Автор: Плиев С.  

Теги: пьесы  

ISBN: 5-7534-0638-6

Год: 1992

Текст
                    ЛЛИТЫ СОЛТАН
рынчын
Иуактон пъесæтæ
ДОÆУД/ШХЪÆУ «ИР» 1991


840сет П57 Плиты Солтан П 57 Хинæйдзаг рынчын: иуактон пье- сæтæ.—Дзæуджыхъæу: Ир, 1992— 124 с. Плиев Солтан. Мнимый больной; одноактные пьесы. 15ВЫ 5-7534-0638-6 В сатирических пьесах автор высмеивает нерадивых учителей, хапуг, лодырей, спеку- лянтов. 4702470000—105 П 23—91 840сет М131(03)—91 15ВЫ 5-7534-0638-6 © Плиев С. Н., 199Р
ДЖАМБОТТЫ ФÆСМОН Иуактоп дыууæнывон комеди Архайджытæ: Джамботт — инвалидты артелы сæрдар. Микъитт — хилдасæг, Джамботты хæрæфырт. А х м æ т — парторг. Б е ч ы р — фыййау. Ц æр а ) Ф а н а з ( ~" хъæУкКаг лæппутæ. Фыццаг ныв Джамботты кусæн уат. Джамботт бады стъолы фарсмæ æмæ архайы гæххæттытимæ. Д ж а м б от т. Цас хъуыддæгтæ та ис, цас!.. Лæгæн йæ сæр куыройы цалхау разилы алы .æнахъинон куыстытæй!.. Ай цавæр иивалидты -артельмæ æрбахаудтæн!.. Æмæ дзы ноджы цы адæм æрæмбырд ис кусынмæ! Мæ хуызæн саг- сур лæг дзы йæхицæн аккаг æмбалæн кæй рав- зара, иу ахæм адæймаг дæр иæй. (Иæ къухмæ систа иу гæххæтт æмæ йæм кæсы.) Ай та мæ .хæрæфырт Микъитты курдиат у. Кæдæй мын 3
дзуры, куыст мын ссар, зæгъгæ... Цæй æмæ уал: амæн саразон йæ хъуыддаг. Хорздзинадæй йæм ницы ис, фæлæ мæ хæрæфырт уæддæр у! Уæдæ ма йæм хуыздæр чи фæкæса? Иннæ адæм мык уый бæрц æфсæрмыйаг не сты. Ныртæккæ йæм арвитын хъæуы сæхимæ, кæннод ын замманай- хилдасæджы куыст ирвæзы. Тагъд фæзынинаг бæргæ уыд йæхæдæг дæр, фæлæ кæм фесæфт— хуыцау йæ зонæг... (Æрбахостæуыд дуар.) Ми- дæмæ! (Æрбацæуы Цæра). Ц æ р а. Дæ бонтæ хорз! Джамботт (æрæджиау). Æгас цу! Цæра. Бахатыр кæн, куыстæй дæ не ’вдæ- лы, уый уынын, фæлæ дæм иу æхсызгон хъуыд- даджы тыххæй æрбацыдтæн! Джамботт (цыдæртæ фысгæйæ). Цавæр* æхсызгои хъуыддаг у уагæр? Ц æ р а. Æз хæстæй сыздæхтæн, мæ къах фæ- сахъат, афтæмæй... Джамботт (Цæрайы ныхас айсгæйæ). Æмæ мах къæхтæ аразджытæ куы не стæм. Цæра. Къæхтæ аразджытæ не стут, стæй уын къах дæр нæ аразын кæнын, фæлæ дæм куыстагур æрбацыдтæн, æмæ мын уыцы хъуыд- даг сараз. Джамботт. Саразæн цы хъуыддагæн уа,. уымæ нæ фæзивæг кæндзыстæм. Фæлæ цавæр куыст агурыс? Цæра. Куысты тыххæй уæ парторг Ахмæ- тимæ ныхас кодтон æмæ мын загъта, хилдасæг уæ хъæуы, зæгъгæ. Джамботт (йæ сæр мæсты ист фæкæн- гæйзр). Цавæр хилдасæг? Ц æ р а. Хилдасæг цавæр вæййы, ахæм. Сæр- магонд курсытæ дæр каст фæдæн. (Йæ дзыппæй 4
сисы гæххæтт æмæ йæ Джамботты раз æрæвæ- ры). Д ж а м б о т т (гæххæтмæ æркæсгæйæ). Æмæ кæд пæ артелы кусджыты бынæтты се ’ппæты дæр хилдасджытæ сæвæрон, уыййеддæмæ мæн иу кусæг хъуыд æмæ йæ абон райстон! Цæра. Уæууа! Æмæ кæй райстай? Джамботт. Уый та ма дæ хъуыддаг у?! Райстон иу кæйдæр. Цæра. Æмæ мын уæдæ Ахмæт стыр ныф- сытæ куы сæвæрдта, дæуæй раздæр никæй райс- дзыстæм, зæгъгæ. Д ж а м б о т т. Гъемæ Ахмæт артелы сæр- дар ,куы суа, уæд-иу дæ райсæд куыстмæ. Ныр- тæккæ та уал æз дæн хицау æмæ дын иронау загътон, куыст мæм нæй, зæгъгæ! Цæра (йæ гæххæтт райсгæйæ). Цæй, баха- тыр кæн уæлæ. (Ацæуы). Джамботт (тамако сдымы). Ничи йæм хъусы? Мæ къах, дам, фæсахъат... Цыма йын мæн тыххæй фæсахъат! Æфсады дзы дыууæ бо- ны чи фæвæййы, уый цыма бæстæ иннæрдæм афæлдахы, уый ныхæстæ райдайы!.. (Тыхсæ- гау.) Кæм фесæфтаид уæдæ уыцы Микъитт!.. Тагъддæр куы фæзынид, кæннод ык ацы Ахмæт йæ хъуыддаг халдзæн. (Æрбахостæуыд дуар.) Мидæмæ! (Æрбацæуы Микъитт.) Микъитт. Фарн дæ кабинеты, Джамботт! Джамботт. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ! Æгас цу, Микъитт! Дæ хорзæхæй, кæм фесæф- тæ? Мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты æнхъæл- мæ кæсынæй! Микъитт. Ау, æмæ нæ фехъуыстай, кæм уыдтæн, уый? Джамботт. Бауырнæд дæ, ницы фехъуы- стон.
М и къ и тт. Мæныл цы бæллæх æрцыд, уы- мæй хуыцау бахизæд дæу хуызæн уарзон адæй- маджы. Знон горæты хæрæндæттæй иуы мæ ра- гон зонгæтыл фембæлдтæн. Уыдон мын фыр ци- нæй раст цыты уазæджы уынд фæкодтой. Иу дзырдæй, афтæ банызтам, афтæ, æмæ ма ды дæр уым куы фæуыдаис! Ме ’мбæлттæ ма сæ къæхтыл тыххæй лæууыдысты, мæхи та æппын- дæр нал бахъуыд мæ къæхтыл лæууын. Мæ мидбынаты пъолыл ахаудтæн, стæй, дам, мæ чидæртæ милицæйы патрезвилкæйы цæвæрдтой. Джамботт (бахуды). Æмæ милицæйы цавæр пат... пат... резилкæ ис? Микъитт. Уæд та халадилник. Æмæ дзы раст дысон-бонмæ ме ’фсæртæ кæрæдзиуыл фæ- цагътон. Джамботт. Уæдæ уый æцæг бæллæхы куы бахаудтæ! Микъитт. Мæнмæ дзы фыдбылыз кæцæй не ’рцæудзæн!.. Цæй, уыдон иууылдæр хорз, фæ- лæ куысты хъуыддаг куыд у, Джамботт? Дæ хорзæхæй, исты* рог куысты мæ фæтъыс, мæн йеддæмæ ма дын хæрæфырт ис? Кæннод мæ колхозы хицауад цæрын н&л уадзынц! Джамботт. Цы дын сæ зæрды ис? Микъитт. Быдыры куыстмæ мæ агурынц, æмæ æз сау куыст мæ хæдзары куъг никуы ба- кодтон, уæд ма дын колхозæн кусын? Æниумæ бинонтæ æххормагæй сæ гæндзæхтæ куы цæгъ- диккой, уæддæр дын сау куыст бакæнин! Джамботт. Æз ма дæм ныртæккæ уæхи- мæ æрвитинаг уыдтæп, фæлæ æгайтма дæхæдæг фарзындтæ. Хилдасæджы куыст дын ссардтон, кæд дзы исты бакæндзынæ, уæд. Микъитт. Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ ’дар, Джамботт! Цыргъобауыстæн, æз булкъдаст 6
кæй акæнон, ууыл иу афæдз хъуын нал разай- дзæн! Д ж а м б о т т. Афтæ у? М и к ъ и т т. Бауырнæд дæ, афтæ! Дæхи дын- иу лæвар уæддæр ныддасдзынæн! Джамботт. Уæвгæ дасынмæ уæхи Къуыв- витты халамæрзæнау кæй дæ, уый зонын. Уæдæ бавдæл æмæ тæккæ ацы сахат кусын райдай, кæинод мæм хилдасджытæ иудадзыг куыстагур цæуынц. Ныртæккæ дæр та дзы иу ам уыди. Микъитт. Æмæ йын цы дзуапп радтай? Д ж а м б о т т. Цы дзуапп ын радтон! Куыст мæм нæй, зæгъгæ, йын афсон кодтон. Цæмæн радтон ахæм бынат искæмæн мæ хæрæфырты разæй! Æниу афтæ æнхъæлыс, æмæ мæ рох сты дæ хорздзинæдтæ, хæрæндоны ма куы куыстай, уæд? Микъитт. О... Ахæм цард та ма кæй къу- хы æфты. Уым дзæвгар æлвыдтон, бæргæ, фæ- лæ уæддæр тыхсын нæ хъæуы. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Джамботт. Ацу уæдæ, æмæ æвæстиатæй кусын райдай! Хилдасæн алцæмæй дæр рæвдз V. (Йæ дзыппæй сисы дæгъæл æмæ йæ радты Микъитмæ.) Мæнæ дын хилдасæкы дæгъæл. Микъитт (райсы дæгъæл). Стыр бузныг, Джамботт. Дæ хорздзинад мæнæй дæр рох нæ уыдзæн. (Ацæуы.) Джамботт (гæххæттытимæ архайгæйæ). Микъитты хъуыддаг уал бæргæ хорз сарæзтон, фæлæ атæппæт куыстытæн цы кæнон — нæ зо- пын. (Гæххæтт сисы йæ къухмæ æмæ йæ иуварс баппары.) Æииу оыл цьг тыхсын? Бирæ чи фæ- куыста, уыдон дæр амардысты. Тагъддæр рай- сын хъæуы отпуск æмæ баулæфын хъæуы ис- куы Сау денджызы был... Фæлæ отпуск дæр иу 7
мæй дæттынц лæгæн, æмæ цы у иу мæй мæ хуы- зæн лæгæн. Уæвгæ ууыл та цы тыхсын. Иу- дыууæ къуырийы та ма йæм мæхæдæг афтау- дзынæн, фæръгнчын дæн, зæгъгæ. (Æрбацæуы Ахмæт.) А х м æ т. Дæ хорзæхæй, Джамботт, уыцы лæп- луйæн цæуылнæ дæттыс куыст? Джамботт. Цавæр лæппуйæн? Ахмæт. Цæрайæн. Æрдæбон дæм цы ин- валид лæппу уыдис, уымæн. Джамботт. Æмæ йын кæд дæхи бынат дæттыс, уыййеддæмæ йын цавæр куыст раттон— нæ зонын. А х м æ т. Куыд цавæр куыст? Хилдасæг хъæ уы артелы, æмæ йын раттæм уыцы бынат. Джамботт. Байрæджы кодтай. Уыцы бы- наты кусæг ис. А х м æт. Чи дзы кусы? Знон дæр ма дзы куы ничи куыста. Джамботт. Дæлæ... Микъитт. А х м æ т. Микъитт, зæгъыс? Æмæ Микъитт цы бакæндзæн уыцы куысты? Кæд мын схилда- сæг и? Д ж а м б о т т. Хилдасæгæн та цас хъæуы! Цыргъ сæрдасæн алкæй хил дæр дасы. А х м æ т. Уый раст у, фæлæ цыргъ сæрдасæ- нимæ алкæй къух нæ арæхсы. Уымæ гæсгæ рай- сын хъæуы, хилдасæджы дæсныйад кæмæ ис, ахæм кусæг. Партийы фæдзæхст дæ зæрдыл нал лæууы? Кадртæ лæмбынæг æвзарын хъæуы куыстмæ. (Æрбады бандоныл). Джамботт. Цæй, хорз! Бынтон лыстæгæй йæ куы райдыдтай луарын! ’ Ахмæт. Æмбæлгæ дæр афтæ кæны. Æв- зæр кусæг цы æхсæнадмæ бацæуа, уым æппæт куыстыл дæр фæстæмæ хæцы.
Джамботт (йæ бынатæй фестгæйæ). Æз дын цы зæгъин, уый зоныс, Ахмæт? Æгæр бирæ бартæ ма ис дæхимæ! Парторг дæ, зæгъгæ, уæд дæу йеддæмæ ничиуал ницы æмбары?! Нырма æз дæн хицау, стæй мæ бынатмæ куы бахизай, уæд-иу уынаффæтæ кæн! Ахмæт. Æмæ дын дæ бынат нæ исын, мый- йаг, фæлæ нæ артелы куыстæн æмхуызон дзуапп дæттын кæй хъæуы, уый дæ рох ма уæд. Стæй дæ рох ма уæд, Микъитты Цæрайы разæй куыст- мæ кæй райстай, уый дæр адæмы зæрдæмæ кæй нæ фæцæудзæн! Джамботт. Æмæ кæм фыст и, Микъитт кусгæ ма кæна, зæгъгæ? Ахмæт. Уый фъгст никуы ис. ФæлæМикъитт Цæрайау йæ туг хæсты быдыры нæ ныюкалдта, Микъитт инвалид нæу, мах та инвалидты арте- лы разамонджытæ стæм æмæ нæ артельмæ хъуамæ раздæр-раздæр инвалидты исæм, уæл- дайдæр та хæсты быдыры чи фæсахъат, уыдон. Æппынфæстаг, Микъитт кæны сайæн куыст. Дæ зæрдыл нал лæууы, хæрæндонæй йæ цæй тых- хæй ратардтой, уый? (Тыхджын æрбахостæуы дуар.) Джамботт. Мидæмæ! (Æрбацæуы, загъдгæнгæ, Фаназ, йæ сæр пыхцылтæ, æвзæр æлвыдтытæ.) Ф а н а з. Сæрдар уæ чи у? Джамботт. Æз дæн. Цы хабар у? Фаназ (амоны йæ сæрмæ). Цы хабар уг цы! Уæ хилдасæг мын мæ сæрæй фæхынджылæг кодта! Æз ын фæдзæхсгæ кодтон, подполкæ мын сараз, зæгъгæ, уый та мын цы сарæзта, уый бæ- рæг дæр нал у. Йæхæдæг æм йæ ныфс куынæ- уал хаста, уæд мын æй бындзарыл фæцæйæл- выдта. Дæ сæр, дам, æгæр скæнк ис æмæ,дам,
дын æлвыд хуыздæр у йæ кæнк фесафынæн. Æмæ мæнæн мæ сæр кæнк у? Уый йæхæдæг æнæхъæнæй дæр чи срæмпæгхæрд ис, ахæм адæймаг у,æмæ йæ рагацау фесафут! Ахмæт (Фаназмæ). Хорз нæу, нæ хилда- сæг дын дæ сæр æвзæр <кæй сæлвыдта, уый, фæлæ, бафæрсын аипп ма уæд, ды чи дæ? Ф а н а з. Æмæ уæ уый та цæмæн бахъуыд? Джамботт. Хъæуы нæ, хъæуы! Кæд æм истæуыл хæрам дæ, уæд та? Ф а н а з. Цæуыл æм хæрам дæн, зонгæ дæр æй куъг нæ кæнын, уæд? А х м æ т. Уæддæр-иу куыд зæгъæм нæ хил- дасæгæн? Чи дзы хъаст кодта, зæгъгæ? Ф а н а з. Гъемæ-иу зæгъут: Нæкуысаты Фа- наз, зæгъ, дæ тынг хъаст кодта! Мæнæ, зæгъ, подполкæ саразыиы æфсон йæ сæрæй кæмæн фæхъазыдтæ, уый. Ахмæт. Æмæ кусгæ та кæм кæныс? Ф а н а з. Кусгæ? Гъе уый алкæмæй домгæ хъуыддаг нæу. Адæм се ’ппæт кусгæ нæ кæнынц. Мæнæн афтæ дæр æвзæр цард нæй. Иу поэты загъдау: Лрахъхъæй гуыбын цух нæ вæййы, Хъæубæсты бирæ ис бæркад! Куывд дæр мæ рохуаты нæ зайы! Цæл, минас алы ран дæр фаг!.. Стæй нæ хъæуы æппындæр куы нæ уа куывд кæнæ чындзæхсæв, уæддæр ницæмæй тæрсын. Нырма мæ мад æмæ мæ фыдæн сæ бон у мæн фæдарын. Æз та хъуамæ лæппуйы цард акæнон, лæппуйы! Ахмæт. Куыд дзурыс, афтæмæй дын раст нæл гæдыйы цард ис! 10
Ф а н а з. Бауырнæд уæ, афтæ! (Йæ дзыппæй сисы къаннæг блокнот æмæ йæм æркæсьи) Абон дæр та мæ компæс амоны раст Хъазихан- ты авдæнбæттæнмæ. Уæрыччы дзидза, наливкæ, æнхъизгæ бæгæны! Цæй, фæлæ уæ хилдасæдж»ы фæлтау къанæуттæ къахынмæ арвитут, кæд уым сарæхсид, мыййаг! (Ацæуы заргæ). Джамботт. Цæугæ, цæугæ! Ам цъыфка- лæн ныхæстæ ницæмæн хъæуы. Ахмæт. Кæоыс, Джамботт, дæ Микъитты арæхстдзинадмæ? Джамботт. Сæтти, дам, Бæттийыл худти! Æмæ Фаназ йæхæдæг худинаг нæ, фæлæ кæуи- наг куы у, уæд æм цы хъуоьис? А х м æ т. Гъемæ дæ хъуыддаг раст! Иæхæ- дæг кæуинаг чи у, кæд уый зæрдæмæ нæ цæуы дæ хæрæфырты куыст, уæд ма хорз адæмты зæрдæмæ куыд фæцæудзæн? Джамботт. Хуыз дæр дыл уымæн нæ хæ- шл, хуыз! Алы гыццыл хъуыддагыл дæр дæ удæй куыд бацæуыс! Ныууадз æй, мæгуыр лæг у æмæ йæхицæн истытæ куса! Уæртæ йыл цы- дæр хъуыддæгтæ рауад кæддæр, уыдонмæ ды ма кæс! Ахмæт. Нæ сарæхсдзæн, Джамботт, нæ сарæхсдзæн, æмæ адæм та махмæ мæсты кæн- дзысты. Цæй, цом, хæдæгай. Абон нæ нæ арте- Л’Ы куыстуæттыл азилын куы хъæуы. Нæ фæн- даг уал Микъиттыл акæнæм æмæ йын фенæм йæ куыст дæр. Джамботт. Цом, цом! Кæд æй æнæ фен- гæ нал уадзыс, уæд, æмæ ма дзы нæхи дæр ныддасæм! (Ацæуынц). 11
Дыккаг ныв Хилдасæн. Микъитт дауы сæрдасæн, йæ уæлæ—урс халат. М и к ъ и т т. Æнæнхъæлæджы хилдасæгæй куыд агæпп ластон! Иуæй-иутæ та сæ сæр фæ- сæттынц курсыты сахуыр кæныныл. Хуыцау лæ- джы æнæ хæстæг макуы скæнæд. Мæ мады ’фсымæр Джамботт куы нæ уыдаид, уæд мын аирвæзтаид замманай рог куыст, кæд æм хорз нæ арæхсын, уæддæр. Æниу сæрдасæн хурхыл ма æрбаирвæзæд, уыййеддæмæ чысыл лыгтæй никæмæн ницы уыдзæн. Ууыл та цы мæт кæ- нын! Улупа мын афтæ дæр цæудзæн. Уæдæдзы æнæуи дæр уыдзæн пайдагæнæн. Фæлæ уал вырма дзæбæхдæр равдисон мæхи, стæй та хъуыддаг дарддæр йæхи амондзæн!.. (Æрбацæуы Бечыр.) Бечыр (дисгæнæгау). Ам та цы ми кæныс, Микъитт? Микъитт. Куыд цы ми кæнын? Арфæ мын ракæн, арфæ, Бечыр, мæ ног бынаты тыххæй! Бечыр (æрбады бандоныл). Æрдас мæ, уæдæ. Æмæ хæрæндоны нал кусыс? Микъитт (бахуды). Хæрæндоны ныр дык- каг аз дæр куынæуал кусын. Уый фæстæ ма иу- æхсæз мæйы гортопы завхозæй дæр куы акуыс- тон, фæлæ... Б е ч ы р. Фæлæ цы? М и к ъ и т т (сапоны фынк аразгæйæ). Цы куы зæгъай, уæд мын хицау ницы бартæ лæ- вæрдта. Цалдæр машинæйæ иу лæгæн нæ авæрд- таид исты апайда кæнынмæ. Æмæ дын æз ахæм лаегнмæ фæразын кусын? Ныр та хъуамæ хил- дасæгæй бавзарон. Уæдæ дæуау иу куысты ба- 12
-зæронд уои? Хуыцауы тыххæй, Бечыр, ныр дæр ма колхозы фосимæ вæййыс? Б е ч ы р. Фосимæ, уæдæ куыд. М и к ъ и т т (Бечыры рустæ сапоны фынкæй сæрдгæйæ). Æмæ ма цæргæ та кæд кæндзынæ, Бечыр, кæд? Дæ цард иудадзыг уæтæрты куы арвыстай. Бечыр. Уый дæ уынаффæ нæу, фæлæ ма мæ тагъддæр æрдас. Абон фос хохмæ скъæрæм, æмæ мæ бирæ ныхæстæм не ’вдæлы. Микъитт. Тыхсгæ ма кæн, Бечыр! Ныр- тæккæ ма кæс, кæддæра ма дæ дæ усзонгæдæр бакæпид. Б е ч ы р. Дæ ныхас мæм иуырдыгæй раст нæ фæкаст, Микъитт. Микъитт (Бечыры дасгæйæ). Цавæр ны- :хас? Бечыр. Ома афтæ нæ зæгъыс, мæ цард уæтæрты арвыстон, зæгъгæ. Æмæ уый цæмæй æвзæр у? Дзидзайæ дын, мæтыхæй уæлдай, баф- сис куы нæ ис, уæд фосы куыст цæуылнæ уар- зыс? Æз дæр куы нæ кæнон ахæм куыст, ды дæр, иннæ дæр, уæд афтæмæй дзидза куыд хъуамæ фæфылдæр кæнæм? Микъитт. Æнæ мах дæр дзы разындзæн, чи йæ фæфылдæр кæна, ахæм адæм. Бечыр. Уый раст у: бæстæ йе ’ргом тынп азлæхта фосы куыстмæ, фæлæ сæм мах та дар- дæй кæсæм? М и къ и т т (дасгæйæ). Уæдæ мауал баца- уæрд дæхиуыл æмæ дзидза фæфылдæр кæн! Физонæг кæнын та мах бар уадз! Б е ч ы р. Уæлдай ныхæсты бæсты рæвдздæр куы дасис. (Яæ русмæ февнæлдта). Ард дæ къонайы! Алыг мæ кодтай! Микъитт. Уый мæ аххос нæу. Дæ русы 13
хъуынтæ шыдæр зын дасæн сты. Раст цыма уы- зыны судзинтæ сты! (Сапоны фынкæй айсæрды Бечыры цæст). Бечыр (йæ цæстыл фæхæцгæйæ). Мæнмæ гæсгæ, судзинтæ дæ къухтæ сты! Æндæр мын мæ цæст дæр дасгæ кæныс? Цы мын æй самæс- тай сапоны фынкæй? М и к ъ и т т (йæ халатæй Бечыры цæст асæрфгæйæ). Бахатыр кæн, Бечыр! Фыр тагъ- дæй йæ нал фæхъуыды кодтон! (Бечырыл обе- колон бапырх кæнгæйæ.) Мауал тыхс ныр! Фæ- дæн, фæдæн! Б е ч ы р (сысты бандонæй). Табу хуыцауæн! (Кæсæнмæ хæстæгдæр бакæсгæйæ.) Мæнæ ма уыцы хъуынтæ та мыггагæн ныууагътай? М и к ъ и т т. Цавæр хъуынтæ? Бечыр. Мæнæ-ма кæс! Хъуырыл, роцъо- йыл, рустыл! Бынтондæр мæ дзæгъындзæгхъу- лон куы скодтай! Дæ къухтæ дасынæн нæ, фæ- лæ пысыра тонынæн дæр нæ баззынц! Микъитт. Цæй, исты мын лекци кæсынмæ куы нæ цæуыс, мыййаг! Бечыр. Æмæ лекци кæсынмæ нæ цæуын, зæгъгæ, уæд мæ гæрæмтæй арвитынмæ хъавыс? М и к ъ и т т (сæрдасæнæй æрдасы Бечыры хъуыр æмæ йæ алыг кæны). Ард дæ хæдзары бацæуæд! Кæд ма мын дæхи цалдæр хъуыны тыххæй цæмæн алыг кæнын кодтай, уæд! Б е ч ы р. Ныхъхъуыдты мæ уадз, дæ хорзæ- хæй! Кæд дасын нæ зоныс, уæд дæхи мæныл цы ахуыр кæныс? (Фиды æхца). Гъа, ма дыл бахæ- цæнт! М и к ъ и т т (æхца йæ къухмæ райсгæйæ). Æмæ мæм ныр лыстæг куы нæ ис, уæд дын< цы акæнон? Кæннод мын дыууæ сомы куы ньцууа- дзай, уæд цас диссаг у? 14
Б е ч ы р. Цæмæн дын сæ нь^ууадзон? Гал марæггаг хъуг? Тынг хорз мæ кæй ныддастай, уый тыххæй? Микъитт. Цæй, мауал ку! (Йæ дзыппæй •згхца сисгæйæ.) Дæттын дын сæ. Капечник лæ- гæй æз мæ удхæссæг уынын. (Æхца ратты Ье- чырмæ.) Бечыр. Æз та фæлывд æмæ цæстфæлдахæ- гæй уыньш мæ удхæссæг! Дæу ацы куыстмæ чи райста, уый дæр дæуæй хуыздæр нæ уыд, æвæц- цæгæн! (Ныггуыпп кæны дуар æмæ ацæуы.) Микъитт. Ауай, ауай! Уый дæ уынаффæ нæу! Мæн куыстмæ чи райста, уый дæу хуызæг- тæм дзурын дæр ие ’рхæсдзæн йæ сæрмæ! Уæв- гæ фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы... Мæ зæрдæ йæм æхсайы: мыййаг мæ хицауыл куы сардауа... Мæлæты æвзæр фынтæ уыдтон дысон. Цыма иу рагъыл хæрдмæ хылдтæн, йæ сæрмæ куы фæ- хæццæ дæн, уæд галхæфс фестадтæн æмæ мæхи коммæ, цъымарамæ нывзылдтон! Стæй та мæл- лæг куътдз фестадтæн æмæ ма тыххæйты рабы- рыдтæн сурмæ. Уым æнæхъуаджы афтæ бирæ фæрæйдтон, æмæ ма ныр дæр мæ сæры мæс- чъытæ риссынц. Цæмæ цæуы ахæм фын — хуы- цау йæ зонæг... Цæй, ницы кæны. Уæддæр хи- дау мæ хæстæг у æмæ мын цы т-зендзæн... (Æр бацæуынц Джамботт æмæ Ахмæч). Д ж а м б о т т. Цы бакуыстай уый, Микъитт? Цæмæн мæ худинаг кæныс? Микъитт. Цы бакуыстон?! Цæмæй дæху- динаг кæнын? Д ж а м б о т т. Цæмæй куы зæгъай, уæд де ’нарæхстдзинадæй! Нырма фыццаг бон йеддæ- мæ нæ кусыс æмæ мæ масты хай фæкодташ Лцы куыст кæд нæ зыдтаи, уæд мын дæхицæй цæмæн æппæлыдтæ? 15
Микъитт. Бауырнæд дæ, Джамботт... тæ- ригъæд дзурыс! Джамботт. Нæ дзурын, нæ, тæригъæд! Адæм æй дзурынц! Микъитт, дам, йæхи дасьш куы нæ зоны, уæд, дам, ма искæй ныддасдзæн? Мæн дæр нæ уырныдта, фæлæ мæм иу цавæр- дæр Фаназ загъдгæнгæ куы балæууыд, йæ сæр сæгъæлвыдтытæ кæмæн скодтай, ахæм, уæддæм мæхинымæр мæстæй фæцæйтыдтон! Микъитт. Бæх кæм стулы, уым ма æрду куы аззайы! Ау, цас диссаг у, хилдасæны искæй чысыл куы фæцъæррæмыхст кæнон, кæнæ дзы иу æрду æнæдастæй куы аззайа, уæд? Фаназ кæмдæр ныллæтъæрдта æмæ бандоныл æнцад нæ бадтис, æмæ йын уый мæн аххос у? Ахмæт. Æмæ Бечыр дæр нуазгæ бакодта? Уый дæр дæ куъг фæцæуы хъастгæнгæ. М и к ъ и т т. Уыдон иууылдæр цъыфкалæн ныхæстæ сты. Ахмæт. Цъыфкалæн ныхæстæ не сты, нæ, фæлæ æцæгдзинад дзурынц. Цæй, Джамботт, ды дæр бавзар дæ хæрæфыртæн йæ дæсныдзи- над, уæддæр дасинаг куы дæ! Джамботт (йæ рустæ къухæй асгары æмæ зивæггæнæгау æрбады бандоныл). Уæдæ уал мын фыццаг мæ бæрзæйы хъуынтæ машинæйæ сис, стæй та уæд дасгæ. Æрмæст хъавгæ æвнал! М и к ъ и т т (райсы сæрæлвынæн машинкæ æмæ райдайы Джамботты сæр æлвынын). Ауг уæдæ ма хуыздæр кæй сæр хъуамæ сæлвынон! (Æлвыны йæ машинкæйæ). Джамботт (йæ сæр бынмæ фæгуыбыр кæнгæйæ). Æллæх! Æллæх! Микъитт (сонт фарст акæнгæйæ). Цы код- тат?! Æвзæр æлвыны машинкæ? Джамботт. Æлвынгæ нæ, фæлæ мын мæ 16
сæры хил бындзыггай ныттыдтай! (Бандонæй сысты). Хуыцауы тыххæй, ныууадз мæ! М и к ъ и т т (Джамботты сбадын кæны). Сбад, дæ хорзæхæй, сбад. (Машинкæ аздухы, бафу йыл кæны.) Ныр хорз уыдзæн. А х м æ т. Иугай гæрæхтæй ма тæрс, Джам- ботт! М и к ъ и т т (машинкæимæ та архайы).Æнæ- хайыры машинкæ! Йæ дæндæгтæ, æвæццæгæн, брак сты æмæ уымæн не ’лвыны. (Райдайы æл- вынын). Джамботт (хæрдмæ фæхаугæйæ). Æл- лæх, æллæх, æллæх! Ард дæ къонайы, кæд мын мæ сæрыл культиваци нæ кæпыс! М и к ъ и т т (Джамботты сæрыл машинкæ ауыгъдæй фæуадзгæйæ). Фæлæуу, фæлæуу!.. Мæ машинкæ ма мын æфтауын уæддæр бауадз. (Бандоныл алæууы æмæ Джамботты сæрæй рафтауы машинкæ.) Д ж а м б о т т. Машинкæйы дæндæгтæ, дамг брак сты! Æвæццæгæн, брак дæ къухтæ сты, уыййеддæмæ машинкæтæ нырма ног куы сты. М и к ъ и т т. Цæмæн зæгъыс, ДжамботтГ Уый сæр æнæхсадæй куы аззайы, уæд афтæ фæ- кæны машинкæ. Джамботт. Æнæхсад! Æмæ йæ нырма дысон куы ныхсадтон! М и к ъ и т т (йæ машинкæимæ архайгæй&)г Уæд та ма æрбад æмæ ма иу хатт бавзарон. Джамботт. Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй! Цы мын фæдæ, уый уал мын æгъгъæд фæуæд. Бузныг. Мæ сæры цъар дæр ма мын куыд сисай, афтæ? Ахмæт. Цæй, æххæст æй дасгæ дæр æркæн. Микъитт. Табуафси! Сбад, ДжамботтГ 17
Æрбад, дæ хорзæхæй! Кæддæра дын æз булкъ- даст нæ ныккæнин! М и к ъ и т т (сапоны фынкæй æрысæрбы Джамботты рустæ æмæ райдайы дасын). Сæр- дасæнæй та цы арæхсыи хъæуы. Уымæн дзæ- тъæл дæндæгтæ нæ хъæуы. Джамботт (фестъæлфы). Æнхъæлдæн, алыг мæ кодтай! Микъитт. Уанцон нæу. Уый мæнæ чысыл дъутхал уыд æмæ цæсгомыл нæ фидауы уæддæр (гæххæтты гæбаз ыл аныхасы æмæ та дасы). Джамботт (фестъæлфыд). Гъер мæ цыма „алыг кодтай? М и к ъ и т т (Джамботты русыл та гæххæтт ныхасгæйæ). Бахатыр кæн, Джамботт, бирæ туг дæ куы нæ рацыд. Джамботт. Æмæ ма мæ уæдæ æргæвди- иаг дæ? М и к ъ и т т (дасгæйæ). Мæ къухтæ фыр хъавдæй зыр-зыр кæнынц. (Фæлыг та кобта Джамботты роцъ’о). А х м æ т. Ницы дын у, Микъитт, иннæты дæр -кæд ахæм булкъдæстытæ ныккодтай, уæд. Джамботт (фестад, йæ ’хъуырыл къух- мæрзæнæй хæцгæйæ). Æрæзæр сæрдасæн æмæ дæ мæ цæст дæр ам куыднæуал фена, афтæ! Мæнæ мæхицæн цæттæ фыдбылыз куыд сарæз- тон, мæнæ!.. Ахмæт. Уый та дын, Джамботт, дæ хæрæ- -фырт. (Чысыл фæхъусы фæстæ.) Уæдæ Цæ- рамæ фæдзурæм, и? (Микъитт ныджджих и.) Æмбæрзæн
© ГÆМСЫРЫ УРОК Сатирикоп сцеяæ Архайджытæ: Гæмсыр Уæвзикоевич — ирон æвзаджьг ахуыргæнæг. 3 а рæ К л а р æ Хъуынцел М у ш к ъ е л скъоладзаутæ. Гæ д о | Д о б р æ ] хъæ>Ъ1 ЦæРДжытæ. Сценæйы æмбæрзæны размæ рацæуынц Гæдо æмæ Добрæ\. Г æ д о. Уæдæ цæй диссаджы зонды хицæут- тæ сты нæ ахуыргонд адæм, Добрæ? Добрæ. Цавæр ахуыргæндтæ? Гæдо. Уæларвмæ тæхæн нау чи æрхъуыды кодта, уыдон. Д о б р æ. Уыдон лæгтæ сты æмæ лæджы ми- тæ кæнынц, фæлæ, ахуыргонд уæвгæйæ, лæджы цæсгом чъизи чи кæны, уыдон та дæм куыд кæ* сынц, Гæдо? Гæдо. Æмæ ахуыргæндтæй дæр ис, лæджы митæ чи нæ кæиы, ахæмтæ? Д о б р æ. Æй, куыд дын амардтæн, Гæдо! Цардмæ лыстæг кæсын хъæуы, лыстæг! Бирæ 19
нæ, фæлæ ма нæм иуæй-иутæ ис ахуыргæндтæй, лæджы митæ чи нæ кæны, ахæмтæ. Гæдо. Уæдæ ма мын дзы иуы ном зæгъ комкоммæ! Д о б р æ. Ау, Гæмсыр Уæвзикоевичы дæр нал зоныс? Гæдо. Æмæ цы кæны Гæмсыр Уæвзикое- .вич? Институты куы ахуыр кодта, уæд дзыæп- пæлгæ куьт кодтой. Д о б р æ. Уæд дзы бæргæ æппæлыдысты, фæ- лæ кусын куы райдыдта, уæд кæм цы къупри ис, уыдонимæ йæхи сбаста æмæ йын арахъхъæй бафсис нал и. Дæумæ гæсгæ, уый лæджы ми хуыйны? Г æ д о. Уый лæджы ми нæу, фæлæ йæм кæд истæуыл мæсты дæ æмæ йæ барæй фауыс. Д о б р æ. Нæ дæ уырны, Гæдо? Ай дын мæ хуыцауы къух, кæд та йæ чысыл раздæр йæ куыстмæ расыгæй цæугæ нæ федтон. Йæ цæсгом раст сырх цæхæрайы хуызæн уыдис. Гæдо. Æмæ афтæмæй йæ уроктæ та куыд фæкæны Гæмсыр Уæвзикоевич? Д о б р æ. Ардыгæй дæумæ. Сывæллæтты ахуыры бæсты фыдахуыр кæны. Г æ д о. Æмæ йын скъолайы хицауад та куыд бары ахæм хъуыддаг? Д о б р æ. Скъолайы хицауад дæр ын бирæ нал фæбардзæн. Цалдæр æфхæрды йæ бакод- той, уæддæр йæ кæнон нæ уадзы. Г æ д о. Ныр уымæн йæ урокмæ искуыцæй ба- кæс, хæрзаг худæг уаид! Добрæ. Æмæ уымæн æхца фидын нæ хъæ- уы. Кæд дæ афтæ фæнды, уæд скъола мæнæ пæ та^ккæ цур, æмæ йæм цом бакæсæм. (Ацæуынц). -20
Сценæйы æмбæрзæн байгом вæййы. Архайд цæуы æстæм къласы. Комкоммæ къулы дуар къласмæ. Галиуырдыгæй фыссæн фæйнæг. Рахизырдыгæй та фæрсæй-фæрстæм æвæрд дыууæ партæйы, партæйы разæй ахуыргæнæджы •стъол, йæ фарсмæ бандон. Къласы Хъуынцъел, Мушкъел, Кларæ æмæ Зарæ. Хъуысы дзæнгæрæджы цагъд. Мушкъел. Ныртæккæ та нæм кæй урок ис, Хъуынцел? Хъуынцел. Гæмсыр Уæвзикоевичы. Мушкъел. Цом уæдæ уал скъолайы чъыл- дыммæ хъулæй ахъазæм. Цафонфæнды куы ’рбацæуæм, уæддæр та нæ Гæмсыр Уæвзикоевич æрбауадздзæн. Кларæ. Уæдæ ма ацæут! Æз уæ кæд нæ сардауон. Мушкъел. Сардау, стæй дæм бæрæг уы- дзæн... 3 а р æ. Цы бæрæг мæм уыдзæн? Æнцад æр- бадут къласы, кæд ахуырмæ цæут, уæд. Хъуынцел. Ма сæм хъус, Мушкъел, цом рæвдздæр! (Ацæуынц). 3 а р æ. Удхæсджытæ! Адон нæ къласы куы- нæуал уаиккой... К л а р æ. Æнæуый дæр бирæ нал фæуыдзы- сты. Тагъд сæ тæргæ кæндзысты. (Зарæ æмæ Кларæ сбадынц сæ бынæтты. Къласмæ кæрæдзи тонгæ æрбазгъорынц æртæ скъоладзауы, фæс- тагмæ кæрæдзи ныббырсынц. Уыцы рæстæджы æрбацæуы Гæмсыр, йæ къухы журнал æмæ пъартфел, афтæмæй). Гæмсыр. Байриат, байриат, мæ хæлæрттæ! (Скъоладзаутæ фестынц æмæ тагъд-тагъд сæ бынæттæм азгъорынц). Мæлæты хъæлдзæгстуг 21
абон. Уæ, сызгъæрин фестат, уас. Сбадут, сба- дут! (Скъоладзаутæ сбадынц. Гæмсыр бандо- ныл сбады, журнал рафæлдахы). Чи нæ ис ам? Зарæ (лæугæйæ). Ам не сты Хъуынцел æмæ Мушкъел. Ам уыдысты, фæлæ хъулæй хъа- зынмæ ацыдысты. Г æ м с ы р (журналы агуры Хъуынцелы æмæ Мушкъелы). Ам фыст нал сты æви? Æппын сыл мæ цæст куы нæ хæцы. Зарæ. Фыст сты, фыст! (Сбады). Г æ м с ы р (агуры, фæлæ сæ иæ ары). Æнæ- байрайгæ фæут уæ хæдзæрттæй, кæд кæм фе- сæфтыстут. (Журнал иуварс акæны). Цæй, æн- дæр хатт сæ фæнысан кæндзынæн. Фæлæ уал уæ чингуытæ сисут æмæ ссарут аивадон бæрæ*- гæнæнтæ Къостайы æмдзæвгæ «Саг æмæ уы- зын»-ы (Скъоладзаутæ сæ чингуыты агурынц аивадон бæрæггæнæнтæ. Гæмсыр йæ къух йæ ныхмæ саразгæйæ бафынæй вæййы). Хъуынцел (дуар бакæны). Гæмсыр Уæв- зикоевич, бацæуæн ис? Гæмсыр. Æгъгъæд дзур! Бæркад зæгъ,. бæркад зæгъ, дæ хорзæхæй! Хъуынцел (цингæнæгау). Расыг у, расыг, æмæ сæнттæ цæгъды. М у ш к ъ е л. Бауайæм, Гæмсыр Уæвзикое- вич? Г яе м с ы р (фехъал вæййы æм,æ дуары ’рдæм акæсы). Ард уæ хæдзары бацæуа, кæд хæй-- рæджджынтæ не стут. (Бахуды.) Сбадут рæвдз уæ бынæтты æмæ ссарут аивадон бæрæггæнæн- тæ æмдзæвгæ «Саг æмæ уызын»-ы. (Хъуынцел æмæ Мушкъел сбадынц сæ бынæтты.) Ничима: уæ ссардта? Кларæ (йæ къух сдары.) Æз ссардтон. Г æ м с ы р. Зæгъ-ма, Кларæ. 22
Кларæ. Дзырд «тар» у аивадон бæрæггæ- нæн — эпитет. Г æ м с ы р. Раст зæгъы Кларæ, Мушкъел? М у ш к ъ е л. Нæ зæгъы раст. Г æ м с ы р. Уæдæ дзы кæм ис аивадон бæ- рæггæнæн? Муыкъел. Уызын! Уызын у аивадон бæ- рæггæнæн. Г æ м с ы р. Æ, дæ мæрдтæ уызыны сæр ба- хæрой, кæд уый аивадон бæрæггæнæн нæу, уæд! Нытътъæфс у! Ды-ма зæгъ, Хъуынцел. Хъуынцел (лæугæйæ). «Фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй», уый у аивадон бæрæггæнæн. Г æ м с ы р. Иттæг хорз! Уый лæппуйы дзуапп у, гъе! 3 а р æ. Гæмсыр Уæвзикоевич, уый аивадон бæрæггæнæн нæу. Г æ м с ы р. Уæдæ дзы кæм ис? 3 а р æ. Дзырд «уæздан» у аивадон бæрæг- гæнæн. Гæмсыр (зæрдиагæй бахуды). Сбад! Ды йæ мæнæн ма амон, аивадон бæрæггæнæн цы у, уый. Раст нæ зæгъыс. Мушкъел. Гæмсыр Уæвзикоевич, æз дæр ма ссардтон. Г æ м с ы р. Цы ссардтай? Мушкъел. Иæ хицау фæкæна «дæдæй» — уый у аивадон бæрæггæнæн. Гæмсыр. Раст зæгъыс. Сбад! К л а р æ. Нæу раст. Г æ м с ы р. Адон та иудадзыг мæ ’ныхмæ дзурынц. Цыма Зарæ æмæ Кларæйæ æз къад- дæр æмбарын. Сьимахæн дæр ма зонд æз куи амонын, уæд-иу мын мæ хъуыры къæрмæг цы фæцæвут? 23
Хъуынцел (Кларæ æмæ Зарæйæ). Адон мах дæр цæрын нæ уадзынц... Г æ м с ы р (йæ цонджы сахатмæ æркæсгæ- йæ). Тагъддæр куы ныццæгъдиккой дзæнгæрæг. Марадз-ма, Мушкъел, швейцары афæрс, бирæ ма, зæгъ, хъæуы урочы кæронмæ. Мæ сахат цы- ма фæсте баззад, афтæ мæм кæсы. (Адæмы ’рдæм). Цы куыстæуа ныр дарддæр. (Къухмæр- зæнæй йæ цæсгомы хид асæрфы). Цæй æмæ та сæ истæмæйты фæрсон, уæдмæ кæд дзæнгæрæг дæр ныццæгъдиккой. (Фæдзуры Хъуынцелмæ.) Рауай-ма размæ, Хъуынцел, æмæ нын радзур «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Хъуынцел (размзг рацæуы æмæ йæ хæла- фыл цалдæр хатты схæцы). «Бирæгъ æмæ хъри- хъупп». Раджы та иу бирæгъ... Раджы та иу бирæгъ тугуарæн коОта. афтæмæй нард хæдмæл хурхы нынныхстис... Уалынмæ хърихъупп... Уалынмæ хърихъупп абадт йæ цуры. Хърихъупп йæ цыппæртæ бирæ^ъмæ тилы... Даргъ бырынкъ хърихъупп хурхы фæцавта, Афтæмæй уырдыгæй оныстæг сдавта... Гæмсыр. Æгъгъæд! Уый хорз зоныс. Фæ- лæ ма мын зæгъ, Къостайæ цавæр æмдзæвгæ зоныс наизусть? Хъуынцел. «Мæгуыры зарæг». Гæмсыр. Радзур-ма уæдæ. Æз дæм лыс- тæг байхъусон. Хъуыицел. «Мæгуыры зарæг.» Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ.., Уазал лæгæтты кæуынц, Махæн та нæ сывæллæттæ... 24
Махæн та нæ сывæллæттæ Цары ахстæттæ кæнынц... Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ Хъармæй, райдзастæй лæууынц, Махыл та... Махыл та хæлынбыттыртæ Царæй фæныкмæ тæдзынц... Г æ м с ы р. Æгъгъæд! Гъе уый лæппуйы дзуапп хуыйньг, лæппуйы! Сбад! Æвæрын дын «иттæг хорз»! Уæ хорзæхæй, мæ ручкæ та цы фæци? 3 а р æ. Гæмсыр Уæвзикоевич, дæ ручкæ дæ къухы ис, дæ къухы! Г æ м с ы р (йæ къухмæ æркæсгæйæ). Æнæ- хайыры зæрдæ фæуай. Куыд мæ æрбайрох ис... (Æвæры бæрæггæнæн. Кларæ йæ къух сдары.) Г æ м с ы р. Цы зæгъынмæ хъавыс? Кларæ. Хъуынцел раст нæ радзырдта Къо- стайы æмдзæвгæтæ. Г æ м с ы р. Æмæ ма сæ ды растлæр радзу- рынмæ хъавыс? Рацу-ма размæ! Æмæ мын æвæстиатæй радзур Хъороты Дауыты æмдзæв- гæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»! К л а р æ. Æмæ уый æмдзæвгæ куы нæ у. Гæмсыр. Уæдæ хъарæг у! Дзургæ кæн, дзургæ! К л а р æ. Уый пьесæ у, Гæмсыр Уæвзикоо- вич, æмæ йæ иаизусть нæ ахуыр кодтам. Гæмсыр. О, о, хæдæгай!.. (Къухмæрзæнæй та йæ цæсгомы хид асæрфы.) Уæд та мын ра- дзур, зæрдæйæн æхсызгон чи уа, ахæм æмдзæв- гæ. К л а р æ. Æз радзурдзынæн æмдзæвгæ «Арахъхъ, тамако æмæ зонд». Гæмсыр (бацин кæны). Гъе уый дын æм- дзæвгæ! Уый мæ зæрдæмæ цæуы. Йæ сæргон- 25
дæй дæр бæрæг у, хорз æмдзæвгæ кæй у, уый. Кæй фыст у, кæ? К л а р æ. Дзугаты Хаджумары. ГæмС’Ыр. Уый та цавæр Хаджумар у? К л а р æ. Æрыгон фыссæг. Г æ м с ы р. Мæнæй афтæ зæронд фыссæ- джы æмдзæвгæ у. Цæй, ницы кæны! Иу чысыл мын дзы радзур! Кларæ. Арахъхъ: Уæздан лæджы ыстулын рыгты, Куывды лæгмæрдтæ æмæ загъд. Цыфæнды зонды дæр мæ тыхты Æваст фæкæндзынæн дзыхъмард. Тамако: Ныууадз, сæлхæр æмæ фæлитой, Ды мемæ макуы кæн быцæу. Дунетыл дард хъуыст у мæхи кой, Мæ тых дæр афтæ къаннæг нæу: Æз адæмзен сæ хъару цъирын, Сæ цард сын бакæнын цыбыр. Зæххæн йæ алы къуымты зилын, Мæ кад — бæрзонд, мæ тых — ыстыр. Зонд: Æгæр дæр уæм лæмæгъ лæууыдтæн, Уæ цуры ницыуал у зонд?.. Кæд-иу уæ агурæг фæзылдтæн, Æмæ уæ кад уыди бæрзонд; Уæд уæ бæрзондæй æз ныллæгмæ Дæлдзæх ныббырдзынæн бынтон, Цæмæй уæздан культурон лæгмæ Фæкæсыи мауал уа уæ бон. 26
Гæмсы р. Æгъгъæд! Тынг хорз æй радзырд- тай! Æвæрын дын æртæ! К л а р æ (дисгæнæгау). Æртæ! Æмæ йа> тынг хорз радзырдтон, куы загътай, уæд мын «æртæ» цæмæн æвæрыс? Гæмсыр. Уæлдай мауал дзур, зæгъын! К л а р æ. Уæдæ мын æртæ цæмæн сæвæрд- тай? Г æ м с ы р. Дæ зæрдæмæ «æртæ» нæ цæуы? (Бæрæггæнæн журналы айхалы.) Уый та дын «дыууæ»! Гъер ма уæлдай куы дзурай, уæд та дæ æддæмæ атæрдзынæн! Кларæ (йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ). Æв- зæр ын чи радзырдта, уыдонæн та хуыздæр бæ- рæггæнæнтæ сæвæрдта... Г æ м с ы р. Уæддæр ма уæлдай дзуры! Уæ- лæмæ-ма сыст! (Кларæ слæууы.) Тагъд цæугæ æддæмæ! Къулбадæджы сæныкк! (Кларæ йæ цæстысыгтæ сæрфгæ ацæуы.) Кæсæд-ма йæм ис- чи! Йæ сæр зылын насы хуызæн, афтæмæй мæ- нæн зонд амоны!.. (Æрбацæуы Мушкъел.) Мушкъел. Гæмсыр Уæвзикоевич, нырма, дам, æр1æгмæ уыдзæн дзæнгæрæг. (Сбады йæ бынаты.) Г æ м с ы р. Æрæгмæ, зæгъыс? (Адæмы ’рдæм.) Уæдæ ма ныр цы чындæуа?.. (Йæ хид къухмæрзæнæй асæрфы.) Цæй, фæрсон та сæ истæмæйты, æндæр хуыздæр амал нæй. Уæд- мæ урок дæр кæд исчердæм фæуид... Зарæ, сак- каг-ма кæн размæ. Æз дæм фарстатæ авæрон. (Зарæ рацæуы фæйнæджы цурмæ.) Аифтыи- дзæг-ма мын кæ фæйнæгыл «Сырх фæткъуы». 3 а р æ. «Сырх фæткъуы»? Æмæ «Сырх фæт- къуы» ифтындзæг куы нæ кæны. 27
Г æ м с ы р. Æ, куысыфтæгсæр, уæдæ «Цътх фæткъуы» кæны ифтындзæг! 3 а р æ. «Цъæх фæткъуы» дæр нæ кæны иф- тындзæг. Г æ м с ы р. Уæдæ ма цы кæны ифтындзæг, цы? Мæнмæ гæсгæ, дæуæн дæ сæры магъз нæч! 3 а р æ. Цæмæн зæгъыс, Гæмсыр Уæвзикое- вич, ифтындзæг кæны æрмæстдæр мивдисæг. Гæмсыр. Æмæ дын æз мивдисæг нæ загъ- тон? 3 а р æ. Нæ загътай. Ды загътай «Сырх фæт- къуы», æмæ уый мивдисæг нæу. Г æ м с ы р (ахъуыды кæны, стæй къухмæрзæ- нæй йæ хид асæрфы). Цæй хорз! Ифтындзæг ныууадз, фæлæ-ма мын зæгъ «Дзедз æмæ дзедз» чи иыффыста? 3 а р æ. Æмæ уый нæ программæйæ куы нæ у. Г æ м с ыр. Кæйфæнды программæйæ уæд, зæгъ-ма, зæгъ! 3 а р æ. «Дзедз æмæ дзедз» ныффыста Гуы- риаты Гагуыдз адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ. Г æ м с ы р. Сбад! Ницы ’мбарыс! Æвæрын дын «дыууæ!» 3 а р æ (хъуырхъуыргæнгæ). Кæмдæр хорз банызта æмæ цæмæйты фæрсы, уый йæхæдæг дæр нæ зоны... Г æ м с ы р (Зарæйы ныхæстæй цыдæртæ фе- хъусгæйæ). Цæуыл ма хъуыр-хъуыр кæныс?Æви дæу дæр дæ цæдисон æмбалы фæдыл арвитон. Зарæ. Уæдæ дын раст дзуапп куы радтон, уæд мын æвзæр бæрæггæнæн цæмæн сæвæрд- тай? Гæмсыр. Амæ дæр ничи хъусы! Кларæйау мын йæхицæй критик куыд сарæзта! Тагъд цæу- гæ æддæмæ æмæ-иу уым Кларæимæ уынаффæтæ 28
кæнут! (Зарæ йæ цæстысыгтæ сæрфгæ ацæуы.у Ничи йæм хъусы! Йæ фындз цæхджын джитъ- рийы хуызæн. (Журналы бæрæггæнæн æвæр- гæйæ.) Кæд дæ «дыууæ» нæ хъæуы, уæд дын уый та «единица»! М у ш к ъ е л (хъæрæй). Ха-ха-ха!.. Г æ м с ы р. Цæуыл ныххудтæ, æнæсæрымагъз, ды та?! М у ш к ъ е л. Мæнæ мæ Хъуынцел ахъыдзы кодта. Г æ м с ы р. Куыд дæ ахъыдзы кодта? Рауай- ма размæ! Стæй дæ цæст мæгайы цæстау ный- ирд кæн! (Æркæсы йæ сахатмæ). «Марадз-ма, Хъуынцел, ныр та ды базон дзæнгæрæджы ха- бар! Фынæй, зæгъ, баистут æви! (Хъуынцел ацæуы.) Цæй, ныр, Мушкъел , дæ хъару æмæ дæхæдæг. Радзур, хуыздæр цавæр æмдзæвгæтаг зоныс, уыдон. Æз æмдзæвгæтæм хъусьш бирæ уарзын. Мушкъел. Æмдзæвгæ «Сагъæс» дæ зæр- дæмæ цæуы? Г æ м с ы р. Кæй фыст у? Мушкъел (ахъуыды кæны). Нæ йæ хъуы- ды кæнын. Г æ м с ’ы р. Радзур æй уæдæ, кæйфæндьг фыст уæд. (Мушкъел схæцæрхæцгæнгæ дзуры «Сагъæс»), Мæ удыл... Мæ удыл хæцæг... Дæ удыл хæца, Мæ мады зæнæг... Дæ мардыл кæуа! — Дæ мардыл кæуа Мæ мады зæнæг. Куыд фыдуаг хæссын, К^ыд дæлæмæдзыд дæн,— 29>
Цæуыннæ бæззын? Цæуыннæ бæззын? Мæ фыдæн фыртæн Цæуыннæ бæззын? Г æ м с ы р (Мушкъелы ныхас ацахсгæйæ). Æыæ цæуыннæ бæззыс, цæуыннæ? Æз дæ нæ уадзын? Цæй-ма! Ныр дæр æй нæма æр- хъуыды кодтай, чи йæ ныффыста, уый? М у ш к ъ е л (ахъуыды кæны). Нæма. Г æ м с ы р. Æ, æдылы къоппа! Уый Хъайт- мазты Аслæмырзæйы æмдзæвгæ у, Аслæмыр- зæйы! Хетæгкаты Къостайæ та цы зоныс? Мушкъел. «Саг æмæ уызын». Гæмсыр. Радзур-ма уый дæр. (Мушкъел схæцæрхæцгæнгæ дзуры «Саг æмæ уызын»). Тар хъæды... Тар хъæуы... Иу саджы уызын фæцæйсырдта. Оххай-гъе! Доны былмæ ма ныйирвæзт тыххæйты, оххай! Оххай-гъе... Ахауди.., Ахауди дуртыл Йæ мæлæт зыдта. Оххай? Сæрджын са? уызынмæ дзуры: Фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй, Дæ хицау, дæ хицау фæкæна дæдæй!.. Оххай-гъе, оххай!.. Г æ м с ы р (йæ зæрдæ суынгæг æмæ Муш- лъелы ныхас ацахста). Æгъгъæд! Ард дæ хæ- дзары бацæуæд, кæд судзаджы мардыл нæ кæ- уыс, уæд! Мæ зæрдæ мын суынгæг кодтай дæ ныхæстæй. Сбад! Æвæрын дын цыппар. (Мушкъел сбады. Къæсæрыл йæ къах скъуыргæйæ къласмæ æрбахауы Хъуынцел.) 30
Хъуынцел (йæрыгтæ цæгъдгæйæ). Гæмсыр* Уæвзикоевич! Нырма, дам, бирæ хъæуы дзæн- гæрæгмæ. Г æ м с ы р (сонтфарст акæнгæйæ). Бирæ?..~ Сбад уæдæ дæ бынаты. Сæ фæды-фæд дæр æй мауал ныццæгъдæнт! Уæ тетрæдтæ сисут æмæ ныффыссут æвастхъæртæ, уæхæдæг кæй æр~ хъу-ыды кæнат, ахæмтæ. Мушкъел. Фæйнæ цалы? Г æ м с ы р. Фæйнæ тæсчъы дзаджы. М у ш к ъ е л (хъæрæй). Ха-ха-ха!.. Г æ м с ы р. Цæуыл та ныххудтæ æнæсæры- магъз? М у ш к ъ е л. Уæдæ дын тæсчъытæ кæцæй аерхæссæм? Гæмсыр. Æ, къулбадæджы сæныкк! Æмаг дын æз тæсчъытæ хæссын кæнын? Уæлæмæ-ма сыст æмæ тагъд цæугæ æддæмæ. (Мушкъелы æрбадæнтæ ныццæвы цырыхъхъæй æмæ йæ~ атæры. Партæты фæстейæ æрбайхъуысы худын.) Сымах та цæуыл худут? Уæлæмæ-ма оыстут æмæ размæ рацæут. (Гæмсыры цурмæ æрбацæ- уынц æртæ скъоладзауы.) Æвæстиатæй цæугæут æддæмæ, цалынмæ уæ никæй къубал сыскъуыд- тон, уæдмæ! (Ассоны сæ йæ разæй æмæ сæ атæры.) X ъ у ы н ц е л. Гæмсыр Уæвзикоевич! Г æ м съ1 р. Цы хабар у? Хъуынцел. Æддæмæ-ма мæ ауадз. Г æ м с ы р. Цæмæн? X ъ у ы н ц е л. Уæдæ ма æз иунæгæй цы ми- кæнын ам? Г æ м с ы р. Афтæ дæ фæнды, æнаккаджы фырт?! Цæугæ тагъд уæдæ ды дæр! (Хъуынцел Цингæнгæ азгъоры.) Ахæм хъæддаг сырдтæн 3онд амонын тæригъæд у. (Сбады стъолы фарс- зг
мæ æмæ сдымы тамако.) Мæлæты даргъ ныцци .ацы урок, раст мæгуыр лæджы мардæй даргъ- .дæр. (Æркæсы йæ сахатмæ.) Æнæхайыры са- хат!.. Куыдтæ кусы, уымæн бæрæг дæр нал ис. Хуыцау бахизæд, фæлæ мæ ныр скъолайы дн- ректор куы ’рбаййафид, уæд мын цымæ цы зæ- гъид?.. Цæй, кæд нæ фæзынид... Кæд фæзына, уæд та йын исты ’фсон акæндзынæн. (Иæ къух мæ ныхмæ саразгæйæ афынæй вæййы. Хъуысы скъоладзауты æхситт æмæ худын. Æрбацæуынц Гæдо æмæ Добрæ.) Д о б р æ. Цæй, Гæдо, куыд дæм кæсы ныр Гæмсыр Уæвзикоевичы урок? Гæдо. Мæнмæ хорз нæ кæсы, (адæмы "рдæм) фæлæ цымæ адæммæ та куыд кæсы? Æмбæрзæн
МУРАТЫ ХЪЫСМÆТ Иуактон сатирикон пьесæ Архайджытæ: Б у х а р — скъолайы директор. 3 æ и р æ — æвдæм къласы разамонæг. Т ы м ы г ъ — географийы ахуыргæнæг. Тепсарыхъо — хъæуккаг лæг. Д з е г ы д о — йæ ус. М у р а т — сæ лæппу æвдæм къласы ахуыргæнина!. Г у ы з ы п п — Мураты ’мбал. Фыццаг ныв Директоры кусæнуат. Бухар бады стъолы фарсмæ. Галиу къух ныхыл сæвæргæйæ цыдæртæ фыссы. Уатмæ æрбацыд Тымыгъ, йæ галиу дæларм картæ, йæ рахиз къухы та амонæн лæдзæг. Т ы м ы гъ. Бухар! Ай цы хабар у, уый ма мын бамбарын кæн! Нæхицæй хынджылæг цæ- мæн кæнæм? Б у х а р. Цæй тыххæй зæгъыс, гæ дæ æмба- рьш? Тымыгъ. Нырма йæ не ’мбарыс, фæлæ ьх фæстæдæр бамбардзыиæ. Мæнæ дын де скъс- лайæ хынджылæггаг куы саразой, уæд... Бухар. Æрбад-ма бандоныл æмæ мын бæл- вырддæр зæгъ, кæй кой кæныс, уый. 2 Хинæйдзаг рынчын за
Т ы м ы гъ. Мураты кой. Мæнæ æвдæм къла- сы чи ахуыр кодта, уый. Б у х а р. Æмæ цы кæны Мурат? Тымыгъ. Цы кæны, куы зæгъай, уæд йæ- къласы разамонæг Зæирæ ныллæууыд æмæ йæ- хъавы фæстæмæ скъоламæ æрбакæнынмæ. Бухар. Уыцы хъуыддаг ын æз бабар код- тон, æмæ хорз бакæндзæн, кæд æй сæххæст кæ- на, уæд. Т ы м ы гъ. Æмæ йын цæмæн бабар кодтай ахæм хъуыддаг? Цæмæн кæныс дæхицæн сæр- низ, афтæ дæр нæ сæртæ хъуаг куы нæ сты алът маст æмæ хъуыддагæй? Кæд дæ фæнды, де скъола размæ рацæуа, уый, уæд ахæм куысыф- тæг сæрты скъоламæ хæстæг ма уадз. Б у х а р. Æмæ дæм ахуыр æвзæр кодта Му- рат? Тымыгъ. Æвзæр та цы хоныс! Тынг æвзæр, тынг. Айфыццаг дын æй фæрсын урочы, Сици- лийы сакъадах-ма мын, зæгъын, бацамон кар- тæйыл, уый та мын Тайваны сакъадахмæ схæц- цæ. Бауырнæд дæ, Бухар, уый ахæм æнæсæры- магъз у, æмæ дын Цæгат Иры картæйыл йæ рай- гуырæн хъæу дæр не ссардзæн. Б у х а р. Æнæуи дæм хъусгæ та куыд кодта кæнæ-иу йæхи куыд дардта урочы? Тымыгъ. Тынг æвзæр! Иунæг минут дын æнцад не ’рбадтаид. Куы-иу цавæрдæр телтæи скрипкæйæ цæгъдæгау кодта, куы та-иу пар- тæйы бын дыууæ къухæй цыдæртæ архайдта, цыма-иу гуымбыл ахста, уый хуызæн. Бауырнæд дæ, Бухар, фæстаг хатт ма йæм мæхи тых\æй баурæдтон. Мæ сывæллæтты сæр куы нæ ахъуьь ды, кодтаин, уæд ын раст мæнæ ацы амонæн лæ- дзæгæй йæ тыл ныппæрстаин! Бухар. Цæвæн нæй, мæ хур, нæй. Уæдæ: 34
куыд фæнды дæу, зæгъыс? Мурат ныр дыууæ къуырийæ фылдæр скъоламæ нал цæуы æмæйæ афтæ ныууадзæм? Тымыгъ. Куыдфæнды йын кæнут. Чи йæ ахуыр кæны, уый йæ сахуыр кæнæд. Æз æй мæ урокмæ тæфтыл дæр нал бауадздзынæн. Мæ нервытæ мæ нал хъæуынц, æви?! (Æрбацыд Зæирæ.) Мæнæ йæ сæрыл тынг чи хæцы, уый йæ <сахуыр кæнæд. 3 æ и р æ. Кæмæй зæгъут, кæмæй? Б у х а р. Дæуæй, дæуæй, Зæирæ! Мураты кой кæнæм. Зæирæ (Тымыгъмæ). Æмæ мæ уæд цæмæй тæрсын кæныс? Сахуыр æй кæндзынæн бæгуы- дæр. Тымыгъ. Ды йæ хорз сахуыр кæндзынæ, йæ пъартфелы арахъхъы æвгтæ куы хæсса, уæд. 3 æ и р æ. Уый та цавæр æвгты кой кæныс? Т ы м ы г ъ. Арахъхъы авг цавæр вæййы? Литры æрдæг кæм .цæуы, ахæм водкæйы- авг. Йæ чингуытæм ма-иу ы,н басмуд, кæддæра дæ мæ ныхас бауырнид æви нæ. 3 æ и р æ. Мæн никуы бауырндзæн, Мурат арахъхъ нуазы, уый. Кæд дзы цыфæнды дзурыс, уæддæр æз нырма ницы зæгъын, цалынмæ хъуыддаг бæлвырд равзарон, уæдмæ. Тымыгь. Цасфæнды йæ куы равзар-бавзар кæпай, уæддæр, æз куыд зæгъын, афтæ у хъуыд- даг. Нырма ахуыргæнæджы куысты ды цы дæ, уый зоныс, Зæирæ? Чысыл саби, фæлæ дæхицæй ма ’ппæл. Мæнæ мæ бæрц куы акусай, уæд æп бамбардзынæ, Мураты хуызæттæ скъолайæн цы пайда сты, уый. 3 æ и р æ. Æз кæд ахуыргæнæгæй бирæ нæма жусын, уæддæр фидарæй зонын: алы ахуыргæни- 35
нагмæ дæр цавæрдæрхорз миниуæгвæййы. Æмæ уыцы хорз миниуджытыл куоын хъæуы, цæмæй дарддæр рæзой. Чи бакуыста колхозы бы- дыры мæ къласæй Мураты хуызæн? Ничи. Чи ’рласта Муратæй фылдæр æфсæйнаг скъолайьг кæртмæ? Ничи. Чи арæхсы Муратæй хуыздæр спортивон хъæзтытæм? Ничи. Æппынфæстаг, Муратæй хуыздæр чи зоны математикæ кæнæ> физикæ? Уыдон дæумæ ницы кæсынц? Т ы м ы гъ. Уыдон диссаг не сты. Уый хыгъд бирæ предметтæй у лæмæгъ, уæлдайдæр та гео- графийæ. Бухар. Гъемæ кæд æнæдзургæ нал ис,уæд ма мын бæлвырд зæгъ, Тымыгъ, цавæр ма- дзæлттæ сарæзтай, цæмæй Мурат географийæ- йе ’мбæлтты æййæфтаид, уый тыххæй? Т ы м ы г ъ. Иннæ сывæллæттæн куыд фæца- монын, уымæн дæр афтæ. Бухар. Искуы йын уæлдай æххуыс бакод- тай? Тымыгъ. Æмæ йæ фыдæлтæн дæр мæн хуызæн æххуысгæнджытæ уыдис? Ахуыр кæнын кæй фæнды, уый æнæ уæлдай æххуысæй дæр* хорз ахуыр кæны. Бухар. Искуы Мураты хæдзар бабæрæг кодтай æмæ бафарстай, стæ-ма йæ уавæртæ- куыд сты, кæнæ йын йæ ныййарджытæ куыд æх- хуыс кæнынц, зæгъгæ? Тымыгъ. Гъер мын мæхи нæ фæзылын- джын кодтай! Кæд дæ афтæ фæнды, уæд Мура- ты нæ, фæлæ ма Гуыззыппы дæр æрбакæнут скъоламæ, кæддæра дзы цы рауаид. Б у х а р. Гуызыппы дæр æрбакæндзыстæм! Хъуамæ иунæг сывæллон дæр хъæуы уыигты лекка ма кæна. Дæумæ гæсгæ, ахæм сывæллæ;- ав
тæй цы хъуамæ рауайа, ахуыр куы нæ кæиой, уалд? Т ы м ы гъ. Цыфæнды сæ рауайæд! Уæдæ пæ сæрмæ схизой, кæм цы къулбадæг ис, уыдон? Æз уæм куыд хъусын, афтæмæй сымах бафæнд- дзæн географийæ Муратæн хорз бæрæггæнæн сæвæрын дæр. Б у х а р. Мах афтæ нæ фæнды, æмæ бæрæг- гæнæнтæй хынджылæг кæнæм. Мах фæнды, ба- зонын, Мурат æвзæр цæмæн райдыдта ахуыр кæнын стæй къуыригæйттæ цæмæн цухтæ кæны. Т ы м ы г ъ. Гъемæ йæ базонут! Æз уын, уæ- хицæн хуыздæр цы уыдзæн, уый дзурын, фæлæ мæ кæд не ’мбарут, уæд бар уæхи! (Ацæуы). Зæнрæ. Ничи йæм хъусы! Ноджыдæр ма тæргæйттæ æмæ бустæ кæны. Куыддæр базыд- та, Муратмæ цæуын, уый, афтæ мæ йæ хъæлæ- сы фæцæйхаста. Искуы-иу ;ын афтæ куы загъ- тон, чысыл æм дæ цæст фæдар, зæгъгæ, уæд-иу мын алы ’фсæнттæ скодта. Бухар. Раст зæгъыс, Зæирæ. Ацы хъуыд- даг æз бафиппайдтон дыккаг хатт. Æмæ нæм мæнæ хæстæгдæр цы ахуыргæнджыты совет уа, уым бæлвырд æркæсдзыстæм Тымыгъы хъуыд- дагмæ. Ды та цу Мураты хæдзармæ æмæ базон, цы мигæнæг сты йæ ныййарджытæ æмæ йæхæ- дæг. Не ’мбырды нæ æппæт хабæрттæ дæр хъæудзысты. Зæирæ. Хорз, Бухар. Фæлæ Мурат сæхимæ куы уа, уæд-иу ын куыд зæгъон? Б у х а р. Куыд зæгъын хъæуы, уый тыхха^й дыл мæ зæрдæ дарын, фæлæ-иу бацархай, цæ- мæй демæ скъоламæ рацæуа, ууыл. Афтæ куы пæ бакæнæм, уæд фехæлдзæн лæппу. Зæирæ. Хорз, Бухар. (Ацæуы). Æмбæрзæн
Дыккаг ныв Тепсарыхъойы хæдзар. Астæуæй стъол, йæ фæйнæфарс дыууæ бандоны. Стъолыл пъартфел, чингуытæ æмæ тет- рæдтæ. Муратæн йæ галиу цонг бинтæй баст йæ хъуыр- мæ, афтæмæй бады стъолы фарсмæ æмæ архайы йæ чин- гуытимæ. Æрбацæуы Гуызыпп. Гуызыпп. Цæй, куыд у дæ къух, Мурат? Тынг ма дын риссы? (Сгары йын йæ къух.) Ну как, карапчит, не мешает? Мурат. Карапчит нæ, фæлæ мæм дзургæ дæр куыннæуал кæнай, афтæ. Кæд ыл афтæ тыхсыс, уæд мын æй цæмæн фелвæсын кодтай? Г у ы з ы п п (æрбады бандоныл). Клянус матери, кæд мæн аххос уыд. Уый зыкъуырфындз Хъайтыхъойы аххос уыд. Уый дын сыздыхта дæ цонг. Уый-цу мæнæн цытæ бакодта, уыдон куы федтаис дæ цæстæй. Раст-иу мæ уырды над фæ- кодта, давынмæ-иу ын куы нæ куымдтон, уæд. Мурат. Æмæ мæнæн дæр уымæн бакодтат уыцы ми? Амæй фæстæмæ мæм хæстæг куын- нæуал цæуат, афтæ. Г у ы з ы п п. Тæргæйттæ ма кæн, æдылы! Мæнæ дын æхца æрбахастон. Дæ «мызд», дæ «мызд!» (Дæтты йæм æхца.) Фынддæс сомы дæ цæстæй дæр никуы федтай, ды та сæ иу æхсæв мах руаджы акуыстай. Мур^ат. Уæхицæн сæ уадзут. Мæн æппып- дæр ницæмæн хъæуынц. Г у ы з ы п п. Чысыл дæм кæсынц, тыхсгæ ма кæи, брат. Мах дын дæ м.ызд фæфылдæр кæн- дзыстæм, нæ коммæ дзæбæх куы кæсай, уæд. Ахсæв та цæуæм кæрчытæ нæ, фæлæ гогызтæ давынмæ. Вот посмотриш, цас бакусдзыстæм, уымæ ма -иу кæс! 38
М у р а т. Кæдæмфæнды цæут. Мæ кой ма кæ- нут æрмæст. Г у ы з ы п п. Цы, и? Что ты, брат? Дæ зонд фæцыд? Ды (йæ риу бахойы ) Гуызыпмæ куы нæ хъусай, уæд дын цы бакæндзынæн, уый зо- ныс? (Яæ дзыппæй кард фелвасы æмæ йæ Му- раты хурхы цурты æрбауадзы.) Хенц! Æмæ дæ сæр уæхсчытæй атахт! Мурат. Цыфæнды мын куы кæнат, уæддæр æз сымахимæ иу къахдзæф дæр никуыдæм>ал акæндзынæн. Г у ы з ы п п (Мураты чингуытæ иуварс ас- сонгæйæ.) Подумаеш! Мæлæты чиныгуарзаг! Кæд афтæ чиныгуарзаг дæ, уæд æз æмæ Хъай- тыхъоимæ кæрчытæ давъшмæ цæмæн ацыдтæиу æхсæв? М у р а т. Кæдæм мæ кодтат, уый мын нæ загътат, стæй мæ кæйдæр кæркдоны цур мары- нæй куы стæрсыи кодтат, уæд ма мын цы гæнæн уыд. Г у ы з ы п п. Æмæ ныр «ал тæрсыс дæхицæн марынæй? Мурат (бандонæй фæгæпп кæнгæйæ). Нал тæрсын, нал! Амар-ма мæ уæдæ! Гуызыпп. Маргæ? Æз дæу хуызæн фа- джысы мæ къухтæ нæ тъыссын. Фæлæ куыд зæ- гъььс, ахсæв нал хъавыс махимæ цæуынмæ? М у р а т. Нæ хъавын, Гуызыпп, нæ хъавын! Мæ бар мæхи нæу?! Ме ’ннæ цонг дæр ма мын куыд асæттат, афтæ?... Гуызыпп (Мураты цонг сыздухгæйæ). Де ’ьнæ цонг та дын æз асæтдзынæн, æз! М у р а т. Æллæх, æллæх! Сæттыс мын мæ Цонг! Суадз мæ дын зæгъын! Гуызыпп. Нæ дæ уадзын, нæ! Ды кæй 39
коммæ нæ кæсыс? Изæры цæуыс немæ æви нæ цæуыс? М у р а т. Нæ цæуын, зæгъгæ, дын иу хатт загътон. Г у ы з ’Ы п п (Мураты къух тынгдæр сыздух- гæйæ). Нæ цæуыс уæдæ, нæ?! Æз дын дæ цонг карчы базырау йæ рæбыныл стондзынæн, уый зон!.. Иу хатт ма дæ фæрсын, цæуыс æви нæ цæуыс? М у р а т. Цæуын, цæуын, о, суадз мæ! Г у ы з ы п п (Мураты цонг суадзгæйæ). Афонмæ дæр афтæ зæгъ æмæ мæллæг куыдзьт осъыллист ма кæнай. Му р ат. Загътон, фæлæ нал зæгъын. (Йæ иу къухæй бандон фелвасы.) Гъер ма мæм хæстæг æрбацу, кæддæра дын ацы бандон дæ сæрыл кæ ныппырх кæнин! Г у ы з ы п п. Æниу дын цы лæгъстæ кæпып. Ды тæрхъусæй тæппуддæр куы дæ, уæд ма дæ æз давынмæ кæнын мемæ. Хорз байрай, Мурат’ Æрмæст хъусыс? (Кард та йæм æвдисы.) Куыд- дæр хъыпп-сыпп искæмæн скæнай Гуызыпп æмæ Хъайтыхъойы тыххæй, афтæ-иу дæ гуырæй рай- гæ у! (Ацæуы.) М у р а т. Ай бæгуы ран нæ фæдæн ацы кæркхъустимæ... Исты фыдбылыз мын куы сара- зой, миыййаг!.. Уæд та ма ацæуин семæ, уæддæр нæ зонын. (Хъуыды кæны.) Фæлæ нæ... Хæрзаг Гуызыпп зæгъид, бартхъирæн æм кодтон, æмæ дзæбæх фæтарсти. Цыфæнды мын куы кæной, уæддæр иу къахдзæф дæр нал кæндзынæн семæ. Исты ма мын кæнæд уæдæ. Иу сайд мæ кæй акодтой семæ, ууыл дæр фæсмон кæнын... Æрбацæцы Зæирæ. ’ Зжирæ. Цæй, куыд у, Мурат? Нæма бафсæ- 40
стæ дæ хæдзары бадынæй? (тыхстхуёШй.) Дæ цонг та цы кодта? ’ " ’^ ’’ Мурат (къæмдзæстыгæй). Ницы’.!! ’ Цыдæр архайдтон æмæ йæ ныццавтон... 3 æ и р æ (æрбады стъолы фарсмæ æмæ уы- ны Мураты чингуытæ). Хорз чингуытæ дæм ис, Мурат, афтæмæй ахуыр цæуыннæ кæныс, уый дпссаг у. (Мураты пъартфелæй афтид авг рай- сы æмæ йæм басмуды.) Ацы авг та цы ми кæ- ны дæ пъартфелы? Æнхъæлдæн æмæ арахъхъ дæр ахуыпп кæныс. Æз та ма дæ сæрыл хæцыд- тæн абон. Тымыгъимæ м,а хыл дæр фæдæн, Му- рат арахъхъы æвгтæ хæссы йæ пъартфелы, зæгъгæ, куы дзырдта, уæд. М у р а т. Уый мæн аххос нæу, Зæирæ. 3 æ и р æ. Уæдæ мах аххос у? Ай дæ пъарт- фел нæу? Цы агуры ацы авг дæ чингуытимæ! Мурат (дæргъвæтин паузæ скæнгæйæ). Зæирæ, ма мæ фæрс. Æз дыи ницы зæгъдзынæн уый тыххæй. 3 æ и р æ. Зæгъдзынæ, Мурат, зæгъдзынæ! Чи зоны, æмæ ды æппындæр аххосджын нæ дæ, уæд цаёуыннæ хъуамæ зонон æз дæ хабæрттæ бæлвырд, кæд æмæ дæ къласы разамонæг дæн, уæд? Мурат. Æмæ мын мæ хабæрттæ куы зонай, уæд дзы цы рауайдзæн? Зæирæ. Фендзыстæм, кæддæра дзы ницы рауаид! Æз дын баххуыс кæндзынæн алы хъуыддаджы дæр. Мæн базонын фæнды, ды скъо/тайæ арæх цæмæн цухтæ кæныс, уый. (Му- Рат ницы дзуры.) Æмæ дæ мад æмæ дæ фыдта каем сты? Мурат. Нæ зонын, ам сæ никæй æрбай- йæфтан. 3 æ и р æ. Уæдæ афтæ. Æз ма иу скъола- 41
дзауы ныййарджыты фенон. Уæдмæ кæд дæ ма- дæй, дæ фыдæй дæр исчи зынид. Ды та ме ’рцыдмæ ахъуыды кæн. Хъусыс, иу мисхал дæр мын куыннæ басусæг кæнай, афтæ. (Ацæуы.) Мурат. Куыд зæрдиагæй мыл тыхсы Зæи- рæ. Хорз адæймаг у, æвæдза. Уый æмæ дынТы- мыгъ. Мæн аххос цы хъуыддаг нæ вæййы, уый дæр та мæн аххос фæкæны. (Йæ къухмæ авг сисгæйæ.) Иннæ ахæм мæ фыд, марг баназа. Ацы авг мæм уый куы нæ радтаид, арахъхъ мын дзы æрхæсс, зæгъгæ, уæд ныр масты хай нæ фæуыдаин... Фæлтау Зæирæйæн куьг ра- дзырдтаин мæ хабæрттæ бæлвырд... Фæлæкуыд? Мæ фыд мæ фæрсксæстытæ фæкæндзæн. Уæдæ йын Гуызыпп æмæ Хъайтыхъойы кой дæр куыд скæнон? Цы митæ мын бакæндзысты уæд?.. Ма- цы зæгъин Зæирæйæн, æмæ кæдмæ афгæ цæр- дзынæн?.. Чи мын бамбардзæн мæ рæсгдзинад. Чи цæмæй зоны, æз кæйдæр хæдзæртты цалдæр- гай бонтæ цæмæн баззайын æмæ скъолайы цæ- уыннæ вæййын, уый? Нæ... ай хорз хъуыддаг нæу. Цыфæнды фыдбылыз мыл куы ’рцæуа, уæддæр афтæ кæсæн нал ис, фæлæ Зæирæ куыд- дæр æрбацæуа, афтæ йын фæдзурдзынæн мæ хабæрттæ. Кæд мын исты баххуыс кæнид, мый- йаг. (Хинымæр кæсы чиныг. Æрбацæуы расыгæй Тепсарыхъо.) Тепсарыхъо. Цы архайыс, лæппу?.. Мурат (йæ бынатæй фестгæйæ). Мæнæ чиныджы кæсын. Тепсарыхъо. Чиныджы зæгъыс? Чины- джы дæ фыдæлтæ куы ницы бамбæрстой, уад ма дзы ды цы бамбардзынæ? Кæм ис дæ мад, нæма фæзынд? (Æрбады бандоныл.) Мурат. Нæма. 42
Тепсарыхъо. Уæдæ кæдæм афыдвæндаг ис ныр цалдæр боны. Æвæццæгæн та йæ цæга- ты балæууыд... Мурат. Нæ зонын. Тæргæ йæ ды куы акод- тай, уæд дзы фæрсгæ та ;мæн кæныс. Тепсарыхъо. Хъус-ма, лæппу! Уæлдай куы дзурай, уæлдай, уæд та дæ æз дæ уæрджы- тыл къуымы слæууын кæндзынæн! М у р а т. Уæдæ мын хуыздæр исты фæуы- дзынæ. Т е п с а р ы х ъ о. Уæддæр ма дзургæ кæны! (Мураты чингуытæ стъолæй алырдæм акалы.) Адде кæн мæнæ дæ чингуытæ æмæ мын исты фен! Уæртæ мын сыхæгтæй иу авг арахъхъ æр- бадав! Мурат. Æмæ нозтджын куы дæ, уæд ма дзы цы кæшыс? Тепсарыхъо. Уый та ма дæ хъуыддаг у, къулбадæджы сæныкк! Æз нырма де ’муæз арахъхъ баназдзынæн, уы,й зон. Райс, цьт авг дæм радтон, уый, æмæ ма куыддæр афтидæй æрбацæуай, афтæ дыл мæгуыры бон кæндзæн!.. М у р а т (зивæггæнæгау йæ пъартфелæй си- сы авг). Кæм дын ссарон, кæм?! Ацы авг ра- хæсс-бахæссæй м.а скъолайы дæр фæхудинаг дæн. Тепсарыхъо. Цы, дам, цы?.. Цæмæй дзы фæхудинаг дæ?Авг никуы федтой? Мурат. Дæ хæдразмæ та мæ нæ къласы Разамонæг бафхæрдта. Тепсарыхъо. Цавæр къласы разамонæг V уый та? М у р а т. Нæ кълаоы разамонæг, Зæирæ. Тепсарыхъо. Хъус-ма, лæппу! Æз Зæи- Р^-маирæтæн ницы зонын. Уый-иу йæ къласæн ;'3Уапп дæттæд, ай та у мæ хæдзар, стæй мæ 43
кълас æмæ йын дзуапп æз дæттын. Бамбæрстай æви нæма бамбæрстай? Рæвдз, фæстæмæ мауал дзур, зæгъын! (Мурат æнæбары ацæуы арахъхъ хæссынмæ.) Ахæм дзы сæфты бинонтæ никуы федтон! Чысыл банызтон, зæгъгæ, уæд сы^ сæ тъæнгтæ цыдæр фæцæйхæры. Халер сыл сыста! Æз уæ æрцахуыр кæндзынæн, фæлæуут! Уырды над сæ хъæуы, уырды над, усæй, фыртæй, æмæ уæд дзæгъæлы къæпп-къæпп нæ кæндзысты фæс- тæмæ. Мурат (æрбацæуы афтид авгимæ). Нæ сы- хæгтæм бадзырдтон, фæлæ мыннæрадтой. Мах, да.м, арахъхъ рагæй куынæуал кæнæм. (Авг стъолыл æрæвæры, йæхæдæг йæ чингуытæ æм- бырд кæны пъолæй.) Тепсарыхъо. Æ, къулбадæджы сæныкк! Æмæ уыдонмæ цæмæн бадзырдтай?! Нæ йæ зо- иыс, уыдонимæ хыл дæн, уый? Æмæ уæлæ Хъайтмазтæм нæ федтай? Мурат. Уыдонмæ фыдуаг куыдз ис, æмæ сæм нæ уæндын. Тепсарыхъо. Дæ сæр дь/н бахæрæд сæ куыдз, кæд дзы цæмæй тæрсыс, уæд! Марадз тагъд суай уыдонмæ дæр. Уыдонмæ куы нæ уа, уæддæр ма-иу фен искæмæ. (Мурат райсы авг æмæ та зивæггæнæгау ацæуы. Тепсарыхъо йæ дзыппæй хус тъаран сисы æмæ йæ сыгъдæг кæ- ны.) Æз дæр дзы дыккаг усæрхастон!.. Арахъхъ скæныны бæсты йæ амар фæлтау. (Æрбацæуы Дзегыдо.) Æгас цу дæ фæрв сугтимæ, Дзегыдо! Ныр та дæ цæгатæй мæнмæ ралыгъдтæ? Дзегыдо. Мæ цæгат дæ хуызæн æрратæ не сты. Цæмæн еæ хъуамæ ралидзон? , Тепсарыхъо. Уæдæ цы дыууæрдæм кæ- ныс, уый-ма мын зæгъ? Кæд цæрыс мемæ, уæд цæр! Кæннод дæ бар дæхи!.. -44
Д з е г ы д о. Уæдæ афтæ æнхъæлыс, æмæ дын ам дæ фаджыстæ хафдзынæн? Тепсарыхъо. Æмæ мæ уæд цæмæй тæрсын кæныс? Дæ бынатмæ бирæ хъавджытæ ис, уый зон. Дзегыдо. Гъемæ дыи сæ хуыцау бавзарын кæнæд, Тепоарыхъо, кæддæра дзы цы пайда скæнис! Дæ къухмæ цы бон цыдтæн, уыцы бон фæлтау мæ уæраг куы асастаид, æмæ æнæ лæ- гæй мæ фыды уæларт куы базæронд уыдаин... Тепсарыхъо. Æнæуи дæр афтæ уыдзæн. Уæлдай ма куы дзурай, уæд та ныртæккæ дæ цæгаты балæудзынæ. Мæнмæ дзæгъæл хыртт- мыртт нæй. Æз дæу хуызæттæ иу нæ, фæлæ дæс дæр ссардзыиæн. Цы ис дæумæ хорздзинадæй? Æгæр-мæгуыр арахъхъ скæнын дæр куы пæ зо- ныс! Дзегыдо. Дæуæн ма ноджыдæр арахъхъ кæпын хъæуы? Æмæ дзы цух та кæцы бон баз- зайыс? Цы бакусыс, уымæн йæ фылдæр нозтыл куы сафыс. Чи ма дын дзы аззайы, уыдонæй та алименттæ фидыс. Æртæ азы иумæ цæрæм, æмэе дæ иунæг бон мæ зæрдæ никуы барухс. Ноджы- дæр ма аххосджын мæн кæныс? Нæ, уымæй дын ницыуал рауайдзæн. Æгъгъæд у мæнæн дæр дæ фаджыстæ сæрфын. (Æрбацæуы Мурат афтид авгимæ.) Мурат (йæ хæлафы фадыг".?° амонгæйæ). Нæ дын дзырдтон, баба, уыдонмг^ фыдуаг куыдз ис, зæгъгæ? Куыддæр сæм бадзьпдтон, афтæ мæ йæ хъæлæсы райста æмæ мын мæ хæлафы фа- дыг аскъуыдта. Тепсарыхъо. Дæ фадгуыты кой-ма ныу- уадз, фæлæ арахъхъ цæуыннæ ’рхастай? М у р а т. Нал сæм бауæндыдтæн куыдзæй. Тепсарыхъо. Æмæ сæ фарсмæ чи цæры, \'ыдонмæ дæр нæ бадзырдтай? 45
Мурат. Бадзырдтон, фæлæ уыдон дæр йал кæнынц арахъхъ. Т е п с а р ы’х ъ о. Быныскъуыд суæд уæдæ и>* уылдæр! Стыр лæдзæг айс дæ къухты æмæ ма сæм иу хатт суай Хъайтмазтæм. Мурат. Ныртæккæ скъоламæ цæуын. / Тепсарыхъо. Иу къахдзæф дæр никуы- дæм акæндзыиæ, цалынмæ мын арахъхъ ссарай,. уæдмæ. Д з е г ьт д о. Ныууадз мæгуыр сывæллоны, дæ туг баназай! Дæ къæхтыл тыххæй куы лæу- уыс, уæд ма дзы цы кæныс уыцы нозтæй?! Тепсарыхъо. Уæдæ нæ хæссыс арахъхъ? (Муратмæ бацæуы нæмынмæ.) Æз дын, куыдзы къæбыла, лæг цы у, уый фенын кæндзынæн ныр- тæккæ. (Иыццæвы Мураты уадул.) Слæуу-ма дæ уæрджытыл къуымы! Д з е г ы д о (Тепсарыхъойы иргъæвгæйæ). Ныууадз сывæллоны, йæ тæригъæд ын фæхæс- сай! Тепсарыхъо (Дзегыдойы ассонгæйæ). Адде у иуварс, кæннод мæ маст дæуыл акал- дзынæн! (Ныццæвы та Мураты уадул.) Слæуу къуымы дын, зæгъын! Кæннод дын ныртæккæ де ’фсæр фæзылыы кæндзынæн! (Мурат йæ цæс- тысыгтæ сæрфгæ йæ уæрджытыл слæууы хæдза- ры къуымы.) Афтæ лæуу, негодяй! Цалынмæ дæ уд æрдуйы иарæгæн суа, уæдмæ! Д з е г ы д о (Муратмæ фæцæйцæугæйæ). Рауадз сывæллоны дын, зæгъын! Æз æй ныр- тæккæ мемæ кæиын. Тепсарыхъо (Дзегыдойы фæндаг ахгæ- иы.) Кæдæм æй кæныс? Айс дæхи æнæ фыдбы- лыза?й, науæд дын æз ахæм митæ бакæндзы- нæи, æмæ дæхи дæр куыпнæуал акæнай! 4б
Дзегыдо (Тепсарыхъомæ). Замманай сы- вæллон æмæ йæ бынтондæр фехæлдтай. Дæхи- дæн дзы арахъхæссæг скодтай. Иæ фæдыл скъо- ламæ иу каст никуы бакодтай. Æгæрстæмæй ца- лæм къласы ахуыр кæны, уый дæр нæ зоныс. Афтæмæй дæхиуыл та къæм абадын нæ уадзыс. Тепсарыхъо. Æмæ йын ды та цы бах- хуыс кодтай, цы, Дзегыдо? Мæ хæдзарæй дæ цæгатмæ тæрхъусау ралидз-балидз кæй кæныс, уымæй? Дзегыдо. Мæ цæгатмæ дæр бæргæ нæ ли- дзин, цæрын нæ куы уадзис, уæд. Тепсарыхъо. Уый мæ фырт у, æмæ йæ куыд ахуыр кæнын, уый æппындæр дæ хъуыд- даг нæу. Дзегыдо. Иу хатт ма дын зæгъын мæ ’фæндон, рауадз сывæллоны мемæ мæ цæгатмæ, æмæ ма дзы кæд исты рауаид. Тепсарыхъо. Цъуй дæ иæ, хъæуы, цъуй! Уæд æй ныййарын хъуыд... Д з е г ы д о. Уæдæ мæнæн афтæмæй демæ цæрын мæ бон нæу. Ацы хатт дæм афтæ мауал <Ьæкæсæд, æмæ та дæм фæстæмæ æрыздæхдзы- нæн. Æз дæр кæд нæ фесæфин, мыййаг. М у р а т (йæ цæстытæ сæрфгæйæ.) Мæн та кæмæн уадзыс, Дзегыдо? Дзепыдо. Дæ зæрдæ мь:л ма фæхудæд, Муоат. Мæхиуыл дæр хуыздæр бон ,нæй. Кæд дæ хъæуон, уæд-иу мæ бацагур нæхимæ. (Ацыд.) Тепсарыхъо (хъæр кæны Дзегыдойы фæстæ). Гъемæ гъæй кæн, гæбæррагъ! Æз ма дæ мæ къæсæрæй æрбакæсгæ фенон! (Ныхситт кæны Дзегыдойы фæстæ.) Мурат (йæ бынатæй сыстгæйæ). Æз дæр цæугæ кæнын Дзегыдоимæ. (Йæ цæстытæ сæр- фы.) 47
/ Т с п с а р ы х ъ о. Æз дæ фæдзегыдо кæндзы- нæн, куыдзы къæбыла, мæ мастыл ма мын цæхх куы кæнай, уæд! Чи дын загъта, æмæ сыстай дæ бынатæй? Æрлæуу дæ уæрджытыл! (Йæ уз^хс- кыл ын бынмæ æрхæцы.) Æрлæуу дын зæгъь^н!.. (Мурат слæууы йæ уæрджытыл.) Гъе, афтæГ Цалынмæ æз арахъхъ агурон, уæдмæ ма змæл- гæ дæр фæкæн, кæддæра дæ дæ къæхтæй хæрд- мæ нæ сауыидзин. (Æрбацæуы Зæирæ.) Зæирæ (Муратмæ ацамонгæйæ). Ай та цы хабар у? Тепсарыхъо. Цы хабар у, уæрджытыл лæугæ никуы федтай?! Зæирæ. Æмæ паддзахы заман æрцыд, æви цæмæн хъизæмарæй марыс лæппуйы? Тепсарыхъо. Хъус-ма, чызг! Мæ хæдза- рæн дæ уынаффæгæнæг чи скодта? 3 æ и р æ. Мæнæн мæ хæс афтæ у. Æз йæ ахуыргæнæг дæн æмæ хъуамæ зонон хабар. Тепсарыхъо. Æз та йæ фыд дæн, æмæ йын цы ’мбæлы, уый кæнын. Дæу дзы цыхъуыд- даг ис? Зæирæ. А-а... Уæдæ Тепсарыхъо ды дæ, Тепсарыхъо! Æгайтма дæ базыдтон. Æз дыи хуыздæр лæг æнхъæл куы уыдтæн... Тепсарыхъо. Æмæ мыл кæннод цы фа^ æвæрынмæ хъавыс? Зæирæ. Фау та ма цы вæййы? Дæ фырт скъоламæ къуыригæйттæ нæ цæуы, йæ фæдыл ныййарджыты æмбырдмæ иу каст никуы бакод- тай æмæ уый дæумæ фау нæ кæсы? Лæг ма йæ фосы фæдыл дæр куы акæсы хизæнмæ, æмæ дæ фырт та ныр лæг куы у, уæд æм дæ цæст куын- нæ фæдарыс? Æз кæд ног кусæг дæн, уæддæр дæ сыхæгты руаджы базыдтоп æппæт дæр. Дæ 48
бинонты расыгæй куы ныддæрæн кæныс, уæд дæм уый фау нæ кæсы? Дæ фырт цалдæргай боптæ æххормаг куы баззайы æмæ кæйдæр хæ- дзæрттæм, кæм цы къулбадæг ис, уыдонимæ кæрчытæ давъшмæ куы цæуы, уæд дæм уый фау пæ кæсы? Æппынфæстаг, цалдæргай сахæттæ дæ фырты йæ уæрджытыл куы фæлæууын кæ- ныс, уæд дæм уый дæр нæ кæсы фау? Уæдæ ма фа\г цы вæййы? Ныр бамбæрстон хъуыддæггæ кæронмæ. (Муратмæ бацæугæйæ.) Сыст-ма, Му- рат, уæлæмæ æмæ ныртæккæ мемæ цом скъола- мæ! Тепсарыхъо. Банцай дын зæгъын, чыз- гай, кæннод дын дæ дзыхыл цъутта сæвæрдзы- нæн! М у р а т (йæ бынатæй фесты æмæ Зæирæйы; фарсмæ алæууы). Нæ йыл сæвæрдзынæ цъутта, нæ! Раст дзуры Зæирæ. Æз ын сæ мæхæдæг дæр дзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ мын мæ уа- вæртæ йæхæдæг хуыздæр базыдта æмæ федта йæ цæстæй. Т е п с а р Ъ1 х ъ о. Ныхъхъус у, къулбадæджьг сæныкк, цалынмæ дын тыхджындæр маст не скодтон, уæдмæ! Мурат. Нал ныхъхъус уыдзынæн, нал!Мæ- нæн ам демæ цæргæйæ нал у. Цæуын Дзегы- дойы цæгатмæ æз дæр æмæ уырдыгæй цæудзы- нæн ахуырмæ. (Рамбырд кæны йæ чингуытæ.) 3 æ и р æ. Федтай, Тепсарыхъо, дæ митæ дæ цæмæты ’ркодтой, уый! Тæригъæд у дæуæн фы- ды ном хæссын. Хорзæй баззай! Тепсарыхъо. Лæппу! Раздæх фæстæмæГ Раздæх фæстæмæ дын зæгъын... Æмбæрзæи 49
ГАЦЫРЫ ФÆЛВАРÆНТÆ Архайджытæ: Профессор — институты ахуыргæнæг. Г а ц ы р — абитуриент. X ъ ы з ы л — йæ зонгæ лæппу. (Арæзт у Санахъоты Георгийы радзырд «Га- цыры хабæрттæ»-мæ гæстæ). •Сценæйы æмбæрзæн нæма байгом, афтæмæй Гацыр тагъд- гомау æрбацæуы рахизырдыгæй, галиуырдыгæй та Хъызыл. X ъ ’ы з ы л. Дæ хорзæхæй, Гацыр, фæдис у, æви афтæ тагъд кæдæм кæныс? Гацыр. Институтмæ, мæ хæдзар, институт- мæ\ Абон мæ фæстаг тыхтæ хъуамæ бафæлва- рон уырыссаг литературæйæ. Хъ ы з ы л. Æмæ афтæ куы фехъуыстон, ныр цалдæр азы фæлварыс, фæлæ та нæ бахауыс, зæгъгæ. Уæд ма дæхи цæуыл тухæнæй марыс? Г а ц ы р. Æнæ тухæнæй ницы ис, мæ хæдзар. Цъæхилты Мыкалгабырстæн, уæдæ ма-иу ацы хатт фæкæс, кæддæра институтæн йæ тæккæ астæу не смидæг уаин. Хъызыл. Уæ, бæргæ куы смидæг уаис, мæ зо
цасст дæр дын уарзы, фæлæ йæ мæ фондз æн-; гуылдЗ’Ы хуызæн зонын, ахуыры хъуыддаджы. мæхицæй уæлдай кæй ницы бакæндзынæ, уыл. Фæлтау рацу, æмæ^ иумæ колхозы кусæм. Г а ц ы р. Куыд кæсын, афтæмæй мын дæ* цæст хорздзинадæй ницы уарзы, Хъызыл, фæлæ ма-иу тæккæ абон фæкæс, кæддæра мæ хъуыд- лаг конд уаид æви нæ! Æз дыууæ азы дæр Пушкины цардыуаг кæй нæ зыдтон, уый тых- хæй-иу нæ бахаудтæн. Фæлæ ма-иу ныр фæкæ- сæд, кæддæра йæ а лæппу къæркъæргæнгæ нæ радзурид! Хыызыл. Уæдæ кæд афтæ у, уæд дæ фыл- дæр чи уарзы, уый фæндиаг уæд дæ хъуыддаг1 (Ацæуынц.) Байгом сценæйы æмбæрзæн. Профессор бады стъольг фарсмæ, скæны йæ кæсæнцæстытæ æмæ кæсы цавæрдæр гæххæттытæм. Профессоры стъолы комкоммæ дыккаг стъол... йæ фарсмæ бандон. Æрбацæуы Гацыр йæ сæр- бæрзæндты хæсгæ. Гацыр. Дæ бонтæ хорз, æмбал профессорГ Профессор. Æгас цу! Дæ ном æмæ дæ мыггаг? Гацыр. Ау, æмæ мæ нал зоныс? Хабедзен- ты Гацыр! Профессор (йæ кæсæнцæстыты сæрты скæсгæйæ). Кæддæр ма сæмбæлдыстæм цыма. Г а ц ы р. Бæгуыдæр сæмбæлдыстæм! Стæй и\- хатт нæ, фæдæ цалдæр хатты уыдтæн ам. Профессор. Æмæ кæд афтæ у, уæд нæ^м нæмæн афтæ арæх цæуыс? Г а ц ы р. Цæмæн куы зæгъай, уæд-иу Пуш- 1 ппы биографи нæ зыдтон æмæ та-иу мæ хъуыд- 5*
дагæй ницыуал рауад. Фæлæ ныр, табу хуыца- ^æн!.. Профессор. Ныр цæттæ дæ, зæгъыс? Г а ц ы р. Канд цæттæ нæ, фæлæ йæ мæ бон у къæркъæрпæнгæ радзурын. (Тагъд-тагъд дзу- ры Пушкины биографи.) Пушкинты Алыксан- дыр... Нæ фæлæ Алъжсандырты Пушкин... Си- къойы, Солтаны, нæ, фæлæ Симоны, цыбырдæр дзургæйæ, сæ кæцыдæры фырт уыд Пушкин, райгуырдис мин фараст сæдæ... сæдæ æвдай... нæуæдз фарæстæм азы, раст фъщцаг хъаймæты разæй тъæнджы мæйæн йæ кæронмæ хæстæг æмæ ссис стыр талантджын поэт. Уый ныффыс- та ахæм диссаджы уацмыстæ куыд «Капитаны боцкъа», «Æрхуы зæвæт», стæй ма куыд дзу- рынц, афтæмæй, дам, Бахчиты сарайы та ныф- фыста донуадзæп къанæутты тыххæй стыр лите- тературон уацмыс «Фаитал», зæгъгæ, йæ ном. Профессор (йæ хъустыл фæхæцгæйæ). .Мæнæ цытæ хъусын, мæнæ! Фæлæуу-ма, фæ- лæуу, Хабедзены-фырт! Гацыр (ноджы рæвдздæр дзургзгйæ). Нæ лæууын нæ, æмбал профессор! Æмæ цы пæ ныффыста Пушкин суанг æмдзæвгæйы онг. Иæ иу æмдзæвгæ ныр дæр ма мæ зæрдыл хорз лæу- уы «Я памяник воздвиг себе своими собствен- ными руками», кæцыйæн, дам, хæмпæлгæрдæгæй тас нæу, зæгъгæ. Профессор (стъол æрцæвгæйæ). Æгъгъæд дзур, зæгъын! Æз дæ Пушкинæй куы нæ фæр- сын, уæд цы стырындз дæ, уый ма мын зæгъ? Æз дæм ратдзынæн æндæр фарст. Г а ц ы р (фыр тæссæй йæ къухтæ æмæ йæ уæрджытæ ризын байдыдтой). Уый та куыд æмбал профессор? Дыууæ азы мæ, Пушкины биографи кæй нæ зыдтон, уый тыххæй уæлæмæ 52
скæсын куы нæ бауагътай, уæд та мæм ныр æн- дæр фарст дæттыс? Профессор. Лæппу, дзургæ бирæ кæныс, зонгæ та — чысыл. Гацыр. Раст зæгъыс, зынаргъ профессор, пырма цъус зонын, ардæм дæр уымæн цæуын, кæд фылдæр базонин, фæлæ мæ нæ уадзыс. Профессор. Радио ма аныхъуыр, лæппу, фæлæ ма мын ахæм фарстæн дзуапп ратт! Чи амардта Дездемонæйы æмæ цæмæн? Гацыр (тарстхуызæй). Чи йæ амардта, зæ- гъыс? Дзурын уæм суæндыдтæн, зæгъгæ, уæд мæ бандит æнхъæлут? Æз хъæуæй рараст дæн ахуыры фæндагыл, æндæр ын æз цы зонын, чи кæй амардта, уымæн?! Профессор. Уæдæ йæ нæ зоныс, нæ? Г а цы р. Уæд нæ бинонтæ быныскъуыд суæд, кæд æз исты зонын Дездемонæйы марæгæн. Профессор. Сомы кæнын дæ ,нæ хъæуы. Г а ц ы р. Уæдæ мыл ай цæй æнамонд ха- бæрттæ цæуы, нæ зонын! Цы зæгъдзысты мæ зæронд мад æмæ фыд, кæнæ хъæубæстæ ацы бæллæхы хабар куы фехъусой, уæд? Цæуылнæ дæ уырны, æз марæг кæй нæ дæн, уый? Профессор. Тынг мæ уырны, тынг, æнæ сомыйæ дæр. Нæ зоныс ацы фарст! Гадыр. Раст зæгъыс, зынаргъ профессор, ацы хъуыддагæн æз æппындæр ницы зонын. Профессор. Уæдæ байхъус æмæ дын æй æз зæгъон: Дездемонæ уыд Отеллойы æмкъай. Отелло Ягойы æвзагæй йæ усыл фæгуыръисхо. Иу хатт Отелло зæгъы Дездемонæйæн: «Æри мын мæ къухмæрзæн! Æри! Æри, зæгъын», Къухмæрзæн Дездемонæмæ куы нæ разынд, уæд æй ныххурх кодта. Гацыр. Ау! Куыд цъаммар ми бакодта, 53
куы! Иу къухмæрзæны тыххæй ма исчи йæ усы. мары?! Уымæй дæр кæйдæр æвзагæй. Æмæ йын цас радтой? Профессор. Кæмæн? Г а ц ы р. Уымæн, Отеллойæн. Нæма лын стæрхон кодтой æви йæ нæма зонынц? Профессор (мæстыйæ). Ды æппын к>ы ницы æмбарыс! Уый Шекспиры трагеди у„ Шекспиры! Гацыр. Æмæ уый дæр амарди? Профессор. Чи? Шекспир? Г а ц ы р 0,о, Шекспир. Профессор. Уый йæ фысгæ ныккодта„ фысгæ, бамбæрстай! Г а ц ы р. 0, о, уæдæ йыл кæд ныффыста» уæд ныр уыцы цъаммары æрцахсдзысты. Профессор. Куыд кæсын, афтæмæй нæ ныхас уæгъды у. Ды нæ бамбæрстай хъуыддаг» æмæ ахизæм æндæр фарстмæ. Гацыр. Иттæг хорз уаид, æмбал профес- сор! Уый æнæуый дæр æгæр уæззау фарст у> мæ зæрдæ дзы суынгæг. Профессор. Уæдæ ма дæ иунæг хъуыдда- гæй фæрсын æрмæстдæр. Чи уыдис Лев Тол- стой? Гацыр (цингæнгæ). Лев Толстой, зæгъыс? Ахæм æнцон фарстатæ мæм куы лæвæрдтаис, уæд афонмæ иттæг хорз бæрæггæнæн райстаинГ Лев Толстой уыд ставд домбай. Профессор. Æдылы ныхæстæ ма кæн, æз дæ фыссæг Лев Толстойæ фæрсын. Гацыр. 0, уый зонын. Уый уыдзынгæ фыс- сæг, куыд Алыксандрты Пушкин Сергейы фырт, кæцы ныффыста ахæм æмдзæвгæ: — Я памятник... Профессор (йæ хид асæрфгæйæ). Æз дæ 54
Пушкинæй нæ фæрсын. Лев Толстойы кæд зо- ныс, науæд... Гацыр. Зонын, зонын, цытджын профес- сор! Лев уыд Толстой. Профессор. Уымæй раст зæгъыс. Толстой уыд Лев. Г а ц ы р. Уæдæ кæд раст дæн, уæд мын æр- тæ сæвæр, фондз дæ куы нæ курын, мыййаг, æмæ кæрæдзийæ фервæзæм. Профессор. Цæмæй дын æртæ сæвæрон, уый тыххæй Толстойæ иу чысыл исты радзурын хъæуы, исты! Г а Ц1Ы р. Зынаргъ профессор, дæхæдæг та-ма йæ радзур, ды сæ хмæлæты хорз дзурыс. Профессор (йæ къухмæ ручкæ сисгæйæ). Куыд дæм хъусын, афтæмæй уæлдай хуыздæр дзуапп нæ ратдзынæ. (Æрцæйæвæры æвзæр бэё- рæггæнæн.) Г а ц ы р (профессоры фæкъуылымпыгæн- •гæйæ). Ма бакæн, ма бакæн, æмбал профессор! Уæд та ма мæ ноджыдæр ахъуыды кæнын ба- уадз! Профессор. Ахъуыды кæн, табуафси. Гацер (чысыл паузæйы фæстæ). Йед у... Лев Толстой уыд зынгæ фыссæг, стæй ставд лæг, фæлæ кæд Пушкин асæй къаддæр уыд, уæддæр ын Толстойæ бирæ фылдæр бантыст фыссæджы куысты. Æниу Толстойæ дæр ницы зæгъын, уый дæр æвзæр нæ фыста, фæлæ Пуш- кинæн æмбал нæ уыд æмдзæвгæтæ фыссынмæ, куыд зæгъы: «Я памятник воздвиг...». Профессор. Æгъгъæд, æгъгъæд, Хабедзе- ны фырт! Дæхи дæр, стæй мæн дæр мауал ту- хæнæй мар! (Фæцæйæвæры æвзæр бæрæггæ- нæн.) Г а ц ы р. Ма бакæн, ма бакæн, æмбал про- 55
фессор! Ныр иу сахатæй фылдæр куы дзурын демæ, уæд мын æртæйы гæбаз дæр не ’мбæлы? Профессор. Дзургæ бирæ фæкодтай, фæ- лæ — дзæгъæлы! Гацыр. Æмæ мын ды дæр иу æртæ дзæ- гъæлы нывæр. Цавæр хабар у, æмбал профес- сор, дæ хæдзарæй йæ куы нæ дæттыс, мыййаг. Профессор. Мæнмæ дзæгъæл æртæтæ нæй, мæнæ дын æвæрын дыууæ, сахуыр кæн фи- дæнмæ æмæ та-иу бафæлвар!.. (Гацыр сæргуыбырæй хъуырхъуыргæнгæ ацæуы.) Кæрон
ПАЙДАДЖЫН КУЫСТ Иуактон сатирикон комеди Архайджытæ: Марфузæ — сæудæджер. Азаухан — йæ чызг. 3 æ л у х а н ) т; ^ л > — иæ сыхæгтæ Ьибо ) Т о л д з æ — Азауханы курæг. М а м с ы р — йæ минæвар. Цицинкъа — хъæуккаг ус. Милиционер. Марфузæйы уат. Буфет, стъол æмæ æртæ бандоны. Стъо- лыл хызын, гарузтæ, сæрбæттæнтæ æмæ æндæр дзаумæттæ. Марфузæ нымайы нымайæн къæбæлтæй. Марфузæ. Афтæ, стæй афтæ. Уый дын лæс æмæ ссæдз туманы сæхи аргъ. Ныр та сыи сæ пайда банымайын хъæуы. (Шæ къухмæ сисы гаруз.) Ацы гарузтæй уал бакусдзынæн фыыд- дæс туманы сæхи аргъæй уæлдай. Сæрбæттæн- тæ æддæппæт сты фынддæс. Алы сæрбæттæнæй Дæр фондз сомы пайда. Уый дын авд тумапы земæ фондз сомы. Уæдæ ма иннæтæй дæр бакус- Дзынæн иу дæс туманæй фылдæр. Таким обра- 57
зом, дыууадæс æмæ ссæдз туманæй фылдæр. Уый дæр сæ афтæ ставд нымæдтытæ акодтон,. уыййеддæмæ сæ, чи зоны, фылдæр райсдзынæн. (Фехъуыст къæхты хъæр. Марфузæ дзаумæттæ- тагъд-тагъд хызыны авæры. Æрбацæуы Азаухая) Азаухан. Цæмæй фæтарстæ, мамæ? М а р ф у з æ. Дæ .уæраг асæттæд! Мæ уд. мын мæ къæхты бынæй ауайын кодтай. Сырх- худджын дæ фенхъæлдтон. А з а у х а н. Цавæр сырххудджын? М а р ф у з æ. Мæнæ нæ хъæуы цы милицæйы кусæг ис, уый. Айфыццаг мæ тыхджын бафæ- дзæхста. Мæ хъустыл, дам, æрцыд сæудæджеры куыст кæныс, зæгъгæ. Æмæ, дам, афтæ куы уа,. уæд мæ-иу хъаст ма ракæн. Азаухан. Æмæ дын тынг раст загъта. Ца- лынмæ исты фыдбылызы нæ ныххаудтæ, уæдмæ æнцад цæуыннæ ’рбадыс? Марфузæ. Ныр мыл ахæм сайд нал æр- цæудзæн. Æниу мын хъуыръщъарæй куы лæгъ- стæ кæниккой, уæддæр ма дын æз сыхаг кæих хъæуккаг лæгæн исты уæй кæиын. Ам ахæм æнаккæгтæ ис, ахæм, æмæ сæ дзыхы æппындæр’ ницы уромынц. Мæнæ ма мæ чи цы дары, уыдон куы æрæмбырд кæнин, уæд мæхæдæг зонын^. бæргæ... Азаухан. Цыфæнды хъахъхъæд куы фæ- кæнай дæхи, уæддæр дын искæд заман фыдбы- лызы æнæ бахаугæ нæй. М а р ф у з æ. Уый дæ уынаффæ нæу, фæлæ ма стыр хызын фен æмæ дзы гарузтæ æрæфснай! Æз дæ райсом раджы Беслæны базары мæ дæс- ныйадыл райдайон ахуыр кæнын. ’ Азаухан. Мæн ницы хъуыддаг ис дæ га- рузтимæ стæй Беслæны базары дæр. 58
Марфузæ. Цы, цы? Куыд загътай? Уæдæ æнцад бадынмæ хъавыс? Азаухан. Нæ хъавын. Мах Заремæимæ равзæрстам хъугдуцæджы куыст æмæ райсом райдайдзыстæм колхозы фермæйы кусын. М а р ф у з æ. Æмæ хъугдуцæджы куыстæй мæ куыст æнæпайдадæр у? Мæй æртæсæдæ со- мæй къаддæр куы никуы райсын. А з а у х а н. Дæ куыст сæудæджеры куыст у, земæ æз та мæ удхæссæг уынын ахæм куыстæй. М а р ф у з æ. Йæ удхæссæг уыны’ ахæм куы- стæй! Дæ гуыбын дзы фæрисдзæн, æдылы къоп- па! Цы пайда ис хъугдуцæджы куыстæй, зæгъ- ма? Дæс азы уый тыххæй фæцахуыр кодтай? А з а у х а н. Мыггагмæ хъугдуцæг нæ уыдзы- нæн. Иу чысыл акусдзынæн, стæй мæ колхозы хицауад ахуырмæ арвитдзæн. М а р ф у з æ. Кæмфæнды куы сахуыр кæ- най, суанг ма прафисыр куы суай, прафисыр, уæддæр сæудæджеры куыстæй пайдаджындæр куыст не ссардзынæ. Мæ мады цæсгомыстæн, ды мæ дæсныйадыл куы фæцахуыр уай, уæд цыбыр рæстæгмæ дæхи дариты стухдзынæ!.. Раст ма дæм де ’мбæлттæ хæлæг дæр кæндзысты. А з а у х а н. Куыннæ мæм бахæлæг кæндзы- сты, къæлæнчомæ куы бахауон, уæд. М а р ф у з æ. Мæлæты тарст нæ кæныс къæ- лæнчойæ. Тæппуд ма у, тæппуд! Адæм дæ фы- дæй ард куы хордтой, уæд ды кæмæй фæдæ?! Æппындæр-ма мацæмæй тæрс! Æз дæ ыыййарæг мад куы дæн, уæд дæ ахæстонмæ хауын уадзын. Мæ мады цæсгомыстæн, арвы кæрæттыл куы фæзилай, уæддæр мæ куыстæй пайдаджындæр куыстыл никуы фæхæст уыдзынæ. Цæй колхозы куыст дæ хъæуы, зæгъ-ма? Азаухан. Мамæ, ныууадзæм ацы иыхас! 59
Нæ рæстæг дзæгъæль! цæмæн сафæм. Æз’дæм кæддæриддæр хъуыстон, фæлæ дæм ацы хатг нæ байхъусдзынæн. Мæнæн мæ фæндаг æв- зæрст у. Марфузæ. Уæдæ ма ма байхъус, кæддæ- ра дын æз дæ бартæ не ’рцыбыртæ кæнин! Дæ- фыды амарды фæстæ мæхицæй сæудæджер са- рæзтон, уæдæ хæдзар мацæмæй фæцуда, зæгъ- гæ, ды та йæ æмбаргæ дæр нæ кæнъгс, æдылы къоппа, æмæ мын дæле уæлæмæ уынаффæтæ систай!.. А з а у х а н. Æз дын æвзæрæй ницы загътон. Мæ фæндон комкоммæ загътон, æндæр мæнмæ дзуринагæй ницыуал ис. (Ацæуы). Марфузæ. Дæ уæраг асæттæд уæдæ, уый дын мæ хуыздæр арфæ! Ахæм ма дзы’ хивæнд адæймаг уыдзæн зæххыл!.. Фæлæуу, æз дыи хуыздæр бынат æрхъуыды кæндзынæн. (Æрба- ды бандоныл æмæ хъуыды кæны.) Ничи йæм хъусы! Мæ куыст йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Æмæ мын афтæ хъæуы! Цæмæн зæронд кæнын мæхи ацы æдылы къоппайы тыххæй. Мæнæ ма йæ ку- рæг куы фæзынид иу хатт, уæд æй æвæстиатæй авæрин моймæ, стæй та уæд мæхи рад уаид. (Нымайы нымайæн къæбæлтыл.) Так, так! Ныр та анымайон, чи ма мæ цас æхца дары, уыдон. Дицинкъа — æртындæс туманы. Ацы æнаккагæн гар^з дæттын нæ хъуыдис, бæргæ. Кæдæй мя*- рафæлив-бафæлив кæны. Йæ сæр мыстулæджы сæры хуызæн. Абон мын куы нæ радта æхца» уæд ын раст йæ мæрдтæ хурмæ скалдзынæн. Нымайы. Челемет — фондз туманы æмæ авд со- мы, Хъанцауы ус — цыппар туманы. Уый дын дыууæ æмæ ссæдз туманы æмæ авд сомы. Ныр уыцы ’хцатæ мæ къухы куы уаиккой, уæд цы хъæуы цы! А чьизг та а дыууæ боны Оренбур- 60
джы балæууид гарузтæ ласынмæ. Æвæдза, кæ- уылты пайда у сæудæджеры куыст... Уæдæ ацы стыр галуантæ цæмæй сарæзтаин. Колхозы сæр- дарæн дæр хуыцау арфæ ракæнæд. Ницы мæ хъыгдары. Уæвгæ йыи мæхæдæг дæр æнæпайда пæ дæн. Йæ ус фылдæр мæнæй кæй балхæны. уыцы дарæсы куы цæуы. Уæдæ йын зынаргъ лæ- вæрттæ дæр бирæ фæкодтон. Кæм йæ гуырæн боны, кæм йæ фырты чындзæхсæвы, уæдæ куыд вæййы, куыд? Фæхæцæг хорз у. Фæлæ ацы сырххудджынæй мæ удхæссæг уынын. Уыцы амал кæнын йемæ лымæндзинад саразыныл, уæддæр нæ уисæн кæны. Æниу къах йæ мады роны, цæмæй дзы тæрсын! (Æрбацæуы Зæлухан.) Зæлухан. Ам нæ дæ, Марфузæ? М а р ф у з æ. Ам дæн, уæдæ кæм хъуамæ уон! 3 æ л у х а н. Дæ хорзæхæй. Марфузæ, Азау- ханы цæуыннæ уадзыс колхозы фермæмæ кусын- мæ? Мæ чызг дæм йæхæдæг нал æрбауæндыд, фæлæ мæнæн бафæдзæхста, базон, дам, хъуыд- даг, зæгъгæ. М а р ф у з æ, Нæ хъуыддæгтæ зонын сымах- мæ иæ кæсы, фæлæ дæ чызгæн ,ма кæ цæуыннæ- зæгъыс, Зæлухан? 3 æ л у х а н. Уæд цæй тыххæй? М а р ф у з æ. Цæй тыххæй, цæ, Азауханы мын ма ’рра кæнæд. Æз æй фермæйы куыстмæ куы уадзин, уæд дзы сымах нæ бафæрсин. 3 æ л у х а н. Æмæ цы аххосджын у мæ чызг? Дæ чызгимæ дæс азы иумæ фæцахуыр кодтой, сæхицæн фæндаг равзæрстой, ды та сæ къуы- *тшмпы кæныс. М а р ф у з æ. Æз нæ, фæлæ сымах къуылым- пы кæнут мæ чызгæн йæ фæндаг, æ,мæ рагацау 61
-уæ дзыхыл куы хæциккат, æндæр уæ ницы агу- рын хорзæй. Зæлухан. Мах дæ чызгæн хорздзинадæй .дарддæр æвзæр никуы ницæмæй фестæм, уæл- дайдæр та йæ ахуыры хъуыддаджы, уæддæр ~мын бузныг нæ зæгъыс. М а р ф у з æ. Цæмæн уын зæгъон бузныг. _Æххуырсгæ уæ бакодтон? Азаухан мæ коммæ куы бакастаид, уæд ын æз дæс къласы кæсын дæр нæ бауагътаин. Уымæн æмæ чызджы ахуыр хæдзарыл нæ хæцы. Ды та дæ чызгæн дардыл уынаффæтæ кæныс. Иу-дыууæ азы уал дын фер- мæйы фæкусдзæн, стæй та ногæй ахуырмæ цæу- дзæн, æмæ мын мæ чызджы дæр ууыл æрра ка> нут? Зæлухан. Æмæ уый æвзæр зонд у? Уæдæ йæ дæхи хуызæн сæудæджеры куыстыл ахуыр кæныс? Æви дæ нæма уырны, ахæм адæмтæм топпы фатæй кæй кæсынц, уый? Марфузæ. Топпы фатæй нæ, фæлæ мæм кæд телескопæй кæсынц, уæддæр дæ ницы хъуыддаг лс! Ницæмæн æй хъæуы уæ хорз зонд, уæхицæн æй уадзут! Æз ын æвзæрдæр нæ баца- мондзынæн. Сымах кæуылты хъуыды кæнуг, уыдон хуымæтæджы сæнттæ сты. Зæлухан. Æз уал комкоммæ уынын, æмæ дæ чызгæн абон хорз фæндаг нæ амоныс, рай- сом ын цы бацамонай, уымæ дæр та бакæсдзы- стæм. (Ацæуы.) Марфузæ. Ничи йæм хъусы! Мæ чызгæн мын уынаффæгæнæг куыд скодтой сæхи мадæй, -чызгæй. Сæ удæй бацыдысты колхозы куыстыл, ’цыма бæстæ иннæрдæм афæлдахдзысты. Хæф- сæн, дам, йæ лæппын хуры тын. Мæлæты кад- джын нæу йæ чызг йæ цæсты. Кæд ын афтæ хорз чызг у, уæд ъш æй цæуыннæ исчи куры? «2
Фæлæ хорз чи у, уый адæм сæхæдæг хуыздæр- уынынц, Мæнæн уал Азауханы ис хорз курæг^ _оаст саджы фисынтыл амад лæппу. Зæлуханæн- та йæ чызгыл иу дзурæг дæр нæма ис. Нæ... Азаухан йе ’мбæлттæй амондджындæр кæй уы- дзæн, у-ый гуырысхойаг нæу. Фæлæ а йæ курæг цæмæн æрæгмæ зыны — нæ зонын. Куыд хорз- уаид... Йæ хъуыддаг ын фæрæвдз кæнин... Уый фæстæ хæдзар æрбауæй кæндзынæн, æмæ йел- лæ!.. Зæлухан та йæ чызгимæ хъуццыты бынтæ- мæрзæд. Ныффæстиат мæ кодта, халер æй ахæс- са! Афонмæ мæ хæстæй исты æрæмбырд код- таин... (Æрбацæуы Цицинкъа загъдгæнгæ, йæ къухы гаруз, афтæмæй.) Цицинкъа. Худинаг дæм нæ кæсы, Марфу- зæ! Ай мын цы рауæй кодтай?! Раст цыма æл- дыгъæй конд у, уыйау, йæ хъуын кæд кæны згъæлгæ! М а р ф у з æ. Згъæлгæ дæ сæры хъуын дæр- кæны, Цицинкъа, æмæ уый дæр æлдыгъы аххос у? Цы диссаг дæм кæсы, ног гаруз æй кæд иу цалдæр хъуыны рахаудис, уæд? Цицинкъа. Цæмæн цалдæр хъуыны? Га^ рузы хорз æмæ æвзæр, дæр та нал зонын? М а р ф у з æ. Нæ зоныс, нæ, Цицинкъа! Дæ- уæн дæ сæр хорз кæлмæрзæн ахуыр нæу. Цицинкъа. Дæуæн дæр дæ фыдæлтæ- бынтон хорз дарæоы не схъомыл сты. М а р ф у з æ. Мæ фыдæлтæ не схъомыл сты, фæлæ мæхæдæг дарæсы хæрзтæ дарын. Æрвит- гæ дæм акодтон?! Кæд дæ вæ хъуыд, уæд æ?г Дæмæн ахастай? Цицинкъа. Уæд та мын æй ивгæ бакæн ^ндæр гарузæй. Марфузæ. Нæ дын æй баивдзынæн! Уый. 6$
.дын гаруз, кæд дæ хъæуы, уæд æй ахæсс, кæн- лод æй уадз! Мæнмæ, базар кæнгæйæ, уæлдай дзуръш нæ цæуы... Цицинкъа. Уæд та ма мын йæ аргъæй ап- пар иу чысыл. Марфузæ. Цæмæн дын дзы аппарон? Ав- тобусты æмæ поездты æз цас фæфыдæбон кæ- нын, уый нæ нымайыс? Нæ, нæ, Цицинкъа! Кæд дæ нæ хъæуы, уæд æй уадз. Холлаг ын нæ хъæ- уы, мыйиаг. Цицинкъа. (гаруз стъолыл цæвгæйæ). Гъа, уæдæ дыл ма бахæцæд, зыдыка! Æз дын сæ дæ фарсæй фæкæндзынæн, фæлæуу! (Ацл- уы.) Марфузæ. Дæ уæраг асæттæд! Мæ на- строени мын куыд æрбайхæлдта! Кæм цы хæм- пæлсæр ис, уыдон мын мæ гарузтыл фаутæ æваз- рынц! Уæвгæ мæхи аххос у. Цæмæн уæй кæнын сыхаг кæнæ хъæуккаг лæгæн исты? Хъæуккаг адæм цас лæджы хабæрттæ нæ зоной, уыйас хуыздæр. (Ацæуы, фæлæ æваст фездæхы.) Дис- саджы хорз хабар!.. Азауханы курджытæ та æр- бацæуынц! Дзæбæхдæр куы афснаин (тагъд- тагъд æфснайы.) (Æрбацæуынц Мамсыр æмæ Толдзæ. Толдзæ дымы тамако.) Мамсыр. Уазæг нæ уадзут, Марфузæ?! М а р ф у з æ. Уазæг—хуыцауы уазæг! Хæстæг- дæр рацæут, Мамсыр. (Дæтты сын бандæттæ.) Æрбадут, æрбадут, æфсæрмы ма кæнут. Раст цыма уæхи хæдзары стут, афтæ. (Мамсыр æмæ Толдзæ сбадынц.) Мамсыр. Уæдæ уæм цы ног хабæрттæ ис, Марфузæ? М а р ф у з æ. Дзæбæхæй уæлдай ницы. Ацы дунейыл никæмæ хæлæг кæнæм. -64
М а м с ы р. Уый æвзæр нæу. М а р ф у з æ (буфетæй райсы водкæйы авг цыдæр хæринæгтимæ æмæ сæ стъолыл æрæвæ- ры). Æнкъард ма кæнут! Фæйнæ уал аназут, æз уын сыхæгтæй искæмæ фæдзурон. (Ацæуы.) Мамсыр, Кæдмæ дæ ахуыр кæндзынæн, Толдзæ, нæ зонын. Худинаг дæм нæ кæоы, ми- дæмæ тамако дымгæ куыд æрбацыдтæ? Т о л д з æ (йæ тамако аппаргæйæ). Уастæн, мæрдты хæрæгау фæуасæд, мæн яцы хъуыдда- гыл чн сахуыр кодта. Карчы фыды ад, дам, кæ- ны, карчы, æмæ дзы æз дæр мæхи цъыбыртты сыгъд бакодтон. Фæлæ мæм уæддæр мæсты ма кæн, Мамсыр. Кæм цы ’гъдау хъæуы, уый-иу мын ацамон. Мамсыр. Æниу дæ тамако пъолмæ цæмæн аппæрстай? Бирæ, бирæ хъæндзинæдтæ дæм ис, мæ лымæн. Афтæ дæ фыдæй æфсæрмы кодтон, уыййеддæмæ нал рацыдаин демæ. Толдзæ. Цæй, Мамсыр, мæлæты тагъдмæ не сфæлмæцыдтæ. Уæдæ куыд вæййы, куыд? Адæм кæрæдзи руаджы сты. Иу дзырдæй, Мам- сыр, бирæ фыдæбон фæкодтай мæн ты’ххæй алы рæтты, фæлæ йæ кæронмæ ахæццæ кæн. Ацы хæдзары ма мæ хъуыддагæй куы ницы рауайа, уæд Хуссар Ирмæ фæцæудзынæн æмæ мæхи раст Гæлуаты куыдзæппарæнæй аппардзынæн!.. Мамсыр. Æмбæлгæ дæр афтæ кæны, Тол- дзæ! Аргуыданæй Цæгат Ирмæ схæццæ дæ ус- гур, уæддæр дын йæ чызджы ничгма радга. Толдзæ. Мæнмæ дæр диссаг гæсы, диссаг. (Йæ бынатæй сысты.) Уынд æмæ кондæй ницы хъуаг дæн, уæдæ асæй дæр, табу хуыцауæк, хъайваны дæргъæн лæг дæн, уæддæр цыдæр гуыбынниз фестадтæн чызджытæн, гуыбынниз сыл сыста мæ тæригъæдæй, æмæ мæм дзы иу 3 Хинæйдзаг рынчыи 65
дæр хæстæг нæ цæуы. Алы фаутæ мыл æвæрынц. Чи зæгъы, магуса у, чи мæ æгæр даргъæй фауы,. чи та æгæр нуазагæй. Æмæ уыдон цы фаутæ- сты? Мамсыр. Куыд цы фаутæ? Тынг раст дæ фауыпц. Ноджы ма адæмæн æнаддæр цы дарæс у, уый та дæ уæлæ скодтай. Цыхуызæн дæныр,. бакæс-ма дæхимæ! Толдзæ. Цыхуызæн дæн? М а м с ы р. Раст хæйрæджы хуызæн, де- ставд фадгу^ытæ æмæ дæ даргъ сæры хъуын- тимæ. Толдзæ (йæхимæ кæстытæ кæны). Æцæг зæгъыс, Мамсыр? Æмæ æз ацы формæ хуызда> рæн куы райстон кæмæйдæр, чысыл дзы лæг- хуыздæр уон, зæгъгæ. Мамсыр. Лæгхуыздæр ды никуы фæуыдзы- нæ, фæлæ-иу чысыл дæхи дзæбæхдæр дар Мар- фузæйы цур. Æдылы выхæстæ та-иу дæ ма сирвæзæд. Т о л д з æ. Раст зæгъыс, Мамсыр. Иу ныха- сæй, хорз-иу мæ раппæл. М а м с ы р. Æппæлгæ дæ иу бон дæр хорз- фæкодтон, дæхæдæг мæм хъуыстай. Бауырнæя дæ, мæ ныхæстæй мæхæдæг æфсæрмы кодтон^ фæлæ сæ зæрдæмæ куьцд фæцыдтæ, «æ зо- нын. Т о л д з æ. Ма ауæрд, ма ауæрд æппæлыныл. Цæмæй сæ æфсæрмы кæныс? Цæмæй зонынц: ардыгæй Аргуыдавы хъæумæ, æз цы дæн, уый? Ды сын сæ чызджы нæхирдыгæй фæкæн, стæй- иу уæд цыфæнды кæнæд. (Æвиппайды фæхъæр кæны.) Мæнæ мыл мæрды рох куыд бафтыд„ мæнæ!.. М а м с ы р. Цы хабар у? Т о л д з æ. Ацы водкæйæ иу-дыууæ агуыв- 66
зæйы рагацау куы аназин, Марфузæйы цур мын нал уыдзæн амал. (Аназы дыууæ агуывзæйы.) Стæй мын исчи куы нуазын кæна, уæд-иу зæгъ, йæ дзыхмæ дæр æй нæ хæссы, зæгъгæ. М а р ф у з æ (Бибоимæ дзургæ æрбацæуы, уазджытæ сæ куыннæ фехъусой, афтæ). Исгæй- йаг та цы хоныс? Мæ мады цæсгомыстæн, Бибо, раст саджы фисынтыл амад лæппу! Хæрзæгъ- дау! Мæнæ йæ дæхæдæг фендзынæ. Мæнæн иу бакастæй дæр мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Б и б о (уазджытæм хæстæг бацæугæйæ). Уазджытæ алæбон æгас цæуæнт. (Райсы уаз- джыты къухтæ.) Сбадут, уæ хорзæхæй. (Сба- дынц иууылдæр.) М а м с ы р. Æмбæлæггаг уал куы аназис, нæ фыды хай! (Бибойы къухмæ радты нуазæн.) Бибо (нуазæн райсгæйæ). Цæй, арфæгонд ут! Ме ’рбацыдмæ хорздзинадæй цы загътат, уыдон дунейы фарн рæсугъдæй æруадзæд! (Ана- зы.) Ныр мын уæхи бацамонут, нæ буц уаз- джытæ. Сæрмагонд нуазæнтæ дæр баййафдзыс- тæм. Мамсыр. Табуафси. Æз дæн Гæдиаты Мамсыр, ме ’мбал та хуыйны Толдзæ, Сылваза- ты лæппу. Би^о. Сылвазатæй, зæгъыс? М а м с ы р. О, Сылвазатæй, йæ ном та — Толдзæ. Бибо. Арфæгонд ут. Мæ ном тп хуыйныБи- бо. М а м с ы р. Рауадз-ма, Толдзæ, нуазæнтæ! (Нуазæн, райсгæйæ). Бибо, нæ фыды хай, уæдæ ’бар ратт мæнæн дыууæ ныхасы зæгъынæн. Б и б о. Зæгъ, зæгъ. Дыууæ нæ, фæлæ æргх дæр. Мамсыр. Уæдæ бахатыр кæн, Бибо! Мах 67
ардæм хæрын æмæ нуазыны тыххæй не ’рбацы- дыстæм, фæлæ стыр хъуыддаджы тыххæй æмяс- хъуамæ кæрæдзи бамбарæм. Цæвиттон, Бибо„ Сылвазаты мыггаджы хæстæгдзинад бакæнын фæнды Сæудæджераты Марфузæимæ. Лæппуйы мæнæ уынут уæхæдæг. Иæ мадæн у зыбыты иу- нæг лæппу. Кусы Налцыччы курорты зынгæ хицауæй. Хæдзæрттæ йын ис æртæ раны: фыц- цаг — Аргуыданы, дыккаг—Налцыччы горæтæн йæ тæккæ астæу, æртыккаг та — курортæн йæхи мидæг. Уæдæ тагъд «Волгæ» дæр балхæндзæн. Нæ дзырд цы кадджын хъуыддагыл цæуы, уьш саразгæйæ, фæсмойнаг ницæмæй уыдзыстут. Б и б о. Уыдон иууылдæр хорз, фæлæ-ма мын зæгъ, Марфузæ, иу хъуыддаг. Дæ чызг, Азау- хан, рагæй зоны Толдзæйы? Марфузæ. Цæй рагæй. Иу уынд æй фæ- кодта æрмæст. Б и б о. Æмæ иу фендæй дæ чызджы зæрдæ- мæ дæр фæцыд йæ курæг? М а р ф у з æ. Æппындæр ма фæцæуæд, мæн моймæ куы лæвæрдта мæ фыд, уæд мæ фæрсгæ дæр куы нæ бакодта. Б и б о. Æмæ уъшæй раст бакодта дæ фыд? М а р ф у з æ. Рæдийгæ дæр ницæмæй фæкод- та. Фыдæлты заманы-иу йæ мойаджы иу хатт дæр чи нæ федта, уыдон-иу куыд уарзтой кæ- рæдзи? Бибо. Уый уарзондзинад нæ уыд, Марфузæ. Уыдон бынтон талынг хъуыддæгтæ уыдысты,. адæм сæхæдæг куыд талынг уыдысты, афтæ. Ныр та æндæр рæстæг у æмæ худинаг у чызджы æвæндонæй моймæ раттын. Мамсыр. Бахатыр кæн, Бибо, фæлæ, мæн- мæ гæсгæ, Марфузæ раст дзуры. Бауырнæд дæ, Бибо, ныртæккæйы фæсивæдæн сæ бартæ сæхи- 68
мæ куы раттай, уæд хæрæгæй хуым бакæндзы- сты. Марфузæ. Уый раст у, фæлæ æз мæ чыз- гæн цыфæнды бартæ куы раттон, уæддæр мæн цы фæнда, уымæй дарддæр ницы бакæндзæи. Толдзæ. Иттæг раст! Мæ уд дæ фæхъхъау, Марфузæ! (Мамсыр йæ цæстытæй ацамоны Толдзæмæ, дæ дзыхыл хæц, зæгъгæ.) Б и б о. Уазджытæн мыл сæ зæрдæ ма фæ- худæд, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, Азауханæи йæхи- цæй разыйы дзуапп куы нæ райсæм, уæд ацы хъуыддаджы дзуринагæй ницы и.с. Мæн нæ фæн- ды Азауханы тæригъæды бацæуын. (Æрбацæуы тагъдгомау Азаухан, фехъусы Бибойы ныхас.) Толдзæ (æдылы худт бакæнгæйæ). Кæй кой кæнай — къæсæрмæ! Азаухан (дисгæнгæйæ). Ам та цы хабар и, Бибо? Мæн тыххæй цыдæр тæригъæды кой куы кæныс? Марфузæ. Æндæр тæригъæд мыл хуыцау ма ’руадзæд. Мæнæ дæ курджъгтимæ уынаффæ кæнæм. А з а у х а н. Æмæ æз мой куынæма кæнын, уæд цы уыиаффæ кæнут мæн тыххæй? Б и б о. Нæ уын дзырдтон, чызгæн йæхи куы нæ фæнда, уæд ацы хъуыддаджы дзуринагæй ницы ис, зæгъгæ? Азаухан. Æмæ сын тынг раст загътай. Ам мæн тых^.æй ницы хъæуы дзурын. Æз сын фыц- цаг цыд куы ’рбакодтой, уæддæр æргомæй загъ- тон, мой нæма кæнын, зæгъгæ! М а р ф у з æ. Уæдæ дæ фыды уæларт бадын- мæ хъавыс? А з а у х а н. Нæ хъавын! Мæ афон куы ’рцæ- уа, уæд хъуыддаг йæхи амондзæн. 69
М а м с ы р. Мæ ныхас аипп м-а уæд, Азаухан, фæлæ æгæр къæйныхæй дзурыс дæ мадмæ. Тол дз æ. Уæдæ, уæдæ!.. А з а у х а н. Цæмæн дзурын къæйныхæй. Ам мæн тыххæй куы цæуы ныхас, уæд мын дзуры- ны бар нæй æви та особайы рæстæг æрцыд фæстæмæ? Марфузæ. Особайы рæстæг æрцæуа, че ’рцæуа, уæддæр мæн куыддæриддæр фæнда, аф- тæ бакæндзынæн!.. Азаухан. Æз та, мæн куыд фæида, афтæ бакæндзынæн. (Ацæуы.) Марфузæ (Азауханмæ). Фæстæмæ раздæх дын зæгъын! Уазджъгтæй худинаг у! Дæ уæраг асæттæд уæдæ! Дæ хистаг фæуæд колхозы стур- тæ, уый дын мæ хуыздæр арфæ!.. Б и б о. Дæ цæст та куыд уарзы, Марфузæ, дæ чызджы афтæ карз æлгъитын? М а р ф у з æ. Коммæ чи нæ кæсы, уъшæн хуыздæр арфæ нæ хъæуы. (Бибомæ.) Ды дæр ын, Бибо, ма кæ нæ зæгъыс, фæлæ ма ноджы йæ фарс хæцыс. Æз та дæм сыхы лæгты хъау- джыдæр хуыздæрæн фæдзырдтон... (Æрбацæуы милиционер.) Милиционер. Хорз нæ бакодтай, Марфу- зæ. Бæргæ дæ фæдзæхстон, фæлæ нæ бакоммæ кастæ. (Шæ дзыппæй сисы гæххæтт æмæ йæ дæтты Марфузæмзг.) Ныр дæ мæнæ районы прокурор æвæстиатæй агуры, æмæ дын ныртæк- кæ æнæ цæугæ нæй мемæ. Марфузæ. Уый та дын дыккаг бæллæх! Цицинкъа мæ бабын кодта, бæлвырд, йæ хæдза- рыл мауал сæмбæла!.. (Кæуæгау.) Мæ хæдзар де уазæг, Бибо! (Марфузæ æмæ милиционер ацæуынц.) 70
М а м с ы р. Ехх, мæлæты хорз фæцæйцыд нæ хъуыддаг!.. Т о л д з æ. Уæдæ, уæдæ! Мæ тæригъæд фæ- хæссæд уыцы прокурор! (Ныккæрзыдта). Гъер мын мæхи Гæлуаты куыдзæппарæнæй æнæ ап- паргæ нал и... (Мамсыр æмæ Толдзæ ацæуынц.) Б и бо (адæмы ’рдæм). Гъе уый та уын Мар- фузæйæн йæ хъуыддæгтæ, йæ сæнттæ, мачи скæ- нæд сымахæй дæр ахæм куыстæй хæдзæрттæ. Æмбæрзæн
ИРБЕДЖЫ «ВОЛГÆ» Сатирикон, сцекæ Архайджытæ: Турбег \ Ирбег ) " ^Фсымæртæ. Даухан — сæ идæдз чындз. Р а й х а н — Ирбеджы ус. Хъанымæт — сыхаг лæг. Дауханы хæдзар. Хæдзары астæу стъол, йæ фарсмæ бан- дон. Æрбацæуынц Райхан æмæ Ирбег. Р а й х а н. Хъусыс, Ирбег, ардæм дæм барæй фæдзырдтон. Фароны сайд дыл мауал æрцæ- уæд... И р б е г. Ома цæй тыххæй? Р а й х а ы. Цæй тыххæй, куы зæгъай, уæд фарон федтай, де ’фсымæр куы амардис, уæд? Зианы æхцатæ дæ хистæр æфсымæр Турбсг куыд ассывта!.. Ирбег. Бавзарæд-ма уæдæ! Ныр мыл ахæм сайд нал æрцæудзæн. Ныр та æз хъуамæ бал- хæнон «Волгæ»! Р а й х а н. Ехх, æвæдза, куыд хорз уаид, ма- шинæ куы балхæнис, уæд! Сæрды афардæг 72
уаиккам балцы æмæ раст Сау денджызы был- тыл фæтезгъо кæниккам... Фæлæ мæ нырма нæ уырны, исты сæ рауайа нæ фæндтæй? И р б е г. Ау, уый та куыд зæгъыс? Дæ зæр- дæ мыл афтæ нæ дарыс? Р а й х а н. Мæ зæрдæ дыл бæргæ дарын, фæ- лæ а дæ хистæр æфсымæр дæр йæхи гуылы бын æндзары. И р б е г. Ацы хатт йæ гуылы бын цыфæнды куы бандзара, уæддæр ын хомæй баззайдзæн. Фарон дæр ын дзæгъæлы ныххатыр кодтоп. Р а й х а н. Уæдæ афтæ, æхцатæ куыддæр фыссæг банымайа, афтæ сæм рæвдз куы нæ фæ- лæууай, уæд сæ дæ цæсты кæронæй дæр нал фендзынæ. Ноджы мæлæты бирæ адæм дæр æр- цыд. Уынджы цæугæ дæр нал кæнынц... Ирбег. Ай-П;>ай нал цæуынц. Æртæ боны Ирыстоны хъæутæм хæстæгæй, зонгæйæ кæмæ нæ арвыстон хъæргæнæг, ахæм нал баззад. Цы- дæриддæр мын шофыр æмбæлттæ уыд, уыдон тыннывæндæгау кодтой дыууæрдæм. Р а й х а н. Хуыцау, нæ ныхас дæм-иу тæри- гъæд ма фæкæсæд. Ирбег. Уым мисхал тæригъæд дæр нæй. Йæ сæры магъз кæмæн ис, уыдон иууылдæр афтæ кæнынц. Цæй, цом, акæсæм адæммæ. (Ацæуынц.) (Æрбацæуы Турбег.) Турбег. Цыдæр мырычъейæ фæцæуы ме ’фсымæр йæ усимæ. Цæуылдæр сусу-бусу код- той, æвæццæгæн. Фаронæй фæстæмæ мæм иу- дадзыг зулдзыхæй кæсынц, сæ дзыхтæ ныззьт- лын уой сæ дыууæйæн дæр! Зианы æхцатæй, дам, нын цæуылнæ фæхай кодтай? Æниу та сын 73
ныр дæр фæхай кæндзынæн! Уæдмæ дæр уал сæ тъæнгтыл хæцæд! (Яæ дзыппæй сисы гæххæтт æхцатæ æмæ сæ нымайы.) Фондз æмæ ссæдз туманы. Адон мæм ме ’мкусджытæ радтой. Мах, дам, ничи зоны уæ бинонтæй æмæ, дам-иу сæ дæхæдæг ныффыссын кæ. Фыссын... (Паузæ.) Фыссын сæ нæ хъæуы. Уæддæр та æхца мæхи- мæ цæудзысты. (Ацæуы. Æрбацæуы Хъанымæт, йæ къухы пъартфел æмæ нымайæн къæбæлтæ. Æрбады стъолы фарсмæ бандоныл.) Хъанымæт (пъартфелæй æхцатæ исы æмæ сæ нымайæн къæбæлтыл нымайы). Уый бæрц адæм дзы зианмæ æрцæугæ нæма федтон. Хорз лæг уыд, æвæдза, Афæхъо, рухсаг уæд. Æвгъау уыдис мæлынæн. (Нымайы къæбæлтыл. Æрбацæуы Турбег.) Т у р б е г. Дæ хорзæхæй, Хъанымæт, куыд бирæ ранымай-банымай кæныс де ’хца æви сыл нывтæ æфтауыс? Хъанымæт. Нывтæ сыл не ’фтауын, Тур- бег, фæлæ мæ адæмы фæллойæн дзуапп дæттын хъæуы уæ разы. (Æрбацæуы Ирбег.) Ирбег (адæммæ). Ничи йæм кæсы, мæ разæй та æхцатæм куыд фæци! Т у р б е г. Цас дзуапп дз:ы хъæуы, нæ зонын. Дыууæ æфсымæрæй лæууæм дæ разы æмæ нын сæ дыууæ дихы фæкæн. Ирбег (мæстыйæ.) Куыд дыууæ дихы? Т у р б е г. Куыд вæййы, афтæ! Науæд та иу дих дæр иæ, æмæ иннæ дæр! Мæ фыды амарды •фæстæ хез дæн ам хистæр æмæ ацы ’хца æппæ- ты разæй мæнмæ æмбæлынц! И р б е г. Ау, æмæ дæ фыд мæ фыд нæу? Æви дын æз мугæйы цъар дæн? Мæнмæ дзы æмбис дæр не ’мбæлы? 74
Турбег. Уæлдай ма куы дзурай хистæрмæ, уæд дæ æз дæ астæуыл фембис кæндзынæн, уый зои! Ирбег. Бавзар-ма уæдæ! Ацы хатт дыи аф- тæ нал ныппардзынæн! Не ’фсымæр куы амард, уæд ма уый зианы æхцатæ дæр афтæ стымбыл кодтай!.. Турбег. Æмæ дзы дзæгъæлы хардз цы ба- кодтон? И р б е г. Æмæ дзы аразгæ та цы скодтай? Дæхицæн дзы машинæ æрæлхæдтай æмæ йæ мæймæ ныддæрæн кодтай. Ныр дæр та афтæ хъавыс? Нæ, уымæй дын дзы ницыуал рауай- дзæн. Ныр та мæн хъæуынц ацы æхца. Æз дæр «Волгæ» балхæнон мæхицæн. Хъанымæт (Турбег æмæ Ирбегмæ бакæс- гæйæ). Турбег, Ирбег? Уый куыдтæ кæнут, уый? Хъыг уæм ма фæкæсæд мæ ныхас; фæлæ мæи- мæн уе ’гъдау раст нæ кæсы?! Нырма уæ фыд абон амард, сымах та уæхи куыд дарут? Раз- дæр амæлын хъуыд уæ фыды, самах хуызæи фырттæм чи каст. Т у р б е г. Æмæ нæ фыды фырггæ цæмæй æвзæрдæр сты дæ фыды фырттæй? X ъ а н ы м æ т. Æппын мацы фæуæд, фæлæ сæ фыды зианы æхцатыл сымахау сæхи уæддæр нæ иыттыдтой. Ирбег. Уыцы ныхæстæ-ма дæхицæн уадз, фæлæ-ма дæ разы æхцатæ ардæм æрнымай! X ъ а н ы м æ т. Уæдæ кæд афтæ у, уæд æз ацы æхцатæ уæ иумæ дæр нæ ратдзынæн. Турбег. Уæдæ сæ дæ хæдзармæ хæссыс? X ъ а н ы м æ т. Мæ хæдзармæ дæр сæ нæ хæс- сын, фæлæ сæ æз дæттын уæ идæдз чындз Дау- ханмæ. 75
Ирбег. Æмæ Дауханы фыд амард æви мах фыд? X ъ а н ы м æ т. Мæлгæ сымах фыд акодта, уый æз дæр зонын, фæлæ уæ фыдæн йæ фæрын- чынæй йæ амæлæты бонмæ лæггад Даухаи фæ- кодта. Т у р б ег. Ахæм лæлгад чындзæн йæ хæс у, æмæ йæ кодта. Хъанымæт. Æмæ уæд ахæм хæс сымах устытыл нæ уыд? Уыдон дæр ацы хæдзары чын- дзытæ куы сты. Цæуыннæ искуы æрбацыдысты горæтæй хъæумæ æмæ уæ фыды дарæс иу æхсад цæуылнæ искуы ныккодтой? Йæ рынчыны сахат ын иу хъарм комдза^г йæ дзыхмæ цæуылнæ ис- куы схастой? (Æрбацæуы Даухан.) И р б е г. Мæн никæимæ ницы дзырддаг ис. У\цы хатт мæнмæ æмбæлынц ацы ’хцатæ, æмæ сæ æнæмастæй æриут ардæм! Хъанымæт. Æз та афтæ зæгъын, æмæ сæ мæнæ Дауханмæ раттæм. Сымахæй алчи горæ- ты цæттæ хæдзарæй цæры, Дауханы та ам уе ’фсымæры сабиты дарын хъæуы. Æппынфæстаг æй уæ фыды ингæны алыварс йе ’хгæпын нæ хъæуы, йе, зынаргъ ма фæуæд, фæлæ йын хуы- мæтæджы дурæй цырт дæр нæ хъæуы? Т у р б е г. Æгæр тæригъæд нæ кæныс иæ чындз æмæ йæ сабитæн? Дарæд сæ йæхæдæг! Мæнæн дæр мæ сабиты исчи нæ дары. Д а у х а н. Æмæ мæ уæд цæмæй тæрсын кæ- ныс? Бæгуыдæр сæ фæдардзынæн. Фыццаг хатг дын, мыййаг, нæу ацы; хъуыддаг. Стымбыл кæн æхцатæ æмæ та дзы дæхицæн машинæ балхæн. , И р б е г. Нæ балхæндзæн, нæ! Ныр та мæ рад у «Волгæ» æлхæнын. Даухан. Уæ фыд уæ йæ рынчыны заман 76
етал хъуыд, ныр уæ йæ зианы æхцатæ бахъуыды- 'Сты? Ацы æхцатæй мæн фæндыд бæргæ уартæ сылгоймæгтæ дон кæцæй хæссынц, уым уæ фы- ды номыл хид саразын, фæлæ сыл иугæр кæрæ- .дзи тонут, уæд дзы мæн капекк дæр нæ хъæ;,ы! Турбег. Ничи йæм хъусы! Хид, дам, дзы саразин сылгоймæгтæн!.. Уæдмæ дæр уал сæ тъæнгтæй хъæрзгæ фæцæуæд! И р б е г. Мукъу сæ нæ хъæуы, мукъу! Æмæ язы хъæусовет йе колхоз цæуыннæ аразынц хид? X ъ а н ы м æ т. Хъæусовет æмæ колхоз нæ хъæуы цы хорз хъуыддæгтæ сарæзтой, уыдон чысыл не сты, фæлæ Дауханы фæндон дæр расг у. Ахæм хид саразгæйæ цæрæнбонтæм кад уаид уæ фыдæн дæр æмæ сымахæн дæр. Т у р б е г. Ныууадз-ма, дæ хорзæхæй, Хъа- нымæт, дæ ныхæстæ! Бауырнæд дæ, хистæры хатыр дын кæнын, æндæр дын тыхджын смаст кæнин. Д а у х а н. Æнцад у, Хъанымæт. Дæхицæь сæрниз мауал кæн. Адонимæ дæуæн дæ ныхас нæ ацæудзæн. Æз сæ, се ’фсымæр куы амард, уæд уæлдай хуыздæр базыдтон. Сæ устытæ сæ скодтой афтæ зыд æмæ кæрæф. Хъанымæт. Уæдæ афтæ! Адон мæнæ фондз мины æмæ æрдæг сты, æ?.?æ уын сæ н-ы- мадæй уæ разы уадзын. Кæд ма уæ фæнды, уæд ма сæ уæхæдæг дæр банымайут мæ цуры. Ай та уын мæнæ номхыгъдтæ. Турбег. Нал сæ хъæуы нымайын, нæхæ- дæг сын амал кæндзыстæм. X ъ а н ы м æ т. Гъер хæрзæхсæв раут. Хорз- дзинæдтæ уыл цæуæнт амæй фæстæмæ. Даухан. Æнæхъæн бон лæггад фæкодтай, 77
Хъанымæт, æмæ дæ фæллой иу нуазæнæй схæ- лар кæн. Т у р б е г. 0,о, Хъанымæт, уæртæ уал хæ- дзармæ ахиз. (Хъанымæт æмæ Даухан ацæ~ уынц. Ирбег йæхи æхцатыл ныццавта æмæ сæ тагъд-тагъд йæ дзыппыты тъыссы.) Т у р б е г. (Ирбеджы йе ’фцæккотæй ацахс- гæйæ.) Цы кусыс уый, Ирбег?! Æрæвæр æхца сæ бынаты! Ирбег. Нæ сæ ’вæрын! Ацы хатт та мæн сты. Турбег. Ау, æмбис дæр мын дзы нал дæг- тыс? Ирбег. Иал нал! Ныр та мæ рад у «Вол- гæ» æлхæнын! Т у р б е г (йæ къухмæ нымайæн къæбæлтæ сисгæйæ.) Иу хатт ма дын зæгъын, æрæвæр* æхца дзæбæхæй, науæд дын дæ тыл ныппардэы- нæн мæнæ ацы нымайæн къæбæлтæй! И р б е г. Цыфæнды мын куы кæнай, уæддæр дын дзы иу капекк дæр нæ ратдзынæн! Т у р б е г. Уæдæ кæд афтæ зæгъыс, уæд-ма фæкæс дæхимæ! (Йæ быны акæны Ирбеджы æмæ йын йæ хцрх ацахсы.) И р б е г. Суадз къубал дын зæгъын, цалын- мæ дæ тыхджын нæ ныуудæстон, уæдмæ! Турбег. Ноджыдæр ма æртхъирæн кæныс?Г (Ирбеджы дзыппытæй æхца акъахы, йæ цæсго- мæн ын цалдæр цæфы ныккæны æмæ ацæуы.) Ирбег (йæ цæстыл хæцгæйæ.) Æллæх, мæ цæст! Мæ рахиз цæст! Фæлæуу, мæ зыдыка æф- сымæр! Æз дын уыцы ’хца дæ фарсæй фæкæн- дзынæн! (Турбеджы фæдыл азгъоры.) К æ р о н
ДЫУУÆ НЫЙЙАРÆДЖЫ Сатирикон сценæ Архайджытæ: А з æ м æ т — хæрзæгъдау лæг. Адзæдзе — гуыбындзæл, нозтуарзæг. Сценæйы рахизырдыгæй æрбацæуы Адзæдзе, галиуырды- гæй та Азæмæт. Сценæйы астæу баиу вæййынц æмæ кæ- рæдзийæн салам раттынц. Адзæдзе. Æз та ма дæумæ фæцæйцыдтæн, Азæмæт. Кæд, зæгъын, ды дæр цæуыс, мыййаг. А з æ м æ т. Афтæ зæрдиагæй мæ кæдæм хо- ныс уагæр, Адзæдзе? А д з æ д з е. Хистмæ, хистмæ, Азæмæт. Дæ- :хæдæг нæ фехъуыстай, абон Дзаммæрзæн афæ- дзы хист кæнынц, уый? Азæмæт. Ницы фехъуыстоп, стæй мæм ха- ’бар дæр нæ уыд. Адзæдзе. Æмæ хабарæй цы кæныс? Ха- -бар мæнмæ дæр нæ уыд. Фæлæ мын уæддæр -æдзæугæ нæй. (Йæ дзыппæй сисы стыр уидыг.) Мæнæ уыныс, плау хæрынмæ цавæр уидыг хæс- сын, уый? Рухсаг уæд, мæгуыр, Дзаммæрз-иу йæхæдæг дæр афтæ уарзта. Фынгыл æм дзæгъæл гæты митæ нæ’ уыд. Уæдæ йæ хонæджы сæр дæр никуы бахъуыд суанг авдæнбæттæнмæ дæр. Азæмæт. Æмæ Дзаммæрз æнæ хонæгæй 79
цыд, зæгъгæ, уæд мах дæр уый хъуамæ фæз- мæм? Лдзæдзе. Цæй, дæхи мын цы ныккадджып кодтай? Уæдæ чи хъуамæ бахæра зианджынæп йæ цæхх æмæ йæ кæрдзын. Азæмæт. Кæмæ арвыстой уыдон. Æз æнæ хонæгæй хистмæ пæ, фæлæ куывдмæ куы никуы ацыдтæн, уæд дын ахæм хъуыддаг хæссын мæ сæрмæ? Адзæдзе. Æмæ ды мæнæй цæмæй хуыз- дæр кæсыс дæхимæ? Азæмæт. Æмæ æз дæуæй хуыздæр дæп„ зæгъгæ, куы нæ зæгъын. А д з æ д з е. Уæдæ цæуылнæ цæуыс мемæ? А з æ м æ т. Иарæби! Нæ цæуын, АдзæдзеГ Мæ бар мæхи нæу? Хæддзуйæ цæуын мæ сæрмæ нæ хæссын. Уыцы ныхæстæ-ма ныууадз, фæлае дæхæдæг мемæ цæуыс æви нæ цæуыс æмбырд- мæ? А д з æ д з е. Цавæр æмбырдмæ? Азæмæт. Ныййарджыты æмбырдмæ. Скъо- лайæ дæм хуынды гæххæтт нæ уыди? Адзæдзе. Бæгуыдæр мæм уыди, фæлæ цьг аразын æз хус гæххæттæй? Не ’фсины къухты йæ фæцавтон, кæд цæуа, уæд-иу уый ссæуæд æм- бырдмæ. Азæмæт. Кæсыс, Адзæдзе! Хонæг дæм кæ- цæй уыд, уырдæм нæ цæуыс, хонгæ дæ кæдæм нæ кæнынц, уырдæм та дæхи къахæй цæуыс. Раст у уый, дæумæ гæсгæ? Адзæдзе. Бæгуыдæр у раст. Уæдæ цы пай- да пс мæнæн ныййарджыты æмбырдæй? А з æ м æ т. Ау, нæ сывæллæттъг раст фæнда- гыл саразыны хъуыддаг, дæумæ гæсгæ, æиæпай- да у? Адзæдзе. Нæ сывæллæттæн ахуыргæн- 80
джытæ ис æхмæ сæ ахуыр кæнæнт. Паддзахад. сын дынджыр æхца дæр уымæн фиды. Аз æ м æт. Уый раст у, ахуыргæнджытæн сæ хæс цы у, уый кæнынц æмæ йæ кæндзысты, фæ- лæ сæм мах та дардæй кæсæм? Адзæдзе. Уæдæ мын цы кæнын кæныс, цы? Æз ахуыргæнæг куы уаин, уæд ма мæ фыр- ты скъоламæ æрвитин? Æз æй мæхæдæг уыдо- нæй æвзæрдæр нæ сахуыр кæнин. Азæмæт. Ды йæ ныр дæр æвзæр нæ ахуыр кæныс... Адзæдзе. Æмæ уымæй та цы зæгъынмæ- хъавыс? Азæмæт. Цы зæгъынмæ хъавын, цы, дæ фырт скъулбадæг, уæддæр йæ фæдыл скъо- лайы къæсæрæй иу каст никуы бакодтай. Адзæдзе. Ды арæх кæсыс скъолайы къæ- сæрæй, æмæ цæмæй хуыздæр у дæ фырт ма^ фыртæй? Азæмæт. Мæ фырты дæр мын дæ фырт кæй халы, уый дæ рох ма уæд. А д з æ д з е. Цæмæй дын халы дæ фырты? Азæмæт. Алцæмæй дæр. Тамако дымынæй’ йын бафсис куынæуал ис фæскъуымты. А з æ д з е. Æмæ цæмæн дымы фæскъуымты?' Уæдæмæ уым директор куы уаид, директор, уæд иу къуым саразид æмæ, чи дымы, уыдон уадз æмæ уым цъыбыртты сыгъд бакæнæнт! А з æ м æ т. Æз дæм куыд хъусын, Адзæдзе, афтæмæй ды дæ сывæллонæн хорздзинадæй ни- цы бацамондзынæ! (Ацæуы.) А д з æ д з е. Гъемæ гъæй зæгъ æмæ-иу адæ- мы сывæллæттæн хорздзинæдтæ амон! Æз та цæуыи æмæ Дзаммæрзы хисты хорз ныххыр- хон!... (Ацæуы.) К æ р о н 81
ЗУЛКЪ ÆЛГЪÆЙ МАРД Сатирикон сценæ Архайджытæ: С æт т и Б æ т т и Сценæмæ дзургæ рацæуынц Сæтти æмæ Бæтти. Бæтти. Дæ хорзæхæй, Сæтти, ус цæуыннæ КУР’Ыс? Мæ цæстытæ мын куы ныуурс кодтай дæ чындзæхсæвмæ æнхъæлмæ кæсынæй. Сæтти. Бæргæ ракурин, фæлæ кæй? Суанг ма авдæнбæттæнтыл дæр фæзилын, уæддæр иу дзæбæх чызгыл нæ хæст кæнын. Бæтти. Ау, æмæ бæсты хорз ды дæ? Куыд кæй ракурай? Æрмæст нæ хъæуы дæр чыеыл ис рæсугъд чызджытæ? Сæтти. Рæсугъд мит дæр у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц. Бæтти. Уый раст у, фæлæ дзы уæддæр ис, дæуæй хуыздæр чи у, ахæм чызджытæ. Сæтти (дисгзгнæгау). Мæнæй хуыздæр?! Уый, æвæццæгæн, дæумæ афтæ кæсы, Бæтти. •Фæлæ дзы уый тыххæй (йæ риу бахойы) Сæт- тийæн йæхи афæрсын хъæуы, йæхи! Б æ т т и. Æмæ дын дæхи цы фæрсон, кæд æмæ раст цы у, уый дын зæгъын, уæд. В2
Сæтти. Раст у, раст кæныс! Иу ма мын- дзы зæгъ уæдæ. Б æ т т и. Зæгъæм, Зæгæлаты Дзыгыдайæ цы зæгъдзынæ? Стæй йæ цыма кургæ дæр код- тай. С æ т т и. Бæгуыдæр куырдтон, фæлæ ма* хъуыддаг мæхæдæг фехæлдтои. Б æ т т и. Уæдæ æндæр цы зæгъай, кæд дын æй нæ радтой, уæд. Сæтти. Нæ радтой зæгъыс? Уый тыххæй дзы Сæттийæн йæхи афæрсын хъæуы. Бауыр- нæд дæ, Бæтти, Дзыгыдайы нæ, фæлæ ма мын уæлæмхасæн сæ зæронд усы дæр раттаиккой,. фæлæ... Б æ т т и. Фæлæ цы? С æ т т и. Цы куы зæгъай, уæд йæ мыггаг мæ> зæрдæмæ нæ фæцыд, уæдæ йæ ном дæр иууыл хæрзтæй нæу. Бæтти (бахуды). Мæнæ Царциаты диссæг- тæ хъусын, мæнæ! Ау, кæд чызг хорз чызг у, уæд ма йæ мыггаг æмæ номы тыххæй цæмæн фауыс? Сæтти. Рæдийыс, Бæтти, рæдийыс! Лæг кæимæ цæра, уымæн хъуамæ йæ ном æмæ йæ мыггаг дæр рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ уой.. Кæннод цы ном у Дзъигыда? Дзыгы. Уый сæгъы ном у, йæ мыггаг та дзырд зæгæлæй арæзт у. Уый ницы. Фæлтау бавдæл, Бæтти, æмæ мык æндæр чызг бацамон, кæд мын дæ цæст исты хорздзинад уарзы, уæд. Бæтти. Табуафси. Иу нæ, фæлæцалдæр чыз- джы дæр. Сæтти. Зæгъæм, кæй? Бæтти. Кæй куы зæгъай, уæд Бердиаты Лзауханы. 83
С æ т т и (ахъуыды кæны)ш Бердиаты Азау- хан1Ы?.. Б æ т т и. Куыд зæгъыс? Дæ зæрдæмæ та нæ цæуынц йæ ном æмæ йæ мыггаг? Сæтти. Бауырнæд дæ, цæуынц, фæлæ уын- дæй та куыд у, куыд? Б æ т т и. Уь1ндæй? Уындæй йæхицæй рæ- сугъддæр зын зæгъæн у. Саухил, сауæрфыг, цæстæй-æндæрæй йæм фау æрхæссæн нæй. Уæ- дæ зондай! дæр афтæ. С æ т т и. Уæд йæ конд та куыд у, йæ конд? Бæтти. Хæрзконд, къæсхуыргомау чызг. Иу дзырдæй, астæунарæг, гуырвидауц, куыд фæ- зæгъынц, афтæ. С æ т т и. Къæсхуыр? Кæд къæсхуыр у, уæд мын æй кой дæр ма кæн. Бæтти. Æмæ дæ похци ласынæн хъæуы? Цы дæ хъыгдары къæсхуыр чызг, æнæниз куы уа, уæд? Сæтти. Уæддæр къæсхуыр адæймагæй мæ удхæссæг уынын. Бæтти. Гъемæ хорз. Æз дын ставд чызг _дæр бацамондзъшæн. Бауырнæд дæ, йæ сыгъдæг уæз 125 килæйæ къаддæр нæ уыдзæн. Раст уæ- йыджы хуызæн. Сæтти. Вот, вот! Æз ахæм уарзын, ахæм. Æмæ хæдзарæй та куыд сты, хæдзарæй? Б æ т т и. Омæ сын сæ хæдзарæй та цы кæ- ныс? Чыздж’Ы æд хæдзар кургæ никуыма фе- хъуыстон. Сæтти. Æд хæдзар æй нæ курын, фæлæ мæ кайыстæ хъуамæ цæрын фæразой, ме ’мгæрт- тимæ-иу нæ цыты уазæджы уынд чи фæкæна, йхæм кайыстæ хъæу.ы мæн. Бæтти. Хæдзарæй нырма ног хæдзаргæнæг «4
сты, фондз сидзæр хойы сты, фæлæ хъæуы мæ- гуырдæр никæмæй цæрынц. Сæтти. Ног хæдзаргæнæг... уый ма цыфæн- ды фæуæд, фæлæ фондз хойы, стæй сидзæр!.. Нæ, нæ!.. Фæлтау Сæтти æнæ усæй дæр базæ- ронд уыдзæн, ахæм хæстæджыты бæсты. Бæтти. Уæдæ ма дын кæй бацамонон, нæ зонын. (Ахъуыды кæны.) Хорз. Æрхъуыды код- тон! Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ныр алцæмæй дæр дæ зæрдæмæ фæцæудзæн, уынд æмæ кондæй, хъару æмæ зондæй, ном æмæ мыггагæй, иу дзырдæй, æппындæр ыл ницæмæй сæвæрдзынæ фау. С æ т т и. Фыццаг уал мын æнæгæдыйæ зæгъ: кæм кусы, стæй мызд цас исы, мызд? Бæтти. Кусгæ кæны хъомты фермæйы хъуг- дуцæгæй. Сæтти. Хъугдуцæгæй, зæгъыс?! Ау! Æмæ «æз хъуамæ хъугдуцæг ракурон?! Дæ цæст мын <æндæр хуыздæр нæ уарзы, Бæтти?! Бæтти. Уынгæ уал æй фæкæн, уынгæ. Стæй уый фæстæ дзурдзынæ. Сæтти. Нæ йæ уынын! Хъугдуцæг йеддæмæ ма исты у?! Куыд кæсын, афтæмæй ницы æмба- рыс чызг æвзарынæн. Бæтти. Æмæ дæхæдæг та цы дæ, Сæтти, дæхæдæг? Лыстæг сасирæй куы райдыдтай луа- рын, дæ хæтæл зæнгтимæ! Сæтти. Мæхæдæг лæг дæн, æмæ цы зæ- гъынмæ хъавыс? Бæтти. Цы зæгъынмæ хъавын, цы, лæг нæ дæ ды. Фæлæ ды дæ, цыбырдæр дзургæйæ, зулкъ, æмæ зулкъ та æлгъæй мард у. Æмбæрзæн 85
аа И ÆЙДЗАГ РЫНЧЫН Сатирикон сценæ Архайджытæ: Б и ц ъ ы р 3 æ л и н æ — йæ ус. Елхъан — сæ гыццыл лæппу. Д з ы б ы ц и — Бицъыры ’мбал. 3 и н æ — Бицъыры фыццаг уарзон. 3 а р æ Архайд цæуы горæты, фæлладуадзæн парчы. Фæлладуа- дзæн парк. Бицъыр бады иу бæласы бын бандоныл, йæ хъæбысы. чысыл* сывæллон. Б и цъы р. А-ло-лотæ, цы-цытæ... Дæ дзæццытæ æрцъынд кæ! А-ло-лотæ, на-натæ, Хæлар дын уой мæ батæ... Бафынæй! Табу хуыцауæн. Уæдмæ кæд йæ мад дæр зынид. (Æрбацæуы Дзыбыци.) Д з ы б ы ц и (адæмы ’рдæм). Уæ хорзæхæй, ай Бицъыр нæу? (Бицъыр æй куы ауыны, уæд * 86
егм йæ чъылдым фездахы). Дæ бон хорз уа, Би- цъыр! 'Нал мæ зоныс, Бицъыр? Б и ц ъ ы р. Дæ фыды хатырæй, мæ хуызæн дæ фесæфт, æви Бицъыр-Бицъыр цы кæныс? Д з ы б ы ц и. Мæнæй ницы фесæфт. Сæфт уыдтæ дæхæдæг æмæ кæй фæзъшдтæ, уый хорз хъуыддаг у. Б и ц ъ ы р. Æз сæфт никуы уыдтæн, стæй сæфынмæ дæр нæ хъавын. Д з ы б ы ц и. Уæдæ дæ дæ ус Зæлинæ цæмæн агуры? Горæты къуымты йæ сæр дæу агурынæй куы разылд. Б и цъы р. Ау, æмæ æз стур дæн, цæмæнмæ агуры мæ ус горæты къуымты? Дзыбыди. Нæ зонын. Нæ лæг, дам, знон йæ тъæнгтæй хъæрзгæ горæты дохтыртæм рацыд æмæ, дам, æм мæ зæрдæ ’хсайы. Ды та ам са- тæджы бадыс. Бицъыр. Уый раст у. Æз мæ тъæнггæйкуы нæ тыхсин, уæд æппындæр никæй цардмæ бахæ- лæг кæнин. Ныр дæр та уый тыххæй дæн ам. Д з ы б ы ц и. Æмæ тъæнгты дохтыртæ фæл • ладуадзæн парчы райдыдтой кусын? Бицъир. Цæй, исты мын прокурор нæ дæ! Бæстон мæ куы райдыдтай фæрсын. Æз цы дох- тыртæм фæцæуын, уыдонæй иуæн йæ хæдзар ба- сыгъд, иннæ та кæмдæр балцы ис, æмæ æнхъæл- мæ кæсын йе ’ссыдмæ. Дзыбыци. Æ, гæды, гæды! (Сывæллоны цæсгоммæ ныккæсгæйæ.) Æмæ дын ай та кæй сывæллон у? Бицъыр. Сс... Хъал æй кæныс. Тыххæй йæ ^бафынæй кодтон. Раст мæйдзыд байраджы уаст кодта. Д з ы б ы ц и. Омæ кæй у, кæй? Бицъыр. Уый дæ ницæмæн хъæуы. 87
Дзыбыци. Бауырнæд дæ, ам цыдæр ис. Афтæмæй дæ дæ ус куы ’рбаййафид, уæд дын дæ хъуын ацæгъдид, бæргæ. Бицъыр. Мæ ус мæнæн фысæй сабырдæр- у. Ницы мын кæндзæн. Дзыбыди. Ахæм хъуыддаг фенгæйæ, са- быр^нал уаид. Æмæ йæ мад та кæдæм ацыд? Бицъыр. Дуканимæ. Цыдæртæ, дам, ал- хæнон мæ сывæллоиæн. Д з ы б ы ц и. Уæддæр мын æй куыннæ хъæр кæныс. Бицъыр. Цæй, цы хъæр кæнинаг дзы и> Мæ фыццаг уарзоны сывæллон у. Æрæджы ахи- цæн йæ лæгæй æмæ, кæд нæ цард нæ баиу, уæд- дæр нæ фыццаг уарзондзинадæй æнæхай не стæм. Дзыбыци. Вот это я понимаю! Бицъыр. Уæдæ куыд æнхъæлдтай. Цард дыууæ боны йеддæмæ иæу, æмæ цы ацæрай, уый дæхи. Ус мын ис, зæгъгæ, уæд мæ бартæ мæхи нал сты, æви куыд æнхъæл дæ? Дæуæн дæр уык фæдзæхсын, Дзыбыци, æмæ, куыддæр ус раку- рай, афтæ цæр йемæ, фæлæ йын дæ сусæг ха- бæрттæ макуы схъæр кæн, æмæ дæ авналæнтæ уыдзысты иууылдæр дæхи. Цæй, фæстæдæр аны- хас кæндзыстæм бæлвырддæр. Уæртæ æрбацæуы уыцы сылгоймаг, æмæ уал дæхи фæфæсвæд кæн. (Дзыбыци ацæуы.) 3 и н æ. Извините Бицъырбег! Æгæр кæй афæстиат дæн, уый тыхæй. Спасибо дын фæуæд. (Райсы йæ сывæллоны.) Бицъыр. Цæмæн зæгъыс, Зинæ? Бауырнæд дæ; æз дæу тыххæй къæдзæхдуртæ дæр фæхæс- син ме ’ккой. Дæлæмæ æрхауæд, мах цы хуы- цау нæ баиу кодта, уый. Афонмæ иумæ цæрик- кам. 88
Зинæ. Ничего Бицъырбег. Уæддæр нæ фе- сæфдзыстæм. Вообщым, афтæ: æз уал цæуын иу ранмæ, фæлæ та-иу нæ абæрæг кæн. Бицъыр. Уый тыххæй мыл дæ зæрдæ дар, Зинæ. Раст та мæ иннæбон сымахмæ хъæуы. Зинæ. Всегда пожалыстæн. (Ацæуы. Æрба- цæуы Дзыбыци.) Бицъыр. Федтай, Дзыбыци? Афтæ архайып хъæуы, афтæ! Ды та дæ рæстæг дзæгъæлы са- фыс. Д з ы б ы ц и. Цы бакæнон, дæуау куы арæх- син, уæд бæргæ. Афоимæ ус дæр ракуырдтаин... Бицъыр. Тыхсгæ ма кæн, Дзыбыци. Мæ ■фыд Сымсийыстæн, æз дæу дыууæ бонмæ са- хуыр кæндзынæн мæ дæсныйадыл. Цом-ма, цом! Азилæм ацы дзæбæх ран æмæ дæ æз иу саурæ- сугъдимæ базонгæ кæнон. (Ацæуынц. Æрбацæ- уынц Зæлинæ æмæ Елхъан.) 3 æ л и н æ (йæ хид къухмæрзæнæй сæрфгæ- йæ, æрбады бандоныл). Уæдæ кæм фесæфтис нæ лæг, хуыцау йæ зонæг. Елхъан. Кæд афонмæ искуы кæуы, уæд- дæр цы бæрæг и. Йæ тъæнгтæй куыд хъафллд- та знон... 3 æ л и н æ. Цы дохтыртæй загъта, уыдонмæ нæ разынд, ръшчындоны дæр нæй. Нæ зонын, кæм ма йæ æрцагуырдæуа... Елхъан. Кæд искуы нæ хæстæджытæм ис, мыййаг. Зæлинæ. /Емæ нын хæстæджытæ дæр нæй ам. Ныртæккæ ма йæ ацы парчы рацагурæм, æмæ куы нæ уа, уæд æвæстиатæй милицæмæ фехъусын хъæуы. Е л х ъ а н. Æмæ парчы цы ми кæндзæн па- пæ? Зæлиннæ. Знон æй чидæр ам федта, æмæ 89
йыл гуырысхо кæнын. Цом, Елхъан, рацагурæм æй. (Ацæуынц.) (Дзургæ æрбацæуынц Бицъыр æмæ Дзыбыци.) Д з ы б ы ци. Уæдæ дæ тъæнгтæ дæр нæ рыс- тысты знон? Б и ц ъ ы р. Цæй тъæнгтæ кæныс, цæ! Мæнæй тъанг дæр нæ рыст æмæ тъунг дæр. Ме ’фсин мыл цæмæй ма фæгуырысхо уа, уый тыххæй æфсон скодтон. Арæх æй асайын афтæ. Дзыб’Ыци. Бæллæхы лæг дæ, бæллæхы лæг. (Æрбацæуы Зарæ. Æрбады бандоныл æмæ кæсы чиныджы.) Б и ц ъ ы р. Уæртæ-ма кæс, Дзыбыци! Бан~ доныл зæд æрбадти, зæд!.. Д з ы б 1Ы ц и. Дæ хорзæхæй, Бицъыр, базон- гæ мæ кæн йемæ. Бицъыр. Фыццаг уал дæхæдæг бавзар,уый фæстæ йæ мæ бар уадз. Д з ы б ы ц и. Омæ куы арæхсин, уæд ма дæуæн лæгъстæ кæнин. Бицъыр. Цы арæхсын дзы хъæуы. Исты дзы хос кæрддзынæ, мыййаг? Д з ы б ы ц и. Хос кæрдын мæнмæ æнцондæр кæсы. Бицъые. Цы дæ, цы, дæ фыды хатырæй? Бацу йæ цурмæ, æрбад-иу бандоныл æмæ исты ныхæстæ кæн. Д з ы б ы ц и. Бæллæх дæр уый мидæг ис æмæ, цы дзурон, уый нæ фæзонын. Бицъыр. Куыд цы дзурай? Фъщцаг æй афæрс, цавæр чиныг кæсыс, зæгъгæ. Уый фæс- тæ-иу авнал æрдзы рæсугъддзинæдты тыххæй ныхасмæ, стæй бабад йæ цурмæ хæстæгдæр æмæ-иу ын дæ къух йæ уæрагыл авæр. 90
Д з 1Ы б ы ц и (дисгæнæгау). Иæ уæрагыл? Бицъыр. Уæдæ. Уый сылгоймагæн æхсыз- гон вæййы. Стæй уæд дарддæр хъуыддаг йæхи амондзæн. Д з ы б ы ц и (фæцæйцæуы, фæлæ фæстæмæ фездæхы). Байхъус-ма, Бицъыр. Мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ куыд ссыд. Бицъыр. Цу, цу! Тæрсгæ ма кæн. Афтæ фæкæны зæрдæ ахæм заман. (Бицъыр æмбæрзæны фæстæ æрæмбæхсы. Дзы- быци та йæхи адзæбæхтæ кæны, бацæуы æмæ Зарæйы фарсмæ æрбады.) Д з ы б ы ц и (æрæджиау). Цавæр чиныг кæ- сыс, нæ хо? 3 а р æ. Фæрсæджы цæст. Дзыбыц и. Фæрсæджы цæст, зæгъыс? Ахæм чиныг æз никуы бакастæн. Уый цыдæр хорз чиныг у, æвæццæгæн. 3 а р æ. Хорз чиныг у. Дзыбыци (бæласмæ скæсгæйæ). Ацы бæ- ласæн цы рæсугъд сыфтæртæ ис... 3 а р æ. Æвзæр не сты. Д з ы б ы ц и. Дæ чиныджы мæк тыххæй ни- цы фыссынц? Зарæ. Фыссынц. Дзæгъæл дзырд, дам, ма кæн, зæгъгæ. Д з ы б ы ц и. Цæмæн зæгъыс, нæ хо? (Йæ къух чызджы уæрагыл авæргæйæ.) Æз дæ бирæ куы уарзын... 3 а р æ (чиныгæй Дзыбыцийы цæсгом ныц- цæвы). Дæ къухтæ дæхимæ дар дын зæгъын! Д з ы б ы ц и (йæ цæстыл хæцгæ Бицъырмæ базгъоры). Æнæбайрайгæ дзы скæн дæ чызгæй! Мæ цæст мын йæ чиныгæй фæцæйкъахта. Бицъыр (æмбæрзæны фæстейæ рацæуы 91
худгæ). Уый дæ æмбисонд куы кодта, æмби- сонд! Æмæ йын ны акуыстай уагæр? Д з ы б ы ц и. Цы йын акуыстон. Мæ къух ын йæ уæрагыл куыддæр авæрдтон, афтæ мын йæ чииыгæй мæ цæстæн иу ныуудæста! Бицъыр. Нæ сарæхстæ, Дзыбыци, нæ! Уæ~ дæ ма ыыртæккæ мæнмæ фæкæс! Дзыбыци. Ныр цы ’ппæлыс цы, дæхицæй? Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг у. Уьтй ахæм чызг у, æмæ йæ зæронд цъиуау зыгуымы муртæй нæ асайдзыпæ. Бицъыр. Чи? Æз? Уый лæгмæ гæсгæ у. Ирыстоны ахæм чызг нæма райгуырд, æмæ Хъæдхъиуаты Бицъыр дыууæ минутмæ кæй не ’отасын кæна. Ахæм хъуыддаджы мæнмæ стаж бирæ ис. Ныртæккæ-ма фæкæс,, кæддæра йæ мæ фæстæ лидзыныл дæр не сразы кæнон. Д з ы б ы ц и. Уæуу, ма кæн, ницы дын дзы* рауайдзæн. Б и ц ъ ы р. Мæ фыд Сымсийъютæн, рауай- дзæн! Аивæй нæм дæ цæст дар, æыæ дын æз мæ дæсныйад равдисон, чызгимæ куыд дзурын хъæуы, уый. Д з ы б ы ц и. Уæдæ бар дæхи. (Бамбæхсы æмбæрзæны фæстæ.) Бицъыр (бацæуы Зарæмæ.) Байриай, нæ хо! (Зарæ йын салам нæ дæтты.) Уæд та ма байоай дæ^^иныгæй! 3 а р æ. Цы хабар у, цæуыл хъæртæ кæныс? Бицъыр. Уæдæ мын салам цæуылнæ дæт- тыс? Зарæ. Æмæ дæ зонгæ дæр куы нæ кæнын, уæд дын куыд раттон салам? Бицъыр. Æмæ, табуафси, базонгæ уæмГ (Иæ къух чызгмæ дæтгæйæ.) Æз дæн Хъæд- 92
хъиуаты Бицъыр Сымсийы фырт! Куыд зæгъыс?' Нæ зонгæ кæныс мæ хуызæн лæппуимæ? 3 а р æ. Ды лæппу нæ дæ. Бицъыр. Уæдæ сычъи дæн? 3 а р æ. Сычъи нæ дæ, фæлæ æд зæнæг лæг уыдзынæ. Бицъыр. Уæд быныскъуыд суæд, кæд ма> нæн ус дæр ис æмæ зæнæг дæр. 3 а р æ. Ахæм ныхæстæ-иу æндæр искæмæн кæ. Æз мæиæ чиныг кæсын, æмæ мæ ма хъыг- дар. Б и ц ъ ы р. Мæсты ма кæ, нæ хо. Мæстыгæр куы уай, уæд дæ ничиуал ракурдзæн. (Йæдзып- пзгй сисы чысыл блокнот.) Фæлтау байхъус, æмæ- дын мæ лирикон æмдзæвгæтæй бакæсон. Æз- фыссæг дæн. 3 а р æ. Æмæ уæд нырмæ цæуылнæ искуы уыд дæ кой? Бицъыр. Мыхуырмæ сæ нæ дæттын æмæ уымæн. Æз хъавын саразын, мæ кой дардыл куыд айхъуыса, афтæ. Байхъус-ма, байхъус мæнæ ацьг æмдзæвгæмæ. (К&сы.) Æз федтон иу чызджы æваст Æмæ йæ бакодтон фыдуарзт. Мæ къах мæ нал хаста æппын, Мæ зæрдæ фестадис лæппын... Цы зæгъдзынæ ацы æмдзæвгæйæ? 3 а р æ. Ницы. Б и ц ъ ы р. Уæдæ-ма хъус мæнæ ацы æм- дзæвгæмæ дæр. (Кзгсы). Куыйтæ фæхыл ысты кæрты — Фæдисы сæм разгъордтон æз Æмæ сын ныссастон сæ фæрстæ, Кæмдæрты ма кодтой хъыс-хъыс 9$
^Федтай? Ахæм æмдзæвгæтæ зæронд фысджытæм дæр нæй, уый зон. 3 а р æ. Уымæй раст зæгъыс. Ахæм ницæййаг ^емдзæвгæтæ уыдон нæ фыссынц. Б и ц ъ ы р. Уæдæ дын нал кæоын æмдзæвгæ- тæ. (Блокнот йæ дзыппы сæвæры.) Фæлтаудын æз цыбырæй бамбарын кæндзынæн мæ фæндон. Мæнмæ дзæгъæл хыртт-мыртт нæй. Мæн фæнды мæнæуы куырисау нæ цард иумæ куы бабæттик- кам, уый. Цæмæн ма дзы хъæуы стъалыты-йедты кой дæр? 3 а р æ. Дæ хорзæхæй, н.ал банцайдзынæ -æви?! (Сысты йæ бынатæй.) Бицъыр (Зарæйы цонг ацахсгæйæ). Сбад- ма чысыл. Кæдæм лидзыс? Зарæ. Нæ бадын! Мæ бар мæхи нæу?! Суадз мын мæ цонг! (Æрбацæуынц Зæлинæ æмæ Елхъан.) Бицъыр. Нæ йæ уадзын! Æз дæ уарзгæ кæнын, уарзгæ! (Ахъæбыс кæны чызгæн.) Зæлинæ. Байрай, нæ лæг! Куыд кæсыи, афтæмæй дын хорз æнтысы... Б и ц ъ ы р. Бахатыр кæ, Зæлинæ. Хъазгæ кодтои. Зæлинæ. Ау, цалдæргай бонты дæ сабиты дзæгъæлæй куы ныууадзыс, уæд уый хъазын хо- ныс? Æнæниз уæвгæйæ, рынчынæфсон куы скæ- ныс, уæд уый хъазын хоныс? Æд ус, æд зæнæг лæг уæвгæйæ, æндæр сылтимæ куы хæтыс, уæд уый хъазын хоныс? Ныр дæ бамбæрстон дæ тъæнгты ’фсон-иу горæтмæ цæмæн цыдтæ, уый. Махæн иумæйагæй ницыуал ис абонæй фæстæ- мæ! Цардæй-иу бафсæд дæ ног уарзонимæ! Дæу хуызæн лæгимæ цæрыны бæсты æз æнæ лæгæй хуыздæр фæцæрдзынæн мæ сывæллæттимæ. (Р1зг лæппуйы цонгыл ахæцы æмæ ацæуы.) •54
Б и ц ъ ы р. Зæлинæ! Зæлинæ! Байхъус-мз’ чысыл, Зæлинæ! Нал хъусыс? Фыдвæндаг фæу" уæдæ! 3 а р æ. Федтай! Дзæбæх дæ куы фæуагъта дæ ус. Бицъыр. Фæуадзæд мæ æмæ мæ мæтæй" амарæд. Æз демæ дæр цæрдзынæн. Зарæ. Æниу мæ фыды уæларт куы базæронд уаин, уæддæр дæ хуызæн лæгмæ смой кæнин. (Ацæуы.) Бицъыр. Нæ хо! Фæлæуу-ма чысыл! Фæ- лæуу-ма!.. Мæнæ мæхицæн цы бакуыстон, мæ-- нæ!.. Д з ы б ы ц и (рацæуы æмбæрзæны фэестейæ). Цæй куыд у, Бицъыр? Уæллæй, диссаджы хорз- арæхсыс. Бицъыр. Ды дæр мын мæ мастыл цæх^ мауал кæн! Æмбæрзæн
ФÆДИС ^Æртæархайдон, æхсæзнывон драмæ Архайджытæ: С а т а н а Æ х с ар 1 « ^ ю Æхсæртæг) ~~иæ Фæззæттæ> 12-аздзыдтæ С о с л а н Д з е р а с с æ — йæ хо. Уæхтæнæг Къонагæ — йæ фырт. М у к а р а | Б и б ы ц > — уæйгуытæ. Ч ъ ы б ы л а ) ФЫЦЦАГ АРХАЙД Фыццаг ныв Уæйгуыты ’мбырд. Мукарайы хæдзар. Хæдзары ’мбуар бæрзонд мæсыг. Комкоммæ йын стыр гом рудзынг. Мæсы- гæн галиуырдыгæй къæдзæхтæ. Хæдзары фынджы фарсмæ •бадынц Мукара æмæ Бибыц, афтид стджытæ æхсынынц. Мукара. Гъæй-джиди! Искуы ма дæ гуы- •бын галы фыдæй бафсад... Цæмæ, ’рхаудтæ, цæ- мæ Мукара! 96
Бибъщ. Галы фыд нæ, фæлæ нæ исты хæд- мæл дзидза дæр куы уаид. Æз æй раст мыды хæрд акæиин,.. Мукара. Уæдæмæ цы, уый зоныс, Бибыц? Б и б ы ц. Цы, дæ хорзæхæй, Мукара? М у к а р а. Мæ уарзон зарæг та ма мын акæн, кæд мæ зæрдæйы маст чысыл фæлæууид. Бибыц. Зарæг нæ, фæлæ дын кадæг куын- нæ акæндзынæн дæ афтид фынгыл. М у к а р а. Азар дын зæгъын, науæд дын мæнæ ацы дынджыр стæг дæ хъæлæсы фæцæв- дзынæн! Б и б ы ц. Æххормагæй мæ удхæссæг у за- рын. М у к а р а (стæгæй æвзидгæйæ). Ныззар, куысыфтæг сæр, цалынмæ дын дæ тыл нæ нып- пæрстон, уæдмæ. Б и б ы ц. Цæй уæдæ ныззарæм, Иумæ базарæм, Бирæ бадæм, бирæ нуазæм, Бирæ фæцæрæм! Алкæддæр нæ разы ’Дзаг фынгтæ лæууæд, Бур физонæг арахъхъимæ Иæ ахсæнтæм цæуæд!.. М у к а р а. Ай, диссаджы зарæг! Зæрдæмæ мæлæты хорз цæуы. Ц&мæй алкæддæр нæ разы дзаг фынгтæ лæууа, æз дæр дæм уый тыххæй фæдзырдтон. Цæвиттон, а зæххыл мæнæй тых- джындæр нæй, уый зоныс. Суанг ма Терк-Турчы адæм дæр мæ койæ ризынц, гъе уæддæр мæ Нартæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ мын хъалон авд азы нæ фидынц... л Хинæйдзаг рынчын 97
Б и б ы ц. Æмæ дæ цавæр хъалон дарынц. .Нартæ? - Мукара. Хъалон цавæр вæййы, ахæм. Фыс- тæ, галтæ, стуртæ, стæй рæсугъд чызг. Уæдæ аф- тид фынгыл цæмæн бадæм æнхъæлыс. Б и б ы ц. Нартæ хуыцауæй куы нæ тæрсынц,. уæд ма дæуæн хъалон фидынц. Мукара. Мæнæ ма Чъыбыламæ бакæсон æрмæст, стæй ма-иу Мукарамæ фæкæс, кæддæ- ра сын сæ мыггаг нæ сыскъуынид бындзарæй! (Æрбацыд Чъыбыла.) Зæгъ-ма, цы хабар нæм схастай, Чъыбыла? Чъыбыла. Хорз хабарæй ницы. Нартæ фи- дарæй зæгъынц, цæмæй Мукарайæн макуы фи- дой хъалон. Авд нæ, фæлæ дам, фондзыссæдз азы куы рацæуа, уæддæр, дам, дын мах нал ба- фиддзыстæм хъалон. Уæхтæнæг ма бæргæ лæу- уыд сæ ныхмæ, фæлæ ничи рахæцыд йæ фарс. Б и б ы ц. Кæсæд-ма уыцы хæххон дзиглотæм исчи! Фендзыстæм уæдæ, кæд ма нын кæ къæх- ты бынтæ дæр не сдæрой фыр тæссæй. Чъыбыла. Мæсты ма кæн, Бибыц! Нарты адæмы куы ныццæгъдæм, уæд ма цæмæй цæр- дзыстæм нæхæдæг? Чи ма нæ дардзæнис? Мукара. Раст у иу хуызы Чъыбыла. Уæд та ма сын се ’взæртæй ныууадзæм иу чысыл мыггаг... Чъыбыла. Фæдзырдтон уый тыххæй дæр æз, фæлæ Нарты зондджынты нæ фæнды. Цæй- нæфæлтау, дам, нæ æвзæр фæстаг баззайа, фæл- тау, дам, райсдзыстæм мæлæт. Бибыц. Мæнæ цытæ хъусын, мæнæ!.. Ныр куыд хæссынц уæйгуытæм сæ ныфс? М у к а р а. Куыд фæнды дæу, Бибыц, зæгъ- ма? Уæд та ма сæ дзæбæхæй бафæрсиккам иу хатт. Уæддæр та мах стæм уæйгуытæ, æмæ нæм 98
Нартæ куы нæ байхъусой, уæд ма нæм æндæр бæстæтæ куыд байхъусдзысты? Бибыц. Уæ, нæ хорз паддзах, Мукара! Дæ сæрмæ та куыд хæссыс ахæм æнаггаг адæмы цалдæр хатты фæрсынмæ? Фæлтау рамбырдкæ- нæм нæ тыхтæ æмæ сын уæрццыты цагъд фæкæ- нæм!.. Му ка р а. Раст у, тынг раст у дæ хъуыды. Чъыбыла. Уый бæргæ хорз уаид, фæлæ Нартæ хуыцауæй куы нæ тæрсынц, уæд ма сын м.ах цы бакæндзыстæм? Б и б ы ц. Ды та тæппуд дæ рагæй дæр, Чъы- была! Стыр сыкъаджын сырд куы феныс, уæд дæ хуыссæг нал фæахсы фыр тæссæй. Чъыбыла. Чи? Æз? Кæй хоныс ды тæп- пуд? (Лæбуры Быбыцмæ.) Æз дын ,дæ фындз куы ныццæвон, уæд фынддæс боны дæ уадзыг не ссæудзæн. Мукара. Уæ дыууæ дæр ныхъхъус ут тагъд, науæд уын сыскъуындзынæн уæ сæртæ! Фæлтау мын радзурут æргомæй, чи цы баххуыс кæндзæн Нартимæ хæцгæйæ. Зæгъ уал мын ды, Бибыц, фыццаг. Б и б ы ц. Ард хæрын дæ кадджын номæй, æз Нартыл мæ цæхæр куы ауадзон, уæд сыл пиллон арт ссæудзæн æмæ сау сыгъд бакæн- дзысты уайтагъд... Чъыбыла. Æз та сын байсдзынæн са: фос æмæ сæ ратæрдзынæн ардæм. Мукара (цин кæны). Хорз! Хорз! Иттæг хорз, мæ хæлæрттæ! Иттæг хорз! Уæйгуытæ хъуамæ ахæм митæ кæной, ахæм! Цæут! Фæс- тиат мауал кæнут ам. Æрмæст хъусут! Зæрон- дæй-ногæй кæнут-иу се ’ппæт дæр бындзагъд!.. Фæлæ уал фыццаг Сосланы кой бакæнут, стæй нын уæд иннæтæй тас нал уыдзæн. 99
Б и б ы ц æмæ Ч ъ ы б ы л а (МукарайæФ акувынц сæ сæртæй). Уæ, не стыр ныфс, Мука^ ра! Рæсугъдæй сæххæст уæд дæ фæндтæ, нæхæ- дæг та куыд уæм дæ фæндиаг. (Ацæуынц). Дыккаг ныв Куывд Уæллаг Нарты. Галиуырдыгæй зынынц тъæпæнсæр хæдзæрттæ. Рахизырдыгæй — Сатанайы хæдзар. Хæдзарæй рацæуынц фат æмæ æрдынимæ Æхсар æмæ Æхсæртæг* Æ х с а р. Федтай, Æхсæртæг, федтай! Дзæ- бæх дын куы амбылдтон дæ хъултæ. Кæд ма ис- куы раппæлай дæхицæй. Æхсæртæг. Хъулæй хъазт диссаг нæу. Æ х с а р. Уæдæ ма цы у диссаг? Æхсæртæг. Æндæр исты. Æндæр хъаз- тæй-ча мæ амбул уæдæ. Æ х с а р. Цавæр хъазтæй? Æ х с æ р т æ г. Зæгьæм, хъæбысæй хæцынæй. Æ^сар (бахудт). Рахæцæм та хъæбысæй дæр. (Сæ фат æмæ æрдынтæ иуварс æрæвæ- рынц, дæларм-уæларм ныххæцынц æмæ райда- йынц хъæбысæй хæцын. Цыбыр рæстæгмæ Æх~ сæртæг фæбынæй вæййы.) Æ х с а р. Федтай? Гъе ныр дæр ма æппæл- дзынæ дæхицæй? Æ х сæ р т æ г. Æппæлдзынæн, æппæлдзынæн бæгуыдæр! Уæдæ ма мысанмæ фатæй фехсæм> кæддæра чи уаид рæстдзæвин. Æхсар. Æрæвæр та мысан дæр. (Сисынц сæ фаттæ æмæ се ’рдынтæ.) Уæдæмæ цы, уый зоныс? 100
Æхсæртæг. Цæмæй йæ зонын. Æхсар. Æрæвæр-ма дæ худ дæ сæрыл, кæддæра йæ мæ фат нæ аскъæфид йæ разæй. Æхсæртæг. Мæ худ мæ сæрыл!.. Нæ... Æмæ мын мæ фындз куы акъуырай, уæд та? Æ х с а р. Ныууадз уæдæ. Æз хиппæлой нæ уарзын. Æхсæртæг. Цæмæн, цæмæн! (Сисы дур æмæ йæ æрæвæры дæрддзæф.) Ай дын мæнæ хорз мысан, æхс, цас дæ фæнды, уый бæрц. Æхсар. Фехс уал ды фыццаг дыууæ ’хсгы, стæй та уæд мæ рад уыдзæн. Æхсæртæг. Кæс-мауæдæ ныртæккæ. (Дыу- уæ хатты фехсы фаттæ, фæлæ нæ сæмбæлынц мысаныл. Æхсар фыццаг æхст фæкæны, фæлæ нæ акъуыры мысан. Дыккаг æхстæн акъуыры мысан.) Уæдæ æз цы кодтон, æз? Цыдæр кæ- лæнтæ мын скодтай, æвæццæгæн. Æ х с а р: Кæлæнтæи æз ницы зонын, стæй мæ уырнгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ хицæй æппæ* лъгн хорз нæу. Хъуамæ дæ исчи раппæла фыц- цаг. (Ацæуынц. Куывды бадджытæ зарынц.) Ой, Сатана, сой, Сатана, гъей! Рахæсс-ма нын сау бæгæны, гъей!.. Сау бæгæны, сырсыргæнгæ, гъей! (Хæдзарæй рацæуы Сатана, Рæ къухы хъæ- дын къусы дзаг бæгæны, афтссмæй. Бацæуы фынгмæ хæстæг.) С а т а н а. Уæ, нæ цардбæллпн фæсивæд, Хъæздыг бæрæгбонтæ кæнут! Уæ бæркад бонфылдæр куыд кæна, Уæ къухты ахæм хъару уæд! Уæ зарæг стъалытæм куыд хъуыса, 101
Уæ хъæлæс ахæм домбай уæд! Хæяарæй, уарзонæй куыд цæрат, Уый уарзы уе ’гасæн мæ цæст! Зын сахат уе ’знагыл, уæлахиз Куыд кæнат уе ’ппæт дæр æдзух! Гъе ахæм арфæтæй-иу хайджын Уæ царды иудадзыгдæр ут!.. (Сатана нуазæн авæры Сосланмæ. Сослан нуа- зæн райсы æмæ йæ аназы). Сослан. Ныр та симгæ акæнæм, симгæГ (Нартæ симынц нæртон симды мелодийы цагъдмæ.) 1-аг хъæлæс. Фæдис, Нартæ! Нæ хуымтыл нын бандзæрстæуыд арт! 2-аг хъæлæс. Фæдис, нæ фосы нын уæй- гуытæ фæтæрынц!.. (Нарты адæм уайтагъд азгъорынц фæдисы, Са- тана тагъд-тагъд базгъоры сæ хæдзармæ, йæ размæ рауайы Дзерассæ.) С а т а н а. Дзерассæ, мæ къона, фынгтæ-иу афснай ды, стæй-иу сывæллæттæм дæ хъус фæ- дар! Æз дæр ауайон фæдисы. Уæйгуытæ нæ байсæфтой, бæлвырд!.. Дзерассæ. Иæ, нæ, Сатана! Æз дæр ауай- дзынæн демæ, иунæгæй дæ куыд ауадзон. (Фæ- цæуынц.) М у к а р а (Сатана æмæ Дзерассæйы раз æргæпп кæны йæ бæхæй). Æз Нартæй агуырд- тон рæсугъд чызг æмæ йыл хæрхæмбæлд фæ- дæн! Схиз-ма, чызг,, мæ бæхмæ тальд, æмæ дæ- Мукара йæ галуанмæ фæхæсса!.. Сатана (Дзерассæйы цонгыл хæцгæйæ). М^х искæй галуаны ницы хъуыддаг и, хорз лæг! М у к а р а. Æмæ дæу та цы кæсы, цы, зæ- ропд чъебре, зæгъ-ма? Суадз чызджы тагъд! 102
Дзерассæ. Хæстæг мæм ма цу дын зæ- гъын! Мукара (хъæрæй ныххуды). Науæд мæ цæмæй тæрсын кæвыс? Рæвдз мæ бæхмæ схиз, зæгъын! (Дзерассæ хæдзармæ фæцæйлидзы, фæлæ йæ Мукара ацахсы, бæхыл æй авæры æмæ йæ аскъæфы.) С а т а н а (хъæр кæны). Фæдис, Нартæ! Дзерассæйы фескъæфы Мукара!.. (Тагъдгомау æрбацæуы Уæхтæнæг.) Уæхтæнæг. Цы хабар у, Сатана? Цы бæллæх ныл æрцыд Нартыл? Сатана. Кæсæн иу минут дæр нал и! Уæйгуытæ ныббырстой хъæумæ. Згъоргæ тагъд Дæллаг Нартмæ ныртæккæ æмæ хъæуæн фехъу- сын кæ хабар. (Ацæуы.) Уæхтæнæг (цин кæны). Иттæг хорз! Ит- тæг хорз!.. Гъе Уастырджи! Нарты гуыппырсар- ты бæрзæйсæстытæ фæкæн мæнæй фæстæмæ. Цæуон æвæстиатæй нæхимæ æмæ бахъахъхъæ- нон мæ иунæг фырты ацы фыдбылызæй. (Ацъ- уы. Æрбацæуы Чъыбыла.) Ч ъ ы б ы л а. Нартæй змæлæг нал ис æви? Æвæццæгæн, фыр тæссæй уæрмыты ныббыры- дысты. Афтæ уыдзæн бæлвырд. Дæ фыдгулмæ уæнгуытæ фæфыдæх уой. (Бацæуы Сатаиайы хæдзары цурмæ.) Гъей, хæдзар! Æддæмæ ракæ- сут, науæд уæ бындзарæй фæлдахын! (Бацæуы мидæмæ æмæ фæстæмæ фездæхы.) Нæй, ничи дзы ис змæлæг. (Аракæс-бакæс кæны.) Кæс- ма, уæртæ дыууæ гыццыл лæппуйы æрбацæуы! Гъе уыдоны мын æнæ адавгæ нæй. Искуы сæ бæласыл бабæтдзынæн, æмæ сæм Нартæ агурæг куыд цæуой, афтæ сæ иугай-дыгай мардзы- нæн сæ цуры. (Æрбацæуынц Æхсар æмæ Æхсæртæг.) 103
Æхсæртæг. Гъе ныр мæ бауырныдта, Æхсар, ды мæнæй тыхджындæр æмæ хуыздæр кæй арæхсыс, уый. Чъы бъ1 л а. Кæцы уæ у тыхджындæр, уый- ма мæнмæ рацæуæд хæстæгдæр. Æхсæртæг. Мæнæ диссаг! Уый уæйыг кæй фæхонынц, ахæм ма уа. Ма йæм бацу хæстæг, Æхсар! Лидзæм тагъд ардыгæй! Æ х с а р (Æхсæртæджы цонгыл фæхæц- гæйæ). Фæлæуу-ма, кæдæм лидзыс? Цæмæй дзы тæрсыс? Лæг йеддæмæ ма исты у? (Чъыбыла лæппутæм хæстæг бацæуы, йæхи сыл ныццæвы. Дыууæйы дæр ацахсы, фæлæ Æх- сар феуæгъд вæййы Чъыбылайы къухæй. Æхсæр- тæджы ахæссы йæ дæларм Чъыбыла. Æх- сар хъæргæнгæ Чъыбылайы фæсуры.) Æртыккаг ныв Дардæй зынынц судзгæ хоры хуымтæ. Бынтон хæстæг «æртæ хоры мæкъуылы амад. Бибыц мæкъуылтыл бафтауы арт, йæ хъæлæсæй цæхæр скалы, афтæмæй. Б и б ы ц. Сæ пиллон сын дзæбæх куы скалд- та. (Иæ риу бахойы.) Уый дзы лæг у, лæг! Гъы, Нарты гуыппырсартæ! Цы фестут, цы? Рацæут- ма ныр уæйгуытимæ , хæцынмæ æмæ уын уæ фæрсчытæ банымайæм мах. Æххæст ма Дæллаг Нарты хуымты фæздæгдæр куы скалин, уæд мæ Мукара фыр цинæй аныхъуырид раст. (Ацæуы.) (Сослан æрбазгъоры фæдисы. Мæкъуылтæ <судзгæ куы ауыны, уæд дзы\ иуыл йæхи ныццæ- вы, фæлæ уалынмæ æрбазгъоры Сатана æмæ йæ мал бауадзы артмæ ’вналын.) 104
Сатана. Цы кусыс, уый, Сослан? Дæхи цæмæн судзыс арты? Хортæн ницыуал ис бакæ- нæн уæддæр. Дæ хойы дын фескъæфы Мукара? Фæлтау рæвдздæр адæммæ фæдзурæм æмæ уæйгуыты сæхи зæххыл ныццæгъдæм! С о с л а н. Дзерассæйы зæгъыс?! (Йе ’хсар- гардæй æвзидгæйæ.) Фæлæууæд уыцы бламыхъ- рихи Мукара! Адон нын иууылдæр уый фыдбы- лызтæ сты! Сатана. Уæ, мæ домбай ныфс, Сослан? Нæртон адæм хæстмондаг не сты. Фæлæ нæ куы фæхъыгдары знаг, лæгдзинад равдисæм уæд мах дæр. Ныр дæр та мах аххос кæй нæу, уы- ныс уый комкоммæ дæ цæстæй. Сослан. Уынын, мæ мады хай, Сатана! Уымæ гæсгæ ард хæрын дæ разы, фæстаг ту- джы ’ртахы онг уæйгуытимæ кæй кæндзынæн æз тох, цæмæй не ’фхæрд фондз ахæмæй рай- сон. Сатана. Уæлахиз иунæджы къухы зыи бафтæн у, мæ хъæбул. Фæлæ æз цæуын Дæллаг Нартмæ, æмæ дзы хæцынхъом чидæриддæр уа, зындзынæн дæм уыдонимæ тагъд. Уæхтæнæгæи бæргæ загътон нæхимæ, фæлæ йыл мæ зæрдæ тынг нæ дарын. (Ацæуынц.) ДЫККАГ АРХАЙД Цыппæрæм ныв Дæллаг Нарт. Уæхтæнæджы хæдзар. Уæхтæнæг дуармæ> бады æмæ цæгъды дыууадæстæнон фæндырæй.
У æ х т æ н æ г. Уæд, дам, дын Нартыл сау бон куы кæндзæн, Сау бон куы кæндзæн, гъей... Сæ бирæ фæллой та мæнæн куы зайдзæн, Мæнæн куы зайдзæн, гъей... Сатана. Уый фæндырæй куы цæгьдыс, Уæхтæнæг! Фæдисон дзы ахæм куы нæ уа. Дæ зæрдæ цæуыл бахъæлдзæг и уагæр? Æвæццæ- гасн, ныл стыр зиантæ кæй æрцыд, ууыл? Уæхтæнæг. Цæмæн зæгъыс, Сатана? Уый мæнæ нæ лæппуйæн айрох ис ам. Æндæр дьш æз зианы заман фæндырæй цæгъдын? Уæд мæ къухтæ ахауæд бындзарыл. Фæлæ цавæр зиан- ты кой кæныс? Уæхимæ дæр дæ нал афарстон фыр тагъдæй. Сатана. Зиан та ма цы вæййы? Нæ хуым- тыл ньгн уæйгуытæ пиллон арт суагътой. Дзе- рассæйы аскъæфта Мукара, нæ фос нын фескъæ- рынц æввонгæй. Уæдæ нæй бæрæг, мæ сабитæ цы фесты. Уæ х т æ н æ г. Уæууа, уæдæ уыл стыр бæл- лæхтæ куьт ’рцыд, уый! Сатана. Уæдæ афтæ. Куырис куы судза, уæд дзы бæттæнæн дæр ирвæзæн нæй. Уæйгуы- тæ Уæллаг Нарты куы сафой, уæд дзы Дæллаг Нарт дæр нæ баззайдзæн æвыдæй. Уымæ гæсгæ дæ фырт Къонагайæн дæр зæгъ, æмæ уæйгуыты иыхмæ рацæут хæцынмæ. Уæхтæнæг. Бæргæ уын дзырдтон, ма къа- хæм Мукарайæн йæ зæрдæ. Фæлтау ын бафыс- таиккам хъалон æмæ абон æнæмаст уаиккам. Фæлæ адон хуыцауы уынаффæтæ сты пууыл. Сымах та хуыцаумæ кувгæ дæр нæ кæнут, æмæ уый иууыл хæрзтæй нæу. С а т а н а. Æмæ кæм ис хуыцау? Хуьщау 106
куы уаид, уæд цæуыннæ сыскъуыны æвзæргæн- джытæн сæ мыггаг. Фæлæ уыцы ныхæстæ уадз, фæлтау уæхи арæвдз кæнут тагъддæр. Уæхтæнæг. Уæдæ кæм сфæнд кодтат аф- тæ, уым ма æз цы зæгъон хъуамæ. Ам нæм иу чыоыл фæлæуу, ,æмæ нæхи арæвдз кæнæм мах дæр. С а т а н а. Лæууынæн нæй рæстæг. Ныр ма зилгæ кæнын хъæуыл. (Ацæуы.) Уæхтæнæг (цин кæны). Иттæг хорз!.. Мæ хъул та сах абадт! Уæдмæ дæр уал сæ тъæнг- тыл фидар хæцæд, цалынмæ Уæхтæнæг йæ фыр- тимæ ацæуа хæцынмæ. Цæмæн ацæуон тугка- лæн! хæстмæ. Уæйгуытæ мæн куы ницы хъыгда- рыиц, уæд? Симды чи бацыд, уыдон дзы симо^д ныр кæронмæ. (Хæдзарæй зæронд усы дарæсы рацæуы Къонагæ.) Къонагæ. Цæй, ныр мæ кæдмæ дардзынæ ныккæнды æмбæхстæй, мæ сæр æнуды тъæн- джытæ куы фæхауы, уæд? Уæхтæнæг (Къонагæйы хæдзармæ ссон- гæйæ). Æ, куысыфтæгсæр, дæмæн- рацыдтæ æд- дæмæ? Æз дын хуыздæр цы у, уый кæнын, ды та цæттæ фыдбылызмæ дæхи къахæй цæуыс. Ды зоныс, æнæхъæн хъæуы адæмы Сослан хæст- мæ фæкæны, уый? Ацы хъуыддаг æз рагацау æмбæрстон æмæ дæ уымæн дарын æмбæхстæй. Къонагæ. Худинаг у ме ’мгæрттæй, уыдон хæцынмæ фæцæуынц, æз та зæро’тт усы къа- байы æмбæхстæй бадон? Нæ, мæ фыд, уый ка- ды хос нæу дæуæн дæр! Уæхтæнæг. Хæсты заман, Къонагæ, хи «бахъахъхъæныи худинаг нæу. Цы мын æфсæрмы кæныс де ’мгæрттæй. Уыдонæй иу дæр æгасæй 107
кæй нал баззайдзæн, уый дæ рох ма уæд. Уæй- гуытимæ афтæ хæцæнтæ ис æви? Къонагæ. Адæм цы кæнынц, æз дæр уый хъуамæ кæнон. (Сисы йæ кæлмæрзæн, раласы йæ къаба æмæ сæ иуварс аппары.) Æниу дæм цæмæн байхъуыстон раздæр? Мæхимæ кæд мæ- сты нæ кæнын. Уæхтæнæг. Мæ коммæ бакæс, æдылы къоппа! Дæу тыххæй ма мæн дæр уæйгуытæ фыдвæззæг фæкæндзысты. Къонагæ. Æз алкæддæр дæ коммæ кас- тæн, фæлæ мыл ацы хатт ма фæхуд, мæ фыд! (Бауайы хæдзармæ æмæ уайтагъд фездæхы æд хотыхтæ.) Уæхтæнæг (Къонагæйыл ныххæцгæйæ)* Æрлæуу дæ хæдзары дын, зæгъын! Къонагæ. Нæ лæууын, нæ! Дæ хин æмæ кæлæн митæм кæсын мæ бон нал у! (Ацæуы.) Уæхтæнæг. Фæстæмæ раздæх, лæппу! Раздæх фæстæмæ! Уæйгуыты амæттаг фæу уæ- дæ! Коммæ цы сывæллон нæ кæса, уымæн хуыз- дæр арфæ нæ хъæуы. Ехх, æвæдза, мæ фыртмæ- чысыл мæхи зондæй куы фæуыдаид, уæд цæй амондджын уыдаин. (Æрбацæуы Бибыц стыр къуызырджын дзæкко- римæ.) Б и б ,ы ц (Уæхтæнæгмæ дзæккорæй æвзид- гæйæ). Дæ къухтæ сдар, куыдзы фырт! Ныр- тæккæ дын æнæ маргæ нæй! Раздах дæ чъыл- дым, æмæ дын дæ сæры магъз акалон дзæкко- рæй! Уæхтæиæг (йæ зонгуытыл æрлæууы æмæ, й& хъуыры цъар ивазгæйæ, лæгъстæ кæны). Ма мæ амар, ма амар, æз дæ мад, дæ фыды уазæг. Æз уæйгуытæм мæ къух никуы систон, табу сæ- хицæн æрбауа. 108
Б и б ы ц. Уый хорз, фæлæ цæуыннæ ацыдтæ- ды уæйгуыты ныхмæ хæцынмæ? Уæхтæнæг. Мæн нæ фæнды уæйгуыты: цæгъдын. Æз мæ фырты дæр нæ уагътон, фæлæ мæм нæ байхъуыста, йæ уæраг асæтта! Б и б ы ц. Йæ уæраг нæ, фæлæ ма дын йаг бæрзæй дæр саст æрцæудзæн. Уæхтæнæг. Афтæ йын хъæуы. Цæгъдгæ кæнут се ’ппæты дæр! Бибыц. Æмæ уæд дæу та мыггагæн ныу- уадзæм? Нæ... Уый гæнæн нæй. Дæу дæр маръш хъæуы! Афтæ у уæйгуыты паддзах Мукарайæн йæ фæдзæхст. Уæхтæнæг. Мæн ма амар, Мукара, æз дæ мад, дæ фыды уазæг! Б и б ы ц. Æз Мукара нæ дæн, æз Бибыц. дæн, Бибыц! Уæхтæнæг. Гъемæ, мæ уд дæ фæхъхъау, Бибыц. Ма мæ .амар! Цыдæриддæр зæгъай, уый дын бакæндзынæн. Б и б ы ц. Фæуæд афтæ. Уæдæ дын цы зæ- гъон, уый куы нæ баххæст кæнай, уæд дын дæ сæр ныппырх кодтон, уый зон. Мæнæн Мукара бафæдзæхста Сосланы амарын, фæлæ йыл нæ* хæст кæиын. Æвæццæгæн, æмбæхст у ам Дæл-- лаг Нарты кæмдæр. Уæхтæнæг. Сослан æмбæхсгæ никуы ба- кæндзæн, уæлдайдæр та хæсты заман. Б и б ы ц. Мæнмæ дæр афтæ кæсы. Иугæр Сосланы амарын нæ къухы куьв бафта, уæдНар- ты адæмæн асæтдзæн сæ ныфс, æмæ сæ æнцо- нæй фæкæндзыстæм бындзагъд. Уæ х т æ н æ г. Иттæг раст зæгъыс, Бибыц, мæ уд дæ фæхъхъау. Нæртон адæм тынгдæр уымæй хæссынц сæ ныфс. Уый дын мæ быгъ- дуан фæуæд. Æз æм мæхæдæг дæр рагæй дæн 109'
мæсты. Уæдæ кæм хъуамæ уа Сослан? (Хъуы- ды кæны.) Æрхъуыды кодтон!.. Иæ хо Дзерас- сæйы æмæ Сатанайы фаззæтты, дам, уæйгуытæ адавтой!.. Æмæ бæлвырд уыдон агурæг фæцыд. Æхсæвиуат та фæкæны сырдты комы йæ уарзон лæгæтьь Цуан дæр уыцьг комы кæны арæх, æмæ йæ хъуамæ ссарæм уым. Б и б ы ц. Цæуы мæ зæрдæмæ дæ хъуыды. Дзерассæйы Мукара фæхæссы, Сатанайы саби- ты та Чъыбыла. Уымæн дæр арæх вæййы ууыл- ты йæ фæндаг. Уæхтæиæг. Уæдæ кæд афтæ у, уæд æм .æвæстиатæй цæуæм. (Ацæуынц.) Фæндзæм ныв Сырдты ком. Ныллæггомау рындзы бын лæгæт, йæ фарс- мæ бæласыл баст Æхсæртæг. Лæгæты мидæг Чъыбыла уæлгоммæ хуыссы æмæ дымы тамако. Æхсæртæг. Уæд та мын иу хуыпп дон авæр, Чъыбыла! Дойиыйæ мæ ком ныххус бын- тондæр. Ч ъ ы б ы л а (лæгæтæй рабыры æмæ хъæ- рæй ныххуды). Мукъу дæ нæ хъæуы, мукъу! Мах уæ бындзагъд кæнынмæ хъавæм, уæд ма æз дон дæттын дæуæн. Æ х с æ р т æ г. Бындзагъд чи раздæр фæуы- дзæн. уый бæрæг нæма у. Чъыбыла. Цы бæрæг ма йæ хъæуы, хæх- хон дзигло? Ды уал «бындзагъдæй» фыддæр р.ан нæ дæ? Ам дæ хæйрæг дæр не ссардзæн, уьш зон. 1110
Æхсæртæг. Мæн куы нæ ссарой, уæддæр дæу ссардзæн исчи. Ч ъ ы б ы л а. Уæдæмæ цы, уый зоныс, хæх- хон дзигло? Цæуон æмæ дын дæ фаззоны дæр æрæмпъухон дæ цурмæ. Сырдау мæ кьухтæй алыгъд, æндæр уын иумæ хъæлдзæгдæр уыдаид. Фæлæ мын дард нæ алидздзæн уæддæр. (Ацæ- уы.) Æхсæртæг (хъæр кæны Чъыбылайы фæс- тæ.) Суадз мын мæ баст, Чъыбыла! (Рындзы сæр фæзыны Æхсар.) Æхсар. Сæ фæд ацы коммæ куы ’рбацыд, уæд цы хъуамæ фæуыдаиккой? Æхсæртæг. Цымæ цы фæуыдаид Æхсар? Уый ма уæддæр куы баззаид æгасæй. Æ х с а р (ауыны Æхсæртæджы). Кæс-м а! Дæлæ мын ме ’фсымæры кæм бабаста уыцы æнаккаджы фырт! (Рындзы сæрæй æргæпп кæ- ны Æхсæртæджы цурмæ æмæ йæ ныхъхъæбыс кæны фыр цинæй.) Æмæ уæйыг йæхæдæг та цы фæци? Æхсæртæг. Сс... Хъæрæй ма дзур ам! Нырма хæстæг уыдзæнис ардæм. Ныртæккæдæу агурæг фæцæуы. Æхса.р (тагъд-тагъд Æхсæртæджы баст уадзгæйæ.) Ныр ныл ахæм сайд нал æрцæу- дзæн, ма тæрс. Æхсæртæг (куы суæгъд, уæд айвазы йæ уæнгтæ). Стыр бузныг, Æхсар! Фервæзын мæ кодтай мæлæтæй. Лидзæм ныр нæхимæ тагъд, цалынмæ нæ Чъыбыла не ’рбаййæфта, уæдмæ! Æхсар. Лидзгæ? Лидзгæ иу къахдзæфдæр нæй! Мах дзы хъуамæ райсæм ацы ран нæ маст... (Æрбацæуы Къонагæ йæ хид сæрфгæ.) К ъ о н а г æ (Æхсар æмæ Æхсæртæгмæ фат ш
фæцаразгæйæ). Уæ къухтæ тагъд хæрдмæ сда- рут, цалынмæ уыл мæ фат не суагътон, уæдмæ! Чи стут, цы агурут ам, сырдты комы?! Æ х с а р. Мах стæм Сатанайы фырттæ, Æх- сар æмæ Æхсæртæг. Къоиагæ. Æз та дæн Дæллаг Нартæй Уæхтæнæджы фырт, Къонагæ. Цæуын, Нартæ уæйгуытимæ кæм хæцынц, уырдæм. Æхсæртæг. Уæдæ мах цæуыны сæр нæ бахъуыд. Чъыбыла мæ ардæм йæ хъæбысы фæ- хаста, æмæ уæртæ уыныс, уыцы бæласыл мæ ныббаста. К ъ о н а г æ. Æмæ дæ чи суæгъд кодта? Æхсæртæг. Иæ цæрæнбонтæ бирæ ме ’фсымæр Æхсарæн: мæлæтæй мæ фервæзыи код- та! К ъ о н а г æ. Абонæй фæстæмæ уыдзыстæм зонгæ, стæй уын ард хæрын мæ райгуырæн зæх- хæй, кæй уыдзынæн æз уе ’фсымæр æнусмæ æмæ уæ курын, цæмæй мæныл æфсымæрау æууæн- дат. Æхсар. Кæд афтæ фидарæй зæгъыс, кæд ард хæрыс нæ райгуырæн зæххæй — уыдзынæ не ’фсымæр, Къонагæ. (Кæрæдзимæ радтынц сæ къухтæ.) Æхсæртæг (амоны йæ къухæй). Кæсут- ма! Уæртæ ’рбацæуы Чъыбыла! Æ х с а р. Нæ фæттæ арæвдз кæнæм тагъд- дæр! Къонагæ. Нæ, фæттæй ницы кæндзыстæм уæйгуытæн. Æ с æ р т æ г. Уæдæ цæмæй? 1 Къонагæ. Уæйыг йæ агъудæй уæйыг у, æндæр дзы мур хъару дæр нæй. Æ х с а р. О, фæлæ йын куыд райсæм йæ агъуд? 112
Къонагæ. Хинæй. Æрмæстдæр хинæй ар- хайын хъæуы. (Æрбацæуы Чъыбыла, дыууæ дынджыр дуры йæ фæйнæ къухы.) Чъ ы б»ы л а. Гъы, хæххон дзиглотæ! Чи суагъта лæппуйæн йæ баст?! (Дуртæ кæрæдзи- уыл ныццæвы.) Æви уын уæ сæры стджытæ мæ- нæ ацы дуртæй ныссæттон?! Къонагæ. Къухæй. Ч ъ ы б ы л а (аппары йæ дуртæ). Кьухæй дæр мæ бон у сымах хуызæтты лыстæг зыгуым ныккæнын!.. Рацæуæд, кæй уал фæнды фыццаг? Къонагæ. Фæлæуу! Уый дæр диссаг нæу. Фæлæ ма хъæбысæй рахæцæм уæдæ. Кæд мæ галиу къухмæ бауæндай, уæд дын мæ сæр лыг- мæ дæттын ныртæккæ. Æхсæртæг. Æниу ма йæ агъуд аппарæд Чъыбыла, кæддæра йæ не ’рбырсин æз дæр. Чъыбыла. Кæсæнт-ма, мæнæ мæ куыд хъа- зынц! (Йæ агъуды бынты рагæпп ласы фыр мæстæй æмæ йæхи Къонагæйыл ныццæвы. Æх- сар æмæ Æхсæртæг Чъыбылайы агъуд аскъæ- фынц æмæ йæ бамбæхсынц. Чъыбылайæн уай- тагъд йæ хъару асæтты æмæ æрызгъæлынц йæ уæнгтæ.) К ъ о н а г æ (хъæр кæны Æхсар æмæ Æх- сæртæгмæ). Рацæут ардæм, мауал тæрсут ныр! (Æрбацæуынц Æхсар æмæ Æхсæртæг.) Æхсæртæг (Чъыбылайыл хафт-хафтæй ралæууыд). Цæмæн мæ бабастай бæласыл, цæ- мæн? Къонагæ. Уæ маст дзы сисут, уæ зæрдæ куыддæриддæр зæгъы, афтæ! Мæнæ уын æхсар- гард æмæ йын йæ сæр акъуырут (дæтты сæм æхсаргард). Æхсæртæг. Æхсаргардæй нæ, фæлæ йын 113
иыр та йæхи бабæттæм, мæн цы бæласыл баба- ста, ууыл. Æ х с а р. Раст зæгъы Æхсæртæг. Уый йын мæлæтæй фыддæр уыдзæн. (Бабæттынц æй бæ~ ласыл.) Чъыбыла. Суадзут мæ, кæннод мыл исты куы ’рцæуа, уæд уын уæ туг дойныйæн баназ- дзæн Мукара! Æхсæртæг. Кæсæд-ма йæм исчи, уæддæр ма æртхъирæнтæ кæны. Къонагæ. Æркафæм-ма йæ алыварс «Че- пена», æмæ уадз æмæ йæ зæрдæ аскъуына фыр мæстæй. Æ х с а р. Уый та ноджы хуыздæр фæнд. (Æхсар, Æхсæртæг æмæ Къонагæ, кæрæ- дзийы къухтыл ныххæцгæйæ, кафынц Чъыбы- лайы алыварс æмæ зарынц:) Цæй-ма уæдæ чепена, Ой, сй, чепеиа! Галиуырдæм чепена, Ой, ой, чепена! Рахизæрдæм чепена, Ой, ой, чепена! Чъыбылайæн йæ агъуд, Ой, сй, чепсна! Æнтæф боны халагъуд, Ой, ой, чепша! (Æхсар, Æхсæртæг æмæ Къонагæ ацæуынц.) Чъыбыла. Ме уæпгтæн нал цæуы сæ дыз- дыз. Бæлвырд æрхæццæ и мæ адзал... Гъей-джи- ди! Исты амалæй ма куы аирвæзин ардыгæй, уæд Нарты адæмы даадагæй бахсынин, бæргæ! (Æрбацæуынц Бибыц æмæ Уæхтæнæг.) Уæхтæнæг. Ссардтам æй! Ам ис, ам Сос- 114
ланы лæгæт!.. (Чъыбыламæ фæкæсгæйæ.) Фæ- лæ уæртæ уый та чи у? Бибыц. Ай нæхи Чъыбыла куы у! Чи дæ* бабаста? У æ х т æ н æ г. Уый Сослан уыдаид, æндæр ничи. Чъыбыла. Сослан куы уыдаид, фæлтау... Би б ы ц. Уæдæ чи уыди? Чъыбыла. Æртæ хæххон дзиглойы. Дыу- уæ дзы Сатанайы фаззæттæ уыдысты, æртыккаг чп уъ1дис — нæ зонын... Б и б ы ц. Ау, æмæ дыл хæххон дзиглотæ куыд фæтых сты? Чъыбыла. Ды дæр рагацау дæхицæй ма ’ппæл. Би бъ1ц. Æмæ дæ агъуд та цы фæци? Чъыбыла. Мауал мæ фæрс! Фæлтау мын рæвдздæр райхалут мæ баст, цалынмæ бынтогг нæ ныххæдмæл дæн, уæдмæ. У æ х т æ н æ г. (Чъыбылайы баст уадзгæйæ.) Мæпæ йæ цæй фидар ныббастой, уæйгуыты амæттаг сæ хуыцау фæкæна. Бибыц. Уæдæ нæртон сывæллæттæ афпг домбай кæд сты, уæд ма нын уагæр Сослан цы- тæ бакæндзæн? У æ х т æ н æ г. Раст зæгъы Бибыц. Тæссаг уг тынг тæссаг Сосланæй. Æмбæхсгæ ут тагъд! Æр- бацæуы Сослан! Æз æй æрæууæндын кæндзы- иæн мæхиуыл. Йе ’хсаргард уынæг скæндзынæн мæхи, æмæ-иу ыл сымах рæвдз уæхи ныццæ вут! Науæд æм æз мæ къух куы сисон, уæд мæ франкау атондзæн фæннæрдæм. Бибыц. Цæуы мæ зæрдæмæ дæ фæнд. Æрæмбæхсæм уал уæдæ мах. (Чъыбыла æмæ Бибыц бамбæхсынц. Æрбацæуы Сослан.) 115
Сослан. Чысыл уал куы аулæфин ам, мæ уарзон лæгæты. Уæхтæнæг. Æгас цæуай, Сослан. Мæн ,дæр мæ уæрджытæ нал хæссынц дзæбæх æмæ <:фæнд кодтон аулæфын ам. Сослан. Æгас æрцу ды дæр, Уæхтæнæг! Æмæ иунæг та цæмæн дæ? Æппын нæм змæлæг нал ис? Уæхтæнæг. Æз ратагъд кодтон разæй, æмæ уыныс, фæдзæгъæл дæн. С о с л а н. Нæ, Уæхтæнæг, сайгæ кæныс! Æвæццæгæн, фыр тæссæй тар хъæдмæ фæ- лыгъдтæ, мæ сæр бафснайон, зæгъгæ. Уæхтæнæг. Уæд мæ иунæг фырт Къона- тæ уæйгуыты амæттаг фæуæд, кæд æз лидзгæ ракодтон. Сослан. Æмæ уæд дæ хæцæнгæрзтæ кæм сты? Уæхтæнæг. Къонагæ сæм мæнæй фæраз- дæр. Кæд мыл не ’ууæндыс, уæд мын мæ сæр <5ындзарыл акъуыр. Сослан (йе ’хсаргард сласы.) Дæ сæр? Уæхтæнæг. О, о, мæ сæр! Кæд мæм тынг зивæг кæныс, уæд мæ фæлтау мæхи бар уадз! Де ’хсаргард мæ къухмæ авæр æмæ мæ тугæй ма сахуырсай. С о с л а н. Цæй хорз! Дæ сæр къуырын ныу- уадз, фæлæ дын мæнæ ’хсаргард. Æз та фат æмæ æрдынæй хæцдзынæн. Уæхтæнæг (райсы Сосланы’хсаргардæмæ иуварс ацæуы). Рæвдз, Бибыц æмæ Чъыбыла, уæ саг фæрæтмæ æрныд! (Æрбазгъорынц Бибыц æмæ Чъыбыла. Сос- лан фат Бибыцы риуыл ныццæвы, фæлæ дзы нæ фæныхсы. Бибыц йæ дзæккорæй Сосланы сæр куыд æрцæйцæвы, афтæ йын Сослан йæ къухæй 116
срæдувы йæ дзæккор æмæ йæмуварс фехсы. Дзæккор сæмбæлы Уæхтæнæгыл, æмæ Уæхтæнæг фæуадзыг вæййы. Бибыц йæ хъæлæсæй скалы тæвд цæхæр.) С о с л а н. Кæй тæрсын кæныс, кæ, цæхæрæй, Бибыц? (Фатæргъæвдæй Бибыц æмæ Чъыбы* лайы стæры рындзы сæрмæ.) Уæхи аппарутсæр- бынмæ, хуытæ! Сымахыл фат æхсын æвгъау у! (Чъыбыла аппары йæхи æмæ ныххæррæгъ вæййы. Бибыц Сосланы фат ацахсы æмæ йæ æрбасæтты, Сослан æрдыны хъæдæй Бибыцы сæр ныццæвы, æмæ Бибыц рындзæй рахауы. Сослан æргæпп кæны йæ фæдыл, базгъоры Уæх~ тæнæджы цурмæ æмæ фелвасы йе ’хсаргард. Бибыц фæтæрсы æмæ алидзы.) Уæхтæнæг (æрнъицы). Цы кодтон, цы? Цæмæн дæн ам? Сослан. Цы кодтай, уымæй дын дæхи ба- фæрсын хъæуы, Уæхтæнæг! Цæмæн цæуыс гадз- рахатæй мæныл, кæнæ дæ адæмыл? Цы дын кодтой ахæм æвзæрæй Нартæ? Уæхтæнæг (сысты æмæ Сосланы раз йæ зонгуытыл æрлæууы). Ныххатыр кæн, Сослан. Æз дæ мад, дæ фыды уазæг. Сæттын мæ рæдыдыл дæ разы. Ард хæрын, кæй никуыуал бакæндзы- нæн афтæ. Сослаи. Ахæм ныхæстыл баууæндæн ныр нал ис. Дæ сæры магъзы дын ауадзин мæ фат, фæлæ йæ дзæгъæлы нæ сафын. Æнæуый дæр дæ цард уыдзæн фыддæр, æмæ-иу ды цæр сырд- тимæ мыггагмæ. (Ацæуы.) 117
ÆРТЫККАГ АРХАЙД Æхсæзæм ныв Фыццаг нывы декораци. Дзерассæ Мукарайы хæдзарæй ралидзы. Мукара йæ фæдыл разгъоры æмæ йæ яцахсы йæ цонгæй. Дзерассæ. Мæхи дæр амардзынæн, уæд- дæр нæ фæцæрдзынæн демæ! Ауадз мæ нæхи- мæ! Мукара. Нæ дæ уадзын, н,æ! Ай дын зам- манай галуантæ <æд фæллой. Цы ма зæгъы дæ зæрдæ? Зæгъ-ма, ^æртон рæсугъд, мæнæн, æмæ йæ Мукара æвæстиатæй ссара! Дзерассæ. Нæ хъæуынц мæн дæ галуан- тæ æмæ дæ байсæггаг фæллæйттæ, фæлтау мын ратт мæ хæдзармæ фæнда.г! Мукара. Дæ хæдзармæ нæ, фæлæ тагъд мæ хæдзармæ фæстæмæ! Лæгъстæ кæнын тыиг бирæ нæ уарзын! Цалъшмæ дæхи дзыхæй за- гъай, уарзын дæ, зæгъгæ, уæдмæ арвы рухс нал федтай дæ цæстæй! (Цзерассæйы бассоны хæ- дзармæ æмæ йыл дуар сæхгæны. Къæртайæ дон аназы æмæ тъахтиныл йæхи дæлгоммæ ауадзы.) Чысыл уал ку.ы афынæй кæнин ам, уæдмæ йæм кæд хуыздæр хъуыды æрцæуид. (Æрбацæуынц Æхсар, Æхсæртæг æмæ Къонагæ.) Къонагæ. Мæнæ кæдæм æрбафтыдыстæм, мæнæ! Ай уæйгуыты паддзах Мукарайы галуаи у, бæлвырд. М у к а р а ( рабады). Æгас цæут, хæххон дзиглотæ! Цы хур, цы къæвда уæ æрхаста? Æви йæ зыдтат, лæджы фыд хæрын мæм цæуы, уый æмæ уымæн фæзындыстут уæхи къахæй мæ цур- мæ? 118
Къонагæ. Цы хæрын дæм цæуы, уый нæ зонæм, фæлæ мах Нарты фыййауы фырттæ стæм ’æмæ нæ фосы фæдыл агурæг цæуæм. Мукара (хъæрæй ныххуды). • Байрæджы .кодтат, хæххон дзиглотæ! Нарты фосмæ ма ’хсайæд уæ зæрдæ. Уыдон хорз æфснайд сты, фæлæ-ма мын зæгъут, цæмæй тыхджын у уе стыр ныфс Сослан? Æ х с а р. Хъару æмæ зондæй. М у к а р а. Зонд ницы у. Зонд йæ койы аргъ дæр нæу. Фæлæ йæм цас ис тых, йе куыд фев- зары йæ хъару, уый м.ын радзурут бæлвырддæр. Къонагæ. Æз цы рацардтæн, уым Сосла- нæй тыхджындæр нæма федтон, Мукара. Цæй, цæй! Æгæр дзы ма ’ппæл. Рæвдздæр дзур!.. Къонагæ. Сослан мысанæн æрæвæры йæ риу, æмæ йæм Нарты фæсивæд райдайынц æх- сын сæ фаттæ, фæлæ дзы иу фат дæр нæ хизы. М у к а р а. Бавзарут мæн дæр ныртæккæ! Цæвут мæ риуыл радыгай уæ фæттæ! (Æхсар, Æхсæртæг æмæ Къонагæ райдайынц Мукарайы фаттæй æхсын, фæлæ дзы иу фат дæр нæ фæных- сы). Уый диссаг нæу! Цæуыл ма февзары Сос- лан ноджыдæр йæ хъару? К ъ о н а г æ. Тыхджын куыннæ у куы Сос- лан. Ие ’хсаргард сигæцыл сдауы, стæй йын дзы тыхджындæр лæппутæ йæ бæрзæй райдайынц цæвын, фæлæ дзы иу æрду дæр нæ алыг кæ- нынц. М у к а р а. Сласут уе ’хсаргæрдтæ тагъд æмæ та бавзарут мæн дæр (Йæ бæрзæй бадары цæвынмæ. Къонагæ Мукарайы бæрзæй райдайы йе ’хсаргардæй цæвын, фæлæ дзы иу æрду дæр нæ алыг кæны.) Цæй, куыд зæгъут, нæртои 119
фыййауы сахъ лæппутæ, хъару мæм ис æви нæй? Æхсæртæг. Бæргæ, мæнмæ дæр ахæм хъару куы уаид. Мукара. Афонмæ хуыррыттæй фынæй кæ- нин. Фæлтау цæуг уæхимæ, æмæ мæ чи агура уый-иу рарвитут мæнмæ, æмæ йын Мукара хорз дзуапп ратдзæн! (Æхсар, Æхсæртæг æмæ Къо- нагæ ацæуынц, Мукара хæдзары дуарæй бай- хъусы Дзерассæмæ. Æвæццæгæн, афынæй фæл- ладæй. Цæй æз дæр уал афынæй кæнон. Æрхуыс- сыд тъахтиныл. Афынæй. Æрбацæуы Сослан.) Сослан (Мукарамæ кæсгæйæ). Ацы туг- дзых мын раскъæфта мæ хойы? (Гом кæны Му- карайы хæдзары дуар.) М у к а р а (фехъал вæййы). Гъей, хæххон дзигло, дæ адзал æрцыд! (Йæхи ныццæвы Сос- ланыл. Бирæ рахæц-бахæцы фæстæ йæ Сослан йæ къухæй бæрзонд систа.) Сослан. Чг< дын у хæххон дзигло? (Аппа- ры йæ къæдзæхæй. Уатæй ракæны Дзерассæйы. Фæзындысты Къонагæ, Æхсар, Æхсæртæг, сæ фæстæ — Сатана.) Са’тана. Мæнæ м^ мæ хъæбулты федтон! Уæ нывонд мæ сæр. Знаг нæ хъавыд бындзарæй сыскъуынынмæ, фæлæ йæ фæндтæ йæ* хъуыры фæбадтысты! Нæртон адæм цæрдзысты, нæй сын сыскъуынæн. (Сабыргай æрбахгæны æмбæрзæн).
СÆРГÆНДТÆ Джамботты фæсмон Гæмсыры урок Мураты хъысмæт Гацыры фæлварæитæ Пайдаджын куыст Ирбеджы «Волгæ» Дыууæ ныййарæджы Зулкъ æлгъæй мард Хинæйдзаг рынчын Фæдис Литературио-художествениое издание Солтан Плиев Мнимый болыюй Одноактные пьесы на осетинском языке Рсдамор Л- Е. Валиев. Художник 0. Д. Дзигосв. Художе- ственпыи рсдактор А. В. Биджелов. Технический рсдаклор В. Б. Гаврина. Коррекгор Е. А. Икаева. ИБ № 2171 Сдано в набор 05.07 91. Подписано к печаш 13.02 92. Форма) б>маш 70,\1001/зо. Г>ум. тип. № 1. Гарн. шрифта школьная. Псчать высокая. Усл. п. л. 4,83. Усл. кр-отт. 4,99. Учегно* изд. листов 4,11. Тираж 2000 экз. Заказ № 329. «С» 105 Пздательство «ИР» Государс1венно1 о комитета Севсро-Осе- тннскон ССР по делам издательств, полшрафип и книжноп юрговли; 302040; г. Влядикавказ; проспек! Мнра, 25. Рсчпублмкаиская книжная тнпография им. В. Л. Гассиеиа. Государсшсниою комитета Северо-Осетинской ССР по делам издательств, полиграфин и кннжноп торговлп; 3(>2011, г. Вла- дикавказ, ул. Тельмана, 16. 19 33 50 57 72 79 82 86 96