/
Текст
ЦÆГÆраты
ГИГО
ИУРЗÆРИН
ÆМДЗÆВГÆ ТÆ
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР»
ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1983
840сет.
С(Осет)
ЦЗО
Рецензент Т. Г. Тетцоев
Цæгæраты Г.
ЦЗО Хурзæрин: Æмдз.— Орджоникидзо:
Ир, 1983.—152 ф.
Цагарасв Г.
Светило.
В пср.: 95 к.
Любонь к Ролмне, нсилвпсть к фапщстам — такопы
мотшш псрных стнхо» поэта-фроптоника Г. Цагарас-
на. Эта тсма и ссголии остастся злоболиевпон в
тнорчсстнс антора.
«Снстмло» — ммогол.тмлм поэтпчсскпн мтог Г. Ца-
гарасва.
47247-46 840сет
Ц 49—83 г/п^\
М131(03)-83 С(Осет)
Издательство «Ир», 1983
##* АМОНД
ЛЕНИНЫ »>ЫСТЫТÆ
Сты Ленипы æнæмæлгæ фыстытæ:
Сæрибар цард,
Æпусон зард,
Нæ зæнгты магъз, нæ уидаг.
Сты Лснины æнæмæлгæ фыстытæ:
Æнусон хур,
Æнæбын фурд,
Æнтыстдзинæдтæм сидаг.
Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ:
Сыгъдæг фæндаг,
Зынтæ сæттаг,
Æндонæй дæр æндондæр.
Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ:
Рæсугъд фæндтæ,
Бæркаддæттæг,
Бæрзонд хохæй бæрзонддæр.
Сты Ленины æнæмæлгæ фыстытæ:
Хæлардзинад,
Æмбардзинад,
Сæ хъармæй их дæр тайы.
3
Æз фæкæсын Ленины фыстытæ
Бæркадкъухæй,
Зæрдæрухсæй,
Нæ сæ зонын фæллайын.
***
АДÆМТÆ!
Дидинæг равзæры зæххыл
адæмæн.
Уалдзæджы ауæдз фæлдæхы
адæмæн.
Хъал дæттæ судзынц цырæгътæ
адæмæн.
Систы лæгæвзарæн хæхтæ
адæмæн.
Хурзæрин ирд тынтæ тауы
адæмыл.
Циндзинад цинтæ æфтауы
адæмыл.
Амонд йæ хорзæх нывæнды
адæмыл.
Дуне йæ хъысмæт æууæнды
адæмыл.
Фæндæгтæ адæмы хонынц
адæммæ.
Суадæттæ заргæ ызгъорынц
ддæммæ.
4
Стъалытæ дарынц сæ къухтæ
адæммæ.
Рæстæджы каст у æдзухдæр
адæммæ.
Хорз цæрын иумæ уæ бон у,
адæмтæ!
Хорзæй кæрæдзийы зонут,
адæмтæ!
Хотыхтæ иуварс нынтъухут,
адæмтæ!
Бахæцут хæстæн йæ хурхыл,
адæмтæ!
***
ИУМÆ
Скæсынц зæххæй дидииджытæ, кæрдæг,
С’аив хуызæй барухс вæййы зæрдæ.
Фæлæ сæ куы батавынц нæ къухтæ,
Уæд сæ сыфтæ свæййынц ноджы пухдæр.
Бæлæстæ сæрыстыр сты сæ кондæй,
Быдыртæм куы фæлгæсынц бæрзондæн.
Фæлæ сæм куы базилынц нæ къухтæ,
Уæд ысвæййынц ноджыдæр рæсугъддæр.
Хуры тынтау адаргъ ысты уынгтæ,
Горæттæ ’мæ хъæутæ рæзынц тынгдæр.
Фæлæ сæ куы барæвдауынц къухтæ,
Уæд ысвæййынц райдзаст æмæ рухсдæр...
Кусынц, кусынц... Афтæ кусынц къухтæ
Цард рæсугъддæр кæныныл æдзухдæр.
Æмæ та, кæсут-ма, адæм иумæ
Рагуылф кодтой Коммунистон зиумæ.
5
***
АДÆМЫ ФАРН
Адæмы фарн бирæ у,
Фарн зæххæн йæ фидыц у.
Адæмы къух пирæн у,
Иунæг къух — къуымонлы цъупп.
Дзыллæтæ куы сфæнд кæной,—
Ихын хох дæр атайдзæн.
Адæмтæ куы сфæнд кæной,—
Стыр фæндаг дзы рауайдзæн.
***
УАЗДЖЫТÆ ДАРД БÆСТÆЙ
Бæрзонд хохы бынмæ хæххон хъæу лæууы.
Уый комы фæйнæрдæм фæцыди,
Нæ райдзаст быдыргæм сæдæ азты уый
Æгомыг къæдзæхтæй нæ зынди.
Хъæу афæдзæй-афæдзмæ ивта йæ конд,
Уым ног дыргъты мыггаг ысхъомыл.
Йæ фæткъуыйы хъæубæстæ схуыдта «Ирон»,
Йæ адджын тæф апырх и комыл.
Зындгонд у нæ рухс хъæу, æмæ нæм æрцыд
Зæхкусджытæ иухатт Болгарæй.
Сæттын сæ хæххон æрдзы махау фæндыд,
Фæллой кæнын махау æхсарæй.
б
«Уæ диссаджы дыргъдонæй талатæ маХ,—
Дзырдтой нын, — фæхæссæм нæ бæстæм,
Кæд дидинæг скалид Болгарийы зæхх
Уæ номдзыд хæрзаив бæлæстау».
***
КЪОСТА БОЛГАРИЙЫ
Болгайраг горæт Кырджали.
Рæдау — фысымтæн, уазджытæн.
Кæсы йæм арвæй хурзæрин,
Æфсæст у зæххы зарджытæй.
Уыдис кæддæр — йæ цæрджытыл
Нæ кодта никуы хурджын аз.
Сæргуыбырæй сæ уæрджытыл
Фæлæууыдысты Турчы раз.
Æмæ æнусон цъысымæй
Фæндаггæрдгæ куы цыдысты,
Сæ фарсмæ уæд уырысимæ
Ирæттæ дæр хæцыдысты.
Ныр нал ысты цагъайрæгтæ,
Сæ цæуæнтæ — æдæссонтæ.
Æцæг амонд болгайрæгтæм
Æрбахастой нæ хæстонтæ.
Ныр царды хæрзтæй нал кæньщц
Сæ зæронд дуджы зонгæ дæр.
Хæлæрттæн дуæрттæ бакæнынц.
Æрцарди ам ирон лæг дæр.
Къоста лæууы уым лæгъз фæзы,
Æдзух йæ цæстыл — хурæнгас.
Йæ дидинджытæ, цъæх нæзы
7
Сæрдæй, зымæгæй — удæгас.
Болгаримæ æлдары къух
Уый й’ адæмæй иæ атыдта.
Ирыстонæй хæлары къух
Болгаримæ уый ахуыдта.
Къостайы уадау ахастой
Рæсугъд фæндтæ Болгаримæ,—
Сæ кæрæдзийы бауарзтой
Хæххон Кырджали Наримæ.
**#
КЪОСТА НЕМÆ ИС
Къоста дæр махæн немæ ис.
Поэт кæны цæргæ.
Æрвылбон дæр ын фенæн ис
Пæ даргъ уынгты цæугæ.
Цæуы, цæуы уый адæммæ,
У худæндзаст æдзух.
Зæрондæй, ногæй алкæмæ
Дæтты йæ фæрпыг къух.
Кæддæр цы кæмтты ыстади,
Уым цæуæнтæ — уæрæх.
Иæ фæдон тохмæ сыстади,
Ысуæгъд кодта йæ зæхх.
Æмæ дзы ныр сæрибары
Парахат хур кæсы.
Цæуы Къоста. Иæхи Нарыл
Иæ цæстæнгас хæссы.
Иæ рæстæджы ам донвæрсты
Æдæрсгæ лæг нæ цыд.
Ныр айнæджы æндон фæхстыл
Фæтæн фæндаг фæцыд.
Кæм нæ уагътой лæбырд миттæ
Ызнæт доны цæуын.
Ныр уыцы ран ыстыр хидтæ
Æфсæн хъæдтыл лæууынц.
Уыдис æнустæм Ручъы ’фцæг
Хæххон лæгæн æргъом.
Фæзынд ыл ныр нæ дуджы фæд:
Уыдзæн зымæг дæр гом.
Ам лæг æгас ком сауаздзæн,
Æвæрдзæн дурыл дур.
Чысыл Захъадон сараздзæн
Электрон тыхæн фурд...
Къоста кæсы: нæртон арты
Æнæхъæн Ир фыцы.
Æрбадтис нæууыл. Ног цардыл
Иæ ног кадæг фыссы.
###
«ИРОН ФÆНДЫР»
«Ирон фæндыр» — Къостайы чиныг
Æз хæсты быдырмæ фæхастон.
Æмбæлттæй чи нæ каст уый, чи нæ,
Хæстонтæ йæ салдатау уарзтой.
Уый мемæ знагмæ цыд æдæрсгæ,
Мах иумæ знагыл пиллон уагътам.
Уый мемæ тымыгъты лæгæрста,
Мах иумæ акъоппытæ къахтам.
«Ирон фæндыр»— Къостайы чиныг
Æз хæсты быдырмæ фæхастон.
Æмбæлттæй чи нæ каст уый, чи пæ,
Хæстонтæ йæ салдатау уарзтой.
Уый мемæ иу уидыгæй хордта,
Мах иумæ иу къусæй дон нозтам.
Уый мсмæ иу уынаффæ кодта,
Мах иумæ ихджын къæвда хоста.
9
«Ирон фæндыр» — Къостайы чиныг
Æз хæсты быдырмæ фæхастон.
Æмбæлттæй чи нæ каст уый, чи нæ,
Хæстонтæ йæ салдатау уарзтой.
Уый мемæ сгарæг цыд фынафон,
Уый мемæ бахæццæ Берлинмæ,
Уый мемæ Зæххæн хаста амонд.
Уый мемæ уыд æдзух. Мæнимæ...
ТАНК
Хæсты хабар дунейыл куы айхъуыст,
Мах нæ къухтæм хотыхтæ куы райстам,—
Уый æхсыстæй пецы хуылфæй рахызт
Æмæ знагмæ тохы цæхæр хаста.
Цал хатты йыл рацыди зæй-уарын?
Цал хатты йæ уаддымгæтæ хостой?
Цал нæмыджы бамур и йæ буарыл?
Цас фæтылди?.. Цас ыл баззад ностæ?..
Уагъта уый сæрибар цард йæ фæстæ,
Суанг Берлинмæ амонд хæсгæ бацыд.
Систа йæ бæрзонд къæйдурмæ бæстæ,
Æмæ уым йæ хæстон фæллад уадзы.
***
НЕМЫЦАГ ЧЫЗГ
Зæххы уæлцъар хæсты цæфтæй судзы,
Арты пиллон хæдзæрттæм бырсы.
Сармадзанты нæмгуыты рæмудзын
Алырдыгæй арвнæрдау хъуысы.
10
Уынгты нал ис иу удæн ыссарæн,
Хъæу рæстæгмæ нал кæны цæргæ.
Немыцаг чызг иу хæлддзаг хæдзарæй
Тыгъд быдырмæ разгъордта кæугæ.
Алыг ис йæ мадæн уым йæ хъысмæт:
Сау нæмыг йæ зæрдæйы ныппырх.
Сиды, сиды сидзæр чызг æххуысмæ,
Мах салдæттæм сарæзта йæ кых.
Амондхæссæг салдат уый куыд фехса,
Сабитæм егъау куы у йæ уарзт.
Акъоппæй йæхи цæргæсау фехста
Æмæ февзæрд чызджы цур æваст.
Чызг ныттыхст йæ царддæттæджы риуыл,
Цины цæссыг уадултыл лæсы...
Абон уый Берлины фæзтæй иуы
Мах салдаты хъæбысæй кæсы.
***
ДÆ ФÆРЦЫ
Цы нæ хъæздыгдзинад ис æрдзы?
Цы нæ зайы зæххыл, цы нæ?
Æна, æз базыдтон дæ фæрцы,
Цæмæн хъахъхъæнæм зæхх рынæй.
Куы федтон мæнæуы æвзартыл
Мæ комы хъарм тæфæй æртæх,—
Дæ фæрцы базыдтон мæ царды,
Цæмæн у афтæ адджын зæхх.
И
1>æгуы лæгау мæуæнгтæ дардыл
Æз дæр куы айтыгьтон уæрæх,—
Дæ фæрцы базыдтон мæ царды,
Нæ фидæнмæ куыд тæхы зæхх.
Мах кусæм адæмы бæркадыл,
Æз дæр рæгъыл æфтауын рæгъ.
Дæ фæрцы базыдтон мæ царды,
Цæмæн у афтæ уæззау зæхх.
УЛЛДЗÆГ РЛКЛСТ
Мит, фæцис дæ рæстæг,
Фест-ма рæвдз нæ цурæй:
Уалдзæг ракаст бæстæм
Хъазгæ, худгæ хурæй.
Цъæх æвзартæн фæзты
Сзындысты сæ сæртæ:
Уалдзæг ракаст бæстæм
Кæрдæджы сыфтæртæй.
Тулынц та фæлмæстæй
Тракторы цæлхытæ:
Уалдзæг ракаст бæстæм
Гутæтты хæххытæй.
Зарæджы ныхæстæ
Ног нывæнды зæрдæ:
Уалдзæг ракаст бæстæм
'Лузыкæиы зæлтæй.
***
12
ХЪИСЫЙ ФÆНДЫР РАЙСТЛ УЫЙ ЗÆРОНДÆЙ
Адæмæн фæкодта уый лæггад,
Кæстæртæн уыд алыхатт сæ хистæр.
Ничи федта уый лæугæ æнцад,
Куыстæй-иу дзæбæх кодта йæ низтæ.
Уый къухтæн кæм нæ баззад сæ хъарм:
Иутæн-иу æрæмбæрзта сæ сара,
Иннæгæн-иу бампъызта сæ цар,
Сабитæн уыд иудадзыг сæ Дада.
Хъазæнтæ сын цас фæкодта, цас?
Уый хæрзтæн нæ разындзæн кæрон дæр.
Фæлæ азтæ... Цас уæз сæм ис, цас?..
Хъисын фæндыр райста уый зæрондæй.
...Изæрæй куы райхъуысы йæ цагъд —
Байдзаг вæййы цины зæлтæй хæдзар.
Сыхæгтæ фæкæнынц уырдæм тагъд,
Бафсады сæ кадджытæй сæ хæлар.
*#*
НУАЗÆН
Фыдæлты хорз æгъдæуттæ уарзæм:
Кæддæр сæ хæрзиуæг уыд нуазæн.
Хæдзармæ-иу куы ’рбафтыд уазæг,
Уæд-иу ын фысым радта иуазæн.
Куы-иу æрцыди дугъон разæй,
Уæд барæгæн лæвæрдтой нуазæн.
Фæдисмæ чи нæ кодта зивæг,
Уымæн-иу нуазæн уыд хæрзиуæг.
Уæлахизæй-иу чи здæхт зиуæй,
13
Уымæн дæр нуазæн уыд хæрзиуæг...
Фæлæ нæ кодтай аргъ ныхасæн —
Нæ, никуы райстаис уæд нуазæн.
***
БÆЛÆГТÆ
Систы уыдон, ис зæгъæн, æрмахуыр,
Семæ ис æцæг хæларау дзурæн.
Уыдон афтæ сахуыр ысты махыл,
Æмæ иуварс нал цæуынц нæ цурæй.
Ис зæгъæн: лæджы æууæнк æмбарынц,
Асид-ма сæм — фестдзысты дæ разы.
Хорз цæстæнгас сабийау æнкъарынц,
Мигъ бон æмæ тар æрфыг нæ уарзынц.
Къух сæм бадар — абаддзысты д’ армыл,
Райдайынц дзы дзулы муртæ уидзын.
Сахуыр ысты адæймаджы хъармыл
Æмæ дзы сæ базыртæ æхсидынц.
Фæлæ маргъ æдзух зæххыл нæ цæры,
Ахæссы йæ цъæх арвмæ йæ зæрдæ,
Æмæ нæм йæ базырты пæр-пæры
Фсрттивынц сæрнбары цæхæртæ.
***
АРФÆ
Хъуамæ уа зæхкусæг лæгæн ставд цæнгтæ,
Зæххы кад бæрзонд сисын куыд фæразой.
Раттынц уыдон цъæх æвзартæн ставд зæнгтæ,
Нарст æфсирты стыр уæзæй куыннæ тасой.
П
Æмæ мæнæ мæнæуы хуым ацæттæ,
Разындысты бон æмæ лæджы фæллой.
Зæххæн райгуырд ног æфсиртæ — фаззæттæ,
Æмæ цардыл амæндтæ куыннæ кæлой.
Æфсиртæ æркъул кодтой сав бур сæртæ,
Зæхх æмæ лæджы къухтæн — сæ арфæтæ.
Чи нæ разынд куысты заман дурзæрдæ,
Баззадысты уымæн ам йæ арф фæдтæ.
ХЪÆУУОИ ЗЛРÆГ
Æхсæрдзæны сæр сæрæй
Нарæг ком ныййазæлыд.
Рог дымгæйы пæр-пæрæй
Пыхсы æртæх азгъæлыд.
Нартхоры хуым чызджытæ
Цыргъ къæлитæй барывтой,
Æхсыры цыхцырджытæ
Хъисфæндырты баивтой.
Хосгæрдæджы цæвæгæн
Бахъырныдтой уæрццытæ.
Тохнайы бур фæздæгæй
Хъуысынц арты къæрццытæ.
Сыфтæрты сыбар-сыбур
Цъæх кæрдæджы аныхсы.
Лæбырдты гыбар-гыбур
Знæт уылæнтыл атыхсы.
Цъиуты цъæхснаг хъæлæстæ
Хъæды къохæй райхъуысынц.
15
Даргъ пæлæхсар бæлæстæ
Дыргъты уæзæй банкъуысынц.
Цæфхæдты æнуд хъæртæ —
Ратахти хæххон барæг...
Дунейы рæсугъд зæлтæй
Рауади хъæууои зарæг.
***
МАДЫ ХЪÆБЫС
Мады хъæбыс — йе ’мбай хурæн,
Уый хъызт зымæг дæр у хъарм.
Ам райгуырынц, ам, хъæбулæн
Йе стыр ныфс æмæ æфсарм.
Мады хъарм, фæлмæн хъæбысæй
Зæхмæ равæрæм нæ къах.
Ам гыццылæй дæр фæбырсæм
Авдсæрон уæйгуыты мах.
Мады хъарм, фæлмæн хъæбысы
Скæнæм стъалытæм фæндаг.
Ам райдайæм, ам, мах мысын
Нс стыр хъуыддæгтæ фыццаг.
Ам райдайæм, ам, нæ дугътæ,
Ам сæттæм сæ тых зынтæн.
Ардыгæй ’вазæм нæ къухтæ
Хуры царддæттæг тынтæм.
Мах уæлахизæй цыдыстæм,
Хæст куы ныссабыр и, уæд.
Баззад мады хъарм хъæбыстæн
Махыл абон дæр сæ фæд.
***
16
АФТÆ ДЗЫ УЫДЫСТЫ АДÆМ
Хуым, дæхицæй ма ’ппæл раздæр,
Ам ды не ’рцардтæ фыццагдæр.
Цъæх æвзар нæма ’рцыд ардæм,
Афтæ дзы уыдысты адæм.
Дидинæг, дæхи ды ма стау,
Зонæм, фæзæн худыс й’ астæу.
Ды нæма æрцыдтæ ардæм,
Афтæ дзы уыдысты адæм.
Дон, дæ уылæнтæй цы ’ппæлыс?
Зонæм, быдыртæм кæй кæлыс.
Ды нæма æрцыдтæ ардæм,
Афтæ дзы уыдысты адæм.
Хур, дæ тынтæй ком ныррухс и,
Уымæл зæхх дæуæй ныххус и.
Ды нæма æрхызтæ ардæм,
Афтæ дзы уыдысты адæм.
***
ÆРТÆХТÆ
Уæлæ хур йæ мидбылхудгæ разынд,
Сыфтæртыл ыссыгъдысты цырæгътæ.
Байдыдтой кæрæдзиимæ хъазын
Мæй æмæ зæххы лæвар æртæхтæ.
Алы ’ртæх дæр раст цыма у стъалы —
Алырдæм йæ ирд цæхæртæ калы.
Уыцы гып.цыл, уыцы гыццыл муртæн
Дунемæ кæсынц сæ хуылфæй хуртæ.
Дымгæ кафгæ разгъ.ордта пæ фæзтыл,
17
Кæрдæгæй фæлмæн æртæх æрхауди.
Мæнæ диссаг: сау мæрыл йæ бæсты
Хъулон-мулон дидинджытæ ’рзади.
Бæлæстыл æртæх зыны фæткъуытау,
Хъарм фæдгæнгæ къалиутыл æрбыры.
Саразин æз уыдонæй фæрдгуытæ,
Уарзонæн сæ сауындзин йæ хъуырыл.
***
ХЪРИХЪУППЫТÆ
Æрбалæсынц бæзджын мигътæ дзыгъуыра’й,
Фæззыгон дымгæ уазал тæф хæссы.
Хърихъуппытæ цады был — дзыгуырæй,
Кæрæдзийы цæстæнгасæй фæрсынц:
«Куыд у, дæ хъару бауыдзæн ыстæхын?
Æви тæрсыс тæппуд маргъау зынæй?
Æрдæгфæндагæй нал уыдзæни здæхæн,
Æгæрон фурд æхсиддзæни бынæй,
Дыууæ æмæ æртæ хатты нæ размæ
Нæ сыстдзæни фæздæгæмхæццæ уад...»
Сæ иуыл дæр сæ тасдзинад нæ базмæлд,
Лæууыдысты тæхынæввопг æнцад.
Сæ раздзог сын фæстаг ныфсытæ радта
Æмæ фæтъыста дымгæйы йæ сæр.
Фæцарæзтой сæ бырынчъытæ фаттау,
Сæ фæстæ стахти базырты пæр-пæр.
***
ÆРЫСКЪÆФ
Ракæны цын цъæх уалдзæг лæвæрттæ,
Саразы нын гагатæй фынгтæ.
Мæнæ та æрыскъæф дæр ысцæттæ,
Кæрдæджы æрзад цыма зынгтæ.
13
Басудздзæн сыл, басудздзæн, дæ къах.
Ма сыл ныллæуу. Ма сыл ныллæуу, ма кæ!
Нæ фæлæ сæ атайынæй хъахъхъæ,
Зæхх æмæ сæм Хуры сой фæтагъд.
#*#
УЫЦЫ КЪАННÆГ ХÆДЗАР
Зæххы егъау риуыл
Денджызы æртахау
Къаннæг хъæуы къаннæг хæдзар ис.
Дыргъдонæн уый рухсмæ
Ракасти цырагъау,
Царды хæрзтæй зоны уый æфсис.
Уыцы къаннæг хæдзар,
Уыцы къаннæг рудзынг
Сты мæнæн зæххыкъорийы аргъ.
Уырдыгæй æз федтон
Хуры тынты судзын,
Батавта мæ амонды цырагь.
Уырдыгæй æз федтон
Химæлвасгæ арвы
Рухс æмæ æнæкæрон уæрæх.
Уырдыгæй æз федтон,
Иудадзыг куыд тавы
Адæймаг йæ комытæфæй зæхх.
Уырдыгæй æз федтон,
Рог дымгæ куыд хъазы
Бæласы цъæх сыфтæртæй дзæбæх.
Уырдыгæй æз федтон,
Дидинæг куыд нуазы
19
Мады ’хсырау райсомы æртæх.
Уырдыгæй æз фсдтоп,
Арвы риуæй мигътæи
Хъарм зæхмæ куыд æркæлы сæ хид.
Уырдыгæй æз фсдтоп,
Зайæгойты хихтæ
Хурырдæм куыд ивазынц сæхи.
Уырдыгæй æз федтон,
Адæмтæ сæ цæпгтæй
Фидарæй куыд аразыиц рæхыс.
Уырдыгæй æз федтон
Фидæны фæндæгтæн
Тыгъд арвмæ сæ рыгæмхæццæ хуыз.
Уырдыгæй æз федтон
Зарæггæнаг дæтты,
Цъититы, æхсæрдзæнты фæздæг.
Уырдыгæй æз федтон
Адæймаджы фæдтæ...
Æмæ сæм уæд бахызтæн æз дæр.
###
СКУЛЫ1Т0Р
Ис æлыджы стыр гуппар йæ разы,
Й’арæхст къухтæй февнæлдта бæстон.
Йе ’нгуылдзты бын уымæл æлыг тасы,
Ивы бур мæр сабыргай йæ колд.
Мæнæ æлыг удæгасау разынд:
Сабиимæ буц ныййарæг мад
Мидбыл худынц, хуры тынтæм хъазынц...
Бацыди сæ дыууæйы дæр цард.
###
20
БÆЛАС
Дæ къалиутæ мæнмæ фæкæсынц къухтау:
Ис иудзинадæй се змæлды цыдæр.
Фæллой кæнынц лæджы къухтау æдзухдæр,
Æмæ сæ цъирыс зæххы сой ды дæр.
Фæкæсыс мæм сæрыстыр чызгау арæх:
Ис иудзинадæй уе ’нгасы цыдæр —
Ды дæ чызгау гуырвидауц æмæ арæзт,
Дæ мидбыл худыс уыйхуызæн ды дæр.
Фæкæсыс мæм ныййарæг мадау хатгай:
Ис иудзинадæй у ’ахасты цыдæр.
Дæ хъæбултæн дæ уарзондзинад радтай,
Дæ хъарм хъæбысы сæ хæссыс ды дæр.
Салдатау, бæлас, кадджын дæ мæ цæсты,
Ис иудзинадæй уе ’хсæн дæр цыдæр.
Фæмард вæййы салдат лæугæйæ хæсты,
Мæлыс лæугæйæ уыйхуызæн ды дæр.
***
АСТРÆНХЪОНТÆ
* * *
Кусынæн нын никуы ис бæрæг бон,
Алыбон иымайæм уый хæсæн.
Алы фæллойбон дæр нын — бæрæгбон,
Æмæ йæм зæрдæты цин хæссæм.
Стæм фæллойæн хицæуттæ нæхæдæг,
Не стыр фæндтæ, нысантæ сты иу.
Радта нын нæ бæрæгбон нæ фæтæг.
У йæ ном нæ бæрæгбонæн зиу.
21
* * *
Фæдæн... Фæдæн æз амондджын сыхагæй,
Сæрæндæр лæг нæ разындзæн йæхицæй.
Бæрæг дары уый йе ’гъдау æмæ уагæй,
Кæйдæртау дын нæ раппæлдзæн йæхицæй.
Куы йыл амбæлын уыпджы æз сæумæйæ,—
Æнæхъæн бон вæййы йæ рухс хуыз мемæ.
Цæмæй уа цин æнæхъæн бон дæумæ дæр,
Уæд-иу мæ уæздан, хорз сыхагыл фембæл.
* * *
У мæнæн мæ дæсныйад:
Адæмæн лæггад кæнын.
Буц хистæртæн кад кæнын,
Стыр цинтæй уæргътæ хæссын,
Дунемæ рæстæй кæсын.
Хъæлдзæг дзырдтæ агурын,
Адæмæн сæ радзурын...
Уарзын æз мæ дæсныйад.
* * *
Сæмбæлд зæххыл уалдзæгæн йæ арм,
Бахæцыди зымæгæн йæ дуарыл.
Уалдзæджы фæлмæн зæххæн йæ хъарм
Ахъардта зæхкусæгæн йæ буары.
Систа уазал зымæгæн йæ кæрц.
Дæттæ цырддæр райдыдтой ызгъорын.
Рахуыдта зæхкусæг лæджы æрдз,
/Ёмæ иумæ тох кæндзысты хорыл.
21
* * *
Сты нæ азтæ рæстæджы хъæбултæ.
Алы аз сыл иу хъæбул æфты.
Систы уыдон рæстæгæн йæ хуртæ,
Иумæ ’ййафынц рæстæгæй рæвдыд.
Рæстæгæн та иу ног хъæбул райгуырд.
Хорз хъæбул: йæ уындæй у бæрæг.
Уæд йæ фæндаг райдзаст æмæ райгонд,
Рæстæгимæ уарзонæй цæрæд!
* * *
Лæгæм йæ цард кæнынц рæсугъддæр
Æнæхин къух æмæ фæллой.
Куы вæййынц раттынæввонг къухтæ,
Тæдзы сæм адæмæй уæд сой.
Нæй ницы къухты фæдæй рухсдæр,
Сты къухтæ хор æмæ цырагъ.
Кæрæдзийы куы ’мбарой къухтæ,
Зæххыл уæд никуы уыдзæн загъд.
* * *
Мæ бартæн никуы ис фæцудæн.
Сæ разы дæн лæгау хæсджын,
Æмæ сæ фидæнмæ рæсугъдæй
Нæ сырх тырысайау хæссын.
Мæ цардæн нæй кæрон йæ хæрзтæн,
Рæдауæй сæ кæнын лæвар.
Мæнæн æрмæстдæр нæй мæ бæстæй
Лæвæрд æнцад бадынæн бар.
23
* * *
Ыстыпг та ирон кафт нæ тымбыл гуыпхъазты,
Фæндырдзагъдмæ ничи фæлæудзæн æнцад.
Уый кафы æвзонг чызг, сæуæхсид — йæ касты,
Иæ рог уæнгты змæлды — æфсарм æмæ кад.
Æвзыгъд лæппу сиргæ æрзилы йæ рæзты,
Æрсадзы йæ къахфындзтæ, фестади арт...
Ыстынг и ирон кафт, йæ аив нывæсты
Цæйбæрц и зæрдæйы æнкъарæнтæ, цард!
* * *
Дæ гыццыл цырд къухы цы арм и,—
Кæны нæ бæсты къæбиц дзаг.
Дæ гыццыл цæстыты цы хъарм и,—
Кæны æнæхъæн хъæуæн фаг.
Куы сисыс сау мæр ды дæ арммæ,
Уæд бацæуы æвзарты уд.
Кæныс ды де ’гъдау æмæ ’фсармæй
Æнæхъæн хъæуы дæр рæсугъд.
* * *
Кæд дæ фæнды дæ фæллад суадзын,—
Мæнмæ дæ уæнгты рис æрхæсс.
Мæ сонт зæрдæ дын фестдзæн уадындз,
Фæхудын дæ кæндзынæн æз.
Кæд дæ фæнды дæхи батавын,—
Мæ фарсмæ хицонау ыслæуу.
Мæ цæстыты æз хуртæ уафын,
Æмæ ысхъарм кæндзысты дæу.
24
* * *
— Мæ фырт, æнæхъæн бон кæм уыдтæ?
Мæ зæрдæ дæм дзырдта, æхсайдта.
— Æз хъæды, быдырты фæзылдтæн,
Йæхимæ та мæ æрдз фæсайдта.
Уым кодтон цъиуты æз фæндараст,
Фæзарыдыстæм. Уыд нын хъæлдзæг.
Куырдтой мæ: ахстæттæ нын сараз,
Фæстæмæ ам уыдзыстæм уалдзæг.
* * *
Хорз лæджы цæстытæ — арт,
Абухы æдзух уым цард.
Хорз лæджы цæстытæ — бон,
Райсæн сæ ис алкæд зонд.
Хорз лæджы цæстытæ — ард,
Хонынц адæймаджы дард.
Хорз лæджы цæстытæ — арв,
У æнæкæрон сæ арф.
* * *
Хорз лæджы зæрдæ — æргом,
Адæмты кæны æнгом.
Хорз лæджы зæрдæ — уæрæх,
Уым цæуы æнæхъæн зæхх.
Хорз лæджы зжрдæ — æфсарм,
Æмæ уымæн дæтты хъарм.
Хорз лæджы зæрдæ — сыгъдæг...
Уымæн дзы фæзæгъынц Лæг.
* * *
Газеты тæнæг фæрстæ фæлдахын,
Ахастон æз фыстытыл мæ цæст.
Махмæ кусынц, махмæ згъæртæ къахынц,
Ссыгъди та æндæр бæстæты хæст.
Уыдонмæ — нæмыджы артæй уазал,
Махмæ у нæ къухвæллойæ хъарм,
Амондимæ уæд цæмæн ис адзал?
Дидинæджы фарсмæ — калм?
* * *
Куы фенын зæххы искæм
Мæнæуы ’фсиртæ ссæстæй,—
Мæ зæрдæйæн йæ хъистæ
Фæцæйтонынц фырмæстæй.
Цы ма уыдзæн æвзæрдæр:
Ныккалдта бырон доны,
Йæ бафхæрынмæ зæрдæ
Йæ уидæгтæ фæтоны.
* * *
Æз зонын, ды æдзухдæр уарзыс
Рæубазыр дидинæгмæ смудын.
Иæ тæф ын уæлдæфимæ нуазыс,
Æрцæуы дæм йæ уындæй худын.
Уый адджын æмæ кадджын хайау
Бæркады ’хсæн нæ фынгты феныс.
Хуыздæр кæй дидинæг æрзайа,
Цæуыннæ кæнæм ууыл ерыс?
29
* * *
Боныл хъуамæ кæнæм зарæг,
Кадджытæ йыл мах фыссæм,
Бон — нæ хъарутæ æвзарæг,
Бон — йæ ныййарæг ныфсæн.
Фæлæ хъуамæ йе рагъ бонæн
Уа нæ бæркæдтæй уæззау.
Махæй чи ацыд æнцонæй,
Уыцы бон нæм ’рхæсдзæн фау.
* * *
Зæрдæ, дæу фæнды ыстæхын,
Арвыл зарæгау ныззæлын.
Дæу фæнды сæумæйыцъæхыл
Ирд хурæн ныхъхъæбыс кæнын.
Ды бæллыс æдзух бæрзæндтæм,
Фæлæ ды уæддæр мæхи дæ.
Уадз тæхæнт, тæхæнт дæ фæндтæ,
Дæу нæй атонæн мæхицæй,
* * *
Цинты уацары куы вæййын...
Уæд ысзынг вæййы мæ зæрдæ.
Зарæг саразын, æмæ йын
Дымгæ аскъæфы йæ зæлтæ.
Арвыл мигъты ’хсæн ныннæры,
Балæууы æвиппайд Мæйы.
Фæлæ зæрдæты куы ’рцæры
Зарæг, уæд зæххон ысвæййы.
* * *
Зæхх кæны, кæны рæсугъддæр
Адæймаджы мидбылхудтæй,
Цæстыты æрттивгæ кастæй,
Зæрдæты æнæхин уарзтæй,
Къухты иугæндзон ызмæлдæй,
27
Зарæджы æхсызгон зæлтæй...
Уыдоныл бæллæх куы ссæуид —
Зæхх æнæхъæнæй ныссæлид.
* * *
Дон мыл бакал — тæф ыскæлид,
Æз æндонау дæн æхсыст.
Хус фæздæджы тæф ыскæнин:
Судзгæ цехы ис мæ куыст.
Калын, калын æрзæт арты,
Ахæм у мæнæн мæ хæс.
Фæлæ абон дæр нæ хатын:
Арт тæвддæр у æви æз.
* * *
— Ц’айсис хорзæхæн фæндагмæ?
— Зард!
— Ды цы нæ раттис ызнагмæ?
— Арт!
— Зæххыл фидардæр цы зоныс?
— Ард!
— Ды хуыздæр-хуыздæр цы хоныс?
— Цард!
* * *
— Бæлас, бæлас, радзур-ма,
Иудадзыг цæмæ змæлыс?
Бæлас, бæлас, радзур-ма,
Худæгæй цæмæ мæлыс?
— Æз мæ цардæй разы дæн,
Хайджын — хурæй, уарынæй.
Зæххы сойæ срасыг дæн,—
Нал æфсæдын кафынæй.
* * *
Мæнæуы нæмыг сбур и,
Кæсын æм райгæ æз.
Цыма йæ хуылфы хур и,
Фæлмæн къæвдаты уæз.
Хæххон дымгæты зарын,
Нæ зæххы адджын фын.
Иæ хуылфы æз æнкъарын
Нæ зæрдæты тæлфын.
* * *
Скульптор скодта мады сурæт дурæй,
Сæвæрдта йæ хъæуы кæрон фæзы.
Дидинджытæ нал цæуынц йæ цурæй,
Къæдзæхæн у цины хос йæ фæзынд.
Арвы дуар йæ фырцыбæлæй фегом,
Байтыгъта йæ хæрдгæ тынтæ нæууыл.
Æрдз æгасæй фæзмæ скодта йе ’ргом,
Мады цур йæ уæрджытыл æрлæууыд.
* * *
Йæ хъæбулы ныфсæй цæры ныййарæг,
Нæй мадæн ницы сабийæ зынаргъдæр,
Мад авдæны цур а-ло-лай куы зара,
Уæд сабийæн йæ уæнгтæ рæзынц тагъддæр.
Мад авдæиы йæ хъæбулы куы уза —
Фæлмæндæр вæййынц Мæйæн уæд йæ тынтæ.
Сывæллон мады а-ло-лай ку хъуса,
Уæд адджындæр, хуыздæр вæййынц йæ фымтæ.
29
* * *
Сылгоймаджы мах уапдзг^гимæ барæм,
Йæ цæстæнгас нæ тавы тынгдæр хурæй.
Сьшгоймагыл нæ хуыздæр зарæг зарæм,
Нæ зæрдæты йын сныв кодтам йæ сурæт.
Сылгоймагæй хæссæм бæрзонд нæ сæртæ,
Æмæ йын мах хуыздæр дидинæг тонæм.
Нæ бон рухсгæнгæ уымæн у йæ зæрдæ,
Гъеуымæн æй нæ цæугæ стъалы хонæм.
* * *
Фын дæр у махæн не ’мбæлццон æмбал,
Рæсугъд фынтæй нæ уæнгты фæллад сурæм.
Куы равæййæм сæумæрайсом мах хъал,
Нæ фынтæ уæд кæрæдзийæн фæдзурæм,
Фæлæ рæсугъд нæ вæййынц фынтæ хатт,
Ыстухы нæ уый йе ’нæуаг фыд тынтæй.
0 дунейы фарн, ахæм амонд ратт,
Хызт куыд уæм алкæд не ’ппæт дæр фыдфынтæй.
* * *
Ныййарæг мад, нæ зæххæн дæ йæ амонд,
Ды йын дæттыс лæппутæ ’мæ чызджытæ.
Дæуæй у дуне бузныг æмæ райгонд.
Дæ цот — нæ зæххы хъармгæнæг зынджытæ,
Нæ дуджы къухтæ, арфæйаг цæстытæ,
Нæ рæсугъд зæххы зæрдæ æмæ фидыц.
Дæ цоты цæсты хурæй дæ ыстырдæр,
Дæ хæрзтæ дын сæ хорз хъуыддæгтæй фидынц.
* * *
Цинтæй байдзаг сабийæн йæ зæрдае,
Ахæм гуырдæй райгонд у ныййарæг.
Йе ’нгуылдзты бын амондхæссæг зæлтæй
Стæлфыди йæ царды фыццаг зарæг.
30
Урс бæлонау атахти уый рухсмæ,
Аныгъуылди боны хъарм хъæбысы.
Царды ’мбæлццон ныр уыдзæн æнусмæ,
Царды арт та ’нусон у, нæ хуыссы.
* * *
Рæсугъд фæндагыл у цæуын æнцон,
Рæсугъд фæндагыл адæймаг нæ кæлы.
Æрмæст ды царды алкæд у бæлццон,
Лæджы къахвæдтæй фæндæгтæ нæ хæлынц,
Рæсугъд фæндагæн йе стырдæр цин — уаргъ.
Дæу уарздзысты — куы уай æдзух æнæсайд.
Дæ лæгдзинадæн скæпдзæн фæндаг аргъ —
Нæ фидæнмæ йыл стыр хуынтæ куы хæссай.
* * *
Адæймаг сæ сарæзта йæхицæн
Уадындз æмæ хъисфæндыр йæ фæндйаг.
Нал фесты сæ кæрæдзийæ хицæн,
Баиу ис цæрæнбонмæ сæ фæндаг.
Рацыдысты азты сæрты рухсмæ,
Адæймаг сæ бавæрдта йæ зæрдæ,
Æмæ уымæн, уымæн сты æнусмæ
Цинтæхæссæг, фарндæттæг сæ зæлтæ.
***
ЦАРДАУ УАРЗТ ДÆР У ÆНУСОН
* * *
Кæд дæ фæнды, цæмæй кæнон рæсугъд,
Уæд мæм æдзух дæ мидбыл худ.
Дæ мидбылхудт мæнæн кæны æххуыс:
Ысвæййы уалдзæгау мæ хуыз,
Кæд дæ фæнды, цæмæй уон хъæлдзæг æз,
Уæд мæм æдзух æргомæй кæс.
Дæ цæстæнгас сæуæхсид у мæнæл,
Æмæ кæны уæнгрогдæр мæн.
Кæд дæ фæнды, цæмæй мæм худа хур,
Уæд мæм æдзух «мæ хур»-æй дзур.
Дзæбæх ныхас у зарæгау лæгæн,
Æмæ йын æй рæдауæй кæн.
Кæд дæ фæнды — рæствæндаг уон æцгух,
Уæд мæм æри, æри дæ къух.
Нæ къухты хъарм нæ риуты ссудздзæн арт
Æмæ нæ ахондзæни дард.
* * *
Батавдзынæн дæу, чызгай, мæ уарзтæй,
Сисдзынæн дæ арвы онг мæ къухтæй.
Уадз æмæ дæ рухс цæстыты кастæй
Дуне уа рæсугъддæр æмæ рухсдæр.
Ратдзынæн дын æз, чызгай, мæ зæрдæ,
Уадз æмæ дыууæйæ иумæ кусой.
Скæндзынæн мæ зарджытæн сæ зæлтæй
Дæу нæ хуры ирд тынтау æнусон.
Байтаудзынæн æз, чызгай, дæ размæ
Дидинджытæй гауызтæ нæ фæзты.
Уадз æмæ сыл рог дымгæтæ хъазгæ
Ахæссой дæ фæдты хъарм нæ бæстыл.
Сауындздзынæн æз, чызгай, дæ хъуырьм
Стъалытæй цæхæркалгæ фæрдгуытæ.
Мæн нæ фидæн хицæнтæй нæ уырны,
Сиу уыдзæн нæ цардвæндаг бæгуыдæр.
32
* * *
Райстон зæххы хъарм дæ къухтæй
Æмæ йæ цырагъау дарын.
Мæн тæхын фæнды æдзухдæр,
Базыдтон дæ фæрцы зарын.
Хурау мæм мæ амонд разынд,
Стахтæн арвы цъæх уæрæхмæ.
Ма мын акъуыр, ма, мæ базыр,
Æмæ ма ныххауон æрхмæ.
* * *
Уарзондзинад диссаг у:
Сусæг митæ не ’мбары.
Зæрдæ дзы кæд риссаг у,
Риссын уæддæр не ’нкъары.
Уарзæтты йæ рæвдыдæй
Цины фурдмæ ахæссы.
Худгæ хурау цæстытæй
Рухс дунемæ ракæсы.
Уарзæттæн сæ уадултæ
Хурзæринæй сахоры.
Царды хæрзтæ агургæ
Йемæ лæджы ахоны.
Амонды рæсугъд дæттæ
Адæймагæн сауазы.
Уарзæттæн сæ зæрдæтæй
Иунæг зæрдæ саразы.
Хурэжрин
33
* * *
Хорз у, хорз, æмбæхсынтæй
Хъæуы кæрон хъазын.
Уый фæрцы, цы йæ ’мбæхсон,
Райдыдтон æз уарзын.
Суадонæй æхсад дуртыл
Уадыстæм мах худгæ.
Уæд чызгайы уадултыл
Фсдтон хуртæ судзгæ.
Уайтагъд-иу мæ уарзоны
Райардтон цъындæй дæр,
Уыйфæстæ-иу райсоммæ
Нал кодтон фынæй дæр.
Хорз у, хорз, æмбæхсынтæй
Хъæуы кæрон хъазын.
Уый фæрцы, цы йæ ’мбæхсон,
Райдыдтон æз уарзын...
* * *
Чызгайæн йæ рухсæйдзаг рудзынг,
Нæ хъæуы рæсугъд фæлыст уынгтæ...
Фыццагдæр мæн райдыдтой судзын
Уым уарзондзинадæн йæ зынгтæ.
Нæ пыхас ма дард уыд æмвæндмæ,
Уыдыстæм ма мах уæд гыццылтæ.
Фæлæ-иу æмбæлдæй æмбæлдмæ
Нæ зæрдæтæ кодтой ыстырдæр.
Мах хастой кæрæдзийы цурмæ
Сæ базыртыл амондджын азтæ.
Дæу истон мæ уæлныхты хурмæ,
Ды та-иу мæ цæстытæм кастæ.
34
Тæрккъæвдаты фæстæ-иу сæрды
Куы уыди нæ мæсчъы дон ивылд.
Куы-иу хъуыд мах хизын йæ сæрты,
Мæ къух-иу дын уыцы ран хид уыд.
* * *
Уыд кæддæр мæ цин æрмæстдæр риуы дзаг,
Ныр йæхи æнæхъæн зæххыл айвæзта,
Знон дæр ма уыдис мæ зарæг иуы фаг,
Ныр йæхицæн стыр фæндæгтæ айгæрста.
Нуæрст цæхæртæ дардтон æз мæ цæстыты,
Пиллон артæй ныр æддæмæ ратыдтой.
Æз дæуæн, дæуæн, чызгай, дæ кæстытæй
Хуры тынтау адджын рæвдыд базыдтон.
* * *
Æгас дунейы чызджытæн
Ды дæ, мæ хур, сæ уындджындæр.
Дæхи куы райсыс уынджырдæм,
Фæхъусыс уæд: «Фæрымчын дæн».
Дзырдæппарæн дæм байдайынц,
Сæ цæстытæй дæ агайынц...
Кæсæнт дæм, дзурæнт иууылдæр,
Уæддæр мæн дæ... мæ риуы дæ.
* * *
Бады æрыгон чызг доны был дурыл,
Уылæнтæ хуримæ хъазынц.
Сыфтæ тонгæйæ чызг хинымæр дзуры:
«Уарзы мæ, уарзы... нæ уарзы?»
Дидинæджы сыфтæ иугай æртыдта
Æмæ мæстыхуызæй фестад:
— Нæ, нæ! Нæ мæ уарзы,— зæгъгæ, ысдзырдта,
Фæстаг сыф уылæнтæм фехста.
Уæртæ сæхимæ тæргайæ фæуайы,
35
Дуды йæ цæсгом фырмæстæй.
— Мама тыхс! Дидинæг арæх фæсайы,—
Иу лæппу сдзырдта йæ фæстæ,
— Малусæг цымæ кæд æвзæрста амонд?
Уарзтæн кæд æмæ цы зыдта?
Чызгай, дæ фыццаг фембæлдæй мын фарон
Ме ’рыгон зæрдæ æртыдтай.
* * *
Доны был рæсугъд чызгимæ бадын.
Дзурæм мах нæ сомбоны фæндтыл.
Æрдзы мæт мæ хъысмæтыл æз хатын.
Æрдзы дæр мæ цардамонд фæнды.
Æмæ дымгæ фенцади йæ тахтæй,
Кæрдæгыл гæлæбуйау æрбадт.
Уылæнтæ сæ базыртæ æруагътой,
Мæргътæн цинтæ нал дæттынц бынат.
Тулдз бæлас чызгайырдæм æртасыд,
Сæвæрдта йæ былалгъыл йæ хъус.
Суадон дæр фæурæдта йæ хъазын
Æмæ дурты гуыбынтыл ныхъхъус.
«Уарзын дæ» мæнæн чызгай куы загъта,—
Донæй скалд нæ уадултæм цæхæр.
Рог дымгæ нæ бадгæйæ фæуагъта,
Бæлас систа арвы онг йæ сæр.
Суадон атахт заргæйæ нæ разæй,
Цъиутæ кодтой арфæтæ мæнæн...
Æрдзы цинтæй, уарзоны ныхасæй
Уарзты фурды уадзыгау фæдæн.
* * *
Уарзондзинад дидинæг æфтауы,
Исы хуры хъарм тынтæй йæ хай.
Уый куы зонæм зарджытæй рæвдауын,
Никуы ныл фæуыдзæн уæд тæргай.
36
Уарзт йæхимæ зул æнгас дæр исы,
Зоны хатгай фæндагыл кæлын.
Ма йæ ’фхæрæм, ма йæ кæнæм риссын!
Уый фæнды зæрдæрухсæй цæрын.
Уарзт нæу дугъон, уый нæ хъæуы хъузом,
Нæу уый арвæй зæхмæ ’рцæугæ зæд.
Царды хуызæн уарзт дæр у æнусон,
Боноаг æй цæмæн ыскæнæм уæд?
Уарзондзинад никуы уыдис хъазæн,
Зæххæй йын хæзнайау сисæн нæй.
Царды иу хатт, иунæг хатт ис уарзæн,
Æмæ-иу æй равзарæм уырзæй.
* * *
Æз иууылдæр æхсыст, цæхæр дæн,
Тæхын мæ фыны дæр дæ цурмæ.
Дæуæн, дæуæн дæттын мæ зæрдæ,
Уæд ма цæмæн фæкæсыс хурмæ?
Æз дзыллæтæн мæ цинтæ уарын,
Мæ хæс фæхæсдзынæн кæронмæ.
Дæуæн мæ хуыздæр зарæг зарын,
Уæд ма цæмæн фæхъусыс донмæ?
Цæмæй уа дуне рухс æдзухдæр,
Кæсын сыгъдæг цæстытæй цардмæ.
Дæ къухтæм радтон æз мæ къухтæ,
Уæд ма цæмæн фæцæуыс артмæ?
* * *
Ацы уынг рæсугъд æмæ уæрæх у,
Фæндагыл дзы хуры тынтæ тулынц.
Уый нæ кæны адæмыл зæрдæхудт:
Уарзт æмæ дзы царды фæндтыл дзурынц.
37
Уарзтау ам ныхъхъæбыс кæнæм бонæн,
Уарзтæн ам «хæрзæхсæв у» фæзæгъæм.
Уарзæтты уынг, уарзты уынг æй хонæм,
Маргъау йемæ фсмбæлдмæ фæтæхæм.
Уарзты уынджы уарзт кæны ыстырдæр,
Фари æмæ дзы амонд иумæ худынц.
Ам æмбæлынц уарзæгой цæстытæ,
Уарзæттæ дзы уарзты арты судзынц.
Уарзты уынджы уалдзæгæй зымæгмæ
Дидинджытыл уарзты цæхæр уары.
Уарзт кæмæ, кæмæ цæуы æрæгмæ,
Уый йæ ам æхсызгонæй ыссары.
Уарзты уынджы стъалытæ нæ хъæуынц.
Цырæгътæ дзы бонмæ дæр нæ хуыссынц.
Зæрæдтæ йæм алы уынгтæй ’рцæуынц
Æмæ дзы сæ фыццаг уарзт фæмысынц.
Уарзты уынг йæ хъысмæтæй у райгонд,
Лйтыгъта йæ базыртæ йæ фæндйаг.
Кæд, миййаг, нæма ссардтай дæ амонд,
Уарзты уынгмæ ракæн уæд дæ фæндаг.
* * *
Сæумæйы мигъ, дам, уазæг у,
Æхсæвы мигъ фысым хонынц.
Мæ зæрдæ куы сси уарзæгой,
Уæдæй æнцойбон нал зонын.
Хæххон дæттæн Æрыдон у
Сæ уайагдæр, сæ цæрдæгдæр.
Мæнæн хæссын æхсызгон у
Мæ зæрдæйы дæ зæрдæ дæр.
38
Цы ис сыгъдæгдæр суадонæй?
Уый сæрды дæр нæ хус кæны.
Цы ис рæсугъддæр уарзонæй?
Æдзух дзы зæрдæ рухс кæны.
Зынцъары цур — фæхæрдгæнæн,
Хъæубæстæн уым — сæ хосгæрдæн.
Рæсугъд чызгай, мæ зæрдæйæн
Дæ цæстæнгас — йæ хосгæнæг.
Дæхицæн хорзæх ма агур,
Йæхæдæг дæр дæ ссардзæни.
Æндæр искæйы ма ракур,
Мæн хуызæн дæ нæ уарздзæни.
* * *
Куы скъуырой кæрæдзийы мигътæ,
Дæ сæрмæ куы калой цæхæр,—
Ныккæндзынæн арвы нæрд дихтæ,
Ыслæудзынæн уе ’хсæн цæхгæр.
Тызмæг уад куы тæха дæ ныхмæ,
Фыдмийæ куы ива йæ хъазт,—
Æрбамбырд кæндзынæн мæ тыхтæ,
Ыслæудзынæн уе ’хсæн æваст.
Миййаг дын дæ амондджын азтæм
Куы лæбура искуы фыдæх,—
Цæстыфæныкъуылдмæ уæ астæу
Æз фестдзынæн айнæг къæдзæх.
Куы тула зæрин хур нæ размæ,
Йæ тынтæй нæ зæхх куы уа дзаг,—
Дæу слæууын кæндзынæн мæ разæй,
Дæу батава хъуамæ фыццаг.
39
Куы тæха нæ комкоммæ зарæг,
Рæсугъд зæлтæй куы уа фæлыст,—
Дæ фарсмæ ыслæудзынæн барæй,
Ныккæна нын иумæ хъæбыс.
Нæу тас дæуæн ницæмæй мемæ,
Æмзæрдæйæ хъуамæ цæуæм,
Нæ амонд, нæ хурыскаст фенæм,
Нæ фидæны иумæ хъæуæм.
***
АХÆМТÆ ДÆР МА НÆМ ИС
Годах-магуса
Годахæн ма йæ бон у гъæйттæй
Фæллоймæ йе ’ргъæмттæ хæссын.
Йæ карæнтæ куысты бæрзæндтæй
Нырма сæрыстырæй кæсынц.
Фæлæ нæй уый зæгъæн Годахæй,
Уый куыстæй бамбæхсы йæхи.
Иæ къухмæ никуал райста къахæн,
Нае зæхмæ нал æртагъд йæ хид.
Нырма йæ хосты сæр нæ хъæуы,
Нæу къухæй, къахæй дæр сахъат.
Кæдæм бахъæуа бон фæцæуын,
Фæцæуид уырдæм уый сахат.
Фæлæ йæ буары иу низ бацыд.
Уæззау низ. Магуса — йæ ном.
Ызмæлын æй æппын нæ уадзы,
Йæ цæгтæй йæ ысбаста ’нгом.
Ыскодта дзы æххуырст, цагъайраг
Æмæ йыл дзæмбытæй хæцы.
Цыма йæ хуылфы ис цъæх хæйрæг,
10
Гъеуыйау дзы Годах мæцы.
Уæд дын æм иубон Тъох — йæ сыхаг
Ныллæууыд комкоммæ цæхгæр.
Цы уайдзæфтæм арæхст йæ дзыхæй,—
Годахæн бавзæрста йæ сæр:
«Дзæгъæл бадт мауал кæн ды, мауал,
Дæхи-ма бауигъ йе æриæгъд,
Æмæ дæ судзаг «низ» æрхауа,
Ысуай дæ уæззау низæй уæгъд.
Нæ хъæуы ахæм низæн дохтыр,
Дæхæдæг æм фæлæуу быцæу.
Къух сис дæ оххытыл, дæ богътыл
Æмæ нæ фарсмæ куысты слæуу!»
Годах-цæлуарзаг
Годах у хамасхор, тыхтона...
Куы фехъуса кæнæ куы зона,—
Уыдзæни искæмæ чындзæхсæв,—
Фæвæййы уыцы ’хсæв фыдæхсæв —
Фæуакынц нозт, бæркад йæ цæстыл.
Дыууæрдæм рафт-бафтæй йæ фæрстыл
Ысбады саухъулон тæппæлттæ,
Нæ йæ хъæуы сыхаг, æмбæлттæ,
Фæраст вæййы æваст йæхæдæг,
Йæ хуыздæр æмбал у йæ лæдзæг.
Æрбады хистæртимæ. Фынгыл
Куы вæййынц сидтытæ сæ тынгыл,—
Гъеуæд дзы иу дæр цух нæ уадзы,
Фæд-фæдыл сæ йæ хъуыры уадзы.
Хæрынмæ та! Нæй никуы ахæм,
Кæсынтыл æм фæвæййынц адæм.
Бынтон æнæгъдау та у хисты.
Æппæт хæрд, нозт цыма йæхи сты,
Уыйау сæ самайы йæ цуры.
Куы фæвæййынц, уæд та æркуры.
41
Æрæджы та цы ’рцыд Годахыл:
Фæснозтæй нал лæууыд нæ къахыл,
Æнæуаг ныхæстæ æвзæрста
Æмæ сæ адæммæ æппæрста.
Фæлæ кæм ис ныббарæн мастæн.
Годахмæ хистæртæ фæдзырдтой,
Фæуайдзæф ын кодтой сæ астæу,
Гъестæй йæ уырдыгæй фæсырдтой.
Годах-дывзагон
Годах æрдзæй фæцис дывзагон,—
Æмæ сты иу зæрдæ æдзух.
Кæд ацы хъылма низ у рагон,
Уæддæр нæу иуæй-иутæй цух.
Годахæн бацыдтæ йæ цурмæ —
Йæ дыууæ ’взаджы скусынц уæд.
Кæйдæр царм рафæлдахдзæн хурмæ,
Дæуæй тæ сараздзæни зæд.
Æппæлдзæн дæ — æвзаг куыд кæрды,
Хæрзиуæг дæр ма дын дæтдзæн.
Нæ дæ ныууадздзæн никуы хæрды,
Йæ ныхæй дын фæндаг кæрддзæн.
Фæлæ дзы иу минут фæцух дæ —
Æваст дæ ацараздзæн знаг.
Зæгъдзæн: къуыринаг сты йæ къухтæ,
Йæ зæрдæ сау маргæй у дзаг.
Фæстæмæ фездæхтæ, фæзындтæ,—
Йæ дыккаг æвзаг скусы ног:
«Дæ рынтæ ахæрон, дæ рынтæ...
Дæ койæ та мæ зæрдæ срог.
Нæ Иры дзыхъхъы нæй дæу хуызæн,
Нывыл — дæ зонд, дæ уынд — сæрæн.
Нæ хуыздæр лæгтимæ дæ хуызæн
Ис Кады фæйнæгыл кæнæн...»
Æмæ йæ алыварс лæуджытæм
42
\
^ Годах æрныкъулы йæ цæст.
«Годах, æнхъæлдтам дæу сæрджындæр,
Ды та дыууæ ’взагыл дæ хæст».
Æмæ йæм бакастысты зулæй,
Йæ цурæй алчидæр фæцыд.
Годах та цавддурау сæркъулæй
Йæ дыууæ ’взагимæ лæууыд.
Æмæ дзы быптон сæдылы
Годах, зоиут, цы баптыдта?
Йæ нозт арахъхъæй райдыдта.
Фæцыд рыстсæрæй иу къуыри,
Гъсстæй сæнтимæ сиухъуыр и.
«Кагор»-æй фаг куы бафсæсти,
Гъеуæд «Дербент»-мæ рахызти.
«Херсс»-имæ куы балымæн,
Ысси уæд йе ’мбал лалымæн.
«Каберне»-йы авг куы ануазы,
Гъеуæд йæхи дæр бауарзы.
Æхца йын исчи ку’ авæры,
«Кавказ»-ы авг дзы алхæны.
Фæстагмæ нозта «Садыллы»
Æмæ дзы бынтон сæдылы.
Куы кодта тох йæ низимæ,
Уæддæр ма касти «Твиши»-мæ.
***
«УАРЗОИ» СЫХÆГТÆ
(Фельетон)
Сосо æмæ Босо — сыхæгтæ,
Лымæнæй тынг рагæй цæрынц.
Сосо — бæрзонд. Босо — ныллæгдæр...
Дзæбæх бинонтау иу фынгæй хæрынц.
43
Æфсымæртау раст иу сыкъайæ нуазынц,
Кæрæдзийы æппындæр цух нæ уадзынц.
Куы схуыфы райсомæй Сосо —
Йæ цуры алæууы Босо.
Куы стыхсы истæмæй Босо —
Бынат уæд нал ф’ары Сосо.
Сосо, дам, у Босойæ хистæр
Æрмæстдæр иу мæл.
Чызгæрвыстмæ, хъæугуывдмæ, хистмæ
Фæцæуынц иумæ.
Æмæ та мæнæ куывды бадынц разæй,
Хæрынц... Рæгъытæ уадзынц...
Сосо куы фæкæсы йæхимæ «карзæй»,
Уæд фесты уадындз.
Сосо ныззарыд. Айсы йæ Босо,
Босойæ та — Сосо.
Сæ зарджытæ дыууæ сыхаджы ивынц,
Сæ къухты здыхт сыкъатæ ’рттивынц.
Фæлæ фыднозт уæнгты дæр хъары,
Йæ кæнæгæн дæр нæ бары.
Æмæ куы бацыд куывд йæ тынджы,
Уæд дын Босойы сæр æрхауди фынгыл.
Сосойыл дæр фыдуаг арахъхъ фæтых и.
Æрмæст ма бафтыд иу ныхас йæ дзыхы:
«Нæ кæ-æ-стæ-æрты ныма-айæм, уа-арзæ-æм,
Æмæ сын а-рви-итæм нæ нуа-азæн,
Куыд кæ-æной буц хи-истæ-æртæм хъусгæ-æ,
Гъеуый тыххæй сын ха-айæ-æн — хъус дæ-æр».
Ыссардта хъус. Æмæ Босойы сæрмæ
Фæринк кард ферттывта. Фæлæ дын лæууæг
Сосойы къухæй стыдта кард. Фæцæрдæг.
Гыццыл ма бахъæуа — Сосо кæстæр Михайæн
Босойы хъус ныллæвæрдтаид хайæп.
44
ГÆМÆГ НАЛ ХУИНЫ ГÆБÆТ
Магуса. Куыстмæ нæ цæуы?
Бахæрын фылдæр — йæ мæт.
[ Уый тыххæй йæ ныр сæ хъæуы
Хонынц иууылдæр Гæбæт.
Нал комы йæ астæу тасын,
Хытъынæй нæ уымы зæхх.
Искæдæм æй бахъуыд ласын,—
Уый нæ афæразид бæх,
Мах ысфæнд кодтам Гæбæтæй
Саразын фæстагмæ лæг.
Сцух уа йе ’нæуаг гæбæтæй,
Уæд фæлтау æлвæст, мæллæг,
Иубон бацыдыстæм уымæ,
Уат йæ сонт хуыр-хуырæй рызт.
Акодтам æй немæ хуыммæ,
Радтам ын, куыд хъæуы, куыст.
Иннæ бон дæр та æмгуыппæй
Куыстыл бафтыдтам уый ног.
Цыма ахауд пут йæ дзыппæй,
Уыйау уад сæхимæ рог.
Мах фæрцы йæм стыр тых разынд:
Тагъд ныууагъта уый дымын.
Райдыдта йæ астæу тасын,
Зæхх йæ гуыбынæй уынын.
Немæ йе уæнгтæ ныр ’вазы,
Нал у хъарм хуыссæнмæ баст.
Нал уыны кæддæрау базыл
Хуры адджын тынты хъазт.
Ничиуал дзы хъусы: «Риссы»,
Сахъгуырд лæппуйау цæуы,
Дугъы нæ æфтауы дисы:
Раст нæ зæвæттыл лæууы.
Куысты ад фæстæмæ зоны,
Нал у низæй дæр хъыгдард.
45
Мах йæ хорз дохтыртæ хбны,-^
Радтам ын фæстæмæ цард.
Хъæуы абон уый æргомæй
Ничиуал хоны Гæбæт.
Дзурынц æм ныр йе ’цæг номæй —
Уый хуынди кæддæр Гæмæт.
###
ЛÆДЖЫ ФÆД
Репортаж
Зæхх, хистæр дæ Лæгæй, зæропддæр,
Нæу иухуызон уæ ас, уæ конд.
Уæддæр дæ Лæг йæ тых, йæ зондæй
Кæны рæсугъд æмæ æвзонг.
Хъæутæ дыл арæхсгæ æвæры,
Кæны дæ горæттæй фæлгонц...
Уый дзуры барджынæй дæ сæрыл,
Дæуыл — йæ сагъæстæ, йæ монц.
Лæгæй дын нал ис, нал, фæхицæн,
Уæ хъысмæт иу у, иу. Бæрæг.
Зæххыкъори, у хъал дæхицæй,
Дæ амондæн дыл равзæрд Лæг!
* * *
Фæндæгтæй йемыдзаг у зæхх,
Ис алы лæгæн дæр йæхи фæд.
Фæлæ нæ кæны уый йæхи мæт,
Сты иумæйаг нæ кæрдзын, цæхх.
Цæуынц гъсуыцы адæм иумæ,
Кæрæдзийыл хæцынц æнгом.
Гъеуыдонæй, зæгъæм, у иу лæг
Ирон, Хъазыбег та — йæ ном.
46
\ * * *
Къазыбегæн уыд фидар къухтæ:
Æнæхин, раст æмæ цæхæр.
Вæххимæ архайдтой æдзухдæр,
Сæ хъармæй-иу æрæгас мæр.
Цы хор æвæрдтой зæххæй фынгыл,
Уыдис уый миты къæрттау урс.
Кæд-иу сæ куыстæй мæр ысзынг и,
Уæддæр сæ никуы ’ндæвта рухс.
Сæ фæллой-иу сын хъалтæ хордтой,
Хæсгæ хуыйау дзы кодтой нард.
Йæхи уд та йæ бирæ хортæй
Тыххæйты улæфыди, цард.
Иæ хид кæуыл калд, уыцы хортæй
Иæ гуыбын никæд уыд æфсæст.
Фæлæ-иу æй йæ къухтæ хордтой,
Кæй уадул дзы ныккæна дзæхст,
Кæмæн дзы бахæца йæ хурхыл,
Фæлæ уыдысты уæнгтæ баст.
Æрмæст цæджджинагау йæ къухыл
Фыхти æнæрохгæнгæ маст.
Æмæ куыста. Фæлæ нæ куыдта,
Фæрæзта рыст æмæ зынæн.
Иæ къухты тугæйдзаг ыскъуыдты
Уыд фидæны хъысмæт уынæн.
Куыста... куыста, фæлæ æмбæрста,
Кæй раирд уыдзæн райсом бон.
Кæй нал уындзæн йæ зæхх æргъæвстæй,
Кæй раивдзæни цард бынтон.
* * *
Мæгуыр дзыллæты фарн фæразæй,
Йæ цæгтæ арæмыгъта маст.
Æлдæртты — фæлхæрттæ йæ разæй
Октябрь ахаста æваст,
47
Уый тох уыдис, уый тох æцæгдæр,—
Фыдлæг кæм ныууыдзæнис пырх.
Хъуыдис гъеуыцы ран хæцæг лæг.
Хъуыдис уым кусæг лæджы тых.
Хъуыдис уыцы тохы зæрдæджын,
Тыхджын уæнгтæ агуырдта уаД.
Нæ дзы уыдис кæнæн æрæджы,
Уым алы уысм дæр уыд нымад.
Æмæ уæд чи ’ууæндыд фæтæгыл,
Уый йемæ уыцы тохы цыд.
Ныууадзæн ын нæ уыд æрдæгыл,
Æрмæстдæр æй уæлахиз хъуыд.
Фыдæлты рыст зæххæн хуыздæрмæ
Октябрь ивта уæд йæ хуыз.
Хъазыбег дæр йæ конд цæхæрмæ
Лæгæрста, кодта йын æххуыс.
Кæдæм бырстой æмгуыппæй адæм,
Гъеуырдæм хотыхтимæ цыд.
Фæтæджы зондæй арæзт уадæн
Йæ рохтыл барæгау хæцыд.
* * *
Октябрь рахуыдта уæйгуытæ,
Йæ уæхскыл рахаста зæй-уад.
Зæхх байдзаг топпыты нæмгуытæй,—
Цæмæй уа хоры нæмыг зад.
Æнкъуысынц хæхтæ, ризынц фæзтæ,
Лæсы зынгæмхæццæ фæздæг.
Цæуы йæ амондмæ æд гæрзтæ
Йæ фæллад, фидар зæххыл Лæг.
Цæуы æмæ уыны йæ сæрмæ
Фæтæджы фарнамонæг къух.
Октябры нæмгуыты хъæрмæ
Æвиппайд талынг арв ныррухс.
Ысзынд сæуæхсидхуыз тырыса,
48
Тынтау дзы ранхъæвзыд цæхæр.
Сæрибар цард уыдзæн — йæ нысан,
Кæндзæн рæудымгæмæ пæр-пæр.
Ныр гутон цасфæнды дæр ауадз,
Ныккæлæд цасфæнды дæр хид.
Фæллойгæнæг лæгæн йæ ауæдз
Уыдзæн æнустæм дæр йæхи.
Фæллойгæнæг лæгæн йæ гутон
Кæндзæн ныр адæмæн йæ куыст.
Лæгæн йæ уæнгтæ дæр куы дудой,
Уæддæр йæхи уыдзæн сæ рыст.
...Хъазыбег мæр æууæрды къухæй,
Кæны йæхинымæр ныхас:
«Æвæдза, цас фæмарди хурхæй,
Йæ нуæрттæй цас туг фæкалд, цас.
Ныр сулæфыд йæ фæидйаг абон,
Йæ уæнгты уæззау рис ыссыд.
Куыд хæстæг уыдис, куыд, йæ амонд,
Æмæ йæм цал æнусы цыд».
* * *
Арвæй зæхмæ цинтæ уары,
Ой, уæрæйдæ, гъей.
Зæхх нæхи у ныр æнустæм,
Ой, æнустæм, гъей.
Хъуамæ йыл фæрнæй фæкусæм,
Ой, фæкусæм, гъей...
Хъазыбег хуымы астæу зары,
Йæ сæрмæ мигъы цъупп дæр нæл...
Сæрибар зæххыл гутон дары,
Зæхх байдзаг хуры хъарм тынтæй.
Цымæ цы ис хъæздыгдæр мæрæй?
Уæлдайдæр уый лæджы бар к’уа.
Бæркад дзы исдзæни дывæрæй,
Нæ йæ ныууадздзæн никуы хъуаг.
Йæ риуыл апырх ысты хъæдтæ,
Йæ тугдадзииты згъоры дон.
Цæрынæн — алыран хæдзæрттæ,
У дуне уромыц йæ бон.
Зæрдæйау алкæддæр æхсиды,
Фыцы æдзух йæ хуылфы арт,
Цыма дзыллæты хæрзтæ фиды,
Дæтты уый æрдзæн уыйау цард.
Лæгæн йæ тухитæ æмбары,
Лæджы лæгдзинад дзы уыриы...
Æрцыди зæхмæ дæр ныр зарын
Æмæ Хъазыбегæн хъырны.
* * *
Дзаг фæззæг... Æндæр фæззæг у ныр.
Ивгъуыд бонтæ уый нæ мысы,
Хурау у рæдау æмæ ыстыр.
Алкæм ын дывæрæй куыст æнтысы.
Фæззæг ныр мыдыкъускау ыссис.
Уæрдæттæ йыл алырдæм ызгъорынц,
Быдыр фесгад иууылдæр куырис,
Фæззæг зары кусæг æмæ хорыл.
Хорæн ныр зæхкусæг у æфсин,
Æмæ райы, цин кæны йæ зæрдæ.
Гуыффæмæ куы ныххауы æфсир,—
Зарæгау уæд райхъуысынц йæ зæлтæ.
Хор ысцæттæ... Алыран ысхус.
Цин кæнынц, сæ куывдты бадынц адæм.
Авæр-ма ды нæмгуытыл дæ хъус —
Раст цыма фæкæнынц уыдон кадæг.
Хор ысбур и... Хоры ’фсир ныппух,
Зæххы сой йæ нæмгуыты ысмал ис.
Радта уый зæхкусæгмæ йæ къух,
Æмæ сын фæхицæнгæнæн нал ис.
* * *
Колхозон цард — йæ кад нæ дугæн,
Колхозон куыст — зæрдæты зынг.
?0
\Ь!скъуийы зæххы бæркад тугыЛ,
1Æмæ хъæздыг уыдзæн иæ фыяг.
Колхозон зард — æнæнцой цинад,
1Æмвæ.;дæй куыст — зæххы бæллиц.
Колхозон фæндаг у рæстдзинад,
Æмзæрдæ фæллой — дзаг къæбиц.
Æмæ йын лæг дæтты йæ тыхтæ,
Йæ ныфс, йæ арæхстдзинад, зонд.
Æмæ кæны колхоз тыхджындæр,
Лæгæн кæны йæ ном бæрзоид.
* * *
Йæ хъуыддæгты ныгъуылдис цард.
Ысгуыхти адæймаг йæ куысты.
Нæрыд фæллойбонæн йæ зард.
Иæ хъысмæтæй уыд лæг сæрыстыр,
Бæркад. Æрмæстдæр уыд бæркад
Лæгæн йæ хъуыдыйы æдзухдæр.
Æмæ йæм иудадзыгдæр калд
Иæ уарзон зæхх æмæ йæ къухтæй.
Фæлæ æвиппайд арв фæмыр.
Нытталынг кодтой бæстæ мигътæ.
Къæвдайы бæсты зæхмæ ныр
Тæхынц æхситгæнгæ фыдихтæ.
Бырсы. Æрбацæуы фыдæх,
Цыдæр фыдбылыз ис йæ хъæры.
Хъæрзы. Хъæрзы. Дзыназы зæхх,
Ыстылди туг æмæ цæхæры.
Цæуы цыфыддæр рын зæххыл,
Йæ фæстæ уадзы уый æртхутæг.
Лæджы ныхмæ нæмыг тæхы.
Зæхх байдзаг фæздæджы æнудæй.
Нæ, нæ!.. Уый артæй хъазын нæу.
Уый рацыд туджы хæст — æлгъыстаг.
Фæлæууын æм хъæуы быцæу!
Æмæ æнæхъæн дзыллæ сыстад.
* * *
Хъазыбег катайгæнгæ ’рлæууыд
Æфсæддон къæмисары раз:
— Нæ, нæ! Мæн ам уадзын нæ хъæуы.
Куы баззайон — нæ уыдзæн раСт.
Æз хъуамæ стыр тохты цырены
Мæхæдæг кæнон знаджы пырх,
Æмæ йын фенын кæнон, фенын,
Зæхкусæг адæймаджы тых.
Æфсæддоц къæмисар æм дзуры:
— Ис бирæ хъуыддæгтæ фæсфронты.
Нæмыджы хуызæн тых ис дзулы,
Æфсадын дзы хъæуы хæстонты.
— Æмбарын, хоры тых цæм ис,
Зын мын у ацæуын мæ хуымæй,
Фæлæ æппæт дзыллæ кæм ис,
Мæхи куыд аздахон æз уымæй?
Ныллæууын нæу мæнæн мæ бон.
Куы фæуа хæст, зæгъын æргомæй,
Уæд хъуамæ адæммæ кæсон
Сыгъдæг, æнæазым цæсгомæй.
* * *
Хъазыбег скодта ’фсæддон дарæс,
Иæ уæлæ хъатара æрбаста.
Зæгъæн дзы ницы ис — лæгарæзт,
Иæ къухмæ карз хæцæнгарз райста.
* * *
...Æмæ та не ’фсад аккуырста æваст,—
Нæ алы фронтты размæ цыд æмгуыппæй.
Иæ мæнгæвæрд бындур фыдгулæн саст.
Уый кодта хæсты уылæнæй æгуыппæг.
Хъазыбег дæр æмбæлттимæ бырсы,
Нæ зæхх гæбазгай знаджы къухæй исы,
Хæстонты ’хсæн йæ «ура!» дæр хъуысы,
52
Йæ ныфс æмæ йæ лæгдзинад æвДисы.
Кæс-ма, кæс-ма! Куыд æмбæхсы йæ хин:
Æрбахъуызы йæм иу немыцаг — бурхил.
Ныззылдта йæм*Хъазыбег дæр йæхи,
Æмæ йæ тыхджын къухты ’хсæ.ч ныххурх и...
Фæлæ фæлыг и исдугмæ йæ бырст:
Фыдгулы иæмыг сæмбæлди йæ къахыл.
Кæд буарыл рис æгъатырæй æртыхст,
Уæддæр фæбыры знаджы ныхмæ рагъыл.
— Нырма мæ цард нæма кæнын уæлдай,
Æнæмæнг хъуамæ бацæуон Берлинмæ.
Нæ уæлахизмæ бахæссон мæ хай,
Кæсон æз дæр нæ бæстæйæн йæ цинмæ.—
Хъазыбег слæууыд, айвæзта йæхи,
Фæлæ нæ комы тугæйдзаг зæнг айсын.
Цæппузыртæй йæ ныхыл сбадт йæ хид.
Æххуысмæ йæм æфсæддон хо æрбазынд.
* * *
Рынчындоны рæстæг кæны даргъ,
Адæймаг дзы ’рмæст нымайы бонтæ.
Бахсысти Хъазыбегæн йæ къах,
Сдзæбæх и. Фæцæуынхъом бынтондæр.
Ногæй та æфсæддон у, хæстон.
Арæны цур баййæфта æмбæлтты.
Знагмæ та ныхъхъавы уый бæстон,
Фаг æм дзы йæ нæмгуытæй æрдæтты.
Фсстади йæ автомат цæхæр,
Знаг йæ разæй удаистæй лидзы.
Нал бамбæхсдзæн ныр фыдгул йæ сæр.
Ис йæ хъысмæт уымæи ныр нæ гилдзы.
* * *
Цыппар азы Хъазыбсг фронты
Салдаты ном сыгъдæгæй хаста.
Тымыгътæй, уазалтæй, фыдбонтæй
53
Ысфæлмæцыди уый дæр, бастаД.
Куырой нæ разылди нæ сæрыл,
Æндæр цы нæ бавзæрста хæсты.
Куы-иу æй минæ нуæрста мæры,
Куы-иу йæ цæфтæй туг лæдæрсти.
Концлагсры фæбадтис афæдз,
Иæ уд ма раирвæзт тыххæйты.
Йæ цæстыл уым дæр уади ауæдз,
Уыдис йæ сагъæс уым дæр зæххыл.
Йæ арм æй зæххы куыстмæ хордта,
Йæ ад дæр иал зыдта уым дзулæн.
Куы бахауд мастисджыты къордмæ,
Уæд иста зæххы маст фыдгулæй.
* * *
Æмæ мæнæ уыцы бсн æрцыд:
Сфæйлыдта нæ тырыса рейхстагыл.
Не ’фсæддонтæн намыс æмæ цыт!
Батар и йæ мæнг дуие ызнагыл.
Цинтæй тоны адæймаджы риу,
Абонмæ цыппар азы фæцыдис.
Зарæгимæ цæстысыг ысиу,—
Цæстысыг дæр знагимæ хæцыдис.
Рыст æмæ фæллад хæстонтæ ныр
Дард рæттæй сæ хæдзæрттæм ыздæхынц.
Поезд уайы. Къæдзæхтæ... Быдыр...
Уарийау цъæх арвы бын фæтæхы.
Мæнæ арвæн — салдæттæн — сæ зæхх.
Ие мбалмæ хъæрæй Хъазыбег дзуры:
— Поездæн-ма йе скъæрæгæн зæгъ,
Иучысыл æй бауромæд. Курын!—
Поезд ’рлæууыд. Салдæттæ æваст
Ракалдысты. Амбырд ысты иæууыл.
’ Райгуырæн зæххыл ыстынг и хъазт.
Иу дæр дзы æнæ кафгæ кæ лæууы.
Фестад фæз æгасæй дæр цæхæр.
51
Бафæлдæхтой уалынмæ сæ дыстæ,
Се ’фхæрд къухтæй фслвæстой уæд мæр,—
Цыма уыд сæ хуыздæр хос сæ рыстæн.
* * *
0, мæнæ ис хæстæй æфхæрд Ирыстон.
Хъазыбег ног йæ хуымы цур лæууы:
— Æз ацы зæххы иугæндзон фæкуыстон,
Фæстæмæ та йæ сног кæнын хъæуы...
Кæсы йæ зæхмæ. Бирæ йыл ис ностæ.
Нæмгуытæ æмæ алы схъистæй — дзаг.
Фæлæ ысты лæджы къухы йæ хостæ,
Нæ йæ иыууадздзæн ницæмæй уый хъуаг.
Нæ тракторты хæст ауагъта йæ нучы,
Кæм кодтой галтæ, хъуццытæ дæр фаг.
Хъазыбег дæр æрифтыгъта йæ хъуджы,
Æрæмбырд кодта къусбарæй мыггаг.
Фæсхæстон ауæдз ауагъта йæ зæххыл,
Фæлдахы гутон схъисæмхæццæ мæр.
Уыны Хъазыбег уалдзыгон æртæхы
Хъæздыг тыллæгыл ног тохты цæхæр.
* * *
Ахæм сæрд нæма уыд никуы:
Ссис зæххон бынтондæр хур.
Хус дымгæ цæф сырдау ниуы,
Мæр ныддæвдæг и, ныддур. •
Хус уидæгтæ зæххы скъуыдтæй
Курынц дои. Æрмæстдæр дон.
Нал у сыфтæртæн фыркуыдæй
Сисын се уæнгтæ сæ бон.
Мигъ дæр бахус. Доны ’ртахыл
Ссис чъынды. Цыма — тæргай.
Хур га уæлæ рагъæй рахылд,
Зæххан та дæтты йæ хай,
55
* * *
Æмæ мæиæ хуыммæ бацыд
Уарзон адæймагау дон.
Нуазы зæхх, йæ дойны уадзы,
Хус бонтæн æрцыд кæрон.
Дон цæуы сындæггай мæрмæ,
Уидæгтæм æрцыд сæ тых.
Уымæлы тæф хуымы сæрмæ
Адджын уæлдæфау ныппырх.
Нартхоры зæнг ногæй феставд,
Систой сыфтæртæ сæхи.
Хуым æгасæй базыр фестад,—
Систа арвы уонг йæхи.
Фæлæ уый æдзух зæххон у,
Адæмимæ кæны ’мцыд.
Стъалы, Мæй дæр æй ысхонут,
Зæххы фарнæн у уый гуырд.
* * *
Диссагдæр ма лæг цы фена:
Тугыл аскъуыди йæ хуым.
Кусæг къухты куыст нæ фегад
Кусæг лæджы фæрцы уым.
Алы зæнгыл дæр æрзæбул
Цалдæр æфсиры нæрстæй.
Алы æфсир дæр — йæ хъæбул,—
Раст æрмæрины йæстæ.
Нартхоры хуымтæн сæ арфæй
Хъуысы сыфтæрты сыр-сыр.
Кусæг лæгæн кæнынц арфæ
Йе стыр куысты тыххæй ныр.
'Фсиртæй алчидæр йæ кæрцы,
Пецыфых дзулау ысбур.
Уыдон кусæг къухты фæрцы
Сахуырста йæ тынтæй хур.
Фæндæгтæм кæсынц æдзухдæр,
’Вдисынц цæуджытæм сæ конд.
Ома, кусæг лæджы къухтæл
Афтæ схызтысты бæрзонд.
Æфсиртæн сыгъдæг уæлдæфы
У быдираг цард æгъгъæд:
Нартхор гуыффæйы куы стæлфы,
Зарæгау ныззæлы уæд.
* * *
Æвзарынц адæм кандидаттæ:
«Æвзæрстытæ уыдзысты тагъд.
Уынаффæдонмæ, цæй, кæй раттæм,
Кæмæй уыдзыстæм бузныг мах?»
Фæтæрхон кодтой хъæуы бирæ,
Ысхауд Хъазыбегæн йæ ном.
«Уый хорз минæвар уыдзæн Ирæн,
Кæндзæн æвзарджытæн цæсгом.
Йæ куыст ын иууылдæр мах зонæм,
Хъуыстгонд у дардмæ дæр йæ кой.
Бæрзонд исы йæ кад уый хорæн,
Йæ сагъæс — иудадзыг фæллой.
Лæджы рыст æмæ цин æмбары,
Лæджы амондыл у йæ мæт.
Зæххыл æрмæстдæр цинтæ уары,
Рæсугъдæй йыл зыпы йæ фæд.
Лæгæн æрбалæууы йæ цуры;
Йæ рыст ын бакæны йæхи.
Æргомæй хъуагдзицæдтæ дзуры...
Цыбырдзырдæй, Лæг у... Нæхи!»
* * *
Хорзæй ахицæн ис фæззæг,
Хортæ ’рцыдысты æфснайд.
Хуымтæ суæгъд ысты сæ уæзæй
Æмæ ныр хуыссынц æнцад.
Зымæг сæ нымбæрздзæн митæй,
57
Цас фылдæр — уыйас хуыздæр.
Быдыр иог уалдзæджы сидтæй
Суыдзæн стыр зиуы хуызæн.
Уадз æмæ сæ фæллад уадзой,
Ис сын ахæм бар лæвæрд.
Афæдзы уæлæ ныууагътой
Кадджынæй, рæсугъдæй фæд.
Фæндæгтæн дæр, уадз, æрцæуа
Иучысыл сæ рыст, сæ хид.
Ног уалдзæджы та, куы хъæуа,
Хуымтæн ратдзысты сæхи.
Гъе, æрмæст, æрмæст нæ баддзæн
Иу ран кусæг лæг æнцад.
Уый йæ мидхъуыдыты ратдзæн
Фидæны тыллæгæн цард.
Зымæджы бонты æвзардзæн
Уый йæ тыллæгæн мыггаг.
Хуымтæн ног хъацæнтæ дардзæн...
Ахæм, ахæм у йæ уаг.
* * *
Æмбисондæн нæм баззад рагæй:
Хæстæгдæр пичи ис сыхагæй.
Сыхаг кæд исты æххуыс куры,—
Иæ сыхаг февзæры йæ цуры.
Сыхаг сыхагмæ каст æргомæй,
Йæ дуар ын алкæд дардта гомæй.
Сæ цæхх, сæ кæрдзын дæр уыд иумæ,
Фæрсæй-фæрстæм цыдысты зиумæ.
Рæсугъд хъуыддаг нæм цæры бирæ:
Нæ сæфы ацы фæтк дæр Ирæн.
Хъазыбегæн йæ хуымы фарсмæ
Йæ сыхаджы куыст нал цыд размæ.
Æвзартæн хæмпæл сбадт сæ сæртыл,
Рæхджы сын бахæцдзæн сæ тæрттыл.
Хъæуы сып раттын нолжы пон дæр,
58
Мæгуыр, ныххурх ысты быптондæр.
Цæмæй та раздæхой сæ цардмæ,
Цæмæй та рахизой сæ зардмæ:
Лæджы, лæджы армы — сæ хъысмæт.
Хъазыбег сæм фæзынд æххуысмæ.
* * *
Æгæр ысуагъта Амырык йæ рохтæ.
Хæцæигæрзтыл æгæр кæны уый зыд.
Кæд дзы, миййаг, æрбайрох ысты тохтæ,
Дыккаг дунеон хæст зæххыл куыд цыд?
Æви иæ уыны уæлмæрдты цыртытыл
Салдæтты тугæй стыр уæлахиз фыст?
Уым баныгæдта уый йæхи фыртты дæр.
Куыд тагъд дзы ферох йе ’взонг цоты рыст?
Æгъгъæд! Æгъгъæд — хæцæнгæрзтæ æвзарын!
Гъе, афтæ у рæстадæймæгты дзырд,
Æмæ гъеуымæн Советты хæдзары
Æристы абон дзыллæтæ æмбырд.
— Æз дæр уыдтæн, зынаргъ æмбæлттæ, хæсты,
Цы нæ зынтæ дзы бавзæрста мæ уд.
Уæддæр цæфтæй дæр сæмбæлдтæн мæ бæстыл,
Куыд кусын, уый уæхæдæг дæр уынут.
Цы тых ис, зонæм, сау нæмыджы ’хситты,
Мах хæсты ныхмæ тох кæнæм æдзух,—
Æмæ Хъазыбег сабыр царды сидты
Æрæвæрдта зæхкусæг лæджы къух.
* * *
Украинæйы тыгъд быдыртæ...
Æрцæуынц афоныл куыстгонд.
Æмæ дæттынц тыллæг ыстыртæ,
Сæ ном — нæ бæстæйыл хъуыстгонд.
Уæлдайдæр фссгуыхт Марк Озерный —
Егъау — йæ арæхст æмæ зонд.
Иæ хуымтæ — тынг диссаджы хорджын,
59
Йæ куысты хъæд — æвæрд бæрзонд.
Цæст, дам, дзы не ’рхæцдзæнис халыл,
Æвзартæ тархъæдау кæсынц.
Озерный, дам, йæ фæтк нæ халы,
Æмæ æнтыстытæ рæзынц.
Кæцæй нæ цæуынц уымæ адæм.
Куыннæ? Фæлтæрддзинад æм ис.
Тырнынц йæ куыст фенынмæ ардæм,
Фæкæнынц ын йæ хуымтыл дис.
Хъазыбег дæр йæ хæлар Маркæн
Фæсаууонмæ йæ ном хъуыста.
Йæ писмоты йæм Ирæй алкæд
Йæ хъуыддæгты тыххæй фыста.
Цымыдисдзинад риуы нал цыд,
Ысуæгъд, ысцух кæнын æй хъуыд.
Æмæ йæ дард хæлармæ балцы
Хъазыбег иуафон фæцыд.
Зæрдæбын ныхæстæ ’мæ цинтæй
Уыдис хæлæртты фембæлд дзаг.
Фæкодтой нартхоры æфсиртæ
Хъазыбегæн хъæбыстæ фаг...
Уыдис Хъазыбег балцæй разы,
Уый федта бирæ хæрзтæ уым.
Йæ цæстытыл рæсугъдæй хъазыд
Иæ ног уæззау тыллæджы хуым.
* * *
Хъæбатырæн — «Сызгъæрин Стъалы...»
Ныр нын Хъазыбег у хъайтар.
Æмæ йæ риу тæмæнтæ калы.
Фæрнæй дæ хорзæхтæ фæдар!
Дæуæн дæ хорзæх у нæ хорзæх,
Уым ис нæ зæхмæ уарзт æвæрд.
Æмæ йæ хæсс рæсугъдæй, хорзæй,
Кæнæд дæ хорты уæз дывæр!
Дæ хуымы сæрмæ тар мигъ ма уæд,
60
Фыднæмыг мауал фенæд мæр.
Æрмæст æм хоры нæмыг хауæд,
Фыцæд ыл ерысы цæхæр.
* * *
Куы сæмбæлай Хъазыбеджы хæдзары,
Уæд-ма фæйнæрдæм афæлгæс дзæбæхдæр.
Ды фендзынæ æфсиртæ ауыгъд царыл,
Цыма сты уатæн рухсдæттæг цырæгътæ.
Æфсиртæ ауыгъд — тыргътæ æмæ къултыл.
Нæ йæ хъæуы æфсиры разæй къам дæр.
Сæнтурсытæ, дзыгъуыргæндтæ, сæнтбуртæ.
Кæны йæ хæдзар уыдон уындæй хъармдæр.
Сæумæрайсом йæ хуыссæнæй куы фесты,
Уæд æфсиртæн «уæ райсом хорз» фæзæгъы.
Сæ фырцинæй æфсиртæ хуртæ фестынц,
Фæйнæрдæм сæ зæрин тынтæ фæтæхы.
Ыздахынц уазæджы æнгас сæхимæ,
Хъазыбег сыл гъеуымæн у æнувыд.
Куы ’рбацæуы куысты фæстæ сæхимæ,
Уæд сын ныллæг йæ урс сæрæй æркувы.
* * *
Цæй диссаг дæ, цæй диссаг, рæстæг!
Цæуыс æвæлмæцгæ, цæуыс.
Ныууадзыс стыр фæндтæ дæ фæстæ,
Уæддæр ма ног фæндтæм тырныс.
Ныссадзыс ног тала нæ фæзты,
Ысвæййы уый дæр та зæронд.
Фæзыны ног тала йæ бæсты...
Нæй цардæн афтæмæй кæрон.
Хъазыбегæй дæр рæстæг, азтæ
Нæ ракæндзысты никæд хъаст.
Сæ ном сын кадджынæй фæхаста,
Сыгъдæг, рæсугъд цæстæй сæм каст.
Нæ зæххы амондыл фæкуыста,
Иæ цæсгом уымæн у сыгъдæг.
61
Йæ хуым сыиæллонау фæузта,
Фæиста дзы бæркад, тыллæг.
Æмæ кæуылты сты йæ хæрзтæ,
Кæд ын фæуиккой, кæд, нымад!
Уый зонынц адæм æмæ бæстæ,
Уый зоны райгуырæн зæхх — мад.
Хъазыбег зоны уый йæхæдæг,
Уый зонынц ныфс æмæ æууæнк.
Куы хона дард фæндæгтæм зæрдæ,
Лæгæн уæд никæм ис лæууæн.
Фæлæ кæнынц сæ кæнон азтæ,
Æрцæуы фæндагæн кæрон.
Лæгæн ма цастæ вæййы, цастæ,
Кæнын зæрондырдæм йæ бон!
Æмæ куы хоста уалдзæг дуæрттæ,
Куы адардта æгас æрдз цъæх,
Хъазыбег кæстæртæм лæвæрдта
Зынаргъ хæрзиуæгау йæ зæхх,
Бæрæгбон уыдис уæд æцæгдæр,
Рæсугъд бон, циндзинæдтæй — дзаг.
Уыдис ныфсæвæрæг, æууæнк дæр,
Тыхджындæр ерыстæм фæндаг.
Сæхицæй — кæстæртæ сæрыстыр:
Фæлтæрд, хъæздыг зæхх сæм æрхауд,
Уыдзысты ’нувыддæр сæ куыстыл,
Нæ сæм æрхæсдзæн рæстæг фау.
Æмæ йæ фæтæн риуыл зæххæн
Уæд ауæдз ауагътой бæстон.
Тæлмытæй уымæл зæхх фæлдæхы,
Æрттивы йыл рæсугъдæй бон.
Кæсы Хъазыбег ногконд хуыммæ
Æмæ йын хинымæр хъырны.
Дæрдтыл ныззылд, æмæ дзы уымæ
Йæ кæстæрты хъысмæт зыны.
###
62
*** БУЗНЫГ, Б0Н1
БУЗНЫГ, БОН!
Бон, ды иууылдæр хуын дæ,
'Рцæуыс нæм дзæбæхæй.
Уарыс царддæттæг тынтæ
Адæм æмæ зæххæн:
Хуры цæстытæй кæсыс,
Скæныс арв уæрæхдæр.
Дидинджытæ мын хæссыс,
Равдисыс мæм хæхтæ.
Скъоламæ фæхоныс мæн,
Мемæ зоныс зарын.
Таурæгътæ кæныс мæнæн,
Ног хæлæрттæ арын.
Цас мын раттыс, цас, фæндон
Алыхатт хъæзтытæ.
'Хсидын ме уæнгты æндон,
Скæныс мæ ыстырдæр.
Кæд вæййын дæ цинтæй рог,
Зон, уæддæр фæллайын.
Фæлæ та куы ’рцæуыс ног,
Уæд дæ размæ уайын.
***
МЕ ’ХХУЫС ДÆР ДЗЫ ИС
Хосдзаутæн сæ фæтæн синтæй
Рахъардта сæ хид.
Цинтæ хæссы алкæд, цинтæ,
Цæвджыты æхситт.
61
Фахс æнæхъæнæй ныккарстой:
Бирæ у сæ бон.
Нуазынæн та сын æз хастон
Æхсæрдзæнæй дон.
***
ХЪÆЛДЗÆГ ЦÆМÆН ДÆН?
Æз куы рахызтæн нæ дуарæй,
Уæд æрцæйцыди Зæлда.
Аззадтæн фæстейы барæй:
Радтон хистæрæн фæндаг.
Ссæуы дын сындæггай Бласка,
Къухы цавæрдæр дзæкъул.
Цыма зæххыкъори хаста,
Уыйау иуырдæм ныкъкъул.
Уайтагъд ын йæ дзæкъул райстон,
Бацис æй хæссын мæ бон.
Кæртмæ дæр ма йын æй байстон,
Уадз æмæ йын уа æнцон.
Фæндагæн йæ тæккæ астæу
Машинæ сæрфы Годах.
Цалх дымынмæ йæм фæкастæн,
Афидар æй кодтам мах.
Исчи кæд, миййаг, æнхъæлдзæн,
Хъæлдзæг абон у мæ хуыз,—
Алы бон дæр вæййын хъæлдзæг.
Иудадзыг хъæуы æххуыс.
***
64
ИУБОН ХЪÆДЫ
Хъæды ис мæнæн мæ зæрдæ,
Иууыл у дыргъдон.
Иубон дзы тыдтон æхсæртæ,
Къозотæ уыгътон...
Къохæй рахызтæн æз фæзмæ:
Хур та фенон ныр.
Уæртæ-ма, фæуайы хъæзмæ
Иу къæбыла цырд.
Кæд ныййарæгæй фæцух и?
Иу æмбал ын нæй?
Ам цæмæн кæна уæд тухи,
Ахæссон æй, цæй!
Суыдзæни мæ фæндыл разы.
Фендзæни мæм цард...
Бацæуон æм, афтæ разынд
Хъæдгæсты хæдзар.
**#
ХОРЗДЗИНАД НÆУ РОХ
Æз «нæуæндаг», «тъизæгтæ»
Ме ’мбæлтты фæхонын.
Уыдон хъæды диссæгтæй
Мисхал дæр нæ зонынц.
Фæлæ æз? Æз хъæдæн раст
Бассæндын йæ арфмæ.
Иубон федтон уым бæлас —
Сфардæг и суанг арвмæ.
Хорз хæларау æй фæрсын:
3 Хурзæрин
— Цас цæрыс? Ныххус дæ!
— 0 мæ хъæбул, æз хæссын
Ме рагъыл æнустæ.
Хистæрау æдзух мæ хæс
Хорз зыдтон, æмбæрстон.
Талаты мæхицæй æз
Тымыгътæй æмбæрзтон.
Тахт мæм маргъ, цыд мæм сырд дæр,
Калдтон сын тæрсытæ.
'Рбацæуынц мæнмæ ныр дæр
Морæхъуын æрсытæ.
Ссис мæ бындзæфхад лæгæт,
Тæрхъустæн фысымуат.
Свæййын алыхатт лæгæн
Уарын бон чысыл уат,
Хин рувæстæн — хъазæндон,
Мыстытæн — сæ къæбиц,
Сæлавыртæн уазал бон
Уым бадын — сæ бæллиц.
Уидæгты бын уырдтæ дæр
Хъарм бынæттæ ссарынц...
Хорздзинад, дам, сырдтæ дæр
Зæрдыл бирæ дарынц.
***
САГ
Иубон дын фæуайын таджы:
Фахсмæ хосдзаутæм цыдтæн.
Федтон рагъыл хизгæ саджы,
Ауыдта дын уый дæр мæн.
Саг нæ ныууагъта йæ хæрын,
Уымæн æз уыдтæн æдас.
Фæлæ цымæ уый йæ сæрыл
Уæд цæмæн хæссы бæлас?
66
ДЫМГÆ ÆМÆ ЛÆППУ
Л æп п у:
— Æз куы вæййын балцы хъæды,
Уæд цы сцъил вæййыс мæ фæдыл?
Æз куы рацæйцæуын фæзтæй,
Уæд цы срог вæййыс мæ фæстæ?
Æз куы араст вæййын донмæ,
Уæд цы æргæпп кæныс коммæ?
Ноджы мæ мæстæм фæмарыс,
Алы рыгтæ мыл фæкалыс.
Æз æфсæрмы кæнын сыхæй,—
Мысыс алцытæ мæн тыххæй.
Д ы м г æ:
— Уайдзæфтæй тæрсыс? Æфхæрдæй?
Ма кæн уæд бырондон æрдзæй.
Мады къухау æрдз рæдау у
Æмæ йæ хъæуы рæвдауын.
Мæнæ ды куы нал æппарай
Зæхмæ алы хъылма барæй,
Хорз куы бамбарай дæ рæдыд,
Нал зилдзынæн уæд дæ фæдыл.
Фæзтæ кæд дæуæй æвыд уой,
Нал кæндзынæн уæд дæ фыдгой.
67
АЗÆЛД
Комы иунæг уыдтæн, иунæг.
Ехх, уæд та æмбалæн иу лæг,
Иемæ дзурин, дзурин,
Ме ’нкъарддзинад сурин.
Æз ныхъхъæр ластон: «Ей, байхъус!»
Дзуапп мæм цалдæр ранæй райхъуыст.
Хорз бæлццон мыл амбæлд:
Дæн мæхæдæг — азæлд.
###
АФТÆ ДÆР РАУАЙЫ
Арвыл нæй сæ кой дæр мигътæн,
Бæлæстыл — сæ кæрцытæ,
Тæдзынджытæй зæхмæ ихтæ
Сарæзтой сæ æрцытæ.
Алыран дæр абон митæн
Байгом и фæндонæй цард.
Хъæугæрон йæ бынæй хидæн
Нал хъуысы нæ доны зард.
Дымгæ комæй ратахт митæй
Дзыхъхъытæ ныфсæрынмæ...
Рацыди сæхицæй Ритæ
Æрдзы ныв ыскæнынмæ.
Уалынмæ дын хохы тигъæй
Хуры цæсгом разынди,—
Цъитийы æрттиваг ихæй
Тыгъд быдыртæм ратылди.
Абырыд йæ роны митæн,
Мит æвиппайд атади.
Ритæ æрдзы диссаг митæм
Джихæй кæсгæ баззади.
63
АРВМÆ РУДЗЫНГÆЙ КÆСЫН
Арвмæ рудзынгæй кæсып;
Арвыл мигъы цъупп фæзынд.
Арвмæ ноджыдæр кæсын:
/Арвмæ ног мигътæ лæсынц.
/Арвмæ æз уæддæр кæсын:
Мигътæ райдыдтой нæрсын.
Æз нырмæ кæй нæ дæн уынджы,
Мигъ кæд уый тыххæй ысхъуынджыи.
###
ДИДИНÆГ
'Зымæг рудзгуытæм лæбуры,
Фæлæ ницы у йæ бон.
Авджы уæлæ сæмбæлд хурыл
Æмæ фестад уайтагъд доп.
Ногæй та йæ тых æвзары,
Авджы хъармыл та ныппырх...
Рудзынгæй æддæмæ дары,
Удæгас дидинæг сырх.
***
ЗЫМÆГОН ХЪЛЗТ
Арвæй мигътæ разгъæлдтой
Урс-урсид гæлæбутæ.
Хъазгæ-худгæ разгъордтой
Уынгмæ сыхы лæппутæ.
69
Хъарм хæдзæрттæй рахастой
Уыдон зынг сæ уадултыл.
Чи сæ йæ кæрц раласта
Æмæ митыл атулы.
Чи дæлæмæ атæхы...
Байдзаг уынг пыррыччытæй.
Ахæмтæн нæу а зæххыл
Тас æппын фæрынчынæй.
Зымæгæн йæ лæварыл
Цинæй мæлынц лæппутæ.
Ахæм рæстæг хæдзары
Бадынц æрмæст тæппудтæ.
***
ГÆБЫС
Ис нæм хорз къæбыла ныр,
Сæвæрдтон ыл ном Гæбыс.
Разгъордта мæ цурмæ цырд,
Æз ын акодтон хъæбыс.
Уый йæ пух къæдзилæй хъазы,
Æз æм худгæйæ кæсын.
Абадт дзуццæджы мæ разы.
Æмæ йæ фæрсын:
— Ды фылдæр-фылдæр кæй уарзыс?
Уый мæм дзуры: — Æуу!
— Цуаны демæ ды кæй айсис?
Сдзырдта та мæм: — Æуу!
М’ алыварс æрзилы, уайы,
70
Иудадзыг кæны: «Æуу!» «Æуу!»
Уый зæгъы, æнхъæлдæн, — «Дæу!»
Фæлæ йын æххæст нæ уайы.
***
КАКОН
Зæххы рæвдыдæй ныннæрсти,
Ссау и? срæгъæд какон.
Нляр æнæ ’рлæугæ йæ рæзты
Н’ацæудзæн фæндаггон.
Уый йæ къалиутыл ыстыхта
Хурæй дымст фæрдгуытæ.
Не ’мбæхсы йæ гагадыргътæ.
У рæдау бæгуыдæр.
Фæлæ йын йæхи ласынмæ
Кæд, миййаг, æрцыдтæ:
Уый дæуæн дæ къух райсынмæ
Радардзæн æрцытæ.
***
ЗЫМÆДЖЫ ЛÆВÆРТТÆ
Зымæг мит æркалдта
Ие ’мзæххон хæлæрттæн.
Ллкæмæн дæр радта
Номарæн лæвæрттæ:
Зæрæдтæн — кæрцытæ,
Къалиутæн — æрцытæ,
Фæндагæн — æмбæрзæн,
"1
Бæласæн — кæлмæрзæн,
Уайаг дæттæн — ихтæ,
Хъæддаг дæттæи — джихтæ,
Сабиты цæстытæн —
Миты урс æрттивæм,
Ноджы ма хъæзтытæ,
Уадз æмæ сæ ивæнт.
***
ЛМ ЙÆ ЗÆРДÆМÆ ФÆЦЫД
Мит иæм афтæ тыиг иыууарыд:
Раст æиæхъæн зымæгваг.
Кæртмæ ракастæи: нæ дуарыл
Пахæц-бахæц кæны саг.
Къуымы нын æвæрд ис къуту:
Уым — нартхоры бур кæри.
Саг æм банвæзта пæ мукъу,
Фæлæ ахæм фарн кæм п.
Сдзырдта мæм æваст мæ зæрдæ:
Кæд æххормаг у, миййаг.
Рахастои ын æз къæбæртæ.
Лхордта сæ уантагъд саг.
— Цæи, уæхимæ пыр фæраст у! —
Фæлæ уый æнцад лæууыд.
Чи зоиы, ’мæ уазæг раст у:
Ам йæ зæрдæмæ фæцыд.
***
12
ÆМÆ КУЫ РАЛÆУУЫД СÆРД...
Зымæг нæ уайтагъд иыууагъта,
Хурæй ысхæмпус и мæр.
Тала нæ кæрты ныссагътон,—
Уыцы аз радта сыфтæр.
Имн’ аз фæбæрзонддæр ноджы,
Къалиутыл къалиутæ ’рзад.
Систы йæ уидæгтæ сонджын:
Разынд ын саумæр хæрзад.
Бæласæн ради иæ зæрдæ,
Равдыста иубон йæ цин;
Хурмæ ыскалдта цæхæртæ,
Дидинджыты бын фæци.
Нал уыд мæнæй буцдæр, хъалдæр,
Æмæ куы ралæууыд сæрд:
Адджын, мæрæй æфсæст балтæ
Уæрстон нæ сыхæн æз дæр,
***
ДЫУУÆ ЦÆСТЫ
Мæн Нана æдзух фæхоиы
Иæ рахиз цæст.
Ме ’ннæ æфсымæр Афопы —
Йæ галиу цæст.
Мах Нанайæн к’ уæм дзæбæх,
Уæд кæсдзæн, уыидзæн дзæбæх.
***
МÆНÆ Д11ССЛГ, МÆНÆ ЦИРК
Фснæн вæнйы цирчы алцы,
Уым фæхуды лæг йæ фаг.
Уæртæ руварс фæзмæ рацыд,
Карк ып амоны фæпдаг.
'|3
Бакъæцæл Гæбул фырцинæй,
Худæджы уацар фæци.
Иу къухæй æрцæвы иннæ:
— Мæнæ диссаг, мæнæ цирк.
Разгъордтой фæд-фæдыл сырдтæ:
Тæрхъус, Арс æмæ Домбай.
Тæрхъус Домбайы фæсырдта,
Лрсимæ та ссис æмкъай.
Бакъæцæл Гæбул фырцинæй,
Худæджы уацар фæци.
Иу къухæй æрцæвы иннæ:
— Мæнæ диссаг, мæнæ цирк.
Музыкæ æваст æрцагъта,
Уалынмæ Быдзæу фæзынд.
Къухтæй дзыппытæ æрцагъта,
Æмæ сæ æркалди зынг.
Бакъæцæл Гæбул фырцинæй,
Худæджы уацар фæци.
Иу къухæй æрцæвы иннæ:
— Мæнæ диссаг, мæнæ цирк.
**#
ÆЗ НÆ — САЙАГ, НÆ — КÆРÆФ
Дзурынц адæмæн сæ фылдæр
(Уымæн та нæу тас мæнгæй):
А дунейы, дам, гæдыдæр
Нæй кæсагахсæг лæгæй.
Уый æрцахсдзæн цады цъингуыр,
Афтæмæй та хъæр кæндзæн:
— Ракæсут! Æрцахста ме ’нгуыр
Кæф — æлмæрины дæргъæн.
74
Сисдзæни фæдис: «Фæкæс мæм?
Ме ’нгуыры хъæд та ныкъкъæдз!»
Иу тъепа сæхимæ ’рхæсдзæн,
Уый та уын зæгъдзæни — ссæдз.
Фæлæ æз! Нæ мысын алцы,
Æз нæ — сайаг, нæ — кæрæф.
Ме ’нгуырмæ дæр уымæн бацыд
Мæнæ ацы дынджыр кæф.
##*
НИЦЫ ФСОН УЫДИС СÆ ХЫЛÆН
Ницы ’фсон уыдис сæ хылæн,
Ницы ’фсон æппындæр:
Хъазæнæмхасæн Гыбылæн
Зæгъта Гиу: «Лæппын дæ!»
Цыма бакалд зынг Гыбылыл,
Бацыд æм хæстæгдæр:
— Схонин æз дæу та æдылы,
Ноджы ма ыстæгдар...
Ахæм цау æрцыди рындзыл
Гиу æмæ Гыбылыл.
Иуæн ныр къуызыр — йæ фындзыл,
Иннæмæн — йæ былыл.
Афтæмæй цæуынц сæхимæ
Дыууæ хорз сыхаджы.
Азым дзы хæстæг йæхимæ
Иунæг дæр нæ уадзы.
75
Уалынмæ дыи хуыры ’хсæпæй
Иу æрыскъæф разыид,
Цыма сахуырсти сырх сæнæй,
Уыпау хурмæ хъазы.
Гиу дып бакасти Гыбылмæ,
Уый та касти Гиумæ,—
Æрыскъæфмæ æрхы былмæ
Араст ысты иумæ.
***
ГÆЛÆБУ
Пакабазыр
Гæлæбу,
Рæсугъд кæй дæ,—
Бæрæг у,
Æмбалау дæ
Æз курып,
Иу уысм æрбад
Ма’ иуры.
Миййаг, иæ дæи
Фыдгæпæг.
Ныпгæиæг дæп,
Пыпгæиæг.
Ма> къарандас,
Мæ гæххæтт
Дæумæ тындзынц
Сæхæдæг.
Æрбад, æрЛад
Мæ разы.
Æцæг зстгьын,
Нæ хъазын,
Æз дып дæ ныв
76
Ыскæнон,
Равдысты дæ
Нывæрон.
***
ХОРЗ ЫСТЫ ДÆ ФÆНДТÆ
Иубон дын йæ мадæн Зиф
Ныфс дзырдтæй æвæрдта:
— Адæмæн кæндзынæн æз
Хурæй дзаг лæвæрттæ.
Уынгты, кæртыты æдзух
Садздзынæн бæлæстæ.
Сфæлгонц кæндзынæн рæсугъд
Дидинджытæй фæзтæ...
Баурæдта Зифы мад:
— Хорз ысты дæ фæндтæ.
Фæлæ уал дæ цъылын райс
Æмæ рамæрз уæттæ.
***
ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ
Чындзæхсæв и нæ хъæуы,
Фæндырдзагъд дзы ыстынг и.
Хуыздæр æмдзæгъд нæ хъæуы,—
Фæйнæг цыма ысзынг и.
Кафын тынгдæр кæй фæнды,—
Иæ къахфындзтæ æрсадзы,
Иунæджы дæр нæ фæндыр
Æнцад лæууын нæ уадзы.
77
Фæндырдзæгъдæг цы фæци? —
Дистæгæнгæ куы фæрсынц
Хъазты адæм кæрæдзи,
Алырдæмты куы кæсынц.
Агурджытæ фæзынди,
Дзагъул-магъул сæ цæстæй.
Фæндырдзæгъдæг ысзынди,—
Фæндырæн уыд йæ фæстæ.
###
КЪÆВДАЙЫ ЦАГЪДМÆ
Арв йæ сармадзанæй фехста,
Нал у раздæрау æнтæф.
Къæвда хъисын фæндыр фестад,
Тæдзынджытæ та — тынтæ.
Дымгæ сыл йæхи ысхафта,
Атæхы йæ фæдыл цагъд.
Зæххыл дымст æртæхтæ кафынц,
Дæттæн цырддæр у сæ тахт.
Кафы сыфтæр, кафы кæрдæг,
Кафы нæзы, кафы бæрз.
Риуы сцæрдæг и мæ зæрдæ,
Къахфындзтæ æрсагътон æз.
Къæвда галы синтæ найы,
Бабызы цъыр-цъыр хъуысы.
Хæфс гæпп-гæпгæнгæ фæуайы,
Уаллон нал комы хуыссын...
Уарын махæй ацыд дарддæр
(Кастис æм æнхъæлмæ хуым).
Йемæ уырдæм атахт цагъд дæр.
Кафт ыстынг уыдзæн ныр уым.
***
«БАЛХÆН»
Диссаг у Фатимкæ, диссаг:
Зилдзæн мемæ цалхау.
Фехъусдзынæ дзы æрмæстдæр
Балхæн...
Балхæн...
Балхæн...
Мæнæ базармæ фæцæуæм:
Стъолыл — бал уа, хъалгъæн.
Уайтагъд мæм уæлæмæ сдзырдта:
«Адон-ма мын балхæн».
Бацыдыстæм дуканимæ,
Райсын кодта къаба,
Дзуры мæм лæгъстæгæнæгау:
«Ай дæр-ма мыл абар».
Цирчы бадтыстæм мах иумæ.
Айвæзта мæ размæ.
«Цирчы фæстæ-ма йæ балхæн».—
Амоны мын арсмæ.
Денджызы уылæнтæ хъазынц,
Иуы иннæ суры.
«Ацы денджыз-ма мын балхæн,
Хъаздзынæн дзы сурыл...»
Ахæм чызг, Фатимкæ, ахæм,
Хъомыл кæны махæн.
Хъазæнæмхасæн æй хонæм
Уый тыххæй мах «Балхæн».
***
КЪУЫБАР
Верæ, Ленæ æмæ Ритæ
Фæзмæ араст ысты балцы.
Верæ къуыбар скодта митæй,
Ленæ та йæ тулгæ ацыд,
79
Къуыбар тулынц, тулынц, тулыни
Верæ, Ритæ æмæ Ленæ.
Нал сын комы тулын къулыл.
Къуыбар баззади уым хъенæй.
Чызджытæм дын къуыбар дзуры:
— Æз нæ баззадаин къулыл,
Уемæ ма куы уаид, уемæ,
Уе ’ннæ, уе ’ннæ ’мбал Заремæ.
***
ЙЧЪИ
Сабитæ, сымахæй исчи
Кæд нæ зоны, цы у ичъи?
Ичъи у нæхи Заремæ,
Цæйут, базонгæ уæм йемæ:
Мады дзул райсын фæхъæуы,—
Чызг дæр та йæ фарсмæ слæууы.
Мад фæраст и уынгмæ иугæр,—
Азгъоры йæ фæстæ ниугæ.
Мад нæ цух кæны йæ цæстæй,—
Зилы чызг æдзух йæ фæстæ.
Ничи та йæм кæсы, ничи! —
Мады фæдджийыл ныйичъи!
***
РÆУЧИ
— Чи сызмæста
Хъæу, чи?
— Рæучи.
— Чи ныссæста
Нæуу, чи?
— Рæучи.
— Чи фæсайдта
Дæу, чи?
— Рæучи.
— Чи фæсырдта
Цæу, чи?
— Рæучи.
— Чи у уыцы
Рæучи?
— Рæузонд, гыццыл
Рæучи.
***
ХÆФСÆН ЙÆ ЛÆППЫН — ХУРЫ ТЫН
Зылынкъах æмæ хъоппæгдзаст,
Йæ хъæлæсыуаг — емынæ.
Лæгуын, цыма у къоппæй даст,
Нæ бæллы лæг йæ фенынмæ.
Йæ буар зымæгау уазал у,
Йæ цæрæн бынат — дуры бын...
Иæ мадæн ма йæ рафаут,
Зæгъдзæн: «Мæ лæппын — хуры тын».
***
НÆ БИНОНТÆ
Бирæ сты нæ бинонтæ,
Мах цæрæм фæрнæй.
Семæ, уарзон сабитæ,
Базонгæ ут, цæй:
Гæ би с
Ме ’фсымæрты хистæр у
Урсрихи Гæбис,
Уымæн ныр йæхицæн дæр
Цалдæр фырты ис.
Адæмимæ хорз цæры.
Хъæуы у нымад.
Уымæн ис йæ ныхасы
Сыхбæсты ’хсæн кад.
Иурæстæджы цирчы дæр
Акуыста Гæбис.
Уый арæхстыл, уый хъазтыл
Чи нæ кодта дис!
Уайгæ бæхы бынты-иу
Абырыди цырд.
Зæххæй кодта дугъгæнгæ
Къоритæ æмбырд.
Иуафон зындзинæдты
Бахауди нæ зæхх.
Мах Гæбис дæр карз хæсты
Балæууыд æд ба»х.
8'
Хотыхæй уыд арæхстджын
Ме ’фсымæр Гæбис.
Арæх знаджы чъылдыммæ
Уый хъуызгæ цыдис.
Кæд æмæ-иу немыцаг
Байдыдта гæрах,
Размæ-иу уæд ме ’фсымæр
Бæхыл уадау тахт.
Марды ’фсон-иу раппæрста
Йе ’фсургъæй йæхи.
Уымæн никуы бамбæрста
Немыцаг йæ хин.
Мах Гæбис уыд уарийау
Алыхатт дæр цырд.
Никуы никæм асайдта
Къамандиры дзырд.
Уый фæцæф и карз хæсты,
Скодтой йын уæд хос.
Уадулыл ма абон дæр
У бæрæг йæ нос.
Му рат
Ме ’ннæ ’фсымæр у Мурат,
Хонынц æй уæйыг.
Дойнагдуртæ исынæй
Уый нæ кæны хъыг.
Сты богалау йе уæнгтæ,
Къухтæ — стыр, фæтæн.
Йе уæхсчытæм фслвасы
Бумбулийау мæн.
83
Шахтерты ’хсæн кадджын у,
Хъуыстгонд у Мурат.
Уыдон æй нæ Советмæ
Скодтой депутат.
Зæл у
Ис мын цалдæр буц хойы,
Хистæр у Зæлу.
Уый — нæ хоты уæздандæр,
Сахъ тæхæг дæр у,
Базырджын нау аскъæры
Мигъты сæрты ’васт.
Махæй раздæр ауыны
Хурзæрины скаст.
Н и н æ
Нинæмæ нæй къаддæр ныфс —
Н’ амондджын зæххыл,
Машинæйы хъæлдзæгæй
Алырдæм тæхы.
Гакъон-макъон фæндæгтыл
Ласы дуртæ, хуыр.
Нинæйæн йæ цæсгомыл
Алкæд хъазы хур.
Æз йæ фарсмæ абадын,—
Йемæ мын нæу тас!
Уасæны куы фелхъивын,—
Райхъуысы йæ уаст.
Суадзы кæд æмæ йæ дымст
Машинæйы цалх,—
Нинæимæ радыгай
Цалх фæдымæм мах.
Ь4
Азау
Нинæйæн йæ хæдкæстæр
Ме ’ннæ хо — Азау.
Уый куыстмæ дæр йе ’мбæлттæй
Ничи хæссы фау.
Къраныл уый куы бабады,—
Райхъуысы йæ зард.
Аскъæфы йын рог дымгæ
Уæд йæ зарæг дард.
Уый бæрзондæй горæтыл
Ахæссы йæ цæст.
Аразджытæм бадæтты
Дуртæ æмæ змæст.
Бар ис
Мах уарзон бинонты ’хсæн
Иу богал дæр ис.
Зондзыстут æй уе ’ппæт дæр —
У йæ ном Барис.
Бирæ райста хорзæхтæ
Ныфс æмæ тыхæй.
Уымæн æз йæ майдантæ
Сфæразын тыххæй.
Балæууыди Лондоны,
Мельбурны уыдис.
Зæххы алы рæтты йын
Хорз хæлæрттæ ис.
Д æх ци
Делийæ æрбаздæхти
Ме ’фсымæр Дæхци.
Дард индийаг быдырты
Фондз азы фæци.
85
Уырдыгæй мын сабитæ
Сæрвыстой салам...
Агрономæй та Дæхци
Кусы ногæй ам.
Минæт
Ис Минæт-хо дæр мæнæн,
Стыр ахуыргонд нæу,
Диссаджы дæсны хуийæг,
Зонынц æй нæ хъæу.
Бирæ уарзы мæн мæ хо,
Зилы мæм бæстон.
Знон дæр та мын бахуыдта
Урс цыллæ хæдон.
Ва л е нт
У Минæты хæдкæстæр
Мс ’фсымæр Валент.
Ахуыргæнæг, дам, уыдзæн,
У нырма студент.
Н æ ма д
Схъомыл кодта не ’ппæты
Уарзонæй нæ мад.
Адæмы ’хсæн уымæн у
Мах нана нымад.
Нæ, нæ мадæн мах хæссын
Уæд нæ уыд æнцон.
Афоныл — нæ хæринаг,
Афоныл — нæ дон.
86
Ахсадта-иу дзаумæттæ,
Кæрчытæм зылди...
Архайдта нæ фосимæ,
Куыроймæ цыди.
Райсомæй-иу халсартæ
Барывта бæстон.
Уагъта хуымтæм къанауæй
Хус рæстæджы дон...
Уый нырма нæма бады
Иу бон дæр æнцад...
«Мад-хъæбатыр» кадджын ном
Ныр хæссы нæ мад.
Н æ ф ы д
Уарзын æз бабайы дæр,
Стыр бузныг дзы дæн,
Уымæн æмæ алыбон
Барæвдауы мæн.
Сабитæ йæ алыварс
Акъорд вæййынц цырд.
Æмæ та сын аргъæуттæ
Ракæны нæ фыд.
Сабитæ йæ бафæрсынц:
«Радзур-ма, уæддæр,
Питеры куыд амбæлдтæ
Лениныл кæддæр».
Мах баба йæ боцъойыл
Ахæссы йæ къух.
Ацы хабар радзуры
Цингæнгæ æдзух,
87
Æз
Хотæ ’мæ æфсымæртæн
Дæн сæ кæстæр æз.
Азтæй мæныл асæрды
Сæххæст уыдзæн дæс.
Бирæ уарзын чингуытæ,
Æз фыссын сыгъдæг.
Нæ, нæ кæнын никæмæ
Ахуыры хæлæг.
Бафæндыди, ’ме мбæлттæ,
Дохтыр суæвын мæн.
Сæххæст уыдзæн, зонын æй,
Ме стыр фæнд мæнæн.
***
МУРАТ ÆМÆ ДУГЪОН
Разныхас
Мурат, мæ хъайтар ахæм уыд:
Куыста гыццылæй цирчы,
Æдзух æфтыдта адæмы
Йæ бæхыл хъазтæй дисы.
Дугъон-иу æй куы рахаста,
Цыма-иу дымгæ рацыд.
Йæ цæстытæ-иу бабаста,
Уæддæр-иу бæхыл хъазыд.
Йæхи-иу бæхæй феппæрста,
Æрзылд-иу ын йæ рагъыл.
Йæ худ-иу зæххæй фелвæста
Æмæ-иу абадт саргъыл.
88
Йæ къах-иу иуварс ауагъта
Дугъоны саргъы гоппæй,
Тæхгæ-тæхын-иу акъахта
Æрхуыйæ суари топпæй.
1. Цирк, хæрзбон, мах хæстмæ
цæуæм!
Нæ зарджытæм фыдгул хæлæгæй марди,
Фыхти нæ куысты уынæрмæ йæ маст.
Нæ хордæттæм йæ цæстыты фиу тади,
Æмæ сырдау æрбалæбурдта ’васт.
...Цæуы сæ фарсмæ ас лæгтæн Мурат дæр,
Иæ быны кафы номдзыд бæх Дугъон.
Куы хъæуа хæсты — ратдзысты сæ цард дæр.
Сæ циркæн загътой барджытæ хæрзбон...
2. Фыццаг хæслæвæрд
Мурат æрбацыд инæлары размæ,
Йæ хъуыдытæ ныфсджын лæгау зæгъы:
«Æмбал инæлар, ма мын кæс мæ асмæ,
Æз зонын бадын барæгау бæхыл.
Фæдæн нырмæ уал цалдæр хатты хæсты,
Нæ фæсайдтон мæ хистæрты æууæнк.
Мæн арвит стæры искæмæн йæ бæсты.
Дæхи фыртау мыл алыхатт æууæнд.
Æз абаддзынæн, инæлар, мæ бæхыл,
Дугъон тæхгæ, нæргæ уад у мæнæн.
Нæ ныууадздзæн зын сахат мæн бæллæхы,
Кæцæйфæнды дæр рахæсдзæн уый мæн.
89
Ныхъхъуыды кодта ’взыгъд инæлар исдуг,
Мураты сыгъдæг цæстытæм ныккаст:
«Дугъомимæ кæд ахæм стыр хæс исут,
Цæугæут уæд. Фæуæд уæ фæндаг раст.
Фыдгул æртымбыл дысон-изæр хъæуы,
Ды бацу уырдæм. Аивæй æркæс.
Цы тых æм ис, бæлвырд цы ран, кæм лæууы •
Æппæтдæр мæм ды афоныл æрхæсс».
3. Знаг дис кæны
Дугъон Мураты ’рбахаста нæхимæ,
Мурат ызнаджы картæйыл фæхæст.
«Æмбал инæлар, бар мын ратт дæхимæ...
Æз сæххæст кодтон афоныл мæ хæс!
Æндæр ранмæ мæ арвит. Æз нæма дæн
Мæ балцы фæстæ, баууæнд мыл, фæллад».
Ныхъхъæбыс кодта инæлар Муратæн.
Лæппуйы рустыл цины цæссыг уад.
Йæхи Мурат уæд банкъардта ыстырдæр.
Нæуæг ын кодта инæлар ныхас:
«Уыныс, ис ацы гæххæтты фыстытæ,
Æмæ сæ систыл, хæдзæрттыл ныхас».
...Æмбисæхсæв Мурат ныххæццæ хъæумæ.
Уыдысты немыц саурасыг, фынæй.
Ам ничи касти барæгмæ æнхъæлмæ.
Йæ ном фыста уый гæххæтты бынæй.
Мурат сындæггай рабырыди тагæй,
< Дæлдæр æм уым æнхъæлмæ каст Дугъон.
Нæхионтæм куы рахызтысты знагæй,
Уæд еыл æвиппайд хъæдрæбын ысбон.
90
Сæумæйæ немыц райхъал ысты тарстæй,
Сæхицæн иу ран нал ардтой бынат.
Зылдысты. Сгæрстой. Ас адæмы фарстой:
— Кæцæй у? Чи у? Цавæр у Мурат?..
4. Мурат у æнæрцахсгæ
Æмæ та кодтой немыцæгтæ суртæ,
Сæ зæрдæйы цыма ныкныхсти фат.
Уыдысты та гæххæттæй ныхæст къултæ,
Бынæй уыд алкæуыл дæр фыст: «Мурат».
«Тæккæ абон куы нæ ’рцахсат Мураты,
Ныццæгъддзынæн уæ карчы цъиутау раст»,—
Дзырдта хъæргæнгæ комендант йæ уаты,
Йæ салдæттæм æлхынцъæрфыгæй каст.
...Æмæ гъеуæдæй цалдæр боны рацыд.
Æрцыди та сæ фыдæхсæвтæн рад.
Æрфынæй кæнын фашистты нæ уадзы
Сæ фыдбылыз, хъæбатыр гуырд Мурат.
5. Фыццаг хæрзиуæг
Муратмæ иубон инæлар фæдзырдта
Æмæ йын райста ас лæгау йæ къух:
«Ды не знæгтæй æнцойдзинад фæсырдтай,
Мæ зæрдæ у дæуæй, мæ хъæбул, рухс».
Ныхъхъæбыс кодта инæлар Муратæн
Æмæ йæм орден цингæнгæ дæтты.
Мурат æм каст æфсæрмдзастæй, æнцадæй
Æмæ уыд ног хæслæвæрдтæм цæттæ.
91
6. Не’фсад цæуы размæ
Зындзинæдтæн мах тынг бирæ ныббыхстам,
Фæлæ уæддæр нæ басасти нæ тых.
Æмæ фыдгулты фидæрттæм ныббырстам,
Берлины хуылфмæ сарæзтам нæ ных.
Цыд размæ не ’фсад. Размæ цыд Кавказæй,
Æгæрон уадау Доны былæй цыд,
Мæскуыйы цурæй знаг лыгъди нæ разæй —
Фыдгулы ’фсады скуынæг кæнын хъуыд.
Цыдысты азтæ сабыргай, уæззауæй.
Хæсты заман сындæгдæр цæуы аз.
Мах бирæ хъæутæ баййæфтам сыгъд-сауæй,
Уæд цас горæттæ фехæлдысты, цас?
Уæлахиз хастам бирæ ’фхæрд зæххытæн.
Кæм уыд нæ къах — ысулæфыд уым зæхх.
Цыди Мурат Европæйы зæххытьм,
Æрлæууыд хæлд рейхстаджы цур æд бæх.
Фæсныхас
Фæдæн, æмбæлттæ, ууыл æз мæ радзырд,
Фæлæ ма уын æз иу хъуыддаг зæгъои:
Мурат ныр дæр ма уыцы цирчы хъазы,
Йæ уайаг бæх Дугъон та у зæронд.
Иæ бæсты цирчы хълзы ныр йæ байраг,
Иæ барæджы ыскъæфы уый дæр цырд.
Дугъоны хуызæн у Тымыгъ дæр уайаг,
Йæ уæлæ бады сахъ Мураты фырт.
***
92
АРФÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆ
Поэмæ-аргъау
Ацы цау не ’рцыди раджы:
Цардысты ус æмæ лæг.
Ницæмæй уыдысты хъаджджын,
Адæм сæм кодтой хæлæг.
Хъуыстис сæ цины хъæр арвмæ,—
Райгуырд сын иуафон фырт.
«Схонæм æй\ цæй æмæ, Арфæ»,—
Иу уыд ныййарджыты дзырд.
Алхатт-иу худгæйæ рацыд
Хъæбулы узынмæ мад.
Сабийæн алыбон зарыд
Уарзон ныййарæг æнцад:
«Ахæм лæппу мын куыд ысуай:
Мады æдзухдæр куыд мысай,
Адæмы хорзæн куыд рæзай,
Адæмы фыртæн куыд бæззай,
Адæмы фарнæн куыд кусай,
Адæмы дзырдмæ куыд хъусай,
Ракур-иу ахæм чызг, ахæм:
Ард дзы куыд хæрой-иу адæм...»
Зарæджы аив ныхасмæ
Айрæзти лæппу цæрдæг.
Мадæн æрлæууыд йæ фæрсмæ,
Фестад бæзæрхыгтæ лæг.
Йе уæнгтыл базыртæ ’рсагъта,
Балцы цæуыныл фæци
Æмæ уæларвмæ ысуагъта
Лæппу æвзыгъдæй йæхи.
93
Уазæгуаты Мигьмæ
Амбæлд фыццагдæр уый Мигъыл.
Урс-урсид боцъоджын Мигъ
Банцад мæстыхуызæй тигъыл,
Й’ алыварс хохамад — их.
Бады йæ дæлбазыр Мигъæн
Тарбын фæлмæн базтыл чызг.
Митау йæ цæсгом у ихæн,
Стыхсти йæ дзыккутыл чырс.
Уазæджы фенгæйæ чызгæн
Анхъæвзта йе уæнгты цин.
Уазæджы фенгæйæ чызгæн
Хурау йæ цæсгом фæци.
Зæронд Мигъ Арфæмæ дзуры:
«Чи дæ? Кæмæй дæ? Кæцæй?
Абад-ма иуцъус мæ цуры,
Ракæ дæ хабæрттæ, цæй».
«Кадджын Мигъ! — райдыдта Арфæ,—
Зæххæй куы тахтæн æз арвмæ —
Мад мын хæларæй дзырдта:
«Ме ’нхъæлцау, хъус-ма,— куырдта,—
Ракур мын ахæм чызг, ахæм,
Ард дзы куыд хæрой-иу адæм,
Чи ’рхæсса арвæй ыстъалы,
Хурау цæхæртæ куыд кала.
Адæмы дзырдмæ куыд хъуса,
Адæмы фарнæн куыд куса...»
94
«Лæппу, цъæх арвыл æз хилыи...
Мæймæ мæн аскъæфы уад.
Стъалыты бынты æрзилын,
Нæй, æз нæ зонын фæллад.
Уайын бæрзæндты мæ бæхыл,
Алцыдæр фенын бынæй.
Диссаг, цытæ федтон зæххыл,
Иу ран дæр ахæмтæ нæй».
«Зонын дын, дада, дæ хъыды»,—
Сдзырдта Мигъыдæ æваст.
Узæлгæ атыхст йæ фыдыл,
Мидбылтыхудгæ йæм каст.
Чызг цыма ноджыдæр айрæзт,
Уадултæ адардтой сырх...
Дзыкку къæбæлдзыгæй айвæзт,
Арвы быдыртыл ныппырх.
«Зондджын Мигъ, курын дæ, байхъус,
Хъуамæ мæ фæндон зæгъон:
Чызгæй мæ зæрдæ нæ барухс,
Цæй æмæ дарддæр тæхон.
Мигъ, æз дæ хъæбулмæ хатын:
Алыхатт иу нæу йæ зонд.
Хатгай тызмæг у, æгъатыр,
Хатгай рæсугъд у йæ конд...»
Уалынмæ хъал дымгæ ратахт,
Ахаста сау Мигъы дард.
Лæппу та къæвдамæ уайтагъд
Балæууыд. Айзæлд йæ зард.
Уазæгуаты Къæвдамæ
«Диссаг! Уый чи дæ? Кæцон дæ?» —
Уазæджы Къæвда фæрсы.
«Бахатыр мын кæн, зæххон дæн,
Амонды къах дæм хæссын».
«Ахæм лæппуйæн йæ чызджы
Чи кæна хъуамæ æвгъау.
Рахонут-ма мын мæ чызджы
Уазæджы цурмæ фæлтау!»
Азгъордтой кæстæртæ иууыл,—
Рацæуы семæ чызгай.
Радзырдта: «Стæ-ма, уый чи у,
Чи уыдзæн царды мæ къай?»
Бакасти лæппумæ, худы,
Айзæлд йæ цъæхснаг хъæлæс:
«Ахæм лæппу мæ кæд куры,
Разы дæн, разы, уæд æз!»
Уазæг Къæвдайырдæм разылд:
«Уастæн, цæй чызг дын и, цæй!
Стъалытæ, хуртæ йыл хъазынц,
Диссаг у кондæй, уындæй.
О, фæлæ зæрдæ нæ райы,
'Ргомæй мæ ныхас зæгъон:
Уайы Къæвдаханæн, уайы,
Алкæд йæ цæстытæй дон.
Афтаемæй далæ нæ зæххыл
Иумæ куыд цæрдзыстæм мах.
Цæй уал! Æз дарддæр фæтæхын!» —
Рухс мæймæ балцы фæтахт.
Уазæгуаты Мæймæ
«Ам мах фæрсæй-фæрстæм бадæм,
Фæлæ кæцон дæ? Кæмæй?
Чи дæ æрбарвыста ардæм?» —
Бафарста лæппуйы Мæй.
«Ардæм ыстахтæн æз Зæххæй,
Афтæ мын загъта мæ мад:
— Ацу, ысиу кæн дзæбæхæй
Мæйы чызгимæ дæ цард!»
Рацыд Мæидæ сæ цурмæ
Райгæ ’мæ мидбылты худгæ.
Мæйы рæсугъды цæстытæм
Уазæг фæкомкоммæ ’васт:
«Фенæн нæй ахæм цæстыты
Адæмы цин æмæ маст.
Курыи дæ, хъал Мæй, зæрдæйæ,
Де сиахс мæ ма схон нырма.
Арвы быдыртæм тæхгæйæ
Бафæдзæхста мын Æна:
«Ракур мын ахæм чызг, ахæм,
Ард дзы куыд хæрой-иу адæм...
Чи ’рхæсса арвæй ыстъалы,
Хурау цæхæртæ куыд кала.
Адæмы дзырдмæ куыд хъуса,
Адæмы фарнæн куыд куса».
Чызгмæ нæма ис æххæстæй
Уыцы хæрзæгтæй, бæгуы...
4 Хурзæрин
Цæй уал, тæхын æз дæ бæстæй,
Хорзæй уал баззай ам ды».
Уазæгуатпы Хурмæ
Арфæ рæсугъд Мæйы цурæй
Хуры бæстæмæ ыстахт.
Ие ’ргъæуæй галуантæм Хурæн
Бавæрдта бæлццон йæ къах.
«Чи дæ? Кæмæй дæ? Кæцон дæ?» —
Бафарста лæппуйы Хур.
«Дардбæстаг уазæг. Зæххон дæн,
Ардæм ыссыдтæн чызггур...»
«Марадз-ма, не ’фсин, Зæлдумæ
Ардæм ды тагъддæр фæдзур»,—
Буц æфсин бакасти Хурмæ,
Буц уыд йæ хъуыддæгтæй Хур.
Рацыди Хуры чызг мæнæ,
Хуртынæй дарæс йæ уæлæ.
Хуры тынæй йыл дзыккутæ,
Хуры тынæй йыл æрмкъухтæ,
Хуры тынтæй йыл фæрдгуытæ...
Чызджы цæстытæ — цæхæртæ,
Чызджы уадултæ — цæхæртæ.
Тынг зын — æрлæууын йæ цуры,—
Алкæй йæ цæхæрæй суры.
«Кадджын Хур!
Дунейы тавæг,
Дунейы тар æхсæв сафæг,
Никуы бацæуин дæ хъыджы.
Ахæссин мемæ дæ чызджы,—
Хатын æз, уымæн йæ зынгæй
99
Аскъуыдтæ уыдзæн нæ зæхх»,—
«Афтæ кæд дзурыс мæ чызгæй —
Цу, уæд, æндæр бæстæм тæх!»
Уазæгуаты Стъалымæ
Фесхуыста дарддæр нæ уазæг,
Стъалымæ рогæй ыстахт,
Æмæ йын кæстæртæ нуазæн
Къæсæрмæ рахастой тагъд,
Кæстæртæ кафынц йæ цуры,
Уый та Ыстъалымæ дзуры:
«Бузныг, дæ цард дын уæд адджын,
Дунейы хорзæхтæй бафсæд.
Амондæй макуы у хъаджджын,
Рухс цин дæ зæрдæйы хъазæд!
Ме ’рцыды сæр дын æрдзурон,
Дунейыл зилын чызггурæг.
Федтон йæ чызджы æз Мигъæн,
Хатгай куы хъарм у, куы — ихæн.
Хатгай тызмæг у, фырнымд у,
Хатгай рæсугъд у, фыдуынд у.
Къæвдамæ стахтæн чызгуынæг,
Зæрдæ йæ уындæй ысуынгæг.
Уый у рæсугъдты рæсугъддæр,
Тъизы ’мæ ниуы æдзухдæр.
Аив у Мæйы чызг кондæй,
Хайджын хъару æмæ зондæй.
Цæстытæ ирд тынтæ уафынц,
Зæрдæйы мур дæр нæ тавынц.
Уыйфæстæ атахтæн Хурмæ,
Бацыдтæн уый чызджы цурмæ.
Ницы зæгъæн ис йæ уындæй,
Басудздзæн зæххы йæ зынгæй.
Абон дæ бæстæм ыстахтæн,
Фенон дæ хъæбулы тагъддæр».
«Уагæры цавæр чызг курыс?»—
Стъалы йæ уазæгмæ дзуры.
«Курын æз ахæм чызг, ахæм,
Ард-иу кæмæй хæрой адæм.
Чи уа нæ зæххыл ыстъалы,
Чи кала хурау цæхæртæ,
Чи радта амонды малы
Адæмы фарнæн йæ зæрдæ».
Радзырдта Стъалы:
«Нæ уазæг,
Аназ уал, аназ дæ нуазæн...
Рахонут-ма ныр, мæ адæм,
Тагъддæр мæ чызджыты ардæм».
Чызджытæ рацæуынц авдæй,
Уæдæ цытæ райгуырд мадæй?!
Иуæй у иннæ рæсугъддæр:
Стъалыйы тынтæй сыл худтæ,
Стъалыйы тынтæй сыл дарæс,
Фаззæттау иухуызон — с’ арæзт.
Стъалыйы тынтæ æрттивынц
Стъалыйы чызджыты рустыл.
Алы хæзнатæ æрттивынц
Стъалыйы чыэджыты хъустыл...
Уалынмæ хъазгæйæ, худгæ
Арвыл æрбатылди Хур.
КО
Стъалыйы цæрджытæй иу дæр
Нал аззад уазæджы цур.
Иуырдæм акæсы уазæг,—
Фезмæлæг иу ран дæр нæй.
Иннæрдæм акæсы уазæг,—
Бæстæ æдзæрæг, фынæй.
Уалынмæ райхъуысти дардæй
Хурæн йæ барджын хъæлæс:
«Стъа-а-лы-йæн хъа-а-а-зын
Йæ ца-а-а-ар-дæй,
Бо-он æй
Æр-ба-а-айса-а-афын æ-æз».
Арфог сæмбæлд зæххон чызг
Зæринзгйыл
Стъалыйæ ратахти Арфæ,
Ауыдта иу чызджы арвыл.
Базыртæ чызгыл — цæргæсау,
Ирддзæстæй дардыл фæлгæсы.
Батахти лæппу йæ размæ,
Алæууыд иуцъус йæ фарсмæ:
«Бахатыр мын кæн, чызг, чи дæ?»
«Æз дæн зæххон чызг Зæринæ».
«Уагæр цæмæн зилыс арвыл?»
«Мойаг ыссарынмæ хъавын».
«Радзур, кæмыты фæзылдтæ?»
«Науæд кæмыты нæ уыдтæн...
Райгуырæн зæххæй куы тахтæн
Амонд ыссарынмæ дард,
Загъта ныййарæг мын, загъта,
Ахæм лæппу, дам, ыссар:
101
Чи дзура дзыллæты кадыЛ,
Ард дзы куыд хæрой-иу адæм.
Чи ’рхæсса арвæй ыстъалы,
Хурау цæхæртæ куыд кала.
Адæмы хорзæн куыд рæза,
Адæмы фыртæн куыд бæзза,
Адæмы дзырдмæ куыд хъуса,
Адæмы фарнæн куыд куса...
Федтон йæ фырты æз Мигъæн,
Хатгай куы хъарм у, куы — ихæн,
Хатгай тызмæг у, фырнымд у,
Хатгай рæсугъд у, фыдуынд у.
Къæвдамæ стахтæн фыртуынæг,
Зæрдæ йæ уындæй ысуынгæг,
Уый у рæсугъдты рæсугъддæр,
Тъизы ’мæ ниуы æдзухдæр.
Аив у Мæйы фырт кондæй,
Хайджын — хъару æмæ зондæй.
Цæстытæ ирд тынтæ уафынц,
Зæрдæйы мур дæр нæ тавынц.
Уыйфæстæ атахтæн Хурмæ,
Бацыдтæн уый фырты цурмæ.
Ницы зæгъæн ис йæ уындæй,
Басудздзæн зæххы йæ зынгæй.
Уырдыгæй Стъалымæ стахтæн,
Дисгæнгæ баззадтæн сагъдæй,
Хуры цалх арвмæ куы ’рбазылд,
Стъалы æд хъæбултæ нал зынд...
Чи дæ дæхæдæг, кæцон дæ?»
«Зоныс, дæу хуызæн зæххон дæн.
Ю>
Агурын дунсйыл къайаг.
Арвы быдырты фæзылдтæн,
Мæнæ дæ бæстæм æрцыдтæн.
Аив, хуыздæр нæй зæххонæй,
Уарзын дæ, дзурын æргомæй».
Дыууæ хъæбатыр цæргæсы
’Рбадтысты иумæ дзæбæх.
Дыууæ хъæбатыр цæргæсыл
Райы, ысцин кæны Зæхх.
Дыууæ хъæбатыры кадыл
Зарджытæ дардыл нæрыиц.
Дыууæ хъæбатыры цардыл
Сидтытæ радгай тæхынц.
Адæммæ рацыди Арфæ,
Аив сыл ахаста цæст.
«Абон æртахтæн æз арвæй,
Сæххæст мæ мады фæдзæхст».
Мидбылты бахудти Арфæ:
— Сæмбæлд мыл уалæ цъæх арвыл
Уарзон, зæххон чызг Зæринæ,
Нал уыд кæрон уæд мæ цинæн.
Уый бахудт — аивдæр Хурæй,
Ницы у Стъалы йæ цуры.
Ахæм рæсугъд чызджы разы
Ницы у буц Мæйы хъазын.
Галуантæ дардмæ æрттивынц.
Галуантæ калынц цæхæр...
Зарджытæ зарджыты ивынц.
Азæлы цины уынæр.
***
103
*## МÆ ЗАРДЖЫТÆ
ФÆСКОМЦÆДИС
Йæ размæ алы зын дæр уыд,
Йæ фæдыл знаджы нæмыг зылд,
Фыдгулы пецты дæр сыгъдис
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
Æхсыста тымыгъты йæ тых,
Лæууыдис айнæгау хъæддых,
Нæ раззаг рæнхъыты цыдис
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
Нæ хус быдыртæм уагъта дон,
Лæсæрдта заоодтæн æндон,
Уыд ног арæзтæдтæн мæцъис
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
Зæрæстæтты фæлдæхта нæуу,
Æфснайдта быдырты мæнæу,
Æдзух фылдæр кодта нæ ис
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
Хæсты йæ лæджы хæс фыста,
Фашизмы лæгæтмæ бырста,
Цы хъуыд, уый не знæгтæн фæцис
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
Йæ хъару байтыгъта зæххыл,
Ныр арвы бæрзæндтæм тæхы
Нæ бæстæйы æвзонг Цæдис —
Фæскомцæдис, фæскомцæдис.
###
104
УÆЛАХИЗЫ БОН
Сырх фæзыл цæуы нæ домбай бæстæ,
Сæххæст кодтам царды раз нæ ард.
Скодтам мах кæрон æвирхъау хæстæн,
Ахуыссыд нæ хотыхтыл йæ арт.
Адæмы цин уылæнтау æнхъæвзы,
Арв нæ сæрмæ — суадонау сыгъдæг.
Дунейы тæккæ егъаудæр фæзы
Зарджытæн дæр абон у къуындæг.
Мах цыдыстæм ацы бонмæ азтæ,
Знаг æрлæууыд зонгуытыл пырхæй.
Рахауди йæ сау тырыса састæй,
Мах тырыса баззади сырхæй.
Адæмы цин уылæнтау æнхъæвзы,
Райдыдтам та хъæлдзæгæй цæрын.
Дунейы тæккæ сабырдæр фæзы
Сармадзанты цины хъæр нæры.
Ис нæ цины рыст æмæ цæссыг дæр,
Зæххы хъысмæт нæу хæссын æнцон.
Мард хæстонты зынг зæрдæтæй тынгдæр
Раирд ис нæ Уæлахизы бон.
Адæмы цин уылæнтау æнхъæвзы,
Ацы фарн æппæт зæххы хъæуы,
Дунейы тæккæ егъаудæр Фæзы
Бæстæ куысты стыр тохтæм цæуы.
##*
ИРЫСТОН — КЫРДЖАЛИ
Райсомæй куы банцайы
Иры хæхтыл хурзæрин.
Цæстытыл уæд ауайы
Хурæйæфсæст Кырджали.
105
Терк æмæ Дунай-донæй
Зарагдæр цы уыдзæни?
Рагæй цæрынц уарзонæй
Рухс Ир æмæ Кырджали.
Мах цæуæм кæрæдзимæ,
Цинтæ нæм фæфылдæр и.
Иры рæсугъд æрдзимæ
Балымæи и Кырджали.
Мах цæстæнгас, мах уындæй
Зæххы конд фæхуыздæр и.
Исынц фарп сæ зад хуымтæй
Гухс Ир æмæ Кырджали.
НÆ ХЪÆУ
О нæ хъæу, зæрдæ дæ райы,
Ды дæ нæ ныфс æмæ кад.
Буцæй дæ алыварс зайы
Ааæмы къухты бæркад.
Уарзонæй д’ адæмæн абон
Хъуыстгонд у дардыл сæ кой.
Уыдон нæ бæсты сæраппонд
Алкæм куы кæнынц фæллой.
Алы хæдзарæй дæр хъуысы
Фарн æмæ амонды зард.
Хъæубæстæ абон нæ мысы
Рагон зæрдæхалæн цард.
Рудзгуытыл ирд тынтæ хъазынц,
Хур кæны адæмыл цин.
Быдыртæ зæххы сой нуазынц,
Быдыртæ — хъæуы æфсин.
106
Рог дымгæ ардыгæй худын
Мин азты дардмæ хæсдзæн.
Бафсæд цæрынæй, тæхуды,
Ацы хъæубæсты æхсæн,
###
АРФÆТÆ
Махæн нæ фæрнæйдзаг Ирæй
Хъуысы уæларвмæ нæ зард.
Уарзæм уæ, уарзæм уæ бирæ,
Мах фæндйаг хорз уæд уæ цард.
Чызджытæн зæгъы нæ зæрдæ:
Амæндтæй дзаг уæд уæ къух.
Стъалытау калут цæхæртæ,
Хурау нæм худут æдзух.
Мадæлтæн зæгъы нæ зæрдæ:
Макуы нын бавзарут зын.
Макуы ысурс уæнт уæ сæртæ,
Судзæд уæ цæстыты зынг.
Хистæртæн зæгъы нæ зæрдæ:
Сабиты хуртæй цæрут.
Уæхи дæндæгтæй сæкæртæ
Фондзыссæдз азы хæрут.
Дидинджытæ уæ мах хонæм,
Дидинджытау уыл — нæ мæт.
Барæвдауын уæ куыд зонæм,
Махмæ та ахæм тых уæд.
*#*
щ
ХУРЗÆРИН
Хъазы хæхты цъуппытыл,
Гауызæмбæрзт къуыппытыл,
Арф кæмтты уирагдуртыл
Хурзæрин.
Дардмæ дæр мæ уарзонæн
Ис æнцонæй базонæн:
Худы мын йæ уадултыл
Хурзæрин.
Бæласæн йæ къабузы
Рог дымгæ куы баузы,—
Ракæсы мæм фæткъуытæй
Хурзæрин.
У мæ цинты фидиуæг
Хурæй æфсæст дидинæг,
Судзы йыл сырх фæрдгуытæй
Хурзæрин.
Дон, æрттиваг уымæн дæ:
Фесхъиуы дæ уылæнтæй
Кæрдæгмæ хæрдгæбыдæй
Хурзæрин.
Нал æфсæдын зарынæй,
У цæмæн? Æмбарын æй:
Тавы мæн дæ рæвдыдæй
Хурзæрин.
###
АРВÆРДЫН
Дымгæ, дымгæ, уарзын дæ,
Зоныс, зоныс хъазын дæр,
Зоныс, зоныс хъазын дæр.
108
Кастæн та дæм рудзынгæй,
Баззадтæн дæ бузныгæй.
Арфæ дын,
Арфæ дын.
Мигъы дзæкъул бабастай,
Хус бæстæм æй ахастай,
Хус бæстæм æй ахастай.
Бæлæсты ’ртæх бауыгътай,
Хæхты сæрмæ сауыгътай
Арвæрдын,
Арвæрдын.
Хур та худгæ разынди,
Хуымтыл, фæзтыл азылди,
Хуымтыл, фæзтыл азылди.
Баленк кодта хъал доны,
Ирд тынтæй та нал зоны
Ауæрдын,
Ауæрдын.
Мигъ дæр зæххыл узæлы,
Батухы йæ уымæлы,
Батухы йæ уымæлы.
Уарын йемæ ахаста,
Худгæ та нæм ракасти
Арвæрдын,
Арвæрдын.
ПЛИТЫ ИССÆЙЫ ЗАРÆГ
Колхозы бригад Тырмоны фæзтæн
Сæ уыгæрдæнтæ кæрдгæ æрбацыд.
Фæдис, æмбæлттæ! Фыдбоны хæст нæм
Хурныгуылæнæй нæргæ æрбацыд.
Хæххон уæтæрæй цъæх арты ’взæгтæ
Мæйдар æхсæвы сырхæй зындысты.
Иссæйы цæфтæй мæнгард ызнæгтæ
Одессæйы цур пырхæй лыгъдысты.
Ходы хъæдгæстæ Бызы лæбырдтæм
Зымæгон райсом сæ суг фæкалдтой.
Иссæйы цæфтæй уыцы лæгсырдтæ
Карпатты хæхты сæ туг фæкалдтой.
Хæххон фиййæуттæ Мызуры рæгътыл
Сæ фос хизгæйæ фæрæт ыссардтой.
Иссæйы цæфтæй Манчжуры зæххыл
Цъынд самурайтæ мæлæт ыссардтой.
Бæтæхъойыхъæу фæззæджы бæркад
Куывдтæ кæнынæн йæ гонтæм ласта.
Хъæбатыр Иссæ хæцæг лæджы кад
Хæсты тымыгъты бæрзонд фæхаста.
МАМСЫРАТЫ ХАДЖУМАРЫ ЗАРÆГ
Нæ урссæр къæдзæхтæн æнафоны сау их
Сæ къулыл æрхызти.
Фæдисмæ, лæппутæ! Æнамонды сау мигъ
Нæ хурыл æртыхсти.
Йæ базыртæ систа тæхынмæ цæргæс дæр,
Уæллаг хохыл абадт.
Хаджумар æрбайста хæцынмæ йæ гæрзтæ,
Йæ саулохыл абадт.
Фæснæлы цъитийæн нæ комы лæбырдтæм
Иæ уазал æрцыди.
Хаджумары цæфтæй æгомыг лæгсырдтæн
Сæ адзал æрцыди.
110
Асыйаг рæгъаугæс сæ байрæгты æхсæн
Иæ бæх бацагуырдта.
Саханджери уымæн мæнгард лæгты æхсын
Дзæбæх бацамыдта.
Фиййау, дам, йæ дзугтæ Æрхоны фæндагæн
Йæ хæрды дæр тардта.
Хаджумар йæ фæдтæ фыдбоны ызнагæн
Кæмфæнды дæр ардта.
Сæуæхсиды колхоз йæ бæхдарæн фæзты
Ыстыр цад ыскодта.
Хаджумар нæ Ирæн лæгæвзарæн хæсты
Ыстыр кад ыскодта.
Заманхъуйлаг куырд, дам, Емауысы сыхæй
Æвзалы куы хаста.
Мамсыраты Хаджи йæ намысы тыххæй
Ыстъалы куы райста.
##*
МИЛДЗЫХТЫ ХАДЗЫМЫРЗÆЙЫ ЗАРÆГ
Тох, ыстыр тох ныккодта,
ыстыр тох, лæппутæ, гъей!
Ыстыр тох, гъей!
Нæ Райгуырæн бæстæм фыдызнаг лæбуры,
Фыдызнаг, дам, лæбуры, гъей, тох!
Гъей, Хадзымырзæ уарзон æмбæлттæм
куы дзуры, гъей!
Куы дзуры, гъей!
Куы никæй уæ фенин зын заман тæппудæй, гъей!
Зын заман, дам, тæппудæй, гъей, тох!
Тох, нæ сæрмæ фыдызнаг йæ гæрзтæ куы систа,
гъей!
Нæ сæрмæ, гъей!
Н1
Фыдбоны фæздæг нын ысуагъта нæ хурыл,
Ысуагъта, дам, нæ хурыл, гъей, тох!
Гъей, Хадзымырзæ уарзон æмбæлттæм куы дзуры,
гъей!
Куы дзуры, гъей!
Фашистон лæгсырдты ныккæрдæм куыристау,
Ныккæрдæм, дам, куыристау, гъей, тох!
Тох, нæ фæзтæ цъæх уалдзæг кæрдæгæй æмбæрзы,
гъей!
Æмбæрзы, гъей!
Хæххон дур уæлхохæй хъæргæнгæ куы тулы,
Хъæргæнгæ, дам, куы тулы, гъей, тох!
Гъей, Хадзымырзæ уарзон æмбæлттæм куы дзуры,
Куы дзуры, гъей!
Нæ цæфтæй фыдызнаг цæф сырдау куы хъæрзы,
гъей!
Цæф сырдау, дам, куы хъæрзы, гъей, тох!
Тох, Советон Æфсадæн йæ тыхтæ — æгæрон, гъей!
Йæ тыхтæ, гъей!
Йæ мæрдон лæгæтмæ ызнаджы куы суры,
Ызнаджы, дам, куы суры, гъей, тох!
Гъей, Хадзымырзæ уарзон æмбæлттæм куы дзуры,
гъей!
Куы дзуры, гъей!
Цæвут æй, иæвут æй! Æрхæццæ йæ кæрон, гъей!
Æрхæццæ, дам, йæ кæрон, гъей, тох!
$*$
ХÆТÆГТЫ ХАРИТОНЫ ЗАРÆГ
Нузалы фиййау фосы дзугимæ
Рагъыл æрхызти.
Харитон бадзуры:
Уарзон æмбæлттæ, размæ мæ фæдыл,
Знаг ныл æртыхсти.
Хохы мит сæртæ сусæны мæй дæр
Тайын нæ комынц.
Харитон бадзуры:
Гитлеры сырдтæн сахъ партизантæ
Сайын нæ комынц.
Дымгæйы змæлдæй айнæджы дуртæ
Коммæ куы згъæлынц.
Харитон бадзуры:
Знаджы салдæттæ не ’ндон нæмгуытæй
Донмæ куы кæлынц.
Райсомы æртæх нæууыл æрттивы
Арты цæхæрау.
Харитон бадзуры:
Белорусы хъæд махæн куы разынд
Нарты ызгъæрау.
Тыхджын зæй рацыд æмæ фæласта
Рагон фæлхæрттæ.
Харитон бадзуры:
Уæлахизимæ цæуæм нæхимæ,
Уарзон хæлæрттæ!
***
СОЦЙАЛИСТОН ФÆЛЛОЙЫ ХЪÆБАТЫР
КУЧИТЫ ЮРНЙЫ ЗАРÆГ
Хохаг цæргæс нæ бады кауыл:
Айнæгæй цъæх арвмæ — йæ каст.
Нæ Иры сахъгуырд
Юрий æмбæлттимæ науыл
Дард Цæгат фурдмæ фæраст.
Тох ныккодта, карз тох, æмгæрттæ!
Алкæд ут дымгæйау уæндаг!
Нæ Иры сахъгуырд
Юрий æмбæлттимæ ’мвæндæй
Ихты лæгæрста фæндаг.
Гъей, размæут, размæ, мæ хуртæ!
Лæг хъуамæ зынты уа хъæддых!
Нæ Иры сахъгуырд
Юрий Цæгаты их фурдæн
Басаста науæй йæ тых.
Зымæджы Лæцы дæрзæг къуыппыл
Никæд вæййы суайын æнцон.
Нæ Иры сахъгуырд
Юрий зæххы тæккæ цъуппыл
’Рсагъта тырыса бæстон.
#*#
ХЪАНТЕМЫРАТЫ АЛЫБЕДЖЫ ЗАРÆГ
Дæргъæвсы цъити-дон
Бирæ фæцыди
Йæ комы нарæгæй, гъей.
Алыбег Ирæн фæцыди
Йæ номдзыд барæгæй, гъей..
Хъантемыраты сæрæнгуырд, гъей.
11»
Уыналы хъæдгæс нын
Далæ Тæмисчъы
Нæзы хъæд ныссагъта, гъей.
Алыбег советон цирчы
Лæджы фæд ныууагъта, гъей.
Хъантемыраты сæрæнгуырд, гъей.
Чысаны фиййау нын
Фæззæг сæхимæ
Душетыл æрцыди, гъей,
Алыбег тæлтæг бæхимæ
Дунетыл æрзылди, гъей.
Хъантемыраты сæрæнгуырд, гъей.
Хынцæджы хосдзау нын
Йæ хостæ зиуæй
Бæрхиуыл ыссивы, гъей.
Алыбег, дæ хорз хæрзиуæг
Дæ риуыл æрттивы, гъей.
Хъантемыраты сæрæнгуырд, гъсй.
#*#
НЫХАС ФЫДИМÆ
Курын уæ, фæсабыр ут рæстæгмæ,
Дзуры мæм йæ ингæнæй мæ фыд.
Хæстæн уый йæ сау пиллон фæздæгмæ
Не ’ппæтæн дæр амондхæссæг цыд.
Нал бахæццæ, нал бацыд Берлинмæ,
Сау нæмыгæй иу фæзы æрхауд.
Нал бакаст Уæлахизы бон цинмæ,
Уымæ ничи, ничи ’рхаста фау.
Ничи ’рхаста фау,
Ничи ’рхаста фау,
Уый фæмард лæгау,
Уый фæмард лæгау.
Курын уæ, фæсабыр ут рæстæгмæ,
Дзуры мæм йæ ингæнæй мæ фыд:
Ды, мæ фырт, нæ зыдтай мæн хæстæгмæ,
Ды мæнæй нæ бавзæрстай рæвдыд.
Ингæнæй дыл абон дæр фæтыхсын,
Дарын дæм æппынæдзух мæ цæст.
Кæд, миййаг, дæ фыдæлты нæ мысыс,
Кæд нæ кæныс мах фæндтæ æххæст.
Кæд, миййаг, мæ ном,
Кæд, миййаг, мæ ном
Нæу дæуæн цæсгом,
Нæу дæуæн цæсгом.
Курын уæ, фæсабыр ут рæстæгмæ,
Радтон дзуапп мæ сахъ фыдæн бæлвырд:
Не ’рхæсдзынæн худинаг мæ сæрмæ,
Уымæн æмæ дæн дæуæн дæ фырт.
Ды мæнæн цы рæсугъд цард ыскодтай,—
Дунейы æппæтæй у хуыздæр.
Райгуырæныл ард кæддæр куыд хордтай,
Ард ыл афтæ бахордтон æз дæр.
Баууæнд мыл, мæ фыд,
Баууæнд мыл, мæ фыд,
Æз хæссын дæ цыт,
Æз хæссын дæ цыт.
Курын уæ, фæсабыр ут рæстæгмæ,
Дзуры мæм йæ ингæнæй мæ фыд:
Ма бауадзут хæсты арт фæстæмæ,
Мах рæстæджы пиллонæй куыд сыгъд.
Макуы хæтой мах зæххыл ызнæгтæ,
Макуы хъусат мадæлты кæуын.
Хæсты арт куы нæ ’хгæна фæндæгтæ,
Фидæнмæ æнцон у уæд цæуын.
Уадз æмæ нæ зæхх,
Уадз æмæ нæ зæхх
Уа фæлыст дзæбæх,
Уа фæлыст дзæбæх.
116
ГАСАНТЫ ÆФСЫМÆРТЫ ЗАРÆГ
Уæд махæй бирæтæ фæмарди,
Нæ кæнæм абон дæр ма рох
Гасанты сахъ лæппу Омарби
Куыд кодта знаджы ныхмæ тох.
Кæддæр уый мах карæн уыд азтæй,
Нæ фæзты азæлыд йæ зард,
Рæсугъдæй ногдзауы ном хаста,
Фæлæ йын байста знаг йае цард.
«Тæхуды, бæстæйы хæс бафид»,—
Зын сахат алчидæр дзырдта.
Гасанты сахъ лæппу Ханафи
Сæ хъæуæй не знæгты сырдта.
Кæддæр уый мах карæн уыд азтæй,
Нæ фæзты азæлыд йæ зард.
Рæсугъдæй ногдзауы ном хаста,
Фæлæ йын байста знаг йæ цард.
Нæ тарсти ногдзау хæсты знагæй,
Йæ ныхмæ уый цыди æргом.
Нæ ферох уыдзæн никуы махæй
Гасанты ’фсымæртæн сæ ном.
Кæддæр уыдысты махау азтæй,
Нæ фæзты азæлыд сæ зард.
Рæсугъдæй ногдзауы ном хастой,
Фæлæ сын байста знаг сæ цард.
***
ДЫМГÆ
Уæлæ арвыл ирд Стъалытæ судзынц,
Зилы Мæй нæ быдырты, нæ фæзты.
Дымгæ, дымгæ, байгом кæн чызгайы рудзынг,
Æмæ йын хæрзæхсæв зæгъ мæ бæсты.
И7
Бахæсс æм мæ уарзтады цæхæртæ,
Сауындз-иу сæ Стъалытау йæ царыл.
Дымгæ, дымгæ, уым ис рагæй дæр мæ зæрдæ,
Уый чызгай йæхæдæг дæр æмбары.
Фест фæлмæн баз саурæсугъды рустæн,
Уой рæсугъддæр, адджындæр — йæ фынтæ.
Дымгæ, дымгæ, уадз йæ рухс уаты æнустæм
Баззайой мæ цæстытæн сæ тынтæ...
Дымгæ, дымгæ, байгом кæн чызгайы рудзынг
Æмæ йын хæрзæхсæв зæгъ мæ бæсты.
МИЛИЦИОНЕРЫ ЗАРÆГ
Рæсугъд æгъдæуттыл фидарæй,
Æмбал, куы нæ уай баст,
Куы дæ æрдомон иварæй,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст.
Дæ уарзон чызгмæ цæугæйæ
Куы нæ уай булкъау даст.
Фæстæмæ дæ куы арвитон,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст.
Дæумæ дзурын, дæумæ, Косер,
Дæумæ куы у мæ каст:
Арахъхъ уадзгæ дæ ацахстон,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст,
118
Дæ сыхаджы куы нæ уарзай,
Куы йын аразай маст,
Фынддæс боны нæм ку’ абадай,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст.
Дæ фæндагыл куы нæ тæрай
Дæ машинæ æмраст,
Исты фыдбылыз сарæзтай,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст.
Æмбисæхсæв ды расыгæй
Куы кæнай хъæр-цъæхахст,
Уыцы рæстæг дыл амбæлдтæи,
Уæд-иу мæ ма ракæн хъаст.
КУЫД ЗЫНАРГЪ ДÆ, НЫЙЙАГÆГ
Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у,
Æмæ йæм фæлмæн ныхасæй дзурут.
Макуы ракæс тарæрфыгæй мадмæ,
Уый рахаста амондау дæу цардмæ.
Мады къух бæркад æмæ рæдау у,
Æмæ йæ сывæллонау рæвдаут.
Мады арм йæ хъæбулæн фæндаг у,
Æмæ дзы ды макуы цу фæдагур.
Мады кастæй цъититæ дæр тайынц,
Уый къахвæдтыл дидинæг дæр зайы.
Мадæн макуы, макуы скъах йæ зæрдæ.
Зон æй: уым дæхæдæг дæр æвæрд дæ.
Мады хъæбыс сабийæн хæдзар у,
Уым рæзынц йæ ныфс æмæ йæ хъару.
119
Мадæлтæн хуыздæр дзырдтæ æвзарут,
Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут.
*##
МАДЫ ХÆРЗТÆ
Махæн нæ цард у мадæлты лæвар,
Зæхх у цæрæнбонты мадæй бузныг.
Сабиджын ыскæны уый йæ хæдзар,
Рухсмæ сын бакæны царды рудзынг.
Мады цæстытæй рухсдæр цы уыдзæн,
Йе ’нгас сæуæхсидæй у рæсугъддæр.
Хи мадау ысвæййы уый йæ чындзæн,
Авæрдзæн хъæбулæн уый йæ уд дæр.
Мадæн йæ зæрдæ хурæй у хъармдæр,
Уыцы арт фæтавы мах æдзухдæр.
Дардæй дæр æххуысмæ мады арммæ
Байвазæм зын сахат мах нæ къухтæ.
Мадæлты уарзтæй цы ис тыхджындæр,
Уарзон æй ыскæнæм мах нæхицæн.
Мадæлтæй æдзух ыстæм хæсджынтæ,
Мах сын æй фылдæрæй хъуамæ фидæм.
Исæм нæ цинтæ мады цæсгомæй,
Фæндæгтæм фæкæсæм мады цæстæй.
Фæлæ йæ зæгъæм, зæгъæм æргомæй:
Байрох кæнæм арæх мады хæрзтæ.
Цæй æмæ зæххы цъупмæ ысхизæм,
Мады нæ уæлныхты хурау сисæм.
Уадз æмæ йæ зардмæ дуне хъуса,
Уадз æмæ йæ кастæй дуне рухс уа.
120
МÆ ЗÆХХОИ ХУР ДÆ
Мæнæн куы байгом мæ уарзты рудзынг,
Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæ судзы.
Уарзоны ’нгасæй, уарзоны худтæй
Нæ райдзаст бон дæр кæны рæсугъддæр.
Куы мæм ракастæ дæ мидбыл худгæ,
Уæдæй фæстæмæ мæ зæххон хур дæ.
Мæхи дæумæ фæтавын,
Фæнды мæ демæ æдзухдæр кафын.
Куы дын фехъуыстон дæ рæсугъд зарын,
Уæдæй фæстæмæ æнцой нæ арын.
Æгас дунейæн, гъе, ахæм зæлтæ
Æрмæстдæр ратдзæн, гъе, ахæм зæрдæ.
Куы дын ныккастæн дæ сау цæстытæм,
Уæдæй фæстæмæ фæдæн уæнгрогдæр,
Тæхын уæларвон фурды,
Æмæ мæм иууыл кæнынц тæхуды.
Куы фæхайджын дæн дæ рæсугъд уындæй,
Уæдæй фæстæмæ мæ адджын фын дæ.
Мæ мидхъуыдыты дæуимæ дзурын,
Фæнды мæ уæвын æдзух дæ цуры.
Æз дын фыццаг хатт мæ уарзт куы загътон,
Уæдæй фæстæмæ мæ цин ыссардтон.
Скæнæм иумæ нæ фæндаг
Æмæ æрвитæм нæ цæрд нæ фæндйаг.
###
МАХ КУЫ УÆМ ИУ ЗÆРДÆ
0 мæ хур, ратт-ма мæм дæ фидар къух,
Иу фæндаг, иу фæдыл цæуæм æдзух.
Мах куы уæм иу зæрдæ, гъеуæд рæсугъддæр
Уыдзæн нæ цард.
121
Млх куы у<тм иу зæрда\ гъеуæд рæсугъддæр
X ьуысдзæи нæ зард.
О мæ цин, батав мæ дæ цинтæй, цæй,
Уалдзыгон дидииæг ыскæн мæпæй.
Мах куы уæм иу зæрдæ, гъсуæд рæсугъддæр
Уыдза’п па’ цард.
() ма» ныфс, бахсид мæ дæ ныфсæй ды,
Фида’имæ дсмæ мæп цæуып фæнды.
Мах куы уа*м иу зæрда\ гъеуæд æргомдæр
Уыдзæи иа» каст.
Мах куы уæм иу зæрдæ, гъеуæд æргомдæр
Уыдзæи иæ уарзт.
Мах куы уа*м иу за*рдæ, гъеуæд æргомда’р
Уыдзæи иæ каст.
Мах куы уа’м иу зæрдæ, гъеуæд æргомдæр
Уыдза>и пæ уарзт.
***
.ЧЛРКМÆ
Фд>схохæй за»рип хур æркасти,
Йæ тынтыл рæсугъд бон æрхаста.
Цъæх ариыл сыпдæггай фæтулы,
Йæ мидбылты худгæйæ дзуры:
За-рс-мæ, За-ре-мæ, За-ре-мæ,
Фл’иды мæ æдзух тæхын демæ...
Заремæ, Заремæ, Заремæ
Нæ ацыди ирд хурæн йемæ.
Уыдзæпи æиусмæ дæр мемæ
Зарсмæ, Заремæ, Заремæ.
Па’ къахдзæфтæй кæрдæг ызмæлы,
Йа» сыфтæрта^й æртæх ызгъæлы.
Æрзылдн рæудымгæ нæ цуры,
122
Йæ мидбылтрл худгæйæ дзуры:
За-рс-мæ, За-рс-мæ, За-ре-мæ,
Фæмды мæ æдзух тæхып демæ...
Заремæ, Заремæ, Зарсмæ
Мæ атахти дымгæйæн йсмæ.
Уыдзæми ач1усмæ дæр мсмæ
Заремæ, Заремæ, Заремæ.
Мæйрухс изæр доны был бадæм,
Нæ уарзт нæ æрбахуыдта ардæм.
Ысдзырдтон чызгаймæ йæ момæй,
Æвиппайд мæм райхъуысти комæй:
За-ре-мæ, За-ре-мæ, За-ре-мæ,
Фæнды мæ æдзух тæхып демæ...
Заремæ, Заремæ, Заремæ
Нæ атахти азæлдæн йсма\
Уыдзæни æнусмæ дæр мемæ
Зарсмæ, Заремæ, Заремæ
Æдзух у æнæнцой мæ зæрдæ,
Иæ фыруарзтæй калы цæхæртæ.
Нæ фидæп, мæ амонд æмбары
Æмæ мын йæ фырцинæй зары:
За-ре-мæ, За-рс-мæ, За-рс-мæ,
Фæнды мæ ысиу уæвын демæ...
Заремæ, Зарсмæ, Зарсма»
Мæ зæрдæйæн баззади исмæ.
Уыдзæми æнусмæ дæр мсмæ
Заремæ, Заремæ, Заремæ.
***
ЦÆЙ, НÆ ЛМОПД СИУ КÆИÆМ!
Л æ п п у:
Къалиу, къалиу — къабузæг,
Ды — мæнæн мæ малусæг.
Бафтыдтай мæ катайы,
Æз дæ уыпдæй атайын.
123
Хъæугæрон цъæх уæлвæзтæ,
Ды мæнæн мæ цæргæс дæ.
Хохы фахсыл бур кæрдæг,
Ма мæм разын дурзæрдæ.
И у м æ:
Комы бын, цæй нарæг дæ?
Ды мæнæн мæ зарæг дæ.
Æз дæ уарзт куы бамбарин,
Уæд æнцойбон нал арин.
Суадон равзæрд дуры бын,
Ды — мæнæн мæ хуры тын.
Донæн коммæ — иу кæлæн,
Цæй, нæ амонд сиу кæнæм!
Л æ п п у:
Хорз хабар цы хъус кæнон,
Ды — мæнæн мæ урс бæлон.
Æз дæ фæлмæн кæстытæй
Исын рухс мæ цæстытæн.
Ч ы з г:
Сæрд йæ хъармдæр — афонтæн,
Дæ мæнæн мæ амонд дæ.
Хохы бынмæ къул фæрстæ,
Ма мæм ракæс зул цæстæй.
И у мæ:
Комы бын, цæй нарæг дæ?
Ды мæнæн мæ зарæг дæ.
Æз дæ уарзт куы бамбарин,
Уæд æнцойбон нал арин.
Суадон равзæрд дуры бын,
Ды — мæнæн мæ хуры тын.
Донæн коммæ — иу кæлæн,
Цæй, нæ амонд сиу кæнæм!
***
124
МÆ ЦÆУГÆ СТЪАЛЫ
Уæлæ Мызуры
Æртæ урс дуры,
Ой, æмæ, кæцы дзы ссарои.
Ныр та мыл дзуры
Æртæ усгуры,
Охх, æмæ, кæцы дзы ’взарон,
Мæздæджы хъазтæ нын
Сæ малы астæу,
Охх, æмæ, мæ риуы баззад,
Дæ рæвдаугæ кастæй,
Дæ судзгæ уарзтæй,
Охх, æмæ, мæ зæрдæ тоны.
Уæртæ Уыналы
Цы суадон кæлы,
Ой, æмæ, дæтты рæсугъддæр.
Мæнæн Джызæлы
Цы уарзон цæры,
Охх, æмæ, бæсты рæсугъддæр.
Цæргæсæн йæ тæхæн
Цъæх арвы фæтæн,
Ой, æмæ, дæрдтыл фæцыди.
Цы ранæй мæм фæдæ
Æнусон мæтæн,
Охх, æмæ, мæ фын фæлыгъди,
Уæлæ нын хурæн
Йæ тынты уылæн,
Ой, æмæ, Хъæриуыл банцаД.
Мæ зынтæ сурæг
Мæнæн — дæ сурæт,
Охх, æмæ, мæ риуыл баззад.
125
Уæлæ Мызуры
Æртæ урс дуры,
Ой, æмæ, кæцы дзы ссарон.
Ныр та мыл дзуры
Æртæ усгуры,
Охх, æмæ, кæцы дзы ’взарон.
Æрыдоны дон нын
Иæ рохтæ топы,
Ой, æмæ, цæхæртæ калы.
Дæ уарзт дын куы зонын
Æмæ дæ хонын,
Охх, æмæ, мæ Цæугæ Сгьалы.
МЛДЫ ЗÆРДÆ
Мæй сындæггай мигъты ’хсæн лæсы,
Дымгæ таурæгь донбылæй хæссы.
Иу хъæуы дам, саурæсугъд чызг цард,
Иу лæнпу йæ уарзонадæй тад.
Чызг æм дзуры: «Байхъус-ма бæстон,
Цу ’мæ мын дæ мады зæрдæ стон.
Зоныи, лæппу, тынг зын у дæ хæс,
Фæлæ мын дæ мады зæрдæ ’рхæсс».
Баззади æнæ зæрдæйæ мад,
Лæппу чызгмæ мидбылхудгæ уад:
«Сæххæст кодтон æз, чызгай, мæ хæс,
Айс æмæ йæм цингæнгæйæ кæс».
1?6
Чызг фæмæсты: «Байхъус-ма, фæлæуу,
Уæ æдылы, къахгæ кодтои дæу.
Кæд нæ хъæуы дæу, лæппу, дæ мад,
Уæд мæнæн куыд кæндзынæ лæггад?»
Лæппу уади чызджы цурæй тагъд
Æмæ ду|)|»1Л бакъуырдта йæ къах.
Мады зæрдæ фесхъиудта, ыстыхст:
«Кæд, миййаг, дæ къахы цæф фæрыст...»
Мæй сыпдæггай мигъты ’хсæп лæсм,
Дымгæ чызджы уайдзæфтæ хæссы:
«Бабмн уат, на» лæппута», сымах,
Кæд цм ипут буц мадæлтыл мах».
***
ДЗКРЛССÆ
Ка’сынц мæм бæрзоидæп пæ хæхтæ,
Зары æхсæрдзæн мæиæи.
Мæ уарзон Дзсрассæ,
Æз доны æртæхтæи
Скодтоп фæрдгуытæ дæуæп.
Æркъул и мæ уадулмæ уарди,
Чызгай, дæуæи мæ фæрсы,
Уый хъæугæроп доибыл
Нæ цинæй æрзади,
Мах цæстæпгасæй нæрсы.
Æристон иæ хурæй æз æндæхтæ,
Сбыдтоп дзы къаба дæуæи.
Мæ рæсугъд Дзерассæ,
Чызджытм дзæбæхдæр,
Хурау мыи калмс тæмæн.
Мæ рæзты æрбазылди дымгæ,
Систой йæ базыртæ мæн.
Мæ дуне Дзерассæ,
Дæу бауарзтон тынгдæр,
Д’ амондæй амондджын дæн.
Нæ æрдзæн йæ аивдæр зæлтæй
Иу ^арæг скодтон дæуæн.
Мæ сауцæст Дзерассæ,
Дæттын дь’н мæ зæрдæ,
Мин азмæ дæр ыл æууæнд.
###
ЦЪИТИЙÆН СÆРДЫ — ЙÆ ТАЙÆН
Цъитийæн сæрды — йæ тайæн, гъей!
Сæр-сæргæнгæйæ фæкæлы, гъей!
Æдзух мæ зæрдæ чызгайæн, гъей!
Иæ уындмæ хурау фæбæллы, гъей!
Тæхуды æмæ нæ комы, гъей!
Зынаргъ хæзнадур чи ссары, гъей!
Æнусмæ, чызгай, дæ номыл, гъей!
Зæлдаг къухмæрзæн чи дары, гъей!
Дидинæг йæ сæр æруагъта, гъсй!
Мыдæй йæ йедзаг куы хонынц, гъей!
Ка»мæй æмбæхсæм нæ уарзтад, гъей!
Уæддæр æй иууыл куы зонынц, гъей!
Суадонмæ къалиу æртасыд, гъей!
Иæ дон ын сыфтæ куы нуазынц, гъей!
Чызгай, дæ бахудт, дæ рацыд, гъей!
Мæ уæнгты стыр ныфс куы уадзынц, гъей!
128
Кæрдæгыл æртæх æрттивы, гъей!
Сæууон тынтæ йæ рæвдауынц, гъей!
Æз дыл мæ зæрдæ нæ ивын, гъей!
Дæ цæстытæ мæ куы тавынц, гъей!
Æфсир фырнæрстæй фæтоны, гъей!
Хæрзад фæззæг нын кæндзæни, гъей!
Нæ чындзæхсæвмæ уæ хонын, гъсй!
Бæркад йæ былтæй кæлдзæни, гъей!
САГЪÆС
Уæ бон нæ бацис уарзты цæхæр сисын,
Нæ бафæрæзтат уарзты уаргъ хæссын...
Цæмæн кæнут уæд цоты зæрдæ риссын?
Хъæбулæн уæд цæмæн дæттут цæссыг?
Уæ бон нæ бацис уарзты цин æвдисын,
Фæдардтат æй кæрæдзийæ æмбæхст...
Цæмæн кæнут уæд цоты зæрдæ риссын?
Хъæбул цæмæн у хур бон дæр æргъæвст?
Уæ бон нæ бацис уарзты фæзмæ схизын.
Нæ дзы ’ртыдтат сырх дидинджыты баст...
Цæмæн кæиут уæд цоты зæрдæ риссын?
Хъæбулы риу цæмæн судзы уæд маст?
Кæд аскъуыди уæ уарзты тын æмбисыл.
Кæд иуварсмæ уæ уарзты хур фæкъул...
Цæмæн кæнут уæд цоты зæрдæ риссын?
Цы аххосджын у ацы ран хъæбул?
Хъæуынц хъæбулы мады хъарм хъæбыстæ,
Хъæуы хъæбулы буц фыды рæвдыд.
Цæмæй хъæбулæн уа рæсугъд йæ хъысмæт,—
Йæ фарсмæ уой йæ мад æмæ йæ фыд.
###
129
УÆДДÆР МÆ НЕ ’МБЛРЫС
Æз дын мæ удæй арт кæнын.
Ды та йæм хал дæр нс ’пмармс.
Дæ сыгъдæг номæй ард хæрып,
Уæддæр... Уæддæр мæ нс ’мбарыс.
Æз дæ фыпы дæр агурып,
Ды та мæ бон дæр нс ссарыс.
Мæ сусæг фæнд дын радзурын,
Уæддæр... Уæддæр мæ нс ’мбарыс.
Æз дæ мæ зарæг рахонын,
Ды та йæм зæл дæр нс ’фтауыс.
Нæ цардвæндаг дын амонын.
Уæддæр... Уæддæр мæ нс ’мбарыс.
Æ:% дæ тымыгътæй хъахъхъæнып,
Ды га мæ мурдæр не ’пдавыс.
За»рим тынтæм дæм ракæлып,
Уæддæр... Уæддæр мæ нс ’мбарыс.
Æз, зоп, дæ мæтæй батадтæн,
Ды та мын мæ рыст нс ’мкъарыс.
Сæрдыгон сыфау баруадтæн,
Уæддæр... Уæддæр мæ ис ’мбарыс.
Кæдмæ цæрдзынæ хибарæй?
Кæдмæ дæ хъаздзæн искæй зопд?
Æз зоным... Зомып фидарæм,
Мæн бамбæрдзыпæ искæдбоп.
ЗÆРДÆЙЫ ДИДИНÆГ
Дзерассæ... О мæ чызг Дзерассæ,
Мæ тугдадзии дæ, ды мæ бæлои да\
Ысты дын ме ’нгуылдзта» са»рвасæн,
Ды д.тттыс мæ удæи цæра-ибоптл’.
Кс0
Мæ тмх алмæ мæ пыфсдæттæг — Дзерассæ.
Мæ зыи æмæ мæ рыстсæттæг — Дзсрассæ.
Мæ хорз фæмдтæм сæ фидиуæг,
Мæ зæрдæйæм йæ дндинæг.
Дзерассæ... 0 мæ чызг Дзерассæ,
Фæнды мæ, фарнимæ куыд рæзай.
Куыд тавай дунены дæ кастæи,
Нæ зæххæм амæндтæ куыд хæс:а>*.
Дзсрассæ... 0 мæ чызг Дзсрассæ,
Цæуыс мæ конд фæндагыл абон.
Мæн халдих бакодтай æпгасæи,
Æмæ йæ ахæссын дæр базон.
Дзерассæ... 0 мæ чызг Дзсрассæ,
Фæиды ма\ зарджытæ куыд уарай.
Дæ рухс æмæ æхсидгæ уарзтæй
Цырæгътæ ада>мæи куыд дарай.
ФЫДУЫНДТÆ ЦЫ ФÆУОЙ?
Лæппутæ, рæсугъдты ’взарут,
Лæппутæ, рачгугъдтыл зарут,
Рæсугъдтыл уæ цин, уæ мæт,
Фыдуммдтæ щ»| фæуой уæд?
Лæппутæ, куы вæййут хъазты,
Рæсугъдтæм гъеуæд уæ каст у.
Рæсугъдтыл уæ цин, уæ мæт,
Фыдуындтæ цы фæуой уæд?
131
Рæсугъдты мæимæ барут,
Рæсугъдтыл уæхи фæмарут,
Рæсугъдтыл уæ цин, уæ мæт,
Фыдуыидтæ цы фæуой уæд?
Рæсугъдты кинотæм хонут,
Рæсугъдтæн дидинтæ тонут,
Рæсугъдтыл уæ цин, уæ мæт,
Фыдуындтæ цы фæуой уæд?
Рæсугъдты уынут уæ фыны,
Рæсугъдтыл аипп нæ зыны,
Рæсугъдтыл уæ цин, уæ мæт,
Фыдуыпдтæ цы фæуой уæд?
Фыдуындтæн дæр ис зæрдæтæ,
Фыруарзтæй калынц цæхæртæ,
Рæсугъдтыл уæддæр уæ мæт,
Фыдуындтæ цы фæуой уæд?
ДЫ ДÆ МÆ ЗАРÆГ
Хуссары фæткъуы — сырхварс, лæхурæг,
Дидинæджы сæр — мыды дзæкъулæг, гъей!
Мæнæн дæ, лæппу, мæ фынтæ сурæг,
Мæ цæстыл уайы æдзух дæ сурæт, гъей!
Сæууон хуры тын — æфсир рæвдауæг,
Мæ уарзтæн фæзты — дымгæ йæ тауæг.
Дæ цæстæнгас у зæрдæ æндзарæг,
Ды дæ мæ зарæг, гъей!
Цæргæсы бæллиц — бæрзонд хæтæнтæ\
Æфсины къæбиц — зæххон фæтæнтæ, гъей!
Ды дæ лæппуты тæккæ сæрæндæр,
Иыфсæвæрæг у дæ ныфс мæнæн дæр, гъей!
Сæууон хуры тын — æфсир рæвдауæг,
Мæ уарзтæн фæзты — дымгæ йæ тауæг.
Дæ цæстæнгас у зæрдæ æндзарæг,
Ды дæ мæ зарæг, гъей!
Хæххон суадонæн — хæрдæй йæ уайæн,
Хæххон цъитийæн — сæрды йæ тайæн, гъей!
Дæ мидбылты худт — мæнæн æнцайæн,
Дæу равзæрстон æз æнустæм къайæн, гъей!
Сæууон хуры тын — æфсир рæвдауæг,
Мæ уарзтæн фæзты — дымгæ йæ тауæг.
Дæ цæстæнгас у зæрдæ æндзарæг,
Ды дæ мæ зарæг, гъсй!
***
УАРЗОНЫ ЗАРÆГ
Дымгæ, дæ базыртыл ахæсс
Хæхтæм мæ зарæджы зæлтæ.
Чызгай, мæ цæстытæм бакæс,—
Фенай, куыд дыл у мæ зæрдæ.
Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Демæ мæ фыны дæр дзурын.
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ
Уарзомдзинады цæхæртæ.
133
Дс ’пгао, дæ сагъæс æмбарын,
У мын ныфсы хос дæ сурæт.
Д’ алы кьахдзæф дæр дын барын,
Ды дæ мæ зыитæн сæ сурæг.
Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Дсмæ мæ фыны дæр дзурын.
Судзыиц мыи, судзынц мæ зæрдæ
Уарзопдзинады цæхæртæ.
Бакæсын дæр дæм нæ уæндын,
Зæрдæ фыруарзтæй дæр тоны,
Фæлæ дыл м’ амонд æууæндын,
Батавдзынæ йæ, уый зонын.
Пичи мæ хъæуы дæ цуры,
Дсмæ мæ фыпы дæр дзурын.
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ и
У*трзондзинады цæхæртæ.
Мад*ура куы уон дæ разы,
Иуплрс дæ мс ’нгас куы здахон.
Ма-иу мæм æрхæсс у<тд азым,
Ды мæи æнæрнæссон ма хон.
Мичи мæ хъæуы дæ цуры,
Дсмæ мæ фыны дæр дзурып.
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ
Уарзопдзинады цæхæртæ.
***
ЦЛНÆР ÆНÆИЫ«1>С ДÆ?
Мæ иунæг бахудтæй цæмæн атайыс?
Л1æ цуры къæзгæ дзырд цæмæн байдайыс?
Лæппу куы хуиныс,
Цапæр æнæныфс дæ уæд?
134
Дæ сау æрфгуытæ мæ цæмæн атлыс?
Мæ цæсты æнгасæй цæмæц алидзыс?
Лæппу куы хуиныс,
Цавæр æнæныфс дæ уæд?
Пæ фæзмæ æнæ мæн цæма*н аца’уыс?
Мæ фæстæ тæргайæ цæмæн алæууыс?
Лæппу куы хуиныс,
Цавæр æнæныфс дæ уæд?
Æмбæлттæн сæ фæстæ цæмæн аззаныс?
Митæй мыи мæсгуытæ цæмæн амайыс?
Лæппу куы хуиныс,
Цавæр æнæныфс дæ уæд?
Дæ зæрдæйы дуар мын цæм;ги ныхгæпыс?
Мæ фæлмæн ныхасæн цæмæн сырх кæныс?
Лæппу куы хуиныс,
Цавæр æнæныфс дæ уæд?
МА МЫН КÆН ТÆРГÆЙТТÆ
О мæ уарзон чызг, цæй рухс дæ,
ХуРаУ у дæ цæстæнгас.
Судзынц дæ уындæн мæ рустæ,
Нал дæм ф’арын æз ныхас, гъсй!
Райсомæй куыстмæ цæугæйæ
Æз дæуыл куы амбæлын,—
Амонды тынтæ хæрдгæйау
Атыхсынц æпаст мæныл, гъен!
Ма мын кæн, чызгай, тæргæйттæ,
Ма ’мбæхс ме ’нгасæй дæхи.
Раргом кæн фæлтау дæ зæрдæ,
Батава мæн дæр дæ цин, гъей!
Згъордзæн ныл фæрнæй нæ рæстæг,
Амондджын уыдзæн нæ цард.
Иры быдырты ’мæ фæзты
Хъуысдзæнис æдзух нæ зард, гъей!
АВД ХОЙЫ ЗАРÆГ
Азæлд нæ фыдæн йæ зарæг,
Таняйæн скодта хъæугуывд.
Фæлæ куы райгуырд Тамарæ,—
Бахъынцъым кодта нæ фыд.
Загъта: «Уыдзæни мын аннæ,
Зонын, æнæмæнгдæр, фырт».
Уалынмæ райгуырди Аннæ,—
Катайы бацыд нæ фыд.
Чызджытæ, ут нын цæринаг,
Иунæг æфсымæр сæ хъуыд.
Уалынмæ райгуырд Маринæ,
Йе ’ннæ хо Наташæ уыд.
Бирæ нæ рацыди, бирæ.
Уалдзæг йæ тæмæны уыд.
Бинонтыл бафтыд Зæирæ,—
Цавддурау фестад нæ фыд.
136
Иунæг фырт цæстæй куы фена —
Скæцдзæн ын ардхæрæн куывд.
Уалынмæ райгуырди Женя,
Лдæммæ нал каст нæ фыд...
Ныр ныл æрхъæцмæ нæ лæууы.
Дары нын йе ’взагыл мыд.
Лбон у махæн нæ хъæуы
Лæгтæн сæ хъалдæр нæ фыд.
***
ЛИРИКОН
Зæрдæ тырны доны былмæ,
Уæлдæф уым — сыгъдæг.
Нал фефсæды комы уындмæ
Уым кæсынæй лæг.
Ферттывта мæм суадоны цур
Сау цæсты цæхæр.
Уарзоны цин, уарзоны хур
Басыгътой мæн дæр.
Схизæм иумæ хохы сæрмæ,
Дуне дзы зыны.
Аив зарæг доны хъæрмæ
Уым æдзух гуыры.
Ферттывта мæм суадоны цур
Сау цæсты цæхæр.
Уарзоны цин, уарзопы хур
Басыгътой мæн дæр.
Уыцы фæзтæй, уыцы рæгътæй
Ам рæсугъддæр нæй.
Байтауы сыл урс цырæгътæ
Алы ’хсæв дæр мæй.
П7
Ферттывта мæм суадоны цур
Сау цæсты цæхæр.
Уарзоны цин, уарзоны хур
Басыгътой мæн дæр.
***
0 НЛНЛ...
Хуры тын фыруарзтæй нал быхсы,
Бæласы къалиуыл атыхсы.
Æхсæрдзæн сæмбæлди суадоныл,
Иæ зæрдæ фыруарзтæй ратоны.
9 О нана,
Фссæфти мæ фын,
Горæтмæ рæсугъд чызгайы
Курынмæ цæуын.
Мыдыбындз дидинмæ базары,
Уый дæр æм йæ хъæбыс бадарм.
Иу айнæг иннæмæ бадзуры,
Рог дымгæ йæ къайы агуры.
0 нана,
Фссæфти мæ фын,
Горæтмæ рæсугъд чызгайы
Курынмæ цæуын.
Æдзух дæм фæкæнын тæхуды,
Зæрдæйы куыд тапы дæ худын.
Мæйау мыи дæ цæсгом — цырагъдар,
Дæуæй мын ницы ис зынаргъдæр.
О нана,
Фесæфти мæ фын,
Горæтмæ рæсугъд чызгайы
Курынмæ цæуыц.
133
ДÆ ЦÆСТЫТÆ
Зæрдæйы дуар дзых фæхонынц,
Дæуæн та сты дæ цæстытæ.
Мæ зæрдæ мын фæцæйтонынц,
Чызгай, æдзух дæ кæстытæ.
Нæ фембæлдтæ зыиаргъ ысты,
Сæумæйæ та дыл амбæлдтæн.
Дæ цæстытæй мæм тахтысты
Сызгъæрин тынтау амæндтæ.
Дæ цæстытæ куы фæхудынц,
Мæ цæсгом уæд ныррухс вæййы.
Дæ цæстытæ куы фæдзурынц,
Æгас дуне ныхъхъус вæййы.
Дæ цæстæнгас мæн ахæссы
Нæ фидæны рæсугъд фæзтæм.
Дæ цæстытæй мæм ракæсы
Нæ уарзондзинад рухс цæстæй.
Дæ цæстыты фæлмæн артæи
Хъызт зымæджы дæр атайып.
Мæ зæрдæйы рæсугъд зардæи
Дæ цæстытæ — йæ райдайæн.
Мæ зæрдæ мын фæцæйтонынц,
Чызгай, æдзух дæ кæстытæ.
Зæрдæйы дуар дзых фæхоиыпц,
Дæуæн та сты дæ цæстытæ.
ДИДИНÆГ
Ницы ис рæсугъддæр дидинæгæй царды,
Дидипæг — йæ фæидыр, йæ суадон мæ зардæн.
Дидинæджы сыфтæ сæууон æртæх нуазынц,
Сæуæхсиды тынты æрвылрайсом хъазынц.
Г9
Дидинджытæ уарзыс, чызгай, уый куы зыдТоН,
Дæуæн сæ мæ уырзтæй ысгаргæ æртыдтон,
Дидинджыты сыфты æз федтон дæ худым,
Фæкæс æм æнусмæ, тæхуды, тæхуды.
Дидинджыты сыфтæм нæ урссæр къæдзæхтæ
Сæ кæмттæй æрвитынц дымгæйы дзæбæхдæр.
Дидинджыты сыфты нæ рæсугъд бæлæстæй
Æрвылбон рæвдауынц нæ мæргъты хъæлæстæ.
Дидинджыты сыфтæй мæнмæ ды ыскастæ,
Басыгъдтæн бынтондæр дæ цæстыты хъазтæй.
Дидинджыты сыфтæй мæнмæ ды ысдзырдтай,
Æвæдза, цæй уæздан уыдысты дæ дзырдтæ.
Ницы ис рæсугъддæр дидинæгæй царды,
Дидинæг — йæ фæндыр, йæ суадон мæ зардæн,
Дидинджыты сыфтæ сæууон æртæх нуазынц,
Сæуæхсиды тынты æрвылрайсом хъазынц.
Быдырты цæй рæсугъд дидинджытæ зайы,
Семæ ис æрмæстдæр ысбарæн чызгайы.
Искуы мæ, мæ уарзон, дæу фенын куы фæнда,
Ацы дидинджытæм кæндзынæн мæ фæндаг.
***
НИЧИ ДÆ УАРЗЫ МÆ БÆРЦ
Уарзты цæхæрмæ мæ бахуыдтай.
Басудз мæ уарзтæй æххæст.
Хурæй мын ирд хæдон бахуыдтай,
Хур дæр мын уарзæд дæ цæст.
140
Зæрдæтæ иу фæндмæ саразæм,
Иу фæнды тых у фылдæр.
Амондмæ иу фæндаг саразæм,
Иумæ цæрын у хуыздæр.
Зарæг мæ зардыл куы бафтауай,
Арвнæрдау райхъуысдзæн уæд.
Фариы фæдыл мæ куы бафтауай,—
Разындзæн зæххыл мæ фæд.
Зæрдæтæ иу фæндмæ саразæм,
Иу фæнды тых у фылдæр.
Амондмæ иу фæпдаг саразæм,
Иумæ цæрын у хуыздæр.
Стыр цинты хай мæ куы фæкæнай,
Дидинæг фестдзæни æрдз.
Цасфæнды «нæ»-тæ куы фæкæнай,
Ничи дæ уарзы мæ бæрц.
Зæрдæтæ иу фæндмæ саразæм,
Иу фæнды тых у фылдæр.
Амондмæ иу фæндаг саразæм,
Иумæ цæрын у хуыздæр.
***
МÆ ЗÆРДÆ РАЙЫ
Хохы фахсыл тулгæ дуртæ,
Тулгæ дуртæ, гъей!
Ды мæнæн мæ худгæ хур дæ,
Худгæ хур дæ, гъей!
111
Цъити-доп, дам, ца»й цæрдат уайы,
Цæй цæрдæг уапы, гъси!
Иудадзыг дæ мæ зæрдæ райы,
Мæ зæрдæ райы, гьсн!
Дзæкъулы мын хус хъæдуртæ,
Хус хъæдуртæ, гъей!
Ды мæиæи мæ урс бæдул дæ,
Урс бæдул дæ, гъей!
Цъити-дон, дам, цæй цæрдæг уайы,
Цæй цæрдæг уайы, гъеи!
Иудадзыг дæ мæ зæрдæ райы,
Мæ зæрдæ райы, гъей!
Уый мыды нæу — царпы къус у,
Царвы къус у, гъсн!
Дс ’нгас мæнæп арвы рухс у,
Лрвы рухс у, гъсй!
Цъити-дон, дам, цæй цæрдæг уайы,
Цæй цæрддт уайы, гъсй!
Иудадзыг дæ мæ зæрдæ раГнл,
Мæ зæрдæ райы, гъсй!
Цары ауыгъд рагон бæттæн,
Рагон бæттæн, гъсй!
Ды мæнæн — мæ амопддачтæг,
Лмопддæттæг, гъсй!
Цъити-дон, дам, цæй цæрдат уаны,
Цæй цæрдæг уаиы, гъсй!
Иудадзыг дæ мæ зæрдæ райы,
Мæ зæрдæ райы, гъей!
КЛДÆГ УЛРЗОНДЗИИЛДЫЛ
Уарзондзинад кадæг у, поэмæ,
Зарæгау иæ зæрдæты нæры.
Хуры тыиау ис æдзухдæр нема\
Уыимæ æнцопдæр у цæрып.
Уарзондзинад тайын кæны их дæр,
У дымгæйау базырджын, хæдбар.
Й’ аууон æй нæ бакæндзæии мигъ дæр,
Риуы судзы асæст бон дæр арт.
Уарзоидзинад фарпимæ фæлтæртыл
Ципта» æмæ арфæтæ хæссы,
Фсрттивы уый ба\лæсты сыфтæртыл,
Дидинджыты иух сыфта>й кæсы.
Уарзоидзипад уарзæтты цæстытач!
У сæ рухс, сæ ра»вдауæг, сæ зынг.
Уарзондзинад немæ уыд хæсты дæр,
Уымæй никуы фехъуыстам хъæрзын.
Уарзондзинад уарзон у йæ уарзтæй,
Уалдзæгау — рæсугъд фæлыст йæ конд.
Уый нæ сæтты рæстæг æмæ азтæй,
Уыи иæ кæны амондау зæропд.
Уарзондзинад кадæг у, поэмæ,
Зарæгау нæ зæрдæты нæры.
Хуры тыиау ис æдзухдæр немæ,
Уыимæ æнцондæр у цæрын.
Ч»**»*!*
мз
МÆ ФÆЛЛАД ЦÆСТЫТÆМ МЫН МА КÆС
Л æ п п у:
Цæй диссаг дæ, чызгай, цæй, уастæн,
Цæмæн мæм ныккастæ, цæмæн?
Дыууæ хатты фылдæр — мæ азтæ,
Фыдæн дын бæззын æз дæуæн.
Тæрсын æз, мæ ныхы æнцъылдтыл
Куы фæкæлай, чызгай, миййаг.
Дæу аккаг куы нæ суой мæ дзырдтæ,
Мæ зæрдæ куы нæ суа дæ фаг.
Ч ызг:
Зæгъ-ма мын, цæмæ ’фтауы, уастæн,
Дæу дисы мæ цымыдис каст?
Дыууæ хатты фылдæр — дæ азтæ,
Æртæ хатты фылдæр — мæ уарзт.
Æз зонын: дæ бонтæ æвзонгæй
Ды арвыстай иууыл хæсты.
Дæ ныхы æнцъылдтæн сæ кондæй
Ныр хъуамæ сæрыстыр уай ды
Л æ п п у:
Дæ саулагъз дзыккутæй æфсæрмы
Кæндзæни мæ урс сæр мæнæн.
Цæмæн хæссыс, чызгай, дæ сæрмæ
Мæн хуызæн зæронды, цæмæн?
Дæуæн у дæргъвæтин дæ фæндаг,
Æз та йыл æрдæгцыд фæдæн.
Дæ базыртæ маргъау — дæ фæндйаг,
Мæ базыртæ нал исынц мæн.
Ч ы з г:
Æрыгонæй сæвæрдтой халас
Дæ сау сæрыхъуынтæ дæуæн.
Дæхи мæ æфсæрмхуызæй ма лас,
Дæ урс сæр — ныфсы хос мæнæн.
44
Ды хъуамæ уай бузныг дæ азтæй,—
Æвдисынц дæ амондджын цард.
Дæ фæллад цæстытæн сæ хъазтæй
Æз исын æвзонгæй дæр арт.
Л æ п п у:
Ныууадз мын мæхи бар мæ сагъæс,
Уадз, судза мæхи фаг мæ арт.
Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс,
Æвзонгæн дæ уарзты зынг ратт.
Ч ы з г:
Æз зонын: дæ уарзт у тыхджындæр,
Уый рæстæг ыскодта æндон.
Дæ цуры вæййын æз ныфсджындæр,
Мæн де ’ууæнк фæкæны уæндон.
Ды ма кæн дæ зæрдæйыл сагъæс,
Мæ фаг дæр уыдзæни йæ арт.
Мæ цæстытæм худгæ æрбакæс
Æмæ дзы ды фенай нæ цард.
Л æ п п у:
Мæ фæллад цæстытæм мын ма кæс,
Æвзонгæн дæ уарзты зынг ратт.
**#
БАБАЙЫ КЪОНА
Бабайы хъæбул,
Бабайы бæдул,
Бабайы фæндыр, гъей!
Зæрин хур арвæй
Йæ тынтæ хъармæй
Дæуæн нывæнды, гъсй!
Заргæйæ февзæрыс
Мæнæн æххуысмæ, гъей!
Рауай-ма, разгъор-ма
Мæ хъарм хъæбысмæ, гъей!
145
Бабайы зæрдæ,
Мæйрухс изæртæ
Дæумæ куы худынц, гъсй!
Нæ урссæр хæхтæ
Æрдзон цырæгътæ
Дæуæн куы судзынц, гъсн!
Заргæйæ фсвзæрыс
Мæнæн æххуысмæ, гъсй!
Рауай-ма, разгъор-ма
Мæ хъарм хъæбысмæ, гъсн!
Бабайы бындар,
Рæсугъд дзыпылдар,
Бабайы бæлон, гъсн!
Мæ бæркад фынг дæ,
Дæ хæрзтæ уынгæ
Æнус фæцæрон, гъсй!
Заргæйæ фсвзæрыс
Мæнæн æххуысмæ, гъсй!
Рауай-ма, разгъор-ма
Мæ хъарм хъæбысмæ, гъсй!
***
ЛВДÆНЫ ЗЛРÆГ
Мæй куы худы дæ базмæ,
Фæнды та йæ дæ размæ.
Ды мын мæйæ хуыздæр дæ,
Ало-лай кæ, мæ зæрдæ.
Дæ хуыссæнмæ ыстъалы
Фæлмæн тынтæ æвзары.
Ды стъалыйæ хуыздæр дæ,
Лло-лай кæ, мл» зæрдæ.
143
Рæудымгæ мæм æрбазылд,
Æркафыди дæ базыл.
Ды дымгæйæ хуыздæр да\
Ало-лай кæ, мæ зæрдæ.
Æрвитынц дæм нæ царæй
Тæхаг цъиутæ сæ зарæг.
Ды уыдонæй хуыздæр дæ,
Ало-лай кæ, мæ зæрдæ.
Мæ гæды дæр дæу уарзы,
Æрфынæй ис дæ разы.
Ды гæдыйæ хуыздæр дæ,
Ало-лай кæ, мæ зæрдæ.
Æртахти фын дæ базмæ,
Æрхуыссыди дæ фарсмæ.
Сымах ыстут хæлæрттæ,
Ало-лай кæн, мæ зæрдæ.
чъиллои
Къæвда, уæд дæ балц дæ фæндйаг,
Ракæн махуылты дæ фæцдаг,
Ис та дыи ам кусинаг.
Иу чъиллон цæры нæ сыхы,
Лами самæста йæ ныхыл.
Худинаг ын, худинаг,
Худинаг ын уæд.
Алайау хæрзсау йæ рустæ,
Рагæй нал æхсы йæ хъустæ,
Худинаг ын, худинаг.
147
У бынтон, бынтон æнæконд,
Цъыфæй нал зыны йæ хæдон,
Худинаг ын, худинаг,
Худинаг ын уæд.
Абон та кæмдæр фæхатти,
Рыг йæ бецыккыл ныббадти,
Худинаг ын, худинаг.
Фен æй æмæ йыл фæхудай,
Йе ’нæхсад сæр ын ныуудай,
Худинаг ын, худинаг,
Худинаг ын уæд.
***
<&$* СÆРГÆНДТÆ
А М 0IIД
Лснины фыстытæ 3
Адæмтæ! 4
Иумæ 5
Адæмы фарн 6
Уазджытæ дард бæстæй —
Къоста Болгарикы 7
Къоста немæ ис 8
«Ирон фæндыр» 9
Танк 10
Немыцаг чызг —
Дæ фæрцы 11
Уалдзæг ракаст . 12
Хъисын фæндыр райста уый зæрондæй , . 13
Нуазæи —
Бæлæттæ 14
Арфæ . —
Хъæууон зарæг 15
Мады хъæбыс .16
Афтæ дзы уыдысты адæм . . . . 17
Æртæхтæ —
Хърихъуппытæ 18
Æрыскъæф ... .... —
Уыцы къаннæг хæдзар 19
Скульптор 20
Бæлас 21
Астрæнхъонтæ
Цардау уарзт дæр у æнусон .... 31
Ахæмтæ дæр ма нæм ис ... 40
«Уарзои сыхæгтæ» ...... 43
Гæмæт пал хуины Гæбæт 45
Лæджы фæд (репортаж) 46
149
БУЗНЫГ, БОШ
Бузпыг, боп! "’*
Ме ’ххуыс дæр дзы нс "~
Хъæлдзæг цæмæн дæн? 64
Иубон хъæды 65
Хорздзинад нæу рох —
Саг 63
Дымгæ æмæ лæипу 67
Азæлд 68
Афтæ дæр рауайы —
Арвмæ рудзынгæн кæсын . ... 69
Дндинæг • —
Зымæгон хъазт . . ..... 70
Гæбыс —
Какон 71
Зымæджы лæнæрттæ . .....—
Ам йæ зæрдæмæ фæцыд 72
Æмæ куы ралæууыд сæрд... .... 73
Дыууæ цæсты . . . . ... —
Мæнæ днссаг, мæнæ цнрк .... —
Æз нæ — сайаг, нæ — кæрæф ... 74
Ницы ’фсон уыдп сæ хылæн .... 75
Гæлæбу 76
Хорз ысты дæ фæидтæ .... .77
Фæндырдзæгъдæг . . . ... —
Къæвданы цагъдмæ .78
«Балхæн» . . . .... 79
Къуыбар ^О
Ичън . . . .....
Рæучн $1
Хæфсæн йæ лæппын — хуры тын _
Нæ бпноптæ . ...... 82
Мурат æ.мæ Дугъои 88
Арфæ æмæ Зæринæ 93
150
МÆ ЗЛРДЖЫТÆ
Фæскомцæдис Ю4-
Уæлахизы бон Ю5
Ирыстои — Кырджалн ~~
Нæ хъæу 106
Арфæтæ " • Ю7
Хурзæрин 108
Арвæрдын —
Плиты Иссæйы зарæг 109
Мамсыраты Хаджумары зарæг . . .110
Милдзыхты Хадзымырзæпы зарæг . . . 111
Хæтæгты Харитоны зарæг . . . .112
Соцналнстон Фæллопы Хъæбатыр Кучпты Юрины
зарæг 113
Хъантемыраты Алыбпджы зарæг . . .114
Ныхас фыдимæ 115
Гасанты æфсымæрты зпрæг . . . .117
Дымгæ —
Милиционеры зарæг 118
Куыд зынаргъ дæ, ныйиарæг . • • .119
Мады хæрзтæ .120
Мæ зæххон хур дæ . . . . . .121
Мах куы уæм иу зæрдæ ... . —
Заремæ 122
Цæй, нæ амонд сиу кæпæм! . . . .123
Мæ цæугæ стъалы . . . . . .125
Мады зæрдæ 126
Дзерассæ 127
Цъитийæн сæрды — пæ тапæн . . .128
Сагъæс 129
Уæддæр мæ не ’мбарыс 130
Зæрдæйы дидинæг . . . . . * 131
Фыдуыпдта* цы фæуон? _
Ды дæ — мæ за[)æг . . . . . .132
15
Уарзоны зарЯг * * *
Цавæр æнæныфс дæ
Ма мын кæн тæргæйттæ
Авд хойы зарæг
Лирикон . ...
О нана... ....
Дæ цæстытæ
Дидинæг ....
Ничи дæ уарзы мæ бæрц
Мæ зæрдæ райы
Кадæг уарзондзинадыл
Мæ фæллад цæстытæм мын ма
Бабайы къона
Авдæны зарæг
Чъиллон ....
ГИГО НИКОЛАЕВИЧ ЦАГАРАЕВ
СВЕТИЛО
Стихи на осетинском языке
Рсдактор К. X. Ходов. Художпик 3. П. Абоев.
Художсствснный редактор У. К. К а н у к о в. Тсхииче-
скнй рсдактор А. В. Я д ы к и и а. Корректор 3 У. Д з у-
це в а.
ИБ № 894
Сдапо в набор 11.03.83. Подпнсано к псчатн 10.00.83. ЕИ 004-16.
Формат бумагн 70х90'/32. Бум. тнп. № 1. Гарп. шрнфта ли-
тературпая. Псчать пысокая. Усл. п. л. 5,50 + 0,03 вкл. Учст-
но-нзд. лнстов 0,Ю-|-0,01 вкл. Тираж 1000 экз. Заказ № 177.
Цена 95 коп.
Издательство «Ир» Государствсипого комптста Ссвсро-Осс-
тинскон АССР по делам издательств, полнграфни и книж-
нои торговлн, 362040, г. Орджоппкндзс, ул. Дпмнтрова, 2.
Книжная типографня Государствсипого комнтста Ссвсро-Осе-
тинской ЛССР по дслам нздатсльств, полиграфпп и кпнжноп
торговли, 362011, г. Орджоинкндзс, ул. Тсльмана, 10.
Ш
135
136
137
138
139
140
141
143
145
146
147