Текст
                    УИЛЬЯМ
ШЕКСПИР
УАГДМЫСТÆ
П-аг ТОМ
ПЛИТЫ ГРИСЫ ТÆЛМАЦ
ЧИНЫГУАДЗÆН «Ир» * ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1983


84.4Вл И(Англ) Ш41 Рецензент перевода М. С. Дзасохов Ш 41 Шекспир Уильям. Уацмыстæ. /Плиты Г. тæлмац. — Орджоникидзе: Ир, 1980.—2-актон. 1983. 407 ф. Шекспир Уильям. Произведения. В пер.: 2 р. 10 к. Во второй том вошли трагедия «Тимон Афинский», драма «Цим- белин», трагикомедия «Мера за меру» и комедия «Виндзорские ку- мушки» в переводе Г. Плиева. ,„ 473-13 84.4Вл Ш 36—83 м/д ч М131(03)—83 И(Англ) © Издательство «Ир», 1983, перевод, оформление
тимон АФИНАГ «Й> ФОНДЗАКТОН ТРАГЕДИ
АРХАЙДЖЫТÆ: Тимон, афинаг разагъды лæг. Луци ] Луьулл \ козбау æлдæрттæ. Семпрони ) Вентиди, Тимоны мæнг хæлæрттæй иу. Алкивиад, афинаг æфсадхон. Апемант, рæхойæг философ. Флави, Тимоны хæдзармæгæсæг. Поэт. Нывгæнæг. Æрмдæсны, зæрингуырд. Сæудæджер. Афинаг зæронд лæг. Фламини ] Луцили \ Тимоны лæггадгæнджытæ. Сервили ; Кафис ч Филот I . У > Тимоны хæсдæтджыты æххуырстытæ. Гортензи ] Фæсдзæуин. Быдзæу. Æртæ фæсарæйнаджы. Фринæ 1 Тимандрæ ) Алкиеиадь1 хæзгултæ. Купидон æмæ амазонкæтæ, кæнгæцæсгомджынтæ. æлдæрттæ, сенатортæ, æфсæддонтæ, æфсадхонтæ, абырджытæ, фæсдзæуинтæ. Архайды бынат — Афынтæ æмæ йæ алфамбылай хъæд.
1 СЦЕНÆ Афинтæ. Зал Тимоны хæдзары. Бацæуынц хицæн дуæрттыл по э т, н ы в г æ н æ г, зæрингуырд, сзеудæджер æмæ иннæтæ. П оэ т. Саламтæ дын! Н ы в г æ н æ г. Æнæниз мын уай алкæд. П о эт. Нæ федтам рагæй. Цæй, куыд у нæ дуне? Н ы в г æ н æ г. О, рæзы, фæлæ ихсийы. П оэ т. Дæ хъуыды Фæзачъеджын! Кæд ногдæр исты ис — Сæдæдзыхæй кæй нæма дзырдта дам-дум Кæмдæриддæр? Кæс-ма, хъæздыгдзинад Куыд тыхджын у, куыд кæлæнгæнæг у! Кæйдæриддæр цагъар кæны йæхицæн Æмæ йæхицæн бафтауы куыстыл. Æз зонын а сæудæджеры. Нывгæнæг. Æз та — Йæ фарсмæ лæууæджы — уый у зæрингуырд. Сæудæджер. Тимон — уый кадджыидæр æлдар у. Зæрингуырд. Раст дæ! С æу д æ д ж е р. Хуыцауы уарзон; нæй кæрон йæ уды Хæрзиуджытæн. О, ахæм лæг зæххыл Хæрз ыстæм у.
Зæрингуырд. Æрбахастон брильянт. С æуд æ д же р. Æри-ма, фенон дын æй. Уый Тимонæн? Зæрингуырд. ’ Кæд аргъыл бафидауæм, уæд... Уæвгæ... Поэт (декламаци кæны). Поэт мыздыл куы фестауы сахъат, Уæд йе стихтæ цыфæнды рæсугъд фестой — Æппæлгæ нæ — фæкæнынц æй æгад. Сæудæджер. Брильянт рæсугъд у. Зæрингуырд. Нæй рæсугъддæр уымæй, Кæс-ма йæм, ;кæс, куыд аив у йæ конд! Нывгæн-æг (поэтæн). Ды, ме ’рдыгонау, скодтай тынг хорз кадæг Нæ разагъды Тимоныл? П оэт. 0, сæхæдæг Мæ хъуыдытæ фæзындысты куыддæр. Бæласы чъиуы хуызæн у поэзи, Йæ’гуырæнæй йæхихъæдæй цæуы: Æваст нæ хъуыды акалы цæхæртæ, Нæ сыгъдæг пиллон равзæры куыддæр Æмæ лæсæнау ассæнды, йæ разы Цы ссары, уый.— Зæгъ-ма мын уæдæ, сударь, Цы ’рбахастай ды та Тимонæн? Н ы в г æ н æ г. Ныв. Дæ чиныг та кæд рацæудзæн мыхуырæй? Поэ т. Мæ ацы лæвар ма куы раттон, уæд. Æркæсæн нæй дæ конд нывмæ? Н ы в г æ н æ г. Куыд нæ ма! Иттæг хорз ныв. П оэт. О, ахæм ныв нæма уыд! Хуыздæрты хуыздæр! Диссаг! Н ы в г æ н æ г. Нæу æвзæр... П о э т. Æмбисонд! Лæг куыд уæздан каст кæны!
Йæ цæстыты цæйбæрц тых æмæ зонд и, Иæ былтыл та — фантазийы тæмæн, Кæнæ йæ къух куыд аив дары... Н ы в г æ н æ г. О, Æцæг цард мын дзы раст æвдисын бантыст. Уæд ацы хахх, æцæг, иттæг хорз нæу? П о эт. Æрдзæн уый ахуыргæнæг у. Йæ мидæг Цы аивад и, уый у цардæй хистæр. Сценæйыл бацæуынц цалдæр се натор ы. Н ы в г æ н æ г. Нæ аудæгæн цас хæлæрттæ ис! П о э т. Афинты стыр сенатортæ! Фæрныг у! Н ы в г æ н æ г. Кæс-ма, кæрон сын иæй... П о э т. Æгас æрдонг! Ныххæррæтт кодтой уазджытæ! Æвдисын Мæ кадæджы цытджындæр дæсны ныв, Æгас дунейы уарзондæр — Тимоны — Æвдæлон рæстæг чи ’рвиты æдзух Уæздандæр æмæ ’хсызгондæр хъæзтыты. Мæ курдиат лыстæг бибитæн нæу — Сæрибарæй бæрзонд бынæтты зæлы, Æгæрон денджызы уылæнтау, уый Хæрамхæссæг æхцаимæ нæу баст Æмæ тæхы ныфсхаст цæргæсау дардмæ Сындæггай тайгæ. Н ы в г æ н æ г. Уый куыд æмбарон? П о эт. Æз дын зæгъдзынæн уый ныртæккæ. Федтай, Куыд тырнынц алыхуызон адæм — зондджын, Æдылы, хицау, маргзæрдæ, цыргъæвзаг — Тимонæн балæггадмæ? Уый у бонджын Æвæджиау, хæларзæрдæ, хæрзуд, Æмæ йæхимæ сегасы дæр ласы, Суанг хинæйдзаг козбау лæг Апемантмæ; Æппындæр никæй уарзы уый зæххыл, Стæй канд уый нæ — йæхицæн дæр ма знаг у, Фæлæ Тимоны федта, зæгъгæ, уæд 7
Уый амондыл фæнымайы йæхицæн. Нывгæнæг. Ныхасгæнгæ сæм цалдæр хатты хъуыстон. П о эт. , О, æмæ сныв кодтон обау — бæрзонд, Йæ цъуппыл бандон, ууыл бады Амонд; Бынæй та дзыллæтæ хæлбурцъ кæнынц — Фæйнæхуызты, мæгуырæй уа, хъæздыгæй,— Хуыдауы конд хæрзиуæгджын зæххыл Хæрдмæ бырынæн чи равзæрд, йæхицæн Уæлдæр бынæттæ чи куры. Уыд се ’хсæн Тимоны хуызæн иу лæг, æмæ уый Ныккаст æдзынæг Амондмæ. Йæ урс къух Фæдардта уый Тимоимæ, æмæ йын Йæ фыдызнæгты скодта уый цагъартæ. Н ы в г æ н æ г. Куыд хорз æй ссардтай! Афтæ мæм кæсы,. Дæ обау, Амонд, бандон æмæ лæг — Кæмæ фæкастис иннæты ’хсæн Амонд Æмæ бæрзондмæ чи фæцæйцыди Хæрзамондмæ, уый бабæздзæн мæнæн дæр Мæ аивады. П оэт. Дзурын дарддæр æз... Уæдæ мæм хъусут: йе ’мсæр чи уыд уым, Æмæ бæрзонддæр чи уыд ноджы — се ’ппæт Бырсынц ныр уымæ, уый фæрныг хæдзармæ,. Сæркъулæй йæм лæгъстæгæнгæ кæсынц, Йæ хъусты йын фæкæнынц сусу-бусу, Хуыцау æй хонынц, йе ’гъдæнцæйттæн ын Фæкæнынц пъатæ... Н ы в г æ н æ г. Дарддæр, дарддæр цы? П оэ т. Æвиппайды дын хивæнд Амонд уæд Йæ уарзон лæджы ратылдта уырдыгмæ, Æмæ йæ фæдыл чи бырыд фыццаг Тыххæй-фыдæй йæ цыппæртыл — ныр æм Кæсгæ дæр — нал, нæ йыл фæхæцыд иу дæр,. Æмæ фæтылд. Н ы в г æ н æ г. Уый афтæ вæййы царды... Нывæфтыды ис ахæм нывтæ хæрх: Уым Амонд мах ,куыд хивæндæй фæсайы,.
Уый афтæ ничи равдисдзæн дзырдтæй. Фæлæ Тимонæн ды иттæг раст загътай: Бæрзонд лæгтæ бынмæ куыд хаудтой, уый Ныллæгдæр адæм къорд хæттыты федтой. Трубатæ цæгъдынц. Бацæуы Т и м о н æмæ йæ сæрæй акувы зербацæуæг адæмæн. Бауайы йæм Вентидийы минæ в ар æмæ ныхас кæны йемæ, йæ фæдыл цæуынц Лу цили æмæ иннæ фæсдзæуинтæ. Т и м о н. Уæдæ ныр ахæстоны ис? М и н æ в а р. О, ме ’лдар. Æрмæст дзы туман дары, фæлæ нæй — Цы бафида, йæ хæсдæттæг та — бирæгъ. Лæгъстæ кæны, ныффысс, дам, мын гæххæтт, Цы лæг æй ’рцахсын кодта, уымæ, науæд Хæрз сæфт кæны. Т и м о н. Зæрдæхæлар Вентиди! Æххæст уыдзæн: æз ахæм лæг нæ дæн, Иæ лымæны тыхст раны чи ныууадза. Мæ лымæн лæг æххуысы аккаг у. Уый ахæстонæй рацæудзæн, йæ хæс дæр Мæ быгъдуан уæд, æмæ йын нал у тас. Ми н æв а р. Цæрæнбонты уыдзæни уый дæ хæсджын. Т и м о н. Салам ын ратт! Æхца та райсдзæн тагъд. Куы ссæрибар уа — рацæуæд-иу ардæм; Тыхст лæгæн иунæг хатт æххуыс — цы у,— Фылдæр хæттыты йыл хæцын фæхъæуы. Фæндараст. Ми н æв а р. Бузныг, арфæгонд фæу. Бацæуы аф инаг з æ р о нд лæг. А ф и н а г. Тимон, дæумæ... Т и м о н. О намысджын зæронд... А ф и н а г. Дæуæн фæсдзæуин ис — Луцили? Т и м о н. Ис. Цы ракодта? 9
А ф и н а г. Хæларзæрдæ Тимон, Фæзынæд ардæм. Т и м о н. Ам куы ис.— Луцили! Бацæуы Лу цили. Л уци л и. Æз мæнæ дæн. Цæмæн дæ хъæуын, ме ’лдар? А ф и н а г. Тимон, дæ ацы фæсдзæуин фæцахуыр Æхсæвыгон мæ хæдзармæ цæуын. Мæ цæрæнбонты æз фæллой фæкодтон Æмæ мæ мулк, мæ бынтæ сты аккаг Хуыздæр лæгæн ныууадзынæн, мæгуыргур Цы лæг уа, уымæн нæ фæлæ; Ти м о н. Æндæр ма Цы зæгъдзыиæ? А ф и н а г. Мæнæн ис иунæг чызг, Куы амæлон, уæд уый уыдзæн мæ бындар; Рæсугъд у æмæ мойгæнæг чызг у. Æхца æвгъау нæ кодтон, æмæ схъомыл Хæрзæгъдауæй. Дæ фæсдзæуин та йын Иæ сæр зилын кæны! Тимон, зæгъ-ма йын, Цæмæй мæм ма цæуа. Æз ын дзырдтон, Фæлæ нæ хъусы. Ти м о н. Хорз лæг у, цæсгомджын. А ф и н а г. Маё чызджы ном дзы ферох уæд! Цæсгом Йæхицæн уадзæд, уый йæ фаг уыдзæн: Йæ цæсгомæн мæ чызг æгæр æвгъау у! Т и м о н. Дай чызг æй уарзы? А ф и н а г. Ау, æмæ мæ чызг Цæуылнæ уарза? У рæсугъд, æрыгон. На2 сонты бонтæй хорз зонæм, цæрæццаг Куыд рæдийаг у. Т имо н (Луцилийæн). \ Уарзыс æй ды дæр? Л у ци л и. 0, ке ’лдар, уарзын; уый та уарзы мæн. 10
А ф и н а г. Куы смой кæна æнæ мæ фæндæй, уæд, Хæрын уын ард, ныууадздзынæн мæ бынтæ Мæгуыргурæи, фæлæ мæ чызгæн та — Нæ — мисхал дæр! Т и м о н. Æмæ дæ чызг куы цæуид Йæхи ’мсæр моймæ — цас ын раттис уæд? А ф и н а г. Мæйваг æхца, куы амæлон, уæд та Мæ бынтæ сегас бахаудзысты уымæ. Т и м о н. Мæнмæ Луцили бирæ азты ис; Йæ куыст æмæ йæ бирæ хорз лæггæдтæм Йæ амонд уымæн сараздзынæн æз, Æмæ йæ разы уæд фыст у мæ хæс дæр. Дæ чызджы ратт Луцилийæн, æз та — Дæ чызгæн ды цы раттай, уымæн — уыйбæрц. Æмæ уыдзысты дыууæ дæр æмсæр. А ф и н а г. Мæ хæрзгæнæг, ард бахæр ам дæ дзырдыл, Æмæ мæ чызг ,йæ усаг уыдзæн уæд. Т и м о н (йæ къух æм дæтты). Мæ къух æмæ мæ ном дын уæд æвдисæн. Луцили. Зæрдиагæй дын арфæ кæнын, ме ’лдар! Цыфæнды мæм æрбафта царды, уый Уыдзæни дæу. А ф инаг æмæ Л у ци ли ацæуынц. П о э т. Мæ чысыл лæвар айс, Дæ хорзæхæй; фæрныгæй цæр мыггагмæ. Т и м о н. Иттæг бузныг. Фæстагдæр дзуапп уыдзæн, Фæлæуу уал ам...— Дæумæ цы ис, мæ хæлар? Н ы в г æ н æ г. Ныв у, мæ конд. Дæ уæздандзинад, айс æй — Мæ лæвар дып. Т и м о н. Ныв у? Дæ лæвар бирæ. Портрет — уый цардæгас лæгау у раст. Æдзæсгомдзинад адæймаджы уды Куы фæзынди, уæдæй нырмæ нын лæг Æрмæст йæ уынд, йæ бакастæй бæрæг у, 11
Æмæ йæ нывты ахæмæй уынæм. Дæ фæллойæн дын аргъ уыдзæн хъуыддагæй, Цыбæллаг ныв. Æнæхонæгæй цу Мæ хæдзармæ. Н ы в г æ н æ г. Дæ аудæг уæнт зæдтæ! Т и м о н. Цæй, фембæлынмæ. Абон сихор иумæ Хæрдзыстæм мах. (Зæрингуырдæн.) Дæ брильянтмæ дын тынг Фæкастысты йæ дæснытæ. Зæ р и н гу ы р д. Кæд æй Нæ рафаудтой? Т и м о н. Æппæлгæ дзы фæкодтой! Цас хорз у, уыйас ын куы уаид аргъ, Уæд йе ’лхæнгæйæ смæгуыр уаин. 3 æ р и н г у ы р д. Аргъ ын, Цæй аргъ у, уымæй нæй фылдæр, фæлæ Цы лæг фæдары дзаумайы, йæ аргъ дæр Вæййы гъеуымæй. А брильянты ды Куы дарай, уæд йæ дур дзæвгар зынаргъдæр Фæуыдзæни. Т и м о н. Мæныл ды худыс. С æу д æ д ж е р. Нæ, Мæ хорз æлдар, уый тынг раст загъта, мах дæр Раст афтæ ’нхъæлæм. Т и м о н. Чи фæзынд, уынут? Фæнды уæ, уæд уæ фелгъитдзæн ныртæккæ! Бацæуы А пе мант. 3 æ р и’н г у ы р д. Дæхицæн дæр дзы тæрс. С æуд æ д ж е р. Хатыр нæ зоны. Т и м о н. Салам дын, кадджын Апемант. Апемант, 1 Фæхæц уал Дæ саламыл, æз цалынмæ суон кадджын.
Куы суон, уæд ды куыдз фестдзынæ, дæ ацы Цъаммартæ та — цæсгомджынтæ. Т и м о н. Цъаммар сæ Цæмæн хоныс? Куы нæ сæ зоныс ды. А п е м а нт. Ау, афинæгтæ не сты? Т и м о н. Афинæгтæ. А п е м а н т. Уæдæ фæсмон нæ кæнын, цы загътон, ууыл. 3 æ р и н г у ы р д. Ды мæн зоныс, Апемант? А п е м а н т. Ды фехъуыстай, кæй дæ зонын, уый: загътон дын — чи дæ. Тимон, Æгæр сæрыстыр дæ, Апемант. А п е м а н т. Тынгдæр сæрыстыр дæн, Тимоны хуызæн кæй нæ дæн, уымæй. Т и м о н. Кæдæм цæуыс? А п е м а н т. Фæнды мæ иу афинаджы сæры магъз акалын, уый аккаг у. Т и м о н. Закъонмæ гæсгæ уый тыххæй ды фæцух уыдзынæ дæ цардæй. А п е м а н т. Раст дæ, кæд, бакæнæн цæмæн нæй, закъон уый тыххæй маргæ кæны, уæд. Т и м о н. Дæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы ныв, Апемант? А п е м а н т. Цæуы, уымæн æмæ ницы зиан у. Т и м о н. Ау, йе снывгæнæг дæспы лæг нæу? А п е м а н т. Уыцы нывгæнæджы чи сарæзта, уый ноджы дæсныдæр уыди, кæд йæ куыст чъизи уыди, уæддæр. Н ы в г æ н æ г. Нæл куыдз! 13
А п е м а н т. Дæ мад та — сыл, ме ’мтуг: кæд æз нæл куыдз дæн, уæд дæ мад чи у? Т и м о н. Мемæ сихор хæрыс, Апемант? А п е м а н т. • Нæ, æз æлдæртты нæ хæрын. Т и м о н. Уый хъæугæ дæр нæ кæны, науæд смæсты кæндзынæ ацы устыты. А п е м а н т. Гъеуыдон хæрынц æлдæртты: сæ гуыбынтæ дæр уымæн нæрсынц. Т и м о н. О, уый æнæуæздан ныхас у! А п е м а н т. Дæуæй рацыди: айс æй хæрзиуæгæн дæ фыдæбæттæм. Т и м о н. Ацы брильянт дæм куыд кæсы, Апемант? А п е м а н т. Ницæйаг у намысау — намыс та лæгæн мисхалы аргъ дæр нæу. Т и м о н. Куыд æнхъæлыс, цасы йаргъ уа? А п е м а н т. Æз ыл хъуыды кæнон, уый аргъ нæу. Цы зæгъинаг дæ, поэт? П оэт. Æмæ ды цы зæгъинаг дæ, философ? А п е м а н т. Рæйыс ма, и? П о эт. Куыд, нæ дæ философ? А п е м а н т. Философ, о. П оэ т. Уæдæ æз загътон раст. А п е м а н т. Куыд, нæ дæ поэт? П оэт. Поэт. А п е м а н т. 1 Уæдæ рæйыс. Бакæс дæ фæстаг уацмыс, Тимоны хорзæй кæм ысныв «кодтай, уый.
Поэт. Уый рæйын иæу; Тимон æцæг у иттæг хорз лæг. А п е м а н т. О, æцæг у дæу æмæ дæ фæллойæн фидыны аккаг... Козбауы чи уарзы, уый козбауы аккаг у. О хуыцау, æз æлдар куы уаин... Т и м о н. Уæд цы ми кæнис, Апемант? А п е м а нт. Раст ныр цы ми кæны Апемант, уый: марг мын фестид æлдар. Т и м о н. Куыд? Дæхæдæг дæхицæн фестис марг? А п е м а н т. 0. Т и м о н. Цæмæн? А п е м а нт. Уымæн æмæ æлдар суæвгæйæ нал уаин хæрамзæрдæ. (Сæудæджерæн.) Хъус-ма, сæудæджер нæ дæ? Сæудæджер. Дæн/Апемант. А п е м а н т. Бабын дæ кæнæд базары хъуыддаг, кæд уый хуыцау нæ бакæна, уæд. Сæудæджер. Мæн базар кæнын куы бабын кæна, уæд уый уыдзæн хуыцауы фæндæй. А п е м а н т. , Базар кæнын — дæ хуыцау у, æмæ дæ бабын кæндзæн дæ хуыцау! Трубатæ цæгъдынц. Бацæуы фæсдзæуин. Т и м о н. Уый чи цæгъды? Фæсдзæуин. Алкивиад æрбацыд; Иу-ссæдзы бæрц хæлæрттæ йемæ ис. Т и м о н. Цæугæ сæ размæ, рахонут сæ ардæм. (Ф æ с д з æ у и нт æ ацæуынц. Нывгæнæгæн.) Кæн сихор мемæ; цалыпмæ дын арфæ Нæ ракæнон, уæдмæ уал ам фæлæуу, 15
Куы бахæрæм, уæд фендзынæн дæ ныв. (Уазджытæн.) Мæ хæлæрттæ, æз цин кæнын... (Бацæуы А лкив иад йæ лымæнтим æ.) А, курын! А п е м а н т. Хорз, хорз... Ныххус уой уый бæсты, ныкъкъæдзтæ Сæ хæрзконд зæнгтæ! Мисхал дæр нæй уарзт А адджынуарз фæлитой удтæн се ’хсæн, Фæлæ уæддæр куыд лымæнтæй кæсыиц! Æвæццæгæн, лæджы мыггаг бынтондæр Ысмаймули. Алкивиад. Куыд æнкъард кодтон æз, Тимон, æнæ дæу, ныр мæ уд æфсадын Дæ уындæй ам. Ти м о н. Мæ хорз хæлæрттæ, цом! Нырма стæм иумæ, арвитæм нæ рæстæг Нæ зæрдæирхæфсæн хъæзтыты. Цом! И у у ы л д æ р, Апемантæй фæстæмæ, ацæуынц. Бацæуынц д ыу у æ æ л д а р ы. 1-а г æ л д а р, Цафон, у, цымæ, Апемант? А п е м а н т. Цæсгомджын уæвын афон. 1-а г æ л д а р. Уыцы афон вæййы кæддæриддæр. А п е м а н т. Уый — дæуæн фыддæр: аивгъуыдта дын. 2-а г æ л д а р. Нæ цæуыс Тимоныкуывдмæ? А п е м а н т. Цæуын: бакæсон, хæринæгтæ куыд æфсадынц фæли- тойты, æмæ сæнтæ куыд тæвд кæнынц сæрхъæнты. 2-а г æ л д а р. Сæрæгас у уæдæ, сæрæгас у! А п е м а н т. Тутсæр дæ, дыууæ хатты мын — сæрæгас у — кæй загътай, уымæй. 2-а г æ л д а р. Цæмæн, Апемаит? 16
Апе м а нт. Иу арфæ дзы уагътаис дæхицæн,— мæ зæрдæ дын сæрæгас нæ зæгъы. 1-а г æлдар. Уæд та хæдмæл фæ-у! А п е м а н т. Никæд, æз дын дæ фæндон нæ сæххæст кæндзынæн, Уыцы курдиат бадæтт дæ хæлармæ. 2-а г æ л д а р. Æрра куыдз, дард! Кæннод дæ марыи ам... А п е м а н т. Куыдз алидздзæни хæрджыты зæвæттæй. 1-а г æ л д а р. Гъеуый дын адæймагуарзæг лæг!—Цæй-ма, Тимоны нард куывдмæ нæ цæуæм мах? Зæххыл нæй уазæгуарзондæр лæпуымæй. 2-а г æ л д а р. Рæдау лæг у. Сызгъæрины хуыцау Цагъар ныллæууыд мах хынцæг Тимонæн. Нæй ахæм балæггад, Тимон йæхæдæг Кæй нæ бæфидид авд хатты хуыздæрæй, Нæй ахæм хорз лæвар, æмæ Тимон Кæй нæ бафидид кадджындæр лæварæй. 1-а г æ л д а р. Æндæр уæздан уд а дунейыл нæй, Нæ федтон æз. 2-а г æ л д а р. Хуыцау ын раттæд ноджы! Цæуæм? 1-а г æ л д а р. Цæуæм. Дæ хæдфæстæ цæуын. (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Хуынды зал Тимоны хæдзары. Стыр фынгæвæрд; йæ алфамбылаи архайынц Ф л а в и æ м æ иннæ æ х х у ы р- ст ытæ. Бацæуынц Тимо н, Алкивиад, æлдæрттæ, сенатортæ, В е нт ид и æмæ ф æ с д зæуинт æ. Сегасы фæстæ тызмæгхуызæй бацæуы Апемант. В ен ти д и. Мæ хур Тимон! Мæ фыд фæцарди бирæ, 2 Шекспргр, 2-аг том. м
Фæлæ куы базæронд, уæд æй хуыцау Йæхимæ айста,-— амарди мæ фыд, Фæлæ мæнæн хъæздыг бынтæ ныууагъта. Ды равдыстай уæздан зæрдæ мæнмæ, Æз ахæстонæй фервæзтæн дæ фæрцы, Æмæ дын ныр иттæг бузныгæй æз Дывæрæй хъуамæ бафидон дæ хæс. - Тим о н. Нæ, никæд бон, хæларзæрдæ Вентиди! Æз дæу куыд уарзын, уый нæ зоныс ды! Æз ме ’хца уæд дазуæн лæвар «уы радтон; Лæвар фæстæмæ чи фæисы, уый Лæваргæнæг йæхи куыд хъуамæ хона! Кæд иугай уæздæттæ фæкæнынц уый, Уæд уыдон митæ мах фæзмын нæ хъæуы! Нæ, хицауæн рæдийыны бар нæй. В е н т и д и. 0 стыр уæздан уд! Ти м о н. Ме ’рдхæрттæ, закъоны Фæткæвæрд у æрымысгæ, цæмæй Козбау мæнг митæ бамбæхса рæсугъддæр. Æфсон æмæ козбауы цин йæхи Нæ февдисы, æрмæст фæкæны хъавгæ, Зæгъгæ, хæрзиуæг ракæнинаг дæн. Фæлæ æцæг лымæндзинад кæмвæййы, Нæ хъæуынц уым фырнымд митæ. Цæй, бадгæГ Мæ мулк æмæ мæ бынтæй мын сымах Зынаргъдæр, кадджындæр ыстут. Иууылдæр бадынц. 1-а г æ л д а р. Сæттæм ыл... А п е м а нт. Ого-го-го! Сæттынц ыл! Ау, уæд уæ Цæуылнæ ’рцауыгътой? Т и м о н. А, Апемант! Дæ хорзæхæй! А п е м а н т. Нæ, хорзæхæй мæнмæ Æнхъæлмæ ма кæс. Æз фæзындтæн ардæм, Цæмæй мæ асурай. Т и м о н. ÆнæхСæст ма у! 18
Ды лæг æрмæст уындæй дæ! Ды æцæг Æфхæринаг дæ. Адæм, ис латинаг Æмбисонд: ира фурор бревис ест,— Лæг, дам, тызмæг йæ зондцухæй фæвæййы.— Мах Апемант та — алкæддæр тызмæг у, Æмæ йæ фынг уæд хицæн ран æвæрд,— Æхсæнадæн цы лæг нæу конд, нæ уарзы Æхсæнад уый. А п е м а н т. Æз баззайдзынæн ам Дæ фыдæнæн. Фæлæ йæ зонут раздæр, Кæй дæн æз ам сымах митæм кæсынмæ. Тимон. Мæнæн уæлдай нæу; ды афинаг дæ, æмæ баззай, дæ хорзæхæй. Нæ мæ фæнды тыхæй дæ дзыхыл хæцын; фæлæ дын уæд та мæ сихор фæхæцæд иучысыл дæ дзыхыл. Ап е м а нт. Чъыртт дын кæнын дæ сихорыл; мæ фарсыл Нæ бахæцдзæн: козбау нæ дæн. О зæдтæ! Тимоны цас мæнгард адæм хæрынц, Æмæ сæ уый нæ уыны! Ацы ’рдонг Йæ бынтæ нæ — йæ туг цъирынц Тимонæн, Уый та сæ, зондцух, разæнгард кæны. Куыд æууæндынц кæрæдзийыл та, диссаг! Кæрдтæ нæ хъуыди фынгмæ хæссын,— хорз Куы мерс кæнынц æнæуи дæр,— тæссаг у, Уæлдай у кард: миййаг дзы ам кæрæдзи Куы ныргæвдой,— фыццаг хатт,у! Зæгъæм, Сæ иу æрбадти хицауæн йæ фарсмæ, Хæры ,йæ дзул, йæ нуазæнæй йын нуазы,— Фæлæ йæ кардæй аргæвдид фыццаг,— Бæрæг у уый. О, æз æлдар куы уаин, Нæ бапазин уæд уазæгуаты: исчи Мæ хурхы -кард куы фæсадза. Фæлтау, Æз амонын фынгыл бадæг æлдарæн: Куы нуаза, уæд-иу йе згъæр хæдон дарæд. Т и м о н. Уæ цæрæнбонтæ бирæ! Къухæй къухмæ Æрзилæд а кæхц! 2-а г æ л д а р. Ардæм ма йæ рауадз, Хæларзæрдæ Тимон! 19
А п е м а н т. О, уымæ! Зоны, Кæд æм цы ’рвитын хъæуы, уый, мæнгард. Тæрсын, ды уыцы сидтытæй цæрæнбон Куы нæ ссарай, куы бабын уай, Тимон. Мæнæн мæ нозт æгæр лæмæгъ у, уый дын Фыд не ’рхæсдзæн — сыгъдæг донæй нырма Нæ фæхудинаг иунæг дæр. Мæ хæрд дæр Сыгъдæг у донау, гъе, фæлæ уæддæр Уæлæрвтæм кувын æз. Сымах, фæлывдтæ, Хуыцауы рох цæмæн кæнут уæ куывдты? (Кувы.) Хуыцау, æхца нæ хъæуы мæн, Дæуæй æз иунæг курæг дæн — Цæмæй-иу ма ’ууæндон лымæнтыл, Сæ хин митыл, сæ сау кæлæнтыл, Фынæйæфсонгæнæг куыдзыл, Цæстфæлдахæг хæтаг сылтыл, Стæй ахæстонгæсы цæсгомыл,— Мæнгардæй чи фæкæны сомы. Аминь! Фыдлæг хъæздыг у ’рмæст, Æз та дæн касæй дæр æфсæст.— Æнæниз у, сыгъдæгуд Апемант! (Хæры æмæ нуазы.) Т и м о н. Дæ зæрдæ, Алкивйад, æвæццæгæн, ныртæккæ хæстьт быдыры ис? А л к и в и а д. Мæ зæрдæ кæддæриддæр цæттæ у дæуæн службæмæ, Тимон. Т и м о н. Дæу, и<æй зæгъын æй хъæуы, дæ хæлæрттæм сихорыл уæвынæй тынгдæр бафæндид де знæгтæм аходæныя уæвын? А л к и в и а д. йæ туджы чи мæца, уыцы знагæй адджындæр нæй хæринаг! Ахæм хæринаг уарзы мæ цæст мæ хуыздæр хæларæн. А п е м а н т. Кæд афтæ у, уæд мæн бафæндид, ацы козбаутæ иу- уылдæр де знæгтæ куы фестиккой, уый. Ныццæгъдис сæ æмæ сæ хæрынмæ фæхонис мæн. 1-а г æ л д а р. Ехх, Тимон, куыд амондджын уаиккам мах, æрмæст 20
ныи иунæг хатт куы бавзарис нæ зæрдæтæ, æмæ нæ бон куы бауид дæуæн не ’нувыддзинад равдисын. Уый махæн у не стырдæр бæллиц. Т и м о н. Мæ хорз хæлæрттæ, гуырысхойаг нæу, хуыцæуттæй уын нысангонд кæй у искæд бон мæныл фæхæцын. Уый нæ, зæгъгæ, уæд мын хæлæрттæ дæр нæ уаиккат! Мин- гай адæмты ’хсæн сымах нæ хонин хæлæртты рæсугъд, номæй, мæ зæрдæйы иу хай куы нæ уаиккат, уæд. Æз æууæндын сымахыл! Æз бирæ хæттыты мæхицæн аф- тæ тынг æппæлыдтæн сымахæй, уæхæдæг уæ хæдæф- сармæй куыд нæ раппæлыдаиккат уæхицæй. О хуы- цау! — дзырдтон-иу æз,— цæмæн ма хъæуынц хæлæрт- тæ, мах куы нæ хъæуиккой, уæд? Уыдон мурдæр ни- цæйаг адæм уаиккой, нæ тыхсты заман сæм æххуыс- мæкуы никуы бадзуриккам, уæд. Уыдон уаиккой, къу- лыл ауыгъдæй агъудты мидæг цы диссаджы музыка- лон инструменттæ фæлæууынц æмæ сæ мыртæ сæхи- цæн чи уадзы, уыдон хуызæн. Ехх, мæн куыд бирæ хæттыты фæндыди мæ хъæздыгдзинад фесафын, цæ- мæй ноджы хæстæгдæр уон сымахмæ! Мах а дунемæ- равзæрдыстæм хæрзиуæг кæнынæн. Цы ма ис уæдæ- бирæ хæлæрттæй хуыздæр исбон? 0, цы диссаджы ныфс у — бирæ адæм иу мадæй гуырд æфсымæртау кæрæдзи мулк уаргæ нæ кæнынц, зæгъгæ, уый зонын! Уыцы хъуыдыйæ райгуыры цин, æмæ уый хæдфæ- дыл — зæрдæфæлмæнгæнæн цæстысыгтæ! Æз хатын,. мæ цæстытæ куыд нал уромынц, чи сæ зилы, уыцы сыгты. Ныббарут мын, мæ хæлæрттæ, ,мæ лæмæгъдзи- пад... Нуазын уæ цæрæнбоны тыххæй! А п е м а н т. Кæуыс, цæмæй сын баназын кæнай. 2-а г æ л д а р. Ай-гъай, нæ цин нæ цæстыты фæзынд Æмæ ныккалдта сабийау йæ сыгтæ. А п е м а н т. Ха-ха! Дзæгъæлзад саби у, бæлвырд. 2-а г æ л д а р. Тимон, бынтон мæ зæрдæ суынгæг, баууæнд. А п е м а н т. Куыд нæма! Трубатæ цагъдынц. 2Ь
•Тимо н. Трубатæ цæгъдынц! Цы уа? Бацæуы æ х х у ыр ст. Æ х х у ы р с т. Бар ратт зæгъынæн, ме ’лдар, цалдæр сылгоймаджы курынц, цæмæй сæ æрбауадзой дæумæ. Т и м о н. Сылгоймæгтæ? Цы сæ хъæуы? .Æххуырст. Семæ минæвар ис, ме ’лдар, уымæн бахæс кодтой сæ фæндон дæуæн зæгъын. Т и м о н. Æрбауадз ардæм сегасы дæр, курын. Бацæуы К у пид о н. X у п и д о н. Салам дæуæн, хæрзгæнджыты хуыздæр, Салам дæ фынгылбадджытæн зæрдæйæ. Æрбацыд фондз æнкъарæны дæумæ, Цытджын æлдарæн равзæрстой Тимоны: Уырзæн, æм’будæн, хъусæй æмæ ад Хæрзгæнджытæ фæуæнт уæ кадджын бадты! Ныр та сæ уемæ абадын фæнды, Цæмæй сæ уындæй бахъæлдзæг уай ды. Т и м о н. Иттæг хорз у. Зæрдиагæй сæ исæм. Уадз музыкæ дæр зæла. 1-а г æ л д а р. Ехх, Тимон, Куыд диссаг у, цæйбæрц адæм дæ уарзынц! Музыкæ. Купидон ацæуы æмæ æрбаздæхы у стыт имæ, уыдон сты кæнгæцæсгæмтты æмæ амазонкæты дарæсы. Сæ къухты фæн- дыртæ, цæгъдынц æмæ кæфынц. А п е м а н т. Уынут! Куыд сызмæст дуне! Сæрра сты Сæрхъæн сылтæ хæрдмæ хаугæ! Сæ хъал цард Къæс-къæс кæны,— мæ цардимæ йæ бар, Уæд уыдон цардæй бухъ .кæнынц, æз та Цæрын уидæгтæй. Лæг цы нæ æрра ми Фæкæны хи ирхæфсыны тыххæй! Куыд феппæлæм, кæй бынтæ хæрæм, уымæй! Куы фæзæронд вæййæм, уæд та дзы хъаст , Фæкæнæм, нуазын нын кæй кодта, уымæн. Цымæ ма ис æнæхæлд лæг зæххыл, :22
Йе — искæй чи нæма фехæлдта, ахæм? Цы лæг амард, йæ лымæнтæй хъæдгæмттæ Кæуыл нæ уыдис, афтæмæй? Тæрсын, Миййаг нæ ацы схъиуджытæ сæ быны Куы ныммарой. Гъе, ахæм у нæ дуне: Нæ хур æххæст нæма ’рныгуылы, уæд Вæййы нæ разы алы дуар æхгæд. Уазджытæ сыстынц, æртыхсынц Т и мо ны л æмæ йын кæ- нынц козбау митæ. Сæ уарзондзинад равдисыны тыххæй алчи- дæр равзарыйæхицæн амазонкæ æмæ цасдæррæстæгкафынц музыкæмæ гæсгæ. Т и м о н. Æрбахастат нын бирæ цин, рæсугъдтæ, Нæ куывд уæ фæрцы сфидыдта, фыццаг Нæ уыдис ахæм буц æмæ хæрзаив, Ныр та тæмæнтæ калгæ у, рæсугъд. Мæ фæнд иттæг хорз сæххæст ис уæ фæрцы Æмæ сымахæй тынг бузныг фæдæн. 1-а г у с. Æгæр нæ кæныс буцахуыр, Тимон. А п е м а н т. Уый раст у, уымæн æмæ сымахæй алчидæр у чъизи^ æмæ йемæ ахъазынæй зæрдæ хæццæ кæны. Ти м о н (устытæн). Æрбадут цом, æнхъæлмæ кæсы фынг. Æфсæрмы нæ — уæхи хæдзар цыма у. У с т ы т æ. Зæрдиагæй дын арфæ кæнæм. Т и м о н. Флави! Ф л а в и. Æз ам дæн. Т и м о н. Ме ’хцадон мын рахæсс! Ф л а в и. Хъусын. (Фæрсмæ.) Ныртæккæ та брильянттæ уардзæн ам. Нæ мæ уадзы ныхмæ лæууын, æндæр ын Бæргæ зæгъин... Нæ, хъуамæ йын зæгъон! Куы ныггаффутт уа, уæд кæндзæн фæсмон, Кæй мæм нæ хъуыста... Байрæджы уыдзæни. Рæдаууæвæг нæ фæуыны æппындæр Æмæ гъеуымæн бавæййы хæрзбын дæр. (Ацæуы.) 23*
1-а г у а з æ г. Цы фæци ме ’ххуырст? Æ х х у ы р с т. Мæнæ дæн. Цы хъæуы? 2-а г у а з æ г. Æрбалас бæхты. Баздæхы Ф ла в и æхцадонимæ. Т и м о н. Ме ’рдхæрдтæ, æрмæст Дыууæ ныхасы... (Уазджытæй иуæн.) Фен-ма сæ, мæ хæлар; Зæрдæбынæй дæ курын хорзæх — айс Налхъуыт, мæ лæвар. Дар-иу æй дæ къухыл, Мæ хорз хæлар. 1-аг уазæг. Æнæуи дæр дæуæй Æз цас лæвæрттæ райстон! Иу у ы л д æ р. Мах дæр афтæ. Бацæуы фæсдзæуин. Фæсдзæуин. Сенатортæ æрбацыдысты, ме ’лдар; Æрхызтысты сæ бæхтæй, далæ, гъе! Т и м о н. Уый хорз хабар у: рахон сæ! Ф л а в и. 0 ме ’лдар, Æрбайхъус мæм, цы зæгъинаг дæн, уый Дæ кад æмæ дæ номыл у. Т и м о н. Мæ номыл? Фæстæдæр æй зæгъдзынæ. Курыи дæ, Зæгъ, уазджыты куыд фæхынцой иттæг хорз. Ф л а в и (фæрсмæ). Нæ зонын, уый куыд бауыдзæн мæ бон. Бацæуы д ыккаг æхху ыр ст. 2-а г æххуырст. Бар ратт, æлдар, æмæ зæгъон хабар: Хорз Луци дæ кæй уарзы, уый нысанæн Æрбарвыста цыппар сæнтурс бæхы Æд саргъ, æд идон. Т и м о н. I Исын сæ хæларæй. Дæ хъус фæдар лæваргæнæг лæгмæ, "24
Цæмæй йын уа аккаг лæвар. (Бацæуы æртыккаг æ х ху ыр ст.) Цы зæгъыс? 3-а г æххуырст. Ме ’лдар, уæздан Лукулл дæ хоны райсом цуаны æмæ дын æрбарвыста сураг дыууæ куыдзы. Т и м о н. Уыдзынæн цуаны. Сурæн куиты райсут, Æмæ Лукуллæн хорз лæвæрттæ ратт. Ф л а в и. Цы уыдзæн, цы? Йæ уазджыты кæны Хынцын æмæ рæдау лæвæрттæ уары, Иæ чырынтæ та — афтид. Зонын æй Нæ фæнды, йе ’хцадоны ма цы баззад, Йæхицæн мын æргом кæнын нæ уадзы, Тæригъæддаг мæгуыргуры зæрдæ йын Кæй ис, йæ бон кæй ницыуал у, уый. Лæвар кæны, йæ бон куыд нал у, афтæ, Æххæстгæнæн сын хæсыл ис æрмæст, Ныхас зæгъæд — фæфылдæр вæййынц хæстæ’. Хæлардзинад æм уыйбæрц ис — ныр дæр ыл Проценттæ фидынц. Иууылдæр йæ зæхх Æвæрд у хæстæм. Ехх, дзæбæхæй ма мæ Куы ауадзид мæ хæдзармæ, бæргæ, Кæннод мæ сурдзæн. О, тæригъæддаг уг Иæ лымæнты цы лæг фæхынцы, уый: Кæй йын вæййынц ызнæгтæ, уый нæ зоньк Тынг хъыг кæнын хæларзæрдæ Тимоныл. (Ацæуы.) Т и м о н. Æгæр бæрзондмæ исыс мæи, дæхи та Дæлдæр æвæрыс. Курын, æмæ айс Дæхицæн ацы ницæйаджы дзаума. 2-а г у а з æ г. Тимон, иттæг зæрдиагæй йæ исын. 3-а г у а з æ г. Фæрныгдзинады бардуаг у Тимон. Т и м о н (3-аг уазæгæн). 0, хæдæгай: æппæлыдтæ æрæджы Мæ сырх бæхæй. Дæ зæрдæмæ фæцыд, Æмæ дæу уæд,— дæ хорзæхæй, ысб’-ад ыл. 3-а г у а з æ г. Цытæ дзурыс! Æз уый тыххæй нæ загътол! 25
Т и м о н. Æз зонын, лæг цæмæй æппæла, уый Иæ зæрдæмæ кæй фæцæуы. Лымæнтæ Цы уарзондзинадæй кæсынц мæнмæ, Æз уый мæхи уарзондзинадæй барын. Уæ сæр мæ искуы бахъæудзæн мæн дæр Мæ тыхсты бон. Уазджытæ. Æхсызгон нын уыдзæни! Т и м о н. Æгайтма уæ мæ хæдзары уынын, Æндæр, цы лæвæрттæ кæнын сымахæн — Цы у уый, ницы. Афтæ мæм кæсы, Дунейы паддзахæдтæ мæм куы уаид, Æвæсмонæй сæ байуарин уæддæр,— Алкивиад, хæстон дæ ды, хæстон та Мæгуыр вæййы; дæуæн лæвар кæнын — Уый хорз оди у; ды мæрдты ’хсæн фæцæрыс, Хæстон быдыр та у дæуæн дæ зæхх. Алкивиад. Уый афтæ у, Тимон, фæлæ дзы зайгæ Нæ -кæны ницы. 1-а г у а з æ г. Тынг бузныг дæ стæм Мах негас дæр... Т и м о н. Æз дæр сымахæй — бузныг. 2-а г у а з æ г. Мах афтæ уарзæм дæу, Тимон... Т и м о н. Цæрут мын...— Цырагъ, цырагъ, фылдæр рухс! 1-а г у а з æ г. Зæдтæ раттæнт Дæ удæн намыс, амонд æмæ мулк! Т и м о н. Сымахæн дæр... пе маит æмæ Т имо нæ й фæстæмæ иууылдæр ацæуынц. А п е м а н т. Куыд сæмтъеры сты, куы! Сæркъулæй æмæ зонгуытыл куыд лæууынц! Ау, уый тыххæй æгæр зынаргъ нæ лæууынц? 1 Козбауæн зæгъ æрмæст йе — айс, йе — хæц — Иæ астæу уæд æваст æрвæййы къæдз!
Уæдæгонд уд та йе ’ппæт мулк дæр ратдзæн Сæрæй æркувæгæн. Т и м о н. Ехх, Апемант! Æгæр маргдзых куы нæ уаис, тæхуды, Уæд дæм, бæлвырд, хуыздæр цæстæй кæсин. А п е м а н т. Тобæ, мæн ницы хъæуы. Æз дæр ма дын куы бал- хæнын кæнон мæхи, уæд нал уыдзæи дæу бафхæрæг, æмæ ныссæдздзынæ ноджы фылдæр бæллæхты. Дьг афтæ бирæ уарзыс, Тимон, æмæ, тæрсын, тагъд дæ сæр куы æрæвæрай цъындыйыл. Цæмæн хъæуынц ацы: куывдтæ, хъæлæбатæ, ницæйаг цытуарзон митæ! Тимон. Цæй, кæд та ногæй дæрзæг æвзагæй дзурыс, уæд дæм; нал хъусын. Фæндараст у æмæ-иу иннæ хатт æрбацу хуыздæр зарджытимæ.. А п е м а н т. Хорз! Нал мæм хъусыс? Ма мæм хъус уæдæ. Æз дын дзæнæтмæ сæхгæндзынæн фæндаг. Цæуылнæ уарзынц адæмтæ рæстад? Цæмæн сæм ис козбау митæн бынат? (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Уат сенатортæй щы хæдзары. Бацæуы с енато р, йæ къухы гæххæттытæ, С е н ато р. Варронæй дары фондз мины; дæс мииы Фæхæсджын Исидорæй; дæс — мæнæй, Уый фондз æмæ ыссæдз мины куы ’ййафынц! — Уæддæр ма йе ’рра хæрдзтæн нæй кæрон. Ныггаффутт уыдзæн тагъд. Æхца мæ искæд Куы бахъæуид,—уæд радавин йæ куыдз Иу мæгуырæн: лæвар æй ратт Тимонæн, Æмæ дын куыдз æхцагæнæг уыдзæн! Дæ бæх ,уæй кæнын дæ фæнды, цæмæй дзы Хуыздæртæ балхæнай, уæд æй лæвар Тимонæн барвит,— мацы кур ,йæ сæрмæ,— Рæсугъддæр бæхтæ райсдзынæ уæддæр! Йæ дуарыл та къæсæргæс дæр нæ дары, Лæууы дзы мидæмæхонæг æрмæст, Уый мидбылхудгæ фæндаггонты хоны. Нæ, уый нæу’хорз. Æцæг куы зæгъæм, уæд Нæ бафæраздзæн бирæ.— Эй, Кафис, Кæм дæ? Бацæуы К аф и с. К а ф и с. Æз ам дæн. Исты мын зæгъыс? Сенатор. Дæ пæлæз акæн, уайгæ тагъд Тимонмæ, Зæгъ ын, цæмæй мын рарвита мæ хæс. Цыфæнды нæй-нæй дын куы кæна — ма хъус, Дæ ныхасыл ныццæджындз у; миййаг, I Йæ худ йæ къухты тилгæйæ куы зæгъа, «Дæ хицауæн-иу ратт мæнæй салам», 28
Уæд-иу ын зæгъ, тыхсты кæй дæн мæхæдæг Æмæ кæй хъæуынц уыцы ’хца мæхи,1 Цы хæстæ дардта — раджы ацыд се ’мгъуыд; Æгæр, зæгъ, дыл æууæндыдтæн, æмæ Мæхи аххосæй бабын ис мæ пайда; Æз, зæгъ, дæ уарзын, аргъ дæр дын кæнын, Фæлæ дæ кæстæр æнгуылдзы тыххæй Бæрзæйсаст уон, мæн уый нæ фæнды. Ме ’хца,— Ныхæстæ нал, мæн фервæзын кæндзæн Æрмæст æхца. Æвæстиатæй уайгæ Æмæ цæхгæр, тызмæгæй афтæ зæгъ.— Тæрсын, Тимон цæхæркалæг цæргæсæй Тынд гæркъæраг куы феста,— уымæн тагъд Ныттондзысты йæ хъæбæр систæ иугай,— Æрхаудзæн.—Цу. К а ф и с. Тæхын. С е н а т о р. Цæуыс? Гъа, айс ын Иæ хæсты чиныг! Бафтау хыгъдыл ноджы Æмгъуыды уæлдай бонтæ. Ка ф и с. Хорз. Сенатор. Тæхгæ. (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Зал Тимоны хæдзары. Бацæуы Ф л а в и, йæ къухы хыгъды гæххæттытæ. Ф л а в и. Нæдæр ын бæрц, нæ — уромæн! Хæрз æрра! Æхцатæ калы æмæ йæ нæ фæнды Сæ нымайын, нæдæр ын у æвгъау Сæ хардз кæнын! Уынын дæр æй нæ фæнды, Кæдæмдæр дзы куыд фæленк кæны мулк. Куыд уыдзæни, цы бауыдзæн? Æррадæр Нæма федтон æгас дунейыл лæг, Фæлæ дзы нæй хæлардæрзæрдæ амæй. Цы чындæуа? Нæ байхъусдзæн мæнмæ, Егъау бæллæх ыл цалынмæ æрцæуа. Нæ, хъуамæ йын сæ комкоммæ зæгъон, ^9
Куыддæр йæ цуанæй раздæха фæстæмæ. Хъыгаг! Хъыгаг! Бацæуынц К аф и с, И сид о р ы æмæ В а р р оны фæсдзæуинтæ. К а ф и с. Варроп, æгас цæуай! Дæ хæс курæг æрбацыдтæ? Варроны æххуырст. Ды дæр? К а ф и с. Æз дæр. Ды дæр та, Исидор? Исидоры æххуырст. Ай-гъай! Ка ф и с. Тæхуды, куы нын бафидид! Варроны æххуырст. Дыууæйыл у. К а ф и с. 0! Мæнæ нын йæхæдæг хицау. Бацæуынц Т имо н, Алкивиад, æлдæрттæ æмæ фæсдзæуинтæ. Т и м о н. Фæссихор та цæуæм фæстæмæ цуаны, Мæ хорз Алкивиад. (Бацæуы йæм К аф и с.) Миййаг, мæнмæ? К а ф и с. Дæ хæстæн сегасы хыгъд мæнæ, сударь. Т и м о н. ч\ Хæстæ, зæгъыс? Кæцон дæ, кæ? К а ф и с. Афинаг. Т и м о н. Мæ хæдзаргæс дын бафиддзæн æппæт дæр, Цу уымæ. К а ф и с. Уый мын иу мæйы бæрц фиды Æрмæст ныхæстæй — сайы мæ. Мæ хицау Тыхст раны ис, æхца йæ тынг хъæуы, Æмæ дæ уæздандзинадæй уый куры, Цæмæй йын ды ныббарай æмæ йын Йæ хæстæ бафидай. Т и м о н. Мæ хорз хæлар, 30
Дæ хорзæхæй, æрбауай райсом раджы. Ка ф и с. Фæлæ, æлдар... Т и м о н. Æнæуаг ма у, цæй!.. Варроны æххуырст. Æз дæн Варронæй... Исидоры æххуырст. Æз та ■— Исидорæй, Æрвиты дæм, йæ хæстæ йын цæмæй... К а ф и с. Куы зонис, сударь, ме ’лдары æхца Куыд тынг хъæуы!.. Варроны æххуырст. Æхсæз къуырийы рацыд Æмгъуыдæй ныр; фыдрæстæг у... И с и д о р ы æ х х у ы р с т. - Æлдар, Дæ хæдзаргæс мæ асырдта дæс хатты, Ныр та мæ ме ’лдар рарвыста дæумæ. Т и м о н. Фæлæуут-ма, ысулæфон... (Уазджытæн.) Цæугæут, Мæ хæлæрттæ: феййафын уæ ныртæккæ. (Флавийæн.) Æрбацу-ма мæм. Ай цы хабар у? Æваст мыл ам цы ’мбырдтæ кæнынц адон, Цæмæн мæ домынц ам къæйныхæй, раджы Кæй æмгъуыд ацыд, уыцы хæстæ? Ау, Цæмæн мæ кæнынц худииаг? Ф л а в п (æххиырстытæн). Мæ хуртæ, Уæ хъуыддаг ам æвзаргæ нæу; сымах Фæгæдзæ кæнут, тагъд фæуыдзæн сихор, Æз та уæдмæ мæ хицауæн зæгъон, Цæй тыххæй уын нæ бафыстам уæ хæстæ. ’Тимо и. Уый раст фæнд у. Уæдæ дзырд ратт, цæмæй сæ Фæхынцой хорз. (Ацæуы.) Ф л а в и. Уæдæ мæ фæдыл цомут. Бацæуынц А п е м ант æмæ б ыд з æ у. 31
К а ф и с (æххуырстытæн). Бахъæцут-ма, бахъæцут! Уæртæ быдзæу æрбацæуы Апемантимæ, цæй, нæхи аирхæфсæм. Варроны æххуырст. Дæлдзæх фæуæд, фæрæйдзæни ныл. И с и д о р ы æ х х у ы р с т. Рын ахæссæд уыцы куыдзы! Варроны æххуырст (быдзæуæн). Куыдтæ цæрыс, тутсæр? А п е м а н т. Уый афтæ дæ аууоны фæрсыс? Варроны æххуырст. Дæу, ай-гъай, нæ фæрсын. А п е м а н т. Уый æцæг афтæ у. Ды бафарстай дæхи. (Быдзæуæн.) Цом ардыгæй! Исидоры æххуырст (Варроны æххуырстæн). Уыныс, тутсæр дыл куыд сауыгътой. А п е м а н т. Нæ, ды нырма дæ бынаты лæууыс, ууыл ауыгъд нæ дæ. К а ф и с. Ау, уæдæ ма тутсæр чи у? А п е (М а н т. Фæстаг хатт чи бафарста, уый. Ехх, хæдмæлхор, магусатæ, æфстаудæтджыты къæбылатæ! Сызгъæрин мæгуырдзинадимæ иугæнджытæ! Æ х х у ы р с т ы т æ. Мах чи стæм, зæгъыс, Апемант? А п е м а н т. Хæрджытæ! Æ х х у ы р с т ы т æ. Цæмæн? А п е м а н т. Уымæн æмæ уæхæдæг нæ зонут, чи стут, уый æмæ фæрсут мæн. Адзур ды семæ, быдзæу. Б ы д з æ у. Цы хуызæттæ стут, уæздан адæм? Æ х х у ы р с т ы т æ. Стыр бузныг; хорз цæрæм, фæрныг быдзæу. Цы митæ кæны де ’хсин? 32
Б ы д з æ у. Дон æхсиды, цæмæй дзы адæвдæг кæна сымах хуызæн мæйдзыд уасджыты. Тыиг мæ бафæндид сымах Коринфы хæрæпдоны фенын! А п е м а н т. Иттæг хорз! Стыр бузныг! Бацæуы фæсдзæуин. Б ы д з æ у. Кæсут-ма, ме ’хсины лæггадгæнæг æрбацæуы. Фæсдзæуин (быдзæуæн). Цы зæгъыс, æфсадхон? Цы ми кæныс ацы зонд- джынтимæ? Куыд у дæ цардыуаг, Апемант? А п е м а н т. Тæхуды, мæ дзыхы тæлмуис куы фестид, бæргæ дын раттин зондамонæн дзуагш. Ф æ с д з æ у и н. Дæ хорзæхæй, Апемант, бакæс мын адристæ ацы фыстæджыты: не ’взарын, чи дзы кæмæ у. А п е м а нт. Æмæ кæсын нæ зоныс? Фæсдзæуин. Нæ. А п е м а н т. Уæдæ стыр ахуыргонд нæ амæлдзæн де ’рцауын- дзæн бон. Мæнæ ацы фыстæг у Тимонмæ, ай та Алки- виадмæ. Уайгæ сæм тагъддæр! Райгуырдтæ цъыфхо- рæй, мæлгæ та акæндзынæ хæзгулты иугæнæгæй. Ф æ с д з æ у и н. Ды т’а райгуырдтæ куыдзæй, æмæ куыдзау ныммæл- дзынæ æххормагæй! Дзуапп мын ма дæтт, æз ам нал дæн. (Ацæуы.) А п е м а н т. Дæ хуыцауы лæвæрд цардæй дæр афтæ алидздзы- нæ. Быдзæу, æз демæ нæ бацæудзынæн Тимонмæ. Б ы д з æ у. Ды мæн ам уадзыс? А п е м а н т. Кæд Тимон хæдзары ис, уæд. (Æххуырстытæн.) Сымах уе ’ртæ дæр хæсылдæтджытæи лæггад кæ- нут? 3 Шекспир, 2-аг том. 33
Æ х х у ы р с т ы т æ. О, æрмæст хуыздæр уаид, уыдон махæн куы лæг- гад кæниккой, уæд. Апемант. Мæн дæр, хъæлæкк, уый фæнды... цæмæй уын ба- лæггад кæной, сæркъуырæг давæгæн ’куыд кæны, афтæ. Б ы д з æ у. Æртæ хæсылдæттæджы лæггадгæнджытæ стут? Æххуырстытæ. О, быдзæу. Б ы д з æ у. Ме ’рдыгонау, иунæг хæсылдæттæг дæр нæй, бы- дзæу чи нæ дары, ахæм. Ме ’хсин дæр уыдон мыгга- гæй у, æмæ уынут — æз уый быдзæу дæн. Сымах хи- цæуттæй исчи хæс куы фæисы, уæд æрбацæуынц æн- къардæй, цæугæ та акæнынц хъæлдзæгæй. Ме ’хсины хæдзармæ та уыдон бацæуынц хъæлдзæгæй, цæугæ та акæнынц æнкъардæй. Зонут æй, цæмæн? Варроны æххуырст. Мæнæн мæ бон бауаид уый зæгъын. Апемант. Зæгъ æй уæдæ, цæмæй дæ рахонæм сылтæмбырæг æмæ зæвæттæсдæрæг, æниу дæ <кад уымæй къаддæр нæ фæуыдзæн. Варроны æххуырст. Зæгъ-ма, быдзæу, цы у уый — сылтæмбырæг? Б ы д з æ у. Быдзæу уæздан дарæсы, цæмæйдæр раст дæу хуы- зæн. Уый у æндæрг. Куы бацæуы æлдары хуызы, куы— æвдакаты, куы—арф зондджыны, философы хуызы, зо- ньгадзинадæй уæлдай ма низтæ сафын дæр чи зоны, ахæм. Арæх бацæуы уый хотыхдары хуызы дæр. Иу- дзырдæй, уыцы æндæрг хæты æгас дунейыл алы хуызты, уыдон та лæгмæ вæййынц кæддæриддæр суанг æртындæсаздзыдæй цыппарыссæдзаздзыдмæ. Варроны æххуырст. Ды бынтон тутсæр нæ дæ. Б ы д з æ у. Раст ды бьштон зондджын куыд нæ дæ, афтæ. Дæу- мæ нæ фаг кæны раст уыйбæрц зонд, мæнмæ æдылы- дзинад цас и. | А п е м а н т. Ахæм дзуапп у раст Апеманты аккаг. 34
И у у ы л д æр. Иуварс алæуу, иуварс, Тимои рацæуы! Бацæуынц Т имо н æмæ Ф л а в и. А п е м а н т. Цом мемæ, быдзæу, цом. Б ы д з æ у. Æз нæ фæцæуын бауарзæджы фæдыл, бынтæрай- сæджы фæдыл, усы фæдыл, фæлæ хатгай ацæуын фи- лософы фæдыл. (Ацæуы Апемантимæ.) Ф л а в и (æххуырстытæн.) Цæугæут уал; адзурдзыстæм фæстæдæр. (Æ ххуырстытæ ацæуынц.) Т и м о н. Ай диссаг нæу! Цæмæн мын не схъæр кодтай Нæ уавæр раздæр? Уыд’мæ бон нæ хæрдзтæ Цыбыр кæнын, нае уавæрты цæрын. Ф л а в и. Нæ мæм хъуыстай; фæлвæрдтон цалдæр хатты Дæуæн зæгъын... Т и м о н. Мæнг у! Ды мын, бæлвырд, Дзырдтай мæ тыхстыл, мæн куы не ’вдæлд, уæд, Дæхи ныр уымæй раст кæнынмæ хъавыс. Ф л а в и. Мæ хорз æлдар, æдзухдæр-иу дын хыгъдтæ Фæхæссын æмæ де стъолыл æвæрын, Ды та сæ иуварс аппарыс, зæгъгæ, Æууæндын æз дæуыл æмæ сæ ма хæсс. Хæрз хуымæтæг лæвары сæрмæ-иу Сæдæ хатты хуыздæр лæвар куы раттай, Уæд-иу æз та мæ сæр тилгæ куыдтон. Цы хардз кодтам, цы пайда нæм цыд, уый-иу Куы хъавыдтæн нымайынмæ дæуæн, Лæгъстæ-иу дын куы кодтон: де ’хца ма кал,— Ды та-иу мæ æфхæргæ кодтай уæд. Мæ хорз æлдар, кæд байрæджы, уæддæр Ды хъуамæ зонай, мулк ма дæм цы баззад,, Цы бынтæ дæм ис — сегасæй дæр ды Нæ бафиддзынæ се ’мбис дæр дæ хæстæн. Т и м о н. Мæ зæххытæ -мьгн ауæА кæнут уæд. 35
Ф л а в и. Бæткæйыл дын æвæрд уыдысты рагæй, Сæ иу хай фесæфт. Чи ма дзы ис, уый, Хыгъдтæ чи ’рхаста, уыцы хæсдæтджытæн • Сæ дзыхтæ сæхгæныны фаг дæр нæу... Ныр иниæтæ дæр уайдзысты хыгъдтимæ... Цы уыдзыстæм? Куыд ма цæрдзыстæм уæд? Æмæ цы ’хцайæ фиддзыстæм нæ хæстæ? Тимон. Ау, ардыгæй Лакедемоны онг Куы ’ххæстысты мæ бынтæ!.. Ф л а б и. Кадджын хицау, Нæ дуне иу мыр у æрмæст. Дæ бон Куы уаид уый дæ иу улæфтæн раттын, Уæд æй æвгъау нæ фæкæнис. Т и м о н. Ды раст дæ. Ф л а в и. .Мæ р-æстадыл, кæнæ хъуыддаг кæнын Кæй зонын, ууыл кæд кæныс гуырысхо, Уæд иу-цалдæр дæсны лæгмæ фæдзур Мæ равзарынмæ. Стыр хуыцау æвдисæн — Нæ хæдзары-иу удхор лæгты къорд Куы хæлбурцъ кодтой, боцкъатæ куы тылдтой, Цы сæн сæ калди, уый фæдыл, кæнæ Дæ бирæ уæтты рухс æдзух куы сыгъди, Æгас хæдзар-иу зарынæй куы рызт, Уæд-иу æз зæронд кæркдонмæ фæлыгътæн Æмæ куыдтон. Т и м о н. Дæ хорзæхæй, æгъгъæд. Ф л а в п. Хуыцау, зæгъын, куыд рæдау лæг у! Дысон Цас исбон бабын кодтой уыцы талынг Гуымирытæ æмæ хайуантæ ам! Ау, чп сæ бавгъау кæнид уæд Тимонæн Йæ кард, йæ уд, йæ зæрдæ ’мæ йæ сæр? Хæрзæгъдаудæр, сыгъдæгдæруд Тимонæн, Раст ладдзахау бæрзонд æвæрд лæгæн? Фæлæ козбауты балхæнæн мулк нал ис,— Æваст фæздæгау атадис. Куывдтæ Нæ хæссынц бирæ! Фæззæджы бындзытыл Куы ’рбадымы, уæд амæлынц æваст. 36
Т и м о н. Æгъгъæд мын кæн зондамонæн ныхæстæ!.. Куыдфæнды уа — фæлывд ми мæм нæ уыд. Æз куырм уыдтæн, фæлæ кæрæф нæ уыдтæн... Фæлæуу-ма, уый цæуыл кæуыс? Ау, афтæ Кæсы дæумæ, хæлæрттæ мын мæ фаг Нæ разындзæн? Дæ зæрдæ уæгъды ма ’фхæр! Лымæндзинады стыр къæбицы дуар Куы бакæнон, мæ хæлæртты зæрдæтæ Куы бавзарон — куы ракурон æхца, Уæд, баууæнд мыл, сæ удтæ дæр, сæ мулк дæр Мæн тыххæй ничи бакæндзæн æвгъау, Ды ууыл ма кæн мисхал дæр дызæрдыг. Ф л а в и. Хуыцау зæгъæд, дæ ныфс æцæг цы уа! Т и м о н. Тыхсты дæн — уый хуыздæр у, уый у хорзæх! Ныр фендзынæн мæ лымæнты. Рæдийьгс Мæ хъæздыгдзинады тыххæй; мæнæн Мæ лымæнтæ — мæ хъæздыгдзипад. Ардæм, Фламини! Ардæм уегас дæр! Сервили! Бацæуынц Ф ламини, С е р в и л и æмæ инн æ æ х х у ы р с т ы т æ. С е р в и л и. Мæ хорз æлдар... Т и м о н. Æрвитын уæ иугæйттæй... Ды цæугæ Луцимæ; ды та Лукулмæ: æз абон цуаны уыдтæн йемæ. Ды уайгæ Сем- пронимæ. Зæгъут сыи, мæ зæрдæ сыл кæй дарын, æмæ цин кæньгн, мæ уавæрмæ гæсгæ сæм кæй улæфын кур- диатимæ: хъæуы мæ æхца. Зæгъут сын, кæй мæ хъæуы дæс æмæ дыууиссæдз таланты. Ф л а м и н и. Æххæст уыдзæн! Ф л а в и (фæрсмæ). Гм... Луци, дам, Лукулл... Тимон (иннæ æххуырстæн). Ды суай сенатортæм. Фыдыбæстæн Чысыл æххуыс нæ фæдæн æз. Мæнæн Ис бар, цæмæй мæм уыдон дæр фæкæсой. Зæгъ сын, цæмæй мын мии таланты раттой. ,37
Ф л а в и. Æз бауæндыдтæн уыдонмæ цæуын Æппæты разæй, уый мæм «аст æнцондæр,— Куырдтон æхца дæ къухфыстмæ гæсгæ, Фæлæ мын дзуаппæн батылдтой сæ сæртæ. Хæрз афтидæй сæ раздæхтæн. Т и м о н. Ау, уый Куыд хъуамæ уа? Æцæг уа уый рæстдзинад? Ф л а в и. Сæ уынаффæ æмвæндонæй дзырдтой, Зæгъгæ, тыхсты стæм... нæй æхца... нæхæдæг Нæхи хъыддæгтыл не ’ххæссæм... иттæг Хъыг, дам, нын у... фæндыди нæ, бæргæ... Фæлæ нæ фадат... Уый дæр, дам, рæдыди... Рæдийгæ, дам, уæздан лæг дæр кæны... Йæ хъуыддæгтæй, дам, райгæ уæд — мын загътой^ Ыстæй дзырдтой, куыстытæ, дам, нын ис, Æмæ ныууагътой мæн. Сæ зулмæ кастæй, Сæ хъуыр-хъуыр æмæ се ’нæдзуапп ныхæстæй Ныргъæвстæн, нал уыд дзурын дæр мæ бон. Т и м о н. Хуыцау сын уæд тæрхонгæнæг мæ бæсты! Ды, Флави, ма тыхс. Уыцы зæрæдтæн Æбузндзинад сæ фыдæлтон сахъат у! Сæ дадзинты цы чысыл туг уыд, уый Инджынау бацахстис æмæ ныууазал. Цæрыны хъармæй се уæнгтæ — мæгуыр, Сты саузæрдæ. Лæг ингæнмæ хæстæгдæр Куыд кæны, афтæ уый кæны дæрзæг, Стæй рохгæнаг... (Иу æххуырстæн.) Вентидимæ мын уайгæ! (Флавийæн.) Дæ хорзæхæй, æгъгъæд дæхи хæр, Флави! Ды ме ’нувыд, хæрзæгъдау уд дæ, нæй Дæумæ ам азым. А бонты Вентиди Йæ фыды бавæрдта æмæ бынтæ Хорз райста. Фæлæ ахæстонмæ бахауд Æмæ дзы бадт, йæ иу хæлар æм нал цыд, Мæ фондз талантæй раирвæзт æрмæст. Салам ын ратт мæнæй æмæ йын радзур; 38
Цы уавæры, ды уæззау тыхсты дæн, Æрмæст мæ уый кæй курын кæны уыцы Чысыл æхца. Куы сæ райсай, уæд сæ Æвæстиатæй хæскурджытыл байуар... Сыбыртт дæр нал, ныфсы хъуыдытæ кæн,— Мæ лымæнтæ нæ ныууадздзысты мæн. Ф л а в и. Хуыцау зæгъæд. Рæдау лæгмæ-иу адæм Фæкæсьшц раст йæхæдæг куыд у, ахæм! (Ацæуынц.) 39
1 СЦЕНÆ Ф ламини лæууы. Рацæуы йæм æ х х у ы р с т. Æ х х у ы р с т. Загътон ме ’лдарæн. Ныртæккæ дæм рацæудзæн. Ф л а м и н и. Бузныг, мæ хæлар. Рацæуы Л у к у л л. Æххуыр ст. Мæнæ дын ме \лдар. Лукулл (фæрсмæ). Тимоны фæсдзæуин! Дзырд дæттын, уый æрбацы- ди лæвармæ. Раст йæ афоныл, тæккæ дысон мæ фыньг федтон æвзист тас æмæ хъуырау хихсынæн. (Хъæ- рæй.) Æгас цæуай, Фламини! Тынг æхсызгон мын у дæ феид, намысджын Фламини! (Æххуырстæн.) Ра- хæсс мын сæн. (Æ х х у ы р ст ацæуы.) Цы хуызæттæ у æппæты уæздандæр, кадгæнииаг- дæр, стыр зæрдæйы хицау Тимон Афинаг, дæ иууыл рæдау хицау? Ф л а м и н и. Уый æнæниз у, сударь. Л у ку л л. Æз цин кæнын йе ’нæниздзинадыл. Уый дæм дæ пæ~ лæзы <бын та цы ис, сыгъдæгзæрдæ Фламиии? Ф л а м и и и. Афтид æхцадон, æндæр -куы ницы. Ме ’лдары фæ- дзæхстæй дын лæгъстæ кæнын, байдзаг æй кæн. Мге хицауы æвæстиатæй хъæуы дæс æмæ дыууиссæдз та- ланты, æмæ рарвыста мæн уыцы хæс дæуæй райсынмæ,. уый æппындæр гуырысхо нæ кодта, тагъд ын кæй бах- хуыс кæндзынæ, ууыл. 40
Л у ку л л. Аф-тæ-тæ... Æппындæр,— зæгъыс,— гуырысхо нæ кодта, и? Хъыгагæн, тынг хæларзæрдæ лæг у! Уæздан- дæр лæг! Æцæг æгæр парахатаей цæры. Арæх-иу уыд- тæн йæ сихортыл æмæ йын дзырдтон уый тыххæй. Цыдтæн-иу æм æхсæвæртæм дæр, цæмæй къаддæр хардз *кæиа, æрмæст уый курыны тыххæй. Фæлæ уый хъуыды дæр нæ кодта мæ уынаффæ, нæ бамбæрста, цæмæн æм цæуын, уый. Алкæмæ дæр ис йæхи аиппытæ, уый аипп та у рæдаудзинад. Бирæ хæттыты йын дзырдтон ууыл, фæлæ мæм нæ байхъуыста. Æххуырст бахæссы сæн. Æ х х у ы р с т. Табуафси, <ме ’лдар, мæнæ уын сæн. Л у ку л л. Фламини, æз алкæддæр дæу зыдтон зондджын адæймагæй. Дæ цæрæнбонтæ бирæ! 1Ф л а м и н и. Стыр бузныг, дæ уæздандзиыад. Л у ку л л. Цæстмæхъус ныхас мын ма фæуæд, фæлæ дæ зонд уынаг у, зоны уавæртæм гæсгæ йæхи рацаразын, уа- вæртæ бахынцын. Ды арæхсыс уавæрæй спайда кæ- нынмæ фадат уæвгæйæ. Уый та хорз миниуæг у. (Æх- хуырстæн.) Ауай-ма ардыгæй! (Æххуырст ацæуы.) Намысджын Фламини, хæстæгдæр-ма рацу. Де ’лдар хæларзæрдæ у, фæлæ ды, кæд мæм æрбацыдтæ, уæддæр тынг хорз зоньгс, ’ныртæккæ æхца бæткæмæ дæттыны рæстæг кæй нæу, уæлдайдæр та афтид лы- мæндзинадмæ, цæмæй фыст æрцæудзæн, уый нæ уæв- гæйæ. Мæнæ дын æртæ солидары; раст цьгма мæхи хæлар дæ, афтæ бацъынд кæн дæ цæстытæ æмæ зæгъ Тимонæн,— бынаты иæ дæи. Хæрзбон. •Ф л а м и н и. Ау, уый та куыд! Æви нæ дуне фендæр, Нæхæдæг та нæхи хуызæттæ стæм? (Æхца фехсы зæхмæ.) Æлгъыстаг æмæ чъизи уд æвдисæг, Кæй хуыцау дæ — фæстæмæ йæм цæугæ! Л у ку л л. Афтæ у?! А, уæдæ ныр уынын, ды кæй дæ раст дæ хицауы аккаг сæрхъæн. 41
Ф л а м и н и. Дæ ацы ’хца дын сондон фестæд, тагъд Дæу зындоны кæуыл судздзысты, ахæм! Дæ сызгъæринтæ фестæнт уым сырх зынг, Цæмæй дын сæ уым ауадзой дæ хъуыры — Дæ марынæн! Цæй хæлар дæ ды та? Хæлары буарыл ды æрмæст хъæдгом дæ. Бæрæг у ныр, хæларадæн хæй ис Лæмæгъ зæрдæ, стæй уазал,— иунæг бонмæ Ыстуаг вæййы æхсырау. О хуыцау! Тимон цы ’нкъардзæн, ацы сау хабар ын Куы зæгъон, уæд! Æдзæсгомдæр цъаммар! Тимоны сихор й’ ахсæны нырма Нæ батади,—куыд бахæцдзæн йæ фарсыл, Ай марг куы у йæхæдæг, уæд? Хæрам, Хæрам фæуæнт йæ сихортæ дæ удæн! Дæхицæн уый цы хæрзтæ фæци, уыдон Дæ мæлæн бон фæтагъд кæнæнт дæуæн, Тимон та дын куыд нæуал уа лымæн! (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Фæз. Бацæуынц Л уци æмæ æ рт æ фæсарæйнаджьи Л у ци. Чи? Тимон? Уый у мæ хуыздæр лымæн æмæ уæз- дандæр адæймаг. 1-а г ф æ с а р æ й и а г. Уый мах зонæм, кæд æй нæма федтам, уæддæр. Æниу дын хъуамæ зæгъæм, ныр алы ран кæй дам-дум кæнынц, иу ахæм хабар. Тимоны амондджын бонтæ- фесты, йæ лымæнтæ дзы фæйнæрдæм сæхи айстой. Л у ци. Мæнг хабар, никуы мæ бауырндзæн; Тимон æхца- хъуаг никæд уыдзæн. 2-а г фæсарæйнаг. Гъеуæддæр баууæнд, йæ иу фæсдзæуин æрæджы уыд Лукулмæ, цæмæй дзы ракуырдтаид Тимонæн иу- цалдæр таланты. Стæй канд уый нæ: лæггадгæнæг лæгъстæ .кодта, дзырдта йын, куыд æхсызгон хъæ- уынц,— фæлæ йын уæддæр загъта — «нæ». Л у ц и. | Куыд?! 2-а г фæсарæйнаг. Зæгъын дын, ницы йын радта. 42
Л у ц и. Æмæ цы хабар уа?! Хуыцау — ме ’вдисæн, мæ цæо гом судзы уый хъусгæйæ! Æхца ма ратт ахæм стыр уæздаи, стыр намысджын адæймагæн? Худинаг фод Лукуллæн! Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз дæр, сæт- тын ыл, хатгай истон Тимонæй лыстæг лæвæрттæ — æхца, æвзист хæдзарыдзаума, зынаргъ дуртæ æмæ алыхуызон цыдæртæ, Лукулл дзы цы иста, уыдонимæ сын абарæн дæр нæй, фæлæ уый бæсты мæнмæ куы баулæфыдаид — æз ын «нæ» никæд загътаин иу-цал- дæр талантæй. Бацæуы С е р в или. С е р в и л и. Табу хуыцауæн, кæдæй-уæдæй ссардтон Луцийы, мæ хид акалди уый агургæйæ... (Луцийæн.) Кадджын- дæр æлдар... Л у ц и. Æхсызгон мын у дæ фенд, Сервили! Æмæ — хæрз- бон! Салам-иу ратт мæ тæккæ хуыздæр хæларæн, дæ кадджын æмæ хæрзиуæггæнæг хицауæн. Сервили. Хатыр мын, дæ уæздандзинад, мæ хицау рарвыста... Л у ц и. И? Цы рарвыста? Æз æнæуи дæр йæ хæсджын куы дæн, æдзух та мын истытæ ’рвиты! Зонгæ дæр нал кæ- нын, куыд ма йын бафидон йæ хæрзиуджытæ! Цы мын рарвыста ныр та? С е р в и л и. Ныр дæм рарвыста æрмæст йæ курдиат, дæ уæздандзинад. Уый дæуæй куры æвæстиатæй йын иу-цалдæр таланты рарвитын. Л у ц и. Куыд хъазы! Никæй бауырндзæн, Тимон нын Иу-цалдæр таланты хъуаг уа, уый! ’С е р в и л и. Нæ, уый ныртæккæ уа-бирæ нæ хъæуы, Тыхджьш тыхсты куы нæ уаид, уæд дæ Æз афтæ тынг лæгъстæгæнгæ нæ курин. Л у ц и. Ды æцæгæй дзурыс, Сервили? С е р в и л и. Хæрын дын ард, уый у сыгъдæг рæстдзинад. 43
Л у ц и. Гъеныр æз фос нæ дæн, куыд бахардз кодтон ме ’хца, мæ уæздандзииад равдисынæн мын фадат куьг фæци, раст уыцы бон! Цас фæбæллыдтæн — нæ мын рауади! Тæккæ знон бакодтон иу хъуыддаг, æмæ ныр уый тыххæй сæфы мæ намыс! Сервили, ард хæрын хуыцæуттæй, нæй мын фадат Тимоны курдиат сæх- хæст кæнынæн. Уæд ма мæнæй фосдæр уыдзæни! Ба- уырнæд дæ, æз ма мæхæдæг Тимонæй ракуринаг уыд- тæн. Мæнæ мын ацы уæздæттæ уый тыххæй æвдисæп. Фæлæ ныр, ай-гъайдæр, æгас горæты хъæздыгдзина- дыл дæр нал райсдзынæн уымæй хæс. Ратт мæ номæй иттæг зæрдиаг салæмттæ дæ хæларзæрдæ хицауæп. Ныфс мæ уыдзæн, йæ курдиат ын кæй нæ сæххæсг кодтон, уый тыххæй мæм хæрам кæй нæ фæуыдзæп. О, хæдæгай, афтæ ма-иу ын зæгъ ноджы... тынг хъын- цъым, зæгъ, кæны, ахæм диссаджы хæларзæрдæ лæ- гæн йæ бон баххуыс кæй нæ баци, ууыл. Мæ хорз хæ- лар Сервили, курын дæ, мæ ныхæстæ-иу ын, раст æз: сæ куыд загътон, афтæмæй радзур. С е р в и л и. Хорз, сæмбæлын ыл сæ кæндзынæн. Л у ц и. Дæ зæрдыл дар, Сервили, дæ уыцы лæггад мæнæй; рох нæ уыдзæн. (С е р в и л и ацæуы.) 1-аг фæсарæйнаг. Ай-гъай, Тимон фæцудыдта, бæлвырд. Æрхаудта иугæр — нал сыстдзæни цырд. (Л у ц ы ацæуы.) 2-а г фæсарæйнаг. Цæй, федтай ныр, Гостили? 1-аг фæсарæйнаг. О, куыд нæ ма! 2-а г фæсарæйнаг. Гъеуый дын дуне! Алкæцы козбау дæр, Дæ зæрдыл дар, ныртæккæ ахæм у. Дыккаг фыдау уыд Луцийæн Тимои, Æхцайæ йын йæ пайдайыл хæцыди, Зæххы куысты йын кодта уый æххуыс. Æниу уый цы! — мызд дæр йæ фæсдзæуинтæ Тимоны дзыппæй истой. Алкæд дæр Куы нуазы Луци, уæд былтæй ныдзæвы Тимоны ’взистыл. Æмæ ныр, ныр та! 44
Йæхи цы хуызы равдыста нæ разы Æбузныг лæг! Ныр Луци загъта «иæ» Тимонæн ахæм ницæйаг æххуысæй, Мæгуыргурæн дæр хорзæхджын зæрдæ Кæмæй нæ зæгъид — «нæ». 3-а г ф æ с а р æй н а г. Нæ динæн уый Æлгъаг у тынг. 1-а г ф æ с а р æ й н а г. Мæхицæй уын зæгъон: Тимонæн æз йæ фынгыл иикæд бадтæн, Йæ лæвæрттæ нæ калдта уый мæныл, Нæдæр мæ уый лымæн хуыдта. Уæддæр ын Йæ сыгъдæг зонд, йæ уæздан митæн, ноджы Йæ раст зæрдæйæн ахæм аргъ кæнып, Æмæ мæнмæ-куы ’рвыстаид æххуысмæ — Мæ мулк дыууæйыл байуæрстаин уæд Æмæ хуыздæр хай раттаин Тимонæн,— Гъе, ахæм хорз лæг у. Фæлæ иыртæккæ Æндæр хуызы сты адæмы хъуыддæгтæ: Хъæздыгдзииад, æхца райсын, фылдæр — Лæууынц ныртæккæ намысæй уæлдæр. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Хуыссæнуат Семпронийы хæдзары. Бацæуынц Семпрони æмæ Т имо ны ф æ с д з Семпрони. Ау, номхуындæй цы тыхсын кæнут мæи? Гм... Комкоммæ мæн, иннæты — цæуылнæ? Дæу барвитын йæ бон уыди Лукулмæ, Йе — Луцимæ. Кæнæ Вентиди ныр Куы схъæздыг и,— Тимон æй ахæстонæй Куы раласта. Ау, се ’ртæ дæр дзы цас Хæрзтæ зыдтой! Т и м о н ы æ х х у ы р с т. Зæрдæхæлар æлдар, Мах се ’ртæйы дæр бавзæрстам; хъуыддаджы Мæнг æхца разындысты уыдон: загътой «Нæ» се ’ртæ дæр. Семпрони. Нæ радтой? Загътой «нæ» Лукулл æмæ Вентиди? Мæнæ диссаг!
Ау, се ’ртæ дæр? Æмæ уæд, уæд мæнмæ Æрбарвыста? Гм... Уый æцæг у диссаг! Уæдæ йын æз фæстаг ирвæзæн хос дæн? Нæ, уьш мæнмæ æвзæр цæстæй кæсы? Æртæ лымæны дохтыртау «нæ» загътой Æмæ йæ не сдзæбæх кодтой, ныр æй Æз уыдон фæстæ сдзæбæх кæнон хъуамæ? Æрæппæрста мæ! Уый ныббаргæ нæу! Æрæппæрста мæ цыппæрæм бынатмæ! Куыд рауади, тыхсты куы бахауд, уæд Мæнмæ цæуылнæ ’рбадзырдта фыццагдæр? Куы зæгъæм раст, лæвæрттæ исын уæд Фыццаджыдæр нæ райдыдтон Тимонæй, Фæлæ, бæлвырд, мæнæн нæ кæны аргъ,— Æрбарвыста мæм уыдон фæстæ! Никæд, «Фæхудинаг уон, уый нæ фæнды мæн, Сæрхъæн мæ хоной, уый дæр мæ нæ фæнды. Фыццаг мæнæй куы ракуырдтаид, уæд Æз, чи зоны, æртæ хатты фылдæрæй Дзуапп раттаин. Ныр та — цæугæ! Ныр-иу Æртæ «нæ»-имæ ’баиу кæ мæ «нæ» дæр. Мæ кад, мæ ном дæлдæргæнæгæн æз Нæ лæвæрдтон æмæ нæ дæттын хæс. (Ацæуы.) æсдзæуин. Æмбисонд! А уæздан лæг, æвæццæгæн, егъау цъам- мар у! Нæ, дæлимон адæимаджы козбауæй куы фæл- дыста, уæд нæ зыдта, цы ми кæны, уый. Иæхи раз цæлхдурæй ныллæууыди. Ме ’рдыгонау, лæджы мæн- гарддзинады раз дæлимон сыгъдæг зæды хуызæн у! Куыд тагъд нын равдыста ацы æлдар йæ цъаммардзи- над! Дары хæрзгæнæджы пæлæз, цæмæй уый руаджы тауа фыдгæнд; ахæм æнаккæгтæ сæхи æцæг хæрзгæн- джыты хуызы æвдисгæйæ судзынц æгас паддзахæдтæ. Раст уыцы миниуджытæй у политикæгæнæг лымæн- дзинад дæр. Æмæ ай уыд мæ хицауы фæстаг ныфс! Ныр ма йын баззадис æрмæст хуыцау. Лымæнтæ — нал. Йæхи хæдзарæн дуаргæс Нæ дардта æмæ никæд уыд æхгæд, Ныр уый йæ дуæрттæ сæхгæндзæн йæхиуыл Æмæ цæрдзæн æмырæхгæдæй уым, Æндæр гæнæн мæ хорз хицауæн нал ис.
Нæ базыдтай дæ мулк æвæрын, уæд Цæр иунæгæй, дæ дуæрттæ дар æхгæд. (Ацæуы.) 4 СЦЕНÆ Зал Тимоны хæдзары. Бацæуынц В а р р о ны æмæ Л у цийы æ х х у ыр ст ыт æ; фембæлынц сыл Т ит, Г о р т е нз и æмæ æлдæртты иннæ æхху ыр ст ы тæ; æнхъæлмæ кæсынц Тимоны рацыдмæ йæ къæсæрыл. В а р р о н ы 1 -а г æ х х у ы р с т. Сæрæгас уай! Гортензи, Тит, салам уын! Тит. Салам, Варрон. Г о р т е н з и. А, Луци дæр ис ам? Хорз фембæлдыстæм. Луцийы æххуырст. 0, иттæг хорз, ноджы — Иу хъуыддагмæ... Зæгъæм, æз дæн æрвыст Нæхи ’хцамæ. Т и т. Æз дæр... Стæй адон дæр. Бацæуы Ф и лот. Луцийы æххуырст. А, уый Филот дæр ам куы ис. Ф и л о т. Фарн ам! Луцийы æххуырст. Салам, зæронд! Ныр ц’ афон у, цымæ? Сахат дæм нæй? Ф и л о т. Дæс сахаты. Луцийы æххуырст. Æцæг? Ф и л о т. Æмæ Тимон нæма рацыд? Луцийы æххуырст. Нæма. Ф и л о т. Уый диссаг у. Нырмæ-иу арвыл хурау Цæхæртæ калдта. Луцийы æххуырст. О, уыди уый раздæр, 4?
Фæлæ йæ бон фæцыбырдæр и ныр. Æцæг, лæджы цард хурау у, фæлæ Бынтон нæу афтæ, цард æрныгуылд иугæр, Уæд нал ыскæсы хурау. Æз тæрсын, Цыма Тимоны ’хцадоны зымæг у; Иæ къуымты йын цыфæнды хуызы сгар — Капекк дæр — нал. Ф и л о т. Æцæг уыдзæии афтæ. Т и т. Фæлæ мæм диссаг уый кæсы: æхцамæ Æрбарвыста дæ хицау дæу? Г о р т е н з и. Ай-гъай. Т и т. Тимоны лæваргонд брильянттæ дары Дæ хицау æмæ агуры уæддæр Æхца Тимонæй? Г о р т е н з и. Ехх, нæ уарзын ахæм Æлгъаг митæ... Л у ц и й ы æ х х у ы р с т. Куыд нæ у диссаг уый: Тимоны ныр фылдæр хъæудзæни фидын, Цы дары, уымæй. Де ’лдарæй, зæгъæм, Тимонæй хъавы байсынмæ, Тимон ын Цы хорз брильянттæ радта, уыдон аргъ! Г о р т е н з и. Ехх, а хæс мæм æнаддæр кæсы маргæй! Мæ хицау — ард хæрып хуыцауæй ууыл — Тимоны ’хцатæй арæх пайда кодта; Æмæ ныр ахæм æнæбузиыг у! — Уый давынæй фыддæр куы у! В а р р о н ы 1 -а г æ х х у ы р с т. Æз хъуамæ Æртæ мины æрцагурон. Ды та? Л у ц и й ы æ х х у ы р с т. Фондз. В а р р о н ы 1 -а г æ х х у ы р с т. Фылдæр у уый. Æвæццæгæн, дæ хицау Фылдæр азты лымæн уыд йемæ, науæд, Цы ’хца домыпц, æмхуызон уаид уый. Бацæуы Ф л амини. 48
Тит. Мæнæ Тимоны фæсдзæуинтæй иу. Л у ц и й ы æ х х у ы р с т. Фламини! Иу ныхас, мæ хæлар! Зæгъ-ма, дæ хорзæ- хæй, тагъд рацæудзæн де ’лдар? Ф л а м и н и. Нæ, æрæгмæ. Тит. Мах æм æнхъæлмæ кæсæм. Дæ хорзæхæй, фæхабар æм кæн. ■Ф л а м и н и. Ницæмæн æм хъæуы хабар кæнын, йæхæдæг зоны, тынг æнувыд ыл кæй стут. Ацæуы. Бацæуы Ф л а в и пæлæзæй æмбæрзтæй. Л у ц и й ы æ х х у ы р с т. Чи уа? Тимоны хæдзаргæс нæ уа? Цымæ йæхи цæмæн батыхта афтæ? Æврагъау нын куы атайа, миййаг, Куы ахъуыза. Фæдзурут æм, фæдзурут! Тит. Е-ей, фæлæуу-ма! Байхъус нæм. Варроны 1 -а г æххуырст. Фæлæуу нæм! Ф л а в и. Цы уæ хъæуы? Т и т. Æхцамæ кæсæм, сударь. Ф л а в и. Бæргæ, æхца, сымах куыд уыиын, афтæ Куы уаиккой нæ къухы ныр, уæд нын Æнцопдæр уаид бадзурын. Фæлæ Цæуылнæ хастат уыцы хыгъдтæ раздæр, Уæ хицæуттæ козбау митæ гæнгæ Куы бадтысты Тимоны фынгтыл, гъеуæд? Уæд худгæ кодтой, хæсты кой нæ уыд, Æфсадгæ кодтой се ’нæбын хытъынтæ, Проценттæ истой уыцы хуызы уæд!.. Ныууадзут мæ, æгад кæнут уæхи дæр. Цæй, ауадзут мæ. Абонæй фæстæмæ Мæ хицауимæ ахицæн мæ хæс. Уынут: мæ къухты хæрдзты хыгъд ысхал ис, Мæ хицаумæ та хардзгæнинаг нал ис. -4 Шекспир, 2-аг том. 49
’Луцийы æххуырст. Нæ, ахæм дзуапп нæ бæззы махæн. Ф л а ви. Уæд Уый амоны — уæхæдæг дæр нæ бæззут, Кæд цъаммæртты хъуыддæгтæ кæнут, уæд! Ацæуы. Варроны 1-аг æххуырст. Ныр цы бæгь-бæгъ кæны йæ бынатæй ист хæдз ар иу æггæнæг? В а р р о н ы 2-а г æ х х у ы р с т. Цы хъауджыдæр у? Мæгуыр кæй у, уый йын æгъ- гъæд æфхæрд у. Йæ сæр ^кæм фæцæва, уый цы лæгæн нал уа, уымæй ныфсхастдæрæй чи бауæндид дзурын? Ахæм лæгæн йæ бон у сыстын суанг бонджындæр га- луанты ныхмæ. Бацæуы С е р в или. Т ит. А, мæнæ Сервили дæр. Гъеныр райсдзыстæм лæджы дзуапп. С е р в и л и. Мæ хæлæрттæ, уæ хорзæхæй, æрбацæут æндæр хатт, стыр бузныг уæ фæуыдзынæн. Уæд мæ мард фенат, ме ’лдар тынг смæсты. Иæхи уагыл нал у, рыичын у æмæ йын йæ уатæй рацæуæн нæй. Л у ц и й ы æ х х у ы р с т. Ис ахæмтæ, æнæрынчынæй дорттæ Чи рахгæны. Фæлæ кæд афтæ у, Фæлтау уæд раздæр бафидæд йæ хæстæ, Мæрдтæм йæ фæндаг уæд уыдзæн сыгъдæг. С е р в и л и. 0 зæдтæ! Т и т. Цавæр дзуапп у уый! Ф л а м и н и (фæссценæйæ). Сервили! Æххуысмæ, тагъд! — Æрсабыр у, мæ хицау!.. Рацæуы Т им о н сæнттæцæгъдæгау, йæ фæдыл Ф ламини^ Т и м о н. Уый циу? Мæ дуар цæуылнæ уадзы мæн? Сæрибар уыдтæн алкæддæр, ныр та Мæ хæдзар — ме знаг, ахæстон мын фестад, Куывдтæ кæм кодтон, дунейау мын ныр Æвдисы уый æфсæйнагæй йæ зæрдæ. 50
Л у ц и й ы æ х. х у ы р с т. Тит, райдай ды. Тит. Мæ хыгъдтæ дын, æлдар. Луцийы æххуырст. Мæ хыгъдтæ дæр. Г о р т е н з и. Гъа, фен, дæ уæздандзинад. Варроны æххуырстытæ. Гъа, махонтæ дæр. ’Филот. Гъа, мæнонтæ дæр. Т и м о н. Цæй, абырсут мæ уыдонæй! Каердут мæ Мæ ронбастмæ! Луцийы æххуырст. Ехх, уазæгуарз æлдар... Т и м о н. Мæ зæрдæйæ мыи аразут æхцатæ. Тит. Мæнæн фæндзай... Т и м о н. Мæ туг мын цъиргæ, цæй! Луцийы æххуырст. Мæ фондз мины... Т и м о н. Фондз мин æртахы фидын Мæ тугæй æз. Дæуæй та цас? Дæуæй? Варроны 1-аг æххуырст. О, фæлæ, ме ’лдар... В а р р о н ы 2-а г æ х х у ы р с т. Хорз æлдар... Т и м о н. Æхсынгæ, Къабазгай тонгæ,— арвы цæф фæут! Ацæуы. Г о р т е н з и. Куыд уынын, афтæмæй нæ хицæутты бахъæудзæн се ’хцатæн хæрзбон зæгъын. Ацы хæстæ чи бафида, уый нал ис — хæсдарæг сæрра. Ацæуынц. Бацæуынц Т и м о н æ м æ Ф ла в и. Т и м о н. Фæцæймардтæн сæ тæфæй. Раст æвдиутæ, Хæсылдæтджытæ нæ фæлæ! 51
Ф л а в и. Æлдар... Т и м о н (йæхинымæр). Куыд уаид афтæ бакæнгæйæ... Ф л а в и. Ме ’лдар... Т и м о н. О, о, раст афтæ бакæнон...—Гъей, Флави! Ф л а в и. Æз ам дæн. Т и м о и. Ды æнувыд дæ. Цæугæ, Æрбахон мын пæ хæлæртты — Лукуллы, Семпрони, Луци — сегасмæ фæдзур, Æнаккæгты ма иу .куывдмæ фæхонæм. Ф л а в и. Ехх, сударь, ды фæцудыдтай дæ тыхстæйу Æмæ гъеуымæн афтæ дзурыс ныр; Æхца нæм нæй фæхынцынæн æппындæр, Чысыл хæрдзтæн дæр. Т и м о н. Уый ды уадз мæ бар. Цæугæ, зæгъын; фæстаг хатт ма æрбауадз Нæхимæ уыцы сау сынтыты ды; Цы бакæндзысты — ма йыл кæн хъуыды. (Ацæуынц.) 5 СЦЕНÆ Сенаты зал. Сенатортæ бадынц тæрхоны. 1-а г с е н а т о р. Разы дæн демæ; тугæйдзаг фыдгæнд Кæй бакодта, ныр уымæ гæсгæ хъуамæ Æрцæуа одард! Фыдгæнд æнæфхæрд уадз> Уæд æхсæнады арæхдæр фæкæны. 2-а г сенатор. Ды раст зæгъыс. Тæрхонгæнгæ йын у. Бацæуы Алкивиад æфсæддонтимæ. А л к и в и а д. Сенатæн намыс, басгуыхæд хъуыддаджы! 1-а г сенатор. Цы дæ фæнды, зæгъ æй, Алкивиад? |Д л к и в и а д. Сабыр сæркъулæй сидын æз сымахæн
Уæ сыгъдæгдæр æнкъарæнтæм. Закъонæн Иæ хæрзиуæг хатырæй у. Æгъатыр Æрмæст ти.ран у. Бон æмæ хъысмæт Æрæййæфтой мæ иу хуыздæр хæлары — Ныббырстой йæ; уый ахызтис йæ тыхстæй Закъоны сæрты; фервæзæн кæцæй нæй, Ныххаудис уым. Йæ рæдыд уадзын иуварс,— Йæхи йын райс, йæ уд сыгъдæг у уæд, Рæсугъд, бæрзонд хæрзиуджытæй æмæххæст, Йæ фыдракæнд фыд-зæрдæйæ нæ уыд, Нæ уыд уый барæй. Уыцы рæдыд хæсты йæ лæгдзинадæй бафыста. Фыдгул Уый ахæм æфхæрд бакодта, ныббарæн Кæмæн нæ уйд; фæлæ йæ маст куы иста, Уæд уыд тызмæг, фæлæ уæддæр — уæздан; Хæцыди стыр лæгдзинадæй-, йæхиуыл Къæм абадын нæ бауагъта, ызнаг Куы ’рцыди саст, уæд дзы йæ маст нæ иста, — Йæ судзгæ маст йæ риуы уыд æлвæст, Цыма хæст нæ—быпæу уыдис æрмæст. 1-аг сенатор. Æнæхъолайы таурæгътæ кæныс, Йæ сау ми йын рæсугъд кæй хоиыс, уымæй. Дæ ныхæстæй ды арæхдæр кæныс Æлгъаг лæгмарæн, ноджы ма йæ хоныс Рæмон лæгдзинад! Уый та у æрмæст Лæгдзинадæн йæ лæмæгъ аууон, адæм Сæхицæн хонынц уый фыдæх, хæрам. Æцæг лæгдзинад уьшæ ис, йæ мастыл Хæцын чи зоиы, иууыл тынгдæр бафхæрд Хъуыды дæр чи нæ фæкæны, йæ зæронд Уæлæдарæсау чи быхсы æппæтæн, йæ зæрдæмæ сæ чи нæ исы, стæй Йæ удæнцой чи хъахъхъæны. Маст — марг у, Лæг-марын кæны. Гъе, уæдæ йæ маст Цы лæг нæ бары, уый марын у раст. А л к и в и а д. Фæлæ... 1-а г се н ат о р. Иæ фыдгæнд не ссæудзæн æхсынæй: Лæгдзинад мастисынæй нæу— быхсынæй. А л к и в и а д. Хатыр мын, кадджын хистæртæ, мæнæн Салдаты ’взаг и. Уæд цæмæи фæбырсынц
Хæцынмæ адæм, ау, нæ фæтæрсынц Сæ фыдгулæй? Цæуылнæ сæ ныхъуыры, Кæнæ цæуылнæ бадарынц сæ сæртæ, Цæмæй сын сæ ныллæг кæна? Лæгдзинад — Быхсьшæй у? Уæд сау хæсты быдыры Цы ми кæнæм? Кæд афтæ у, уæд махæй Нæ устытæм фылдæр лæгдзинад ис: Хæдзæртты бадгæйæ быхсынц æппæт дæр. Кæд арфзæндджын быхсынæй вæййы, уæд Хæрæг ныфсхастдæр у домбайæ, ахст лæг — Тæрхоны лæгæй зондджындæр. Нæ кадджын Сенатортæ! Нæ тæрхоны лæгтæ! Уæ уарзондзинад равдисут рæстагæн! Йæ маст уромын базондзæн æрмæст Зæндджын, быхсаг. Рæдыд ми у лæг марын; Фæлæ йæ хъахъхъæнын — лæгæн ,йæ бар у! Зæгъдзыстут, маст къæм æппары лæгыл; Фæлæ мæсты та чи нæ уыд зæххыл? йæ аххос дæр ын уымæ гæсгæ сбарут. :2-а г сенатор. Нæ рæстæг нын ды уæгъды сафыс. .Алкивиад. Уæгъды? Цы сгуыхтытæ фæци Лакедемоны, Стæй Византийы — уыдон ницы сты? Æрмæст йæ уыцы сгуыхтытæй йæ цардæн Ис балхæнæн — иттæг хорз аргъ у уый. .1-а г сенатор. Цы зæгъинаг дæ комкоммæ? .Алкивиад. Нæ бæстæн Уый ракодта хæрзиуджытæ дзæвгар, Ныццагъта йын йæ фыдызнæгтæй бирæ. Æнæмбал хъару равдыста æрæджы Фæстаг хæсты, нæ фыдгул уый фæрцы Дæрæн æрцыд... _2-а г сенатор. Иæхицæн уым чысылтæ Нæ бафснайдта. Æнæрæмон лæг у, Йæ куыст та сты — æнæуаг цæл, æлгъмитæ. Ис иу сахъат, æмæ йын уый дæлдон Кæны йæ зонд, йæ лæгдзинад ын сафы. • Æндæр æм ницы сахъат и, зæгъгæ, Уæддæр ,йæ уыцы иу сахъат æгъгъæд у,
Цæмæй йын хаст æрцæуа ам мæлæт! Хъæддаг сырдау йæ хъæхъхъагыл куы вæййы, Уæд цал хатты закъонхалæг уыди. Кæнæ-иу хылты цас ныккалдта туг? Сенатортæ! Ау, цал хатты нын загъди, Зæгъгæ, йæ хъуырмæ чъизийы ныссагъди! 1-а г сенатор. Мæлгæ |йын у! А л к и в и а д. Æнæхатыр хъысмæт! Фæлтау мæлæт цæуылнæ ссардта хæсты... Нæ намысджын сенатортæ, кæд ын Йæхи хæрзиуджытæ æгъгъæд нæ хонут,— Æниу, йæ иунæг рахиз къухæй уый Йæхи æнцонæй сраст кæнид, йæ уæлæ Хæс никæмæй ныууадзид уый,— уæд ын, Цæмæй уæ зæрдæ балхæнон, йæ хæрзтыл Мæ лæггæдтæ дæр бафтаут. Сымахау Куы вæййы кардзыд адæймаг, уæд æй Хъæуы æууæндын истæуыл,— æз та уын, Æфсадхон лæг, хæрын мæ удæй ард, Иæ хæстæ тагъд кæй бафиддзæн. Кæд ын Мæлæт закъонæй рахæссат, уæддæр æй Уадз хæсты ссара. Хæцæны мæлын Æнæуи мæлæтæй нæу къаддæр зын. 1-а г с е н а т о р. Закъон цы домы — райсдзæн æй. Ныхъхъус у Æмæ — цæугæ. Æфсымæр нын куы уа, Уæддæр уый иугæр искæй туг ныккалдта, Закъонæй хъуамæ уæд йæхи туг ратта. А л к и в и а д. Ау, афтæ уыдзæн? Нæ! Æз та уæ курын, Кæимæ дзурут — ма рох кæнут! 2-а г с е н а т о р. Куыд!? А л к и в и а д. О, ма рох кæнут, чи дæн, уый. 3-а г сенатор. Цы, цы? Алкивиад. Уæ фырзæрондæй ферох кодтат мæн, Æндæр мын ам мæ чысыл курдиатæн Куыд загътат «нæ»? Хуыцауæй ард хæрын, Мæ хъæдгæмттæ мын растыгътат. 55и
Нæ маст Дæуыл ныккæлдзæн. Бирæ дзураг не стæм, Фæлæ тæрхон цыбыр хæссæм. Цæуыс Æнустæм тард Афинтæй ды! А л к и в и а д. Чи, æз? Æз — тард Афинтæй? Атæрут уал раздæр Уæ къозо сæртæй уе ’рра митæ, стæй Æдзæсгомæй гæртамисæн хъуыддæгтæ, Уæд худинаджы нал уыдзæн сенат. 1-а г се н а т о р. Дыууæ бонмæ куы нæ адде уай, уæд Æнхъæлмæ кæс æгъатырдæр тæрхонмæ. А хъуыддагæн та <мах кæнæм кæрон: Дæ хæлар тагъд æрцæудзæн мард. Алкивиад. Хуыцау уын Цæрæнбон раттæд халæттау, цæмæй Ыстæгдартау ныххус уат, иу уæ уынд дæр Æлгъаг куыд уа. Мæ маст уæм хауы тъæпп! Куы хæцыдтæн æз не зпæгты ныхмæ, Сымах та уæд уæ пайдатæ нымадтат, Æ<мæ цъынды лæвæрдтат уæд æхца, Мæнæн та сты мæ хъæздыгад хъæдгæмттæ. Гъеуый мын — хорзæх! Ахæм хос дæтты Æхца пайдайыл æвæрæг сенат Йæ хæстоиы хъæдгæмттæн! Сурыпц мæн! Æвзæр фæнд нæу! Мзенæн уый у æхсызгон! Ныр мын мæ маст райсынæн ис æфсон. Æз саудæрæн ныккæндзынæн Афинтæ! Разы чи нæу сенатæй, уыцы ’фсад Ныр сыстдзæни, йæ разæй — æз. Тыхджыны Нæмын цыт у. Мах, æфсæддоитæ, раст Хуыцæуттау ие ’фхæрджытæй исæм маст! (Ацæуы.). 6 СЦЕНÆ Куывдты зал Тимоны хæдзары. Фыигæвæрд; фынджы алыварс — у аз д ж ыт æ. Алы бацæуынц æлдæрттæ, сенатортæ æмæ иннæ хуынды а д æ м. Музыкæ. дуæрттыл т
1-аг уазæг. Арфæ дын кæнын. 2-а г у а з æ г. Æз та дæуæн, ме ’рдыгонау, нæ знон кадджын Ти- мон æрмæст фæлваргæ кодта. 1-а г у а з æ г. Дæу ауынгæйæ æз дæр раст афтæ ахъуыды кодтон. Ныфс мæ ис, мах фæлваргæйæ йæхи куыд дардта, йæ хъуыддæгтæ афтæ æвзæр кæй не сты. 2-а г у а з æ г. Йæ ног хуындмæ гæсгæ, æвзæр не сты. 1-а г у а з æ г. Æз дæр афтæ ’нхъæлын. Ахæм зæрдиагæй мæм æр- выста, æмæ йын исдуг не сразы дæн, бирæ тагъдгæни- наг хъуыддæгтæ мын кæй уыдис, уый тыххæй. Фæлæ* мын ахæм лæгъстæ кодта, æмæ сразы дæн. 2-а г у а з æ г. Æз дæр тагъдгæнинаг хъуыддаджы уыдтæн, фæлæ мæм хъусгæ дæр нæ ба.^одта. Хъыгаг у, æхцамæ мæм куы барвыста, уæд мæм кæй нæ разындис, уый. 1-а г у а з æ г. Ныр «уы бамбæрстон, хъуыддаг куыд у, уый, уæд, æз дæр тынг фæсмон кæныи. 2-а г у а з æ г. Ам алчидæр йæ къухтæ ’хсыны. Цас дæ куырдта хæс? 1-а г у а з æг. Мин — сызгъæринæй. 2-а г у а з æ г. Мин — сызгъæринæй? 1-а г у а з æг. Дæуæй та? 3-а г у а з æ г. Мæнæй уый куырдта... Мæпæ йæхæдæг! Бацæуы Т имо н йæ хъахъхъæнджытимæ Т и м о н. Салæмттæ уын зæрдæбынæй! Куыдтæ стут? 1-а г у а з æ г. Хуыздæр зæгъæн нæй,— мах фехъуыстам, сæрæгас дæ* ды дæр. 2-а г у а з æ г. Зæрватыкк сæрды ’рцыдмæ афтæ нæ бæллы, мах дæ уындмæ куыд бæллæм. Т и м о н (фæрсмæ). Зымæгæй дæр раст афтæ лидзы. Ай-гъай, адæм тæ- 57
хæг цъиутæ сты. (Уазджытæн.) Мæ хæлæрттæ, тæр- сын, æнхъæлмæ цас кæсут, мæ фынгæвæрд афтæ тынг куы нæ фæцæуа уæ зæрдæмæ. Уæ хъустæ уал ирхæф- сут музыкæйæ, кæд уæм трубаты мыртæ æгæр дæрзæг нæ кæсьшц, уæд. Ныртæккæ нын рахæсдзысты сихор. 1-а г у а з æг. Ныфс мæ ис, Тимон, кæй мæм нæ фæхæрам дæ, дæ минæвары дын афтидæй кæй раздæхтон, уый тыххæй. Т и м о н. Уый ницы у! Æппындæр ма тыхс ууыл. 2-а г у а з æ г. Хæларзæрдæ Тимон... Т и м о н. Цы зæгъдзæни мæ хорз хæлар? Æххуырстытæ бахæссынц æмæ фынгыл æвæрынц æхгæд тæбæгътæ. 2-а г у а з æ г. Хæларзæрдæ Тимон, мæ цæсгом судзы фырæфсæр- мæй, знон мæм дæ минæвар æхцакурæг куы ’рбацы- дис, уæд, ме ’намондæн, мæ дзыпп, фæстаг мæгуыргу- ры дзыппау, кæй разындис хæрз афтид. Т и м о н. Ууыл хъуыды дæр мауал кæнут. 2-а г у а з æ г. Дыууæ сахаты раздæр куы ’рбарвыстаис... Т и м о н. Дæ зæрдæ мауал хæр дæ фæсмонæй. Гъей, æрæвæрут нын иугуырæй. 2-а г у а з æ г. Æхгæд тæбæгътæ! 1-а г у а з æ г. Паддзахы хæринаг, бауырнæд дæ. 3-а г у а з æ г. Гуырысхо ма кæнут. Ацафон цы ссарæм ис — алцы- дæр нын рахæсдзысты. 1-а г у а з æ г. А, æгас цæуай! Цы ног хабар ис? 3-а г у а з æ г. Фехъуыстат, Алкивиады асырдтой. 1-аг æ м æ 2-а г уазæг. Алкивиады асырдтой! 3-а г у а з æг. 1 О, æмæ дзы гуырысхойагæй ницуал ис. 58
Цы? Цы? 2-а г у а з æ г. Курын дæ, зæгъ мын, цæй тыххæй? Т и м о н. Табуафси, мæ кадджындæр лымæнтæ! 3-а г у а з æ г. Фæстæдæр уын æй радзурдзынæн бæстонæй. Æрæ- вæрдтой нын дзаджджын фынг. 2-а г у а з æ г. Тимон фыццаджы Тимоиæй баззади. 3-а г у а з æг. Бирæ ма бафæраза? Уа ма йæм?.. 2-а г у а з æ г. Нырма фæразы. Фæлæ рæстæг уыдзæн... æмæ... 3-а г у а з æ г. Æмбарын дæ. Т и м о н. Курын, æмæ алчидæр йæ бынатмæ батындзæд аф- тæ тагъд, раст цыма тындзы йæ уарзоны былтæм. Ацы хатт хæринаг уегасæн дæр у иухуызон. Уæ кæрæдзимæ- ма хатут, хæринаг уазал кæны, ахсгæут уæ бынæттæ. Бадгæут, бадгæ! Ныр та уæдæ хуыцаумæ скувæм! Сы- мах, бæрзонд хæрзгæнджытæ, бузныгдзинадæй хай- джын скæнут не ’хсæнады! Кувын кæнут уæхимæ, цы лæвæрттæ кæнут, уыдоны тыххæй, фæлæ-иу дзы уæхи- цæн дæр исты ныууадзут æвæрцæн, цæмæй уæ бон уа фæстæдæр ноджы уарын, науæд уыл атигъ чæндзысты сæхи. Алы лæгæн дæр афтæ дæттут, цæмæй йæ ма бахъæуа æндæрæй æфстау исын. Кадджын хуыцæуттæ,. сымах адæмæй æфстау исын куы бахъæуид—сæ къух уыл сисиккой. Уадз, уазджытæ уарзой куывдтæ, чи сæ кæны, уымæй тынгдæр. Уадз, ссæдз лæджы кæм æрæм- бырд вæййынц, уым ссæдз та уой æнаккæгтæ. Уадз, дыууадæс сылы цы фынджы уæлхъус бадой, уым дыу- уадæс та уой, цытæ вæййынц, уый. Дæ иниæ лæвæрт- тæ, хуыцау, ныууадз афинаг сенатортæн æмæ козбау удтæн—æлгъагæй сæм цыдæриддæр ис—хæрзбын сын бауæнт. Мæ лымæнтæй та ам чи ис, уыдон мæнæн ни- цы сты, æмæ сын ахъаз макуы ракæн, фестын сæ кæн ницы. Ныр та, куитæ, байгом кæнут уæ къустæ æмæ цымут! У аз д ж ыт æ байгом кæнынц къустæ æмæ сæ мидæг фенынц айдагъ фых дон. ь&
Цалдæр хъæлæсы. Цы зæгъинаг уа уымæй? И н н æ т æ. Нæй бамбарæн! Т и м о н. Хуыздæр куывдтæ уын нал уыдзæни ныр, Гуыбындзæлтæ! Тæфад æмæ фыцгæ дон — Гъеуый уæ минас. Айсут уæдæ, гъа! — Тимонмæ ма цы баззад, уыдон. Бирæ Фæрæвдыдтон мæ бибитæй сымах Æмæ уын сæ ныхсон фæстæмæ хъуамæ; Уæ цæсгæмттыл уын калын æз æрмæст Уæ тæфгæнаг — уæ удты чъизидзинад! Цæрут, æмæ уæ цард фæуæд æлгъаг. Сымах — хæрз фæлыст магусатæ, уарзон Лæгмарджытæ, æлдары фынгæй ист Фæлхæрттæй йæхи чи ’фсады, хъысмæтæй Рæвдыд чи у йæ буц царды, æрсытау Хæларуд чи у, бирæгътау — кæрæф, Æндæры хардзæй чи цæры, сыстытау, Бындзыты дзуг æмæ уæййаг цагъартæ, Сæрæй чи кувы зонгуытыл, æдзух Йæ худ чи кæны фелвас-фелвас, уыцы Уæййаг куитæ! Зæххыл лæг æмæ фосæн Цы низтæ ис — хæлмæгтæй уыл ныххæцæнт Сæрæй уæ къæхтæм уегасыл дæр! (Уазджытæй иуæн.) Куыд, Фæцæуыс? Бахъæц, айс мæ хос!—Ды дæр... Ды дæр!.. (Тæбæгътæ сыл æхсы.) Фæлæуу-ма, раттон дын æхца, Дæуæй нæ исын! Куыд, сæ иу дæр нал ис! Ныр уазджыты хуыздæр уыдзæн «мæнæп Куывдуарзаг цъаммар! Æз фæдæн, фæдæн! Мæ горæт, бастъæл! (Амоны йæ хæдзармæ.) Ды фæу сыгъдаг! Тимон ныр у æгас дунейы знаг! Ацæуы. Иуæй-иу уазджытæ баздæхынц. 1-а г у а з æ г. Уый циу, æлдæрттæ? 60
2-а г у а з æ г. Куыд уæм кæсы, цæмæй уа Тимоны маст? 3-а г .у а з æ г. Пуй! Мæ худ мын уæ ничи федта? 4-æ*м уазæг, Ферра ис, æмæ йæ диссаджы митæ уымæй сты. Æрæджы мын балæвар кодта брильянт, æмæ мын æй абон мæ худæй акъуырдта. Ничи уæ федта мæ зам- манайы брильянт? 3-аг у аз æг. Мæ худ мын уæ ничи федта? 2-а г у а з æ г. Мæнæ ис. 4-æ м у а з æ г. Мæнæ кæм и мæ пæлæз. 1-а г у а з æ г. Фæстиат ма кæнут. 2-а г у а з æ г. Тимон нын сæрра. '3-а г у а з æ г. Фескъуыйы мæ зæрдæ. 4-æ м у а з æ г. Куы нын — лæвæрттæ, куы нæмы нæ сæртæ. (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Афинты къулы раз. Бацæуы Т и мо н. Т и м о н. Фæстаг хатт ма дæм бакæсон, мæ горæт! Къул, бал бирæгътæн хъахъхъæнæг лæууыс,— Ныппырх у æмæ мауал хиз Афинты! О мадæлтæ, ысхъахбай ут; фæсивæд, Уæ ныййарджытæн мауал кæнут аргъ. Цагъартæ æмæ сæрхъæнтæ, æппарут Сæ бынæттæй зæронд æмæ цытджын Сенаторты, ысхицау ут сæ бæсты. Æназымдзинад, арф цъыфы ныссæдз: Чызгæй, лæппуйæ — чъизийы куыд кæной Æлгъаг митæ сæ ныййарджыты раз. Ды, къотыр, фидар лæуу, дæ хæстæ ма фид, Кард райс — ныссадз æй хæсдæттæджы хурхыГ Уæздан æххуырст, дæ хицауы мулк дав,— Уый давæг у йæхæдæг дæр, æрмæст Дæуæй егъаудæр — уый закъонæй давы! Æххуырст чызг, хицауы сынтæджы схуысс,— Йæ ус хæтынмæ ацыди. Хъæбул, Дæ уарзон цæнкуыл фыдæн байс йæ лæдзæг Æмæ йын дзы’йæ сæр ныссæтт. 0 фарп, Рæстад, æгъдау, хæдзары къона, намыс, Фыдгæндæй хи хизын, закъонтæ, дин, Лæгуарзын æмæ рухстауын,— нырмæ Цы уыдыстут — фæфæлдæхут фыдырдæм! — Уæ бынæтты æрцæрæд хаос! Уадз Тæссаг æмæ хæцгæ низтæ, æнамонд Иæ хай фæуой хуыцауы ’лгъыст Афинтæн! О къæдзниз, бафт зæронд æлдæрттыл ды, 62
Цæмæй цæуай, сæ намысау, къæдз-мæдзтæй! 'Тæрæны низ, афинаг цотæн бафт Иæ тугыл! Уадз æгьдауы ныхмæ сыста, Фæхуыдуг уа йæ хæлд миты! Уадз рæза Хæрæгхæлмаг, хæфсынчъыты мыггаг Афинæгты зæрдæты æмæ буарыл! Сæ иуы улæфт иннæтæн уæд марг, Хæрам сын уæнт хæларад æмæ уарзын! О ме ’нæуынон горæт! Æз дæуæй Хæссын æрмæст мæгуырдзинад, дæуæн дæр Дæ фæдыл бафтæд, ме ’лгъыстытæ ма Дæ хай куыд фæуой, афтæмæй! Тимон Цæуы ныр хъæдмæ: уым цæрæг хъæхъхъаг сырд Лæгæй хуыздæр у. 0 хуыцæуттæ, курын, Æрыхъусут: Афинты мын рæхджы Хæрзсæфт фæкæнут а къултæн сæ фæстæ. Мæ маст, мæ риуы фидаргæнгæ рæз! Нырæй фæстæмæ дунейы знаг — æз. Аминь! (Ацæуы.) 2 СЦЕНÆ Афинтæ. Уат Тимоны хæдзары. Бацæуынц Ф л а в и æмæ ц а л д æ р æ х х у ы р с т ы. 1-а г æх х у ы р с т. Хæдзаргæс, хъус-ма, де’ лдар та кæм и? Фæсырдта нæ, йе — амард, йе — ныкъкъотыр? Ф л а в и. Гъе-гъи, мæ хæлæрттæ! Цы уын зæгъон? Хæрын уын ард, æз дæр — .мæгуыр сымахау. 1-а г æ х х у ы р ст. Бæллæх куыд нæу! Цы хъæздыг хæдзар бабын! Кæнæ цы кадджын адæймаг æрхауд! Хæлар ын — нал, фæлыгъдысты фæйиæрдæм, Тыхсты бон ыл фæхæцæг дæр нæ уыд, Ныууагътой йæ хæрз иунæгæй. ’ 2-а г æ х х у ы р с т. Лымæны Куы ныууадзæм йæ ингæны, уæд æм Нæ чъылдымтæ ’куыд аздахаэм, раст афтæ Тимоны дæр йæ лымæнтæ ныууагътой, .63
Йæ бынтæ йын куы баныгæдтой, уæд. Ныууагътой ма йын афтидæй чыссæтæ Мæнг сомытимæ. Уый та баззад ныр Мæгуыргурау æнæхæдзарæй, нæй йын Æрæнцайæн, йæ дарæс у бызгъуыр, Æмæ дзы лидзынц, афтæмæй цæры, Æлгъиты нæ... Æрбацæуынц нæм иннæ- Æххуырстытæ. Бацæуынц æ хху ыр стыт æ. Ф л а в и. Цы хæдзар фехæлд, уый — Пырхытæ дзаума. 3-а г æххуырст. Æз кæсын сымахæн Уæ цæсгæмттыл, зæрдæйæ, негас дæр Кæй дарæм мах Тимоны лæвæрд дарæс. Йæ хорз æмбæлттæй баззадыстæм мах, Йæ тыхсты бон ыл не сивтам нæ зæрдæ. Нæ нау дæлдон кæны, фæлæ уæддæр Лæууæм бæллæхы б.ахауæг матростау, Каэсæм тæссаг уылæнтæм. Царды денджыз Ныхъуырдзæн мах... Ф л а в и. Мæ фæстаг мулк уын уарын. Тимоны номыл баззайæм лымæнтæй, Куы фембæлæм, уæд кувдзыстæм сæрæй Кæрæдзийæн, æмæ нæ дзурдзæн алчи, Цыма Тимоны мулк ныгæнæм раст: «Зыдтам уæд мах хуыздæр бонтæ». (Æхца сын уары.) Цæй, айсут Чысыл хæйттæ. Æрбадарут уæ къухтæ; Мæгуыртæ стæм, фæлæ цæуæм фæйнæрдæм Æнкъарддзинадæй бонджыитæй. (Æ ххуырстытæ хъæбыстæ кæнынц кæрæдзийæн, ацæуынц.) О, цас маст Æрхæссы кад! Цы бæллæхтæ, цы фыдтæ Æрхæссы мулк — куы зонид раздæр лæг, Уæд æй фыдæлгъыст ракæнпд, хъæлæкк! Чи бафсæдид цытæй? Кæнæ цæрын Кæй бафæндид, лымæндзинад æрмæст Фын кæй у, ууыл баууæндгæйæ? Науæд Чи цин кæнид йæ ном æмæ йæ кадыл, Мæнг ын ысты йæ мæнг хæлæрттау, уый 64
Куы бамбарид, куы йæ базонид, уæд? Мæгуырæг ме ’лдар, бабын дæ мыггагмæ, Дæ сафæг та—дæ мулк æмæ дæ кад! Уаэд диссаг нæу: хæрзиуæг тау æппæтыл, Нымайынц уый æрмæст уæззау фыдгæндыл! Хуыцауæй нын хæрзиуæг кæиын баззад, Кæд адæймаджы сафгæ кæны уый, Уæд ма Тимоны чи бафæзма хъуамæ? Мæ хорз æлдар, ды райгуырдтæ, цæмæй Æлгъыстаг уай; хъæздыг уыдтæ, цæмæй Ысмæгуыр уай; дæ фыдæбæттæн аххос Дæ бирæ мулк уыд. 0 мæ хорз æлдар, Фæлыгътæ ацы удхортæй тызмæгæй, Цæмæй цæрай, уый нал ис ныр дæумæ... Цæуон æмæ цæрдзынæн йемæ хъæды; Нырма мæ дзыпп æхцацух нæу бынтон,— Æххуыс кæнын ын бауыдзæн мæ бон. (Ацæуы.) 3 СЦЕНÆ Хъæд æмæ цъасс дендоюызы былыл. Бацæуы Т и мо н Т и м о н. Хæрзгæнæг хур! Зæххы гуыбынæй суадз Тæфгæнаг быр, нæ дунейыл æй байтау, Цæмæй уа уæлдæф алы низтæй дзаг. Æнæраст цард! Дыууæ фаззоны иумæ Куы равзæрынц ныййарæджы хуылфы — Кæрæдзийæ сæ иртасæн нæ вæййы Сæ райгуырдæй, сæ рæзьшæй; фæлæ Сæ хъысмæт иу нæ фæци, æмæ уайтагъд Æнамонды кæны хæрзамонд цъист. Гъе, ахæм вæййы адæймаг æрдзæй; Бырсынц йæ фæдыл удхæрттæ лæсæнæй, Лæг амондджын нæ фæхоны йæхи, Æндæр лæгæн куы нæ кæна фыдбылыз. Уæлæмæ сис мæгуыр лæджы, дæлдæр та Фæкæн æлдары, уайтагъддæр сенатор Цæстысындз фестдзæн дунейæн, мæгуыр та Уыдзæн æппæтæн намысджын, цытджын; Уæд фаззæттæй иу нард кæндзæн, сæ иннæ йæ мæгуырдзинадæй кæндзæн мæллæг. Шекспир, 2-аг том. г
Фæлæ уæддæр чи бауæндид æргомæй, Æдæрсгæйæ æндæр лæгæн зæгъын: «Козбау дæ ды!» Кæд иу лæджы фæхуыдтай Козбау, уæд хон æппæты дæр козбаутæ. Пайдаисæн ран чи уа, уый фæкæны Козбау митæ,.уæлдæр дзы чи уа, уый раз. Арфзондджын дæр сæргуыбырæй лæууы Сызгъæрины къуыдыры раз. Нæ дуне Ныззылынтæ! Цы фæхонæм рæстад, Æлгъыст дзыллæйы зæрдæты, уый нал ис, Фыдгæнд æмæ цъаммарадæй уæлдай. Гъеуый тыххæй æлгъыст æрбауæнт куывдтæ, Цæлы фæдыл æмбырдтыл бафтæд арт! Тимон йæхи хуызæттимæ, йæхицæн Цæстысындз фестад! Бабын у, нæ дуне! (Зæхх къахы.) Зæхх, ратт.мæнæн уидæгтæ, фæлæисчи Хуыздæр исты куы а^ура.дæуыл, Уæд-игу æй ды тыхджындæр маргæй бафсад. Циу ай? Сызгъæрин? Ау, æцæг уа уый? ~ Цæхæртæ калы, бур-бурид... Нæ, никæд, Сызгъæринæн кад нал кæнын, хуыцау. " Æз дыл уидæгтæ агуырдтон. О зæдтæ, Ам уыйбæрц и сызгъæринтæ, цæмæй Сау урс ысуа, цæнкуыл — рæсугъд, фыдракæнд — Хæрзиуæг, удхъуаг—удæххæст, тæппуд— Ныфсхаст, зæронд — æрыгон, чъизидзинад — Уæздандзинад. Уæд ма мын æй цæмæн^ - Цæмæн ма ;мын æй радтат уæд, хуыцæуттæ? Уæ кувджыты уыл атигъ кæндзæн уый, Мæлгæ цы лæг фæкæны, уымæн айсдзæн йæ нывæрзæнæй баз. Æз зонын хорз, А бур цагъар куыд баиу кæны уайтагъд Дыууæ къайы, куыд сæ байуары тагъд. Æлгъуыст цы уа, фæкæны уымæн арфæ, Низ уарзын кæны, давæджы — бæрзонд,— Фыццаг ын ратты цины ном, стæй уæд Æрæвæры сенаторы бынаты. Идæдз устытæн ратты уый мæйттæ, Хæтаг ус та, кæй буар вæййы хъæдгæмттæ, Кæмæй фæтæрсынц рынчындоны къултæ,— Уый свæййы ног, сыгъдæг æмæ æхсызгон, Раст майы бонау. Иуварс, марджы згъæр! Хъахбай дæ ды æгас дзыллæйæн, аххос
Хæрамдзинадæн, тугкалæн хæстытæн, Хуысс зæххы арф, дæ бынат уый у рагæй, Фæстæмæ та дæ æз ныгæнын уым. (Хъуысынц æфсæддон маршы мыртæ.) Цы уа уый, барабан? А, ды нырма Уæлæуыл дæ? Фæстæмæ дæ иыгæнын! — Дæ дарджыты нæ кæндзынæ цыбæл Дæхимæ уæд. Фæлæуу! Хæрз чысыл сисон, Цы нæ вæййы, куы бахъæуай, миййаг. Сисы сызгъæринты иу хай. Музыкæ æмæ трубаты мыртимæ бацæуы хæстифтонг Алкивиад.йæ фæдыл Ф р инæ æмæ Тимандрæ. Алкивиад. Ды чи дæ? Т и м о н. Æз — дыкъахыг фос дæуау! Дæ сау зæрдæ дын бахсынæд хъæдгомниз, Мæнæн лæджы хуыз чи равдыста ногæй. Ды мын рын дæ! А л к и в и а д. Дæхæдæг чи дæ? Ау, Лæг куы дæ, адæмы цæмæн нæ уарзыс? Т и м о н. Æз мизантроп дæн — адæмы нæуарзæг. Куы фестис куыдз, уæд уарзин дæу, æрмæст Хæрз чысыл. Алкивиад. А, ныр базыдтон æз, чи дæ! Фæлæ цы кодтай — не ’мбарын. Т и м о н. Æз дæр Дæу базыдтон. Хуыздæр дæ зонон, уый та Нæ фæндымæн. Цæугæ дæ барабанæн Иæ фæдыл æмæ адæмы туг кал — Сырх-сырхид ахор тынгæй-тынгдæр а зæхх. Хуыцæутты æмæ адæмы тæрхон Нæ низ куы сты, уæд ма хæстæй цы домæм? (Ауыны Фринæйы.) А, ацы чызг, кæд зæды хуызæн у, Уæддæр дæ кардæй бабын кæнид бирæ Фылдæр адæмы. Ф р и н æ. Бамыр уæд дæ дзых
Хъæдгом низæй! Т и м о н. Æз дын нæ кæнын пъа, Æмæ дæ низ уæд баззайдзæн дæ былтыл Æнæистæй. А л к и в и а д. Фæлæ (уæддæр йæ хуыз Куыд аивта хæларзæрдæ Тимонæн! Тимо н. Куыд аивта? Раст мæйау: уымæн рухс Куы нæ вæййы, уæд-иу тæмæн нæ калы. Фæлæ мæ бон нæу рухс кæнын мæйау — Мæнæн нæй хур, кæй рухсмæ ’рттивон, ахæм. Алкивиад. Хæларзæрдæ Тимон, æз дын æххуыс Цæмæй фæуон? Т и м о н. Мæ уагыл мæ ныууадз. А л к и в и а д. Дзырдæуыд мын дæ хъизæмæрттыл бирæ. Т и м о н. Ды сæ уыдтай, куы ма уыдтæн хъæздыг. Алкивиад. Уынын сæ ныр. Уæд амондджын уыд рæстæг. Т и м о н. О, ныр дæуæн дæр ахæм рæстæг и Дæ хъахбайтимæ. Т и м а н д р æ. О. Т и м о н. Уæдæ хъахбайæ д’амæлæтмæ баззай. Зон, демæ хуысджытæ нæ уарзынц дæу; Дæумæ æрмæст сæ мондагæй фæцæуынц, Ды та сын дзуаппæн низтæ кæн лæвар. Дæ хуыссæнуат уæдæ пайдамæ сараз: Рынчындæттæн клиенттæ ’рвит, æвзонг Лæппуты та тæр дохтыртæм æрвылбон. Тимандрæ. Æбуалгъ сырд, дæу ауындзын хъæуы! Алкивиад. Ныббар ын æй, мæ удлæууæн Тимандрæ, Иæ хъизæмæрттæй фенкъуысти йæ зонд. Хæрзуд Тимон, æхца мæм нал ис бирæ, Æрвылбон дæр мæ салдæттæ хæссынц
Сæ мыздыл хъаст. Фæмаст кодтон æз бирæ, Афинты дын дæ хæрзиуджытæ рох Кæй фæкодтой,— фыдгултæ-иу сæ ныхмæ Тæссаг хæсты куы балæбурдтой, уæд Куыд хæцыдтæ ды удуæлдайæ семæ, Дæ мулк, дæ тых куыд нæ кодтай æвгъау... Т и м о н. Дæ хорзæхæй, дæ барабан ныххой Æмæ мæ цурæй адде у. Алкивиад. Æз — де ’рдхорд, Тыхсын дæуыл, хæларзæрдæ Тимон. Т и м о н. Тыхсыс мыл, -и? Уæдæ мын >ме ’нцой ма хал, Æз иунæг дæн. Алкивиад. Цы гæнæн и, хæрзбон. Сызгъæрин мæнæ; айс чысыл дæхицæн. Ти м о н. Цы дзы кæнын? Куы нæ бæззы хæрынæн. А л к и в и а д. Куынал ныууадзон хъал Афинтæй æз Дур дурыл, уæд... Ти м о н. Куыд, ды цæуыс хæцынмæ Афинты ныхмæ? А л к и в и а д. Афтæ у, Тимон, Æмæ мын ис мæ уыцы мийæн аххос. Т и м о н. Дæ уæлахизæй сыскъуыйæнт Афинтæ, Сæ фæстæ та — дæхæдæг. Алкивиад. Æз? Цæмæн? Т и м о н. Ды канд æнаккæгты цæгъдынæн нæ — Ды райгуырдтæ мæ горæты сæттынæн. Айс ацы ’хца. Æрбацу мæм хæстæг. Сызгъæрин мæнæ, айс æмæ цæугæ, Фыдрынау архай,—■ рын зæххыл фæзыны Мæлæтхæссæг ыстъалыты фыдæй,— Юпитер маргæй байдзаг кæны уæлдæф Фыдæлгъыстаг Афинты хæд сæрмæ. Уæдæ дæ ка-рдæй ма ирвæзæд иу дæр! 69
Куы фенай урсбоцъо зæронд лæджы — Хатыр ын нæй — пайдагæнæг у ’хцайæ! Дыдзæсгом мадæн ма ныббар — цæв æй: Уындæй — сыгьдæг, æцæгæй та хæтаг у. Ма бар цæрæццаг чызджытæн, сæ риутæ- Æхсырау урс кæмæн вæййынц, сæхимæ Сае риутæй сайынц се ’ппæты дæр лæгтæн,— Хатыры чиныджы сын нæй бынат, Сæ риутæй нын сыкъатæ садзынц уыдон. Нæй барæн рæзгæ сабийæн дæр, уый Йæ мидбылхудтæй æдылыты сайы, Уый а дунемæ равзæрди, цæмæй, Зæронд заманы зондджыны ныхасау, йæ кардæй сомбон аргæвда йæхи. Æргæвд сæ! Цæв! Хатыры мæт дæм ма уæд, Дæ хъустæ ’мæ дæ цæстытæ ныхгæн,— Уæд мад, чындздзон чызг, дзидзидай сывæллон- Куыд ниуынц, уый нæ базондзынæ ды. Тæригъæд ма зон, аргъуаны дæ разы Лæгъстæгæнгæ цы сауджынтæ лæууой, Гъеуыдоны дæр най сæ туджы малы. Сызгъæрин айс, дæ салдæттæн мызд ратт. Цæгъд алкæй дæр! Дæ маст куы ссæуа, уæд Дзыхъмард фæу! Сыбыртт дæр ма скæн! УайгæГ Алкивиад. Уæдæ ма дæм ныр дæр сызгъæрин ис? Уый райсдзынæн, дæ амынд мæ нæ хъæуы. Т и м о н. Хъæуы дæ, нæ — æлгъысты хай фæу! Фринæ, Тимандрæ. Æри, æри дзы махæн дæр, Тимон! ( Æндæр дæм нал ис? Т и м о н. Уыйбæрц ма дзы баззад, Цæмæй хъахбайæн аппарын кæна Йæ худинаджы сау хъуыддаг, лæгæн та — Хæтаг сылтæм цыбæл кæныны монц. Гъа, ноджы уын, хæтаг сылтæ, сызгъæрин, Æрбадарут уæ фæдджитæ! Нæ хъæуынц Уæ сомытæ — нæ сæ кæнут æххæст,— Сымах лæгæн цы сомытæ фæкæнут — Фæхъусы сæм æпæмæлæт хуыцау | Æмæ фæризы ризæгæй рынчынау. Ард ма хæрут. Æз хорз зонын, сымах 70
Кæй уыдыстут, кæй уыдзыстут хъахбайтæ; Миййаг уын исчи зондамоныны фæнд Куы кæна, зæгъгæ, ма кæнут! — уæд-иу ын Йæхи ныссадзут чъизийы, йæ туг ын Цыбæл кæнут, уæ цæхæры йæ судзут, Фæлæ йæ коммæ ма бакæсут, нæ! Æхсæз мæйы дæргъы уæхи æдзухæй Рæсугъд кæнут: уæ хæтынæй уæ сæр Ныггæмæх и — ныссадзут ыл мæиг хъуынтæ, Кæд марды сæрæй ист ысты, кæнæ Кæй æрцауыгътой, уый сæрæй — хæссут сæ, Уый ницы у. Сæрхъæн лæгты фæливут Дæлгом-уæлгомæй. Цæсгæмттæ сæрдут Бæзджындæр, бæх уæ уадултыл куыд сæдза! Цы сты æнцъылдтæ! •Фринæ, Тимандрæ. Хорз, разы стæм мах! Æри фылдæр. Ис ма дæм? Мах æхцайыл Кæнæм æппæт дæр. Т и м о н. Таут уæдæ лæгтæн Сæ бутъро буæртты алы низ, цæмæй Сæтта сæ тых æмæ сæйой фыднизтæй. Æвдакат-сайæг уадз хъым-хъым кæна, Куы хъахъхъæна мæнгард хъуыддæгтæ, гъеуæд. Хæлд миты ныхмæ чи дзуры йæхæдæг Хæлд уæвгæйæ сыгъдæг аргъуаны раз — Æфтау ’сыл низтæ. Хал, хуьшчъытæ кæн Сæ фындзтæ сайæг адæмæн, сæхицæн Пайда хæсгæйæ чи фæкæны рох Æхсæнадæн пайда хæссæг хъуыддæгтæ. Æнаккæгты сæртæ кæнут гæмæх, Фыдми кæнут æгъатырæй, йæ тæппуд Уæззау хæсты бон чи бафснайдта, уымæн, Æфтаут низ, ныххус кæнут фыццаг, Лæджы мыггаг фылдæр цы кæны, уыдон. Гъа, ноджыдæр сызгъæрин; бын кæнут, Стæй бабын ут уæхæдæг дæр. Уæ ингæн Фæуæд цъыф раны смаггæнаг къанау. ’Ф р и н æ, Тимандрæ. Æри, æри, рæдау лæгу дæтт сызгъæрин Æмæ уынаффæ кæн. Т и м о н. Нæ, раздæр уал 71
Фыдмиты равдисут уæхи тыхджыидæр, Æз радтон бей. А л к и в и а д. Цæгъдгæут, барабантæ, Бырсæм Афинтæм! Цæй, Тимон, хæрзбон! Мах фембæлдзыстæм, кæд фæуон уæлахиз. Т и м о н. Кæд нал фенæм нæ кæрæдзи, уæд уый Æз хондзынæн фæуæлахиз мæхицæн. Алкивиад. Æз дын æвзæр нæ уыдтæн. Т и м о н. Нæ, уыдтæ — Æппæлыдтæ мæ. А л к и в и а д. Уый æвзæр ми хоныс? Т и м о н. О, уый мæхиуыл бавзæрстон кæддæр. Цу ныр æмæ дæ фæдыл ахон де ’рдонг. А л к и в и а д. Мæстæй йæ марæм мах! Цæв барабан! Цæгъдынц барабан. Ф р ин æ æмæ Т и м анд р æ ацæуынц\. Т и м о н. Цы ма уа ахæм диссаг: бафсæст лæг Æнæраст адæмы хæрамдзинадæй, Уæддæр ма йæм хæрын цæуы. (Зæхх къахы.) О æрдз, Æппæт цæрæгойты ныййарæг, раттыс Дæ гуыбынæй æмæ дæ риуæй дарыс, Зæххыл цы уынæм, сегасы дæр—ды, Æмхуызæттæй дæ равзæрынц; сывæллон,— Цытуарзаг лæг кæмæй рауайы, ноджы Гæкжуыри, уаллон, хæфс, сæтæлæг, калм,— Цы ис æлгъагдæр уыдонæй! Уæддæр сæ Фæтавы хур, дæтты сын рухс... О æрдз, Уæд æз лæг куы дæн, адæмы нæуарзæг, Лæвар мын ракæн де ’нæбын къæбицæй Æрмæст уидаг, хуымæтæджы уидаг. Ыстæй дæ гуыбын бахус уæд, цæмæй дзы Гуыргæ ’мæ зайгæ мацыуал кæной Фыд-зæрдæ адæмæн. Фæлтау хуыздæр цард Ратт бирæгътæн, æрсытæн, кæфхъуындартæн,. Домбайтæн æмæ стайтæн... Гъе, уидагГ 72
Зæхх, бузныг! Гъеныр бахус уæнт зынг хурмæ Хуым, уыгæрдæн, сæнæфсиры быдыр, Дзывырæй лæг кæй фæлдахы, йæхицæн Хæринаг æмæ нуазинаг кæм кæны Тыппырæн æмæ расыгæн, цæмæй Йæ сыгъдæг зонд нытталынг уа бынтондæр Æмæ йæ риуы мауал уа зæрдæ. (Бацæуы А пе м ант.) Уæддæр та лæг! 0, рын уыл бафта, сау рын! А п е м а н т. Æрвыст дæн ардæм, ахæм хабар ис, Цыма фæзмыс мæ цард æмæ мæ митæ. Т и м о н. О, уымæн æмæ ды нæ дарыс куыдз, Æндæр æз уый цард бафæзмии дæу разæй. Фæдæлдзæх у! Апемант. Мæнг митæ дын ысты! Мæнгард хъысмæт цы ’нкъарддзинад фæдæтты, Ныххаудтæ уым дæ худинаджы бон. Цы дын у ацы цъасс? Ие ацы >къахæн? Цагъары дарæс! Саударæджы хуыз! Дæ козбау лæгтæ цыллæ дарæс дарынц, Стæй нуазынц сæн, фæлмæн уæтты хуыссынц Æмæ хæрздæфон дидинтæм ысмудынц, Дæу та хъуыды дæр нал кæнынц, кæй царди Кæддæр Тимон. Хъæд худæгаай 1мæлы, Дæхи дзыллæйы знаг кæй хоныс, ууыл. Козбау ысу, цы митæй бабын дæ — Кæн сæ дæхæдæг! Уæрджытыл æрлæуу, Сæрыстырдзинад сур дæхицæй дардмæ, Дæ худ-иу фелвас, кув ныллæг æлдарæн, Йæ чъизи, цъаммар митæй йын æппæл, Бæрзонд сæ ис. Дæхицæи дæр дын афтæ Куы кодтой раздæр; о, дьт та-иу хъалæй Цæлгæнæн дарæгау хуыдтай дæхимæ Фæндагылдзог æнаккæгты цæлмæ: Дæхæдæг ныр цæстфæлдахæг куы суай — Хуыздæр дын у, ысхъæздыг та уыдзынæ, Æмæ та мулк цæстфæлдахджытæн уар. Мæ хуызæн ысуæвыныл та мæт ма кæн. Т и м о н. Дæу хуызæи? Уæд æз аиугъин мæ къух Мæхиуыл. 73
А п е м а и т. Раджы ауыгътай дæ къух Дæхиуыл ды — лæг ма куы уыдтæ, гъеуæд. Дзæвгар фæкодтай сонт митæ, ныр та Бынтон æрра сдæ. Афтæ ’нхъæлыс, ам дын Дæ фæдылзилæг фæззæджы дымгæ Дæ хæдон тавдзæн, науæд дын фæсдзæуин Ныллæудзысты æнусон тулдз бæлæстæ, Цæргæстæй фылдæр чи цæры зæххыл, Æмæ дæ фæдыл уайдзысты? Æви А уазал суадон, их кæуыл æрбадти, Хуыздæр у уый дзыхадджынгæнæн донæй, Æхсæвыгон цæл «кæныны фæстæ Нæ дзыхты тæф кæмæй фæуадзæм, уымæй? Ныллæуу тызмæг уæлæрвты ныхмæ ды, Дæхимæ хон æиæхæдзар мæгуырты, Кæй æвдæрзы йæ дзæмбыты хъысмæт, Фæлæ |йæ къух йæхиуыл чи нæ уигъы,— Дæхицæн сæ козбаутæ скæн,— уындзынæ... Т и м о н. Кæй дæ ды тутсæр! Ап е м а нт. Ахæмæй цæуыс Мæ зæрдæмæ дæ фыццаг хуызæй тынгдæр. Т и м о н. Ды та мын ныр цæстысындздæр дæ. А п е м а н т. Ау, Цæмæн? Т и м о н. Мæгуырæн ды козбау дæ. А п е м а н т. Никæд! Æрмæст зæгъын: тæппуд дæ ды. Т и м о н. Цæмæн Ыссардтай мæн? А п е м а н т. О, амæстæй дæ -марон. Т и м о н. Уый у сæрхъæн æнаккаг удты хъазт. Æхсызгон дын у ахæм хъазт? А п е м а н т. Æнæмæнг. 74
Т и м о н. Æцæг? Уæдæ цъаммар лæг дæ ды дæр? А п е м а н т. Дæ удхæрттæ куы равзæрстаис барæй, Цæмæй æгæр хъал мауал уай, уæд дæ Æз раппæлин. Фæлæ дæ хъизæмæртты Дæ барвæндæй куы нæ ныххаудтæ ды. Гæвзыкк нæ дæ — æлдар та суаис уæд. Лæг барæй смæгуыр, уæд йæ ивгьуыд буц цард Тагъд рох кæны, æмæ йæ зæрдæ тынг Нæ фæриссы. Хъæздыг цардæй хæрзæфсæст Нæ кæны уд. Фæлæ мæгуырдзинад Нæ домы бирæ бафсæдьшæн. Мулк — Уый марг у, бафсис нын кæмæй нæй, ахæм, Мæгуыр цардæй сæдæ хатты фыддæр у. Ды барвæндонэзй не сгæвзыкк дæ, дæу Фæнды æрмæст дæ уды мæлæт... Т и м о н. ... Загъта, Мæнаэй дзæвгар гæвзыкдæр чи у, уый. Цагъар, ды мæн нæ бамбардзынæ никæд! Дæу амонд никæд барæвдыдта, ды Йæ хъæбысы нæ фæдæ,— дæу уый надта, Æрра куыдзау. Мæнау дæ сонты бонтæй Дæ ралæгмæ куы фæкодтаис буц цард, Фæсдзæуинтæ куы дардтаис мæнау,— Уæд чъизийы ныссагъдаис дæ хъуырмæ, Дæ цард цыдаид хъахбайты хуыссæнты, Æмæ дæумæ сыгъдæг зонды хъæлæс Нæ хъуыстаид,— дæ пайдамæ бырстаис. Фæлæ мæнæн æгас дуне уыдис Мæ мондаг уадзæн: алхуызон æвзæгтæ, Былтæ, цæстытæ ’мæ зæрдæтæ кодтой Мæнæн лæггад. Уыдысты афтæ бирæ, Цы сæ фæкодтаин — нæ зыдтон æз; Уыдтæн-иу се ’хсæн раст сыфтæрджын тулдзау; Фæлæ æрбадымдта зымæгон уазал,— Фæцыдæр ысты сыфтæртæ. Ныууагътой Фыдхъызты иунæгæй, бæгънæгæй мæн. Фыдраконд нæ — æрмæст хæрзиуæг кодтон, Æмæ ’мæ зæрдæ уый мастæй у дзаг. Ды та — ды цардтæ хъизæмæртты, се ’хсæн Куы сфæлтæрдтай, уæд адæмы цæмæн Нæ уарзыс ды? Козбау ми дын нæ кодтой. 75
Цы сын лæвæрдтай? Кæд æлгъитыс искæй,— Æлгъит дæ фыды, уымæн æмæ уый,— Мæгуыр, гæвзькк,— цыдæр æнамонд бон Цæйдæр мæгуыргур усимæ фæиу ис Æмæ дæу тагъд-тагъд ацарæзта. Иуварс! Куы нæ уыдаис дзыллæты фыддæр,— Фæлывд æмæ козбау уаис ды дæр! А п е м а н т. Сæрыстыр ма дæ раздæрау? Т и м о н. Сæрыстыр, Дæуау кæй нæ дæн, уый тыххæй. Ап е м а нт. Æз та Сæрыстыр дæн, дæуау бынхор кæй нæ дæн, Гъеуый тыххæй. Т и м о н. Хæрдзтæ кæй кодтон, уымæй Ныр дæр сæрыстыр дæн. Дæумæ мæ мулк Куы фестид ныр, уæддæр дын иу фæнд раттин,—'■ Цæмæй дæхи æрцауындзай. Дард, фесæф! (Хæры уидаг.) , Ехх, ацы уидаджы куы фестид ныр Афинты цард — о, ахæрин æй уайтагъд. А п е м а н т (бадары йæм æндæр уидаг). Айс, кæд дæ куывд фæхуыздæр уаид амæй. Т II М 0 Н. Хуыздæр 1мын цы у, уый дæ кæд фæнды, Уæд адде у. А п е м а н т. Нæ, адде у дæхæдæг — Мæ удæн уæд хуыздæр уыдзæн. Т и м о н. Ды ам Куы уай — хуыздæр нæ — бабын уыдзæн бæстæ, Æндæр дæ иунæгæй ныууадзин æз. А п е м а н т. Цы дæ фæнды афинæгтæн, зæгъыс? Т и м о н. Тымыгъ сын фест, бындзарæй сæ ныххаф. Кæннод та зæгъ, мæнмæ кæй ис сызгъæрин. Уыныс æй — мæнæ. А п е м а н т. Ам цы пайда у? 76
Т и м о н. Уый ам фынæй у, нæу æххуыс фыдгæнды. Пайда у уый. А п е м а н т. Кæм фæхуыссыс æхсæв? Т и м о н. Нæ сæрмæ чи ис, уый бын. Ды хæргæ Кæм фæкæныс? А п е м а н т. Кæм уа хæринаг, уым. Т и;м он. Тæхуды, марг куы хъусид ныр... А п е м а н т. Уæд æй Цы ранмæ арвитис, Тимон? Т им о н. Дæ сихор. Фæадджындæр кæнынмæ, Апемант. Ап е м а нт. ,Ды дæ цард-цæрæнбонты бæрцау бæрц никæд зыдтай—кæнæдын—бухъцард, кæнæ—гæвзыкк. Уæз- дандæф чи калдта, ахæм сызгъæрин дарæсы-иу куы фæцæйцыдтæ, уæд-иу адæм худтысты дæ хæлардзина- дыл. Ныр та сæ цæстысындз фестадтæ, дæхи бызгъуыр- тæй кæй сфæлыстай, уый тыххæй. Айс тыртытæ, ба- хæр сæ. Т и м о н. Æз нæ хæрын, уæнгæл мын цы вæййы, уый. Ап е м а нт. Тырты дæ уæнгæл у? Т и м о н. О, уый дæр дæуау туаг у. Ап е м а н т. Фæлтау раздæр туаг козбауты куы нæ уарзтаис, уæд ныр дæхи бирæ фылдæр уарзис. Кæд федтай, йæ бынтæ чи иыддьшдта æмæ чи сгæвзыкк ис, уый уарз- гæ? Ти м он. Æмæ ды кæд федтай, йæ цæрæнбонты мулк кæмæ нæ уыд, кæддæриддæр гæвзыкк чи уыдис, уый уарзгæ? А п е м а н т. Æз уарзын ахæмы. Т имон. Æмбарын дæ: дæумæ уыдис мулк куыдз дарыны фаг. 77
А п е м а н т. Куыд дæм кæсы, а дунейыл тынгдæр чи у дæ ’коз- бауты хуызæн? Т и м о н. Устытæ. Фæлæ лæгтæ — уый козбаудзинад йæхæ- дæг у. Цы фæкæнис а дуне, Апемант, дæ дкъухты куы фестид, уæд? А п е м а н т. Раттин æй хъæддаг сырдтæн, цæмæй асыгъдæг уа адæмæй. Т и м о н. Куыд, адæмы ’хсæн адæймаг уæвын дæ нал фæнды, фæлæ дæ бафæндыд сырдты ’хсæн сырд уæвын? А п е м а н т. О, Тимон. Т и м о н. Гъеуый дын фосы хиуарзондзинад! Хуыцау дын æй дæ къухы бафтын кæнæд! Домбай куы уаис — саид дæ рувас. Уæрыкк куы уаис — рувас дæ бахæрид. Рувас куы уаис — домбай дæ фæзылын кæнид, хæрæг дæ ныхмæ куы радзурид, уæд. Хæрæг куы уаис — де ’ды- лыдзинад дæ ахæм ран баппарид, æмæ холыйаг фæ- уаис бирæгътæн. Бирæгъ куы уаис — де ’нæфсисæй ратæх-батæх окæнис, марьгнæй дын тас кæм у, ахæм рæтты сихоры фæдыл. Кæфхъуындар куы уаис — дæ сæрыстыр æмæ æррадзинады руаджы бахауис цъысы- мы, æмæ дын растыгъдæуаид дæ царм. Арс куы уа- ис — бæх дæ зæвæтæй ныццæвид, кæнæ дæ ныттонид хъæддаг стыр гæды. Стыр хъæддаг гæды куы уаис — исчи дæ фенхъæлид стай, æмæ къæппæджы ссарис дæ мæлæт. Цæмæй фервæзай, уый тыххæй дæ бахъуыда- ид дæ бынат аивын, ралидз-балидз кæнын. Цавæр сырд уæвын дæ фæнды æмæ дын тас кæм нæу æндæр сырдæй? Науæд цавæр цæрæгой сдæ, сырд фестгæйæ кæй фембылды уыдзыиæ, уый куыд нал æмбарыс? А п е м а н т. Кæд дæ фæнды, дæ диссаджы зондджын ныхæстæм дын зæрдиагæй хъусон, уый, уæд ныр сæ тæккæ афон у! Афинты горæт фестади хъæд, сырдтæй йæ тæккæ дзаг. Т и м о н. Ау, æмæ уæд хæрæг гсуыд ракъæртт кодта къул, куыд раирвæзтис ардæм уырдыгæй? 78
Апемант. Æрбацæуынц дæм поэт æмæ нывгæнæг. Рын дын æрбахæссæнт! Æз тæрсын сæ низæй æмæ фæлтау ацæуон. Æндæр мын куы ницуал хъуыддаг уа, уæд та дæм фездæхдзынæн. Трмо н. А дунейыл ма æрмæст ды куы баззайай — табуаф- си. Йæ мæгуыргуры куыдз фестыныл сразы уыдзынæн, цæйнæфæлтау уон Апемант. Апемант. Сæрхъæн, сæрхъæн! Ти’мон. Нытту дыл кæнин æз, Фæлæ дыл иунæг сыгъдæг ран дæр нал ис. А п е м а н т. Æгæр æлгъаг дæ ралгъитынæн ды. Рын, чъизи рын! Т и 1М о н. Æнаккæгты фыддæры Дæуимæ бар, уæд урс бæлон у уый. А п е м а н т. Дæ ныхæстæ ысты тæссагдæр низтау. Т и-м о н. Дæ сау ном дын куы ’рымысын, уæд мæм Нæмын фæцæуы, фæлæ дыл мæ къухтæ Куы счъизи уой, куы фæнизджын. А п е м а нт. Хъæлæкк, Мæ ныхæстæй куы бампыликкой уыдон. Т и м о н. Дард! Адде у, æлгъаг куыдзы мыггаг! Кæй нæ дæ мард, кæны мæ уый хæрз æрра! Дæ уындæй дæр хæццæ кæны ^мæ зæрдæ. А п е м а н т. Тъæпп ахау! Т и м о н. Фесæф, цъаммæртты фыддæр! (Дур ыл фехсы.) Дæуæн дур ратт,— нæ, уый дæр дын æвгъау у. А п е м а н т. Стур! Т и м о н. Калм’ 79
А п е м а н т. О, марг! Т и м о н. Æлгъаг! Æлгъаг! Æлгъаг! (А п ем ант иуварс ацæуы.) Мæ удхæссæг у ацы сайæг дуне! Мæ зæрдæмæ дзы ницыуал цæуы, Суанг мамæлайы цардæн цы у, уый дæр. Уæдæ, Тимон, дæхицæн къах ингæн, Ныххуысдзынæ ды ахæм ран, кæм хъаза Дæ сау къæйдурыл денджызы уылæн, Æмæ дæ цыртыл фыстытæй мæлæт Нæ зæххон адæймаджы цардыл худдзæн. (Сызгъæринмæ кæсы.) О ды, фæлывдæй паддзæхты чи марьг, Фыдæй фырты ’хсæн сау хæрамы хос! О, ус æмæ лæджы сыгъдæг хуыссæнуат Йæ рухс цæхæрæй чи чъизи кæны! Ныфсæххæст Марс! Æнусты ног æрттиваг, Цыбæллаг усгур, уарзон æмæ буц Дианæйы зæнгтыл цы сыгъдæг мит ис, Уый йе ’рттивынæй чи тайын кæны; Ды дæ хуыцау, цæстæй кæй уынæм, ахæм, Цæмæн нæй иугæнæн — кæныс сæ иу, Кæм бахъæуа — цыдæриддæр хъуыддагыл Цыфæнды ’взагыл дзурын у дæ бон. О удфæлтæрæг, акæс æмæ бамбар, Дæ цагъартæ — тæригъæддаг дзыллæ — Æмтъеры систы! Ноджыдæр сын се ’хсæн Ды тау хæрам, кæрæдзи фыд хæрой, А дунейæн та хицæуттæ скæн сырдты. А п е м а н т (размæ ралæууы). Уадз афтæ уа, æз дзы куы нал уон, уæд. Цон радзурон, Тимон та схъæздыг ногæй, Цæмæй дæм къордгай дзыллæтæ бырсой. Т и м о н. Куыд? Къордгай? А п е м а н т. О. Т и м о н. I Дæ хорзæхæй, цæугæ. А п е м а н т. Уæдæ цæр ам, мæгуырдзинадæй бафсæд. 80
Тимон. Ды та цæр раздæрау, стæй уæд ныккуыдз у! Нæ кæрæдзийæ ницуал дарæм. (Апемант ацæуы.) Ног та Лæджы æууæлтæ? Хæр уæдæ, Тимон, Æмæ дæ пырх кал сегасыл дæр! Бацæуынц а б ыр джытæ. }-а г а б ы р æ г. Кæцæй йæм хъуамæ уа сызгъæрин? Æвæццæгæн, чысыл цыдæртæ, |йæ раздæры бынтæй баззайæг мур- тæ. Æрхæндæг дæр уымæн куы ныцци: сызгъæрин æм нал уыдис, æмæ дзы йæ хæлæрттæ фæлыгъдысты. 2-а г а б ы р æ г. Гъеуæддæр æмхуызонæй дзурынц; æхца йæм — хæрх. 3-а г а б ы р æ г. Афæрс-ма йæ. Кæд ын сызгъæрин æвгъау нæу — ратдзæн нын æй æнæ уæлдай ныхасæй. Фæлæ кæрæф куы разына, уæд куыд нæ къухы бафтдзæн уыцы сыз- гъæрин? 2-а г а б ы р æ г. Раст зæгъыс! Йæ сызгъæрин æнæмæнг æмбæхст уы- дзæн, йемæ йæ кæм хæсдзæни. 1-а г а б ы р æг. Уæртæ уый ма уа? И н н æт æ. Кæм? 2-а г а б ы р æ г. Куыд нын амыдтой, афтæмæй уый хуызæн у. Иу м æ. Дæ бон хорз, Тимон. Ти м о н. Цы уæ хъæуы, къæриыхтæ? Иу м æ. Нæ, салдæттæ, Къæрныхтæ — нæ. Ти м о н. Къæрныхтæ ’мæ салдæттæ — Сылты фырттæ. Иу м æ. Нæ, мах къæрныхтæ не стæм, Тыхсты ныххауæг адæймæгтæ стæм. <6 Шекспир, 2-аг том. 81
Т и м о н. Сымах тыхсут, цæмæй æфсæст уат, ууыл. Æмæ ма ’ркæсут, сыджыты — уидæгтæ, Нæ фæйнæфæрсты суадæттæ дзæвгар, Нæ сæрмæ тулдзбæлæстыл ис гуыркъотæ, Сырх-сырхид уагъылы рæгъæд у иыр. Æрдз у сымахæн хорз рæдау æфсинау, Цыфæнды къутæр дзаг фынгау у раст. Цæуыл тыхсут? 1-а г а б ы р æ г. Нæ бон цæрын нæу махæн Æрмæст уидæгтæй, халсар æмæ донæй Сырдтау, мæргътау, кæсæгтау. Ти м о н. Стæй ма ноджы Нæ хæрут мæргъты, кæсæгты ’мæ сырдт.ы? Сымах хæрут æрмæст лæджы фыд. Бузныг,. Æргом кæй давут, уый тыххæй, уæхиуыл Кæнгæцæсгом нæ дарут — хорз у уый, Фæлæ, цыма, æгæр бæрзондмæ систат Æнæзакъонæй давыны хъуыддаг?.. Цæй, хорз, æлгъаг, цæстфæлдахæг къæрныхтæ„ Гъа, мæнæ уын сызгъæрин. Нуазут туг Сæнæфсиры сырх цупæлттæй, фыдрасыг Кæнут æмæ тæрхъуснизæй сæйут, Цæмæй уæ кæрон ауындзæныл ма уа. О, макуы ууæндут дохтыртыл, сæ хостæй Фæцагътой уыйбæрц — уал хатты сымах Нæма уыдыстут давынмæ. Гъа, айсут Сызгъæрин, йемæ — ’гас адæмы цард. Фыдми кæнут, фыдми кæнут, сымахæн Уæ куыст у уый. Кземдæриддæр уынæм Фыдракæнд æмæ давын. Хуры райс — Фыццаг къæрных; æгæрон фурд дæр давы Йæ хъæбысмæ зæххон дæтты; æниу Уæларвон мæй, дыдзæсгом куы у, давæг: Цы мæнг рухс æм ис, хурæй давы уый. Нæ зæхх дæр — давæг: райгуыры йын цот Æмæ сæ дары, адæм æмæ фосæй Цы фаджыс давы, уымæй. Давæг у Æгас дуне! Закъон ехс у, стæй цъутта Сымах хуызæттæн,— уый æдæрсгæ давы, Дыдзæсгом ми тыхы фæрцы кæны. Цæй, адде ут! Кæрæдзи стигъут, марут 52
Уæ кæрæдзи. Сызгъæрин айсут, гъа: Кæйдæриддæр æргæвдут æмæ стигъут,— Кæй фенат — сегас дæр къæрныхтæ сты. Цæут Афинтæм! Дуканитæ къахут; Уæ зæрдыл дарут, давджыты сты, уый. Æцæг уæ давын ма фæкæнут къаддæр, Сызгъæрин уын кæй радтон, уымæн. Уадз Æмæ уæ мæлæт уымæй уа фæстагмæ. Аминь! Бацæуы цъасмæ. а г а б ы р æ г. Кæд мæ давыныл ардыдта, уæддæр йæ ныхæсты фæ- стæ давыныл гуырысхо кæнын байдыдтон. а г а б ы р æ г. Уыцы ныхæстæ нын, адæм йæ цæстысындз кæй фе- стадысты, уый тыххæй кодта. Нæ сусæг хъуыддæгтæ йæ хъуыдыйы дæр не сты. а г а б ы р æ г. Æз ыл баууæнддзынæн дохтыры амындау, ныууадз- дзынæн давын. а г а б ы р æ г. Цæй, банхъæлмæ уал кæсæм Афинты куывдмæ. Адæймагæн цæсгомджын суæвæн ис цыфæнды фыд- рæстæджы дæр. Ацæуынц. Бацæуы Ф лав и. . л а в и. 0 зæдтæ! Ацы тæригъæддаг, гомгæрцц Æмæ æнамонд — ме ’лдар уа æцæг? Куыд æрхауд, жуы! Æмбисонды цыртдзæвæн Рæсугъд хъуыддæгтæн, тынг æвзæр æвæрд! Куыд аивта тæссаг мæгуырдзинадæй Иæ кæддæры уæздандзинады хуыз! Цымæ зындойнаг чи скæны хæлары — Йæ риуы цавæр чъизи зæрдæ дары? Æнæууæнкæй лымæн вæййы тæссаг, Нæ, уымæй нын æдасдæр вæййы знаг. Дыдзæсгомæй нæм чи хæры къæбæр, Уый у цыфæнды знагæй дæр фыддæр. А, федта мæ... Мæ сагъæстæ йын хъуамæ Фæдзурон ам. Уый ме \лдар у уæддæр, Æмæ йын раздæрау лæггад кæндзынæн. (Т имо н рацæуы цъассæй.) Мæ дзæбæх хицау! 83
Т и м о н. Иуварс! Чи дæ ды? Ф л а в и. ,Куыд! Нал мæ зоныс? • Т и м о н. Цавæр фарст у уый? Æз ферох кодтон адæмы бынтондæр, Ды дæр лæг дæ,— ды дæр мæнæй дæ рох. Ф л а в и. Дæ намысджын мæгуыр æххуырст... Т и м о н. Нæ зонын Дæу дæр, уæдæ... Æз намысджын нæ федтон„ Мæ алыварс цъаммартæ уыд æрмæст, Мæ фынгыл чи бадт, уыдонмæ кæсджытæ. Ф л а в и. Хуыцау æвдисæн, иу æххуырст дæр афтæ. Нæма фæрыст йæ хицауыл, дæуыл Æз куыд фæрыстæн. Т и м о н. Куыд? Кæугæ кæныс? Хæстæг-ма рацу. Уарзын дæ, сылгоймаг Кæй фестадта, æфсæнзæрдæ лæгты Æгъдау кæй халыс, уымæн; лæг фæкæуьг Сылмондаг æмæ худгæйæ: тæригъæд Иæ уды нæй. Цард фендæр и! Кæуæм Нæ худгæйæ, тыхстæй — æнцад лæууæм. Ф л а в и. Æрымыс мæ уæдæ, мæ дзæбæх хицау! Мæ сыгъдæг маст дæ бауырнæд! Ныууадз мæ Дæхицæн ам фæсдзæуинæй, кæдмæ Мæ чысыл муртæ уой нæ фаг, уæдмæ. Т и м о н. Куыд? Ау, æмæ мын ахæм æххуырст уыд? Цæсгомджын, амонджын, æнувыд?.. Уый мын Мæ хъæддаг уд куы суынгæг кодтай ды. Дæ цæстытæм дын бакæсон. Æцæг дæ Ныййардта ус! — Хатыр, бæрзонд хуыцау, Æгæр тагъд-тагъд кæй рахастон мæ тæрхон, Æгас дуне .кæй рахуыдтон мæнгард! Ис иу цæсгомджын адæймаг, сæттын ыл, Æрмæст иу, иунæг,— ма рæди, хуыцау,— Зыбыты иунæг! Уымæй дæр — æххуырст.— О, сегас мын куыд удхæссæг уыдысты! 84
Фæлæ ды балхæдтай дæхи. Фод афтæ. Дæуæй уæлдай мын иннæтæ сты марг! Æрмæст дæм зонд дæ намысы бæрц нæй: Мæныл дæ къух куы систаис, уæд уайтагъд Æндæр хуыцау ыссардтаис; дæ фыццаг Æлдары рагъыл бахызтаис ногмæ. Зæгъ-ма мын раст,— гуырысхо кæнын æз, Æппæтдæр мын бæлвырд куы уа, уæддæр,— Цы ’мбæхст и, цымæ, де ’нувыддзинады? Пайда? Йе — зыд? Æви бæтгæйыл раттын? Æлдары лæвар ма ракæн, миййаг: Чысыл лæвар нын ратты уый, цæмæй Фынддæс хатты зынаргъдæр исты райса. Ф л а в и. Нæ хорз хицау! Æгæр æрæджы мыл Гуырысхо кæнын байдыдта дæ зæрдæ. Ехх, раздæр дæм куы фæзындаид уый,— Дæ куывдты заман! Фæлæ дæм, хъыгагæн, Æрцыдысты, куы смæгуыргур дæ, уæд. Нæ, мæн дæумæ æрбарвыста мæ намыс, Ме ’нувыддзинад, ме хæс, æмæ дыи, Дæ раст зæрдæ цы уарзтæй уарзын, уый. Фæнды мæ тынг, цæмæй дæ удмæ зилон, Дæ хæринаг, дæ хæдзармæ... Ды баууæнд, Мæ кадджындæр, мæ удæнцой æлдар, Ныр дæр æмæ мæ сомбон дæр мæ удмæ Цы пайда хауид — цингæнгæ сæ раттин, Цæмæй та суай цытджын æмæ хъæздыг,— Гъеуый мæнæн дæ хуыздæр лæвар уаид. Т и м о н. Куыд раст рауад! Цæсгомджын адæймаг, Ды иунæг дæ нæ дунейыл. Гъа, айс! Мæмæгуырмæ дын рарвыстой хуыцæуттæ Егъау хæзна. Цу, амондджынæй цæр. Æцæг дæ зæрдыл иунæг хъуыды бадар: Лидз адæмæй! Дæ цæстысындз сæ скæн, Æлгъит сæ æмæ ферох окæн тæригъæд, Мæгуырæн баххуыс кæныны бæсты, Уадз фырыстонгæй йе стджытыл йæ дзидза Ныххус уа: «нæ» цæмæй зæгъай лæгæн,— Уый куыдзæн аппар. Ахæстон ныхъуырæд Æгас дзыллæйы! Хæстæ сæ бынтон Ныггаффутт жæнæт, сæвдулæнт сæ цъыфы! Æгас дзыллæ бынсыгъд бæлæстæ фестæд! 85
Уадз ралæууа мæлæтдзаг низты дуг, Мæнгард дзыллæтæн бацъирой сæ туг! Хæрзамонд у æмæ — фæндараст. «Флави. Уадз мæ Лæггадгæнæгæй, ирхæфсон дæ. Т и м о н. Кæд Æлгъыст нæ уарзыс, уæд цæугæ ныртæккæ, Хуыцау дæ хизæд адæмæй, цæмæй Цæрай; мæн та-иу бахизæд дæуæй! (Фæйнæрдæм ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Хъæд. Тимоны цъассы раз. Бацæуынц по э т æмæ н ы в г æ н æ г. Т имо н сæм йæ цæст дары цъассæй. Н ы в г æ н æ г. Куыд æй амыдтой, афтæмæй йæ цæрæн ам æввахс- хъуамæ уа. П о э т. Нæ зонын, цæуыл баууæндыдæуа. Раст дзурой, сыз~ гъæрин æм æцæг афтæ бирæ уа? Н ы в г æ н æ г. Уый гуызавæйаг нæу. Алкивиад дзырдта уый тых- хæй; Фринæ æмæ дзы Тимандрæ райстой сызгъæрин, стæй ноджы схъæздыг кодта мæгуыр æнæхæдзар сал- дæтты. Йæ хæдзардарæгæн дæр, дам, бирæ сызгъæ- ринтæ радта. П о эт. Уæдæ, ныггаффутт и, зæгъгæ, уый æрымысгæ уыди йæ лымæнты бавзарынæн? Н ы в г æ н æ г. Æндæр ницæмæн. Мæнæ фендзынæ, кæддæра та Афинты нæ февзæрид æмæ та цæхæртæ нæ калид. Гъе- мæ æвзæр нæ уаид йæ бавзарын, кæд йæхи цыфæнды æнамонд хоны, уæддæр. Уымæй йын равдисдзыстæм нæ сыгъдæг хæлардзинад, стæй нæм дзы, чи зоны, ис- ты лæвæрттæ дæр æрхауа, кæд йæ хъæздыгдзинады хабар æцæг у, уæд. П о эт. Цы йын балæвар кæнынмæ хъавыс? Н ы в г æ н æ г. Ацы хатт ницы, æрмæст ын равдисдзынæн мæхи. Ныфс ын бавæрдзынæн иттæг хорз нывæй. 87"
Л оэт. Æз дæр уæдæ афтæ; зæг.ъдзынæн ын: дæу тыххæй ныффыссынмæ хъавын кадæг. Н ы в г æ н æ г. Уый у иууыл хорз хъуыды! Ныфс бавæрын — уый нæ дуджы тæккæ хуыздæр миниуæг у. Адæймаг æн- хъæлмæ фæкæсы дзагъырдзæстæй, йæ сæххæст кæиын та уадиссаг нæу, стæй, раст зæгъын хъæуы, æххæст дæр æй ничи кæны, уæдæгонд æдылытæй уæлдай. Иыф- сытæ æвæрын — уый æхсызгон ми у, арæх æй чындæ- уы; цы ныфс бавæрдтай, уый æххæст кæнын та мар- дæрцыды хъуыддаг у: уæлдайдæр — чи йæ æххæст кæна, уымæн. Т имо н рацæуы цъассæй. Т и м о н (фæрсмæ). Диссаджы нывгæнæг! Ды кæй сныв кæнай, уымæн не ссарис дæхицæй чъизидæр лæг. П о э т. Æз ахъуыды кæнон, цæмæй йын ныфс бавæрдзы- нæн, ууыл. Мæ кадæг æвдиса хъуамæ уымæн йæхи царды цаутæ, стæй хъуамæ уа сатирæ бонджынты лæ- мæгъдзинадыл, хурмæ кала мулк æмæ æрыгон чыз- джыты фæдылдзæуæг козбауты митæ. Т и м о н (фæрсмæ). Куыд, дæ уацмысы дæхи цъаммарæй равдисинаг дæ? Дæхи сау митæ иннæты хуызы æвдисыс? Хорз, бантысæд дын! Мæнмæ дын ис сызгъæрин. П о э т. Нæ, агургæ у, цом æмæ йæ ссарæм. Нæ къух пайдайыл ам нæ фæци хæст — Нæхи дзыппæн фыддæр уыдзæн æрмæст. Н ы в г æ н æ г. Æцæг, цы хъавыс агурынмæ бонæй, Æхсæвыгон уый не ссардзынæ ’нцонæй. Цом. Т и м о н (фæрсмæ). Бахъæцут, мæ къухтæм хаут ныр! О, ды, зæрин, цы диссаджы хуыцау дæ, Кæд дæм, хуыдонау чъизи кæм у, уым дæр Сæ сыгъдæг дзуарау кувынц, уæд! Ай-гъай, Ды скъæрыс наутæ денджызон уылæнты, I Фæкæныс ды æлгъаг цагъартæн кад. Æмæ дæм ’кувæнт фидæнты дæр афтæ Дæ цагъартæ, æвирхъау низ сыл бафтау! -88
Сæ размæ цон. (Размæ ралæууы.) П о эт. Хæларзæрдæ Тимон, Нæ раздæры хæрзаудæг, салам дын! Т и м о н. Куыд баууæндон? Мæ цардгæрон æцæг Уынын дыууæ цæсгомджын адæймаджы? П о э т. О, цас хæрзтæ фæдæ ды махæн, сударь! Ныр фехъуыстам, мæнгард лымæнтæ дæу Куыд ныууагътой, кæй сæ ралыгътæ ардæм. О адæмтæ, куыд æнæзæрдæ стут! Æрдзæй — æлгъыстаг! Нæй зæххыл, сымахæн Уæхи аккаг цы бафхæрд уаид, уый! Куыд! Дæу ныууадз, дæу, йе ’рттиваг уæзданад Ыстъалыйау кæмæн калдта цæхæр, Дæ лымæнтæн сæ цард, сæ хур кæмæй уыд! Мæ маст сæм тоны, нæй мæм фаг дзырдтæ, Цæмæй æххæстæй равдисон сæ сау Æбуалгъ ми, сæ гадзрахатæй рацыд. Т и м о н. Нæ, ма йæ ’вдис, йæхихъæдыл æй уадз; Уæд æй бæлвырддæр базондзысты дзыллæ. Уæ цæсгæмттæ нырау хæрз сыгъдæг уæят, Уæд иннæтæн зындзæн сæ чъизи тынгдæр. Н ы в г æ н æ г. Нæ дыууæ дæр æвзæрстам царды хорз, Дæ лæвæрттæ куыд уарыдысты махыл,— Уый хатыдтам. Т и м о н. Æцæг ыстут цæсгомджын! П о эт. Фæзындыстæм дæ кады фæдыл мах... Т и м о и. Цæсгомджын адæм! О, фæлæ уын æз Цы хорз фæуон? Хæрут уидæгтæ, науæд Нæ баназиккат ихыи суадон? И? И у м æ. Дæу тыххæй (мах — разы цæуылдæриддæр. Т и м о н. Цæсгомджын удтæ, фехъуыстат, бæлвырд, Мæнмæ кæй ис сызгъæрин, афтæ нæу? Зæгъут мын раст, рæстдзинадуарзæг адæмГ
Л о э т. Ис ахæм цау, хæларзæрдæ хæрзгæнæг, Фæлæ мах уымæ не ’рбацыдыстæм. Т и м о н. Цы цæсгомджын, цы сыгъдæгудтæ стут! (Нывгæнæгæн.) Афинты, дам, ды сайджыты сурæттæ Иттæг хорз кæныс. Раст зæгъынц. Дæуæн Æнтысы сайыи. Н ы в г æ н æ г. Архайын, ды раст дæ. Т и м о н. О, о, æз дæр дын уый тыххæй куы зæгъын. (Поэтæн.) Куы зæгъон де сфæлдыстадæй, поэт, Уæд де стихты сæ тæккæ былтæм хъазы Уæздандзинад. О, ме ’рдыгонау, ды Дæ аивад бæрзонддæр систай æрдзæй. Фæлæ уын æз, цæсгомджын адæм, хъуамæ Зæгъон, кæй уæм ис иу сахъат,— æцæг Уый ахæм тынг æвирхъау нæу, цæмæй дзы Ыссæрибарыл архайат. М у м æ. Уæд цавæр? Зæгъ-ма нын æй! Т и м о н. Куы мæм фæхæрам уат. И у м æ. Нæ, бузныг дæ уыдзыстæм... Тимо и. Куыд, нæ сайут? И у м æ. Гуызавæ ма гсæн, сударь! Т и м о н, ’ ’ Уæдæ зонут, Кæй æууæндут мæнг дзурджытыл сымах, Кæй акодтой уæ дыууæйы дæр сайгæ. И у м æ. Æцæг уа, сударь? Т и м о н. О, мæнг æмæ сайын Дыууæйæ хъусут, хин митæ уынут, I Сæ чъизи хъуыддæгтæ сын арф æмбарут, Уæддæр сæ уарзут, уарзут сæ сымах; <9Й
Хæринаг сын æнувыдæй фæдарут, Кæд тынг ысты æнаккæгтæ, уæддæр. Н ы в г æ н æ г. Нæ зонын ахæмты... По э т. Æз дæр нæ зонын... Т и м о н. Æрбайхъусут-ма, уарзын уæ тыхджын, Сызгъæрин дæр уын ратдзынæн, æрмæст Уæ удтæ хизут уыцы сау цъаммартæй. Æрцауындзут сæ, аргæвдут, кæнæ Фæдæлдон кæнут къанауы, сæ сæртæ Куыд бамидæг уой зындоны, стæй уæд Æрбацæут. Мæнмæ сымахæн бирæ Сызгъæрин ис! И у м æ. 0, фæлæ чи сты, чи? Зæгъ-ма нын сæ. Т и м о н. Куы ацæуат фæйнæрдæм, Уæддæр уæ алчидæр уыдзæн дыууæ; Уæ кæрæдзийæ хицæнтæй куы лæууат, Цъаммардæр уд уæ сиу кæнид уæддæр. (Нывгæнæгæн.) Кæд дæ фæнды, кæм лæууыс, уым ныртæккæ Дыууæ цъаммары ма уа, уæд дæхи Айс иуварсмæ. (Поэтæн.) Кæд дæ фæнды, ныртæккæ Кæм лæуыс, уым уа иу цъаммар, уæд айс Дæхи йæ цурæй. Иуварс, куитæ! (Нæмы сæ.) Уый уын Сызгъæрин, сау æнаккæгтæ! Сымах Сызгъæрин хъуыд? Мæныл мæт кодтат? Айсут Уæ мызд, уæдæ! Алхимик кæд дæ ды, Уæд уыцы цæфтæй ныр сызгъæрии рауадз. Æрра куитæ, фыдгæнæг сырдтæ! Дард! Асуры сæ æмæ бацæуы йæ цъасмæ. Бацæуынц Ф л а в и æмæ дыууæ с е нат о р ы. Ф л а в и. Нæ, баууæндут мыл, уæгъды дзурут йемæ; Йæхи зæрдæмæ афтæ тыпг ныккаст — Уынын æй никæйуал фæнды. 9Г
1-а г сенатор. Ды нæ Йæ цъасмæ бахон — фендзыстæм нæхæдæг. Афинæгтæн дзырд радтам, йемæ мах Кæй бадзурдзыстæм. 2-в. г сенатор. Адæймаг æдзух Нæ вæййы уыцы иухуызон йæ царды. Æркъæдз æй кодтой рæстæг æмæ маст; Фæлæ йын уыцы рæстæг ратдзæн хорзæх, Дзæвгар мулк, ферох дзы уыдзæн йæ маст. Кæнгæ нæ. Мах æй фенæм. <Е> л а в и. Мæнæ цъасс, Æнцой æмæ дзы фарн цæрæнт! Тимон! Тимон! Дæ хæлæрттимæ адзур. Ракæс! Фæзындысты Афинты зынгæдæр Сенатортæ сæ иубæстонты номæй Саламтимæ. Ныхасæн сæ хъæуыс Буц æлдæртты, хæларзæрдæ Тимон! Т имо н рацæуы цъассæй. Т и м о н. О талас хур, дæуæй цъæх фæньпк фестæнт! (Сенатортæм.) Цы ма уæ хъæуы, авд дæлдзæх фæуат! О уе ’взæгтыл уæ алы раст ныхасмæ Сынкъ фæзына, гæды ныхасмæ та Хæрз æмбыд бауой, æмæ мемæ ам Куы дзурат, уæд сæ аныхъуырат! Дзургæ! 1-а г сенатор. Аккаг Тимон... Т и м о н. Сымахæн нæу аккаг, Уæхæдæг дæр Тимоны аккаг не стут, 2-а г сенатор. Дæуæн, Тимон, сенатортæ Афинтæй Салам æрвитынц. Т и м о н. Тынг бузныг сæ дæн. Лæварæи сын рын арвитин, мæ къухы Куы бафтид, уæд. 1-а г с ен а т о р. Цæй, ферох кæн, Тимон, Нæхæдæг дæр фæсмон кæнæм нæ митыл. 92
Сенатортæ æмзæрдæйæ зæгъынц, Кæй уарзынц бирæ дæу æмæ дæ курынц, Цæмæй Афинтæм раздæхай, кæсынц дæм Æнхъæлмæ уым бæрзонд бынæттæ, кад. Дæ хорзæхæй, дæ фадатæй «нæ» ма зæгъ. 2-а г сенатор. Сæттæм, гуымиры рæдыд ныл æрцыд, Дæ хæрзтæ дын рох кодтам; ныр сенат, Иæ уынаффæтæ чи нæ ивы арæх, Уый бамбæрста æппынфæстаг, цы дæ Афинтæн ды; сенат дæуæн æххуысæй Кæй загъта «нæ», гъеуый аххосæй ныр Хæрзсæфт кæнынц йæхæдæг æмæ горæт. Сенаты номæй мах дæуæн зæгъæм, Кзей фæци уый тæригъæдджын, фæсмойнаг, Зынаргъ лæвæрттæй дын æвæры ныфс, Цæмæй дын сæ дæ раздæры хъæдгæмттæ Æмæ дæ хæрдзтæ бандидзын кæна. О, бирæ хæзна дæм кæсынц æнхъæлмæ, Стæй ахæм кад — дæ зæрдæйы маст дын Ныххах кæндзысты, уым æрцæудзæн ног фыст, Куыд уарзæм дæу, æмæ йæ ды кæсдзынæ Æнусмæ. Ти мо н. О, уæ буц митæм фæтайып! Кæуынæввонг мæ скодтат! Цæй, кæд мын Сæрхъæны зæрдæ ратдзыстут, стæй ноджы Сылы цæстытæ, уæд ныккæудзынæн Уæ ныхæстæм, цæстуарзондæр æлдæрттæ. 1-а г с е н а то р. Тæригъæд бакæн æмæ немæ цом Афинтæм — мах æмæ дæу фыдыбæстæм, Æмæ дзы хицау уай. Дæуыл нæ дзыллæ Æмхуызон цинæй фембæлдзысты, стæй дын Æгæрон бартæ ’рцæудзæни лæвæрд. Дæ кадджын ном та райдайдзæни хизын Дзыхæй-дзыхмæ, куы раттæм м,ах ныхкъуырд Сырддон Алкивиадæн, уæд,— бырсы нæм Хъæддаг хуыйау, бындзарæй пырх кæны Фыдыбæстæ. 2-а г сенатор. Æмæ Афинты къултæм йæ сау кардæй ,æртхъирæнтæ кæны. 93
Ьа г с ен а то р. Æмæ, Тимон... Т и м о н. Цæй хорз, цæттæ дæн æз... Æмæ цы зæгъон, уымæ дæр мын хъусут: Мæ иубæстонты уый куы .кæна пырх, Уæд ын зæгъут уæхи Тимоны номæй, Тимонæн уым кæй ницы ис хъуыддаг! Кæд нын нæ рагон разагъды Афинты Ныххафа, кæд нæ кадджын зæрæдты Сæ урс боцъотæй раласа, кæд нын Нæ чызджыты фæхынджылæгæн ратта йæ хæстонтæн, хъæддаг митæ куы кæна, Тимоны номæй-иу ын уæд зæгъут, Кæй кæнын æз нæ дзыллæйыл иттæг хъыг Зæрондæй, ногæй. Ноджы йын зæгъут, Хъуыддаг кæй нæй уым мисхал дæр Тимоны. Уадз пырх кæна! Сæ кæрдтыл та сымах Тыхсын нæ хъæуы, цалынмæ уын уа Ныллыг кæнынæн къубæлттæ^ Мæхицæй Куы зæгъон, уæд мæ дзыппы кард дæр æз Фыдгулæн раттин цингæнгæ, цæмæй дзы Афинæгты бæрзæйтæ лыг кæна. Хæрзаудæг бæрзонд хуыцауы къухмæ Дæттын сымах, раст абырджыты къорд Лæгмарджыты къухмæ куыд раттин, афтæ. Ф л а в и. Куы федтат ныр — хæрз дзæгъæлы йæм дзурут. Уæдæ цæугæут. Тимон. Уе ’рбацыды размæ Мæ ингæны къæйыл ныффыстон цау,— Уый райсом фендзысты. Ныр тагъд уыдзæни Мæ зæххон бирæ удхæрттæн кæрон. Куыд ницы у лæджы цард а дунейыл! Цæугæут! Æмæ бавзарут цæрын. Алкивиад уыл бафтауæд фыдрын Сымах та — ууыл. Фервæзат — цæрут-иуГ 1-а г с ен а т о р. Дзæгъæлы дзурæм. Т и м о н. Гъе, фæлæ уæддæр Мæ бæстæ уарзын, æмæ мын хъыг уг Кæй сæфы, уый. 94
Гъеуый нæ хæлар дзуры! Т и м о н. Саламтæ-иу мæ иубæстонтæн раттут! 1-а г сенатор. Цы дзыхæй радзырдтай—сызгъæрин фестæд! 2-а гсенатор. Нæ зæрдæтæ нын барухс кодтай ды, Цыма ныл раст уæлахизы хур ракаст. Тимо н. Мæ сæрæй кувын сегасæн. Зæгъут сын, Кæй одæ фæнды, цæмæй сын ма уа маст, Фыдгулæй тас, зæрдæйы рыст, зиантæ, Уарзондзинады хъизæмæрттæ, царды Зынвæндагыл цы удхæрттæ вæййы, Гъеуыдон сегас. Уый тыххæй кæй хъавын Афинæгтæн æххуыс кæнынмæ æз; Куы байхъусой, уæд фервæздзысты уайтагъд Алкивиады удхæссæг бырстæй. 2-а гсенатор. Рæсугъд фæндон у. Раздæхдзæн нæхимæ! Т и мо н. Мæ цъассы раз ис тулдз бæлас — уынут, Фæстæдæр æй æз акалынмæ хъавын, Уæдæ цæут, афинæгтæн зæгъут — Мæ хæлæрттæн — мæгуырæй уа, хъæздыгæй: Каей сæ нæ фæнды удхæрттæ уынын,— Фæтындзæнт ардæм, цалынмæ фæрæтæй Нæ ныккалд бæлас, æмæ йыл сæхи Æрцауындзæнт! Саламтæ-иу сын раттут! Ф л а в и. Ныууадзут æй Тимоны. Уый йæ фæнд Нæ аивдзæи йæ амæлæты бонмæ. Ти мо н. Ныр мауал хатут, фæлæ-иу зæгъут Афинæгтæн, 1кæй самадта йæхицæн Тимон æиусмæ цæрынæн ингæн, Цæхджын фынккалгæ денджызы уылæнтæ Сæхи кæм хойынц былыл, уым. Цæут-иу Æмæ кæсут, мæ ингæны къæйыл Цы фыст уа, уый: уæ хъысмæт уын зæгъдзæни. Мæ маст фæкалд, ныр бамыр у, мæ дзых. Уадз рын хæца рæстдзинадыл! Уадз адæм Кæной сæ царды табæттæ æрмæст, < 95
Æмæ мæлæт хуыздæр лæварæн курой. Ныттар у, хур, куыд нал ысрухс уа бон, Æрхæццæ ис мæ удхæрттæн кæрон. (Ацæуы цъасмæ.) 1-а г сенатор. Хæрамдзинад йæ зæрдæйыл фæтых ис Йæ мæлæтмæ. 2-а г сенатор. Нæ ныфсы гæнах уыд Æмæ ныккалд. Цом, ахъуыды кæнæм, Цы мадзæлттæ и ссарæн, цæмæй иууыл Ма фесæфæм. 1-а г с ен а т о р. 0, атындзын хъæуы. (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Афинты къулы раз. Бацæуынц дыууæ сенаторы æмæ ф æдисон. 1-а г с ен а т о р. Æнамонд хабар! Ау, æцæгæй йе ’фсад, Ды куыд радзырдтай, афтæ бирæ сты? Фæдисон. Фылдæр ма ноджы. Афтæ тагъд лæбурынц, Æмæ рæхджы уыдзысты ам. 2-а г сечатор. Хæрзсæфт нæ Кæндзæн, Тимон куы нæ раздæха, уæд. Ф æ д и с о н. Алкивиады ’фсæддонтæй мын иу Зæронд хæлар у, фембæлдис уый мемæ, Æмæ, кæд мах ныхæй-ныхмæ хæцæм, Уæддæр кæрæдзи уарзæм, æмæ не ’хсæн Ныхас уыди. Дзырдта, Алкивиад Ызнон фыстæг кæй арвыста Тимонмæ, Цæмæй Тимон дæр уыимæ хæца Афинты ныхмæ, уымæн æмæ хæстæн Йæ иу аххос Тимоны тыххæй у. Баздæхынц Т и м о нм æ ацæ у æ г сенатортæ. ,1-а г с ен а т-о р. Æрхæццæ сты нæ хистæртæ. 96
Тимоныл Ныхас дæр нал ис, нæй. Хæрзсæфт кæнæм! Фыдгулы барабанты хъæр нæм хъуысы. Йæ къæхты бын æмрызтæй ризы зæхх, Рыг мигъау сыстад уæлдæфы. Цом тагъддæр, Куы ’рбаирвæза знаг, уæд сæфæм мах дæр. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Хъæд. Тимоны цъасс. Хæстæгæй зыны ингæны къæй. Тимоны агургæ бацæуы х æ с т о н. X æст о н. Куыд æй амыдтой, афтæмæй уый ам и.— Гъей, исчи? Ракæс! Гъей! Нæ, дзуапп дзы нæй. Цы хабар уа? Тимон кæд амард? Раст у. А, бахсыдта йæ сырд — ам адæм нæй. Ай-гъай дæр амард — уæртæ ис йæ ингæн, Иæ уæлæ фыст,— кæсын нæ зонын æз. Цæй, сисон дзы мыдадзын хуыз. Нæ раздзог Цыфæнды фыст дæр хорз зоны кæсын, Æрыгон у, фæлæ уæддæр фæлтæрд у. Афинты хурхмæ йе ’хсаргард у цыргъ, Иæ нысан та — Афинтæ ’рцæуæд пырх. (Ацæуы.) 4 СЦЕНÆ Афинты къулы раз. Трубатæ цæгъдынц. Бацæуы Алкивиад æфсæддонтимæ. Алкивиад. Фæхабар кæнут не ’рбабырст Афинты Тæппудтæн æмæ удхортæн! (Афинтæй хъуысы трубаты уасын. Сисы сæр фæзынынц с е нат о рт æ.) Сымах Нырмæ хæрамы хицауиуæг кодтат, Рæстдзинад барынæн уæм уыд æрмæст . . к Уæхи фæндон. Æз дæр æмæ -ма мемæ, Уæ хицауад кæй фæкодта бынæй — Сæркъулæй рахау-бахау кодтам, æрвтæм Нæ маст дзынæзтам. Ныр рæстæгæрцыд — 7 Шекспир, 2-аг том. ?9?
Кæй бафхæрдтат — мæстджыны тых сæм райхъал, ’ Сæ риутæй ратыдта æмæ зæгъы: «Æгъгъæд!» Æрцыдис ахæм афон, хъуамæ Æфхæрд цы лæг уыд, уый æрбада ныр Уæ бынаты — хъуыддаг кæна закъонæй; Æлгъаг æмæ тыппыр чыссæджын та Йæ фыртæссæй йæ уд исгæ фæлидза. 1-а г с е н а т о р. О не ’рыгон аккаг фæтæг, ды ма Уыдтæ уæд саби, маст исын нæма уыд Ды хъуыдыты, иæма дæр дæм тых уыд, Тæрсгæ дæр дæ нæма кодтам, уæддæр дæм Цыдыстæм мах лæгъстæгæнгæ, цæмæй Сонт мауал уай, æрра митæ ныууадзай Æмæ кæнай нæ зæронд сæртæн аргъ... 2-а г сенатор. Нæ бон цы’ уыдис — архайдтам, цæмæй Тимон Афинтæм раздæха, цæра дзы Афинæгтимæ фидыдæй, ныфс ын Æъæрдтам хорз лæвæрттæй дæр,— лæгъстæ дæр Фæкодтам бирæ — ницы нын дзы рауад. Нæ, не ’ппæт’дурзæрдæтæ не стæм мах, Уæззау æфхæрын не ’гасы нæ хъæуы. 1-а г се н а т о р. Нæ ацы къултæ чи амадта, уыдон Дæ разы ницы азымджын ысты, Дæ маст ныууром, ма ныппырх ,кæн къултæ, Нæ мæсгуытæ ’мæ не скъолатæ. 2-а г с е н а то р. Даеу Кæй фæсырдтой, уьим аххос чи уыд — нал ис Сæ иу дæр ныр: сæ худинаджы мийæ Зæрдæсаст фесты. Намысджын фæтæг, Дæ фæйлауаг тырысаты бын рацу Нæ горæтмæ; кæд афтæ судзы маст Дæ зæрдæйы, æмæ йын нæй уромæн, Уæд алы дæсæймаг лæджы ныргæвд. Нæ дæсæм хай фæцæгъдын дын æгъгъæд у; Кæй хал ысхауа — д’ амæттаг фæуæнт. 1-а г се н а т о р. Нæ, не ’ппæт дæ нæ бафхæрдтам. Æназым Нæ дæтты азымджыны тыххæй дзуапп. Фыдгæнд зæхх нæу, фыдæй фыртмæ нæ цæуы Бынтау. Уæдæ, нæ кадджын иубæстаг, 08
Æрбакæ де ’фсад горæтмæ, æдде та Дæ судзгæ маст ныууадз. Ныббар Афинтæн — Уый.авдæн уыд дæуæн æмæ, цæгъдынмæ Кæй хъавыс — иумæ уегасæн дæр. Ды Дæ рæгъаумæ зондджын фиййауау бацу Æмæ дзы равзар низджынты, æрмæст Сегасыма ’ргæвд. 2-аг сен ат о р. Лæг сыгъдæг хъуыддагыл Куы куса, уæд æдзух нæ бæззы кард, Хуыздæр у хатгай мидбылты фæхудын. 1-аг сенатор. Дæ къах нæ дуарыл андзæвыд — æваст Дæ разы байгом уыдзæн уый, æрмæст нын Сабырæй зæгъ, кæй нæм цæуыс хæларау. 2-аг сенатор. Æрбаппар де ’рмкъух,—йе — ’ндæр дзаума раст Æвдисæнæн, хæцæнгарзæй кæй хъавые Цæгъдынмæ нæ,— æфхæрынмæ æрмæсг Нæ зылынты. Уадз ам фæцæрой де ’фсад, Дæ фæндæттæ дын цалынмæ бьштон Нæ сæххæст кæнæм, уалынмæ. Алкивиад. Фод афтæ! Гъа, ме ’рмкъух уын. Æрх’изут ныр быямæ Æмæ нын байгом кæнут дуæрттæ. Ам Цы знæгтæ ис Тимон æмæ мæхицæн, Мах амардзыстæм сегасæй æрмæст, Уæхæдæг нын кæй бацамонат, уыдон. Цæмæй æххæстæй баууæндат, æз уын Фыдгæндмæ >нæ— хæрзиуæгмæ кæй хъавьш, Гъеуый тыххæй уын рагацау зæгъынг Мæ салдæттæй нæ бахъыгдардзæн иу дæр Афинæгтæн сæ сабыр цард. Хæрын Сымахæн ард, куы сæ ахиза исчи Мæ дзырды сæрты — карз æфхæрд æрцæудзæн. Сенатортæ иумæ. Цы диесаджы уæздан ныхæстæ сты! Алкивиад. Æрхизут, æмæ сæххæст кæнæм бадзырд. (Бацæуы хæ ст о н.) Хæсто’Н. Мæ кадджын раздзог! Ахицæн Тимон, Æрæнцад денджызы былыл æнусмæ. 99
Уыд ацы фыст йæ ингæны жъæйыл, Йæ ныв ын æз фæлмæн мыдадзæй оистон,—■ _ Ныххатыр кæн, æнахуыр кæй дæн, уый. Алкивиад (кæсы йæ). «Хуыссы ам тæригъæддаг буар, йæ уд та фæтахтис æргъæвстæй. Цы уæлдай у, чи уыдтæн æз. Сымахыл рын бафтæд мæ фæстæ!' Æрæнцад йæхицæн Тимон, нæ уарзта уый дуне дæр, цард дæр, Æлгъыет фод! зæгъут дзы, стæй уæд цæугæут уæ фæндагыл дарддæр». Зыны, мæлæты размæ ды цы ’нкъардтай. Сæрбæрзонд уыдтæ дзыллæйы тыхстмæ, Нæ фæндон æмæ адæмы цæссыгтæн Ды бирæ хæттыты нæ кодтай аргъ, Фæлæ цы тыхджын зондæн уыдтæ хицау, Дæ фæстаг бон дын бацамыдта уый, Цæмæй дæуæн дæ-рæдыд барст æрцæуа, Æмæ дыл калой ’гас дуне цæссыг. Уæздан Тимон, ды ахицæн дæ махæй, Фæлæ дын арæх мысдзыстæм дæ ном. Уæдæ фæцæуæм горæтмæ, уым фидыд Æрфысдзыстæм. Уадз хæсты фæстæ фарн Æрбынæттон уа дзыллæтæн сæ къухы, Хæца мыггагмæ сау хæстæн йæ хурхыл. Цæв, барабан? (Ацæуынц.)
{» ЦИМБЕЛИН ^д ФОНДЗАКТОН ДРАМÆ
АРХАЙДЖЫТÆ: Цимбелин, Британийы къарол. Клотен, ус-паддзахы фырт йæ фыццаг лæгæй. Леонат Постум, Имогенæйы мой. Белари, асургæ æлдар, йæхи Морган рахонгæйæ чи æмбæхсы, ахæм. Арвираг \Цимбелины фырттæ, Полидор æмæ Кадвал, зæгъгæ, ахæм Гвидери уьæмттимæ æмбæхсынц сæхи Морганы фырттæ æнхъæлгæйæ. Филаро, Постумы хæлар, итайлаг. Акимо, Филаройы хæлар, итайлаг. Францаг, Филаройы хæлар. Кай Луци, римаг æфсадхон. Римаг æфсадхоп. Дыууæ бритайнаг æфсадхоны. Пизано, Постумы фæсдзæуин. Корнели, дохтыр. Дыууæ уæзданы. Дыууæ ахæстонгæсы. Ус-паддзах, Цимбелины ус. Имогенæ, Цимбелины чызг йæ фыццаг усæй. Еленæ, Имогенæйы лæггадгæнæг. Æлдæрттæ, уæздаи устытæ, римаг сенатортæ, трибунтæ, сихтæ, фидæнзонæг, голландиаг лæг, испайнаг музыканттæ, афицертæ, салдæттæ, фæдисонтæ æмæ фæсдзæуинтæ. Архайды бынат — Британи æмæ Итали. 102
1 СЦЕНÆ Британи. Дыргъдон паддзахы галуаны раз. Бацæуынц дыууæ у æзд анъи 1-а г у æз д а н. Кæйфæ-нды фенай — сегас дæр хæрз æнкъард. Нæ паддзахыл йæ фæсдзæуинтæ сты Сæ хуыцауæй æнувыддæр: фæзмынц æй Æппæтæй дæр. 2-а г уæздан. Цы сыл æрцыди, цы? 1-а г у æз д а н. Иæ бындайраг чызджы нæ паддзах хъавыд Йæ усы фыртæн раттынмæ (къарол Дыккаг усæн идæдз æрхаста); чызг та Æндæры уарзта,— уый уыдис мæгуыр, Фæлæ сæрæнгуырд. Бацарди чызг йемæ, Æмæ ныр ахст у, лæппу та у хаст. Æнкъард æрмæст сæ хуызæй сты; къарол та Æцæг æнкъард у. 2-аг уæздан. Ау, æрмæст къарол? 1-а г у æз д а н. Иæ уарзонæй цы лæппу фæцух, уый дæр, Стæй ус-паддзах,— куырдта йæ фыртæн уый Хъæздыг чызджы! Фæлæ цæстæнкъард чи у Къаролы раз — кæнгæцæсгом сын у: Сæ мид-зæрдæты цин кæнынц, æгайтма Сæ хъуыддаг афтæ рауад. 2-аг у æз д а н. Ома куыд? 103
у æз д а н. Ус-паддзахы фырт ахæм сæфт у, ахæм— Нæ дунейыл æвзæрдæр уымæй нæй. Чызджы зæрдæмæ чи фæцыд, *кæй баци Æмæ ныр хасты чи ис, уый .та’у Йæ удыхъæд æмæ йæ лæгдз-инадæй, Цæрæнбонты куы агурай, уæддæр Æгас бйестыл æмбал кæмæн нæй, ахæм. ,у æз да н*; Æгæр дзы ма ’ппæл. у æ з д а н. Иунæг мур дæр нæ. Иæ хæрзтæ ма йын къаддæр дæр фæкодтон, Хæрын дын ард. у æ з д а н. Кæцон у? Науæд чи у? у æз д а н. Æз зонын уый дыууæ хуызы æрмæст: Кассивелан ромæгты куы саста, Йæ фыд Сицили уæд хæцыди уым, Фæстæдæр та Тенанцмæ кодта службæ, Æмæ йын уый зæххытæ радта йе стыр Лæгдзинадмæ, стæй хорз ном — Леонат. Иæ фыдæн ма дыууæ фырты уыд ноджы,— Сæ дыууæйы дæр аныхъуырдта хæст, Æ/мæ Сицили,— тынг сæ уарзта зæронд,— Нæ бабыхста, зæрдæскъуыд сыл фæци. Иæ идæдз усæн ацы лæппу райгуырд, Стæй амарди. Нæ къарол райс,та уæд Хæссынмæ ноггуырд сабийы йæхимæ Æмæ йæ схуыдта Постум Леонат; Фæсдзæуинæй йаам рæзти лæппу; кодта Лæмбынæг ахуыр, сабийы цы хъæуы — Æппæтыл дæр: йæ лæгдзинад, йæ зонд Парахат кодтой. Æмæ — диссаг! — уайтагъд Иæ хорзы кой дзыхи-дзых ацыд; уыд’ Æппæтæн уарзон. Лæппутæн — фæзминаг Иæ лæгдзинадæй, ас лæгтæн та уыд Хæрзиуджытæ рæсугъд æвдисæн айдæн. Фæндагамон та зæронд лæгтæн уыд. Кæд паддзахы чызг карз æфхæрды бахауд, Уæддæр зыны йæ равзæрстыл бæлвырд, Цæйбæрц æй уарзта лæппуйы, стæй лæппу Цы лæг уыди!
2-аг уæздан. Иыридæгæн дæр ын Æз кад кæнын дæ’ныхасмæ. Къаролæн Æрмæст чызг и? 1-а г у æз д а н. О, чызг æрмæст. Уыд ма Дыууæ фырты,— æртæаздзыд йæ хистæр, Йæ кæстæр та ма дзидзийыл уыди, Раст афтæ йын сæ адавдæуыд, иу дæр, Цы фесты, уый нæ базыдта нырмæ. 2-а г у æ з д а ’н. Цас рацыди уæдæй нырмæ? 1-а г у æз д а н. Ссæдз азы. 2-аг уæздан. Къаролы фыртты давын бауæнд. Уыйбæрц Æвзæр каст сæм цæмæн уыди, кæнæ- Сæ фæд уæд та куыд не сбæрæг? 1-а г у æз д а н. Ай-гъай, Уый диссаг æмæ худинаг хъуыддаг у, Фæлæ у раст... 2-аг уæздан. Дæ ныхас мæ уырны. 1-аг уæздан. Цом иуварс. Уартæ ’рбацæуынц сæхæдæг — Ус-паддзах, Постум æмæ чызг-принцессæ. Ацæуынц. Бацæуынц ус-паддзах, П о ст у м æмæ И м ог енæ. У_с-п а дд з ах. Нæ, мæ чызг, баууæнд, кæд фæкæнынц хахуыр Фыдыустытыл тынг арæх, уæддæр Нæ дæн фыд-зæрдæ; ды мæнмæ ныр ахст дæ, Фæлæ дын талынг ахæстонæй æз Дæттын дæгъæл. Дæ хъуыддагыл та, Постум, Æз дзурдзынæн къаролимæ, цæмæй Иæ маст фæрог уа,—уый нырма хæрам у; Дæхи удæн хуыздæр уаид, рæстæгмæ Йæ тæрхоныл куы сразы уаис, уæд. Дæ рухс зонд дын быхсыны хъару раттæд. П о сту м. Цæуын. У с-п а д д з а х. Ай-гъай, тæссаг уавæры дæн: • 105
Уæ сусæг уарзты хъизæмæрттæ ’мбарын Æмæ уæ уадзын хибарæй, кæд мын Къарол фæдзæхста «хъахъхъæн сæ», уæддæр. (Ацæуы.) И м о ге н æ. 0 маргæйдзаг уæздандзинад! Куыд тынг Рæвдауы калм, куы фæхъавы цæвьшмæ!— Мæ зынаргъ мойЬМæ фыды маст у карз, Фæлæ нæ сыгъдæг сомыйы раз мурдæр Нæ тæрсьш уый æртхъирæнтæй. Цæугæ! Æз та лæууын ам, саузæрдæты астæу, Æмæ мын тых фæцæрынæн дæтдзæн, Мæн кæй дæ, уый, мæ рухс хæзна, мæ дуне, Кæрæдзи ма кæй фендзыстæм. П о сту м. Мæ паддзах! Мæ хуры хай! Æгъгъæд мыл ку, мæ зæд, Кæннод лæгæн цæйбæрц не ’мбæлы, уыйбæрц Куы ’рлæмæгь уон, дæ уайдзæфтæ мыл уæд Нызгъæлдзысты. Цы сыгъдæг дзырд дын радто-н, Хъаймæтмæ уый мæ зæрдæйы уыдзæн. Филарио, мæ фыды хорз хæлар, мын Цæрæнуат ратдзæн Ромы,— зонæм мах Нæ кæрæдзи фыстæджытæй. Фысс-иу мæм, Мæ дуне, уырдæм; æз зыдæй кæсдзынæн, Ныхъуырдзынæн дæ ныхæстæ, фæнды Марг уой, уæддæр. Бацæуы у с-пад д з а х. Ус-п а д дз а х. 0, ахицæн ут! Тагъддæр! Къарол, миййаг, куы фæзына, уæд мыл Иæ судзгæ маст æрвдзæхæрау ныккалдзæн. (Фæрсмæ.) Мæхæдæг æй æрбасайдзынæн æз; Хыл мæм куы вæййы, уæд рæдауæй фиды Чысыл фæстæдæр фидауæггаг. (Ацæуы.) П о сту м. Афтæ Цæрæнбонтæм куы дзуриккам хæрзбон, Уæддæр нæ хъыг нæ иваад. Хæрзбом! И м о ге н æ. Нæ, бахъæц-ма, уæд та мииут! Гор’мон, Ау, тезгъомæ цæугæйæ дæр фылдæр 106
Куы алæууис хæрзбон дзургæ мæ фарсмæ. Кæс-ма, мæ мады цонгдарæн. Гъа, айс Æмæ йæ бавæр, цалынмæ дæхицæн Æндæры къайæн равзарай, уæдмæ,— Куы нал уон, уæд — мæ фæстæ. По сту м. Цы? Æедæры? О стыр хуыцау, мæхи къайы мын бавæр! Æрмæст й&хи! Дзыхъмард фæуæд мæ уд, Æндæр усмæ куы бабæллон. (Къухдарæн ыл кæны.) Ам баззай Мæ мæлæтмæ. Мæ саурæсугъд! Æз дын Чысыл лæвар куы ракодтон дæ уарзтмæ, Уæд цас бирæ зиан æрцыд дæуыл, Ныр дæр та уыйбæрц æз фæдæн пайдаджын: Мæнæн — дæ уарзт, дæуæн мæнæй — лæвар. Гъа, айс нæ сыгъдæг уарзты номыл ацы Хъадамантæ; мæхæдæг сæ кæнын Мæ рæсугъд ахсты урс цонгыл. (Йæ къухыл ын кæны цонгдарæн.) И м о ге н æ. 0 зæдтæ! Кæрæдзи та кæд фендзыстæм?.. Къарол! (Бацæуынц Цимб е лин æмæ æ лд æ р тт æ Ц и м б е л и ’н. Æдзæсгом, дард! Мæ цурæй фесæф! Ног ма Мæ кæртмæ ды куы ’рбавæрай дæ къах, Уæд дын — мæлæт! Дæ уынд мæ тугæн марг у! П о сту м. Хуыцау дыл уæд хæрзаудæг, къарол. Сымахыл дæр. Æз араст дæн. И м о ге н æ. Мæлæтмæ Тыхджындæр амæй сау хъизæмар нæй! Ц и м б е л и н. Налат фæлитой! Ме ’рыгоны бонтæ Мæнæн дæ бон уыд раздахын, ды та Мæн азы бæрц зæронд кæныс. И м о ге н æ. Мæ паддзах, Фыддæр дьгн у, хæрам кæй хæссыс, уый, Æз нал тæрсын æртхъирæнтæй. Мæ масты Фæхуыдуг ысты тас æмæ фæсмон.
Цимбелин. у Уæд хъусьш та? Йе — коммæ кæсын? И мо ге н æ. Рухс ныфс Кæмæн нал вæййы, уый нæ кæны хъусгæ. Цимбелин. Дæ мойаг принц уыд! Имоге’нæ. Хорз у, уый кæй не сси! Цæргæс — мæ раезæрст, цъиусур мæ нæ хъæуы. Цимбелин. Ды равзæрстай гæвзьжк лæджы! Æви Мæ бынаты йæ бавæрынмæ хъавыс? И м о ге н æ. Дæ бандоныл уый хуры рухс кæндзæн. Цимбелин. Æмæ, дам, уый мæ чызг у? Ах, æнаккаг! И м о г е н æ. Дæу аххос у, кæй йæ бауарзтон, уый! Мах хъомыл кодтай иумæ. А дунейыл Уы’й у рæсугъддæр усы аккаг! Æз Нæ марын уый раз иу мисхал дæр. Ц и м б е л и н. Сæрра! И м о ге н æ. Æххæст нæма! Хуыцау, æркæс! Бæргæ, Ф’иййау куы фæуыда’цс, Леонат та Нæхи сыхаг фиййауы фырт! Ц и м б е л и н. Ныхъхъус у! (Ус-паддзахæн.) Мæ фæдзæхст мын нæ баххæст кодтай,— ног Уьгнынц кæрæдзи. Уаты бакæн чызджы, Йæ дуар ыл сæхгæн! Ус-паддзах. Ах, фæлæуу-ма! Сабыр! Æрсабыр у, мæ чызг! Мæ сæрыхицау, Ныууадз нæ мах, цу — аирхæфс дæхи... Цимбелин. Нæ, уадз æмæ æрвылбон тайа мастæй, Иæ туг ныххус уа! Уадз æмæ бынтон Хæрзчзæрондæй æррайы мард ныккæна. (Ацæуы.) 108
Ус-паддзах (Имогенайæн). Худинаг у! Дæ фыдæн... (Бацæуы П из ано.) Мæнæ де ’ххуырст. (Пизанойæн.) Цы зæгъдзынæ? Пизано. Дæ фырт фæхыл ныртæккæ Мæ хицауимæ. У-с-.п а ддз а х. 0 хуыцау! Миййаг, Æнамонд хабар рауади? П из а но. Уыдаид, Фæлæ мæ хицау хъазæгау хæцыд. Ыстæй сæ адæм баиргъæвтой уайтагъд. У счп а д д з а х. Ах, афтæ уыд? Уый тынг хорз у! И моге н æ. Дæ фырт Мæ фыдимæ хæлар у! Афтæ бахъав Æрвыст лæгмæ! Хъæбатыр ма цы уа! Æдзæрæг ран куы фембæликкой — райсин Æрцындз æмæ, сæ фæсвæд чи лæууид, Рæхоин уый. Цæмæ гæсгæ ныууагътай Дæ хицауы? Пизано. Йæхи фæндыди уый,—< Нæ мæ ауагъта наулæууæнмæ йемæ, Фæдзæхста мын дæуæн лæггад кæнын,— Кæд дæ мæ лæггад бахъæуа, уæд, ме ’хснн. У с-п а д дз а х. Æ’нувыд лæггадгæнæг дьш уыди, Æмæ уыдзæн кæддæриддæр æнувыд Дæуыл, хæрьш дын ард мæ удæй. Пизано. Бузныг. У с-п а д д з а х (Имогенæйæн). Цом, азилæм. И м о г е н æ (Пизанойæн). Чысыл фæстæдæр мæ Хъæудзынæ: дæу цæуын хъæудзæни наумæ Мæ лæгмæ. Уадз нæ хибарæй ныр мах. (Ацæуынц.) 109
2 СЦЕНÆ Бацæуынц Клотен æмæ д ыуу æ æлд аръи 1-а г æлдар. Принц, ме ’рдыгонау, дæ хæдон раивинаг у. Афтæ стæвд дæ æвирхъау кардæйхæсты, æмæ дæ фæздæг кæлы нывондæн кусартау. Дымгæ кæдæм ба- цæуы, фæстæмæ дæр уырдыгæй рацæуы, фæлæ дæуæй чи цæуы, ахæм хæрздæф дымгæмæ никуыма омыстон. К лотен. Æз мæ хæдон фæивын, æрмæст тугæй куы сахуырсы, уæд. Сыхырна йæ фестьга кодтон? 2-а г æлдар (фæрсмæ). Нæ, зæдтыстæн. Дæхицæн дын фæтарстæн. 1-а г æ л д ар. Сыхы-рна, зæгъыс? Кæд æй ды нæ барæхуыстай, уæд уый сыгъдæг хуынчъытæ стæгдар у; уымæн буар нæй, уый кардсадзæн пыфф у, кæд æй ды нæ барæхуыс- тай, уæд. 2-а г æлдар (фæрсмæ). Иæ кард йе зиагæй лыгъди, цыма хæсдарæг хæсрат- тæгæй: æввахс æм нæ цыди. К л о т е н. Æнаккаг, йæ бон нæ баци мæ разы фæлæууын!1 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Æмæ куыд фæлæууыдаид, кæд лæугæ нæ — дæумæ бырста, уæд? 1-а г æ л д ар. Чи фæлæудзæни дæ разы! Цас зæххытæ дæм ис æнæ- уи дæр, ноджы ма де знаг фæстæмæ-фæстæмæ лæу- гæйæ дæуæн уагъта, кæуыл лæууыдис, уыцы зæххдæр. 2-а г æ л д а ’р (фæрсмæ). Куыд нæ ма! Размæ уый бырста, зæхх та амæн фыл- дæр кодта! Тутсæртæ! Клотен. Ух, мæ маст фæтоны: цæмæн нæ баиргъæвтой! 2-а г æлдар (фæрсмæ). Æцæг! Равдыстаис нын, дæлгоммæ куыд хаугæ у, стæй сæрхъæн цæй дæргъæн вæййы, уый. К л отен. , Ныр куыд бауарзта ахæм æнаггаджы, «ауæд куыд ауыгъта йæ къух мæныл? 110
2ла г æ л д а р (фæрсмæ). \ Ай-гъай, кæд рает равзæрст тæригъæд у, уæд ын зын- \ донæй аирвæзæн нал ис. 1-а г\ æ л д ар. Принц, æз дьгн алкæддæр дзырдтон, йæ зонд æмæ йæ рæсугъддзинад æнгом кæй не сты. Йæ цæсгом бæргæ тæмæнтæ калы сау рæсугъддзинадæй, фæлæ йæм æз никуы бафишпайдтон сыгъдæг зонд. 2-а г æлдар (фæрсмæ). Ай-гъайдæр! Уый сæрхъæнтæн рухс кæнынæй тæрсаг у: йæ цæстытæ сæ фæрисдзысты. К лоте н. Цо’м мемæ. Тынг хъыг мын у, ацы фембæлдæй кæй ницы бæллæх рауад, уый. 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Гæды зæгъыс. Хæрæг дзы куы фæмард уыдаид —уый стыр бæллæх нæу. К л о т е н. Нæ цæут мемæ? 1-а г æ л д а р. Æз дæ ныртæккæ феййафын, принц. К л о т е н. Нæ, нæ, цом не ’ртæ иумæ. 2-аг æлдар. Табуафси, дæ уæздандзинад. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Уат Цимбелины галуаны. Бацæуынц Им огенæ æмæ Пизано. И м о г е ’н æ. Мээн бафæндид, цæмæй лæууай ды фурдбыл Æмæ фæрсай æппæт науты. Миййаг, Мæ мойы фыст куы не ’рбафта? О, ахæм Фыстæджы сæфт — уый бархийы сæфт у!» Йæ фæстаг дзырд цы уыд? П и з а н о. «Мæхи принцессæ». И м о ге н æ. Иæ къухмæрзæн тылдта? 111
П и з а н о. О, пъа йын кодта. Имогенæ. Кæддаг кæд у хæрзамонддæр мæнæй! Æ-ндæр ницы? П ’и з а ’Н о. Куыд нæ ма, ’хсин, мæ цæст æй Кæдмæ уыдта сæ науы сæр, уæдмæ Тылдта йæ худ, йæ къухмæрзæн, стæй—йе ’рмкъух,— Бæрæг уыди, куыд тыхст йæ зæрдæ, уый: Сæ нау куыд дардæй-дарддæр кодта, афтæ Фæстæмæ уый куыд тырныдта. Имогенае. Ды йæм Æдзынæг хъуамæ кастаис, кæдмæ дæм Зы-ндис, уæдмæ. Пизан о. Æдзьшæг æм куы кастæн. И|М о ге н æ. Æз дзы мæ цæст нæ систаин, ныдздзицц Уьтдаин афтæ, цалынодæ хæрз гыццыл Ныууыдаид мæ судзины бынау; Стæй цалынмæ нæ батадаид дард ран Чысыл дзынгайау; уый фæстæ кæсьш Кæугæ ныууадзин. Ах, зæгъ-ма, Пизано, Кæд та дзы уыдзæн ног хабар? П из ан о. Куыддæр Гæнæн фæуа — хабар уыдзæн, принцессæ. И м о г е м æ. Фæндараст у дæр ын нæ загътон; -мæн Фæндыдис афтæ бирæ зæгъын уымæн! Æргом ын хъуамæ загътаин, æз ыл Куыд мæт кæндзынæн даргъ æхсæв фыд-бонмæ; Уый та мын хъуамæ бахордтаид ард, Йæхи итайлаг хия сылимæ Ромы Кæй не сбæтдзæн; йæ цæрæн ран æдзух Æмбисæхсæв, сæумæйыл æмæ ’мбисбон Кæй кувдзæн зæдтæм , дауджытæм, цæмæй Йæ куывд уæлæрвты сæмбæла мæ куывдыл, Цæмæй уый нæ — æз ’акæиоя фæстаг Хæрзбоны пъа. Фæлæ æваст мæ фыд ’ Æрбабырста фыдбоны карз тымыгъау Æмæ ныл хур бон аталынг куыддæр.
Бацæуы иу у æздан у с. .Уæйд-ан ус. \ Фæзын, дам, куры ус-паддзах, принцессæ. ’И м от е ’Н æ (Пизанойæн). \Куыд дын фæдзæхстон, афтæ кæн: цæуын Æз ус-паддзахмæ. Т1 и з а н о. Ма ’хсайæд дæ зæрдæ. (Ацæуынц.) 4 СЦЕНÆ Ром. Филаройы хæдзары. Бацæуынц Ф илар о, Акимо, ф р анцаг, голландиаг æмæ испайнаг лæгтæ. А ким о. Баууæнд мыл, синьор, æз æй зыдтон Британийы. Йæ кад афтæ рæзыд, æмæ цъиутау уасыдысты, зæгъгæ, йæ хæрзиуджытæ йæ сæрты акæсдзысты. Фæлæ йæм æз уадиссагæй ницы ссардтон, кæд ын йе сгуыхтыты номхыгъд мæ цуры ауыгътой æмæ мын дамгъæгай йæ бакæсæн уыдис, уæддæр. Филаро. Ды раджы рæстæджытыл дзурыс, уæд æм нæма уы- дысты, ныр æй буар æмæ удæй рæсугъд чи кæны, йæ уыцы хæрзиуджытæ. ’Ф р а !н ц а г. Æз æй Францы федтон, фæлæ уым ахæмтæ бирæ уы- дис,— уыдон дæр хурмæ кæсын фæрæзтой сæ цæст нæ ныкъулгæйæ. А ким о. Йæ кой, æрмæст къаролы чызджы кæй ракуырдта, уый тыххæй кодтой. Ныр ын аргъ кæнынц йæхи нæ— принцессæйы хæрзиуджыты тыххæй, хæрдмæ йæ уы- мæн исынц. <Ф р а ’Н ц а г. Стæй ноджы йæ арвысты хабар... А к и м о. О, о, принцессæйы хиуæттæ, йæ мастыл ын ч«и кæуы, йæ уарзоны арвыстыл,— уыдон исьшц хæрдмæ Посту- мы. Се ’ппæлынæй уыдон уый зæгъинаг сты, ома раст ра>взæрста мой. Уыйбæрц хæрзиуджытæ кæмæ нæ уы- Ф Шекспнр, 2-аг том. пз
даид, ахæм мæгуыргурмæ куы смой кодтаид, уйед йæ ми кæл-кæйлаг фæуыдаид. Фæлæ-ма зæгъ, цы/хуызы: дæм æрцарди? Куыд базонгæ дæ йемæ? Ф ил а {) о. Йæ фыдимæ æфсæддонтæ уыдыстæм, хæцыдыстæм иу ран. Уый мæн иу æмæ дыууæ раны нæ фервæзыя кодта. (Бацæуы По сту м.) ’ Æрбацæуы бритайнаг йæхæдæг. Суазæг æй кæнут,. уæздан адæм æцæгæлонæн цы кад фæкæнынц, уымæй. (Зонгæ сæ кæны.) Курын уæ, хæстæгдæр базонгæ ут- мæ уæздан уазæг æмæ хæларимæ. Уый у уæ хæлар- дзинады аккаг, рæстæг уын рæхджы равдисдзæнис йæ- бирæ хæрзиуджытæ, уымæ гæсгæ уын сæ æз, уæлдай- дæр йæхи цур, нал нымайын, нал ын кæнын кад. Ф р а н ц а г. Ме ’рдыгонау, æз æмæ ды фембæлдыстæм Орлеаны? П осту м. 0, æмæ уæдæй нырмæ æз дæн де ’нæфидæг хæсджын. Ды мæнæн уыйбæрц хæрзиуджытæ ракодтай, æмæ æз- цасфæнды архайон сæ бафадыныл — никуы дькн сæ- фæуин кæронмæ фыст. Францаг. О, ды æгæр аргъ кæныс мæ ницæйаг хæрзиуæгæн. Мæнæн æхсызго’н уыд дæу мæ бæстагимæ бафидауын кæнын. Хъыгаг уыдаид, ахæм чысыл хъаугъайы фæ- дыл туг куы ныккалдаид. П осту м. Хатыр мы<н, суда;рь, уæд ма æз уыдтæн æвæлтæрд" бæлццон, кадбæллон уыдтæн мæхи хъæдæй, дæсны- дæр лæгты амындмæ гæсгæ нæ фæлæ. Ныр — дæ хор- зæхæй, æппæлдмæ мын æй ма айс, æз фæзоздджын- дæр дæн: æниу мæм уæддæр афтæ кæсы, цьша уыйг быцæуæн чысыл аххос нæ уыди. Ф р а н ц а г. Чи зоны, фæлæ уæддæр кæрдтæй хæцын не ’мбæлди. Уæлдайдæр та сымах хуызæн знæгтæн. Уæ хæстæн’ ахицæнгæнæн уыдис æрмæст уæ иуы, науæд та уæ* дыууæйы фæмардæй. А к и_м о. Къæйныхыл мьш æй ма банымайут, фæлæ. цы уыдис аххос уæ быцæуæн? Фраяцаг. О нæ! Быцæу б«рæ адæмы раз рауади æмæ йæ басу- 114
сæг кæнын нэдæмæн хъæуы. Уый уыди ;не зноны бы- цæуау; алчидæр æппæлыди йæ хибæстаг саурæсугъд- тæй. Уыцы бон а уæздан ард хордта æмæ цæттæ уыди йæ ардбахæрдыл туг ныккалынмæ, зæгъгæ, йæ зæр- дылдарæн саурæсугъд у Францы тæюкæ диссагдæр сылгоймæгтæй хæрзæгъдаудæр, зондджындæр æмæ, сæйрагдæр та, зынбасæттæндæр. -Акимо. • Ныр, æвæццæгæн, уыцы сылгоймаг кæнæ мæлгæ акод- та, кæнæ йыл йæ зæрдæдарæг йæ хъуыды аивта! _П о с т у м. Æз мæ хъуыдыйыл фвдар лæууьин, уый йæ хæрзиу- джытæ куыд нæ аивта^афтæ. Акимо. . О, фæлæ дæ зæрдылдарæны уæддæр не сбардзынæ мæ бæстаг саурæсугъдтимæ, итайлæгтимæ. Л о с т у м. Цæхгæр мæм куы ныллæудæуа, Францы куыд бакод- той, афтæ, уæд та зæгъдзьшæн раст мæ уымы ныхас, * кæд уыцы сылгойм’агæн йæ уарзон нæ дæн, фæлæ æр- мæст йæ хæрз1иуджытæн аргъгæнæг, уæддæр. .Акимо. Куыд? Мах итайлаг чызджытимæ йæ кавд баргæ нæ— уæлдæр æй æвæры-с уыдонæй?! О, уый æгæр у бри- тайнаг рæсугъдæн! Кæд, æз цы налхъуыттæ федтон, уыдонæй дæ разы дæ налхъуыт цас хуыздæр у, уыцы чызг дæр æппæт сылгоймæгтæй уыйбæрц уæлдæр лæу- уы, уæддæр уый æр-мæст иу хъуыддагыл дзуры: дæ зæрдылдарæн чыэг у бирæтæй хуыздæр! Фæлæ дуне- йыл æппæты хуыздæр налхъуыт æз нæ федтон, ды æппæты рæсугъддæр чызджы куыд нæ федтай, афтæ. ТТ осту м. Уыцы чызгæн дæр æмæ ацы къухдарæнæн дæр æз аргъ кæнын, цы хæрзиуджытæ сæм ис, уыдонмæ гæсгæ. Акимо. Æмæ цасы йаргъ хоныс дæ къухдарæн? Иостум. < " Зæххан хæэнатæн сегасæй зынаргъдæр! Аким о. Зæххон хæзнатæн сегасæй зынаргъдæр? Уæдæ дæ сау- рæсугъд амарди, кæд дзы ацы къухдарæн зынаргъ- дæр у, уæд? ’ 115
П осту м. Ды раст нæ дæ, налхъуыт балхæнæн ис, æхца куы уа,. уæд, науæд ын ис балæвар кæнæн, ахаэм лæвары ак- каг Ч’И уа, уыцы лæгæн, фæлæ æз цы чызгæйгзæгъьш, уымæн нæй балхæнæн. Уый хуыцауы лæвар у! А «к и м о. Æмæ йæ хуыцау балæвар кодта дæуæн? П осту м. Ай-гъай, æмæ мыл хуыцауы фæндæй не сивдзæн йæ* зæрдæ. А ’К и м о. Кæй зæгъьин хъæуы, йæ ном дæу уыдзæни, фæлæ,. зоныс, бабыз уарзы кæсаг ахсьш цады. Дæ къухдарæ- •нæн дæр ис адавæн. Гъе, уæдæ дæ хæзнатæн сæ дыу- уæйыл дæр нæй зæрдæ дарæн. Дæсны давæг æмæ- фæлтæрд сылгоймаджы сайæгæн сæ бон у дæу дыууæ* хæзнайæ дæр æнæхай фæкæнын. П осту м. Никæд! Æгас Италийы дæр нæ раеынид, мæ зæр- дæйы хицау чызджы йæхи чи бакæнид, ахæм лæг. Давджытæ уæм бирæ ис,— уырны мæ, фæлæ æз мæ* къухдарæнæн нæ тæрсын. Ф и л а р о. Ныууадзут-ма уæ хъаугъа, синьортæ. П осту м. Разы дæн. Æхсызгон мььн у, æгайтма мæ’ ацы уæз- дан синьор æцæгæлоныл нæ нымайы. Мах тынг тагъд бам’бæрстам кæрæдзи. А’ким о. Афтæ ’нхъæльгс? Иунæг ныхасмæ йæм куы бафтид,, хæрз цыбыр рæстæгмæ — байсид дын дæ* рæсугъдьь П ос ту м. О, нæ! А к и м о. Хæснагыл æвæрын мæ бьшты ’мбис дæ къухдарæ- ны сæрмæ, кæд мæ иобон дзæвгар зынаргъдæр у, уæд- дæр. Æцæг æз хæонаг кæньш дæ уарзоны намыс бав- зарьшыл нæ, фæлæ, тьшгдæр, ууыл де ’ууæнк бавза- рыныл. Æз та, цæмæй дæ ма бафхæрон, уый тыххæйг дæу баууæндынæн сæрра кæндзьшæн дæ рæсугъды бæсты кæцыфæнды сылгоймаджы. I П осту м. Рæдийыс, æгæр ныфсхастæй кæй даур^ш;, уымæй. 116
Æз мурдæр нае гуырысхо кæиын, дæ мийы аккаг дзу- апп кæй райсдзьщæ, ууыл. Акимо. Цавæр? П осту м. Ныхкъуырд. Уæвгæ, дæ м’и канд ныхкъуырд нæ — бафхæрыны аккаг у. Ф ил а р о. Синьортæ, æгъгъæд у! Уæ быцæу фæзындис æваст, уадз æмæ фæугæ дæр æваст фæкæна. Фæлтау уал хуыздæр базонгæ ут. Аким о. Æз хæснагыл æвæрын канд мæхи мулк нæ — мæ хицæутты мулк дæр. П осту м. Цавæр рæсугъды хъавыс бавзарынмæ? Акимо. Дæууоны, ахæм фвда;р æмæ иузæрдион кæй хоныс, уый. Æвæрьш дæ къухдарæны сæрмæ дæс мин дука- ты! Æцæг мын ды хъуамæ фадат раттай принцессæ- йы галуанмæ баирвæзынæн, æмæ раст нæ дьинкаг фем- бæлды фæстæ æз дæуæн æрласдзынæн йæ намьгс, кæд æй ды цыфæнды фидар хоныс, уæддæр. П осту м. Дæ-сызгъæрины сæрмæ æз дæр æвæрын сызгъæ- рин! Ацы къухдарæн мьш зынаргъ у ме ’нгуылдзау— йæ иу хай у. А к и м о. Æмæ йын тæрсыс фесæфьшæй? Уьшæй оаст кæныс. Сылгоймаджы фыды мурыл милуантæ куы бафидай, уæддæр æй нæ бахиздзьшæ фесæфынæй. Æниу, куыд кæсый, афтæмæй дæуæн уый дзуа.р у, æмæ йын тæрс- тæ дæр уымæн кæныс. П осту м. Де ’взаг дзæнгæда цæгъды йæ ахуырмæ гæсгæ; маэн ныфс и, дæ хъуыдытæ афтæ чъизи кæй не сты. Акимо. Æ’з мæ ныхæстæн хицау дæн, æмæ ард хæрьш, цæт- тæ дæн мæ хæснагыл дзуатгп раттьшмæ. Посту м. Æцæг? Цæй, хорз, æз цæттæ дæн хæонагыл мæ къухдарæн æрæвæрыныл дæ раздæхьшмæ. Мах ба- дзырд ныффысдзыстæм æгъдауыл. Мæ рæсугъды хæр- зиуджытæ бирæ уæлдæр сты дæ чъизи хъуыдытæй, и?
ниды тас ыи у. Уæдæ разы дæ хæонагыл! Гъа, мæ къухдарæн! •Ф’иларо. Æз нæ уадзын ахæм хæснаггаг! Акимо. Ард хæрын хуыцауæй, хæонаг алыг и! Кæд уын æз æххæст бæрæгдартæ не ’рласон дæ зæрдæдарæнæй мæ мондæгтæ суадзыныл, уæд мæ дæс мин дукаты уыдзьгсты къухдарæнимæ дæу. Кæд æз дæ рæсугъды, ды йæ куыд хоныс, ахæм намысджынæй ныууадзон æмæ афтæмæй раздæхои, уæд уый дæ хæзна у, æмæ дæ къухдарæн мæ сызгъæринтимæ уыдзысты дæу. Фæ- лæ уый иу уавæры: ды хъуамæ раттай мæнæн фыс: тæг, цæмæй йæм баирвæзон бархийæ. ’1 II осту м. Разы! Фæлæ мæнæн дæр иу ныхас. Дæ раздæхгæ- йæ мын дæ фæуæлахизыл бæлвырд æвдисæнтæ куы раттай,—знæгтæ не суыдзыстæм, уымæн æмæ уæдуьь цы чызг нæ быцæуы аккаг нæ уыдзæн. Фæлæ дын «онæ» куы зæгъа, æмæ йын йæ хæлддзоионад куы нæ равдисай, уæд дæ бахъæудзæни кардæй дзуапп дæт- тын, йæ кадджын ном бафхæрыныл ын æрмæст хъуыды дæр кæй акодтай, уый тыххæй! Аким о. Æри дæ къух! Разы. Нæ бадзырд ныр фидар кæн- дзыстæм гæххæттыл, стæй æз æвæсшатæй цæуын Британимæ. Тæрсьин, куы бафæстиат уон, уæд дæ тæвд куы ’рцæуа, æмæ нæ хæснагæн æфсон куынæуал уа. Цæуын æхцамæ, æмæ тæккæ абон бафысдзыстæм йæ гæххæтт. П осту м. Разы! П о ст ум æмæ Акимо ацæуынц. Ф р а 1н ц а г. Куыд æнхъæлыс, сæ быцæу ахæццæ кæндзысты ’кæроимæ? Ф ил а р о. Ай-гъай. Акимо йæ фæнд нæ аивдзæн. Цом сæ фæдыл. (Ацæуынц.) 118
5 СЦЕНÆ Британи. Уат Цимбелины галуаны. Бацæуынц у с-па ддзах, у æзд ан у ст ытæ æмæ- Ко р не ли. Ус-п а дд з а х. Æртæх нæма ’ртад,— дидинджытæ ’ртонут. Сæ хыгъд кæмæ ис? Уæздан ус. Мæнæ ис. У с-л а д д з а х. Цу тагъд! (У аз д ж ыт æ ацæуынц.) Цæй, дохтыр, куыд, æрбахастай мын хостæ? Ко рн ел и. Ай-гъай, æхсин; нывæрдтон дын сæ ам. (Дæтты йын чысыл асыкк.) Фæлæ-ма зæгъ,— æцæг мæм азым ма хæсс Мæ бафарстмæ, æз хъуамæ зонон уый,— Цæмæн дæ хъæуынц ахæм сусæг хостæ, Лæджы сындæггай чи хæццæ кæны Тæссаг мæлæтмæ? У с-п а дд з а х. Дис дын кæнын, дохтыр, Дæ бафарстыл. Ды ахуыр кодтай мæн Дзæвгар азты! Нæ мьш амыдтай, хостæ Куыд рауайынц кæрдæджытæй? Сыгъдæг Куыд кæнгæ сты? Куыд даргæ сты? Къарол дæр Куы раппæлыд мæ хостæй! Уæд, кæд афтæ Дæсны дæн (хæйрæджытæй мæ, М’иййаг, Нæ хо:ныс?),— ау, цæуылнæ кæнон дарддæр Фæлварæнтæ мæ ахуыры тыххæй? Æз адæмыл куы не ’взарын мæ хостæ,— "Цы дие дæм «æсы, ауындзæн æвгъау Цы хайуа«тæ1Н у, уыдоныл мæ хостæ Кæй фæлварын, кæй ахуыр кæнъш, уый? Куы бафæлварæм марджы тых, йæ ныхмæ Уæд хос кæнын дæр феюцондæр вæййы. Æз ахуыр кæнын, ахуыр. Корнели. Ахæм ахуыр Лæджы зæрдæ кæрзын кæны, æхсин! О, марг дарын æлгъаг æмæ тæосаг у. 110
У с-п а д д з а х. Мæн тыххæй ма тыхс. (Бацæуы П из ано, йæхинымæр.) Æрбацæуы козбау куыдз. Леояатыл Æнувыд у; мæ лæппуйæн та — з»аг. Мæ хос фæлварын райдайдзьгнæн амæй! (Хъæрæй.) Ды дæ, Шзано? Суæгъд дæ, дохтыр, ацу. К о р ;н ели (фæрсмæ). Нæ, хинæйдзаг, æз не ’ууæндын дæуыл. Фæлæ дæ кæлæн никæуыл æрцæудзæн. Ус-паддзах (Пизанойæн). Дæуæн æз хъуамæ иуцыдæр зæгъон... К о р <н е л и (фæрсмæ). Мæ уæнгæл у. Хæрзаг æнхъæлы, райстон Сындæггай марæг хос, фæлæ дæуау Мæнгардмæ æз нæ баууæнддзьшæн ахæм Æбуалгъ, сау марг раттыныл. Нырма Иæ марг фæлвардзæн гæдытæ ’мæ куитыл, Стæй ноджы дарддæр ахиздзæн; фæлæ Нæ бантысдзæн æцæгæй иокæй марын. Мæ конд хостæй фæкъуырма вæййы лæг Рæстæгмæ, стæй фæстæмæ ног æрчъицы. Фæсайон æй,— рæстдэинадæн æххуыс У ахæм сайд. У с-п а д д з а х (Корнелийæн). Сæр(ибар дæ. Куы хъæуай, Уæд дæм фæдзурдзынæн. К о р :н е л и. Кæсьш дæ коммæ. (Ацæуы.) Ус-паддзах (Пизанойæн). Уæдæ кæуы, дзыназы Имогенæ? Ау, йе ’рра фæнд нæ ныууадздзæн, æппын Иæ сæры зонд нæ бацæудзæн? Рæвдз архай! Ды мын æрмæст фæхабар кæн, мæ фырт Иæ зæрдæмæ кæй цæуы,— баууæнд, уайтагъд Уæзданы стыр ном райсдзьшæ ды раст Дæ хицауау, кæиæ бæрзонддæр ноджы! Æрныгуылд уымæн й’ амонды хур ныр, Йæ кад, йæ ном дæлæмæ хауынц. Нал ын Ис уым цæрæн, нал—^раздæхæн фæстæмæ. Иæ цæрæн бæстæ ивдзæн? Æмæ уæд Иæ хъизæмар куы никæд бон фæуыдзæн, "12р
Æрвылбон сафдзæни, нырма зынтæй Цы фæллæйттæ фæкодта, уыдон. Цавæр Ныфс ма дæ ис, цы лæг æрхаудта, стæй Уæлæмæ чи нал сыстдзæнис, мыггагмæ Йæ хæлæрттæ кæуыл систой сæ къух, Æнæфæхæцæг чи баззади, уымæй? (Æнæбары æрæппары асыкк. Пизано йæ сисы.) Нæ зоныс ды, цы систай. Фæлæ— айс æй Дæ фæллæйттæм. Уый у мæхи конд хос, Къарол дзы фондз хатты мæлæтæй фервæзт. Нæй уый хуызæн æнæнизгæнæн хос Æгас зæххыл. Дæуæн æз хъуамæ бирæ Хæрзтæ фæкæнон. Курын, айс уал, айс. Принцессæйæн та бамбарын кæн хъавгæ, Мæ номæй нæ, дæхи номæй æрмæст, Цы йæм кæсы йæ сомбонæй... Æмбарыс, Цы рухс амонды бахаудис? Мæ фырт Дæу уарзид тынг, принцессæ дыл фыццагау Хорз аудид, цы бынат курие, уым дæ Мæ дзырдæй уайтагъд сæвæрид къарол, Мæнæй та райсис паддзахы лæвæрттæ. Мæ ныхæстыл мын ахъуыды кæн. Рарвит Ныр устыты. (П из ано ацæуы.) Æнувыд æмæ хин! Нæ комы ’лхæнын! Постумы цагъар у, Йæ усæн та у цумайы егар. Фæлæ йын радтон ахæм хос — куыддæр дзы Фæхъæстæ уа — йæ моймæ Имогенæ Уый нал арвитдзæн иу хатт дæр, ыстæй Куы нæ сæтта — йæхæдæг дæр æй фендзæн. (Бацæуынц П из ано æмæ у æ з д а н у ст ыт æ.) Æрбахастат? (Кæсы дидинджытæм.) Фиалкæ, анемон... Ис алцыдæр. Мæ уатмæ сæ хæсгæут. Хæрзбон, Пизано. Ахъуыды кæн! П и з ан о. Хорз. (У с-пад д з ах ацæуы иннæ у ст ыт им æ.) Мæ хицауы раз аивон мæ хæс? Фæлтау мæхи куы ’рцауындздзынæн æз! (Ацæуы.)
6 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Æндæр уат. Бацæуы Имо генæ. ймогенæ. Мæ фыд —тызмæг, мæ фыдыус — фыд-зæрдæ, Мæ курæг—зондцух; минæвар кæны Æрвысты усмæ! Ехх, мæ мой, мæ дуне, Мæ ныф-сы хох! Цы хъизæмары дæн! Цæуылнæ фæдæн ме ’фсымæртау даады! Куыд хорз уыдаид! Паддзахы æфсондз, Куыд уæззау дæ! Хæрзамонд у мæгуыр лæг, Йæ хуымæтæг бæллицтæ сты йæ бар... (Бацæуынц П из ано æмæ А кимо.) Уый чи у? П’и з ан о. Иу уæздан лæг Ромæй, ис æм Фыстæг дæ мойæ! Аки м о. Ма фæтæрс, пршщессæ, Æнæниз у дæ уæздан Леонат, Дæуæн ныллæг йæ сæрæй кувы. И м о г е н æ. Бузныг. Æгас нæм цу, æхсызгон уацтæ хæсс. А к и м о (фæрсмæ). Йæ бакаст у æппæтæй дæр уæларвсн! Зæрдæйæ дæр кæд афтæ рæсугъд у* Уæд уый æцæг дзæнæтон м.аргъ у, фешгкс, Уæд фембылд дæн! Къæйныхдзинад — мæ кард! Фæливæн та —одæ цыргъ æвзаг! Кæннод мæ Фæстæмæ лидзгæ бахъæудзæн хæцын: Æ’рбацу галæй æмæ аздæх хъугæй. И м о г е н æ (кæсы фыстæг). «Ацы лæппу æппæты уæздандæр биноитæй у, æз тынг райгонд дæн йæ хæлардзинадæй. Йæхи аккаг æй суазæг кæн, уый дын фæдзæхсы дæ иузæрдион Лео- ’Нат». Хъæрæй кæсæн дзы уый уыдис æрмæст, Иæ иннæ хай мæн тыххæй у, йæ хъарммæ Мæ зæрдæ тавтон. Нæу мæ боя зæгъын, Цæйбæрц дæн буаныг æз дæуæй, мæ уазæг. Фæлæ дæхи дæр бауырндзæн рæхджы Мæ лæггадæй. 122
Аки м о. Иттæг бузныг. (Æдзынæг æм кæсы.) 0 адæм, Куыд æрра стут? Кæсынæн уын хуыцау Цæстытæ ратты, уыдонæй цæмæй Уынат заехх æмæ фурды сæрмæ арвирд, Цæмæй æрттивгæ стъалыты зæххон Дзæнхъадуртимæ макуы кæнат ивддзаг,— Фæлæ уæддæр цæмæй хицæн кæны Фыдуынд рæсугъдæй, уый нæ зонут. И м о ге н æ. Уа-дис Цæуыл кæнай? Ак и м о. Нæ, цæсты аххос нæу. Хъæддаг дæр ма дыууæ сылы куы фены, Уæд рæсугъддæры равзары, æлгъ та Фæкæны иннæ — фыдуындыл; нæу зонд дæр Уым аххос: ахæм саурæсугъд чызджы Æнæзонд фенæд — уый дæр. суаид зондджын; Нæу аххос ам цыбæлдзинад дæр: ахæм Æ’мбисондаг рæсугъды раз дæхи Цъыфдзастмæ ’руадз, уый не сфвдаудзæн монцыл, Тыхджын куы вæййы, уæд. И м ог е н æ. Цы загътай, цы? А ки м о. Æрмæст æнаккаг мондæгтæ кæмæ ис, Иæ хæлд м’итæй æрæнцой чи нæ зоны, Уый апырх кæны урс уæрыччы, стæй Йæхи ныццæвы тъаэнгтыл дæр. И м о г е н æ. Цы кодтай? Рынчын дæ? А’Ки м о. Бузныг. Æз æнæниз дæн. (Пизанойæн.) Дæ хорзæхæй, мæ фæсдзæуин ис кæрты, Ам никæй 30|НЫ, тынг æфсæрмдзаст у, Цу ссар æй. Пизано. Æз йæ зоньшмæ ныртæккæ 123
Фæцæйцыдтæн. (Ацæуы.) И м о ге н æ. Куыд у мæ мой? Дзæбæх? Акимо. Дзæбæх, принцессæ. И м о г е н æ. Хъæлдзæг, йе æнкъард у? Ай-гъайдæр хъæлдзæг! А к и м о. Ромы нæй хъæлдзæгдæр, Стæй худæгдæр фæсарæйнаг. Ныр æй Фæхонынц уым сылгоймагуарз бритайнаг. И м о г е н æ. Уæдæ-иу ам æнкъарддзаст уыд æдзух Цæмæндæр. А к и м о. Уый? Æнкъард? Нæ уыдзæн! Ромы Хæлар ис уымæн, францаг, æмæ уый Чызгуарзонæй фæцух сæхимæ; афтæ Ныккæрзы уый! Дæ хъæлдзæг мой та уæд Кæл-кæл фæкæны ууыл æмæ дзуры: «Ус йе ’взонгыл цы у æмæ фæстагмæ Цы свæййы, уый куы зона лæгу уæд ма Сылгоймаджы хуызæн æфсондзы мысы,— 0, ахæм лæгыл фырхудæгæй æз Тъæппытæ хауьш!» И ,м о г е н æ. Афтæ загъта уый? А’ки мо. 0, о, стæй тынг кæл-’кæлгæнгæ, принцессæ!' Уый францагыл куыд худы, уымæ хъус — Тъæпп ахауис! Хуыцау æвдисæн, лæгтæй Æнæсахъат нæй. И м о г е н æ. Нæ, уььй ахæм нæу! Акимо. Нæу! Фæлæ стыр хуыцауы рард хæзнайæ Уый хъуамæ тынгдæр бузныг уадед. Нæу Дæу аккаг лæг, æмæ йæ хай кæй фæдæ, Уый диссаг у, хъыгаг. Имогенæ. Хъыгаг? Уæд чи? ’ 124
.Акимо. Тæригъæддаг — дыууæйæ. -И-могенæ. Куыд? Æз дæр? Цыдæр каст мæм ныккодтай ды... Цæмæн мын Кæныс тæригъæд? ,АкИ)Мо. Уый тыхджын хъыгаг у!.. Ах!.. Худгæ хурыл атигъ кæн дæхи Æмæ йæ баив ахæсты цырагъыл!.. "И м о ген æ. Дæ хорзæхæй, æргом мын зæгъ: цæмæн мын Кæныс тæригъæд?.. .Аким о. Уымæн æмæ ды Кæуыл тыхсыс, ныр уый кæйдæр... Уæлдай дын Фæцæйдзырдтон. Æниу, мæ хъуыддаг нæу, Хуыцау ьш фод тæрхонгæнæг. '.И м о г е н æ. Ды, сударь, Цыдæр мæн тыххæй базыдтай; зæгъ æй, Дæ хорзæхæй. Бæллæхмæ ’нхъæлмæ кæс — Бæлдаехæн уый зындæр вæййы йæхицæй. Æнæрцæугæ цы мастæн нæ уа, уый Быхсгæ вæййы, фæлæ йæ раздæр базан, Уæд, ч:и зоны, йæ ныхмæ ссарай хос. Цы зæгъинаг дæ, уый цæуылнæ дзурыс? Акимо. О, уыцы русыл аныдзæв дæ былтæй, Райс уыцы къух, йæ иу ныдзæвдæй лæг Кæмæн фæхæры судзгæ ард! Ныр ахæм Рæсугъд хæзнаты хицау фест, уæд ма,—■ Æлгъыстаг фестон! — алчидæр цы былтæн Фæпъатæ кæны, уыдон пъа кæнин, Кæнæ мæнг рæвдыдтæй ныддæрзæг къухты Лæгъзытæ кæнин, науæд ма кæсин, Цæхæр кæм нал ис, чи ахуыссыд, уыцы Æгъуыз цæстытæм?.. Уа тæригъæд ми Куы бакæнин, уæд зьшдойнаг куы уа’Ин! Имогенæ. Мæ мой мæ ферох кодта! А’к-и-м о. Нæ, йæхæдæг Йæхицæй ферох! Комдзог ыл цæуын 125
Нæ фæндыд мæн, фæлæ дæ сыгъдæгдэинад Мæ намысмæ фæсидтис, æмæ уæд- Дæ лæджы митæ раргом кодта ме ’взаг. И м о г е н æ. Мæн дарддæр хъусын нал фæнды. ÆгъгъæдГ Ак и м о. Æ-назым уд! Дæ маспмæ риссы зæрдæ, Кæлынц йæ тугтæ! Ахæм ус дын уæд,— Рæсугъд, цыфæнды паддзах дæр сæрбæрзонд Кæмæй уаид, æмæ йæ ив цæйдæр Хæтаг сылтыл, дæ усы ’рвыст æхцайæ, Æрхау æппæты чъизидæр сылтæм, Йæхи æхцайыл чи уæй кæны, алы Æнаккаг мимæ чи хæссы йæ сæр! О, се ’мбыд буар тæосаг у! Райс дæ маст! Æви дæ мад нæ уыди паддзах? Ие— дæ Дæ мыггаг ферох?.. И м о г е н æ. Райс дæ маст? Уæд куыд? Дæ хабар раст куы разынид, уæддæр ыл Зын баууæндæн у зæрдæйæн æваст... Æцæг куы уа, уæд дзы мæ маст куыд райсон? А к и м о. Дæ раны мæн нæ ныххуыссын кæнид йæ уазал уаты иунæгæй — йæхæдæг Дæ хардзæй уый бæгъдулджытæ кæны1 Æмæ дыл ноджы худы! Райс дæ маст! Æнаккаг сайд цы лæг фæкодта дæу, Мæн уый бæсты дæхвдæн айс, принцессæ. Нæ уарзондзинад арф æмбæхст уыдзæн, Хæрын дын ард. И м о г е н æ. Цы загъта, цы? Пизано! Ак и м о. Æрдхæрынæн мын апъайы бар ис? Имогенæ. Мæ цурæй дард! Æлгъыст фæуæнт мæ хъустæ, Дæумæ чи хъуыста! Лæг куы уаис ды, Уæд аргъау сау хъуыдытимæ нæ бæттис, Фæлæ сыгъдæг бæллицтимæ. Дæуæн Цæсгом куы уаид,— уæд æгад нæ каэвис Дæ хахуырæй æнæрæмон лæгæн Йæ сыгъдæг ном, нæ саис чъизи митæм Йæ усы ды, дæлимонау æрмæст 126
Иæ удхæссæг кæмæн дæ! Тагъд, Пизано! Мæ фыд-къаролаэн фехъусын кæнон Дæ цъаммар фæнд; йæ галуан кæд азнаккаг Фæсарæйнæгтæн фосдон у, кæд дзы Сæ гæвзьшк Ромы ’гъдау кæны уæлахиз, Уæд галуан дæр æмæ йæ чызг дæр нал — Сæ иу дæр æй уæд нал хъæуы! Пизано! Аки<м о. Хæрзамонд Леонат! Зæгъьш æрмæст: Дæ ус дæуыл куыд иузæрдыг у, афтæ Ды дæр дæ ууыл иузæрдыг. Дæ бирæ Хæрзтæ та сты æмсæр дæ уæздан усы Бæрзонд æууæнкæн. Амондджынæй цæр, Дæ бæстаг лæгтæн се гасы хуыздæры Хæрзæгъдау къай! Кæрæдзи хур уынут Хæрзаккаг ус æмæ хæрзаккаг мойæ! Хатыр, æхсин! Мæн бавзарын фæндыд, Цæйбæрц ыл дæ æнувыд, æмæ фехъус: Дæ мой зæххо)Н дзыллæты фидыц у; Уый удæнцой у алкæмæн, зæрдæскъæф... И м о г е и æ. Фæсмон æркодтай? Ак и м о. Раст цьвма хуьщау Æрхызт уæлæрвтæй махмæ. Уый йæ митæй Куыд уæздан у, цæйбæрц уæлдæр лæууы Зæххан мæлинæгтæй, цытджьш пршщессæ! Ныббар, мæнг хабæрттимæ дæм мæ ныфс Кæй æрбахастон бавзарынмæ; абон Уæлдай бæстондæр базыдтай, зæххон Хуыздæр лæгтæн сæ хуыздæры дæхицæн Кæй равзæрстай! Дæу та фæлвæрдтон æз, ; Дæ лæгмæ хорз зæрдæ кæй дарын, уымæн, Фæлæ ныр занын, иннæтæй уæлдай, Хæрзæгъдауæй нæ цудис ды. Ныббар мын! И м о г е н æ. Хатыр дын фод. Цы хорзæн дæ хъæуын? А к и м о. Иттæг бузныг. Æз иу хæрзиуæг курын, Чысыл, фæлæ зьшаргъ чи у — дæ лæг Кæй фæдзæхста, æз дæр мæ хæлæрттимæ Кæуыл тыхсæм... Имогенæ. Цы у, æргом æй зæгъ. 127
А к и м о. Дæс ромагæй, æ>мæ дæ мой дæр немæ — (Нæ базырæн йæ хуыздæр сис у уый), Æрæмбырд кодтам Цезарæн лæвайраг, Æмæ йьгн Фравды балхæдтон уæздан Æвзист хæзна æмæ зынаргъдæр дуртæ. Æцæгæлон, цы зонын æз, мæ хæзна Кæм бафснайон. Нæ сæ райоис, цымæ, Æвæрьмшæ? И м о г ен æ. Табуафси, куыд няе. Сæ бафснайыныл дзуапп дæттьш мæ номæй. Мæ мой дзы кæй ис, уый тыххæй та сæ Нывæрдзьшæн мæ уаты. Аки-м о. Чырын ныр ^æ фæсдзæуинтæ хъахъхъæнынц. Дæумæ йæ* Æрбарвитдзынæн .иу æхсæв æрмæст. Сæумæйыл райсом балц кæньга. И м о г е н æ. Нæ, никæд!.. А к и м о. Мæнæн цæугæ у, ме ’мбæлттæн дзырд радтон;. Æз Францæй фурдыл рацыдтæн, цæмæй Дæу федтаин,— фæдзæхстæуыд мын. И м о г е н æ. Бузныг!' Фæлæ нæ цæуыс райсом! • А к и м о. Нæй гæнæн! Дæ хорзæхæй, кæд ис амал — дæ лæгмæ* Ныффысс уæд ахсæв. Бакъуылымпы дæн’ Æнæуи дæр, нæ лæвар та мын тагъддæр Хæццæ хъæуы. И м о г е н æ. Ныффысдзынæн. Æрбарвж Дæ чырьш. Хорз æфснайд уыдзæн, дæуыл Дзæбæхæй райсом сæмбæлдзæн! Хорз байрай. (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Бритйни. Кæрт Цимбелины галуаны раз. Бацæуынц Клотен æмæ дыууæ æлдар ы. Кл отен. Искуыдæр ма хъуыддаг афтæ æвзæр цыди? Мæ къор.и тæккæ дзыхъмæ фæцæйтылди, афтæ дыккаг къори ратахт — цъыкк! — æмæ мæ сæдæ фунтæн сæ кой дæр нал! Уыцы маймулийы мукъуджын æфтыд- даг та хъæртæ кæны, цæмæн, дам, æлгъитыс, цыма æз æлгъыстытæ уымæй æфстау исын, науæд мын бар нæй æлгъитынæн, куы мæ бафæнда, уæд! 1-аг æлдар. Æмæ цы амбылдта? Къорийæ йын йæ сæр ас- къуыдтай, æмæ ныхъхъус и. 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Уымæ дæр дæу бæрц зоид куы уыдаид, уæд йæ сæ- рæй нæ ракалдаид иу æртах дæр магъз. К л о т е н. Уадз зона, разагъды лæджы æлгъитын куы фæ- фæнды, уæд йæ цуры уæвджытæй никæй бон у уый бауромын. 2-а г æлдар. Ай-гъайдæр, принц! (Фæрсмæ.) Раст мæнæ дæуæн дæр бар куыд нæй нæ хъусты раз къæбысау рæйынæн, афтæ. Клотен. Куыдзы хъæвдын! Ноджы ма мæм хæцынмæ сиды! Фæтæхыи дæм! Ме ’мсæр ма уæд та куы уаид... 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Ома уый дæр тутсæр куы уаид дæуау... Клотен. Рыны амæттаг! Æндæр истæуыл афтæ нæ рафых- 9 Шекспир, 2-аг том. 129
таин. Бæргæ, ахæм кадджын хæдзарæй куы нæ ^ыда- ид. Мæ мад ус-паддзах кæй у, уый тыххæй ничи уæн- ды мемæ хæцын. Кæцыфæнды зæхкъахæгæн йæ бон у зæрдырайæ, кæимæ йæ фæнда æмæ йæ цас фæнда, уыйас хæцын кæрчыты ’хсæн зилæг уасæгау. 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Уасæгау нæ—гогызау! Уасæджы хуызæн дæ, æр- мæст мæйдзыд уасæджы митæ кæй кæныс, уымæй. К л о т ен> Цы загътай? 2-а г æлдар. Уый — æмæ дыл нæ фидауы, кæй æфхæрыс, уыдо- нæн сегасимæ хæцын. К л о т е н. Ай-гъайдæр! Фæлæ æз хъуамæ æфхæрон, мæнæй дæлдæр чи у, уыдонæн сегасы. 2-а г æлдар. Гъе, уый дыл фидауы, дæ уæздандзинад. К л отен. Æмæ æз дæр уый куы зæгъын. 1-аг æлдар. Фехъуыстай, принц, галуанмæ фæсарæйнаг кæй æрбафтыд? К л о тен. Куыд! Æрбафтыд фæсарæйнаг, æмæ йæ æз нæма зонын? 2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Æмæ сæрхъæн кæй дæ, уый дæр куы нæма зоныс! 1-аг æлдар. Итайлаг, дам, у, стæй','дам, хæлар Постумæн. К л отен. Куыд, уыцы хаст æнаккаджы хæлар? Уæдæ уый йæхæдæг дæр æнаккаг у! Чи дын загъта уыцы итай- ладжы тыххæй? 1-аг æлдар. Дæ фæсдзæуинтæй иу. К л отен. Уæд та йæм бауаин æмæ йæм ба’кæсин? Уымæй мæхи дæлдæр нæ фæкæндзынæн уæздæтты раз, и? 1-аг æлдар. Ды дæхи никæд фæдæлдæр кæндзынæ, дæ уæз- дандзинад. К л отен. Мæхимæ дæр афтæ жæсы! »30
2-а г æ л д а р (фæрсмæ). Ды ахæм арф ныххауæг сæрхъæн дæ æмæ цас- фæнды архайай—уымæй дæлдæр нæй хауæн. К л от ен. Цом фенон уыцы «тайладжы! Абон къорийæ кæй фембылды дæн, уый дзы рамбулдзьшæн æхсæвыгон. 2-аг æлдар. Æз фæцæуын дæ фæдыл, принц! (К лот е н æмæ 1-аг æ лд а р ацæуынц.) ’ Дæл’имонау, кæлæнгæнæг мад ахæм Хæрæг ныййарæд! Зондæй мад сæтты Зæххыл цыфæнды фидæрттæ, йæ фырт та Фынддæсæй фондз нæ раппардзæн, цæмæй Дæс рауайа. Цæй мæгуыр дæ, принцессæ, Иæ фыдыус æрвылсахатыл хинтæ Кæмæн кæны, куыд бирæ маст æвзарыс! Дæ фыд куыд у йæ коммæгæс цагъар! Дæ ’курæгæй та иууыл тынг фæлмæцыс — Дæ лæджы хастæй, уый уындæй фæцухæй Зындæр, тæссагдæр курæг у... Хуыцау, Йæ ныфсы хох ын бахъахъхъæн! Йæ зонд та Куыд нæ фæцуда, ратт ын тых, цæмæй Иæ зынты бон хъæбæр фæлæууа, райсом Иæ лæгимæ æрынцайа йæ уд Æмæ ныккæна стыр паддзахы худ. (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Имогенæйы хуыссæнуат. Къуымы чыргъæд æвæрд. Имо г енæ чиныг кæсы хуыссæны. Дæрддзæф лæууы Еленæ. Имогенæ. Уый чи дæ? Ды, Еленæ? Е л е н æ. Æз, принцессæ. И м о г е « æ: Ныр ц’ афон у? Е л е н æ. Æмбисæхсæв рæхджы. И м о г е « æ. Æртæ сахаты бастадтæн /кæсынæй. Фæдыдагъ кæ,н сыф ам æмæ — хуысгæ. 131
Уадз цырагъ ам, хуыссын æй ма кæн;* кæд Цьгапар сахатыл рабадай, уæд-иу мæ Æрыхъал кæн. Цæй, афынæй дæн æз> (Е л енæ ацæуы.) Хуыцау, фæдзæхсын дыл мæх,и, мæ уд мын Фыдфынтæй бахиз. Бафынæй вæййьи Чырынæй сбыры Акимо. Аки мо. Цъыр-цъыраг зары, уд йæ фæллад уадзы Фæлмæн фынты. Таркв1ини дæр кæддæр Раст афтæ хъуызыд гауызтыл, æмæ Сыгъдæгдзинад гуымиры ’фхæрдæй райхъал... Куыд фидауыс дæ сынтæгыл, цитерæ, Раст лилийау — сыгъдæг æмæ сæнтурс! Тæхуды, дæуыл аныдзæв! Æрмæст дын Пъа, иунæг пъа!.. Сырх дидинæг — йæ былтæ, Йæ улæфтæй фæйлауы аромат, Цырагъы пиллон цæстытæм æртасыд, Цыма йæ хаутæй бакæсын фæиды, Цæмæй дзы фена, арвы рæсугъд ирдау Йæ цæстытæй цы рухс æвзæры, уый... Хъæуы æппæт дæр зæрдæйы ныффыссын: Ам рудзынт... Уæртæ уым — нывтæ... Сæ м’идис... Ехх, ныр бæрæг нысан йæ ’буарыл фен! — Мæнг хабарыл æууæндынæн уый бирæ Хуыздæр уаид йæ уаты мин дзаумайы Фæдфæдыл раст нымайынæй. О фын, Мæлæты маймули, ныббырс æй тынгдæр, Цæмæй æнкъаргæ мацыуал кæна,— * Раст мæнæ кувæндоны дурьгн дзуарау. Йæ цонгдарæн ьш ацавон! (Йæ цонгдарæн ын æфтауы.) Цæй, раком! Æнцон æфтауæн,— Гордийы æлхынцъ Куыд зын райхалæн уыди, афтæ. Ам дæ! Æцæг у уый, æмæ йæ мой куыддæр Дæу фена,— уайтагъд сæрра уыдзæн. Ам та Бæрæг нысан йæ галиу риуы бын: Фондз сырх ыстъæлфы, урс дидинты ’бæсты Сырх-сырхвд фоидз дидинæгау. Гъеуый Æвдисæн у, гъе! Тæрхондоны дæр Хуыздæр нæ хъæуы; Баууæнддзæни Постум, Йæ гуыдыр ын кæй ратыдтон, йæ ном ын 132
Кæй радавтон. Цы ма хъæуы æндæр? Фысгæ? Цæмæн? Æппæт уынын, мæ зæрдыл Лæудзысты тынг хорз. Чиныг каст —«Терейы Истори». Сыф дыдагъ æрцыди уым, Йæхи уацар кæм ратты Ф.иломела. Цон чырынмæ. Æркъæпп та йæ кæнон. Фæтындзут, тары зинтæ! Науæд бонрухс Йæ дыууæ цæсты скъахьш кæндзæн сынтæи. Куыд ризын тæссæй... Бафснайон мæхи! Зæд ам и, фæлæ ам мæлæт дæр и. (Сахат цæгъди.) Цал? Раст æртæ. Цæй, афон у. Æмбæхсы чырыны. 3 СЦЕНÆ Æндæр уат, Имогенæйы хуыссæнмæ хæстæг. Бацæуынц Клот е н æмæ дыууæ æ лд ар ы. 1-а г æ л д а р. Никуыма федтон, принц, дæ хуызæн уазалтуг адæй- маг. Дæ фембылдыл хъуыды дæр нæ кæныс. К л отен. Лæг уыйбæрц куы акъуыввитт кæна, уæд ма хъуы- дыйыл вæййы?! 2-аг æ л д а р. Афтæ æнæмæт ничи у йæ фембылдыл. Фæлæ уый хыгъд, куы рамбулыс, уæд фестыс сыгъдæг дæлимон. К л отен. Ай-гъайдæр! Рамбылд тæвд кæны адæймаджы, уæнгрог! Ехх, уыцы сæрхъæн Имогенæ мæн куы ба- уид! Хъæлæкк, мæ дзыппыты ныннæмин сызгъæрин! Уый циу? Æрбарухс? 1-а г æ л д а р. Æобабон и, принц. К л о тен. Уæдæ цæуылнæ рахонут ардæм музыкантты! Амын- дæуыди мын Имогенæйæн æрвылрайсом музыкæйы аходæн æрвитын! (Бацæуынц музыканттæ.) Тагъддæр, тагъддæр! Æрцаразут уæ инструмент- тæ! Райдианы уал ацæгъдут иу ахæм ’истыгомау, стæй уæд диссæгты диссагдæр ари зæрдахсæгныхæстимæ,— 133
стæй фендзыстæм, цы уыдзæн, уый. Кæд æй уе ’нгуыл- дзтæй фенкъуысын кæнат, уæд ’æй дарддæр ме ’вза- джы бар уадзут. Кæд æй нæ бафæяда, уæд, цы йæ фæнды, уый кæнæд. Зарæг Сæумæйыл, зараг цъиу, бæрзонд Дæ хъæлдзæг зарæг зар! Цæй, рабад, Феб, дæ бæхтæн дон’ Æ-ртах дидинтæй дар. Сырх дидин райдзастæй кæсы, Бæрзонддæр систа сæр... Кæм дæ, сæуæхсидимæ сыст, Мæ рухс дуне, ды дæр! Æгъгъæд! Адде ут ныр! Кæд ыл уый фæзына — кад æмæ намыс уæ музыкæйæн! Кæд нæ, уæд, æвæццæ- гæн, йæ хъустæ сахъат сты æмæ цасфæнды хъинц- хъинц кæн бæхы къæдзилы хъисæй фысы тъангыл — нæ йæм бахъардзæн. Бацæуынц Ц имб е лин æмæ у с-пад д з ах. 2-а г æлдар. Къарол æрбацæуы! К л о те«. Гъемæ, хорз, æгайтма нæ ныххуыссыдтæн. Гъеныр мæ бон æцæгæй зæгъьш у: сæумæйыл фæтæррæст лас- тон! Къарол цин кæндзæн, йæ чызджы йын бирæ уар- зын, зæгъгæ. Дæ райсом хорз, де стырдзинад, дæ райсом хорз, мæ дзæбæх мад! Цимбелин. Нæ тызмæг чызгмæ та кæсыс æнхъæлмæ Ам, дуары раз? Нæма ’ракаст æппын? К л о т е н. Йæ хъустæм ын музьжæйæ атакæ бæргæ скодтон, фæлæ мæ уый бындзы хъуыды дæр не ’ркодта. Цимбелин. Иæ хаст лæгыл æнкъард кæны æдзухæй, Фæлæ йын рæстæг сæфтаудзæн рæхджы Йæ зæрдæйы мысинæгтимæ уый ном; Дæу уыдзæн уæд. Ус-п а дд з а х. Къаролæй бузныг у, Дæ рухс а.монд— йæ чызджы раз дæ стауы,, Æппæлы дæ, дæ минæвар у уый, Фæлæ, гормон, дæхæдæг дæр æрцархайг 134
Дæхи йын бауарзын кæн. Уый дын «нæ» Куы зæгъа, уæд дæ сæр дæлæмæ ма уадз. Уадз бамбара, дæ цард æгасæй уьгмæн Кæй ’ныв кæныс; быцæу, хыл ма кæн йемæ, Фæлæ йæ цурæй суры дæу, уæд та — Хъыпп-сыпп дæр нæ. К л о тен. Хъьшп-сыпп дæр нæ? О, нæ! Бацæуы ф иди у æ г. Фидиуæг. Дæ уазæг, паддзах,— Ромы минæвæрттæ. Кай Луци — се ’хсæн. Цимбелин. Саглæгты хуыздæр! Нæу уый зылын, æмæ йын хъуамæ раттæм, Кæмæй æрвыст у, уый аккаг æгъдау. Мах уымæй эанæм бирæ хæрзтæ, хъуамæ Нæхицæй дæр уа хорз рæвдыд. Лæппу, Дæ къайы фен æмæ нæ раййаф,— иумæ Куыд фембæлæм нæ м’инæварыл Ромæй.— Цом, ус-паддзах. Цимбелин æмæ у с-п а д д з а х ацæуынц. К л о те-н. Кæд райхъал, уæд ныхас Кæндзыстæм мах, кæд нæ, уæд уал хуыссæд, Фынтæ уынæд! (Дуар хойы.) Гъей, дуар мын бакæн! Йемæ Æххуырст чызджытæ... Балхæнин уæд та Сæ иуы, и’? Сызгъæрин нын нæ разы Цыфæнды дуар дæр бакæндзæн: сызгъæрин Дианæйы хъæдгæсты дæр фæсайы Æмæ сын саг æрбатæрын кæны Иæ марæгмæ; æнаххос лæджы мары; Зылыны кæны ирвæзын, кæнæ Сæ дыууæйы дæр ауындзæнмæ ратты; Сызгъæрин алцы аразы ’мæ халы! Æлхæнгæ мын у йе ’ххуырстытэ^й иу — Минæварæн. Æз ахæм ран мæхæдæг Дæсны нæ дæн. Ей, бакæнут мын дуар! Рацæуы ус. Ус. Уый чи хойы? 135
Клотен. Уæздан... Ус. Цы? Гъендæр ницы? Клоте.н. Æмæ бæрзондылбадæг усы фырт. Ус. О, бирæтæн вæййы уæздан сæ дарæс, Дæ дарæсау зынаргъ, фæлæ уæздаы Нæ разьгнынц. Цы дæ хъæуы? К л о тен. Принцессæ. Цæттæ у? Ус. 0, цæмæй лæууа йæ уаты. К л о те.н. Æрбайхъус-ма æмæ сызгъæрин айс. Хъæуы мæ хорз кад. Ус. 0, фæлæ кæй кад? Мæн? Æви дын æгад дæхи фæкæнон? Æрбацæуы принцессæ! Бацæуы И мо г енæ. К л о тен. Мæ рæсугъд хо, дæ райсомтæ мын хорз уой! Дæ къух мæм ратт. Й м о г е н æ. Дæ райсом хорз уа, принц. Дзæгъæлы кæныс, баууæнд мыл, фыдæбон. Дæуæй мæ зæрдæ афтæ мæгуыр у, Æмæ мæм бузныг зæгъьга дæр нæ цæуы. К л о те н. : Мæ уарзтæй ард хæрын! И м о г е и æ. Цы уæлдай у, Хæрыс мын ард æви æнæуи дзурыс,— Нæ ф’æнды хъусын мæн. К л о тен. Цы дауапп у уый? И .м о г е н æ.. Нæ дæм ыскæнин дзургæ дæр, фæлæ мын Куы фенхъæлай мæ дзыхыл хæцын дзуапп. Дæ хорзæхæй, ныууадз мæ; цас мыл тынгдæр 136
Хæрдзтæ кæнай — тызмæгдæр мæ кæныс. . Ау, ахæм зондджын у æмæ уый ма ’мбар! К л о тен. _ Ды зондцух дæ! Дæу зондцухæй ныууадз — Уый стыр тæригъæд у, æз та тæригъæд Нæ кæнын. Имогенæ. Ацы дунейыл æрра Нæ кæнынц æрмæст сæрхъæнтæ! К л о тен. Цы, цы? Сæрхъæн æз? Имогенæ. О, кæд зондцух дæн æз, уæд. Ныууадз мæ, æмæ нал уыдзынæн зондцух; Нæ дыууæ дæр ысдзæбæх уæм. Принц, æз Æгъдау дæу тыххæй ферох кодтон, карз дæр Дæу тыххæй дæн. Дæ зæрдыл бадар иу: Нæ дæ уарзын. Зæгъын дьин æй æргомæй, Мæ зæрдæйы фæнд зонгæйæ. Дæумæ Æз никæдбон мæхи æруадзин, уымæн Æмæ мæнæн мæ цæстысындз дæ ды. Ныббар, фæлæ кæй не ’мбарыс дæхæдæг, Къæйных дæм уымæн дæн. Клоте^н. Дæ фыды раз Æнæсæттон тæригъæдджын цæмæн дæ? Цæйдæр мæгуыр æмæ дзæгъæл гæвзыкк,— Тæригъæдгæнгæ паддзахы фынгæй Фæлхæрттæ кæмæн калдтой, уый цæй къай у Дæуæн? Дæ чъизи Постумау æлгъаг Цагъартæн ис къæйттæгæнæн, цæмæй сæ Фылдæр кæной дзæгъæлзæтты,— ды та Пршщессæ дæ, дæ паддзах-фыды ном Æфтыддаг чъизи цъаммаримæ сбæттай, Æххуырст хуыгæсæн дæр цы лæг нæ бæззы, Уый мойæн райсай — ахæм бар дын >нæй! И м о г ен æ. Æлгъаг цъаммар, ды хуры фырт куы фестис, Цагъарæн дæр ын не сбæззис уæддæр. Иæ зæххытыл лæгмарæгæн æрмæст Фæрæтхæссæг куы уаис ды, уæддæр дын Æгæр хониккой ахæм кад,— æгæр Бæрзонд дæ сисид!
Кл отен. Судзаг рын ыл бафтæд! И .м о г е н æ. Уæлдай хъыгдæр та уый у, æмæ ды Цъыф кæй калыс мæ мойы сыгъдæг номыл. Дæ сæрыхъуынтæй алкæмæн дæр принц Куы райгуырид, дæхи хуызæн, уæддæр мын Зынаргъдæр уаид сегасæй йæ бызгъуыр. Пизано, тагъд! К л о те«. «Иæ бызгъуыр»!.. Зинты хайаг!.. И м о г ен æ. Æрбарвит-ма мæм ме ’ххуырст Доротейы. К л о те<н. «Йæ бызгъуьир»!.. И <м о г е н æ. Нал мæ* уадзы сæрхъæн иуран, Тæрсын кæны, мæстджын æртхъирæн. Ме ’ххуырст Æрцагурæд мæ цонгдарæн. Æ-рхауд, Æвæццæгæн, фынæй уæвгæйæ цонгæй. Уат рафæлдахæд, гъеуæддæр æй ссарæд! Мæ мой куы цыд, уæд мын æй радта, уый Нæ баивин æз паддзахады мулкыл. Ызнон дæр ма мæхимæ уыд, мæ цонгыл Уыд дысон, уый дæр ма лæууы мæ зæрдыл, Ау, пъатæ йын куы кодтон, уæд мæ моймæ Дзырдхæссæг алыгъди, зæгъгæ, дæ ус Æнæ дæу кодта иу-кæмæндæр пъатæ. Пиз а<н о. Фæ’зындзæн. И м о г е н æ. Хъуамæ. Агурут æй. П из ано ацæуы. К л оте н. Ды Мæн бафхæрдтай! «Иæ бызгъуырГ..» И м о г ен æ. 0, æз загътон. Æмæ мыл хъаст дæр бакæн. Клотен. Бахъæц, æз Зæгъон 'КъаролæнГ.. И м о ген æ. Æмæ ус-паддзахæ.н; 138
Цæуылдæриддæр баууæнддзæни уый Мæн тыххæй. Хорзæй баззай уæдæ, принц, Æз уадзьга дæу. Дæ мæстæй хау тъæппытæ. (Ацæуы.) К л о т е н «Иæ бызгъуыр»! 0! Æз райсдзынæн мæ маст! (Ацæуы.) 4СЦЕНÆ Ром. Уат Филаройы хæдзары. Бацæуынц П о сту м æмæ Ф ил ар о. Постум. . Синьор, ды ма тыхс! Мæн ныфс и, къарол та Мæнмæ йæ хорзæх разддхдзæн. Æууæндын Мæ усыл дэзр! Ф и л а р о. Цы бакодтай, цæмæй Къаролимæ æрлæгъззæрдæ уат? П о с т у м, Ницы. Кæд не ’хсæн рæстæг раивид. Нырма дзы Æргъæвсын, фæлæ мæн ныфс и, рæхджы мын Кæй ралæудзысты хъармдæр бонтæ; бузныг Дæ хорзæхтæй; фæлæ, миййаг, мæнг ныфс Куы фæуон, уæд дæ хæс мæрдтæм хæсдзынæн. Ф и л а р о. Мæ хæларæй мæ цуры кæй дæ, уымæй Уæлдайджынтæй дæ хæстæ фидыс ды. Нæ минæвæрттæ афонмæ уыдысты Къаролмæ,— уыдон сарæхсдзысты хорз, Сæ хъалон тагъд æруидздзысты; кæд нæ, Уæд хорз куы зоны ромæгты Британи,— Дзыхъхъынног та йæм бабырсдзысты. По сту м. Æз Нæ дæн политик, нпкæд дæр уыдзынæн, Фæлæ, цыма, уыдзæни хæст. Къарол Британимæ уæ ромаг легионты Хæцгæ-бырсгæйæ бауадзæд, уæддæр Нæ бафиддзæни хъалон. Ныр кæддæрау Бритайнæгты æвæлтæрд ма ’нхъæл ды,— Уæд Юлий Цезарь се ’вæлтæрдыл худти, Кæд-иу сьга хатгай се ’хсарджын хæстмæ
Æлхынцъæрфыгæй каст, уæддæр. Ныртæккæ Нæ лæгдз’инад, нæ хæстон аивад Æмцыд кæнынц. Бацæуы Акимо. Ф и л а р о. Куыд, фездæхт Акимо? По сту м. Æвæццæгæн дæ сагтæ скъæфтой хусыл, Дæ науыл та дын фу-фу кодта уад, Цæмæй нæм тагъддæр раздæхай, Ф и л а р о. Салам! Постум. Кæнæ та кæд æгæр цыбыр дзуапп райстай Æмæ тагъд уымæн фездæхтæ? А к и м о. Дæ ус Уыди — кæй зыдтон — сегасæй æрдагдæр... По сту.м. Æмæ хуыздæр. Кæннод йæ рæсугъддзинад Фæлывд зæрдæтæм хъардтаид æрмæст Сæ сайынæн. Аким о. Айс, мæнæ дын фыстæг. Постум. Æхсызгон, нæ? А к и м о. Уа, чи зоны, æхсызгон. Ф и л а р о. Британимæ нæ бахæццæ дæ дуры Ныфсджын Кай Луци? А к и м о. Бацæуинаг уыд, Фæлæ нæ фæзынд. П о с т у м (кæсы фыстæг). Алцыдæр уал хорз у. Æртгивы ма мæ цонгдарæн? Нæма дзы Фæлмæцыс? А к и м о. Æз куы фембылды уыдаин, Уæд радтаин сызгъæрин. Уым .мгæныл Цы адджын æхсæв атахтис æгæр тагъд, Æз уый тыххæй дыууадæс хатты дарддæр Фæцыдаин. Дæ цонгдарæн мæн у!
По стум. Зыя айсæн у мæ цонгдарæн... А к и м о. Нæ! Де ’фсин Фæрогдæр кодта уыцы зын. Посту м. Дæ къухы Кæй ницы бафтыд — худынæй йæ ’мбæхсыс? Хæлæрттæ мах нæ уыдзыстæм. А к и м о. Цæуылнæ? Нæ баныхас дæ ферох и? Дæ усæй Æнæфæхъазгæ раздæхтæн, уæд нæ Хæцын куы хъуыд. Ныр та зæгъын æргомæй — Æз рамбылдтон йæ цонгдарæн æмæ Йæ намыс дæр; нæ бафхæрдтон æз уый дæр Æмæ дæу дæр нæ бадзырдмæ гæсгæ. По сту м. Иæ сынтæджы кæй уыдтæ, уый мын равдис,— Уæд айсдзынæ мæ цонгдарæн, мæ къух. Кæд нæ, уæд де \лгъаг хахуырæй нæ иуæн Æ<нæ хицауæй баззайа йæ кард, Кæнæ æваст дыууæйæ дæр дзыхъмæрдтæ Фæуæм, дзæгъæл куыд баззайой нæ кæрдтæ. А ки м о. Æз раст зæгъын, дæу баууæндын хъæудзæн. Хæрын дын ард,— уæвгæ цыма мæн ам Нæ бахъæудзæнис ард хæрын дæр’... По сту м. Дзургæ! А ким о. Уæдæ: дæ уат, фынæй цы ран нæ .кодтон,— Фынæй кæнынмæ не ’вдæлди уым мæн!— Уыдис æвзистуæфт гауызтæй æмæхгæд; Сæ иуыл ныв æвдисы, Клеоетатрæ Антонийыл куыд фембæлд: иннæ ныв: Куыд ракæлы йæ науты уæзæй, науæд Йæ фыривылдæй Кидны дон. Сæ конд — Дæсны, хъæздыг: сæ хъуын, сæ аивдзинад — Дзырдхæссæн,— нæй сæм бафсæдæн кæсынæй. Цыма сæ нывтæ цардæгæстæ сты... По сту м. Уый раст у. Фæлæ фехъусæн ис уыдон Æндæрæй. 141
А к и м о. Æз æвдисæнтæ дзæвгар Æрхæсдзынæн мæ ныхасы. П о с т у м. Æрхæсс, Кæнæ дæ хонын хахуырдзых! А к и м о. Дæ уатæн Иæ хуссарварс — камин, йæ сæрмæ конд — йæхи найгæйæ урсбуар зæд Дианæ! Æз никуы федтон ахæм аив ныв, Йæ нывгæнæг фæдæсныдæр ис æрдзæй, Уд бауагъта йæ конд зæды, æрмæст ма Нæ улæфы, стæй не змæлы. По сту м. Ис уый дæр Кæмæйдæриддæр фехъусæн — æдзух йæ кой фæкæнынц алы ран. А к и м о. Дæ царыл — Сызгъæрин зæдтæ конд. О, хæдæгай!— Дæ камин-пец дыууæ зæдыл æнцайы: Æд цырæгътæ фынæй цы-ма кæныиц. По сту м. Уьим ме ’фсинмæ цы къæм хауы? Зæгъæм, Ды федтай уыдон — бахъуыды сæ кодтай Бæстон, фæлæ нынныв кæн уавæр — уый Нæма у ’вдисæн... А к и м о. Афтæ у? Уæдæ, Кæд у дæ бон — еыффæлурс у! (Сисы цонгдарæн.) Айс, фен æй Иæ зынаргъ дзаума. Федтай? Афтæ... Цæй, Æри йæ: уый дæ цондарæны фарсмæ Æ-з хъуамæ тынг арф бафснайо’Н. По с ту м. О зæдтæ! Æри-ма, ноджы йæм æркæсон... Уый у? Мæ лæвар? А к и м о. Тынг фæбузныг дæн дæ усæй. • 1 Иæ урс цонгæй йæ рафтыдта,— нырма Мæ цæстытыл йæ рæсугъд фезмæлд уайы, 142
йæ лæварæй æхсызгондæр уыди Æмæ мын тынг фæзынаргъдæр ис уый хыгьд,— Иæ цонгдарæн æрбадардта ’мæ загъта, Кæддæр, дам, мын зынаргъ уыд. Постум. ’ Сайыс! Уый йæ Мæнмæ дæттынæн рарвыста! Ак и м о. Æцæг? Иæ фыстæджы дæр афтæ у? Посту.м. Нæ, нæ. Ды раст дæ. Айс, мæ цонгдарæн дæу у! Мæ цæст мын къахы. Калмау мæ, м’иййаг, Куы амара. Куыд уый та? Ау, рæсугъд Цы уа, уым намыс нæй? Æви æппæт Æвдисынæн у, æмæ нæй рæстдзинад? Фæзынд æндæр лæг — уарзондзинад — нал?.. Сылгоймагæн йæ сомытæ вæййынц Иæ аразгæ хæрзиуджытау фæлитой! О сайды дуне! Ф и л а р о. Басабыр у. Райс Дæ цонгдарæн — нæма фæдæ æмбылды: Иæ цонгдарæн кæд сæфт æрцыд кæнæ Æххуырст устытæй балхæдæуыд искæй Æ-мæ йын æй уый радавта! Постум. Æцæг у! Æмæ йæ къухы бафтыди. Æри йæ! Æз домын раст æвдисæнтæ. Зæгъ-ма, Иæ буарыл ын цы сусæг нысан федтай, Цы хуызæн, кæм? Иæ цонгдарæн — уый давд у! Аки м о. Хуыцауæй ард хæрын, æз цонгдарæн Иæ къухæй райстон. По сту.м. Хъусыс, ард хæры! Хуыцауæй ард хæры,—’уæдæ уый раст у! Нæ, цонгдарæн нæ фесæфтаид уый; Иæ кусджытæ — æнæфæльгвд, æнæсайд, Нæй балхæнæн сæ иуæн дæр, уæлдайдæр Æддаг бæстагæн. Уый йæ фарсмæ уыд! Иæ худинаг æргомгæнæг та — мæнæ. 143
Хъахбайы ном зынаргъæй райста. Гъа! Дæ хæснаг айс! Фод сау дæлимон’де ’мбал Иæ уаргæйæ. Ф и л а р о. Æрсабыр у! Æгъгъæд Нæма сты уыдон баууæндынæн, афтæ Куырмæджы ’ма лыг кæн. По сту м. Сыбыртт дæр нал! Йæ мондæгтæ дзы суагъта. А к и м о. Ноджы -ма дæ Хъæуы? Уæд ам — йæ галиу риуы бын, Æхсызгонæй кæмæй и’с хъазæн, уый быа, Ис сау ыстъæлф, сæрыстыр дзы у тынг,— Хæрын уын ард, фæпъатæ кодтон бирæ Æз уыцы ран, æмæ кæд тынг æфсæст Уыдтæн, уæддæр цыбæлдæр кодтон ногæй. Ды зоныс уыцы сау ыстъæлф? По сту м. Куыннæ! Уый уымæн йе ’ннæ сау ыстъæлфыл дзуры, Дзæвгар егъаудæр, зындоны дæр ын Нæ бацæуид: ньгббынæй уаид зындон. А ’К и м о. Куыд, ноджы ма? По стум. Ныууадз хынцын! Уæлдай мын Нæу, М’ин хатты фæсайдта, æви иу хатт. А .к и м о. Хуыцауæй ард... Посту.м. Нæ, ма хæр ард, миййаг, Куы хæрай ард, нæ уыд, зæгъгæ, уæд — сайыс! Сыкъатæ мын нæ ныссагътай — куы зæгъай —’ Уыдзынæ мард! А к и м о. Нæ зæгъдзынæн. По с ту,м. ’ Ныр ам Куыфестид уый —къабазг.аййæ ныккæнин! Цæуон æм уырдæм... Амарон æй хъуамæ Иæ фыды раз... Уый раст уыдзæн... (Ацæуы.) •144
•Ф и л а р о. Иæ маст Куыд нал уромы. Амбылдтай йæ, сударь. Иæ фæдыл цом. Мæсты у æмæ стыр Бæллæх куы скæна. А к и м о. Æз цæттæ дæн, цом. (Ацæуынц.) 5 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Æндæр уат. Бацæуы По стум. П о с т у м. Ау, ус нæй, уæд нæй райгуырæн лæгæн?— Хæццæ тугæй стæм негас дæр! Мæ хорз фыд Кæй хуыдтон, уый кæмдæр куы уыдис балцы, Уæд цавæрдæр бæдæйнаг лæг та мæн Мæнг æхцайау йæ кусæнгарзæй кодта. Фæлæ Дианæ хуынд уæддæр мæ мад; Мæ ус дæр уыйау. Судзгæ у мæ мастæй! Æз æй, йæ лæг, куы рæвдыдтон, уæд-иу Æфсæрмы кодта, арæх-иу ныссырх и Лæгъстæгæнгæ, цæмæй гæдзæ кæнон Мæ мондæгтыл; æмæ-иу хатгай афтæ Ныфсæрмы ис — йæ фенгæйæ-иу уæд Зæронд Сатурн дæр мондагæй сыгъдаид. Зæгъын, сыгъдæг у, хуры судзаг тын Кæуыл нæма ’рхауд, уыцы ногуард митау. ’О зин! Фæлæ йæ уарзæгой итайлаг 'Сахатмæ,— нæ, цæй сахатмæ? — минутмæ — Гермайнаг хъæды бафсæдæг хуыйау Æнæсыбырттæй абырста. Ныхлæуд дзы Нæ базыдта, кæд тынг æнхъæлмæ каст, Зæгъгæ, йын ком нæ дæтдзæни, уæддæр. Тæхуды, стон йæ бындзарæй, дæ риуы Сылгоймагæй цыдæриддæр ис, уый! ’О устытæ, цы сахъæттæ ис лæгтæм: 'Фыдæвзаг, хин ми, хæлддзинад, хæтын, Цыт уарзын, хъал ми, маст исын, зыддзинад,— Цыдæриддæр ис чъизийæ зæххыл, 'Сæ иу хай уа, æви æгасæй — уыдон ’Шекспир, 2-аг ,том.
Сымахæй сты! Тæригъæд миты дæр Фæцæут сайгæ. Алцыдæр уæм сайд! Куьг бафсæдут тæригъæд мийæ иу ран,- Уæд иннæчранмæ байдайут тындзын:.. Уæ митæ уын æргом кæндзынæн хурмæ,- Хъæр уыл кæндзынæн, лæгтæ уæ куыд хоной ’ Æлгъыстæгтæ, цæстысындзытау! Нæ, Мæ маст æххæстæй суадздзынæн æз кувын: Цæмæ тырнынц — æппæтмæ дæр сын — бар! ’ Кæд сын фæзынид сау зындонмæ-дуар! ’ (Ацæуы.)
1СЦЕНÆ Британи. Паддзахы бадæн Цимбелины галуаны. Бацæуынц иуырдыгæй Цимбелин, у с-пад дзах, К лот ен æмæ у æ з- * д æ т х æ, Иннæрдыгæй—К а й Л у ци йæ фæсдзæуинти- .мæ. Цимбелин. Уæдæ цы домы, загътай, Август Цезарь? сЛуц,и. Кай Юлй’й Цезарь,— рухс дзæнæты бада,— Британийы куы басаста, уæд ын Кассивелан, дæ кадджын фыдыфсымæр,— Хъæбатыр’Цезарь буц кæй кодта, уый,— Дзырд радта, зæгъгæ, хъалон фвддзæн Ромæн — Æ-рвылаз дæр æртæ мин фунты ’хца. Фæлæ йæ ды нæ фидыс. "У с-п а д д з а х. Æмæ раст у, Нæдæр-æй фиддзæн. К л о тен. Цезартæ фæгуырын-ц Æгæрон бирæ, Юлйй та уыд иу. Британи бархи дуне у йæхæдæг, Æмæ уæхи фындзтæ кæй хæссут, мах ’ Куыд фидæм хъалон уы’й тыххæй? УУ с-п а д дз а х. Цы ’байстат Нæ зæххæй — мах*зёй байсдзыстæм рæхджы,— Мæхи къарол, дæ фыдæлты рох ма кæн! Нæ са-къадах æдас ран исæрдзæй: Нептуны паркау нæй æрбафтæн уымæ Гуылфгæнаг фурдæй, денджызон къæдзæхтæй .Æмæхгæд у;’йæ-кæрæттæта — змисджын,— 147
Фыдгулы наутæ арф сæдздзысты уым. Фæуæлахиз тыхæй нæ бæстыл Цезарь, Фæлæ нæзагъта раздæрау уæддæр: «Æрцыдтæн, федтон, басастон». Фыццаг æй • Мах басастам, æппæрст æрцыди дард, Дыууæ хатты йæ хорз ныддæрæн кодтам, Иæ наутæ раст æйчыты хъузджытау Пырх кодтой фурды былгæрон къæдзæхтыл. Хъысмæт фæхудти Цезарыл, йæ кард ын Фæцæй истам; нæхи Кассивелан Æртытæ кодта цинæй æмæ уагъта Бритайнæгты зæрдæты ныфс... К л о те н. 1 * ’ Цы бирæ йыл дзурæм! Нал уын фидæм хъалон,, æгъгъæд! Махæн нæ паддзахад уæдæй ныр фйдар- дæр у, сымахмæ та ахæм Цезарь нал ис. Уæ ныры ’цё- зартæн, Ч’и зоны, сæ фындзтæ къæдздæртæ сты, фæ- лæ сæ къухтæ та сты цыбырдæр. Цим б е л’и’н. Лæппу, дзурын бауадз ус-паддзахы. К ло т е н. Махмæ та ис ахæм, Кассивеланæй сахъдæр чи у. Мæхи уын уыдонæй нæ хонын, фæлæ ацы тымбыл къухтæ дæр лæмæгъ ода ’нхъæл. Уый та цавæр хъа- лон у? Цæмæн æй хъуамæ фидæм? Гъе, Цезарь йæ> фындзыкæлмæрзæнæй хур куы сæхгæнид кæнæ мæй* йæ дзыппы куы бафснаид, уæд ын рухсы тыххæй фи- диккам. Фæлæ ныр фучъи, иунæг хъалон дæр нæ, бам- бæрстай? Ци’Мбелин. Кай Луци, зон, мах цалынмæ йæхицæн Тыхгæнæг Ром йæ хъалондартæ скодта, Кæй уыдыстæм уæдмæ сæрибар мах. Фæлæ уыдис æгæр цытуарзаг Цезарь!— Æрхъуыдис æй æгас дуне! Æмæ ныл Æнæраст æфсондз сæвæрдта; фæлæ Нæ хæстон адæм никуы сразы ууыл, Нæдæр ыл иокуы сразы уæвæн ис. Æмæ зæгъæм ныр Цезарæн: Мульмуци Уыд мах фыдæл, нæ закъонтæ сты уый конд; Æркарста сæ йæ къордæй Цезарь, ныр Мах хъуамæ уыдон бандидзæм нæхæдæг, Ром фырмæстæй тъæпп куы хауа, уæддæр. Мульмуци уыд закъондæттæг’брйтайнш*, " ’
Сызгъæрин худ фыццаг ныккодта уый Æмæ уыди къарол!.. Луци. Хъыг мын у хъусын Дæ ныхасмæ: дæ кæрты адæм цас и, Иæ дæлбар уымæй Цезарæн уыди Фылдæр къаролтæ,— æмæ уый у де знаг! Иæ номæй уæм хæцынмæ сидын æз — Æмæ Британи пырх æрцæудзæн. А хæст Уыдзæн æгъатыр! Уе суазæгæй та — Иттæг бузныг. Ци’М б е л и н. Лæуу уал нæм уазæгуаты. Мæн Цезарь скодта хотыхдар, æз ын Уæд службæ (кодтон. Бирæ кад мын радта, Фæлæ мын æй фæстæмæ исы ныр — Мæлæтдзаг тох кæндзынæн уæд йæ ныхмæ. Ды зондзынæ, паннонтæ ’мæ далматтæ Сæ бархийыл кæй сыстадысты. Мах Сæ лæгдзинад куы нæ бафæзмæм — адæм Броитайнæгты фæхондзысты тæппуд. Тæппудыл ам нæ фембæлдзæни Цезарь! Луци. • Хæст равдисдзæн! К ло т е н. Йе стырдзинад бузныг у дæуæй. Иу-дыууæ боны ма- нæм баззай уазæгæй, стæй ма дæ куы бафæнда, уæд—• ноджыдæр. Æндæр хъуыдытимæ нæм куы раздæхай, уæд та нæ ссардзынæ, цæхджын дон кæй альгварс и, уыцы сакъадахыл. Кæд нæ уыцы сакъадахæй донмæ* аппарай — дæ амонд, айс-иу æй дæхицæн! Дæхæдæг куы фæкуырис уай, уæд та хуыздæр — уæздан хæри- наг нæ сынтытæн. Æндæр дын ницы зæгъæм. Л у ц !и. О, принц. Ц и м б е л и н. Æз Цезары фæнд зонын, уый — мæ фæнд. Дæхиуыл та дын цин кæнын, Кай Луци. (Ацæуынц.) 149-
2 СЦЕНÆ Æндæр уат галуаны. Бацæуы П из ано фыстæг кæсгæ. Пйззно. Куыд? Де ’фсин сайы дæу? Цæмæннæ фыссыс, Кæй у цъаммары хахуыр? О мæ хицау, Ау, цавæрдæр фыддзых итайлаг дын Йæ маргæвзаг, йæ чъизи, сау хъуыдытæй Фæхъæстæ кодта де ’ууæндаг зæрдæ? Дæ ус дæуыл æнувыд нæу? О, нæ! Уый йе ’нувыдæй хъизæмар куы кæны, Сылгоймаг нæ — сыгъдæг зæд у; цыфæнды Æгъдауджын дæр нæ бабыхсид, уый цавæр Æфхæрд æвзары, уымæн! 0 мæ хицау! Дæ райгуырдæй дзы цас дæлдæр уыдтæ, Фæдæлдæр дзы дæ удыхъæдæй уыйбæрц. Кæй уарзын дæу, æнувыд дыл кæй дæн,— Гормон! — уый базонынæн мæ куыд домыс Йæ амарын? Уый туг ныккалон æз? Кæд уый æххуырсты хорздзинад æвдисы, Уæд хорз æххуырст нæ рауайдзæн мæнæй. Кæд, ме ’лдар, мæн лæг марынхъом æнхъæлыс, Уæд мæ лæг нæ — хъæддаг сырд хоныс ды! (Кæсы фыстæг:) «Амар æй тагъд. Куы бакæса мæ фыстæг, Уæд дын йæхæдæг баххуыс кæндзæн». 0, Æлгъыстаг сыф! Дæ бакаст — урс, сыгъдæг, Фæлæ цы ахорæнæй фыст æрцыдтæ Ды, уымæй саудæр, чъизидæр; фыдвæнд Дæу мидæг и... Æрбацæуы. Нæ, ницы, Æз ницы зонын... Бацæуы Имог енæ. И м о г е н æ. Ногæй нæм цы хъуысы, Пизано, и? П и з а н о. Мæ хицауæй фыстæг. И м о ге н æ. Дæ хицауæй? Мæн у, мæ сæрыхицау! Ах, æз мæ лæджы къух куыд зонын, афтæ Куы зонид дæсны не сгъалыты, уæд Уый адæмæн цæйбæрц хæрзтæ фæуаид, 150
Сæ хъысмæт сын куыд арф уынид. Хуыцау! Уадз а рæнхъытæ уарзтыл дзурой: уадз Æнæниз уа, йæ зæрдæ райа! Уадз Æнкъард кæна нæ иппæрдыл! 0, хатгай Æнкъард уæвын —уый хос у,— ахæм хос Хуыздæр у уарзтæн. Уæд мæ дуне райгонд— Æппæтæй дæр, нæ иппæрдæй уæлдай. Зынаргъ мыдадз, цæй, сæфтауон дæ. Арфæ Дæу аразæг мыдыбындзытæн, ды Нæ сусæгдзинад бамбæхсынæн конд дæ. Хæсдарæг æмæ бауарзæг хуьгцаумæ Фæйнæхуызон фæкувынц. Ды, мыдадз, Зылыныл ахæстоны дуар æхгæныс, Уарзонæн та йæ сусæг æмбæхсыс. Æхсызгон хабар рауадзут, хуыцæуттæ! (К&сы фыстæг.) «Нæдæр карз тæрхон, нæдæр дæ фыды тызмæгдзи- над — мæ ныфс ницæмæй асæтдзæнис, мæ дуне, ды мæнæй дæ рухс цæстæнгас куы нæ азилай, уæд. Зон, æз кæй дæн Камбрийы, Милфорды наулæууæны; дæ уарзондзинад дын куыд хуыздæрæй цы амоны, уый баокæн: йе рацу, йе — нæ. Мæ цæст дын уарзы рухс амонд, мæ дуне; æз та раздæрау мæ амæлæтмæ уы- дзынæн дæ иузæрдион, дæ уарзондзинадыл æрдбахæ- рæг Леонат Постум». Æвсургъ мын тагъд! Бæх, базырджын! Мæ лæг Ис Милфорды? Æркæс-ма! Дард у уый? Хуымæтæджы хъуыддагмæ фод къуыридзыд —■ Мæнæн нæ уыдзæн бондзыд дæр! Пизано, Ды дæр, цымæ, йæ фенынмæ бæллыс Мæ хуызæн раст? Ах, нæ, мæ хуызæн нæ! Æз — тынг тыхджын, ды — къаддæр, афтæ нæ? Зæгъ-ма йæ тагъддæр тынг хъæрæй, хъæрдæрæй. Ды уарзæтты хæрзгæнæг дæ, ды хъуамæ Мæ хъустæ цинæй байдзаг кæнай ныр, Æмæ фыдсагъæс мауал кæнон. Дард у Зæрдæхцон Милфорд? Фарнæй дзаг уæд, Узлс, Дæ наулæууæн! — Фæлæ ма раздæр зæгъ, Куыд ахъуыздзыстæм галуанæй? Цы рæстæг Нæ уæм бынаты, уый тыххæй сын дзуапп Цы ратдзыстæм? Сæйрагдæр та — нæ дуарæй Куыд ахизæм? Нæ, уый дæр нæ. Нырма Цы нæ у конд, цæй дзуапп ын хъæуы уымæн? 151
Дзуапл уый фæстæ. Ныр та-ма зæгъ, цымæ Бæхтыл мах иу бон цал милы цæуиккам? П и з а н о. Дыууын милы сæумæйæ сауизæрмæ, Принцессæ, уый дæр тынг зынтæй. И м о г е н æ. Цы, цы? Йæ марæнмæ кæй кæной, уый дæр афтæ Сындæг нæ цæудзæн. Дугъ-уайæг бæхтæ Хъуыдыйы ’ййафынц,— афтæ дзурынц адæм. Ах, нæ, сæрхъæн ныхæстæ сты. Цæугæ Зæгъ ме ’ххуырстæн, рынчынæфсон ыскæнæд, Йæхи йæ фыдмæ ракурæд. Мæнæн та Хуымæтæджы фæндаггон къаба ссар, Зæхкусæджы хуызæн куыд уон. П и з а н о. Æхсин, Хъуыдыйаг у дæ фæнд... Й м о ге н æ. Нæ, размæ, размæ! Мæ алфамбылай цыдæриддæр уынын — Фæлурс кæнынц æмæ ныгъуылынц мигъы. Тæхгæ, фæлæ дæ мацы ферох уæд.— О Милфорд! Ныр дæумæ цæуы мæ фæд! (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Уэлс. Хохбæстæ. Къæдзæхты цъасс. Цъассæй рацæуы Б е ла р и, йæ фæдыл Г вид ер и æмæ Арвираг. Б е л а ри. Куыд хур бон у, нæй бадæн ахæм цъассы,— Ныллæг. Гуыбырдæрæй цæут, мæ хуртæ. Нæ ныллæг цар уын амоны, хуыцаумæ Сæргуыбырæй куыд кувгæ у: .къаролтæн Бæрзонд хæдзæрттæ ис, уæйыг дзы бацыд,— Йæ цырыхъхъ нæ сæххæссид. Арв, Табу дын, бирæ азты цæрæм цъассы, Фæлæ галуанты чи цæры, дæумæ Мах уыдонæй зæрдиагдæрæй кувæм. Салам дын, арв! 1Г>2
Гв ид ер и. Салам дын, арв! А р в и р а г. Салам! Б е л а р-и. Цæй, цом ныр цуаны. Рог къæхтæ, сымах Цæугæут уæлæ рындзмæ, æз та — фæзмæ. Уæлхохмæ уæм куы нал зынон, уæд зонут: ■ Цы зæххыл лæууæм, уый кæнæ дæлдæр Æппардзæн мах, кæнæ уæлæмæ сисдзæи. Æрæмысут-иу уым мæ ныхас принцтыл, Ныры хæстытыл, галуантыл,—ныр аргъ Дæгдзинадæн кæй нæ кæнынц, фæлæ Цæстмæмитæ хуыздæр чи зоны, уымæн.— Уый бамбарут — фæпайда уын уыдзæн. Цыбырбазыр хъæндил тæхы хæрзныллæг, . Фæлæ бæрзондтæх базырджын цæргæсæй Æдасдæр вæййы хаттæй-хатт йæ цард. Мæ хъæбултæ, æфхæрд æмæ æргъæвстæй Æдзух йæ хъиутæ чи хæры, мах уымæй Хуыздæр цæрæм; йæ паддзахы фæлхæрдтæм Æнхъæлцау чи у, мах — хъæздыгдæр уымæй; Йæ хъал дарæс æфстау цыллæтæй хуыд Цы къленцæн вæййы, мах уæздандæр уымæй: Æнхъæлцау не стæм никæмæ, стæй не стæм( Мах хæсджын; нæу хæрзамонд иу дæр махау! Гв ид е р и. Ды федтай бæстæ, мах та — лæмæгъбазыр Лæппынтæ; дард нæ тахтыстæм; нæ зонæм, Нæ алфамблай цы уæлдæф и; кæд амонд Æнцойад у,.уæд амондджын ыстæм. Ды, ’хъизæмæрттæ бавзарæг, зæрондæй Æнцойадæй разы дæ. Фæлæ махæн, Кæмницы уынæм, ахæстон у уый,—< Дæ разы мах куы нæ уаиккам хæсджын, Уæд ацæуиккам ардыгæй. А р в и р а г. . Дæуау Куы базæронд уæм, адæмы раз зондæн Цы зæгъдзыстæм? Нæ талынг, не ’нуд цъассы Къæвда зам’ан фæззыгон уадыниудмæ Куыд хъусдзыстæм? Нæ зонæм дуне мах. Хъæддаг цыма стæм; рувасау — хин цуаны, Сырды сургæйæ — бирæгъау ныфсхаст.
Цы нæм у сахъ ми? Лидзæджы ныттонын! Нæхицæн цъиутау ахæстон кæнæм Æ<мæ цагъардзинады зарæг зарæм. Б е л а ри. Цы хъусын уый? Куы зониккат сымах Нæ горæтты æлгъаг митæ! Зын у Æлдары цард ныууадзын, фæлæ ноджы Зындæр та у къаролы раз цæрын. Цыты фæндаг — уый хауæн у, ’бырынцъаг, Кæд æрхаудзынæн, уый тæссæй дзы лæг Æдзухæй р’изы! Науæд хæст? Ды кадыл Дæ туг калыс, дæуæн та дзы — мæлæт, Æмæ дын ноджы калынц цъыф дæ номыл. Лæгдзинадыл куыд арæх кæнынц хахуыр! Æмæ зьщдæр цы у,— æнæраст ми Ды бабыхсай æнæсыбырттæй хъуамæ!.. Мæ хуртæ! Дуне бакæсид мæныл Кæуинаг таурæгъ. Ме ’гас буар — хъæдгæмттæ Фыдгулы .кардæй, кады сæр уыдтæн, Мæн уарзта паддзах Цимбелин; куыддæр-иу Хъæбатырдæр лæджы кой уыд — мæ ном’ Æгас бæстыл дзыхæй-дзыхмæ нæрыди. Иæ дыргъты уæзæй цы бæлас æртасы, Раст ахæм уыдтæн; фæлæ иуæхсæв,—► Къæрных, йе уад,—куыдфæнды дæр æй хонут,— Мæ сыфтæрты фæхаста, мæн ныууагъта Бæгънæгæй, ризгæ. Гв ид ер и. Афтæ сайы амонд! Белари. Уæд мард фæуон, кæд аххосджын уыдтæн, Фæлæ монархмæ хаст æрцыд фыдæвзаг, Зæгъгæ, æз Ромимæ дæн сусæг дзырд, Æмæ фæтых мæ рæстдзинадыл хахуыр. Фæсырдтой мæ. Дыууын азы мæнæн Мæ дуне — ацы хъæд æмæ къæдзæхтæ. Æмæ цæрын ам бархийæ, хуыцаумæ Мæ фыццаг бонтæй кувын ам хуыздæр. Уæвгæ, сымахæн афон у ныр хæхтæй. 0, хъуамæ цуанон бирæ дзураг ма уа. Фыццаг сырд чи æртула, уый уыдзæн Къарол нæ куывды, иннæ дыууæ та —, Æххуысдартæ; ам, паддзахы хæдзарау, Хæргæ-хæрътн таæ тæрсæм, ’исчи нътн 154
Нæ хæринагыл марг ныккæндзæн, уымæй. Мах фембæлдзыстæм цъæх фæзы. (Гв идер и æмæ Ар в ир аг ацæуынц.) Ай-гъай, Зын басæттæн у адæймагæн йе ’рдздых. Къаролы фырттæ сты, нæ зоньшц уый. Къарол нæ зоны, ’гас ’ма сты йæ фырттæ. Сæ фыд мæн хонынц, фæлæ сæ кæд æз Мæгуырæй схастон ацы ныллæг цъассы, Лæгбæрц ыслæууæн дæр цы ран нæй, уым,— Уæддæр сæ сæнтты галуанмæ тырнынц, Æмæ сæ митыл паддзахы æууæлтæ Бæрæг зынынц,— æрдзæй сæ туджы сты. Райс Полидоры, паддзахы бындары,— Гвидери йæ хуыдта къарол,— куыддæр Æз ме ’ртыкъахыг бандоныл æрбадын Хæстон хъуыддæгтыл дзурынмæ,— æдзух Къæрцхъус æмæ цымыдисæй фæхъусы. Куы фæзæгъын: «Æрхауд мæ разы знаг, Æмæ йын æз ныллæууыдтæн йæ хурхыл».— Йæ рустыл туг сырх адары, йæ хид1 Лæсæнтæ фесты, æмæ йе ’ппæт митыл Вæййы бæрæг, тыхджы-н кæй тыхсы, уый. Йæ кæстæр Кадвал — раздæр Арвираг — Мæ ныхасмæ лæмбынæг хъусы уый дæр,— Куы февдисы йæ тæлтæг зæрдæ... Гъе! Сæ разæй райстой сырды... 0 къарол! Æрмæст мæ намыс зоны, стæй хуыцау дæр, Æнаххосæй кæй фæсырдтай ды мæн, Æмæ дын уымæн радавтон дæ фыртты, Бындар дын нал ныууагътон, раст мын ды Мæхи куыд афтидæй ныууагътай, афтæ. Сæ дыджызæ сæ мады бæсты схаста, Иæ ингæн ын нæ рох ’кæнынц нырмæ, Мæн та, Беларийы, мæ ном ныр — Морган — Сæ фыд хонынц. 0, цуанафон у ныр! (Ацæуы.)
4СЦЕНÆ Милфордмæ æввахс ран. Бацæуынц П изано æмæ Имог енæ. И м о г е н æ. Куы ’рхызтæ саргъæй, загътай: «Дард нæу Милфорд». Иæ фыццаг ноггуырдмæ .куыд тырна мад, Æз уымæй тынгдæр ныр тырнын мæ моймæ. Кæм и, Пизано, Постум? Уый цы уа? Кæсыс хъæддагау! Уæд цæуыл дзыназые? Нынныв кæн искæй ахæм хуызы, уæд Уый дунейы æнкъарддзинад æвдисид. Ах, аив ма дæ тæссаг хуыз,— æрра Кæнын, миййаг, цы хабар у, цы ’рцыди? Цыдæр тæссаг хуызæй дæттыс фыстæг! Ау, уалдзæджы тыххæй фыссынц? Уæд бахуд! Æви зымæгыл? Уæд дæ хуыз у раст. (Пизано йæм фыстæг дæтты.) Мæ мойы къух! Тыхст раны ис! Кæд ын Марг бадардтой, миййаг, æлгъыстаг Ромы? О, дзургæ тагъд! Куы фехъусон дæуæй — Æнцондæр у, куы бакæсон мæхæдæг —’ Дзыхъмард кæнын. Пи з а н о. Нæ, бакæс æй дæхæдæг. Фен— базонай, -куыд æнамонд фæдæн Хъысмæтæй æз. И м о г е н æ (кæсы фыстæг.) «Пизано, де ’хсин разынди дзæгъæлхæтаг æмæ мын фегад кодта мæ чындзæхсæвы сынтæг. Мæ зæрдæйьт тугтæ кæлынц йæ гадзрахатдзинады æвдисæнтæй. Хуымæтæджы ницæйæг гуырысхотыл нæ дзурын: йæ гадзрахаты æвдисæнтæ тыхджын сты мæ мастау, æз мæ уыды маст кæй райсдзынæн, уый гуырысхойаг куыд нæу, -афтæ. Ды хъуамæ райсай мæ маст, Пизано, кæд йæ гадзрахатдзинад дæ зæрдæйы мæнмæ æну- ©ыддзинадыл нæ фæуæлахиз, уæд. Иæ уд аскъуын Имогенæйæн дæхи къухæй. Уыцы фадат дын фæуы- дзæн Милфорды наулæууæны, уырдæм та йæ басай- дзæн мæ фыстæг. Ды уыцы хæлд сылгоймаджы ма- рын куы нæ бауæндай æмæ мæн, кæй йæ амардтай, ууыл куы нæ баууæндын кæнай, уæд ды уыдзынæ йе ’мдзæхдон æмæ мыл аивтай дæ зæрдæ ме ’фсинау». 1й6
П и з а н о. Æз сисон кард? Цæмæн, йæ фыстæй йæ Æнæуи дæр куы аргæвста... Нæ, хахуыр Æхсаргардæй кæрдагдæр у, йæ хæст Тæссагдæр вæййы нилаг калмы маргæй; Йæ комдæф уады базыртыл тæхы Æгас бæстыл æмæ йæ чъизи калы Суанг паддзæхтыл дæр,— усæй уа, чызгæй, Сæрæгас уай, йе — ингæны, кæны сæ Хæрз худинаг. Хуыцау! Цы кодтай уьгй? И мо г енæ. Фæливын — æз?.. Æмæ цы у фæливын? Æгъуыссæг уæвын, уарзоныл тыхсын Æмæ кæуын? Дæ цæстытæ æрцъынд кæн, Куы фæтых уа дæ мастыл фæллад, уæд, Æмæ йæ фен тæссаг хуызы дæ фыны, Стæй уайтагъд ниугæ фехъал у? Ау, уый Фæливын у? Зæгъ-ма! "П и з а н о. Фæраз, принцессæ... И м о г е н æ. Фæливын — æз? Фод Акимо æвдисæн, Фæлывд куы хуыдта Постумы, уæд æй Кæй рахуыдтон æнаккаг. Ныр уынын, Кæй дзырдта раст. Цæйдæр дзæгъындзæг Ромы Сырх ахорæнтæй сахуырста йæхи Æмæ кæлæнтæй асайдта мæ мойы. Æ’З та — æвзæр, зæронд дарæс дæн æз, Фæлæ зынаргъ, æмæ ’мын ’къулыл дарæн Нæй ауыгъдæй. Уæдæ мæ мар, æргæвд! Нæлгоймаджы æрдбахæрд у мæнгдзинад!.. . Мæ мой, мæ мой! Дæ фæсайды фæстæ Зæххон хæрзæгъдау чъизи хуызы бацыд Дыдзæсгомæй — чызгæн хæрзиуæг нæй, Æппæтдæр — сайд, фæлывд! ’П и з а н о. Æхсин, фæлæуу-ма... И м о г е н æ. Энейы сайдæй намысджынты ’ууæнк дæр Фæцудыдта. Синоны цæссыг та Сыгъдæг цæссыгтыл нал уадзы æууæндын, Æцæг мастыл тæфæрфæс дæр мæнг у. О 'Постум, ды æгад кæныс дæ мийæ Æгъдауджынты. Уæздандзинад, лæгдзинад 157
Ныртæккæ сты мæнгард æмæ фæлывд. Цы ма кæсыс, Пизано? Тагъд! Уæд та Ды разын раст лæг, сæххæст кæн йæ бардзырд. Кæд ма йæ фенай Постумы — зæгъ-иу ын, Кæй кастæн коммæ. Ракæс-ма, мæхæдæт Дæ кард куыд ласын. Айс! Æмæ1— цæвгæ’ Æназым уарзты кувæндон — мæ зæрдæ. Нæ, ма тæрс: афтид у — æрмæст дзы маст; Йæ хъæздыгдзинад чи уыд, уый дзькнал ис. Уæдæ дæ бардзырд ’сæххæст кæн — цæв мæ. Ныфсхаст уыдтæ, фæлæ æнхъæлдæн, абон Тæрсаг дæ? П и з а н о. Бамбæхс марæн кард! О, нæ; Мæ къух дæу туджы нæ сæвдулдзæн!" И м о г е н æ. Хъуамæ Æз амæлон, æмæ дæ къухæй мард Куы не ’рцæуон, уæд коммæгæс нæ дæ. Хуыцæуттæ махæн хи марын нæ уадзынц, Æмæ мæ къух зыр-зыр кæны куыддæр. Тагъд! Мæнæ зæрдæ... Риу æхгæд цæмæйдæр?" Дард! Зæрдæйы нæ хъæуы уарт. Кæрддзæмау, Уым хъуамæ кард æнцон ныссадзæн уа... Цы уой? Мæ рæстзæрдæ лæджы фыстытæ?" Мæнг ыстут! Растзæрдæ ныртæккæ нæй. Сымах уарт не стут зæрдæйæн. Фæсайдзæн* Мæнг динæй сауджын зондцухы, фæлæ Нæ баззайдзæн æнæфхæрдæй фæлитой! О Постум, ды нæ бауагътай мæн хъусын Нæ паддзах-фыдмæ, аздæхтон фæстæмæ Мæ курæг лринцты,— худтæн сыл уырдыгм’æ,—*- Ды бамбардзынæ, цас уæздан æмæ Хъæбатыр уыд мæ уарзондзинад. Хатын Рыст зæрдæйæ, дæ уæййаджы рæвдыдтæи Куы бастайай, ныккæрздзынæ æнкъардæй Æмæ ма уæд æрымысдзынæ мæн. Фæтагъд кæн1 Уæрыкк æргæвдæгмæ сиды: «Кæм и дæ кард?» Æхсызгондæр мын у, Дæ иу цæфæй куы фæуон, уæд. Пи з а н о. О ме ’хсин, « Куы райстон бардзырд, уæд фæлыгъд мæ хуыссæг. 154
Шы о г~ен.æ. Мæн амар — æмæ бафынæй у. Пи з а н о. Раздæр Уæд амæлын мæхи хъæуы. .Имогенæ. Уæдæ ма Цæмæн цыдтæ йæ баххæстмæ? Цæмæн ма Фæластай уæд мæн афтæ дардмæ сайдæй? Цæй тыххæй стæм æнафон ам? Цæмæн Тындзыдтай? Науæд бæхты цæмæн мардтай? .Цы сыстын кодтай паддзахы кæрт, уырдæм Мæнæн куынал ис ’баздæхæн дæр, уæд? Саг баййæфтай, уæд де ’рдынбос цы суагътай? Пи з а н о. Зæгъын, кæд афои ацæуид, æмæ .Мæхи фыдмийæ бахизин. Æхсин, Ис иу хъуыды, æмæ йæм байхъус, курын. 'Имогенæ. Цы кæны, ратт куыст де ’взагæн. Мæ ном Дзæгъæлхæт у! Фысы куы кæнынц кусарт. Уæд ын .фыццаг цæхх адарынц. Æниу, Дæ ныхас кæн. ■ "Пизано. Фæстæмæ здæхæн нал ис Дæуæн. "Имо ген æ. Бæгуыдæр; мæн куы марыс ды. Пизан о. Нæ, ме ’хоин. Æз хæрзæгъдау куыд дæн, афтæ Куы уаин зондджын,— хорз уаид мæ фæнд. Уæ дыууæйы дæр бафхæрæг æнаккзг Фæсайдта взагæй ме ’лдары. -И м о г е н æ. Уый — ромаг лХæтаг сыл, нæ?.. Ии з а н о. Нæ, ард хæрын мæ удæй! "Ныффысдзынæн æм, зæгъгæ, мард дæ ды. тИæ бардзырдмæ йын тугæйдзаг æвдисæн Дæу амæлæтыл арвитдзынæн æз. Ды галуаны кæй нал дæ, уый дæр дзурдзæн .Дæ мæлæтыл. 159
Имогенæ. Æз та цы «æнон уæд? Кæм бамбæхсон? Кæм цæрон? Кæд мæ мойæн Æз мард дæн, уæд цы кæнын ахæм цардæй? П и з а н о. Куы баздæхай уæ галуаимæ, уæд та... И м о г е н æ. Мæ фыдмæ — нал. Нал — галуанмæ. Уым Клотен’—’ Мæ удхæссæг æдзæсгом сырд цæры. Тæссагдæр у уый саурынæй мæ удæн. П и з а н о. Уæдæ дын нæй Британийы цæрæн. - И м о г е н æ. Кæм ма уæдæ? Уæвгæ, цымæ æрмæст Британийы зæххы сæродæ ис рухс хур? Британи — бæсты иу хай у — цыма Стьгр цады доныхъазы ахстон. Адæм! Канд уым нæ цæрынц. Пи з а н о. Раст хъуыды кæныс Æндæр бæстыл. Ам, Милфорды нæм райсом* Уыдзæни Ромы минæвар Кай Луци. Бæргæ, дæ хуыз куы раивис, цæмæй Дæ зын хъысмæты мастæн чи у, уыцы Рæсугъд æнгас æм-бæхст æрцæуа, уæд Ныфсджын æмæ хæрзæмондæй æрцæрис Ды Постуммæ хæстæг, æмæ дын кæд Нæ уаид йемæ фембæлæн, уæддæр ын Иæ хабæрттæ æрвылбон хъусис ды Æнæсайдæй. И м о г е н æ. Æппæтмæ дæр цæттæ д’æн! Цыдæриддæр хуыз «райсдзынæн,— тæрсын Æрмæст мæ номæн. П и з а н о. Гъе, дæ ныфс мын бирæ. Сылгоймаг дæ, уый ферох кæн. Рæвдыд, Тæрсын — ’сылыстæджы рæсугъдад — уыдон Сæ бынат раттæнт артуадзаг ныфсæн, Æхсарæн, судзгæ хъаруйæн; мæт ма кæн Дæ уадулты’уæздан цъарыл, æндæр Гæнæн дын нæй,— уадз’ ’хуры тын сын пъатæ- Кæна зыдæй. Дæ рæсугъд уæлæдарæс, 160
Дæ хъазæнтæ — Юнонæ дæр хæлæг Кæмæ бакæнид — рохгæнгæ уыдзысты. И м о ге н æ. Дзур тагъддæр! Æз дæ фæнд æмбарын. Раст Цыма лæг дæн, кæсы мæм афтæ раздæр. Пйз а н о. Фыццаг уал хъуамæ суай лæгæн йæ хуызæн. Æз афснайдтон мæ голладжы къандзол, Хæлаф, тæнæг худ æмæ къорд цыдæры Дæу аккæгтæ. Цæугæ дæ дарæс раив Æмæ ныфсхастæй Луцимæ фæзын, Цæмæй дæ райса службæмæ. Фæдзур ын, Цы зоныс,уыдон; зарджытæ йын кæн; Кæд музыкæ æмбары, уæд дæ райсдзæн, Уæздан лæг у, уæлдайдæр та — хæдæфсарм. Æцæгæлон бæсты цæрынæн дын Æхца мæнмæ кæддæриддæр уыдзæни. И м о г е н æ. Хуыцæуттæ мын ныфсæн æрмæст дæу радтой. Цæй, цом, цæуылдæр ахъуыды хъæуы,—■ Рæстæг ма ис,— цæмæй рæвдз цæуа хъуыддаг. Ныр æз хæстон дæн, паддзахау цæуын Ныфсхастæй а тæссаг куысты. Цом тагъддæр! Пи з а н о. Нæ, ме ’хсин, мах хæрзбон зæгъæм. Мæн кæрты Куы не ссарой, фæдызæрдыг уыдзысты, Ома æмвæнд дæн демæ. Айс лагъз мæнæ, Ус-паддзахы лæвар. Уым ис зынаргъ хос. Цыфæнды низæй хъæрз — æрмæст дзы хуьнш — Æмæ низ уайтагъд айсæфы. Гъа, айс æй. Ныр батындз. Уартæ стыр бæлæсты бын Лæджы хуыз райс, æмæ дын фод хуыцæуттæ Æххуысгæнæг. И м о г е н æ. Иттæг бузныг. Аминь. (Ацæуынц фæйнæрдæм.) 5 СЦЕНÆ Уат Цимбелины галуаны. Бацæуынц Цимбелин, и с-паддзах, Клот’ен, Л æмæ æ лд æ ртт æ. Ци м б ел и н. Фæндараст, уазæг! Хорзыл амбæл. Ц Шекспир, 2-аг том.
Л у ци. Бузныг. Æрвиты Цезарь, раздæх, дам. Мæнæн Тынг хъыг у уый, тынг, ды йе знаг кæй дæ, ахæм Хабар хæссын. Цимбелин. Мæ адæмы нæ фæнды Æфсондз хæссын; къарол йæхибæстаг Дзыллæты фарс куы нæ фæхæцы, уæд Æгад фæкæны. Л у ц и. Хъузæттæ мын ратт, Дæ бæсты фарнæй, Милфордмæ. Дæхицæн, Стæй ус-паддзахæн — арфæтæ мæнæй. Цимбелин (æлдæрттæм). Сымах цæугæут минæварæн йемæ, Æгъдау куыд ницæм,æй æрцæуа хæлд! Фæндараст, Луци! Л у ц и (Клотенæн.) Цæй, хæрзбонтæ, принц. К л отен. Лымæны къух дæттын, фæлæ уыдзæн Ызнаджы къух. Л у ц и. Цæй, чи ’басæтта, уый дæр Бæрæг уыдзæн. Хæрзбон уал. Ци м б ел и н. Минæвары Дон Северны онг бахæццæ -кæнут — Æмæ йыл маст куыд не ’рцæуа. Фæндараст! Л у ци æмæ æ лд æ р тт æ ацæуынц. У с-п а д д з ах. Тызмæгæй ацыд; хъуамæ уæм сæрыстыр, Уым аххос мах кæй уыдыстæм. К л о т ен. Хуыздæр у.- Хæцын фæнды броитайнæгты, хæцын! Цимбелин. Кай Луци Роммæ арвыста хабар, Цы ’рцыд йæ разы, уый тыххæй. Хъæуы нæ Цæттæ кæнын бæхджынтæ ’мæ уæрдæттæ. Ныр Галлийы цы ’фсад и ромæн, уымæ Ног бафтаудзæни, барæвдз сæ кæндзæн Нæ ныхмæ уайтагъд. 162
У с-п а д д з а х. Мах хъæудзæни ныр Æвæстиатæй архайын, ныфсхастæй. Цимбелин. Цæмæй у тас, зыдтам æй, æмæ мах дæр Хæдынмæ кодтам хорз цæттæ. Фæлæ, Уæ хорзæхæй, нæ чызг кæм и? Нæ фæзынд «Уæ райсом хорз» зæгъынмæ, минæвармæ Нæ ракасти. Куыд кæсьш, афтæмæй Хæрз хивæнд у æмæ нæ кæсы коммæ.— Фæдзурут æм! Æгæр бирæ йын барстам. Æлдæрттæй иу ацæуы. Ус-паддзах. Мæ паддзах! Постум хъодыгонд куы ’рцыд, Уæдæй нырмæ йæхи æмбæхсы фæсвæд, Фæлæ йæ рæстæг адзæбæх кæндзæн. Дæ хорзæхæй, тызмæг дзыхæй йæм ма сдзур, Тæнзæрдæ у; уæззау цæф ын у уайдзæф, Цæф та — 'М’æлæт. Æ лд ар баздæхы. Цимбелин. Кæм и мæ чызг? Цæмæн Нæ кæсы коммæ? Æ л д а р. Сæхгæдта йæ дуæрттæ, Фæхостам тынг, фæлæ нæ дæтты дзуапп, У с-п а д д з а х. Фæстаг хатт æй куы федтон, уæд принцессæ Куырдта, цæмæй йын бахатыр кæнат Йæхи ’мбæхсын,— хъæрзгæгомау, дам, дæн, Æмæ, дам, уæм сæумæрайсомыл уымæн Нæ бауайын; æмæ куырдта, цæмæй дын Æз загътаин, фæлæ, хатыр, тыхст уыдтæн Æмæ мæ байрох... Цимбелин. Ау, йæ дуар — æхгæд? Æмæ нæ кæсы? О хуыцау, мæ хъуыды Мæнг рауайæд! Ацæуы. У с-п а д д з а х (Клотенæн). Цæугæ йæ фæдыл, тагъд. К л от ен. Йæ иузæрдыг æххуырст Пизано ныр Дыккаг бон нæй. 163
У с-п а д д з а х. Æппæт дæр базон, хъусыс? (Клотен ацæуы.) Иæ хъузон у Пизано Леонатæн! Мæ марг мын айста. Уьщы марг, бæргæ, Куы фæуаид йæ фесæфынæн аххос... Æцæг æй хос æнхъæлдта. Фæлæ чызг Кæм уа? Æваст цы фæуыдаид? Ах, Йæ тыхстыл, йе йæ уарзыны тæмæныл Куы атæхид йæ моймæ æмæ уым Иæ мæлæт, йе йæ худинаг куы ссарид!.. Цыфæнды уæд,— куы аокъуид йæ уд — Мæ фырт æркæнид паддзахæн йæ худ! (Клот ен баздæхы.) Цæй, куыд, мæ хур? Цы базыдтай? К л отен. Чызг алыгъд! Къарол цæхæртæ калы, æмæ иу дæр Нæ уæнды ’ввахс. У с-п а д д з ах. Хуыздæр у уый, хуыздæр у. Хуыцау куы зæгъид, маст куы кæнид тынг,— Сæумæцъæхтæм <куыд ахуысса йæ зынг! У с-п а д д з а х ацæуы. Клот ен. Мæ рухс зæд дæ, мæ марг дæ, Имогенæ. Ды — саурæсугъд, æцæг иринцессæ дæ; Дæ разы иннæтæ, чызгæй уа, усæй — Дзыкъынатæ. Дæл-имойнаг, дæхи Куыд бакодтай,рæсугъдæй цы ис, уыдон! Цæхæрдæстдæр дæ .иннæтæй, æз дæ Гъеуымæн уарзын. Фæлæ ды мæныл Æлгъгæнгæ чъизи Постумы лæгæн Кæй равзæрстай, æвзæрæй хорзы ’хсæн Цы хицæн и, уый кæй нæ зоныс, уымæй Дæ кад фæдæлдæр, æмæ уый тыххæй Нæ уарзын дæу, мæ маст дæ хъуамæ райсон — Æрмæст, сæрхъæн... (Бацæуы П изано.) Уый чи у? Ах, ды дæ? Хæстæг-ма рацу! Уый ды кæныс хинтæ, Æнаккаг хъузон! Зæгъ, цы ран и де ’хсин, Мæнгард! Дзур тагъддæр! Науæд дæ дзыхъмард Кæнын ныртæккæ. 164
Пиз а но. О мæ дзæбæх принц! К л о т ен. Кæм и принцессæ? Ард хæрын хуыцауæй, Фæстаг хатт дæ фæрсын! Æнаккаг куыдз! Дæ зæрдæйæ дын скъахдзынæн дæ фыдвæнд, Кæнæ дæ фыдвæнд зæрдæимæ. Зæгъ, Цы ран и чызг? Ау, Постум-имæ, уыцы Æдзæсгомдæр цъыфхоримæ? П и з а но. Нæ, принц! Нæй уый уæвæн: чызг ам уыдис æрæджы. Йæ лæг та Ромы. К л отен. Зæгъ, уæдæ кæм и? Хæстæг æрлæуу! Кæс комкоммæ. Цы фæци? Дзуапп ратт! П и з а но. Цытджын принц! К л отен. О цытджын фæлитой! Цы фæци де ’хсин, дзургæ, зæгъын, тагъд! Дзур комкоммæ, æнæ «цыт» æмæ «принцтæй». И? А сахат куы нæ зæгъай, уæд дын —> Мæлæты тæрхон! П и з а но. Мæнæ, принц, фыстæг. Уым алцыдæр ис ме ’хсины фæлыгъдæн Йæ аххостæй. Ратты йæм фыстæг. К л от ен. Æркæсæм. Æз йæ фæдыл Суанг Цезары галуанмæ дæр — цæттæ. Пизано (фæрсмæ). Цы кæнон? Кæнæ уый, кæнæ мæлæт. Чызг дард ран ис, нæу уымæн тас æшшндæр, Фæнды йæ фæдыл абырсæд. К л о т е н (фыстæг кæсгæйæ). А-гъа!.. П и з а н о (фæрсмæ). Цон ме ’лдармæ ныффыссон, зæгъгæ, де ’фсин Фæмард. Хæрзбон, æхсин. Дæ фæндаг раст. Фæстæмæ раздæх тагъддæр. Ма фен маст! 16/
К л о т е н. Æмæ ацы фыст мæнг нæу? П и з а но. Ме ’рдыгонау, нæу. К л о т ен. Ай Постумы къух у! Ай-гъай, æз æй зонын! Гъей, ма- гуса! Дæ фæлитой митæ куы ныууадзай æмæ мын æнувыд службæ куы кæнай, одæ бардзырдтæ мын афоныл хорз куы ’ххæст кæнай, цавæрфæнды æдзæс- гом куы уой, уæддæр, уæд дæ нымайдзынæн намыс- джыныл, æмæ уæд дæ зæрдæ дар ме ’ххуысыл. Цух ницæмæй уыдзынæ: дæ сæры куы уа зонд, уæд дæ сисдзынæн бæрзонд. Пизано. Æз разы дæн, мæ дзæбæх принц. К л от ен. Службæ мын кæндзынæ? Ды ахæм фæразæгой, æнувыд службæ кодтай уыцы гæвзыкк Постумæн, æмæ хъуамæ бузиыг уай, мæхицæн дæ иузæрдион æххуыр- стæй кæй исын, уый тыххæй. Лæггад мын кæндзынæ? П и з а н о. Кæндзынæн, дæ уæздандзинад. К л о т ен. Æрбадар дæ къух — хæц ацы чьгссæйылГ Исты уæ- лæдарæс дæм баззади дæ раздæры æлдарæй? П и з а н о. 0, принц, мæ уаты ис, йæ ацæуыны размæ ме ’хсшга- мæ хæрзбон кæм кодта, уыцы дарæс. К л о т ен. Цæугæ æмæ йæ рахæсс ардæм. Уый уыдзæн мæ- нæн дæ фыццаг хæрзиуæг. Уайгæ! П и з а но. Цæуын, дæ уæзда-ндзинад. (Ацæуы.) К л о т ен. Хъуамæ йæ баййафон Милфорды. Ехх, дæлимон, ба- фæрсинаг æй уыдтæн, фæлæ — нæ аирвæздзæн. Гъе, афтæ дæ хъуамæ амарон, Постум, цъаммар фестинаг. Дарæс мын тагъддæр куы рахæссид! Сæрхъæн чызгГ Афтæ мын загъта,— нырмæ йæ уыцы ныхасæй мæ зæрдæ мæстæй тонгæ кæны,— Постумы хæррæгъ ын мæ бирæ хæрзиуджытæй, мæ сыгъдæгдзинадæй зы- наргъдæр у. Гъемæ йын, Постумы уыцы хæррæгътæ мае уæле, афтæмæй тыхми бакæндзынæн, уый размæ 166
та йын йæ цæстыты раз йæ Постумы ныммардзынæн. Гъеуæд мын базондзæнис мæ лæгдзинад æмæ фæс- мойнаг фæуыдзæн йæ сæрыстырдзинадыл. Афæлдах- дзынæн Постумы, йæ мард ын хынджылæггаг фæкæн- дзынæн, стæй мæ мондæгтæ суадздзынæн чызгæй; фæ- лæ, саурæсугъдæй мæ маст ноджы тынгдæр райсыны тыххæй, утæппæт хъуыддæгтæ иууылдæр бакæндзы- нæн, афтæ зынаргъ ын чи у, уыцы дарæсы. Гъестæй йæ мыхъхъытæгæнгæ атæрдзынæн фæстæмæ хъæмæ! Дæуæн æхсызшн уыди мæнмæ уæле дæлæмæ кæсын, ;æз та цин кæндзынæн дæуæй мæ маст исгæйæ. (П из ано баздæхы дарæсимæ.) Уый уыцы дарæс у? П и з а но. Уыцы дарæс, принц. Клотен, Æмæ принцессæ Милфордмæ раджы ацыдис? П и з а но. Афонмæ нæма бахæццæ уыдаид, дæ уæздандзинад. Кл о т ен. Ахæсс дарæс мæ уатмæ; уый у дæ дыккаг хæрзи- уæг, æртыккаг та — сыбыртт дæр макæмæн скæн мæ фæндты тыххæй. Æ-нувыд мыл у, æмæ рæхджы фæ- уæлдæр уыдзынæ. Мæ маст исъш мæм æнхъæлмæ кæ- сы Милфорды! Ехх, дыууæ базыры мæ куы уаид, уæд атæхин рæсугъдмæ. Цом мемæ æмæ мыл у иузæрдион. (Ацæуы.) П и з а н о. Æнувыдыл дæуæн дзырд раттон æз? Мæ хицæутты ныхмæ? Æнхъæлмæ кæс! Тæх Милфордмæ, нæй ме ’хсинæн уым арæн. Фæндагыл æм сæ хъус нæ зæдтæ дарæд! А сæрхъæн та зыгъуыммæ рацыд Æмæ фæуæд фæндагсыгъд балцы! (Ацæуы.) 6 СЦЕНÆ Уэлс. Беларийы цъассы раз. Бацæуы Вмо г енæ лæппуйы дарæсы. Имогенæ. Ныр 'б:азыдтон — дæйбæрц зын у лæг уæвын! 167
Куыд бастадтæн! Дыууæ ’хсæвы дæргъы . Мæ хуыссæн — зæхх. Куы нæ уыдаин фидар Зæрдæйæ, уæд æрхаудаин. Ах, Милфорд, Хæстæг зындтæ! Фæлæ уынын, куыд лидзынц Ам хæдзæрттæ фæндаггонæй, цæмæй йын Æхсæвуат ма уа. Амыдтой мы-н ардæм Дыууæ мæгуыры, æз дзæгъæл нæ фæдæн. Мæгуыр лæг, ау, фыдхъизæмæрттæ фенæг, Куыд фæсайдзæн, йæ сайд æндæр мæгуырæн Уæззау зынтæ куы бавзарын .кæндзæн? Мах зонæм, арæх бонджынтæ фæсайынц, Фæлæ хъæздыг уæвгæйæ сайын — уый Мæгуыры сайдæй чъизидæр у бирæ: Къаролты сайд æнæхæдзæртты сайдæй Æлгъагдæр у. Ды дæр, мæ мой, фæсайдтай! Дæу мысгæйæ мæ ме стонг рох кæны, Æз та тыххæй куы лæууын.— Ам цы уа? Æдзæрæг цъасмæ — къахвæндаг?.. Уæд та сæм Фæхъæр кæнин? Нæ, æз тæрсын. Фæлæ Мæлæты раз тых дæтты стонг — фæзæгъынц. Æфсæст цард æмæ зивæгæн фæгуырынц Тæппудтæ; хъуагдзинадæй та цæуы Лæджы хъару. Гъей! Чи дæ? Кæд лæг дæ— Уæд ракæс! Сырд — уæд царды фæрæз ратт, Йе — айс мæ цард! Гъей... Ничи... Бацæуон сæм; Мæ хъама сласон, ме знаг кæд тæрса Мæнау, уæд мæм нæ кæндзæни лæбургæ — Хуыцау мын раттæд иу ахæм ызнаг. Бацæуы цъасмæ. Фæзынынц Белари, Гвидери æмæ Ар вир аг. Б е л а р и. Ды, Полидор, нæ хуыздæр цуанон дæ, Нæ паддзах, æз — хæринаггæнæг, Кадавал — Лæггадгæнæг. Нæ ныхас афтæ уыд, Лæджы фæнд æмæ аивадæн хъуамæ Нысаяиуæг уа раздæр. Уæдæ цом Хуымæтæг сихор бахæрæм, иттæг хорз Æрцæудзæн не стонг. Кусæг лæг фæлладæй Къæйыл дæр бафынæй вæйй-ы, фæлæ А магуса — бæмбæг дæр ын хъæбæр у. Саламтæ дын, хуымæтæджы цæрæн, Фæрнæйдзаг у! Гв и д е р и. Куыд бастадтæн! !63
А р в и р а г. Мæныл Фæтых и ме стонг, фæлæ саст нæма дæн. Гв и д ер и. Нырма нæм хъуамæ уазал дзидза уа. Ысуаддзыстæм уал иуцъус уымæй не стонг, Стæй ног сырдвыд... Б е л а р и. Æнцад лæуут! Æнцад! Нæ муртæ нын куы нæ хæрид, уæд æй Зæд фенхъæлин. Гв и д ер и. Цы хабар ма у уый та? Б е л а р и. Уый зæд у! Ард хæрын, уæларвон зæд Лæппуйы хуызы. Им о г е нæ рацæуы цъассæй. И м о г е н æ. Бахатыр кæнут, Уæ хорзæхæй! Фæдзырдтон дуарæй бирæ — Нæ уыди дзуапп! Фæцæймардтæн сыдæй. Къæрных нæ дæн. Гъа, й’ аргъ уын, ард хæрын, Сызгъæрин даер нæ систаин, ам, зæххыл Куы уыдаид пырхæй, уæддæр. (Дæтты æхца.) Æхца уын. Фæсхæрд сæ ам ныууагътаин уæддæр Æмæ цыдаин, фæндагыл куывтаин Уæ цæрæнбонтæн. Гв и д ер и. Куыд, æхца, лæппу? А р в и р а г. Уадз, уый фæлтау æвзист æмæ сызгъæрин Цъыф фестæнт! Аргъ сын уый кæны æрмæст, Цъыф кæмæн у йæ хуыцау. И м о ге н æ. Ау, мæсты ’мæм Кæнут? Кæд амарынмæ хъавут мæн Мæ фыдмимæ, уæд зонут — æз æнæ уый Кæй амардаин. " Б е л а р и. Дард цæуыс? И м о г е н æ. Тындзын 169
Раст Милфордмæ. Б е л э р и. Дæ ном куыд у? И м о г е н æ. Фиделе. Мæ иу лымæны Милфордæй фæндьг Итайлаг науы ленк кæнын. Æз уымæ Фæцæйцыдтæн, сыдæй тыхстæн æмæ уын Уæ хойраг райстон. Б е л а р и. Мах хъæддæгтæ не стæм, Мæ хъæбул; а дæрзæг цæрæнмæ ма кæс. Лæуу уазæгуаты. Банафон. Цы *нæм уа — Дæ сæрвæлтау фод. Бузныг дæ уыдзыстæм,, Æхсæвæр нæм куы скæнай. Ахонут æй, Мæ хуртæ. Гв и д ер и. Лæппу, чызг куы уаис — æз Æрзылдтытæ кæнин бæргæ дæ рæзтьг Мæ уарзонау. Ар в и р а г. Уæдæ мæнмæ лæппуйæ Хуыздæр кæсы. Æфсымæрау мын дæ; Æмæ дыл, иппæрд мæ чи уыди, уыцы Æфсымæрау æмбæлын ам. Салам! Фæхъæлдзæг у; дæ хæлæрттæ сты адон.. И м о г е н æ (фæрсмæ). Æфсымæртæ хуыздæр уыдаид! — уæд Бындар нæ уаин паддзахы бынатæн, Мæ ном дæлæмæ ’рхауид æмæ суаин Уæд де ’мсæр, Постум. Б е л а р и. Фенкъард и цæуылдæр. Гв и д е р и. Æххуысæн æй куы бахъæуин!.. А р в и р а г. Æз дæр, Цыфæнды зын, уæззау хъуыддаг куы уаид... Б е л а р и. Мæ хъæбултæ, æрбайхъусут-ма мæм... Б е лари, Г вид е р и æмæ А р вираг сусу-бусу кæнынц* И м о г е н æ. Гъей-джиди, ныр зæххыл куы уаид ахæм Къаролтæ,— стонг, мæгуырдзинад, цагъарад 170
"Кэей хицаудзинад фесæфид; йе ахæм Галуантæ,— чъизи сайæн митæй нæ, Фæлæ æрмæст йæ намысмæ гæсгæ Лæджы бæрзонд кæм исиккой! Куы уаид Къаролтæ ахæм,— уыдон дæр уæд ацы Хуымæтæг удтæн не слæуиккой се ’мсæр! Хатыр, хуыцау, фæлæ дæ бафхæрд, Постум, Куы бавзæрстон, уæд — лæг куы фестин ныр — Ам адонимæ баззайын. Б е л а р и. Гъе афтæ... (Гвидери æмæ Арвирагæн.) Цæй, цом, сырдвыд ысфыцæм. (Имогенæйæн.) Мæ хур, рахиз, Æххормагæй цæй ныхас кæнæн ис? Фæсахсæвæр нын радзурдзынæ ды Дæхи тыххæй, цы дæ бафæнда, уыдон. Гв и д ер и. Æрбахиз нæм. Ар в ир а г. Сæуæхсид зараг цъиуæн Куыд æхсызгон у, талынг та — уыгæн, Дæ уынд у махæн афтæ ’хсызгон. И м о г е н æ. Бузныг. А р в и р а г. Дæ хорзæхæй, мæ буц æфсымæр, рахиз. (Ацæуынц.) 7 СЦЕНÆ Ром. Фæз. Бацæуынц дыууæ патрицийы æмæ триб у нт æ. 1-аг тр и б у н. Сымахмæ, адæм, Цезарь сиды,— хъусут: Далматтæ ’мæ паннонты ныхмæ не ’фсад ; Мах арвыстам, нæ легионтæ уым Хæсты фаг не сты Галлийы, цæмæй Бритайнæгты ныхъхъус кæнæм,— ныр Цезарь Патрицитæм æрвиты, хъуамæ схæцой Бритайиæгтæн сæ ныхмæ. Хицау скоДта 171
Кай Луцийы. Сым-ахæн та зæгъы,— Æвæстиатæй йе ’фсады ныллæуут. Æгас цæуæд нæ кадджын раздзог Цезарь! Тр и бу н. Кай Луци у къамандæгæнæг? 2 - а г патр’ици. О. Тр и б у’Н. Галлийы ис? 1-аг патрици. О, сымах æмбырдæй Цы легионтæм бацæудзыстут, Цезарь Ис уыдонимæ. Уый нымайы ныр, Æфсад æм цас и, стæй хæцынмæ хъуамæ Кæд ацæуой. Тр и бу н. Æххæст уыдзæн йæ дзырд! (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Уэлс. Беларийы цæрæнуат цъассы цур. Бацæуы К л о т е н. К л от ен. Кæд мын Пизано раст бацамыдта, уæд сæ фембæ- лæн бынат ам хæстæг кæмдæр ис. Постумы дарæс раст цыма мæныл карст уыд,— мæхи аккаг. Уæд æз цæуылнæ хъуамæ разынон йæ уарзоны аккаг? Дзæ- гъæлы нæ акæнынц: сылгоймаджы раз фидар фæлæуу, æмæ бауыдзæн дæу. Гъе, уæдæ ацы ран хъуамæ са- рæхсрн. Кæд адæймаг иунæгæй куы аззайы айдæни- мæ, уæд йæхимæ кæй ракæс-бакæс фæкæны, уым фа- уинагæй ницы и*с, уæд æз цæуылнæ хъуамæ зæгъон, Постумæй цауддæр кæй нæ дæн, уый? Æз уымæй æры- гондæр нæ дæн, фæлæ уæйыгдæр; мулк мæм къаддæр нæй уымæй, мæ уавæр та — уæлдæр. Райгуырдæй æз — кадджындæр, паддзахадон хъуыддæгты — дæс- <ныдæр, лæгæй-лæгмæ хæсты та мын æмбал нæй. Гъе, фæлæ уæддæр уыцы сæрхъæн чызг, мæ фыдæнæн, уарзы уый. Афтæ у адæймаджы цард! Дæ сæр, Лео- нат, нырма де уæхсчытыл бады, фæлæ сахаты фæстæ ратæхдзæн; дæ уарзоны дын фæхудинаг кæндзынæн, йæ дарæс ныппырх кæндзынæн. Куыддæр уыдон конд фæуон, афтæ рæсугъды, мыхъхъытæгæнгæ, мæ разæй айсдзынæн хъæмæ йæ фыдмæ. Уый мæм, чи зоны, иу- чысыл амæсты уа йæ чызгæ&.ахæм -руымиры митæ ба- кæныны тыххæй, фæлæ йæ<м~æ мад зоны æрбатымбыл- тæ кæнын, æмæ хъуыддаг афтæ разилдзæн — бузныг дæр ма мæ уыдзæни... Мæ бæх фидар баст у. Уæдæ, мæ кард, дæ кæрддзæмæй фесхъиу! Уæззау куыст дын уыдзæни ныртæккæ! Ехх, Фортуна, æрмæст сæ мæ 173
къухтæм рауадз! Амындмæ гæсгæ, хъуамæ ам фемб<&- лой, уыцы Пизано мæн асайын ма бауæндыда^д, хъуамæ. (Ацæуы.) 2 СЦЕНÆ Беларийы цæрæнуат цъассы цур. Цъассæй рацæуынц Б ел ари, Г в ид ер и, Ар вираг а$мæ Им о г енæ. Б е л а р и (Имогенæйæн.) Хъæрзгæ дæ, цы? Ам баззай, цуанæй уайтагъд Æрцæудзыстæм. А р в и р а г (Имогенæйæн). Æфсымæр, баззай ам. Æфсымæртæ стæм, афтæ нæу? И м о ген æ. О, адæм Æфсымæртæ уой хъуамæ. Фæлæ иутæ Сæ уæзданæй ныббуц вæййынц æмæ Сæхи фæкæнынц иннæтыл уæлæхох. Мæлæты фæстæ иу вæййынц. Рынчын дæн. Гв и д ер и. Цæут æнæ мæн, æз лæудзынæн йемæ. И м о ге н æ. Цæмæн? Тæссаг рынчын нæ дæн, нæдæр Фæлмæнвад дæн,— мæлæтæй чи фæтæрсы, Нæ дæн æз ахæм. Курын уæ, кæнут Уæ хъуыддæгтæ, цыма нæ дæн æз ам дæр; Цæуыл фæгæрз уай, уый нæ хъæуы уадзын. Рынчын дæн, фæлæ ам куы уай, уæддæр мын Дæ бон нæу баххуыс. Адæмæй куы лидзай, Уæд’дын сæ уынд нæу ирвæзыны хос. Лæмæгъ нæ дæн, кæд афтæхорз мæхи Æмбарын, уæд. Ныууадзут мæ хæдзаргæс, Æмæ уæ ницы фесæфдзæн, уырнæд уæ, Кæд исты давон, уæд æрмæст мæхи, Кæд амæлон — бæстысæфт дзы нæ уыдзæн. Г в и д е р и. Лæппу, æз уарзын дæу. Зæгъын æй ноджы: Æз уарзын дæу мæ хорз фыды бæрц, раст Мæх<и фыдау. Бел а р и. Цы загътай? Куыд?.. 174
А р в и р а г. Кæд уый Тæригъæд у, уæд мах — рæдыд дыууæйæ; Æрбацæуæг мын тынг адджын фæци. Дзырдтай: нæй уарзондзинадæн æмбарæн! Ай-гъай, куы ’рлæууид къæсæрыл мæлæт, Куы бафæрсид, кæй ахæссон, зæгъин ьгн: «Мæ фыды, а лæппу цæрæд!» Б е л а р и (фæрсмæ). Уынут, Къаролы туг! Æрдзон сæрыстырдзинад! Гæвз равзæры гæвзæй, тæппуд — тæппудæй. Æрдзæй вæййы фæрæктæ æмæ ссад, Цæсгом, æдзæсгом. Уадз сæ фыд æз ма уон, Фæлæ цæмæн фæадджындæр, цымæ, Сæ удтæн лæппу?.. Фарæстæм у сахат. {Ар в ир а г. Æфсымæр, фенынмæ! И м о ген æ. Фæндараст! А р в и р а г. Уæд дæ Æгæссад. Цом! И м о г е н æ (фæрсмæ). Цы хæларзæрдæ сты! Æз та, зæгъын, нæ галуантæй æддæмæ Цæрынц æрмæст хъæддæгтæ, фæлæ ам Уынын -бынтон æндæр цыдæртæ. Гуырынц Тæссаг кæлмсырдтæ денджызы, фæлæ Хæрзад балер цæры хуымæтæг доны. Æниу сæр зилы. Зæрдæ риссы... Нуазын Дæ хос, Пизано. Г в и д е р и (Белари æмæ Арвирагæн). Ницы загъта мурдæр. Дзырдта æрмæст, уæзда-н кæй у, цытджьга, Æдзæсгæмттæй кæй ралыгъди. А р в и р а г. Мæнæн дæр Дзырдта раст уый, фæстæдæр нын бæстондæр Фæдзурдзæни. Бел а р и. Цæй, афон нын у махæн! (Имогенæйæн.) Дæ фæллад уадз. 175
Мах фездæхдзыстæм тагъд... Бел а р и. Фæсæрæн у; ды хъуамæ ам æф’син уай. И м о г е н æ. Хъæрзгæ уон, йе æнæниз — æз сымахæн — Цæттæ лæггадмæ. Белари. Баззай ам бынтондæр. (И мо г е нæ ацæуы цъасмæ.) Мæгуыр лæппу у, фæлæ йыл’бæрæг у — Уæздан мыггагæй... А р в ир а г. Зæды хуызæн зары. Г в и д ер и. Æниу хæринаг та куыд кæны! Зоны Кæрдæджытæ, уидæгтæ ’взарын басæн,— Цыма рынчын Юнонæйы фынгмæ... Ар в ир а г. йæ мвдбылты фæхудт æмæ уьшæргъын Кæрæдзи ивынц цæсгомыл, цыма Æнкъард уынæргъгæ бахудынмæ хъавы, Иæ худын та уынæргъынæн тæрсы, Зæгъгæ, миййаг, куы атæха йæ былтæй Æмæ куы сиу уа науты знаг — тæссаг Хъызтимæ. Г в и д е р и. Раст хуьшæллæгау тыхсынц Кæрæдзийыл быхсын æмæ йæ сагъæс. А р в и р а г. Быхсыны хъару фидардæр кæнæд, Р1æ марæг сагъæс та окæнæд æмпылгæ. Бел а р и. Æрбарухс и. Уæдæ фæтындзут! Чи дæ? • Бацæуы К лот е н. К л о т е н. Нæй, не ссардтон æнаккагдæр гæвзыччы. Мæнгард Пизано мæ фæсайдта. Нал у * Мæ бон! Б е л а р и. Цымæ кæй агура? Кæд мах!.. Цыма йæ зонын... Клотен, ус-паддзахæн Иæ фырт. Ау, исчи банымыгъта мах? 176
’Нæ федтон рагæй уый, фæлæ йæ зонын. Лыгъд ыстæм мах. Æмбæхсын нæ хъæуы. Г в и д е р и (Беларийæн). Уый иунæг у. Уæ дыууæ фенут хъæды, Цымæ ма йын æмбæхст æмбæлттæ ис? Мæн’уадзут ам. Б елар и æмæ А р в ир аг ацæуынц. Клотен. Кæдæм? Æрлæуу! Куыд, лидзгæ? Дзур, чи дæ? Тагъд! Мæнгард абырæг? Æз Дæу зонын хорз! Æтт, чъизи цагъар, чи дæ? Гв и д е р и. Цыфæнды цагъар уон, уæддæр мæ кард Дæу афаддзæн дæ фыддзыхмæ. Клотен. Абырæг, Фыдгæнæг, цъаммар! Бур куыдз, ратт дæхи! Гв’идери. Кæмæ? Дæумæ? Цæмæн? Æви мæкъух Дæуонæй цауддæр у? Мæ уд лæмæгъдæр? Æвзагæй ды налатдæр дæ, уый раст у, Фæлæ мæ кард дзыхьг нæ хæссын æз. Цæмæн дæм раттон уæд мæхи? Ды чи дæ? Клотен. Цагъар! Дарæсæй мæ нæ зоныс? Г в и д е р и, Нæ! Налат! Бæлвырд, дæ фыдыфыд хуыйæг уьщ; Уæлæдарæс дын бахуыдта: лæг нæй,— Уæлæдарæс уæддæр уаЬ ’К л о т е н. Ах, æнаккаг! Мæ уæлæ ныр мæхи дарæс куы нæй. Гв и дер и. Уæдæ тагъд айс дæхи æмæ зæгъ бузныг, Кæмæй йæ райстай, уыдонæн. Хуырым! Нæ мæм цæуы дæ нæмын. ."Клотен. Ах, æнаккаг, Цъыфхор, уæдæ йæ базон, чи дæн æз, Æмæ риз тæссæй. Г в и д е р и. Гъы, зæгъ-ма йæ, чи дæ? '42 Шекспир, 2-аг том. 17^
К л о т е н. Æз — Клотен, цъаммар! Гв и дер и. Клотен, фес.т фæнды Сæдæ цъаммары, æз дæуæй нæ тæрсын. Цыма ды дæ хæлуарæг кæнæ хæфс, Уæлдай мын нæу. К л отен. Уæдæ ныджджих у, базон, Ус-<паддзахы лæппу даён æз’/' Г в и дер и. Уæдæ Дæ кадджын ном æгад кæныс. К л о т е н. Куыд уый та! Нæ фæтарстæ? Гв и дер и. Нæ, мурдæр нæ. Тæрсын Æмæ дæн бузныг зондджынтæй’æрмæст;. Æдылытыл та худын. К л о те н. Уæдæ амæл!' Мæхи къухæй дæ марын, стæй та иннæ" Дыууæйы дæр; уæ сæрыстджытæуын Æрсадздзынæн нæ горæты стыр ’сисыл: Цæй, ратт дæхи, хъæддаг æнамонд! ’ Хæцгæ фæаууон вæййынц. Бацæуынц Белар и æмæ А’р’вир аг: Б е л ар и. Ничи. А р в и р а г. Ам не сты. Кæд фæрæдыдтæ; миййаг? ’ Б е л ар и. Æнхъæл нæ дæн. Ныр бирæ азтæ рацыд, Фæлæ йæ хуыз нæ фендæр и нырма: Иæ дæрзæг хъæлæс, йе скъуыдтæиыхас— Раст раздæрау. Нæ, уый æнæмæнг принц у — Дызæрдыг — нал. А р в и р а г. Дыууæйæ сты æрмæст. Хуыцау зæгъæд, бьгцæу куыд нæ~уа^се ’хсæн.... Уæдæ, зæгъыс, тæссаг у принц?' Б е л а р и. Уый ахæм
.Къуымых.æмæ цыбырзонд у, æррайау, Тæрсьш цы у — йæ хъуыдыйы дæр нæй, Цы нæ кæны!.. Кæс, де ’фсьгмæр фæзынди. Бацæуы;. Г в ид е р и, йæ къухы Кло т ены сæр. Тв кде.р и. Сæрхъæн уыд Клотен, Геркулес дæр ын Нæ раппæрстаид магъзы мур йæ сæрæй:— Нæ дзы уыди, куысыфтæгау уыд афтид. Нæ йæ амардтон, ацы тутсæр уæд .Мæ сæр.йæ.кардæй акъуырдтавд мæнæ Иæхионау. ~Б е л э р и. Цы бакодтай! Гв идер и, Æз зонын — Кзей ацъыкк ластон Клотенæн йæ къоппа. Йæхи мын ус-паддзахы фырт хуыдта; Къæрных, да-м, дæ, дзæгъæлхæтæг, абырæг. Ард хордта мах ныццæгъдыныл, цæмæй Сæ горæты бæрзонд сисыл нæ сæртæ Æрсагътаид! *Б е л ар и. Бынысæфт фестæм! Тв и дер и. Уæд Цæмæн, нæ фыд? Цы нæ сæфы? Уый хъавыД Нæ марынмæ. Сæ закъон мах фарс нæу — Цæмæн ын быхсæм йе ’ртхъирæнтæ хъуамæ? Ау, уыцы ’мбыд дзидзайы обау махæн Тæрхон кæна, нæмарæг ысуа, мах Æнæзакъон кæй стæм, уымæн — никæд! Уыдис ма исчи йемæ хъæды? ЛБ.е л а р и. Ничи. Фæлæ æнæ фæсдзæуинтæ уый ам^ Нæ фæзындаид. Раст тæбæгъы донау Æнæнцой уьгд, æвзæрæй цыд æдзух Æвзæрдæрмæ; фæлæ кæд уыд цыфæнды’ -Æрра, сæрхъæн, уæддæр нын хъæды тарфмæ Нæ бакуымдтаид сайын. Кэед, миййаг, Нæ кой ныххæццæ галуанмæ, зæгъгæ, Цæрынц тæссаг’дзæгъæлхæтджытæ хъæды... "Егъау къорд сæ куы рауайа, миййаг?.. 1Цыбырхъуыр уыд, æвæццæгæн, дзырд радта 179
Не ’рцахсыныл. Фæлæ нæ уырны мæн, Иæхæдæг рацыда-ид, уый. Уæндаг дæр Иæ уыд, нæдæр æй уагътаид йæ мад. Тæрсын, нæ калм куы разына къæдзилджын,— Сæрæй тæссагдæр. А р в и р а г. Уадз, хуыцау цы зæгъа, Уый сæххæст уа,— мæ мадызæнæг раст у. Б е л ар и. Мæ хъæбултæ, нæу цуангæнæн бон абон; Æвзæр у тынг, Фидел кæй хъæрзы, уый. Гв и де р и. Цы кардæй мæм æртхъирæн кодта Клотен, йæ сæр ын уымæй акъуырдтон. Æз æй Нывзилдзынæн нæ фæскъæдзæхы донмæ; Уадз ленк кæна, уадз кæсæгтæн æппæла, Зæгъгæ,.мæн дардта ус-атаддзахы фырт, Йæ къоппа ма куы хаста, уæд. Мæнæн та Цы уæлдай у?! (Ацæуы.) Б е л’ар и. Тæрсын, куы исой маст. Фæлтау йæ марæг ды куы нæ уыдаис, Мæ сагсур Полидор! А р в и р а г. Мæн хъуыд йæ марын, Цæмæй йыл дзуапп лæвæрдтаин мæхæдæг. Æз, ме ’фсымæр, дæу уарзын, фæлæ ацы Хорз фесгуыхтмæ хæлæг кæнын. Æфхæрдæй* Цы хауа ам—цыфæнды карз куы уа,— Уадзацы ран нæ дыууæйыл æрцæуа! Б е л а р и. Цы ’рцыди — хос ьин нал ис. Абон мах Нæ кæнæм цуан. (Арвирагæн.) Къæрцхъус фæлæууæм хъуамæ. Цу цъасмæ, кæн Фиделимæ хæдзаргуыст,. Æз Полидормæ банхъæлмæ кæсон, Фæзындзыстæм уæм сихормæ. А р в и р .а г. Цæуын. Мæгуыр лæппу! Цæмæй ды уай сырхуадул:—»- , Мин Клотены дæр амардзынæн æз, Æмæ мæ ничи раховдзæн лæгмарæп. (Ацæуы.)
Б е л а р и. О стыр хуыцау! Æрдз! А дыууæ лæппуйы, Куыд хæрзвидыцæй равдыстат уæхи Паддзæхты ’нгæс! Фæлмæн рог дымгæ узгæ Куы фæрæвдауы дидинæджы сæр, Раст уыйау — талас, имонау; фæлæ та Куы рафыцы сæ паддзахы туг, уæд, Хæххон нæзыты чи сæтты, раст ахæм Тымыгътæ фестынц дыууæ дæр. Æваст Æнамонгæ, хихъæдæй фæзынынц Сæ паддзахон æнкъарæнтæ; сæ иом, Æмæ сæ намыс хъахъхъæнын куыд зонынц! Лæгдзинадмæ куыд арæхсынц! Иырма Тæлтæг вæййынц, фæлæ фæстагмæ се ’хсар Цæхæртæ калдзæн рухс хурау. Æниу Куыд фæзынд Клотен ам, æмæ йæ мæлæт Цы фыд у махæн? Бацæуы Г в ид е р и. Гв и дер и. Ме ’фсымæр кæм и?.. Фæцæуы дон-дон Клотены мæнг къоппа Хабаргæнæгæй галуанмæ, йæ мард ын Ныууагътон ам цъындыйæн. Хъуысы кады музыкæ. Б е л а р и. Уый цы хъусын? ’ Æфснайд, фæдзæхст фæндыр! Æмæ цæгъды!.. Цæмæн ын фæцагайдтаид йæ тæнтæм Уæд де ’фсымæр? Гв и дер и. Хæдзары ис? Б е л ар и. 0, бацыд. Гв и де р и. Уæ -мады мардæй нырмæ хъус уыд фæндыр. Æ-з не ’м’барын... Фæдзæхст фæндыр цæгъды Æрмæст бæрзонд цыт раттынæн хъыджы бон. Цы кæна? Цавæр маст, кæнæ цы хъыг? Хуымæтæджы æдылы ми нæ уыдзæн! Æрра сси Кадвал?.. Рацæуы Арвираг, йæ къухтыл рахæссы мардауæй И нæйы. Б е л ар и. Рацæуы, кæс-ма,
Æмæ кæуинаг дзуапп хæссы йæ къухтыл Иæ аххосæн. А р в и р а г. Нæ бæлон амард, нал ис Нæ цины сæр. Æхсæрдæсаздзыд нæ—’ Фæлтау æхсайаздзыд цæуыннæ фестын, Лæдзæгæнцой куыд цæуон! Гв и дер и. О нæ рæсугъд, Нæ буц дидинæг, ме ’фсьгмæры къухтыл Куыд фидауыс, дæ зæнгыл уымæй ноджы Хуыздæр куы фидыдтай! Б е л а р и. 0 ’сагъæс, сагъæс, Куыд арф æмæ куыд æнæкæрон дæ? Кæм и уæ кæрон, хъизæмæрттæ? Саггуырд! Хуыцау æвдисæн, рауадаис хорз лæг! Фæлæ дын маст æрæхгæдта дæ фидæн Æрыгонæй... Куыд æй баййæфтай? Ар в и р а г. Мардæй. йæ мидбылты ма худт, цыма йæ былтыл Мæлæт нæ уыд, фæлæ сыл бадт гæлæбу. Иæ рахиз уадул базмæ ’руагъта рог... Гв и дер и. Кæм? А р в и р а г. Зæххыл; зæгъын, бафынæй; æз ма йын Йæ дзабыртæ дæр раластон, цæмæй Ма райхъал уа... Гв и де р и. О, бафынæй æцæг Фæстаг, æнусон тарф фынæй. Йæ хуыссæн Уыдзæни табæт, зæдтæ йæм тæхдзысты Иæ ингæнмæ, нæ йæм бауæнддзæн уаллон. Ар в и р а г. Кæд уон æгас, Фиделе, уæд сæрддæргъы Дæ ингæн алы дидинджытæй æз Фæлынддзынæн. Дæхи цæсгомау уым Урс малусæг æрттивдзæни; дæ ныхы Цъæх тугдадзинтау уиззайы сæр уым Зындзæн арвирдау; уардийы хæрздæфмæ Дæ улæфын зæрдæхцондæр кæндзæн. Хæсдзысты дын сæ сырддонцъиутæ, бонджын 182
Фыдæлты цотыл худынæн, сæ хорз Фыдæлтæн кад кæй нал фæкæнынц, уымæн. Фæззæг куы нал уа дидинæг, уæд та Дæ ингæн хъарм кæндзынæн æз хъуынайæ. Гв и дер и. Æгъгъæд, æфсымæр, хъарджытæн. Цæссыгтæн Сæ рæстæг нæу. Мард бавæрын хъæуы! Не ’нкъард æгъдау дзæгъæл кæуынæй ма хал.. Цом æмæ скъахæм ингæн. А р в и р а г. Кæм? Гв и дер и. Нæ мад, Нæ уарзон Эврифилы цур. Ар в и р а г. Фод афтæ. Æфсымæр, хъус-ма: сдæрзæг ис нæ хъæлæс,. Фæлæ йыл азарæм нæ мады зарæг. Иæ ныхæстæ, йæ хъæлæс ьгн ныууадзæм, Æрмæст дзы Эвриф’илы бæсты фод Фиделы ном. Г в и д е р и. Нæ, Кадвал, нæу мæ бон: Нæ кæуынæй фæхæццæ уыдзæн зарæг, Æнкъард зарæджы та куы вæййы мæнг, — Уæд дзуары мидæг сайынæй фыддæр у. А р в и р а г. Уæд та зæгъæм йæ ныхæстæ. Белари. Уынын, Тыхджындæр мастмæ къаддæр маст куыд тайьк Мах ферох кодтам Клотены бынтон. Уый не знаг уыд, цæй аккат уыд — æрцыд ыл, Фæлæ уыд ус-’паддзахы фырт; мæрдты Бæрзонд æлдар æмæ мæгуыргур иу сты. Фæлæ нæ хæс, уæлæуыл æгъдау домы, Цæмæй сын раттæм хицæнæй æгъдау; Кæд Клотен принц уыд, -кæд фæмард и знагæй, Уæддæр уый хъуамæ принцы ныгæд уа. Гви де р и. Терситы мард Аяксы м’арды ’мсæр у. Цæй, рахæсс æй. А р в и р а г. Цæугæ, нæ фыд, мах ам 183
Нæ зарæг азарæм. (Б е л ар и ацæуы.) Æфсымæр, райдай! Г в и д е р и (Имогенæйы æвæргæйæ). Нæ, хурыскæеæнмæ куыд уа йæ цæсгом, Нæ фыд нын афтæ амыдта. А р в и р а г. Ды раст дæ„ Гвидери. Уæдæ йæ разилæм... Арв и р а г. Æмæ ныззарæм. Гв и дер и. Хурæй нал тæрсдзынæ ныр, Нал дæр мит æмæ хъызтæй,— Уыд дæ цардвæндаг цыбыр, Бакæн де ’нусон фынæй. Уд цытджын уа, йе æдзыт,-^ Мардæй алчидæр — сыджыт. Арв и р а г. Нал кæлынц дæ туг, дæ рондз, Нал уыдзæн дæуæн æлдар, Нал ис де ’фцæгыл æфсоидз, Тулдзæн тихалæг — æмбар. Паддзах, сауджын, йе — хъæздыг, Сегас марды фæстæ — рыг. Г в и де р и. Тас дын арвы ’рцæвдæй нæу... Арв ир а г. Арвнæрд дæ нæ кæндзæн хъал, Г в и д е р и. Хахуыр нал æвдæрздзæн дæу. Ар в и р а г. Цин уа, маст — сæ кой дæр нал. Иу м æ. Уарзæг чи уыди дæуау,— Сыджыт сæ кæндзæни сау. Г в и д е р и. Хинтæн де ’хсар ма дæтт.., А р в и р а г. Дæлимонтæн ма сæтт... Гв и д е р и. Зындоыыл мæт ма кæн... 184
А р в и р а г. Рухс дзæнæт — дæ бадæн. Иумæ. Зараг булæмæргъмæ хъус. Баззайдзæп дæ ном æнус. Бел ар и бахæссы Клот е ны мард. Гв и д е р и. Æгъдау ын радтам. Бавæрæм ныр марды. * Б е л а р и. Айс дидинджытæ. Ссардзынæн ма ахсæв. Æхсæвы уазал æртæх сыл куы бады, Уæд тынг æрттивынц ингæнтыл. Ныр сæ Æрæмбæрзæм. Дидинджытау — уæ хъысмæт: Уæ дыууæйæи дæр ’руайгæ у уæ цард!— Цæй, цом, Зæгъæм ны,р мæрдты нæмттæн рухсаг. Сыджыт сæ радта, айста сæ бынтон. Сæ маст, сæ хæст, сæ амондæн — кæрон. Б е лар и, Г вид е р и æмæ Арв ир аг ацæуынц. И м о г е н æ (райхъал вæййы). О сударь, Милфордмæ куыд цæугæ у? Хорз, бузныг... Ацы хъæды? Æмæ дард у? О ме скæнæг! Æхсæз милы нырма? Æгас æхсæв фæцыдтæн... Ам æрхуыссон... (Ауыны Клотены мард.) Нæ, хуыссæны мæ иичи хъæуы. Зæдтæ! Зæххон цин — дидинджыты баст; кæс-ма, Сæ фарсмæ — мард, уый та кæд у зæххон маст. Фынæй уон? Цъассы хъахъхъæнæг уыдтæн. Æмæ фыхтон хæрзуд адæмæн сихор... Нæ, уый нæ уыд, мæнг хабар у... Уый — фат Иу ницыйæ æндæрмæ фæцæйтахти, Мæ хъуыдыты мæнг ныв фæзынди уый. Нæ цæст хъуыдыйау хаттæй-хатт куырм вæййы. Тæрсын... Хуыцау, <кæд ма тæригъæд зоныс, Уæд мын хæрз къаннæг цъиуы цæсты йас Фæтæригъæд кæн, о хуыцау! Нырма Фынæй дæн... Райхъал уон — уæддæр ма ноджы Цыма фынæй дæн... Диссагдæр ма уа! Æнæсæр мард!.. Ах, Леонаты дарæс! Йæ къах... йæ къух... Меркурийы къæхтæ. Йæ гуырæй — Марс, уæхсчытæй — Геркулес... Цæсгом — кæм уа? Юпитеры цæсгом? Æвц уæларвон цæрджыты дæр марынц? Иæ сæр лыг у? Пизанойы сæрыл 185
Мæхи æмæ Гекубæйы фыдæлгъыст ’ Æрцæуæд! йемæ сусæг фæнды уыд Дæлимон Клотен— ам мæ мойы марæг! Нырæй фæстæмæ уæд нымад фыдгæндыл Кæсын æмæ фыстæджытæ фыссын! Æлгъыст цагъар! Дæ сайæн фыстæй дьг Нæ дунейыл æппæты хуыздæр науæн Иæ хъæд ныссаетай, цъаммар! — Уæ, кæм из Дæ сæр, мæ Постум? Зæрдæ дын Пизано’ Ныццавтаид, фæлæ дын уый дæ сæр Ныууагътаид!.. Уæд чи уыди дæ марæг? Пизано, о, уый, уый уыд æмæ Клотен! Хæлæг, æхцауарз бирæгътæ! Сырддон ми! Мæнæн уый радта удылхæцæг нозт... Миййаг, кæд уый у ме уæнгтæн сæ марæг?.. Мæ сафджытæ—Пизано æмæ Клотен! Лæгмартæ! —Ме скаст, сахорон дæ тугæй Мæ фæлурс уадултæ, цæмæй фыццаг Мах чи фена, фæтæрса уый нæ хуызæй. О Постум! 0 мæ барджьш хицау, о! Ныддæлгом вæййы мардыл. Бацæуынц Л у ци, æфсадхон, цалдæр ромаг аф ице р ы æмæ фидæнзонæг. Æфсадхон. Дæ дзырдмæ гæсгæ галлаг легионтæ Æрбаленк кодтой. Милфорды дæумæ Кæсынц æнхъæлмæ флотимæ. Цæттæ у Хæцынмæ не ’фсад. Л у ц и. Ромæй ма цы хъуысы? Æфсадхон. Нæ арæнтаг цæрджытæм æмæ ’лдæрттæм Сенат æрсидт. Сæ барвæнд æмæ се ’хсар — Уæлахизы хос махæн. Не ’фсад ардæм Кæны хъæбатыр Акимо. Л у ц и. Кæд сæм Кæсут æнхъæлмæ? Æ ф с а дхо н. Уад сæ скъæры махмæ. Л у ц и. Сæ тагъддæр цыд уæлахизы нысан у. Ныр не ’фсадмæ æркæсæм хъуамæ мах. Ратт бардзырд. 186
(Фидæнзонæгмæ.) Уæд дæ фынтæ та, мæ хæлар, Цы дзурынц а хæсты тыххæй, зæгъ-ма? Ф и д æ н з о н æ г. Æз зæдтæм кувгæ бирæ ком фæдардтои Æмæ хæрзфынтæ федтон иуæхсæв: Цыма фæсденджыз хуссарбæстæй ардæм Æрбатахти Юпитеры цæргæс Æмæ фæтар сызгъæрин хуры рухсы,— Кæд куырм нæ бадæн тæригъæдтæй, уæд Уыдзæн уæлахиз ромæгты. Л у ц ’и. Дæ фыытæ Æнæсайд уæнт, æмæ сæ арæх уын.— Фæлæ уый циу? Æнæсæр м;ард? Йæ гуырæй’ Бæрæг зьгны, кæй уыд уæйыг. Уый чи у? Æххуырст? Фынæй у, æви мард? Нæ, мард. Мæлæтæй лидзгæ кæны цард. Нæ хуыссынц Æтæстæ мæрдты фарсмæ. Мæн фæнды Р1æ цæсгом фенын лæппуйæн. Æ ф с а дх о и. Æгас у. Л у ц и. Уæд радзурдзæн, мард чи у. Гъей, лæппу, Зæгъ-ма, кæцон дæ, чи дæ,— махмæ диссаг Кæсы дæ хъысмæт. Чи уыд туг ныккалæг Дæ нывæрзæн? Æрдзы гæнах кæй къухæй Æрцыди калд? Æви мæлæтæи аххос Ды дæ? Куыд æрцыд хабар? Чи у мард? Зæгъ-ма нын: чи дæ? И м о ген æ. Ницы. Нæ, фæнды мæ, Куы уаин ницы. Уый та у мæ мой, Бритайнаг лæг, хæларзæрдæ хъæбатыр, Ам хохæгтæ кæй амардтой. Хъыг у, Фæлæ зæххыл ныр ахæм æлдар нал ис! Фæнды фæзилон хуссарæй цæгатмæ, Æмæ дзы ссарон ног хицау, æнувыд’ Лæггад кæндзынæн уымæн дæр, фæлæ Мæнæн ныр ахæм никæдуал уыдзæни Уæлæуыл хицау. Л уц и. Хорз лæппу дæ ды, . Тынг хъыг кæнын æз де ’лдары мæлæтыл, 187
Уæлдай маст та дæхи хъыгыл кæнын. Мард чи уыди? Имогёнæ. Ричард дю Шан, (фæрсмæ.) Мæнг дзурын, Фæлæ фыдæнæн нæу. Кæд мын хуыцау Мæ сайд ныббарид. Л уци. Ном дын ис? И м р г е н æ. Фиделе. Л уц и. Ай-гъай, дæу аккаг ном у уый. Ды дæ Æ/нувыд лæг, дæ ном дæр дыл æнувыд. Фæнды дæ мæнæн службæ кæнын? Æз Æппæты хуыздæр — де ’лдарау нæма дæн, Фæлæ дæ уыйбæрц уарздзынæн æз дæр, Йæ фыстæджы дæ хæрзиуджытæй Цезарь Куы ’ппæлыдаид, гъеуæддæр хуыздæр Нæ загътаид, ды цы дзуапп радтай, уымæй. Цом мемæ. И м ог е н æ. Ме ’лдар нæу нырма ныгæд,— Уый арф сыджыты бавæрон, сыфтæртæй Стæй дидинджытæй бамбæрзон, зæгъон Йæ номæн рухс æмæ фæкæуон бирæ, Стæй бацæудзынæн уæд дæумæ, кæд мæ Ды исай, уæд. Л уци. Мæ дзæбæх хур, æлдар дын Нæ уыдзынæн, фæлæ—-дæ фыд. Хæлæрттæ! Нæ хæс нын загъта ацы лæппу. Мах Нæ кæрдтæй скъахæм дидинты ’хсæн мардæн Ингæн. Мард оисут. Саг лæппу, дæуæн Дæ цыт, дæ намысмæ гæсгæ æрцæудзæн Дæ хицау ’фсæддон кадимæ ныгæд. Ныууадз дæ цæссыг калын, фидар лæуу. Дæ ныры маст уæлæмæ сисдзæн дæу. (Ацæуынц}) 188
3 СЦЕШЕ Уат Цимбелины галуаны. Бацæуынц Цимбелин, у æ з д ан æлдæрттæ, П из ано æмæ лæггадгæндоюытæ. Д и м б е л и н (лæггадгæнæгæн). Цы кодта, базон, ус-паддзах. (Иу æххуырст ацыдис.) Йæ фырт Куы фесæфтис, уæдæй фæстæмæ сæрра. О стыр хуыцау, цы карз æфхæрды дæн Дæ фæндонæй! Мæ чызг—мæ цин—фæтар ис. Хуыссы йæ уæлсынт ус-паддзах. Хæстæй Кæнынц æртхъирæн, фæлæ принц нæй ам — Æхсызгчш заман фесæфти. Цы кæнон, Мæ сæр фæтоны. (Пизанойæн.) Ды, мæнгард цагъар, Цы ран ис чызг, уый зоныс! Ды дæхæдæг Уым аххос дæ, ныууадз мæнг дзурын, науæд Зæгъдзынæ хъизæмары бын. П и з а н о. Нæ паддзах, Мæн амар, фæлæ ард хæрын, нæ зонын, Цы ран и ме ’хсин, йе — цæй тыххæй ацыд: Кæд раздæхдзæнис, æз нæ зонын уый дæр. Æз —де ’нувыд лæггадгæнæг, нæ ладдзах. 1-аг уæздан æлдар. Нæ дзуры мæнг. Куы фесæфти принцессæ, Уæд ам уыди. Дæ хорз æххуырст у. Принц та Фæзындзæнис, æмæ йыл ма кæн мæт. Ц и м б е л и н. Цыдæр тæссаг рæстæджытæ ныллæууыд. (Пизаномæ.) Цин 'Кæн, нырма уал фервæзтæ, цагъар, Фæлæ дæм ныр цæстдард уыдзæни! 1-а г у æз д а н. Ме ’лдар! Æрбахæццæ сты галлаг легионтæ Нæ арæнмæ, æххуысæн та сын Ромæй Æлдæртты бардз æрбарвыста сенат. Димбелин. Мæ ус æмæ мæ принцы ’ххуыс куыд хъæуы! Фыдраны дæн... 189
1-а г у æ з д а н. Фæлæ, нæ кадджын паддзах, Æфсад ,и'с фаг нæ фыдгулы ныхмæ. Канд уымæ нæ — дзырд ратт хæцынмæ.— уайтагъд Æххуыс уыдзæни махæн дæр._Кæсæм^ Дæ дзырдмæ мах. Ц и м б ел и н. Иттæг бузныг. Цæй, хорз, Хъысмæты раз æрлæудзыстæм ныфсхастæй.' А ромæгты ныббырст нæ мары мæн, Мæ бинонтыл æнкъард кæнын. Цæй, цомут!' (Ацæуынц.) Пизано. Нæ фыссы ме ’лдар,— ме ’хсин Имогенæ Фæмард, зæгъгæ, йæм арвыстон,— дзуапп нæш. Уый диссаг у! Нæй чызгæй дæр-хабæрттæ, Кæд мын дзырдта, фьгсдзынæн дæм, уæддæр. Цы ’рцыди принцыл? Тынг тыхсы мæ зæрдæ. Фæлæ нырма рæстдзинад ис зæххыл!" Бæсты сæрвæлтау æз гæдытæ дзурын, Цæмæй мæ ном сыгъдæг уа. Хæст æвдисдзæн, Фыды бæстæн куыд лæггад кодтон æз, Йе райсдзынæн мæ мæлæт хæсты. Рæстæг Нæ ныууадздзæн æнæбæрæгæй цау. Æрбадæудзæн йæ лæууæнмæ нæ нау. (Ацæуы.) 4 СЦЕНÆ Уэлс. Беларийы иæрæн цъассы раз. Бацæуынц Белари, Г вид е р и æмæ Ар вирае: Гв и д е р и. Фæдисмæ сидынц. Б е л а р и. Ардыгæй цом дарддæр. А р в и р а г. Ах, цард цæмæн у, тасы ран дæхи Куы ’мбæхсай, уæд? Гв и дер и. Кæм фесгуыха лæг хъуамæ? Ныццæгъддзысты нæ ромæгтæ, цыма’ Бритайнæгты йе — змæнтджыты хуызы Кæндзыстæм службæ, стæй уыдзыстæм мард. 190
1Б ел а р и. Мæ хуртæ, цомут хъæдмæ. Уым æдас у. Нæхимæ нын æхгæд у фæндаг. Уым Нæ зонынц мах. Æфсæддонтыл фыст не стæм. Фæрсдзысты при-нцы мæлæты тыххæй, Каацон, йе чи стæм,— басæттын кæндзысты Тыхæй, зындойнаг хъизæмæртты бын, С^тæй уæд — мæлæт. Тв и д ер и. Нæ фидауы, нæ фыд, Тæрсын дæуыл зын рæстæджы; нæдæр Æууæндæм мах, æцæгæй дзурыс, ууыл! А р в и р а г. Куы фехъусой бритайнæгтæ, сæ бæхтæ Куыд мыр-мыр кæнынц ромæгтæн, куы феной» Хæстæг ран ромæгты æртытæ, уæд Бритайнæгтæ сæ хæцыны хæдразмæ Мах нал фæрсдзысты, чи стæм, йе кæцон... 33. е л ар и. 0, фæлæ зонынц-се ’фсадæй мæн бирæ. Æз Клотены нæ федтон цалдæр азы, Фæлæ йæ уæддæр базыдтон. Къарол Нæдæр мæ лæггæдты йаргъ у, нæдæр Сымах æнувыддзинады. Йæхицæй Мæн расырдта, æмæ сымах гъеуымæн Уæ аккаг ахуыр не сыстут, уæ цард Уыди мæгуыр, нæ уæм æрхаудис амонд, Хъысмæтæй кæд уæ хай уыдис, уæддæр. Сæрд судзаг хурмæ хъизæмар æвзæрстат, Зымæг цагъартау уазалæй рызтыстут. Т в и д е р и. Нæ, ахæм цардæй — амæлын хуыздæр! Нæ фыд, цом æфсадмæ. Мах ничи зоны, Нæ мæн, нæ ме ’фсымæры; ды сæ рох дæ; Ды базæронд дæ, базонæн дын нæй. -А,р в и р а г. Хæрын ард хуры рухсæй, æз цæуын! Нæ федтон æз, куыд фæмæлы æфсæддон Хæстон быдыры. Федтон æз æрмæст Сæ туг сæгуыттæн, тæрхъустæ ’мæ сæгътæн. Æцæг бæхыл нæ бадтæн æз нырма’ Æд саргъ, æд идон. Чи мæ схонид барæг! Куыд кæсон хурмæ? Хи куыд тавон уый 191
Рæвдауæг хъарммæ? Нæ, мæ хъару нал у Гæвзæй æмæ æбæрæгæй цæрын. Г в и д е р и. • Хæрьгн дын ард, æз дæр цæуын. Нæ фыд, Зæгъ мын фæндараст. Хæсты уæд æнцонтыл Нæ ратдзынæн мæ цард. Кæд мæ нæ уадзай, Уæд хивæндæй цæуын; æмæ хъысмæт Дæу бафхæрдзæн: æз амæлдзынæн хæсты 5 Фыдгулты къухæй. А р в и р а г. Стæй æз дæр. Аминь!1 Б е л а р и. Кæд уе ’взо’нг цард сым^ах æвгъау нæ кæнут,. Мæ зæронд сæр цы хъахъхъæнон æз уæд? Цæй, афтæ фод! Цæуын æз дæр, мæ хуртæ,, Æмæ мын кæд нывгонд у уым мæлæт, Сымахимæ йæ райсдзынæн æз уæд! Цом! Паддзахы туг уе уæнгты æхсиды, Æмæ уæм уый хъæбатыр тохмæ сиды! (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Британи. Ромаг лагер. Бацæуы П о с т у м, йæ къухты тугæйдзаг къухмæрзæн. По с ту м. Дæу бавæрдзьгнæн, тугæйдзаг кæлмæрзæн,— Мæхи фæндыд дæу афтæмæй уынын. Лæгтæ! Ныр мæн куы бафæзмижат уегас, Уæд ницæй тыххæй устыты хуыздæр Нæ цæуид мард?— Нæ, нæ, мæхи Пизаио, Æххæет нæ хъæуы алы бардзырд: раст Нæ вæййынц се ’ппæт. О хуыцау, цæмæн мæ Фæцæрын кодтай а фæсмойнаг бонмæ? Цæмæн нæ фервæзтхъизæмæрттæй дзаг, Кæуинаг цардæй Имогенæ? Мæн, Фыдгæнæджы, цæуылнæ мардтай? Иуы Фæуарзыс, æмæ иучысыл фыдми Куы ракæны, уæд æй дæхимæ айсыс Æмæ йæ стыр фыдмийæ хизыс; иннæ Кæны фыдми фыдмийы фæдыл, иу Егъаудæр иннæмæй, æмæ йæ уадзыс Цæрын æвирхъау сау митæ кæнгæ. Мæ бинойнаг дæумæ ис ныр. Хуыцау, Уæдæ мæхи дæ барвæндыл фæдзæхсын! Фæцыдтæн Ромæй ардæм æз хæцынмæ Мæ фыдыбæстæмæ. 0, нæ, Британи, Æгъгъæд дын фод, кæй амардтон дæ раст Принцессæйы. Ды нал фендзынæ ныр Мæ къухæй цæф — уæдæ мæм хъусут, зæдтæ, Мæ ромаг дарæс раивдзьгнæн æз,— Уадз уон хуызæй хуымæтæджы зæхкусæг; Хæцдзынæн ромæгты ныхмæ; мæлæт Æз райсдзынæн дæу тыххæй, Имогенæ! 13 Шскстпф, 2-аг том 192
Уæддæр мæ цард у хъизæмар æрмæст! Мæн ничи зоны, маст, хæрам, тæригъæд, Йе уарзгæ — ничи! — афтæмæй мæлæт Æз райсдзынæн. Уадз феной, циу лæгдзинад, Хуымæтæджы цагъары бызгъуырты Куы вæййы уый æмбæхст, уæддæр. О зæдтæ! Ног та мын леонатты хъару раттут! Уадз а дунейыл кад кæнинаг уæд Лæджы хуыз нæ — лæгæн йæ удыхъæд! (Ацæуы.) 2 СЦЕНÆ Хæцæн быдыр бритайнаг æмæ ромаг лагерты ’хсæн. Иуырдыгæй бацæуынц Л у ци, Аки мо æмæ ромаг æфсад, иннæрдыгæй — бритайнаг æфсад. Сæ фæдыл — По сту м хуымæтæдоюы æф- сæддоны хуызы. Ахизынц сценæйыл ыннæрдæм. Стæй хæцгæ ба- цæуынц Акимо æмæ Постум. Постум басæтты Акимойы, байсы йын йæ хотыхтæ, ныууадзы йæ ыунæгæй æмæ ацæуы. А к и м о. Ыстыр тæригъæд райстон, æмæ басаст Мæ тых, мæ хъару. Хахуыр кодтон æз Дæуыл, бритайнаг хорзæгъдау принцессæ, Æмæ мыл амы уæлдæф цыма раст Йæ пырх калы,— мæ тых мын байста, ’ндæр Куыд басаста мæн, тохвæлтæрд хæстоны, Цæйдæр зæхкусæг? Ныр мæ цыт, мæ ном’ Уыдзысты судзаг худинаджы суадон. Британи! Кæд а цагъары хуызæн Уæйгуытæ сты дæ хотыхдар æфсæдтæ, Уæд мах — хæрз ницы, де ’фсад та — хуыцæуттæ! Ацæуы. Хæст цæуы дарддæр. Бритайнæгтæ лидзынц. Ц ымб е л ин ба- хауы уацары. Уымæн æххуысмæ тагъд-тагъд бацæуынц Б е ла- р и, Г в ыд ер и æмæ Арвыра г. Б е л а р и. Æрлæуу! Фæстæмæ! Хæцæн быдыр мах у! Нæхи у нарæг! Не сафæг тæппуд у! Æлгъаг у лидзæг! Раздæхут! Гвидери æмæ А р в и р а г." 1 Фæстæмæ! Хæцынмæ размæ! 194
Бацæуы П о ст у м, . хæцы бритайнæгты фарс; фервæзын кæ- , нынц Цимбелины æмæ ацæуынц. Бацæуынц Л у ци, Акимо æмæ И мо г енæ. Л уци. Лæппу, тагъд лидзгæ, хæстæй дæ сæр бафснай! Кæм и фыдгул, йе.хион — бæрæг нал у,— Цæгъдынд кæрæдзи, зондыл хæст фæтых. А к и м о. Æрбацыд сæм æххуыс. Л у ц и. Куыд фендæр уайтагъд йæ уавæр хæстæн! Тагъд æххуыс, миййаг, Куы нæ уа махæн, уæд нæ хъуыддаг сæфт у. 3 СЦЕНÆ Хæцæн быдыры иннæ хай. Бацæуынц Постум æмæ бритайнаг æлдар. Æлд а р. Ды, не ’фсад кæм хæцынц, уым уыдтæ? По сту м. 0. Ды та уырдыгæй лидзгæ кæныс? Æ лд а р. 0. П о сту м. Зылынгæнæн дын нæй. Уыдаид не сæфт, Хуыцау нæ фарс куы нæ уыдаид, уæд. Къарол фæхицæн, æмæ схæццæ не ’фсад; Хæцæны ма уынæн уыдис æрмæст Фæцæйлидзæг бритайнæгты чъылдымтæ. Сырдта сæ знаг, æргæвста, калдта туг,— Фылдæр уыдысты знаджы кæрдтæй мæрдтæ, Чи уыд сæркъуырд, чи цæф, чи тæссæй мард, Уынгæг комы бæрзоид хох сырæзт мæрдтæй, Тæппуд чъылдымдзæф уацартæм мæлæт Æнхъæлмæ <каст. Æ лд а р. Цы ран ис уыцы нарæг? П о с ту м. Дыууæ рындзы ’хсæн, хæцæн фæзмæ ’ввахс. 195
Æваст фæзынди нарæджы зæронд лæг — Ныфсхаст хæстон, фыдыбæсты сæраппонд Йæ фесгуыхтæй уый равдыста бæлвырд, Кæй нæ фæдард зæронды бонтæм уæгъды. Дыууæ лæппуйы йемæ уыд: сæ кар Хæсты уæвынæн, туг калынæн нæ — Чысыл портийæ хъазын сыл æмбæлди; Сæ цæсгæмттæ чызгдзæсгæмттау—уæздан, Æмбæрзын сæ хъуыд хъармы, фæлæ уыдон Æхгæдтой нарæг лидзджытæм хъæргæнгæ: «Йæ цард фæхизы лидзынæй тæрхъус, Салдат та нæ! Фæстæмæ тагъд, тæппудтæ! Æрлæуут! Науæд ромæгтæ нæхицæй Кæнæм æмæ уæ фосы цагъд кæндзыстæм, Кæй лидзут фосау, уый тыххæй. Æрлæуу! Фыдгулмæ кæс! Нæ ирвæзæн хос уый у!» О, уыцы ’ртæ æртæ мины хæст кодтой! Æртæ ахæм хæстоны сты хуыздæр Тæппудты ’фсадæй. Хъуыст сæ хъæр: «Æрлæуут!» Æмæ уынгæг ком бацахстой, ыстæй Сæ удуæлдайæ стыр хъаруæвдыстой, Сæ иу хæцыд сæ иннæмæй хуыздæр — Сæ уындмæ райгас лидзджытæм æфсарм, Сæ цæстыты хæцынмæ ссыгъди ног ныфс,— Æмæ сæ хъару раздæхти фæстæмæ; Æмæ тарст чи уыд иннæтæм кæсгæйаё, (Æлгъыстаг фод фыццаг фæтæрсæг хæсты!) Уый раздæхт æмæ не знæгты кæрдтæм Бырста домбайау. Фенкъуысти нæ фыдгул, Йæ рæгъ фæпырх и, сæмтъеры бынтон, Æмæ нæм раздæр чи бырста цæргæстау, Уый карчы цъиутау лыгъд фæстæмæ ныр. Цæст фæныкъуылдмæ хæсты быдыр фендæр: Уæлахиз чи уыд — фестади цагъар. Хæсты сидт фехъуыст лидзджыты зæрдæтæм, Æмæ, æрæджы чи уыди тæппуд, Уый фестад мах уæлахизæн ныфсы хох, Раст афтæ хатгай дзулы хус къæбæр Зын фæндагыл нæ ирвæзæн хос фесты. Хуыцау! Бритайнæгтæ куыд бырстой ныр Сæхи цæфтыл, сæ мæрдтыл æмæ ’гæстыл!— Цæйбæрц фæци сæ къæхты бын! Кæд раздæр Лыгъдысты дæс сæ иу хæстонæй, уæд Ныр та лыгъдысты ссæдз лæджы пæ иуæй.
Фыццаг хæцын кæмæ каст зыи мæлæтау, - Ныруый раз не знаг фыртæссæй рызти. Æ л д а р. Уый диссаг у: уынгæг комы... зæронд лæг... Дыууæ лæппуйы... П о сту м. Диссаг дæм кæсы? Дæ бон цы нæу, уый искæй бон уа, уый дæ Нæ уырны, и? Кæд дæ фæнды, уæд дын Æз а хабарыл худæн рифмæ скæнон: Æртæ хæстоны ком куы ’рцахстой, уæд Кад махæн хастой, знагæн та — мæлæт. Æлдар. Мæсты кæныс? П о сту м. Нæ, æз кæсын æрхуымæй, Фыдгулæй ризгæ чи фæлидзы, уымæ; Цыфæнды хорз хæлар дын фод, уæддæр Дæлыхсты бон æфснайдзæни йæ сæр...— Дæ хорзæхæй, дзæнгæдайыл. мæ ма ’фтау! Æ’Л д а р. - .. - Хæрзбон. Мæсты кæныс. (Ацæуы.) П о с т у м. А, лидзыс та? Æлгъаг æлдарад! Хæцæн фæзы лæуу Æмæ фæрс искæй, хæст куыд цæуы, уымæй! Лыгъд иу йæ ном æгадгæнгæ, цæмæй Цæра мыстау; лыгъд иннæ, фæлæ мард Фæци уæддæр; æз та мæ судзгæ мастæй Кзелæнгондау мæлæты раз æгас дæн. Кæфхъуындарау мæлæт æмбæхсы хатгай — Куы нуазæны, куы адджын ныхæсты, Куы та фæлмæн хуыссæны,— о, ис бирæ. Æххуысдартæ мæлæтæн, кардæймарæг Лæгтæй уæлдай. Нæ, ссардзынæн æй æз. Хæцыдтæн бритты фарс, фæлæ бритт нал дæп, Цы дарæс мыл уыд, уый та скæнон ног, Хæцгæ ныр нал, фыццаджыдæр мын мс уæхск Цы лæг æрхойа, уый уаца-р мæ сæр. Фыдгул уыд карз, бритайнæгтæн дæр карз Уыдзæн сæ маст: мæлæт мæм хауы — зонын, Бæллыдтæн æм, мæхи хæрзамонд хонын; Кæмфæнды райсон уый — йе ам, йе — дард — 107
Æз Имогенæйыл дæттын мæ цард! Бацæуынц дыууæ бритайнаг æф садхоны æмæ æфсæддонтæ. 1-а г æфс а дх о н. Табу, хуыцау! Фæуацар Луци. Зæронд Æмæ лæппуты та хуыцæуттæ хонынц. 2-а г æфсадхон. Уыд м.-а дзы иу — цагъар кæнæ мæгуыргур; Хæцыд хъайтарау. 1-а г æф с а дх о н. 0, дзырдтой æцæг, Фæлæ цыдæр фæци. Æрлæуу! Ды чи дæ? П осту м. Æз — ромаг,— ам нæ лекка кæнин, не ’фсад Куы хæцыдаид раст мæ хуызæн, уæд. 2-а г æфсадхон. Хæцут ыл! Куыдз! Ды нал фæцыдтæ Рюммæ, Сынтытау нæ куыд тыдтат, уый хабар Зæгъынмæ. Ды уæндаг æмæ уæздан дæ — . Зыны дæ уæлæ. Паддзахмæ йæ, тагъд!> ’ Бацæуынц Цимб елин, Б е ла р и, Г вид ери, Арвираг, П из ано æмæ уацайраг ромæгтæ. Æ ф с ад х онт æ По сту- мы бакæнынц Цимбелинмæ, уый ахæ стонгæсæн ацамоны, акæн æй, зæгъгæ, стæй иууылдæр ацæуынц. • 4СЦЕНÆ Бритайнаг ахæстон. Бацæуынц Постум æмæ дыууæ ахæстонгæськ 1-аг ахæстонгæс. Ды дугъон нал дæ, ис дæ къæхтыл сахсæн. Хиз ам, кæд дын кæрдæг уа, уæд... 2-а г ахæстонгæс. ...Æмæ Дæ зæрдæ хизын агура. Ахæстонгæстæ ацæуынц. Посту м. Салам дын, Рæхыс! Ды дæ сæрибармæ фæндаг! Æз рынчынтæй хæрзамонддæр дæн, уыдон Æнус хъæрзын хуыздæр хонынц; мæн та Мæлæт æваст фæхицæн кæндзæн зынтæй. 198
О намыс, ды тыхджындæр ахст дæ ныр Мæ къабæзтæй,— хъадамантæ дыл — фидар. Хуыцау, дæ цæст мын бауарзæд мæлæт, Цæмæй мæ уд сæрибар уа æнусмæ! Æви мæ фæсмон нæу, хуыцау, æгъгъæд? Фыды мæсты фырты фæсмонмæ ’рсæтты, Ды та хуыцау дæ,— барагдæр лæгæй; Мæ барвæндæй куы райсон æз рæхыстæ, Æнцондæр мын у уæд фæсмон кæнын, Тыхконд рæхысты та фæсмон — уæззау у. Уæдæ мын айс сæрибарæй мæ цард! Ды ’фстаудæтджытæй барагдæр дæ,— уыдон Сæ хæсджынтæй æрмæст фæисынц хай, Цæмæй та слæууа хæсдарæг йæ.къахыл Æмæ та ногæй фидынхъом фæуа. Мæн уый нæ хъæуы! Фесæфт Имогенæ Мæн азымæй — йæ цардмæ айс мæ цард; Мæнон нæу уый аргъ, фæлæ йæ ды радтай Уæддæр мæнæн. Æхцайыл уæд мыхуыр, Уæд æй лæг исы,—мыхуырыл æууæнды; Мæ цард мын айс, хуыцау, дæ конд дæн. Кæд Мæ фæндон растыл банымайай, уæд Æз цингæнгæ мæ хæс дæ разы фидын. О Имогенæ, ’нæдзургæ дæм сидын! Кады музыкæ. Фæзынынц æндæретæ: СицилиЛеонат, По- стумы фыд, зæдæнгæс зæронд лæг æфсæддон дарæсы: уый йæ къухæй хоны ацæргæ усы, По стум ы мад ы; уыдоны разæй цæуы музыкант. Стæй æндæрг-музыканты фæстæ ба- цæуынц дыууæ æрыгон Л еонат ы, П о ст у мы æфсымæртæ; сæ риутыл хъæдгæмттæ, хæсты быдыры кæй райстой æмæ кæ- мæй амардысты, ахæмтæ. Сегас дæр æртыхсынц фынæй П о с- т у мы л. Сицили. Хуыцау, æфхæрдæй бахиз мах — Зæххон дзыллæ сты раст, Юнонæ æмæ Марсы ’фхæр,— Сæ зæрдæты кæй фыцы маст.— Дæу аххос у. Кæм фæцис азымджьтн, хуыцау, Дæ разы уæд мæ фырт? Æз ма æгас куы уыдтæн, уæд Нæма уыдис уый гуырд. Ау, сидзæрты сæрылхæцæг Куы хонынц адæм дæу!— 199
Мæ хъæбулы йæ зынтæй хиз Æ-мæ йæ фарс фæлæуу. Мад. Нæ мын феххуыс Луцинæ уæд,— Мæ хъæбул мын куы гуырд, Уæд амардтæн, æмæ фæзынд Хæрз сидзæрæй мæ фырт, Мæ мæгуыр хур. С и ци л и. Иæ хорз фыдæлтау уыд зæндджын,- Рæсугъд æмæ уæндаг, Мæ бындарæн кæмдæриддæр Уыди цыты фæндаг. 1-аг æфсымæр. Куы рахъомыл æмæ куы слæг Мæ мæгуыр æфсымæр,— Æгас Британийы нæ уыд Хъæбатырдæр, лæгдæр. Мой Имогенæйæн ысси Нæлгоймæгты хуыздæр,- Мад. Цæмæн æййафы уæд йæ ус Æназымæй æфхæрд? Кæнæ цæмæн æрцыди-хаст, Йæ усæй та — иппæрд Цæй фæдыл у? Си’Цили. Йе — ромаг Акимойæн ды, * Зæгъ-ма, куыд радтай бар, Цæмæй йæ калмæвзагæй’уый Лæгыл æфтауа арт, Æмæ йæ маргæй Постум ныр Æвзара хъизæмар? 2-а г æфсымæр. Мæрдтæй йæ мад æмæ йæ фыд’" Дыууæ фыртимæ ныр Дæумæ фæзындысты, цæмæй" Ды бакæнай хатыр, Æмæ æнæзмæлгæ лæууа Сæ хорз мыггаджы цырт. 1-а г æ ф сы м æр. Фыдхæсты Цимбелины фарс Кæд ме ’фсы’мæр хæцыд, Зæгъ-ма, цытджын хуыцау, уæд ма 200
Йæ аххос та цы уыд? Цæмæн ын хъизæмар кæныс Æмæ нæ кæныс цыт? ’С и ц и л и. Дæ рудзынг байгом кæн бынмæ, Бæрзоедæй нæм æркæс; Нæ хорз мыггагыл нын дæ маст Æгъгъæд кал,— курын æз. Мад. Нæ хъæбул раст кæд у, уæд ын Фæрогдæр кæн йæ хæс. С и ци л и. Дæ бæрзонд галуанæй æрхиз, Дæ тæрхон рахæсс раст, Кæннод æппæт хуыцæутты раз Кæндзысты мæрдтæ хъаст. Дыууæ æфсымæры. Æмæ, Юпитер, уæд дæуыл Ныккалдзысты сæ м-аст. Арвнæрынимæ æмæ арвæрттывдимæ, цæргæсыл йæхи æруа- дзы 10пит е р æмæ фехсы йæ цæхæртæкалæг фат. Æ нд æр г- тæ сæ зонгуытыл æрхауынц. Ю п и т е р. Ныхъхъус ут, цæй, мæрдтыбæстаг æндæргтæ, Мæ хъустæ уæ фæрыстысты! Æгъгъæд! 'Бæрзондæй судзын æз фыдвæнд цъæх арты, — Куыд фæтæрсдзынæн уе ’ртхъирæнтæй уæд? - - Цæй, дард лæуут, элзийаг æндæргтæ! Æнусон цъæх уыгæрдæнты хуыссут. Зæххон цæрджытыл мæт (кæньгнц хуыцæуттæ,— Сымах сыл мурдæр мацæмæй тыхсут! Кæй уарзын æз, зынты фæ-Г/гæрын уыдон,— Уæлахиз хъуамæ райгуьгра зынтæй. Мæт ма кæнут! Нæ уыдзæн тас йæ удæн, Цыт æмæ кад уый райсдзæни мæнæй. Йæ цард уæларвы стъалытæй фæрухс и, Стæй аргъуыд ам уыд, ам ын ис цæрæи. Цæй, иуварс! Постум фембæлдзæн йæ усыл, Уый раздæрæй хæрзамонддæр уыдзæн. Ныууадзут ын йæ гæххæтт ныр йæ риуыл, -’! - Йæ рæсугъд фидæн уьгм уыдзæн кæсгæ. Фæйнæрдæм тагъд! Æмæ хæцут уæхиуыл,— Æмæ кæнут мæ тызмæгæй тæрсгæ!—■ 201
Тæх, цæргæс, авджын галуанмæ хæсгæ! (Атæхы.) С и ци л и. Æртахт æрвнæрдау, сондонæй улæфыд. Йæ цæргæс нæ ныттондзæни, зæгъын. Кæй атахт, уый æппæт дзæнæтон хостæй Пайдадæр у. Йæ уæларвон цæргæс Сæрфта йæ бырынкъ базырыл, цыма нын Зæгъинаг уыд, хуыцау кæй уыд.разы. И у у ы л д æ р. Табу хуыцауæн! С и ц и л и. Арвы дуар æрбахгæд. Иæ рухс бынатмæ батахт. Тайгæ, тагъдГ Хуыцауы бардзырд баххæст кæнæм мах. Æндæргтæ атайынц. П о с т у м (райхъал вæййы). Фын, ды уыдтæ мæ фыдыфыд: ды радтай Мæнæи фыд, мад, æфсымæртæ... Мæнг дуне! Фæзындьгсты æмæ фынау æваст Фæтар сты,— сæ кой, сæ хъæр дæр нал ис, Мæ фын дæр’ алыгъд. Хорзæнхъæл цы лæг у Хуыцæуттæй, уый хæрз къуырма у мæнау. Уæвгæ, мæ хъуыды адзæгъæл. Хуьщау Цагъармæ кæд хæрзиуæг ницы ссары, Уæддæр бæрзоадмæ сæргъæвы цагъары. Мæ хъысмæтæй кæд хъаст нæ кодтон æз, Хуыздæр цардмæ бæллын нæ уыд мæ хæс, Фæлæ мæ цæстытæ куы ’ркодтон цъынд, Уæд мæм куыддæр сызгъæрин фын фæзынд. Зæдтæ уыдысты? Ай та циу? Пергамент? Зæдон лæвар, æххуырст лæджы мын ма фæзм; Йæ уынд — æрттиваг, мидæгæй та — тутт,— 11ы фыст дыл ис — æрцæуæд мыл. (Кæсы чиныг.) «Лæппын-домбай, чи у, уый пæ зонгæйæ, цы нæ агуырдта, уый куы ссара æмæ йыл хъарм фæлмæкг уæлдæф куы атыхса; стыр нæзыйы лыг къалиутæ би- рæ азты дæргъы мардыл нымад уæвтæйæ сæ зæронд бынæттыл’ куы баныхæсой æмæ та ногæй цъæх куьг адарой, уæд фæуыдзысты йæ хъизæмæрттæ Посту- мæн, амондджын Британийы та ног фæзындзысты ’ фарн æмæ бæркады цард». Фынæй ма дæн æви бынтон æрра сдæн? 202
Дыууæйæ иу: кæнæ мæ ацы хабар Дзæнгæда у, кæнæ йæ.арф хъуыды Зын æмбарæн у. Цæй, цы уа, уый уæд! Фæлæ мæ царды хуызæн у йæ хъуыды, Æмæ йæ хъуамæ бавæрон. Бацæуы ахæстонгæс. Ахæстонгæс. Цæуæм, мæ хæлар. Цæттæ дæ мæлынмæ? П ос ту м. Æз — тьинг рагæй, æгæр дæр ма фæфыхтæн. Ахæстонгæс. Цы дæм æнхъæлмæ кæсы, зоныс,—ауындзæн! Кæд уьгмæ цæттæ дæ, уæд æцæг дæ хæрзвых. П осту м. Цыбырдзырдæй, хæринаг кæсджыты зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд уыдзæн йæ хæрдзты аргъ. Ахæстонгæс. Уæззау фидтон дæм æрхаудта, мæ хæлар. Фæлæ бабыхс, уый фæстæ дæ фидьш -нал бахъæудзæни. О, цæлгæнæнты фидыныл дæр мауал мæт кæн,— цы ба- хæрæм æмæ цы бануазæм, уый нын фенад кæнынц фæстагмæ: мидæмæ цæугæйæ нæ сæр фæзилы фыр- æххормагæй, æддæмæ цæугæйæ— нозтæй, æмæ дæ маст фæцæйтоны,— уæлдай банызтай æмæ уæлдай бафыстай. Дæ сæр дæр æмæ дæ чыесæ дæр — афтид. Дæ саер суæззау, уьгмæн æмæ раздæр уыди рог; дæ чыссæ та рог сси, уымæн æмæ фервæзти йæ уæзæй. Нырæй фæстæмæ дын нал уыдзысты уыцы ныхлæуд- дзинæдтæ. Бæндæн, кæд хæрз аслам у, уæддæр зы- наргъ у, тæригъæд кæй зоны, уымæй! Уый æваст ал- хьтнцъ кæны хъуыддæгты кæрон — дæсныдæр хынцæг не ’ссардзынæ — пъеро дæр дзы ис æмæ хыгъды чиныг дæр: дæ цæст нæма фæныкъулдзынæ, афтæ хыгъд — цæттæ. П осту м. Мæнæн мæлæт æхсызгондæр у, дæуæн цард к’уыд у, уымæй. Ахæстонгæс. Уый æцæг у, мæ хæлар, чи бафынæй уа, уый йæ дæндаджы рыст нал фæхаты. Фæлæ бафьшæй кæнын ’Цы лæджы хъæуы, уæлдайдæр та сæркъуырæджы æх- хуысæй, уый, ме ’рдыгонау, цингæнгæ ’баивид йæ бьт- нат демæ. Цы бæрæг :и, цавæр фæндагыл дæ цæуын бахъæудзæн дæ мæлæты фæстæ. 203
П ос ту м. Бауырнæд дæ, æз æй уынын, мæ хæлар. Ахæстонгæс. Уæдæ дæ мæлæтæн йæ ныхыл йс цæстытæ, кæд æз мæлæт цæстытимæ нывгондæй никуыма федтон, уæд- дæр. Лæг куы амæлы’, уæд кæнæ фæндагамонæджы фæдыл фæцæуы, æмæ йæ уый феууæндын кæны, фæн- дæгтæ хорз кæй зоны, ууыл, кæнæ та фæхилы зæрдаи- вæй. Афтæ уа æви нæ уа — ды фæстæмæ нал раздæх- дзынæ, дæ фæндаджы кæронмæ куыд фæцыдтæ, уый махæн радзурыны тыххæй. • • ’ • " * • ’. ’ П ос ту м. Зæгъын дын, мæ хæлар, алкæмæн дæр ис цæстытæ,, æз цы фæндагыл цæудзынæн, уый ссарынæн. Æрмæст бирæтæ ныцъцъынд кæнынц сæ цæстытæ, <нæ сæ фæ- фæнды кæсын. Ахæстонгæс. Цы ма уа худæгдæр та: адæймаджы цæстытæ хъæ- уын-ц бакуырммæ фæндаг ссарынæн! Уæвгæ, ауьшдзæн йæ цæстытæ сæхгæндзæн кæмæндæриддæр. Бацæуы ф идиу æ г. Ф и д и у æ г. Рафтау ахæстæн йæ хъадаман æмæ йæ кæнгæ къа- ’ ролмæ. П ос ту м. Ды æрбахастай хорз хабар! Мæн хонынц къарол- мæ, цæмæй мын ралæвар кæной сæрибар. Ахæстонгæс. Уæд уал мын рагацау мæхи æрцауындзæнтГ П ос ту м. Уæд ды уыдзынæ кæцыфæнды ахæстонгæстæй сæ~ рибардæр. Мард сæрибардæр у ахæстонгæсæй: уый, ахæстоны дуар æмæ гуыдыр цы сты, уый нал фæ- зоны. П о с т у м æмæ фид иу æ г ацæуынц. ’ Ахæстонгæс. Ауындзæн йæхицæн усæн чи курид æмæ уыимæ зæ- нæг рауадзынмæ чи хъавид, уый дæр’ йæ къайагмæ нæ тырнид ацы лæппуйау. Кæд ромаг у, уæддæр, ба- уырнæд уæ, а дунейыл чысыл нæй, уымæй мæнгард- дæр чи у æмæ цардыл дæндагæй чи фæхæцы, ахæм « æнаккæгтæ, фæлæ дзы бирæты уæддæр мæлын бахъæ- уы. Цыфæнды фод, æз дæр уый бынаты раст афтæ ба- кодтаин. Бæргæ, ахæм хъуыддаджы иууылдæр куы 204
уаиккам æмвæнд. Уæд æвзæр уаид æрмæст ауындзæ- нæн æмæ ахæстонгæстæн! Мæ фæндон пайда нæу мæ- хицæн, фæлæ куы сæххæст уаид, уæд раттид алкæ- мæн амонд. (Ацæуы.) 5 СЦЕНÆ Цимбелины цатыр. Бацæуынц Цимб е лин, Белари, Г вид е р и, Ар выр аг, П из ано, æ л д æ р т т æ, аф ице р т æ æмæ фæсдзæуинтæ. Цимбелин. Æрбаввахс ут, хуыцауы барвæндæй Нæ паддзахады ирвæзынгæнджытæ! Æз маст кæнын, æнæбæрæг хæстоны Кæй не ссардтам; уый афтæ хорз хæцыд—» Йæ бызгъуыртæй йæ хотыхты ’рттывд иал зынд, Фыдгулы ’рцытæм гомриуæй бырста. Мæнæй уыдзæнис йе ссарæгæн амонд, Мæ лæвар кæд ис амонд хонæн, уæд. Б е л а р и. Уæззау хæстыты ахæм тæмæн калдта— Нæ федтон ни’кæд уый хуызæн нырмæ. Йæ дарæсæй — тæригъæддаг мæгуыргур,-— Уый хæсты уыд хъайтар. Ц и м б е л и н. Хабар дзы иæй? П и з а н о. Уый агуырдтой æгæсты ’хсæн, стæй мæрдты —* Йæ кой дæр нæй. Ци м б е л и н. Уæдæ, хъыгагæн, æз Йæ хæрзиуджытæн баззадтæн быпдарæй. (Белари, Гвидери æмæ Арвирагæн.) Сымах уæнт, бæсты ирвæзынгæнджытæ, Бритайнаг зæххы зæрдæ, игæр, магъз. Фæлæ уæ бафæрсон: зæгъут-ма, чи стут?' Б е л а р и. Мах камбрииаг цæрджытæ стæм, уæздæттæ. Цæмæй нæхицæй раппæлæм, уый нæй, Æтъдауджын адæм. 205.
Цимбелин. Зонгуытыл æрлæуут. . Хорз! Сыстут ныр, мæ хотыхдартæ! Ныр Мæ фæсдзæуинтимæ уыдзыстут, кад уын Лæвæрд цæудзæн уæ бынатмæ гæсгæ. (Бацæуынц Корнели æмæ у æздан устытæ.) Цы уынын уый? Уæ цæстæнгас — æнкъард! Уæлахизы бон афтæ кæс?! Нæ, уе ’нгас Уæлахиз бритты ’нгасау нæу. "Кор’нели. Нæ паддзах, Фыдхабар дын æрбахастондæ цинмæ: ’ Ус-паддзах амард. Цимбелин. Уа-хабар хæссын дыл . * Нæ фидауы, мæ дохтыр. Хостæй ис Фæдаргъдæр кæнæн цард, мæлæты раз та Æнæбон вæййы дохтыр дæр. Куыд амард?" К ор н ел и. Куыд цардис, афтæ,— мастхæссæг æррайæ. Уыд дурзæрдæ, æм.æ йæ мæлæт дæр Уыд хъизæмæртты. Бар мын ратт зæгъынæн, Фæстаг хатт мын цы раргом ’кодта, уый. Куы зæгъон ’мæнг, уæд ус-’паддзахæн адон (Амоны устытæм.) Куыдтой йæ уæлхъус — раргом-иу кæнæит Мæ мысгæ хабар. Ц и м б е л и н. Дзургæ. К ор н ел и. Де ’фсин басаст, Кæй дæ нæ уарзта, ууыл; уый æрмæст Бæрзонд æмæ цытджын бынатмæ хъавыд, Дæумæ та уымæн окодта мой, цæмæй Æрцахстаид гсъаролы бандон. Цимбелин. Уыдон Зыдта æрмæст йæхæдæг. Æмæ ныр, Йæ удисгæ, нæ басасти, уæд ууыл Нæ уыд æууæндæн. Дарддæр та? К ор н ел и. ( Дæ чызджы Мæнг рæвдыд кодта сайыны тыххæй, Æнæуи та йын марг уыд скорпионау. ’ 206
Дæ чызг нæ фæлыгъд ардыгæй, уæд ын Марг бадардтаид ус-паддзах. Цимбелин. Хъæддаг ми! О, чи бамбардзæн устыты? Цы ма? К ор н ел и. Дæхицæн дын фыддæр фæнд кодта ноджы: Æмбæхста дьин мæлæтдзаг марг, куыддæр Уый банызтаис, афтæ дын сындæггай Дæ туг цъьирдтаид; ус-паддзах та уæд Лæгъстæй, цæссыгтæй, хатынæй, лæггадæй Бынтондæр хъавыд басæттынмæ дæу, Цæмæй фæстагмæ раттаис дæ барвæнд, Къаролы бандон Клотенæн л’æвæрд Цæуы, зæгъгæ. Фæлæ йæ фæнд фæмæнг и Йæ фырты фесæфтæй. Æмæ уæд ус Æдзæсгомы æрра митыл ныххæцыд, Æлгъыста зæдты, адæмы; æргом Дзырдта йæ фыдвæнд æмæ кодта маст, Йæ сау фыдвæнд кæй нæ сæххæст и, ууыл. Гъе, афтæ ссардта йе ’ррайыл мæлæт. Ц и м бели’н (уæздан устытæм). Уæдæ æппæт дар фехъуыстат? Æххуырст устытæ. О, паддзах. Ц и м б е л и н. Мæ цæстытæм нæй аххос,— саурæсугъд уыд; Мæ хъустæм дæр нæй азым,—уыд йæ хъæлæс Кæлæнгæнæг; мæ зæрдæ дæр уыд раст, Кæй йыл æууæндыд, уымæй,— уа-рæсугъдыл Дызæрдыг кæн, фыдракæндау у уый. Фæлæ уæддæр, мæ дзæбæх Имогенæ, Дæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ ныр Мæн хъуамæ ды бынтон æдылы хонай. Мæ фыдракæнд цы сраст кæнон, хуыцау! (Бацæуынц Л у ци, А кимо, ф ид æ нз о нæ г æмæ иннæ ро- маг у ацарт æ хъ ахъ хъæнд жыт ы разæй; сæ фæдыл— П о сту м æмæ Имо г е нæ фæсдзæуины дарæсы.) Цæй, Кай, ныр хъалон мауал агур: мах <æй Кæрдтæй æристам не ’рагъæй, нæ хуыздæр Хъæбатыртæ сæ удтæ радтой, уыдон Ныр домынц иу: ам уацар чи у — хъуамæ Æрцæуой цагъд; æмæ сын загътон уæд: Разы дæн æз. Æрцæттæ ут мæлынмæ. 207
Луци. Хæсты хъуыддаг тæбæгъы донау у. ’* Æнæнхъæлæй фæуæле стут. Уæлахиз . Мах фестæм, зæгъгæ, уæд æдых уацартæм Æртхъирæнтæ нæ кæниккам. Цæй, хорз, Хуыцæуттæ кæд нывондæн исынц мах цард,, Уæд ромæгтæн куыд æмбæлы, раст афтæ Цæттæ стæм мах мæлæтмæ. Фæлæ Цез’арь Æгас у, æмæ — уый нæ бары маст! Мæхи тыххæй та иунæг хабар курын: Ис мемæ иу æххуырст лæппу,' бритайнаг; Иæ аргъ ын айс, сæрæгас æй ныууадз. Фæсдзæуин æз нæ зьгдтон ахæм; сабыр, Æнувыд, раст лæггадгæнаг чызгау. Йæ хæрзæгъдау — æмбисондæн хæсдзысты, Æ’мæ-иу скæн мæ курдиатæн аргъ. Фыдыбæстæн <нæ фæци ’взæр, кæд Ромæн Уый службæ кодта, гъеуæддæр. Мæлæтæй Йæ хизæг у. Цимбелин. Кæмдæр æй федтон æз. Иæ цæсгом мын зындгонд у.— И, мæ лæппу, Цыдæр тыхæй мын басастай мæ зæрдæ. ’ Мæхи дæ ныр. Цæрыны бар дын ис! Цæмæндæр тынг мæ зæрдæмæ фæцыдтæ. Цазр! Æмæ дæ цы хъæуы, ракур уый — Цыдæриддæр дын ратдзьгнæн, æгъдауæй Цы ’мбæла, уымæй. Зæгъ, кæд дæ фæнды, Уæд — ромæгты дытджындæрæн — сæрибар. И м о г е н æ. Сæрныллæгæй иттæг бузныг, нæ паддзах. Л у ц и. Мæ царды тыххæй ма кур, лæппу. Зонын, Ды уый зæгъинаг дæ. И м о г е н æ. Хъыгагæн, нæ! Ам’ис æндæр хъуыддаг... мæнæн мæлæтæй Тæссагдæр у. Дæ цард йæхæдæг ам Иæхиуыл дзурдзæн. Луци. Систа ныл йæ къух, Ныууæй нæ кодта. Сабийыл æууæндаг ’ Хæрз æнамонд кæны йæхи йæхæдæг. Фæлæ цæуыл тыхса?
Цимбелин. Цы дæ хъæуы? Мæ зæрдæ мын уацар кæныс, мæ хъæбул. Хорз ахъуыды кæн. Кæд йæ фервæзын Фæнд кæныс? Чи дыи у, хæлар? Йе — хиуон? И м о г е н æ. Уый ромаг у, дæуæн цы ййафын, уымæй— Уый дарддæр. Æз — хæстæгдæр, æз — бритайнаг, Ци м б е л и н. Ау, афтæ йæм цæй тыххæй кæсыс ды? И м о г е н æ. Зæгъдзынæн дын æйеусæгæй, кæд мæм Дæу бафæнддзæн æрбайхъусын... Цимбелин. Куыд нæ ма! Дæ иом куыд у? Имогенæ. Фиделе. Ц и м б е л и н. Æз — дæ хицау, Ды та — мæ фæсдзæуин. Уæндонæй дзур. Ц имб е лин æмæ И мо г енæ ныхас кæнынц иуварс. Б е л а р и. Мæрдтæй нæ лæппу сыстади! А р в и р а г. Лæджы Дыууæ цæстау æмхуызæттæ сты ацы Лæппу æмæ Фиделе. Афтæ нæу? Г в и д ер и. Мард райгас и! Б е л а р и. Тсс... Бахъæцут! Æмхуызондзинад хатгай Мæнг разьшы... Куы уаид уый Фиделе, Уæд нæм цыдаид. Уый та нæм кæсгæ дæр Нæ фæкодта. Гв и д ер и. Нæхи Фиделе мард у! Б е л а р и. Æлщад уал... фена^. П и з а и о (фæрсмæ). Мæнæ диссаг: ме ’хсин! Цæй, хорз, гъеныр цыфæнды уæд— æгайтма Сæрæгас у. Ц имб е л ин æмæ И могенæ баздæхынц. 14 Шскспир, 2-аг том. 209
Цимбелин. Нæ фарсмæ слæуу æмæ . Хъæрдæрæй фæрс. (Акимойæн.) Ды та хæстæг æрбалæуу Æ,мæ нын раст дзуатгп дæтт, кæннод х;æрын Мæ удæй ард— дæ мæнгдзинад дын хъама Дæ рæстдзинадæй слыг кæндзæн. (Имогенæйæн.) Фæрсгæ! И м о г е н æ. Зæгъæд-ма нын, кæмæй цы хуызы райста Иæ цонгдарæн? Постум (фæрсмæ). Цæмæн æй бахъуыд уый? Ци м б е л и н. Куыд баци дæу, зæгъ-ма, дæ къухыл уыцы , Егъау налмаз? А к и м о. Ды мæм æртхъирæн кодтай Мæнг зæгъгæйэе, фæлæ мæ раст ныхас Дæ хъизæмар уыдзæн! / Цимбелин. Цы, цы? Мæнæн? Акй’мо. Æгъгъæд у, хъуыддаг раргом уа ныр хъуамæ!' Мæнг ардæй райстон а ’къухдарæн æз. Уыдис уый Леонаты, ды дæхвдæй Кæй фæсьирдтай, æгас дзыллæты ’хсæн Хуыздæрты раз æппæты хуыздæр ч,и уыд,—1 Мæнау фæсмон кæй тыххæй судздзæн ныр Дæ зæрдæйы! Цæй, хъусыс ма мæм, паддзах? Ц и м б е л и н. Æз хъуамæ зонон... А к и.м о. Зæд уыди дæ чызг... Куы ’рымысын — фæцæйтоны мæ зæрдæ, Стæй фескъуийы мæ сайæг уд... Хатыр.... Тыхсын <куыддæр... Цимбелин. щ Мæ чызг? Кæм и? Лæуу фидар. Æнус фæцæр, æрмæст дæ ныхас зæгъ. Цæй, дзургæ! ’ А к и м о. Иухатт,— дæлдзæх фестæд уыцы 210
Æнамонд бон,— æз Ромы куьшды бадтæн,—- Цы хæдзары уыд — сау æлгъыстаг фод! Ау, марг мын дзы цæуылнæ ’исчи радта?.. Хæрзæгъдау Постум...— Цæй, цы зæгъон ныр?— Æвгъау уыд махау ’взæртимæ цæрынæн; * Нæ лæгдæртæн сæ тæккæ лæгдæр уыд...— Æнкъардæй хъуыста,—махæй алчи стыдта Йæ рæсугъды, уыдис нæ ныхас мæнг: Йæ байхъуыстæй —къæбæлдзыг, фæлæ — афтид. Венерæ уа, Минервæ — уыдон раз- Фыдцъылыстæ уыдысты, кæд рæсугъдæй Хуыцæуттæн нæй зæххыл æмбал, уæддæр. Нæ уарзæттæй æппæлыдыстæм мах,— Нæлгоймæгты цы хæрзиуджытæй ахсынц, Сæ уацар нæ цы диссæгтæй фæкæнынц,—» Иæ усы алчидæр хуыдта хуыздæр... Цимбелин. Цыбырдæр дзур,—цыма зынджытыл бадьш! А к и м о. Æз ца-тагъд дзурон, ба<взардзынæ уа-тагъд Фыддæр маст ды. Уæд дын хæрзæгъдау Постум, Дæ чызджы уарзæг, райдыдта ныхас. Нæ рафаудта уый мах уарзæттæй никæй, йæхи усы та сньгв кодта æрмæст Хæдæфсармæй, зæххон хæрзиуджытимæ. Куы дзырдта, уæд йæ цæстыты рухс калд,— Уæд базы’дтам, окæй уыдыстæм сæрхъæнтæ, Нæ рæсугъдтæ та — удхæсджытæ, раст Гæрстæхсджытау. Цим’бел’ин. Хъуыддагмæ лæуу хæстæгдæр!1 Аки,мо. Принцессæйы сыгъдæгдзинад куы стыдта, Куы йæ хуыдта Дианæйау сыгъдæг, Нæй устыты ’хсæн ахæм сыгъдæг — афтæ Куы дзырдта, уæд фæмæсты дæн, æнамонд, Æмæ хæсна^ыл цонгдарæны. ’мсæр Æрæвæрдток мæ сызгъæрйн æхцатæ. Мæхицæй йын æппæлыдтæн, зæгъын, Æртасдзæни мæ фæндмæ Имогенæ, Дæ къухдарæн мæн бауыдзæн... Зыдта Р1æ усы зæрдæ, фидар ьгн æууæндыд Йæ намысыл (фæстæдæр ыл æз дæр Раст афтæ баууæндыдтæн). Æмæ Постум 211
йæ цонгдарæн æрæвæрдта —хæснаг. Æниу уый цы? Раст хурыйас сызгъæрин Æрæвæрын куы хъуыдаид, уæддæр Къуылымпы дæр <нæ фæуыдаид никæд. Æз араст дæн Британимæ... Ды ма мæ’ Хъуыды кæндзынæ, ’вæццæгæн? Дæ чызг мьш Уæд равдыста, цы хъауджыдæр вæййы Сырды уарзт æмæ адæймаджы уарзтæй. Ныфссаст фæдæн, фæлæ ма кодтам ма’х Быцæу ныхасæй басæттыныл... Иу фæнд; Мæ хин зопды фæзыиди,^чъизи, ’лгъаг,— Фæлæ мьш сæххæст. Раздæхтæн дын Роммæ, Мæнг, мысгæ чи уыд, фæлæ хорз баст, ахæм Æвдисæнтимæ,— сæрра Леонат. Фæсасти йе ’ууæнк йе ’фсиныл.Æз ын Фæнымадтон йæ гауызтæ, йæ нывтæ Сæ хуыссæиуаты; равдыстон ын æз йæ цонгдарæн,— дæлимонау мæнгардæй Кæй ра;мырхтон. Фæдзырдтон ын бæстон, Йæ урс буарыл цы ран æмæ цы стъæлф уыд. Гæнæн ын нал уыд, баууæндыд — йæ уо’ Кæй фæци мемæ хуыссаотуаты, ууыл. Цыма йæхæдæг а тæккæ ран ис Мæ разы... П о с т у м (размæ ралæууы). 0 итайлаг сау дæлимон, Дæ разы ис! — Куыд мæгуыр дæн! Æрра, Æвирхъау удхор, давæгой, фыдгæнæг,—- Нæ дунейы æлгъыстагдæр лæгсырд.—< Æриут мын бæндæн, йе марг, йе — хъамя! Цæргæ :мын нал у! Ссар «мын, паддзах, карз хос! Мæнæй тæссагдæр сырдтæй иу дæр нæу! Æз Постум дæн, дæ чызджы марæг! Сайьга, Йæ марæг иае, мæнгард лæгмарæн æз Дзырдрадтон, æмæ уый къухæй фæмярд и. Дæ чызг уыди ’сыгъдæджы дзуар, æгасæй Сыгъдæгдзинад. Кæнут мыл тутæ ныр, Цæвут мæ дуртæй, сардаут мыл куиты, - Цъаммардæр чи уа — хонут-иу æй Постум — Уæддæр мæнæй хуыздæр уыдзæ.ни уый. О Имогенæ, ме стыр ныфс, при’нцессæ! О Имогенæ! О! Им о г е н æ. Мæ’мой! Æрбайхъус... 212
П о сту м. Мæ мастыл ма мын ноджы худгæ? Иуварс, Æххуырст къæбыла! Ариуыгъы Имогенæйы. Уый ахауы. П и з а н о. Ме ’хсинæн æххуыс!— О Постум/ме ’лдар! Амардтай дæ усы Æцæгæй ныр. Æххуысмæ тагъд! Æхсин... Ци м б е л И1Н. Зæхх зилы уый? П о с ту м. Мæ зонд фæцыд? к - П и з а н о. О ме ’хсин! Æрчъиц-ма, цæй! Цимбелин. Кæд афтæ у, уæд мæ< Хуыцæуттæ цинæй амарынмæ хъавынц. П и з а н о (Имогенæйæн). ’ Фæдзæбæх дæ? Им о г е н æ. Мæ цурæй фесæф дард! Ам, паддзæхты цур, ма улæф, фыдгæнæг,— Дæумæ уыд марг. Цимбелие. 'Хъæлæсæй Имогенæ! Цлзано. Принцессæ! Уæд æрвдзæф фæуон, кæд æй Хос не ’нхъæлдтон — дзæбæх кæнынæн. Уый м-æм Дæу тыххæй радта ус-паддбах. Цимбели.н. Цы? Цы? И м о г е н æ. Цы? Марг мын бадардта? К о р н е л и. Хуыцау! Нæ паддзах, Дæ ус ма басаст иу хъуыддагыл:—Кæд, Пизанойæн æз хос кæй хуыдтон, уымæй Принцессæ баназа,— дзырдта мын де ’фсин,— Уæд ыл -æрцæудзæн бур уырыйы ми: — Цъæххосæй афтæ бамыр вæййы уый дæр. Пизано нæу уым аххосджын. Ц и м б е л и н. Цы хос уыд? 213
Мæнæн иу хатгай ус-паддзах лæвæрдта Хæс — маргджын уидæгтæ хæссын,— мæн, дам, Хъæуьшц цыдæр фæлварæнтæн, дзæгъæлдзу Куитæ, гæдытæ марынæн. Фæлæ,— Зæгъын, миййаг, куы ражæна фыдракæнд, Æмæ йьгн радтон ахæм хос, кæны Фынæй раст мярдау, маргæ та нæ ,кæны,—; Лæг райгас вæййы. (Имогенæйæн.) Баиызтай дзы ды? Имогейæ. Æвæццæгæн, кæд ,мард уыдтæн, уæд. Б е л а р и. Гъе, Мæ хъæбултæ, гъеуый фæсайдта мах дæр! Г в и д е р и. Фиделе! 0, ай-гъайдæр уый у, уый! Имогенæ (Постумæн). Уæд ма цæй тыххæй асхуыстай дæ усы? Зæгъæм, лæууæм >ныр айнæджы рындзыл, Ног асхой мæн. (Хъæбыс æй кæны.) П осту м. Æз цалынмæ цæрон,—» Бæласыл дыргъ куыд уа, хæц-иу мыл афтæ.( Цимбелин. Мæ чызг! Мæ туг! Мæхъæбул! Ме стæг! Ау, Æз чи дæн ам, дæумæ гæсгæ? Æддагон? Мæнмæ цæуылнæ исты дзурыс уæд? И м о г е н æ. Раарфæтæ нын кæн, .нæ фыд. Б е л а р и (Гвидери æмæ Арвирагæн). Æмбарын, Цæмæн бауарзтат лæнпуйы æваст,— Уыдис уын аххос. Цимбелин. А цæстысыгтæ дын Хуыздæрæн фод, мæ дзæбæх чызг, дæ мад Оæрæгас нал у. Им о г е н æ. Маст кæнын. Цим’белий. Нæ хъæуы, Уый дурзæрдæ уыд, иугай нæ ньиккодта, Фæлæ йæ хъæбул фесæфт. 214
П и з ан о. Цæй, æз дæр . Зæгъон æдæрсгæ ныр. Куы фесæфт ме ’хсин, Уæд мæм фæзынди принц, йæ былтæй калд| Йæ сæт æмæ æртхъирæн кодта кардæй Мæ марынмæ,— зæгъ, дам, цы фæци чызг. Фыстæг мæм разьшдме ’лдарæй. Куы бакаст, г7 Уæд базыдта, кæдæм ацыди ме ’хсин; 1 Тызмæгæй тагъд æрцагуырдта мæнæй • Йæ уæлæдарæс ме ’лдарæн æмæ Принцессæйы фæдыл фыдвæндæй араст Йæ худинаг кæнынмæ. Стæй цы баци — Нæ зонын æз. Гви д ер и. Æз æй зæгъдзынæн: мард’ Æрцыд м-æ къухæй. Ци м б е л ин. О хуыцау, ныббар ын! Дæ б,ирæ хорз хъуыддæгты тыххæй мæн Нæ фæнды дæу мæлæтмæ раттын. Рахон 'Дæ ныхас мæнг. Г в и д е р и. Цы загътон, уый у раст. Цимбелии. Уый принц уыдис!.. Гвидери. Æмæ дыдзæсгом! Йе ’лгъыст Нæ кодта ном цытджын паддзахæн! Фурд Куы хъæр кодтаид уый хуызæн — мæ кардæй Æз акъуырдтаин уый сæр дæр. Æгайтма Нæй ам æмæ æртхъирæнтæ нæ кæны Мæхи ныхмæ. Цимбелин. Хъыг ’мын у тынг, фæлæ| Ды равзæрстай мæлæты тæрхон. Ам’æл! И м о г е н æ. Æз уыцы марды фенхъæлдтон мæ мой Æнæсæрæй! Цимбелин. Фыдгæнæгыл æрхæцут Æмæ йæ ласгæ! Б е л а р и. Нæ, фæлæуу, къарол Уæлдæр у принцæй, стæй дæуæй ныллæгдæр 215
Нæу уый. Ды уымæй хæсджындæр дæ бирæ Сæдæгай принцтæй. (Хъахъхъæнджытæм.) Ма ’вналут йæ къухтæм —) Бæттинаг йе сты. , Ц и м б е л и н. 0 зæронд, дæ хорзæх Куы нæма райстай де сгуыхты тыххæй,—’ Цæмæн æй са,фыс, мах мæсты кæнынæн? Куыд ме ’мсæр у? « Ар в ир а г. Нæ фыд æй фегæр кодта! Цимбелин. Гъеуый тыххæй мæлæт дæ хай! Б е л а р и. Зæххыл • Æнæмæлгæ нæу иу дæр,.фæлæ раздæр Æз равдисдзынæн, лæппуты мыггаг Кæй у цытджын,— мæ хъæбултæ, æз хъуамæ Зæгъон нæ сусæг. Уым мæнæн ’и ме сæфт, Сымахæн — аодонд. - А р в и р а г. 0, фæлæ дæу сæфт — Уый мах дæр у. Гви д ер и. Нæ -а’монд та — дæу дæр. Б е л а р и. . Уæдæ мæм хъус! Дæумæ, нæ цытджын паддзах, Дæлбар лæг уыд,-Белари. Ц и м б е л и н. Æм^æ цы? Уæййаг, æрцыди тард. Б е л а р и. Уыдис мæ карæн, Æцæг фæтарды, фæлæ ’йæ нырмæ’ Нæ зыдтон .æз уæййаг лæгæй. Ц и м б е л и н. Хæцут ыл! Хатыр ын нæй. Б е л а р и. Тæвд ма ’кæн! Раздæр уал мын, Дæ фыртты дьш кæй фæхастан, уьтй-бафид, Стæй агур уæд, цы раттай, уый. Ц и м б е л и н. Мæ фыртты?!
Б е л а р и. Æгæр уæыдын, фæлæ мын сыстæн нæй Мæ зонгуытæй, сæ кадджьгн ном та ногæй Кæдмæ нæ райсой; гъестæй-иу мын ракæи Мæ зæронд сæр. Къарол! Æнхъæлынц ацы Лæппутæ мæн сæ фыд, сæхи—мæ фырттæ. Нæ! Уыдоны дæ туг хъазы, къарол; Дæ байзæддаг. Цимбелин. Мæ байзæддаг, чи? Адон? Б е л а р и. О, уый æцæг у, ды къарол куыд дæ, Дæ фыды фырт, уый куыд æцæг у, афтæ. Æз зæронд Морган — дæн дæу тард Белар-и,. Дæ фæмæсты та ме стыр азым у, Мæ уæййаг ми. Мæ фыдракæнд — мæ зынты.. Дыууьщ азы фæхастон дыууæ принцы. Фæамыдтон, цы зыдтон, уый,— ды та, Мæ паддзах, зоныс, ахуыргонд цæйбæрц дæн. Куы фæдæн тарды, бахæс кодтон æз Сæ радавын дыджызæ Эврифилæн, Æмæ дзы ус йæ хæрзйуæгмæ скодтон. Ды бафхæрдтай хуыцауы рæстæй мæн, Æмæуæд æз ныллæууыдтæн фыдвæндыл. Мæ рæстæй тард æрцыдтæн, æмæ уæд Мæ зæрдæ сивтон. Ды куы кодтай маст, Æ/з та уæд — цин,- мæ фæнд кæй сæххæст,ууыл.. Ныр айс дæ цот, æз та, мæгуыр мæ бон, Мæ тæккæ рухсдæр дыууæ хуры сафын. Хуыцауы хорз хæрзиуджытæ сæ сæртыл Кæлæнт æртæхау. Стъалыты ’хсæн иыр Æрттивой хъуамæ. Цимбелин. Ды кæугæйæ дзурыс. Фæлæ мæм де ’ххуыс диссагдæр кæсы Дæ ныхасæй. Æз фесæфтон мæ фыртты, Фæлæ’кæд адон мах фырттæ сты, уæд Нæ хъæуы мæн хуыздæр хъæбултæ. Б е л а р и. Бахъæц. Дæ а*фырты хуыдтон æз Полидор, Дæ хистæр гуырд — Гвидери, ай та — Кадвал, Дæ кæстæр хъæбул — Арвираг. Уæд ма Иæ мады быд æмбисонды хъæццулы 217^
Тыхт уыди. Уый дын—йе ’вдисæн мæнæй. Ц и м б е л и и. Ф;æлæуу-ма! Уыд Гвидерийæн йæ хъуырыл Сырх ыстъæлфæн, цыма дзы туг фæбадт — Æмбисонды нысан. Б е л а р и. Нырма, нæ паддзах, Иæ уæлæ ис. Уый зондджын æрдзæй у, Цæмæй йын уа цырандæриддæр зонæн. Ц и м б е л и н. Æз абон дæн æртæ ныййарæг мадау. Мæ бæрц йæ кæнид иунæг мад дæр цин! Хуыцау уын уæд ахъазгæнæг, мæ хуртæ. Æнусмæ ныр фыды хæдзар—уæ цæрæн. Фæлæ, мæ дзæбæх Имогенæ, ды Паддзахы бынат сафыс. ймогенæ. Ах, мæ фыд, Уый хыгъд мыл бафтыд а дыууæ дунейы,—( 0 ме фсымæртæ, ногæй та кæрæдзи Кæй федтам мах! Æз дæн еымахæй растдæр; Хуыдтат уæ хойы уе ’фсымæр, æз та уæ, Æфсымæрты, æфсымæртæ хуыдтон, Мæ мадызæнæг! Цимбелин. Фембæлдыстут? А р в и р а г. О, Нæ паддзах. Г ви д ери. Мах æй афтæ бирæ уарзтам Фьшæйы размæ... ’ К о р н е л и. Ус-паддзахы марг.æй... Ц и м б е л и н. Хъысмæт у уый! — Кæд базоидзынæн се ’ппæт? Ам уыйбæрц диссаг цаутæ стыхстис иумæ —■ Цыбыр ныхасæй сын .æмбарæн нæй. Цы ран æмæ куыд цардыстут? Куыд айста Дæу службæмæ нæ уацар? Ау, куы ссардтай Æфсымæрты, куыд сæ фесæфтай ног?. Цæмæн фæлыгътæ галуанæй? Цы ранмæ? ■ Стæй ноджы бирæ фарстатæ. Фæнды Мæн базонын æнгомбастæй, фæд-фæдыл, -218
Куыд рауадысты хабæрттæ. Фæлæ Ныр афо/Н нæу, бынат дæр <нæй фæрсынавн.. Кæсут-ма, Имогенæйы цур Постум Куыд æрæнцад. Йæ цæстытæй сæуæхсид Æрттивы æмæ рухс кæны йæ мойы, Мæн æмæ ноджы йе ’фсымæрты цинæй, Æмæ йын алчи дзуапп дæтты цæстæй. Цом аргъуанмæ æмæ хуыцаумæ скувæм. (Беларийæн) Нырæй фæстæмæ ды мæнæн — æфсымæр. И м о г е н æ. Мæнæн та — фыд: дæ фæрцы ссардтон æз Мæ рухс амонд. Ц и м б е л и н. Нæ уацартæй фæстæмæ Æппæтæн— амонд. Уыдон дæр, цæй, райæнт: Уыдзæн сын барст! И м о г е н æ (Луцийæн). Мæ хорз хицау, >ныр дын Мæ лæггад хъуамæракæнон. Луци. Цæр бирæ! Ц и м б е л и н. Ехх, уыцы сæфт хъæбатыр æфсæддон Куы фестид немæ — ракæниккам уымæн Нæ цин, нæ хорзæх. П осту м. Уыцы æфсæддон Æз дæн, паддзах. Зæхкусæджы бызгъуырты Хæцæг æз уыдтæн. Ажимо, зæгъ, чи уыд Дæ басæттæг. Дæу амарьш дæр уыд Мæ бон. А к и м о (йæ зонгуытыл æрлæууы), Лæууын мæ зангуытыл дæ разы. Уæд мæ дæ хъару басаста, ныр та, Мæ цæсгом арт кæй уадзы, уый. Дæ фæрцы Цæрын, æмæ мын айс мæ цард: æрмæст уал Айс цонгдарæн, зæххон æцæг рæстуддæр Чызджы цонгдарæн. П о с ту м. Зонгуытæ окъæдз ма кæн. Мæ бон у ,иу — хатыр кæньш, фыдгæнд Ныббарын. У мæ мастисын та — барын. Цæр æмæ су цæсгомджын! 2Ш'
Ц и м б е л и н. Хорз ныхæстæ! Лæгуарзыныл нæ ахуыр кæны не сиахс. Æппæтæн барст! (Постумæн.) Æфсымæрау нын баххуыс кодтай ды, Æмæ дæн амондджын, æцæг æгайтма Æфсымæртæ стæм. П о сту м. Æз — цæттæ сымахæи Лæггадмæ, принцтæ,—ромаг хæстон, ам— Дæ фидæнзонæг. Дысон мæм мæ фыньг Иæ цæргæсыл æртахт Юдитер, йемæ — Мæ ныййарджыты, ме ’фсымæрты удтæ. Куы райхъал дæн, мæ риуыл разынд уæд Пергамент, æз йæ бакæсын нæ зонын. : "5?адз равдиса йæ дæсныйад, зæгъæд нын, Цы фыст ис ам. Луци. Цы фæдæ, Филармон? ФидæнзО’Нæг (размæ ралæууьь). Æз ам дæн. Л у ци. Ба-кæс æмæ радзур хъуыды. * ’Фидæйз о ’Н æ г. «Лæппын-домбай, чи у, уый нæ зонгæйæ, цы нæ агуырдта, уый куы ссара æмæ йыл хъарм фæлмæн уæлдæф куы атыхса; стыр нæзыйы лыг къалиутæ, би- рæ азты дæргъы мардыл нымад- уæвгæйæ сæ зæронд бынатыл куы баныхæсой æмæ та ногæй цъæх куы адарой, уæд фæуыдзысты йæ хъизæмæрттæ Посту- мæн, амондджын Британийы та ног фæзындзысты фарн æмæ бæркады цард». Лæппын-домбай—уый, Леонат, ды дæ. Латинагау дæ Леонатус, ома — Домбайæ гуырд; фæлмæн уæлдæф та, паддзах, Дæ чызг у; моллис сер — сабыр уддзæф, Латинагау æнувыддæр ус — муллир. Иæ фыст мæн нæу (Постумæн.) Æнæнхъæлæй дыл сæмбæлд Иæ хъарм улæфт фæлмæн дымгæйау раст. Цимбелин. Йæ хъуыды арф у. , Ф и д æ н з о н æ г. Стыр нæзыбæлас та — 220
Ды, Цимбелин, йæ къалиутæ — дæ фырттæ, Белари дыи кæй адавта. Ды сæ Мæрдтыл нымадтай, фæлæ уыдои ногæй Дæхи уæлæ ныххæцыдысты ныр, Æмæ дæ бæстыл рæздзæн фарн бæркадæй. Цимбелин. Иттæг хорз. Фарнæй райдайæм. Кай Луци, Кæд саст ды дæ, уæддæр нымайæм мах Цытимæ Ромы, Цезары, нырмæйау Нæ’хъалон фиддзыстæм сымахæн, ивд Æрцыдис уый ус-паддзахы фыдвæндæй. Фæлæ хуыцæуттæ раст тæрхон кæнынц: Йæ фыртимæ уæззау æфхæрды бахауд. Фидæнзоиæг. Æрвдзæрджытæ нын фидыд æмæ фарн Цæгъдынц фæндырæй.' Луцийæн кæддæр Цы ныв равдыстон туджы хæсты размæ, Уый -сæххæст и. Нæ ромаг цæргæс ратахт Ныгуылæн бæстæм хуссарæй æмæ Чысылдæртæнгæ хуры тынты батад. Уый амО’Ны: нæ ныфсхаст цæргæс Цезарь Иæ уарзондзинад сæмбæлын кæндзæн Ныгуылæны æрттиваг Цимбелиныл. Ц им бе л и«. Табу, хуыцау! Уадз кувæндæттæй фæздæг Тырна уæлæрвтæм! —Ахъæр кæнут фидыд Æппæт дæлбартыл! — Цом! Æрттивæнт иумæ Бр.итайраг æмæ ромаг тырысатæ! Юпитеры рухс кувæндонмæ цом, Ныффидар кæнæм Ромимæ нæ цæдис. Нырма нæ кæрдтыл не схус туг æххæст, Фæлæ ис фидыд: ’нал уыдзæни хæст! (Ацæуынц.)
^ ÆФХÆРД ÆФХÆРДМÆ **У (РАСТ ТÆРХОН) ФОНДЗАРХАЙДОН ТРАГИКОМЕДИ 222
АРХАИДЖЫТÆ: Бииченцо, Венæйы герцог. Анжело, герцоджы балцы залшн уый хæстæ æххæстгæнæг. Эскал, ацæргæ æлдар. Клавдио, æрыгон æлдар. Луцио, къуыдипп лæппулæг. Фыццаг æлдар. Дыккаг æлдар. Варрий, герцогмæ хæстæгуæвæг æлдар. Æфсымæр Фома 1 Æфсымæр Петр | моладзантæ. Тæрхоны лæг. Рæмбын, ахæстоны уæдæгонд хицау. Фынк, къленцгонд æлдар. Помпей, Фыррæгъæды æххуырст (быдзæу). Сæркъуыр, лæгмар. Бернардин, хæлд æмæ хæтаг ахст лæг. Ахæстонгæс. Изабеллæ, Клавдиойы хо. Марианæ, Анжелойы усаг. Джульеттæ, Клавдиойы уарзон. Францискæ, моладзан. Фыррæгъæд, сусæгæй уарзæтты иугæнæг. Æлдæрттæ,- хъахъхъæнджытæ, горæтæгтæ, лæппу, æххуырстытæ. Архайды бынат — Венæ. 223
1 СЦЕНÆ Герцодоюы галуаны раз. Бацæуынц гер цо г, Э с кал, æлдæрттæ, фæсдзæуинтæ. Г е р ц о г. Эскал! Э с к а л. Мæ паддзах!.. Г ер ц о г. Ды иттæг хорз зоныс, Куыд амонын, куыд уынаффæ хъæуы ’ Нæ паддзахады, ам дæуæн ныртæккæ Цы бацамони’н, уыдо«æй дæхæдæг Фылдæр зоныс, гъе, уымæ гæсгæ дын Уæлдай иыхæстæ «ал кæныи. Хъæуы ма Дæ хæрзиуджытæн бар раттын æрмæст, Цæмæй хъуыддаджы басгуыхой. Ды ’мбарыс Нæ дзыллæйы, нæ закъæтты æвзаг, Цы лæгты зонын ■—сегасæй хуыздæр,—< Уæдæ дæ зонд, дæ фæлтæрддзинад равдис, Айс барты чиныг. Уый амындыл цу. (Дæтты йын барты чиныг.) Фæдзурут-ма мын Анжеломæ ардæм. (Фæсдзæуинтæй иу ацæуы.) Куыд дæм кæсы, мæ бынаты бæздзæи? Зæрдывæндæй йæ равзæрстам, цæмæй нын, Мах ам куы нæ уæм, уæд иæ куыст кæна, Æгъдауджынæй. Уыдзæн тызмæг нæхийау, Фæлæ кæндзæн тæригъæдæн хатыр, Æмæ йын мах дæр не ’ппæт бартæ раттам. Цы зæгъдзынæ? 224
Э с к а л. Кæд венæйæгты ’хсæн Ис ахæм кады аккаг хорз лæг, уæд Уый Анжело у. Г е р ц о г. Мæнæ, гъе, йæхæдæг. Бацæуы Анжело. А н ж е л о. Кæддæриддæр дæ фæндмæ хъусæг, герцог, Цы лæггадæн дæ бахъуыдтæн, зæгъ æй. Г е р ц о г. Дæ царды ахæм миниуджытæ ис — Лæг дæм куы кæсид, базонид æнцонæй Дæ фидæнбон кæрæй-кæронмæ. Ды Дæ удыхъæд, дæ хæрзиуджытæ хъуамæ Æрмæст дæхиуыл ма хардз кæнай: нæй Дæ удæн бар, цæмæй æрмæст дæхи уай. Цырæгътау уымæн -не ссудзæм зæххыл, Цæмæй нæхицæн рухс казнæм; куы ’мбæхсай Дæ хæрзиуæг, уæд афтæ у, цыма дæм Хæрзиуæг нæй. Бæрзонд зæрдæ тырны Бæрзонд нысанмæ! Æрдз лæвар нæ дæтты Йæ хæзнатæ; куы сæ фæдæтты, уæд Йæ хæсджынæй уый хъуамæ хъуса бузныг, Пайда дзы иса. О, æниу дын æз Цы дзурын, уый дæхæдæг хорз куы зоныс. Уæдæ хъус, Анжело! Уыдзынæ ды Мæ бæсты, ам куы нæ уон, уæд. Мæлæт дæр, Хæрзиуæг дæр уадз венæйæгтæн уой Дæ зæрдæйæ, дæ ныхасæй. Эскал дæ1 Кæд хистæр у,— уадз де ’ххуысдар уа уый. Айс барты чиныг. Дæтты йын барты чиныг. А нже л о. Бавзар уал, мæ паддзах, Фыццаджыдæр, цы ’фсæйнагæй дæн, уый: Дæ намысджын, дæ уæздан номæн аккаг Кæд æз нæ дæн!.. Г ер н о г. Уæлдай дзурын ныууадз. Куы ’взæрстам дæу, уæд ыл фæдзырдтам бирæ. Æвзæрст дæ: баком уæдæ уыцы кад. Дæуæн æз уадзын тынг бирæ хъуыддæгтæ Æнæлыгæй, фæлæ мæ балцæн нæй Шекспир, 2-аг том.
Фæстæдæр бонмæ аргьæвæн. Фысдзыстæм Нæ хабæрттæ дæумæ, ды дæр-иу фысс, Дæ хабæрттæм кæсдзыстæм мах æнхъæлмæ,— Уæдæ хæрзбон. Цы ’нхъæлмæ дæм кæсын —. Дæ къухы бафтæд. А н ж е л о. Бар мын ратт, мæ паддзах, Чысыл дæ афæндараст ка&нон!.. Г ер ц о г. Нæ, Æз тагъд кæнын! Ды та гуырысхо ма кæн: Дæ бартæ сты ма барты ’мсæр,— куыд дæм Хуыздæр кæса, раст афтæ ив, йе — фидар Кæн закъонтæ! Æ-ри уæдæ дæ къух. Æз сусæгæй цæуын. Адæмы уарзын, Фæлæ мæхи æгæр æвдисои, уый Нæ фæнды мæн: уадз уа сæ цин зæрдæйæ—> Нæ уарзын æз æгæр цинтæ-хъæртæ: «Æгас цæуæд!» Цы лæг сæ уарза, уый та Æз зондджыныл нæ нымайын. Хæрзбон. Анжело. Рæствæндагыл дæ бафтауæнт хуыцæуттæ! Э с к а л. Æмæ фæстæмæ ’гас хæдзар ыссар! Г ер ц о г. Иттæг бузныг. Хæрзбонтæ. (Ацæуы.) Э с к а л. Граф, фæнды мæ, Дæуæй бæлвырд куы базонин, мæ хæс Цы уыдзæн, уый. Цыдæр хæс ныл æвæрдта, Фæлæ цы у — бæлвырд нæ зонын. А н ж е л о. Раст Дæуау маанæн дæр. Цом уæдæ мæ фæдыл: Рæхджы бæлвырддæр базондзыстæм мах — Цы у нæ хæс. Э с к а л. Фæцæуын æз дæ фæдыл. (Ацæуынц.)
2 СЦЕНÆ Уынг. Бацæуынц Лу цио æмæ д ыу у æ у æзд аны. Л у ц и о. Нæ герцог æмæ иннæ гер’цогтæ куы нæ бафидауой Венгрийы къаролимæ, уæд герцогтæ æмвæндæй абырс- дзысты къаролы. Фыццаг уæздан. Хуыцау, фидыд цард иын ратт паддзæхтимæ, æр- мæст нæ бахиз сæ иуæй — паддзах Стонгæй! Дыккаг уæздан. Аминь! Л у ц и о. Раст мæнæ хуыцаумæ кувæг денджызон абырæджы ныхас кæныс: уый дæр денджызмæ ахæссы дæс фæ- дзæхсты, фæлæ дзы иу ахахх кæны. Дыккаг уæздан. «Ма адав?» Л у ц и о. Гъеуый дзы ахахх кæны. Фыццаг уæздан. Æмæ уæдæ куыд, >куыд? Уыцы фæдзæхст науы ка- питан æмæ йæ абырджыты æрдонгæн сæ къух исын кодта сæ сæйраг куыстыл—’уыдон комкоммæ давьш- мæ куы цыдысты, стигъынмæ. Науæд, чи у не ’хсæн уыцы салдат, сихоры агъоммæ хуыцаумæ кувгæйæ фи- дыд курын кæй зæрдæмæ цæуы? Дыккаг уæздан. Æз иунæг салдатæй дæр нæ фехъуыстон , зæгъгæ, ахæм куывд мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Фыццаг уæздан. Тынг хорз дыл æууæндын: ды, ме ’рдыгонау, уыцы куывд дæхæдæг дæр никуы фехъуыстай. Дыккаг уæздан. Никуы, æрмæст иу-ссæдз хатты. Фыццаг уæздан. Куыд ’нæ, куы, суанг ма стихты дæр? Л у ц и о. Стихты дæр, прозæйы дæр, стæй алыхуызон æвзæг- тыл. Фыццаг уæздан. Æмæ баууæнд алыхуызон динтыл дæр! 227
Луцио. Уæд цæуылнæ? Кæд динтæ кæрæдзи ныхмæ сты, уæддæр кувын кувын у æмæ кувынæй баззайы, мæнæ ды цыфæнды зæрдиагæй куы фæкувыс, уæддæр æлгъаг, æнаккагæй куыд баззайыс, афтæ. Фыццаг уæздан. Раст зæгъыс, æз æмæ ды фæрæт æмæ йæ хъæды хуызæн стæм. Ды — фæрæт!1 ’ Дыккаг уæздан. Ды та — фæрæтыхъæд. Ихсыд фæрæтыхъæд, ард дын хæрын. Мæнмæ цыргъ фæрæт уæвын хуыздæр кæ- сы, дæуау кæйдæр къухты ч,и баихсыди, уыцы фæрæ- тыхъæдæй. Раст <нæ зæгъын? Л у ц и о. Къæлæтæй растдæр! Фæлæ мæ кæд дæхи адлийæ барыс? Ахæм æргом иыхасы фæстæ æз нуазын дæ цæ- рæнбоны тыххæй, æцæг, хатыр, фæлæ дæ фæстæ <нæ. Де ’нæниздзинады тыххæй нуазгæ у, фæлæ дæ агуыв- зæйæ дæ фæстæ нуазын — æдас нæу. Фыццаг уæздан. Æмхъæл дæн, мæхи бабын кодтон, и? Дыккагуæздан. Уый — бахæцыд дыл, æви нæ, уымæй у. Л у ц и о. Кæсут-ма, кæсут, æрбаленк кæиы не ’хсæны мон- дагуадзæн. Фыццаг уæздан. Чысыл ’низтæ мыл нæ бафтыди йæ хæдзары, хардз та фэ&кодтон... Дыккаг уæздан. Цас, цас, зæгъ æй? Фыццаг уæздан. Цас дын сыстади, зæгъ æй дæхæдæг? Д ы к ка г у æ з д а н. Иу-æртæ ’мин доллæры афæдз. Цы хъæдгæмттæ мыл дзы фæзьшди, уыдон та ноджы фылдæр. Фыццаг уæздан. Дзæвгар фылдæр. Æхца ассывта, стæй мæ фæуагъ- та хъым-хъымгæнгæ. Л у ц и о. Хорз у, уæддæр ма дæ бон хъым-хъым кæнын кæй у, уый... Фыццаг уæздан. Ды цыдæр дæлгоммæ ныхæстæ кæныс мæ цавæр- 228
дæр низты фæдыл, фæлæ рæдийыс — æз æнæниз дæн, фидар. Л у ц и о. Æнæниз — чи зоны, фæлæ фидар — мидæгæй афтид дзаумайау: де стджыггæ афтид сты, дæ хæтгæ цард дьш сæ магъз бацъырдта! Бацæуы æ х син Фыррæгъæд. Фыццаг уæздан. А! Куыдтæ цæрыс? Дæ кæцы агъдæй хъæрзыс ныр- тæккæ? Фыррæгъæд. Хорз, хорз. Ныртæккæ уæртæ уым æрцахстой æмæ ахæстонмæ акодтой, сымах хуызæн тентектæй фондз мины аргъ чи уыд, ахæм лæджы. Дыккаг уæздан. Уый — кæй, зæгъ-ма, дæ хорзæхæй? Фыррæгъæд. Кæй, кæй!.. Клавдиойы, синьор Клавдиойы! Фыццаг уæздан. Клавдиойы... Ахæстонмæ? Уый нæ уыдзæн!' Фыррæгъæд. Куыд нæ уыдзæн! Æз мæхи цæстытæй федтон, куыд æй фæцæйкодтоЙ! Ноджы фыддæр та уый у, æмæ йын æртæ боны фæстæ ахауын кæндзысты йæ сæр. Луцио. Нæ бирæ æдылы миты фæстæ —м,æн иæ фæнды ууыл баууæндын!.. Куыд дæ бауырныдта? Фыррæгъæд. Куыд вæййы, афтæ. Уымæн æмæ æхсин Джульеттæ уым,æй рæхджы æнхъæлмæ кæсы еывæллонмæ. Л у ц и о. Тæрсын, æцæг афтæ куы уа, уымæй,— ныфс мын æвæрдта, дыууæ сахаты размæ æрбацæуынæй æмæ не ’рбацыд. Уый та æнæмæнг æххæст кодта, ныфс цæмæй æвæрдта, уый. Дыккаг уæздан. Стæй ноджы цæуыл дзырдтам, йæ хъуыддаг уымæ хæстæг лæууы. Фыццаг уæздан. Сæйрагдæр та — паддзахадон иог уынаффæйы за- ман æрцыд йæ хъуыддаг- Л у ц и о. Цом тагъддæр базонæм, цы хабар у. (Л у цио дыууæ фæсдзæуинимæ ацæуы.) 229
Ф ыр р’æгъ æ д. Гъе, афтæтæ: кæй хæстмæ, кæй рынчьгндонмæ, кæй ауындзæнмæ, кæй та ахæстонмæ. Афтæмæй мæ .клиент- тæй иу дæр нал баззайдзæн. (Бацæуы П о м п е й.) Цæй куыд, исты базыдтай? П о.м п ей. Цæй, акодтой йæ ахæстонмæ. Фыррæгъæд. Цы хъуыддаджы йæм ссардтой фыдгæнд? Помпей. Сылгоймагимæ хъуыддаджы. Фыррæгъæд. Номхыгъдæй — цавæр фыдгæнд? Помпей. Балер кæсаг ахста нæфæтчиаг цады. Фыррæгъæд. Цыбырдзырдæй, чызджы «ыууагъта сывæллонимæ. Помпей. Нæ, усы ныууагъта чызгимæ. Ды паддзахадон ног уынаффæ нæ фехъуыстай? Фыррæгъæд. Цавæр уынаффæ, мæ зæрдæдарæн? Помпей. Венæйы кæрæтты цыдæриддæр хъæздыгдзинады хæдзæрттæ ис — иууылдæр сæ пырх кæндзысты. Фыррæгъæд. Цы? Горæты мидæг чи ис, уыдон та? П о м п е й. Уыдон ныууагътой лæгтæ сæ устытæй уарыиæн, Уыдон дæр хъавыдысты фехалынмæ, фæлæ иу зонд- джын адæймаг сæ сæрыл сдзырдта. Фыррæгъæд. Ау, æмæ уæдæ горæтгæрæтты хъæлдзæг хæдзæрт- тæ иууылдæр халдзысты? П о .м п е й. Бындзарæй, æхсин. Фыррæгъæд. Гъеуый дьш ивддзинад æгас паддзахады! Цы ма уыдзынæн æз? Помпей. Цæй хорз. Дæхиуыл ма тыхс: хорз æвдакаттæ кли- ентхъуаг «е ’ййафынц. Дæ адрис «уы аивай, уæддæр дæ дæсныйад дæхимæ уыдзæн! Æз фыццагау баззай- 230
дзынæн дæ хæрзгæнæгæй. Фидар лæуу, иунæг нæ уы- дзынæ. Ау, ацы куысты дунейы цыдæртæ куы зоныс. Тыхсты ’нæ бахаудзынæ. •Ф ы р р æ г ъ æ д. Цæй, цы гæнæн ис, Томас? Цом ардыгæй. П о м п е й. Мæнæ, гъе, синьор Клавдио... фæкæнынц æй ахæс- тонмæ. Джульеттæ дæр йемæ. Бацæуынц ахæстонгæс, К л а в д ио, Д ж у л ь еттæ æмæ хъахъхъæнджытæ. Клавдио. Цæмæн мæ ралас-балас кæнут уынгты? Цом ахæстонмæ,— уый мын у тæрхон. Ахæстонгæс. Æз дæ фыддæрадæн, миййаг, нæ кæнын: Г.раф Анжело’мын бафæдзæхста уый. К л а в д и о. Зæххон хуыцау дæ, хицау дæ... Уæззау нын; Фæфидын кæныс аххосы тыххæй. Куыд хивæнд у! Кæмæн æй фæнда, уымæн Хатыр кæны, куы сфæнд кæна, уæд та —■ Рыг фесты лæт. Закъон у уый? Бацæуынц Л у цио æмæ дыу у æ у æ з д аны. Л у цио. Циу уый та? Куыд? Клавдио хъадаманты? Цæмæн? К л а в д и о. Æгæр бархи кæй уыдтæн, ме ’рдхорд, уымæи. Æгæр хæрды фæстæ фæдарæм ком, Æгæр бархийы фæстæ та фæдарæм Хъадамантæ. Раст маргæфсæст уырытæ Куыд дойны кæной, афтæ мах фæбæллæм Тæригъæддаджы мондагмæ, фæлæ Куы суадзæм мондаг — ахæстоны сбадæм. Л у ц и о. Тæхуды, дæуау арфзондджын ныхæстæм арæхс,— ар’витин хæсылдæтджытæй иуæй-иутæм, цæмæй ныл æууæндой... Æниу, раст зæгъгæйæ, ’мæнмæ æдылыйæ сæрибар уæвын хуыздæр кæсы, зондджынæй ахæсто- ны бадыны бæсты. Цавæр фыдгæнд ракодтай, Клав- дио? К л а в д и о. Æрмæст æй ской кæн, уый дæр уæд фыдгæнд у. 231
Л уци о. Лæгмард? К л а вд и о. Нæ. Л уци о. Хæлд ми? К л а в д и о. Афтæ дæр æй хон! Ахæстонгæс. Фæци ’нæ рæстæг. Рацу, хорз лæг. К л а в д и о. Бахъæц, Мæ хæлар! Луцио, дыууæ ныхасы. Л у ц и о. Сæдæ дæр уæнт, кæд дын пайда сты, уæд. (Æмбисонд, хæлдмигæнджыты куыд ахсьшц!) К л а в д и о. Æрбайхъус-ма: Джульеттæимæ рагæй Æз аргъуыд дæн, мæ къай у ныр, æрмæст Мах цардыстæм нæ чындзæхсæвы размæ Лæг æмæ усау; гъе, фæлæ нырма Йæ мад, йæ фыдимæ нæма стæм фидыд: Нæ йын дæттынц чьшдздзон лæвар, сæ мулк Сæ чъындыйæ æхгæд чырынты дарынц. Нæ уарзт æмбæхстам, цалынмæ нын бар Чындзæхсæвæн йæ ’ныййарджытæ раттой, Фæлæ цы сусæг уарзтæй уарзтам, уый Джульеттæйыл æгæр бæлвырд фæбæрæг. Л у ц и о. Ды иттæг раст зæгъыс. Дæ сæр дæ уæхсчытыл аф- тæ лæмæгъ æвæрд у— кæцыфæнды бауарзæг чызг æй иунæг бафуйæ ахауын ’кæнид. Цом герцогмæ, ныл- лæгъстæ йын кæн, кæд дын бахатыр кæнид. К л а в д и о. Æрвыст æм уыд: кæм и — бæрæг ын нæй. Дæуæй æз курын иу æххуыс: мæ хо Моладзандонмæ бацæуынмæ хъавы. Ыссар æй, зæгъ, цы тасы ран дæ-н æз. Ног хицаумæ ,мын бахатæд, -кæд мын Ныббарид уый. Мæ фервæзт, зæгъ, дæуæй у, Мæ зæрдæ, зæгъ, дæуыл дарын æрмæст. • Цæрæццаг у ;мæ хо, цы ’взагæй дзуры, Уый хицæн у — зæрдæмæ хъараг; ноджы 232
Хæд-зонд у тынг, куы йæ бафæнда, уæд Иæ зонд, йæ ныхас сау дурмæ дæр хъарынц. Л уц и о. Хуыцау зæгъæд, цæмæй басгуыха дæ уæззау хъуыд- даджы, æмæ ма «оджыдæр царды дæ мондæгтæ исай. Тынг хъыг мьш уыдзæн, ахæм æдылы хъазты куы фем- былды уай, уæд. Цæуын уæдæ хатæг дæ хомæ. Клавдио. Мæ дзæбæх Луцио, зæгъын дьш бузныг. Л у ц и о. Дыууæ сахатмæ дæм... К л а в д и о (ахæстонгæсæн). Цæуын, цæуын... 3 СЦЕНÆ Беридон. Бацæуынц ге р цо г æмæ æ ф с ымæ р Ф о ма. Г ер цог. Нæ, ма зæгъ уый, нæ сыгъдæг фыд, æфсæйнаг Куы вæййы ’риу, уæд уарзыны æдых фат Нæ хизы уым. Дæуæй кæд курын æз, Зæгъгæ, мæ бамбæхс беридоны, уæд Мæ фæнд егъау бæрнон хъуыддагыл баст у, Уым аххос судзгæ уарзоадзинад нæу. Æфсымæр Фома. Зæгъ æй, цы у? Г е р ц о г. Нæ сыгъдæг фыд, ды зоныс, Куыд бирæ уарзтон иунæгæй уæвын, Æрыгæтты хъæздыг куывдтæ ’мæ цинтæн Кæй никæд кодтон аргъ. Æмæ мын ныр Ам, Веиæйы, мæ хицауад, мæ бартæ Иæ бæрны уадзын Анжелойæн,—уый Æлвæст лæг у, йæхиуыл хæцын зоны,—’ Уый афтæ ’нхъæлы, Польшæйы дæн ныр,— Æз ахъæр кодтон ахæм цау мæхæдæг, Æууæнды ууыл алчидæр, нæ фыд. Кæд мæ фæрсыс, цæмæн мæ’бахъуыд, уымæй? Æфсымæр Фома. О, хорз паддзах. Г е р ц о г. Закъон, æгъдæуттæ ис 233
Нæ бæстæн карз (æнæсæттон бæхтæн ИдО’Н хъæуы), фæлæ сæ ферох кодтам Нæ закъæтты фынддæс азы бæрц мах,—» Зæронд домбай йæ цæрæн цъассæй цуаны Куы нал цæуа, уæд ма тæссаг у? Науæд Фыдуаг фыртмæ йæ фыд куы ’вдиса ехс Нæмынæн нæ, фæлæ æрмæст тазрсынæн, Уæд ма ехсæй тæрсæн вæййы? Уæд уый Вæййы æрмæст фæхудынаэн. Раст афтæ, Куы нæ фæкæнæм закъæтты æххæст, Уæд амæлынц сæхихъæдæй. Æгæрон Цы сæрибар уа, уым тæрхондон нæй: Сывæллон мады ранæмы, æнæгъдау Кæны уæлахиз. Æф’сымæр Ф о м а. 0, фæлæ æгъдау Тыхджьш уа, уый дæу кæнгæ уыд: дæ ном сын Тæссагдæр уыдис Анжелойы гаомæй, Г ер ц ог. Тæрсьш, æгæр тæссаг уыдаид уæд. Мæн аххос уыд — æгæр кæй радтон бархи. Цы бартæ радтай адæмæн, æххæст Куы кæной уыдон, нæй сын уæд æфхæрæн. Фыдракæнды куы >не ’фхæрай, уæд та Фылдæр кæны,—фыдбылыз кæнын уадзæм. Гъе, уымæ гæсгæ бавæрдтон мæ бæрн Æз Анжелойыл: уадз æмæ æфхæра Мæ номæй уый, æз та лæудзынæн иуварс, Æмæ мæнæй ’нæ чьшдæуыдзæн хъаст. Фæзындзынæн-иу берийы хуызьи Æ:мæ кæсдзьшæн, хицау чи у, уыдон Сæхи куыд дарынц адæмы раз. Курын, Æрцæттæ мын кæн берийы пæлæз Æмæ мын бацамон, мæхи куыд дарон, Цæмæй æцæг уон берийы хуызæн. 0, ис ма ноджы иу аххос, æз дын æй Зæгъдзынæн, фæлæ ис сæйраг хъуыддаг: Граф Анжело тызмæг у, стæй æназым, Нæ, дам, дæн иннæ адæмы хуызæн, Мæ къабæзты, дам, туг нæ хъазы... Фенæм,—’ Иæхи æназым чи рахуыдта, уый Куы схицау уа, куыд дардзæн уæд йæхи. (Ацæуынц.) 234
4 СЦЕНÆ Устыты моладзандон. Бацæуынц Ф р анцис кæ æмæ Изабеллæ. Изабеллæ. Æ«дæр бартæ нæй моладзантæн? Францискæ. Куыд, Æгъгъæд дын не сты мах ’бартæ? Изабеллæ. О, иæ, Фылдæр бартæ нæ хъæуы мæн: æрмæст ма) Мæн уый фæндыд, цæмæй нæ сыгъдæг хотæн Сæ уавæртæ цыбырдæр уой — æлвæст. Л у ц и о (фæрсмæ). Фарн ацы къултæн! Изабеллæ. Дзурынц дæм. Францискæ. Нæлгоймаг! Мæ зыиаргъ Изабеллæ, акæс, ’бафæрс, Цы йæ хъæуы, дæ -бон у йемæ дзурьш, Мæнæн .нæй бар. Ды дæ нырма æрмæст Лæтгадгæнæг. Куы алвынай дæ дзыкку, Уыдзæн ма дын лæгимæ дзурæн уæд Æрмæст дæ хистæр хицауы раз, уый дæр Цæсгомбастæй, æргомдзæсгомæй та —) Сыбыртт дæр -нæ! — мæ бæсты адзур йемæ. Ацæуы. Бацæуы Луцио. Изабеллæ. Фæрнæйдзаг у! Цы дæ хъæуы? Л у ц и о. Салам дын, Чызгай, кæд ма чызг дæ æцæгæй, уæд (Дæ уадулты сырх уардитау æрттывдæй Бæрæг у уый). Хъæуы мæ Иза’беллæ, Иæ фенæн нæй? Æххуысгæнæг у ам. Æнамонд Клавдио — йе ’фсымæр... йзабеллæ. Æнамонд? Зæгъ-ма, цæмæн, цæй тыххæй у æнамонд? Æз Изабеллæ дæн, йæ иунæг хо. 235
Л у ц и о. Фæлмас рæсугъд, уæдæ дын уый æрвиты Салам... Уæвгæ, зæгьон цыбырæй. Уый Ис ахæстоны. Изабеллæ. Сагъæссаг! Цæй тыххæй? Л у ц и о. Æз уымæн ныр тæрхонгæнæг куы уаин, Уæд ын æфхæрд нæ — арфæ йын кæнин: Йæ уарзонæн балæвар кодта саби. Изабеллæ. О сударь, ма хъаз! Л у ц и о. Нæ, нæ хъазьш, кæд Чызгимæ хъазын адджын у, уæддæр... Æз, саурæсугъд чызг, алкæимæ афтæ Мæхи нæ дарын. Ды мæ удæн дæ Уæларвон зæд, -сыгъдæг æмæ æназым, Нæ зæххон цинтыл чи систа йæ къух. Æз демæ ныр æргом зæрдæйæ дзурын Сыгъдæг удау. Изабеллæ. Мæныл худынæй дæм Хуыцау фæхъуыздзæн! Л у ц и о. Ма зæгъ! Базон хабар Цыбырæй: де ’фсымæр, дам, буар-буар сæмбæлд Йæ уарзонимæ. Чи фæхæры, уый Нæрсгæ фæкæны, тауинæгтæ уалдзæг Куыд нæрсой зæххы, хуымгæнды фæстæ Куыд зайы хор, раст афтæ чызгæй равзæрд • Йæ саби... Изабеллæ. Саби уымæй... Ау, мæ хо; Джульеттæ... Л у ц и о. Куыд дæ хо? Изабеллæ. Мæ кæигæ хо. Нæ сонты бонты скъолайы хæларæй Кæрæдзийæ фæкæнæм хотæ мах, Джульеттæ дæр мын ахæм хо у. Л у ц и о. Ахæм! 236
Изабеллæ. Уадз ракура йæ! Л у ц и о. Хъуыддаг дæр гъеуый у: Цыдæр фæцис æнæбæрæгæй герцог (Мæн æмæ ’ноджы бирæты хæрз сайд Фæкодта уый, рæхджы хæст уыдзæн, уымæй. Фæлæ зæххыл ’цы хабæрттæ цæуы, Уый, чи зоны, мах уыдо’Н дзыхæй хъусæм: Нæ герцогæн йæ дзырд æмæ йæ ми Кæрæдзийыл нæ фæбадынц). Ныууагъта Йæ бынаты æгæрон бартимæ Уый Анжелойы, уыцы лæгæн та Йæ дадзинты сырх туджы бæсты их и,— Зæрдæ йын -нæй, циу уарзьгн, уый :нæ хаты, Æрмæст кус, ахуыр кæн æмæ ком дар Æнæсцухæй. Æгъдау æмæ сæрибар Уыд алкæмæн, нæ тарсти карз закъонæй йæ удæн лæг. Ныр ног хицау æвирхъау Тæссаг закъон æрæвæрдта, йæ уæзæй, Миййаг, куы ’рхауа де ’фсымæры сæр. Ног хицау æй æрцахсын кодта, хъавы Иæ карз закъонæй ’фхæрынмæ, цæмæй Йæ тæссæй ризой иннæтæ. Дæхæдæг Куы 1нæ фæцырд уай,— Анжелойы зæрдæ Нæ балхæдтай, уæд нал и хос. Гъеуый мын Фæдзæхста тынг дæ мæгуыр æфсымæр Дæуæн зæгъын. Изабеллæ. Куыд, марынмæ йæ хъавы? Л у ц и о. Уый радта марьшы тæрхон, лæгмар та Дзырд райста, тагъд цæмæй" æрцæуа мард. Изабеллæ. О! Чи дæн æз, тæригъæддаг, æххуыс ын Цы у мæ бон? Л у ц и о. Дæ тых, дæ хъару бавзар. Изабеллæ. Е-гъи! Цæй тых? Мæнæн цы у мæ бон... Л у ц и о. Гуырысхо — уый у сæфты хос: тыхсты ран Нæ бо1Н куы вæййы фесгуыхын, уæддæр нын Нæ гуырысхо нæ къухтæ сбæтты. Уайгæ 237
Тагъд Анжеломæ! Уадз уый зана, чызг Куы ’кура, уæд рæдау у лæг хуьщауау. Уæлдайдæр чызг йæ зонгуытыл куы ’рлæууы Дзьшазгæ,— о, сæ курдиат, сæ лæгъстæ Æххæст кæныад сæхи фæндонау раст. Изабеллæ. Цæй, бацархайон! Л у ц и о. Тагъддæр уæдæ, тагъддæр. Изабеллæ. Цæуын ныртæккæ. Хистæрæн зæгъон, Кæдæм цæуын. Дæ бацамындæй бузныг. Салæмттæ ме ’фсымæрæн ратт. Хабар æм Уыдзæни тагъд, цы мын бантыса, уымæй. Л у ц и о. Хорз байрай, бантысæд дын. И з а б е л/л æ. Бузныг, сударь!
1 СЦЕНÆ Зал Анжелойы хæдзары. Бацæуынц Анже ло, Э скал, тæрхонгæнджытæ, ахæстонгæс, пъ æ лицæйаг æмæ хъахъхъ æнæг. Анж е л о. Нæ, халæтты тæрсынгæнæг быдыргъ Нæ кæнæм мах нæ закъонæй: пайда дзы Куы нæ кæнæм, уæд’нал тæрсдзысты мæргътæ Æмæ йæ уæлæ баддзысты. Э с к а л. Фод афтæ, Фæлæ тызмæгæй рог хъæдгом фæкæн, Уæддæр-иу маргæ ,ма акæн. Фæнды мæ йæ фервæзын... Йæ фыды йын зыдтон: Уæздан лæг уыди. Ахъуыды кæн, граф,— Кæд ды иттæг хæрзæгъдау дæ, уæддæр, Ау, де ’взонгæй, дæ туг фыцгæ куы кодта, Уæд иу ахæм ран иикуы фæдæ, тынг дæ Кæм фæндыди дæ судзгæ монцтæ суадзын, Ау, иу хатт дæр дæ цæрæнбонты дьг Тæригъæды нæ бацыдтæ, лыртæккæ Кæй марын кæныс, уый хуызæн, æмæ Закъон ды никæд фехæлдтай? Анж е л о. Фæндгæ ’мае Хъæлæкк кодта, фæлæ быхстон. Ай-гъай, Мæлæты тæрхон чи фæхæссы, уыцы Дыууадæс лæгæй иу кæнæ дыууæ Вæййынц дзæвгар тæригъæдджындæр ацы Фыдгæнæгæй... Бæлвырд цы фыдгæнд уа, Уый тæрхондо1н æфхæра хъуамæ! Давæг Фыдгæнæг у, тæрхонгæнæг лæг та 239
Фыдгæнæг уа, уæддæр тæрхон фæкæны,— Цы уæлдай у, фыдгæнæгæн фыдгæнæг Тæрхон !кæна, йе — раст лæг. Мах налхъуыт Куы фенæм зæххыл — сисæм æй, фæлæ Куы нæ уынæм, уæд ацæуæм йæ фæрсты. Ды фыдгæнæджы <ма раст кæн, æз дæр Тæригъæдджын кæй уыдтæн, уымæй; иугæр Тæрхон кæнгæйæ ракодтон фыдгæнд, Уæд мын — тæрхон! Уæд иннæтæн уый золд у: Мæнæн дæр рахæсс уæд тæрхон — мæлæт Æгъатырæй! Нæ, амæла уый хъуамæ! Э с ка л. Дæ бар у, хицау. Анже л о. Марæг лæг кæм и? А х ,æ с т о н г æ с. Æз хъусын, хицау. Анже л о. Райсом раджы хъуамæ Фыдгæнæг Клавдио æрцæуа мард., Йæ тæригъæд ьин сауджын суадзæд азæр; Иæ цардвæндаджы фæстаг бон у ныр. Ахæст о нг æ с ацæуы. Э с к а л. Хатыр, хыцау, фыдгæндæй бахиз мæн; Харзиуæг нæ — фæлтау фыдмитæ кæн. Чи мын фыдгæндмæ баззайы æнæмæт, Чи райсы ницæй тыххæй дæр йæ мæлæт. Бацæуынц Р æ мб ын, хъахъхъæнæг, Ф ынк æмæ П о мп е й. Р æ м б ы.н*. Ракæнут сæ ардæм. Кæд æгъдауджын адæм æхсæ- надон хæдзæртты æнæгъдау митæ кæнынц, уæд, ме ’рдыгонау, закъон мал ис. Ракæнут сæ ардæм. Анж е л о. Цы ма у уый та? Цы хабар у? Ды чи дæ? Р æ м б ы н. Дæ уæздаедзинад, ды уыныс дæ разы герцогы мæ- гуыр фæсдзæуины. Мæ ном — Рæмбын. Æз архайын юстицийы амындæй, дæ уæздандзинад, æмæ дæм æр- бакодтон дыууæ æвирхъау хæрзгаэнæджы. Днжело. Хæрзгæнджытæ? Адон — хæрзгæнджытæ? Нæ, фæ- лæ кæд фыдгæнджытæ? 240
Р æ м б ы н. Дæ уæздандзинад, æз бæлвырд нæ зонын—чи сты; æз бæлвырд зонын æрмæст иунæг хъуыддаг — адон кæй сты æвирхъаудæр фыдгæнджытæ, чырыстон хæр- зиуджытæй мисхал дæр кæмæ нæй. Э с к а л. Диссаджы хорз загъта! Гъеуый дын арфзондджын лæггадгæнæг! Анж е л о. Хъуыддагмæ рахизæм. Цавæр адæм сты. Дæу Рæм- бын хонынц? Исты цæуылнæ дзурыс, Рæмбын? Дзургæ! Помпей. Йæ бон нæу дзурын, сударь, йæ рæмбын баих- сыди! А н ж е л о. Æмæ ды та чи дæ? Р æ м б ы н. Уый, дæ уæздандзинад? Лымæнгæнæг, сылгоймæг- ты æмæ нæлгоймæгты иугæнæг! Кусы иу æвзæр усмæ: уыцы ус дардта хæдзар, лымæнгæнæн хæдзар, фæс- фæд раы, «ыр, дам, ын æй фехæлдтай, фæлæ та горæ- ты байгом кодта абана,— уый дæр ын, ме ’рдыгонау, гуырысхойаг у. Э ска л. Цæмæй йæ зоныс? Рæм б ьин. Мæ ус мын загъта, дæ уæздандзинад, уый та æл-, гъыстаг знаг у æнæраст æмæ сайд митæн. Э с к а л. Куыд, дæ ус? Р æ м б ы н. Ай-гъай, дæ уæздандзинад, хуыцауы фæрцы уый æгъдауджын ус у. Э ска л. Æмæ йæ уæд цæмæн хоныс æлгъыстаг? Рæмбые. Уымæн æмæ мах дыууæйæ дæр æлгъыстаг знæгтæ стæм æнæраст æмæ сайдæн, баууæнд ме ’фсиныл дæр мæхиуыл æууæадæгау. Уыцы абанайы хицау лымæн- гæнæг ус у,— хуыцау æй ралгъита,— йæ хæдзар та — чъизи митæгæнæн! Э с к а л. Омæ дæм цæмæн афтæ кæсы? 16 Шекспир, 2-аг том. 241
Р æ м б ы (н. Цæмæн, дам, дæ уæздандзинад! Мæ усæй йæ зонын. Уый хæтаг куы нæ уаид, уæддæр æй уым сцыбæл код- таиккой хæтынмæ, дæлгоммæ митæм æмæ алы æбуалгъдзинæдтæм. Э ск а л. Уыцы усы аххосæй? Р æ м б ы н. 0, уыцы Æгæррæгъæд-æхсины аххосæй. Фæлæ йын ме ’хсин йæ цæсгомыл бачъыртт кодта æмæ дзы рад- де ис. П о м п е й. Дæ уæздандзинад, хъуыддаг бынтон афтæ нæ уы- дис. Рæмбын. Уæдæ йæ равдис ацы цæстфæлдахæг хæмхутты раз. Гъа-ма, дæсны лæг, равдис æй! Э с к а л. Хъусут æм, йæ ныхæстæ куыд сæмтъеры сты? П о м п е й. Дæ уæздандзинад, йæ ус яæм æрбацыдис арынæв- -вонгæй,— бахъуыдис æй, дæ уæздандзинад, фыхæй сау чылауитæ. Махæн та ’нæ хæдзары разындис æрмæст дыууæ сау чылауийы, уыдон дæр, дæ уæздавдзинад, тæбæгъыл: ахæм тæбæгъыл, дæ уæздандзинад, æртæ пенсæй дæр æй не ссардзынæ;— ай-гъайдæр, уый ки- тайаг фарфор нæу, фæлæ уæддæр — хорз тæбæгъ! Э с к а л. Ныууадз уыцы тæбæгъ, хъуыддаг тæбæгъы нæй. П о м п е й. Раст у, дæ уæздандзинад, ам тæбæгътæ ницы ма- рынц, раст у, фæлæ-ма байхъус. Рæмбыны ус, куыд загътам, афтæ, нæ уыдис йæхи уагыл: уый арынма-^ хъавыдис, ,æмæ йæ зæрдæ æрцагуырдта сау чылауи- тæ — æри, дам, æрæвæр! Махмæ та ма, куыд загътон, афтæ, баззад æрмæст дыууæ гагайы, уымæн æмæ нæ кадджьш Фынк — мæнæ ацы лæг — бафтъæрдта, цы- дæриддæр дзы уыд — сегасы дæр, æмæ сегасыл дæр бафыста, цы ’мбæлди, уый иттæг рæдауæй, уымæн æмæ,— нал æй хъуыды кæныс, нæ кадджын Фынк — мæнмæ нæ фаг кодта лыстæджытæ æртæ пенсы. Ф ы н к. Раст у, нæ фаг кодта, раст зæгъы. 242
Помпей. Гъе, уыныс! Ды ма тæикæ уыцы заман йæ апп куы састай фæстаг чылауийæн. 1 Ф ы н к. О, раст афтæ уыдис, æцæг. П о м п е й. Гъемæ уыныс? Æз уæд дæр дзырдтон, зæгъæм, уар- тæ уый æмæ уый никуы сдзæбæх уыдзысты,— цавæр низæй, уый уæхæдæг зонут,— сæ митыл гуыдыр куы нæ сæвæрой, уæд. Ф ы н к. Иууылдæр раст сты. П о м п е й. Гъе, нæ уы« загътон! 3 ска л. Бафынæй дæм дæн, тутсæр. Рахиз хъуыддагмæ: цы бакодтой Рæмбыны усæн? Цæуыл хъаст кæны? Кæд бахæццæ уыдзынæ, цы йын бакодтой, уымæ? П о м п е й. Уымæ, дæ уæздандзинад, афтæ тагъд нæ бахæццæ уыдзынæ! Э’скал. Æз уымæ хъавгæ дæр ’нæ кæнын. П о м п е й. Фæлæ фæстагмæ уымæ дæр бахæццæ уыдзьшæ, дæ уæздандзинад. Дæ хорзæхæй, курын дæ: бакæс-ма æл- дар Фынкмæ. Афæдз пайдайыл лæвæрд æхцайæ исы цыппарыссæдз стерлингы, йæ фыд амардис сыгъдæ- джыты бæрæгбон. Афтæ нæу, æлдар Фынк, и? Ф ы н к. О, сыгъдæджыты бæрæгбон, изæрæй. П о м п е й. Гъемæ уынут! Рæстдзинад йæхи равдисы. Уый та уæд, дæ уæздандзинад, къæлæтджыны бадти, ды цы уаты бадын уарзыс, уым, дæ уæздандзинад, «сæнæф- сиры цупал» кæй хонут, уым, афтæ нæу, сударь? Уар- зыс? Ф ы н к. Раст у. Уарзын. Уыцы уат зымæгои хъарм у. П о м п е й. Гъемæ кæсыс, дæ уæздандзинад: рæстдзинад йæхи равдисы. А н ж е л о. Уæ ныхæстæ уæрæсейаг æхсинау 243
Ныддаргъ ысты. Цæй, æз цæуын. Ды сæм Лæмбынæг байхъус, базои сын сæ рæстад Æмæ сæ хорз ныддæрæн -кæнын кæн. Э с к а л. Дæ фæндон сæххæст уыдзæн, граф. Фæндараст. (А нжело ацæуы.) Дзургæ, сударь, фæстаг хатт, цы бакодтой Рæмбы- ны усæн? П о м п е й. Фæстаг хатт, дæ уæздандзинад? Фæстаг хатт ын ни- цы бакодтой. Р æ м б ы н. Лæгъстæгæнгæ дæ курын, дæ уæздандзинад, ба- фæрс æй, цы бакодта ацы лæг’ мæ усæн? П о м п е й. Лæгъстæгæнгæ дæ курын, дæ уæздандзинад, ба- фæрс мæ. Э с к а л.. ; Гъемæ-ма зæгъ, цы йын кодта ацы хорз лæг? П о м п е й. Дæ хорзæхæй, дæ уæздандзинад, бакæс-ма ацы лæ- гæн йæ цæсгоммæ. Зæрдæхæлар æлдар Фынк, бакæс- ма йæ уæздандзинадмæ, æз уый дæхицæн хуыздæры тыххæй зæгъын: дæ уæздандзинад, федтай йын йæ цæсгом? Эск а л. Федтон, æмæ цы? II о м п е й. Лæгъстæгæигæ дæ курын, бæстондæр æм бакæс. Эскал. Кæсын. Гъемæ цы? П о м п е й. Исты йын уыныс æвзæрæй йæ цæсгомыл? Э ск а л. Афтæ зыны, цьгма ницы... П о м л е й. Æз та дын ард хæрын, йæ цæсгомæй æвзæрдæр кæй ницы ис, ууыл. Гъе, уыныс æй? Æмæ кæд йæ тæккæ æвзæрдæр уæнг йæ цæсгом у, уæд ма уымæй æвзæр- дæр цы хъуамæ бакодтаид уый лæггадгæнæджы усæн, дæ уæздандзинад? Э с к а л. , Раст у. Цы дзуапп ын ратдзынæ ды, лæггадгæнæг? 244
Р æ м б ы н. Фыццаджыдæр, дæ уæздандзинад, уыцы хæдзар у æрмæст хъодыйаг; дыккаджы, ацы хорз лæг дæр хъо- дыйæ дарддæр ницæй аккаг у, æртыккаджы, уыцы ус дæр хæдзары хицауау иумæйаг хъодыйæ дарддæр ни- цæй аккаг у. П о м л е й. Кæд хъуыддаг уымæ цæуы, уæд уыцы ус негасæйг тынгдæр у хъодыйаг! Р æ м б ы н. Цы, цы? Сайыс, æнаккаг, сайыс, æлгъаг æнаккаг! Нырма уый никæд уыди, мæ усыл исчи хъоды бакæна,. усæй, лæгæй, сывæллонæй! П о м п е.й. Æмæ уый, цалынмæ йæ ды ракуырдтай, уæдмæ ал- кæмæн дæр хъодыгонд куы уыдис. Э с к а л. Ам чи хистæр у — Зылын æви Рæстад? Уый раст у? Рæ м б ььн. Гъе, фыдгæнæг! Гъе, æнаккаг! Гъе, æдзæсгом уд- хор! Дæ размæ, дам, хъодыгонд! Кæд æцæг уымæ дæр- кæнæ мæнмæ дæр исчи хъодыйы цæстæй касти, уæд мæ герцогы мæгуыр лæггадгæнæгыл мауал нымайут. Равдис дæ ныхасы рæстдзинад, хъæддаг удхор, науæд дыл тæрхондонмæ хъаст хæссын мæ бафхæрды тых- хæй. Э с к а л. Æмæ дын де ’хсæрварсæн иу куы ратта, уæд та йыл’ ха’хуыры тыххæй хъаст кæндзынæ? Р æ м б ы н. Гъемæ бузныг, дæ уæздандзинад, дæ бацамындæй! Уæдæ цы кæнгæ у, дæ уæздандзинад, ацы æнаккаг фыдгæнæгæн?! Э с к а л. Ме ’рдыгонау æй ды цалдæр фыдгæнды цъымарайы архайынæй азымджын кæныс, цæмæй йæ хурмæ рала- сай уырдыгæй, гъемæ йæ уадз, ленчытæ дзы кæна, ды та йæм дæ цæст дар, цæмæй йын бæстондæр базонай йæ тæригъæдтæ. Р æ м б Ы’Н. Гъемæ, бузныг, дæ уæздандзинад, дæ бацамын- дæй! — Уыныс, æнаккæгты бынæйисгæдæр, цавæр цъы- сымы бахаудтæ? Бахъæудзæни дæ цъаммары ленчы- 245
тæ кæнын. Хъусыс, хъомырын, ленчытæ кæнын цъыма- райы! Э с к а л. Кæм райгуырдтæ, мæ хæлар? Ф ы н к. Венæйы, сударь. Эск ал. Хорз. Æмæ афæдз пайда исыс цыппарыссæдз стер- лингы? Ф Ы Н К. О, дæ уæздандзинад сударь. Э с к а л. Хорз. Ды та, хъæбатыр, цы митæ фæкæныс? Помпей. Æз æххуысгæнæг дæн... нуазæнты сæн.фæкæнын... лæггадгæджытæй иу мæгуыр идæдзимæ. Э с к а л. Йæ ном куыд у дæ мæгуыр идæдзæн? П о м п е й. Æхсин Рæлъæд. Э с к а л. Æмæ йын иу лæг уыд æви фылдæр? П о м п е й. Фараст, дæ уæздандзинад. Иæ фæстаг лæджы фæ- стæ йæ хонынц æгæр рæгъæд. Э с к а л. Фараст? Дæ хорзæхæй, хæстæгдæр, уæздан Фынк! Уæздан Фынк, ме ’рдыгонау, дæуæн хуыздæр уаид, сæн нуазæнты чи кæны, уыдонимæ лымæн куы нæ уа- ис, уæд, ныллæмардзысты дæ, ды та сæ ауындзæнмæ басхойдзынæ... Ацу. Æмæ дын дæ кой куыд иал фе- хъусон, афтæ. Ф ы н к. Бузныг, дæ уæздандзинад, æрмæст æз цæлгæнæнмæ мæхи къахæй никуы бацæуын — ласгæ мæ бакæиынц. Э с к а л. Гъемæ хорз. Æгъгъæд. Фæндараст. (Ф ынк ацæ у ы.) Дæ хорзæхæй, хæстæг æрбалæуу, æххуысгæнæг... дæ ном куыд у, кадджын æххуысгæиæг? П о м п е й. Помпей. Э ска л. 1 Дæ мыггаг?
П о м п е й. Голлаг. Э с к а л. 0, раст зæгъгæйæ, уыцы ном дыл тынг бады, уæл- дайдæр, фæстæрдыгæй дыууæ голладжы хуызæн дæ — уæйыг Помпейау. Гъе, уæдæ, Помпей, ды сылты æмæ нæлты иугæнæг дæ, кæд дæ уæлæ сæн нуазæнггæм уа- дзæджы раздарæн скодтай, уæддæр. Афтæ нæу? Раст дзур, хуыздæр уыдзæн дæхицæн. П о м п е й. Раст зæгъон, дæ уæздандзинад? Æз мæгуыр лæг дæн, мæн дæр цæрын фæнды. Э с ка л. Цæмæй цæрын дæ фæнды, Помпей? Лымæнгæнæг уæвгæйæ? Дæхимæ куыд кæсы уыцы куыст? Закъонæй йæ хоныс? П о м п е й. Иугæр æй закъон уадзы... Э с к а л. Закъон æй нæ уадзы, Помпей! Æхгæд æрцæудзæн Ве- нæйы. П о м п е й. Куыд, ау, дæ уæздандзинад, горæты лæппуты сега- сы дæр бардузынмæ хъавы? Э с ка л. Нæ, Помпей! П о м п е й. Уæдæ, дæ уæздандзинад, мах уыдоны тынг хъæуæм. Кæд дæ уæздандзинад карз мадзæлттæ скæндзæн хæлд лæппуты æмæдаетаг устыты ,ныхмæ, уæд лымæн- гæнджытæй тæрсыи нал хъæудзæн. Э с к а л. Ахæм мадзæлттæ ис, баууæнд мыл: фæрæт æмæ ауындзæн. П о м п е й. Уыцы хъуыддаджьг чи фæзыльш уа, уыдонæн сега- сы сæртæ куы къуырой аэмæ куы ауындзой дæс азы дæргъы, уæд дæ бахъæудзæн искæцæй ног сæртæ ра- фыссын. Стæй уыцы закъон Венæйы куы фæуа дæс азы бæрц, уæд дын дзы æппæты хуыздæр хæдзар бах- хуырсдзынæн æртæ пенсæй, кæд ардыгæй уæдмæ фæ- цæрай, уæд-иу æрымыс, Помпей дын цы загъта, уый. Э с ка л. Бузныг, хæларзæрдæ Помпей, цы уыдзæн, уый .мын 247
рагацау кæй амоныс, уый тыххæй, æмæ хъус: иунæг хъаст дæр куыд нал фехъусон дæуыл, стæй адде у, кæм кусыс, уырдыгæй, науæд дæ суанг дæ цатырмæ фæ- сурдзынæн, Цезарь уæйыг Помпейы куыд фæсырдта, афтæ æмæ дæм тызмæгæй кæсдзынæн Цезарау. Раст- дæр зæгъгæйæ, дæ царм дыи астигъын кæндзынæн. Ныр та, Помпей, фæндараст. II о м п е й. Бузныг, дæ уæздандзинад, дæ бацамындæй, фæлæ йæ райсдзынæн, куыд мын пайдадæр уа, уымæ гæсгæ. Мæ царм ьгстигъгæ? Амардтæн æрхуымæй... Мæнау хъæбатыр лæгæн тас нæу уымæй. (Ацæуы.) Э с к а л. Дæ хорзæхæй, хæстæгдæр, уæздан Рæмбын, дæ хор- зæхæй, кадджын фæсдзæуин. Цал азы кусыс дæ бы- наты? Р æ м б ы н. Авд æмæ æрдæг. Э ск а л. Дæ дæсныйад æмæ дæ арæхстмæ гæсгæ мæхимæ дæр æвæлтæрд саби нæ фæкастæ уыцы хъуыддаджы. Авд азы, загътай? Р æ м б ы н. Æмæ æрдæг, дæ уæздандзинад. Э с к а л. О, уæдæ хæрзаг бирæ фæудхар кодтай! Æгæр дæ марынц фыдæбонæй. Ау, дæ куыстуаты æнæдау адæм нал фаг.кæны? Р æ м б ы н. Адæм дзы ис, дæ уæздандзинад, фæлæ, раст зæгъ- гæйæ, уыцы хъуыддаджы бирæ не ’мбарынц. Æвзаргæ сæ бæргæ ракæнынц, фæлæ уыдоп цингæнгæ сæ куыст ме ’ккой бакæнынц; гъемæ æз дæр иучысыл мыздыл архайын сегасы бæсты: сегасы бынаты кусын. Э с к а л. Райсом мыи æрбахæсс уым кусджыты номхыгъд — иу авд-аст лæджы, сæрæндæр чи уа, ахæмтæ. Р æ м б ы н. Дæ хæдзармæ дын æй бахæссон? Э с к а л. Мæ хæдзармæ, фæндараст. 1 (Р æ м б ын ацæуы.) Цал сахаты у? 248
Тæрхонгæнæг. Иуæндæс сæххæст и. Э с к а л. Дæ хорзæхæй, мемæ сихор бахæр. Тæрхонгæнæг. Стыр бузныг. Э с к а л. Хъыг мын у тынг, кæй амæлдзæни Клавдио, Фæлæ йын нал и фервæзыны хос. Тæрхонгæнæг. Граф Анжело тызмæг у. Э с к а л. Уый хуыздæр у. Тæригъæд кæнын алкæд хонæм хорз,— Тæригъæд кæнын алкæд раст нæ вæййы. Æдзухæй бар — фылдæр кæны фыдгæнд. Уæддæр мæгуырæг Клавдио... Æххуыс та — Уый мах бон нæу. Цом, судары (Ацæуынц’) 2 СЦЕНÆ Иннæ уат, уый дæр уым. Бацæуынц æххуырст æмæ ахæстонгæс. Æ х х у ы р с т. 'Хабармæ хъусы, рацæудзæни тагъд. Дæу тыххæй йæм фæхабыр кæнон. Ахæстонгæс. Курын. (Æ хх у ыр ст ацæуы.) Зæгъон ын: кæд фæтæригъæджæнид... Æнамонд... цыма фыны уыд, фæрæдыд. Йæ карæнæй... уæд алчидæр рæдийы. Æмæ, дам, дын мæлæт... А н ж е л о. Цы дæ хъæуы? Ахæстонгæс. Куыд, Клавдиойы райсом хъæуы марын? А н ж е л о. Æмæ дын уый тыххæй нæ загътон æз? Нæ радтон дзырд? Цæмæн ма бахъуыди Дæу ахæм фарст? Ахæстонгæс. Фæтагъд кæнынæй тарстæн. 249
Ныббар, фæлæ æз федтон, ахст-иу мард Куы ’рцыди, уæд куыд фæсмон кодта, тæрхон Чи хаста, уый. А и ж е л о. Дæ хъуыддаг нæу! Дæхи хæс Æххæст кæн, науæд та ныууадз дæ куыст. Æнæ дæу бафæраздзыстæм. Ахæстонгæс. Хатыр мын... Джульеттæ та, цы йын кæнæм?.. Нæты, Ныййаринаг у... А н ж е л о. Раттут ын бынат Сыгъдæгдæр ран, амал уæвгæйæ — тагъддæр. Бацæуы æ х х у ы р с т. Æ х х у ы р с т. Мæлæт тæрхон кæмæн и, уый хо куры, Цæмæй йæм байхъусай. А н ж е л о. А! Ис ын хо? Ахæстонгæс. 0, стæй хæрзиуæгджын чызг: ацы бонты Цæудзæни моладзандоимæ, кæд уым Нæма ис, уæд. А н же л о. Цæй хорз, Æрбауадз æй. (Æ х х у ы р ст ац æ у ы. Ахæстонгæсæн.) Хæтаг чызджы æндæр бынатмæ баив, Цы йæ хъæуа, æнæуæлдайæ,— ратт ын, Дзырд дын уыдзæн. Бацæуынц Л у цио æмæ Изабеллæ. Ахæстонгæс (ацæуынмæ хъавы). Хуыцау дын ахъаз ракæнæд! А н же л о. Ам баззай. (Изабеллæйæн.) Дæ хорзæхæй. Цы дæ хъæуы? Изабеллæ. Æз дæм Рыст зæрдæйæ лæгъстæгæнæг дæн, граф... Æз курын, байхъус мæм. Д н ж е л о. Цы курдиат у? 250
Изабеллæ. Æрцыд тæригъæд... Тæригъæдты карздæр,— Æппæты карздæр бафхæрды аккаг. Дæумæ мæ хатын уый тыххæй нæ фæндыд — Фæлæ дæм хатын... мæн нæ хъуыди хатын... Фæлæ хæцынц фæндон æмæ æвæндон Мæ зæрдæйы. А н ж е л о. Хорз. Хъуыддаг циу уæддæр? Изабеллæ. Ме ’фсымæрæн... Дæ тæрхон у мæлæт. Лæгъстæ кæнын, уадз амæла йæ фыдгæнд, Йæхæдæг нæ. Ахæстонгæс (фæрсмæ). Хуыцау, æххуыс ын кæ, Йæ ныхас æм куыд бахъара. А н ж е л о. Куыд! Бафхæр Фыдгæнд, фæлæ фыдгæнæгæн хатыр? Æмæ фыдгæнд йæ ракæныны размæ Нымад куы у æлгъаг мийыл. Мæ хæс Хæрз ницæйагыл бахынцин, куы ’фхæрин Æрмæст фыдгæнд, фыдгæнæджы сæрибар Куы уадзин, уæд! Изабеллæ. О! Раст закъон, æрмæст Карз, карз! Уæдæ мæнæн æфсымæр нал ис. Хорз байрайут. Хъавы ацæуынмæ. Луцио (Изабеллæйæн). Нæ, афтæ цæугæ нæу! Хат тынгдæр, кур! Дæ зонгуытыл, дзыназгæ. Фæлæбур ын йæ фæдджитæм, ныкку! Куыд уазал дæ! Ды афтæ лæмæгъ хатыс, Цыма дзы судзин 1курыс. Тынгдæр бавзар! Изабеллæ. Ау, амæлдзæи? А н ж е л о. Ирвæзæн хос ын нæй. Изабеллæ. Нæ, ис! Дæуæн дæ бон уыдис ныббарын. А н ж е л о. Нæ барын æз. 251;
Изабеллæ. Куы дæ фæндид — ныббарис. А н же л о. Кæд мæ нæ фæнды, уæд мæ бон дæр нæу. Изабеллæ. Куы сфæнд кæнис — нæ рафæлдæхид дуне... Тæригъæд ын куы кæнис ды мæнау, Дæ тæрхон уæд... А н ж е л о. Нæ, байрæджы, лыггонд у. Луцио (сабыргай Изабеллæйæн). Æгæр уазал дæ. Изабеллæ. Байрæджы æцæг? О, нæ! Лæг-иу куы ратты дзырд, уæд-иу æй Фæстæмæ аивын дæр у йæ бон. Хæрын дын ард, бæрзонд хицауы фидыц, Паддзахы худ, æлдары кард, фæтæджы Лæдзæг, тæрхонгæнæг лæджы пæлæз — Хатыр кæнын у сегасæй рæсугъддæр. Тæхуды, ме ’фсымæр куы уаид ныр Дæ бынаты æмæ ды та йæ раиы — Мæлæтæй тасы ран — о, уый дæуау Нæ уыдаид æгæр тызмæг. Анжело. Æгъгъæд у! йзабеллæ. О, ныр дæуау куы уаин хицау æз! Куы уаис ды мæ бæсты Изабеллæ! Ау, афтæ уаид? Бамбарин уæд æз, Цы сты мæлæт, тæрхон кæнын, стæй ноджы Тæрхонгæнæг. Л у ц и о (сабыргай Изабеллæйæн). Иттæг хорз! Дарддæр! А н ж е л о. Хаст Æрцыд тæрхо’н закъонмæ гæсгæ, уæгъды Ныхас кæныс. Изабеллæ. О сагъæс, сагъæс! Раздæр Уыд адæмæн мæлæты тæрхон хаст, Фæлæ хуыцау — тæрхонгæпджыты хистæр — Ныббарста! Ау, цы ма кæидзынæ ды, Дæхицæн дын куы тæрхон кæна хистæр 252
Тæрхонгæнæг? О, ахъуыды кæн ууыл — Æмæ дæ былтæй сирвæздзæни уæд Хатыры улæфт, райгуырдзынæ ногæй Нæ дунемæ. А н же л о. Рæсугъд чызг, нæй гæнæн: Тæрхон ын æз нæ рахастон, закъон уыд. Мæ фырт, йе ме ’фсымæр, зæгъгæ,— уæддæр Уыдаид афтæ: райсом ын мæлгæ у. Изабеллæ. Куыд? Райсом? О, куыд тагъд у уьий? Ныббар ын! Хатыр, хатыр! Мæлæтмæ нæу цæттæ. Ау, карчы цъиуы дæр æмгъуыдæй раздæр Куы не ’ргæвдæм. Æви хуыцауыл мах Мæт нал кæнæм — гуыбыныл мæт фæхистæр? Æгъдауджын граф, мæ кадджын граф, гормон, Ау, ахæм чысыл, ницæйаг фыдгæндмæ Чи амарди? Кæй амардтой? Нæй уый. Тæригъæд та чындæуыди. .Луцио (сабыргай Изабеллæйæн). Иттæг хорз. .А н же л о. Закъон уыди, фынæй кодта æрмæст. Уый нæ, зæгъгæ,— фыдгæнд уыдаид къаддæр. Æфхæрд æрцыд фыццаг фыдгæнæг, уæд Нæ уыдаид дыккаг фыдгæнд! Ныр райхъал Закъон, фæйнæрдæм акаст æмæ федта, Цыма кæсæны, рагæй нырмæ нæм Цы фыдгæндтæ æнхъизгæ цæуынц, уыдон. Фæлæ ныр нал фæуыдзысты фылдæр: Гуырдзæй мæлдзысты. "Изабеллæ. О, тæригъæд бакæн! .Анжело. Æз бараг дæн мæ раст тæрхонæй: æз, Ныр 1кæй нæ зонын, уыдонæн тæригъæд Куы нæ кæнин, æххуыс кæнынæй сæ Уæд фесафин; фæлæ куы ’фхæрон иуы, Уæд уымæй бирæ ирвæзынц. Лæг иу хатт Фыдгæнды бацыд æмæ ’фхæрд æрцыд, Уæд нал бакæндзæн ног фыдгæнд,— æз раст дæн Гъеуый раз. Фод. Уый амæлдзæн. Æрсæтт Хъысмæты раз. 253
Изабеллæ. Хорз. Ды фыццаг хатт радтай Дæ карз тæрхон — æмæ йæ амæттаг Фæци фыццагдæр ме ’намонд æфсымæр. Хæрзамонд у, уæйыджы тых кæмæ ис, Фæлæ уæйыгау ’чи кæны пайда Йæ тыхæй, уый та дурзæрдæ у. Луцио (сабыргай Изабеллæйæн). Тынг хорз! Изабеллæ. 0, хуыцау чи у, уыдон сегас ныр Куы нæриккой Юпитерау, хæрз къуырма Куы бауаид æрвнæрынгæнæг уæд. Цыфæнды къаннæг хицау дæр уæлæрзты Æнæсцухæй нæрид æмæ нæрид. Хуыцау тæригъæдгæиаг у, йæ цæхæр Ныккалы фидар тулдзыл, фæлæ бары Лæмæгъ урс дидинæгæн. Фæлæ лæг, Сæрыстыр лæг, цæстфæныкъуылдмæ хицау Куы фæвæййы, уæд фенхъæлы, цыма Æнусон у, æрбайрох:кæны, авгау Сæттаг кæй у,— хуыцауы раз кæны Æвирхъау митæ маймулийау, арвæй Фæкæуынц зæдтæ йе ’нæсæрфат митыл,— Зæдтæ куы нæ уаиккой уыдон, уæд Бæлвырд йæ митыл худæгæй мæликкой. Л у ц и о (сабыргай йын). Дзур ноджы, дзур, чызг; басæтдзæни тагъд. Рæхджы æртасдзæн! Ахæстонгæс (фæрсмæ). Баххуыс кæнут, зæдтæ! Изабеллæ. Лæг алкæй хъуамæ ма бара йæхиуыл. Уадз дзуарыл худой тыхджын адæм, уый сæм Цыргъзонд хуины; дæлдæр дзыллæтæ уый Æлгъаг ми хонынц. Л у ц и о (сабыргай йын). Раст ын загътай, ноджы. Изабеллæ. Æфсадхонæн тызмæг ныхас цы уа, Салдатæн уый хуыцауы ’фхæрд у! Луцио (сабыргай йын). Уый та Цæмæй зоныс? Фæлæ дзур ноджы, дзур! 254
А н ж е л о. Цы бар мæм дарынц де ’фхæрæн ныхæстæ? Изабеллæ. Цы, хицау дæр-иу иннæтау рæдийын Фæзоны, фæлæ уымæн фадат ис Йæ рæдыд митæ басусæг кæнынæн. Ды ма ныккæс дæхи зæрдæмæ, бафæрс, Цымæ йæм ахæм тæригъæд нæ уыд, Ныр ’ме ’фсымæр кæй ракодта, кæд искæд Тæригъæд мийы бацыд уый æцæг — О, уадз уæд де ’взаг ма зæгъа йæ тæрхон Мæ сагъæссаг æфсымæрæн! А н ж е л о (фæрсмæ). Иæ ныхас — Сыгъдæг, уæздан æнкъарæнтæй æххæст, Зæрдæйы тæккæ уидæгтыл æндзæвы. (Уымæн.) Хорз байрай! .И з а б е л л æ. О, нæ, багъæц, кадджын граф! А н же л о. Хорз, фендзынæи æз. Райсом-иу æрбацу. .И з а б е л л æ. Фæлæуу, чысыл дын балхæпон дæ зæрдæ. А н ж е л о. Куыд? Мæн, æлхæнгæ? Изабеллæ. Кадджындæр лæвар дын, Хуыцауимæ йæ байуардзынæ. Л у ц и о (сабыргай йын). Байсæфт Бынтондæр хъуыддаг. Изабеллæ. Уый сызгъæрин нæу, Нæдæр зьшаргъ дур,— уыдонæй цытджындæр Лæвар у уый: хуыцауæи æмæ зæдтæн Зæрдæбынæй сыгъдæг кувын у уый,— Зæххон цардыл йæ къух чи систа, уыцы Сабыр, æназым чызджыты сыгъдæг куывд. А н ж е л о. Цæй хорзГæрбацу ардæм райсом раджы. Л у ц и о (сабыргай Изабеллæйæн). Иттæг хорз рауад! Цæй! гъеныр цæуæм. 255
Изабеллæ. Хуыцау дæ хизæд, граф! А н ж е л о. Аминь, аминь! (Æз бахаудтæн ныр ахæм хъизæмары, Хуыцаумæ кувынимæ чи нæу иу). Изабеллæ. Уæдæ, зæгъыс, кæд æрбацæуон-иу райсом? А н ж е л о. Сæумæйæ дын æмбисбонмæ рæстæг. Изабеллæ. Сыгъдæг хуыцау дæ хъахъхъæнæд! Изабеллæ, Луцио æмæ а х æ стонг æ с ацæуынц. А н ж е л о. Дæуæй! . Дæ уды стыр хæрзиуджытæй! — Цы кодтон? Цы уа? Кæй аххос — уый æви мæхи? Кæуыл нæ ис фылдæр тæригъæд? Ууыл, Æви мæныл, æз æй кæнын цыбæл, Æви мæн уый? Нæ, нæу, мæн уый нæ кодта Цыбæл, æз уыдтæн. Дидинæджы раз Хæдмæл <куыд уа, æмбийын афтæ хурмæ. Цымæ йæ зондмæ бахъазыд мæ туг Æви йæ рог ахастмæ? Ис нын бирæ Æндæр бынæттæ дунейыл, уæддæр • Фæхъавæм аргъуан халынмæ, цæмæй дзы Ног самайæм абырджыты лæгæт... Тæрс, Анжело, æгадæй! Уый цы кодтай? Цы дыл æрцыд? Тæригъæд мийæ йын Йæ сыгъдæгдзинад фехалынмæ хъавыс? Цæр, йе ’фсымæр! Ау, тæрхоны лæгтæ Куы давой, уæд куыд нæ дава абырæг? Цы кодтон? Ау, æцæгæй уарзын, иог мæ Фæнды йæ фенын, йе сныхасмæ хъусын? Æрра сдæн, цы? О хинæйдзаг дæлимонГ Сыгъдæг уды æрцахсыпæн кæныс Æнгуырыл иннæ сыгъдæг удьг Ма кæн: Сыгъдæгдзинад уацар кæны лæджы, Æмæ йæ иугæр фехалынмæ хъавыс, Уæд тæригъæдты хистæр кæиыс ды... Хæтаг сыл йе ’рдзон аивадæй, йе стыр Кæл’æнтæй никуы стæлфын кодта мæн, Фæлæ мыл ныр æназым чызг фæтых и. Мæн уарзыны мæт никæд ма уыдис, 256
Æдылы уарзæттыл-иу кодтон дис. (Ацæуы.) ЗСЦЕНÆ , Уат ахæстоны. Бацæуынц фæйнæрдыгæй г е р цо г берийы дарæсы æмæ ахæстонгæс. Г с р ц о г. Фарн ам! Æнхъæлдæн, ахæстонгæс дæ? Ахæстонгæс. О, уый æз дæн. Цы дæ хъæуы, сыгъдæг фыд? Г е р ц о г. Тæригъæдтæ сыгъдæггæнæгæн ис Нæ уагæвæрдмæ гæсгæ бар, цæмæй уæм Тæригъæддæгты ахæстоны фена? Уæдæ ,мæ бауадз фенынмæ, зæгъ мын Сæ фыдгæндтæ, цæмæй, мæ бон куыд бауа, Æххуыс сын афтæ ракæнон. Ахæстонгæс. Дæуæн Æхсызгонæй æз ракæнин фылдæр хорз. (Бацæуы Джульеттæ.) Сæ иу дын мæнæ. Цардагур æхсинæг. Æвæлтæрд соптæй йыл рæдыд æрцыд — Чызг нал у, тагъд ын равзæрдзæни саби. Йæ къайæн хаст æрцыд тæрхон — мæлæт. Æрыгон уый дæр. Маргæ нæ — тæригъæд Куы бакодтаид дыккаг хатт,.уæд уый Аккагдæр уыд. Г е р ц о г. Кæд æй кæндзысты маргæ? Ахæстонгæс. Æнхъæлдæн, райсом. (Джульеттæйæн.) Сарæзтон, дæу тыххæй Цы хъæуы, уый: дæу аласдзысты тагъд. Г е р ц о г. Рæсугъд чызг, басастæ, фæсмон кæныс Дæ тæригъæдыл? Джульеттæ. Басастæн, нæ фыд, Æмæ быхсын мæ худинаджы уаргъæн. 17 Шекспир, 2-аг том.
Мæ чызг, уæдæ дын бацамонон æз, Куыд фæлтæргæ у намыс, цæмæй зонай, Æцæгæй дæм æрцыд фæсмон, æви Мæнг у. Джульеттæ. Нæ фыд, дæ зондамындмæ хъусын. Г е р ц о г. Ды уарзыс, де ’намонддзинадæн аххос Цы уд у, уый? Джульеттæ. О, уарзын æй фылдæр, Йæхи йын чи сæнамонд кодта, уымæй — Мæхи удæй. Г е р ц о г. Цыбырдзырдæй, тæригъæд Æмвæндæй кодтат? Джульеттæ. О, æмвæндæй. Г е р ц о г. Уæд Дæ тæригъæд уæззаудæр уыдзæн уымæй. Джульеттæ. Сæттын ыл æз æмæ кæнын фæсмон. Г е р ц о г. Уьш фод, мæ чызг, фæлæ кæд хъыг кæныс Дæ тæригъæдыл нæ, фæлæ уый йемæ Цы худинаг æрхаста, ууыл, уæд Хуыцау нæ исы ахæм хъыг: уый гуыры Нæ уарзтæй нæ, фæлæ æрмæст тæрсгæ Кæй кæнæм, уымæй. Джульеттæ. Нæ, æз хъыг кæнын, Тæригъæд ми кæй бакодтон, гъеуымæн, Æмæ быхсын мæ худинагæн. Г е р ц о г. Хъуамæ Уый афтæ уа. Дæ къай та, зæгъынц, райсом Æрцæудзæн мард. Цон, бауайон æм æз. Дзæбæхæй баззай. Де ’ххуысгæнæг — зæдтæ, (Ацæуы.) Джульеттæ. Æрцæудзæн мард!.. Лæгмарыны закъон! Цæмæн мын уадзыс ацы цард, мæ уд&н •
Мæлæтæй уый уæззаудæр куы у, уæд? Ахæстонгæс. Мæгуырæг чызг! (Ацæуы.) 4 СЦЕНÆ Уат Анжелойы хæдзары. А н ж е л о. Фæнда мæ кувын, ахъуыды кæнын — Мæ куывдтытæ, мæ хъуыдытæ фæлидзынц... Кæнын хуыцауæн хус ныхæстæ: æз Нæ хъусын уыдон, ласы мæ куырм галау Иæ фæдыл Изабеллæ... Дзурын æз Хуыцауы ном, цыма сынæр цæгъдын, Мæ риу та дзаг тæригъæддаг бæллицтæй... Паддзахадон хъуыддæгты ахуырад Мæ удæн фестад хус, æнкъард, мæ сонтæй Кæй кастæн, ахæм чиныгау. Æз дæн Бæрзонд æвæрд, мæ кадæй дæн сæрыстыр, Фæлæ мæ дарæс, ме стыр ном, мæ кад Æз баивин æхсызгонæй, фæндагыл Цы хъазы сис ыссарин, ууыл! Ном! Цыт! Бакаст! О, куыд тæрсын кæнут, арæх Уæ ферттывдæй- канд æдылыты нæ, Фæлæ ма зондджын лæгты дæр фæсайут! Монц монц у алкæд. Хæйрæгæн ныффысс йæ сыкъатыл: «Хæларзæрдæ зæд у»,— Мæнг фыст уыдзæн. (Бацæуы фæсдзæуин.) Цы ма ис уым? Фæсдзæуин. Дæу фенын Фæнды иу моладзаны. А н же л о. Рауадз æй. (Æ х х у ыр ст ацæуы.) Хуыцау! Мæ туг мæ зæрдæмæ ныккалд Æмæ мæ коммæ нал кæсы, цыдæр Æнахуыр тых мын басаста мæ хъару... Раст афтæ ма^æрхъæнтæ дæр æваст Æрбакъорд вæййынц, чи фæсур уа, уымæн . 259
Æххуысмæ, фæлæ баххуысы бæсты — Рынчыны хос уæлдæф у — уый дæр байсынц. Раст афтæ ’лдарæн йе ’ххуырстыты къорд Козбау лæггад кæнынц йæ фæдыл зилгæ. Фырнымд, гуымиры уарзт вæййы æргом Æмæ лæгæн æгад кæны йæ ном. (Бацæуы И заб е л л æ.) Цы зæгъдзынæ, цы дæ хъæуы, рæсугъд чызг? Изабеллæ. Æрбацыдтæн, кæд базонин дæ тæрхон. А н же л о. Куы йæ зыдтаис раздæр, уæд, хъæлæкк, Хуыздæр уыдаид. Мард æрцæудзæн райсом. Изабеллæ. Хорз. Цæй, хуыцау дæ хъахъхъæнæг. (Хъавы ацæуынмæ.) А н ж е л о. Цæрæн ын Уыдис дæуау, мæнау. Фæлæ мæлдзæн. Изабеллæ. Уый у дæ тæрхон? А н ж е л о. О. Изабеллæ. Кæд цæуы мард? Зæгъ æй æргом, цæмæй мæлæты размæ Иæ тæригъæдтæй суæгъд кæна йæ уд. А н ж е л о. О сау тæригъæд! Нæу уæлдай, фæнды Ныххатыр кæн, лæг чи амардта, уымæн, Фæнды ныббар, мæнг æхца уадзæгау Æнæгъдауæй, йæ чъизи мондаг исгæ Гуыринаг чи фæцъапп-цъупп,кæны, уымæн. Цæйнæфæлтау æнæзакъонæй гуырд Фæзынын кæнæм дунейыл мæнгардæй, Фæлтау æрвитæм хъомыл.лæг мæрдтæм. Изабеллæ. Ис уый гæнæн уæларв, зæххыл нæу афтæ. А н ж е л о. А, афтæ у! Дзырдыл дæ ахсын: ды< Цы равзарис — рæстдзинады закъонæй — Мæлæт дæ ахст æфсымæрæн, æви Йæ фервæзæггаг — сау худинаг райсын Дæ буары а-ргъæй, де ’феымæр æгад. 260
Кæй фæкодта, гъеуыцы чызгау? Изабеллæ. Баууæнд, Мæ уды бæсты раттин æз мæ цард. А н ж е л о. Цы мары уд? Æнæбары тæригъæд —> Уый барст у, хыгъд нæу. Изабеллæ. Уый цы ныхас у? А н ж е л о. Цы нæ вæййы, æз, чи зоны, -мæ митæй Нæ дæн æппындæр раст, фæлæ-ма зæгъ: Æз рахастон закъоны кадджын номæй Мæлæты тæрхон де ’фсымæрæн. Ау, Тæригъæд ми нæй иунæгæн дæр барæн,. ’ Нæй де ’фсымæрæн фервæзæн мадзал? Изабеллæ. Уый у дæ бон! Иæ тæригъæд æз исын. Тæригъæд нал и, баззад ма хатыр! А н ж е л о. Куы айсай ды йæ тæригъæд дæ удмæ — Хатыр, тæригъæд сиу уыдзысты уæд. Изабеллæ. Хатыр курын — кæд уый тæригъæд хоныс,— Ныббарой йын,-кæд уый тæригъæд у,— Уæд мын хуыцау хатыр курæн тых раттæд! — Æрвылрайсом дæр кувдзынæн, цæмæй Дæ тæригъæд мæ тæригъæдтыл бафта — Дæу дзуапп дæттын нæ бахъæудзæн! Анжело. Ды мæн Нæ бамбæрстай. Уый циу? Хуымæтæгдзинад, Ие—хинæй сайд! Уæд уый фыддæр у. Изабеллæ. Уадз Æз уон хуымæтæг, алцæмæй хæрз æвзæр,— Уæд зондзынæн, хуыздæр кæй нæ дæн, уый. А н ж е л о. Йæхи куы ’мбæхсы зонд, уæд уый тæмæнтæ Хуыздæр фæкалы. Сау кæнгæцæсгом ныл Куы вæййы, уæд рæсугъддæрæй зынæм. Фæлæ-ма байхъус: æз зæгъын æргомæй, Ды та мæ бамбар: де ’фсымæр уæдæ Æрцæудзæн мард. 261
Изабеллæ. Хорз. А н ж е л о. Уый тæригъæд у, Закъон (кæй тыххæй кæны маргæ. И з а б е л л æ. Зонын. А н же л о. Зæгъæм, гæнæн йæ фервæзыиæн ис. (Æниу мæ бон уый бакæнын нæ бауид,, Фæлæ, зæгъæм!) Ды уымæн дæйæ хо, Æмæ дæм судзы иу лæгæн йæ зæрдæ. Уый бон та у тæрхонгæнджыты раз Ныхас зæгъын... Уæд Клавдио мæлæтæй Ирвæзт уаид, йæ фервæзынæн та Æндæр хос нæй зæххыл — ды хъуамæ раттай Чызджы рæсугъддзинады стыр хæзна, Уæд фервæздзæни де ’фсымæр мæлæтæй... Куыд бакæнис? Изабеллæ. О, ме ’фсымæрæн дæр, Мæхицæн дæр хуыздæр у иу: мæхп уд Куы уаид ныр мæлæтæй тасы ран,— Гæрз ехсæй нуæстæ дарин æз налхъуытау ’ Æмæ ныххуыссин ингæны фæлтау, Уæддæр мæ буар фæхъазынæн нæ раттин!' А н ж е л о. Уæд... амæлдзæни де ’фсымæр. Изабеллæ. Хуыздæр у! Уадз амæла ам ме ’намонд æфсымæр, Уæддæр йæ хо йæ ирвæзынгæнгæ Нæ амæлдзæни худинаджы царды. А н ж е л о. Æмæ уæдæ цæмæй хуыздæр дæ ды„ Цы закъон фауыс, уымæй? Изабеллæ. Нæ, иу нё сты Æнæуаг, худинаггæнæг хъуыддаг Æмæ сæрибар ракурын. Иу ие сты Закъонæй хатыр ракурын æмæ Фæхудинагмæ — амарын! А н же л о. Æцæг? 262
Æмæ закъон æгъатыр карз куы хуыдта/й, Ау, де ’фсымæры азым та фыдгæнд Куы нæ хуыдтай — æназым хъаст у, загътай! Изабеллæ. О граф, хатыр мын! Хаттæй-хатт, цæмæй Цы нæ фæфæнды, уый сæххæст кæнæм — Нæ хъуыдытæ ныхæй-ныхмæ фæвæййынц. Æз ме ’фсымæры пайдайæн хуыдтон Æназым хъаст æнæуынон тæригъæд. А н ж е л о. Мах негас дæр — лæмæгъ... И з а б е л л æ. Кæд афтæ нæу, Кэед ме ’фсымæр зæххон лæмæгъдзинæдты Зыбыты иунæг аххосджын у, уæд Уадз амæла! Анжело. О ,устытæ дæр сегас Лæмæгъ вæййынц... Изабеллæ. • Цы айдæнтæм фæкæсынц, Раст уыдонау... æнцон сæттæн вæййынц, Фæлæ нæ хуыз иттæг дзæбæх æвдисынц. О устытæ...— Хуыцау, æххуыс нын у...— Фыдгæндмæ нæ куы сразы кæнынц лæгтæ, Уæд се сфæлдыстты фехалынц... О, хон нæ Лæмæгъ, æрдзæй фæлмæн æмæ æууæндаг Кæй вæййæм, уымæн. А н ж е л о. Гъе, æцæг! Дæхæдæг Уæ лæмæгъыл кæм басастæ (æниу, Мах, лæгтæ дæр, æнæтæригъæд не стæм, Æнæлæмæгъ...) —уым дзурын æз цæхгæр. Дæ ныхасыл дæ ахсын: ды уай хъуамæ Цы дæ, уьий... О, сылгоймаг дæ æрмæст — Фылдæр куы домай, уæд уыдзынæ ницы. Куы уай сылгоймаг (ууыл та дæ хуыз — Мæ хорз æвдисæн), равдисай уæд хъуамæ Дæ миниуæг, æмæ дын уæд уыдзæн Рæсугъд фæлыст — нывгонд дын у хъысмæтæй. Изабеллæ. О граф! Мæнæн ис иу æвзаг: æз курын, Нырмæ куыд дзырдтай, мемæ афтæ дзур! 263
А н ж е л о. Зæгъдзынæн дын цыбырæй::æз дæу уарзын. Изабеллæ. Ме ’фсымæр уарзта Джулийы. Ды загътай,. Кæй амæлдзæни уый тыххæй. А н ж е л о. Нæ, уый Нæ амæлдзæн, æрмæст мæн бауарз! Изабеллæ. ’ ’ • °> Æмбарын дæ: дæ хæрзуагæн ис фадат йæхи фыдхуызы ’вдисынæн, цæмæй Фæлвара иннæты. А н ж е л о. Нæ, баууæнд, уымæй,— ’ Хæрын дын ард, рæстдзинад дзурын æз! Изабеллæ. 0 ’лгъаг рæстдзинад! О дыдзæсгом мп! Æз дын ныр раргом кæндзынæн дæ цæсгом!! А! Ме ’фсымæрæн ныр хатыр ныффысс — Кæннод дунейыл айхъуысын кæндзынæн, Цы лæг дæ, уый! А н ж е л о. Æмæ дыл чи æууæнды, Изабеллæ? Мæ сыгъдæг ном, зæгъай, мæ иппæрд цард, Нæ бæстыл æз цы бынат ахсын, ноджы Мæхи ныхас, зæгъгæ, зылын нæ дæн, Гæды мыл дзуры — уыдон се ’гас иумæ Дæ ныхæстæ фæкæндзысты бынæй, Дæ хахуыры куыд фæхурх уай. Ныр æз Мæ монцытæн сæ идон хъуамæ сисон. Дæхи мын ратт, гæды митæ ныууадз, Цы фæсырх дæ, цыма дæхи нæ фæнды... Мæлæтæй бахиз де ’фсымæры! Ратт Дæ рæсугъд буар,— мæ мондаг суадзон. Науæд Сæркъуырыныл нæ амæлдзæн, фæлæ Æвирхъау хъизæмæртты йæ уд исдзæн Дæ хивæнддзинады тыххæй. Дæ дзуапп Цæттæ уæд райсом. Науæд ард хæрын Мæ риуы судзæг монцæй, æз уыдзынæн Сыгъдæг тиран! Цы дæ фæнды, уый дзургæ, Фæлæ-иу зон: мæ мæнгдзинады къух Кæй фæкæндзæн дæ рæстдзинады хурх! (Ацæуы.)
Изабеллæ. Кæдæм лидзон, кæм агуырдæуа’баххуыс? Кæй бауырвдзæн, куы сæ радзурон,,уæд? О сайæн былтæ! Уыцы иу æвзаг, 'Цы йæ бафæнда, дзуры сæ æмхуызон: -Хатыр уа, æви марыны тæрхон,— Йæхи фæндæй закъон кæны дыууæрдæм, - Рæстад æмæ æнæрастæй кæиы Фыдхынджылæг. Цон ме ’фсымæрмæ, кæд Фæрæдыди йæ туджы судзгæ уарзтæй, Уæддæр уæздан, цытуарзаг уд у уый. Æмæ йын раст ыссæдз сæры .куы уаид,— Уый сегасы дæр сæркъуырæнтæм раттид, Уæддæр йæ хомæ не ’руадзид æгад. Цæмæй сыгъдæг уон — амæлæд уый тагъддæр. Сыгъдæг уæвын — æфсымæрæй зынаргъдæр. Уадз райса раст хъæбатыры мæлæт, Йæ удæн уæд бынат уыдзæн дзæнæт! (Ацæуы.)
1 СЦЕНÆ Уат ахæстоны. Бацæуынц г е р цо г берийы дарæсы, К л а в д ио æмæ ахæстонгæс. Г е р ц о г. Хатырæй ма дæ зæрдæ дарыс графыл? К л а в д и о. Æнамондæй нæ хуыздæр хос вæййы Ныфсджын уæвын. Цæттæ дæн æз мæлынмæ, Цæрынмæ дæр. Г е р ц о г. Мæлынмæ у цæттæ, Уæд дын мæлын уа, йе цæрын — уыдзæнис Æхсызгондæр. Дæ цардæн та зæгъ афтæ: «Ды мын ’куы нал уай, сафын уæд æрмæст, Сæрхъæнæн адджын чи у, уый. Лæджы ца’рд, Ды дæ мæнг улæфт. Баулæф дыл, уæд Æрызгъæлыс. Мæлæтæн ды быдзæу дæ, Дæхи дзы хизыс, фæлæ ды уæддæр Йæ къухтæм бафтыс. Нæй дæм иу хæрзиуæг: Æхсызгон нæм цæй тыххæй кæсыс, уый Вæййы æлгъаг æнкъарæнтæй! Тæппуд дæ, Фæтæрсыс ды суанг калмæн дæр йæ лæмæгъ Фæлмæн фатæй! Дæ фæлладуадзæн — фын; Фæсидыс æм, фæлæ тæрсыс мæлынæй, Æмæ цы у мæлæт та? Уый дæр — фын. Дæуæн та нæй зæххыл сыгъдæгæй фенæн — Мин хицæи хæйттæй арæзт дæ, мæлæт Кæм вæййы, ахæм! Ды нæ зоныс амонд, Цы дæм нæй, уый фæагурыс æдзух, Цы дæм уа, уымæн аргъ нæ кæныс никæд. 266
Фæлывд дæ ды: мæйрухс æхсæвау ды Дæхи фæивыс алхуызон. Куы вæййыс Хъæздыг, уæддæр мæгуыр вæййыс, сызгъæрин Цы хæрæг хæсса, уый хуызæн; цæуыс Цæрæнбонты дæ уаргъы бын гуыбырæй, Мæлæт дын айса цалынмæ дæ уаргъ. Лымæн дын нæй, дæ зæнæг та уæлæуыл Сæ гуырæн бон æлгъитгæйæ сæйынц Къæдзнизæй, тарнизæй, кæнæ та дзуарæй, Уæддæр бæллынц дæумæ, цымæ, цæмæн? Нæ зоныс ды, æрыгонад цы вæййы, Зæрондад циу: фынау сæ ды уыныс, Уæззау фæсхæрд цы фын фæуынæм, уыйау. Куы ма вæййыс хæрзæрыгон, хæрзамонд, Уавддæр хуыскънизæфтыд зæронд лæгау Мæгуыргур зилыс, базæронды бон та — Куы схъæздыг вæййыс, нал дæм вæййы уæд Нæ тых, нæ монц, нал — уарзын, нал — рæсугъдад,— Æнæ уыдон ма мулк цы у, цæмæн? Уаед ма цы у, мах цард кæй хонæм, уый? Æмæ нын уыцы цард та кæд æмбæхсы Мин мæлæты... Уæддæр тæрсæм мæлæтæй, Нæ зынтæн нын кæрон чи кæны, уымæй!» К л а в д ио. Иттæг бузныг. Æз бамбæрстон æппæт дæр. Мæлæтмæ тырнгæ ссардзынæн æз цард, Мæлæт агургæ æз цæрдзынæн. Рацу, Уæдæ, мæлæт! Изабеллæ (фæссценæйæ). Дуар бакæнут, ам чи ис? Фарн ам æмæ хæрзамонд ут! Ахæстонгæс. Уый чи дæ? Æрбахиз: ахæм арфæ загътай ды, Æмæ дæм хъусæм уый аккаг хæларæй. Г е р ц о г. Æз дæм, мæ хъæбул, фездæхдзынæн тагъд. К л а в д и о. Иæ хорз фыд, бузныг! Бацæуы Изабеллæ. Изабеллæ. Мæн Клавдиоимæ адзурын фæнды. Ахæстонгæс (Изабеллæйæн). Дæ хорзæхæй. 267
(Клавдиойæн.) Æрбацыд дæм дæ хо. Герцог (ахæстонгæсæн). Дыууæ ныхасмæ. Ахæстонгæс. Æз фылдæрмæ хъусыы. Герцог (сабыргай йын). Кæцæй сæм хъусон, ахæм ран мын ратт. (Гер цог æмæ ахæ стонгæ с ацæуынц.} К л а в д и о. Цæй, куыд, мæ хо? Цæуыл мæ зæрдæ дарон? Изабеллæ. Хуыздæр цы вæййы, уымæй у ныфсджын. Æппæтдæр хорз у, о, æппæтдæр хорз у. Цыдæр хъуыддæгтæ Анжелойæн ис Мæрдты бæсты, æрвиты уырдæм дæу, Цæмæй уым уай йæ минæвар æнусмæ. Уæдæ дæхи æрцæттæ кæн, цæуыс Сæумæйыл уырдæм. К л а в д и о. Ау, æндæр хос нæй? Изабеллæ. Ис иунæг хос: фæдыууæ кæн дæ зæрдæ, Æмæ уæд фервæздзæн дæ сæр. К л а в д и о. О’ма? Изабеллæ. 0 ме ’фсымæр, дæ бон цæрын уæд уаид. Кæны дын хицау хæйрæджы тæригъæд, Лæгъстæ йын кæн. Уæд фервæздзæн дæ уд, Фæлæ хъаймæтмæ баззайдзынæ бастæй. К л а в д и о. Уæд — ахст цæрæнбонтæм?' Изабеллæ. О, ахст уыдзынæ Цæрæнбонтæм: уыдзынæ ахæм ахст, Æмæ куы уаид а дуне дæ къухы, Уæддæр дзы уаис ахст. К л а в д и о. Ау, уый та куыд? Изабеллæ. Уый ахæм у, куы сразы уаис ууыл, -Уæд растигъис дæ цæсгомæн йæ царм Æмæ цæуис хæрз бæгънæгæй. 268
^К л а в д и о. Æргомдæр! з а б е л л æ. Æргомдæрæй тæрсын. Зыр-зыр кæнын. Тæрсын, миййаг, æнусон кад куы раттай Мæиг царды цалдæр азыл ды, цæмæй Цæрай уæлæуыл. Ау, тæрсыс мæлæтæй? Мæлæт тæссаг тæрсынæй у æрмæст. Дæ къахы бын цы сау хъæндил ’ныцъцъист уа, Рьеуый дæр-иу фæхъизæмар кæны, Мæлгæ цы стыр гигапт фæкæны, уыйау! К л а в д и о. Цæмæн мыл худыс? Æви афтæ ’нхъæлыс, Æмæ лæгдзинад райсдзынæн æрмæст Чызгæй.— мæ удæн дидинæгау чи у? Уырнæд дæ, кæд мæ хъысмæт у мæлæт, Уæд райсдзынæн мæ уарзонау мæ мæлæт, Хъæбысгæнгæ йыл æзкæндзынæн цин! Изабеллæ. Гъе, афтæ дзуры ме ’фсымæр! Уый дзуры Мæ фыд мæрдтæй! О! Амæлдзынæ ды: Æгæр уæздан у ме ’фсымæр, йæхицæн Æлгъаг аргъæй нæ балхæндзæни цард. Æнаккаг лæг йæ-тызмæг хуыз, йæ зондджын Ныхасæй рæзинаджы зæрдæ их Фæкæны, о, ныфс мары уый, раст уари Куыд мары цъиуы, афтæ. 0 дæлимон! Йæ чъизи йын йæ хуылфæй ракал, уæд Уым баззаид æнæбын сау цъымара, Цыма зындон!.. К л а в д и о. Куыд! Анжело у ахæм? Изабеллæ. Фæлывд лæг у! Мæнг митæй сайæг, калм, Æрмæст æмбæхсы паддзахы фæлысты Йæ чъизи монцтæ! Ме ’фсымæр, ды зон, Куы йын раттаин ме ’нæхæлд чызгон уд, Уæд дын ныббарстаид. К л а в д и о. О, уый нæ уыдзæн! Изабеллæ. 0, уыцы ми куы бакодтаин æз, Дæ тæригъæдтæ кодтаис уæд дарддæр. Кæсы æнхъæлмæ ахсæв уый мæнмæ, 269 ч
Цæмæй æлгъаг ми бакæнон æз йемæ, Фæлæ нæ уыдзæн. Амæлдзынæ ды. К л а в д и о. Нæ бакæндзынæ уый! Изабеллæ. О Клавдио! Ныхас куы цæуид ам æрмæст мæ удыл, Уæд æй æз раттин тихалæгау, кæд Ды фервæзис. К л а в д и о. Мæ саурæсугъд хо, бузныг! Изабеллæ. Уæдæ цæттæ у, Клавдио, мæлæтмæ. К л а в д и о. Уæдæ ис монцтæ уымæ дæр: ныртæккæ Цы закъоныл дзырдта, ныр хъавы уый Йæ монцты тыххæй ту кæнынмæ ууыл? ■Уæдæ мæ рæдыд нæу рæдыд, кæд у, Уæддæр уый авд рæдыдæн у сæ къаддæр! Изабеллæ. Сæ къаддæр — куыд? К л а в д и о. Уый тæригъæдты хистæр Куы уаид,— ау, уæд ахæм зондджын лæг Уысмон æхсызгондзинадыл куыд райсид Æнусон хъизæмæрттæ? О мæ хо! Изабеллæ. Цы зæгъдзæн ме ’фсымæр? К л а в д и о. Мæлæт тæссаг у! Изабеллæ. Фыдхудинаджы цард та ;у тæссагдæр. К л а в д и о. Уæддæр мæлæт... Фæцу æбæрæг ранмæ... Хуысс æмæ ’мби æнæзмæлд ихæн ран... Кæддæр цы уыди хъарм æмæ сæрæгас, Æваст уый фестади уымæл сыджыт... Æгасæй цин цы уд кодта, ныр уьий Фæныгъуылд арты уылæнты, кæнæ Æгæрон ихты аныгъуылд мыггагмæ, Кæнæ йæ судзгæ сау тымыгътæ айстой Æбæрæг ранмæ удмарæн тыхæй Зæххы къорийы алфамбылай, о, зæрдæ Куыд карз дзыназдзæн, уыйхуызæн зынтæ 270
Кæд фениккам цæрæнбонты уæлæуыл? О, уый æгæр тæссаг зын у, мæ хо!.. Фæлтау цыфæнды хъизæмайраг цард дæр — Зæрондад, ахæстон, мæгуырад, низ — Сæ алчидæр дзæнæтау уаид адджын, Мæлæтимæ йæ-абар, зæгъгæ, уæд. Ивабеллæ. О сагъæс, сагъæс! КАа в д и о. О мæ хо, æри, Æри мын цард! Æфсымæры сæраппонд Цы тæригъæд уа, уый тæригъæд нæу, Хæрзиуæгыл нымад цæуы! И^абеллæ. 0 сырд! О сау тæппуд, æдзæсгом тæппуд! Хъавыс Мæ худинагæй балхæнынмæ цард? Фыддæр куы у уый хи хойæн тыхмийæ! Дæ хойы худинаджы аргъæй дæу Цæрын фæнды? Куыд хъуыды кæнон, цæй-ма, Æви æндæрæй скодта дæу мæ мад? Мæ фыды тугæй дæм !куы нæ ис мурдæр, Уæййаг æнаккаг! Хъусгæ мæм уæдæ: Ныммæл! Арф бамби! Зон, æрмæст куы хъæуид Дæ фервæзынæн ме ’ргуыбыр кæнын, Уый зон, уæддæр æз не ’ркæнин гуыбыр дæр! Æз мин-мин хатты скувдзынæн, цæмæй Ды амæлай! Дæ фервæзыныл та Сыбыртт дæр не скæндзынæн! К л а в д и о. Изабеллæ! Æрбайхъус-ма.., Изабеллæ. Æлгъаг, æлгъаг, æлгъаг! Дæ ми рæдыд нæ уыд, фæлæ уыд барæйт Æмæ дæуæн ныббар, уый у фыдгæнд. Уæдæ дæуæн фæлтау мæлгæ у тагъддæр. (Хъавы ацæуынмæ.) К л а в д и о. Мæ хо, æз курын, байхъус мæм чысыл... Бацæуы г е р цо г. Г е р ц о г. Цæрæццаг хо, бар ратт дыууæ ныхасы Дæуæн зæгъынæн. 271
И з а б*~е л л æ. Зæгъ, цы дæ хъæуы? Г е р ц о г. Кæд дын иу минут рæстæг ис — мæн фæнды демæ/ адзурын. Æз дæ цы куринаг дæн, уый дæхи пайдайæн уыдзаш. Изабеллæ. Æ-вдæлон рæстæг мын нæй, мæ иннæ хæстæй жьуа- мæ ратонон рæстæг, фæлæ дæумæ байхъусынмæ æз цæттæ дæн. [ Г е р ц о г (Клавдиойæн, сабыргай). Мæ хъæбул! Æз байхъуыстон уæ ныхасмæ дæ хои- мæ. Анжеломæ никæд уыд дæ хойы фæсайыны гаæнд. Уый æрмæст æвдыста ахæм хуыз, цыма ,йын хъавыд йæ хæрзиуæг байсынмæ, цæмæй сбæлвырд кодтаид адæймаджы æрдзы фидардзинад. Фæлæ йæм раиртæ- ста æрмæст хорз миниуæг. Тынг ын фæцин кодта йæ сыгъдæг ахастыл. Æз дæн Анжелойы удхизæг, зонын, куыд уыди, уый. Дзæгъæлы ныфсытæ ма æвæр дæхи- цæн фервæзынæй. Райсом хъуамæ амæлай. Ацу, слæуу дæ зонгуытыл æмæ дæхи сцæттæ кæн мæлæтмæ. К л а в д и о. Бауадз-ма мæ мæ хойæ хатыр ракурьш. Цард мæ цæстысындз фестади, æмæ дзы мæхи ахицæн <кæндзы- нæн æхсызгонæй. Г е р ц о г. Дæ уыцы хъуыдытæй мауал ахицæн у. . (К ла в д ио ацæуы. Бацæуы ахæстонгæс. Ахæстонгæсæн.) Дыууæ ныхасы дын... Ахæстонгæс. Цы дæ фæнды, нæ сыгъдæг фыд? Г е р ц о г. Хъуамæ ацæуай, куыд æрбацыдтæ, афтæмæй. Ныу- уадз мæ уыцы чызгимæ иунæгæй: мæ цардахаст æмæ мæ дарæс æвдисæн сты, уыцы чызгæн тас кæй нæу, уымæн. Ахæстонгæс. Цæй, хорз, хорзæй баззай. (Ацæуы.) Г е р ц о г. Де сфæлдисæг дæ скодта саурæсугъдæй. Радта дын хорз æгъдау. Рæсугъддзинад æиæ хорз æгъдауæй тагъд баруайы. Фæлæ кæд дæ уд хæрзиуджытæй дзаг 272
у, уæд баззайдзынæ саурæсугъдæй. Æнæнхъæлæджы базыдтон, Анжело кæй хъавыди дæ намыс байсынмæ. Æз дисыл бафтыдаин, адæймаджы лæмæгъдзинæдтæ куы нæ зыдтаин, уæд. Цы кæнгæ у дæуæн, цæмæй де ’фсымæры бахизай мæлæтæй? Хицауы коммæ бакæ- I сай? щ з а б е л л æ. Æз ныртæккæ цæуын уымæ. Уадз ме ’фсымæр амæ-' ла закъонæй, цæйнæфæлтау æнæзакъонæй райгуыра сывæллон! Фæлæ, о хуыцау, куыд рæдийы нæ хæлар- зæрдæ герцог, Анжелойыл кæй æууæнды, уымæй! Кæд иакуы раздæха, æмæ йæм -мæ бон бауа бафтын, уæд уадз мæ дзых бамыр уа, æз уымæн куы нæ раргом кæнон ацы хицауы цæсгом! Г е р ц о г. Уый иттæг хорз уаид... Фæлæ ныры уавæры уымæн æнцон у йæхи сраст кæнын: зæгъдзæн, ома дæ æрмæст фæлваргæ кодта. Гъеуымæ гæсгæ байхъус мæ уынаф- фæмæ. Мæн фæнды хорз хъуыддаг саразын æмæ ссард- тон иу фæрæз. Мæн уырны, ды кæй ракæндзынæ стыр хаерзиуæг иу æнамонд чызгæн, кæй фервæзын кæндзы- нæ де ’фсымæры мæлæтæй, дæ намыс кæй ницæмæй фегад кæндзынæ, æмæ стыр æхсызгондзинад кæй ра- кæндзынæ балцы уæвæг герцогæн, кæд искуы раздæха æмæ базона ацы хъуыддаг, уæд. Изабеллæ. Дзур, æз хъусын, дзур. Мæнмæ разындзæн ахæм хъару, кæд дзы худинагæй ницы тас у, уæд. Ге р ц о г. Уды хæрзиуæг ныфсхаст у, сыгъдæгдзинад та æдæр- сон! Ды искуы зыдтай Марианæйы, йе ’фсымæр уыд Фредерик, хъæбатыр, нау куы фæдæлдон, уæд чи фе- сæфт, уый хойы? Изабеллæ. Зыдтон æй... Йæ иом, йæ намысæй æппæлыдис ал- чидæр. Г е р ц о г. Уый хъуамæ ракуырдтаид Анжело. Уыди сыл ар- гъуыд, сæ чындзæхсæвы бон уыди нысангонд, фæлæ æрцыдис уыцы æнамонд хабар: йе ’фсымæр бабын ис денджызы, уым фесæфтис чызджы чындздзон лæвар дæр. Тызмæг разынди хъысмæт уыцы æнамонд чыз- джы раз, уыцы иу бон фесæфтысты йæ зынаргъ æфсы- мæр, æнæкæрон бирæ йæ чи уарзта, стæй йæ чындздзон 18 Шекспир, 2-аг том. 273
лæвар,— уым та уыдысты йæ мулк сегас дæр, стæй нс джы фæцух ис йе суинаг мойæ, бакастæй æнаипп ч^и зыны, уыцы Анжелойæ. Изабеллæ. Æцæг уа уый? Æмæ йæ ныууагъта Анжело? Г е р ц о г. Ныууагъта цæссыгкалгæ, йæ иунæг цæссыг дæр [ын нæ бахус кодта йæ пъайæ. Чызджы раз цы ард бахорд- та, ууыл йæ къух ауыгъта, стæй ма йæ фæкодта ка- хуыры бын дæр, хæтаг сыл у, зæгъгæ. Цыбырдзырдæй, ныууагъта йæ сагъæсы, æмæ нырма у тæригъæддаг. Анжело та уый цæссыгты раз цыма дурæй у: кæсы йæм, фæлæ нæ тасы. Изабеллæ. I Хорз бакодтаид мæлæт, уыцы мæгуыр чызджы куы айстаид, уæд. Цас ма ис фыдгæнджытæ зæххыл! Фæлæ цы баххуыс кæнын у мæ бон уыцы чызгæн? Г е р ц о г. Уый хъæдгом адзæбæх кæнын дæуæн æнцон у, ды уымæй фервæзын жæнис де ’фсымæры, стæй ма дæхи бахизис фенамондæй дæр. Изабеллæ. Бацамон мын — куыд, нæ сыгъдæг фыд. Г е р ц о г. Уыцы æнамодд чызг нырма уарзы Анжелойы. Уый карз æмæ æдзæрин кæй у, уый тыххæй йæ хъуамæ ма- уал уарзид чызг, фæлæ лæсæны раз цæлхдур куы уа, æмæ уымæй лæсæн ноджы куыд тыхджындæр кæны, афтæ уыцы уарзондзинад кæны ноджы цырендæр. Цæугæ Анжеломæ, ратт ын разыйы дзуапп. Сæркъу- лæй сразы у йæ домæнтыл, æрмæст йæ разы сæвæр ахæм уавæр: фыццаджыдæр, ды уымæ фæуыдзынæ цыбыр рæстæг, дыккаджы — сымах фембæлдзыстут æхсæвыгон, саудалыиджы, æнæсыбырттæй, æмæ, æр- тыккаджы, уæ фембæлæн бынат куыд уа, чи хъæуы> ахæм. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сразы уыдзæн. Æмæ уæд рауайдзæн алцыдæр. Мах барвитдзыстæм дæ бæсты Марианæйы. Куы раргом уа уыцы фембæл- ды хабар, уæд Анжелойы бахъæудзæн æрсæттын... Аф- тæмæй де ’фсымæр баззайдзæн æгас, æнамонд Мариа- нæйы фæуыдзæн йæхион, хицауы æнаккаг ми та рауы- дзæн æргом — фæкъæртт уыдзæн сынкъау! Чызгæн æз 1 бацамондзынæн, йæхи йын куыд дарын хъæуы. Цы зæгъдзынæ уьий тыххæй? 274
Изабеллæ. Æрмаест ыл куы ахъуыды кæнын, уæддæр мын фен- цондæр вæййы: ныфс мæ ис, уый кæй рауайдзæни, уы- \ мæй. Г е р ц о г. Алцыдæр аразгæ уыдзæни, ды куыд архайай, уы- мæй. Атындз Анжеломæ.’Куы бадома, тæккæ ахсæв æм рацу, зæпъгæ,— сразы у. Æз та цæуын сыгъдæг Лу- кайы хъæумæ, уым хицæн агъуысты цæры иунæгæй уагъд Марианæ. Ды дæр-иу мæм уырдæм рацу. Æр- мæст тагъддæр ахицæн кæн хъуыддаг Анжелоимæ. Изабелла. Стыр бузныг де ’ххуысæй. Хæрзбон, нæ сыгъдæг фыд! (Ацæуы.) 2 СЦЕНÆ Уынг ахæстоны раз. Бацæуынц г е р цо г берийы дарæсы, Р æ мбын æмæ хъахъхъæнджытæ. Р æ м б ы н. Нæ фæлæ нын кæд хуыздæрæй исты саразын уæ бон нæу æмæ адæмæй базар кæнут уаргъхæссæг фо- сау, уæд ма а дунейыл баззайдзысты æрмæст ницæй- аг сæнттæ æмæ æнæзакъонæй гуырд сывæллæттæ. Г е р цо г. О хуыцау! Уый та ма цавæр цъыфхор у? П о м п е й. Ехх, а дунейыл хорзæй ницуал ис. Уыдис дыууæ фыдбылызы — бауарзджыты иугæнæг æмæ æхца гæр- тамыл дæттæг,— æмæ сæ тæккæ хъæлдзæгдæры бабын кодтой, æвзæрдæр сæ чи уыдис, уымæн та ратдзысты хъарм кæрц дарыны бар. Стæй цавæр! Æдде рувас- дзарм, мидæгæй та фысдзарм, цæмæй алчидæр æмба- ра, хин æнæхинæй бæрзонддæр æвæрд кæй у. Р æ м б ы н. Цæугæ-цæуын дзæнгæда ма цæгъд. Хуыцау — дæ хъахъхъæнæг, хорз лæг. Г е р ц о г. Дæуæн дæр, хорз лæг! Цæмæй дæ бафхæрдта ацы лæг? 275
Р æ м б ы н. / Уый закъоны бафхæрдта, сударь, стæй ма ноджы къæрных дæр у, сударь, махмæ гæсгæ: есардтам æм æнахуыр цавæрдæр дæгъæл, сударь, æмæ йæ арвыст^ам хицаумæ. Г е р ц о г. Дæхиуыл худ, хæзгулгæнæг, æиаккаг! Ды ’ххуыс кæныс æлгъаг митæ кæнынмæ, Цæмæй цæрай! Æви нæ зоныс ды, Куыд худинаг у ахæм сау хъуыддагæй Хытъын æфсадын æмæ дарæс дарын? Дæхицæн зæгъ: хæринаг, дарæс, нуæзт Кæй арыс фосы цинты руаджы..Ахæм Æлгъаг ысмаггæнæн бынаты цæр — Уый цард хоныс? Æрфæсмон кæн, æиаккаг! П о м п е й. Раст зæгъгæйæ, ахæм цардæй æцæг иучысыл смаг хæссы, фæлæ уæддæр равдисдзынæн... Р æ м б ы н. Фыццаджыдæр -æй хицаумæ бакæнъш хъæуы, де стырдзинад. Ныр ын æйдыккаг хатт дарынц йæ цæст- мæ. Хицауæн йæ уæнгæл сты ахæм хæлд адæм: уыцы сау митæ чи кæны — йæ цæстысывдз сæ хоны. О, уыцы мæнгæрдты йæхицæй дардмæ суры. Г е р ц о г. . Бæргæ, Цы уа сыгъдæг, куы уынид уый нæ цæст, Мæнгард ми та куы нæ цæуид æмбæхст! Р æ м б ы н. Уый бæрзæйыл дæр дæ гуыбыны ми æрцæудзæн, де стырдзинад: сылвасдзысты йæ бæндæнæй! Бацæуы Л у ц ио. П о м п е й. Мæнæ нын æххуыс дæр. Фендзыстут, чи мым бахæс кодта. Æрбацæуы уæздан лæг, ме стыр хæлар. Л у ц и о. А! Байрай, хæларзæрдæ Помпей! Куыд, бæхтæрæ- гæй ма вæййыс Цезарьмæ? Кæм ысты дæ къæцæлын чындзытæ-устытæ, Пигмалионау афтæ æндонæй кæй аразыс, уыдон? Уыдон кæддæриддæр дæу тыххæй асыгъдæг кæнынц нæ дзыппытæ. Цы дзуапп ратдзынæ, и? Цы зæгъдзынæ, маэстро, уыцы зарæгæй, и? Æви дæ дзуаппытæ фæстаг сæны боцкъайы бын ныууагътай? Цæй-ма, цы зæгъинаг дæ, ’зæронд цæстфæлдахæг, ба- 276
уарзджыты иугæнæг? Æви дæ раздæры дзуапп нал" бæззы, и? Куыд фендæр ис, куы! Æрынкъард ис, ба- хъус и. Хорз хæлар мын у, и? Г е р ц о г. Иннæ та йæхи хуызæн у, æви фæфыддæр? Л у ц и о. Цы хуызæттæ у мæ адджын комдзаг, дæ бинойнаг, и? Раздæрау ма уарзæтты иугæнæг у, и? П о м п е й. Цы гæнæн и, сударь, йæхи хай хæрд куы фæци, уæд бахауди тæгæнайы. Л у ц и о. Уый хорз у æмæ раст: цалынмæ æрыгон дæ — кус, сурс дæ — иннæты ардау кусыныл. Уымæ цæуы фæ- стагмæ. Афтæ хъуамæ уа. Уæдæ ахæстонмæ цæуыс, и,, Помпей? П о м п е й. Тæккæ дæр, сударь. Л у ц и о. , Уый дын тынг па’йда у, Помпей, фæндараст. Зæгъ- иу уым, æз дæ кæй барвыстон, уый. Дæ хæсты тыххæй,, Помпей, æви æндæр истæй тыххæй, и? Р æ м б ы н. Иугæнæг уыдис, иугæнæг. Л у ц и о. ’ Уæдæ йæ сбадын кæнут æнцой ран. Кæд ахæм иу- гæнæгæн ахæстон æмбæлы, уæд уый йæ тæккæ ран у. Уый æцæг у ахæм иугæнæг, суанг рагон фыдæлтæйг нырмæ: йæ мады гуыбыны дæр иугæнæг уыдис. Фæн- дараст, ,мæ хæлар Помпей! Мæнæй саламтæ ратт ахæ- стоны, Помпей! Нырæй фæстæмæ хорз мой уыдзынæ, Помпей! Дæ хæдзарæй æддæмæ нал лекка кæндзынæ. П о м п е й. Ныфс мæ ис, сударь, дæ уæздандзинад мæ кæй ра- уадзын кæндзæн! Л у ц и о. О, нæ, Помпей, ахæм ныфс дæм ма уæд, уый ныр æгъдæутты нал ис. Æз курдзынæи, цæмæй дæ амал уæвгæйæ фылдæр фæдарой ахæстоны, Помпей. Кæд ууыл разы нæ уай, уæд уымæй равдисдзынæ, кæй дæм ис темперамент. Фæндараст, кадджын Помпей! Хуы- цау дæ хъахъхъæнæг. Г е р ц о г. Дæуæн дæр. 277
Л у ц и о. Бригиттæ ма раздæрау йæхи ахоры, Помпей, и? Р æ м б ы н. Цæй, цæугæ, цæугæ, ма фæстиат кæн. П о м п е й. Иудзырдæй, уæдæ мæ нæ рауадзын кæндзынæ? Л у ц и о. Иу дзырдæй дæр æмæ дыууæ дзырдæй дæр, Помпей! Цы хабæрттæ ис, нæ сыгъдæг фыд? Р æ м б ы н. Цом, цом. Луцио. Цæугæ, Помпей, цæугæ дæ куыдздонмæ. (Рæмбын, Помпей æмæ хъахъхъæнæг ацæуынц.) Æппын ницы хабар ис нæ герцогæй? Г е р ц о г. Æз ницы фехъуыстон. Ды та? Л у ц и о. Иутæ дзурынц, цыма ис уырыссаг императормæ, ин- нæтæ та — цыма ис Ригæйы. Дæумæ та куыд кæсы, кæм уа? Г е р ц о г. Нæ зонын. Фæлæ кæмфæнды уа, йæхи фæндиаг уæд йæ хъуыддаг. Л у ци о. Уый та цавæр æнахуыр ми у — сусæгæй ахъуыз дæ паддзахадæй æмæ ралли-балли кæн, цьима уымæн рай- гуырди! Граф Анжело та уы.й бæсты иттæг хорз хицау- иуæг кæны: иууылдæр сæ балвæста. Ге р ц о г. Хорз бакодта уымæй. .Луцио. Æвзæр нæ уыдаид, иучысыл хатыр куы кодтаид уарзондзинады хъуыддæгты, науæд æгæр карз у, нæ фыд. Г е р ц о г. Хæлддзинад æгæр стыхджын ис; æрмæст карз æф- хæрынæй фесафæн ис ахæм аипп. Л у ц и о. О, уый раст у, сахъатæн бирæ бинонтæ ис, йæ хæ- стæджытæ — алы хæдзары. Фæлæ йæ бынтон фесафæн нæй, нæ сыгъдæг фыд, цалынмæ адæмæн хæрын æмæ 1 нуазын уадзай, уæдмæ. Афтæ дзурынц, Анжело, дам, лæг æмæ усæй нæ равзæрди, раздæр адæймаджы куыд -278
арæзтой, ахæм фæлтæрд хуызы. Куыд дæм кæсы, расг уа, и? Г е р ц о г. Уæдæиуыд хъуамæ равзæрдаид а дунемæ? Л у ц и о. Чи дзуры, денджызон донычызгæй райгуырди, чи’ зæгъы, еугæфы хуызы йæ раппæрстой дыууæ тъаранщ. Фæлæ иу хъуыддаг бæлвырд у: йæ доныхуыпп куы: фæкалы, уæд уайтагъд асæлы. Уый æз мæхæдæг фед- тон. Раст автоматы хуызæн у, йæ бон нæу йæхи хуы- зæттæ аразын. Г е р ц о г. Хъазыс, сударь! Цы дзæнгæда цæгъдыс? Л у ц и о. Æмæ уæдæ æгъатырдзинад нæу адæймаджы мæ- лæтмæ раттын, йæ хæлаф разæй кæй ракъуыпп ис, уый тыххæй? Ау, ам чи нæй, уыцы герцог дæр афтæ бакод- таид? Адæймаг сæдæ сывæллоны цалынмæ æнæзакъо- нæй сараза, æмæ йæ уый тыххæй ауындзыимæ цалын- мæ раттай, уый размæ хъуамæ дæ дзыппæй бафидай’ мин сабийы схæссыны хардз. Герцог ахæм хъæзтытæ хорз зоны: йæхæдæг ахæм митæ бирæ фæкодта, æмæ- хатыр зыдта. Г е р ц о г. Æз никуы фехъуыстон, герцог сылгоймæгтимæ арæх. бæгъдулæг кодта, зæгъгæ. Нæ йæм уыди ахæм мини- уæг. Л у ц и о. О нæ сыгъдæг фыд, куыд тынг рæдийыс! Г е р ц о г. Уый уæвæн ’нæй! Л у ц и о. Нæй, зæгъыс? Герцог? Куыд нæма! Ам иу сылгой- маг уыди, дæс æмæ дыууиссæдзаздзыд, æмæ уый къу- сы дæр æвæрдта йæ туман. О, ис ахæм тæригъæдтæ.. Нуазгæ та,— о! — ныллалым вæййы — бауырнæд дæ. Г е р ц о г. Ды йыл хахуыр кæныс, уый гуырысхойаг нæу. Л у ц и о. Нæ фыд, æз йæ тæккæ хуыздæр лымæн куы уыдтæнГ Уый тынг æнæууæнк адæймаг уыди, уыцы герцог, æмæ,. ме ’рдыгонау, æз зонын, йæ ахъуызыны аххостæ. Г е р ц о г. Дæумæ гæсгæ, цавæр уой уыцы аххостæ? 279'
.Л у ц и о. Нæ, хатыр, уый сусæгдзинад у, ахæм ран дзыхыл хæцын хъæуы. Зæгъын дын æрмæст иу хъуыддаг: йæ дæлбар адæм æй зондджын æнхъæлдтой, уый та... Г е р ц о г. О, фæлæ, цымæ, йæ зонд гуырысхойаг нæу? Л у ц и о. Уæлæнгай уыди, ницы зыдта, ницæйаг уыд. Г е р ц о г. Уыдон ды дзурыс дæ хæлæгæй, де ’дылыйæ,— рæ- дийыс. Уымæн æвдисæн сты герцогы сыгъдæг цард, окуыд хицауиуæг кодта, уыдон. Йæ хъуыддæгтæм гæс- гæ йын куы аргъ чындæуа, уæд йæ фыдызнæгтæ дæр сразы уыдзысты, уый кæй уыдис разагъды ахуыргонд, курдиатджын æфсадхон æмæ паддзахадон адæймаг. Нæ, ды сонт-монты дзурыс уыдон. Кæд æй æцæг зо- ныс, уæд та дæ хъуыдытæ хæрамæй галиутæ сты. <Л у ц и о. Нæ, æз зонын герцогы æмæ йæ уарзын. Г е р ц о г. Куы йæ уарзис, уæд æй хуыздæр зонис, куы йæ зо- нис, уæд та йæ хъуамæ фылдæр уарзис. Л у ц и о. Бауырнæд дæ, æз зонын, цы зонын, уый. Т е р ц о г. Иугæр, цы дзурыс, уый нæ зоныс, уæд дыл зын баууæндæн у. Фæлæ герцог куы раздæха,— уый та курдзыстæм хуыцауæй,— уæд-иу мын бар ратт раку- рынæн, цæмæй йын уыцы ныхæстæ зæгъай йæхи раз. Кæд раст дзурыс, уæд дæм хъуамæ разына лæгдзииад дæ рæстад равдисынæн. Мæ хæс у афтæ бакæнын. Дæ ном куыд у? .Л у ц и о. Мæн хонынц Луцио, æмæ герцог хорз зоны мæн. Г е р ц о г. Ноджы дæ хуыздæр базондзæн, сударь, кæд йæ фе- нынмæ фæцæрон, уæд. ,Л у ц и о. Æз дæ нæ тæрсын. Г е р ц о г. Ды афтæ æнхъæлыс, герцог нал раздæхдзæн, æви мæн дæхицæн æдас знаг хоныс? Уæвгæ, уый дæр уы- ’ дзæн: куыд дыл фæтых уыдзынæн? Ард бахæрдзынæ, ахæм ныхæстæ кæй нæ кодтай. 280
Л у ц и о. Раздæр мæ сауындзæнт, уый афтæ ’куы нæ уа, уæд. Ды мæн нæ зоныс, бери! Уæвгæ, æгъгъæду уый тых- хæй. Зæгъ-ма, нæ зоныс, Клавдио райсом амæлдзæн, æви нæ? Г е р ц о г. Цæй тыххæй хъуамæ амæла, сударь? Л у ц и о. Цæй тыххæй? Уымæн æмæ авджы .. цыдæр кодта хъуырдзæвæнæй. Бæргæ, куы раздæхид герцог. Ацы æнæзæнæг хицау нын нæ бæстæ федзæрæг кæндзæн, сылгоймæгтæм æвналын кæй нæ уадзы, уый тыххæй. Сырддонцъиуты ахстон-кæнын ’иал уадзы йæ хæдзары цары, монцуарзаг цъиутæ; дам, сты. Герцог нæ ба- уагътаид, талынджы цы митæ <фæчындæуы, уыдон рухсмæ’ рахæседн. 0, хъæлæкк куы раздæхид! Æна- монд Клавдио мæлæты хай фæуыдзæн, йæ хæлафы æгънæджытæ афонæй раздæр кæй суагъта, уый фы- дæй. Хорз байрай, нæ сыгъдæг/фыд. Мæн тыххæй-иу бакув, дæ хорзæхæй. Æмæ мыл баууæнд, герцог тынг хорз хæры фысы фыд комдарæнты дæр. Иæ рæстæ- джытæ аивгъуыдтой, фæлæ ма ныр дæр мæгуыргур сылимæ ацыдæртæ кæны, сау дзул æмæ нурыйы тæф дзы куы фæцæуы, уæддæр. Зæгъ-ма йын, æз афтæ кæй дзырдтон. Хæрзбон! (Ацæуы.) Г е р ц о г. Нæ — тых, нæ — ном — нæй ирвæзæн хос махæн. . Сыгъдæг уды дæр кард ныссадзы хахуыр! Къарол дæр фест, дæ хъару уæд æрдаг— Йæ цъыф дыл калдзæн хахуыры æвзаг! — Фæлæ уый чи уа? (Бацæуынц Э с ка’л, ахæстонгæс æмæ хъа хъхъæ- нæг. Фыррæгъæдимæ). Эскал. Ахæстонмæ йæ, ахæстонмæ! Фыррæгъæд. Хорз хицау, фæтæригъæд мын кæн! Дæ сыгъдæг зæрдæ дардыл зындгонд у. Хæларзæрдæ хицау... Эскал. Иу æмæ дын дыууæ хатты нæ бадардæуыд дæ цæст- мæ, ды та дæ фыдмитæ нæ уадзыс. Ахæм рап цыфæн- ды хæларзæрдæ дæр сæрра уыдзæн æмæ фестдзæни’ фыдгæнæг! 281:
Ахæстонгæс. Ныр иуæндæс азы кæны йæ чъизи куыст, дæ уæз- дандзинад. Фыррæгъæд. Уый раст у, дæ уæздандзинад. Цавæрдæр Луцио мæ афæлывта. Герцог ма ам уыдис, уæд уый сывæллон са- рæзта Уæлгоммæ Кеттийæн. Ныфс ын æвæрдта раку- рынæй... Сывæллоныл æххæст кæны ногбонты афæдз æмæ æртæ мæйы. Æз æй мæхæдæг схастон. Уый та мын цы ми кæны? Эскал. Уый æгæр хæлд адæймаг у... Ракæнут ма йæ мæн- мæ. Ай та — ахæстонмæ. Цæугæ, сыбыртт дæр нал! (Ф ыррæгъæд æмæ хъ ахъ хъ æнæг аиæуынц. Ахæстонгæсæн.) Ме ’мхицауиуæггæнæг Анжеломæ сныхас нæй. Клавдио райсом хъуамæ амæла. Арвитут æм сауджын: уадз æмæ йын йæ тæригъæдтæ æнцонæй суадза. О, бæргæ, Анжело куы уаид мæнау тæригъæдгæнаг,— Клавдио нæ бабын уыдаид. Ахæстонгæс. Дæ уæздандзинад, мæнæ йæм ацы бери уыдис æмæ йын фæндараст загъта йæ мæлæты размæ. Эскал. Де ’зæр хорз, нæ кадджын фыд! Г е р ц о г. Бузныг, хуыцау — дæ арфæгæнæг. Эскал. Кæцон дæ? Г е р ц о г. Æз ардыгон нæ дæн, цыдæр хъуыддæгтæм Æрбацыдтæн æз ардæм. Æз дæн бери Æфсымæрадæй, ам мын ис хæслæвэерд, Æрбарвыста мæ стыр кардинал Ромæй. Э с |К а л. Цы ис ногæй та дунейыл? Г е р ц о г. Ногæй ницы, æрмæст хæрзæгъдаудзинадыл бахæ- цыди ризæг, фервæзæн та дзы ис, æрмæст куы амæла, уæд. Фæрсынц, æрмæст ног цы ис, уымæй. Ныры за- ман зæронды бонтæм иу фæндагыл цæуын стæссаг ис, иугъæдон уæвын кадджын нал у. Рæстад нал фаг кæ- 1 ны æхсæнад бахъахъхъæнынæн, æвдисæнтæ та бирæ ис, æхсæнад баныгæнын (кæй хъæуы, уымæн. Уый базон- 282
базонау у, фæлæ дуне уый алфамбылай зилы. Уыдон’ иууылдæр зæронд ног хабæрттæ сты, фæлæ уæддæр нæ зæронд кæнынц. Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, цавæр уы- дысты йæ хъуыдытæ уæ герцогæн? Э с к а л. Æппæты тынгдæр уьий архайдта йæхи базоныныл. Г е р ц о г. Цавæр æхсызгондзинæдтæ уарзта тынгдæр? Э с к а л. Цин кодта иннæты хъæлдзæгæй уынгæйæ, фæлæ ин- нæтæ исты цин куы арæзтой, уæд-иу нæ уыди хъæл- дзæг. Иттæг ромыл адæймаг. Фæлæ уый ныууадзæм йæ хъысмæты æвджид, йæ фæндтæ йæхи фæндиаг уæнт, афтæмæй. Дæу та бафæрсинаг дæн, Клавдиойы æххæст цæттæйæ ныууагътай мæлæтмæ? Дзырдтой мын, уыдтæ йæм, зæгъгæ. Г е р ц о г. Загъта мын, тæрхон, дам, тынг карз нæу, æмæ са- бырæй сразы ис раст тæрхоныл. Уæвгæ, удлæмæгъ кæй у, уыйадыл мæнгæнхъæлмæ каст ныббарынмæ... Æз ын асырдтон йæ уыцы ныфсытæ, æмæ ныр цæттæ у мæлæтмæ. Эскал. Ды сæххæст кодтай дæ хæс хуыцауы раз дæр æмæ ахст лæджы раз дæр... Æз фæстаг фадатмæ архайдтон уыцы мæгуыр лæппуйы сæраппонд, фæлæ хицауиуæг кæнынмæ ме ’мбал разынди дурзæрдæ, æмæ йыи загъ- тон, æгæр карз закъоныл кæй хæцы, уый. Г е р цо г. Кæд де ’мхицауæн йæ цард дæр йæ закъонмæ гæс- гæ у, уæд хорз кæны. Фæлæ æнæнхъæлæджы исты тæ- ригъæд ми куы бакæна, уæд уымæй йæхицæн рахæс- дзæн мæлæтдзаг тæрхон. Э с к а л. Æз бауайон ахстмæ. Хорз байрай! (Ацæуы.) Г е р ц о г. Фарн дæу! Хуыцаужæмæ ратты йæ хъама, Уый канд карз нæ — сыгъдæг уа хъуамæ! Фæзминаг — алкæмæн йæ цард, Йæ митæй никæм ис мæнгард, Æмæ фæбары алкæд иумæ Йæ аххос искæй аххосимæ. 283
Йæхимæ лæг сахъат куы ара — Нæй уый тыххæй æндæры марæн! Уæлдай мæнгарддæр та у лæг — Æндæрмæ стыр сахъат уынæг, Æмæ йæ бафхæрæг,— æдæрсгæ Кæны йæхи сахъат æмбæхсгæ. Тæригъæдджын куы тæрса, уæд,— Æдде йæм бакæс — цыма зæд, йæ мидбылхудгæ нæм фæкæсы, Йæ зæрдæйы та марг æмбæхсы. Æвæры тыхджынтæн къæппæг Æмæ сæ рацахсы æцæг! Фыдгæнды ныхмæ хинæй размæ! — Ныххуысдзæн Анжелойы фарсмæ Марианæ ахсæв. Хинмæ — хин! Мæнгардæн аххос у йæхи. Уый ныр йæ сайд митыл сæтдзæнис, Æз та сын ног кæнын сæ цæдис! (Ацæуы.)
1СЦЕНÆ Сыгъдæг Лукайы аргъуан, йæ алыварс — быру. Бацæуынц М а р ианæ æмæ чыс ыл л æ ппу. Л æ п п у (зары). Былтæ айс мæнæй ды дард, Уалдзыгон цинæй мæ сайдтой. Иуварс ирд цæстытæ дар,— Уыдон мын мæ амонд байстой. Фæлæ мын адджын пъатæ кæн: Уый бонрухс, амонд.у мæнæн, Æз уарзтон уæд... М а р и а н æ. Ныууадз дæ зарын æмæ тагъддæр ацу: Æрбацæуы мæ ныфсæвæрæг, уый Фæкæны рогдæр ме ’намонды сагъæс. (Л æ ппу ацæуы. Бацæуы гер ц о г.) Хатыр, нæ сыгъдæг фыд! Хъыг мын у тынг, Æрбаййæфтай мæ музыкæмæ хъусгæ, Фæлæ уый нæу мæ хъæлдзæджы нысан,— Æз дзы æрмæст мæ судзгæ сагъæс сурын. Г е р ц о г. Уырны мæ. Музыкæ нæ зонын, цы? — Уæларвон аудæг мырты фæрцы Лæджы хæрзуд фæрæдийынæй хизы. Фæлæ рæдыд æрцыд, уæд æй нæ исы. Зæгъ-ма, мæ чызг, абон мæ иичи агуырдта? Раст ацы афон снысан кодтон æз ацы ран фембæлд. М а р и а н æ. * Нæ, ничи дæ агуырдта. Æз абондæргъы хæдзары уыдтæп. 285
Æууæндын дыл алкæддæр. Фæлæ ныр фембæлды афон у. Курын дæ, ацу уал ардыгæй. Чп зоны дæм тагъд фæдзурон, цæмæй дын фехъусын кæнон, æхсыз- гон дын чи уа, ахæм цыдæр. М а р и а н æ. Æз алкæддæр — дæ хæсджын. Ацæуы. Бацæуы Изабеллæ. Г е р ц о г. А, ’гас цæуай. Салам! Зæгъ-ма, мæ чызг, Куыд рауад кадджын графимæ уæ ныхас? Изабеллæ. Иæ дыргъдон мын æвдыста, ис йæ алварс Бæрзонд быру, йæ цæгатварс — сæндон, Æмæ йын ис фæйнæгын дуар, йæ дæгъæл — Мæхимæ, ацы стырдæр, къаддæр та — Сæндоны дуар кæнынæн. Æз ьш загътон, Æмбисæхсæв кæй бацæудзынæн уырдæм. Г е р ц о г. Дæ зæрдыл фæндагбадардтай? Изабеллæ. Иттæг хорз. Цыдæр тыхстæй йæхинымæры дзургæ, Мæнæн æппæт дæр амонгæйæ граф Йæхæдæг рацыд фæндагыл мæ цурты. Г е р ц о г. Цы ма зæгъынмæ хъавыдтæ æндæр, Марианæйæн кæй зонын хъæуы, ахæм? Изабеллæ. Цы ма хъæуы? Мæйдар æхсæв æрмæст... 0, ноджы графæн загътон: нæй мын бирæ Ам баззайæн. Æмæ ма йын дзырдтон, Кæй уыдзæни лæггадгæнæг чызг мемæ. Кæсдзæни мæм æнхъæлмæ уый, цыма Хатыр курын æз ме ’фсымæрæн графæй. Г е р ц о г. Уый хорз уыдзæн. Æрмæст Марианæимæ Нæма дзырдтон. (Дзуры йæм.). Æрбацу-ма, Марианæ! (Бацæуы Мар иан æ.) » Йæ къух райс мæнæ ацы чызгæн, уый дын Æххуыс кæндзæн. 286
Изабеллæ. Зæрдиагæй æххуыс. Г е р ц о г. Уырны дæ, æз дæ хæрзгæнæг дæн, уый? М а р и а н æ. Æууæндын, уый æз бавзæрстон мæхиуыл. Ге р ц о г. Уæдæ хæц ацы хорз чызгæн йæ къухыл, Дæуæн цыдæртæ радзурдзæни уый. Æз уæм фæлæудзынæн. Æрмæст фæтындзут. Фæлмæмбæрзт æхсæв ралæудзæни тагъд. М а р и а н æ. Уæдæ цæуæм? (М ар ианæ æмæ Изабеллæ ацæуынц.) Г е р ц о г. О хуыцау, лæджы хæс! Милуангай хин цæстытæ дæм фæкæсьшц Кæмдæриддæр; мæнг дам-дум дыл кæнынц, Лæсынц ныхмæвæрд хахуыртæ дæ фæдыл; Æмæ цыргъзонд фæсдзæуинтæ дæуыл Фыдæвзагæй цы нæ ныхæстæ мысынц,— Хæрамæй дыл кæл-кæл кæнынц æдзух. (Баздæхынц М а р ианæ æмæ И з аб е л л æ.) А, ам куы стут! Цæй, куыд? Уæ фæндон баиу? Изабеллæ. Нæ сыгъдæг фыд, цæттæ у уый, кæд ды Разы дæ, уæд. Г е р ц о г. Æз канд разы нæ дæн — Æз курын! Изабеллæ. Дæу нæ бахъæудзæни дзурын, Æрмæст куы цæуай, уæд сындæггай зæгъ: «Ды ме ’фсымæры ма ферох кæн!» М а р и а н æ. Ма тæрс. Гер ц о г. Ды дæр-иу ма тæрс, ма-иу тæрс, мæ хъæбул. Дæуæн уый аргъуыд мойаг у, æмæ Куы сиу уай йемæ — уым тæригъæд нæй. Закъонæй’дæм цы бартæ хауы, уыдон Рæсугъддæр кæны ацы сайд. Ныр — цом. Цы байтауæм — æркæрддзыстæм æй сом. (Ацæуынц.) 287
2 СЦЕНÆ Уат ахæстоны. Бацæуынц ахæстонгæс æмæ П о м пе й. Ахæстонгæс. Рацу-ма ардæм, хорз лæг! Зæгъ-ма, лæджы сæр алыпкæндзынæ? П о м п е й. Кæд æнæус у, уæд мæ бон у, сударь. Фæлæ кæд усджын у, уæд йæ усæн сæрыхицау у, мæнæн та мæ боннæу усы сæр лыг кæнын. Ахæстонгæс. Цæй, хорз, мæ хæлар, ныууадз дæлгоммæ ныхæстæ, зæгъ комкоммæ. Райсом сæ сæртæ лыггонд цæуынц Клавдио æмæ Бернардинæн. Ахæстоны ис сæркъуырæг, фæлæ уымæн хъæуы-æххуысдар йæ хæс æххæст кæн- гæйæ. Кæд ын æххуысгæнæг лæууыс, уæд дын сисдзы- сты дæ хъадамантæ. Кæд нæ, уæд фæбаддзынæ де ’мгъуыдмæ, стæй ма дын дæ рауадзыны размæ де рагъ дæр хорз ныххойдзысты, сылты æмæ нæлты иу- гæнæг кæй дæ, уый тыххæй. П о м п е й. Раст у, сударь. Рагæй нырмæ дæн æнæзакъоиæй иугæнæг, фæлæ ныр цæттæ дæн закъонæй сæркъуырæг суæвыныл. Æрмæст мæн фæндыди раздæр цыдæртæ базонын, куысты ,мын хъузон чи уыдзæн, уымæй. Ахæстонгæс. Эй, сæркъуыр! Цы фæци сæркъуыр? Бацæуы с æ р’к ъ у ыр. С æ р къу ы р. Дзырдтай мæм, дæ уæздандзинад? Ахæстонгæс. Мæнæ дын ацы хорз лæг уыдзæнис æххуысдар рай- сом сæр къуырпæйæ. КæД дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд æй баххуырс иу афæдз æмæ йæ ныууадз демæ, кæд нæ, уæд бахъуыддаг -кæнут ацы хатт, æмæ-иу æй ауадз. Уæлдай рахат-бахат æм ма кæн: устыты лæг- тимæ æхцайыл иу кодта. С æ р къу ы р. Ахæм у? Пуй! Худинаг нын кæны нæ аивад. Ахæстонгæс. Цæй, хорз, кæрæдзи аргъ стут: уæ иуыл пæлæз, уе ’ннæйыл хъисын. (Ацæуы.) 288
П о м п е й. Бахатыр мыи кæн, сударь. Бакастæй хæларзæрдæ- гомау куыдæ,чмæ зæрдыл мын >ма лæууын кæн ауын- дзæн. Ау, дæ дæсныйад æцæг хоныс аивад? С æ р к ъу ы р. Ай-гъай у аивад. П о м п е й. Æз фехъуыстон, сударь, зæгъæм, иыв кæнып — æцæг кæй у аивад. Мæнæ æз кæй хъуыддæгтæ кæнын, уыцы рæсугъд сылтæ сты нывгæиджытæ: ахорынц сæ- хи. Уымæ гæсгæ мæ куыст хæстæг лæууы аивадмæ. Фæлæ адæмы ауындзын — уый цавæр аивад у? Амар- мæ — нæ йæ æмбарын. С æ р къу ы р. Сударь, уый аивад у. П о м п е й. Цæмæй бæрæг у? С æр къу ы р. Хæрзæгъдау лæг хъуамæ афтæ куса, цæмæй, давæг «куы уа æна.ккаг, уæд ауындзæн бæндæн уа йæ аккаг. Бæндæны цæг да.вæгæн къуындæг куы уа, уæд уый æгъдауджын лæгæн йæхи аккаг у; фæлæ давæгæн уæ- рæх куы уа, уæд фæцæудзæн йæ зæрдæмæ. Гъеуымæ гæсгæ, къæрных куы уа æнаккаг, уæд ауындзæн у йæ- аккаг. Бацæуы ахæстонгæс. Ахæстонгæс. Цæй, куыд, бафидыдтат? Помпей. Æз ын цæттæ дæн лæггад кæнынмæ, дæ уæздандзи- над: лæгмарæгæн бирæ æнцондæр у æрфæсмонгæнæг тæригьæдджын суæвын, мæнæн та зындæр у; уый йæ- хъуыддаджы алы хатт дæр хатыр .курын фæхъæуы æмæ фæсмон кæнын. Ахæстонгæс (Сæркъуырæн). Бацæттæ кæн сæркъуырæн къодах æмæ фæрæт сæу- мæрайсомы цыппар сахатмæ. С æ р къу ы р. ■— Цом, иугæнæг! Æз дын бацамонон- мæ куыст. Мæ фæдыл! Помпей. Цæттæ дæн ахуыр кæнынмæ иттæг зæрдиагæй, су- дарь! Ныфс мæ ис, дæхиуыл куы бавзарай ме ’нтысты- 19 Шекспир, 2-аг том. #89
тæ, уæд кæй баззайдзынæ иттæг разыйæ. Бауырнæд дæ, сударь, ды мæнмæ ахæм дзæбæх зæрдæ дарыс,— хъуамæ дын æй бафидон хорз æххуысæй. Ахæстонгæс. Фæдзурут мьш Клавдио æмæ Бернардинмæ. (П о м п е й æмæ Сæркъуыр ацæуынц.) Хъыгаг у Клавдио. Фæлтау йæ марæг Куы уаид уый ран ,уаид уæд хуыздæр! (Бацæуы К л а в д ио.) Айс, Клавдио, дæ мæлæты тæрхон Æмбисæхсæв. Сæумæйыл — аст сахатыл — Уыдзынæ мард. Кæм ма ис Бернардин? К л а в д и о. Тарф бафынæй уæнгмард бæлццонау, раст Цыма уæйыг фырфæлладæй æрхауди. Йæ райхъал кæнын никæй бон у. Ахæстонгæс. О! Мæлæтмæ йæ чи бацæттæ кæна? Цæугæ — дæхи рæвдз кæн. (Дуар хостæуы.) Цымæ, цы хъæр уа? Хуыцау дын раттæд бирæ тых! (Клавдио ацæуы.) Фæцæуын! — Хатыр кæд у, йе — Клавдиойæи йе ’мгъуыд Æргъæвд æрцыд? (Бацæуы г е р цо г.) Салам, пæ сыгъдæг фыд! Г е р ц о г. Æнцой æхсæвы рухс бардуæгтæ раттæит Да удæн а-монд, хорз адæймаг! Ам’ Сымахæй дарддæр ничи уыди? Ахæстонгæс. Ничи, Куы ’рхуыссыдысты цырæгътæ, уæдæй. Г е р ц о г. Уæд Изабеллæ?.. А х æ с т о н г æ с. Нæ. Г е р ц о г. Нырма фæзындзæн. 290
Ахæстонгæс. Цы хорз хабар ис Клавдиойæн? • Г е р ц о г. Ныфс. А х æ с т о н г æ с. Нæ хицау карз у. Г е р ц о г. Нæ, уый афтæ нæу. Йæ цард æмæ йæ хицауиуæгдзинад Цæуынц рæстмæ, йæ хæсмæ гæсгæ, раст: Йæхицæн уый цы хæлд митæ нæ бары, Нæ бары уыдон иннæтæн дæр,— уый Йæ бар у уымæн; иннæты æфхæргæ Цы тæригъæдты фæдыл жæны, уыдон Куы уаиккой йæхимæ, калм ууæд, Ныр та у раст. (Дуар хостæуы.) Æрбахæццæ сты мæнæ. (Ахæстонгæс ацæуы.) Ай раст лæг у. Ахæстонгæстæй арæх Нæ вæййы ахæм растзæрдæ лæгтæ. (Дуар та-хостæуы.) Уый чи хойы?.. Йæ сæрыл бæстæ систа,— Кæнынц æмызмæлд ахæстоны къултæ! Ахæстонгæс баздæхы. Ахæстонгæс (дуарэей). Фæлæууæд уал, нæма сыстади дуаргæс. Фæцæуынц æм, тагъд бакæндзæни дуар. Г е р ц о г. Куыд? Тæрхон не ’рцыд ивд? Ау, Клавдио Æрцæудзæн мард? Ахæстоигæс. *, Нæ, не ’рцыд ивд йæ тæрхон! Г е р ц о г. Сæуæхсид — тагъд, фæлæ сæумæцъæхтæм Ды фехъусдзынæ ног цаутæ. Ахæстонгæс. Миййаг, Ног исты хабар базыдтай? Дзæгъæлы Æнхъæлмæ кæсæм бахатырмæ мах, Нырма нæ уыдис ахæм хъуыддаг графмæ. Стæй ноджы уьий æппæты раз дзырдта Тæрхонгæнæджы бандонæй, хатыр дзы
Кæй нæ уыдзæн. (Бацæубс минæв ар.) Иæ минæвар... Г е р ц о г. Æмæ Йæ къухы та — хатыры гæххæтт ахстæн! М и н æ в а р (гæххæтт дæтгæйæ). Граф дæм æрвиты ацы фыст, дзыхæй та бардзырд радта дæуæн зæгъынæн, цæмæй мисхалы бæрц дæр ма ахизай, раздæр дын цы бардзырд уыдис афои æмæ хъуыддаджы тыххæй, уымæй. Æмæ хæрзрайсом ут. Æнхъæлдæн, бон цъæх кæны... Ахæстонгæс. Сæххæст кæндзыпæп бардзырд. М инæ в а р ацæуы. Г е р ц о г (фæрсмæ). Уæдæ йæ рæдыд æнамондæн барст у, Фæлæ хатыр æгæр зыиаргъæй райста. Уæлахиз кæны алкæддæр фыдгæнд, Йæ хъахъхъæнæг куы вæййы хицау, уæд. Сахъат куыд бары, уымæн нæй æмбарæн: Йæхи тæригъæД алкæмæн’ дæр бары.—’ Цы дæм фыссы? Ахæстонгæс. Куы дын загътон: граф Анжело, æвæццæгæн, тæр- сы, йæ бардзырд ын раст ,куы нæ сæххæст кæнон, уы- мæй, æмæ мæ бацырен кодта ахæм æнахуыр хуызы. Диссаг, раздæр афтæ нæ кодта. Ге р ц о г. Бакæс-ма йæ, дæ хорзæхæй. Ахæстонгæс (кæсы). «Цыфæнды цаутæ райсай ацы фысты ныхмæ, дæ зæрдыл дар, Клавдио хъуамæ мард æрцæуа райсомы цыппар сахатыл, Бернардин та — фæсæмбисбон. Цæ- мæй мæ бауырна, мæ бардзырд сæххæст ис, уый — раст 1мын фондз сахатыл æрбарвит Клавдиойы сæр. Баххæст кæ бардзырд æмæ дæ зæрдыл дар, дæ дард- дæры цард ууыл баст кæй у, уый. Дæ хæс сæххæст кæ- нынæй аиуварс дæ — тæрс дæхи удæн». Куыд дæм кæ- сы, нæ сыгъдæг фыд? Г е р ц о г. Чи у уыцы Бериардин, фæсæмбисбон кæй мардзы- сты, уый? 292
Ахæстонгæс. Цигантæй, фæлæ цæры æмæ къæбæр хæры ам: ныр фараст азы бады. Г е р ц о г. Ау, æмæ куыд рауад уый, уæ герцог æй йе уадзгæ цæуылнæ акодта, йе —марын? Ахæстоны, дам, бирæ куы нæ дардта. Ахæстонгæс. Ахстæн йæ хæстæджытæ куырдтой æмгъуыд фæстæ- дæрмæ аивын, стæй йæ фыдракæнд дæр бæстон сбæл- вырд ис ацы бонты, граф Анжело <куы схицау ис, уæд. Г е р ц о г. Иæ фыдракæнд æцæг сбæлвырд ис? Ахæстонгæс. Дызæрдыггаг нæу: йæхæдæг дæр ницуал дзуры. Г е р ц о г. Куыд дардта йæхи ахæстоны? Фæсмон ницæуыл кодта? Ахæстонгæс. Уый ахæм лæг у— мæлæт ын фынæй кæиынæй уæл- дай нæу. Мæт ницæуылуал кæны, æдæрсон, цæра-мæ- ла — иу сæ хоны, нæ мæт кæны нæ йе зноныл, нæ йæ абоныл, нæдæр йæ сомбоныл, æмæ кæд йæ хъысмæт лыг у, уæддæр хъуыды дæр нæ кæны мæлæтыл. Г е р ц о г. Æрсабыр æй хъæуы мæлæты размæ! Ахæстонгæс. Хъусын дæр æй нæ фæпды уый тыххæй. Ахæстон ын йæхи хæдзарау у, лидзын æй уадз — нæ алидздзæп. Бон цалдæр хатты саурасыг вæййы, хаттæй-хатт та бон-изæрмæ вæййы саурасыг. Цалдæр хатты йæ барæй хъал кодтой, цыма йæ марынмæ кæнынц, мæнг тæр- хон дæр ма йын æвдыстой, фæлæ-иу æндæрхуызон дæр нæ фæци. Г е р ц о г. Цæй, ууыл адзурдзыстæм фæстæдæр. Дæуæн дæ цæсгомыл зыны, намысджын æмæ æууæнкджын адæй- маг кæй дæ. Кæд уый раст нæу, уæд мæ мæ бирæ азты фæлтæрддзинад сайы. Фæлæ æз мæ зæрдæ дарын, дæ- уæй кæй нæ рæдийын, ууыл, æмæ цæуын иу тæссаг хъуыддаджы. Мæлæты тæрхон кæмæн ис, уыцы Клав- дио закъоны раз нæу, мæлæты тæрхон ын чи рахаста, уымæй стырдæр фыдгæнæг. Уый æз равдисдзынæн ит- тæг бæлвырдæй, хъæуы мæ æрмæст цыппар боны æм- 293
гъуыд. Уæдмæ та хъуамæ ды æвæстиатæй мæнæн ра- ■кæнай тæссаг æххуысы хай. Ахæстонгæс. Уæд цавæр, нæ сыгъдæг фыд? Г е р ц о г. Аргъæв мæлæт фæстæдæрмæ. Ахæстонгæс. Е~гъи, куыд æй хъуамæ аивон? Мæнæн комкоммæ сахат амынд куы у, мæлæты тасæй хъуамæ хицауыл сæмбæлын кæнон мард лæджы сæр. Уыцы дзырд куы нæ1 сæххæст кæнон, уæд мæм Клавдиойы хал куы хауы. Г е р ц о г. Мæ ном, мæ намысæй дын ард хæрын, дæуæн ницы тас уыдзæн, мæ хъуыды мып æнæуæлдай ныхасæй куы сæххæст кæнай, уæд. Райсом амар Бернардины æмæ уый сæр барвит хицауæн. Ахæстонгæс. Хицау сæ дыууæйы дæр федта æмæ цæсгомæй ба* зондзæн Бернардины. Г е р ц о г. О, мæлæт тынг айвы адæймаджы хуыз... ды та ма ноджы бавдæл æмæ адас сæр, боцъотæ йыл бакæн æмæ зæгъ, цыма фæсмонæркæнæг тæригъæдджын йæ- хæдæг ад’асын кодта йæхи,— афтæ арæх куы вæййы. Кæд ды уый тыххæй хорзæх æмæ арфæтæй уæлдай "; исты райсай, уæд дæ æз, ард хæрын мæ сыгъдæг но- мæй, фервæзын кæндзынæн мæ цард дæ сæраппонд 1 ратгæйæ. А х’’зест он г æ с. ’ ’ Нæ хорз фыд! Хатыр, уый ме ’рдыгæй гадзрахат- дзинад куьГ уаид мæ ардбахæрдыл. Г е р ц о г. Кæмæн бахордтай ард ■— герцогæн æви йæ бынатьг уæвæгæн? Ахæстонгæс. Герцогæн æмæ, йæ бæсты чи ис, уыдонæн. Г е р ц о г. Æмæ дын герцог дæ мийæ куы раппæла, уæд дæр нæ ахизис ардбахæрды сæрты? Ахæстонгæс. Æмæ уымæн та куыд уæвæн ис? Г е р ц о г. Ис уый уæвæн, иттæг бæлвырдæй. Фæлæ -кæд афтæ
тæрсаг дæ, æмæ дыл ницы хуызы зынынц мæ уавæр, мæ дарæс æмæ мæ хъуыдытæ, уæд цæуын ноджы дард- дæр. Мæнæ дын герцогы къухфыст мыхуыримæ. Йæ къух ын зондзынæ, ме ’рдыгонау. Йæ мыхуыр дæр ын хъуамæ зонай. А х æсто.н г æ с. Зонын сæ дыууæйы дæр. Г е р ц о г. Ацы фысты герцог æрвиты, тагъд кæй раздæхдзы- нæн. Бакæсдзынæ йæ фæстæдæр, æвдæлонæй: фендзы- нæ, герцог ам кæй уыдзæн дыууæ бонмæ. Анжело уый æнхъæл нæу. Нæ фæлæ ма уый райста æндæр фыстæг, уым та фыстæуы, цыма герцог амарди, кæнæ та бацы- ди беридонмæ... Фæлæ, табу хуыцауæн, уыдон раст не сты. Кæс-ма, сæууон стъалы райхъал кодта уасджыты. Бирæ ма сагъæс кæн: зынтæ дæм сегас дæр фæкæс- дзысты тынг æнцон, хъуыддаг куыд рауад, уый куы базонай, уæд. Фæдзур сæркъуырджытæм, уадз æрхауа Бернардины сæр. Æз ыл саргъаудзынæн æмæ йæ ба- , цæттæ кæндзынæн хуыздæр цардмæ. Ноджы ма гуы- ’ рысхо кæныс? Ацы фыстæг дæ хъуамæ баразæнгард кæнид хъуыддагмæ. Цом, бон рухс кæны. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Æндæр уат ахæстоны. Бацæуы П омпе й. Помпей. Ам афтæ фæцахуыр дæн, цыма нæхимæ хъахбай- доны дæн! Раст цыма æхсин Фыррæгъæды хæдзар у, уыйбæрц дзы ис йæ рагон зонгæтæй. Фыццаджыдæр, ам бады æрыгон æлдар Тæфтæрæг, тъарантухæн гæх- хæтт æмæ имбир кæй ачъырхта, уый тыххæй,— хъуа- мæ сын райстаид сæдæ нæуæдз авд франчы, фæлæ дзы фондз йедтæмæ нæ бафтыд йæ къухы... хæйрæджы амæттаг фæуа! Æцæг имбир ничиуал æлхæдта, чи йæ уарзта, уыцы зæронд устытæ кæй фæмардысты, уый тыххæй. Ноджы ам бады æлдар Гæппыго. Бадын та йæ скодта цыллæ уæйгæнæг Хъуынахъус: сырх хъуы- мацы æртæ скъуыддзаджы тыххæй ныссырх ис, мæгуы- рæг. Ам ис æрыгон æлдар Сæртутт дæр, æрыгон æл- 295
дар Æлгъыстаг, æлдар ’Æрхуысæр, æлдар Æххуырст- хор — кард æмæ уартæй архайæг, стæй ма æрыгон æл- дар Тыфтырыкъо, замманайы лæппу Куыдзойы ама- рæг, ноджы æлдар Сæркъуымых — разагъды загъд- къахæг, ноджы хъæбатыр Дзабырбос, зындгоид бæстæ- зонæг, ноджы æнæсæрымагъз æлдар 'Сыкъасæр, мæ- гуыр Сылвазы амарæг, æмæ ма ноджы уыдонимæ ахæмтæ хæрх. Уыдон сегас дæр сты мах хъуыддаджы гуыппырсартæ, æмæ æваст æрбахаудтой ардæм — лæгъстæ кæнынц сæ сæртæй кувгæ... Бацæуы с æ р къ у ыр. С æр къу ы р. Гъей, хорз лæг, ракæ-ма Бернардины! Помпей. Æлдар Бернардин! Рабад, дæ хорзæхæй, ауындзын- мæ. Æлдар Бернардин! С æ ркъуы р. Гъей, Бернардин. Бернардин (фæссценæйæ). Рын уæ хъæлæсты! Цæуыл аралло кæнут?Чи>дæ уый? Помпей. Дæ лымæн, сударь, ауындзæг! Дæ хорзæхæй, су- дарь, рабад, рацу дæ адзалмæ. Бернардин. Адде ут, удхортæ! Æз фынæй кæнын. С æр къу ы р. Зæгъ-ын, рабада тагъддæр... Помпей. Курын дæ, сударь, райхъал у, рабад. Æрмæст-дын дæ сæр акъуырдзыстæм, стæй фынæй кæн, цас дæ ф’æн- да, уыйас. С æ р къу ы р. Цу æмæ йæ ракæн ардæм. Помпей. Иæхæдæг рацæуы; йæ быны хъæмпы сæр-сæр ссыди. С æ р къу ы р. Фæрæт къодахыл ис, хорз лæг? П о м п е й. Алцыдæр цæттæ у, сударь. Бацæуы Бернардин. Б е р и а р д и н. Салам дын, сæркъуыр! Цы хабар уæм и? 296
Сæркъуыр. Ахæм хабар, сударь: дæхиуыл дзуæрпæ бафтау, тæрхон райстам. Бернардик. Гъæ, цæстфæлдахджытæ, æмæ æз æгас æхсæв нуаз- гæ куы кодтон, æппындæр мæлæтмæ цæттæ куы нæ дæн. П о м п е й. Уый хуыздæр у, сударь; æхсæв-бонмæ чи фæнуазы, уый райсомæй куы сауындзынц, уæд ын рæстæг бирæ вæййы бафынæйæн. С æр къу ы р. I* Кæс-ма, мæнæ дæ удсыгъдæггæнæг дæр.æрбацæуы. Уыныс, ацы хатт мах хъазгæ нал.кæнæм. Бацæуы ге р цо г раздæрау берийы пæлæзы. Г е р ц о г. Æз базыдтон, тагъд нæ дунейæ кæй ацæудзынæ. Мæ сыгъдæг зæрдæ мын амоны дæу æрсабыр кæнын æмæ демæ бакувын. Б е р н а р д ин, Ныууадз, бери! Æз,дысон-бонмæ нуазгæ кодтон, æмæ мæн хъæуы рæстæг, цæмæй, куыд æмбæлы, афтæ мæхи бацæттæ кæнон мæлæтмæ. Мæ сæрымагъз мыи мæцъистæй куы калат — мæн абон нæ фæнды мæлын, гъе, афтæ. Ге р цо г. Дæ хорзæхæй, æнæ мæлгæ дын нæй, Æмæ дæхи æрцæттæ кæн фæндашæ. Бернардин. Ард хæрын: мæн ничи сразы кæндзæп абои мæлын- мæ. Ге р ц о г. О, фæлæ байхъус... Б е р н а р д и н. Ницы дæм байхъусдзынæн. Кæд мын цсты зæгъи- наг дæ — дæ хорзæхæй — мæ иыггæндмæ; æз абон уыр- дыгæй къахдзæф дæр никуыдæм акæндзынæн. (Ацæуы.) Г е р ц о г. Уый ахæм у, нæдæр бæззы цæрынæн, Нæдæр мæлынæн. Дурзæрдæ лæг у. Цæугæ æмæ йæ сæркъуырæнмæ ракæн. Помпе й æмæ сæркъуыр ацæуынц. Бацæуы а х æ сто н’г æ с. 297
А х æ с т о н г æ с. Куыд дæм фæкасти фыдгæнæг? Г е р ц о г. Ныззокъо Йæ фыдгæнды. Мæлæтмæ нæу цæттæ. Уый афтæмæй æндæр дунемæ арвит — Фыдгæнд уаид. Ахæстонгæс. Ам, ахæстоны, дысон Тæрхъуснизæй фæтæппæлæг куыддæр Иу деиджызон фыдабырæг, рагузаг. Уый Клавдиойы карæн. Йæ зачъе уа, Иæ сæрыхъуын æмхуызæттæ бынтон; Цæй, марæгæн фæсмоны фадат раттæму Уæд хицауæн та барвитдзыстæм мах Рагузаг абырæджы сæр, бынтондæр Уый Клавдиойы сæры хуызæн у. . • ’ Г е р ц о г. О, уыцы хабар зæдты стыр лæвар у. Тагъд арвит æй. Кæсдзæни дæм, бæлвырд, Æнхъæлмæ ныр. Цу, сæххæст кæн йæ дзырд, Æз та цæуонæнамондмæ, йæ адзал Уыдзæн рæхджы, йæ тæригъæдтæ суадза. Ахæстонгæс. Уый фод, нæ хорз фыд. Фæлæ Бернардин Æрцæуа хъуамæ абон мард. Уæд ма Цы фæкæндзыстæм Клавдиайы? Иугæр Куы рахъæр уа, æгасма у, уæд мын Мæлæтæй нал ис фервæзæн. Г е р ц о г. Ды бавдæл, Æмæ сæ сусæг хицæн рæтты бакæн. Дыууæ хатты нæма скæсдзæни хур, Цæмæй зæххонты барæвдауа, афтæ Хæрз æдас ран уыдзынæ ды, æууæнд! Ахæстонгæс. Иттæг хорз сæххæст кæндзынæн дæ бардзырд. Г е р цо г. Уæдæ цу тагъддæр графæн арвит сæр. (Ахæстонгæс ацæуы.) Æз та фыстæг ныффыссон графмæ. Схæсдзæн Уый ахæстонгæс; барвитдзынæи æм, • Кæй раздæХтæн, хæстæг кæй дæн, æхсызгои Хъуыддæгты тыххæй кадджынæй цæуын
Кæй хъæуы мæн ыæ горæтмæ; мæ размæ Куыд рацæуа Сыгъдæджы Цъайы цурмæ, Сахаты цыд у горæтæй æрмæст. Уым сабыргай ыссардзынæн мæ фæндтæ, Цы кæнгæ йын у, алыг уыдзæн уым. Бацæуы ахæстонгæс. Ахæстонгæс. Сæр мæнæ ис. Мæхæдæг æм æй схæссон. Г е р ц о г. Хорз, афтæ. Хорз. Фæстæмæ-иу тагъд фездæх: Мæн хибар ран фæнды дæуæн æргомæй Цыдæр зæгъын. Ахæстонгæс. Æз фездæхдзынæн тагъд. (Ацæуы.) Изабеллæ (фæссценæйæ). Фарн ам. Дуар бакæн! Г е р ц о г. Изабеллæ у! Фæнды йæ зонын йе ’фсымæры хабар. Рæстдзинад ын нæ зæгъдзынæн нырма, Цæмæй йын цинæй бафсадон йæ зæрдæ, Æнхъæлмæ дæр куы нæуал кæса, уæд. Бацæуы Изабеллæ. Изабеллæ. Исбацæуæн? Г е р ц о г. Саламтæ дын, рæсугъд чызг. Изабеллæ. Салам сыгъдæг удæй — уæлдай <æхсызгон! Куыд, рауагъта мын ме ’фсымæры граф? Г е р ц о г. О, суагъта йæ... зæххон цардæй æнусмæ. Æрцыди мард, æмæ йын ныр йæ сæр Фæхæссынц хицаумæ. Изабеллæ. Нæ уыдзæн уый! Г е р ц о г. Уый афтæ у, уый афтæ у, мæ чызг! Быхс æмæ уымаай равдисай дæ зонд. Изабеллæ. Цæуон æм æз! Йæ цæстытæ йын скъахон! . Г е р ц о г. Нæ бауадздзысты графы размæ дæу. 29?
Изабеллæ. О! 'Намонд Клавдио! Куыд æнамонд дæн Мæхæдæг дæр! О сайд дуне! Æлгъыст Æрбауай, карз лæг! Г е р ц о г. Уыцы хъæртæй мурдæр Нæу уымæн тас, дæуæн та не сты ’ххуыс. Дæ мастæн быхс. Хуыцауы бар æй уадз. Цы дын зæгъон, дæ зæрдыл бадар уыдон,— ■ Мæ ныхæсты рæстдзинад ис æрмæст. Æрбаздæхдзæни райсом герцог. Ма ку. Фæхабар кодха уый тыххæй мæнмæ Нæ герцогæн сыгъдæг фыд уæвæг бери. Уый зонынц ныр Эскал дæр æмæ граф дæр. Сæ бынæттæй сæ сисдзæн райсом уый Нæ горæты кæрон. Дьгта лæуу фидар, Дæ хъуыды сараз раст фæндагыл; уæд Ды райсдзынæ дæ маст фыдгæнæг графæй, Уыдзæн дæ бузныг герцог, уæд дæуæй Æппæлдзæн дуне. Изабеллæ. Æз кæсын дæ коммæ. Г е р ц о г. - Айс а фыстæг: нæ фыд Петрмæ йæ ратт. Зæгъ ын, цæмæй æрбацæуа уый ахсæв Марианæйы хæдзармæ. Уым ын дæу Марианæимæ бакæнон йæ бæрны. Æрбакæндзæн уæ герцогмæ, цæмæй Йæ мæнгард митæ раргом кæнат графæн. Æз та сабыр цагъар дæн; æмæ ме ’гъдау Нæ дæтты уым уæвыиы бар мæнæи. Цæугæ уæдæ, дæ цæссыгтæ ныссæрф. Цæугæ, æмæ мыл уæд дæ зæрдæ худæд, Хæрзиуæг дын куы нæ фæуа мæ фæнд.— Уый чи уыдзæн? Бацæуы Л у ци о. Л у ц и о. А, де зæр хорз. Кæм и Ам хъахъхъæнæг? Кæм и?! Г е р ц о г. Кæдæмдæр ацыд. Л у ц ио. О саурæсугъд Изабеллæ! Мæ зæрдæ тъæппытæ хауы, дæ цæстытæ кæуыпæй куыд ыссырх сты, уымæ 300
кæсынæй. Ехх, быхс, быхс! Мæхи дæр мыи пыууагъ- той хусгуыбынæй: сысджы донимæ— мæ сихор, ме ’хсæвæр. Мæ сæрæн тæрсгæйæ мæ бон нæу мæ хытъын бафсадын: хорз куы бахæрин — бабып уаин! Фæлæ фехъуыстон — райсом раздæхдзæн герцог. Мæ мард фен, Изабеллæ, æз уарзтон де ’фсымæры. Уыцы зонд- цух герцог къуымты куы не ’мбæхсид, йæ хæдзары куы бадид,— де ’фсымæр æгас уаид! (Изабеллæ ацæуы.) Г е р ц- о г. Сударь, герцог дыи бузиыг нæ зæгъид, цы аргъ ын кæныс, уый тыххæй. Табу хуыцауæн, раст дзы иицы у. Л у ц и*о. Бери! Ды нæ зоныс герцогы мæ хуызæн: уый бирæ сылкъидæр у, ды йын куыд æнхъæлыс, уымæй. Г е р ц о г. Хорз, хорз, дæ уыцы ныхæстыл искуы дзуапп рат- дз-ынæ. Хæрзбон. Л у ц и о. Нæ, бахъæц. Иумæ цом: æз дын нырма бирæ дис- саджы хабæрттæ ракæндзынæн герцоджы тыххæй. Г е р ц о г. Æпæуи дæр мын æгæр бирæ радзырдтай. Хорз у, кæд дзы рæстдзинад ис: кæд нæ, уæд сæ иу дæр уæл- дайу. Л у ц и о. Иу хатт мæм йæхимæ фæсидти, иу чызгæн сывæл- лон кæй сарæзтон, уый фæдыл. Г е р ц о г. Æцæг уыдтæ аххосджын ахæм хъуыддаджы? Л у ц и о. Стæй куыд?! Фæлæ ард бахордтон, нæ уыдтæн, зæгъ- гæ, науæд хъуамæ ракуырдтаии уыцьт æмбыд æрыс- къæфы! Г е р ц о г. Сударь, дæ ныхæстæм хъусынæй мæ з.æрдæ схæццæ. Хорз байрай. Л у ц ио. Ард дып хæрьш, ахæццæ дæ кæндзыиæн уынджы кæронмæ. Кавд дын мæ ныхæстæ æлгъаг-сты, уæд сæ ныууадздзыстæм. Æз ичъийау дæн — куы ныххæцон — нал фæуадзын, и? (Ацæуынц.) , 301
4 СЦЕНÆ Зал Анжелойы галуаны. Бацæуыщ А ною е ло æмæ Э ск а л. Э ск а л. Фыстæджытæ куыддæр ныхæй-ныхмæ сты... А н ж е л о. Цыдæр диссаг фыстытæ сты, баст не сты кæрæ- дзийыл. Иæ митæ мæм æррайы митау кæсынц... Хуы- цаумæ кувдзынæн, цæмæй ма сæрра уа. Цæмæн ыл хъуамæ фембæлæм горæтгæрон, уым нын цæмæн исы нæ хицауад? Э ск а л. Нæу мæ бон йæ бамбарын. Ан же л о. Науæд иын цæмæн хæс кæны не ’рбацыдæй сахат раздæр, адæм,æн фехъусьш кæнын, зæгъгæ, кæд искæмæ исты хъæстаг ис хицæутты ныхмæ, уæд сæ æрбадæттут уынджы равзарынмæ? Э с к а л. Уый афтæ амоны, зæгъгæ, хъæстытæ иууылдæр рав- зарын хъæуы, цæмæй ныл фæстæдæр мачиуал хъаст кæна! А н ж е л о. Зæгъæм, фод афтæ. Фехъусын кæн хабар Нæ горæтæн. Сæумæцъæхтыл дæм æз Фæзындзынæн. Зæгъ æлдæрттæн æмæ Фæсдзæуинтæн, куыд рацæуой йæ размæ. Э с к а л. Уыдзæн æххæст. Хæрзбон. Анжело. Фæндараст у! (Э ска л ацæуы.) Фæкъæмдзæстыг, фæкъуырма дæн куыддæр... Цы ’рымысон — нæ зоныи. Фегад кæн Чызджы — стæй чи? Раст уый хуызæн фыдгæндмæ Мæлæты тæрхон чи рахаста, уый! Куы нæ^кæнид чызджы сыгъдæг æфсарм Йæ худинаг æмбæхсгæ, о, уæд уайтагъд Фыдгæнды мæн уый багæды кæнид!.. Фæлæ нæ, уый нæ бауæнддзæнис афтæ. Мæ ном, мæ намыс ахæм раны сты — Куы бауæндид мæ ныхмæ исчи хахуыр, 302
Йæхæдæг дзы фæхуыдуг уаид уæд! Ныр йе ’фсымæр цæрид! Фæлæ дзы тарстæн, Æрыгоы у, тæлтæг, цыбырхъуыр,— цард Кæй балхæдта фæхудинаджы аргъæй — Куы иса маст. Куы ма цæрид, бæргæ!.. О, не ’нцой цард куы атæхы нæ къухтæй, Уæд ма цы стæм, уæд нæй цæрæн рæсугъдæй. (Ацæуы.) 5 СЦЕНÆ Тыгъд быдыр горæты кæрон. Бацæуынц г е р ц о г йæхи дарæсы æмæ æ ф с ы м æ р П е т р. Г е р ц о г (фыстæг æм дæтгæйæ). Айс, ратт мæм ацы фыстытæ фæстæдæр. Цы хъавæм — зоны ахæстонгæс хорз. Нæ хъуыддаг райдыдтам. Дæ зæрдыл бадар Мæ ныхас æмæ мачердæм фæкæс, Дæ фæндагæй дын нæй фæцудæн, тынг дæ Куы бафæнда, уæддæр. Цу ныр. Цæугæ Ныр Флавимæ æмæ йын зæгъ, кæм дæн. Зæгъ-иу Роландæн, Крассæн, Валентинæн — Уадз дортты размæ рарвитой лæгтæ. Æрмæст-иу рарвит Флавийы фыццагдæр. П ет р . Уæдæ фæтындзын. (Ацæуы. Бацæуы В а р р и й.) Бузиыг, бузныг, Варрий! Раст афоныл фæзындтæ. Уæдæ цом. Уыдзæни ма хæлæрттæ ноджы немæ. (Ацæуынц.) 6 СЦЕНÆ Уынг горæты дуары раз. Бацæуынц И з аб е лл æ æмæ Ма р и анæ. Изабеллæ. Мæнгдзинад мæ иæ фæндыди зæгъып, Æхсызгондæрæй загътаин рæстдзинад. Нæ хорз хæс у — йæ фæзылып кæнын. 303
Фæлæ мын уьий нæ хæрзгæиæг фæдзæхста;, Рæстадæн афтæ радзурын хъæуы.. М а р и а н æ. Иæ коммæ кæс. Изабеллæ. Ыстæй мын цоджы загъта, Дæ пыхмде, да,м5 куы ралæууа, миййаг, Уæд, дам, ыл мурдæр ма дис кæн, хуыздæр, дам, Уыдзæни уый: фыццаг, дам, уыдзæн маст, Стæй адджындæрмæ рахиздзæн æваст. М а р и а н æ. Куы фæзынид æфсымæр Петр тагъддæр... Изабеллæ. С-с, мæнæ и. Бацæуы æ ф с ы м æ р П е т р. П ет р. Цæй цомут, цомут тагъддæр! Ыссардтон уын иттæг дзæбæх бынат: Нæ уæ фендзæни герцог уым. Дыккаг хатт Ныууасыдысты трубатæ; лæууынц Æппæт æлдæрттæ хицæуттимæ, уыдон Кæсынц æнхъæлмæ — а дыууæ минутыл Фæзындзæн герцог. Атындзын хъæуы. (Ацæуынц.).
&* Шк Фæндзæм АРХАЙД К?^**л шашшшншшШ 1*— 1 СЦЕНÆ Уыиг горæты дуары раз. М а р ианæ лæууы хызæмбæрзтæй; И з аб е л л æ æмæ П ет р лæууынц хибарæй, Бацæуынц иуырдыгæй герцо г, В аррий, æ л д æ ртт æ; иннæрдыгæй — А нж е ло, Э с ка л, Л у цио, ахæстонгæс, хъахъхъæнджытæ, горæтæгтæ. Герцог (Анжелойæн). Мæ хорз хæлар! Салам, дæ бонтæ хорз! (Эскалæн.) Зæронд æмбал! Дæ фенд мып у æхсызгон! Анжело1 Э с к а л ) иУмæ- Æгас иæм цу, дæ уæздандзинад! Г е р ц о г. Бузныг — Уæ дыууæйæ дæр,» фехъуысти мæнмæ Уæ куыст, уæхиуыл хорз арфæтæ бирæ, Стыр бузныг уын æгас адæмы раз, . . Лæвæрттæ та — фæстæдæр уын уыдзысты. А н ж е л о. Мæ хæс та у лæггад кæнын дæуæн. Г е р цо г. , Дæ лæггæдтæ хъæрæй сæхæдæг дзурынц. Куы сæ ’мбæхсин, уæд æз нæ.уаин раст. Дæ хъуьщдæгтæ æрхуыйыл фысгæ сты, Цæмæй.сыгъдæгæй баззайсш мыггагмæ Нæ зæрдæты. Æри-ма мæм.дæ,къух; Уадз адæм феной, канд м^хуь1з^игнæ.— . Зæрдæйæ дæр куыд æнкъарын æхсызгон.— Эскал! Дæумæ та ме ’ннæ к;ьу^ дæттын: 20 Шекспир, 2-аг том. 305
Уæ дыууæ дæр — мæ ныфс æмæ мæ хъару. П е т р æмæ Изабеллæ размæ ралæууынц, П ет р. Дæ рад у! Дзур ныфсхастдæрæй, хъæрæй. Дæ зомгуытыл æрхау! И з а б е л л æ. О, раст тæрхон мын, Цытджын паддзах! Æркæс, кæй сыгъдæг ном Фæхудинаг и, уыцы ’намонд удмæ, О кадджын герцог, цалынмæ мæ хъастмæ Бæстон, бæлвырдæй байхъусай, уæдмæ Æндæр хъуыддагмæ ма бавнал. Æз курыи Рæстаг тæрхон, рæстаг тæрхон æрмæст! Г е р ц о г. Цы хъаст у? Чи дæ бафхæрдта, зæгъ æй Цыбырдæрæй. Граф Анжело дæм хъусы: Æппæт дæр радзур. Раст тæрхон нырма Йæ къухы ис. Изабеллæ. Нæ кадджын паддзах, ,куыд?! Æвдиуæй мæ хатыр курын кæныс? Нæ, байхъус мæм, зæгъон дæхицæн хъуамæ: Мæн бафхæр карз, мæ ныхæстæ уырнинаг Куы нæ уой, уæд; куы баууæндай, уæд та Мæ бафхæрæгæй райс мæ маст! О^герцог! Æрбайхъус мæм, æрбайхъус мæм... А н ж е л о. - Мæ паддзах! Тæрсын, цыма фæцудыдта йæ зонд. Лæгъстæ мып кодта йе ’фсымæры тыххæй — Рæстаг тæрхон ын рахаста мæлæт Хæрз æрæджы. Изабеллæ. Рæстаг тæрхон?! Хуыцау! А н ж е л о. Гъеуымæй гуырынц йе ’нахуыр ныхæстæ... Изабеллæ. Æнахуыр, о, фæлæ сты тынг раст уыйхыгъд. Мæнгард у Анжело, цыма уый диссаг Æнахуыр нæу? Ды, Анжело,— тыхгæнæг, Чызгæй фæхыпджылæггæнæг, фæлывд,— Уый ’нахуыр у? Æнахуыр? Г е р ц о г. О, æцæг дæр. '306
Изабеллæ. Фæлæ уый раст у, ’нахуыр куыд у, афтæ. Кæд афтæ нæу, уæд амæн нæу йæ ном Граф Анжело. Сæдæ хатты уый раст у: Рæстдзинады куыдфæнды хон, уæддæр Рæстдзинад у. Г е р ц о г. Æнамонд чызг! Хæцут ыл: Цæйдæр тыххæй фæцудыдта йæ зоцд. Изабеллæ. О хорз паддзах! Кэед дæ уырны, кæй ис Æнæ уæлæуыл цардæй дæр хæрзамонд, Уæд курын: ма мыл атипъ кæн дæхи, Зæгъгæ, æрра у. Ма банымай, курын, Уæвæн цæмæн и, нæуæвыныл уый. Уæвæн куыд нæй, нæ дунейыл цыфыддæр ’ Фыдгæнæг чи у, уый зына, цыма Сыгъдæг у, намысджыи æмæ цæсгомджын Раст Анжелойау, Анжело та у, Кæд ын цыфæнды кадджын бынат радтай, Уæддæр фыдгæнæг. Баууæнд мыл, нæ паддзах! Кæд нæу фыдгæнæг, ницы у уæд уый. Фыдты фыдгæнæг! Гъей-джиди, куы зонин Дæу аккаг дзырдтæ — раргом дæ кæнин. Г е р ц о г. Хæрын уын ард, æрра кæд у, уæддæр — Æцæг мæнмæ æрра кæсы,— йæ ныхас Сыгьдæг зонды уæлæдарæсы ис. Йæ ныхæсты фæдфæдылдзинад арæх Нæ фæуынæм мах зондцухæн. Изабеллæ. Лæ-хъæуы! Дыккаг хатт афтæ мауал зæгъ: æрра Нæ хъæуы хонын мæн, дæумæ рæстдзинад, Уæвæн цæмæн нæй, уый кæй фæкаст, уымæн. Фæлтау дæ рухс зонд сараз ды, цæмæй Æмбæхст тар къуымтæй рахона рæстдзинад, Мæнг фесæфа, рæстад кæй хонынц, уый. Г е р ц о г. Æз зонын тынг æнæниз удты бирæ, Фæлæ сæм амæй къаддæр уыди зонд. Цы ма зæгъдзынæ? Изабеллæ. Ме ’фсымæрæн марын 307
Ыстæрхон кодта граф, зылын æй кодта, Кæйдæр кæй фæхудннаг кодта, уымæй. Æз моладзан уыдтæн, уæд ме ’фсымæр Æрбарвыста цавæрдæр Луциойы... Л у ц и о. Æз Луцио дæн, кæд дæ бæрзонддзинад Бар ратдзæни. Æз Клавдиойæ уыдтæн — ’ Цæмæй йæ хо фæцæуа æмæ кура Ныххатыр графæй. Изабеллæ. Афтæ уыдн уый. . Герцог (Луциойæн). Дæуæн ам дзурып ничи бахæс кодта. Л у ц и о. 0, де стырдзинад, фæлæ ам мæнæн Дзыхыл-хæцын дæр ничи бахæс кодта. Г е р ц о г. Ныр дзурдзынæ! Куы дæ бахъæуа дзурын Дæхи тыххæй, уæд-иу хуыцаумæ кув, Цæмæй дын ратта фаг дзырдтæ. - Л у ц ио. Мæ быгъдуап! Г е р ц о г.. Дæхи тыххæй ныфсджын дæ? Хорз, хорз, хорз1 И з а б е л л æ. Мæн тыххæй уый чысыл цыдæртæ загъта. Л у ц и о. О, раст у уый. Г е р ц о г. 0. Чи зопы, уый раст у. Фæлæ нæу раст, куы нæ дæ фæрсой, уæд Кæй дзурыс, уый.— Дæ ныхас дарддæр кæи. Изабеллæ. ’ Æз ацыдтæн фыдгæнæг графмæ, чъизи, Дыдзæсгоммæ... Г е р ц о г. Уый у сæитдзæфы хахуыр! Изабеллае. Хатыр, фæлæ æцæгдзинад у уый. Г е р ц о г. ’ *■ Гъе, зонд та ног. Дзур дарддæр, -дзур. Хъуыддагыл.. И з а б е л л æ. Цыбырдæрæй, æиæ уæлдай ныхас Зæгъон уæдæ::куыд æм хатыдтæн æз,
Куыд лæгъстæ кодтон зонгуытыл, куыд куыдтоп, Куыд дзырдта «нæ», куыд ын дзынæзтои æз,— • Æгæр даргъ ысты се ’ппæт, æз мæ ныхас Фæхудинагæй райдайон: куырдта мæ, Цæмæй нывондæн раттаин мæхи — Æнæхæлд буар, мæ чызгон сыгъдæгдзинад, — Уæд ме ’фсымæры балхæдтаин æз. Нæ разы кодтон >бирæ, стæй фæстагмæ Фæтыхджындæр æфсымæруарзын -кадæй! Мæхи ,йын радтон. Фæлæ уыцы бон, Йæхион æй куы фæци, уæд дзырд радта Йæ марыныл. Г е р ц о г. Рæстдзинады хуызæн! И з а б е л л æ. Цæмæн — хуызæн? Æнæхъæнæй — рæстдзинад. Г е р ц о г. Хуыцауæй ард хæрын, мæгуырæг чызг, Цы дзурыс, уый дæхæдæг дæр нæ зоныс. Дæу балхæдæуыд, графы ном цæмæй Фæчъизи кæнай хахуырæй. Нæуыдзæн! Граф хæлд митæй бæрзонддæр лæууы, стæй Нæй баууæндæн, йæхимæ ахæм сахъат Куы уыдаид, уæд ахæм карз æфхæрд Куыд ракодтаид де ’фсымæрæн? Никæд! Зылын куы уаид, де ’фсымæрæн уæд Йæ азым уый йæхи азымыл барлд,— Нæ рахастаид марыны тæрхон. Фæлæ дæу сахуыр чьшди.’Зæгъ æр’гомæй Æмæ ам басæтт: чи сардыдта дæу, Зæгъгæ, хъаст бахæсс? Дзургæ! Изабеллæ. Æндæр ницы? О стыр хуыцау! Быхсыны тых мын ратт, Стæй рауадз бон, кæд раргом уыдзæн ацы Фыдракæнд, ныр кæй бахъахахъæдтой, уый! (Герцогæн.) Хуыцау дæ мастæй бахизæд, æз та Цæуын æфхæрдæй, не ссардтон рæстад. Г е р ц о г. О, ацæуис æхсызгонæй!.. • (Хъахъхъæнджытæм.) Цы фестут! Æрцахсут æй! Куыд бауадздзыстæм мах, 30^
Хæстæг æмæ зынаргъ нын чи у, ууыл Цъыф калын æмæ хахуыр кæнын? Нæ! Фыдвæнд ис ам! Зæгъ, чи ма зыдта, ардæм „ Кæй цæуыс, уый? И з а б е л л æ. Зыдта ма иу лæг уый. Мæн бафæндид, ныртæккæ ам куы уаид Иæ фыд Людовик! Г е р ц о г. А, нæ фыд... Куыд, бери? Чи зоны уыцы берийы ам? Л у ц и о. Æз! Æз, де стырдзинад! Гъæтт, фæлитой б^ри! Мæ удхæссæг у, бери нæу, зæгъгæ, Зыгуымау æй ныххостаин æз раджы — Дæ ныхмæ нын цы нæ фыдтæ дзырдта! Г е р ц о г. Мæ ныхмæ — куыд? Хорз моладзан, цы ма уа! Ау, а бæллæхы чызджы дæр уæдæ Уый сардыдта? Æрбакæнут æй тагъд! Л у цио. Тæккæ знон ма йæ ахæстоны федтон Æз а чызгимæ. Тынг æдзæсгом у, Цыдæр сылкъи! П е т р (хæстæг бацæуы), Фæрнæйдзаг уай, нæ паддзах! Æз фехъуыстон, куыд дæ фæливынц ам, Куыд дæ сайынц. Гæдытæ дзурынц! А чызг • Иæ хицауыл мæнг ныхæстæ кæны, Граф ацы чызгыл не сæмбæлдис уаты, Æм1æ дзы нæу тæриъæдджын,— сыгъдæг, Сыгъдæг у граф а чызджы раз. Г е р ц о г. Уырны мæ. Нæ сыгъдæг фыд Людовик чи у уæд? П е т р. Уый у цæсгомæй намысджын, сыгъдæг уд, Æппындæр нæу фæлитой, стæй сылкъи, Гæдытæ дзырдта а уæздан лæг уымæй. Уæд æз мæ цæсгом бахæрон, кæд уы/й Дæ сыгъдæг намыс бафхæрдтаид искæд. Л у ц и о. Æфхæрдта дæ æнаккаг хуызы, баууæнд. 310
П ет р. Цæй, хорз!.. Фæстæдæр уый йæхи йæхæдæг Ысраст кæндзæн, ныр та рынчын у тынг, Хуысгæ кæны; куырдта мæ уый, мæ паддзах, Æрбацæуын,— уый зоны, графыл хъаст Каэй уыдзæни,— фæдзæхста мын йæ номæй Дæуæн зæгъын: цы дзы сты раст, йе — мæнг. Ард бахæрдзæн, цы дын æвдисы, ууыл, Æмæ йын ис æвдисæнтæ дæр фаг. (Марианæмæ амонгæйæ.) Фыццаг уал ауыл. Ацы ’кадджын уды Цы худинагæй азымджын кæнынц, Уый сисгæйæ мах багæды кæндзыстæм Æндæр чызджы: уæд басæтдзæни уый дæр. Изабеллæйы акæны хъ ахъхъ æнæг. М арианæ хæстæг бацæуы. Г е р ц о г. Граф Анжело, куыд зæгъыс, худæг нæу? ’ Куыдуæндаг ысты а сæрхъæн ^къæйныхтæ! Æриут-ма нын бандæттæ. Мæ хæлар, Мæн ам фæнды фæрссаг хъусæг уæвын, Дæхæдæг у тæрхонгæнæг дæхицæн. Фыццаджыдæр уал сисæд чызг йæ хыз, Ыстæй уæд дзурæд. М а р и а н æ. Хорз паддзах, ныббар! Цæмæй мæ хыз мæ цæсгомæй æз сисон, Мæ мойæхъуамæ бардзырд райсон. Г е р ц о г. . Куыд, , Дæуæн ис мой? М а р и а н æ. Нæй, паддзах. Г е р ц о г. Ды чызг дæ? М а р и а н æ. Нæ, паддзах, Г е р цо г. Куыд, идæдз дæ? М а р и а н æ. Нæ, мæ паддзах. Г е р ц о г. Чызг дæр нæ дæ, идæдз дæр æмæ ус дæр? Уæдæ цы дæ, дæ хорзæхæй, зæгъ-ма? 311
Л уд ио. Дæ уæздандзинад, кæд, миййаг, хæтаг сыл у, уыдо- иэай’ бирæтæ нал дæр мойджынтæ вæййыиц, нал дæр чызджытæ, нал дæр идæдзтæ. Г е р ц о г. Дæ дзыхыл хæц. Дæхи тыххæй дæ’бирæ Дзæнгæда цæгъдын бахъæудзæнис ам. Л V Ц II О. Сæттын, сæттын, ныххатыр кæн, мæ паддзах! М а р и а н æ. Æз дæр сæттын æргом, кæй мын нæй мой, Æмæ сæттын, чызг дæр’ кæй пал дæн, ууыл. Æз моймæ фæдæн, фæлæ мæ мой Нæ ;базыдтз,-кæй фаёци мемæ, уый. Луцио. ■ • Уæдæ йæ мой расыг уыди, паддзах: æндæр уæвæн дзы нæй. Г е р ц о г. Ды дæр, бæргæ, расыг куы уаис,— чи зоны, уæд дæ пъирийыл хæцис. , , ’ ’ Луциа г ’ Сæттыи, сæттын/ныххатыр кæп, мæ паддзах! Г е р ц р г. ,Фæлæ ам графы пайдайæн цы ис? М. а р и а н æ. Æз радзурдзынæн уый тыххæй ныртæккæ. Ам, хæлд у гра’ф, зæгъгæ, цы чызг дзырдта, Уый азымджын мæ лæджы <кодта хæлдæй. Стæй ноджы кæд?! Цы рæстæгæй дзырдта, Мæ мойыл уæд хæцыдтæн æз æнгом Мæ хъæбысы. Харын уын ард дæр ууыл. Анжело. ’ А, уæдгр уый æндæрмæ хаста азым, Мæнмæ та иæ? М а р и а н æ. Рæдийыс ды',траф, уымæй. Г е р д о :\ Фæлæ ды загътай — уый дæ мой кæй уыд? М а р и а н æ. О, паддзах! Æмæ Анжело мæ мой у. Уый афтæ ’нхъæлдта, æз4 — уый æз нæ дæп; , Уый афтæ ’нхъæлдта, æз дæн Изабеллæ! Анжело. ■ • Уый цавæр сайд у? Байгом кæн дæ цæсгом! 312
М а р и а н æ. . } Мæ мой зæгъы, уæд сисдзынæ’н мæ хыз. (Сисы йæ цæсгомæмбæрзæн.) ;Фен, Анжело, фен, дурзæрдæ, мæ цæсгом! Ды хордтай ард — р’æсугъддæр нæй цæсгом. Гъай уыцы къух у, сомыгæнгæ ды Кæй æлхъывтай; мæхæдæг та дын — мæнæ. Æз байстон Изабеллæйæ иыр дæу. О! Æз фæдæн, ды -кæй æнхъæлдтай, уымæн Иæ бæсты демæ. Г е р ц о г (Анжелойæн). Зоныс, чи у, уый? Л у ц и о. Иттæг æргом, уый чызг йæхæдæг загъта! Г е р ц о г. Фæлæуу-ма, сударь! Л у ц и о. Хъусын дæм, мæ паддзах! А н ж е л о. Мæ паддзах! Æз æргом сæттын, кæрæдзи Кæй зонæм, ууыл. Фо’ндз азы цæуы, Уæд уыд ныхас нæ бафидыдыл не ’хсæн. Фæлæ нæ фидыд фехæлдис: сæ бон Нæ баци, ныфс кæмæй æвæрдтой, ахæм Чындзы лæвæрттæ раттын.Тынгдæр та — Цыдæр дам-думтæ айхъуысти, бынтондæр Хæлд кæй у, ууыл..: Гъеуæдæй нырмæ Æз фондз азы нæиыхас кодтон йемæ, Нæ йæ уыдтон, нæ йын хъуыстон й’æ кой. Хæрын дын ууыл ард. М а р и а н æ (йæ зднгуытыл). О кадджын герцог! Кæд раст у, рухс уæларвæй кæсы,'уый, Кæд раст хоныс, ныхас дзырдтæй у, уый дæр,. Æмæ рæстад хæрзиуæгæй у, уый, Уæд ацы лæгæн æз æцæг йæ ус дæн, ’ Кæд ма æууæндæм карз сомытыл, уæд. ■ Ыстæй, мæ паддзах, дысонæхсæв йемæ Иæ дыргъдоны бæстыхайы фæдæн, Æмæ мæ уым ’рæвдыдта уый йæ усау. Кæд уый нæу раст, уæд дæлдзæх фестон æз, Кæд раст у, уæд æз сыстдзынæн дзæбæхæй. Анжело; Ныронг æм ам æз худгæбылæй хъуыстон. 3№
Фæлæ ныр курын, паддзах, бар мын ратт Тæрхон кæнынæн. Нал фæразын хъусын. Æз ныр уьшын, цыдæр тыхджын ызнаг Кæй сардыдта мæгуыр сæрхъæн сылты Мæ ныхмæ, уьвй. Бар ратдзынæ, мæ паддзах, Æз сын сæ фыдвæнд райхалон? Г е р ц о г. Табуафси! Куыд хуыздæр зоныс, афтæ карз æфхæр,— Ды, зондцух бери, стæй ды дæр, фыдгæнæг, Ахст чи æрцыди, уый хъузон! Сымах Æнхъæлдтат, зæгъгæ, ард куы хæрат иумæ Æгас сыгъдæг уæларвон зæдтæй, уæд Фæтых уыдзыстут, ме 'уУæнк кæмæ радтон Æмæ цытджын цы хорз лæг уыди, ууыл?! Эскал! Кæндзынæ графимæ тæрхон, Æххуыс ын кæн, куыд райхæла сæ фыдвæнд Иæ бындзарæй. Ам иннæ бери дæр Сæ хъузон у. Æрбакæнут æй тагъддæр. П ет р. О, фæлæ ардæм нæу йæ бон цæуын... Æрбарвыста дæм, хъаст чи хæссы, уыдон. Кæм цæры — зоны ахæстонгæс: уадз Цæуа йæм уый. Г е р ц о г (ахæстонгæсæн). Æрбахон æй ныртæккæ! (Ахæстонгæс ацæуы. Анжелойæн.) Ды та, мæ уæздан, раст æфсымæр, равзар Кæрæй-кæронмæ хъуыддаг æмæ окæн Дæ бафхæрджытæн карз тæрхон, дæхимæ Куыд хуыздæр кæсы, афтæ. Мæн хъæуы Цæуын кæдæмдæр, фæлæ бадут, хахуыр Бæстон цалынмæ равзарат, уæдмæ. Э с к а л. Æлдар Луцио! Ды, æнхъæлдæн, дзырдтай, кæй зоныс уыцы Людовикы æдзæсгом адæймагæй? Л у ц ио. Кукуллус нон фацит монахум. Къуыбылой адæй- магæй моладзан нæма кæны. Сыгъдæгæй дзы зыны æрмæст йæ зачъе. Уый тынг æлгъаг иыхæстæ кодта нæ герцогы тыххæй. Э с к а л. Курæм дæ, ам баззай йе ’рбацыдмæ, цæмæй лæ- 314
гæй-лæгмæ багæды кæнай уыцы мæнгарды. Æвæццæ- гæн, уьтцы моладзан у тæссаг фыдгæнæг. Л у цио. Дзырд уын дæттын, æгас Венæйы дыккаг ахæм нæ разындзæн. Э с к а л (фæсдзæуинтæй иуæн). Æрбакæнут ардæм уыцы Изабеллæйы. Мæн ма\ хъæуы йемæ адзурын. (Фæсдзæуин ацæуы.) Бар мын ратт йæ бафæрсынæн, граф! Ды фендзы- нæ, куыд æй фæбынæй кæндзынæн æз. Л у ц и о. Герцогæн чи нæ басаст — хъуыды дæр дæ не ’ркæн- дзæн. Эск а л. Цы загътай, цы? Л у ц ио. Ме ’рдыгонау, ды йемæ иунæгæй куы дзурай, уæд. тагъддæр басæтдзæн: æгас адæмы раз æфсæрмы кæн- дзæн. Э с к а л. Æз ын йæ хъуыдытæ схæццæ, нытталынг кæндзы- нæн. Л у ци о. Гъе, афтæ хъæуы: сылгоймæгтæ-талынджы тагъд- дæр сразы вæййынц. Бацæуы хъ ахъ хъ æ нæ г Изабеллæимæ. Э с к а л (Изабеллæйæн). Дæ хорзæхæй, ардæм, æхсин. Мæнæ ацы ус, цыдæ- риддæр дзырдтай — рахуыдта сæ мæнг. Луцио. Дæ уæздандзинад, уæртæ дын кæй кой кодтон, уы- цы хауыллы, æрбакæны йæ ахæстонгæс. Э ск а л. Йæ тæккæ афои. Цалынмæ дæм нæ фæсидой, уæд- мæ йæм сыбыртт дæр ма скæн. Л у ц и о. Ныхъхъус дæн. Бацæуынц г е р ц о г берийы дарæсы æмæ ахæстонгæс. Э с к а л. Дзуапп ратт, ацы сылтæн ды бацамыдтай графыл цъыф ’калын? Уыдон басастысты, ахæм ми кæй кодтой- дæу амындæй. 315
Г е р ц о г. Уый мæнг у! Э с к а л. Цы? Æмбарыс æй — цы ран дæ? Г е р ц о г. Фарн а бынатæн! Хатгай ма æвдиу дæр Йæ судзгæ бандопæн фæкæпы кад. Цы фæци герцог? Йемæ дзурои хъуамæ. Э с к а л. Ныр герцог — мах. Мах хъусдзыстæм дæумæ. Дæ зæрдыл дар, ам дзур æрмæст рæстдзинад. Г е р ц о г. Мæ бон цы уа — нæ уыдзынæн тæппуд.— Мæгуырæг адæм! Рувасы дзæмбытæй Иæ урс уæрыкк кæй фæнды байсын! Нæй Рæстдзинад ам! Нæй ацы ран нæ паддзах, Æмæ уæ хъуыддаг бабыи и бынтон. Нæ герцог раст нæ бакодта, кæй ацыд, Æмæ сымах зылын кæиын кæй фæнды, Кæй радта уыцы фыдгæнæгæн бар. •Л у ц и о. Уый, уый у — цъаммар. Уый кой кодтон æз! Э с к а л. Цæй, куыд, æиæдин, хахуыргæнæг бери? Дæ фаг нæу, ацы устыты кæй кодтай * Цъыф калын окадджын адæймагыл, уый? Æмæ йæ ноджы адæмы раз хоныс Фыдгæнæг, и? Нæ паддзахы та ды Æнæраст хоныс? Ахсгæ у! Хæцут ыл! • Йæ уидæгтæ йын сæфтауын хъæуы, Цæмæй йæ митыл басæтта кæронмæ. Нæ герцог, дам, æнæраст?! Г е р ц о г. Ма кæн тагъд! Мæ бафхæрын нæу герцогæн йæ бои, Иæхимæ къух куыд никуы сисид, афтæ. Æз ардыгон — йæ дæлбары нæ дæн, Æз Венæйы вæййын æрмæст хъуыддагмæ, Æмæ уынын, цы хæлд митæ дзы ис,— Кæлынц йæ чъизи сау митæ йæ былтæй. , , Ис алы фыдгæнды ныхмæ закъон, Фæлæ нæ кæнынц ам хъуыды фыдгæпдыл, Закъонтæ къултыл ауыгъдæй лæууынц, Цыма тъарантæ хус кæнынмæ дарыиц, 316
Æмæ сыл адæм худынц! Э с к а л. Хицауады Æгад кæны! Æрцахсын æй хъæуы! А п ж е л о. Цы дзы зæгъдзынæ, Луцио? Зæгъ-ма, Кæй кой нын кодтай, уый æцæг у гъай? .Л у ц и о. Тæикæ дæр уый, дæ уæздандзннад! — Рауай-ма ардæм, Мæ хæлар, лопъо гоппа. Базыдтай мæ? Г е р ц о г. Дæ хъæлæсæй дæ базыдтон, сударь! Федтон дæ ахæ- стоны, герцог ам куы нæ уыдис, уæд. -Луци о. А, афтæ у! Уæдæма хъуыды кæныс, герцогыл цытæ дзырдтай?! Г е р ц о г. Тынг хорз сæ хъуыды кæнын. Л у ц и о. А-гъа, уæдæ æцæг у герцог сылкъи, тæппуд æмæ сæрхъæн,— уæд æй афтæ нæ хуыдтай? Г е р ц о г. Мах раздæр нæ бынæттæ аивын хъæуы: афтæ дзы уæд ды дæхæдæг дзырдтай. Æмæ ма ноджы бирæ фыд» дæр цыдæртæ. Л у ц и о. Æз? Хъусут ацы æлгъыстаг беримæ? Æмæ дæ æз уæд сау-дæрæн куы юыккодтон де ’наккаг хахуыры тыххæй! Г е р цо г. Нæ. Ард хæрын, æз герцогы кæй уарзын Мæхи удау! Л у ц и о. Нæ хъусут, ацы цъаммар куыд нал сæтты йæ гадз- рахат æлгъыстытыл. Э с к а л. Ахæм лæгимæ бирæ дзурыи иæ хъæуы. Ахæстонмæ йæ! Кæм и ахæстонгæс? Ахæстонмæ йæ! Хъадамантæ йыл бакæнут! Хъусын дæр æм ницæмæи хъæуы. Стæй ацы æбуæлгъты дæр сæ иннæ хъузонимæ — уырдæм. Ахæстонгæс æрхæцы герцогылйæ къухæй. Г е р ц о г. Фæлæуу уал, сударь, бахъæцут чысыл! 317
Анжело. Куыд! Ныхмæ ма лæууы? Луцио. фæкæс æм! Л у ц и о. Цом, цом, мæ хæлар, мауал тæлф. Ехх, лæгуын, лопъосæр фæлитой! Йæхи куыд батыхта! Æфсæрмы кæныс.де ’наккаг мукъу равдисынæй? Рын дæ ахæссаГ Равдис-ма дæ сырдтои мукъутæ æмæ цæугæ, ауындзæ- ныл адзедзыро кæн. Куыд, нæ дæ фæнды? (Ратоны герцогæн йæ пæлæз.). Г е р ц о г. Фыццаджыдæр дæуæи баптыст, мæпгард, Ам моладзаны фестын кæнын герцог. (Ахæстонг.æс ацамоны П е т р м æ, Марианæмæ æмæ Изабеллæм æ.) Мæ къухмæ исын се ’ртæйы дæр æз. (Луциойæн.) Кадæм, кæдæм? Æрлæуу. Хъæуы ма дæу Ныхæстæ зæгъынберийæн.— Хæцут ыл! Л у ци о. О, ауындзæнæй ныр уыдзæн фыддæр... Г е р ц о г (Эскалæн). Дæ ныхæстæ дын барст æрцæуæнт. Бадгæ. Мæхицæн та æз райсдзынæн бынат Æгъдауджын хорз хæларæй... (Анжелойæн.) Сыст-ма, сударь... (Æрбады.) Ыссарис ма дæ фаг ныхæстæ ныр, Къæйных ми æмæ ма дæм зонд фæзынид, Цæмæй дæхи ысраст кæнай, мæнгард? Кæд о, уæд архай, цалынмæ дæ цæсгом Бынтон нæ раргом, уый фæстæ дæ къух Дæ ныфсыл ауигъ. А н ж е л о. Тасуадзæг æрмдар! Мæ азым æз фæтынгдæр кæнин ноджы Хуьщауæвæрд тæрхонгæнæгау, ды Мæ хъуыддæгтæ куы базыдтай, уæд ма) Мæ сау митæ куы ’мбæхсин ам. Нæ паддзах! Мæ худинаг мын мауал кæн фылдæр. Мæ басаст мын тæрхоны фарстыл бахынц: Ыстæрхон мын кæн ацы ран мæлæт. • Гъеуыцы иу хатырдзинад дæ курын. 318
Марнаиæ! Рацу-ма хæстæг. (Анжелойæн.)—Зæгъ-ма: Уыдтæ ды фидьгд йемæ? А н ж е л о. 0, мæ паддзах! Г е р ц о г. Цæугæ æмæ ныртæккæ йемæ саргъау. (Петрæн.) Нæ сыгъдæг фыд! Цу, саргъау сыл дæхæдæг Æмæ-иу раздæх семæ; хъахъхъæиæг, Сæ фæдыл цу æмæ сæм кæс. (Анжело, Мар ианæ, П е т р æмæ ахæ ст онгæ с ацæуынц.) Э с ка л. Мæ паддзах! Цы уынын, уый тынг диссаг у, фæлæ Нæ графы худинаг, о, уый æгæр у! Г е р ц о г. Хæстæгдæр, Изабеллæ! Ныр дæ сауджын Дæ герцог у. Фæлæ дын уый кæддæр Куыд лæггад кодта зондамонгæ, афтæ — Йæ дарæсау.нæ аивта йæ зæрдæ, Æмæ дæ уарзын раздæрау. И з а б е л л æ. Мæ паддзах, Ныббар, дæ уæздандзинад дын нырмæ Нæ базыдтон, æгæр тынг дæ хъыгдардтон! Г е р ц о г. Хатыр дын у. Фæлæ, мæ хур, ды дæр Ныббар. Æз зонын, де ’фсымæры мардыл Каей риссы тынг дæ зæрдæ. Дис кæндзынæ: Цæуылнæ раргом кодтон æз мæхи,— Уæд афоныл дзырд раттаин, цæмæй Уый фервæза. Цæмæн кастæн æихъæлмæ? О ме стыр зæд, æгæр тагъд рауад уый: Æз куыд æнхъæлдтон, уымæй рауад раздæр, Æмæ, цæмæ тырныдтон, уый фæмæнг. Уæд рухсаг. Ныр уый ис æнусон царды, Уым нал и тас мæлæтæй. Уым нæ цард Рæсугъддæр у тæссаг уæлæуыл цардæй. Æрсабыр у: уый амондджын у. И з а б е л л æ. Зонын. 319
Бацæуынц Анж е ло, М а р ианæ, П ет р æмæ ахæстонгæс. Г е р ц о г. Нæ ногусджын. (Изабеллæйæн.) Уый тынг бафхæрдта дæу Йæ сæнтдзæфы æнæрæмон цыбæлтæй. Ныббар ын — Мариапæйы тыххæй. Фæлæ кæй нал ис де ’фсымæр йæ дзырдæй — Дывæры аххосджын у уымæй уый. Æназым чызг фæхудинаг йæ митæй, Ныфс ыи æвæрдта, йе ’фсымæрæп ын Кæй ныббардзæн, æмæ йæ дзырд фæсайдта! Æмæ закъон цыфæнды фæлмæн уа, Уæддæр уый домы Клавдиойы номæй Дæуæй, хуыцау: «Мæлæтмæ дын—мæлæт!» Куы уарза л’æг, уæд æй фæкæнынц уарзгæ, Тызмæг куы уа, уæд æм вæййынц тызмæг. Уæдæ, цæй, уыцы ’гъдаумæ гæсгæ мах дæр Æнæхатыр тæрхон ыскæнæм тагъддæр.— Дæ-цæсгом раргом, Анжело, бынтои, Нæ ныхмæ ницы сдзурын у дæ бон.' Ды Клавдиойы гсæуыл амардтай; тæккæ Уыцы къодахыл марынц дæу ныртæккæ.— Æрцæуæд мард! М а р и а н æ. Мæ хæларзæрдæ герцог! Ау, худынæн мын саккаг кодтай мой? Г е р ц о г. Нæ, уый дæ мой фæхудьшæн куы баци! Дæ ном ыссыгъдæг кæнын фæнды мæн, Æмæ уыл уымæн саргъуыдтой мæ дзырдæй, Кэеннод, кæй фæхудинаг кодта дæу, Уый сомбои дæу хъыгдардтаид дæ царды: Æндæр амонд ыссарын дын зын уыд. Закъонмæ гæсгæ ныр йæ мулк, йæ бынтæ Дæумæ хауынц, æмæ дь!н с& дæттæм Идæдз усы лæварæн. Уыдон руаджы . Ды ссардзынæ хуыздæр мой. М а р и а п æ. Ме стыр герцог! Æндæр, хуыздæр мой мæн нæ хъæуы. ]Г е р ц о г. Хорз у — 320
Кæй дæ нæ хъæуы: мах тæрхон лыг у. М а р и а н æ. Æнæмаст паддзах... (Æрлæууы йæ зонгуытыл.) Г е р ц о г. Дзæгъæлы мæм ма хат! Кæнгæ йæ, маргæ. (Луциойæн.) Цæй, ныр та ды, сударь! М а р и а н æ. О паддзах! — 0 мæ уарзоп Изабеллæ! Æрлæуу ды дæр дæ зонгуытыл мæнау, Мæлæтмæ дын лæггадгæпæг уыдзынæн. Г е р ц о г. Цы не ’мбæлы, ды уы&домыс мæнæй: Хатыр куы курид Анжелойæн уый, Уæд йе ’фсымæры уд мæрдтæй фæзыиид Æмæ йæ ам ныххурх кæнид. М а р и а н æ. Мæ дуне! О Изабеллæ! Ам æрлæуумæ фарсмæ Дæ зонгуытыл, дæ къухтæ сис хæрдмæ Лæгъстæгæнгæ, æрмæст сыбыртт дæр ма скæ,— Æз дзурдзынæн.— Йæ сау митыл фæсмон Куы ’ркæны лæг, ысвæййы уæд сыгъдæг уд. Рæдыд кæмæ уа, уый кæны фæсмон. Мæ мой дæр кæд æрфæсмон кæнид. Уæууа, . Дæ зонгуытыл куыд не ’рлæудзынæ ды? ь " Г е р ц о г. Мæлæт мæлæтмæ! Амæлдзæн! Изабеллæ (æрлæууы йæ зонгуытыл). Мæ паддзах! Тæрхон кæн а фыдгæиæгæн, цыма Æгас у ме ’фсымæр. Æз тынг æууæндын, Хæрзуд кæй уыди, цалынмæ мæныл Нæ фембæлди. Кæд афтæ у^ уæд ыи Йæ цард ныууадзут. Ме ’фсымæр та фесæфт, Цы азым æм уыд, уый тыххæй. Фæлæ А Анжело... Куы нæ рауад йæ фыдвæнд,— Æнæххæстæй йын баззади æрмæст. Фыдвæнд фæндагыл амарди, уæд-иу æй Фæндагыл хъæуы баныгæнын дæр. > Цы у фыдвæнд кæнын — æрмæст бæллицтæ... 21 Шекспир, 2-аг том.
М а р и а н æ. Æрмæст бæллицтæ. Г е р ц о г. Ма мæм хатут уæгъды. Æгъгъæд у, сыстут.— Байрох мæ ис иу... Хъахъхъæнæг, мард цæмæн æрцыди Клавдио Æнафоны? Ахæстонгæс. Дзырд мын лæвæрд уыд ахæм. Г е р ц о г. Куыд? Ахæм дзырд дæм бацыди фыстæй? Ахæстонгæс. Нæ, сусæг дзырд — дзыхæй дзыхмæ йæ райстон. Г е р ц о г. Гъеуый тыххæй бынатæй ист дæ ды. Ратт дæгъæлтæ! Ахæстонгæс. Хатыр, мæхæдæг дæр Дызæрдыг ’кодтон,— уый æнхъæл та чи уыд... Фæстæдæр мæм фæсмон æрцыди тынг, Æвдисæн мын ис ахæстоны иу лæг, Уый ахст у уым. Дзыхæй дзырдмæ гæсгæ Æз амардтаин уыцы лæджы хъуамæ. Фæлæ нæу мард, ныууагътон æй. Г е р ц о г. Уый чи у? Ахæстонгæс. Фыдгæнæг Бернардин. Г е р ц о г. Уыдаид хорз, Куы ныууагътаис Клавдиойы дæр уыйау. Æрбакæн æй: йæ фенын мæ фæнды. (Ахæстонгæс ацæуы.) Э с к а л (Анжелойæн). Хъыг мын у тынг, ау, ахæм ахуыр лæг, Ды, Анжело, зæндджын уæвгæйæ ды Куыд æруагътай гуымиры рæдыд сонтау, Фæстагмæ дæм куыд нæ разынди зонд? А н же л о. Хъыг мын у тынг, кæй дæ ныппæрстон масты. Мæ зæрдæ ахæм сау фæсмоны ис — ’ Мæлæтæй дарддæр ницæуыл уал дзурын. Æз уый аккаг дæн: иунæг уый ма курын. 322
Бацæуынц ахæстонгæс, Бернардин, Кл плащы тыхтæй æмæ Джульеттæ. Г е р ц о г. Кæцы у Бернардин? Ахæстонгæс. Мæнæ гъай, паддзах. Г е р ц о г. Иæ кой мын кодта иу-цавæрдæр бери. (Бернардинæн.) Æз фехъуыстон, дæ уд, дам, афтæ схъæбæр, Æмæ уæлæуыл ницыуал уыныс,— Кæныс фыдмитæ.— Хаст дын у тæрхон, Фæлæ дын æз дæ тæригъæдтæ барын. Мæ хæрзиуæг мын афтæ айс, цæмæй Ды дæр ысуай хуыздæр адæймаг царды. (Сауджын Петрæн.) Нæ фыд! Ды йын зонд бацамон: дæттын æй Дæ къухтæм æз. А иннæ та ма чи у? Ахæстонгæс. О, уый дæр бахызтон мæлæтæй æз. Æрцыдацд мард Клавдиоимæ хъуамæ, Æмæ æцæгдæр уый хуызæн у раст. Байгом кæны Клавдиойы цæсгом. Г е р ц о г. (Изабеллæйæн). Кæд де ’фсымæры хуызæн у æцæгæй, Уæд ын ныккæнæм уый тыххæй хатыр! Дæуæй та курын — ратт мæм ам дæ къухтæ, Æмæ мын зæгъ, кæй мын уыдзыпæ хур. Æфсымæр та мын де ’фсымæр уыдзæни. Фæлæ фæстæдæр уый тыххæй. Ныр та А Анжело, цыма ныфсы цъыртт федта,— Иæ цæстытæ фæрухсгомау сты... О Анжело, дæ фыдмитæ дын фидын Хæрзиуæгæй. Уæдæ дæ усы уарз. Дæ царды йын йæ хорздзинæдтæ бафæзм. Мæн алкæмæн дæр хорз кæнын фæнды. Фæлæ ис иу — нæй уымæн барæн никæд. (Луциойæн.) Уæдæ, зæгъыс, сæрхъæн дæн æз, тæппуд, Æнахуыргонд, сылуарзаг æмæ зондцух? Æвзæрæй дын цы ракодтон, зæгъ-ма, Цæмæн мыл калыс ахæм чъизи хахуыр?
. Л у ци о. Раст зæгъгæйæ, паддзах, æз хуымæтæджы дзæнгæ- да цагътон хъазгæйæ. Кæд мæ уый тыххæй ауындзгæ кæныс, уæд уый дæ бон у, фæлæ мын бирæ æхсызгон- дæр уаид, фæлтау мæ саунадмæ куы раттис, уый. Г е р ц о г. Фыццаг нæмгæ, стæй — ауындзæнмæ. Уадз Нæ фæдисæттæ ахъæр кæной алкæм, Кæд искуы ис æнхъæлмæ кæсæг чызг, А хæлд мæнгард кæй бабыи кодта, ахæм — Фæзынæд уæд: ай ракурдзæни уый. (Йæхæдæг мын дзырдта, зæгъгæ, ис иу чызг, Каэй ныууагъта сывæллонимæ, уый). Куы саргъауа йæ усимæ, уад æй Фыццаг ныххойут, стæй æрцæуæд ауыгъд. Л у ц и о. Лæгъстæ кæнын дæ уарзондзинадæн, ма мын раку- рын кæн хæтаг сылы. Иыртæккæ афтæ куы загътай, герцог дæ æз ыскодтон,— ау, уый дæ фæнды, цæмæй мæ ды та скæнай сыкъаджын? Г е р ц о г. Ды ракурдзынæ уый, хæрын дын ард,— Æмæ дын уæд хатыр уыдзысты де ’ппæт Фыдмитæ æмæ хахуыр. Цу ныр та Дæ ахæстонмæ.— Сæххæст кæнут бардзырд! Л у ц и о. Куыд ракурон хæтаг сылы, мæ паддзах? Уый фыд- дæр куы у мæлæтæй, нæмынæй, ауындзæнæй... Г е р ц о г. Ды паддзахы куыд бафхæрдтай, дæ бафхæрд Раст ахæм у.— Ды, Клавдио, йæ намыс Дæ усæн хъуамæ сфидар кæнай ныр.— Дæуæн та цин мæ уд зæгъы, Марианæ.— О Анжело, тыхджын æй уарз. Уыдтæн Иæ зондамонæг, æмæмæм фæкасти Иттæг хæрзуд.— Хæларзæрдæ Эскал, Дæуæн та дæн дæ лæгдзинадæй бузныг: Хæрзиуæгмæ æнхъæлмæ кæс.— Дæуæй та, Ахæстонгæс, дæ раст æххуысмæ — бузныг: Хуыздæр бынатмæ сивдзынæн дæу тагъд.— Ды, Анжело, ныббар, кæй дæ фæсайдта: Æрбахаста дын абырæджы сæр, ^ Ахæм сайд та хатыр куры йæхæдæг.— Мæ курдиат мын зоныс, Изабеллæ! 324
Дæуæн уый ратдзæн амондджындæр цард. Æмæ кæд уарзыс мæн, уæд æз дæу дæп, Кæд дæ фæнды, уæд-цу ды та у мæи. Цом галуанмæ. Цы ма фæнды мæ уды, Æхсызгонæй уын раргом кæион уыдон. (Ацæуынц.)
^ ВИНДЗОЙРАГ ФÆЛИТОЙТÆ ^з ФОНДЗАРХАЙДОН КОМЕДИ
АРХАЙДЖЫ ГЛ;/ Сэр Джон Фалстаф. Фентон, уæздан лæппу-лæг. Шеллоу, тæрхонгæнæг. Слендер, Шеллоуы фæдон. виндзойраг уæздæттæ. Вильям, Пейджы чысыл лæппу. Сэр Гуг Эванс, сауджын. Каюс, францаг дохтыр. Хицау-ус, фмсымуат «Зæнгбæттæны» хицау. Бардолф ] Пистол > Фалстафы фæсдзæуинтæ. Ним ) Робин, Фалстафы цумагæнæг. Симпл, Слендеры лæггадгæнæг. Регби, Каюсы лæггадгæнæг. Æхсин Форд. Æхсин Пейдж. Аннæ Пейдж, æхсин Пейджы чызг. Куикл, Каюсы лæггадгæнæг чызг. Форд æмæ Пейджы фæсдзæуинтæ æмæ иннæтæ. Архайд цæуы Виндзоры æмæ йæ алфамбылай. Форд | Пейдж ]
1 СЦЕНÆ Виндзор. Пейджы хæдзары раз. Бацæуынц Сл енд ер, сэр Г у г Эванс æмæ Ш елло у~ Ш е л л о у. Нæ хæлар сэр Гуг! Ма мæм хат. Æз хъаст кæ- пын хистæр палатæмæ. Уый ссæдз хатты куы феста сэр Джои Фалстаф, уæддæр йæ бон нæу бафхæрын мæн — сэр Роберт Шеллоуы!.. Слендер. Глостерширы тæрхонгæнæджы, о-гъо!.. Ш е л л о у. Раст у, мæ фæдон, раст зæгъыс! Сл ендер. Кады гæххæт кæмæ ис, стæй фыдæлтыккон уæз- дан чи у, о-гъо!.. Ш е л л о у. Цы, цы? 0, раст зæгъыс, мæ фæдон Слендер, ды иттæг раст зæгъыс, стыр тæрхоны лæг æмæ фыдæлтыккон уæз- дан мæ кæй хоныс, уымæй: мах уæзданы ном хæссæм æртæсæ- дæ азы! Слендер. Махæн нæ дзæнæтыбадинаг фыдæлтæ уыдысты джептлментæ, стæй нæ фидæны фæлтæртæ дæр уыдзыстьг джентлментæ. Уыдои хастой, хæссынц æмæ хæсдзысты семæ сæ кадджын фыстытæ! Э в а н с. Хæсдзысты семæ сыкъаджын сыстытæ? Ш е л л о у. Ай-гъай, никуы сæ ныууадздзысты. Эванс. Æз дæр уый зæгъын: хæсдзысты сæ. Гъемæ цы? Адæймаг раджы сахуыр ис уыцы хуыцауы конд цæрæгойтыл, суанг ма сæ йæхицæп нымайы амондыл дæр, уарзон хæлæрт- тыл. Сл енд ср. Иьтфс мæ ис, уыцы хæлæрттæй мæнмæ дæр кæй (æрхаудзæнис иудзæвгар. Афтæ ыæу, мæ фыдыфсымæр? Ш с лл оу. Ус ракур æмæ дзы уыдзынæ хайджын. Э в ан с. Хæсдзынæ сæ де рагъыл. Уæвгæ, уый ницы бар да- 328
ры а хъуыддагмæ. Ме ’рдыгонау, кæд сэр Джон Фалстаф дæу бафхæрдта, мистер Шеллоу, уæд мæн та, аргъуаны кусæджы, бацархайын хъæуы уæ бафидауыиыл. Шеллоу. Нæ! Ацы хъуыддаг хъуамæ равзара къаролы Совет! Уый стыр æфхæрд у! Уый фыдгæнд у! Э в а н с. Къаролы Совет фыдгæнды хъуыддæгтæ пс ’взары. Фыдгæнды нæй хуыпауы ныхмæ фыдæх. Къаролы Совет та æв- зары æрмæст хуыцауы ныхмæ фыдракæнд æмæ нæ уарзы фыд- 1æпды кой кæпын. Гъеуый дæ рох ма уæд, сэр. Шеллоу, Ард хæрын мæ удæй, лæппудæр ма куы уаин — ■сласин мæ кард æмæ хъуыддаг мæхæдæг адзæнгæл кæнин! Э в а н с. Фæлтау слас дæ зонд, æмæ хъуыддаг фæуа! Уæл- дайдæр та уымæп, æмæ мæ сæры февзæрди зонд уæ бафида- уыны тыххæй. Аннæ Пейдж, мистер Пейджы чызг саурæсугъду! Слендер. Аннæ Пейдж? Куыннæ-ма, хъуыды йæ кæнын: мыдхуыз дзыккутæ йын, дзургæ та кæны цъыс-цъысаджы лыс- тæг хъæлæсæй раст иннæ сылгоймæгтау. Э в а н с. Уый дупейы чызджыты хуыздæр у. Авдсæдæ фунты ’стерлиигтæ сыгъдæг æхцайæ,-стæй бирæ сызгъæрин, æвзист. Уыдон ын иууылдæр ныууагъта йæ фыдыфсымæр йæ удисгæйæ, рухс дзæнæты бада. Æмæ чызг уыдоны хицау суыдзæн, æвддæс г-зы йыл куы сæххæст уа, уæд. Гъемæ афтæ хъуыды кæнын, цы- ма уын хуыздæр уаид, уæ загъд-замаиа ныууадзын æмæ — (сабыргай, Шеллоуæн) мистер Аврам Слсндерæн мисс Аннæ Пейджы ракурьш. Ш е л л о у. Йæ фыдыфсымæр ыи авдсæдæ фунты стерлингтæ ныууагъта, зæгъыс? Э в а н с. Авдсæдæ, йæ фыд та йыи ныууадздзæн ноджы фылдæр. Шеллоу. О, æз зонын уыцы чызджы æмæ йыи тынг аргъ ’кæныи йæ хæрзиуджьпæн. Эванс. Цæуылнæ йын аргъ кæнай! Авдсæдæ фуыты æхца, стæй ноджы йæ фыды бынтæ!.а Шеллоу. Гъемæ хорз, бауайæм хæларзæрдæ мистер Пей- джмæ. Цыма Фалстаф уымæ уа? Э в а н с. Сайыи пæ уарзын. Мæ удхæссæг у гæдыдзурæг, мæнæ — раст чи нæ фæдзуры, кæнæ æнæраст чи фæдзуры, уы- допау. Ай-гъай, хотыхдар сэр Джон Фалстаф пыртæккæ мистер Пейджмæ ис. Фæлæ, дæ хорзæхæй, баууæнд дæ хæрзгæнджы- тыл. Æз ныртæккæ бахойдзынæ дуар. (Хойы дуар.) Гъей! Хо! Фарн а хæдзары! П е й д ж (фæссценæйæ). Чи дæ? Э в а н с. Хицауы уарзон адæм: ома — æз, дæ хорз хæлар, сауджын Эван, мемæ та тæрхоны лæг Шсллоу æмæ цæрæццаг '329
мистер Слендер,— уый дын, ме ’рдыгонау, зæгъдзæн æхсызгок цыдæр, зæрдиагæй йæм куы байхъусай, уæд. Пейдж. Æхсызгон мын у уæ фенын, кадджын джентлмен- тæ. Стыр бузныг, мистер Шеллоу, хуынæн мын цы саджы агъд барвыстай, уый тыххæй. Ш е л л о у. Мæхицæн дæр иттæг æхсызгон у дæ фекын, мис- тер Пейдж. Дæ рæсугъд зæрдæ дын бадзæбæх кæнæд уыцы замманайы саджы агъд! Бæргæ мæ фæндыд дæуæн ноджы хуыздæр фыдæзгъæл æрбарвитын, фæлæ цуаны ахæм сагыл ам- бæлдтæн... Цы хуызæттæ у зæрдæхæлар мисс Пейдж? Æз буз- чыг дæн уæ дыууæйæ дæр. Ай-гъай, иттæг бузныг! Пейдж. Уый, сэр, арфæтæ дæуæн æз хъуамæ кæнон... Шеллоу. Нæ, сэр, æз дын хъуамæ кæнон арфæтæ! Фæнда дæ — нæ фæнда — хъуамæ дын æз кæнон арфæтæ! Пейдж. Æхсызгон мын у дæ фенын дæр, хæларзæрдæ мистер Слендер. Слендер. Уæд дæ бур куыдз та цы хуызæн у, сэр? Цыма, дам, куиты фæстаг дугъы фембылды ис? Пейдж. Нæ, сэр, уый тæрхонгæнæджы рæдыдæй уыди. Слендер. Гъе, нæ йыл сæттыс, сэр, нæ йыл сæттыс! Ш е л л о у. Æмæ цæуыл басæтта? Уый йæ, мæ бындар, ды кæйдæримæ ивддзаг кæныс. Иттæг хорз куыдз у! Пейдж. Хуымæтæджы рæйыны куыдз, сэр! Ш е л л о у. Нæ, сэр, куиты хуыздæр у, стæй уыимæ — рæ- сугъд. Цы ма дзы загъдæуа? Иттæг хорз, рæсугъд куыдз. Сэр> Джон Фалстаф дæумæ ис? Пейдж. Мæнмæ, сэр. Мæн тынг фæнды уæ бафидауын. Э в а н с. Гъеуый у сыгъдæг чырыстон лæджы ныхас. Шеллоу. 0, фæлæ уый мæн бафхæрдта, мистер Пейдж. Пейдж’. Сэр, уый йыл йæхæдæг дæр иучысыл сæтты. Шел’Л’оу. Сæтты — уый ницы у,— йæхи сраст кæнæд! Уый мæн бафхæрдта, афтæ нæу, мистер Пейдж? 0, о, бафхæрдта! Уымæн æрдæр зæгъæн нæй! Баууæнд мыл: уып дь!н зæгъы Ро- берт Шеллоу, мыггагæй уæздан, карз æфхæрды бахауæг. Пей’ДжУ. Мæнæ йæхæдæг дæр мистер сэр Джон Фалстаф. Бацæуь\нц Фа л стаф, Б ард о лф, Ним, Пистол æмаё Фалстафы фæсдзæуин Р о б ин. ’ Фалст,аф. Цæй, куыд, мистер Шеллоу, нæ мыл хъаст кæ- ныс къаролйæ? ’ " ’ Шелло^у. Хотыхдар, ды фæнадтай мæ фæсдзæуины, амард- тай мын ма? саджы, стæй мын бабырстай мæ хъæдгæсы хæ- дзармæ. ’, 1 Фалстаф, Æниу дын дæ хъæдгæсы чызгæн нæ фæпъатæ кодтон? 330
Шеллоу. Хотыхдар, ды уый тыххæй дзуапп ратдзынæ! Фалстаф. Табуафси, ныртæккæ дæр! О, сэр, æз уыдон сегас дæр бакодтон. Гъеуый та дын дзуапп! Шеллоу. Æз уый фæхабар кæндзынæн къаролы Советмæ. Ф а л с т а ф. Уымæй та ноджы хуыздæр бакæндзынæ: лорд- ты дæхиуыл хорз фæхудын кæндзынæ! Эванс. Сэр Джон! Паука верба, къаддæр дзургæ! Фалстаф. Ома куыд тагъддæр сургæ? Кæй ма уæ сурон? Слендер, дæуæн, цыма, æз дæ сæр асастон... Исты ма дæ хъæуы? Слендер. Дæлимон фестинаг сэр, кодтай сæгъы хъазт, æмæ дзы рауад сæрысаст — уый хуымæтæджы хъазт нæу, æз ззымджын кæнын дæу! Ноджы мæ дæ сыстбæрзæй æххуырсты- тæ цæлгæнæнмæ бантъыхтой, срасыг мæ кодтой, стæй мæ бас- тыгътой! Б а р дол ф. Кæсут-ма ацы хус тъаранмæ! (Йæ кард ласы.) С л е н д е р. Уый та ма цавæр тъаран у? П и с т о л. Кæсут-ма ацы Мефистофельмæ, цуркбоцъо дæли- мон! (Йæ кард ласы.) С л е н д е р. Уый та ма цавæр Мефистофель у? Н и м. Цæв æй, цæв æй, сураг, нырриуыгъ æй! Уыцы хорз мын ракæн! С л е н д е р. Ме ’ххурыст цы фæци, Симпл? Нæ йæ федтай, хорз лæг? Э в а н с. Сабыр, уæ хорзæхæй! Равзарæм хъуыддаг. Мах уынæм ацы хъуыддаджы æртæ тæрхоны лæджы: йæхæдæг мис- тер Пейдж, ай-гъайдæр, мистер Пейдж, стæй мæхæдæг æз, ай- гъайдæр, мæхæдæг æз, стæй, æппынфæстаг, «Зæнгбæттæны» хи- цау. П е й д ж. О, мах сæм æртæйæ байхъусæм æмæ сæ исты хуы- зы бафидауын кæнæм. Э в а н с. Иттæг хорз! Æз«хъазты хабæрттæ лыстæггай ба- хæсдзынæн мæ фыссæн чиныгмæ, стæй амал уæвгæйæ бæстон- дæр каст æркæндзыстæм хъуыддагмæ. Ф а л с т а ф. Хъус-ма, Пистол. Пистол. Нæ сæртыл хъустæ хъусынæн куы дарæм! Эванс. О, хæйрæг дæ акъæмс кæна! Стихтæй дзуры æмæ уасæгау зары! Ф а л с т а ф. Пистол, ды амырхтай мистер Слендеры ’хца- дон? Слендер. О, уый! Ард хæрын ме ’рмкъухтæй, уый уыди. Уæд мæ фыдæлты галуаныл мауал сæмбæлон, кæд уый нæ уы- ди. Ме ’хцадоны уыдис авд гæххæтты цыппæргай æмæ æхсæз- гай пенсытæ, стæй ноджы бирæ хъазæнхъултæ. Æз сæ дыууæ 331
шиллинг æмæ дыууæ пенсæй балхæдтон иу лæппуйæ. Ард дын. хæрын мæнæ ацы æрмкъухтæй! Ф а л с т а ф. Уый рæстдзинад у, Пистол? Э в а н с. Исчи дæр ма давын рæстдзинад хоны? П и с т о л. Сабыр, сабыр, талынг хæхтæй рафтæг! Сэр Джон, мæ хицау, сидын æм хæцынмæ. йæ хъазæн кард ныртæккæ сласæд ам, Кæннод та ам мæныл цы хахуыр- кодта, Гъеуый тыххæй мæ ракурæд хатыр Сымах раз.— Ды мæнг загътай ам, æдзæсгом!' Слендер. Уæд та уæртæ уый уыди! Ард хæрыи ме ’рмкъухтæй, уый уыди! (Амоны Ниммæ.) Н и м. Дæ дзых æгæр ма гом кæн, сэр, дæ хъæлæс фехæл- дзæни. Дæ хуызæн цъингуыртæ ме ’нгуырæй æз иу æмæ дыууæ- не ’рцахстон. Афтæ-ма лæуу, æз дын мæхи базоныи кæнон! Слендер. Кæд афтæ у, уæд сомы кæнып мæ худæй, мæ муртæ мын уæртæ уый амырхта, уыцы сырхмукъуджын. (Амо- ны Бардолфмæ.) Раст зæгъгæйæ æз нал хъуыды кæнын, куы мæ барасыг кодтат, уæд цы фæдæн, уый, фæлæ мæ иудадзыг хæргæфсыл дæр куыд иымайут? Ф а л с т а ф. Ды та цы зæгъдзынæ, сих æмæ дæлимон? Б ар д о л ф. Æмæ цы хъуамæ зæгъон, сэр? Ацы джентлмен афтæ ныкъкъупыри ис, æмæ йæ авд æнкъарæнæй иу дæр нал æмбæрста. Э в а н с. Фондз æнкъарæнæй! Хуырым! Бардолф. Нæ зонын, сударь, æз ын йс ’нкъарæнтæ нæ- нымадтон. Æмæ боцкъайау куы байдзаг, уæд бахауд ахæм пер- турбацийы. Слендер. О, о, хъуыды ма йæ кæнын, ды уæддæр латина- гау дзырдтай, фæлæ ныхас ууыл иæ цæуы. Ныр æз бамбæрстон, нуазын кæй хъæуы, æрмæст хуыцау кæмæи ис, ахæм æгъдау- джын адæмимæ. Дæхн куы расыг кæнай, уæд — хуыцауы уар- зæттимæ, сымах хуызæн абырджытнмæ нæ, фæлæ. Э в а н с. О, уыцы ныхæсты ис сыгъдæг рæстдзинад! Фалстаф. Афтæ уæдæ, джентлментæ, цæмæй зылын код- та —иу дæр дзы нал аззадис. Сымах — æвдисæнтæ. Бацæуыиц ми с с и с Ф о р д, мис сис П е йдою, тæбæгъыл сæны авг хæссы, афтæмæй. Пейдж. Нæ, мæ чызг, сæн ахæсс’ фæстæмæ, мах хæдзары нуаздзыстæм. А нна П е йд ж аздæхы. Слендер. О хуыцау, уый мисс Аннæ Пейдж куы у! П е й д ж. Æгас цæуай, мисснс Форд. Фалстаф. Миссис Форд, ард хæрын, æхсызгон мын у дæ 332
фенын. Дæ хатырæй, хæларзæрдæ миссис Форд. (Пъа йын кæ- ны.) Пейдж. Æфсин/ рахон уазджыты фынгмæ. Цом, мæ хæ- лæрттæ, абон нæм сихорæн ис саджы игæр. Цом, сæнæй фæбы- нæй кæнæм нæ быцæу. 111 е л ло у, С ле нд е р æмæ Э в ансæ й фæстæмæ и н- иæтæ ацæуынц. Слендер. Ехх, ныр мæ уарзон зарджытæ æмæ сонетты чиныг мæхимæ куы уаид! Ныр мæн уый дыууиссæдз шиллин- гæй тынгдæр хъæуы. (Бацæуы Симпл.) Цы хабар у, Симпл? Кæм сæфыс ныронг? Афтæ ’нхъæлыс, мæ хуызæн джентлмен йæхæдæг хъуамæ лæггад кæна йæхицæн? И? Мæ базон-базонты чиныг дæхимæ ис? Симпл. Базон-базонты чиныг? Æмæ йæ, сударь, бæрæгбо- нæй дыууæ къуырийы раздæр уыцы къуту Алисæйæн куы рад- тай. Ш е л л о у. Цæй, цом, цом, мæ фæдои. Дæумæ кæсæм. Фæ- лæ дын хъуамæ рагацау зæгъон: ис иу ахæм фæндон йе стыр- дзинад сэр Эвансæй... Æмбарыс мæ? Слендер. О, сэр, ды фендзынæ, æз куыд æмбаргæ дæн. Æз алцыдæр бакæндзынæн, ахæм ран цы фæхъæуы, уымæй. Ш е л л о у. Нæ, ды мæ нæ бамбæрстай. С л е н д е р. Бамбæрстон дæ, сэр. Э в а н с. Нæ, байхъус уал, мистер Слсндер. Æз дын зæгъ- дзынæн, цы кæнгæ дын у, уый, кæд дæ бон йæ сæххæст кæнын бауа, уæд. Слендер. Нæ, нæ, мæ хорз фыдыфсымæр Шеллоуы цы бафæнда — æз. алцыдæр бакæндзынæн, бауырнæд дæ. Уый нæ зылды стыр тæрхоны лæг у, кæд ыл бæрæг нæу, уæддæр. Э в а н с. Хъуыддаг афтæ нæу. Ныхас дæ чындзæхсæвыд цæуы. Ш е л л о у. О, о, афтæ у. Э в а н с. Мисс Аннæ Пейджимæ. Слеидер. Æндæр ницы? Æмæ уæд æз цæттæ куы дæн уымæ... Куыд хуыздæр уа, афтæ. Э в а н с. Ома куыд «куыд хуыздæр» уа? Слендер. Æз куы загътон: куыд хуыздæр уа, афтæ. Э в а н с. О, фæлæ дæм йе ’ргом раздахдзæн уыцы чызг? Дæ- хи йын бауарзын кæндзынæ? Фехъусын нын æй кæн дæхи дзы- хæй, йе та дæ былтæй, уымæн æмæ, философты загъдау, дз’ых æмæ былтæ иу вæййынц. Зæгъ-ма уæдæ раст: бауарздзынæ уы- цы чызджы? Шеллоу. Мæ хорз фæдон Аврам Слсндер, дæ бон у йæ бауарзын? 333
С л е н д е р. Ме ’рдыгонау, у, сэр. Иу лæджы бон цы у, уый мæ бон дæр бауыдзæн. Э в а н с. О уæларвон зæдтæ æмæ дзуæрттæ! Мистер Слен- дер, ды хъуамæ раттай комкоммæ дзуапп: дæ фæндон зæгьон уыцы чызгæн? Шеллоу. Цыбырдзырдæй: ракурдзынæ йæ, йемæ дын би- рæ бынтæ куы дæттой, уæд? Слендер. Æз дæу тыххæй цы нæ бакæндзынæн, мæ фы- дыфсымæр? Суанг ма мæхи доны дæр... Шеллоу. Нæ, нæ, бамбар, цы дын зæгъæм, уый, мæ -дзæ- бæх бындар. Дæуæн цы хуыздæр у, æз уый аразын. Фæрсгæ дæ кæнын, дæ бон у йæ бауарзын? Слендер. Табуафси, ракурдзынæн æй, сэр, кæд дæу уый фæнды, уæд. Рагацау кæд не ’хсæн судзгæ уарзондзинад нæ уа, уæд, хуыцауы фæрцы, ахицæн уыдзыстæм иттæг тагъд, куы баиу уæм, уьтй фæстæ: ома ноджы тынгдæр баиу уыдзыстæм нæ ахицæны фæстæ. Фæлæ ды зæгъыс — ракур æй,— æмæ йæ ку- рын. Уый у къæдзилбæттæн æмæ æнæриусхойаг хъуыды. Эванс. Гъемæ, хорз. Æрмæст дзырдтæ раст не ’варыс,— «къæдзилбæттæн» æмæ «æнæриусхойаг», — ды зæгъынмæ хъа- выдтæ «кæронбæттæн» æмæ «æнæгуырысхойаг». Фæлæ дæ фæид уæздан у. Ш е л л о у. 0, ме ’рдыгонау æй фæндгæ кæны. С л е н д е р. Ай-гъай, кæны, мæ сæр уын лыгмæ дæттын ууыл! Бацæуы Анна П ейдж. Шеллоу. Мæнæ ис саурæсугъд мисс Аннæ Пейдж: (Йæ сæрæй йын кувы.) Æхсин, дæу уынгæйæ мæ лæппу уæвын фæ- фæнды. . Аннæ. Сихор фынгыл ис, джентлментæ. Мæ фыд уæ хоны мидæмæ. Ш е л л о у. Мæ бои иæу «нæ» зæгъын, рæсугъд мисс Пейдж. Э в а н с. Хуыцау ахъаз ракæнæд! Æрмæст нæ сихоры размæ аргъуаны скувын ма ферох уæд, (Э в анс æмæ Ш е л л о у ацæуынц.) Аннæ (Слендерæн). Дæ хорзæхæй, ды дæр фынгмæ, сэр. С л е н д е р. Нæ, бузныг иттæг зæрдиагæй. Бауырнæд дæ, ам дæр мын хорз у. А н н æ. Дæумæ кæсынц фынгыл, сэр. С лендер. О, æз хæрдхъуаг нæ дæн, бауырнæд дæ, бузныг. (Симплæн.) Эй, сагсур! (Аннæйæн.) Ай ме ’ххуырст у. (Сим- плдрн.) Уайгæ æмæ лæггад кæн фынджы уæлхъус мæ фыды- фсымæрæн, тæрхонгæнæг æмæ уæздан Шеллоуæн. С импл ацæуы. 334
Хаттæй-хатт тæрхоны лæгтæ лæггад кæнынæн фæхонынц сæ фæдонты. Мæнæн ис æрмæст æртæ лæггадгæнæджы æмæ иу фæсдзæуин. Уый цалынмæ мæ мады нæ баныгæнон, уæдмæ. Гæ- кæн нæй! Цалынмæ бынтæ райсон, уæдмæ цæрын иннæтау мæ- гуыр уæздан лæппуйы цардæй. Аннæ. Дæ хорзæхæй, сэр, мæ хæс дæу бахонын у — æнæ дæу не ’рбаддзысты. С л е н д е р. Баууæнд мыл, хæрын мæм нæ цæуы. Фæлæ мæ раст цыма хорз федтай, уыйау дæ бузныг дæн. Ан н æ. Ах, сэр, дæ хорзæхæй, ахиз мидæмæ. Слендер. Мæн ам атезгъо кæнын фæнды, æхсин, стыр бузныг!.. О, хæдæгай, æрæджы фæцæф ис мæ къах. Æз мæ сæр хъахъхъæдтон, уыдон та мын мæ къах барæхуыстой. Хъаматæй æмæ æхсаргæрдтæй хæцыдыстæм иу стыр дæсны хæцæгимæ. Чи фембылды уа, уый хъуамæ бахордтаид тæбæгъы дзаг æмбыд чылауитæ. Æмæ, бауырнæд дæ, уæдæй нырмæ мæ зæрдæ хæццæ кæны цыфæнды хæринагæй дæр. Кæцæй рæйой, цымæ, уыцы куитæ? Кæд æрсытэа æрбакодтой горæтмæ? А н н æ. О, æнхъæлдæн, ахæм цыдæр мын загъдæуыди. Слендер. О, уый диссаджы хъазт у! Ард дын хæрын, æр- •сытыл куитæ ардауыны хъазты мæ бæрц æхца ничи æрæвæрд- та Англисы. Ды, æвæццæгæн, тынг фæтæрсыс, арсы йæ рæхы- сæй куы суадзынц, уæд? А н н æ. Ай-гъайдæр, сэр. Слендер. Уæдæ æз æххормагæй дæр цæрдзынæн, æрмæст мын æрсытыл куитæ ардауын уадз. Æз иу-ссæдз хатты федтон аро Секерсоны рæхысæй уадзгæ, суанг ма йын йæ рæхысмæ дæр æвнæлдтон. Ард хæрын, устытæ ахæм хъыллист æмæ хъæр код- той — мæ хъустæ-иу бакъуырма сты. Устытæ тынг тæрсынц æр- сытæй. Арс — уый æнахъинон, гуымиры цæрæгой у! Бацæуы П ейдою. П е й д ж. Кæм дæ, кæ, зынаргъ мистер Слендер? Мах дæу- мæ куы кæсæм. Слендер. Мæнмæ хæрын нæ цæуы, сэр, стыр бузныг. Пейдж. Ард хæрын уасæджы хуылфыдзауматæй, мах дын немæ бахæрын кæндзыстæм сихор! Цæй, цæй, мидæмæ, сэр, дæ хорзæхæй. (Йæ разæй бахызын кæны Слендеры.) С л е н д е р. Нæ, табуафси, ды ахиз мæ разæй! Пейдж. Рацу мæ’фæдыл, сэр. (Бацæуы мидæмæ.) Слендер. Æхсин, ды хъуамæ бахизай къæсæрыл мæ ра- зæй. А н н æ. Уый куыд, ^эр? Табуафси, дæ хорзæхæй. Слендер. Ард хæрын, дæ разæй нæ бахиздзынæн, ахæм æнæгъдау нæ дæн! 333
• А н н æ. Курын дæ. Слендер. Цæй, афтæ фод, демæ быцæу кæныны бæсты ацы хатт мæхи æвдисын æнæгъдауæй. Фæлæ уый дæу бафæя- дыди! Бацæуынц. 2 СЦЕНÆ Уый дæр уым. Э в анс, Симп л. Э в а н с. Уайгæ, Симпл, ссар дохтыр Каюсы хæдзар. Уым ды фендзынæ иу-цавæрдæр миссис Куиклы. Уый кæнæ йæ ды- джызæ у, кæнæ йæ хæринаггæнæг, йе та йæ гæрстæхсæг, науæд йæ сывæллонгæс, кæнæ йæ дарæсæмпъузæг. С и м п л. Иттæг хорз, сэр. Э в а н с. Нæ, дарддæр ноджы хыуздæр уыдзæн. Ратт ацы фыстæг миссис Куиклмæ. Уый хорз зоны мисс Аниæ Пейджы. Æз æм фыссын, цæмæй бацархайа де ’лдар Аврам Слендеры хъуыддагыл. Цæй, тæхгæ уæдæ, уайгæ, æз та цæуын хуыцауы фæрцы сихор хæрынмæ. Ныртæккæ æрæвæрдзысты цыхт æмæ фæткъуытæ. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Уат уазæгдон «Зæнгбæттæны». Бацæуынц Ф алста ф, П ис- т о л, Н им, Б а р д о л ф, уазæгуаты хицау æмæ Робин. Фалстаф. Æрбайхъус-ма, «Зæнгбæттæны» уæздан хицау! X и ц а у. Цы зæгьдзынæ, мæ хытъынджын богал? Зæгъ-ма исты ахуыргонд, арфзондджын ныхас! Ф а л ст а ф. Æз хъуамæ ауадзон мæ фæсдзæуинты. Хицау. Иттæг раст дæ, цæлгæнæны Геркулес, адде сæ кæн дæхицæй! Уадз æмæ дард искуы кæной сæпп-сæпп! Ф а л ста ф. Æхца мын нал фаг кæны хардзæн! X и ц а у. Æй, хъенсæр Цезарь, дзаг хытъын, афтид дзыпп! Цæй, хорз, æз дæ ирвæзын кæнын Бардолфæй, исын æй мæхи- мæ. Гом кæндзæн боцкъатæ, уадздзæн бæгæны кæхцытæм. Раст нæ зæгъын, хъæбатыр Гектор? Ф а л с т а ф. Дæ хорзæхæй, айс æй, хицау. Хицау. Загътам — уыдзæни. (Бардолфæн.) Рацу мæ фæ- ды’л, лæппу. Фенæм, цымæ зоныс бæгæны уадзын, фынк фыл- 33!5
дæр куыд уа, бæгæны къаддæр, афтæмæй? Хæц мæ къæдзилыл. Цом. Ф а д с т а ф. Цæугæ йемæ, цæугæ, Бардолф. Цæлгæнæны бæгæны хæссын — уый замманайы куыст у. Зæронд плащæй ис скæнæн раздарæн, уæнгмард фæсдзæуинæй — цæлгæнæны ног кусæг. Цæугæ, хорзыл амбæл, фæиыкгуыз. Б а р д о л ф. Гъеуый у, кæмæ бæллыдтæн, ахæм цард! '(Ацæуы хицауы фæдыл.) Пистол. Æлгъаг цагъар! Куыд баивдзæпи лæг уæхстыл йæ кард, бæгæныйыл та — згъæрхуд? Ним. Уый йæ мады гуыбыны сæвзæрди расыгæй æмæ рай- гуырди нозтджынæй. Гъеуымæн ахæм у йæ зæрдæйыуаг дæр. Фалстаф. Раст зæгъын хъæуы, хорз у, кæй фервæзтæн '■ахæм сырх хæмхудджынæй. Æгæр æргомæй давта. Æнарæхсг зарæгау нæдæр хьтгъд зыдта, нæдæр æм æгъдау уыди. Н и м. Æгъдауджын къæрных хатгай давы: адавтай — рæс- тæгмæ бахъæц, стæй та ногæй рамырх! Пистол. О, «радав», «рамырх»! — тынг дæрзæг ныхæстæ! «Фæпайда кæн!» — уæздандæр дзырд у уый. Фалстаф. Хъусут-ма, мæ хæлæрттæ, рæхджы мып уæфс- тæ нал уыдзæни!.. Пистол. Æмæ дæ къæхтæ стæппæлттæ уыдзысты. Ф а л с т а ф. Гæнæн нæй, æвæццæгæн, фыдгæнды цæуын бахъæудзæни. Пистол. Æххормагæй халоны лæппын дæр нæ цæры. Ф а л с т а ф. Чи уæ зоны Форды — ацы горæтаг лæджы? Пистол. Иæ ном ын фехъуыстои: зынаргъ адæймаг! Ф а л ст а ф. Ме «гъдауджын сагсуртæ, зокут, мæ зæрды цы ис? П и с т о л. Дыууæ путы фиу? ’ Ф а л с т а ф. Ныууадз-ма хъазын, Пистол. Æз ныртæккæ нæ дæн, фиуыл мæт кæнын хъæуы мæхиуыл Цæмæй адæймаг цæра, уый тыххæй хъæуы æхца. Цыбырдзырдæй, æз бахъавыд- тæн Форды усмæ. Афтæ мæм кæсы, цыма мæм цыдæр хуызы йæ хъус дары. Мемæ ныхас кæнгæйæ ахæм дæлимоны митæ кодта, хуыдта мæ йæхимæ мидбылты худтæй. Уый æнкъарæк- тæй куы раивай хуымæтæджы англисаг æвзагмæ, уæд афтæ æмбаринаг у: Фалстаф, æз дæу дæн. Пистол. Æвæццæгæн æй басгæрста æмæ уæздандзинадæй •раивта англисаг æвзагмæ. Н и м. Ие ’нгуыр арф баппæрста. Афтæ.нæу? Фалстаф. Р1æ лæджы æхцадон, дам, уымæ ис, уым та, дам, дунейы сызгъæрин зæдтæ ис! Пистол. Бафтау уыцы зæдтыл дунейы хæйрæджытæ! -22 Шекспир, 2-аг том. 337
Н и м. Раст зæгъгæйæ, æз дæр бирæ уарзын сызгъæрин зæд- ты. Дзæгъæлы мæ нæ хонынц æфсæнзæрдæ зæд. Фалстаф. Æз ныффыстон миссис Фордмæ ацы фыстæг. Иннæ ахæм фыстæг æрвитын мистер Пейджы усмæ, уый дæр» мæм бауарзæджы цæстæй кæсы. Тæккæ абон мын æдзьшæг касти мæ буары алы хæйттæм. Ие ’рттиваг цæстыты рухс куы ме ставд æгъдтыл хъазыди, куы цæхæр калдта мæ парахат хытъыныл. Пистол. Æрттывта рухс хур фаджысы обаумæ! Н и м (Пистолæн). Иттæг бузныг дæ замманайы стихæй! Фалстаф. О-о, ахæм ракæс-бакæс мæм кодта, цыма мæ.- йæ цæстырухсæй судзынмæ хъавыд хурсудзæн авгæй судзæгау. Мæнæ уымæ дæр фыстæг. Уыцы ус дæр йæ къух арф ауадзы йæ лæджы æхцадоны. Гвианæ-паддзахау уый дæр раст йæ.* хъуырмæ у сызгъæрин æмæ алы хæзнатæй. Сæ иу мын уыдзæн цæгатаг Инди, иннæ та хуссайраг Инди, æмæ сæ дыууæйы дæр байгом кæндзынæн хæзнакъахæнтæ. Цæугæ, Ним, хæсгæ ацьг фыстæг мисс Пейджмæ. Ды та, Пистол, ахæсс ацы фыстæг мисс. Фордмæ. Мах нырма ацæрдзыстæм, мæ лымæнтæ, ацæрдзыс- тæм! П и с т о л. Куыд? Æз — æфсæддон — хъуамæ суон дзырд- хæссæг? Нæ, никæд, ард хæрын мæ кардæй, зæдтæй! (Стъолмæ баппары фыстæг.) Н и м. Ме ’фсæн зæрдæ мæ нæ уадзы ахæм чъизи хъуыддæг- тæм. Æз хъахъхъæнын ме стыр кадджын ном. Фалстаф (Робинæн). Хæц фидар ацы фыстæджытыл,, сахъгуырд. Дæ нау сызгъæрин сакъадахмæ сараз! Сымах та, фос, мæ цурæй уайгæ тагъд, Сæпп-сæпп кæнут уæ сæфтджытыл, æндæр ранс Кæвдæс цалынмæ не ссарат, уæдмæ. Æз уын кæддæры Фалстаф нал дæн, æз Ныр базыдтон, нæ заманау, нымайын,— Фæстауæрц кæнын. Чъизи удтæ, иуварс! Уадз мемæ иу лæггадгæнæг цæуæд: Фылдæр æхца мæм баззайдзæни уæд. (Ф а лст а ф æмæ Р об и н ацæуынц.) П и сто л (Фалстафы фæдыл). Дæ игæр дын æхсынæд цзьиу- сур, удхор! Нæ зæххыл цалынмæ сæрхъæнтæ уа, Уæдмæ æз хъулæй хъазгæ дæр цæрдзынæн, Ды та, туркаг, фæуыдзынæ хæрз гаффутт! ’Н и м. Ме ’фсæн зæрдæ бирæ дзæнгæда цæгъдын нæ уарзы^ Иу фæндон мæм ис: маст исын! 338
Т1 и с т о л. Маст исынмæ хъавыс? Н и м. Ард хæрын мæй æмæ хурæй! П и с т о л. Цæмæй — цыргъ н-ыхасæй æви иыргъ æфсæйна- тæй? Н и м. Сæ дыууæйæ дæр. Фæлæ уыйагъоммæ хъуамæ бацар- .хайон, цæмæй мистер Пейдж базона, Фалстаф ын йæ усмæ кæй .хъавы, уый. П и с т о л. Æз та зæгъдзынæн Фордæн тагъд, Æлгъаг хытъынджын сайтан мах Куыд агуырдта æххуысæн,— Йæ усмæ йын кæй хъавы хам, Цæмæй йын йе ’хцатæ мырха, Æрцахса йын йæ хуыссæн. Н и м. Мæхицæй дын куы зæгъон, уæд æз æфсæнзæрдæ дæн... Æз Пейджы афтæ сæрра кæндзынæн —йæ маст тондзæни. Фыр- дызæрдыгæй йыл сафрон бафтдзæни. Æз куы смæсты уон — .хатыр нæ зонын. Гъеахæм у ме ’фсæн зæрдæ. Пистол. Ды сыгьдæг мастисыны бардуаг дæ. Æз цæуын .дæ фæдыл. Размæ! (Ацæуынц.) 4 СЦЕНÆ Уат дохтыр Каюсы хæдзары. Вацæуынц ми с си с Куикл, С и мп л æмæ Джо н Р е гби. Куикл. Æрбайхъус-ма, Джон Регби. Уайгæ æмæ рудзын- тæй акæс, цымæ нæ хицау дохтыр Каюс нæма æрбацæуы. Хуы- -цау бахизæд, фæлæ хæдзары æцæгæлон искæй куы фена, уæд ’фегад уыдзысты не ’гъдæуттæ дæр, стæй нæ дзæбæх англисаг •æвзаг дæр. Р е г б и. Хорз, æз хъахъхъæндзынæн. Куикл. Ауай. Æз дын изæры хъарм сæны нуазæн ратдзы- ттæн сæкæримæ. Къонайы цур баддзыстæм æмæ нуаздзыстæм, зынджытæ куы фæцæйхуыссой, уæд. (Р е гб и ацæуы.) Гъе, ай дын æгъдауджын, коммæгæс, хæларзæрдæ цумагæ- нæг! Ахæм æххуырст ничи ссæрдзæн: нæдæр дам-дум кæны, нæ- дæр хъаугъа. Æрмæст бæллæх: æгæр кувы, ис æм уыцы аипп. ’Цæй, хорз, æнæаипп нæ ничи у! (Симплæн.) Дæ ном угсдæ Симпл у, зæгъыс? С и м п л. О, хуыздæр ном мын не ссардтой. К у и к л. Æмæ мистер Слендер дæ хицау у? зз^
С и м п л. Мæ хицау. Куикл. Уый кæцы Слендер? Мæнæ стыр зачъеджын? Тым- был æмæ сæвджын, залмысыфы хуызæн? С и м п л. 1<уы нæ! Цæй зачъе? Уый мæнæ ахæм къаннæг у,. фæлурс цæсгомджын, хæрз чысыл бур зачъеимæ. Куикл. Æнхъæлдæн, хæрз саби адæймаг у уыцы Слендер?' Симпл. О. Фæлæ куы бахъæуа, уæд йæхицæй лæмæгъдæ- рыл фæтых уыдзæн. Иухатт суанг тæрхъусдарæджы æххуырсти- мæ дæр рахыл ис. Куикл. Цытæ дзурыс? А, уæдæ йæ зоиын. Уый мæнæ йæ< къахфындзтæ размæ чи хæссы, йæ сæр та — схъæлæй, уый у?" Мæнæ афтæ... С и м п л. Уый у, тæккæ дæр уый. Куикл. Гъемæ хорз, хуыцау зæгъæд Аннæ Пейджæн ахæм. мой! Зæгъ уæздан Эвансæн, æз кæй бацархайдзынæн де ’лдарьг тыххæй. Аннæ Пейдж — хорз чызг у, æмæ мæн бафæндид... Регби (фæссценæйæ). Бæллæх! Бæллæх! Хицау æрбацæуы!: Куикл. О, мардзæн нæ! (Симплæн.) Рауай-ма, лæппу, ацы чырыны абад иучысыл. (Симпл æмбæхсы чырыны.) Хицау ам бирæ нæ фæуыдзæни. (Хъæр кæны.) Эй, Джон Рег- би, Джон, цы фæдæ? (Бацæуы Каю с. Цыма йæ Ку икл нæ уыны, уыйау.} Цæугæ, Джон, абæрæг кæн хицауы. Куыд æрæгмæ цæуы йæ хæдзармæ., Кæд рынчын фæци? (Зары.) «Фæндагыл чидæр рацæуы заргæ»... Каюс (кæсы йæм дызæрдыгæй). Цы зарыс уый? Иæ уарзын ахæм зарджытæ. Сис-ма мæ чырынæй æмæ мын рахæсс хосты чыргъæд. Бамбæрстай, цы загътон? Цъæх чыргъæд! Куикл. Ныргæккæ. (Фæрсмæ.) Хорз у, йæхæдæг кæй нæ баныд хос сисынмæ. Чьтргъæды уыцы лæппуйы куы ссардтаид, галау мæ йæ сыкъатыл систаид. (Ацæуы.) К а ю с. Уф, уф,- уф! Бæстæ судзы. Мæн та цæуын хъæуы къаролы галуанмæ цавæрдæр стыр хицауы дзæбæх кæнынмæ. К у и к л (баздæхы). Мæнæ ацы чыргъæд, сэр? Каюс. Æрæвæр æй мæ дзыппы. Тагъддæр, тагъддæр! Фез- мæл! Цы фæци уыцы гамхетт Регби? Куикл (хъæр кæны). Эй, Джои Регби! Джон! Бацæуы Р е г б и. Р егби. Мæнæ! , К а ю с. Къæбыс Регби, райс мæ кард æмæ рауай мæ: фæдыл къаролы галуанмæ. Р е г б и. Хъусын, сэр. 340
К а ю с. О дæлимон, байрæджы мын! Ницы мæ ферох и? Уым, чырыны, мæ хосы кæрдæджытæ. Рахæсс сæ къаролы га- луанмæ! Куикл. О ме скæнæг хуыцау! Чырыны куы ссара уыцы лæппуйы— ферра уыдзæн! К а ю с. 0 дæлимон, дæлимон! ** (Бацæуы æмæ бакæны чы- рын.) Ай чи у мæ чырыны? Къæрных, абырæг! (Сласы Симплы. йе ’фцæгготæй.) Регби, æри-ма кард! Ку и кл. Сударь, цы кодтай? Æрсабыр у! К а ю с. Цы, цы? Цæмæн æрсабыр уон? К у и к л. Баууæнд, ацы лæппу тыиг хæрзæгъдау у. К а ю с. Цы ми кодта уыцы ’гъдауджын мæ чырыны? Æгъ’- дауджын искæй чырыны нæ фæбады! Куикл. Мæсты ма кæн, сударь, æгæр схъиуаг никуы бæз- зы! Байхъус рæстдзинадмæ. Ацы лæппу курдиатимæ æрбацыди уæздан мистер Эвансæй. К а ю с. Хорз, хорз... Симпл. Ард хæрын, сударь, æцæг у. Йæ уæздандзинад мæ æрбарвыста миссис Куиклмæ, цæмæй уый... К у и к л. Дæ дзыхыл хæц! К а ю с. Нæ, ды хæц дæ дзыхыл! Уый та уадз æмæ дзура!' Симпл. Мистер Эванс куры ацы æхсииæй, де ’ххуырстæй, цæмæй сразы кæна мисс Аннæ Пейджы мæ хицауæн, йæдыл... бакомыныл. Ку и к л. Æндæр ницы! Цы, дам, цы? О нæ, фæлтау ме ’вза- гыл сырх зыиг авæрдзынæн, Каюс. Дæу сэр Хуг æрбарвыста? Иттæг хорз! Регби, гæх- хæтт мын! (Симплæн.) Ды иучысыл фæгæдзæ кæн. (Æрбады æмæ тагъд-тагъд фыссы.) Куикл (сабыргай Симплæн). Абон ма уæддæр сабыр у. Иннæ хæттытау куы смæсты уыдаид, бæстæ йæ сæрыл спсид — аралло кæиид, абухид арсау. Фæлæ ницы кæны, дæ хицауы тыххæй алцыдæр — ме ’вджид. Æрмæст бæллæх у мæ хицау, ацы францаг дохтыр — йæхæдæг... Æз æй мæ хицау хонын, уы- мæн æмæ йын хæдзаргæс дæн — фыцын бæгæны, æхсын гæрс- тæ, кæнын хæринаг, æвæрын пту, хуыссæнтæ кæнын... С и м п л (сабыргай уымæн). Æнцон дын нæу! Ку и кл (сабыргай уымæн). Ай-гъай нæу. Ныххуыссын æрæ- джиау, сыстын раджы æмæ мын бон-изæрмæ æрынцой нæй... Уæдæ зон: мæ хицау, сусæгæй дьш æй зæгъын, йæхæдæг уарзы мисс Аннæ Пейджы. Уый йын, ай-гъай, нæ бакомдзæн, уымæн æмæ æндæры уарзы. Каюс (фыстæг дæтты Симплмæ). Эй, ды, маймули! Хæсгæ- ацы фыстæг мистер Эвансмæ. Хъуамæ йæ ахуыфон дуэлы. Кард. 341;
ын атъысдзынæн йæ хурхы Виндзоры хъæды. Æз бацамондзы- нæн уыцы маймулийæн искæй хъуыддæгты йæ фындз тъыссын... 0, о, ды та цæугæ дæ хæдзармæ. Дæу ницуал хъуыддаг ис мæ чырыны. Дæлимон! Ралыг ын кæндзынæн йæ былтæ æмæ йæ хъустæ! (Симпл ацæуы.) Куикл. Уый йæхицæн куы нæ архайы—йæ хæларæн. Каюс. О, йæхицæн, йæ хæларæн — мæнæн уæлдай нæу! Дæхæдæг мьгн загътай: Аннæ Пейдж смой кæндзæн æрмæст дохтыр Каюсæй. Æз маргæ кæнын уыцы мæнгард, уыцы хуы- рым Эвансы. Секундантæй райсдзынæн «Зæнгбæттæны» хица- уы. Дæлимон! Аннæ Пейдж мæн уыдзæни, мæн! Ку и кл. Сэр, ды хорз зоныс, чызг дæ фæдыл кæй сæрра ис. Ард хæрын, дæу уыдзæн. Адæм та уадз æмæ дзæигæда цæгъ- дой. К а ю с. Регби, рауай мæ фæдыл къаролы галуанмæ.— Ард хæрын, Аннæ Пейдж мæ къухы нæ бафтыд — ардыгæй фæйнæр- дæм хаудзыстут, уæ сæртæ размæ, афтæмæй. Цом мæ фæдыл, Регби! (Тагъд-тагъд ацæуы, Регби дæр — йæ фæдыл.) Куикл. Ай-гъай, сударь, дæу уыдзæни Аннæ. (Ахгæны ду- ар.) Уæдмæ уал лæуу! Дæ хъустæ схъил кæн! Æз хорз зонын, мæхи Аннæйы цы фæнды, уый. Виндзоры йæ иунæг ус дæр нæ зоны мæ хуызæн, æмæ мæнæй хуыздæр иумæ дæр нæ хъусы. Ф е нт о ны хъ æ лæ с: «Гъей, чи ис уым, мидæгæй? К у и к л. Чи дæ? Мидæмæ, сударь! Бацæуы Ф ент о н. Фентон. Фарн ам, хорз ус Куикл! Куыдтæ цæрыс? Куикл. Бузныг. Тынг æвзæр нæ, иугæр мæ дæ хуызæн уæз- дан джентлмен фæрсы, уæд. Ф е н т о н. Цы ног хабар ис? Цы хуызæттæ у саурæсугъд мисс Аннæ Пейдж? Ку и кл. Раст зæгъыс, сэр^ æцæг у саурæсугъд, æгъдауджын, сыгъдæгзæрдæ чызг, нæхи мисс Аннæ æмæ дæ иузæрдион æну- выд хæлар,— сусæгæй дын æй зæгъын. Фентон. Уæд, дæумæ гæсгæ, куыд у мæ хъуыддаг? Мæ къухы бафтдзæн? Куикл. Кæй зæгъын æй хъæуы, сэр, уый хуыцауæй араз- гæ у. Фæлæ уæддæр, мистер Фентон, ард хæрын, уый дæу уар- зы. Дæ уæздандзпнад, цымæ дæ уæлтъыфал стъæлф æрдзæй рахастай? Ф е н т о н. О, фæлæ уый цы давы? К у и к л. Ныртæккæ йæ базондзынæ. Ох, цы худæг у уыцы Аннæ Пейдж! Знон мах æнæхъæн сахат фæдзырдтам уыцы стъæлфы тыххæй. Ох, амардта мæ худæгæй. Фæлæ йæхæдæг 342
худыныл нæ уыди. Уый бадтис æнкъардæй, сагъæсгæнгæ. Ахæм æнкъард, ахæм сагъæсгæнаг! Цы бæрæг и, кæд дæу тыххæй у æнкъард, дæ фæдыл у йæ сагъæс, сэр... Фентон. Тæккæ абон æй фендзынæн. Мæнæ дын æхца, æмæ ма рох кæн мæ хъуыддаг. Бацархай мæн тыххæй. Мæнæй; йæ раздæр куы фенай — адзур-иу ын истытæ мæ номæй. Куикл. Гуызавæ ма кæн. Иннæ хатт куы фембæлон дæ- уæздандзинадыл, уæд та дын ноджы фылдæр радзурдзынæн дæ^ цæсты уæлтъыфалы стъæлфы тыххæй æмæ дæ зæрдæдарæн рæ- сугъд мисс Аннæйы фæдыл зилджыты тыххæй. Фентон. Цæй, хæрзбон, æз тагъд кæнын. (Ацæуы.) Ку икл. Фæндараст, дæ уæздандзинад. Гъеуый дын æгъдау- джын усгур. Фæлæ йæ хъуыддаг хорз нæу. Аннæ йæ цыма нæ- уарзы. Æз æй нæ зонын, уый зæрдæйы цы ис? Дæлдзæх фæуæнг иууылдæр!.. Цымæ цы кæнынмæ хъавыдтæн? Мæнæ мæ куыд. байрох и! (Ацæуы.)
1 СЦЕНÆ Пейджы хæдзары раз. Бацæуы æ х с ин П ейд ж фыстæг кæсгæйæ. Æ х с и н П е й д ж. Диссаг нæу? Никæд истон фыстæджытæ, тдæ тæккæ рæсугъдыл æмæ ма æрыгон куы уыдтæн, уæддæр. Ныр мæм æрхаудта уыцы кад. Фенæм æй. (Кæсы.) «Ма мæ фæрс, цæмæн дæ уарзын, уымæй. Уымæн æмæ кæд уарзондзи- над зонды бафæрсы дохтыры фæрсæгау, уæддæр æм хъусгæ нæ кæны. Ды æрыгон нæ дæ, нæ дæн æрыгон æз дæр. Гъеуый адыл хъуамæ кæрæдзи бамбарæм. Ды хъæлдзæг дæ, æз дæр афтæ. Ха-ха-ха! Уый та дын дыккаг аххос не ’муддзинадæн. Ды уар- зыс сæн херес, æз дæр уарзын херес. Цы ма хъуамæ баиу кæ- на æнгомдæр дыууæ уды? Зон уæдæ, миссис Пейдж, æмæ бау- уæнд салдаты ныхасыл, æз уарзын дæу! Нæ дын зæгъын: «Фæ- тæригъæд мын кæн», уымæн æмæ ахæм ныхæстæ нæ фидауынц æфсæддоныл. Æз дын зæгъын комкоммæ: «Бауарз мæ». Уæдæ уал айс зæрдæйы арфæй Æхсидгæ арфæ Джон Фалстафæй, Уый дæу хъаймæтмæ афтæ уарзы,— Фыдгулты бирæ ’фсад дæ разы ’ Ныддæрæн кæнид тохы карзы! Дæ дзуапмæ дын кæсдзæии, зон, Дæ хорз цагъар; Сэр Фалстаф Джон». Ах, уыцы дзуттаг ирод! О хæлд дуне! Нæ кæсут уыцы зæронд хæррæгъмæ, змисæй амад мæсыгау æрызгъæлынмæ хъавы, аф- тæмæй мын йæхицæй сылты фæдыл хæтаг лæппу аразы. Куыд мæм бауæндыд, æдзæсгом, афтæ фыссын! Искуы йæ разæнгард бакодтон уыцы фламандиаг къуприйы? Дыууæ хатты дæр куы никуы фембæлдыстæм. Цы йын загътаин? Цымæ йæ разы нæ- дæр хъæлдзæг уыдтæн, нæдæр æргомныхас — хуыцау бахизæд! 344
Парламенты раз хъуамæ фарст æрæвæрон лæгты мыггаг сыс- къуыныны тыххæй! Ныр дзы куыд райсон мæ мас’т? Бафхæрын та йæ уæвгæ хъæуы. Æнæмæнг! Йæ тыхнад хытъын хъуамæ фæтæнæгдæр уа! Бацæуы æхсин Форд. Æхсин Форд. Æхсин Пейдж! Æз дæумæ куы фæцæй- цыдтæн... Æ х с и н П е й д ж. Æз та дæумæ, æхсин Форд. Æыæниз дæ? Дæ хуыз цыма фæцыди... Æ х с и н Ф о р д. О, нæ, рæдийыс! Ард хæрып, ды раст кæи нæ дæ, ууыл. Æ х с и н П е й д ж. Уæдæ баууæнд, хорз нæу дæ хуыз. Æ х с и н Ф о р д. Цæй, фод де ’рдыгонау. Уæвгæ та дын зæгъгæ куы коцтон, мæнмæ ис æхсызгон цыдæр хæрзхуыз уæ- вынæи... О, æхсии Пейдж, баххуыс мын кæн! Æ х с и н П е й д ж. Цы хабар у, мæ зынаргъ? Æ х с и п Ф о р д. Ах, мæ зынаргъ, иучысыл цыдæр мæ куы нæ хъыгдарид, уæд стыр кад скæнин мæхицæн. Æ х с и н П е й д ж. Дæ хъус ма дар чысыл цыдæртæм, ар- хай дæхицæн стыр кад скæныиыл. Цы хабар у? Æхсин Форд. Тæригъæдæй куы нæ тæрсии, уæд хотых- дарты мыггагмæ бахауин. Æ х с и н П $ й д ж. Цытæ дзурыс, цы? Иыууадз, дæ хорзæ- хæй! ,Сэр Алиса Форд! Цæй хæцæг-хотыхдар дæ ды?.. Нæ, фæл- тау, ме ’рдыгонау, хæсс дæхи сыгъдæг намысджын ном: æхсин Форд. Æ х с и н Ф о р д. Уæвгæ, æгъгъæд у дзæгъæл дзæнгæдайæн. (Сисы фыстæг.) Гъа-ма бакæс, бакæс æмæ фенай, мæ бон куыд уаид хотыхдары ном райсыи. Цалынмæ мæ цæстытæй рухс уы- нон, уæдмæ тыппыр лæгтæ ме ’нæуынон уыдзысты! Йæхи ахæм хæрзæгъдауæй дардта, афтæ æппæлыд сылгоймаджы хæдæф- , сармдзинадæй, фаудта æнæуагдзииад. Зæгьын, йæ ныхæстæ йæ хъуыддæгтимæ иу сты. Афтæмæй та се ’хсæн хæхтæ æмæ бы- дыртæ ис. Цавæр денджызон уылæн æрбаппæрстаид Виндзор- мæ уыцы стыр кæфы, йæ гуыбынæй цалдæр боцкъайы сой кæ- ,мæн æртаид! Зынджытыл æй куы скафын кæпин! Хорз уаид, псты ныфс ын раттын æмæ йæ ахъизæмар кæнын кæ æнхъæл- мæ кæсынæй... Уадз æмæ мондæгты артыл фыца йæхи сойы. Искуы исты фендæуыди ахæмæй? Æ х с и н П е й д ж (кæрæдзийыл бары фыстæджыты). Дзыр- • дæй дзырдмæ, дамгæйæ дамгъæмæ-иу. Æрмæст сæ иуы ис «сау- рæсугъд æхсин Пейдж», иннæйы та «тæмæнтæкалæг æхсин Форд». Æндæр — ,ницы хииæндзинад. Фæлæ цæмæй æгæр ма мæсты кæиай ацы хъыгаг æнахуыр хабарыл, уый тыххæй дын .345
хъуамæ равдисон иу цыдæр. Мæнæ дæ фыстæджы фаззон. Фæ- лæ мах фæыдаг ратдзыстæм дæуонæн, мæнон та баззайæд мæ- химæ. Уыцы хытъынмæ, æвæццæгæн, ахæм фыстæджытæ рага- цау цæттæгонд ис сæдæтæ, æмæ сæ февæры æрмæст нæмттæ. .Мах фыстæджытæ, æвæццæгæн, дыккаг рауагъд сты. Рæхджы ■сæ мингæйттæй мыхуыр кæндзæн æмæ уый тыххæй йæхимæ дардзæн мыхуыры пресс. Уымæн та цы уæлдай у, йæ прессы бын чи фæнды, кæнæ цы фæнды уæд. Фæлæ æз уыйфæлтау уæйыг фестыныл сразы уыдзынæн, цæмæй фæуон Пелион хохы бын. Фехæлдысты лæгтæ! Æхсин Форд (кæсы мыссис Форды фыстæа). Æцæг, раст ахæм у уый дæр. Иу къух, иу ныхæстæ... Бынтон бæрзонд нæ не ’вæры! Æ х с и н П е й д ж. Чи зоны, адæймаг йæхæдæг у азым- .джын. Æвæццæгæн, æз мæхи нæма зыдтон. Уый хыгъд мæм уый :зоны цавæрдæр лæмæгъ бынат. Æмæ мын æм уыцы уæндонæй хъавгæ дæр уымæн бакодта. Æхсин Форд. Уый «лæмæгъ бынат» хоныс? Сомы дын кæнын, уый мæнæн иунæг лæмæгъ бынатмæ дæр нæ баирвæз- дзæн. Æхсин Пейдж. Стæй мæнæн дæр. Уый мæнмæ исты куы •ссарид—■ мæхи æвдисгæ дæр никæмæуал ракæнин. Бахъæцæд, мах ын йæ аккаг ми бакæндзыстæм. Ныфсытæ йын бавæрдзыс- тæм фембæлынæй, стæй йæ йæ фындзæй фæралас-балас кæн- дзыстæм, цалынмæ бынтон не сгæвзыкк уа æмæ «Зæнгбæттæ- ны» хицауæн йæ хæлаф цъындыйы не ’рæвæра, уалынмæ. Æхсин Форд. Зоныс, мæ зынаргъ, уыцы зæронд лæзæрд хæтæнхуагæн йæ бон базонын кæныны тыххæй æз ницы бавгъау "кæндзынæн... кæй зæгъын æй хъæуы, мæ намысæй фæстæмæ. 0, ныр мæ мой куы фенид ацы фыстæг! Цæрæнбонтæм мыл сды- зæрдыг уаид. Æхсин Пейдж. Гъе, кæй кой кæнæм — уæртæ йæхæдæг дæр мистер Форд, йемæ нæ лæг дæр. О, хæдæгай, нæ лæг Пейдж гуырысхойæ дард лæууы, æз та — уый сайынæй. Кæрæ- дзи тæригъæды нæ цæуæм. Æхсин Форд. Ехх, ды мæнæй амондджындæр дæ, æхсин Пейдж! Æхсин Пейдж. Нæ фæлæ ахъуыды кæнæм уыцы фиу- джын хотыхдарæй нæ маст райсыныл. Цом мæнæ ардæм. Æрбадынц бæласы бын. Дыгæйттæй бацæуынц Ф о рд æмæ Пис т ол, стæй та П е йд ж æмæ Н и м. Ф о р д. Уæддæр мæн ныфс ис, уый афтæ кæй нæ уыдзæн, уымæй. 346
Пистол. Ныфс ахæм ран рæйаг куыдз у æрмæст! Сэр Джон Фалстаф дæ усы фæдыл зилы. Ф о р д. Омæ, сэр, мæ бинойнаг ахæм æрыгон нал у. П и с т о л. Джон ахсы алкæй — ногæй уа, зæрондæй, Мæгуыр, хъæздыг, уæздан æви гæвзыкк — Цыфæнды маргъæн ацæгъды йæ пакъуы. Форд, хъахъхъæн дзы!.. Ф о р д. Ай дын диссаг — уарзы мын мæ усы! П и с т о л. О, уарзы йæ йæ фиуæйдзаг зæрдæйæ, Ста^й артау судзаг игæрæй, ай-гъай. Дзæбæх æм кæс! Кæннод рæхджы дæ сæрыл Тæссаг цыдæртæ разайдзæн... Ф о р д. Цытæ уæд, сэр? П и ст о л. Сыкъатæ, саджы! Цæй, ныр та хæрзбон! Дæ усмæ кæс, фæзынд къæрныхтæ бирæ, Дæ усмæ кæс, кæннод сæумæцъæхæй Нæма ныууасдзæн гæркъæраг, дæ сæрыл Сыкъатæ зайын байдайдзæни уæд.— Цæй, цом, капрал! — Пейдж, баууæнд ыл: цы дын зæгъы, уый раст у. (Ацæуы.) Форд. Быхс, быхс, мæнæй уый, базон уал рæстдзинад! Ним (Пейджгзн). Иттæг раст дын зæгъын, сэр. Ме «’фсæй- наг» зæрдæ мæнгдзинад нæ уарзы. Уый мæнæн бафхæрдта ме «’фсæйнаг» зæрдæ — домдта мæ, цæмæй йын йæ уарзондзинады фыстæг ахастаин дæ усмæ. Фæлæ мæнмæ ис кард æмæ бахъуа- джы заман хорз зоны рæхойын. Фалстаф та дын уарзы дæ усы, гъе, афтæ! Мæн хонынц Капрал Ним. Бахъуыды йæ кæн: мæи хонынц Ним, Фалстаф та уарзы дæ усы. Хæрзбон. Æз нал хæ- рын Фалстафы цыхт æмæ кæрдзын! Нал сæ зæгъы ме «’фсæй- наг» зæрдæ. Хæрзбон. Ацæуы. Ф о р д æмæ П е й д ж джихæй баззайынц. Пейдж. Цы ’взагæй дзуры ацы капрал: «æфсæйнаг» зæр- дæ, «æфсæйнаг»... Хуыздæр дзырд не ссардта англисаг æвза- джы. Ф о р д. Хъуамæ хурмæ рахæссон уыцы Фалстафы! Пейдж. Никуыма федтон ахæм фыдæвзаг æмæ дзæгъæл- дзых æнаккаджы! Ф о р д. Æмæ ноджы расг куы разыной? Уæд та?.. Пейдж. Нæ баууæндин уыцы дыдзæсгомыл, суанг епископ куы дзурид йæ сæрыл, уæддæр. Форд. А Пистол мæм уæддæр æмбаргæ лæппу кæсы... Фæ- лæ, цæй, фендзыстæм. 347
Бацæуынц сæм æ х сиит æ П ейдою æмæ Ф ор д. П ейдж. Цæй, куыд,, Мег, цы хабæрттæ ис? Æхсин Пейдж. Кæдæм араст дæ, Джордж? Æрбайхъус* ма... (Дзурынц хибарæй.) Æхсин Форд. Цы дыл æрцыд, мæ ахсджиаг Френк? Цæуыл æнкъард дæ? Форд. Æнкъард? Нæ. Тынг хъæлдзæг дæн. Уайгæ-ма нæ- химæ. Уайгæ, уайгæ. (Йæхи йыл агигъ кæны.) Æхсин Форд. Уый дын гъе! Цыдæр æдылы хъуыдыты та адзæгъæл ис.— Цом, æхсин Пейдж. Æхсин Пейдж. Цом. (Иæ лæгæн.) Сихормæ ма байрæ- джы кæн, Джордж. (Сабыргай, æхсин Фордæн.) Кæс-ма, чи æрбацæуы ардæм. Гъе, уый арвитдзыстæм уыцы гæвзыкк хо- тыхдармæ! Æхсин Форд. Бауырнæд дæ, æз дæр ма уый ахъуыды кодтон. Уымæй хуыздæр никæй ссардзыстæм ахæм хъуыдда- гæн. Бацæуы К у и кл. Æхсин Пейдж. Мæ чызг Аннæйы бæрæггæиæг æрба- уадтæ? Куикл. О, æхсин. Цы хуызæн у дзæбæх мисс Аннæ? Æхсин Пейдж. Цом мидæмæ, фенай йæ. О хæдæгай, æнæуи дæр иæ хъуыдтæ иу хъуыддагæн. У с т ыт æ бацæуынц мидæмæ. П е й д ж. Цæй, куыд, мистер Форд! Ф о р д. Фехъуыстай, цы мын загъта уыцы мæнгард? Пейдж. 0, æмæ ды фехъуыстай, мæнæй цы загъта иннæ? Ф о р д. Афтæ дæм кæсы, сæ ныхæсты исты рæстдзинад ис? П е й д ж. Дæлдзæх фæуæнт, æнаккæгтæ! Никуы мæ бауырн- дзæн, уыцы хотыхдар нæ устытæм сдзурын бауæнда, уый. Стæй дыууæ дзырдхæссæджы дæр Фалстафы фæсдзæуинтæ уыдысты, расырдта сæ,- дыууæ цæстфæливæджы баззадысты æгуыстæй. Ф о р д. Уæдæ уый фæсдзæуинтæ уыдысты? П е й д ж. Ай-гъайдæр. Ф о р д. Уый ницы давы. Цæргæ та кæм кæны? «Зæнгбæт- тæны» уазæгуаты? П ей дж. О, уазæгуаты. Кæд æцæг сфæнд кодта мæ хæдзар- мæ бахъуызын, уæд ын æз ныууадздзынæн мæ дуæрттæ гомæй, æмæ дзы цы цæуинаг уа, уыдон мæхиуыл æрцæуæнт. æхсæрвар- сы цæфтæй æмæ æлгъыстæй фæстæмæ. Ф о р д. Æз дæр æууæндын мæ усыл. Фæлæ мæ нæ фæнды, дыууæйæ сæ ныууадзон, уый. Иуæй-иу лæгтæ æгæр æууæндаг вæййынц. Æз мæхионыл мæ сæр лыгмæ не ’рывæрин. Дзæгъæ- лы ныфсытæ мын ма ’вæр. 348
Пейдж. Кæс-ма, мистер Форд. Æрбацæуы «Зæнгбæттæны» дзæнгæдацæгъдæг хицау. Цыдæр хъæлдзæгхуыз у абон. Кæнæ йæ сæры нозт и, кæнæ йæ чыссæйы æхца. (Бацæуы уазæгуаты хицау.) Цы хуызæттæ дæ, хицау? X и ц а у. Дæхæдæг цы хуызæттæ дæ, хорз лæг? 0, уый æцæг джентлмен куы дæ! (Фæзмы йæ.) Эй, мæ хæлар тæрхоны лæг, цы фæдæ? Шеллоу (бацæуы лæф-лæфгæнгæ). Мæнæ, мæнæ, хицау!— -Салам дын фараст хатты, мæ лымæн мистср Пейдж! Цом ие- мæ— абон диссаджы цыдæр фендзыстæм. Хицау. Радзур сын, цы уыдзæн, уый, мæ хæлар тæрхоны .лæг. Цæй, дзургæ сын, дзургæ? мæ кадджын хæлар! Ш е л л о у. Сэр, абон дуэлы хæцынц уэлсаг сауджын сэр Гуг ,Эванс æмæ францаг лечъыр Каюс. Ф о р д. Мæ зынаргъ хицау, дыууæ пыхасмæ. X и ц а у. Цы зæгъдзынæ, хорз лæг? (Хибарæй иыхас кæнынц.) Шеллоу (Пейджæн). Немæ цæуыс дуэль уынынмæ? Нæ хъæлдзæг хицау секундант уыдзæн. Бынат сын бацамыдта хæ- цынæн хицæн æмæ хицæн рæтты. Уыцы сауджын, дам, хуымæ- "тæджы у! Радзурон дын, цæмæй худæг уыдзæн, уый. (Иуварс æй акæны æмæ сусæгæй дзурынц.) Хицау (Фордæн). Тæрхондонмæ, дам, дæттыс мæ хытъын- „джын хотыхдары, мæ хæларзæрдæ уазæджы? Форд. Куы нæ, цæй тыххæй? Хъус-ма! Иу хъуырау дын мæнмæ хъармгонд херес, æрмæст мæ базоцгæ кæн Фалстафимæ ■æмæ йын зæгъ, мæ мыггаг Форд нæ, фæлæ Брук кæй у, уый. Нæ хотыхдар ахъазын уарзы. (Шеллоуæн.) Цæуæм, уæдæ,- мæ хæлар? Ш е л л о у. Мах цæттæ стæм, хицау. Пейдж. Уыцы францаг, дам, тынг арæхсы кардæй. Шеллоу. Уый ницы у, сэр, хъуыддаг зæрдæмæ гæсгæ у, .лæгдзинадæй, сэр, арæхсынæй нæ фæлæ. Кæддæр æз цыппæр- тæйттимæ хæцыдтæн, æмæ-иу уырытау фæлыгъдысты, арæхст- дзйнад циу, уый та зонгæ дæр нæ кодтон. Хицау (сиды). Мæ фæдыл, лæппутæ, мæ фæдыл! Уайгæ! Пейдж. Цом, æниу, бауырнæд уæ, нæ уарзын хæцыимæ "кæсын. Æлгъит цасдæриддæр, фæлæ хæцгæ — цæмæн? (Ш е лл о у æмæ П ейдж ацæуынц хицау ы фæдыл.) Ф о р д. Пейдж æууæндаг æдылы у. Æгæр йæ зæрдæ дары *<æ усыл. Мæнæн мæ бон нæу мæ зæрдæйæ гуырысхо асурын. Пейджмæ куы уыдыстæм, уæд ме ’фсин æдзухдæр Фалстафы цур лæууыди. Цы ми кодтой — нæ зонын, фæлæ йæ базондзы- 349
нæн. Брукы номимæ, цыма кæнгæцæсгомы, алцыдæр базондзы- нæн Фалстафæн йæхицæй. Кæд ме ’фсин сыгъдæг уа — мæ фыг дæбæттыл фæсмон нæ кæндзынæн. Кæд нæ... Уæддæр рæстдзи.- над зондзынæн! (Ацæуы.) 2 СЦЕНÆ Уат «Зæнгбæттæн» уазæгуаты. Бацæуынц Ф ал ст аф æмæ П и с т о л. Ф а л с т а ф. Нæ ратдзынæн иунæг пенни дæр. Пистол. Дæ зæрдæ раст дзæнхъадурæй куы фестид, уæд- дæр мын раттис иучысыл æхца! Ф а л с т а ф. Иунæг пенни дæр нæ. Æгъгъæд дын нæ уыди,, ме стыр ном мын цалдæр хатты кæй ауæй кодтай, уый. Æгъ- гъæд уын нæ уыди, дæу дæр æмæ дæ хуызæн расыггæнаг Нимы: дæр цалдæр хатты ахæстонæй кæй фервæзын кодтон, уый. Æз: уын куы* нæ уыдаин, уæд афонмæ ахæстоны рудзынгæй ракæс- ракæс кæниккат дыууæ хъæддаг лæгау. Æз зындонмæ бахауи- наг дæн, мæ хæлар джентлментæн уæ хорз салдæттæ æмæ хъæ- батыр лæппутæ кæй рахуыдтон, уый тыххæй. Стæй миссис Бри- джеты вееры хæцæн куы фесæфт, уæд ын ард бахордтон мæ- хотыхдары номæй, ды йæ нæ ачъырхтай, зæгъгæ. П и сто л. Æмæ йæ æз куы ауæй кодтон, уæд Йæ аргъæй ды фынддæс пенсы нæ райстай? Ф а л с т а ф. Æмæ уæдæ, де ’рдыгонау, æз сомытæ бынтон- лæвар хъуамæ кæнон? Цæй, банцай, мауал ралли-балли кæн мæ фæдыл, æз дын ауындзæн нæ дæн. Цыбыр кард æмæ искæй: дзыпп — дæу æндæр ницы хъæуы. Цæугæ дæ мыггаджы фидар- мæ — стигъгæ кæм кæныс, уыцы фæндагмæ. Æнаккаг! Мæ фыс- тæг ахæссыныл не сразы ис: мæ ном, дам, дзы æгад кæны. У, бын кæмæн нæй, уыцы цъымара! Цыма нæ зоны, хъуыддаджьг тыххæй мæхæдæг дæр кæй нæ фæхъуыды кæнын мæ номыл. О, о, æз, мæхæдæг бахъуаджы ран, сæхгæнын мæ цæсгом, аивын къам, афæливын, фæсайын,— ды та, дзæгъæлхæтæг, дæ абырæ- джы митæ, дæ цæлгæнæйнаг тутт ныхæстæ æмæ фыдæвзаг дæ- мысгæ намысы бын бамбæхсынмæ хъавыс! Уый йын йæ номг фегад кодтаид! Пистол. Фæсмон кæнын æмæ сæттын. Æндæр ма Цы фæдомдæуы а зæххыл лæгæй? Бацæуы Р об ин. I Р о б и н. Сэр Джон, цавæрдæр сылгоймаджы ’фæнды даг фенын. 350
Ф а л с т а ф. Рацæуæд. Бацæуы Куикл. Робин æмæ П ист о л ныхас кæнынц иуварс. Куикл (æрбадгæйæ). Дæ райсом хорз, дæ уæздандзинад! Ф а л с т а*ф. Дæ райсом хорз, рæсугъд æрыгон æхсин. К у и к л. О нæ, сударь, бар ратт, фæлæ æз æрыгон æхсин иæ дæн. Ф а л с т а ф. Уæд та саурæсугъд чызг. Ку и к л. О сэр, мæ мад цы хуызы ардта мæн, Æз дæр нырма раст уын хуызæн чызг дæн. Ф а л с т а ф. Уырны мæ. Гъемæ дæ цы хъæуы мæнæй! Куикл. Хъуамæ дын дыууæ ныхасы зæгъон, сэр. Фалстаф. Фæнды дыууæ мин ныхасы, саурæсугъд. Хъу- -сын дæм зæрдиагæй. Куикл. Ам, Виндзоры, сэр, цæры цавæрдæр æхсин Форд. (Робин æмæ Пыстолмæ фæкæсгæйæ.) Сэр, дæ хатырæй, хæс- тæгдæр мæм рацу. Æз мæхæдæг дохтыр Каюсмæ цæрын, сэр. Ф а л с т а ф. Тынг хорз! Иемæ æхсин Форд?.. Куикл. Ныхас дæр ууыл у. Фæла:, дæ хорзæхæй, сэр, иу- варс алæууæм. Фалстаф. Ард хæрын, ничи нæм хъусы.,Уыдон мæ адæм сты, мæ адæм. К у и к л. Ах, дæу сты! Хуыцау сæ фыдæй бахизæд, стæй канд .дæу нæ, фæлæ сæ йæхи бар бакæнæд. Ф а л с т а ф. Йемæ уæдæ æхсин Форд!.. Куикл. Ахæм хæларзæрдæ ус никуы федтон... О хуыцау, цы хинтæ зоны дæ уæздандзинад! Хуыцау ныббарæд дæ тæ- ригъæдтæ дæуæн дæр, уегасæн дæр. Ф а л ст а ф. Æмæ уæддæр цы æхсин Форд, æхсин Форд цы? К у и к л. Цыбыр дзурай, даргъ, сæрра йæ кодтай. Æнтысгæ та дын куыд бакодта? Уый диссаг у! Кьаролмæ æввахс уæв- джыты хуыздæртæ —ам, Виндзоры, арæх вæййынц уыдонæй — •ома къаролмæ æввахс уæвджыты хуыздæртæй иуæн дæр нæ •бантысти уый сæр афтæ разилын кæнын. Афтæмæй йыл архай- гæ та кодтой хотыхдартæ æмæ бирæ æндæр джентлментæ. Ба- уырнæд дæ, къарет къареты фæдыл, фыстæг фыстæджы фæдыл, лæвар лæваримæ. Æмæ сегас дæр кодтой духиты тæф — сыгъ- .дæг мускус! — Сæр-сæр кодтой цыллæ æмæ глазийæ! Æниу ца- вæр уарзоны фыстытæ, зæрдиагæй, алигантон! Кæнæ сæ адджи- кæгтæ, сæ сæнтæ—сæ иу сæ иннæмæй зынаргъдæр, адджын- дæр. Æгас дунейыл иу сылгоймаджы бон дæр нæ бауыдаид уыдон раз фæлæууын, уый та йе ’рфыг дæр нæ фезмæлын код- та. Мæхицæн мын тæккæ абон ссæдз сызгъæрин зæды лæвæр- дæуыди, баххуыс, дам, иын кæн, фæлæ мын цы сты сæ зæд- 351
тæ,— æз уыдон фæисын æрмæст уарзон хъуыддаджы тыххæй- Уый та йæ был дæр никуы базмæлын кодта суанг æппæты кад- джындæр уæздæтты лæгъстæтæм дæр, афтæмæй уыдонимæ уы- дысты графтæ, æниу графтæ цы! — къаролы хъахъхъæнджытæ сегас! Фæлæ сæм уый кæсгæ дæр нæ фæкодта. Фалстаф. Омæ дыи мæнмæ цы ’рвыста? Дзур цыбырдæр^ мæ зынаргъ къабадарæг Меркури. Куикл. Афтæ уæдæ: райста дын дæ фыстæг, æрвиты дын мин-мин арфæйы æмæ дын хъусын кæны, йæ лæг сæхимæ кæй. пæ уыдзæн дæсæй иуæндæсмæ. Фалстаф: Дæсæй иуæидæсмæ? К у и к л. Тæккæ дæр, æмæ уæд фæзын æвидигæ ныв фенын- мæ,— дæхæдæг, дам, зоныс, цавæр. Мистер Форд нæ уьгйзæн хæдзары. Ах, куыд хъизæмар ’ЧЙæны, ахæм хъуыр-хъуыргæнаг у — нал дзы фæразы! Ф а л с т а ф. Уæдæ дæсæй иуæндæсмæ, и? Хорз ус, дæ сæрæй йын акув æмæ йын зæгъ: уыдзынæн æм. ’ ’. ’ Куикл. Зæгъдзынæн, сударь. Фæлæ ма дæм æрвыст дæк ноджы кæмæйдæр — уый дæр æхсин у, миссис Пейдж; уый дæр дын æрвиты зæрдиаг арфæтæ. Æмæ дын хъуамæ зæгъоы сусæ- тæй, сэр, уый дэ^р кæй у хæдæфсарм, æгъдауджын, рæстаудæг сылгоймаг, æрвылбон дæр кувгæ кæны аргъуаны райсомæй, стæй изæрæй. Æгас Виндзоры нæй æндæр ахæм сылгоймаг. Уый дæр хъусын кæпы дæ уæздандзинадæн, йæ мой хæдзарæй арæх кæй никуыдæм цæуы, фæлæ кæй ссардзæн рæстæг дæу фенынæн. Ах, никуыма федтои, ус нæлгоймаджы афтæ бауарз- гæ! 'Кæд сыи исты кæлæнтæ кæныс, дæ уæздандзинад? Ф а л с т а ф. Ницы кæлæптæ, бауырнæд дæ. Хæрзуынд, уæйыгарæзт, лæгдзинад—уый дын мæ кæлæнгæнæн миниуджы- тæ. Куикл. Хуыцау дын сæ ноджы фæфылдæр кæнæд! Ф а л ст а ф. Бахъæц-ма, мæ бæлон, куыд æнхъæлыс, уыцы дыууæ усы нæ радзырдтаиккой кæрæдзийæн, кæй мæ уарзынц, уый? Куикл. Гъеуый уаид худæг, гье!.. Фæлæ нæ, ахæм æдылы- тæ сæ ма ’нхъæл. Уый диссаг уаид!.. Æхсин Пейдж куры, цæ- мæй йæм барвитай дæ фæсдзæуины. Ахæм дзæбæх зæрдæ йæм дары, ахæм антипати! — Тынг æгъдауджын адæймаг у уыцы мистер Пейдж. Уый ус’ы цард ’никæмæн ис æгас Виндзоры: цьг йæ бафæнда—алцыдæр ’кæны,— дзуры аергом, æлхæны, дары, хардз кæны æхца, фынæй кæны, кæдмæ йæ фæнда, уæдмæ, сЫсты, цафон æй бафæнда, уæд — цыдæриддæр йæ уды дзæ- бæхæн. Æмæ, раст зæгъгæйæ, уый аккаг дæр у. Кæд Виндзоры 352
драппæлинаг ус <и, уæд уьгй комкоммæ уый у — æхсин Пейдж. Барвит æм дæ фæсдзæуины, æндæр ма цы гæнæн ис! Ф а л с т а ф. -Хорз, фод афтæ. Куикл. Æнæмæнг æй барвит. Уый уе ’хсæн уыдзæн хабар- хæссæг. Гъе, æцæг æрхъуыды кæн исты сусæг дзырд, сывæллон йæхæдæг кæй не ’мбара — цы дзуры, уый. Хорз нæу, сабитæ нæ тæригъæдтæ куы фæзонынц, уæд. Мах, зæрæдтæ — уый хицæн хъуыддаг у: федтам, бавзæрстам цыдæртæ, зонæм нæ дзыхыл ^æцын. Ф а л с т а ф. Фæндараст, мæ бæлон, арфæтæ дыууæйæн дæр. Мæнæ дын чыссæ^ Æмæ зон: нырма дæ хæсджын дæн.— Робин, ауай ацы усимæ. (Р об ин æмæ Куикл ацæуынц.) Æхсызгон мын у ацъг ног хабар! Пистюл (дисгæнгæ кæсы Куиклы фæдыл). Ай нугæнæг Амуры минæвар у! Пистол, йæ фæд&л, аййаф æй, дæ нау Фæбырсы размæ, фехс дæ сармадзантæй! Æрцахс æй! Уый дæу амæттаг сыл у! (Ацæуы.) Ф а л с т а ф. Цæй, куыд дæм кæсынц адон, зæронд Джон? Гъæй кæн ноджыдæр размæ! Дæ зæронд буар ма бацархайдзæн зюджы хуыздæр раздæрæй. Чысыл нæ бахардз кодтон, фæлæ ма мæм аззади цыдæртæ. Бузныг дæуæй, мæ раппæлинаг зæ- ронд буар! Уадз æмæ дæ фауой, гуымиры дæ, зæгъгæ, уый хыгъд фидар дæ, фæразон! Бацæуы Б а р д о лф хересы нуазæнимæ. Б а р д о л ф. Сэр Джон, бынæй дæм æнхъæлмæ кæсы цавæр- д-æр мистер Брук. Фæнды йæ демæ аныхас кæнын. Уый дын æрбарвыста хересы авг. Ф а л ст ъ ф. Мистер Брук, зæгъыс? Б ардт) л ф. Мистер Брук, сэр. Фалстаф. Иттæг хорз, фæсид мистер Брукмæ. (Б а р долф ацæуы.) Уарзъгн ахæм мистер брукты, се ’рбацæуыны размæ фысымы эсересæй чи хынцы. (Сисы нуазæн.) А-гъа, æхсинтæ Форд æмæ Пейдж, рацахстой уæ ме ’нгуыртæй! Уæ цæрæнбон, рæсугъд ус- тытæ! (Нуазы.) Бацæуы Б ард о лф, йæ фæдыл Форд æндæр дарæсы, æхцайы чыссæимæ. <Ф о р д. Хуыцау дын ахъазгæнæг уа, сэр. Ф а л с т а ф. Дæуæн дæр, сэр. Дæу мемæ ныхас кæнын фæн- ды? 23 Шекспир, 2-аг том. 35 *
- Ф о р д. Бахатыр кæн, кæй дæ бахъыгдардтон, раздæр нæ фæхабар кæнгæйæ. Фалстаф. Дæ хорзæхæй. Цы дæ хъæуы, сэр? (Бардол- фæн.) Ауай ардыгæй, цæлгæнæны кусæг! Гъæйда! (Б а рд о лф ацæуы.) Ф о р д. Сэр, æз дæн уыцы лæг, йæ цæрæнбонты бирæ ’хца чи бахардз кодта. Мæн хонынц Брук. Ф а л с т а ф. Хорз лæг мистер Брук, иттæг æхсызгон мын у дæ базоиын. Форд. Хорз лæг сэр Джон, æз сбуц дæн дæу базонгæйæ. Æргом дын зæгъын, сэр Джон: ныртæккæ, ме ’рдыгонау, мæн- мæ дæуæй фылдæр ис уæлдай æхца. Гъе, уый тыххæй дæм, бауæндыдтæн æрбацæуыи дæр æнæхонгæйæ. Адæм афтæ дзу- рынц: æдзух дæ къухы дар æхца, æмæ дæ алчидæр хынца! Фалстаф. 0, æхца — хъæбатыр салдат у, кæмдæриддæр- фæндаг айгæрды. Форд. Раст у, сэр! Мæнæ дын æхцайæ дзаг чыссæ, бастад- тæн йæ хæссынæй. Ныр та йæ ды хæсс, сэр Джон, уыцы уæз. Айс ын йе ’мбис, йе та йегас дæр. Ф а л ст а ф. Иттæг бузныг, сэр, фæлæ нæ зонын, цæмæ гæс- гæ мæм æрхаудта дæуæн хæссæг уæвыны стыр кад? Ф о р д. Æз дын æй зæгъдзынæн, сэр, кæд мæм байхъусдзы- нæ, уæд. Фалстаф. Дзургæ, дзургæ, зынаргъ мистер Брук. Дæ хъуыддаг — ме ’вджид. Ф о р д. Сэр, æз фехъуыстон, ды кæй дæ арфахуыр, æмæ дыууæ ныхасæй дæр бамбардзынæ мæн. Рагæй мæ фæндыди,. фæлæ мын фадат нæ фæци демæ базонгæ уæвынæн. Бар ратт, уæдæ дын раргом кæнон иу сусæг хъуыддаг, æмæ уæд ды бам- бардзынæ мæ иу лæмæгъдзинад. Фæлæ, хорз лæг сэр Джон, дæ хорзæхæй, мæ уыцы аипмæ хъусгæйæ ма рох кæн дæхи тæ- ригъæдтæ дæр! Ныфс мæ ис, раст тæрхон мын рахæсдзынæ,' >ымæн æмæ дæхæдæг дæр æназым никæд уыдтæ. Ф а л с т а ф. Иттæг хорз, сэр. Хъусын дæм. Форд. Ам, Виндзоры цæры иу æрыгон ус. Иæ мойы йын .хонынц мистер Форд. Ф а л с т а ф. А, афтæ у! Гъе, æмæ цы? Форд. Æз уый рагæй уарзын, æмæ, ард дын хæрын^ ни- цы бавгъау кæнин уый тыххæй. Æз зылдтæн йæ фæд-фæд, цы нæ кодтон йемæ фембæлынæн, фыстон бирæ хæрзиуджытæ йæ иунæг фæкастыл. Лæвæрттæ кодтон - алкæмæн, цæмæй æрмæст базыдтаин, йæ зæрдæмæ хуыздæр- цавæр лæвар фæцæудзæн, уы,й: Иудзырдæй, æнцой йын нæ лæвæрдтон, уымæн- æмæ мын мæхицæн дæр æнцой нал лæвæрдта йæ уарзондзинад. Мæ уд 3^4
æр’дуйæ нарæгдæр сси. Фæлæ мæхъизæмæрттæ, мæ’бирæхæрдз- тæ — мурдæр ницы хæрзиуæг рамбылдтои. Цæй хæрзиуæг у\ æппæты стырдæр бриллиантæй мын зынаргъдæр чп слæууыди, уыц’ы æнамонд хъысмæт базонын? Уыцы хъысмæтæй зæгъæн ис поэты дыууæ цыбыр рæнхъæй: Куы тырнæм уарзтмæ, ссарæм ын уæд й’ аууон, Куы лидзæм уарзтæй—баййафы нæ сау бон. Ф а л с т а ф. Гъемæ цы, исты ныфс дын æвæры уыцы æры- гон ус? Ф о р д. Мурдæр ницы! Ф а л с т а ф. Ды та дзы домыс дзуапп? Ф о р д. Никæд! Фа л ст а ф. Ау, уæдæ уый цавæр уарзондзинад у? Ф о р д. Е-и, мæ уарзондзинад разындис ахæм галуан, кæй- &æр зæххыл кæй самадæуыди! Æз фæцух дæн диссаджы гæна- хæй, уымæн æмæ йæ, кæм хъуыди, уым нæ самадтон. Ф а л с т а ф. Æмæ, хатыр, фæлæ уыдæттæ мæнæн цæй фæ- дыл дзурыс, сэр? Ф о р д. О, ды мæм кæронмæ куьг байхъусай, уæд алцыдæр бамбардзынæ! Зоныс, сэр, уыцы ус, ме ’рдыгонау, æгъдауджын зэмæ сыгъдæг у, фæлæ хабар хъус-хъус цæуы, цыма иннæтимæ хатгай вæййы æгæр хъæлдзæг æмæ ахæм митæ фæкæны, гуы- рысхойаг æй чи кæны... Гъе, хъуыддаг дæр уый мидæг ис, сэр Джон. Ды уæздан дæ, иттæг хорз хъомылгонд, дзырдарæхст, джентлмен, дæ мыггаг æмæ дæ уаг, дæ митæй, æфсæддон хъæ- -б’атырдзинад кæмæ ис, ахæм лæг, паддзахæн æххуысгæнæджы зрæхстдзинад æмæ арф ахуыр лæджы зондимæ... Фалстаф. Е-ри-гъа, сэр, æгæр мæ ма стау! Ф о р д. Ды уый дæхæдæг дæр хорз зоныс! (Йæ чыссæ æвæ- ры стъолыл.) Мæнæ ме ’хца, хардз сæ кæн, кæи сæ хардз! Куы дын фæуой, айс та-иу ног. Дæ бар уæнт мæ бынтæ иууылдæр. Фæстæмæ дæ ницы бацагурдзынæн. Æрмæст бахардз кæн иу- чысыл рæстæг æмæ бавзар, уыцы Форды усы намыс æцæг сыгъ- дæг у, æви нæу, уый. Ауадз йæ разы дæ уацаргæнæн миниуджы- ■тæ, дæ уæздан ахаст, йæ сæр ын разилын кæн. Кæд уый искæ- тмæн æцæгæй æнтысы, уæд дæ разы ницы хуызы фæлæудзæн. Фалстаф. Фæлæ, бахатыр кæн, сэр, кæд æй уарзыс, уæд дæ цæмæн бахъуыди, афтæ цыбæл кæмæ дæ, уый мæ бæрны бакæнын? Ме ’рдыгонау, уый дын цыма пайда нæ уыдзæни. Ф о р д. Ехх, бамбар мын мæ хинæйдзаг хъуыды, сэр Джон. •Уыцы ус мæнмæ ахæм сыгъдæг æмæ хиуылхæцагæй зыиы — æфсæрмы кæнын ме ’гъдау æмæ тæригъæдджын æнкъарæнтæ •йын раргом кæнынæй. Йæ сыгъдæгдзинад ахæм цæхæртæ ка- .лы — нæ йæм уæндын комкоммæ кæсын дæр. Фæлæ йæм исты 355
аипп куы ссарин, уæд архаин: уæндондæрæй. Æз æи бар-æнæ- бары дæр расаин йæ мойы æнувыддзинадæй, аппарын ын кæ- нин йæ сыгъдæг ном, йе ’нæсæтток уды уæздандзинад — цыбыр- дзырдæй, йæхи цы фидары хъахъхъæны, уымæй. Гъы, цы зæгъ- дзынæ уый тыххæй, сэр Джон? , - , • Фалстаф. Фыццаджыдæр, мистер Брук, æз цæттæ дæн де ’хца райсынмæ. Дыккаджы мæм. æри дæ къух. Æртыккаджы та, æз джентлмен ма фæуон, Форды ус дæу куы нæ бауа, уæд! Ф о р д. Ах, сэр, сызгъæрин’ фест!! Ф а л ст а ф. Дæу у! Форд. Æхца та—дæу, сэр Джон! Цы дæ фæнды, уый-иу кæн ме ’хцатæн! Ф а л ст а ф. Ды та-иу, цы дæ^ фæнда, уый æхсин Фордæн кæн! Дæ хъусы дын зæгъын: æз æм уыдзынæн тæккæ ахсæв. Йæхæдæг мын снысан кодта фембæлд. Де ’рбацыды хæдразмæ- ма ам уыдис иу ус, уый не ’хсæн минæвар уыдзæни. Мах фем- бæлдзыстæм дæсæй иуæндæс сахаты ’хсæн, уæд сæхимæ нæ уы- дзæн йæ лæг, уыцы гуырысхогæнаг æнаккаг Форд. Æрбауай-: иу мæм азæр, æз дын радзурдзынæн, мæ хъуыддаг куыд цæуьь Форд, Иттæг амондджын дæн дæу базонынæй. О хæдæгай^ цæсгомæй зоныс уыцы Форды? Фалстаф. Æмæ цæйаг у, хъуырыгънæгæн мæ хъæуы уы~ цы дæлимойнаг, уыцы тæригъæддаг, гæвзыкк сыкъаджын? Нæ- йæ зонын. Уæвгæ, рæдийын, гæвзыкк æй кæй хонын, уымæй: уыцы дызæрдыггæнаг сыкъаджын уæййагмæ, дам, дуне æхца ис. Æмæ йæ ус дæр уый тыххæй фæцыди мæ зæрдæмæ. Ус мæ- нæн уыдзэти дæгъæл, æмæ дзьг бакæндзынæн ’ дызæрдыггаг æнаккаджы чырьн-пæ. Бауырнæд дæ, мистер Брук, æз æркæрд- дзынæн хъæздыг тыллæг. Ф о р д. Дæуæи æй цæсгомæй зоныи хъæуы, сэр Джон, на- >æд, цы нæ вæййы, куы дыл фембæла, уæд исты бæллæхы куы Сахауай... Ф а л с т а ф. Æз æрдумæ дæр нæ дарын уыцы тъарануæй- гæнæг дуканигæсы! Æрмæст мæ иунæг фæкастæй дæр фæсæл- хæр уыдзæн. Мæ лæдзæг йæ сыкъаты сæрмæ куы ферттива. стъалыйау, уæд йæ уд йæ къæхты бынæй асыффытт ласдзæн. Ныфс дæ уæд, зынаргъ мистер Брук, æз йæ зонгуытыл æрлæу- уын кæндзынæн уыцы музуккаджы, ды та хуысдзынæ йæ сын- тæджы йæ усы фарсмæ. Æрбауай-иу мæм изæры. Форд — уый æнаккаг у, æз та ма йын бафтаудзынæн ноджы иу титул: дьг базондзынæ, уый канд æнаккаг кæй нæу, фæлæ ма сыкъаджын дæр! Æрбацу-иу уæдæ рагацау. (Ацæуы.) Ф о р д. Ах, гæвзыкк сылваз! Мæ зæрдæ фæтоны йæ чъизи: 356
хъуыдытæм. Нырма чи зæгъид, дзæгъæлы гуырысхо кæнын мæ усыл, зæгъгæ. Мæ ус æм æрбарвыста йæ минæвары, снысаи ыи кодта фембæлды сахат... Алцыдæр сын лыггонд у. Уый æнхъæл та чи уыди! О, цы хъизæмар у æддæкъах ус дарын! Чъизи дын кæны дæ хуыссæнуат, æддæмæ дын калы де ’хца дæ чырынтæй, æгад дын кæны дæ сыгъдæг ном... Канд уый нæ! Хъæддаг æф- хæрд дæ бакæндзæн, стæй дын дæ бафхæрæг ноджы ратдзæн æлгъаг иом... Ох, уыцы нæмттæ, уыцы сыкъатæ! Цы сты уыдопы раз хæйрæджыты, дæлимонты нæмттæ! Сатанил, Велзевул, Лю- цифер, Барбазон — уыдон иууылдæр рæсугъд сты. Фæлæ «сы- къатæ», «сыкъаджын»... 0, дæлимоны дæр афтæ ничи хоны! Нæ, æз мæ сыхаг Пейджы хуьтзæн нæ дæн. Уый æцæг хъусджын хæрæг у, æууæндаг хæрæг. Йæ усыл нæ дызæрдыг кæны, æу- уæнды йыл! Æз фæлтау фламандиаг лæджы бæрны бакæндзы- нæн царвы къус, уэлсаг сауджыны бæрны — цыхты зиллакк, ирландиаджы бæрны — вискийы авг, бæхдавæджы бæрны—мæ бæх, цæйнæфæлтау баууæндон ме ’фсины намысый! Цы не ’рхъуыды кæндзæн сылгоймаг: фæлитой ми, хин ми, дæлгоммæ ми... Ноджы цьт сфæнд кæна сылгоймаг, сараздзæн æй, йæхи амардзæн, уæддæр æй бакæндзæн. О хуыцау, арфæ дын кæнын, мæ усыл дызæрдыгдзинад мыл кæй бафтыдтай, уый тыххæй!.. Иуæндæс сахаты — уьтй мæ мастисæн сахат у... Æз сæ нæ ба- уадздзынæн фембæлын, раргом кæндзынæн мæ усы цæсгом, мæ маст райсдзьтнæн Фалстафæй, мæ фаг фæхуддзынæн дæуыл, Пейдж! Афон у! Фæлтау æртæ сахаты фенхъæлмæ кæсдзынæн, иунæг минут байрæджы кæныньт бæсты. Сыкъаджын, сыкъа- джын, сыкъаджын! (Ацæуы.) 3 СЦЕНÆ Быдыр Виндзоры цур. Бацæуынц Ка юс æмæ Р егб и. К а ю с. Жак Регби! Р е г б и. Сэр? К а ю с. Цал сахаты у? Регби. Раст сахат рацыди, мистер Эванс демæ æхсаргар- дæй куы хъуамæ хæцыдаид, уыцы сахатæй. К а ю с. Дæлимон! Фервæзын кодта йæ куысыфтæг гоппа, кæй не ’рбацыд уьтмæй! Æвæццæгæн, æгæр фæкуывта йæ биб- лимæ æмæ йын. байрæджы. Уый дæсны лæг куы .уыдаид, уæд афонмæ мард уаид! 357
• Регби. Æвæццæгæн, сæрхъæн нæу, сэр! Чи зоны, зыдта, дæ бæрзонддзинад æй амардзæн, уый æмæ не ’рбацыди. К а ю с. Дæлимон! Афæлдахдзынæн æй æмбыд кæфау! Райс рапирæ, Жак. Æз дын равдисон, куыд æй мардзынæн, уый. Р е г б и. Цытæ дзурыс, сэр! Æз рапирæтæй хæцын нæ зо~ нын. К а ю с. Тæппуд, райс рапирæ! Хæнынц. Р ег б и. Хатыр мын, сэр! Æрбацæуы чидæр. Бацæуынц хиц а у, С ле нд е р æмæ П ейдж. X и ц а у. Райгæ уай, хъæбатыр дохтыр! Шеллоу. Хуыцау дын ахъазгæиæг уа, дохтыр Каюс. П е й д ж. Мæнæй. дын арфæ, хæларзæрдæ дохтыр. С л е н д с р. Дæ райсом хорз, сэр. Каюс. Ау, цæмæп æрбацыдыстут — иу, дыууæ, æртæ, цып- парæй — ардæм иумæ? Хицау. Фснæм, цымæ куыд кæндзынæ хæцгæйæ дæ рæ- хуыстытæ, траверстæ, волтытæ, пуэнто-реверстæ, пассадтæ, мон- тантæ, ныхцæфтæ æмæ де ’ниæ дæлдзæхфæуинаг цæфтæ иу ин- кæйы фæдыл, куыд ыл дæхи цæвдзынæ, фæсгæмæ куыд лидз-'> дзынæ. Цæй, куыд, фæмард ис уыцы эфиопиаг? Дзуапп ратт,. хъæбатыр Гален, мæ дзæбæх эскулап, мæ тæлтæг зæрдæ! Фæ- мард ис, фæтæппæлæг? Каюс. Хæйрæджы амæттаг! Уыцы сауджын Эванс дунейыл тæккæ стырдæр тæппуд у! Суанг йæ. фындз дæр нæ равдыста. Хицау. Уый хыгъд, дохтыр, ды дæ мицъырауадзджыты хъæбатыр къарол, клистир æмæ рапирæйы мастер! К а ю с. Хорз адæм, сымах ме ’вдисæнтæ, æз ,кæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсын сауджынмæ! Фæлæ нæма фæзынди! Ш е л л оу. Гъемæ цы, хорз бакодта уымæй, нæ дзæбæх дох- тыр. Уый у адæмы удты дзæбæхгæнæг, ды та — буары дзæбæх- гæнæг. Иугæр буар æмæ уд кæрæдзи ныдмæ куы схæцой, уæд дуне сæмтъеры уыдзæн.— Афтæ иæу, мистер Пейдж? П е й д ж. Раст цы у, уый зæгъын хъæуы, мистер Шеллоу. Шеллоу. Ай-гъай, уый æцæг у, мистер Пейдж. Дохтыр- Каюс, æз ардæм æрбацыдтæн дæу дæ хæдзармæ ахоныны тых- хæй. Æз фидауынгæнæг дæн æмæ ард бахордтон ’фидауыныл’ архайыны тыххæй. Ды дæхи равдыстай дæсны дохтырæй, сэр Гуг та — зондджын æмæ быхсаг сауджынæй. Цом, дохтыр, цом. Каюс. Уыцы сауджын тæппуд куыдз у! Йæ хъустæ йын хъуамæ ралыг кæнон! X и ц а у. Уый дын дæхи дæр ахъаззаг иыххæфтытæ кæндзæ- н и, цы бæрæг и! Каюс. Уый та цы у—«ахъаззаг хæфтырæ?» 358
X и ц а у. Ома дын дзуапп ратдзæни, ахъаззаг дзуапп. Каюс. Иттæг хорз. Æз хъуамæ райсон ахъаззаг хæфтытæ! Стæй сæ исгæ дæр ракæндзынæн! X и ц а у. Райсдзынæ, райсдзынæ, æз бацархайдзынæн уый тыххæй. К а ю с. О, иттæг бузныг дæ уыдзынæн! Хицау. Уый бузныджы аргъ нæу. (Сабыргай, цæмæй йæ Каюс ма хъуса.) Сымах та, мистер Шеллоу, мистер Пейдж, æмæ ды, кабалеро Слендер, атындзут горæты астæуты Хæфс- джын цады цурмæ. П е й д ж. Сэр Гуг уым и? X и ц а у. Уым. Базонут, куыд сты йæ хъуыддæгтæ? Æз та быдырыл бахондзынæн уырдæм дохтыры. Разы стут, джентл- ментæ? Ш е л л о у. Хорз, мах фæцæуæм. П е й дж. Хорз байрай, хæларзæрдæ дохтыр!- (П вйдж, Ш е лло у æмæ Сл енд ер ацæуынц.) Каюс. Дæлимон! Ныммардзынæн уыцы сауджыны, уымæн æмæ чындзæхсæв кæнынмæ хъавы расугъд Аннæ Пейджæн ца- вæрдæр маймули Слендеримæ!' Хицау. Раст кæныс, амар æй. Ныр та уал дæ быхсындзи- над нывæр йæ кæрддзæмы, уазал дон бапырх кæн де ’хсидгæ мастыл æмæ цæугæ мемæ Хæфсджын цады цурмæ. Æз дæ са- быргай бахондзынæн, ныртæккæ дæхи Аннæ Пейдж уазæгуаты кæм ис, уыцы фермæмæ, æмæ-иу а’рхай дæхи фæндиаг. Хора нæу? К а юс. Мин дæлимоны арфæйаг у! Мин дæлимоны, тынг дæ уарзын! Ард хæрын мæ сæрæй, æз дæ уазæгуатмæ æрвитдзыиæн мæ хæлæртты: сегас дæр сты графтæ, лордтæ, джентлментæ. Хицау. Æз та уый сæрмæ бацархайдзынæн, цæмæй уай йæ чындзæхсæвы Аннæ Пейджæн! К а ю с. О, уый хорз уыдзæн! Дæуæн хæлар зæрдæ ис! X и ц а у. Гъе, уæдæ цом! К а ю с. Уайгæ мæ фæдыл, Жак Регби! (Ацæуыйц.)
1 СЦЕНÆ Быдыр Хæфсджын цады цур. Бацæуыни сэр Г у г Э в ан с æмæ С импл. Э в а н с. О дьг, мистер Слендеры æнувыд фæсдзæуин, мæ хæлар Симпл, сыгъдæг аргъуыдæй — Семюел! Акæс-ма, нæма фæзынди исчердыгæй мистер Каюс, йæхи медицинæйы дохтыр рахонæг? Симпл. Сэр, æз кастæн аргъуанырдæм дæр, хъæдырдæм дæр, нæ кастæн æрмæст Виндзорырдæм. Э в а н с. Зæрдæбынæй дæ курын, Семюел, аздах дæ цæс- тæнгас уæдæ Виндзорырдæм дæр. - С И’М п л. Хъусын сэр. (Кæсы горæтырдæм.) Э в а н с. Ох, хуыцау, бахатыр мын кæн мæ тæригъæдтæ! Судзы мæ маст, мæ уд сæнæнцой!.. Уæд та мæ æцæг куы фæ- саид, куы не ’рбацæуид хæцынмæ. Бахус и мæ зæрдæ катайæ... Цы разæнгардæй йын ныппырх кæнин йе ’нæгъдау сæрыл йæ хосы æвгтæ, ретортæтæ æмæ колбæтæ, кæйдæр мицъыра кæм и. Хуыцау, ныххатыр кæн!.. (Зары.) Ам хæхтæ махæн аууон дарынц, Ам мæргътæ суадоны был зарынц. Мæ дуне, мидбылты мæм худ, Бийæм мах дидинджытæй худ. О æппæтбарæг зæдтæ, сыгтæ гæр-гæр кæнынц мæ цæстьь тæй! (Зары та.) Цъæх арвæй худгæ касти хур, Лæмбынæг хъуыстам зараг цъиумæ, Уæд вавилойнаг дæтты цур Дыууæйæ бадтыстæм мах иумæ! С и м п л. Сэр Гуг æрбацæуы! 360
Э в а н с. Гъемæ хорз, табуафси! (Зары.) Дыууæйæ бадтыстæм мах иумæ... О зæдтæ, бахизут æмæ тæригъæд фæкæнут рæстдзинады сæрыл кард райсæгæн! —Цавæр хæцæнгарз и ме знагмæ? С и м п л. Йæ хæцæнгарз нæма зыны, сэр... Разæй цæуы мæ хицау — мистер Слендер, уый фæстæ йæ фыдыфсымæр — тæр- хонгæнæг мистер Шеллоу, стæй ноджы цавæрдæр джентлмен. Цæугæ та æрбакæнынц Хæфсджын цадырдыгæй, æрбахизынц быруйыл. Эванс, Æрдав-ма мæ плащ. Ыæ, фæлтау ыл хæц цæттæйæ. Бацæуынц П ейдж, Ш еллоу, С ле нде р. Шеллоу. Цæй, куыд дæ, мæ зынаргъ аргъуаны бардуаг? Дæ райсом хорз, сэр Гуг. Куыд, хъазæг—æнæ хъултæй, скъо: ладзау та — æнæ чиныгæй? Слендер. О саурæсугъд Аннæ Пейдж! (Уынæргъы.) П ей дж. Сæрæгас уай, хæларзæрдæ мистер Эванс. Э в а н с. Сыгъдæг хуыцау уегасæн дæр ахъазгæнæг уæд кæддæриддæр. Шеллоу, Сауджын, раст ныхас æмæ хотыхдары хæцæн- гарз — дыууæйæ дæр арæхсыс, кадджын сэр Гуг. Пейдж. Зæрдæйæ та ма лæппу дæ! Айдагъ къандзолы, салбары æмæ цъындаты, æнæ плащæй, рæстæг та — тæккæ стæгниз æфтауæг. Э в а нс. Алцыдæр фæзыны исты аххосæй, сэр. Пейдж. Мах æрбацыдыстæм ардæм, цæмæй дын ракæнæм хæлæртты хæрзиуæг. Э в а нс. Цавæр? П е й д ж. Иу æгъдауджын джентлмен фенхъæлдта, цыма йæ бафхæрдта иннæ джентлмен, уый дæр иттæг æгъдауджын, æмæ йæхи нал баурæдта, фæцудыдта æмæ быхсыны арæнтæй ахызти. Ш е л л о у. Æз а дунейыл фæцардтæн ссæдз азы нæ, фæлæ, æппыикъаддæр, цыппар хатты ссæдзгай азтæ. Фæлæ никуыма федтон, ахæм бынаты чи уыди, ахæм ном кæмæн уыди, ахæм ахуыр чи уыди, уый тæлтæг æмæ сонт хъуыддагмæ ба- хъава... Э в а н с. Чи у уыцы джентлмен? Пейдж. Æнхъæлдæн, ды йæ зоныс. Уый у цавæрдæр мис- тер Каюс, францаг зыигæ дохтыр. Э в а н с. Хуыцау мын бахатыр кæнæд, фæлæ мын фæлтау куы ракодтаиккат сысчы касы къусы кой уый бæсты! П е й д ж. Цæмæн? Э в а н с. Уымæн æмæ сысчы касы къус дæр латинаг хæри- наг у æмæ медицинæ зоны уæ зынгæ дохтыры хуызæн! Уыимæ 361
сысчы касы къус нæу тæппуд æмæ æнаккаг! Хуыцау, бахатыр мын кæн мæ тæригъæдтæ! Дардæй фæзыны Каюс æд æхсаргард. Пейдж. Тæрсын, цыма уартæ уыцы лæг, демæ хæцынмæ дш хъавы, уый у. Слендер. 0 саурæсугъд Аннæ Пейдж! (Уынæргъы.) Шеллоу. Æцæг цыма уый у йе ’лвæст æхсаргардмæ гæс- гæ. Кæрæдзимæ сæ хæстæг ма бауадзут! Уый дохтыр Каюс у! Бацæуынц Каю с, хиц ау æмæ Рег б и. П ей дж. Бафснай дæ хотых, зынаргъ сауджын! Шеллоу. Ды дæр æй бафснай, зынаргъ лечъыр! X и ц а у. Байсут сын сæ хотыхтæ æмæ хæцæнт æвзагæй. Уадз фæтæригъæд кæной сæ сæртæн, фæлæ ма ауæрдой се ’взæгтыл — нæдæр сæхиуæттыл, нæдæр нæхи англисаг æвзагыл. (Байсынц сын сæ кæрдтæ.) К а ю с (сабыргай, Эвансæн). Зæгъ-ма мын мæ хъусы — цæ- уылнæ æрбацыдтæ мемæ рапир-фехтовал — х^цынмæ? Эванс (сабыргай). Бабыхс, сударь, тæвд ма кæн, дæ хор- зæхæй! К а ю с. Æвдиу! Ды дæ тæрхъус, тæппуд. Ды дæ маймули, куыдз! Эванс (сабыргай, Каюсæн). Курын дæ, сэр, дæхиуыл хæц æмæ мæн дæр ма худинаг кæн аргъуанмæ цæуджыты æмæ дæ рынчынты раз, фæуром дæ маст. Мæн фæнды демæ фидыдæй цæрын æмæ дын кæддæриддæр ратдзынæн ахъаззаг дзуапп. (Сабыргай.) Бахъæц, æнаккаг, гæвзыкк лечъыргонд! Æз дын куы нæ ныддæрæн кæнон де ’вгтæ, дæ хъуырæуттæ кæйдæр м-ицъырайæ дзагæй дæ карчы сæрыл, дуэлы бынатмæ афоныл кæй не ’рцыдтæ, уый тыххæй! Каюс. Дæлимон! Жак Регби, стæй ды — уазæгуат «Зæнг- бæттæны» хицау, æвдисæн ут: æз афоныл нæ уыдтæн дуэлы бы- наты, цæмæй ныккуыдз кодтаин ацы хæдмæйлаг сауджыны? Нæ йæм æнхъæлмæ кастæн? . Эванс. Ард хæрын мæ уды ирвæзынгæнæгæй—дуэлы бы- кат ам уыди, мæ къæхты бын! Мæиæ ме ’вдисæн уазæгуат «Зæнгбæгтæны» хицау! К а ю с. Гъемæ хорз, иттат хорз! Хицау. Сабырдæр уын, зæгъын! Фæлтау байхъусут, уазæг- уат «Зæнгбæттæны» хицау уын цы зæгъдзæн, уымæ. Чи уæ нæ рахондзæн мæн политик, хинæйд->аг, макиавелли*? Куыд хъуамæ бауагътаин æз марын мæхи лечъыр-аптекæры, хостæ мын чи к&ны аргæ, рынчыкæй мын сæ чи кæны даргæ? Куыд хъуамæ * Макиавелли — ам — тыхсæтгæг, удхор, (итал.) 362
бауагътаин æз марыы мæхи зынаргъ сауджын-æгьдауджыны, мæ сæры мын чи уадзы зонд, мæ уд мын чи исы бæрзонд! Æри- ут-ма мæм уæ къухтæ.— Ды, сэр, хуыцауæй тæригъæд курæг. Афтæ дæр, сэр, лæДжы низтæ сурæг! Афтæ, зæронд æнахуыр- гæндтæ, æз фæсайдтон уæ дыууæйы дæр. Дуэлæн уын иу бына- ты бæсты бацамыДгон æнæхъæн дыууæ бынаты. Алкæмæн дæр хицæн ран. Уый хыгъд, уæ фидар зæрдæтæ баззадысты хойгæ, уæ царм æнæхъæн, æнæхуынчъытæ, æмæ ма уын баззади ба- фидауын хъарм хересы нуазæнтимæ. Уæ бафидауыны сæрмæ уын исын уæ кæрдтæ. Цомут мемæ> мæ фидыд хæлæрттæ! Ме- мæ, мемæ, мемæ! Шеллоу. Ох, ацы уазæгуаты хицау! Мæнæ цæстфæлда- хæг!.. Размæ, джентлментæ, размæ! Слендер (сабыргай). О саурæсугъд Аниæ Пейдж! Шел лоу, Сл ен д ер, П ейдж æмæ хи ц ау ацæуынц. К а ю с. А-гъа! Афтæ у? Уæдæ ды мах сæрхъæптау фæливгæ акодтай? Ха-ха! Эванс. Хорз уæдæ... Уый мах фæхудинаг кодта! Бавдæлæм уæдæ, нырæй фæстæмæ бафидауæм, цæдисонтæ суæм, цæмæй лцархайæм нæ сæры мæгъзтæй, æрымысæм иумæ æмæ йæхи •аккаг маст райсæм ацы æдзæсгом, æнаккаг, мæнгард тæригъæд- джынæй — «Зæнгбæттæны» хицауæй! К а ю с. Хæйрæджы амæттаг! Ай дьш мæ зæрдæ! Уый мын ныфс бавæрдта, акæндзынæн^ дам, дæ, Аннæ Пейдж , кæм и, уырдæм. Хæйрæджы амæттаг!" Ам дæр та мæ афæлывта. Эванс. Бахъæцæд, уый тыххæй дзуапп ратдзæни йæ сæ- рæй. Цæугæ мæ фæдыл, кадджын дохтыр! (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Уынг Виндзоры. Бацæуынц æ х син П е йдж æмæ Р об ин. Æхсин Пейдж. Цæй, уайгæ размæ, мæ чысыл кавалер. Ныронг цыдтæ дæ хииауы фæдыл, ныр та хоныс æхсины. Цы фылдæр уарзыс: мæ цæстытæн фæндаг амонын æви дæ хицауы зæвæттæм кæсын? Р о б и н. Мæн бафæндид æцæг лæг уæвын æмæ рæсугъд •сылгоймагæн лæггад кæнын мæ хицауы фæдыл къæбылайау згъорыны бæсты. Æхсин Пейдж. Æвæдза, хуымæтæджы козбау нæ дæ! Иттæг хорз паддзахы фæсдзæуин дæ рауаид. 363'
Бацæуы Ф орд. Ф о р д. Æхсызгон мын у дæ фенын, æхсин Пейдж. Кæдæм рафæндараст дæ? Æхсин Пейдж. Фæнды мæ де ’хсины фенын. Уæхимæ ис? Ф о р д. О, нæхимæ! Стæй æвдæлон у. Дзæнгæда цæгъдынæй дæр: нæй йын, дзæнгæда кæимæ ацæгъда, уый. 0, уæ лæгтæ мæрдтыбæстæм куы ацæуиккой, уæд дыууæйæ хæрзаг дзæбæх æрцæриккат а дунейыл! Æхсин П е й д ж. Дыууæйæ — нæ фæйнæ ног мæйттшма*. Форд (Робинмæ амонгæйæ). Кæм ссардтай уыцы замманай мæйдзыд уасæджы? Æхсин Пейдж. Мæ лæг мын æй райста уыцы... куыд у йæ ном?.. Æрбайрох мæ вæййы... Лæппу, куыд у дæ хицауы иом? Р о б и н. Сэр Джон Фалстаф. Ф о р д. Сэр Джон Фалстаф? Æхсин Пейдж. Тæккæ дæр уымæй, æрбайрох мæ вæй- йы... Æнхъæл дæн, мæ мойы хæлар у? Уæдæ, зæгъыс, де ’фсин- уæхимæ ис? Фо р д. О, о! Æ х с и н П е й д ж. Бар ратт, уæдæ йæм бауайон, сэр. Ахæм æнкъард кæнын, куы нæ йæ уынон, уæд! (Æ х син П е йд ж æмæ Р об ин ацæуынц.) Ф о р д. Æмæ, дам, йæ сæры магъз ис Пейджæн! Цæстытæ* нын ис! Æмæ сæр куы нæ ис йæ уæхсчытыл! Æвæццæгæи ын бафынæй сты, нал æм хъусынц. Ацы дзидзидай лæппу та сын сармадзаны нæмгуыты тагъдæн сæ уарзондзинады фыстæджы- тæ хæссы. Пейдж алцæмæй дæр кæсы йæ усы коммæ, æххæст ын кæны йæ домæнтæ. Домæнтæ. Æмæ уыныс! — йæ ус фæцæуы ме ’фсинмæ ацы æлгъаг дзидзидаимæ, Фалстафы пажимæ. Уый стыр къæвдаГы фыццаг æртах у! Ацы лæппу Фалстафы æрвыст у. Ам фыдвæнд и! Дыууæ усы дæр сфæид кодтой сæхи феса- <фын! Мæ цæст райсон ме ’фсииæй, стонон йæ кæнгæ цæсгом æхсин Пейджæн æмæ равдисон йæ лæгæн, быхсæг æмæ бар- хийæ химарæг кæй у! Цыфæнды карз æфхæрд æрхъуыды кæнон уыцы фыдгæнджытæп, мæ хæлæрттæй чидæриддæр зæгъдзæни: афтæ сын хъуыди! (Сахат цæгъды.) Сахат мын дзуры: афон у. Мæ ныфс мын амоны: агур. Æз уым баййафдзынæн Фалстафьь Мæныл адæм худгæ нæ кæндзысты,— æппæлгæ! Уый афтæ раст у, зæхх йæ бынаты лæууы, уый куыд раст у, афтæ. Фалстаф уым уыдзæн. Цæуон. Бацæуынц П ейдою, Ш ел ло у, С л е н д е р, хиц ау, Э ванс, Каюс æмæ Р е гб и. 364
И у м æ. Мистер Форд! Дæ бон хорз, мистер Форд! Æхсыз- гон нын у дæ фенын, мистер Форд! Ф о р д. Мæнæн дæр æхсызгон у ахæм хъæлдзæг къорд уы- нын. Уæ хорзæхæй, курыи уегасæй дæр, рацæут мæм уазæгуаты. Æз уын равдисдзынæн диссаджы хъæлдзæг ныв. Ш е л л о у. Хатыр, зынаргъ мистер Форд, мæнæн фадат нæй.. Слендер. Мæнæн дæр, сэр. Мах иууылдæр цæуæм сихор- мæ мисс Аннæ Пейджмæ. Æмæ мын уырдæм æдзæугæ нæй, ни- цæй тыххæй! Шеллоу. Мах иумæ сныв кодтам рæсугъд мисс Аннæ- ’ Пейдж æмæ мæ бындар Слендеры чыидзæхсæв, æмæ æнхъæл- мæ кæсæм разыйы дзуапмæ. С л е н д ер. Ныфс мæ ис, мæ фарс кæй рахæцдзынæ, уымæй, мæ зынаргъ каисаг. Пейдж. Гуырысхо ма кæн, мæ дзæбæх мистер Слендер. Æз дæ фарс дæн. Фæлæ ме ’фсин разы нæу мемæ — уый хохау ныллæууыди дæуырдæм, кадджын дохтыр Каюс! К а ю с. О, о, хæйрæджы амæттаг, æз æй хорз зонын. Дæ- дзæнæтон чызг дæр мæн уарзы. Афтæ мын дзырдта ме ’ххуырст- ус миссисКуикл. X и ц а у. Æмæ уæд цы фæнд кæнут, хорз адæм, æрыгон мис- тер Фентоны тыххæй та? Уый кафы, пæр-пæр кæны, йæ цæсты- ты судзы æрыгондзинад, йæ былтыл та хъазы бæрæгбоны цин. Стихтæ фыссы, духиты тæф дзы хæссы, цыма апрелы кæнæ майы мæй у. Уый йæхион йæхи бакæндзæн, бауырнæд уæ! Суанг йе ’гънæджытыл дæр у бæрæг, йæ хъуыддаг кæнынмæ кæй лæууы цæрдæг! Пейдж. О, фæлæ дзы мæ фæндон нæ уыдзæн! Уыцы джентлменмæ ницы бынтæ ис. Уый пæлгæнæнты хатти æнæфæ- нык принц Гарри Понсимæ. Стæй æгæр бæрзæндтæй у, æгæр ахуыргонд. Нæ, æз нæ бауадздзынæн уый æнцой цард мæ чыз- джы чындздзон лæварæй аразын. Кæд æй куры, уæд æй ахæс- сæд æнæ бынтæй,- æнæ ’хцайæ! Чындздзон лæвæрттæ айсдзæн- æрмæст, æз æй кæмæн дæттон, уый. Фентонæн æй раттын мæн най фæнды. Ф о р д. Уæ хорзæхæй, уæздæттæ, курын уæ, цомут мемæ- сихор хæрынмæ. Кæд уегас нæ, уæд та уæ иутæ. Баууæндут: уыдзæни нæм канд сихор нæ — худæджы ныв дæр. Æз уын фе- нын кæндзынæн æрдзы æнæрцæугæ диссаг. Дæ хорзæхæй, дох- тыр, ды дæр, мистер Пейдж, ды дæр, сауджын! Шеллоу. Цæй, хорзыл амбæлут, уæздæттæ. (Слендерæн.) Æнæ уыдон нын æнцондæр уыдзæн бафидауын ’мистер Пейджи- мæ. (Ш ел л оу æмæ С ле н д е р сщæуынц.) 365-
К а ю с. Уайгæ хæдзармæ, Жак Регби. Æз дæр тагъд фез- дæхдзынæн. (Регб и ацæуы.) X и цау. Хорз байрайут, мæ хæлæрттæ! Æз цæуын мæ рагон лымæн хотыхдар сэр Джон Фалстафмæ, йсмæ баназдзынæн ка- найраг бæгæныйы къус. Форд (фæрсмæ). Сайыс> цæлгæнæны дæлимон! Уый уал раздæр баназдзæн сæн мæ боцкъайæ æмæ кафдзæн мæ Дудут- гæнæнмæ! (Хъæрæй.) Цæй, уæдæ, цомут, джентлментæ! И у у ы л д æ р. Цæуæм, цæуæм, фенæм, цæвар у æрдзы æна- хуыр диссаг! (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Уат Форды хæдзары. Бацæунц æхсинт æ Ф о рд æмæ 17 е йдж. Æхсин Форд, Джон! Роберт! Æхсин Пейдж. Тагъддæр! Тагъддæр! Кæм и мидæггæг- ’ты чыргъæд? Æхсин Форд. Цæттæ у, алцыдæр цæттæ у. Кæм и Ро- бин? Бацæуынц д ы уу æ æххуырст ы, бахæссынц стыр чыргъæд. Æ х с и н П е й д ж. Ардæм, ард’æм, ардæм! Æ х с и н Ф о р д. Æрæвæрут æй. Афтæ. ’ Æ х с и н Л е й д ж. Ацамон дæ адæмаён, цы кæнгæ сын уы- .дзæн, уый. Батындзыи хъæуы. Æхсин Форд. Байхъусут! Куыд уын загътон, афтæ, уæ .дыууæ, Джон æмæ Роберт, лæуут бæгæныуадзæны цур. Куыд- .дæр уæм фæсидон—тагъд-иу рауайут ардæм, æвæстиатæй-иу •сæккой кæнут ацы чыргъæд æмæ йæ, куыд ама*л ис, афтæмæй тагъддæр хæсгæ доны былыл гæрзтæхсджытæм. Уым-иу афæл- „дахут чыргъæд æмæ донмæ акалут, цы дзы уа — иууылдæр, чъи- зи къанаумæ, Темзæйы цур. Æхсин Пейдж. Бамбæрстат? Æхсин Форд. Æз сын æй радзырдтон иу-ссæдз хатты. Ау, куыд æй нæ бамбæрстаиккой! — Уайгæут уæдæ, æмæ-иу.ра- :цæут, куыддæр уæм фæхъæр кæнбн, афтæ. Æххуырстытæ ацæуынц. Бацæуы Р о б ин. .Æ х с и н П е й д ж. Мæнæ Робин дæр. Æхсин Ф’брд. Цæй, куыд, мæ уасæг, цы бадæ? ^вб
Робин. Æхсии, мæ хицау сэр Джон Фалстаф лæууы уæ ^æдзары фæскъул æмæ куры, цæмæй йæ æрбауадзай. Æ х с и н П е й д ж. Æмæ, зæгъ-ма, чысыл кæлæнгæнæг, тадзрахатæй ныл нæ рацæудзынæ? Р о б и н. О, нæ, æхсин Пейдж! Ард хæрын, мæ хицау нæ зоны, ды ам дæ, уый, æхсин Пейдж. Æртхъирæн мæм кæны .атæрынæй, стонгæй амарынæй, æхсин Фордимæ фембæлинаг у, уый дын куы раргом кæнон, уæд. Æхсин Пейдж. Хорз лæппу дæ. Дæ хæдæфсармы руа- .джы бакуыстай дæхицæн къандзойлаг æмæ хæлайфаг... Цæй, æз цæуын æмбæхсынмæ. Æхсин Форд. О, афон у. Ды та, лæппу, зæгъ дæ хица- уæн, иунæг,. зæгъ, дæн. (Р об ин ацæуы.) Уæдæ, зынаргъ æхсии Пейдж, ма ферох кæн дæ рол. Æхсин Пейдж. Ма тæрс мæн тыххæй. Æвзæр æй куы .ахъазон, уæд-иу мыл æхситт кæи. Æхсин Форд. Уæдæ райдайæм! Бахъæц, тыхдымд ла- лым, фæлæуу, ныннæрсæг хæрæгнас, мах дыи бацамондзыстæм, «бæлæттæ халæттæ кæй не сты! Æ х син П е йдж ацæуы. Бацæуы Ф ал стаф. Фалстаф. Ды дæ уый, цы, зæххон хæзнаты хистæр! Ард дын хæрын, цæттæ дæн æз ацы дзæнæтон сахат! Æгъгъæд фæ- цардтæн а дунейыл. Сæххæст ис мæ рухс бæллицты стырдæр... О, арфæйаг рæсугъд сахат! Æфсин Форд. О зынаргъ сэр Джон! Фалстаф. Æхсин Форд, æз нæ зонын гæды митæ, нæ ярæхсын цæстмæхъус ныхæстæм. Фæлтау дын комкоммæ рар- гом кæнон мæ тæригъæддаг æнкъарæн. Мæн бафæндид, дæ лæг куы уаид мард. Æз уый зæгъын хуыцауы раз: уæд ды-суаис мæ уæздан æхсин. Æхсин Форд. Æз дæ уæздан æхсин, сэр Джон? Ах, хъы- гагæн, мæнæй нæ рауаид уæздан æхсин! Ф а л с т а ф. 0, уæдæ ма суанг францаг ус паддзахмæ дæр разынæд иу дæ хуызæн саурæсугъд. Дæ цæстытæ æзхуыздæрæй ерыс кæнынц бриллианттимæ. Дæ урс ных, дæ къæлæт æрф- гуытæ ноджы тынгдæр сфидаудзысты, дæ дзыккутæ ма венециаг •фаст куы ’рцæуой, уæд — мæнæ науы барцы хуызæн. Æхсин Форд. Фæлтау дардзынæн хуымæтæджы сæрбæт- тæн, сэр Джон. Стæй, тæрсын, сæрбæттæн дæр мыл куы нæ сфидауа. Фалстаф. Тæригъæд у афтæ дзурын, æнæраст ма у дæхи тыххæй! Ды паддзахы галуаны дарыны аккаг дæ. Дæ фæлмæн тасгæ-уасгæ фезмæлд уд уацаргæнæг у, сызгъæрин къахыдарæ- 367
сы хъуамæ исай дæ рæсугъд урс къæхтæ. «Хъысмæт у де зиаг„ æрдз та у дæ хæлар»,— лордты загъдау. Æмæ цыфæнды кæнай,.. уый нæ бамбæхсдзынæ! Æхсин Форд. Бауырнæд дæ, сэр Джон, ницы мæм ис уа- диссагæй. Ф а л с т а ф. Ау, æмæ дæ уæд æз цæй тыххæй бауарзтон?' Нæ, дæумæ ис æнахуыр цыдæр, уæларвон, иууыл диссаг... Цыг йыл дзурæм! Æз дыи загътон, кæй нæ зонын стауын, зæрдæха- лæн ныхæстæ, ахæм æмæ ухæм дæ, зæгъгæ,— уыдæттæ фæкæ- нынц мæпæ иуæй-иу сым-сымæг къленцытæ æмæ сылкъитæ, ус- тыты хуызæн уæвгæйæ нæлгоймаджы дарæс чи фæдары æмæ- духиты тæф чи фæкæны, афтек хосты тæф куыд фæкæны, афтæ. Æз рæсугъд дзурын нæ зонын, фæлæ дæ уарзын, иунæг дæу_ Æмæ ды уый аккаг дæ. Æхсин Форд. Ма мæ сай, сэр! Тæрсын, кæд, миййаг^ æхсин Пейджы уарзыс. Фалстаф. Æххæст ма афтæ дæр загътаис, ома сэр Джон: уарзы, хæстæ чи нæ фиды, уыдон ахæстоны дуармæ рацу-бацу кæнын,— уый мæ цæстысындз куы у, ногсыгъд чъыры фæздæ- гау. Æхсин Форд. Ах, иунæг хуыцау зоны, æз дæу цас уар- зын, сэр Джон! Чи зоны йæ искуы дæхæдæг дæр бавзарай... Фалстаф. Дзур ноджы дæр уыцы хуызы. Мæнмæ дык" дзуапп дæ уарзондзинадæн. Æхсин Ф о р д. 0, æз уый тыххæй гуырысхо нæ кæнын: æмæ дзурын ноджыдæр... Бауайы Р о б ин. Робин. Æхсин Форд! Къæсæры æдде — æхсин Пейдж. Иæ- хид кæлы, лæф-лæф кæны, сырх-сырхидæй, дæ фенын æй фæн- ды тæккæ ацы минутыл! Фалстаф. Мæн нæ фæнды, фена мæ, уый! Æз фæлтау* бамбæхсдзына^н гауызы фæстæ. Æхсин Форд. Бамбæхс, дæ хорзæхæй! Æхсин Пейдж’ æвзæр дзæгъæлдзых у. (Ф алст аф æмбæхсы, Бацæуы æ х с ин П е йд ж.) Цы хабар у? Цы кодтай? Æхсин Пейдж. Ах, æхсин Форд, цы бакодтай? Бабын дæ, фæхудинаг, хæрзсæфт фæдæ! Æхсин Форд. Ау, цы ’рцыди уагæры, мæ уæздан æхсшг Пейдж? Æхсин Пейдж. Куыд — цы ’рцыдис, æхсин Форд? Дæ- лæг\—ахæм кадджын адæймаг,— æмæ йæ æфтауыс дæхиуыл гуырысхотыл! Æхсин Форд. Цавæр гуырысхотыл æй æфтауын> 368
Æ х с и н П е й д ж. Ноджы ма мæ фæрсгæ кæныс? О, куыд дæ нæ зыдтон ныронг! Æхсин Форд. О хуыцау, циу, цы хабар у? Æхсин Пейдж. Дæ лæг æрбацæуы æгас Виндзоры "’фсæддонтимæ. Афтæ зæгъы, цыма дæумæ ис цавæрдæр æцæгæ- -лон джентлмен, дæ лæг ам кæй нæ уыди, афтæмæй кæй бам- •-бæхстай, ахæм. Уыдон хъавынц уый агургæйæ дæ хæдзар ра- фæлдахынмæ. Бабын дæ! Æ х с и н Ф о р д. О, фæлæ уыдон æцæг не сты, ды хъазгæ кæныс! Æхсин П е й д ж. Хуыцау зæгъæд, мæнг цы разыной æмæ Л& хæдзары æцæг иунæг æддагон лæг дæр куыд не ссарой! Уы- дон агурдзысты дæумæ бамбæхсæг джентлмены. Æз дæм фæха- -баргæнæг æрбауадтæн. Кæд æцæг никæй бамбæхстай, уæд æрæнцайдзæн мæ уд. Фæлæ дæм кæд æцæг æмбæхсы цавæрдæр лæг — феддæдуар æй кæн уæд тагъддæр, феддæдуар ардыгæй! Æнцад мауал лæуу! Æрæмбар дæхи! Бахъахъхъæ дæ сыгъдæг ном — науæд хæрзбон зæгъ дæ бинонты сабыр цардæн! Æхсин Форд. Ах, цы ма кæнон?.. Мæнмæ æцæг ис ныр- -тæккæ иу джентлмен... Мæ иузæрдион хæлар, æмæ мæхи ном -фæхудинагæй! нæ — ууыл исты куы ’рцæуа, уымæй тæрсын... Бæргæ, мин дукаты дæр бафидин, уый ныртæккæ мæ хæдзары куы нæ уаид, ууыл! Æхсин Пейдж. О худинаг! Фæлæ фадат нал ис хъуы- ды-мыдыйæн!.. Дæ лæг — къæсæры æдде! Тагъддæр исты фæнд! .Æрмæст цавæр? Хæдзары уыцы лæгæн бамбæхсæн нæй. Ехх, куыд мæ фæрæдийын кодтай... Фæлæуу-ма, фæлæуу, уæртæ ца- вæрдæр чыргъæд. Кæд дæ хæлар бæрзонд æмæ æгæр ставд нæу, уæд дзы, чи зоны, ныббыра. Мах та йæ чъизи æхсинæгтæй бам- бæрздзыстæм, цыма сæ æхсынмæ æрвитæм, гæрстæ кæм æх- •сынц, уырдæм, æмæ йæ ахæсдзысты Детчеты уыгæрдæнмæ — .æхсджытæм. Æхсин Форд. Мæ лымæн æгæр ставд у, нæ бацæудзæн ахæм чыргъæды. Цы ма кæнон? Ф а л с т а ф (гауызы фæстæйæ рацæугæйæ). Стæ-ма, кæм и уыцы чыргъæд? Бацæудзынæн, исты хуызы дзы бацæудзы- лæн.,. Уый хорз æрхъуыды у, ныббырдзынæн дзы исты хуызы. {Скалы чыргъæдæй æхсинæгтæ æмæ дзы ныббыры.) ., Æхсин Пейдж. Куыд! Сэр Джон Фалстаф? ■ Ды дæ? {Сабыргай.) Уæд дæ фыстæг ,та мæимæ, уæздан хотыхдар?.. Фалстаф (сабыргай). Æз уарзын дæу. Фервæзы.н мæ кæн... Гъе, бацыдтæн дзы. Ард хæрын, мæ къах дæр ам никæд уал... Æ хсинт æ Фо р д æмæ П ейдэр æй æхсинæгтæй æмбæрзынц. 24 Шекспир, 2-аг том. 369
Æхсин Пейдж. Лæппу, фæкæс нæм дæ хицауы бамбæх- сынмæ. Фæдзур æххуырстытæм, æхсин Форд. 0 дыдзæсгом хотыхдар! Бацæуы Р об и н. Æхсин Форд. Джон! Роберт! Джон! (Бацæуынц æххуырстытæ.) Сисут-ма ацы чыргъæд æхсинæгтимæ æмæ йæ хæсгæ гæрс- тæхсджытæм! Кæм и чыргъæдхæссæн лæдзæг? Мауал лæуут,. хæсгæ йæ тагъддæр Детчеты уыгæрдæнмæ. Тагъддæр! Æххуырстытæ ахæссынц чыргъæд. Бацæуынц Ф о р д, П е йд ж, Каюс æмæ с э р Г у г Э ванс^ Форд. Мидæмæ, мидæмæ, хорз адæм! Кæд мæ гурырысхо- тæ мæнг разыной æмæ ам ничи уа, уæд мыл худут, зарæггаг мæ фæкæнут, куыд уæ фæнда, афтæ! Æз уый аккаг дæн... Уый та ма цы у? Кæдæм хæссут уыцы чыргъæд? Æххуырст. Гæрстæхсджытæм, сэр, æндæр ма кæдæм! Æ х с и н Ф о р д. Цы уæлдай дын у, чыргъæд кæдæм хæс- сынц, уый та? Уый ма нæ фаг кодта, чъизи æхсынмæ нæма бав- нæлдтай! Форд. 0, о, æхсынмæ! Комкоммæ — æхсынмæ! Æз хъуамæ ныхсон, мæ номыл цы къæм абадти, уый! Уæвгæ ма йын æхсæн ис... (Æххуырстытæ ахæссынц чыргъæд.) Джентлментæ,. дысон иу фын федтон. Æз уын æй радзурдзынæн. Фæлæ уал раздæр райсут дæгъæлтæ уæттæн сегасæй дæр. Мæнæ сты, ма^~ нæ! Цæугæут рахизырдæм, галиуырдæм, хæрдмæ, бынмæ, агу- рут, сгарут, кæстытæ кæнут къуымтæн сегасмæ дæр! Уадз ру- вас ныллæсæд хуыичъы — мах æй сласдзыстæм! Æрмæст сæх- гæнын хъæуы алидзæнтæ уынгмæ. (Æхгæны дуар.) Цæттæ у! Райдайæм цуан кæиын! П е й д ж. Æрсабыр у, мæ хæлар мистер Форд. Афтæ мæсты кæнын не ’мбæлы. Ф о р д. Ды раст дæ, мистер Пейдж. Рацæут, уæздæттæ. Æа уын ныфс бавæрдтон хъæлдзæг ныв равдисынæй. Мæ фæдыл!.. (Ацæуынц.) Эванс. Усыл дызæрдыг кæнын лæджы æцйег куы кæньг æрра! ’ К а ю с. О дæлимон! Махмæ Францы ахæм ми нæй. Францы нæ кæнынц ахæм дызæрдыг усыл. Пейдж. Гæнæн нæй, цом йæ фæдыл, джентлментæ. Фенæм, цæуыл ахицæн уыдзæн йæ цуан! Ацæуынц, æхсинтæ Форд æмæ Пейджæй фæстæмæ} иууылдæр. Æхсин Пейдж. Мазнæ куыд хорз рауад! Æнæнхъæлæ- джы нын рауади дывæры хъазт! 370
Æхсин Форд. Нæ зонын, æхсызгондæр мын цы уыдзæн: мæ лæджы йæ гуырысхойы тыххæй æрцахуыр кæнын, æви уы- цы Фалстафы йæ хæтæнхуагдзинады тыххæй бафхæрын. Æхсин Пейдж. Хæрзаг дæ тæнджын уарзонаен йæ уд ауади, мистер Форд, чыргъæды цы ис, зæгъгæ, куы бафарста, уæд. Æ х с и н Ф о р д. Ахæм удауады фæстæ йæ, æвæццæгæн, йæхи найын бахъæудзæни. Æхсиц П е й д ж. Ауындзæны аккаг у уыцы нард гуыбын- дзæл! Ахæм æлдæрттæ иууылдæр чъизи цъымарайы наинаг сты, стæй æрцауындзинаг. Æ х с и н Ф о р д. Æнхъæлдæн, мæ лæг цыдæр хуызы фс- хъуыста, Фалстаф ам уыдзæн, уый. Ахæм æррайæ йæ никуыма федтон йæ гуырысхойы фæдыл. Æ х с и н П е й д ж. Æз ма иу-цыдæр æрхъуыды кодтон Фалстафы ноджы иу хатт æрцахуыр кæнынæн. Уый иунæг уа- зал ныннадæй нæ адзæбæх уыдзæн. Æ х с и н Ф о р д. Уæд та йæм райсом барвитиккам уыцы цæстфæливæг Куиклы? Уадз æмæ дзы хатыр ракура, ихын до- ны йæ кæй стылдтой, уый тыххæй æмæ та йæ стæвд кæна ног ныфсытæй. Мах та бацархайдзыстæм йæ тæвд фæстæмæ æруа- зал кæныныл. Æхсин П е й д ж. Алыг уæдæ! Снысан ын кæнæм фембæлд райсом аст сахатыл æмæ йын ныфс бавæрæм, абон æнæхай цæ- мæй фæци, уымæй. Рацæушц Ф о рд, П ейдою, Каю с æмæ Э в ан с. Ф о р д. Мæ бон нæу йе ссарын. Кæд, миййаг, уыцы сылкъи æрмæст æппæлгæ кодта, йæ д<ъухы цы не ’фтыди, уымæй... Æхсин Пейдж (сабыргай, æхсин Фордæн). Хъусыс æм? Æхсин Форд. Цы дæ загъдæуа, мистер Форд, хорз аргь кæныс де ’фсинæн! Ф о р д. КуыД’ æмбæлы, афтæ. Æхсин Ф о р д. Хуыцау зæгъæд, де ’взæр хъуыдытæ куыд пикæд æххæст кæной! Ф о р д. Аминь. Æхсин Пейдж. Дæхи карз бафхæрдтай, мистер Форд. Ф о р д. Цы гæнæн и, фæразын хъæуы. Э в а н с. А хæдзары — нæдæр уæтты, нæдæр чырынты, нæ- дæр къæбицхы, нæдæр дзаумавæрæнты, нæдæр пецты — нæй æмбæхст иунæг адæймаг дæр. Кæд уый афгæ нæу, уæд мын хъаймæты бон барст ма æрцæуæнт мæ тæригъæдтæ. Калос. О дæлимон! Æз дæр нæ федтон ам иунæг адæймаг дæр. П е й д ж. Ехх, мистер Форд- мистер Форд! Худинаг дын 371
иæу? Цавæр дæлзæххон дæлимон, цавæр æлгъыстаг æвдиу дæ 'Зафтыдта ахæм дызæрдыгдзинадыл? Нæ, усыл дызæрдыг кæ- нын — уый уæззау уаргъ у! Æз уый мæ зæрдæйы хæссыныл не 'Сразы уаин суанг Виндзоры галуаны хæзнатыл дæр. Ф о р д. Цы гæнæн ис, мистер Пейдж! Мæ аххосæй хъизæ- мар кæнын æппæты фылдæр æз мæхæдæг. Э в а н с. Ды хъизæмар кæныс дæ тæригъæдджын намысæй. Де ’фсин æгъдауджын ус у, æппæты хуыздæр нæ горæты цы ’фондз мин, нæ фæлæ фондз æмæ фондзсæдæ мин сылгоймаджы ис, уыдонæй. К а ю с. Иттæг намысджын ус. Ф о р д. Æз уæ фæхуыдтон сихормæ. Цом азилæм уал пар- ~чы. Курын хатыр уегасæй дæр. Æз радзурдзынæн- исты хуызы, цæмæн ахæм ми бакодтон, уый. Æхсин Пейдж, æмæ ды дæр, ме ’фсин, курын уæ хатыр. Йттæг зæрдиагæй уæ курын, баха- тыр мын кæнут. Пейдж. Цæй, цом уæдæ. Фæлæ уын ард хæрын, ахъаззаг фæхуддзыстæм дызæрдыггæнаг Фордыл! Райсом та, хорз адæм, æз хонын уегасы дæр уарийы цуаны. Цавæр ног уари мæм и! Уæхæдæг фендзыстут, цъиуы куыд æрæппары тæхгæ-тæхын. Ра- зы стут, джентлментæ? Ф о р д. Æз алцæуыл дæр — разы. Э в а н с. Æз та Евангелимæ гæсгёэ — дыууæ лæджы кæм уой, æз дæр уым. К а ю с. Æз дæр уæдæ. Дыууæ кæм уа, уым æз — æртыккаг, компанийæн. Ф о р д. Уæ хорзæхæй, курын уæ мæ фынгмæ. Э в а н с. Фæлæ уæ курын уæддæр, ма ферох кæнæм райсом уыцы сыстбæрзæй уазæгуаты хицауы. К а ю с. О, иттæг хорз, хæйрæджы амæттаг, нæ йæ хъæуы рох кæнын. Э в а н с. Цæмæй уыцы сыстбæрзæй кæлæнгæнæг ма уæнда адæмæй афтæ хъазын æмæ хынджылæг кæнын! (Ацæуынц.) 4 СЦЕНÆ Уынг Виндзоры, мистер Пейджы хæдзары раз. Бацæуынц Ф енто н æмæ А’ннæ П ейдою. Ф е н т о н. Мæ хур, дæ фыд нæ уарзы мæн. Цæмæн мæ æр- витыс уымæ дзæгъæлы? А н н æ. Уæдæ куыд бакæнам? 372
Ф е н т о н. Дæхи куыд фæнды, афтæ. Уый хоны мæн æгæр æвгъау дæуæн. Лæппуййе, дам, йæ бынтæ бахардз кодта, Ныр, дам, дæ хардзæй хъуамæ цæрон æз. Мæ ивгъуыд цард мын дары уый.мæ цæстмæ— Лæппуты куывдтæ, хъазын æмæ нуæзт. Мæ чызгæн, дам, йæ зæрдæ ’мæ йæ рæсугъд Нæ уарзыс ды, йæ бынтæ дæ хъæуынц... А н н æ. Æмæ, миййаг, кæд раст зæгъы? Ф ен то н. О нæ, Хæрын дын ард, уæд макуы фенон амонд! Фыццаг æцæг зылдтæн дæ фæдыл æз Хъæздыг æмæ сызгъæрины æрттывдмæ, Фæлæ æз уайтагъд базыдтон, хуыздæр Кæй дæ дæхæдæг дунейы хæзнатæй. Нæ зæххы стæмдæр хъæздыгдзинад — ды, Æндæр æз ницы курын... А н н æ. Ме скаст Фентон! Мæ фыд йæ хъуыдытæй рæдийы, уый Дæ митæй равдис; уый гæнæн куы нæ уа, Нæ лæгъстæм иын куы нæ байхъуса, уæд Нæ фервæзынæн иунæг мадзал баззад. Æрбайхъуыс-ма... Йæ хъусы йын цыдæр дзуры, Хæдзарæй рацæуынц Шел лоу} С ленд ер æмæ Ку икл. Ш е л л о у. Миссис Куикл, бауром сын сæ ныхас. Мæ фæдон ныртæккæ йæхæдæг дзурдзæни йæ уарзондзинады тыххæй. Слендер. О-о, æз бацархайдзынæн. Архайын — нæу нард тайын. Ш е л л о у. Æцæг тæрсгæ ма кæн, мæ фæдон. Слендер. Цæмæй тæрсон? Мæнæн цы уæлдай у... фæлæ уæддæр цыма тæссаг у! Куикл. Байхъус-ма, мисс Аннæ, мистер Слендер дын дæ хъусы цыдæр зæгъынмæ хъавы. А н н æ. Фæцæуын. (Фентонæн.) Уый мæ фыды равзæрст у — Æдылы, сонт, æрра митæ хæццæйæ, Пайда та дзы — æртæсæдæ дукаты! Куикл (сабыргай, Фентонæн). Цæй, цы хабар ис, хорз мистер Фентон? Бар ратт иунæг ныхас дын зæгъынæн. Шеллоу. Æрбацæуы ардæм. Фидар лæуу, мæ фæдон. Дæ- уæн дæр фыд уыдис! Слендер. О, ай-гъай, мæнæн дæр уыдис фыд, мисс Аннæ 373
Пейдж. Мæ фыдыфсымæр Шеллоу ууыл зоны бирæ худæджы хабæрттæ. Дæ хорзæхæй, мæ фыдыфсымæр, радзур-ма мисс Ненæн, иухатт мæ фыд дыууæ хъазы куыд радавта кæркдонæй. Дæ хорзæхæй, мæ хорз фыдыфсымæр! Ш е л л о у. Мисс Нен, мæ фæдон уарзы дæу. Слендер. 0, уый афтæ у. Уарзын дæ нæ паддзахы æппæт устытау. Шеллоу. Ды цæрдзынæ уый дæлбар разагъды ледийæ. Слендер. Уый дæуæй рахицæн кæндзæн сæдæ фæндзай фунты æхца. А н н æ. Хорз лæг мистер Шеллоу, бауадз ын йæхи йæ уар- зондзинад равдисын. Шеллоу. Табуафси, саурæсугъд мисс Аннæ, пттæг æхсыз- гонæй. Бузныг. (Слендерæн.) Уый демæ адзурын фæнды, мæ фæдон. Æз уæ нæ хъыгдардзынæн. (Ацæуы иуварс.) А н н æ. Цы, мистер Слендер? С л е н д е р. Цы, мисс Пейдж? А н н æ. Зæгъ мын, куыд у дæ фæстаг фæндон? Слендер. Фæстаг фæндон? Уый дын гъе! Æз афтæ лæ- мæгъ куы нæ дæн æнæниздзинадæй,— дæ фæстаг фæндон, дам! Аннæ. Афтæ мæ нæ бамбæрстай, сэр. Æз дæ фæрсын, цы дæ хъæуы мæнæй? Слендер. Æргом зæгъгæйæ, хæрз чысыл, кæнæ та æппын- дæр ницы. Уый дæ фыд æмæ мæ фыдыфсымæр сфæнд кодтой мах баиу кæнын. Кæд ды разы дæ — хорз. Кæд ,нæ— уæддæр æвзæр нæу! Уæвгæ, дæ фыд æмæ дын <сæ мæ фыдыфсымæр ра- дзурдзысты мæнæй бирæ хуыздæр. Уæртæ бафæрс дæ фыды. уррбацæуы ардæм. Бацæуынц П е йд ж æмæ й æ у с. П е й д ж. Ах, мистер Слендер дæ, цы? —Мæ чызг Аннæ, Дæ мойаг мæнæ. Уарз æй.—■ Ай та чи у? Æнхъæлдæн, мистер Фентон... Сзр, зæгъ-ма, Цæмæн бырсыс мæ хæдзармæ? Сэр, бамбар, Æз радтон дзырд æндæр лæгæн. Уыныс? Фентон, Мæ зынаргъ мистер Пейдж, мæсты мæм ка кæн! Æхсин Пейдж. Нæ чызджы нын ныууадз, æмбаргæ Фентон. П е й д ж. Дæуæн уый къайаг нæу. Фентон. Æз курын ам — Æрмæст мæ иунæг ныхас зæгъын бауадз. П е й д ж. Ныхæстæ фесты. Цомут, мистер Шеллоу. Цæй, цом ды дæр, мæ сомбоны сиахс.— Хæрзæбон у бынтондæр, мистер Фентон. Æгъгъæд æфхæр мæ чызджы дæр, мæн дæр! ,374
П ейд’ою, Ш еллоу æмæ Сленд е р бацæуынц хæдзармæ. Куикл (сабыргай, Фентонæн). Аныхас кæн сударь, миссис Пейджимæ. Ф е.нт о н. Æхсин, цыфæнды фаутæ мæм хæссой, Цыфæнды дзурой, цасфæнды мæ ’фхæрой, Уæддæр дæ чызджы бирæ уарзын æз. Иæ хуыз мæ зонд, мæ зæрдæйы ис алкæд Тырысайау. Йæ ныууадзын мæ бои Нæ бауыдзæн. Дæуæй æз баххуыс курын! А н н æ. Мæ ныййарæг, дæ иунæг чызг куы дæн, Цæйдæр æдылы, зондцухæн мæ ма ратт! Æ х с и н П е й д ж. Нæ, Аннæ, ма тыхс уый тыххæй. Æз. дын æндæр усгуры ссардзынæн, хуыздæры. Ку и к л. На*, уадз фæлтау мæ ингæны нывæрой, Кæнæ мæ доны баппарут фæлтау... Æ х с и н П е й д ж. Цы дзурыс, Аннæ! Уый тыххæй æгъгъæд тыхс. Дæуæн та ныфс æвæрын, мистер Фентон, Мæ чызджы зæрдæ базондзынæн æз. Йæ уарзондзинад райсдзынæн бындурæн Мæ тæрхонæн, нырма уал дын нæ дæн Нæдæр хæстæг, нæдæр фыдгул. Хæрзбон уал. Цæуын афон у махæн ныр: тæрсын, Нæ лæг та нæм, миййаг, мæсты куы кæна. Фентон. Хæрзбон, миссис Пейдж. Хæрзбон, Аннæ. (Æ хсин П е йд ж æмæ Аннæ ацæуынц.) Куикл (Фентонæн). Уыдон иууылдæр æз аразын, сэр! Æз", æз! Нæ, зæгъгæ, йын загътон, куыд уæ фæнды, афтæ, фæлæ тæ- ригъæд у чызг уыцы сæрхъæнæн кæнæ лечъырæн раттынæн! Фæлтау бакæсут, зæгъын, мæхи мистер Фентонмæ! Бауырнæд дæ, афтæ сып загътон. Ф е н т о н. Бузныг, ды фæсмон нæ кæндзынæ уый тыххæй. Айс, дæ фыдæбæттæм. Ацы къухдарæн та ратт тæккæ изæр мæ дуне Аннæйæн. (Дæтты йæм æхца æмæ къухдарæн, стæй ацæ- уы). Куикл (уый фæдыл). Хуыцау дын ахъаз ракæнæд, сэр!.. Ах, цы дзæбæх зæрдæйы хицау у! Ахæм зæрдæйы фæдыл цы- фæнды сылгоймаг дæр багæпп «æндзæн артмæ, стæй дои- мæ дæр. Фæлæ уæддæр, чи зоны, хуыздæр у, Аннæйы мæ дох- тыр Каюс куы ракурид, уæд! Æви мистер Слендер? Кæнæ мис- тер Фентон? Цæй хорз, æз æххуыс кæндзынæн се ’ртæйæн дæр,- цы мæ бон уа, уымæй. Æз сын дзырд радтон, дзырд та æххæст- гæнгæ у! Фæлæсегасæй хуыздæр зилдзынæн мистер Фбнтоны тыххæй... Ах, цы мылæрцыди, цы?.. Тæхын ’мæ куы хъæуы сэр 375
Джонмæ,— цыдæр мын æм бахæс кодтой .дыууæ æхсины... Гъе- ныр æз сыл хæрæг нæ дæн, цæмæн сафын рæстæг хæрз дзæгъæ- лы! (Ацæуы.) 5 СЦЕНÆ Уат «Зæнгбæттæны» уазæгуаты. Бацæуы Ф ал ст аф. Ф а л с т а ф. Эй, Бардолф! Б а р д о л ф (бацæуы). Хъусын дæм, сэр. Ф а л с т а ф. Рахæсс мын иу къус херес. Æмæ дзул тебæйыл фыхæй. (Б а р д олф ацæуы.) Ау, ацы кармæ уымæн фæцардтæн, цæмæй мæ’ смаг дзидзайы кæрстытау чыргъæды ныннæмой, стæй мæ Темзæмæ акалой? Мæлæт мын нæу?!. Æз ма мæхицæй афтæ ахъазын куы бауа- дзон, уæд мын мæ сæрымагъз рауагъдæуæд, тебæйыл æй сфых- тæуæд æмæ йæ куитæн рардæуæд Иог азы хæринагæл!.. Уыцы дурзæрдæ æнаккæгтæ мæ аппæрстой ихын донмæ, цыма сын га- дза куыдз цы фынддæс куырм къæбылайы ныййары, уыдонæй иу дæн. Æз та доны бынмæ афтæ тагъд цæуын, мæ уæзмæ гæс- гæ æвæджиау тагъд. Суанг зындонау арф куы уа, уæддæр уай- тагъд йæ бынмæ ныххæццæ вæййын. Фæлæ, мæ амондæн, дон уыцы ран тæнæг уыди, йæ былтæ та лæгъз. Æндæр æнæмæнг фæдæлдон уыдаин... Æвирхъау мæлæт: доны адæймаг нæрсгæ ,кæны, æмæ цы хуызæн уаин, ноджы ма куы ныннæрсин, уæд! -Хохыйас ныддымсин! V-. Бацæуы Б ар д олф дыууæ нуазæны хересимæ. , Б а р д о л ф. Демæ, сэр, аныхас кæнын фæнды иу усы, йæ ном Куикл. Фалстаф. Бахъæц, чысыл уал херес афтауон Темзæйы •доныл. Мæ гуыбын афтæ ныссалди, цыма мæ астæу æруазал кæнынæн хосы бæсты миты къуыбæрттæ ныхъуырдтон. (Нуазæн ануазы.) Фæдзур æм ныр. Бацæуы К уикл, Б а р д о л ф. Мидæмæ, хорз ус. Куикл. Дæ хатырæй... Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн. Дæ райсом хорз, сэр Джон. Фалстаф (аназы дыккаг нуазæн. Бардолфмæ). Айс ацы мигæнæнтæ æмæ мын доджы рафыц херес, куыд æмбæлы, афтæ. , Б а р до л ф. Рæвдуæттимæ, сэр? ’ Фалстаф. Æнæ исты хæццæйæ; нæ мæ фæнды мæ нуæзты карчы цъиутæ уынын! (Бардолф ацæуы.) Цы зæгъыс, уæдæ? 376
К у и к л. Сэр, æз дæ уæздандзинадмæ æрбацыдтæн миссис Фордæй... Фалстаф. Миссис Фордæй? Бр-р-р... Найгæ та? Нæ, стыр- бузныг, æнæуи дæр мæ гуыбын йедзаг у уазал донæй. Куикл. Ах, фехъуыстон де ’намонд хабар. Мæгуырæг мис- сис Форд! Уый дзы мурдæр нпцы аххосджын у. Куы зонис, уый куыд хыл «кодта йе ’ххуырстытæм! Бынтон фæрæдыдысты! Ф а л с т а ф. Æз мæхæдæг фæрæдыдтэен: ахæм фæлпток усыл баууæнд! Куикл. Йæ цæстытæ доны зилгæ йæ иыууагътон, мæгуы- рæг. Дæ зæрдæ ныккæрзид, ныртæккал йæ куы фенис, уæд... Абон йæ лæг уаридзуаны цæуы, æмæ дæ куры, æрбацу, дам, астæй фарастмæ... Æз æм хъуамæ бахæссои дæ дзуапп. Тыиг дæ барæвдаудзæни, баууæнд! Ф а л с т а ф. Цæй фод, чи зоны йæм бауайон. Афтæ йын æй зæгъ, фæлæ раздæр хъуамæ ахъуыды кæна, адæймаг æфсæй- наг кæй иæу, бирæ кæй пæ хъæуы йæ асæттынæн... Æрмæст уæд базондзæн аргъ кæнын, куыд хъæбатыр, куыд иузæрдион дæн, уымæн. К у и к л. Мæ быгъдуан, сэр. Ф а л с т а ф. Ма дæ ферох уæд!.. (Б а р д о л ф бахæссы сæн æмæ аздæхы. Ф а л ст аф нуазы.} Уæдæ фарастæй дæсмæ, зæгъыс? К у и к л. Авдæй фарастмæ, сэр. Ф а л с т а ф. Хорз. Цæугæ. Æз афоныл уыдзынæн. Ку ик л. Æнæниз у, сэр. (Ацæуы.) Ф а лд>т а ф. Цымæ, цæмæн фæстиат кæна мистер Брук? Æрбарвыста мæм, æнхъæлмæ, дам, мæм кæс. Уарзын ын йе ’хцатæ. -Мæнæ йæхæдæг. Кæй кой кæнай — къæсæрмæ. Бацæуы Ф о рд æндæр дарæсы. Ф о р д. Райгæ уай, сэр. Ф а л с т а ф. Цæй, .мистер Брук, ды, кæй зæгъын æй хъæуы,. æрбацыдтæ,• æхсин Фордимæ,- мæ хъуыддаг куыд рауад, уый базонынмæ? Форд. Нæ йæ æмбæхсын, сэр Джон, ме ’рбацыды сæр> уый у. Фалстаф. Мистер Брук, нæ мæ фæнды гæдытæ дзурыи. Уыдтæн æм нæ бадзырд рæстæгыл. Ф о р д. Æмæ бантыстп дæ хъуыддаг? Ф а л ст а ф. Мисхал дæр нæ, мистер Брук! Форд. Уый та куыд? Иæхи дыл атигъ кодта, æви?.. Фа.-лстаф. Нæ. зынаргъ мистер Брук, уьгй тыххæй хъуыд- даг иттæг хорз у. Фæлæ куыддæр иучысыл ахъæбыстæ-пъатæ- 377
кодтам, куыддæр бамбæрстам кæрæдзи уарзондзинад æмæ ахъазыдыстæм нæ уарзон миты комедийы пролог, афтæ хæ- дзармæ бабырста йæ лæг, уыцы æппæтзонæг сыкъаджын,— æх- сæвæй-бонæй йæ цæст пæ исы йæ усæй, тæрсгæ-ризгæ йæ хъахъ- хъæны. Р1æ фæдыл та — йе ’рра хæлæртты къорд,— æрбахуыд- та сæ, цæмæй баджигул кæиой хæдзары æмæ ссарой йæ усы хæзгулы! Форд. Куыд? Æмæ ды уыцы рæстæджы уыдтæ уым? ’ Ф а л с т а ф. Тæккæ хæдзары. Ф о р д. Ау, æмæ дæ куыд ие ссардта? Ф а л ст а ф. Ныртæккæ йæ базондзынæ... Æнæхъæлæджы ма фервæзтæн. Хъысмæт мын æрбарвыста æхсин Пейджы, уый нын фæхабар кодта, Форд, дам, æрбапæуы йæ араллогæнæг къордимæ. Уыцы хинæйдзаг æхсин Пейдж æмæ æхсин. Форд мæн тагъд-тагъд æрæфсæрстой чыргъæды æхсинæгты бын. Ф о р д. Æхсииæгтимæ, чыргъæды. Ф а л с т а ф. Ард хæрын хуыцауæй, æхсинæгтимæ, чыргъæ- ды! Ныккалдтой чъизи хæдæттæ æмæ къабатæ, тæфгæнаг цъын- датæ, сойæдзаг салфеткæтæ... Уæд амæлон, мистер Брук, уæз- дан джентлмены фындзыхуынчъытæ никуыма бавзæрстой ахæм алыхуызон æнахъинон тæф, æз кæмæ смыстон уыцы къуындæг чыргъæды! Ф о р д. Æмæ бирæ фæдæ уым? Фалстаф. Бахъæц, мистер Брук, радзурон дын сæ фæд- фæдыл, уæд бамбардзынæ, цас хъизæмæрттæ бавзæрстон дæ хъуыддаджы тыххæй — цæмæй мын дæ пайдайæн йæхи раттаид уыцы сылгоймаг. Куыддæр мæ нытътъыстой чыргъæды, афта^ æхсин Форд фæдзырдта мæнгард æххуырстытæм, аха^ссут, дам, чъизи æхсинæгтæ — ома мæн! — уе ’ккой Темзæйы былмæ. Уы- дон сæккой кодтой æхсинæгтæ,— ома мæн! — фæлæ ныл дуар- мæ фембæлди уыцы сыкъаджын Форд æмæ йæ бафæндыди, чыргъæды цы ис, уый базонын. Ахæм тарст фæкодтон, ахæм!— зæгъын, уыцы хуырым йæ фондз æнгуылдзы куы афсæра чыргъæды. Фæлæ йын, æвæццæгæн, хъысмæт йæхæдæг сныв код- та, цæмæй сыкъаджын суа, æмæ йын фæхæцыди йæ къухыл. Араст и агурæг æгас хæдзары, æз та расхуыстон мæ хæсджы- ты æккой Темзæйы былмæ чъизи æхсинæгты хуызы. Æмбарыс, мистер Брук, иу бон уыйбæрц бавзæрстон, цыма мæ уд истон æртæ хуызы: фыццаджыдæр, мæ уд ауади фыртæссæй, зæгъын, мæ уыцы гæвзыкк дызæрдыггæнаг, уыцы дзæнгæрæгджын фыр- къа куы ссара чыргъæды. Дыккаджы—тыхтъыст мæ куы кодтой чыргъæды æмæ куы ’ркъæлæт дæн, уæд, зæгъын, мæ астæуыл дыууæ дихы куы фæуон. Æртыккаджы та, чысыл ма бахъæуа, ма фæхуыдуг уон чъизи æхсинæгты тæфмæ. Диссаг у, æз, ахæм 378
сæвджынтæ арæзт лæг, куыд нæ фæхуыдуг дæн æнуды, куыд. нæ батадтæн уыцы æнтæфы царвау. Æмæ æз мæхи сойы фыц- гæ куы кодтон голландиаг нард дзидзайау, раст мæ уыцы ми- нутыл аппæрстой æмæ æваст ауазал кодтой ихдоны, сыф-сыф- гæнгæ сырхзынг цæфхад доны куы фæтъыссой, уыйау. Уæд ма исчы ахæм æвирхъау ми кæны, мистер Брук!.. Ф о р д. Раст зæгъгæйæ, хъыг мын у, сэр, мæн тыххæй уый- бæрц хъизæмæрттæ кæй бавзæрстай, уый... Иудзырдæй, уæдæ ныр мæ зæрдæ мацæуылуал дарон. Ды нал зилдзыпæ мистер Форды усы фæдыл? Ф а л с т а ф. Нæ, мистер Брук. Уадз нывзидой мæ артуадзæг вулканы судзгæ хуылфмæ, ныр мæ Темзæмæ куыд. баппæрстой, афтæ, уæддæр æз нæ ныууадздзынæн уыцы усы! О, хæдæгай, йæ лæг абон цæуы уаридзуаны, æмæ мæм уый тыххæй æхсин фæхабар кодта йæхæдæг. Æз æм уыдзынæн асталй фарастмæ, мистер Брук. Ф о р д. Аст сахаты ыыццагъта, сэр! Фалстаф. Ау? Уæдæ мæкæн афон у миссис Фордыл фем- бæлынæн. Æрбацу-иу мæм, мистер Брук, пу æвдæлон рæстæ- джы, æз дын радзурдзынæн, нæ хъуыддæгтæ цас арф ацæу- дзысты, уый. Дæ зæрдыл бадар, никуыдæм аирвæздзæн дæ хъæ- бысæй. Хæрзбон! Дæу уыдзæни, мистер Брук, ды нырма сыкъа- тæ ныссадздзынæ уыцы æлгъыстаг мистер Фордæн. (Ацæуы.) Ф о р д. И?.. Цы?.. Мæ цæстытыл ауадысты уыдон? Æви фын у? Мистер Форд, райхъал у! Райхъал у, мистер Форд! Дæ бæ- рæгбоны дарæс алæзæрд? Ныр бамбæрстат, цы у усджын уæ- вын? Бамбæрстат, цы у чыргъæд æхсинæгтимæ? Хорз, хорз! Æз равдисдзынæн алкæй раз, цы у худинаг кæнын! Æз æрцахсдзы- кæн йæ бынаты ацы хæтæнхуаджы! Уып мæ хæдзары ис! Иæ, ацы хатт нал аирвæздзæн! Нæй мæм ахæм бынат, æз уый кæм не ссарон! Æхцадоны кæнæ цывзыдоны, мпйнаг, нæ ныллæс- дзæн, дæлимон! Æххуыс ын цы хæйрæг кæны, уый та йын цæ- мæй æххуысмæ ма фæзына — æз басгардзынæн хуынчъытæ, зыхъхъыртæ, къуымтæ сегас дæр. Уадз ма фервæзон, æрдз мын цы сныв кодта, уымæй — цы бæрæг и, чи зопы, пыридæгæн дæр сдæн ахæм, кæд мæ нæ фæндыди, уæддæр.— фæлæ ницы хуызы ныссабыр уыдзынæн хъысмæты раз! Кæд мæ сæрыл сыкъатæ разади, уæд уын æрымысдзынæн рагон æмбисонд: ма мæстæй мар сыкъаджын сырды — сгерра уыдзæп! (Ацæуы.) 379<
1 СЦЕНÆ Уынг. Бацæцынц æ х синт æ П е йдж æмæ Ку и кл, стæй В ил ь ям Пе йд ж. Æ х с н н Пейдж. Куыд æнхъæлыс, æхснн афонмæ бахæц- цæ уыдаид Фордмæ? Куилк. Кæнæ о, кæнæ уыдзæн тагъд. Раст дын куы зæ- гъон, уæд Джон тынг мæсты у, доны йæ кæй ныппæрстой, уый тыххæй. Æхсин Форд дæ куры, цæмæй йæм бауайай ныртæккæ. Æхсии Пейдж. Бауайдзынæн æм,’æрмæст уал раздæр мæ лæппуйы арвйтон скъоламæ. Уæвгæ, дæлæ æрбацæуы йæ ахуыргæнæг. Æвæццæгæн сæм абон уроктæ иæй. (Бацæуы сэр Г у г Э в а н с.) Сэр Гуг, абон ахуыр нæ ка^нут, æвп? Эвалс. Нæ, мпстер Слсндер мæ куырдга, цæмæй абон са- биты бауадзон хъазын. Куи к л. Хуыцауæй арфæгонд уæд уый тыххæй! Æхсин Пейдж. Сэр Гуг, мæ лæг афтæ зæгъы, цыма йын уыцы ахуыр мурдæр ннцы ахъаз у. Дæ хор^æхæй, исты йын ’ацамон грамматикæйæ. Э в а и с. Хæстæгдæр-ма рацу, Вильям, дæ сæрыл схæц. Цæй- ма! Æхспн П е й д ж. Бацу йæм, лæппу, дзуапп дæтт дæ ахуыргæнæгæн, тæрсгæ ма кæп. Эванс. Вильям, зæгъ ма: цал хуызы вæййынц нымæцтæ? В и л ь я м. Дыууæ. Куикл. Гъеуый дын, гъс! Æз та афтæ æпхъæлдтон, дæс æмæ ссæдзæй фылдæр—уымæн æмæ куы фæдзурынц, фыццаг пымæц, дыккаг, дæсæм, пуæидæс æмæ ссæдзæм... , Э в а н с. Дзæгъæлы ма дзæгъ-дзæгъ кæн. Вильям, стыр ла- тинагау куыд у? В и л ь я м. Магнус. 380
Куикл. Магнус? Мах пълагъодз Магнус æппындæр стыр куы нæ у! Э в а и с. Хорз ус, ды мпсхал дæр ницы æмбарыс, дæ хорзæ- хæй, банцай. Цы у лаппс, Вильям? • Вильям. Дур. Э в а н с. Уæд дур та циу, Вильям? В и л ь я м. Дур та — дур. Э в а н с. Нæ, дур — уый у лапис. Дæ хорзæхæй, нынпысан æй кæи дæ сæры магъзы. В и л ь я м. Лапис. Э в а н с. Хорз, Вильям. Зæгъ-ма уæдæ, Вильям, цæмæй рай- дайынц уæнгтæ? В и л ь я м. Уæигтæ райдайынп бынатномонæй æмæ кæрдзæ- вæнтыл хауынц афтæ: зингулаларит, поминативо, гъик, гъак, гъок. Э в а п с. Номинативо, гънк, гъак, гъок. Ноджыдæр бахъуы- ,ды кæн: гсннтивогъуйус. Хорз, уæд куыд уыдзæни гуырынон хауæн та? В и л ь я м. Гуырыион — гъипк. Эванс. Бахъуыды кæн, мæ хъæбул: гснативат, аккузативо, гьинг, гъанг, гъог. Куикл. Генг, ганг, гог — раст цыма китайагау дзурут. Эванс. Ныууадз-ма дæ дзæгъæл дзæнгæда! Уæдæ куыд •у гуырынон хауæн бирæуон нымæцы, Вильям? В и л ь я м. Гуырынон хауæн? Э в а н с. О. В и л ь я м. Гуырынои -- гъорум, гъарум, гъерум. Куикл. Уæ цæсгæмттæ бахæрут! Сывæллонимæ гуырыны тыххæй ныхас кæп! Стæй ноджы бирæон нымæцы! Макуы дзур уый тыххæй, мæ къона. Э в а н с. Хорз ус, иыхъхъус-ма у! Куикл. Хорз нæ кæныс, сывæллæтты ахæм митыл кæй ахуыр кæныс, уымæй. Искуыдæр ма уый æрцыдис? Гуырын — æмæ ноджы бпрæйæ нумæ! Худинаг дын у! Э в а н с. Дæ зонд фæцыдн, хорз ус: ды, æвæццæгæи, мур- дæр ницы æмбарыс тасыидзæгæн, ифтындзæгæн, номонтæ æмæ гуырынонтæн. Æхæм сæрхъæн ус нырма никуы федтои. Æ х с и и П е й д ж. Банцай, дæ хорзæхæй. Эванс. Цæугæ ныр, мæ хъæбул Вильям, цæугæ æмæ хъаз. Æхсин Пейдж. Мæ хъæбул, æз куыд æнхъæлдтон, уы- мæй фылдæр зоны. Эванс. Йæ хъуыдыйад тынг хорз у. Хорзæй уал баззай, .æхсин Пейдж1 Æ х с и н П е й д ж. Фенынмæ, хæларзæрдæ сэр Гуг! ?81
(Э в ан с ацæуы.) Цæугæ хъæмæ, Вильям. (Куиклæн.) Цом — мах æгæр бафæстиат стæм. 2 СЦЕНÆ Уат Форды хæдзары. Бацæуынц Фалстаф æмæ миссис Ф о р д. Фалстаф. Миссис Форд, дæ фæсмон мын атайын кодта мæ бирæ хъизæмæрттæ. Æз уынын, цæйбæрц арф у дæ уарзон- дзинад — æмæ, бауырнæд дæ, йæ аккаг хæрзиуæг айсдзынæ, мæ фæстаг мурты онг, канд уарзондзинадæй нæ, фæлæ ахæм раи цы фембæлы, уыдонæй алцæмæй дæр. Æрмæст-ма зæгъ, дæ лæг та нæ фæзындзæн ардæм? Æ х с и н Ф о р д. Уый бабыздзуаны ис, мæ дуне сэр Джон. Æхсин Пейдж (фæссценæйæ). Гъей, мæ сыхаг, хæдза- ры дæ? Æхсин Форд. Тагъд æмбæхсгæ ацы уаты, сэр Джон. (Ф ал ст а ф ацæуы.) . • Æхсип Пейдж (бацæуы). Дæ райсом хорз уа, мæ зы- каргъ! Чи ма ио ам, хæдзары дæхи йедтæмæ? Æхсин Форд. Ничи мæ лæггадгæиджытæй уæлдай. Æ х с и н П е й д ж. Уый æцæг у? Æхсин Форд. Бæгуыдæр. (Сабыргай.) Хъæрдæрæй дзур. Æ х с и н П е й д ж. Ах, куыд æхсызгон мын у, æгайтма ’дæм ничи ис! Æхсин Форд. Уæд цæмæн? Æхсин Пейдж. Уымæн æмæ та дæ мой ферра ис йæ пизæй. Æддейæ мæ лæгимæ æрра хъæртæ кæны, æлгъиты æмæ алывыд калы æгас усджын адæмæн, йæ маст калы устыты мыг- гагыл, йæ сæр хойы тымбылкъухæй æмæ дзуры: «Фæзыпдысты, рæзынц!» Бирæ федтон æрратæ’ а дунейыл, фæлæ уыдон ницьг уыдысты дæ мойы судзгæ масты раз. Табу хуыцауæн, æгайтма уыцы дæыгæл хотыхдар дæумæ нæй. Æ х с и н Ф о р д. Ау, æмæ нæ лæг уый кой кодта? Æ х с и н П е й д ж. Æндæр куы никæй кой кæны. Сомытæ кæны, айфыццаг, зæгъы, ам ’ куы агуырдтам, уæд уыцы сэр Джон Фалстафы ахастой чыргъæды, стæйафтæ зæгъы мæ лæ- гæн, сэр Д’жон, дам, ныр дæр ам ис. Цуанæй сæ раздæхта, цæ- мæй йæ бацагурой æмæ ссарой. Æхсызгон мын у, сэр Джон ам кæй нæй, уый. Ныр дæ лæг фæсмон фæкæндзæнис йæ сæрхъæн дызæрдыгдзинадыл... Æ х с и н Ф о р д. Æмæ ныр æввахс сты ардæм? 382
Æхсин Пейдж. Уынджы -фездæхæны. Ныртæккæ ам уы- дзæнис. Æ х с и н Ф о р д. О, бабын дæн: Фалстаф ам ис. Æ х с и и П е й д ж. Уæдæ æцæг фæхудииаг дæ, уый та йæхи банымайæд мардыл. Цавæр сылгоймаг дæ, цавæр? Тагъддæр æй адде кæн истыхуызы. Фаелтау худинаг фæу, цæйнæфæлтау исчи мард æрцæуа. Æ хс и н Ф о р д. Омæ йæ цы фæкæнон, кæм æй бамбæхсон? Чыргъæды та йæ цæвæриккам, миййаг? Рацæуы Ф алстаф. Фалстаф. Нæ, чыргъæды нал ныббырдзынæн. Аирвæзæн мын ницыхуызы ис уый æрбацыдмæ? Æхсин Пейдж. Байрæджы! Мистер Форды æртæ æфсы- мæры æд дамбацатæ лæууынц дуары æдде, цæмæй æддæмæ мачи аирвæза. Уый нæ, уæд, бæргæ, аирвæзис. Фалстаф. Уæдæ ма ныр цы кæнон? Къулын пецы тохы- найы сбырдзынæн. Æ хс и н Ф о р д. Сæ цуанон топпытæй алы хатт пецы тохы- наты æхсын байдайынц. Мæнæ иннæ пецы балæс. Ф а л с т а ф. Кæм и иннæ пец? Æхсин Форд. Уæвгæ дæ уым дæр ссардзæни! Хæдзары пъадвал уа, чырын, скъапп, асыкк — сеппæты дæр агурдзæни. Нæ хæдзары дын æмбæхсæн нæй! Фалстаф. Цæй, цы уа, уый уæд, æз фæцæуын дуарыл! Æ х с и н П е й д ж. Куыддæр дæ къах авæрай дæхи хуызы— мард фæуыдзынæ, сэр Джон. Уæд та дæ дзаумæттæ раивис, зæгъын... Æхсин Ф, о р д. Омæ йыл цы скæндзыстæм? Æ х с и н П е й д ж. Гъеуымæн æз ма>хæдæг дæр пицы зо- нын! Сылгоймаджы дарæс, ууыл чи ссæуа, ахæм никуы ссар- дæуыдзæнис, уыййедтæмæ йыл скодтаиккам плащ, худ, хыз, æмæ æфтæмæй асенк ластаид. Ф а л с т а ф. Хорз устытæ, исты мын æрхъуыды кæнут! Æз разы дæн алцæуыл дæр. Цыдæриддæр мадзал хуыздæр у дзыхъмард фæуынæй... Æхсин Форд. Уæллаг уаты нæм ауыгъд ис мæ лæггад- гæнæджы фыдыхойы къаба, тынг ставд ус у, бреифойраг. Ссæу- дзæнис ыл. Æхсии П ей д ж.' Сымахыстæн, йæ тæккæ аккаг уыдзæ- нис,— уый дæр раст ахæм ставд у. О хæдæгай, йæ худ æмæ йæ плащ дæр ам куы баззадысты. Тæхгæ уæлæмæ, сэр Джоя. Æхсин Форд. Тæхгæ уæдæ, тæхгæ, мæ ахсджиаг сэр Джон, мах та æхсим Пейджимæ ацагурæм кæлмæрзæи, дæ сæ- рыл дын кæй абæттæм, ахæм. 383,
'Æхсин Пейдж. Тагъддæр, тагъддæр! Мах дæм ныртæк- кæ фæцæуæм æмæ дæм фæкæсдзыстæм дæ дарæс акæнынмæ. (Ф ал с т аф ацæуы.) Æ х с и н Ф о р д. Гъæй-джиди, ныр ыл мæ лæг куы амбæ- лид уыцы дарæсы! Йæ цæстысындз у бренфойраг дæнгæл зæ- ронд ус, кæлæнгæнæг, дам, у, æмæ йæ æмгæрон нал уадзы, стæй йæм лæдзæгæй дæр бартхъирæн кодта. Æхсин Пейдж. Хуыцау æй бауадзæд дæ лæджы къух- тæм, хæйрæг та йьш амонгæ кæнæд, лæдзæгæй куыд архайын хъæуы, уый! Æ х с и н Ф о р д. Уæддæр мæ мой æцæг æрбацæуы? Æ х с и н П е й д ж. Ард дын хæрын. Æрбацæуы æмæ хъæ~ рæй дзуры чыргъæды тыххæй. Диссаг, кæцæй йæ базыдтаид? Æ’хси.н Форд. Ныртæккæ йæ базондзыстæм. Æз лæггад- гæнджытæн арвитдзынæн чыргъæд, цæмæй та йыл фембæлой’ айфыццагау къæсæргæрон. Æ х с и н П е й д ж. О, фæлæ уый ныртæккæ ам уыдзæн. Фæлтау цом æмæ хотыхдары сфæлындæм бренфойраг усбирæгъы хуызы.' Æхсин Форд. Ныртæккæ. Æз æрмæст ацамонон æх- хуырстытæн, цы кæнгæ сын уыдзæн чыргъæдпмæ, уый. Цæугæ уæлæмæ, æз та йын фæхæссын сæрбæттæн. (Ацæуы.) Æхсин Пейдж. Ах, ставд, дæнгæл, зæронд дæлимон! Цыфæнды фыдмитæ дæр ын æгъгъæд не сты. '• Уадз лæгтæ зоной, усæн у йæ бон Æгъдауджын æма* хъæлдзæг уæвьш иумæ. Сæ лæгтыл иузæрдыг вæййынц бынтон, Фæливæг та зæд фæкæсы йæхимæ. ’ (Ацæуы.) Æхсин Форд рацæуы инн’æ ’лззггадгæнджытимæ. • Æхси’н Форд. Сисут чыргъæд æмæ йæ^’хæсгæут.- Мистер Форд æрбацæудзæн ныртæккæ. Æрæвæрут æй, зæгъгæ, уын куы зæгъа — æрæвæрут-иу æй. Цæй, тагъддæр фезмæлут! (Ацæуы.) 1-аг лæггадгæнæг. Цæй, схæц! 2-аг лæггадгæнæг. Хуыцау зæгъæд, цæмæй дзы нард хотыхдар ма уа!- * 1-аг л æ г г а д г æ н æ г. Хуыцау ма зæгъæд: æз фæлтау хабс- дзынæн зды нæмгуытæ! Бацæуынц Ф о рд, П е йдою, Ш е л лоу, К а ю с æмæ Э в анс. Ф о р д. Ды мæн сæрхъæн хоныс; мйстер Пейдж, фæлæ дын æз куы равдисбн; мæ ныхас раст кæй у, уый, уæд'\цæ дæ хъуы- ды^аивын бахъæудзæн.—Цъаммæрттæ! Æрæвæрут чыргъæд! Фæдзурут ме ’фсинмæ! Зонын, чп ис’уæ чыргъæды! Зонын! Уæй- 384
гæнджытæ, æнаккæгтæ! Сымах ам æнæхъæн къорд стут, би- рæгъты бал, абырджытæ — иууылдæр фыдвæнд стут мæ ныхмæ! Фæлæ ныр ацы дæлимон дард нал. фæцæудзæн. Цæй, кæм дæ, ме ’фсин? Рауай-ма ардæм! Æркæсæм æм, фенæм, цавæр ми- дæггæгтæ ’рвитыс æхсыимæ! Пейдж. Нæ, уъш æгæр у, мистер Форд. Дæу дарддæр нал кс сæрибарæй уадзæн,— сбæттын æй хъæуы. Э в а н с. Уый дæ зонд куы фæцыдис! Сæрра ис хъæстæ куы- дзау! Ш е л л о у. Ард хæрын, мистер Форд, хорз нæу, ард хæрын, иæу хорз! Ф о р д. Æз дæр уын куы зæгъын, джентлментæ! (Бацæуы æ х син Ф о р д.) Рацу-ма хæстæгдæр, æхсин Форд, уæздан Форд, æгъдауджын ус, дызæрдыггæнаг сæрхъæн мой кæмæн ис! Мæ гуырысхотæ хæрз дзæгъæлы уыдысты, æхсин,— афтæ нæу? Æхсин Форд. Хуыцау ме ’вдисæн, хæрз дзæгъæлы мыл гуырысхо кæныс. Ф о р д. Сызгъæрин ныхæстæ, дыдзæсгом, æрмæст сæ, хъыга- гæн, нæй рæстдзипад. Цæй-ма, уæлæмæ слæс, æнаккаг! (Æхсинæгтæ змæнты.) П е й д ж. Ай бынтон йæ зонд куы фæцыди! Æ х с и н Ф о р д. Худинаг дын нæу? Ныууадз æхсинæгта^ сæ бынаты. Ф о р д. Æз дын ныртæккæ де ’мбæхсæнтæ скалдзынæн! Э в а н с. Уый æвирхъау ми у! Ау, дæ усы æхсинæгтæ къах- дзынæ? Форд (æххуырстытæм). Тагъд равдæлон кæнут чыргъæд! Æхсин Форд. Цæмæн уæд, цæмæн? Ф о р д. Мистер Пейдж, зион ацы чыргъæды пу кæйдæр ахастæуыди мæ хæдзарæй. Ау, цæуылнæ хъуамæ бада уым абон дæр? Ныртæккæ уый а хæдзары кæй ис, уый та æз бæл- вырд зоиын. Æз дзæгъæлы нæ гуырысхо кæнын. Скалут æхси- нæгтæ! Æхсин Форд. Цæй, æфтæ фæуæд, кæд дзы исты ссарай дæрæгойæ— ныцъцъист-иу æй кæн дæ ныхты ’хсæн. П е й д ж. Ацы чыргъæды адæймаг нæй. * Шеллоу. Бауырнæд дæ, мистер Форд, адон дæу аккаг митæ не сты. Э в а н с. Мистер Форд, дæуыл кувын æмбæлы, ды та мæпг фæндагыл цæуыс. Уый усыл гуырысходзинад у! Ф о р д. Æцæг... Нæй ам. П е й д ж. Никæм ис, дæ сæры магъзы йедтæмæ. Ф о р д. Хопз адæм, фæкæсут-ма мæм хæдзары бацагурын- 25 Шекспир, 2-аг том. 385
мæ. Æрмæст иунæг ацы хатт. Кæд æй нс ссарæм, уæд-иу мыл худут, цас уæ фæнда, уыйас. Уадз æмбисондæн баззайа: «Гуы- рысхогæнаг у йæ усыл Фордау. Уый йæ усы хæзгулы агуырдта а.нгузы афтид хъузджы». Æрмæст мæ курдиат сæххæст кæнутг а хæдзары-ма баджигул кæнут фæстаг хатт. Æхсин Форд. Æхсин Пейдж, о æхсиы Пейдж! Нæ хъу- сыс, цы? Рацæут дæлæмæ зæронд усимæ. Мæ лæг уæллаг уæт- тæ фенынмæ хъавы. Ф о р д. Зæронд усимæ? Цавæр зæронд усимæ? Æхсин Форд. Ох, ме ’ххуырсты фыдыхо — бренфойраг зæронд ус. Ф о р д. Куыд! Ам та ис уыцы усбирæгъ, уыцы дзырдхæс- сæг, хахуырдзых мæгуыргур! Æз ын, мауал нæм цу, куы загъ- тон. Æви та исты минæвар у, искæй сусæг фæндхæссæг? Цьт, афтæ нæу? Чи сын цы зоны, уыцы дæсныфæрсджытæн, цы митæ кæнынц, куыд сайынц æмæ куыд фæливынц, цы хуызы иу кæ- нынц хæзгулты. Гъа-ма, уæдæ, дæлæмæ рабыр, зындойнаг ус- бирæгъ, зæронд сусу-бусугæнæг, маргæвзаг хæфс! Рауай ардæм, рауай! Æхсип Форд. Цæ хорзæхæй, нæ лæг, мæ уарзон, мæ удæнцой, мацы йьтн кæн.— Хорз адæм, ма йæ бауадзут зæронд усы нæмын! Асинтыл æрцæуынц æ х с ин П ейдж, Ф а лст а ф зæронд усы дарæсы. Æхсин Пейдж. Рацу, рацу, зæронд ус, æри дæ къух. Форд. Æз ын феиын кæндзынæн уыцы зæронд, уыцы зын- дойнаг зокъойæн. (Нæмы Фалстафы.) Адде у ардыгæй, зæронд уыры, дзæгъæлхæтаг, фæллойхор, сыффыттой! Æз дын дæсны бафæрсдзЬшæн зыкъуыр лæдзæгæй, æз дып къамæй дæр ба- фæрсдзынæн! Адде у! ’ (ФæсурьЬ •Фалстафы лæдзæгæй, Ф а л ст аф алидзы дуарыл.) Æхсин’’Пейдж. Худинаг дын нæу! Фæцæймардта мæ- гуыр’зæронд-’усы! Æ’х.с й н ,.Ф о р д. Æмæ цы пæ бакæндзæн? Фæхуд дæхиуыл, сударь, æгад!кæныс дæхи. Ф о р,д. Д^æлдзæх æрбауæд! Эва.нс. ^уыцау тæригъæд ма зæгъæд, фæлæ уыцы зæронд хъыргъы æц&г усбирæгъ у. Нæ уарзын, усæн* зачъе зайа, уый[ Уымæн та йаё хызы бын федтон æцæг зачъе. Фор1д. Цомут, хорз адæм! Курын уæ, цомут! Сымах фен- дзыстут,. æз’^зæгъæлы кæй нæ кæнын дызæрдыг. Кад уын æй ацы Хатт: &æр ие ссарон, уæд-иу мыл макæдуал баууæндут. П е й Д ж. Цæй, фод, иу хатт ма йæм байхъусæм. 386
Ацæуынц иууылдæр æ х синт æ Форд æмæ Пейджæй фæстæмæ. Æ х с и н П е й д ж. Хорз æй куы ныдздзæрыа кодта! Æхсин Форд. 0, ахæм лæдзæгæй йыл æрцыди! Æ х с и н Пе й д ж. Хъуамæ уыцы лæдзæг бафснайон аргъуа- ны. Уадз саргъауой йыл æмæ йæ æрцауындзой кувæндоны сæр- мæ. Хæрзæгъдаудзинадæн ахъазгæиæг у! Æхсин Форд. Куыд дæм кæсы, сылгоймаджы хæдæф- сарм æмæ намыс хъахъхъæнгæйæ ма уæд та иу хатт æрцахуыр кæниккам уыцы бырæтты куыфы? Æ х с и н П е й д ж. Ме ’рдыгонау, йæ ныфс нал бахæсдзæн æгъдауджын устыты фæдыл зилынмæ. Кæд та йæ хæйрæг нæ сæрра кæна, ;уæд нæм никæдуал æрбауæнддзæн. Æхсин Форд. Уæд та нæ лæгтæн радзуриккам, Фалста- фæн цы митæ бакодтам, уый? Æ х с и н П е й д ж. Æнæмæнг! Æндæр макæй, фæлæ дæ лæджы сæры цы хæйрæджы’тæ бацардысты, уыдон дзы уæддæр фæсурдзыстæм. Кæд нæ лæгтæ афтæ зæгъой, уыцы дзæгъæл- хæтæг хытъынджын фаг æфхæрд не ’рцыди, уæд ма йын ахъаз- дзыстæм ноджы иу комеди. Æхсин Форд. Æрмæст æй ацы хатт хъуамæ фæхудинаг кæнæм æгас адæмы раз. Науæд нæ комедийæн нæ уыдзæн йæ- хи аккаг кæрон. Æхсин Пейдж. Уæдæ фæтагъд кæнæм! Æфсæйнаг хой, цалынмæ тæвд у, уæдмæ. (Ацæуынц.) 3 СЦЕНÆ Уат «Зæнгбæттæны» уазæгуаты. Бацæуынц уазæгуаты хицау æмæ Б ар д о лф. Бардолф. Сэр, немыцæгтæ курынц æртæ бæхы. Райсом талуанмæ æрбацæудзæн герцог йæхæдæг, æмæ йыл фембæлын- мæ хъавынц. X и ц а у. Уый цавæр герцог у, йе ’рбацыд ахæм сусæгдзина- ды чи дары? Æз куы ницы фехъуыстон галуаны. Стæ-ма аны- хас кæнон уыцы уæзданимæ. Англисагау дзуры? Бардолф. О, сэр, дзуры. Æз сæ ныртæккæ æрбахондзы- нæн дæумæ. Хицау, Бæхтæ сын ратдзынæн, фæлæ мын хъуамæ бафи- дой. Рассивдзынæн сæ æхца. Æгас къуыри фæцардысты мæ уазæгуаты сæхи хæдзæрттау, æмæ иннæ æрбацæуджыты фæс- ,337
тæмæ здæхтон. Уæдæ уадз æмæ ныр бафидой уый хыгъдæн. Æз сын æрцæгъдын кæндзынæн сæ чыссæтæ. Цом! (Ацæуынц.) 4 СЦЕНÆ Форды хæдзары. Пейдж, Ф о рд, æ хс и н т æ П е й дж, Ф орд æмæ Э ванс. Э в а н с. Иунæг усæн дæр никуыма æрцыди йæ сæрмæ ахæм худæджы хъуыды! П ей д ж. Æмæ уын уæ дыууæмæ дæр арвыста уыцы фыстæ- джытæ иумæ? Æ х с и н П е й д ж. Иу минутыл! Ф о р д (æрлæууы йæ зонгуытыл). Хатыр, æхсин! Нырæй фæстæмæ бархи Уыдзынæ ды, цы дæ фæпда, уый кæн. Фæлтау тæвд хуры рахондзынæн уазал, Уæддæр дæуыл гуырысхо — нал... Фыццаг Дызæрдыг усыл чи кæны — фæстагмæ Иæ хæрзæгъдауыл феууæнды хуыздæр! Пейдж. Кæдæй уæдæй! Фæлæ, мæ хæлар, хъуамæ Фæсмонæн дæр гуырысхойау бæрц уа! Æниу нæ фæндмæ рахиз’æм. Уадз ног та Нæ бинойнæгтæ снысан кæной фембæлд Сылваз хытъынæн,— ацы хатт æй кæд Æрцахсиккам йæ фыдгæнды, цæмæй йæ Æгас дзыллæйæн равдисæм æргом. Ф о р д. 0, уый тыххæй нæ устытæм цы фæнд ис, Æрхъуыды кæнæи уымæй хуыздæр нæй. П е й д ж. Куыд? Æмбисæхсæв ын хъæды астæу фембæлд иысан кæнут? Нæ уыдзæн, никæд! Ницы хуызы баууæнддзæн! Э в а н с. Доны йæ нывзылдтой чъизи гæрсты ’фсон, ахъаз- заг æй ныххостой цавæрдæр бреифойраг усбирæгъы ’фсон. Ме ’рдыгонау, уый афтæ фæтарсти— йæ къах дæр нал æрбавæр- дзæн фембæлдмæ. Йæ буар ым афтæ ныттыссæг кодтат, æмæ йæ монцтæ, æвæццæгæн, бынтондæр ахуыссыдысты. П е й д ж. Æз дæр афтæ æнхъæлын. Æ х с и н Ф о р д. Фæлтау зæгъут, цы митæ йын кæндзыстæм, Куы ’рбацæуа æмбисæхсæвты, уæд? Иæ ’рбасайын куыд æнцондæр уыдзæн, Уый уе ’хсинты, уæ устыты бар уадзут! Æхсин Пейдж. Æрымысон уын рагон аргъау. Раджы 388
Уыд цуанон Герн, Виндзоры тар хъæды Уый уыд хъæдгæс, йæ мæлæты фæстæ Ыыр дæр фæзыны тархъæды. Зымæгон Æмбисæхсæв хæрз’ иунæгæй фæзилы Иу егъау тулдзы алыварс, æмæ Йæ лопъо сæрыл стыр саджы сыкъатæ Фæцыдысты бæрзонд! Уый давы фос, Туг фестын кæпы хъуджы ’хсыр, æфтауы Фыднизтæ хъомыл, бæлæсты кæны Бындзарæй хус. Йæ тæрипьал,дтæ йыл Æртыхстысты рæхыстæй, æмæ уыдон Тæссаг дзыгъал-мыгъул кæныиц æдзух... Чысылæп нырмæ хгьусæм уыцы аргъау,— Фыдæлтæ йæ æцæг хабар хуыдтой, Æвæццæгæн, пыр махмæ дæр æрхæццæ. П е й д ж. Уый афтæ у. Æдылытæ ма ис, Мыфс сын æвæр а^хцайы стыр кæритæй, Уæддæр дын Гериы стыр тулдзмæ цæуын Нæ бауæнддзæн æхсæвыгон. Дæ аргъау Цæй фæдыл у? Æ х с и н Ф о р д. Зæгъдзынæн æй. Фалстафыл Мах Герны хуызы сфæлындæм, цæмæй Фæзыпа хъæдмæ. П е й д ж." Хорз, фæзынди Гернæй, Цы ми кæндзыстæм уый фæстæ? Æ х с и н П е й д ж. Нæ фæнд Лыггонд у махæн уый тыххæй дæр. Аниæ Æмæ нæ лæппу се ’мбæлттимæ, стæй Сæ хæлæрттимæ раивæнт сæ дарæс, Ысфæлындæнт цъæх дарæсы сæхи, Цæмæй уой сихтæ, зинтæ æмæ зæдтæ. Цырæгътæ ’мæ къæр-къæргæпджытæ сæм Уыдзазн, æмæ æмбисæхсæвыл Фалстаф Куы фæзына, æваст ыл æрхæй уæд Сæхи ныццæвæнт, алхуызон хъæрахстæй, Сæ цырæгътæй, къæр-къæргæнджытæй йæм Кæнæнт æртхъирæи, зарæнт ын тызмæгæй! Мах алидздзыстæм уырдыгæй, цыма Фæтарстыстæм, уым баззайдзæни Фалстаф. Уадз уым æртыхсой тæнджыныл, нæмой йæ, Æлхысчъытæй йæ сцъæхтæ кæной хорз, Фæрсой йæ радгай: «Чи дæ хуыдта ардæм Бæрæгæхсæв, куыд бахастай дæ ныфс Цъыф къахæн ахсæв сыгъдæг зæдты хъазтмæ?» 389
Æхсин Форд. Æмæ хытъынджын цалынмæ зæгъа, Цæй тыххæй ссыди, уалынмæ йæ зæдтæ Нæмæнт, .кæнæнт æлхысчъытæ, къæр-къæр Кæнæнт йæ хъусты, рухсытæ йып дарæнт Йæ цæстытæм, куыд асæтта йæ тых. Æхсин Пейдж. Куы басæтта йæ фыдвæндыл, уæд ын Иæ сыкъатæ йæ магъзхъуаг сæрæй сисæм, Æмæ йæ разы фелвасдзыстæм мах Нæ маскæтæ, стæй арвитдзыстæм худгæ Сæхимæ зæронд тутсæры. Ф о р д, Уæд уал Цæттæгæнгæ сты сывæллæттæ раздæр, Кæд зониккой, цы кæнгæ сын у, уый. Эванс. Хорз, æз мæхимæ исын хæс уæ разы, кæй базон- дзысты сывæллæттæ хъазын. Æз суанг мæхæдæг райсдзынæн иавæрфæнды кæнгæцæсгом, цæмæй уыцы тæригъæдджыныл арт бандзарон мæ цырагъæй. Форд. Иттæг хорз! Æз фæцæуын кæнгæцæсгæмттæ æлхæ- пынмæ. Æхсин Пейдж. Лæгай, уадз зæдтæн ус-паддзах уа Аннæ. Йæ уæлæскæнæд урс дарæс мæ чызг. П е й д ж (фæрсмæ). Æз балхæндзынæн урс цыллæ мæ чызгæн,— Æнæмæнг ахсæв саргъаудзæни: уый Мæ дзæбæх Слендер аскъæфдзæнис ахсæв Йæ урс дарæсы аргъуанмæ, ай-гъай! (Хъæрæй.) Уæдæ фæтындзут, æрвитут Фалстафмæ. Ф о р д. О нæ! Фалстафмæ Брукы хуызы ног Мæхæдæг хъуамæ бауайон. Æргом у Уый Брукы раз, йæ бæллицтæ фæдзурдзæн, Æрбазгъордзæн та фембæлынмæ ног. Æхсин Пейдж. Нæ кæнын мурдæр ууыл æз гуырысхо. Цæугæут дарæс балхæнут, уæдæ. Э в анс. Цæй, тагъд, цæй, тагъд! Фæхуддзыстæм ахъаззаг. Сыгъдæг сайд нын ныббардзæни хуыцау. И у у ы л д æ р ацæуынц, æхсинтæ Пейдж æмæ Фордæй фæстæмæ. Æ х с и н П е й д ж Фæлæ уæддæр, цæй, бавдæлæм, мæ сыхаг, Æмæ Фалстафмæ арвитæм фыстæг. (Æхс ин Ф о рд ацæуы.) Цон сусæгæй ныр- дохтырмæ, æз уымæн Мæ чызджы хъуамæ аскъæфын кæнон Æмбнсæхсæв сæ хъазтæй æмæ кафтæй.
Нæ, не ’ууæндын æз Фентоныл — æгæр Бæрзоид у, Слеидер та бынтон сæрхъæн у. Мæ дохтыр та нæдæр æдылы у, Нæдæр сæрхъæн — нæхи аккаг у, ноджы Æхцаджын æмæ хицæуттимæ баст... Нæ, уый! Æрмæст уый бауыдзæни Аннæ! (Ацæуы.) 5 СЦЕНÆ Уат «Зæнгбæттæны» уазæгуаты. Бацæуынц хицау æмæ С и м п л. X и ц а у. Цæй, цы дæ хъæуы, гомриу? Цы дæ хъæуы, æнæх- сæст къодах? Дзургæ, разгъал, ралæхур, афмæст т’агъддæр, цы- бырдæр, рæвдз — иу улæфтæй! С имп л. Хъуыддаг афтæ у, æмæ дæм æз мæ хицауæй æрба- цыдтæн, мистер Слендерæй, цæмæй иучысыл адзурон дæ уазæг- уаты цæрæг сэр Джон Фалстафимæ. Хидау. Уартæ дын йæ бынат, йæ уæвæн, йæ галуал, йæ хъазæн æмæ йæ фæлладуадзæн. Йæ дуарыл хъулæттæгонд ис ног ахорæнтæй дзæгъæл фырты зæронд таурæгъ. Цæугæ æмæ дуар ныххой тымбылкъухæй. Дзуапп дын ратдзæн удхоры богъ- богъæй. Уайгæ ныххой дуар! С и м п л. О, нæ, ныртæккæ йæм бахызти цавæрдæр зæронд ус, тынг фæтæнтæарæзт зæронд ус, хъулон кæлмæрзæны. Фæл- тау ам анхъæлмæ кæсдзынæн йæ рацæуыимæ. Мæн дæр уый хъæуы, уыцы зæронд ус. Хидау. Цы? Ставд зæронд ус? Мачи мын бастигъа мæ тæнджьш хотыхдары? Бахъæц-ма, æз æм фæдзурон. Эй, ды, богъатæгæнæг сэр Джон, дзуапп ратт де стыр салдатон рэеу- джыты дзаг уæлдæфæй. Цы фæдæ? Уый æз дæн, дæ хицау, де "мвынг-де ’мпуазæг. Фалстафы хъæлæс, Цы хабар у, хицау? X и ц а у. Мæнæцавæрдæр лæппу, кæнæ цигайнаг, кæнæ тæ- тæйраг, æнхъæлмæ кæсы де ставд зæронд усмæ. Марадз радде йæ кæн тагъддæр, сылты бардуаг! Мæ уазæгуаты сыгъдæджы ном и, ды та зæронд устытимæ хъазыс. Пуй! Рацæуы Фа л ст а ф. Фалстаф. Банцай-^а, хицау! Цæй, цы, бауад мæм иу ми- нутмæ сæвджын зæронд ус... Фæлæ раджы аздæхти. Симпл. Æмæ, зæгъ-ма, сударь, дæ хорзæхæй, уый брен^ фойраг зæронд дæсныфæрсæг нæ уыди? 391
Ф а л с т а ф. О, афтид сæтæлæгдон, уый уыди. Цæмæи д$е хъæуы? Симпл. Æмбарыс, сэр, мæ хицау мистер Слендер, сэр, фсд- та уынджы, ардæм куыд æрбасенк ласта, уый, сэр. Гъемае/мæ рарвыста йæ фæдыл, сэр, цæмæй дæсны бафæрса сызгъæрин цонгдарæны тыххæй, мæнæ цавæрдæр лæппу Иим кæй адавта, уый тыххæй, сэр. Йæхимæ ма ис, цымæ, уыцы цонгдарæн, сэр, æви нал? Фалстаф. А, цонгдарæны тыххæй? Æз æй фарстон уый тыххæй. С и м п л. Æмæ ды загъта, сэр? Фалстаф. Уый афтæ загъта, дæ хицауæй, дам, æй давгæ чи акодта, чъырхгæ дæр, дам, æй уый акодта. Симпл. Кæе-ма!.. Фæлæ уæддæр мæхи фæндыди аныхас кæнып йемæ, сэр. Иуцыдæр ма мын æм фæдзæхстæуыди... Ф а л ст а ф. Цы загътай, цы?' Дзургæ, цы хъуыддаг у? X и ц а у. Цæй, базмæлæд де ’взаг, тагъд, тагъд! Симпл. Мæнæк дзурын нæ хæс кодтой, фæлæ мæ дзыхыл хæцын. Хицау. Дæ дзыхыл куы хæцай, уæд, дæ зæрдыл дар, бын- тондæр багомыг уыдзынæ. С имп л. Цытæ дзурыс, сэр! Ахæмæй дзы ницы пс. Æрмæст миос Аннæ Пейджы тыххæй,— бакомдзæн ын.æви нæ баком- дзæн? Æрдзæй йын цы нывгонд фæци? Ф а л ст а ф. Афтæ нывгонд у. С и м п л. Куыд нывгонд, сэр? Ф а л с т а ф. Куыд, куыд? — кæнæ йын бакомдзæн, кæнæ та иæ. Уайгæ, афтæ йьш æй зæгъ. С и м п л. Афтæ йын æй зæгъон? Ф а л с т а ф. О, сэр тулдзын къодах, тæккæ афтæ. ■Симпл. Бузныг, дæ уæздапдзинад. Хæрзаг цин фæкæндзæи мæ хицау, уый куы фехъуса, уæд. (Ацæуы.) X и ц а у. Ахъаззаг хинæйдзаг дæ, мистер сэр Джон, стыр хин! Фæлæ дæм уæддæр дæсны æцæг уыдн? Ф а л с т а ф. Уыди, хицау, уыди. Æмæ мын бацамыдта сæ- рæй кусын, цæрæнбонты мын куыд нпкуыма иичи бацамыдта, афтæ! Иннæтæ ахуыргæнæггаг сæхæдæг фæдæттынц, мæнæн та дзы мæхимæ æрбалæвæрдтой. Бацæуы Б ар до л ф. Бардолф. Бæллæх, сэр, бæллæх! Абырджытæ! Сыгъдæг абырджытæ! Хицау. Цы фесты мæ бæхтæ? Зæгъ-ма бæстондæрæй, æнак- кап! Бардолф. Афардæг сты уыцы абырджытпмæ! Куыддæр 392
\Итоны хидæй ахызтыстæм,— æз абырæджы фæсарц бадтæн,— ?{фтæ мæ цъымараджып къанаумæ аппæрстой æмæ цыдæр фес- тц! Æртæйæ дæр бæхты фæцагайдтой æмæ адымдтой æртæ не~ мыцаг дæлимонау, æртæ дохтыр Фаусты! X и ц а у. Ма тæрс, уыдон герцогыл фсмбæлынмæ асхуыстой, ■сæрхъæн. Чи дын загъта, алыгъдысты? Немыцæгтæ — æнæзæр- дæхудт адæм сты. Бацæуы с э р Г у г Э в а н с. Э в а н с. Кæм и уазæгуаты хпцау? X и ц а у. Цы хабар у, сэр? Э в а и с. Цæрдæг лæуу, хицау! Мæ иу хæлар иыртæккæ æр- бахæццæ гррæтмæ æмæ афтæ зæгъы: æртæ немыцаг абырæджы, дам, бастыгътой Редингы, Мейденхведы æмæ Колбрукы уазæг- уæтты хицæуттæн сегасы дæр: асайдтой сын се ’хца æмæ сын атардтой сæ бæхтæ. Дæхицæн хуыздæры тыххæй дын зæгъын: цæрдæг лæуу къæрцхъусæй! Ды зондджын лæг дæ, дæхæдæг асайдзынæ искæй. Къæппæджы ма бахау! Хорз байрай! Бацæуы К аюс. К а ю с. Кæм и мæ «Зæнгбæттæны» хицау? X и ц а у. Ам, дохтыр,— тарст æмæ сагъæссагæй. К а ю с. Æз не ’мбарык дæ хъуыды, фæлæ мын загъдæуыд, дæхи кæй цæттæ кодтай иу немыцаг герцогыл фембæлынмæ. Æз дын дзырд дæттыи, къаролы галуан не ’нхъæлмæ каст иу- тгæг герцогмæ дæр. Æз дын уый дзурын сусæгæй дæ хæрзгæ- нæгау. Хорз байрай! Хицау (Бардолфмæ). Тæхгæ хъæр кæ, æххуысмæ снд, æнаккаг! (Фалстафæн.) Баххуыс мын кæн, хотыхдар, фесæф- тæп! (Бардолфæн.) Уайгæ, атæх, ахъæр кæн, пынниу, ныдздзы- наз, цъаммар! Бабын дæн! (Ацæуы.) Фалстаф. Ох, куыд æхсызгон мын уаид, ацы æнæгъдау дунейы иууылдæр куы афæлывдæуаид, куы ачъырхтæуаид! Ау, мæн канд фæливгæ нæ — мæн фæкодтой сайгæ æмæ найгæ! Цы ма фæуыдзынæн, къаролы галуаны куы базоной, цы митæ мын бачындæуыди; куыд мæ снадтой, куыд мæ æхсадтой, кæм мæ тылдтой, кæм мæ æвдылдтой!.. Хæрзаг кæл-кæлæй худдзысты!.. Мæ сой тайдзæнис æртахгай, æмæ дзы кæсагахсджытæ сæрд- дзысты сæ басмахътæ. Галуаны цыргъæвзæгтæ мæ хуынчъытæ кæндзысты сæ худæн ныхæстæй, цалыимæ хус фæткъуытау нæ ’бампылон. Ай-гъай, мæ хъуыддаг нал цæуы, къам аивгæйæ сыгъдæг Джонæй мæпг сомы куы ракодтон; уæдæй нырмæ. Ехх, тыхулæфт мæ куы иæ хъыгдарид кувынæн, уæд мæ тæригъæд- тыл басæттин. (Бацæуы мис сис К У и к л.) А! Кæцæй та? 393
Кункл. Дыууæ æхсинæй, сударь,— æндæр ма <кæмæй, уæ- дæ! Ф а л с т а ф. Сæ иу фæуæд авд дæлдзæхы, сæ иннæ та — фа- раст дæлдзæхы. Уымы аккаг сты сæ дыууæ дæр. Æз уыдон тых- хæй цы хъизæмæртгæ бавзæрстон, уыдон нæ бафæразид æндæр адæймаджы тæригъæддаг буар. Куикл. Æмæ сæхæдæг хуыздæр рап сты, æнхъæлыс? Уæл- дайдæр та сæ иу. Мистср Форд афтæ фæнадта йæ усы — цъæх- иъæхид у йæ буар, иунæг урс гæбаз нал баззадис йæ цармыл. Ф а л с т а ф. Ныр цы дзæнгæда цæгъдыс цæйдæр цъæхтьг тыххæй! Куы федтаис, куыд мæ сгæрзытæ кодтой арвыроны алы хуызтау! Стæй канд уый нæ! Чысыл ма бахъæуа, фæцæй мæ ахстой, бренфойраг усбирæгъ, дам, у! Афтæ зондджын æмæ* арæхстджыи куы нæ уыдаин æмæ æнаххос, æназым зæронд усы роль ахъазын куы нæ базыдтаин, уæд афонмæ хъадаманты — хуымæтæджы ахæстойнаг хъадаманты — бадтаии æцæг усби- рæгъау! Куикл. Ах, сэр, бар мын ратт æрмæст аныхас кæнынæн демæ зæрдæйæ зæрдæмæ хибарæй дæ фæлладуадзæны. Æз дып куы радзурон, куыд цæуынц нæ дыууæйы хъуыддæгтæ, уæд ды дæхæдæг фендзынæ, хабæрттæ иууылдæр дæ удæн хуыздæрмæ кæй разылдысты. Мæнæ дæм ам фыстæг дæр, бакæс æй æма^ цыдæртæ базондзынæ... Ах, мæ мæгуыр уарзæттæ, куыд зьш мын у сымах баиу кæнын. Æвæццæгæп уæ чидæр хуыцауы зæр- дæхъыджы бацыди,— уымæн нæ рæвдз кæны а хъуыддаг! Ф а л с т а ф. Цæй, хорз, цом мæ уатмæ! (Ацæуынц.) 6 СЦЕНÆ Æндæр уат «Зæнгбæттæны» уазæгуаты. Бацæуынц уазæгуаты х ицау æмæ Ф ент он. X и ц а у. Мæ, стæй мын дзургæ дæр ма кæн, мистер Фентон. Мæ зæрдæ рыст у. Æз ницыуал хъуыддаджы цæуын... Ф е н т о и. Мæ хорз хæлар, мæн тынг хъæуы ныр де ’ххуыс! Хæрын дын джентлмены дзырдæй ард, Цы дæ фесæфт, æппынкъаддæрæй уымæй Сæдæ сызгъæрин райсдзынæ фылдæр! Хицау. Цæй, хорз. Хъусын дæм, мистер Фентои. Æмæ, æн- дæр мацы уæд, фæлæ дæ сусæг хъуыддаг мæнæй ничи фехъус- дзæн. Фентон. Куы ма дын загътон цалдæр хатты: уарзын 394
Æнувыд уарзтæй Аннæ Пейджы. Уый Йæхæдæг дæр мæ уарзтæн дзуапп дæтты, Йæ фадат куыд у, афтæмæй — зæрдæйæ. Æз дзы ныртæккæ ахæм фыстæг райстон,— Дæхимæ дæр фæкæсдзæн диссаг. Уым Цы хъæзтытæ, цы хинтæ сбыдтой иумæ, Мæн тыххæй дзы цы рæсугъд фæндтæ ис,— Куы нæ сæ фенай, нæй сын уæд æмбарæи. Цы хъазт уыдзæн уым! Хытъынджын Фалстаф Æппæтæн худæджы хос уыдзæн ахсæв... Мæ фыстæгæй сæ базондзынæ. Раст Æмбисæхсæвты Герны тулдзы фарсмæ Уыдзæни хъæлдзæг, диссаджы ныв. Уым Мæ уды паддзах — Аннæ Пейдж — æвдисдзæн Хъæддаг чызджыты ус-паддзахы. Хъазт Йæ тæмæны куы бацæуа, уæд Аннæ Йæ фыды дзырдæй афардæг’ уа хъуамæ Æкæсæрымагъз Слендеры фæдыл Сыхаг горæтмæ, аргъуаны сыл уым Æвæстиатæй саргъаудзæни сауджын. Æнамонд Пен сын сразы ис... Фæлæ, Хъус дарддæр, хъус, мæ хæлар. Миссис Пейдж,— Мæ дзæбæх Аннæйы ныййарæг,— зоны Æндæр усгур, æмæ йæ чызджы уый Дæттынмæ хъавы уымæн,— иуцæйдæр Æдылы уасæг, зонддух дохтыр Каюс,— Уыдзæни уый дæр Герны тулдзы цур, Æмæ йæ тынгыл хъазт куы уа, уæд хъуамæ Уый аскъæфа мæ Аннæйы æваст, Цæмæй сыл искуы саргъуыдæуа ахсæв. Æнæбары та сразы Аннæ Пейдж,— Æмæ разы дæн дохтыримæ—загъта... Фæлæуу, æххæст нæма фæдæн. Йæ фыд Фæдзæхсы чызгæн урс къабатæ скæнын, Цæмæй’ йæ Слендер базона æваст. Йæ мад та йыл цъæх дарæс хъуамæ скæна, Йæ сæрыл та — цъæх дидинджытæй худ. Гъеуыдонæй йæ базондзæни Каюс. .Хицау. Кæй хъавы чызг та сайынмæ: йæ фыды, Æви йæ мады? ’Ф е н т о н. Дыууæйы дæр: Уый Мæ фæдыл лидзы. Курын дæ, мæ хæлар, Æмæ нын ахæм сауджын искуы ссар, 995
Æмбисæхсæв ныл чи саргъауа, уарзон Дыууæ зæ-рдæйы чи баиу кæна! Хицау. Иттæг хорз, архай. Сауджын ме ’вджид фод: Куы ссаръшц чызг, уæд сауджын дæр фæзыньь Ф е н т о н. Мыггагмæ дæ уыдзынæи хæсджьщ æз. Айс, рагацау уал иучысыл — мæ лæвар! (Ацæуынц.)
1 СЦЕНÆ Бацæуыиц Ф ал стаф æмæ К у и кл. Ф а л с т а ф. Æгъгт-.æд дзæнгæда дæгъд. Цæугæ, мæ дзырд фидар у. Фод афтæ, бавзардзынæн ма мæ амонд æртыккаг хатт дæр. Æз æууæндын æнæкъайыл æмæ алкæддæр æнæкъай бон фембулын — амонд, дам, уыдон фарс у. Цæй, ацу уæдæ! Куикл. Цы дæ бахъæуа — алцыдæр ме ’вджид — уæззау рæхыс æмæ дыууæ сыкъайы. Фалстаф. Хорз, хорз, рæстæг мауал саф дзæгъæльк Гъæй кæн — æмæ сиргæ, сиргæ! Ку икл ацæуы. Бацæуы Ф о рд. А, мистср Брук! Ацы хатт дын цæхгæр зæгъын: кæнæ ахсæв, кæнæ никæдуал! Æмбисæхсæв балæуу Герны тулдзы раз æмæ фендзынæ диссæгтæ! Ф ор д. Æмæ дысон -нæ уыдтæ уыцы усмæ? Афтае мын куы ’загътай, фембæлд дын снысан кодта! - Ф а л с т а ф. 0, уыдтæн æм, мистер Брук. Фæлæ иу бæллæх уыди: ацыдтæн æм, куыд мæзоныс, ахæм мæгуыр, фæлæ кад- джын зæронд лæгæй, здæхгæ та дзы ракодтон мæгуыр саунад зæронд усæй. Уыцы æнаккаг Форд, усы лæг, ахæм æрра сси йæ усыл гуырысхойæ — зæгъæн дæр ын на-Æ. Баууæнд мыл: æрдæг- мардæй ма раирвæзтæн йæ цæфтæй. Уый та уымæн рауад, мис- тер Брук, æмæ бацыдтæн сылгоймаджы хуызы! О, бæргæ, уы- цы сахат лæджы хуызы куы уыдаин, мистер Брук,—бæргæ нæ фæтарстаин канд лæдзæгджын Фордæй нæ, фæлæ суанг дже- богъджын Голиафæй дæр. Æз куы зонын, цард — уый тынуа- фæн цъæгъæдзау у — размæ — фæстæмæ, размæ’— фæстæмæ, Æииу, мæнæн афон у. Цом иумæ. Фæндагыл дын алцыдæр ра- дзурдзынæн. Мæ сабийы бонтæй иырмæ, мистер Брук, суанг кæйдæр хъазтæ тонын куы байдыдтон æмæ цъпл зилынæй уæл- зэ?
.дай куы ницы куыстон, уæдæй фæстæмæ ныры йедтæмæ никуы- ма бавзæрстон, цы у гæрз уис. Ныр æй зæрондæй базыдтон. Цæуæм, цæуæм! Æз дыи фæндагыл радзурон диссаджы цыдæр- тæ уыцы абырæг Форды тыххæй... Ницы кæны! Ахсæв дзы ме ’ппæт мæстытæ дæр райсдзынæн æмæ йын йæ усы дæуæн рат- дзьшæн. Гъæй кæн мæ фæдыл, гъæй кæн. Уым диссæгтæ уы- дзæн, мистер Брук! (Ацæуынц.) 2 СЦЕНÆ Виндзоры парк. Бацæуынц П е йдж, Ш е л лоу æмæ С л е нд е р. Пейдж. Ардæм, ардæм, хорз адæм! Бамбæхсæм æрхы ра- гон фидары раз æмæ кæсдзыстæм .æнхъæлмæ, цалынмæ нæ чы- сыл зæдтæ цырæгътæ ссудзой. Мæ хъæбул Слендар, хъахъхъæн, ма дын аирвæзæд мæ чызг! Слендер., О, нæ, нæ аирвæздзæн! Мах баныхас кодтам, кæрæдзи куыд базокдзыстæм кæнгæ цæсгæмтты. Æз бацæудзы- нæн, урс дарæс кæуыл уа, уыцы чызгмæ, æмæ йын зæгъдзы- пæн: «Му-у!»— уый та мын дзуапп ратдзæн: «Бе-е!» рьемæ, базондзыстæм кæрæдзи. • Шеллоу. Уый хорз у, фæлæ ма цы сты «му-у» æмæ -«бе-е» — не ’мбарын! Ды йæ æнæуи дæр куы базондзынæ йæ урс къабайæ. Æниу цæгъды дæс сахаты... Пейдж. Мæлæты тар æхсæв не скодта! Раст цырæгътæ судзыны æмæ æнæзæгъинæгты аккаг. Нæ фæнд хуыцаумæ раст фæкæсæд. Фыдракæндмæ ничи хъавы хæйрæгæй дарддæр, æмæ йæ базондзыстæм йæ сыкъатæй. Цомут. (Бацæуынц паркмæ.) 3 СЦЕНÆ Виндзоры паркмæ бацæуæн уыцг. Бацæуынц æ х син П е йдж, æ х с и н Ф о р д æмæ Каю с. Æхсин Пейдж. Дæ зæрдыл бадар, зынаргъ дрхтыр, мæ чызг уыдзæн цъæх къабайы. Бахъав æм хорз афоныл, райс ын йæ къух — æмæ уайгæ нæ фыд сауджынмæ! Уый уыл саргъау- .дзæн. Ныр та — цæугæ тархъæдмæ. Æз дæр фæцæуын æхсин Фордимæ. - ,, :398
К а ю с. Мерси, æхсин, ныр æз зонын, цы кæнгæ у. Æ х с и н П е й д ж. Бантысæд уын! (Каю с ацæуы хъæдмæ.) Ах, мæ мой ахсæв тынг бахъæлдзæг уыдзæн, Фалстафæн цы* митæ бакæндзыстæм, уыдон тыххæй, фæлæ тынгдæр та фæмаст кæндзæн, мæ чызджы дохтырæн кæй радтон, ууыл. Фæлæ цы гæнæн ис! Фæлтау рæстæгмæ ахыл у дæ моимæ, уæддæр дæ- чызджы зæрдæ ма асæтт мыггагмæ. Æхсин Форд. Кæм и, кæ, дæ чызг Аннæ йæ зæдтимæ æмæ феятимæ? Стæй цы фæци нæ сауджын дæлимоны хуызы? Æхсин Пейдж. Иууылдæр æмбæхст сты Герны тулдзы раз, æрхы. Куыддæр Фалстафыл фембæлæм, афтæ иууылдæр рагуылф кæндзысты æд цырæгътæ. Æхсин Форд. Хæрзаг тарст фæкæндзæи зæронд тæ- ригъæдджын. Æхсин Пейдж. Кæд тæрсгæ ыæ фæкæна, уæддæр ыл нæ фаг фæхуддзыстæм. Кæд фæтæрса, уæд та—дыууæ хатты хуыздæр, уымæн æмæ дыууæ хатты худæгдæр уыдзæн. Æхси.н Ф о р д. Ахъаззаг хорз фæхъаздзыстæм уыцы нард сылвазæй. Æхсин Пейдж. Цы лæджы фæнда искæй усæй хъазын, Уый цъыфы баппар,— уæд нæ вæййы азым! Æхсин Форд. Цом, æнхъæлдæн афон у. Атындзæм хъæд- мæ, æнахуыр тулдзмæ! (Ацæуынц.) 4 СЦЕНÆ Виндзоры парк. Бацæуынц Эванс, худæджы дарæсы, Аннæ Пейдж, феяты паддзахы дарæсы, æмæ иннæт æ, феяты хуызы. Э в а н с. Уæ къахфындзтыл слæуут, зæдтæ æмæ феятæ! Ма- чи уæ ферох кæнæд йæ хæс. Ма тæрсут. Мæ фæдыл цæут æрх- мæ. Куыддæр уæм фæхабар кэенон, афтæ-иу кæнут, цы уын загътон, уый. Мæ фæдыл, хъавгæ, хъæвгæ! (Ацæуынц.)
5 СЦЕНÆ Парчы иннæ ран. Бацæуы Ф алст а ф Герны* хуызы. Ф а л с т а ф. Виидзоры дзæнгæрæг ныццагъта дыууадæс. Мæнæ дæ, ме стыр æнхъæлцау сахат! О ’хсидгæ туг кæй да- дзинты хъазы, уыцы хуыцæуттæ, баххуыс мын кæнут! О зæронд Юпитер, æрымыс,. дæ уарзол Европæйы тыххæй гал куы фес- тадтæ, уыцы бон! Уарзондзинад дæуæн дæр дæ хуыцауыуарзон сæрыл разайын кодта сыкъатæ. 0 хъомысджын, уарзоидзинад! Сырдæй хаттæй-хатт скæныс адæймаг, адæймагæй — сырд. Ды дæр, Юпитер, иухатт фестадтæ доныхъаз — хъуыды ма^кæныс, Ледæйы куы бауарзтай, уæд? О тыхджынты сæттæн уарзондзи- над! Уый фсстын кодта хуыцауы, хуыцæутты хуыцауы, хъазы хуызæн æдылы маргъ! .Хуымæтæджы нæ фæдзурынц Юпитерæй: «Уый хъуджы тыххæй фестад гал, сыл хъазæн та—нæл хъаз- а^мбал!» Ау, æмæ кæд хуыцæуттæ бауарзгæйæ æмризæджы фæ- ризынц, уæд ма цы домдæуа хуымæтæджы зæххон адæймагæй! Мæхицæй куы зæгъон, уæд мæн та мæ хъысмæт ам, Виндзоры, фестын кодта сыкъаджын саг,— амы тархъæды æппæты нард- дæр.-Баххуыс кæн, Юпитер, æруазал мын кæн ме ’хсидгæ уарзон- дзинад, цæмæй ма батайон сойау!.. Гъей, чи дае уый? Мæ рог- къах сæгуыт ма уа? Бацæуынц æ хеинт æ Ф о р д æмæ П е йд ж. Æ х с и н Ф о р д. Сэр Джон? Ам дæ, мæ саг, мæ сыкъаджын уарзон? Ф а л ст а ф. Ах, мæ сау къæдзилджын урс сæгуыт! Уадз арв мыл къæвдайы бæсты æруара картофтæ, уадз ныннæра мыл гы- бар-гыбургæнгæ хъаймæты гæрæхтæй; уадз иызгъала мыл ихын сæкæртау йæ цæхæртæ; уадз сыста зилгæ сау тымыгъ æмæ хъаза судзаг æхсызгон монцты тухгæ уад,— æз иицæмæйуал тæрсын, уымæн æмæ удæнцой ссардтон дæ риуыл! (Хъæбыс кæ- иы æхсин Фордæн.) Æ х с и н Ф о р д. Ардæм æрбацыди мемæ æхсип Пейдж, мæ дуне! Ф а л с т а ф. Ах, миссис Пейдж? Адих мæ кæнут мард са~ гау: алкæмæн дæр уæ — фæйнæ агъды. Фæрстæ уадзын мæхи- цæн, сæфтджытæ—хъæдгæсæн, сыкъатæ та уадзын уæ мæйт- тæн. Цæй куыд, исты мæм пс мард хъæдгæсы хуызæнæй? Цуа- нои Герн иæ дæн сыгъдæг? Æнхъæлдæн, уарзондзинады бард- уаг, чысыл фæлитой Купндои ацы хатт æрымысыд йæ хæста^ * Герн — зæдты хистæр. 400
æмæ мын æххуыс кæны, цæмæй мæ ферох уой мæ раздæры би-' рæ бæллæхтæ æмæ хъизæмæрттæ!.. Герны бардуаг уын арфæ кæны, саурæсугъд цæрæццаг уе^ытæ! Æдде хъæр-хъæлæба цæуы. Æ х с и н П е й д ж. Уый та цавæр хъæлæба уа? Æхсин Форд. Хуыцау, ныббар нын нæ тæригъæдтæ! Ф а л ст а ф. Диссаг, цььхъуамæ уа? Æ х с и н 1 æ. Лидзæм, лидзæм! Фалстаф. Æвæццæгæн, дæлимоны нæ фæнды мс ’хсыз- гон саразын: тæрсын, тæригъæдджыиæй мæрдтæм куы бацæуон, уæд мæ сой цъæх арт куы суадза,'æмæ мæрдты бæстæ бьгны- сыгъд куы бакæна... Науæд цæмæи сыстад мæ бæллицты ных- мæ? Бацæуынц с э р Г у г Э ванс — худæгойæ, зинт æ, ф еят æ, уыдонимæ алыхуызон дарæсы — Пчи сто л, А н н æ * П е йдж æд цырæгътæ. А н и æ. Тæхгæут ардæм, зæдтæ æиæ зинтæ, Хъысмæты цот — лæппуйæ уа, чызгæй — Æрбамбырд ут æмæ уæ кафт, уæ зарды Бынæттæ ахсут кармæ гæсгæ ам. Фæсидæд уæм хабаргæнæг Хобгоблин! П и с т о л. Сымахæй, зинтæ, райдайæм.— Тæхгæ, . Цъысцъысаг, ды æмæ Виндзоры басгар: Йæ уат, йæ кæрт цы усæн нæу æфснайд,— Æлхысчъытæй сæ сцъæхтæ кæн! Нæ паддзах. Нæ кæпы чъизйустытæн’хатыр. Ф а л Счта ф. Кæсут-ма! Зинтæ, хиигæнджытæ, зæдтæ! 0,'чи сæ фена — ’ф’ервæзæн ын нæй. 'Мæхæдæг дæр дæлимоны хуызæн дæн, Фæлæ тæссаг мæлæты фæлтау ам Мæ хытъыныл’ныффæлдæхон цъынддзæстæй!' Э в а н с. Кæм дæ, Фæрдыг! Тæхгæ, æмæ æхсæв Фынæйы размæ чи нæ кæны кувгæ, Йæхиуыл дзуæрттæ чи нс ’фтауы, уый Хуынчъытæ кæн, æлхысчъытæй йæ— маргæ!' Фæлæ рæстæгыл чи ныххуыссы, стæй Йæхиуыл дзуæрттæ чи бафтауы, уымæн Сывæллонау æнæмæт хуыссæг ратт! А н н æ. Тæхгæут, зинтæ! Паддзахы стыр галуан Кæрæй-кæронмæ бабæрæг кæнут, Æмæ дзы таут алы уаты амонд, Фыдæй-фыртмæ нын фарнæйдзаг куыд уа,, Æмæ мыггагмæ фидарæй куыд лæууа!.. 26 Шекспир, 2-аг том. 40Г
Тæхгæут, зæдтæ! Алкæмæн зæгъут,— Бæрæгæхсæв у Герны тулдзы фарсмæ. Э в а н с. Кæрæдзи къухтæ райсут уæдæ ныр, Цырæгъты рухсмæ кафгæ, заргæ зилут!.. Æцæгæлонæй ничи ис æввахс, Æмæ нæ хъазт, нæ цин сыгъдæг у ахсæв... Фæлæ уый циу? Æнахуыр тæф цæуы: О зæдтæ! Ам æцæгæлонæй — чидæр!.. Ф а л ст а ф. А, базыдтой мæ. Бахиз мыи, хуыцау, Ды ме ’нæбон тæригъæдджын буар ацы Уэлсаг зинæй, науæд мæ, миййаг, Егъау цыхты ’фсон бахæрдзæи. Пистол. О уаллон, Æрдзæй æнаккаг, чъизи чи у, уый! А н н æ. Цырагъæй уал æй бавзарæм, цымæ Сыгъдæг уд у, æви æцæг у чъпзи: Кзед уа сыгъдæг — нæ йыл фæхæцдзæн зынг, Кæд чъизи уа, уæд уадз сырх пиллон кала! П и с т о л. Эй, тагъд, цырæгътæ! Э в а н с. Бафтауæм ыл арт Æмбыд, тæфгæнаг къодахылæмбырдæй! Ф а л с т а ф. Ох! Ох! Ох! Ох! А н н æ. Сыгъдæг уд нæу! Мæнгард у, сайæг, хæлд! Æлгъаг монцытæй йедзаг у! Уæдæ Кæд ахæм у, уæд ныр нæ къухты бафтыд: Цæй, а зæронд уæззау хæтагыл ам Æмвæндæй скæнæм худинаджы зарæг, Æфтауæм ын йæ тæригъæдтыл арт, Нæмут, цæвут, æлхысчъытæй йæ марут! Кафгæ зилынц Фалстафы алыварс, æлхысчъытæ йæ кæнынц æмæ зарынц. Ф е ятæ 1 Зинтæ / иУмæ' Худинаг сæ сæртæ Саузæрдæ æвзæртæн, Искæй фæдыл царды Чи зилы мæнгардæй’ Кæд дæхи зæрдæйы ды Дарыс чъизидæр хъуыды, Кæд æлгъаг митæм æвналыс Æмæ искæй амонд халыс, Уæд дæ тæригъæдтæм мах Хъуамæ бадарæм цырагъ. Хорз æлхыскъ-ма йæ кæнут,— 402
Атæха мæрдтæм йæ уд! Уæдæ цалынмæ мæйдар у — Уе ’лхыскъæй йæ судзгæ, марут! Лфæлдахынц Фалстафы, æлхысчъытæ йæ кæнынц. Уыцы рæс~ тæджы фæзыны Каюс æмæ алидзы цъæх дарæсджык феяимæ, С ле н д е р — алидзы урсдарæсдоюын ф е яи мæ. Бацæуы Ф е нт он æмæ алидзы Аинæ имæ, Ц уанæтт æ- уасынц уадындзтæй. Ф ал ст аф сысты æмæ алидзынмæ хъавы. П е йд ою, Ф о р д æмæ с æ у с т ытæ йын æрæхгæнынц йæ фæн- даг. Пейдж. Æрлæуу! Æнцад! Ныр ам дæ, ставд мæнгард. Дæхнцæй Герн бынтон дзæгъæлы скодтай! Æ х с и н П е й д ж. Кæрон, æгъгъæд, нæ хъæлдзæг хъазт Фæуæм. Цы нæ фæндыди—сæххæст ис кæронмæ. Сэр Джон Фалстаф, куыд у ныр та, зæгъ-ма, Нæхи виндзойраг устытыл дæ хъуыды? Дæ сæрыл чи ис, уыдон ам хуыздæр Нæ фидауынц, хйдзары бæсты хъæды? Ф о р д. Цæй, куыд, сэр? Зæгъ-ма дæхæдæг: нæ дыууæйæ чи разынди сыкъаджын? Чи? Æрбакæс-ма, мистер Брук: дæ разы лæууы Фалстаф — сыкъаджын мæнгард. Мæнæ дын йæ сыкъа- тæ, мистер Брук. Уый мистер Фордæн хъавыди йæ ус æмæ йе ’хцатæ байсынмæ, йæ хай та дзы фесты æрмæст чыргъæд æмæ лæдзæг. Уæвгæ ма йæм ис ссæдз сызгъæр’йны, фæлæ сæ сэр Джон бафиддзæни, кæд ма йæ йæ бæхтæ хъæуой, уæд,— уыдон мистер Брук райста йе ’хцайы сæрмæ. Æхсии Форд. Сэр Джон, нæ хъуыддаг нæ рауади. Нæ иунæг фембæлд дæр нæ фæрæстмæ. Уарзоиæн дæ нæ райсдзы- нæн, фæлæ дæ уыйхыгъд мæхииæн нымайдзынæн сагыл! Ф а л с т а ф. Æз уынын, кæй мæ скодтат саг нæ, фæлæ хæ- рæг! Ф о р д. Нæ, гал. (Амоны сыкъæтæм.) Дыууæ нысаны дæр — дæ уæлæ. Фалстаф. Уæдæ уыдон нæ уыдысты зæдтæ! Раст зæгъын хъæуы, мæхæдæг дæр иу-æртæ-цыппар хатты фенхъæлдтон: ам цыдæр сайд ис, зæгъгæ!.. Фæлæ мæ тæригъæдтæ, стæй мæ зонд æвиппайды кæй аталынг ис, уый бахъыгдардтой æмæ баууæн- дыдтæн хæрз æдылыйау ацы гуымиры балаганыл, ацы мæн- гарæзт зæдтыл! Гъеафтæ бахауы зондджын адæймаг сæрхъæ- ны бынаты, йæ сæрмæ æдылы хъуыдытæ куы бауадзы, уæд! Э в а н с. Сэр Джон Фалстаф, басæтт дæ тæригъæдтыл, ныу- уадз дæ хæлд митæ, æмæ дын уæд зæдтæ дæр æмæ дæ сафæг монцтæ дæр нал хъизæмарæй мардзыеты дæ тæригъæдджын буар! 403
’ ’Ф а л с т а ф. Иттæг хорз загътай, нæ фыд Сатир! Э в а и с. Дæуæн та, мистер Форд, мæ цæст уарзы къаддæр туырысходзинад нæ сыгъдæг аргъуаныл æмæ фылдæр уарзон- .дзинад де ’фсиимæ! Ф о р д. Ард хæрын, никæдуал æмæ йыл ницæмæйуал кæн- дзынæн дызæрдыг, кæд æй. нæ сыгъдæг фыд, ды нæ фæдзæгъæл кæнай дæ арг ьуанырдæм, уæд. Фалстаф. Æвæццæгæн, æгæр фæбадтæн хурмæ — бахус и мæ сæры магъз, æмæ уымæп фæивддзаг кодтон рæстдзинад дæрзæг амад гуымиры сайдимæ. Суанг ма мæ ацы уэлсаг цæу дæр рариуыгъта йæ зæвæтæй. Куыд бауагътон мæхиуыл сæр- хъæны худ æрсадзын? Уый фæстæ цыхты къæртт мæ хъуыры куы фæбадид æмæ куы фæхуыдуг уаин — афтæ мы,н хъæуы! Эв-анс. Цыхтæй, дам, царв дуцыи уæззау хъуыддаг у, дæ- уæн та, сэр, дæ хытъын фиуæй дзаг у. Фалстаф. Цы ранмæ æрхаудтæн! Ахæм сæрхъæн ныхæс- тæй мæ хъазынц, æмæ ноджы чи! Йæ дзыхы англисаг æвзаджы бæсты кас кæмæн ис, уый. Æрмæст иунæг уый дæр æгъгъæд у "ыæ паддзахады рагон уæздан æмæ хъæлдзæг хъæзтытæ амары- иæн. Æ х с и н П е й д ж. Зæгъ-ма, сэр Джоп, æргомзæрдæйæ, куыд æнхъæлдтай: ныр мах, мойгонд устытæ, куы сфæнд код- •таиккам сыгъдæгдзинад ныууадзын æмæ нæхимæ куы райстаик- кам ’зындойнаг тæригъæд,— ау, уæд уый тыххæй дæу равзæрс- ,таиккам? Ф о р д. Ахæм æмбыд хуылфыдзаумæтты! Ахæм зыгуымы «голладжы! Æх си н П е й д ж. Ахæм дымст мисындзæджы! Пейдж. Зæронд ихсыд лалым, туаг сæн кæй хуылфы æн- •хъизы! Ф о р д. Дæлимонау фыддзых, фæливæг! П е й д ж. Гавзыкк! Фо р д. Мæнгард сылкъи! Эвв’нс. Æвзæрæй цы ис — расыг кæнын, гуыбындзæл, ’стигъын, сылты фæдыл хæтыи, дзæнгæда цæгъдын, æлгъитыи — уыдон цвгъар... иæлга-’нæны бадæг, сæны боцкъайы уарзон! Фалстаф. Хорз, хорз, худут мыл, хъазут мæ! Басастат мæ! Цæвут æрхауæджы. Мæ бон дзуапп раттыи пæу суанг ацы уэл- ’саг фанел хæррæгъæн дæр. Гæвзыччытæ мыл сæ къæхтæ ха- фынц. Цы уæ фæнды, уый мын кæнут! Форд. Цы нæ фæнды? Ныртач<кæ дæ акæндзыстæм, сэр, Виндзормæ, павæрлæр мистср Брукмæ, Ды уымæй, æз куыд зо- т-гьщ, афтæмæй асайдтай бирæ æхца, æмæ йын ныфс æвæрдтай цавæрдæр мнстер Форды усимæ бану кæнынæй. Ды хъуамæ 404
•уыцы æхцатæ фæстæмæ раттай æнæхъæнæй. Ме ’рдыгонау, уый дæуæн уыдзæни, цы бавзæрстай, уыдонæй бирæ карздæр æф- хæрд! Пейдж. Уæвгæ, маст ма кæн, хотыхдар! Ахсæв дыи æз ратдзынæн замманайы сæны нуазæн чындзæхсæвы фынгыл, æмæ дын фадат уыдзæни ме ’фспныл дæ фаг фæхудынæн, уый ныр дæуыл куыд худы, афтæ. Марадз-ма, цу-ма зæгъ ын, ныр- тæк|кæ йыи мистер Слендер йæ чызг Аннæнмæ кæй саргъуыдта, уый! Æхсип Пейдж. Æз зонын лу дохтыры, цыма йæм уый ’фæразæй пс. (Фæрсмæ.) Кæд Аннæ Пейдж æцæг мæ чызг у, уæд афоммæ сси мыггагæй Каюс. Слендер (фæссценæйæ). Ой, мæ хорз фыд Пейдж! О-го- го! Ау! (Базгъоры.) Пейдж. Цæй куыд, цæй куыд, мæ хъæбул! Хъуыддаг са- рæзтат? Слендер. Хъуыддаг дæр уый мидæг ис, æмæ хъуыддагмæ "нæ бахæццæ. Æз загъд-замана сисдзынæн æгас Глостершпры! Уадз æрцауындзой мæ, æз загъд-замана куы нæ скæион! П е й д ж. Омæ цы рауади, мæ хъæбул? С л е н д е р. Аргъуанмæ бацыдтæн саргъауынмæ йемæ, уæ -чызг Аннæ Пейджимæ, æмæ æваст Аннæ Пейдж кæд разынди уæйыджы хуызæн постхæссæг’ лæппу. Аргъуаны кувæндоны раз куы нæ уыдаиккам — ныххостаин æй, йе та уый мæн ныххоста- ид... Уæд ацы ранæй мауал стæлфон, кæд афтæ не ’нхъæлдтон, Аннæ Пейдж у, зæгъгæ, уый та постхæссæг лæппу разынди! Пейдж. Ехх, æнæсæрфат, гъе! Уæдæ фæрæдыдтæ? Сл е н д ер. Ай-гъай, фæрæдыдтæн, иугæр аргъуанмæ чыз- джы бæсты лæппу бахуыдтон, уæд. Хуыцау хорз, æмæ ныл нæ саргъуыдтой. Фæлæ ныл куы саргъуыдтаиккой,,уæддæр æй мæ- хицæн усыл нæ банымадтаин! Псйдж. Дæхи аххос уыди уый! Æз дын куы загътон, Аннæ урс къабайы уыдзæн! Слендер. Уый дæр урс къабайы уыди, уыцы лæппу. Загъ- тон ын: «Му-у!» уый та мын: «Бе-е!», дæ чызг Аннæимæ куыд баныхас кодтам, афтæ. Æмæ уæддæр Аннæ нæ рауади, фæлæ постхæссæг! Æ х с и н П е й д ж. Мæсты ма кæн, мæ дзæбæх лæг. Цы сфæнд кодтай, уый æз базыдтон, æмæ Аннæйæн скæнын кодтон урс нæ, фæлæ цъæх къаба. Уыцы къабайы уый ныртæккæ сар- гъуыдта дохтыр Каюсимæ... Бацæуы Каю с. К а ю с. Кæм и æхсин Пейдж? Хæйрæджы амæттаг, асайдта мæ! Цавæрдæр лæппу мын ракурын кодта, дæлимон! Лæппу — 405
уый Аннæ Пейдж нæу. Хæйрæджы амæттаг, афæлывта мæ! Æхсин Пейдж. Куыд! Цъæх къаба кæуыл уыд, уый нæ акодтай?.. Каюс. 0 хæйрæджы амæттаг, æмæ уый слæппу ис, дæли- мон! Æз æгас Виндзор сыстын кæндзынæи! (Ацæуы.) Ф о р д. Диссаджы хабар! Уæдæ кæй бацис æцæг Аннæ? Пейдж. Мæ зæрдæ хаты цыдæр æвирхъау ми! Кæсут-ма, мистер Фентон æрбацæуы ардæм! Баиæуынц Аннæ æмæ Ф е нтон. Æ’хсин П ейдж. Стæй Аннæ дæр! А н н æ., Ныххатыр кæн, мæ фыд. Ды дæр, мæ мад, ныххатыр кæн дæ чызгæн. Пейдж. Бахъæц, æхсин. Фыццаг уал зæгъ, цæуылнæ ба- кастæ мæ коммæ æмæ цæуылиæ ацыдтæ аргъуанмæ мистер Слендеримæ? Æ х с и н П е й д ж. Цæмæн мæ фæсайдтай æмæ нæ ацыдт^ аргъуанмæ дохтыр Каюсимæ? Фентон. Хатыр мын, дзуапп уын уый бæсты дæттын. Фæсайдта уæ, нæ бакасти уæ коммæ,— Æцæг у уый. Цы бакодтаид Аннæ? йæ фыды коммæ бакастаид, уæд Фæсайдтаид йæ мады. Мады коммæ Куы бакастаид, бафхæрдтаид уæд Иæ фыды. Нæ, нæ бауæндыд уæ чызг> Иæ дыууæ мойæ иуы дæр æвзарын... Уыдыстæм рагæй иумæ мах лымæн, Æмæ йæ мойæн равзæрста уый мæн. Зæгъут-ма уæд, кæй уæ фæсайдта Аннæ? Хæрын уын ард, уæ иунæджы дæр нæ!.. Уыдаид саид — уый, аргъаугæйæ уарзгæ Кæй нæ кæндзæни, уыцы лæгæн ард Куы бахордтаид уарзыныл, стæй дарддæр Йæ зын царды куы \лгъыстаид сымах Æмæ йæ ницæйаг сыкъаджын мойы. Ф о р д. Мæ сыхæгтæ, цы ’рцыди, уый æрцыд, Цы бакодтой, ныр уымæн нал ис ивæн. Сызгъæрииæй зæхх балхæнæп вæййы, Фæлæ иын устытæ хъысмæт фæдæтты. Ф ал стаф. Уый хорз рауад: дæ фат мæнырдæм тахт, Фæлæ æидæр кæйдæр риуы ныссагъд! П е й д ж. Уый раст у. Уæдæ, цæй, мæ зынаргъ Фентон, Хуыцау æмæ уын зæдтæ раттæнт цин. Цы ’рцæуинаг уыд — фарнимæ æрцæуæд! 406
Фалстаф. О, цуанон ’куыдз æхсæв куы срæйы хъæды, Цыфæнды маргъ дæр дзы фæтæрсы уæд. Æ х с и н П е й д ж. Цæй, фод, æз дæр хъысмæтимæ разы дæн. Хæрзамонд ут, мæ чызг æмæ мæ лæппу. Уæ хорзæхæй, ныр мах хæдзармæ цом, Æрбаддзыстæм тымбыл фынгыл æнгом Æмæ виндзойраг устыты уæлахиз Бæрæгбокау фæнысан кæнæм.— Ахиз. •Форд. Цæй, афтæ фод. Фæлæ Фалстаф бæлвырд Иттæг раст уыд, мæнæн куы радта дзырд: Ныфс мын æвæрдта Форды усæй раздæр Æмæ йæ ныхас сæххæст уыдзæн азæр. (Ацæуынц.)
СÆРГÆНДТÆ ТИМОН АФИНАГ 3 ЦИМБЕЛИН Ю1 ÆФХÆРД ÆФХÆРДМÆ 222 ВИНДЗОЙРАГ ФÆЛИТОЙТÆ 326 УИЛЬЯМ ШЕКСПИР Произведения П-й ТОМ Перевод на осетинский язык Григория Дзамболатовича П л и е в а Редактор И. Р. Ц о м а р т о в Художник У. К. Кануков Художественный редактор X. Т. С а б а н о в Техпический редактор А. В. Я Д ы к и н а Коррскторы 3. У. Дзуцева, М. Г. Гадзалова ИБ № 877 Сдано в набор 23.12.82. Подписано к печати 11.04.83. Формат бума- ги 60x84 1Дб. Бум. тип. № 1. Гарн. шрифта литературная. Печать высокая. Усл. п. л. 23,71. Учетио-изд. листов 20,81. Тираж 2000 экз. Заказ № 11409. Цена 2 р. 10 к. Издательство «Ир» Государственного комитега Ссвсро-Осстниской АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362040, г. Орджоники- дзс, ул. Днмитрова, 2. Книжная тнпография Государственного комитета Северо-Осстннскоп АССР по делам издательств, полиграфии и книжной торговли, 362011, г. Орджо- никндзс, ул Тельмана, 16.