ сæ Асæбе æмæ йе ’фсин сдзурын дæр не суагътой. Уанцон, дам, нæу. Мах, дам, ам не стæм? Асæбе æхсæвы гыццыл чызджы сæхимæ барвыста, йæхæдæг та Темырбитæм бацыд. Æмбисæхсæвмæ йæ цы- рагъ нæ ахуыссын кодта. Чиныджы фæкаст. Райсомæй раджы та фос уынгмæ рауагьта æмæ сæ сæхи фосимæ иумæ хъоммæ аскъæрдта. Цыд рæстæг. Хистæртæ зæронд кæнынц, гыццылтæ стыр. Темырби æмæ Меретханы чызг дæр байрæзт. Чындз- дзон чызг сси. Æмæ йæ куы æрвыстой, уæд кæрты 11
сæхицæй йæ сыхæгты астæу цы дуар ис, уый бакодтой æмæ, иу хæдзары куыд архайдтой, иннæйы дæр — афтæ. Иу хæдзары кæрты хъазт стынг ис, иннæйы та — дæргъæй- дæргьмæ фынгты уæлхъус сидтытæ цыдис. Иу хæдзары чъи- ритæ фыхтой, иннæйы та уазæг устытæ бадтысты. Темыр- бийы хæдзары йæ хæстæгдæр сыхаг Асæбейæ хиондæрхуыз ничи уыд, æмæ йæ хæстæджытæй чи нæ зыдта, уый-иу æй аивæй афарста: — Уæртæ абондæргьы чи лæггад кæны, уыцы къæсхуыр- тæарæзт лæг та уын чи у? Меретхан-иу æй, цыма йе ’мдзуарджын у, афтæ буцæй бацамыдта: — Уый, мæ хур, нæ хуыздæр сыхаг Асæбе у. Æмæ-иу ын бинонтæ дæр арфæтæ фæкодтой: — Не ’фсымæримæ хионы цард кæныс, æмæ дæ амонд тыхджын уæд. Хорз сыхæгтæ ис Темырби æмæ Меретханæн, фæлæ адæймагæн йæхицæй аразгæ дæр куыннæ у, лымæнæй цæра, æви нæ, уый. Меретханæн йæ сыхаг устытæй исчи фæрынчын, уæд йæ разы æнæ абадгæ нæ фæвæййы. Æмæ йын, мыййаг, цы феххуыс вæййы, фæлæ рынчын химæ хъусаг у, æмæ йын искæй æрбауад йæ низ фæрогдæр кæны, ныфсытæ йын авæры. Сæрдыгон хъарм изæры фæстæ уымæл йæхи зæххыл куы æруадзы, уæд дæр сыхæгты сæ къах мидæмæ нал фæхæссы, æмæ устытæ сывæллæтты радыгай сæ хъарм кæлмæрзæнтæм æрвитын байдайынц. 1968 аз СЫГЪДÆГ ДОНЫ ’РТÆХТÆ Мæ рахиз къухы æнгуылдзыл ма, абон дæр хорз чи зыны, ахæм нос и. Бæрæг у, кардæй лыг уыд, уый. Фæд баззад æмæ йæм исчи куы фæкомкоммæ вæййы æмæ мæ куы бафæрсы, цы кодта, уымæй, уæд та мæ зæрдыл æрлæууы, куыд мын алыг и, уый. Цæвиттон, уыцы райсом мæ мад æмæ мæ фыд горæтмæ цыдысты. Æз хъуамæ хæдзаргæс баззадаин æмæ мын фæдзæхстой: «Хæдзар иунæгæй ма ныууадз», «Бафснай- иу...» Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ æз та рахиз къу- 12
хы æнгуылдз иннæ æнгуылдзтæй æрбалхъывтон; кардæй мын фæлыг æмæ йæ мачи фена, зæгъгæ, йæ бамбæхстон. Уынгæ йæ мачи фæкæнæд, æндæр ын, куы ацæуой, уæд исты хос кæндзынæн. Æз нæ уарзтон хи буц кæнын, æмæ йæхи чи буц кæны, ахæм сывæллæттæй ме сæфт уыдтон. Уый тыххæй ма мæм мæ мады хойы чызг Ирæ дæр стигь ис. Сывæллæттимæ-иу хъазыдаид, афтæмæй-иу мæн фед- та, зæгьгæ, уæд-иу йæхи къулмæ нылхъывта. Ныр дæр ма йæ худгæйæ радзуры, фæлæ уæд худыныл нæ уыдис. Æмæ йæм уæдæ куыд нæ мæсты кодтаин! Ирæ мæнæй къаддæр нæ уыд, фæлæ æз ныхæстæй иу дæр фæсномыгæй нæ дзырдтон, уый та æхсыр дæр гуыппа хуыдта. Слæууыд-иу хъугдуцынафон къæсæрыл æмæ-иу кæуын байдыдта: «Гуыппа мæ гæуы, гуыппа мæ...» Æз æм тынг мæсты кодтон, фæлæ йæм хистæртæй сдзурын нæ уæн- дыдтæн. Уый хардз-иу æй уый фæстæ къуымы бакодтон: — Ныртæккæ æхсыр зæгь! Фæлæ та-иу уый дыккаг бон уæддæр дзыназын байдыд- та: «Гуыппа мæ...» Дард ранæй ссыдыстæм уæд мах æмæ рæстæгмæ æнæхъæн бинонтæй уыдонмæ цардыстæм, нæ мады хойы хæдзары. Иу бон нæ мæ мад куывдмæ арвыста, мæ къабатæ ныл скодта нæ дыууæйыл дæр, афтæм^й; уадз æмæ, дам, дыу- уæ æмхуызон сывæллоны дзæбæх аивæй цæуой. Æз мæ мады раз ницы сдзырдтон, мæ къаба йыл кæй скодта, уый тыххæй, фæлæ, куыддæр куывд чи кодта, уыдонмæ схæццæ стæм, афтæ йæ уым иу ран нал уагьтон: — Ныртæккæ мын мæ къаба ралас. Мæ разæй йæ фæстæмæ ратардтон. Мæ мад нæ куы федта, уæд нæ, цæй тагьд æрцыдыстæм, уымæй бафарста. Ирæ уый куы фехъуыста, уæд йæхи нал баурæдта, мæнырдæм æрбакаст æмæ ныккуыдта, æмæ ма уæд цы бамбарын хъуыд мæ мадæн дæр, афтæ тагьд цæмæн æрцыдыстæм, уый. Сзагъд мæм кодта æмæ мыл фæхæст, зæгъгæ, уæд мæ æнæ фæнæмгæ нæ ныууагътаид. Æрмæст мæ мад æмæ мæ фыд хæдзар уынæг куы ацыдысты æндæр хъæумæ, уæд мæ нал æвдæлд Ирæмæ. Каумæ-иу схызтæн æмæ-иу уым, цъиу къалиуыл куыд бада, афтæ бадтæн. Мæ алыварс цыма цæрæг нал уыд, афтæ мæм каст, æрæджы кæй базыдтон æмæ фаг кæуыл нæма фæцахуыр дæн, уыцы бинонты ’хсæн. Æнхъæлмæ кастæн, фæндаджырдыгæй махырдæм цæуджытæ кæд фæзындзæн, уымæ, фæлæ мæ 13
мад æмæ мæ фыд никæцæй зындысты, æмæ-иу кауыл ба- дынæй куы бафæлладтæн, уæд-иу зæхмæ æрхызтæн. Уыцы рæстæг мæм мæ мады хо алцæмæй дæр мæ мады хуызæн каст — хæринаг кæнгæйæ, дон æрбацæйхæсгæйæ, йæхи æхсгæйæ, æмæ ма ноджы бирæ цæмæйдæрты. Уæд хæсты фæстæ уыд. Дзуллаг ссад фаг нæ кодта, æмæ- иу мæ мады хо ссадыл ауæрдгæйæ тæнæг дзултæ скодта. Дзул-иу æхсæз æмыйас дихы акодта æмæ-иу ныл æй бай- уæрста. Æхсыры хъæрмхуыппимæ-иу нæм дзул хæрын æвгьау каст æмæ-иу нæ къæбæртыл ауæрстам, стæй-иу сæ мондаг хæрд кодтам афтидæй. Мæ мадæн мæхи никуы сбуц кодтон, фæлæ уыцы фыдбо- ны рæстæджыты иу хатт нал баурæдтон мæхи æмæ скуыд- тон. Хæцгæ низтæ адæмы скæсын нæ уагьтой. Иугыццылдæр- иу сывæллæттимæ ахъаз, æндæр дыл уайтагъд исты низ бахæцыдаид. Уæд та мыл иухатт цавæрдæр низ бахæцыд, æмæ мын мæ мад хæдзары иу къуымы уат бакодта, мæ бон дæ куы нæуал у, зæгъгæ, æмæ гъеуæд мæхи нал баурæдтон æмæ скуыдтон. Фæлæ мын уæддæр ничи фæтæригьæд кодта. Мæ фыд дæр мæ цыма нæ фехъуыста, йæхи афтæ дардта, афтæмæй мын æнæуи мæ къухты суазалыл дæр нæ лæууыд. Скъола нæм дард уыдис, æмæ-иу зымæгон, цалынмæ нæхимæ схæццæ дæн, уæдмæ-иу мæ къæхтæ æмæ мæ къухтæ бандæвтой. Скæуынæй дарддæр-иу мын ницыуал хос уыдис, фæлæ-иу мын мæ фыд мæ къухты йæхи къухты ’хсæн бакод- та æмæ-иу сæ сындæггай фæхъарм кодта, сонтæй сæ тæвд дурын пецыл куы авæрай, уæд дын рисдзысты, зæгьгæ. Фæлæ ныхас мæ къухы носыл рауадис... Уæд дæр мæхи ницыхуызон фæкодтон. Иунæгæй куы баззадтæн, уæд æй бабастон. Сихорырдæм арвыл фæзынд бирæ мигътæ. Мынæг арты фæздæгау згьордтой æмæ уайтагъд арв æрбах- гæдтой. Уалынæ арв ныннæрыд. Æз æрбатыхстæн; дон нæм дард бæргæ нæ уыд, фæлæ мын, макæдæм-иу ацу, зæгьгæ, нæ загьтой, мæн та мæхиуыл дон скалын фæндыд — афтæ, дам, вæййы, арв фыццаг хатт куы ныннæры, уæд, æмæ ма иугыццыл ахъуыды кодтон, алæууьщгæн мæ мидбынаты, стæй уыциу тахт акодтон доныбылырдæм. Мæ цæсгомыл дон скалдтон æмæ фæстæмæ фæзылдтæн. 1970 14
ÆМБИСÆХСÆВ Сыхы мидæг кусарт акæнын бахъуыд, уæд иууылдæр Дзамболатмæ дзурынц. Уæнгджынтæ лæг у, æмæ йын иууылдæр, æвæццæгæн, уымæ кæсынц. Ныр æртиссæдз азы кæуыл цæуы, ууыл дæр уымæн ничи ахъуыды кæны. Адæймаджы къух ацаразын, йæ фарсмæ балæууын, уымæй ничи амбулдзæн Дзамболаты. Бæрæгбон йæхи кусæрттаг сихормæ баззайы. Бинонтæ стыхсынц: зын у æфсинæн, цафонмæ æмбæлы, уымæй фæстæдæр куы сцæттæ вæййы бæрæгбойнаг, уæд. Хуынд адæмæн нæ радзурдзæн, мыййаг, цалынмæ нæ лæг равдæлдис, уæдмæ мах та нæ къухтæ нæ дæлæрмтты дардтам, зæгьгæ. Уалынмæ фæзыны Дзамболат. Къæмдзæстыг мидбыл- худт уромгæйæ йæхи архайæг скæны. Йе ’фсин æмбары — раст кæны йæ мой. Кæд æм мæсты свæййы, уæддæр дзы разы у. Уæдæ чи акæна кусарт сæ зæронд сыхæггæн, сæ фырттæй сæ разы куы ничи ис. Дзам- болат фæллайгæ нæ бакæны, ноджы уæнгрогдæрæй бав- налы йæхи кусарт кæнынмæ. Фыс акусарт кæнын цы у, фæлæ стурвос... Дзамболат кæд æргом никуы загьта йæ бинонтæн, куыд зын вæййы кусарт кæнын, уый, уæддæр-иу йæ ныхæстæй рабæрæг. Йæ сæр-иу нытгылдта, къухтæ-иу ныццагьта: «Йæ, ме скæнæг иунæг Хуыцау, кæуылты гал уыд, кæуылты!» Йе ’фсин-иу бакатай кодта: — Дæ хорзæхæй, дæу йеддæмæ кусарт кæнын ничи зоны, æви? Бирæтæ сæ дарæсæн тæрсгæйæ сæ иу къух иннæуыл сæвæрынц, ды та дæхиуыл нæ ауæрдыс. Зæронд дæ ныр, æмæ иухатг куы уа, уæд дæ гал нырриуыгьдзæн æмæ уæд...» Лæг-иу æнцад байхъуыста æфсины ныхæстæм, фæлæ- иу ницы сдзырдта... Тыхджын дымгæ дымдта æнæнцойæ. Уынджы цырæгьтæ фæныкъул-фæныкъул кодтой йæ футтытæй. Дзамболат æнафонты цыд сæхимæ. Цырæгьтæ-иу куы фæмынæг сты, уæд-иу фæндаг дæр айсæфтис, стæй та-иу ногæй фæзын- дис цæстыты раз. Бонæй æнуд уыдис, æмæ дымгæ кæд сонт футгытæ код- та, уæддæр йæ уазал æхсызгон уыд адæймагæн æмæ дзы нæ тыхстис. Уæззау къахдзæфтæй цыд Дзамболат йæ хæдзармæ. Иæ цæстытыл ногæй-ногмæ уадысты боны цаутæ. Йе ’фсымæры лæппуйæн чындзæхсæв скодтой. 15
Райсомæй куы сыстад, уæд æнæфæразгæ уыд æмæ йын кæд æнцад бадын не ’мбæлдис йе ’фсымæры хæдзары, уæддæр йæхицæн загьта: «Ницæмæ бавнаддзынæн, уазджытæм фæкæсынæй дарддæр», фæлæ йæм лæгтæ лæгьстæгæнæгау куы сдзырдтой, дæ хорзæхæй, кусарт акæн, Дзамболат, зæгъгæ, уæд уæлдай ницыуал загъта. Йæхи фæфистæг- цонг кодта. Сылгоймæгтæй йыл чидæр даргь куатæ акод- та, фæсте йын йæ бæттæнтæ абаста. Гал йæ разы цæххы тæбæгъмæ басмыста. Æнæбары тæбæгъы былтæ йе ’взагæй астæрдта æмæ иуварс азылд. Лæгтæ акуывтой, стæй галмæ бацыдысты. Дзамболат ын йæ хъуыр асæрфта, æмæ гал йæ сæр размæ аивæзта. Лæджы къухыл йæхи дыууæрдæм ахафта. Фосы хъуыддæгтæ хорз æмбæрста Дзамболат. Хохы цæргæйæ фос дардтой, æмæ йæ сабидуг уыдонимæ арвыс- та. Ныхъхъуыста-иу зымты къуыззитгæнаг уастмæ æмæ сæ йæхæдæг дæр хорз фæзмыдта. Кусарт кæнгæйæ дæр, цыма йыл аудгæ кодта, уыйау фосы æнæбарæвдаугæ нæ уыд йæ ныхасæй, æмæ ныр тæригъæд фæкаст Дзамболатмæ, галы сайгæ кæй кодта йæ рæвдыдæй, уый, æмæ йæ къух айста. — Цырд лæуут, — загьта Дзамболат æмæ галы сыкъатæм бавнæлдта... Æвиппайды йе уæнгтæ адон сты æмæ æппæт буарыл дæр цыдæр лæмæгъдзинад ахæлиу. «Райсомæй æнæфæразгæ кæй уыдтæн, уый тыххæй уа?» — ахъуыды кодта йæхинымæд. Йæ цæст нæ цух кодта æмбæлттæй. Гал фезмæлыд. «Иаррæби!..» — тыхст йæхимидæг Дзам- болат, фæлæ дзурын пайда нæ уыд. Йæ хъаруйæ йæ ныфс нал хаста, æмæ цæнгтыл йæхи уæз дæр æруагьта... Ныр фæндагыл цæугæйæ, уыцы нывтæ йæ цæстытыл уадысты. Тынг бафæллад æмæ не ’мбæрста, йе уæнгтæ ма афтæ лæмæгь сты æви нæ, уый, фæлæ дзы рох нæ фæци. Йæ хъустыл ауадысты, бирæ хатт кæй хъуыста, фæлæ йæм ныры хуызæн чи никуыма бахъардта, йе ’фсины уыцы ныхæстæ: «Зæронд дæ ныр! Иухатг куы уа, уæд...» Фыццаг та сыл бахудынмæ хъавыд ацы ныхæстыл, стæй ахъуыды кодта: — Афтæ, Хуыцауыстæн! Уымæн уыдтæн ахæм лæмæгь абон райсом дæр... Дымгæ не ’нцади. Дзамболат тигъмæ æрбахæццæ. Йæ хæдзары раз бæлæстæ ратас-батас кæнынц. «Уый бæрæг уыд, абон куыд лæмæгъ уыдтæн, уымæй дæр». Загъта та ногæй йæхицæн, кæд ын зын уыдис йе ’дыздзинадыл басæт- 16
тын, уæддæр. Адæймаг уæдæ фæцæры, стæй базæронд вæййы. Фæлæ ма йæм чи фæдзурдзæн æххуысмæ, йæ разы балæу- уынмæ? 1969 аз УЫЙ ХАДЗЫСМЕЛ УЫД 1 Искуы ма Хадзысмелыл сæмбæлдзынæн, уый æнхъæл та чи уыдис! Æмæ-иу рагацау мæ цæстытыл ауад: йæ къух мæм ратдзæн, цы зæгъа, уый йæ дзыхы нал абаддзæн æмæ мæ разы зылынджыны лæуд æркæндзæн. Æз ын, цы зæгьи- наг дæн, уыдон зæгъдзынæн, уый та мæм хъуамæ иунæг дзырд дæр ма скæна: æнцад лæууа æмæ хъуса. Æмæ уыдон иууылдæр хорз, фæлæ горæтæй иу сахат цыд кæмæ ис, уыцы хъæутæй йыл иуы сæмбæлдзынæн, уый æнхъæл та чи уыдис — ацы хъæуы хуызæн цæттæйæ, дам, ничи сæмбæлд уалдзæгыл. Колхозы сæрдар фæдзырдта агрономмæ, æмæ уый Хадзы- смел куы разынид. Мæнæ, дам, нæм газетæй уазджытæ ^ерцыд. у Хадзысмел нын нæ къухтæ райста, æмæ сæрдары фарсмæ ^бандоныл æрбадт. Хуыздæр колхозонты нæмтгæ-иу сдзырд- ^гой. Сæ куысты хабæртгæ нын кодтой. ^ Æз Хадзысмелæн мæ ныхæстæ зæгъын не сфæрæзтон, ме ’взаг мæ дзыхы нал тасыд, фæлæ дзы мæ цæстытæ нал истон. Дзурыны фадат мын нæ уыд, æмæ та мæ зæрдыл Афассæйы фыстæг æрбалæууыд... 2 ...Фараст азы размæ æз цыдтæн ахуырмæ æмæ ма фæстæмæ дæр Афассæйæн уый фæдзæхстон: мæ мад æмæ йæ мæ фыды дзæбæхдзинад куы фæнда, уæд сæ-иу абæрæг кæнæд. Сæ разы-иу иунæг сахат абадæд. Мæ ныййарджытæ- иу ыл йæхи мад æмæ фыдау баузæлдзысты. Афассæйы раз сæхицæн адджын хæринаг не схæлар кæндзысты. Æфсæрмы сæм ма кæнæд, æндæр æй нæ хæдзары цы бахъæуа, æмæ йын цы бавгьау кæндзысты! 2 Адæймаджы фæд 17
Уыцы ныхæстæй мæм Афассæ фæхæрам. Æмæ раст дæр куыд нæ уыд: ме ’мбалæн уыдæтгæ фæдзæхсын хъуыд? Райсом цæудзынæн, зæгьгæ, нæм уыцы изæр та Хадзы- смелимæ æрбацыдысты. Æртæйæ балкъонмæ рацыдыстæм. Нæ акомкоммæ æнæсыф бæлæстæ лæууыдысты æдзæмæй, къалиуты астæуæй та нæм æвзонг мæй зынд. Ног мæй куы фенай, уæд, дам, дæхинымæр, цавæр фæндоны сæххæст дæ фæнда,уый зæгъ, æмæ йын уæд æнæрцæугæ нæй. Æмæ нæ уæд исчи æцæг йæхинымæр истæуыл ахъуыды кодта æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ мæ хъустыл ауад: — Ацы изæр уæ зæрдыл бадарут... Афассæимæ-иу скъолайæ куы рацыдыстæм, уæд нæ-иу цыма ницы хъуыддаг уыд, уыйау-иу уынгты æнæмæт цыд ракодтам. Уыди нын уарзон æрлæууæн бынæттæ, уарзон бандæттæ, æмæ-иу уыцы рæтты кæрæдзийæн нæ ныхæстæ кодтам. Афтæмæй нæм рауад фыццаг хатт Хадзысмелы кой дæр; æнæнхъæлæджы не ’хсæн æртыккаг адæймаг фæзынд. Æнæзынгæйæ-иу æрбалæууыд æмæ-иу нын нæ ныхас йæхимæ айста. Æз уыдтæн лæмбынæг хъусæг, Афассæ — дзурæг. Афтæмæй-иу Хадзысмел нæ дыууæйы цæстытыл дæр уад. Афассæ цы уыд, уымæй иууылдæр цин фестад, Хадзыс- мелы кой ракæнынæй хуыздæр ын мацыуал ратт. Æз дæр æм-иу хъуыстон, уæдæ цы кодтаин? Цы фау æм æрхаста- ин? Æмæ æниу æз Хадзысмелмæ исты аипп куы раиртæста- ин, уæддæр Афассæ мæ ныхасмæ нæ байхъуыстаид. Фæлтау не ’хсæн сæрсæфæн был равзæрдаид, æмæ кæрæдзийæ бынтондæр ахицæн уыдаиккам. Ахæм у уарзæг адæймаджы зæрдæ: æууæнкджын, йæхицæн кæй сныв кæны, ууыл, æмæ хивæнд. Афассæ дæр хъуыста йæхи зæрдæмæ. Æууæн- дыд æрмæстдæр йæхи зæрдæйыл. Æмæ йыл æз дæр цин кодтон. Кувын нæ зонын, фæлæ-иу мæ зæрдæйæ цы ныхæстæ ссыд, уыдон загътон: «О, Хуыцау, баххуыс кæн ме ’мбалæн!» Афассæ хорз хъуыды кодта, Хадзысмел æм фыццаг хатт куы сдзырдга, уыцы бон. Комкоммæ йæм чызджьпы ’хсæнмæ бацыд æмæ йæм цыдæр æфсонæй сдзырдта. Æмæ уый фæцыд Афассæйы зæрдæмæ. Чызг, чи зоны, æмæ Хадзысмелимæ мадзура разындаид, фгелæ йæ ныхæстæм хи къуырма скæнæн нæ уыд. Афассæйы цæстæнгасы цæмæй æфсæрмдзаст мид- былхудт фæзына, лæппу ахæмæй ницы загъта. 18
Чызджыты лымæндзинад, дам, цалынмæ сын царды æмбæлтгæ фæвæййы, уæдмæ хæссы, фæзæгьынц, æмæ æз разы уыдтæн Хадзысмелы тыххæй иуварс æрлæууыныл. Æмæ лæугæ дæр æркодтон. Фæлæ сæм иуварсæй æнæис- тыдзургæйæ мæ цæст дардтон... 3 Нæ фысымтæн «хæрзбон» загътам, æмæ та дыккаг хатг Хадзысмелы къух райстон. Фæлæ диссаг! Уый цыма, æз кæй зыдтон, уыцы Хадзысмел нæ уыд. Мæ размæ лæууыд, æппындæр бахудын чи нæ зоны,ахæм лæппулæг. Цыма, иу ныхас куы скæна, æмæ йæ зæрдæйы дуар куы фегом уа,уымæй тарст. «Кæд, мыййаг, Хадзысмел нæу, — дызæрдыг кодтон мæхимидæг, — ацы адæймагæн Хадзысмелимæ иумæйагæй ницы ис». — Фæлæ уый Хадзысмел уыд. Аууонау ивддзаг фæуæвæн кæмæн нæй, ахæм цыдæр баззад йæ æнгасы, æртæйæ нæ зæрдыл кæй бадардтам, уыцы изæрæй. ...Афассæйыл цыдæр æрцыд, уый йын йæ писмоты ра- иртæстон. Институты лекцитæй йæ сæрмæ ницыуал цыд. Ахуыр æй нал фæндыд, фæлæ мын йе ’фсон æргом нæ дзырдта. Цыдæр мæ сусæг кодта, Хадзысмелы кой йæм арæх нал уыд. Тагъдцæр куы ссæуин, уый йæ фæндыдис. Уæд, дам, нæ фаг фæбадиккам. Йæ фыстæджытæ дæр уыдыс- ты иу иннæйы хуызæн, æмхуызон хъуыдытау æнгæс ныхæстæ: «Дуне, ме ’нкъарддзинадæй знон хъæумæ фæлыгьдтæн, Дзерассæмæ. Хъуыды ма кæныс, мæ лымæн ахуыргæнæ- джы кой дын куы кодтон. Фæлæ мын уыцы ацыд дæр нæ феххуыс и. Ныртæккæ ссыдтæн æмæ дæумæ фыссыныл æрбадтæн...» Стæй та: «Дуне, кæй ныхъхъус дæн, уый тыххæй дæ хатыр дæр нæ курын. Мæнæ та абон мæ зæрдæ фæрухсдæр, æмæ дæм фыссын. Нæ зонын, æз æмæ дæуæй амондджындæр чи уыдзæ- нис, уый. Æвæццæгæн, Дуне, ды!» Фæстаг фыстæг куы райстон æмæ йæ куы бакастæн, уæд мæ зæрдæ иу хъуыдцагмæ фехсайдта... Ацразмæ, сæрды ма нæхимæ куы уыдтæн, уæд немæ скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй иу — Симæ- имæ педагогон училищæйы æмдзæрæнмæ бацыдтæн. 20
Мидæмæ к^ыд бахызтыстæм, афтæ сын сæ дуар чидæр æрбахоста. Йæхæдæг нæма ’рбахызт, афтæ нæм йæ худын æрбайхъуыст. Тыппыррус, сырхдзæсгом чызг мæм худæн- дзастæй каст. Симæ нæ базонгæ кодта. Афассæйы æмбалæй мæ бацамыдта, æмæ мæм чызг бæлвырддæр ба- каст. Цыма æз дæр куы фæхудтаин, уæд ын, кæй урæдта, уыцы худындзæджы фемæхсынæн æфсон фæуыдаид. Йæ къухы цы тæнæг сæрбæттæн æрбахаста, уый-иу куы йæ сæрыл абаста, куы та-иу æй фæстæмæ айхæлдта. Чызг куы ацыд, уæд Симæйы бафарстон, Афассæйы цæмæй зоны, уымæй. — Афассæйы уарзон Хадзысмел хуыйны, æнхъæлдæн, уыимæ æмбæлынц... Ам дæр арæх вæййы лæппу. Симæ нæ дыууæ Афассæйæн хуымæтæг зонгæ нæ уыд, — иу ран схъомыл стæм, иумæ бацыдыстæм скъоламæ, стæй мах горæтмæ раивтам, Афассæ та — æндæр хъæумæ. Æрмæст та, скъола куы фæцис, дарддæр цы хъуыддагыл æрлæууа, адæймаг ууыл куы асагъæс кæны, уыцы кармæ куы схæццæ стæм, уæд та горæты баиу стæм. Фыццаг мæм афтæ каст, цыма нæ сабидугæн уæды зондимæ абаргæйæ иумæйагæй куыд ницыуал уыд, мах дæр кæрæдзийæ афтæ адард стæм. Фæлæ хъуыдцаг афтæ нæ рауайы. Азтæ уадзынц фæд адæймаджы зæрдæйы, æмæ мах зæрдæйы дæр баззад, кæддæр куыд лымæн уыдыстæм, æнæ кæрæдзи куыд нæ фæрæзтам, уыцы лымæндзинады мысинаг, æмæ та нын кæрæдзийæ зынаргьдæр ничиуал уыд. — Æз Хадзысмелæн бауайдзæф кæнынмæ хъавыдтæн, фæлæ йæ мæ сæрмæ нал схастон. Хæрзаг ма зæгъа... — бакодта Симæ. Мæнæн мæ цæстытыл Афассæ ауад. Дурзæрдæ никуы уыд, фæлæ йæ зæрдæмæ ныккæсын никæй уагьта. Афассæ æмæ уыцы чызг — иугыццыл æмхуызондзинад дæр кæмæ нæй, ахæм дыууæ адæймаджы, æмæ Хадзысмел цал фæнды уарзоны дæр скæнæд, æрмæст хъуамæ се ’хсæн Афассæйы ном ма уа; уый хъуамæ иу адæймаджы зæрдæйы цæра... — скарстон мæхинымæр, æмæ хъуамæ Афассæйæн исты загь- таин, фæлæ йæ æртæ боны нæ федтон, — куы йæ федтон, уæдмæ та мæ маст ссыд. Ницыуал ын загътон. Кæд гæды- ныхæстæ кæны уыцы чызг, кæд Симæ Афассæйы æмбал у, уый базыдта, æмæ йæ мæстæй мары, уæд та? Чи зоны, æмæ йæм Хадзысмел дзæбæх сдзырдта, æмæ йæ уый та æндæрырдæм бамбæрста... 21
Ахуырмæ ацæуыны размæ Симæйæн «хæрзбон» зæгъынмæ бацыдтæн. Симæ мæ фæстæ кæртмæ куы ра- цыд, уæд иу бандоныл æрбадтыстæм. — Далæ та Хадзысмел уыцы чызгимæ æрбацæуы, — мæ цонгыл мын фæхæцыд Симæ. Хадзысмел нæм æцæг æрбаввахс æртæ чызгимæ. Симæимæ цы чызджы федгон, уый цыд йæ фарсмæ. Куы-иу Хадзыс- мелы хъазæгау ассыдта, куы та-иу ын йæ цонгыл æрзæбул, æмæ æз мæхæдæг, Хадзысмелæн æнæбары йæ сусæгдзинад кæй базыдгон, уымæй фефсæрмы дæн. Мæ зæрдыл æрбалæу- уыд кæддæры изæр. Уый уæд Хадзысмел загъта: «Ацы изæр уæ зæрдыл бадарут». Æз уæд нæма зыдтон, Афассæйы зæрдæйы дæр иу ахæм маст бацыд, уый. ...Мит уарыд стыр тъыфылтæй. Бæлæсты къалиуты æрæмбæрзта. Афассæ йæм кæсæндоны рудзынгæй каст, æмæ йæ бафæндыд уынгмæ ахизын. Сæхимæ цæуын афон дæр уыдис. Аст сахаты. Афонмæ та йæ мад дуармæ рацу- бацу кæны. Æнцад не ’рбадтаид мидæгæй, цалынмæ Афассæ фæзындаид, уæдмæ. Куыдцæр Афассæ дуарæй уынгмæ ракаст, афтæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта: йæ акомкоммæ тротуары ныххизæны лæууыд Хадзысмел. Цавæрдæр чызгимæ кæрæдзийы къух- тыл хæцыдысты. Чызгæн цыма йæ русты къафеттæ уыдис, афтæ тыппыр фæкастысты Афассæмæ. Иунæг уысм сæм фæкаст, хъуыдытæ æнахуыр тагьд аз- гьордтой йæ сæры; хъавыд фæстæмæ, кæсæндонмæ фездæ- хынмæ, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта æмæ загьта: «Цæмæн!...» Æмæ сæ цыма уынгæ дæр нæ фæкод- та, афтæ миты араст. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу ахæм изæр æртæйæ горæты стьф уынджы куыд цыдыстæм, уый. Ногуард мит кæрæдзийыл æппæрстам. Мит къуыбар кæнын нæма куымдта, æмæ-иу адæймагмæ нæ бахæццæ, афтæмæй æрызгъæлд. Хадзы- смел-иу Афассæйы къухыл фæхæцыд æмæ-иу æй размæ аскъæфта. Æз ме ’мбалы уæдæй хъæлдзæгдæрæй никуыма федтон. Афассæйы цæстытыл ауад: уынгмæ куы рахызт, уæд Ха- дзысмел чызджы къух куыд суагьта, хьæрдæрæй куыд сдзырд- та, уый. Цыма уымæй йæхи Афассæйы цæсты сраст кæнынмæ хъавыд. Ницы йæм сдзырдга, адæймаг æнæзонгæмæ куыд не сдзуры, афтæ. Уынджы бирæ адæм уыд. Ахæм миты цу æмæ цу. Цыма аргъæутты бæстæйы дæ. Чидæр йæхи Афассæйыл æнæба- 22
ры скъуырдта. Кæрæдзийæ хатыр ракуырдтой. «Адæймаг адæймаджы æнæбары куы бахъыгдары, уæд дзы хатыр ра- куры. Хадзысмел та? Æнæбары мын фæриссын кодта уый дæр мæ зæрдæ, æви?..» ...Иу Ногбон æхсæв дæр ма раст ахæм мит уарыд... Иууылдæр нæ нуазæнтæ систам. Кæрæдзи нуазæнтæм сæ бахастам. Æз джихауæй аззадтæн; стьолы алыварс цы адæм лæу- уыд, уыдоны ’хсæнты Хадзысмелы къух лæгæрста Афас- сæйы нуазæнмæ. Афассæ йæ бамбæрста, æмæ йæм уый дæр атындзыдта. Афассæ уымæй размæ Хадзысмелмæ комкоммæ никуы- ма бакаст, æмæ æз бахудтæн, мæнæй дарддæр ничи федта уарзæтты æгомыг ныхас... Цалдæр мæйы фæстæ райстон Афассæйы фыстæг. Алы хатг дæр-иу мæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ фæстаг ныхæстæ. Цыма мæм фыстæг нæ, фæлæ тел рарвыста. Уазал æмæ скъуыддзаг ныхæстæ: «Тагьд чындзы цæуын, Дуне... Хадзысмелмæ нæ... Чын- дзæхсæвы фæстæ Цæгатмæ цæуæм...» Хатт мæ-иу фæсмон йæ уæлныхты систа. Цæуылнæ йын загьтон афоныл, Хадзысмелæй цы зыдгон, уый. Цы хъуыд- даг мæ уыд искæй хабæртгæ сусæг кæнынмæ? Кæд Хадзы- смел дæр ницы зылын у, мыййаг. Кæд сæ искæй баххуыс хъуыдис. Стæй та-иу хъуыддаг рæстæджы бар бакодтон: «Рæстæг! Ды æппæтæн дæр дæсны тæрхонгæнæг дæ. Рабæрæг кæныс раст æмæ зылын...» 1969 аз ГЛАЗИ КЪАБА Хуымæтæг дзаума балхæнын дæр зын куы уыд, æмæ-иу ныййарджытæ сæ чызджытæн рæсугъд къабатæй зæрдæ куы æвæрдтой, уыцы рæстæг ма хорз хъуыды кæнын. Æвзонг чызг-иу æй йе ’мбæлттæн аппæлыдаид æмæ йæм уыдон дæр æнæ бахæлæггæнгæ нæ фæуыдаиккой. Къаба-иу ра- зындаид хуымæтæг джиппæйфыст, алыхуызон дидинджы- тимæ, кæнæ та æрттиваг сатин, фæлæ-иу бæстæ дæр уый бацис. Мæнæн дæр мæ фыд иухатт зæрдæ бавæрдта: 23
— Мæнæ куы фæхъæздыгдæр уæм, уæд дын глази къаба балхæндзынæн. Хæсты фæстæ уыд уый. Адæм ма-иу кæмдæрты хæцæнгæрзтæ, хæлд нæмгуытæ ссардтой. Устытæ ма знæгты цъæх æлгьыст кодтой, фæлæ алчидæр бамбæрста, нæхимæ та нæ равдæлдзæн, уый, æмæ зæрдæвæрæн ныхасыл када- вар нал уыдысты. Скъоламæ бацæуыны размæ мын мæ мад хъуьшацы гæбаз балхæдта, исты йын дзы бахуыйон, зæгьгæ. Йæхицæн йæ рахиз къухы æнгуылдзтæй иу схæф кодта, мимæ бавналæн ын нæ уыдис, æмæ йæ нæ сыхаг усмæ ахаста. Скъоламæ фыццаг хатт куы цыдтæн, уыцы райсом мæ фынмæ мæ мады сабыр ныхас фехъуыстон: «Де ’гæрыл уай, Ладинка, æзынма йын асæст бон дæр йæ цæнгтæ æмбæрздзæн, уый йын дзы цы рауайын кодта...» Хæдзары мæ мад æмæ мæ фыдæй дарддæр ничи уыд. Райсомæй-иу куы райхъал дæн, уæд мын уайтагьд ракæсæн нæ уыд. Хъуамæ ма-иу байхъуыстаин, мад дуаргомæй уæ- ларт хæринаг куыд æвæрдта, скъаппæй пецы астæу куыд архайдта, уымæ, стæй-иу хæдзар куы бахъарм, уæд-иу мæнмæ дæр сдзырдтой: «Сыст уæлæмæ, чызг. Цафон у ныр?!» Фæлæ уæд куыддæр мæ мады ныхæстæ айхъуыстон, афтæ фæхъуыды кодтон, мæ ног къабайы кой мын кæны, уый, æмæ хъæццул уыциу æппæрст акодтон... Ныр дæр ма мæ цæстытыл уайы: доны уайæджы хуызæн цыбырфæд- джи æмæ къуындæг, фæлæ мæнмæ уæддæр, мæ фыд мын зæрдæ цы глази къабайæ æвæрдта, уымæй æвзæрдæр нæ фæкаст, æмæ дзы уынгмæ, ме ’мбæлттæм ратахтæн. Иу зымæг фæрынчын дæн. Мæ тæвдæй дæгъæлдзырд кодтон. Бинонтæ мæ алыварс бадтысты, фæлæ сæ æз никæй уыдтон. Иухатт та цыдæр сдзырдтон, стæй та мæ цæсты- тыл ауадысты, къласы кæимæ ахуыр кодтон, уыцы чыз- джытæ. Æртæйæ фæцæйцыдысты нарæг уынджы æмæ мын ме ’взаг фæцæйхастой. Кæрæдзимæ йæ æвдыстой, æмæ æз мæ фыдмæ сдзырдтон. — Уæртæ мын ме ’мбæлтæ ме ’взаг фæхæссынц, æмæ йæ фæстæмæ райс! Уый мын, цæуын сæм, зæгъгæ, загъта, æмæ уæд æрæнцадтæн... Хæринагæй мæ зæрдæ фæткъуытæй дарддæр ницы агуырд- та, фæлæ ма зымæгон кæмæ цы разындаид? Мæ фыд æнхъæл кæмæ уыди, уыдоныл куы азылд æмæ сæм куы ницы ссардта, уæд ма йын иу хæдзар бацамыдтой: Хъалæ- 24
гонтæм ма æвæццæгæн разындзæн. Æвæрынæн уыдоны дыргътæн æмбал нæй». Мæ фыд сæм æвæндонæй араст. Куы сæм уа, уæддæр ын раттой, ууыл дызæрдыг кодта... Цæвитгон, хæсты размæ аз уыд уый. Мах уæд ног æрлидзæг уыдыстæм, дардæй æрцæуæг, æмæ-иу кæд, мæ фыдæн йæхи загьдау, йæ баконд зæххæй æнæхъæн сых фæдарын йæ бон уыдис, уæд уыцы аз та хорхъуаг систæм, ног хорæрзадмæ нал сфаг стæм. Фæлæ мæ фыд, хъаруджын лæг, хоры мыздыл иу цалдæр хæдзарæн пецтæ ацамадта, æмæ уыдонæй иу уыд Хъалæ- гон. Иæ мызд райсынмæ сæм мæ хистæр æфсымæры бар- выста. Лæппу тæнтъихæг нырма, гыццыл æргъомы бын дæр-иу æртасыд. Хор куы æрбахаста, уæд диссагхуызæй нæ фыдæн радзырдта: — Базары исты куы фелхæнæм, уæд уыдон барæнгарз цъупдзаг бакæнынц, Хъалæгон та-иу барæнгарзы сæр армæй расæрфта. Мад æмæ фьщ лæппуйы ныхæсгæм кæрæдзимæ бакастысгы. — Ницы кæны, уый уал нæ фаг уыдзæн, мæ къона, — бакодта нæ мад. Хъалæгон, зæлдаджы хуызæн зæронд ус, дæргъæй- дæргъмæ къабайы къæсæрыл мæ фыды размæ æрлæууыд. Лæджы тыхст ныхасмæ куы байхъуыста, уæд æнæ истыдзургæйæ сарайы стыр чырынмæ баздæхт æмæ йæм нывнæлдта. Йæ куатæйы мидæг æртæ фæткъуыйы рахаста. — Мæ мардмæ мын æрбацу, адонæй дарддæр ма мæ рæбыны кæд иунæг дыргъы мыггаг дæр ис. Адон дæр, зæгъын, уæд та искæй удыхосæн бахъуыдысты... Дæхи фæндиаг уæд дæ рынчын... — Æмæ фæткъуыты лæгмæ радта. Мæ фыды æнæсомытæй дæр бауырныдтаиккой зæронд усы ныхæстæ. Фæбузныг дзы. Æвæндонæй йæм бацыд, уый дæр дзы æрбайрох. Мæ мад дæр бацинхуыз, цыма йæ рынчын йæ къæхтыл слæууыд. — Хуыцау ын арфæ ракæна, æнхъæлмæ кæмæ кæсы, уыцы бæлццæттæ йын сæрæгасæй сæ хæдзар ссарой. Хæст иуты дæрзæг митыл сахуыр кодта, иннæты та цыма ивгæ бакодта — рæдаудæр фесты... Фæткъуытæй нымадæй цаддæр карсты бахордтон, иннæ- ты мын карстæй æндахыл бафтыдтой æмæ сæ сынтæджы къухыл мæ разы æрцауыгътой. Уалдзæгмæ рудзынджы цурмæ æнæ искæй æххуысæй цæуын байдыдтон æмæ-иу кастæн, нæ доны былтæ цъæх куыд адардтой æмæ сыл ногзад уæрыччытæ куыд хъазыдыс- 25
ты, уымæ. Ме ’мгæрттæ нæууыл хъазыдысты, æмæ сæм хæлæг кодтон. Дуканимæ ног дзаумæттæ æрластой, æмæ сæм адæм уынæг цыдысты. Алкæй дæр фæндыд йæ бинонтæн исты ног дзаума фенын. Уæлдай тынгдæр та дзы кодтой иу хъуымацы кой, æмæ дзы мæ мад дæр схаста. — Мæнæ дын цы глази къабайаг балхæдтон, мæнæ! — хъæлдзæгæй мæм æй бахаста мæ фыд æмæ йæ мæ уæлæ æрытыдта. Уый уыд хуымæтæг сатин, уалдзæгхуыз, рæсугъд. Æз та йæ æцæг глази фенхъæлдтон; ахæмæй уад мæ цæстытыл. Мæ хуыссæны рабадтæн æмæ йæ мæ дæллагхъуыр æрба- кодтон... Уыдис ахæм рæстæджытæ дæр... 1973 аз АМОНД 1 Кæдæй-уæдæй Чабæхан куыстмæ нæ тагъд кæны. Нæ цæуы куыстмæ райсом дæр æмæ ма ноджы иу цалдæр боны. Не ’рбацæудзæн, уый йе ’мкусджытæ дæр зонынц. Иннæ бонты сын се ’рбацыдмæ кæй æрцæттæ кæны, уыцы кусæн- дзаума рæвдз куы нæ разына, уæд фыццаг фæджих уыдзыс- ты. Чабæхан афоныл æрцæттæ кæны алцыдæр, стæй та сæ зæрдыл æрбалæудзæн, Чабæхан абон не ’рбацæудзæн, уый. Чабæхан йе ’мкусджытæй барджындæрхуыз вæййы йæ куысты. Цыма иуылдæр уым рæстæгмæ кусынц, Чабæ- ханæн та йæ иугæндзон бынат у. Цыма йæ цардæмбал дард фæндагыл ацыд, фæстæмæ нал æрыздæхт, æмæ йын зынаргь мысинæгтимæ баст у. Йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ куы ацæуай, уæд дзы бафæллайдзынæ — рынчындоны уыцы стыр кæрты иу къуымы ис Чабæханы куыст. Иуварсæй бакæсгæйæ афтæ зыны, Чабæхан æмæ йе ’мбæлтты куыст аиуварс кæн, уæд рынчындоныл зынгæ дæр нæ фæкодтаид. Æппындæр ницы ’рцыдаид. Сты, не сты, уый цыма нымады дæр никæмæ у. Фæлæ уый афтæ нæу. 26
Чабæхан ардæм кусынмæ куы æрбацыд, уæд хуымæтæг фæндаг дæр нæ уыд ацы къуыммæ. Кæрт астæуæй асфальт- гонд уыд, ам та сæ цыма йæ ралæгьз кæнын рох фæци. Кæртмæрзæг дзы цаддæр дуры æрæвæрдта, къахфындзтыл лæугæйæ сыл бахизæн куыд уыдаид, афтæ. Уый дæр кæронмæ нæ, фæлæ йæ уисой æмæ быронкалæн æвæрд кæм уыдысты, уыйонг. Фæлæ Чабæхан сахуыр уыцы фæндагыл дæр, æмæ йæм куы базылдысты, уæд ма йæм афтæ дæр фæкаст, цыма йын цыдæр нал фаг кодта. Къæвда бон-иу дуртыл багæппытæ кодта æмæ асфальт кæй нæу, уый никуы бафиппайдта. Нæ фæлæ ма-иу ын уыцы чы- сыл зæххы гæбаз йæ зæрдыл хъæу æрлæууын кодта. Кæддæрæй-кæддæрмæ-иу кæдæм ныууад, уыцы хъæу. Йæ цæстытыл ауайынц гауызы хуызæн нæуу æмæ, æвзонг чыз- джы æнæфсон кæл-кæлау йæ сæр-сæр кæмæн фæхъуысы, уыцы чысыл дон. Чабæхан-иу раджы куы нæ сыстид зымæгон, цæсты къух атьысс, уæд ма йæ нæ фенын диссаг куы нæ вæййы, уыцы афон-иу йæ куыстмæ куы нæ ’рхæццæ уаид, уæд йе ’мбæлттæ цы куыст бакæниккой, уый сæм бæрæг уаид. Куы ’рбацæуынц æмæ сæхи, суанг крахмалгонд сæрбæттæнтæ бабæттыны онг куы ’рцæттæ кæнынц, гъе уæдмæ Чабæхан та йæ куыстытæ фæвæййы. Кæртмæ ракæ- сынмæ дæр ма йæ равдæлы. Кæмæдæр ма хъазæн ныхас дæр скæны, кæцæйдæр йæ худын райхъуысы. Чабæханæн бон раджы райдайы... Цас адæм аивылд, æвæдза, Чабæхан ам куы кусы, уæдæй нырмæ! Фæлæ йæм диссаг уый каст æмæ, йæ сæры æрæджыйы онг иу урс хил дæр кæй нæ уыд, æмæ дзы куы фæзынид урс хилтæ, уый ма-иу æй фæндгæ дæр кодта. Цыма йын уæд рæстæг фенкъуысдзæнис йæ мидбынатæй. Алцы дæр йæ афоныл хорз у; зымæг митæй фидауы, сæрд — кæрдæгæй, адæймаг та — цы кары ис, уый миниу- джытæй. Æмæ æппынфæстаг, иу райсом рудзынджы рухсмæ йæхимæ кæсæнмæ куы каст, æмæ йæ ныхы сæрмæ цы- быр урс хилтæм куы фæкомкоммæ, уæд тагьддæр куы бам- бæрзиккой иннæ дзыккуты, йæхимæ æндæр хуызæнæй куы бакæсид, уый йæм цыдæр бæллиццаг фæкаст. Чабæханы рæстæг нæ тæрсын кодта йæ цыдæй. Нæ фæлæ ма йæм цымыдисдзинад дæр æвзæрын кодта, зымæджы уазал фут- тытæ куы бамбарæм, фæлæ та, уадз æмæ ралæууæд, зæгьгæ, куы фæзæгьæм нæхицæн, уыйау. Чабæхан æнæхъæн къуыри нæ фендзæн йе ’мбæлтты. Гæнæн ын куы уаид, уæд ын йæ циныл уыцы къуыри цин 27
кæниккой йе ’ппæт зонгæтæ дæр. Æхсызгон ын кæй фенд вæййы, уыдон иууылдæр. Фæлæ хионæй, зонгæйæ сæ хæс знон ахицæн кодтой, хуыцаубон, йæ чындзæхсæвы. Урс тæнæг хъуымацæй хуыд къабайы уæрæх дыстæ сæхи æруадзынц, рудзынджы хæцæныл куы æрхæцы, уæд. Ны- хас кæны, ацы хæдзармæ кæй номыл æрбахызт, уыимæ, йæ зонгæтимæ. Йæ цæстытыл ауайы йæ чындзæхсæвы бон райсомæй изæрмæ æмæ худы йæ мидбылты. Йæ мидбыл- худгы æфсон уый бæрц стыр дæр нæу æмæ йæ амондцжын, фæлæ æнæфсон худтæй, йæхæдæг фефсæрмы вæййы. Йæ армытъæпæн цæсгомыл авæры. Фæлæ уæд цæстытæ та? Утæппæт цæхæртæ сæ куы ракæлы, уæд ма уыдонæн та цы бакæна! Æниу кæмæй æфсæрмы кæны? Йæ фæллад суадза, зæгьгæ, йæ ныууагьтой æмæ ма йын фынæй æнхъæл сты, æндæр æм, иннæ агъуыстæй йæ ныхас кæмæн хъуысы, уыдонæй исчи æрбауаид. 2 Æстдæсаздзыд чызг кæсæнмæ арæхдæр райдайы кæсын, райдайы фиппайын, йæ бакасты рæсугъддæр цы вæййы, уыдæттæ. Фæлæ Чабæханæн, æвæдза, кæсæн йæ комкоммæ фæцис, уæд-иу, цыма йын исчи йæ былтæ бакъуырдта, уыйау иннæрдæм акаст. ...Иæ уæле чи уыд, уыцы хотæ чындзы куы ацыдысты, уæд æм адæм цæст здахын райдыдтой. Устытæ йæм мæстæймарæн ныхæстæ æппæрстой: «Чабæхан бирæ нæ фæбаддзæн...» «Акæс-ма уымæ, «мæ рад у»-йы каст куыд кæны!» Цæмæн сæм афтæ каст, уымæн ницы æфсон ард- та. Йе йæ уæлæдарæс нæ фæхуыздæр, йе йæ былтæм ахорæнтæй никуы бавнæлдта, йе искæй цæстмæ уæлдай худт никуы бакодта. Æфсæрмы кодта устыты ныхæстæй дæр, исты дзуапп сын раттынæй дæр, æмæ-иу сæ рæзты тагьддæр фæраст. Фæлæ-иу дзы сæ ныхæстæ нæ ферох сты. Зын-иу ын уыдысты. Цыма, йæхи цы дзаумайæ хызта, уый йын исчи æвæндонæй йæ уæлæ кæнын кодта. Йæхимæ чызджы цæстæй нæма каст, æмæ йын йæ сабидугимæ хицæн кæнын зын уыд. Фæндыд ма йæ æнæмæтæй згъорын, куыд- фæндыйæ рауайын, æппындæр æм уæлдай каст куыд ничи кæна. Фæлæ уыцы рæстæгæй рацыд къорд азы æмæ Чабæхан нырма ныр ссардта йæ амонд. Нырма ныр сæмбæлдысты кæрæдзиуыл Алиханимæ. 1979 аз 28
ЙÆ НОМ МЫН ХАДИЗÆТ ХУЫНД 1 Хадизæты номæй мæм хæрзæггурæггаг чи фæуыдаид, уымæй мын зынаргьдæр адæймаг нал уыдаид. Иæ ном-иу мын Хадизæты фендау æхсызгон уыдаид. Хадизæт, скъоламæ куы бацыдыстæм, уыцы рæстæджы цы хуызæн уыд, афтæмæй ауайы мæ цæстытыл, кæд нæм- иу уый размæ дæр æруади цæхæрадæтгы, уæддæр. Не ’хсæн æндæр ныцы уыдис. Уадцзæг-иу мæ фыд бæстон базылд, зымæг-зымæджы дæргьы хъом сæхи хафгæ цы каурæбынты цыдысты, уыдонмæ. Хадизæт-иу уæд каумæ хæстæг цæуын дæр нал уæндыд, рахиз-бахизгæнгæйæ та иу ран куы феф- сæра æмæ та дзы фæндаг куы скæна, уымæй тæрсгæйæ. Мæ фыды стыр къухтæ-иу, æвæццæгæн, йæ цæстытыл ауадысты. Додой дæр æм никуы бакодта, афтæмæй дзы тарст æмæ-иу æм нæ иннæ фæндагыл, дардыл уынгты, æрызгьорын зын нал каст. Кæрты йыл-иу бинонтæй исчи амбæлд, уæд-иу уый дзыхæй ныхас нæма схаудта, афтæмæй-иу Хадизæт хæдза- ры фæмидæг. Хадизæтимæ скъоламæ дæр иумæ бацыдыстæм. Хæсты хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Адæм тыхстысты, мæгуыр- дзинад зынд алы рæттæй дæр. Рæсугъд æмæ ног дарæс алкæмæ нæма хаудта, æмæ-иу Хадизæтæн йæ мад хистæртæй куы иуы, куы иннæйы дзаума акъаддæр кодта. Скъоламæ фыццаг бон цингæнгæ уадыстæм. Кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ æрцыдыстæм фæстæмæ дæр. Махмæ уал бауадыстæм. Хадизæты ног дзаумайыл мæ мад^дæр бацин кодта. Йæ къух ыл, лæгьзгæнæгау, æрхаста. Йæ бынтыл ын ^æрхæцыд. Йе ’гæр фæкала, Дуска, Азикка йæ сæрæн нæ уыд æмæ йæм иу гæбаз æрбахаста, мæ чызгæн мын дзы къаба бахуый, зæгьгæ, уый йын дзы цы рауайын кодта! Искæй хъуымацы гæппæлæй адав! — хъастгæнæгау дзырдта мæ мад мæ фыдæн. 2 Хадизæты номæй мæ исчи фыдæнхъæл фæкодта, зæгьгæ, уæд( æм дзургæ дæр нал скодтаин. Цыппæрæм къласы куы ахуыр кодтам, уæд фæхицæн стæм кæрæдзийæ. Мах горæтмæ раивтам, Хадизæт та хъæуы зо
баззад. Куы цыдыстæм, уыцы райсом дæр нæм æруад æви нæ, æз уымæн ницыуал базыдтон. Æвæццæгæн та нæм æрызгьордта, фæлæ машинæйы гуыффæйы дзаума æвæргæ куы федта, уæд, æвæццæгæн, иуфарс фæлæууыд иуцасдæр, стæй фæстæмæ æнкъардæй ацыдаид. Цæхæрадон нæма бафснайдтам, æмæ уал мæ мад хъæуы баззад. Хæдзар кæмæн ауæй кодтам, уыдонимæ уал æмцард кодта. Нæ хæдзармæ чи ’рбаивта, уыдон къоборсæр лæппутæ-иу тыргьты афтид фæсмын цъындаты азгьордтой. Сæ сабыр мад æфсæрмы кодта мæ мадæй æмæ-иу сæм йæ былты змæлдæй цыдæртæ ацамыдта. Мæ мад-иу бахудт; йæ иунæг чызгæй ахæм хъæлæба кæд фехъуыстаид! Тыхст сæ, фæлæ йын уæддæр æхсызгон уыд сæ хъæр, се змæдд; лæгуазæг нæ хæдзармæ æрбафтыд æмæ фынджы уæлхъус мæ мадæн лæппуйы райгуырдмæ ма скува, уый нæ уыд, æмæ йын кæй райгуырдмæ куывтой, уый йæ цæстытыл уыдон хуызæнæй уади, æвæццæгæн. 3 Уымæй размæ фыстæг никуы ныффыстон. Исчи нæм фыстæг æрбарвыста, зæгъгæ, уæд-иу æнæмæнг райдыдта уыцы иу ныхæстæй: «Уæ бонтæ хорз уæнт мæ зынаргъ, никуы ферохгæнгæ сиахс Алыксандр, мæ иунæг хо Дари, нæ гыццыл хæрæфырт Нинæ. Куыдтæ стут æмæ уæм цы ног хабæртгæ ис ацы æнæуынгæ рæстæджы?..» Æз дæр мæ фыстæг райдыдтон уыцы ныхæстæй: «Уæ бонтæ хорз уæнт мæ зынаргь, никуы ферохгæнгæ Дзыц- цыл, Азикка æмæ Хадизæт!..» Ныффыстон, нæ хæдзары хабарæй цы уыд, уыдон иууылдæр, фæлæ мын дзы цыдæр нæ фаг кодта. Кæйдæр фыстæгæй хал нæ аппæрста. Мæхицæй дзы цы ныффыс- таин, уымæн ницы зыдтон. Хадизæты мысыдтæн. Æхсæв-бонмæ мæ дæндаг куы рыст, уæддæр мæ зæрдыл лæууыд. О, æмæ мæ Хадизæты номæй исчи фыдæнхъæл дæр фæкодта, зæгьгæ, уæд æм нал сдзырдтаин, загътон. Куыддæр мыл æрбабон, афтæ мæ дзаумæттæ скодтон æмæ дохтырмæ ацыдтæн. Уыйразмæ-иу мæ дæндаг сызмæ- лыд æмæ риссы, уæд-иу мæм мæ фыд хæстæгдæр æрбад- тис. — Ракæн-ма. Куыд змæлы, уый басгарон мæ къухæй, — зæгъгæ-иу афтæ. Æмæ-иу иугæр дæндагыл фæхæст, уæд- 31
иу æй æртыдта. Æз-иу ныккуыдтон, иуæй фыр рыстæй, иннæмæй та мæ сайгæ кæй фæкодта, уый тыххæй. Мæ дæндаг мын куы сластой, уæд трамвайы сбадтæн æмæ-иу мæ сæр мæ цонгыл авæрдтон. Мæ цæстытæ-иу бацъынд кодтон. Æрмæст-иу рæстæггай скастæн, кæдæм схæццæ дæн, уый базоныны тыххæй. Нæ тигьæй куы бакастæн, уæд мæ кæуын нал баурæд- тон. Дæндаг кæцæй сластой, уым риссы, æви сæр иууылдæр, уый бæрæг нал уыдис. Уæд мæм мæ мад нæ сыхæгты усы раз хæрзæггурæггаг куы фæуаид, Хадизæт, дам, æрбацæуы. Уымæй афтæмæй мæ мæ дæндагрыст æрбайрох уыдзæнис, уый та мæ бынтондæр смæсты кодта, уымæн æмæ Хадизæт не ’рбацæудзæн, æмæ мæ сайгæ кæны, уый хорз зыдтон. Æз Хадизæты бирæ кæй уарзын, ууыл никуы басомы кодтон. Никуы йын басомы кæнын кодтон йæхи дæр. Уæддæр-иу Хадизæт загьта: — Зæххардыстæн, мæ хотæй дæ дæлдæр никуы æрæвæрдзынæн! Хадизæтимæ ногæй фыццаг хатт куы сæмбæлдыстæм, уæд æвзæр бон уыд. Тæнæг дзаума скæнынæн нæ бæззыд. Хур-иу сайæн æнгæс раци, афтæмæй Хадизæтыл та тар цъæх дидинæгджын къаба, йæ уæлæ тыр-тыр кодта. Æз Хадизæты ныхæстæм хъуыстон. Цин ыл кодтон. Цыма цаддæр азы нæ рацыд, фæлæ тæккæ знон фæхицæн стæм кæрæдзийæ, афтæ мæм каст. Хадизæт-иу бирæ хатт загьта: — Уæд мын Ази амæлæд, кæд Апыксандр æмæ Дарийы мæхиуæттæй къаддæр уарзын. Тæхудиаг, куыд дæ æмба- рынц, уый диссаг у, диссаг. Дæ чингуыты раз куы фæба- дыс, уæд дæ æз дæр куы нæ хъыгдарин, Дарийы уый дæр фæфæнды... Уæд дæр фынтæ иуæй-иу хатт æгæр æргом рацæуынц. — Хадизæт цыма институтæй æрмæстдæр йæ фын радзу- рынмæ фæуад. — Мæ мадæн æй дзырдта. Æз дæр æм хъуыс- тон æмæ-иу бахудтæн, Хадизæт кæуынхъæлæсæй цы фын дзырдта, уымæ хъусгæйæ. — Цыма Нинæимæ кæрæдзийæ ахицæн стæм... Æз ахæм куыд кодтон æмæ диссаг. Куы райхъал дæн, уæд мæ баз дæр хуылыдз уыдис мæ цæссыгæй. Ахæм бон ныл макуы скæнæд, Нинæ!.. Æмæ адæмæй нæ кæрт куы байдзаг, фæлæ се ’хсæн Ха- дизæтыл мæ цæст куы нæ хæцыд, уæд-иу мæ хъустыл дæр 32
йæ ацы ныхæстæ ауадысты. Æппынæрæджиау та адæмыл мæ цæст куы ахастон, уæд æй федтон. — Мæнæй бирæ дарддæр, къулрæбын, æз дæр кæй зыдтон, иу ахæм чызджы цонгыл æрæнцой кодта. Искæй хъарæгмæ-иу йæ цæстытæ доны разылдта æмæ-иу йæ цæссыггæ йæ уадултыл куыд нæ æртулой, афтæ аныхъуырдта. Мæн та фæндыд, мæ размæ куы бацыдаид, куы мыл ныттыхстаид æмæ ме уæхскыл куы ныккуыдтаид, уый, фæлæ Хадизæт раздæрау лæууыд къулрæбын æмæ бæрæг уыд, йæ бынатæй фезмæлынмæ нæ хъавыд. Æппынфæстаг, алчи йæ хæдзармæ цæуынвæнд куы скод- та, уæд уый дæр базмæлыд æмæ мæм бацыд: — Нырма уæм хионтæ ис, дæ зæрдæ уал уыдоныл фæлæудзæн, фæлæ уæм куы ничиуал уа, уæд дæм-иу æрба- уайдзынæн. Дари дæр мын загъта, Нинæйы тынг хъæуыс ныртæккæ æмæ йæ ма ныууадз, зæгьгæ. Уыцы бон фæстаг хатг рахызт Хадизæт мах кæртæй. Куы фæцæйцыд, уæд мæ зæрдыл æрлæууыд иу рагон хабар... ... Гыццылæй чындзытæй хъазыдыстæм мах кæрты, стæй кæрæдзимæ цæуылдæр фæхæрам стæм. Хадизæт мын фæтæргай æмæ сæхимæ цæуыныл ныллæууыд. Мæнмæ хъыг каст уый æмæ йæ размæ кæрты дуары раз æрлæууыдтæн: — Ауылты ма цу! — Хадизæт та æнæ дзургæйæ каумæ фæзылд. Йæ цæнгтæ кауы михтæм сивæзта, фæлæ æз уым дæр йæ размæ фæдæн: — Ауылты дæр ма хиз! Хадизæт уæддæр нал ныллæууыд æмæ сæхимæ куы ацыд, уæд мæ хъæлæсыдзаг ныккуьщгон. Уыцы бон дæр Хадизæт æцæгæлон адæмимæ цæуыныл куы фæцис, уæд мæ кæуын хъуырмæ схæццæ, фæлæ мæ цæссыг не ’рхаудта — сабитæ нал уыдыстæм. 1983 аз ФЫСТÆГ Махар, дæ фыстæджыты-иу мæм бæлвырд фысс ал- цыдæр, мæнæн уæ алы хъуыддаг зонын дæр æхсызгон у, зæгьгæ, фæфыссыс. Иннæ хæттыты мæ нæ февдæлы, тагъд фæкæнын мæ куыстмæ, изæры та фæллад вæййын. 3 АдÆЙмаджы фæд 33
Бирæ бинонтимæ адæймаджы цы тухæн ис, уыцы мæт æй ис гыццыл бинонтимæ дæр; хæринаг кæнын, гæрстæ æхсын, æфснайын. Бирæ бинонтæй иу æххуысгæнæг уæддæр вæййы, фæлæ мæнæн та алцы дæр мæхимæ кæсы. Фатимæ мын ницыма æххуысхъом у. Дукани нæм дард куы нæ у, мыййаг; уырдæм æй куы арвитын, дзул сдав, зæгьгæ, уæддæр тæрхæджы раз лæугæйæ баззайы, нæ фæуæн- ды дуканигæсмæ сдзурын. Кæд ыл сыхæгтæй исчи сæмбæлы æмæ йын дзул райсы, уæд хорз, науæд æм мæхи цæуын бахъæуы. Æхсæвæры фæстæ фыссæн стъолы раз куы ’рбадын, уæд ма дæм мæ бон æрмæстдæр цалдæр ныхасы ныффыссын бавæййы, — боны цаутæ фæллад хъуыдытимæ сæмхæццæ вæййынц. Ды ам куы уаис, уæд мын афтæ зын нæ уаид, фæлæ дард стæм кæрæдзийæ. Афтæ вæййы иннæ изæрты, фæлæ мæ ахсæв фæнды ныхас кæнын демæ. Фатимæ чысыл раздæр бафынæй йæ гыццыл æфсæйнаг сынтæджы. Йæ аккаг нал у. Ацы аз, фæззæджы, бацæудзæн фыццаг къласмæ æмæ, æвæццæгæн, йе ’мгæртты сæрты кæсдзæн. Кæдæм ивæзы хæрдмæ, нæ зонын. Лæгьстæ мын кæны, мæнæн дæр æнæуи сынтæг балхæн, зæгьгæ. Исты, дам, ма гыццыл дæн. Уæртæ ныртæккæ йæ сынтæджы куы хуыссы, уæддæр мæ фæнды йæ размæ бацæуын, мæ былтæ йын йæ фæлмæн бур дзыккутыл авæрын, бæстондæр æй æрбанордын, фæлæ уадз æмæ фынæй кæна. Æддаг агьуысты æрмынæг кодтон радиойы ныхас. Хъуамæ йæ мацы хъыгдара, фынæй кæна æнцад-æнцойæ. Ахсæв мæ тынг фæнды демæ ныхас кæнын, Махар. Уæвгæ, мæхинымæр æдзухдæр ныхас кæнын демæ. Изæ- рыгæтты фæкæсын дæ фыстæджытæ. Мæ зæрдыл сæ æнæ кæсгæйæ дæр бадардтон æмæ сæ фæхъусын фæндагыл цæугæйæ дæр, мæ куысты бадгæйæ дæр. Фатимæмæ сы- вæллæтгы цæхæрадонмæ куы фæцæуын, уæд дæр. Дыууæ адæймаджы уарзондзинад, дам, кæрæдзимæ дард куы вæййынц, уæд рабæрæг вæййы. Мах уарзондзинад гуырысхойаг нал у. Куы баиу стæм, уæдæй фæстæмæ афæдз æххæстæй иумæ никуы фæцардыстæм, афтæмæй нæ чын- дзæхсæвыл та ныр фараст азы рацыд. Дæ сывæллон нæ зоны фыды рæвдыд. Фæцахуыр дыл вæййы, стæй та куы ацæ- уыс, уæд мæн баййары, папæ кæм и, зæгьгæ, стæй та дзы ферох вæййыс. Æз та, цæрæнбонты уарзон чызгау дæ фыстæ- 34
джытæм æнхъæлмæ кæсын. Уыдонæй бæрæг у, мæт ныл кæныс, уый. Æнцон дын нæу. Куыстæй куы ’рбацæуыс, уæд дæ цæрæнуатæй дæ размæ ничи рауайы. Ничи дын бацин кæны дæ хъуыдцæгтыл. Тагьд фæхъарм уыдзæн. Уалдзæг лæгæрды алырдыгæй. Куы ’рбацыдтæн куыстæй, уæд байгом кодтон рудзынг. Æрмæстдæр уалдзæджы цы диссаджы уæлдæф вæййы нæ алыварс, уый цæуы мидæмæ. Змæлын кæны рудзындасы даргъ æмбæрзæнтæ. Мæ фæллад цыдæр фæци. Хъуыды кæнынмæ мæ никуы февдæлы, уый тыххæй у, æви цæмæн, уый бæлвырд нæ зонын, фæлæ мæхиуыл, нæ цардыл ныры хуызæн бæлвырд никуыма ахъуыды кодтон. Абон райстаис мæ фыстæг. Цалдæр боны фæстæ та схæццæ уыдзæн дæ дзуапп. Адæймаг цы у, дунейыл цæмæн цæры, ууыл куы нæ фæхъуыды кæны, уæд ын цæрын æнцондæр у, фæлæ мæн нæ хъæуы ахæм цард. Æз ахуыргонд нæ дæн. Фараст къласы каст куы фæдæн, уæд мæ ды ахастай (мæхимæ дæр диссаг кæсы, ацы хабæрттæ мæ сæрмæ цæмæн цæуынц, уый), мæ мад та йæ зæрдæ мæныл дардта. Мæ дыууæ хистæр хойæн сахуыры фадат нæ фæцис. Хæст куы банцад, нæ фыд дзы куы нæуал ссыд, уæд нын цыма уыдæттæ фаг нæ уыдысты, — райдыд- та хус рæстæг, æххормаг аз. Адæм сыдæй мæлынмæ æрцы- дысты. Иу къуыввитт чи уыд, уыдон уайтагьд се ’вæрæнтæ ахордтой, фæлæ бонзонгæ чи уыдис, уыдон æфсæстыл нæ дзырдтой; фæразын хъæуы, зæгъгæ, хъуыддаг ууыл сæвæрдтой, фæлæ уæддæр алкæй æвæрæнтæн дæр кæрон æрцыд. Махмæ дæр, цы бахордтаиккам, уый нал уыд æмæ нæ мад мах мæты бацыд. Гæдыныхас дзурын нæ никæй уагъта. Давын нын стыр худинаг хуыдта, фæлæ-иу уæд æвастæй быдырæй нартхæрттæ рахаста. Риуты бын сæ-иу, рæтгы, бакодта æмæ садд нартхæртгы уазалæй низ ссардта. Мæ дыууæ хистæр хойы куысты ныллæууьщысты, фæлæ- иу мæнæн мæ мад загьта: — Ахуыр кæн, мæ хур! Æстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæ мад амард. Æз скъолайæ куы рацæйцыдтæн, уæд мæ фæндаг база- рыл ракодтон. Иугыццыл туаг æхсыр балхæдтон, дзулимæ йæ бахæрдзынæн, зæгьгæ. Горæтæй автобус хъуамæ тагъд æрцыдаид æмæ уымæ тагъд кодтон. Бадгæ дæр не ’ркод- тон, афтæмæй хæрынмæ бавнæддгон, цыма мын лæугæйæ тагъддæр бантыстаид. Куыддæр дыууæ хуыппы скодтон, 35
афтæ нæ къæсæрыл сыхæгты устытæй иу æрбалæууыд. Мæ мадмæ тагъд кæнын, уый куы бамбæрста, уæд афтæ куы бакæнид: — Æмæ дæ мад куы амард. Мæнæн уыцы сонт ныхасæй мæ цæстытæ атартæ сты. Мæ зæрдæ бахъарм... Мæхи куы æрæмбæрстон, уæдмæ мæ алыварс адæм æрбамбырд сты. Æз хуыссыдтæн, мæ мад рынчынæй мæ хистæр хотæн цы чындздзон хуыссæнтæ фæкодта, уыдо- ныл. Нæхæдæг кæуыл хуыссыдыстæм, уыцы гобæттæ æмæ хъæццултæ дæр афтæ фæлмæн уыдысты. Нæ мад нæ уарз- та, хуыссæнгарз æнæзылд уа, уый, æмæ-иу сæ арæх цагь- та мæ хистæр хотимæ, фæлæ мæм уæддæр уæдæй фæлмæндæр никуы фæкастысты. Сылгоймæгтæ, мæ мады хабар мын чи адзырдта, уымæ фесты: — Исчи ма афтæ сонтæй дзуры ахæм хабар?! Адæймагæн рынчынæй дохтыры дзæбæх ныхас куыд æхсызгон вæййы, афтæ мæнæн дæр уæд æнцон уыд, мæ алыварс цы устытæ æрбамбырд, уыдон ныхас. Чи мын сæ йæ дæрзæг къух хаста дыууæрдæм мæ цонгыл, чи та мын-иу мæ цæстытæ асæрфта. Кæугæ нæ кодтон, фæлæ мæ зæрдæйы рыстæй мæ цæссыгтæ сæхи æгъдауæй згьорд- той. Мæ бон скæуын нæ уыд. Æнцад мæ цæстæнгас хас- тон сылгоймæгтæй цармæ, царæй, стъолыл æнæхæрдæй цы туаг æхсыр æмæ дзулы къæбæр баззад, уыдонмæ. Адæм куыд хорз сты, уый фыццаг хатт уæд бамбæрстон. Уый размæ мæм-иу «мæ хур»-æй чи сдзырдта, фæлæ сæ дзæбæх ныхас кæмæн не ’мбæрстон, уыцы сылгоймæгтæ мын уыцы рæстæг тынг зынаргь систы. Фарæстæм кълас фæдæн. Мах цардыстæм шахтæтæм хæстæг, æмæ-иу мæ хистæр хотæм арæх бауадтæн. Иу бон та фæцæйцыдтæн мæ хотæм. Хæхтæй чи æрызгъæлд, ахæм стыр дуртыл бадтис æртæ лæппуйы. Цæуылдæр ныхас кодтой. Æз сæ размæ куы бахæццæ дæн, уæд мæнырдæм ракастысты. Стыр чызг дæн, ууыл дæр уымæйразмæ никуыма ахъуыды кодтон, фæлæ ныр шахтæ- ты кусæг лæппуты худæндзаст цæсгæмттæ куы ауыдтон, уæд чындздзон чызгау фефсæрмы дæн. Цæуын дæр нал зыдтон. У^щонæй иу уыдтæ ды, Махар. Иннæ лæппуты ма-иу уый размæ федтон, фæлæ дæу — никуы. Уæд райдыдтай кусын. Уæдæй фæстæмæ мæ акъаздзæф кæнын нал уагъ- 36
тай. Мæ хотæм дæр арæх нал цыдтæн. Ныхасмæ дæм нæ лæууыдтæн, фæлæ мын-иу дæ фенд æхсызгон уыд, уый æмбæрстон. Иу бон, изæрдалынгты, кæцæйдæр æрбацæйцыдтæн. Мæхинымæр дæуыл хъуыды кодтон, Махар, афтæмæй мæ размæ куы фæдæ, уæд мын цыма мæ хъуыдытæ бамбæр- стай, афтæ фесхъиудтон. Мæ алыварс цалдæр лæппуйы февзæрдис, мæ цæнгтыл мын фæхæцыдыстут, фелвæстат мæ æмæ мæ, гыццыл фалдæр цы машинæ лæууыдис, уый фæлмæн бадæнтæй фæстагыл авæрдтат. Чидæр мын фидар хæцыд мæ дзыхыл, ныхъхъæргæнæн мын куыд нæ уа, афтæ. «Цавæр уарзондзинад у уый, адæймаджы ахæм æгады бынаты чи æвæры, уый» — мæсты кодтон æз. Ницы мæ баурæдтаид. Скъæфт чызгæй цы ныхæстæ фæкæнынц, ууыл дæр нæ ахъуыды кодтаин, фæлæ мæ ба- урæдта дæ къæмдзæстыг æнгæс, мæ мæстджын ныхасмæ мын кæй ницы дзырдтай æмæ дæхи зылыны бынаты кæй дардтай, уый. Бамбарын мын кодтай, дæу дæр кæй нæ фæндыд дæ амонд тыхæй агурын, уый. Баххуырстам агьуыст æмæ цардыстæм. Уæвгæ дæр нæм ницы уыд, афтид къултæ, фæлæ мах амондимæ хъæды фæцæрын дæр диссаг нæ уыд. Ныртæккæ нæм алцыдæр ис: ног хæдзар, дзаума, фæлæ нын цыдæр нæ фаг кæны. Æнæ уыдон фæцæрæн ис, æнæ кæрæдзийы æмбаргæ та — нæй. Æдæппæтæй ныл цыппар мæйы рацыд. Алы хуыцаубон дæр дæ бинонты бæрæг кодтам. Иу бон та сæм ацыдыстæм. Дæ мад, бинонты хистæр, алы аз дæр йæ фыртты æхца кусынмæ æрвыста. Уæд дæр та уыд уæ цæуынафон, сæрд. Мæн нæ фæндыд, ды ацæуай, уый, æмæ сдзырдтон: — Тыхст куы ницæмæй стæм... Æфсин мын мæ ныхас фæлыг кодта: — Ацы хæдзары нырма æз уынаффæ кæнын!.. Уыцы рацу-бацу уыл низау бахæцыд де ’фсымæртимæ æмæ сæрд ралæууыд, зæгъгæ, уæд та дард балцмæ уæхи æрбарæвдз кæнут, кæд ницы хъуаг стæм, уæддæр. Æз, кæд сывæллон уыдтæн, уæддæр хорз хъуыды кæнын фыдрæстæджытæ. Ныр та?.. Ис алцы дæр, фæлæ сымахæн уæддæр цыдæр нæ фаг кæны. Мæ разы фыццаг хатт куы ацыдтæ дæ балцы, уæд æз дæр щахтæты куысты ныллæууыдтæн, сигналдæттæгæй. Разæдæрау æнцонæй нал хызтæн шахтæмæ... Хистæр сылгоймæггæ мын дзырдтой: 38
— Дæуæн ам кусынæн нал бæззы. Фæлæ æз уæдцæр куыстон. Сабаты-иу ацыдтæн дæ би- нонтæм, истæмæй мыл сæ зæрдæ куы фæхуда, мæ фырт ам нæй æмæ нæ аппæрста, зæгъгæ, куы зæгъа дæ мад, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Æфсарм. Хорз дæ, бæргæ, фæлæ бирæ удæнцой исыс дæхи сæраппонд. Æгæр бирæ домыс адæймагæй. Цы йын æрхæссыс дæхæдæг та? Æфсарм, хорз дæ, бæргæ... Мæ бон-иу куы нæ уыд, уæддæр-иу дæ сæр хъуыды кæнгæйæ мæхи фæцырд кодтон. Цыдтæн алы хуыцаубон дæр уæззау хæссинæггимæ. Уыцы хуызæнæй цалдæр хъæуы сæрты ма цу, зæгьгæ, мын никуы ничи загьта бинонтæй. Æз та мæхи æгьдауæй куыд нал цыдаин? Дохтыртæ мæ мæ куыстæй суæгъд кодтой... * * * Мадæлтæм сæ сывæллæтгы куы хастой, уæд æнхъæлмæ кастæн æз дæр, мæ разы та кæд æрлæудзысты, зæгъгæ, фæлæ мæ зæрдæ цæмæдæр фехсайдта. Медицинон хо цыдæртæ адзырдта дохтыримæ, стæй дохтыр рацыд. Хо, йæ къухтæ йæ урс халаты дзыппыты, афтæмæй алæу- уыд, цæуылдæр цыма дызæрдыг кодта, уыйау, стæй мæнырдæм фæраст. Афæрстытæ мæ кодта ме ’нæниздзи- надæй. Уæддæр цæмæ æнхъæлмæ кастæн, уый кой не скод- та. Цы базонын ма мын æй хъуыд? — мард уыд мæ хъæбул. Мæ цæссыг бауромын нал фæрæзтон. Æмæ уыцы рæстæг мæ зæрдыл æрлæууыдтæ ды, Махар. Уæды онг дæм мæ зæрдæйы маст никуы равзæрд, фæлæ нæ сывæллоны сæфт дæу аххос уыд, æмæ дын æй ныббарын мæ бон нæ баци. Уый уыд дæ рацу-бацуйы фыдбылыз. Ныр æнафон у, фæлæ мæнæн хъуыдытæй мæ хуыссæг фæлыгьд. Фатимæ базмæлыд йæхимидæг. Иуварс аппæрста йæ хъæццул. Æнтæф ын у. Æз æрæвæрдтон мæ фыссæн- гарз æмæ йæм сцæйстадтæн, фæлæ та уый иннæрдæм азылд, йæхи æрбатыхта фæстæмæ. Цыма мæн мæстæй мары. Фыссын дарддæр... Мæнæ дæ фыстæджытæ, мæ иунæг цин. «Зифи, мæн фæнды, хъуаг куы ницæмæй уаис, уый. Дæ сидзæры бонтæ дын хъуамæ ферох кæнын кæнон», — ацахстой сæ иуы мæ цæстытæ. Цæмæй зоныс, мæ сидзæ- ры бонтæ мын рох нæ, фæлæ мæ зæрдæйыл æрлæууын кодтай, уый. Маст дын никуы радзырдтон. Мæнæн зын 39
цы у, ууыл иннæ мауал батыхса, афтæ мæ фæндыд æдзухдæр. Мæ цæсгомыл нæ фæзыны ме ’нкъарддзинад, уымæн мын никуы раиртæстай цæссыггы фæд мæ цæсгомыл. Сывæллоны хабар дæм куы ныффыстон, уæд схæццæ дæ. Афæдз æххæст нæ, уый фæдæ нæхимæ, стæй та ацыдтæ. Дæ ацыдæй нæм цалдæр мæйы фæстæ де ’мбæлтгæ ныффыстой, кæмдæр хыл уыд, æмæ дæу дæр æрцахстой, зæгьгæ. Загъдкъахæнтæй дæм мæ зæрдæ никуы фехсайдта, фæлæ куыд нæ баууæндыдаин де ’мбæлтгыл. Хылгæнджы- тимæ кæй уыдтæ, уымæ гæсгæ тæрхон скодтой дæуæн дæр. Æз тыхстмæ æрцыдтæн, фæлæ мæ æппындæр ницæй мæт уыдис, ды ма куы суæгьд уаис, æндæр. Мæхицæн загьтон, куы ма ’рцæуид, уæд æй никæдæм- уал ауадзин, зæгъгæ. Райгуырд Фатимæ. Цыппар мæйы йыл рацыд. Иу бон дын горæтæй цъщæртæ арвыстон. Сæ æрвитæггаг, цæйбæрц æнхъæддтон, уымæй фыддæр бахъуыд æмæ мын фæстæмæ, хъæумæ ацæуынæн æхца нал сфаг. Ныр сывæллон дæр мæ хъæбысы. Автобу- сы раз æрлæууыдтæн, фæлæ мæ цæсгом мидæмæ бахизын нæ хъæцыд — æхца мæм нæ уыд æмæ куыд бахызтаин! Хæрзаг мачи зæгьа: «Уый дын æхцакусæджы ус, гье». Бирæ æхца сласыс, фæлæ уайтагьд аивылынц. Кæд сæ нæ амонды аргьæй кусыс, уæддæр цæсты нæ ахадынц. Æз фæсауæрц кæнын зонын, фæлæ уыдоныл никуы ауæрстон, æнæуынон мын сты. Автобус адæмæй байдзаг, афтæ мæ шофыр, карджын бæзджынрихи лæг, фæхъуыды кодта. — Æмæ ды цæуылнæ бадыс? Æхца дæм нæй? — уый йæ зæрдæйæ хъазгæ кодта, фæлæ мын мæ катай мæ цæсгомыл бакаст. — Сбад. Ма тыхс, — загъта шофыр. Автобусы чи бадт, уыдонæй мæм чидæртæ цымыдисæй кастысты: фæндаггаджы фаг æхца куыд нæ уа хъуамæ адæй- магмæ! Чидæр мын фестад, йæ бынат мын радта. Куы ’рбадтæн æмæ сывæллоны мæ хъæбысы куы æрæвæрдтон, уæд мæ цæнгтæ сулæфыдысты. Мæ алыварс чи уыдис, уыдонæй æфсæрмы кодтон æмæ сын мæ хабар радзырд- тон, мæ фæстаг æхца цæуыл схардз кодтон, уый. Адæмы хорз ныхасы аргъ та бамбæрстон, æмæ фæхъæлдзæгдæр дæн. Цы у адæймаджы цард, исчи йыл куы нæ батыхса, искæуыл куы нæ бамæт кæна, уæд! Никæй- уал зæрдæ мыл худт, уый бамбæрстон. 40
* * * Ахæстонæй куы рацыдтæ, Махар, уæд нæ хæдзар ауæй кодтам æмæ дыууæ азмæ горæты хæдзар скодтам. Зын нын ницы уыд кæрæдзийы ныфсæй, фæлæ, дам, адæймаг цæуыл фæцахуыр уа, уый ныууадзын йæ бон нал вæййы. Раст нæу уый, фæлæ ды цы сахуыр дæ, уый ныууадзын дæ бон æцæг нал у: ацыдтæ та æхца кусынмæ. Алцæмæн дæр вæййы кæрон, æмæ абон мæ цардмæ куы акастæн фæстæмæ, уæд бамбæрстон, дарддæр нын афтæ цæрæн нал ис, уый. Ам мæнæн мæ сывæллонæй зы- наргьдæр ницы ис. Хъуамæ йæ сисон мæ хъæбысмæ æмæ ацæуон дæ хæдзарæй. Абон райстаис мæ фыстæг. Тынг аивтой мæ хъуыдытæ, уыцы фыстæг куы фыстон, уæдæй нырмæ. Иннæ хæтгытау та ныр дæр бакастаис мæ фыстæджы кæрон: «Æнхъæлмæ кæсдзынæн... Ма базивæг кæн дзуапп раттынмæ». Фæлæ æгыъæд у ныр. Дæ фыстæг мах ам хъуамæ мауал сæййафа. Зифи». Зифи райсомæй куы райхъал, уæд фæкомкоммæ, стьо- лыл цы фыстæг ныууагьта, уымæ. Цыма йе уæхскæй уæз- зау уаргь æриста, афтæ йæм фæкаст. Райста йæ йæ къухмæ, фæкаст æм, стæй йæ цыппар дыдагъы æрбакодта, йæ уырзтæ йыл рахаста æмæ йæ... аскъуыдта. 1969 аз УАЛДЗÆДЖЫ УЛÆФТ (Мидхъуыдытсе) 1 Уалдзæг мæм ацы азы хуызæн дидинæгджын никуы фæкаст: нæ кæрты иу æнæнтыст бæлас — цы у, уымæй иууылдæр дидинæг фестад. ...Фæлварæнты фæудмæ-иу мæ чумæдан айсынæввонг сси, бæлццонхуыз-иу сдæн æмæ-иу уыцы изæр рараст дæн нæхимæ... Поезд ма-иу сындæггай цыд, афтæ-иу æрхизæны æфсæйнаг хъуамæ фегом уыдаид. Адæм вагæттæм уадыс- ты, алчи-иу йæ бæлццоны æрхызтмæ æнхъæлмæ каст. 41
Мæ размæ-иу мæ фыд рацыд. Иуварс-иу æрлæууыд æмæ- иу вагоны рудзгуытæм каст, æвæццæгæн ма мын-иу мидæгæй æнхъæл уыд. Æз та-иу уæдмæ асинтыл æрхызтæн. Кæрæдзийыл-иу бацин кодтам. Йæ хъуырыл ын-иу куы атыхстаин, уæд мын цыма уый мæ цин уæлдай тынгдæр нал равдыстаид, афтæ мæм каст. Зымæджы каникулты ссæугæйæ-иу æндæргтæй уæлдай ницыма зындис, афтæмæй-иу нæхимæ схæццæ стæм. Нæ асин мæм-иу алы ссыдæн дæр æнахуыр цæхгæр фæкаст, хæдзар — ныллæг, фæлæ хи хæдзар у. Кæд цæстытыл дардæй рæсугъддæрæй фæуайы, уæд уый та уымæн, æмæ зæрдæйæн уымæй хæстæгдæр хæдзар нæй. Мæ кæстæр æфсымæртæ-иу хуыссæнхъæлдзæгæй сæ хуыс- сæнты алæууыдысты. Мæ иу ссыдæй-иу иннæ ссыдмæ куыд фестырдæр сты, уый-иу раиртæстон. Нæ хæдзары уавæртæм-иу кастæн. Бæркад кæм уыд, уым цин кодтон, хъуагдзинад кæм уыдтон, уым та-иу тыхсгæ бакодтон, æмæ та-иу æхсæв мæ хуыссæг фæхаудта. Æмбисæхсæвмæ нал бафынæй дæн — бинонтæ сугхъуаг фесты... Мæ хъуыдыты ацыдтæн. Арф улæфтмæ-иу сирвæзт. Мæ фыд дæр, æнхъæлдæн, нæма бафынæй, фæлæ уый мæнау нæ разил-базил кодта, æмæ мæм йæхæдæг куы нæ сдзырдтаид, уæд æй нæ базыдтаин. Гыццылæй-иу йæ дæлфæдтæм куы схуыссыдтæн, уæд мæм-иу загъд кодта, ма тæлф, зæгьгæ. Уæддæр та мæ базыдта. — Хадизæт, цæуылнæ фынæй кæныс? — Нæ зонын... Сугæн цы уыдзыстут?.. — Ууыл та цы тыхсыс? Утæппаст сугтæ афтæ тагьд фæуы- дзысты, уый æнхъæл та чи уыд, фæлæ ацы зымæг зымæ- джы хуызæн уыд?! Мæ мад мæ фæндараст кæны, зæгъгæ, уæд ын æнæ цæссыгтæ æркалгæ нæ уыд, æмæ та фæстаг хатт дæр афтæ рауад... ...Цаддæр минуты фæстæ поезд араст уыдзæн. Мæ зонгæ ус мын йæ чызгмæ ныстуантæ кодта, бæлвырд æфснайд чыргьæд мын мæ разы æрæвæрдта. Мæ бынаты æрбæстон дæн. Фæндарастгæнджытæ цы- дысты вагæтгæй. Адæм та поезды арастмæ æнхъæлмæ кас- тысты, æмæ-иу сæм бахæлæг кодтон. Уымæ гæсгæ-иу мæ куыдфæндыдæрæй фæндыд «хæрзбон» зæгьын. Цыма фондз мæйы (мæ иннæ каникулты онг) нæ, фæлæ фондз боны балцы цæуын. Стæй Уæрæсемæ дæр нæ, фæлæ цыма хæрзхæстæг ранмæ. 42
Мæ бандонæй сыстадаæн. — Цæй, ахизут. Ныртæккæ поезд фенкъуысдзæн, — сдзырдтон дыууæ сылгоймагмæ. Мæ зонгæ ус мæм йæ къух радта, мæ мадæн йæ къух дæр нæ райстон. Зæгъын, цæй, тагъд та фендзыстæм. Кæрæдзийы фæстæ араст сты дуармæ. Мæ зонгæ ус мæ куы фæхъуыды кодта, уæд фæстæмæ фæзылд æмæ мын ба- уайдзæф кодта: — Ныртæккæ дæ мады дæ хъæбысы акæн. Æз мæ цæнгтæ мæ мадыл æрбатыхтон, æмæ йæ зæрдæ æрбауынгæг. Æрттиваг цæстæй мæм каст зæххæй дæр, цалынмæ поезд араст, уæдмæ. Æз æм уæддæр бахудтæн: мæхи цæстытыл нæ ауæрстон, мыййаг — уый цæстытыл. 2 Кæцæйдæр æргьæвст цьиуау гæдыбæласы къалиу æрхауд- та. Къуыбар рафтыдта, æмæ йын фæтæригьæд кодтон: миты рагъыл басийдзæн. Авджы йын дон ныккодтон æмæ йæ нæ рудзынгыл сæвæрдтон. Уый уыд уалдзæджы улæфт, афтæмæй дымгæ та уынджы ногуард мит марзта. Нæ чызджытæй иуæн йæ уарзон сырх уарди æрбахаста, æмæ не ’ппæтмæ дæр диссаг фæкаст — хурæфсæст дидинæг, мит ма сасирæй луарæгау кæм уарыд, уыцы ран æнахуыр уыд. Хæдтæхæджы æрбаирвæзт иунæг дидинæг хуссарæй — сæ уарзондзинады нысан. Æмæ уый дæр уалдзæджы улæфт уыд. Иубон та æрæнкъард дæн. Æнæбары бавнæлдтон мæ чингуытæм. Цалынмæ, ме стъолыл цы рагъ амад уыд, уыдон бакастаин, уæдмæ мын нæхимæ цæуæн нæ уыд — мæйы фæстæ хъуамæ райдыдтаиккой фæлварæнтæ. Чин- гуытæй раздæр кæцымæ бавналон, уый нæма зыдтон. Мæ цæст сыл хастон. Бонсауизæрмæ та чингуытæ? Ацы бон дæр та иннæ бонты хуызæн? Æмæ мæм æвиппайды иу хъуы- ды фæзынд... Поезд нæхимæ изæры араст уыдзæн... (Мæ гыццыл æфсымæр рынчын куы у...) Институты балæууыдтæн, фæлæ ректор бынаты нæ ра- зынд, æмæ ме ’мбæлттæн бафæдзæхстон: «Цæуын, фæлæ- иу сымах мæ бæсты зæгъут...» Мæ дзаумæттæ чумæданы бафснайдтон: хъуамæ сахат æмæ æрдæджы фæстæ вагзалмæ араст уыдаин. Хæдзармæ фæндаг цыбыр у, фæлæ æз уæддæр нал æмæ нал фæфынæй кæнын. Поезды алы æрлæудæн дæр мæ сæр 43
базæй фелвасын æмæ æддæмæ ракæсын. Бонырухс куы фæбæрджытæ вæййы, уæд зæрдæмæ цавæрдæр рухс бахъа- ры. Поезды цæлхытæ хи зæххыл тулынц, уый хатгæйæ зæрдæ æнахуыр цин бакæны. Афтæ алы хатт дæр, æмæ уыцы цин, мыййаг, искуы куы нал хата адæймаг, уæд ма цы у йæ цард?.. Ме ’мбæлтгы хъæлæстæ мын мæ хъуыдытæ æрбаскъуыд- той. Чызджытæ кæрæдзийæн дзырды бар нæ лæвæрдтой. Диссаг сæм каст, каникултæм бирæ нал баззад, афтæмæй нæхимæ цæуыныл кæй сбæндæн дæн, уый. Уæддæр мыл тыхстысты. Æххуыс мын кодтой. Ректорæн зæгъдзыстæм, зæгъгæ, æмхъæлæсæй дзырдтой. Æнæхъæн боны рауай-бауайæ ме ’нкъарддзинад цыдæр фæцис. Ме ’мбæлтгæй мæ чидæр афарста: — Æмæ абон поезд цæуы, абон? Райсомæй алцæуыл дæр бæргæ ахъуыды кодтон, æрмæст ууыл — нæ, æмæ цавддурау фæдæн; æнæкъай бонты поезд нæ цыд. Мæн та æнæмæнг уыцы бон фæндыд ацæуын. Уый дæр уыд уалдзæджы улæфт. Дагтгæ ихтæ ластой. Уалдзæг лæгæрста, æмæ хур æнда- вын райдыдта. 1973 аз ЕЗЕТХАНЫ ЦИН Езетхан рагæй дæр раджы стын нæ уарзы, афтæмæй йæ куыстмæ та æхсæз сахатмæ цæуын хъуыд. Мад-иу æм сдзырд- та æмæ-иу æй бауыгъта. Цæуын æй хъæуы, Езетхан уый бамбæрста, афтæмæй ма-иу гыццыл дæр афынæй, уæд æй ничиуал сыстын кодтаид, æмæ йæм мад сдзырдта, зæгъгæ, уæд-иу йæхи сынтæгæй æппарæгау ракодта. Мад Езетха- ны хъал кæныны бæсты фæлтау йæхæдæг сыстадаид, æмæ- иу чызг хуыссæнхъуагæй йæ дзаумæтгæ кæнынмæ куы бав- нæлдта, уæд-иу, «ох, тæхуды», зæгьгæ, бакодта йæ сынтæ- джы иннæрдæм зилгæйæ. Уынджы-иу Езетханы рацыдмæ ницыма зынд, стæй-иу, цалынмæ трамвайы цæлхыты уынæр æрбайхъуыст, уæдмæ фæрухсдæр. Цæст-иу иртасын райдыдта. Езетханы æндæр куыстæй дæр бар уыд, фæлæ йæ уырдæм нæ бафæндыд. Ам ын рæстæг бирæ уыд институтмæ цæттæ 44
кæнынмæ. Бафснай кусджыты ’рбацыдмæ, уый фæстæ дæ чиныгимæ, кæм дæм хуыздæр кæсы, уым сбад. Æндæр ма йæ цы хъуыд? Чызгæн та æфснайынтæй ницы у. Хъахьхьæнæг ын-иу дуар кæдмæ нæ бакодга! Искуы иу хатг та-иу æм йæ ус рацыд, халаты тыхтæй. Хуыссæнхъæлдзæгæй- иу чызджы саламæн дзуапп дæр нæ радта, афтæмæй-иу лидзæг фæци. Мидæгæй-иу дæгъæл куыд æрзылдта, уый ма-иу фехъуыст Езетханмæ, стæй-иу кæрты зыбыты иунæгæй аззад. Афтид æхгæд кæрт дзы тас уагьта. Къулрæ- бын пъадвалтæм ныууайæнæй йæм цыма исчи хъуызгæ скастаид, иу каст уырдæм кодта, иннæ каст йæ къухтæм, афтæмæй æддæг-уæлæ æхгæнæнтимæ архайдта. Мидæгæй-иу талынджы морæ паркетыл æрлæууыд. Рухс- судзæн рæбыноз уыд, æмæ-иу æм нæ уæндыд, фæлæ-иу йæхи фæныфсджын кодта, афтæмæй-иу бауад æмæ-иу æй асыгьта; царæй зæхмæ дуарæмбæрзæнтæ-иу йæ размæ фев- зæрдысты. Езетханы хæцъил-иу кæм нæ ауадаид, кæм нæ асгæрс- таид. Уæддæр ма-иу æм йæ хицау исты аипп ссардта. Иæ урс къухыл тыхтæй чи зынд, уыцы хæцъилы фаг рыг кæмдæр разындаид æмæ-иу бахудгæйæ загьта: «Уæхимæ дæр афтæ фефснайыс, мæ хур?» Æфхæргæ йæ худгæ-худын кæй кодта, Езетханмæ хъыг уый каст. Рæстæгмæ кусы ам, уый-иу дзы æрбайрох. Куыст фæуадзыны зонд æм-иу фæзынд, стæй та-иу йæ зæрдыл æрбалæууыд, бирæ дзы кæй нал бакусдзæн, уый. Фæлæ йын уæддæр маст уыд — сайæн куыст, мыййаг, куы нæ кодта. Скъолайы фæстæ дыууæ азы бакусын хъуыд Езетханы. Йæ хæдзары куыст ын исчи куы зонид, уæд дзы ахæм куыс- тытæ бæргæ ничиуал домид, фæлæ чи зоны уый? Хæдзары кæстæрæн уый ис, æмæ алырдæм дæр уый æрвитынц. * * * Институтмæ стыр конкурс уыдис — иууылдæр историйы факультетмæ ныккалдысты. Езетхан фæлварæнтæ куы рад- та, уæддæр йæ тарст нæма ссыд; институтмæ йæ куы нæ айсой, ууыл мæт кодта. Цалдæр боны ма йын баззад, æмæ чингуытæ каст. Уыдонмæ ма йæ ахуырæй кæд равдæлдзæн? Хабар æм цы бон æрбацыд, уыцы райсом фыд тæрхæг арæзта, æмæ мад дæр йæ разæй нæ фæцух. Кæм æм, цавæр 45
зæгæл æй хъуыд, уый лæвæрдта, кæм та, фæйнæг лыг кæны, уæд-иу фæйнæджы кæрон æрæнцой кодта. Иурæстæг мад Езетханмæ бауад. Диваны иннæ кæрон йæ ныхмæ æрбадт. Хабæрттæ йын кодта, фæлæ Езетхан иу каст мадмæ кодта, иннæ — чиныгмæ: йæ цæст æй ныууа- дзын нæ уарзта. Мад æм фæмæсты æмæ кæртмæ цæуынмæ фæци. Езетхан дæр уæд йæ чиныг фæуагьта æмæ йæ мады фæстæ рацыд. Æнæхъæн бон кæсынæй куыд бафæллад, уый^ æрмæстдæр уæд бамбæрста; йæ цæстытæ тартæ кодтой. Йæ рацыдмæ мад сæ сыхаг усимæ лæууыд дуаргæрон. Дзæгьæлы сæм не ’рбацыдаид. Алы бон дæр сæ рæзты куы фæцæуы, фæллад вæййы æви йæ цыд ахæм у, уæзбын... Дардæй салам радты. Ныр та сæм мидæмæ æрбацыд. Институты куыста. Езетхан бахаудта æви нæ, уымæй кæд исты базыдта, зæгьгæ, усы афæрсынмæ йæхи тыххæй урæд- та. Йæ фарст йæ былалгьыл лæууыд, фæлæ дыууæ усы ны- хас куыд фæлыг кодтаид. Уæддæр æй фæрсыны сæр нал бахъуыд. Езетханы куы ауыдта сылгоймаг, уæд æм йæхæдæг фæраздæр. Йе ’вдæлон къухæй йæ йæ хъæбысы æрбакодта. — Ахуыр кæн, мæ къона. Бахаудтай... Езетхан йæ цæстытæй ракаст, нал ын рыстысты. Уыцы сахат ын йæ сыхаг усæй зынаргьдæр ничиуал уыд; фæндыд æй, исты цума йын куы зæгьид, æмæ куы азгьорид. Лыстæг æхцатæ рацагуырдта æмæ автоматмæ ауади... Хæтæлæй йæм сылгоймаджы хъæлæс сыхъуыст. Езетхан ын йæ мыггаг загьта. Институтмæ, дам, бахаудтон... Уый, дам, æцæг у?.. — Ахæм ном æмæ нæм мыггаг нæй, — зæгъгæ, йæм сдзырдæуыд. Езетханæн дуне иннæрдæм фæцæйфæлдæхт, хур æй нал æндæвта. Цыма уыцы ныхасæн аивæн ницуал хуызы ис, никæд, ацы аз дæр, иннæ аз дæр. Æппындæр никуы!.. Иæхи аив дæр нал акодта. Æнæхъæн бон диваныл цы цыбырдыс къабайы бадтис, уый æнцъыддтæ дæр æм нал фæзындысты, афтæмæй. Йæ лыстæг æхца анымадта. Трам- вайы сбадыны фаг ын уыдысты, æмæ институтмæ фæраст. Асинтыл æртыккаг уæладзыгмæ куыд сызгьордта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Деканаты дуар айтыгъта æмæ дуаргæрон алæууыд. Стьолы раз цы ацæргæ лæг бадт, уый йæм скаст. Езетхан æй афæрсын нæ уæндыд. Йæ дзуаппæй йын тарст, фæлæ йæ æцæгдзинад базонын дæр тынг фæндыд æмæ дзы æрæджиау йæ сонт фарстæй фефсæрмы. 46
Лæг йæ бынатæй сыстад, æмæ йæ фæзылд Езетханмæ æнахуыр сындæг фæкаст. Йæ тыхстыл ын æфтыдта. Уалынмæ урсцъар сылгоймаг æрбахызт. Агъуысты ма цы стъол æвæрд уыд, уый раз æрбадт. Цыдæр сдзырдта лæгмæ, æмæ йæ Езетхан йæ хъæлæсæй базыдта: автоматæй цы сылгоймагимæ ныхас кодта, уый уыд. Лæг радыгай номхыгъдтæ иста йæ къухмæ. Лæмбынæг сæм каст. Езетханы номæн уым æнæ уæвгæ нæ уыд, ууыл цыма йæ зæрдæ дардта. Æппынфæстаг йæ амонæн æнгуылдз фæлæууыд, æмæ ма цыма уымæй фæрсын дæр цæмæн хъæуы, кæй бахаудзæн, уый дызæрдыггаг дæр нæ уыд, ахæм цæстæнгасæй йæм ракаст... Езетхан, йæ зæрдæ кæуыл нал дардта, уыцы цин нал баурæдта æмæ йæ мидбылты бахудт. 1971 аз УАРЗÆТТÆ 1 Самирæ чиныгæй йæ цæст нæ иста. Сынтæджы дæлгоммæ ныххуыссыд æмæ каст. Афтæ зынд, цыма йын зæххыл чингуытæй дарддæр ницы уыд. Цыма, иуфарс чи æркалд æмæ йын йæ цæсгом чи æмбæрзта, уыцы дзык- кутæ дæр æй нæ хъыгдардтой. Нæ, фæлæ йын цыма уыдон дæр æххуыс кодтой, йæхи, йæ алыварс цыдæридцæр цы- дис, уыдонæй бааууон кæнынæн. Цыма никæй фенынмæ бæллыд. Зариффæйы бон та ницы кусын уыдис. Чиныг райс, афтæмæй дæ дæ хъуыдытæ дæрдты хæссæнт, уæд ма йæ каст та цы у! — æмæ Зариффæ йæ чингуыты разæй сыстад. Рудзынгæй каст, дымгæ, æнарæхст æфсин сасиры ссад таугæ куы рахæсса, уыйау, куыд марзта уымæ, æмæ йæ хъуыдытæ æнцадысты миты рæгьтыл. Адæймагæн, кæддæр адджынæн цы дзаума дардта, уый куы нæуал бæзза, уыйау дзы раз- дæры хъуыдытæ адард сты æмæ тыхст. Тыхст, бирæ кусын æй кæй хъуыд, афтæмæй йæ бон исты хъуыдцагыл æрлæу- уын кæй нæ уыд, уымæй. ...Фæлварæнты рæстæг адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма бырынцъаг уæлбылмæ хизы æмæ кæцы къахдзæфæн фæбырдзæн, уый бæрæг ын нæй. 47
Адæймагæн рæстæг куы нæ вæййы, йæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы свæййы, уæд фиппайын райдайы, æнæуи кæсгæ дæр кæмæ нæ фæкæны, ахæм хъуыддæгтæ. Æна- фонтæм бадын æй куы бахъæуы, уæд бамбары хуыссæджы ад. Ныхы хид асæрфынмæ йæ куы нæ февдæлы, уæд бам- бары, иунæг уысм куы æрбадид, уæддæр ын куыд фен- цондæр уаид, уый. Æмæ Зариффæ дæр фæлварæнтæ куы лæвæрдта, уæд-иу æй фæндыд сатæджы абадын æмæ аулæ- фын, фæлæ иугæр фæлварæнтæ куы радта, уæд сатæг бынæтгæм кæсгæ дæр нал фæкодта, афтæмæй æмдзæрæнмæ атындзыдта. Уат сын уым Самирæимæ радтой, фæлæ йын йæ кой цы фехъуыста, институты чызджытæй кæимæ ба- зонгæ, уыдонæй, æндæр æй зонгæ нæма кодта; сæхимæ фæстиат кодта чызг. Уæддæр Зариффæ йæхи сынтæг куыд бафснайдта, Самирæйы сынтæг дæр — афтæ. Мыййаг, дам, æнафоны куы ’рбацæуа, уæд, дам, хуыссæнгарзыл ма стыхса. Уалынмæ, цалдæр боны фæстæ, ^изæрæй чидæр дуар æрбахоста æмæ йæм Зариффæ ракаст. Йæ размæ лæу- уыд æнæзонгæ чызг. Йæ чумæдан йæ къухы, афтæмæй мидæмæ æрбахизынæввонг кæй уыд, уымæ гæсгæ ма За- риффæйæн цы базонын хъуыд, уый Самирæ уыд, уый. Гыццылæй-иу бæстон кæй бахуыдта, ахæм нæ, фæлæ-иу тагьд-тагьд кæй ацарæзта къæцæлæй, ахæм чындзы хуызæн къæсхуыртæ чызг. Бæгæныхуыз цæстытæ йын. 2 Самирæ кæсы чиныджы. Æмдзæрæны тыргъы иу сы- быртт нæ хъуысы, цыма æдзæрæг ран у. Стæй цыма æдзухдæр афтæ сабыр уыд, æрыгон, сонт адæм нæ, фæлæ дзы цыма моладзантæ цард. Алы дуары мидæгæй дæр йæхицæн сусæгхуызæй чидæр бады æмæ стъолы уæлхъус æвзары царды æцæгдзинад. Ахуыры райдианты цы ныхас хъуысыд алырдыгæй, алы дуары мидæгæй, уый зæлтæ цыдæр фесты. Уæд ма, цы кары сты, уыцы карæн куыд æмбæлы, афтæ уыдысты, æмæ сæ разы бæрæг дардтой хистæр студенттæ; уæзбынарæзт, хъуыдыдзаст. Сæ ны- хасмæ, сæ хъæлæбамæ сын-иу цыма «цавæр хабар у», зæгьгæ, афтæ бауайдзæф кæнынмæ хъавыдысты, уыйау сæм- иу бакастысты. Æмæ уымæн тыхст Зариффæ дæр, — йе ’взонгдзинад нæ куымдта зæрдæйы къуымы нымбæхсын. Хъуйды кæнын æй нæ уагъта. Фæндыд æй æмдзæрæны даргь тыргьы азгьорын иу кæронæй иннæмæ. 48
3 Иуæй-иу ныхæсты ад бамбарын дæ куы фæнда, уæд дард фæндагыл ацу. Уым сæ куы фехъусай, уæд дæм афтæ фæкæсдзæн, цыма сæ фыццаг хатт фехъуыстай: «Хæдзар», «райгуырæн зæхх», «иузæххон»... Зариффæ уыцы ныхæстæ раздæр дæр куыд нæ фехъуыс- таид, фæлæ йæм уæд хуымæтæг ныхæстæ кастысты. Фæндагыл рацæуыны размæ Зариффæмæ Æрджынарæг дæр зæххы кæронæй уæлдай нæ каст, ардыгæй та йæм йæ хæдзары къæсæрау кæсын райдыдта. Дыууæ ’мбалыл-иу ныхас куы бацайдагъ, уæд-иу Самирæйы бæстæ Зариф- фæйы цæстытыл æнахуыр рæсугъдæй уад — цыма хæхтæ дæр æмæ дæтгæ дæр уымы хуызæн рæсугьд никуы уыдыс- ты. Æмæ Зариффæ гуырысхо кодта, йæхи цæрæн бæстæйы хæхтæй рæсугъддæр уой, ууыл, фæлæ-иу æй уæддæр сæ фенын бафæндыд. Уæлдай арæхдæр та-иу Самирæ Рамазаны кой ракодта. Æниу кой хуымæтæг ныхас у — фыдцæр æм загьд кодта, фаудта йæ. Æмæ-иу уæд Зариффæйы зæрдыл иу æндæр чызг æрлæууыд... ...Дæсæм къласы ахуыр кодтой уæд; Зариффæ дæсæмтæй иуы, уыцы чызг та — иннæйы. Цыма кæрæдзийы уыцы аз фыццаг хатт федтой, — фæлымæн сты æмæ-иу чызг За- риффæйы къласмæ æрбауад. Зариффæ цы лæппуимæ бадт, уый йæ бынаты нæй, зæгъгæ, уæд-иу йæ фарсмæ абадт. Лæппуйы хызын-иу партæйæ раивæзта, йе та-иу ын пар- тæйыл цы кърандас аззад, йæхи уыимæ архайæг скодта. Байхъус æм, уæд ын уыцы лæппуйæ æнаддæр адæймаг нæ уыд. Фæлæ йæ иу хатт лæппу йæ бадæны Зариффæимæ бадгæ куы æрбаййæфта, æмæ чызг куы фестад, лæппумæ къæмдзæстыг каст куы бакодта, уæд ын Зариффæ йæ цæсты- ты æнæуынондзинад нæ, фæлæ æндæр æнгæс бакаст... Ахæм æнгæс уыд йæ цæстыты, æмæ, æвæдза, лæппуæйæн удыхос бахъуыд æмæ уыцы удыхос чызджы уд разынд, уæддæр ын æй нæ бавгьау кодтаид... Зариффæ уый фенгæйæ йæ мидбылты бахудтис, æмæ-иу ныр, Самирæ Рамазаны фыдгойыл куы схæцыдис, уæд ын йæ уарзондзинадыл гуы- рысхо нал кодта. 4 Самирæ цард фыстæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Рæстæг та цыд. Афæдзы ’рдæгæй афæдзы ’рдæгмæ кæй уыдта, уымæн йæ хъæлæс йæ хъустыл уад æрмæст фыстæджыты... Райста 4 Адæймаджы фссд 49
сæ-иу, ногæй-ногмæ сæ каст, æмæ-иу уæд, лæппæг дыргь балæмаргæйæ фæйнæрдæм цы цыхцырджытæ атæхы, уый хуызæн рухсы цыхцырджытæ ракадд йæ цæстытæй. Зариффæ- иу æм хъуыста æнæ исты дзургæйæ. Самирæйы цæсгом-иу рухсæй-рæхсдæр кодта, афтæмæй-иу Зариффæйы цæстытыл дæр кæйдæр сурæт ауад... Йæ хъæлæс ын-иу фехъуыста. Йæхи уарзты уылæнтæ-иу йæ размæ æрбакаддысты æмæ-иу Самирæйы ныхæстæм хъусæг нал уыд... ...Цæвиттон, зымæджы каникултæ куы фесты, уæд За- риффæ хъуамæ горæтмæ араст уыдаид, фæлæ цы бон ац- æуинаг уыд, уыцы бон ма хъуамæ уыдаид, æнæ ацæугæ йын кæдæм нæ уыд, уыцы чындзæхсæв, æмæ уым сæмбæлдысты Солтанимæ. Солтаны кой уый хæдразмæ фыццаг хатг йæ хуыздæр æмбал Дзерассæйæ фехъуыста. Стæй та йыл æмбæлгæ скод- той æмæ дзы куы фæхицæн сты, уæд Дзерассæ загъта: — Сымах хъæуæй горæтмæ куы раивтат, уыдон та нæ хъæуы уæд æрцардысты æмæ фæндзæм къласæй фæстæмæ иумæ ахуыр кодтам. Солтан Зариффæйы зæрдæмæ уый тыххæй уæлдай хæстæгдæр фæцис. Æмæ куыд нæ! Уый дæр ахуыр кодта, Зариффæ хъуымацы гæбазæй хуыд хызинимæ фыццаг хатг цы скъоламæ бацыд, уым. Зымæгон-иу сæхи сæ палтоты кæм нытгыхтой уазалы, уыцы кълæсты бадт Солтан дæр. Цъыфбон-иу къах кæм аныгьуылд, Зариффæ йæ даргь пал- тойы куы фæкæла, зæгьгæ-иу йæ размæ кæдæм ныццыдыс- ты, уыцы уынджы-иу уый дæр йæ хæлафы фадгуытæ цьыфæй фесæфтаид. Æрмæст дзы Солтан хæсты фæстиуджытæ нал баййæфта. Уыцы хъæумæ, æвæдза, раздæр æривтой, зæгъгæ, уæд ыл исты низ æнæ бахæцгæ нæ фæуыдаид. Мад æй йæ цонгæй, адæймаджы сæрты чи каст, уыцы нартхоры астæу бамидæг кодтаид. Хосæй йæ сæрæй къахмæ байсæрстаид, стæй йын, низ бинонтыл ма бахæца, зæгъгæ, исты хæррæгьыл агьуысты иу къуымы уат бакодтаид. Уый йæм хъыг фæкастаид æмæ йæ кæуын йæ хъуырмæ схæццæ уыдаид. Уыцы хабæрттæ, Зариффæ Солтаны карæн кæй уыд, æмæ сæ йæхæдæг кæй бавзæрста, уый тыххæй æрымысыд, æндæр, лæппуйыл ахæмæй исты æрцыд æви нæ, уымæн ницы зыдга. Чындзæхсæвмæ цæуæн бон та Дзерассæ афтæ бакодта: — Солтанæн дæр уым æнæ уæвгæ нæй. — Æмæ цыма рагæй кæй нæ федта, уыцы æфсымæрмæ ныстуантæ æрвыс- 50
Та, уыйау ма Зариффæйы фæстæ адзырдта: — Куы дæм сдзура, уæд та-иу дæхи иннæрдæм кæсæг ма скæн! Æмæ йæм чындзæхсæвы Солтан комкоммæ куы бацыд, уæд Дзерассæйы ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, æмæ уыцы ныхæстæ, цыма фырхуыссæгæй æркув-æркув кодта æмæ йын исчи йæ уадул сывæллоны уадулау бацъыкк кодта, ма бафынæй у, зæгъгæ, уыйау лæппуйы ныхæстæм куыд æмбæлд, афтæ сдзырдта. Сæ ныхæстæ бирæ нæ уыдыс- ты. Нартхоры нæмгуытау сын æрæмбырдгæнæн уыд æмæ армы бацыдаиккой. 5 Адæймагæн нæмттæй кæцыдæртæ зынаргъдæр свæййынц, æмæ кæй нæ зонай, ахæм адæймагмæ дæр исчи уыцы нæмттæй искæцыйæ куы сдзура, уæд дæ зæрдæ ныссæххæтт кæндзæнис. Æнæзонгæ адæймаджы цæсгомыл дæр дæхи зонгæйы æнгæстæ ацагурдзынæ. Ахæм хъуыдытæ кæнгæйæ аджих Зариффæ,^азы кæрон тагьд сæ хæдзæрттæм цæудзысты, зæгьгæ, уæд. Йе ’мбæлттыл куыд тынг сахуыр, уый нырма ныр бамбæрста. Ногæй та-иу сын, цыма сæ искæмæн дзырдта, уыйау сæ нæмттæ ранымадта, стæй ма сыл-иу Солтаны ном бафтыдта. Тагъд ыл сæмбæлдзæн. Йæ цæстытыл-иу ауад æмæ-иу йæ мидбылты бахудтис. БОН ЦÆУЫ ÆМÆ ФАРН ХÆССЫ Фари-иу изæрæй сæ хæдзармæ куы ’рбацыд, уæд-иу мадмæ дæр дзæбæх нал сдзырдта — хибар къуым агурынмæ- иу фæци. Æппыцдæр æм куы ничи ницы дзурид, йæ куыстæй та йæ æппындæр куы ничи фæрсид, уый дæр æй фæндыд... Фæлæ адæймаг адæймагыл куы фембæлы, уæд йæ фыццаг фарст уый вæййы: «Цы хабæртгæ дæм ис? Куыд цæуы дæ куыст?» — Бузныг! Хорз цæуы, — загъта-иу Фари дæр. Уæдæ цæмæн хъæуынц искæй бæлвырд хабæрттæ. Хъуыдытæгæнгæ-иу йæ хæдзармæ кæуылты бахæццæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Æмæ-иу йæхицæн уайдзæф- тыл фæци: «Дæ ныхасæй, дæ бахудтæй дæ мады зæрдæ ма барухс кæн иухатт!» 51
2 Фари фыццаг аз куыста газеты æмæ йын рæстæг нæ фаг кодта: æййафын хъуыд царды цыд. Фæлæ йæм диссаг уый каст, æмæ рæстæг цыд, фæлæ чызджы ю/ыстæй ничи ницы дзырдта; хорз дæр нæ æмæ æвзæр дæр. Йæ уæнг мард. Йæ ныфс саст. Иу бон хайады хицауы бафарста: — Æз ног кусæг дæн, Тамби, кæд мæм исты аипп ис, мыййаг... Тамби ахъуыды кодта æмæ йе уæхск сæппæрста. — Ницы аипп дæм ис. Архайыс... Фари уарзта газеты куыст. Йæ зæрдæмæ цыдысты, хъæутæм цы балцытæ кæнын хъуыд, уыдон дæр. Ахуыр ма куы кодта, уæд цы хъуыдытимæ тырныдта йæхи горæтмæ, уыдон та йын-иу фыны фенæгау фæзындысты, автобусы рудзгуытæй-иу дард быдыртæм куы каст, уæд. Зæрдæрухсæй кæмæ сдзурай, уый та дын æнцонæй радзурдзæн йæ хабæрттæ. Уæдæ цæуыл дзурæг уыдысты абон редакторы ныхæстæ æмбырды? — Дыууиссæдз рæнхъы йеддæмæ чи нæ бадæтты мæй газетмæ, уый цавæр кусæг у?! Кæд Фарийы ном нæ загъта, уæддæр уымæ хаудысты уыцы ныхæстæ, чызг уый бамбæрста — уымæн рацыд уыцы мæй æрмæстдæр дыууиссæдз рæнхъы. Фæлæ редактор цæмæй зоны, Фари бакусыны фыдæй кæй ницы ныууадздзæн, уый? Нæ, фæлæ ма куыстæй æфсæдгæ дæр нæ кæны. Хайа- ды хицау-иу æм цы æрмæг радта аредакци кæнынмæ, уый ныртæккæ фæуыдзæн, зæгьгæ, уæд-иу тыхсти: «Цы та кус- дзынæн ныр?» Кæд дзы куыст бацагуырдтаид, æндæр афтæ нæ загътаид: «Гъа-ма, Фари, мæнæ ацы æрмæг ацæттæ кæн, номыр махмæ кæсы». Уæд, гормон, уадз æмæ æры- гон кусæгæн дæр йæ зæрдæ йæ куыстмæ райа, фæныфс- джындæр уа. Æмæ уыдæттæ цæмæй зоны редактор? Фа- римæ та зын кæсы, бацæуа æмæ йын уыцы хабæртгæ ракæ- на, уый, фæлæ абон ныхасы бар ракурын хъуыд æмбыр- ды. Ууыл фæсмон кодта Фари сæхимæ фæндагыл цæугæйæ. Ныхас риуы ныууадзын, буары чи бауайы, уыцы сындз ныууадзынæй уæлдай нæу. Кæд æй афоныл сисай, науæд схæф кæндзæн, схæрам уыдзæн æмæ низмæ асайдзæн. Фæлæ ма æрæджиауы фæсмонæй цы ис? Алы хъуыдцагмæ дæр фæцарæхсын хъæуы. Нæ йæм фæцарæхсттæ, уæд та йыл хъуыды дæр мауал кæн. 52
3 Фари сæхимæ нæма бахæццæ, афтæмæй та йæ йæ мад цæмæйты фæрсдзæн, уый зыдта рагацау. Фыццаг æй йæ куысты хабæрттæй бафæрсдзæн, уый фæстæ та, хæринаг ын цы æрæвæра, уымæй. Ацы дыууæ азы, Фарийæн йæ фыд куы амард, уæдæй нырмæ уæлдай æнувыдцæр систы кæрæдзиуыл йæ мадимæ. Зианы фæстæ-иу, фыццаг изæ’ргы, мад Фаримæ бадзырдга: «Цом, нæ дуар сæхгæнæм», зæгьгæ. Дуар, сгыр æхгæнæцджын, истæмæй йæ куы нæ бахостаис, уæд æхгæнын нæ бакуымд- таид æмæ йыл мады бон нæ цыд. Ног цæрæг ма уыдысты уыцы хæдзары æмæ йын фыд бирæ æмгьуыдтæ бæргæ нæ фæкодтаид, фæлæ... Дуар-иу куы сæхгæдтой, мад-иу бынтондæр уæд бамбæрс- та, йæ уæнгджынтæ сæрыхицау дуар нал байгом кæндзæн, бонмæ сæм ничиуал æрбадзурдзæн, æмæ-иу йæ чызгæн нымд куы нæ кодтаид, уæд-иу ныккуыдтаид сæ иунæгдзи- надыл. Фæлæ куыд риссын кæна иудадзыг йæ хъæбулы зæрдæ! Фарийæн дæр-иу, се ’рбацæуæнты-иу куы ’рбацæйцыды- сты, уый йæ зæрдæйæн уæлдай зындæр уыдис. Уæлдай тых та йын марды кæндгытæ кодгой. Дзаг стъолтæм-иу куы ба- каст, уæд сæ йæ зæрдæ рыст, чи байгас, æмæ та ногæй кæй фæцагайдæуьщ, ахæм хьæдгомау. Мад та-иу, цыма йæ мойæн йæхи фендзæн, цы хойраг-иу скодтой, уыдонæй йæ йæхи къухтæй хорз æрбауындзæн, уыйау-иу йæ фæзылд фæцæрдæгдæр, йæ ныхас та-иу хъæлдзæгдæр фæцис. Чызджы та йæ хъуыдытæ ногæй абоны æмбырдмæ ахас- той... ...Цалдæр мæйы йеддæмæ нæма куыста Фари, афтæмæй иу хатт, райсомæй сихормæ кæй фæфыста, уыдон цæмæйдæр йæ зæрдæмæ нал фæцыдысты, æмæ сæ нып- пырх кодта. Уыцы рæстæг хайады хицау æрбахызт. Фа- рийы раз пырх гæххæтгытæ куы федта, уæд йæ сæр батылд- та, стæй бахудт æмæ загьта: — Мæныл дæр-иу ахæм рæстæджытæ акодта, Фари, тыхсгæ ма кæн. — Æмæ уæд йæ хицауæй стыр бузныг фæци чызг. Бакæсын дæр æм кæмæ нал цыд, уыцы гæххæттытæ ногæй райста æмæ сæ йæ размæ æрæвæрдта. Фæлæ уæдæй нырмæ дыууæ азы рацыд, æмæ дæм ахæм ныхас æрхауæд! 53
ХЪАСБОЛАТ Карджын бурхил лæг. Цардæй мæлæтмæ фæхæстæгдæр кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Кæдцæр-иу хъазты цы къах- къухтæ æрсагъта, уыдон ныр къодахы лыггæгтау иу ран лæуд куы фæвæййынц, уæд сæм фезмæлын нал фæцæуы — лæудзæнис афтæ иу ран сахаты ’рдæг дæр, æнæхъæн сахат дæр. Фæлæууы, цыппар фæндаджы кæм иу кæнынц, уыцы ран æмæ йыл куы чи ’рбамбæлы, куы — чи. Иунæг куы вæййы, уæд та йæ къæхтæ бар-æнæбары фезмæлынц, кæд искæцырдыгæй исчи æрбацæуы, зæгьгæ, уымæ акæ- сыны тыххæй. Куыстмæ нал тагъд кæны. Раджы рацыд пенсийы. Æмæ, йæ пенсиисæн бон куы вæййы, уæд уыцы бон дæр æдде лæугæйæ баззайы. Постхæссæг æрбацæуинаг вæййы, æмæ... Сывæллон йæ мады æрбацыдмæ куы нæуал хъæца, уæдæ мын цыдæртæ æрбахæсдзæн æмæ кæд афонмæ æрбацæуы, зæгьгæ, уыйау фæлæууы Хъасболат дæр дуармæ, кæнæ та цыппар фæндаджы астæу. Уыцы бон ын вæййы уæлдай адджын, æмæ йæ кæд фæзоны, нырма раджы у, нæма фæзындзæн постхæссæг, уæддæр рагацау йæ размæ рацæуы. Уынджы фаллаг фарсмæ бахизы. Уырдыгæй йæм тагъддæр фæзындзæн, фæхæрдгæнæны рæвдз-рæвдз куы сцæйуайа, уæд. Йæ дзаг хызын ын цыма уæз дæр нæ фæкæны, афтæ рогæн æй фæхæссы. Хæдзарæй дыууæ къахдзæфы æддæдæр рацæуы, зивæггæнгæ. Уымæн æмæ ма йæ йæ къæхтæ тыххæй хæссынц. Бæргæ хорз у æфснайд уаты бад æмæ чиныджы кæнæ газеты кæс. Гыццылæй чи фæцалх æмæ дзы йæ цæст чи нал атьщта йæ царды бонты, уымæн цы хъæуы йæ хъуы- дытæ гæххатыл фыссын. Фæлæ Хъасболаты уыцы хъуыд- дагæй амонд нæ фæци æмæ йæм мидæгæй фæлæууын нæ цæуы. Кæрты дæр кæимæ амбæлдзæн райсомæй? Чи кусынмæ аивгьуыдта, чи — базармæ, чи — æндæр хъуыдцæггæ ара- зынмæ. Хорз хъуыдцæгтæ чи аразы, уый дæр — æнæвдæлон æмæ —мæнгард митæ чи кæны, уый дæр. Алчи дæр тагьд кæны. Æрмæст Хъасболат никæдæм тагъд кæны. Стыр уæладзыг хæдзары ма чи баззайы, уый — зæрæдтæ, æмæ иуцалдæр сывæллоны. Устыты кæм февдæлы хæдзарæй æддæмæ, бирæ зилæнтæ сын ис мидæгæй. Кæд сæ дука- 54
нимæ ауайын фæхъæуы, уæд раздæр уырдæм ауайынц; би- нонтæн исты хæринаг сцæттæ кæнын фæхъæуы изæрмæ. Уый фæстæ бавналынц æфснайынмæ. Стæй, кæд хæдзары сывæллон ис, уæд уый ракæнынц аирхæфсынмæ. Æмæ уыдонæй дæр цæй дзурæг æмбал ис Хъасболатæн? Кæд уайгæ-уайын сдзурынц кæрæдзимæ истытæ, кæд уаргæ бон вæййы, уæд: «Ацы уарын кæд банцайдзæнис, æппындæр ын кæрон нал ис», хур бон та: «Цы æнтæф у», кæнæ æндæр ахæм истытæ. Зæронд лæджы зæрдæмæ тынгдæр изæр цæуы. Изæрæй фæвæййы кусгæ бон, изæрæй æрæмбырд вæййынц бинонтæ. Алы хæдзармæ дæр бакæс, уæд бинонты ныхасæй, сæ хъæлæбайæ, худтæй цыма алы хæдзар дæр йæ хуыз скалы, æдзæрæгхуыз нал вæййы. Лæггæ, кæд телевизормæ нæ фæкæсынц, уæд кæртмæ раивылынц. Чи бæлæсты бын даргъ хъæдын стъолыл шахмæтгæй фæхъазы, чи та йæ гаражы дуар бакæны æмæ уым цыдæртæ фæархайы. Æмæ уæд Хъасболат дæр æрцæры. Бинонтæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд сæ фыд куыд сулæфы,уæдæ та æгайтма дзæбæх, æнæнизæй æгас хæдзар ссардтой, зæгьгæ, уыйау Хъасболат дæр кæрты бан- доныл æрбады æмæ йæ иу къах размæ ауадзы, хæлафы дзыппæй тамако сисы, йæ уырзты астæу ын йæ кæрон аууæрды, зынг ыл сдары æмæ йæ сдымы. Æнæдзургæйæ, боны катайæ кæй фервæзт, уымæй разы уæвгæйæ, тамако фæдымы æмæ æнцад адæммæ фæкæсы... О, фæлæ æппæты разæй Хъасболатæн йæ къæхты кой скодтон. Ахæм хъазт нæ уыдаид хъæуы, æмæ хуынд кæдæм нæ уыдаид, йæ къахфындзтыл кæм не скафыдаид «Æрц тох!», зæгъгæ. ÆНАХУЫР ИЗÆР Дзирæт Таузаны фæстæ уынгмæ акаст, стæй мидæмæ æрбахызт æмæ кæрты дуар ахгæдта. Йæ сæрыл кæлмæрзæн бæргæ баппæрста, фæлæ æнæуи рогæй рауад æмæ уазал йæ фæрсты сыффытт кодта. Сылгоймаджы цæстыты мастæнгæс фæзынд æмæ ма, йæ хъусты чи зæлди, Таузаны уыцы фарст фæзмæгау сдзырд- та: «Сцагттæ кодтай?» Цæвиттон, æртæ боны размæ ныхас кодтой, ногбон кæм абаддзысты иумæ, ууыл æмæ Хадзысмел йæ хотæн 55
цыбырæй загъта: «Махмæ». Ууыл ахицæн ныхас, фæлæ ахæм хъуьщцаг æфсин куынæ барæвдз кæна, уæд чи? Æф- синимæ Хадзысмелæн ницы ныхас уыд — йе цæмæй рæвдз у, йе йæм истæмæй фæкæсын хъæуы, уыдæттыл нæ аны- хас кодта йемæ Хадзысмел. Уыйадыл бирæ хъуыддæгтæ æрлæууыд Дзирæты зæрдыл, йæ цæргæ бонты дзы чи нал ферох уыдзæн, ахæм хабæрттæ. ...Дзирæт чындзы куы цыдис, уæд ын йæ мад æмæ йæ фыд фæдзæхстой: — Нæ чызг, стыр бинонтæм цæуыс æмæ цæрын базон. — Мæнæ иуæй-иутæ сæ хъама семæ куыд бахæссынц, Хуыцауыстæн, æз ахæм исты бамбæрстон, зæгъгæ, уæд мæ-иу хъаст ма ракæн!.. — Ходыгъдтимæ «дæу у», «мæн у» ма бакæн. Цард ахæм ницæййаг хъуыддæгтыл фехæлы, кæрæдзийы зæрдæ ракъа- хынц. — Дзырдтой мад æмæ фыд ныхас кæрæдзийы дзыхæй исгæйæ. Дзирæты уыдæттæй фæдзæхсын дæр нæ хъуыд, фæлæ, уæддæр мад æмæ фыдæн цы æмбæлд, уый загътой. Дзирæт хистæр чызг уыд, фæлæ хистæр дæн, зæгъгæ, йæ кæстæр хотæй уæлдай ницы домдта мад æмæ фыдæй. Дзаума дардта аив æмæ ауæрдгæйæ. Цы йын уыд, уымæй æрттивгæйæ цыд. Чындзæхсæвы фæстæ Дзирæт æмæ Хадзысмел, стæй йæ хотæ Хадзысмелæн, хъæуæй горæтмæ семæ ссыдысты. Фа- тер баххуырстой æмæ уым цардысты. Дзирæт-иу йæ куыстæй куы ’рбацыд, уæд-иу хæринаг скодта, бафснайдта-иу, се ’ппæты дзабыртæ дæр-иу ныхсадта æмæ-иу сæ рæнхъ равæрд- та. Æрбадынмæ дæр-иу æй не ’вдæлдис æмæ йæм-иу дис- саг каст, йæ ходыгъдтæ æнæмæтæй куыд бадтысты сынтæ- гыл, уый. Йæ æрыгон хъарутæ ма уæд йæхимæ уыдысты æмæ куыстытæм зивæг нæ кодта, фæлæ-иу уыдоныл дис кодта: «Æнцад бадынæй фæлмæцгæ дæр нæ кæнынц?» Иу бон, кæимæ куыста, уыцы сылгоймæгтæй иу Дзирæтæн бауайдзæф кодта: — Кæд дын бирæ дзаумæттæ нæ уыд, уæддæр чызгæй тынг аивæй цыдтæ, ныр та уыциу дзаумæтты цæуын бай- дыдтай. Æвæццæгæн, зæгъыс, чындзы ацыдтæн æмæ ма мын цы уæлдай у, и? Цы йын загьтаид Дзирæт? Куыд ын загьтаид, йæ дзаума иумæйаг скодта йæ ходыгъдтимæ, уый? Йæ бинонты кой куыд ракодтаид искæмæн, кæд æм сылгоймаг хорз зæрдæ дардта, уæддæр. Æниу æй уый æнæ зæгьгæйæ дæр æмбæрста. 57
Дзирæтæн искуы исчи йæ сывæллоны авдæн ауызта, уый нæ хъуыды кæны. Кæм-иу архайдта, уым-иу æй йæ куыстмæ хæстæг æрæвæрдта æмæ-иу къахæй авдæн уызта, къухтæй та йæ митæ кодта. Дыккаг сывæллон ын куы фæци, уæд-иу уый та хистæ- ры бар бакодта. Авдæны тигьыл-иу ныххæцыд йæ гыццыл къухтæй æмæ-иу уызта авдæн, йæхæдæг дæр иу къахæй иннæмæ реуа кодта, афтæмæй. Дзых-иу бахæлиу кодта æмæ-иу авдæны гуыртт-гуыртмæ зарыд: «А-а-а-а-а-а-а». Фæлæ йын сывæллон не ’нцайы, зæгьгæ, уæд-иу йæхæдæг дæр кæуын райдыдта. Дзирæты чындзæхсæвы бон, чындзхæсджытæ куы ’рба- цыдысты, уæд йæ мады ’фсымæры ус Дзирæтæн йæ хъус дардта, Таузан сæ кæцы у, уымæ. Цæвиттон, Таузан кæй хуыдтой, уый ныхæстæ йæ хъустыл æрцыдысты: — Кæд не ’фсымæры хъæуы, уæд æй æрхæссæд, мах ницæмæн хъæуы. Таузан ацы ныхæстæ кæм кодта, уыдоны ус-иу афгæ ба- кодта: «Тæхуды, мæ хæдзарæй Дзирагты хуызæн чындз куы ракæсид æмæ мæ куы ницы уаид». Таузанæй ахæм ныхæстæ куы фехъуыста, уæд йæхинымæр загъта: «Дзирæты чи нæ бауарза, уыдонмæ хуыздæр нал æрцæудзæн», æмæ уыйадыл йæ хъаст Дзирæты мады ’фсымæры усæн ракодта. Уымæн йæ маст сонтæй рафыхт, æмæ йын цæй бæрц хъыг уыдис, уый уайтагьд йæ ныхæстыл фæзынд: — Уæдæ ма сæ цавæр чындз хъæуы цымæ? Уæдæмæ хорз алчи дæр йæхимæ гæсгæ æмбары. — Æмæ Дзирæтмæ сыхæг- ты уатмæ бацыд. — Таузан та сæ кæцы у? Таузан хъазты уыд, фæлæ йын æй Дзирæт хуызæй баца- мыдта æмæ ус йæ сыхаджы ныхæстæ Дзирæтæн рафæзмыд- та. Таузаны базонын æй цæмæн фæндыд, уый йын загьта. Усмæ афтæ фæкаст, цыма йæхицæй мастдæр никæмæн уыдысты уыцы ныхæстæ æмæ сыл чызг куыд смæсты, уый нæ бамбæрста. Уыцы уысмæй Дзирæтæн йæ чыцдзæхсæвы бон емынæ фес- тадис. Йæ размæ йын сынтæгыл цы чыццздзон дарæс æрæвæрдгой шувагрдæй, уьщон уынд дæр ын æхсызгон нал уьщ. Кæрты даргъ фынггыл бадтысты адæм æмæ сидтытæ уагь- той. Зæрæдты ныхæстæ йæм раздæр рæвдыдау кастысты, фæлæ йæм уæд нал хъардтой. «Ныртæккæ мæ фыдмæ ар- витдзынæн æмæ ацы хъуыдцаг фехала!» — фыццагдæр уыцы фæнд фæзынд Дзиргеты сæры. 58
Рудзынгæмбæрзæны аууонæй кæртмæ акаст æмæ адæмы астæу йæ фыды ауыдта. Йæ цæсгом уыд æнкъардхуыз. цыфæнды тыхстæй дæр-иу зæрдæвæрæн ныхас зыдта, фæлæ уæд, — цыма йæ чызгыл кæй æрæнкъард, уымæй искæй зæрдæ фæхудынæй дæр нæ тарст, уыйау йæ зæрдæйы мидæг цы цыд, уый не ’мбæрста. Уый фенгæйæ Дзирæт бамбæрста, цæй бæрц маст скæндзæн йæ фыдæн, уый, æмæ уæд æндæр хъуыды равзæрд йæ сæры: - Мæ фыдæн ахæм маст скæныны бæсты, фæлтау цы уинаг уон, уый бауон... Дзирæтæн йæ цард йæ цæстытыл ауад æмæ йæ цæсго- мыл мастæнгæс фæзынд. Цы бавзæрста, фæразоны цæстæй кæмæ каст, фæлæ рох кæнын чи нал бакомдзæнис, уыцы хабæртгæ та ногæй йæ цæстытыл ауадысты æмæ йæм мæйы æвзист хуызмæ кæсгæйæ афтæ дæр фæкаст, цыма уазал ирдгæ хаста. МАСТ (Таурæгъ) Ацы таурæгъ-иу арæх дзырдтой даргьзачъе хистæртæ сæ кæстæртæн. Фæсивæд-иу æм хъуыстой, æмæ сæ ноджы æнувыддæр кодта сæ райгуырæн зæххыл. Хур дзæвгар стылд арвыл æмæ Тамары уатмæ йæ тын рудзынгæй бакаст; Тамар нырма хуыссы, фынæй кæны райсомы сыгьдæг уæлдæфмæ. Рагæй бады йæ разы йæ лæггадгæнæг чызг Зейнаб — йæ æхсины, мыййаг, исты куы бахъæуа. Уалынмæ Тамар йæ цæстытæ байгом кодта æмæ, цыма æппындæр фынæй нæ уыдис, уыйау бахудт. Рабадт йæ хуыссæны, æмæ йæ сæнтсау дзыккутæ фæсонтыл æрпырх сты. Фестад æмæ рудзынгмæ базгъордта. — Цы хорз бон у! — Тамары зæрдæ рад æмæ йæ цин сусæг кæнын нæ уыд йæ бон, фæлæ æнæбары аджих. Цæмæн айсæфт йæ цæстыты цæхæр? Цыдæр сдзурынмæ та хъавы- ди, фæлæ йæхи фæурæдта. Уæддæр Зейнабы афарста: — Зноны минæвæртгæ та кæцæй уыдысты? — Персæй, Сомихæй... Иннæты нæ хъуыды кæнын. Тамар та цæуыддæр аджих. — Цалдæр боны размæ æнахуыр фын федтон, Зейнаб. 59
Нæ цæхæрадоны дидинджытæ æмбырд кодтон... Сындæг цыдтæн, арæх кæм фæтезгъо кæнæм, уыцы къахвæнда- гыл. Æвиппайды мæ фæстæ айхъуыст кæйдæр хъæлæс: «Ныр æнхъæлыс, æмæ ам у дæ цæрæнбæстæ?!» Мæ алы- варс акастæн, фæлæ никæй федтон. Уæд къахвæндагыл азгьордтон, уæддæр уыцы хъæлæс мæ хъустыл уадис, æмæ фыртæссæй фехъал дæн. — Æцæг фын... — сирвæзт Зейнабæй. — Æцæг фын? Цæмæн? — бадис кодта Тамар. — Уый... æз... афтæ æнæуи... — Зейнаб, цы зæгъа, уымæ нал арæхст, æмæ йæ сæр фæгуыбыр кæнгæйæ хъа- выд ацæуынмæ. — Фæлæуу! Ма ацу! — сдзырдта æхсин. — Цыдæр мæ æмбæхсыс. Радзур-ма мын... цы мæ æмбæхсыс? Æххуырст чызг йе ’хсинмæ тарстæй касти. — Мæ сæр æбуалгь тæрхон баййафдзæн, ацы хъуыдцаг султан Назым куы базона, уæд, фæлæ Хуыцау дæ цæстæнгасмæ æркæсæд, æмæ, мæ бынаты алы адæймаг дæр афтæ кæй бакæнид, уый бамбардзæн. — Дзур, мæ хур. Султан никуы базондзæн нæ ныхас. Ард дын хæрын. Æххуырст чызг æрбадт йе ’хсины раз æмæ райдыдта дзу- рын: — Æз фехъуыстон ацы хабар мæ мæгуыр мадæй. Ирыс- тоны уыд æлдар Хаджумар. Хъуыстгонд уыдис йæ рæдау æмæ уазæгуарзагæй, хъæздыг æмæ зынгæ мыггагæй. Бирæ адæм æй зыдтой, бирæтæ та йын æрмæст дардмæ йæ кой хъуыстой. Æрыгон ма уыд, æмæ-иу арæх цыд балцы. Йæ иу бал- цы йæ дæлбар адæмимæ бафтыд йæ бæрзонддзинад султан Назыммæ. Уазæджы сбуц кодта. Æрæмбырд сты йæ хи- онтæ, йæ хорз зонгæтæ. Рæсугъд чызджытæ уыд уым, фæлæ ирон уазæг йæ цæстытæ нал иста æрмæст сæ иуæй. Уый иннæ чызджы- тæй цæмæндæр æнкъарддæр уыд. Султан Назымы хо Не- риман уыд уый. Уазæг бацыд султанмæ æмæ йæ цуры гауызыл йæхи æруагьта. Райдыдта дзурын æнæуæлдай ныхæстæй: — Дæ хойы мын радт. Нæ базынд хæстæгдзинадæй фи- дардæр уыдзæн. — Амондджыныл нымаин ацы сахат, мæ хо Нериман лæвæрд куы нæ уаид, уæд. Цалдæр боны фæстæ йæ чындзæхсæв уыдзæн, — загъта султан. 60
Фæлæ Хаджумары фæнд ууыл нæ бамынæг: «Хорзæй ницы саразæн ис. Æвзæрæй саразай — мыггагмæйы тудж- джынтæ. Юсуф, Назымы сиахсаг, зæронд у. Æвгъау у æвзонг Нериман уымæн. Æрдхорддзинады сæрты никуы ахызтæн, ацы хъуыдцаджы дæр галиу нæ уыдзынæн...» Ногæй та бацыд йæ бæрзонддзинад султанмæ. Загъта йын, ахæм æрыгон чызг Юсуфæн æхсæзæм усæн радтынæн тæригьæд у, зæгьгæ. Фæлæ Назым уæлдай ницыуал баф- тыдта йæ раздæры дзуапмæ. Æхсæвы ирон æлдар аскъæфта султаны хойы. Хабар базыдтой æмбисæхсæв, æмæ фæдисæттæ арвыстой. Æрмæст бонырдæм æрбаййæфтой скьæфджыты, сæ фæллад иу уæлвæз куыд уагьтой, афтæ. Дæле лæнчы æрæнцадысты туркæгтæ. Рацыд сæ цалдæр адæймаджы. Æрбахæстæг сты ирæттæм. Сæ иу — хистæр уыд, æвæццæгæн, — ныллæг сырхцъар лæг, ссардта Мæхæмæты ном æмæ загьта: — Султан Назым Юсуф æмæ йæхи номæй домы, цæмæй йын фæстæмæ рарвитай йæ хо Нериманы. Куы нæ сразы уай, уæд дыууæ мыггаг адæмы туджы зæйтæ фæласдзысты. Минæварæн дзуапп радта Хаджумар йæхæдæг: — Куыд уын бафæдзæхстой, афтæ кæнут, фæлæ мæнæй, цы чызджы рахастон, уый ничиуал байсдзæн. Дзуапп фехъусын кодтой. Аходæнтæм гæрзифтонг знæгты æхсæн хæст бацайдагь. Суанг талынгтæм нæ бан- цад æхсаргæрдтæ æмæ уартыты зыланг. Изæрæй æлдар цатыры æмбæрзæныл иуварс куы ахæ- цыд æмæ тохвæлладæй мидæмæ куы бахызт, уæд фæдис кодта: йе скъæфт чызджы цæстæнгас æнкъард нæ уыд, æмæ æлдар ахъуыды кодта: «Ау, йе скъæфтыл хъыг нæ кæны?» Фæлæ нæ, чызг йе скъæфтыл, мыййаг, цин нæ кодта, æрмæст амондджын уыд, зæронд Юсуфы хай кæй нæ фæци, цард æй æндæр амонды къухмæ кæй баппæрста, уымæй. Æлдар нымæтыл уат бакодта чызгæн, йæхæдæг гыццыл дарддæр æруагьта йæхи. Дыккаг бон хæст фæци, Хаджумар та цатырмæ куы ба- хызт, уæд Нериман фестад йæ размæ, бакъахдзæф æм код- та æмæ йын йæ фæллад ных йæ фæлмæн къухæй асæрфта. Рацыд æхсæз азы. Афтæ зынд, цыма хъуыддаг æрса- быр. Хаджумар дæр æрæнцад. Æрмæст Нериманы зæрдæ цыдæр æрцæуынмæ æхсайдта. Иубон Хаджумарæн загъта: — Никуы бадис кодтон, ме ’мтуг адæм хъусæй кæй лæу- уынц, ууыл, фæлæ абон мæ зæрдæйы цыдæр тас сæвзæрди. 61
Хорз бон у, фæлæ мæнмæ та афтæ кæсы, цыма цыдæр æнамонддзинад æрцæуинаг у. Æлдар ныххудт, фæлæ йæ фидауцджын фæтæн уæхс- чытæ цæмæндæр сæхи æруагътой. Иæ цæстæнгас фæтар, айсæфт йæ хæларзæрдæ ’нгæс. Сабыргæнæгау бакаст Не- риманы рæсугьд цæстытæм æмæ загьта: — Æрцæуинаг цы уа, уымæй фæивгъуыйæн нæй... Нериман æддæмæ ахизынмæ куыд хъавыд, афтæ дуар байгом, æмæ, сæ фондзаздзыд чызг Тамар æмæ афæдздзыд лæппу йæ хъæбысы, афтæмæй æрбахызт мидæмæ хъо- мылгæнæг ус Магда. — Сывæллон йæ фыды мысы, «баба» йеддæмæ ницыуал дзуры абондæргъы. Мад йæ фырты райста, ус та фæстæмæ ацыд. Сывæллон мады къухтæй йæхи тьщга фыдмæ æмæ худт. Фыд æй райста. Сывæллонæн йæ цин ноджы фæтынгдæр, æмæ уæд Хаджумарæй, йæ бинонтимæ амондджын кæй у, уымæй фæстæмæ æппæтдæр æрбайрох. Æхсæвы иууылдæр æнæмæтæй бафынæй сты. Æрмæст Нериман йæхицæн бынат нæ ардта, хуыссæг æй нæ ахста æмæ йæ фырты авдæнмæ бацыд. Йæхи сывæллоны раз йæ уæрагыл æруагъта æмæ йæм ныккаст. Скуывта: «О Хуы- цау! Фыдбылызæй нæ бахиз нæ æнахъом сабиты амондæн!» Æрбайхъуыст цалдæр гæрахы, стæй та ноджыдæр... Нериман фесхъиудта. Азгъордта йæ лæджы хъал кæнын- мæ, фæлæ уый уæдмæ фестад. Алырдыгæй хъуыст уартытæ æмæ æхсаргæрдты зыланг, ферттывтой хъаматы кæмттæ. Æлдары адæм згъордтой фæйнæрдыгæй ифтонгæй. Хаджумаримæ хæцыдысты цалдæрæй. Исчи сæ-иу куы æрхаудта, уæд-иу уый бæсты иннæ æрбалæууыд. Уæртæ знæгтæй чидæр фезгъоры йæ рæзты, йæ хъæбысы фескъæ- фы фондзаздзыд Тамары. Хаджумар хъавыд йæ фæстæ аз- гьорынмæ, фæлæ йæ уыцы рæстæг чидæр йæ хъамайæ ба- рæхуыста, æмæ йæ бынаты зæххыл æрхауд... Уæдæй нырмæ æнцад бадт Тамар, фæлæ ныр йæ цæсты- сыгтæ æркалдысты. Æххуырст чызг дзырдта дарддæр: — Хаджумар йе ’муд æрцыд æрмæст бонмæ æввахс. Бай- гом кодта йæ цæстытæ. Йæ разы фæлурсæй бадт Нери- ман. Рустыл згъордтой цæстысыгтæ. Лæг фæхуыссыд æртæ боны, цыппæрæм бон амард. Нериман иунæгæй баззад йæ гыццыл фыртимæ. Дæу куы æркодтой, уæд дыл султан Назым, дæ мадыфсымæр, тынг 62
фæцин кодта. Ды куыдтай фыццаг бонты, дзырдтай «нана, нана», фæлæ дæ кæцæй фехъуыстаид дæ мад... * * * Зейнаб ын цы хабар ракодта, уый фæстæ Тамарæн йæ бон удæнцойæ цæрын нал уыд. Æхоæв-иу сыстад, рацыд- иу дидинæгдонмæ, стæй-иу æй бафæндыд лидзын, лидзын, кæй нæ хъуыды кæны, уыцы дард бæстæм, æрхауын, йæ цæстытыл халассæрæй чи уад, уыцы саударæг мады уæр- джытыл, фæлæ-иу йæ зæрдæмæ тас бахызт, æмæ-иу æнæныфсæй æрбаздæхт галуанмæ. Зилы та Тамар стыр цæхæрадоны къуымты. Бацыд суа- доны размæ, стæй раздæхт галуанмæ. Хъуыды кодта: «Зæгъин султанæн, курин дзы, цæмæй мæ мæ бæстæм арвита, æрмæстдæр мæ мад, ме ’фсымæры фенынмæ, фæлæ не сразы уыдзæн, бафхæрдзæн Зейна- бы...» Асинтыл уæлæмæ куы сцæйхызт Тамар, уæд йæ размæ æрцæйцыд Назым. Базæронд, æмæ ма тыххæй цыд йæ къæхтыл. Чызгмæ куы æрхæццæ, уæд æрлæууыд. Бацин кодта Тамарыл. — Æнкъард цæмæн дæ, Тамар? — бафарста, чызджы фæлурс цæсгоммæ ныккæсгæйæ. — Ныр æртыккаг бон цæмæйдæр тыхсын, мæ фыд. — Цæмæй? — Фын федтон... — Ау, æмæ уыцы фын уыйбæрц хъыджы аккаг у? Хайыр æй фæкæнæд не сфæлдисæг. Назым хъавыд дарддæр ацæуынмæ, фæлæ йæ Тамар фæурæдта. — Фæлæуу... Чызг джихæй каст зæронд лæджы цæстытæм æмæ хъуы- ды кодта: «Ау, ацы хæлар æнгæс кæмæн ис, уыцы цæстытæ ме ’наххосдзинад нæ уынынц æмæ мын нæ фæтæригъæд кæндзысты?» Стæй йæ къухтæй йæ цæсгом амбæрзгæйæ скуыдта æмæ асинтыл йæ уатмæ сызгьордта. Æрмæст уым æрæнцад æнамонд чызджы зæрдæ. * * * — Ма æнкъард кæн, — кæуынхъæлæсæй куырдта Зей- наб, мæйрухсмæ Тамары уымæл цæстытæ уынгæйæ. 63
Тамар æм бакаст. Исдуг ма æнæ истысдзургæйæ абадт, стæй рацыд. Ныххызт асинтыл кæртмæ. Зæххы бынæй хæрдмæ æфсæйнаг хъуырæй дон цавта, æмæ йæ пырхæнтæ мæйрухсмæ æрттывтой. Дурыл æрбадт æмæ ставд цæджын- дзыл банцой кодта, стæй фестад æмæ фæндагмæ атын- дзыдта. Згъордта, йæ фæлмæст зæрдæ йын чи рæвдыдта, æхсызгон уддзæф æм кæцæй цыд, райгуырæн бæстæйæн кæцырдыгæй æнхъæл уыд, уыцырдæм. Цас галуанæй дарддæр згъордта, уыйбæрц зыдцæрæй улæфыд уæлдæф, фæлæ йе стыр бæллиц кæм нал цыд, уыцы зæрдæ æнæныфсæй бакатай кодта. Фæлладæй фæндаджы хъæбæрыл æрхаудта æмæ ныккуыдта. * * * Галуаныл айхъуыст: султан Назым уæззау рынчын у. Не сфæлдисæгæй йын æнæниздзинад курут. Иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, уæдæ цы æрцæудзæ- ни, зæгъгæ, уымæ. Назымы фæндыд Тамары фенын, æмæ чызджы рынчынмæ куы бауагьтой, уæд йæ цæссыг бауромын нал уыд йæ бон. - Тамар, мæ чызг, — райдыдта султан, иунæгæй куы баззадысты, уæд. — Дæуæй мæм иу сусæгдзинад уыд... — Чызг сыстад. Лæг æм скаст. Тамар æнцад иуварсмæ акаст, цыма йæ зæрдæ æцæгдæр афтæ æнцад уыд, уыйау сдзырдта: - Æз æппæтдæр зонын... Назым сулæфыд. Цæмæндæр нæ бадис кодта йæ хæрæ- фырты ныхасыл. Йæ зæрдæ æхсайдта, чызг æцæгдзинад кæй зоны, уымæ. - Ныр дæ курын, ныххатыр мын кæн. Ма мæ ралгъит. Бындар мын нæ уыдис: сылгоймаг мæ галуаны нæ цард, амард-иу. Æвæццæгæн мын Хуыцау скодта ахæм тæрхон... Æндæр гæнæн мын нæ уыд, мæ иунæг хо Нериманы хистæр цоты аскъæфынæй дарддæр, лæппу уыдаид, æви чызг. Ма ацу... Дарддæр ахæццæ кæн нæ мыггаг... Дæ усгуртæй дæхицæн амонд равзар... Султан Назым йæ цæстытæ æрæхгæдта, Тамар йæ бирæ ныхæстæй иу дæр зæгъын нæма сфæрæзта, афтæмæй. * * * Цыдысты бонтæ. Тамар ферох адæмæй, усгуртæй. Ничи уыдта Зейнабæй дарддæр Тамары æнкъард цæсгом, чыз- 64
джы сыгъдæгдзинадæй фидауццжын, мастæй æнкъард — стыр цæстытæ. Иуизæр та Тамар бадт агъуыстытæй иуы къуымы. Æвиппайды йæ зæрдæйы фæзынд иу хъуыды — бафæндыд æй байхъусын тамбуры цагъдмæ æмæ æнæрхъæцгæйæ Зей- набмæ адзырдта. — Зейнаб, кæм дæ?! — Мæнæ дæн, ме ’хсин. — Æхсин... — бахудæгау кодта Тамар. — Афтæ мæ ма хон. Дæуæй дарддæр мын чи ис зæххыл? Стæй ма кæмдæр мæ мæгуыр мад... — Æз дæ разы тынг тæригьæдджын дæн, Тамар. — Цæмæй? Зейнаб скуыдта æмæ Тамары раз æрбадти. — Бахатыр мын кæн, цы галиудзинад бакодтон, уый. Дæ цард амондджынæй арвыстаис. Иунæгæй дыл дæ цар- ды рæсугьддæр бонтæ нæ ивгъуыиккой, æз дын уыцы ха- бар куы нæ радзырдтаин, уæд. — Нæ, Зейнаб! Æз æцæг æнамонд уыдаин, æцæгдзинад куы нæ зонин, уæд. — Ныр та... Рахæсс та тамбур æмæ мын ацæгъд. Зейнаб фæдис кодта: ныр цал азы рацыд, Тамар æвна- лын дæр кæдæй нæ уадзы тамбурмæ, уæдæй нырмæ? Æниу ма Зейнаб дæр куыд цагъта, афтæ ацæгьдын базондзæн? Зейнабы лыстæг æнгуыддзты бын зыр-зыр кодтой там- буры хъистæ, агъуысты азæлыдысты рæсугъд мыртæ, æмæ Тамары цæстысыгтæ æркалдысты, фæлæ уæддæр йæ мид- былты худт. Уымæ кæсгæйæ Зейнаб йæхимидæг тыхст: «Ныртæккæ исты бæллæх æрцæудзæн, исты!..» — Хъæрдæрæй цæгъд, хъæрдæрæй, — куырдта Тамар, фæлæ тамбуры хъистæ фыццагау иухуызон зæлыдысты. Уæд чызг æваст фестад, Зейнабы къухтæй тамбур аскъæф- та æмæ кæл-кæлæй худгæ азгьордта. Цыма йæ зæрдæ стыр циндзинадæй радис: асинтыл ныууади, бæрзонд обауырдæм азгъордта æмæ рог къавдзæфтæй хызт уæлæмæ. Уырдыгæй зындысты стыр быдыртæ. Обаумæ куы схæццæ, уæд там- бур бæрзонд систа, куыдфæндыйæ йыл цавта йе ’нгуыддзтæ æмæ дзырдта: «Хъусыс... Хъусыс мæ... мæ мад?!» Цалынмæ йæм Зейнаб хæццæ кодта, уæдмæ уый сындæг æрцæйхызт йæ размæ. — Ныр нæхимæ цом, курын дæ, — загъта Зейнаб æмæ йын хъавыд йæ цонгмæ бавналынмæ, фæлæ уый йæхи атыд- та æмæ йыл схъæр кодта: 5 Адæймаджы фæд 65
— Иуварс! Иуварс! — æмæ фæндагмæ ратындзыдта. Ногæй та азгъордта, дымгæ йæм рог уддзæф кæцæй хаста, уыцы фæндагыл, йæ зæрдæ йæ кæцырдæм хуыдта, рай- гуырæн бæстæйæн кæм æнхъæл уыд, уыцырдæм... 1958 аз ДÆ ЦÆСТЫ РУХС МЫН ÆРТТИВА 1 Афæхъо фæстаг рæстæг бирæ хъуыды кодта йæ чызг За- ретæйы хъысмæтыл — уым, хохы баззайа, æви дарддæр ахуьцэмæ ацæуа горæтмæ, ууыл уыд иудадзыгдæр йæ хъуы- ды. Иæ хионтæй дæр æй кæмæндæрты загъта, фæлæ-иу æвæдза, йæ бинойнаг исты сдзырдта уыцы хъуыддаджы фæдыл, уæд-иу æм ахæм цæстæй бакаст æмæ-иу æй дзу- рын дæр нал бафæндыд. Уый хæххон адæмæн сæ удыконд у ахæм — зынаргъдæр сын цы вæййы, ууыл уæлдай ныхас кæнын нæ уарзынц. Ус-иу былты цæфау фæцис йæ лæджы ахæм цæстæнгасæй æмæ-иу ын цы зæгьа, уый нал зыдта. Лæджы цæстæнгас та бæлвырд дзырдта ныхасæй дзурæгау: «Ды йæ мад дæ, æмæ дзы дзæбæх чызг куыд рауайа, афтæ кæн». Фæлæ уыцы цæстæнгас йæхæдæг та æндæр хуызы æмбæрста: «Мæ чызг мын чызджы бæсты дæр хъуамæ уа æмæ лæппуйы бæсты дæр». Æмæ уый хорз зыдта мад йæхæдæг дæр. Сæ чызг, йæ тæнтьихæг уæхсчытыл, хæдзары цы куыстытæ ис, уыдонæн сæ тæккæ фылдæр хай хаста. Хосгæрдæнты-иу йæ фыды фарсмæ куы ’рбалæууыд æмæ-иу уайтагьд стыр тъæпæн куы ныккарстой дыууæйæ, уæд цыма диссагæй ницы сарæзта, афтæ зындис, фæлæ-иу уайтагьддæр куыс- тыл фæбæрæг. Афæхъо ардæм, йæ фыдæлты коммæ, быдырæй æрба- ивта. Хæдзар саразынвæнд скодта. Уыд ^ын куыстуарзаг бинойнаг æмæ гыццыл æнæнтыст чызг. Йæ къух фаг нæ амыдта, хæдзар саразынæн йе ’хца æгæр гыццыл уыдыс- ты, æмæ уал, йæ бинонтыл кæм нæ уарыдаид, ахæм ба- лæууæн сарæзта. Ус йемæ куыста, чызг та сын цумайæн бæззыд æмæ-иу æй куы цæмæ арвыстой, куы — цæмæ; йæ фæдыл-иу сæ 66
къæбыла Гибыц дæр сцырын, кæрты иу кæронæй иннæмæ уагъд телыл бастæй. Хæдзар арæзт куы фæцис, уæд дæр Гибыц баззад йæ раздæры бынаты. Уæдмæ базæровд æмæ цьщæр уæзбынхуызæй, æнæ рæйгæйæ æмбаргæ цæстæнгасимæ каст, йæ рæзты дыууæрдæм чи цыд, уыдонмæ. Уалынмæ иу бон Афæхъо æндæр къæбыла æрхаста кæцæйдæр, Мила, зæгъгæ. Уæдæ ма, дам, Гибыц цас фæцæрдзæн. Гибыц та зæронд кæй бацис, иудадзыг уый тыххæй æнæ рæйгæ нæ уыд — йæ алыварс кæй уыдта, уыдонæй йын æнахуыр ничи уыдис æмæ сыл куыд рæйдтаид! Фæлæ-иу уый бæсты дæр Мила уыцы ракæнонхуыз сси, йæхицæй бузныг уæвæгау-иу рæйгæ ратæх-батæх кодта. Хæдзар куы арæзтой, уæдæй фæстæмæ Заретæ, тæрсын цы у, уый нал зыдта. Æнафонтæм-иу иунæгæй баззад. Кæнæ йæм фыд æхсæвыгон сдзырдта: «Ауай-ма, чызг, бæхмæ акæс», уæд дæр ыл-иу цæст нал фæхæцыд. Талын- джы-иу йæ къах дæр не скъуырдта, афтæмæй-иу фæстæмæ уайтагьд йæ бæхыл бадгæйæ йæ хæдзармæ æрхæццæ. Иу æхсæв та йæм фыд сдзырдта: — Марадз-ма, чызг, акæс-ма, бæх цæуыл хуыррытгытæ кæны! Чызг йæхи кæлмæрзæны æрбатыхта æмæ феддæдуар ис. Хæдзарæй иудзæвгар ауайын хъуыдис, — уым баст уыд бæх даргъ бæндæныл. Дæллозæй цыд доны фæдисон хъæр. Уалынмæ чызгмæ дæр фехъуыстысты бæхы хуыррыттытæ, æмæ ма йæ цас ауайын хъуыд, кæцы ран^ ис, уый бамбæрста. — Йоскæ, цы кæныс, Йоскæ? — Бæх йæ былтæ чызджы арммæ æруагьта. Заретæ йын йæ сæр æрсæрфта, афтæмæй йæ алыварс ахъахъхъæдта. Мæйдар æхсæв æм ницы зын- дис, фæлæ дæрддзæф йæ хъустыл ауад, йæ раззаг къæхтæ баст кæмæн уыдысты, ахæм бæхы æвæндон гæпп, æфсæйнæгты дзыгьал-мыгъул, æмæ чызг бамбæрста, Йоскæ цæуыл хуыррыттытæ кодта, йæ зæрдæ кæдæм ахсайдта, уый. 2 Иу бон Афæхъо æд галуæрдон былæй фæцæйхаудта. Лæг ма иуварс галтыл бæргæ ахæцыд, фæлæ йæхæдæг фæцу- дыдта, æмæ Заретæ йæ разы нæ фæуæвгæйæ, уæд былæй асхъиудтаид. Кæддæры тыхджынтæ адæймагыл, рогæн куы 67
фæхæцыд, уæд чызгæн иуæй æхсызгон уыд, фыдбылызæй йæ кæй фервæзын кодта, ахауын æй кæй нæ бауагьта, уый, иннæмæй та йын зын уыдис, фыд куыд тынг базæронд æмæ йæм хъару кæй нал ис, уый, æмæ фенкъард. Йæ фыдау чызг дæр тагьд нæ кодта йæ хъуыдытæ дзуры- ныл æмæ йæ кæд исты зæгьын фæндыд, фыды æнæхъарудзи- над ын куыд зын уыд, уый фæдыл, уæддæр уæлæмæ ницы сфæрæзта, афтæмæй æнæдзургæйæ галты сæрбос райста æмæ сыл ахæцыд. Галтæ сындæг цыдысты, сæ сæртæ зæхмæ æруадзгæйæ. Заретæйы зæрдæйæ нæ хицæн кодта, хæхбæсты цæрын сын куыд зын уыдзæн амæй фæстæмæ, æмæ тыхст. Цыма йæ исчи ныронджы цардæй тыххæй иуварс кодта, кæм схъомыл, уыцы хæхбæстæй, йæ бинонтæй, афтæ йæм каст. Фыд ницы дзырдта. Йæ дыууæ уæны бын лæдзæг ауагъ- та æмæ йын, йæ кæрæттыл хæцгæйæ цыд уæзбын къахдзæфæй, хъуыдытæ кæнгæйæ. Афтæ зынд, цыма йе ’взонг чызджы сæры цы хъуыдытæ зиддух кодтой, уыдонмæ ницы бар дардтой йæ хъуыдытæ. 3 Къуырийы фæстæ, иу изæр бинонтæ æхсæвæр куы ба- хордтой, уæд Афæхъо загъта: — Чызг, байхъус-ма. — Заретæ ныууагьта йæ тæбæгьтæ æхсын. — Далæ, мæ хур, ацу горæтмæ, æмæ дарддæр сахуыр кæн. Фысыммæ, нæхимæ, ме ’фсымæрмæ уы- дзынæ. Дæхи зон. Фыд нæ зыдта уæлдай буц ныхæстæ кæнын, фæлæ йын зын уыд йæ чызгимæ хицæн кæнын æмæ та ногæй йæ цæсты- тыл, хос куыд ластой, уый ауад æмæ ацы хатт ноджы фи- дардæрæй загьта: — Мах дæр исты амæлтгæ кæндзыстæм. Дæхи зон, мæ хур... Æмæ уыцы ныхæстæй йæхæдæг дæр бамбæрста, лæппуйы бæсты дæр ын кæй уыд йæ чызг, уый æгъгьæд кæй нæу, æрмæстдæр æм уыцы цæстæй кæса, уымæн. Уæддæр цæуылдæр дардта йæ зæрдæ æмæ та, цыма искæимæ ныхас кодта, уыйау загъта, агъуысты йæхицæй дарддæр куы Ничиуал уыд, уæд: — Дарддæр цы уыдзæн, уый дæр та фендзыстæм... 68
МÆ ГЫЦЦЫЛ ХО 1 Ленæ нæ уынгмæ нæма схæццæ уыдаид, фæлæ æз уæддæр йæ размæ рацыдтæн. Кæцы тигъæй фæзындзæн, уæллаг æви дæллагæй, уый нæ зыдтон, æмæ-иу уæлæмæ дæр акастæн æмæ дæлæмæ дæр. Хорз æмæ Верæмæ бафтыд, æндæр ын чи бацамыдта- ид, кæм кусын, уый. Телефоны хæтæлæй Верæйы хъæлæс куы фехъуыстон, уæд ыл фæдис кодтон. Диссагæй дæр дзы цы уыд, æрвадæлтæ стæм, фæлæ сæмбæлгæйæ цы аны- хас кæнæм, æндæр телефонæй кæрæдзимæ сæрмагондæй никуы бадзурæм. Мæн агургæйæ Ленæ Верæйы куыстмæ бафтыд, йæ ка- бинеты дуарыл, цы мыггаг агуырдта, уый куы бакаст, уæд ыл мæн æнхъæлæй бацин кодта. Верæ, чызг мæн агуры уый куы бамбæрста, уæд телефонæй сдзырдта. «Æмæ кæд ссыд цымæ?» «Стæй мæм Верæйæ цæмæн дзуры» — ахæм фарстатæ февзæрди мæ сæры. — Цалдæр азы йыл цæудзæн ныр, фехъуыстам, йæ мадимæ Астæук- каг Азимæ ацыд, зæгъгæ. Уырдæм, дам, аивтой. Куы цыд, уæд мæ уынгæ дæр нал фæкодта. Верæ чызгмæ телефоны хæтæл куы радта, уæд мын мæ ном сдзырдта æмæ йæ хъуыр ахгæдта. Æз дæр мæ цæстытæ доны разылдтон. Верæ йæ бæсты сдзырдта: — Скуыдта, мæгуыр. Ныртæккæ дæм фæцæуы. Ацы ран кусын æнхъæл ма дын уыд. 2 Ленæйы мад æмæ фыд-иу фæхьш сты, фæзагьд-иу код- той стæй иу хатт куы уыд, уæд ахицæн сты. Чындз фыдæнæн йæ гыццыл чызджы æфсины къухты ныууагъта æмæ ацыд, стæй йыл афæдз куы рацыд, уæд нæм иу зымæ- гон изæр иу сылгоймагимæ æрбалæбурдта æмæ йæ сывæл- лоны ахаста. Сывæллон мадыл ахуыр нал уыдис æмæ йæ хъарм хъæццулы куы æрбатыхта, уæд фыццаг бацин кодта «дай- дай» зæгъгæ, уымæй афтæмæ йæ махæй исчи æддæмæ хæссы, фæлæ нæ йæ бынатæй куы ничи фезмæлыд, уæд ныккуыдта. Афтæмæй йæ кæугæйæ ахаста. 69
Æз тынг ахуыр уыдтæн Ленæйыл. Мæхи-иу йæ разы сонт зылд куы фæкодтон, уæддæр-иу худæгæй бакъæцæл; сывæллонимæ чи хъаза, уыйимæ уæлдай лымæндæр вæййы. Мæ цæстытыл иудадзыгдæр йæ митæ уадысты. Нæ фæстаг æхцайæ дæр-иу, сывæллонæн цы хъуыд, уый балхæдтам. Мæ мад-иу ын адджын гуылтæ тæвд æхсы- рыл куы ассæста, æмæ-иу ын сæндæг куы лæвæрдта, уæд- иу æм æз дæр бамондаг дæн. Кæд мыл æртындæс азы цыд, уæддæр ма æз дæр сывæл- лон уыдтæн. Фæлæ Ленæ куы схъуаг уа, зæгьгæ, йын йæ хæринагмæ никуы бавнæлдтон. Ленæйыл иу аз куы сæххæст, уæд ын уыцы бонмæ бал- хæдтам, йæ зæхх цъæх кæмæн уыд æмæ стыр дидинджытæ кæм уыд, ахæм хъуымацæй къаба. Пъолыл хъæццул æрæтыдтам æмæ йæ ууыл æрæвæрдтам. Йæ фæйнæ кæрон ын ^æрæвæрдтам хæсгард, судзин æндахимæ æмæ хъазæнтæ. Йæ алыварс æрбадтыстæм æмæ йæм цымыдисæй кас- тыстæм, цы сисдзæни, зæгьгæ, — ома куы сдынджыр уа, уæд цы уыдзæн. Сывæллонмæ алцы дæр диссаг каст æмæ- иу куы иу дзаумамæ февнæлдта, куы — иннæмæ. Арæх-иу рауад нæ бинонтæм Ленæйы кой. Иууылдæр æй мысыдыстæм, æмæ иу райсом мæ мад æмæ мæ фыд загътой. «Мæнæ нæм кæд æхца исты æрбамбырд уа, уæд хъуг балхæндзыстæм æмæ Дзыгыйы (афтæ хуьщгам Ленæйы) æрбакæндзыстæм». Æз мæхинымæр сцин кодтон, уæдæ Дзыгыйы фæстæмæ æрбакæндзыстæм, зæгьгæ, фæлæ уыцы ныхæстæй дæр ни- цыуал рауад; Дзыгыйы нал æрбакодтам. Ленæйы мад йæ чызджы фыдæнæн уагьд куы ныккодта йе ’фсины къухы, уæд дзы ус гæххæтт бацагуырдта, куыд æм ницы бар дардзæн, уый тыххæй, кæннод та, дам, дæ сывæллоны ахæсс. Фæлæ йæ уæд нæ бафæндыд йæ ахæс- сын: «Аппар æй цъыфмæ. Мæн ницæмæн хъæуы!» — загъта сылгоймаг æмæ йе ’фсинмæ ууыл фæстæмæ дæр нал фæка- сти^. Йæ мад æй цы изæр ахаста, уыцы изæр æз пъолтæ ных- садтон æмæ куы бахус сты, уæд æй мæ мад йæ хъæбысæй æруагьта æмæ ног æхсад пъолыл йæ уæрджытыл быргæйæ дыгъал-дыгьул кодта, бамбарæн кæмæн нæма уыд, ахæм «ныхæстæ», афтæмæй æвиппайды агьуысты дуар куы фе- гом æмæ æнæзонгæ сылгоймæгты куы ауыдта, уæд мæ мады ’рдæм фæцæйлыгьд, фæлæ йыл йæ мад йæхи ныццавта æмæ йæ йæ хъæбысмæ фелвæста.
Рæстæг цыд. Мæ зæрдæ йыл раздæрау нал рыст. Афтæ мæм каст, цыма мын уæлдай нал уыд, искуы ма йæ куы фенин, уый, афтæмæй нæм æй йæ мад кæимæдæр æрбар- выста. Иæ зæрдæйы арфæй йæм кæцæйдæр цыдæр хорз зонд сдзырдта, уадз æмæ йæ йæ бинонтæ феной, зæгьгæ. Нæ бинонтæй кæйдæр ныхас куы айхъуыстон «Дзыгы нæм æрбацыд», зæгъгæ, уæд йæ размæ ратахтæн. Рох мæм чи каст, уыцы мысинаг та дзыхъхъынногæй фехъал. Иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, нæ цин нæ цæстытыл зынд. Нæ алкæй дæр фæндыд цыдæр зæгьын сывæллонæн, фе- рох нæ кодта, ууыл нæ хъуыды кæнгæйæ. — Уæ, мæнæ ма мæ гыццыл чызджы уынын! Нал мæ зоныс, Дзыгы? — Дзырдта йæм мæ мад æмæ бæрæг уыд йæ ныхæстæй, сывæллон æй кæй нал зоны, уый йæ зæрдæйæн цæй бæрц зын уыдис, уый. Дзыгы мæнæн дæр сси æцæгæлоны хуызæн. Уымæ, йæ уæрджытыл цы хæмпус сывæллон бырыд, уый хуызæн ни- цыуал уыд. Нæ разы лæууыд, йæ бурдзалыг дзыккутыл урс лент баст, йæ гыццыл къæхтыл дзабыртæ нæ, фæлæ фæлмæн сæрак туфлитæ кæмæн уыд, ахæм гыццыл чызг цыбыр цыллæ къабайы мидæг. Йæ къухыл ын ныххæцыдтæн æмæ йæ иннæ уатмæ ба- кодтон. Мæн фæндыд, хæдзары цы дзаумаэттæ уыд, уыдо- ны уынд ын йæ зæрдыл куы æрлæууын кæнид, мах кæй уыд, ацы агъуыстыты, цæуын куы нæма зыдта, уæд йæ уæрджытыл куыд бырыд, уыдæттæ. Фæлæ Дзыгы алцæмæ дæр каст æнцад. Æнахуыр адæймагæй куыд атоны йæхи сывæллон, афтæ дæр мæ йæхи нæ иуварс кодта, афтæмæй, цыма йæхи дæр, цы йын бавæййæм, уый æрхъуыды кæнын фæндыд ногæй æмæ ууыл хъуыды кодта, уыйау-иу ахъахъхъæдта хæдзары къуымты. Æз дæр та йæм лæгьстæгæнæгау сдзырдтон: — Дзыгы, нал мæ хъуыды кæныс? Æз Зарæ дæн, Зарæ...— Мæ хъæбысы йæ æрбакодтон. Фæлæ мæм уый уæддæр ницы уæддай дзырдта. Куы фестырдæр, уæддæр та нæм æрбацыд. Скъоламæ цæуын райдыдта. Уæдмæ базыдта, чи йын дæн, уый, æмæ мæ ногæй бауарзта. Æз ын лæвæрдтон чингуытæ, нывтæ, цыдæр хиирхæфсæнтæ. Æз йæ фыдыхо дæн, Дзыгы æрмæстдæр уый зыдга, æндæр ницы. Æз та уымæй фылдæр хабæрттæ зыдтон æмæ мæ иу хатт куы бафарста, искуы æз дæр уыдонмæ ацæудзынæн æви нæ, уымæй, уæд ын цы загьтаин, уый нæ зыдтон. 71
Бацæудзынæн уæм ын загътаин, æмæ мæм уæд æнхъæлмæ кастаид, фæлæ хорз æмæ æндæр ныхæстыл фестæм æмæ мæ дзуапп дæттын нал бахъуыд. Уæдцæр та мæ-иу уый фæстæ дæр бафарста. Стæй, куыд æмбаргæдæр кодта, афтæ æвæццæгæн æмæ цыдæр бамбæрста, йæ мад махмæ кæй нæ цыд, мах та уыдонмæ, уымæй æмæ мæ, махмæ цæуылнæ цæуыс, зæгъгæ, никуыуал бафарста. Мæ лæвар чингуытæ Дзыгымæ бирæ уыди. Мæ номыл сæ дардта. Ницы дзы сæфта. Сæ алкæуыл дæр уыд мæ къухæй фыст ныхæстæ æмæ мæ ном. Фæсгаг хатг ма куы федтон Дзыгыйы, уæд уынджы амбæл- дыстæм: фæстæрдыгæй мыл йæхи æрбаппæрста. Фæкастæн æм æмæ - мæ гыццыл хо... Иучысыл фæстæдæр цыд йæ мад æмæ йын бахудгæйæ, мæнырдæм къæмдзæстыг каст кæнгæйæ, уайдзæфтæ кодта: — Искуы ма хи афтæ баппаргæ уыд адæймагыл? Æнæзонд! Ницы кæны, зæгъгæ йæм сдзырдтон æз уыцы ныхæстæм æмæ Дзыгыимæ, йæ къух мæ дæларм бакодта, афтæмæй цыдыстæм тротуарыл. Мад цыдæр хабæрттæ кодта йæ чызджы тыххæй. Æз дæр- иу уыцы ныхæстæм сдзырдтон: Дзыгыйы куы ахаста махæй, уæдæй фæстæмæ йæ никуыуал федтон, фæлæ йæ цыхуызæн у, уымæй нæ бафарстон. — Адæймаг у, кæд дзы нæ би- нонтæ маст федтой, уæддæр. Уый дæр æнцон царды бонтæ нæ æрвыста, ууыл мын дзырдтой, урс чи афæлдæхтис, йæ сæр^ы уыцы хилтæ. Йæ хъуыддæгтæ дзы нæ ферох сты, уый бæрæг уыд йæ цæстæнгасыл, йæ бон мæм Дзыгыйы хуызæн æнæгуы- рысхойæ кæй нæ уыд сдзурын, ууыл. Дзыгы та мæ хо у, мæ гыццыл хо. Афтæ фæзæгъы адæймаг буцдæрæн, æмæ йын зынаргь чи у, уыцы адæймаджы цыма йæ уыцы ны- хасæй йæ риумæ æрбалвасы, йæ хъæбысы йæ акæны. Ныр та, уæллаг кæнæ дæллаг тигьæй æрбазындзæн Дзыгы æмæ йæм мæ цæстьггæ ныуурс сты, цыма фынддæс минуты нæ, фæлæ мæм цалдæр сахаты размæ æрбадзырдга, уыйау. АДÆЙМАГÆЙ АДÆЙМАДЖЫ ’ХСÆН... Адæймагæй адæймаджы ’хсæн стыр быдыртæ ис, зæгьгæ, уыцы ныхас мæ зæрдыл æрлæууыд, мæ фыдæлты уæзæг, Куырттаты комæй куы ’рбаздæхтыстæм, уæд. Сæрдыгон 72
адæймаджы бирæ хъуыддæгтæ вæййы, фæлæ иу къуыри мæхи тыхтонæгау акодтон хæдзарæй мæ сывæллæттимæ, иугыццыл аулæфæм, зæгъгæ. Адæймаг цæры, æмæ йæ царды мидæг цы уыны, кæимæ æмбæлы, уыдон ын æнæмæнг йæ зæрдæйы цыдæр фæд ныууадзынц, хъуыды- тыл æй бафтауынц, æмæ, адæймагæй адæймаджы æхсæн стыр быдыртæ ис, зæгъгæ, уыцы ныхас дæр мæ зæрдыл уый тыххæй æрлæууыд. Аив мæм нæ каст æхсæз адæймагæй искæй батыхсын кæнын хионтæй (немæ ма уыд æд сывæллон сылгой- маг), æмæ нын зæрдæ чи бавæрдта фатерæй, уыдонмæ бадзырдтам, фæлæ нын нæ зæрдæвæрд бынат кæмæндæр радтой. Уæдæ ма ныр цы бакæнæм, зæгъгæ, æндæрты дуар бахостам поселочы. Дыууæ бахостæн нæм ничи ракаст, афтæмæй галиуырдыгæй дуары дæгъæл чидæр куыд азылдта, уый фехъуыст æмæ дуар байгом... Кар- джын ус йæ халаты æгънæджытæ æвæргæ ракаст. Фæрсæгау мæм каст æмæ йын нæ хабар бамбарын код- тон. — Кæд иу къуырийæ фылдæр нæ уыдзыстут ам, уæд ууыл та цы тыхсут. — Мидæмæ рацæут. — Загьта ус. Йæ фæстæ куы бахызтыстæм, уæд мидæггаг агьуыстæй рауайгæйæ йæ разы цы дыууæ лæппуйы алæууыд, уыдон иуварс ассонæгау кодта. — Мæнæ уын уый агьуыст. Дыууæйæ мæнæ ацы сынтæ- гыл хуысдзыстут, уæртæ уый та — сывæллонджынæн. Мæнæ ам та, — ацамыдта пъолыл цы тæнæг гобан æппæрст уыд, нæ бацыдмæ сывæллæттæ кæуыл хъазыдысты, уымæ, — дæ лæппутæ хуысдзысты. Цытæ нæ хъæуы уæдæ, зæгъгæ, æндæр ницæуылуал ба- тыхстыстæм. — Цæмæй уæ хъуамæ стыхсон? Горæты мын зонгæтæ кæй уыдзæн, уый та мын цæй аргъ у, — дзырдта нæ фы- сым. — Хатыр бакæн. Цы дын бафидын хъæудзæн, уый нын зæгь, æппындæр æй æфсæрмы ма бакæн. — Мæ зæрдæйы арфы æфсæрмы кодтон афтæ бафæрсын, мыййаг нæ æхца куы нæ кома, зæгъгæ, фæлæ йæ ма бафæрсон, уый дæр мæм аив нæ каст. Цыма, уымæй бафæрсынæй та цы ’фсæрмы кæныс, зæгъгæ, зæгъинаг уыд йе ’нгас, æмæ йæ дзуапп цæтгæ уыд рагацау, уыйау æвæстиатæй загьта, мæ цæстытæ цæхæртæ кæмæй акалдтой, ахæм аргь. 74
Тынг диссаг мæм фæкаст ацы дзуапп; деджызы был дæр ма куы нæ ныкъкъуырынц ахæм аргъ фатеры иу бон фæцæрæггаг, уæд кæм, кæм, фæлæ мæ фыдæлты комы ахæм ныхас рауайæд! Уæдцæр æм уæлдай ницыуал сдзырд- тон æмæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты æндæр рæстæджытæ, ардæм æрбацæугæйæ-иу мæ фыдимæ иу ранæй иннæмæ куыд цыдыстæм, адæм æмæ фос цы нарæг къахвæндæггæ скодтой рæгътыл, уыдоныл, уый. Иу хатг мын мæ фыд комы рæбынмæ бацамыдта: — Уартæ уый Бакъот хуыйны. Уым-иу æвзонг лæппуйæ арæх хызтам фос. Бирæ азты размæ та, згьæркъахджыты поселок Фиаг- дон арæзт дæр куы нæма уыдис, уæд та мын Барзыхъæуы, нæ хæстæг Гуыриаты Аминæты хæдзары разæй бацамыдта ардæм. — Уалæ уым, Æхсабийы фæзы, хæдзæрттæ араздзысты æрзæткъахджытæн. Зын зæгъæн у ныхасæй, мæ бинонты зæрдæты Аминæтмæ цавæр уарзондзинад баззадис, уый. Мæ цæсты- тыл уайы, йæ размæ чысыл хуыл-хуылгæнаг доны был дæргьæй-дæргьмæ гæды бæлæстæ рæнхъ кæм лæууы, уыцы хохаг дурæй арæзт хæдзар. Мæ фыдимæ сæм фыццаг хатт куы ’рбацыдтæн, уæд мыл фынддæс азæй фылдæр нæма цыдаид, фæлæ мæ абон дæр нæ рох кæны Аминæт. Ныр дæр ма мæ зæрдыл лæууынц, цыма сæ ныртæккæ дæр хъусгæ кæнын, уыйау йæ фæлмæн ныхæстæ, цыдæр хорздзинад бакæнын ма йæ кæй фæндыд мæнæн, йæ уыцы ныхæстæ. — Æнæ рæвдыдæй мын цæуы ацы гыццыл чызг. Мæ мардмæ дæр мын-иу ма ’рбацу. — Нæ фæдыл рацæугæйæ кæуынхъæлæсæй дзурæгау дзырдта Аминæт, æмæ, цьша уыцы ныхæстæ ме уæнгты хъардтой, афтæ мæм каст. Йæ зæрдæйы хорздзинад уый бæрц диссаг кæмæ нæ касти, фæлæ йæ къухы цы нæ уыд, ууыл стыр хъыг кæй кодта, ууыл мæ зæрдæ суынгæг, мæ хъустыл та, цыма мын сæ исчи дзырдта, уыйау уадысты Къостайы æмдзæвгæйæ цалдæр ныхасы: «Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды иуæй иу хатг», «Бирæ цыдæртæ мæгуыры...» афтæмæй мæ цæсты- сыгтæ тыххæй уромгæйæ араст дæн нæхимæ мæ фыды фæдыл. Уымæй фæстæмæ æз нал федтон Аминæты, фæлæ-иу мæ фыд алы хосгæрдæн афон дæр цыфæндыйæ дæр йæхи фездæлон кодта. Аминæтæн хос ракæрдон, зæгъгæ.
Аминæтæн йæ чызг дæр амард æмæ, æвæццæгæн, хæдза- ры ничи цæры. Иннæ хæдзæрттæй уæлдай ацы хæдзар дæлбыл ис. Дыккаг бон йæ рæзты куы æрцæйцыдыстæм, уæд та, кæддæрау, æнæнхъæлæджы хур æрбакастæй куыд барухс вæййы адæймаджы зæрдæ, афтæ мæ зæрдæмæ ба- хъардта æнахуыр рухс ацы хæдзары фендæй. Иуæй хæдзары ных чъырæй цагъд уыд æмæ йæ уый цæрæгхуыз кодта, иннæмæй та уыд æдзæрæгхуыз, кæрты уæрагæй бæрзонддæр чи фæцис, уыцы кæрдæджы уындæй. Кæртæн, цалдæр фæйнæджы кæрæдзиуыл хуыд, ахæм дуар. Æмæ цыма уый дæр рагæй ничиуал айтыгьта, афтæ зындис... Цыдæр у, æвæдза, фыдæлты зæхх! Æппындæр дзы кæд никуы цардтæн, уæддæр мын зынаргь чи у, уыцы уидæгтæ ардыгæй райдыдтой. Алы дур дæр, алы дæлвæз дæр хорз зыдта ам мæ фыд. Фæндæгтæ. Цыма хæхты ставд бæндæнтæй бабастæуыд, уыйау алырдæмты цæуынц фæйнæрдæм: Къорамæ, Гу- лимæ, Дзуарыхъæумæ, далæ уый та — Дзæуджыхъæумæ. Дыууæрдæм ыл кæнынц машинæтæ. Комы диссаджы уæлдæф адæймаджы уæнгты иннæрдæм хизы, æнцондæр у йæ улæфт, цыфæнды бæрзондмæ куы хиза, уæддæр. Уый фæндзайæм азты уыд. Уыцы рæстæг кæд машинæйыл бамбæлдаис, æндæр иу ранæй иннæмæ автобустæ нæма цыдис æмæ-иу Куырттаты коммæ цæугæйæ мæ мад мæ фыдæй арæх фехъуыста «Хъобаныл бауадтæн», зæгъгæ, æмæ уый дæр, уыцы ныхас йæ зæрдыл бадаргæйæ, нæ сыхæгты чындздзон чызг æмæ æз йемæ, афтæмæй Куырт- таты коммæ Хъобаныл ацыд. Хъобаны онг бацыдыстæм æрдæгæхгæд машинæйы, афтæмæй тыхджын къæвда рацыд. Сæрæй къахмæ ныххуы- лыдз стæм æмæ куыд нæ тыхстаид мæ мад? — сæхæдæг ма гьа, фæлæ æз, сывæллон, куы фæрынчын уон уыцы хуы- лыдзæй, зæгъгæ, фæлæ сæ фысымыл тыхсын нæ бахъуыд. Немæ машинæйы чи бадт, уыдонæй нæ, куы рахызтыстæм, уæд, кæрæдзийæн бар нæ дæтгæйæ, алчидæр сæхимæ хуыд- та, уæхи басур кæнут, стæй дарддæр цæудзыстут, зæгъгæ. Фæлæ сылгоймæгтæй фыццагдæр кæй хæдзармæ бахæццæ стæм, уый нæ къахдзæф дæр нал ауагьта æмæ нæ сæхимæ бакодта. Нæ фысымтæ нын уайтагьд нæ хуылыдз дзаумæттæ ра- ласын кодтой æмæ нæ диссаджы фæлмæн хуыссæнты схуыс- сын кодтой. Хъæццулты дари цæстытæ æмæ урс-урсид 76
цъæрттæ мын баиу вæййынц ацы хабар æрымысгæйæ, элек- трон рухсимæ, ахуыр ыл кæй нæма уыдтæн, æвæццæгæн æмæ уый тыххæй, — уыцы рæстæг æппæт хъæуты нæма уыд ахæм рухс. Уайтагъд куыд нæ схъарм уыдаиккам, иуæй нæ хъарм хъæццултæй, иннæмæй — нæ фысымты хорз зæрдæйы уагæй. Уалынмæ нын, цы уаты уыдыстæм, уырдæм ног картоф стыр тæбæгъы мидæг æрбахастой. Лæхурæг стыр картæфтæ-иу, сисон дзы, зæгъгæ, уæд къухы бын апырх сты. Нæ фысымтæ чи уыдысты, уый нæ зонын, бирæ сæм нæ фестæм, фæлæ мæ абон дæр нæ рох кæнынц. — Сæ хæдзары сæрмæ уыд рагь, уырдæм мæ сæ чындздзон чызг скодта æмæ дзы дидинджытæ тыдтам. Уыдон дæр уыдысты, мæнæ ам, Куырттаты комы цы дидинджытæ тыр-тыр кæнынц дымгæмæ, уыдон хуызæн. Адæймагæн искуы уæвгæйæ йæ зæрдæ йæ бинонтæм кæм нæ фехсайы. Мин фарастсæдæ æхсай дыккæгæм азы мæн арвыстой Мæскуымæ Литературон институтмæ. Ме ’ппæт ахуыры рæстæг дæр бинонты зæрдæ мæнмæ æхсайд- та, мæ зæрдæ та — уыдонмæ. Мæ зæрдæ иудадзыгдæр тарст исты хабар фехъусынæй. Ахуыр фæдæн, паддзахадон фæлварæнтæ дæр ахицæн сты, нæхимæ цæуынмæ мæхи цæттæ кодтон, афтæмæй тел райстон мæ фыды амарды тыххæй. Чи нæ уарзы йæ мад æмæ йæ фыды, фæлæ адæймагæй адæймаджы æхсæн стыр быдыртæ ис, зæгьгæ, куы зæгьын: мæ фыд уыд æнахуыр адæймаг. Бирæ хатт-иу нæ мад йæ фынæйæ райхъал æмæ нæм-иу æддаг уатмæ рацыд, Хуыцауы тыххæй бадгæ ма кæнут, зæгъгæ. Ныхас-иу кодтам бирæ цæуылдæрты: рагон æмæ ног хабæрттыл, цардыл. Мæ фыд, кадæггæнæг Томайты Мысырби, хохæй-бы- дырæй кæм цыдис, алкæй дæр-иу фæндыдис йæ цæгъдтытæм байхъусын, æмæ мæнæ ам, хохы уæвгæйæ уæлдай арæхдæр æрлæууынц мæ зæрдыл йæ кадджытæ æмæ йæ зарджытæ. Баиу мын вæййынц, цагъд æмæ ныхас куыд баиу вæййынц зарæджы, афтæ мæ фыдæлты комы рæсугьддзинад æмæ, мæ фыд цы кадджытæ кодта, уыдон. О, æмæ мæ фыды зианы кой кодтон. Тел куы бакастæн, уæд мæ цыма мæ сæрæй мæ къæхтæм ток ныццавта, уыйау фæдæн. Мæ фарсмæ мæ хорз авайраг æмбал Майсарат Магомедова мын мæ къухмæ бавнæлдта, цы хабар у, зæгъгæ, æмæ йæм æнæдзургæйæ гæххæтт радтон. Хабар 77
куы базыдта, уæд уый дæр скуыдта. Æмæ мæ уый дæр никуы ферох уыдзæн. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ацы дунейы цæры адæм, на- цитæ нæ фæлæ; авайраг чызг скуыдта мæ фыдыл, ме стыр хъыгыл æмæ уымæн дæр ферохгæнæн нæй. Уымæй иу къуыри раздæр ныхас кодтам мæ фыдимæ телефонæй æмæ, мæнæ ме ’мбал дæр мемæ ис, зæгъгæ, хæтæл Майсаратмæ дæр авæрдтон. Уыйимæ дæр дыууæ ныхасы скодта мæ фыд: Как дела, дочка? зæгьгæ, йæ ба- фарста. Дзæгъæлы фыцынц ацы дуджы кæрæдзимæ мæстæй адæмтæ. Æппæт адæмтæ æвзæр уой, уый гæнæн нæй. Ис хицæн адæймæгтæ æмæ уыдон сты змæнтджытæ, бинонты ’хсæн куыд вæййы, афтæ, æмæ хъуамæ кæрæдзийы бам- барæм иууылдæр. Басабыр уæм æмæ нæм адæймаг уазæг- уаты куы ’рбацæуа, уæд-иу раздæрау, дуар байтындзыны размæ хъуамæ зæрдæ байгом уа, æмæ нæ дзыхæй схауа, мидæмæ, зæгъгæ, уыцы ныхас. Уæд нæ цæудзæн уæйгонд нæ фыдæлты кæмтты уæлдæф. Уæд нæ цæудзæн уæйгонд уарзондзинад иу адæймагæй иннæйы ’хсæн, уæд къаддæр уыдзысты иу адæймагæй иннæйы ’хсæн быдыртæ... 1990 аз НÆ ЗÆРОНД ФЫСЫМ Æнцон нын нæ уыд горæты уынгты зилын. Æртæйæ, мæ мад æмæ нæ зонгæ усимæ фатер агурынæй бафæлла- дыстæм. Æппынфæстаг денджызмæ хæстæг уынгтæй иуы нæ размæ фæци æрыгон сылгоймаг æмæ нын уый, агъуыст кæмæ суæгъд, ахæм хæдзар бацамыдта. Нарæг цьæхахуырст дуар бахостам дызæрдыггæнгæ, кæд та уымæй дæр искæмæн зæрдæ бавæрдтой æмæ сæм дзæгьæлы ’рбацыдыстæм, зæгъгæ. Уалынмæ дуары зылын æхгæнæн базмæлыд æмæ нæм ацæргæ ус ракаст. Йе ’нгæс уыд тар æмæ уымæй афтæ зынд, цыма нæм кæронмæ дæр нæ байхъусдзæн, афтæмæй йæ Дуар фæстæмæ рахгæндзæн; бирæ фысым агурджытæ ис æмæ сæ стыхстысты. Фæлæ ус йæ агъуыст никæмæн-ма радта æмæ дзы мах æрцардыстæм. 73
Цас бæллиццаг уыд — нарæг къуым. Дыууæ сынтæджы ’хсæн æрмæст къах æрæвæрыны фаг бацæуæн. Рæбынæй гыц- цыл цыппæрдигьон рудзынгæй рухс мидæмæ фаг нæ цыд æмæ дуар æрбахгæн, уæд агьуыст уыд бынтон ныггæндхуыз. Æрмæст къæсæргæрон, кæрты цы сатæг уыд, бæласы бындзагф- хадыл арæзт стьолгондимæ, уымæй зæрдæ рухс кодта. Æмæ уый дæр хорз, фæлæ мæн фæндыд денджызмæ акæ- сын æмæ æрхъæцмæ нал хъæцыдтæн. Уынджы гыццыл куы ныууадыстæм, уæд нæм разынд дардæй. Былгæрæтты адæмæй уыд йедзаг: чи йæхи надта, чи хуыссыд хурмæ. Денджыз змæлыд. Цыма йæхи тох самайынмæ цæттæ кодта, уыйау-иу тызмæг уылæнтæ æрбахаста, фæлæ сæ адæм нæ тарстысты. Æнцад сæхи надаой æмæ уыцы уылæнтыл цингæнæгау денджызы цъиутау цъиах-иъиах кодтой. Не ’рбацыдмæ нæ фысым кæрты цыдæртæ архайдта. Йе ’рфгуыты бынæй нæм иу каст скодта. — Æрбацыдыстут? — бафарста нæ. Уый уыд бæрзонд хæрзхуызтæ сылгоймаг. Цыдаид ыл иу-æртиссæдз азы. Æппынæдзух дæр ын уыд тар æнгас. Иудадзыгдæр æнæвдæлон. Куы, цæхæрадоны зæхмæ цы дыргьтæ æрызгьæлд, уыдон лыгтæ кодта æмæ сæ фæйнæджы гæбæзтыл хурмæ æвæрдта, куы, дидинæгдоны цы стырцæст дидинджытæ зад, уыдонимæ æмæ халсартимæ архайдта, куы та хæринаг кодта. Дыккаг бон денджызы былæй куы æрбацыдыстæм, уæд нæ фысымы æрбаййæфтам къамæй хъазгæ йæ уазджытимæ. Иууылдæр сæхи къамтыл ирхæфс- той æмæ нæм диссаг нæ фæкасти, нæ зæронд фысымы дæр къамæй хъазгæ куы æрбаййæфтам, уæд. Уый фæстæ дæр-иу æй, изæрыгæтты, арæх уыдтам къамæй хъазгæ. Йæ боны куыстытæ-иу куы фесты, уæд ын æндæр цы куыст уыдис, уæдæ? Кæд-иу æм хорз къамтæ уыдис, уæд та-иу хъуысыд йæ хъæлдзæг ныхас, йæ фæсусгомау худт, науæд-иу ныхъхъус ис æмæ-иу æнæдзургæйæ, æрфгуыты бынæй кæсгæйæ, æппæрста йæ къамтæ, цыма-иу йæ зæрдыл исты уæззау фыдтæ æрлæууыд, уыйау. Иу бон уазал уыд æмæ денджыз йæ хуыз аивта. Фæлурсæй æнцад лæууыд æмæ, йæ сæрты цы рог дымгæ хъазыд, уымæй лыстæг зырзыргæнаг уылæнтæ кодта йæхи- мидæг. Нæ фатермæ рацыдыстæм, уæдæ цы уыдаид. Изæрæй нæм нæ фысым æрбауад. Æхсæвæр æвæрæм стьолыл, уый куы федта, уæд хатыр курæгау йæ цæнгтæ сцагьта, бахъыгдардтон уæ, зæгъгæ, 79
æмæ сыстад, фæлæ йæ мах ской дæр не суагътам æмæ зæронд ус æрбадт уæд фæстæмæ йæ бынаты. Хъарм бон адæймагæн æхсызгон цы уддзæф вæййы, уый дæр ихæны хос уыд адæймагæн агъуысты мидæг бадгæйæ. — Ацы сæрды хуызæн уазал нæм ацафонты никуыма уыди. Адæм та нæм ацы азы хуызæн никуы фæцыди. Бон нæм иу-дæс хатты æрбадзурынц фатер агурæг. — Загьта нæ фысым. — Абон нæм иу сылгоймаг æрбацыд йæ гыц- цыл лæппуимæ, кæд, дам, уæм агьуыст ис, мыййаг, ды- сон, дам, вокзалы фæбадтыстæм. Дымгæ кæнын райдыдта. Йæ футтытæм кæсгæйæ не ’ппæт дæр батыхстыстæм, цыма нæ æнæ фыдбылыз нæ ныу- уадздзæн, афтæ нæм каст. Æмбæрзæн дуртæ фелвасыныл- иу афæлвæрдта, фæндыди йæ, сæ бынты цары куы фæмидæг уыдаид æмæ куы азмæстаид цар, фæлæ дуртæ уæгьд æвæрд нæ уыдысты, æмæ-иу дымгæ, мæстæй мæлгæ, дарддæр бæлæсты сыфтæрты ’хсæн азгьордта. Нæ фысым мæм иу рæстæг æрбакаст æмæ загьта: — Дæ мад, йæ бакаст куыд у, ахæм карджын нæу. Мæнæн дæр, куыд базæронд дæн, афтæ бæргæ нæма æмбæлы, бирæ фыдæбон федтон, æндæр. ...Тыхджын хæстытæ æрцыд сæ горæты. Йæ лæг комму- нист уыд. Хæст куыдцæр райдыдта, афтæ йæм фæсидтыс- ты. Дыууæ азы фæхæцыд, стæй мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм азы, немыцы къухтæм бахаудта. Бирæ йæ фæтухæнæй мардтой, стæй йæ фехстой... Гыццылтæ уыдысты уæд йæ чызг æмæ йæ лæппу... Ус йæ цæстытæ доны разылдта, йæ сæр ныттылдта, стæй махæн нымд кæнгæйæ йæ æнкъард ныхæстыл фæфæсмон кодта, йæ хъуыр ын цы уæззау къуыбар æхгæдта, уый аныхъуырд- та æмæ йæ ныхас аивта: — Ныртæккæ мæ фырт Мæскуыйы цæры, мæ чызг та — Сыбыры. Сæ дæсныйадыл сын ам куыстытæ нæй æмæ фæйнæрдæм ацыдысты. Мæн нæ фæнды ардыгæй ацæуын æмæ сæ иумæ дæр нæ комын: ам схъомыл дæн, стæй Ан- дрейимæ дæр, мæ лæгæй зæгъын, ам баиу кодтам нæ цард. Кæд сæ кæрты æрхъуыды кодтат дыууæ лæппуйы, уыдон мæ чызджы фырттæ сты. Куыддæр скъолайæ суæгъд вæййынц, афтæ ам æрбалæууынц... Мæнмæ æнахуыр нал каст нæ зæронд фысымы тар æнгас. Мæ мад æмæ не ’мбал ус дæр аджих сты... 80
ТУРСУНКÆ Хæдтæхæг куы стахтис æмæ мигътæ арф кæмдæр куы баззадысты бынæй, уæд чи стюрдессæмæ дзырдта, чи йе ’мбæлттимæ ныхасыл фæци. Мах дæр, æз æмæ ме ’ртæ æмбал чызджы нæ ныхæстæн кæрон нал кодтам. Стæй иууыддæр банцадысты. Махæй дæр- алчи йæ хъуыдыты ацыдис. Рæстæггай ма-иу мæ хъустыл ауадис, кæдæм тахтыстæм, уьщы горагты ном — Ашхабад. Дзæвгар рæстæг рацыд, афтæмæй та ме ’мбæлттæй чидæр сдзырдта: — Хъасби!.. Нæ бынмæ мигътæй сыгъдæг уыд, æмæ нæм дзæбæх зынд денджыз — æнахуыр сæрыстырæй йæ уылæнтæ рахæсс- бахæсс кодта дыууæрдæм. Хæдтæхæгæй рахызтыстæм. Æризæр. Ам митæн йæ кой дæр нæ уыд, Мæскуыйы та ма миты рæгътæ хъæпæнæй лæууыдысты. Хъарм дымгæ ныл узæлыд. Сыфтæр, куыд æмбæлы, йæхи афтæ нæма аивæзта, къухтыл ныхæсыд. Æнæзонгæ ныхас хъуысыд алырдыгæй. Цыма ма кæддæр хъуыстон ацы ныхас æмæ йыл ахуыр уыдтæн, афтæ мæм каст. Æмæ йæ æцæгæйдæр хъуыстон. Сывæллоны зæрдæ ницы рох кæны. Мæ сабидуг цы ран арвыстон, уый адæ- мы ныхасимæ æнгас у ацы адæмы ныхас дæр. Æмхуызон сты сылгоймæгты даргь æмæ алыхуызон дарæс дæр. Нæ фысым агуринаг нæ уыд. Немæ цы чызджытæ уыд, уыдонæй иуы, Огультачы, уазджытæ уыдыстæм. Иумæ ахуыр кодтам. Огультач нæ разæй араст. Йæ цин ыл зынд алцæмæй дæр: йæ æнæфсон худтæй, йæ тындзгæ цыдæй, йæ палто кæй раласта æмæ йæ рогæн йæ цонгыл куыд хаста, уымæй дæр. Нæ бацыдмæ Огультачы бинонтæ иууылдæр хæдзары уыдысты. Мад æмæ фыды раз бадтысты, иу аст азы кæуыл цыд, ахæм чызг æмæ уымæй кæстæр дыууæ лæппуйы. Сæ хистæр хойыл амбырд сты, стæй махмæ, æнæзонгæ чыз- джытæм, кæсыныл фесты. Мах лæууыдыстæм дуаргæрон кæрæдзийы фарсмæ. Лæг æмæ ус цыдæр сдзырдтой не ’мбалмæ, æмæ нын уый худгæйæ нæ цæнгтыл фæхæцыд. — Цы слæууыдыстут дуаргæрон! Мæ мад æмæ мæм мæ фыд хæцгæ кæнынц, де ’мбæлтгы къæсæргæрон цы ныууагь- тай, зæгъгæ. (у Адæймаджы фæд 81
Бинонтæ бахъæлдзæг сты. Огультачы фыд, Каракумты къанауы кусæг, нае хæдразмæ æрбацыд куыстæй. Хурсыгьд æмæ йын змисæй хост цæсгом. Йæ мад къæсхуыртæ сылгоймаг, æнцад хъуыс- та, фыд нæ куыд^ фæрстытæ кодта нæ ахуырæй, нæ фæндагæй, уымæ. Йæ цæстытæ цин æмæ рæвдауæг æнгас лæвæрдтой. Гьтццыл ма абадпысгæм, сгæй рацьшьгстæм æндæр агьуыстмæ. Огультачы мад нын уырдæм хæринаг æрбахаста. Стæй та дуар æрбайгом, æмæ æрбацыд йæ гыццыл хо Турсункæ, цайдан йæ къухы, афтæмæй. Æмбаргæ худт бакодта йæ хистæр хомæ, уый дзы йæ цинæйдзаг цæстытæ нæ иста, уый бафиппайгæйæ. Цай нын æркодта æмæ къæсæргæрон гауызыл æрбадт. Йæ уæрджытæ йæ хъæбысы æрбакодта æмæ нæм афтæмæй каст. Арæх мæ бафтауы дисы хъæуккаг сывæллæтты цæстæнгас: къахыл цæуынхъом куы фæвæййынц, уæд æппын ницы, фæлæ бинонты цумагæнæн свæййынц. Бинонтæ истæуыл куы фæтыхсынц, уæд уыдоны цæстæнгас дæр февдисы æнкъарддзинад. Æмæ ахæм уыд Турсункæ дæр. Огультач мын цыма мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау сдзырдта: — Æз ахуырмæ куы ацыдтæн, уæдæй нырмæ, хæдзары цы куыст ис, уый ацы чызджы æккой и: пырындз сыгьдæг кæнын, суджы æргъом æрбахæссын, хæдзар æфснайын, нæ гыццыл æфсымæрты хъахъхъæнын. Сæхи æвзагыл Турсункæмæ сдзырдга, æвæццæгæн æй ма- химæ бадын кодта, фаглæ уый йæ сæр дыууæрдæм батыддга. Мæн фæндыд, тагьддæр куы сбон уаид, уый, нæ алы- варс цыхуызæн у, уымæ акæсын, æмæ куы схуыссы- дыстæм, уæддæр ма бирæ рæстæг кастæн, мæйы рухсмæ царыл цы нывæфтыдгæ зындис, уыдонмæ. Райсомæй хурбон уыд. Огультач нын хæдзары дарынæн радта йæхи даргъ къа- батæ. Кæртмæ рацыдтæн. Мæ рог къаба мын дымгæ куы иуырдæм фæцæйхæссы, куы иннæрдæм. Ахызтæн дыргь- донмæ. Дыргъбæлæстыл фæбæрæг уалдзæджы æрбалæуд. Æнæзонгæ, ахуыр кæуыл нæ уыдтæн, ахæм диссаджы тæф былтыл уадис. Уый гранаты къаннæг бæлас рафтыдта ди- динæг. Иу цæхæрадонæй иннæйы астæу быруты бæсты уыд æрмæстдæр ауæдзтæ арæзт, æмæ хорз зындысты сыхаг хæдзæрттæ. Алчи йæ райсомы зилæнтæ кодта. 82
Хъæуæй гыццыл дардцæр зьщцысты ныллæг рæгьты хуызæн обæуттæ. Уыдон уыдысты Каракумы æнæкæрон быдыртæ. Сæ сæрмæ-иу дымгæ змис систа æмæ-иу æй фæцæйхаста. Æртыккаг бон араст стæм Фирюзамæ, туркменты бæстæйы рæсугьддæр рæтгæй иумæ. Автобусы дзæвгар фæцыдыстæм. Бирæ цæуын нæ нал хъуыд, афтæ нæ арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой. Уырдæм хæрзхæстæг уыд арæн. Уæлдай ныхас ничи кодта, цыма кувæндоны къæсæрыл бахизынмæ хъавыдыстæм. Алчидæр йæ паспорт равдыста. Бон нæма стæвд рагуалдзæджы хурæй, фæлæ Фирю- зайы æмбисонды рæсугъд æрдз ноджы фидауцджындæр кодтой цæхæрадæтты зарæг цъиутæ. Арæн... Цавæр хъуыдытæ равзæры адæймагмæ дæ разы! Райгуырæн зæххы кæрон. Адæймаг йæ цард кæй тыххæй нæ бавгьау кæны, уыцы зæххы кæрон. Стыр у ацы арæн. Цæуы Копет-Дагъы рæгътыл. Сæ фаллаг фарс дæр цæры адæм, фæллой кæнынц. Уым дæр уарзынц, зонынц цин æмæ хъыг... Нæ балц кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ та ацы- дыстæм Каракуммæ. Уыцы бон Огультачы мад кусынмæ нæ ацыд æмæ немæ æрбамбал Турсункæ дæр. Цыд мæ фарсмæ. Мыййаг дын кæрæдзийы ныхас куы нæ æмбæрстам, фæлæ мын Турсункæ уæддæр цымьщисхуызæй цыдæртæ дзырдта. Цыма исты агуырдтам, уыйау цыдыстæм иу змисы рагьæй иннæмæ. Бæрзонддæр рæгьтыл ныл-иу дымгæ йæхи асæрфта, фелвæста-иу змисæй, æмæ-иу æй нæ цæсгæмтгыл бакалдта.Турсункæ дæр не ’мдзу кодта, фæсте нæ задис. Уæлæмæ хизгæйæ-иу æм мæ къух ныддардтон, фæлæ та-иу æй уый нæ бакуымдта. Йæ лыстæг къæхтæ-иу змисы аныгъуылдысты, фæлæ-иу сæ рæвдз фелвæста æмæ та-иу нæ раййæфта. Фæндыд нæ, нæ сæрмæ цы бæрзонд змисы рагъ уыд, уырдыгæй акæсын. Нæ разæй чи цыд, уыдонæй чидæр фæкалд. Змис фезмæлыд æмæ нæ скъæфаг донау дæлæмæ ахаста. Бæстæ худт сси. Худт Турсункæ дæр. Йе ’мбаргæ адæймаджы æнгас цыдæр фæцис æмæ худт зæрдæбынæй, сывæллон куыд фæхуды, афтæ, æмæ фæстæмæ цæугæйæ дæр мæ цæстытыл уад, рæсугьдæй цы федтам, уымæй уæл- дай гьщцыл дæрзæгкъух чызг Турсункæ. Мæ цæстытыл уад; уьпда^бон’р^уьщ худтис, афтæмæй.
Этюдтсе ДЗАБОЛАТЫ ХАЗБИ Мин фарастсæдæ æхсай дыккæгæм аз. Максим Горь- кийы номыл Литературон институт. Ахуыры аз райдыдта æмæ æз дæр фыццæгæм сентябры бахызтæн, бирæ фыссæг- фæсивæды фембæлдтæн æвдисæн чи уьщ, уыцы институты къæсæрæй. Цас хъуьщытæ æвзæрдис адæймаджы сæры! Æхсызгонæй зонгæ кодтой кæрæдзиимæ алы адæмты фыссæг-фæсивæд! Цас хабæрттæ кодтой кæрæдзийæн! Æниу сын иу бон нæ, фæлæ бирæ рæстæг дæр нæ фаг кодта. Æппынфæстаг алчидæр æрлæууыд йæ хъуьщдаджы сæрыл æмæ сæ ныхасмæ нал æвдæлд. Зыдтон, ме ’мзæххон Дзаболаты Хазби дæр уым ахуыр кæны, уый, фæлæ цæмæндæр фæстиат кодта Ирыстоны æмæ ахуыры азы райдианмæ нæ фæзындис. Иу бон институтæй куы ’рбацыдтæн æмдзæрæнмæ, уæд мын ме ’мбал, абазинаг поэтессæ Мирæ Тлябичева, загьта: — Дæ иузæххон æрцыд æмæ дæ агуырдта. Æрбацæудзæн та дæм. — Куыд нæ цин кодтон мæ алы рæтгæй æрцæуæг æмбæлттыл, фæлæ уæддæр иузæххон, зæгьгæ, куы фехъуыс- тон, уæд мын уæлдай æхсызгондæр уыд. Махмæ цырагъ цы афон ссудзынц, уыцы афон ма Мæскуыйы та дзæбæх рухс уыди, афтæ нæм Хазби дыккаг хатт æрбацыд. Нал хъуыды кæнын нæ базынды ныхæстæ, фæлæ Хазби йæхæдæг мæ цæстытыл хорз уайы. Асæй рæстæмбис, дзу- рыныл тынг æнувыд нæу, уый кæуыл зынд, йæ ахæм ныхас. Уыцы бонæй фæстæмæ-иу мыл куы амбæлд, уæд мæм- иу цыфæнды æнæвдæлонæй дæр фездæхт. Бафарста мæ-иу мæ ахуырæй, Ирыстонæй мæм цытæ фыссынц, уыдæттæй. Цæугæ дæр нæм-иу арæх æрбакодга. Мирæимæ нæ-иу иумæ- йаг фæрстытæ бакодта, цы хабæрттæ нæм ис, уыдæттæй. Не стьолыл-иу цы чингуытæ кастыстæм, уыдонмæ фæкаст, 84
стæй та-иу, «цæй, уæдæ», зæгъгæ, рацыд. Бæлвырд — йæ уæлæдарæс, йæ алы хъуыддаг. Тынг хорз зæрдæ дардтой Хазбимæ иууылдæр: ахуыргæн- джытæ, студенттæ. Уый æмбæрстон, мæхæдæг цы уыд- тон, уымæй уæлдай ма йемæ чи ахуыр кодта, уыдоны ныхæстæй, йæ лымæндзинадæй адæмимæ. Æмæ къорд азы фæстæ Мæскуыйы абхазаг поэт Мушни Ласуриаимæ куы амбæлдыстæм, уæддæр мын йемæ сдзурын зын уымæн уыд: мæ зæрдыл æрбалæууыд сæ лымæндзинад, Хазби нал ис, уый. Мушнийы ныхæстæ дæр уымæн æнкъард уыдысты Хазбийы коймæ,— зын ын уыд дзурын. Зыдтон Хазбийы иннæ æмбæлтгы дæр, йæ тæлмацгæн- джытæй иу — Николай Рубцовы. Коляимæ мах иу курсы ахуыр кодтам. Курдиатджын поэт, мæ цæстытыл уайы йæ мид- былхудт ныхас кæнгæйæ, фæлæ цæуыл? Йæ зæрдæйы стыр хъизæмаримæ чи ’взæрд, уыцы æмдзæвгæтыл нæ, фæлæ æнæуи хуымæтæг хъуыддæгтыл. Æмæ ацы дыууæ курдиат- джын поэты бамбæрстой кæрæдзийы зæрдæтæ. Тынг хорз ахуыр кодта Хазби. Фæлварæнты рæстæг нæм- иу арæх нал цыд, нал-иу æй æвдæлд. Иу бон нын, Хазбиимæ чи ахуыр кодта, уыцы чызджытæй иу худгæйæ радзырдта, абон, дам, Хазби фæлварæны би- лет систа æмæ йæ ахуыргæнæг, йæ билет кæцы номыр у, уымæй куы бафарста, уæд, дам, йæхицæн ныхъхъус. Рæстæг цæуы, фæлæ Хазби ницы дзуры. Стæй, дам, хъæрæй ныххудт. Ахуыргæнæг æй, цæуыл худыс, зæгъгæ, куы бафарста, уæд, дам, дзуапп радта: — Ацы билет нæ сахуыр кодтон, æмæ мæм уый æрхаудта. Тынг лымæн уыдысты Хазбийы курс. Тынг куыстуарзаг фæсивæд сæ хуыдтой иууылдæр. Фæстаг ахуыры аз сын кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, дипломтæ хъахъхъæ- нын куы райдыдтой, уæд-иу арæх бадтысты иумæ. Куы иу ранæй, куы иннæ ранæй-иу хъуысыд сæ хъæлдзæг ныхас. Тагъд кæрæдзийæ хицæн кæндзысты, уый сæ рагацау æрхæндæг кодта æмæ ноджы лымæндæр, æнувыддæр код- той кæрæдзиуыл. Сæ иу ахæм фембæлдмæ мæн дæр бахуыдтой æмæ нæ уыцы ран Хазбиимæ ракафын бахъуыд. Хазби рог фесхъиудта, стæй уæздан хонгæ кафт ракод- та, æмæ уый дæр бирæ хатт ауайы мæ цæстытыл. Уагæры ма йын музыкæ куы уыдаид! Æмæ кафтæн дæр Хазбийы удыхъæдæй атонæн нæй. Царды рæсугьддзинадæй цы ис, уымæн ахицæнгæнæн нæй, 85
хъæздыг зæрдæ кæмæн ис, ахæм адæймагæй. Рæсугъддзи- над та у куысты цин дæр, уæздан кафт дæр, мæргьты стахт дæр æмæ царды ноджы бирæ цыдæртæ. Æмæ уыцы цинтæй алкæй узæлдæй дæр æвзæрыдысты Хазбийы æмдзæвгæтæ, йæхийау уæздан æмæ зæрдæбын. Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын, Никуы никæуыл рацæуын хинæй, Æмæ амондцжын уымæй фæкæсын Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ. ИРОН ЧЫНДЗАГ Ныхасæн, дам, аргь нæй, фæзæгъынц. Кæдфæнды йæ фехъус. Цас фæнды йыл рацæуæд, уæддæр ын адæймаджы хъуыдыйæ æнæ раленкгæнгæ нæй. Ахуыры рæстæг фыццагдæр кæимæ базонгæ дæн, уыдонæй иу уыд хъæрæсейаг фыссæг Халимæт Байрамукова, Мирæ Тлябичеваимæ иу республикæйæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йын фыццаджыдæр йæ кой уымæй фехъуыстон. Литературон итституты цы уæлдæр курсытæ ис, уыдонæй афтæ, уым, дам, ахуыр кæны. Уый фæстæ базонгæ стæм, æмæ Ирыстонæй дæн, уый куы базыдта, уæд йæ цæстыты фæзынд, йæ нысан фæстæдæр кæмæн базыдтон, уыцы рухс. Радзырдта мын, Къостайы ном чи хæссы, ирон адæм Лабæ кæй хонынц, уыцы хъæу сæ тæккæ раз кæй ис, бирæ кæй уарзы ирон адæмы, уыдæт- ты тыххæй. Хъæрæсейæгты тыххæй йæ куы бафарстон, сæ культурæ, се ’гьдæутгæй, уæд дæр та мын загьта цыбырæй: — Ирæттæм дæр ма бакæс æмæ хъæрæсейæгтæм дæр. Æмæ уый бакастæй, национ дарæс æмæ кæфтытæй, суанг нæмтты æмхуызондзинадæй нæ загъта Халимæт, фæлæ фыццаджыдæр удыхъæдæй. Халимæт — зындгонд фыссæг. Æфсæрмы йæм кодтон мæ радзырдтæй исты бакæсынмæ радтын, фæлæ мын иу бон афтæ куы загьта, дæ радзырдтимæ ма мæм æрбацу, зæгьгæ, уæд æм бацыдтæн. Æз уыцы рæстæг фыццаг хатг сæмбæлдтæн Кавказы иннæ нациты минæвæрттыл, æмæ- иу мæ цæст уайтагьд ацахста, ирон адæмимæ сын цы иудзи- над ис, уыдон. Салам радтыны æгьдæутгæ, бацин кæнын 86
æмæ афтæ дардцæр. Уæлдайдæр ма æнахуырæй тынг мы- сыдтæн нæхимæ æмæ уæддæр, Халимæтмæ бацæугæйæ мæм афтæ фæкаст, цыма мæм дзы дымгæйы аузæлдау цыдæр, тынг ахуыр кæуыл уыдтæн, хорз зонгæ мын чи уыд, ахæм хъæрмад ракалд. Уый банкъардтон, Халимæт мын куы сыстад, иу къухæй мын мæ къух куы райста, иннæмæй мæ æрбахъæбыскæнгæйæ мидæмæ куы бакодта, уæд. Йæ цæстæнгасы, йæ мидбылхудты. Дыууæ цыбыр радзырды бакæсгæйæ Халимæт загъта: «Куыд уынын, афтæмæй Езетхан æнæ фæстиуджытæй нæ баззад». Раппæлыны хуызы не ’рымысыдтæн, мыййаг, Ха- лимæты ныхæстæ, фæлæ стыр аргь цы фыссæгæн кодтон, бирæ хатт-иу мæ зæрдыл чи æрлæууыдис, Уырыймæгты Езетхан, æмæ-иу, нал ис, зæгъгæ, кæуыл хъыг кодтон, æгасæй кæй нæ базыдтон, уый кой мын кæй ракодта Ха- лимæт, æхсызгон мын уый уыд. Мæ зæрдæмæ тынг цыдысты Халимæты зæрдæмæхъаргæ радзырдтæ, йæ поэзи. Æвæццæгæн æмæ мын, уыцы рæстæг цы фыста, уыдон иууылдæр бакаст Халимæт, афтæ арæх æмбæлдыстæм. Бирæ-иу дзырдтам литературæйыл, нæ фысджыты уацмыстыл æмæ æндæр хъуыдцæгтыл. Халимæты радзырдтæй ауадысты фыццаг хатг мæ цæсты- тыл, фагззæг кæрдæгхуыз чи свæййы, Хъубаны уыцы гуылфгæнæг дон æмæ Хъæрæсейы хæхтæ. — Уый фæстæ сæ федтон Лабæмæ бацæугæйæ. ...Фæндаджы галиу фарсæй гыццыл фалдæр, уæлæда- рæсы фæдджитæ иуварсмæ чи фескъæфы, уыцы фæззыгон дымгæ йын цыма йæ нымæт йæ уæхсчытæй аппардзæн ныртæккæ, уыйау «цыд» дурæй арæзт Къоста. Цыма уæлæ хæрдмæ фидарау чи фæцыд, уыцы хъæдмæ та сарæзта йæ ных, уыйау цæуы, цæуы.... Цыма йæ ахоргæ счынди, уыйау алыхуызон фæззыгон хъæд, йæ рæзты кæмæн æрбацыдыстæм Мирæимæ, уыцы размæ тындзæг дон Хъубан. Æмæ та мæ зæрдыл æрлæууыд Халимæт, фыццаг хатт куы сæмбæддыстæм, уæд йæ ны- сан кæмæн нæ бамбæрстон, йæ цæстæнгасы уыцы цины фертгывдимæ, кæцæй дæн, уый базонгæйæ — ирон чындзаг уыд Халимæт, фæлæ цы загьдæуа хæстæн... Фæмард, кæмæ æнхъæлмæ каст, уый. 87
РÆСТÆГ Æз ардæм хионы цыд æрбакодтон, адæймаг йæхи хæдзармæ куыд бацæуы, ахæм барджын цыд. Кæрт, æз æй цы хуызæнæй хъуыды кодтон, уымæй аивта. Бæлæстæй æрыгондæр чи уыд, уыдон фæбæрзонддæр сты æмæ ма сæ астæуæй зынд арвæй иу чысыл гæбаз. Æддæг-мидæг цы къахвæндæгтæ ауад, уыдон кæрæтты цы къудзитæ уыд, æмæ даргъ бандæттыл хъæбысгæнæгау æртымбыл сты. Ам куы ахуыр кодтон, ууыл кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр мæм афтæ каст, цыма мæм рудзгуытæй зонгæ цæсгæмттæ фæзындзæн. Дуаргæс сылгоймагæн салам радтон æмæ хьуамæ раздæ- рау уыциуцыдæй мидæмæ бацыдаин, фæлæ мæм куы сдзырд- та, кæдæм цæуыс, зæгъгæ, уæд фæлæууыдтæн. Уый мæн нæ зыдта æмæ ныхас ныхасы ракъахта... — Ам ахуыр кодтон. — Æцæгæлæтты нын мидæмæ уадзыны бар нæй. — Æмæ, — зæгъын, — æз... — Æмбарын дæ, фæлæ нæм ахæм уагæвæрд ис. — Ахуыргæнджытæй ам ничи ис? — Фæлварæнтæ фесты æмæ ма сæ искуы иу хатт исчи фæзыны... Иудзæвгар алæууыдтæн. Мидæмæ æмæ дзы æддæмæ цæуæг æцæгдæр арæх — нæ. Нымдзаст дæн иу ранмæ. Дымгæ рыг æмæ сыфтæ æрбассывта, стæй сæ фæстæмæ апырх кодта. Уый дæр кæрт æдзæрæгхуыз кодта. — Аиу уæд та... дард кæцæвдæр æрбадзурæгау мæм фехъуыст дуаргæсы ныхас. Гыццылæй-иу искæй схъæрæй куыд ауынгæг мæ зæрдæ, афтæ уыцы уысм дæр мæ хъуыр ахгæдта, фæндыд мæ фæтæргай уæвын, «нал цæуын» зæгьгæ, фæлæ аив нæ уыд æмæ мидæмæ бахызтæн. Дыккаг уæладзыгæй асинтыл мæ размæ æрцæйцыд, æрмæстдæр цæсгомæй кæй зыдтон, уыцы ахуыргæнджытæй иу. Никуы нын ницы лæвæрдта, фæлæ мын уый уæддæр, мæ зонгæтæй фыццагдæр кæуыл фембæлдтæн, уый уыд æмæ мын æхсызгон уыд йæ фенд. Салам ын радтон. Иу уысм мæм, уæдæ кæцы уа, зæгъгæ, фæкаст, стæй мæ ба- зыдта æмæ мæм нæма æрхæццæ, афтæмæй йæ къух мæ къух райсынæввонг æрцæйхаста. Бацин мыл кодта, цæмæйдæрты мæ бафарста, афтæмæй мемæ тыргъты ба- цыдис. Кæмæндæр мæ бацамыдта. 89
Цæуæм дарддæр, стæй йæ æз баурæдтон, кæд æнæвдæлон у, мыййаг, æмæ æфсæрмæй цæуы мемæ, зæгъгæ. — Мæн фæндыд ацы хæдзары къуымты иунæгæй азилын, адæймаг йæ сабийы бонтæ кæм арвиты, уыцы хæдзармæ бирæ азты фæстæ æрæфтгæйæ куыд азилид, йæ уарзон хъазæнтæй ма кæд исты ссарид, зæгьгæ, уыцы хъуыдыимæ, уыйау. Ахуыргæнæг мæ бамбæрста æмæ мын бирæ ныхæстæ нæ, фæлæ сабыр «цу, цу...» зæгъгæ, загьта, æмæ йæ кæм ныу- уагьтон, уым ма цасдæр фæлæууыд. Æз бацыдтæн талынггонд нарæг тыргъы. Мæ фæндаг мæм зынд, æрмæст йæ иннæ кæроны цы рудзынг уыд, уый рухсæй. Ничи мыл сæмбæлд, ничи мыл скъуырдта йæхи, ахуыры рæстæг куыд вæййы, афтæ. Дыккаг уæладзыджы асинтæй схизæны лæууыдысты цаддæрæй. Дыууæ дзы — чызджытæ. Сæ иу, цыма зæххыл хъуыдцагæй цыдæриддæр ис, уыдон уый зондæй сырæзи- наг сты, ахæм æнгасимæ дымдта тамако. Сæ рæзты бацыдтæн суанг тыргьы кæронмæ. Иучысыл алæууыдтæн, стæй сындæггай рацыдтæн. Рацыдтæн, æмæ кæй æрбацыдтæн ардæм, ууыл цæмæндæр фæфæсмон код- тон. — Мæн фæндыд рæстæджы цалх бауромын, мæ къах- иу кæм æрæвæрдтон, уырдæм фæстæмæ æрыздæхгæйæ алцы дæр куыд уыд, афтæмæй æрæййафын. Фæлæ куыд ис цард бауромæн? Цы уаид адæймаг æнæ фидæн? Куыд саргъ кæнид йæ абонæн, ивгъуыд рæстæг куы нæ уаид, уæд? Фæлæ мæнæн уæддæр мæ хъуыр æхгæдта, рæстæг кæй цæуы, адæймаг æвзонг кæй нал вæййы, кæдæм æрбацыдтæн, уым кæй зыдтон, уыдонæй кæй ничиуал ис, уыдæтты тыххæй. Фæстæмæ та талынггонд тыргъты рацыдтæн. Дуаргæ- рон та мæм дуаргæс цыдæр сдзырдта. Æз ын дзуапп нæ радтон æмæ рацыдтæн.
СÆРГÆНДТÆ: Адæймаджы фæд 3 Сыхæгтæ 10 Сыгьдæгдоны ’ртæхтæ 12 Æмбисæхсæв 15 Уый Хадзысмел уыд 17 Глазикъаба 23 Амонд 26 Йæ ном мын Хадизæтхуынд 30 Фыстæг 33 Уаддзæджы улæфт 41 Езетханыцин 44 Уарзæтгæ 47 Бон цæуы æмæ фарн хæссы 51 Хъасболат 54 Æнахуыризæр 55 Маст 59 Дæ цæсты рухс мын æрттива 66 Мæгыццылхо 69 Адæймагæй адæймаджы ’хсæн 72 Нæзæрондфысым 78 Турсункæ 81 Этюдтæ Дзаболаты Хазби 84 Ирончындзаг 86 Рæстæг. 89
Литературно-художественное издание ТОМАЕВА МИШУРХАН МИСИРБИЕВНА След человека Рассказы на осетинском языке. Редактор С.З. Хугаев Художник Б.Г. Дзиов Художественный редактор Г.З. Чнеджемты Технический редактор А.В. Ядыкина Корректор Т.А. Казбекова Компьютерная верстка Д.О. Амбалова Сдано в набор 12.09.02. Подписано к печати 03.03.03. Фор- мат бумаги 60x841/16. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта <<Т1те$». Печать офсетная. Усл. п.л. 5,34. Учетно-изд. л. 4,60. Ти- раж 500. Заказ №32. С 6. Комитет РСО Алания по печати и делам издательств. Издательство «Ир», 362040, Владикавказ, проспект Мира, 25. Республиканское издательско-полиграфическое предприя- тие им. В.А. Гасиева, 362011, Владикавказ,. ул. Тельмана, 16