Текст
                    Сæвæшхъуаты Рамазан
ЦЫ ФÆДÆ, ЗÆРИНÆ ?
ПОВЕСТЬ
Чиныгуадзæн «ИР» * Орджоникидзе * 1981


84 Осет С (Осет) С 26 Рецензент ЧеджемтыÆхсар Сæбæтхъуаты Р. С26 Цы фæдæ, Зæринæ?: Повесть.—Орджоыикидзе: Ир, 1981.—112 ф. СаÆаткоев Р. Б. Где ты, Зарина? 30 коп. В позссти показаиа трагическая любовь двух молодых людей— Зарииы и Темира, которых навсегда разлучила Великая Отечест- венная война. Рассказ о них ведется от лица мальчика Ахсара— очевпдца событий. Биография человека начинается с того момента, когда его судьба сливается воедино с судьбон народа—такова основная идея этой лнрической повести. 70303—30 84 Осет М 131 (03)—81 с (Осет) © Издател1_ство «ИР», 1981
*** Фæстаг рæстæг фыны нæ хъæу æнæ фенгæ никуы фæдæн. Даргъ уынгтæ, чъырæйцагъд рæсугъд хæдзæрттæ, дыргъджын цæхæрадæт- тæ — ахæмæй фæуайы алы хатт мæ цæсты- тыл. Æрмæст ма фыны æз цæмæдæр гæсгæ чысыл лæппу вæййын. Мæ цыбыр æмпъызты- тæ хæлаф мын фæкæны къуындæгад, мæ бæ- гъæввад къæхтæ къуыбæрттыл фæриссынц, фæлæ уæддæр æз мæ тыхнмæ бонæй фезгъо- рын нæ хъæуы уынгты. Хатгай ма фыртагъ- дæй уæлæмæ цъиуау дæр стæхын æмæ уæд мæ къæхты рыст нал фембарын. Раджы нын хъæуы астæу цы ныллæггомау хæдзар уыдис, уымæн ныр йæ кой дæр нал ис, фæлæ йæ хъуа- мæ æз уæддæр мæ фыны фенон. Суанг ма нæ кæрты, арвмæ цы æнгуз бæлас фæцыд, уый цъуппыл дæр фестын. Куы райхъал вæййын, уæд ма мæ чысылы бонтæ кæй æрымысын, уы- мæн уыдзæн, æви æндæр истæй тыххæй,—нæ зонын, æрмæст мæм хатгай афтæ фæкæсы, цы- ма, ныртæккæ Мæскуыйы цы стыр райдзаст хæ- дзары цæрын,уымæй мын кæддæр нæ талынг зæхбын агъуыстытæ зынаргъдæр уыдысты, уыйау. Æвæццæгæн, уый, мæ райгуырæн хъæумæ рагæп кæй ,нæуал сæфтыдтæн, уы- мæн афтæ у... Поезд «Мæскуы — Орджоникидзе» Бсслæ- ныхъæуы куы ’рлæууыд, уæд æз æвиппайды мæ дзаумæттæ æмбырд кæныныл фæдæн. 3
— Ам хизыс? — дисгæнгæ мæм æрбакаст мæ сы- хаг.— Орджоникидземæ уал куы цыдтæ. — Нæ... Ардæм... Ардыгæй мын хæстæгдæр уы- дзæн...— къуызгæ дзуапп радтон æз æмæ æд чумæдан æддæрдæм фæраст дæн. Æрмæстдæр перронмæ куы ’рхызтæн, уæд æрлæу- уыд мæ зæрдыл, мæ сыхагæн, Орджоникидземæ цæ- уын, зæгъгæ, кæй дзырдтон, уый. Мæхинымæр ма йын горæт фенынгæнинаг дæр уыдтæн. Фæлæ ма йын ныр поезды рудзынгæй куыд зæгъон, нæ хъæуы сæрмæ цы стыр рæгътæ ис, уыдон куы ауыдтон, уæд мæ мæ къæхтæ сæхæдæг æддæмæ кæй рахастой, уый. Фырци- нæй ма суанг мæ улæфæнтæ дæр ахгæдтой... Горæтæй нæ хъæумæ цы автобус цæуы, уымæ мæ бирæ æнхъæлмæ кæсын бæргæ нæ бахъуыд, гъе, фæ- лæ, ме ’намондæн, адæмæй йæ тæккæ дзаг разынди. «Æвæццæгæн мын амæй ницы рауайдзæн»,— ахъуыды кодтон æз, суанг хизæнтыл дæр ма бæлццæтты лæу- гæйæ куы ауыдтон, уæд. Уыцы рæстæг мæм æвиппай- ды машинæйæ райхъуысти кæйдæр цины хъæлæс: — Дæлæ-ма кæй уынын! Æхсарбег... Уый нæхи Æхсар куы у. Рауадзут-ма йæ! Чи мæм дзуры, уый зонгæ дæр нæма бакодтон, афтæмæй мын цавæрдæр лæцпу уæлейæ мæ чумæдан- мæ æрæзнæлдта. Чысыл фæстæдæр мæхæдæг дæр цыдæр амæлттæй дуары мидæгæн фæдæн. — Уæуу, мæнæ ма Æхсарбег! — Кæдæй-уæдæй ма нæм куы фæзындтæ! — Профессор нын нæма сдæ? — Æмæ Æнайы демæ цæуылнæ ракодтай, Æх- сарбег? — сæ кæрæдзийы ныхасмæ хъусгæ дæр нал кæнынц, афтæмæй мæм алырдыгæй цинхуызæй дзу- рынц нæ хъæуккæгтæ. Мæнæн сæ иуæн дæр мæ бон дзуапп раттын нæу, æрмæст сæм мæ мидбылты бахудын æмæ дзы кæй базонын, уымæн мæ сæрæй акувын. 4
— Æхсар, мæнырдæм дæр-ма ракæс! — иузаман мæм рæбынозæй райхъуыст, чысыл раздæр мæм ав- тобусæй æддæмæ чи адзырдта, уый хъæлæс, æмæ æваст мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Æрдæбон дæр ын куыд нæ базыдтон йæ хъæ- лæс, раздæр ын æй мин хъæлæсы ’хсæн дæр куы нæ фæивддзаг кодтаин, уæд? — Зæринæ! — фырцинæй мæ дзыхыдзаг фæхъæр кодтон æз, раззаг дуары цур цы къæсхуыртæ сыл- гоймаг лæууыдис, уыпырдæм мæхи ивазгæйæ, фæлæ мын адæмæй размæ иу къахдзæф акæнын дæр нæ бантыст. Æвæццæгæн ын йæ рæсугъд зыланггæнаг хъæ- лæс куы нæ фехъуыстаин, кæнæ йын йæ зæрдæхæлар мидбылты худт куы нæ федтаин, уæд Зæринæйы зон- гæ дæр нал бакодтаин. Афтæ тынг аивта йæ хуыз, нæ хъæуы куынæуал уыдтæн, уæдæй нырмæ. Мæн бæргæ фæндыд сылгоймагимæ истытæ адзу- рын, фæлæ уæдмæ автобус йæ бынатæй фенкъуысти æмæ, адæмæй лæугæ чи кодта, уыдон сæ бынæтты базмæлыдысты. Исдуг мæм бæлццæтты аууонæй Зæ- ринæйы цæсгом нал зынди, æрмæст ма йын-иу, хат- гай машинæ исчердæм куы фæкъул ис, уæд чысыл йæ халасзæд сæрыхъуынтæ ауыдтон. Мæнæ, æппынфæстаг, мæ размæ цы æрыгон лæп- пу лæууыд, уый йæ сæр дæлæмæ кæимæдæр ныхас- кæнынæввонг æруагъта, æмæ мæм Зæринæйы хур- сыгъд цæсгом разынд. Ныр ын уынын йæ фæллад- хуыз цъæх цæстытæ. Иæ раззаг дæндæгтæн иу кæй фæхъуыдис, суанг ма йын уый дæр фиппайын. Автобус тæхы рыг фæндагыл. Хъуысы адæмы дзолгъо-молгъо. Мæнмæ дæр дзы чидæртæ сæ ныхас æрбаппары, фæлæ сæм æз ницы дзурын. Ныртæккæ ма уыдоныл дæн? Хъуыдытæ мæ бынтондæр сæ быны куы скодтой... 5
* * * Рагæй дæр мæм афтæ касти, цыма адæймагæн йæ биографи, фыццагдæр йæ зæрдыл цы стыр хъуыд- даг бадары, уымæй райдайы. Ахæм хъуыддагыл мæ царды нымадтон ,мæ фыды амард... Ныр дæр ма хат- гай мæ цæстытæ куы ’рцъынд кæнын, уæд мæ зæр- дыл æрлæууы нæ кæрт... Саударæсджын адæм чыртæ- чыртæй цæуынц уынгæй... Бæстæ арауы сылгоймаджы хъарæгæй, лæгты зæрдæбын куыдæй. Хъарæджы арæх мæ хъус ацахсы мæ фыды ном. Æз зонын, мæ баба кæй амардис, уый, æрмæст дзырд «амардис» цы амоны, уымæн дзæбæх ницыма æмба- рын. Мæнæн мæ фæсонæрхæджы дæр нæма ис, баба мæ сыхæгты сусæгæй йе уæхскыл нæ кæрты къуым- ты худгæ кæй никуыуал аскъæфдзæн, уый... Адæм фыццагау чыртæ-чыртæй цæуынц нæ кæртмæ. Мæн- мæ диссаг кæсы, нæ куыдз Мила цæуджытыл кæй нæ рæйы, уый. Афтæмæй дзы хионтæ дæр уынгты æдæрсгæ ацæуын нæ уæндыдысты. Ныртæккæ Мила арф бабырыд тыргъы бын æмæ æддæмæ кæсгæ дæр нал кæны. Æз иунæгæй лæууын сарайы цæджындзы аууон æмæ сусæгæй афæлгæсын æрбацæуджытыл. Уæртæ кæрты дуарæй æрбазынди мæ фыдыхо Уаци- рæт. Сылгоймаджы рустыл —туджы фæдтæ, йæ дзык- кутæ пыхцыл. Уацирæт фæлæбуры йæхимæ, фæлæ та йын устытæ йæ къухтæ ацахсынц. — Мæнæ мæ иунæгæн йæ зынг куыд ахуыссыд!— хъарæг кæны фæсус хъæлæсæй уый æмæ та æвиппай- ды йæ сæр ныттилы. Хъарæгмæ адæм æмхуызонæй куы ныккæуынц, уæд мæнмæ афтæ фæкæсы, цыма сарайы хъайвантæ æрцæйсæттынц, æмæ та æпæбары мæхи уазал цæ- джындзмæ нылхъивын. Иузаман мæм æрбауадис нæ хæстæджытæй чидæр. 6
— Цом, мæ хур, ардыгæй,— мæ сæр мын йæ къу- хæй æрсæрфта. —Дæуæн ам лæугæ нæу... Æз æнæистысдзургæйæ йæ фæдыл араст дæн. Æддейы мæ бакодта нæ сыхæгты чызг Зæринæйы бар. Зæринæ ;ма кæд сабитимæ уынгты бæгъæввадæй згъордта, уæддæр мæнмæ стыр адæймаг касти. Уы- мæ гæсгæ мæ уый тыххæйты йæ хъæбысмæ куы сис- та, уæд ын йе уæхскыл мæ сæр æруагътон. — Хæрын дæм нæ цæуы? — бафарста мæ чызг рæвдауæг хъæлæсы уагæй. — Цæуы,—цыбырæй дзуапп радтон æз, æмæ мæ Зæринæ сæхимæ бахаста. Куыддæр агъуысты дуар байгом, афтæ фыцца- джыдæр фæкомкоммæ дæн Зæринæйы мад Пæсæмæ. Уый хуыссыди сынтæгыл æмæ уæззау хъæрзт кодта. Мæн ауынгæйæ ус йæ цæссыгтæ æркалдта. Зæринæ, æз йæ хъæбысы, афтæмæй иуцасдæр алæууыд хæ- дзары астæу, цыма мæ цы фæкæна, уый нæ зыдта, уыйау, стæй мæ уæд æнцадгай йæ мады дæлфæд- тæм æруагъта. — Исты-ма йын фен, Зæри,— хъæццулы кæро- нæй йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ сдзырдта Пæсæ, æмæ чызг пецырдæм бауад. Мæнæн мæ къухы февзæрд бур-бурид насы хъарм карст. Æз ын йæ тæккæ астæуæй мæ мучъайы фын- дзыл иу комдзаг фелвæстон æмæ йæ зыдæй мæ дзы- хы фæцавтон. — Цы адджын нас у! — мæ былтæ асдæргæпæ загътон æз, æмæ та цæмæдæр гæсгæ Пæсæйæн йæ цæссыг фемæхстп. — Мæ фæрстæ йын айхæлой, нырма ницыма æм- бары...— хъæрзгæйæ бафиппайдта ус, стæй ма уæд пэе ныхасмæ бафтыдта: — Мæгуыр нæу Æна, амæ сыстыр уæвынмæ чи æнхъæлмæ кæсдзæн... Уыцы дзырдтæм æз æваст мæ хæрд фæуагътон. 7
Насы къæртт сынтæгыл кæй æрæвæрдтон, уый фен- гæйæ чызг йæ мадмæ йæхи фæтар кодта. — Ахæр, ахæр, Æхсар,—лæгъстæхуызæй мык загъта Зæринæ,— адджын куы у... Æз æнæнхъæлæджы мæ дзыхыдзаг ныккуыдтон. Зæринæ ма мъш фыртыхстæй цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта: куы мæм хъазæн лæвæрдта, куы чи- ныг. Суанг ма мын мæ къухты сæ гæдыйы лæппын дæр фæцавта. Фæлæ мæн ницы хъуыдис. Æз хъуыс- тон, нæ кæрты устыты хъарæгæй бæстæ куыд араук. уымæ, æмæ хæкъуырццæй куыдтон... Нырма мæ хæрз æрæджы бауырныдта, нæ уаты къулыл мæ фыдæн æнахуырст рамкæйы цы иунæг къа1м баззади, уый хуызæнæй мæм мисхалы бæрц, дæр кæй ницы фæцис, уый. Афтæмæй мæ чысылæй адæм иууылдæр йе ’нгæс хуыдтой. Мæнæн-иу тынг æхсызгон уыдис, къаммæ кæсгæйæ-иу исчи Æнайæн куы дзырдта, Æхсар дын йæ фыды цæрмыстыгъд бакодта, зæгъгæ, уæд. Æвæццæгæн мыл >афтæ арæх сайд дæр уымæн цыдаид... Мæ фыды амардыл адæмы зæрдæтæ тынг фæры- стысты. Æз ма хорз хъуыды кæнын, хъæубæстæи ныл-иу Æнаимæ чи амбæлд, уымæн-иу уайтагъд йæ цæстытæ доны куыд разылдысты, уый. Ныр-иу сыхы устытæй дæр мæ рæзт.ы æнæ ’рлæугæйæ ничиуал ацыд. Чи мын дзы-иу гуыл авæрдтаид, чи сæкæры къæртт. «Сидзæры барæвдауын удыбæстæ у»,— су- сæгæй-иу дзырдтой сæ кæрæдзийæн. Фæлæ мæ уæддæр æппæтæй тынгдæр рæвдыдта Зæринæ... Æз ыл фæстагмæ -афтæ тынг сахуыр дæн, аамæ нæм-иу æрæгмæ куы цыдис, уæд-иу нæ хæдзары мæхицæн бынат нал ардтон. Раст зæгъгæйæ, чызджы фылдæр хатт мæнмæ æвдæлгæ дæр нæ кодта, уæл- дайдæр-иу, Пæсæ рынчын куы уыдис, уæд. Уый тых- 8
_хæй ма Зæринæ йе скъола дæр ныууагъта. Зæрннæ арынгмæ дзæбæх дæр нæма æххæссыд, йæ мады бæс- ты кæрдзын кæнын куы байдыдта, уæд. Æз-иу уыд- тон: Пæсæ йæм алы хатт сынтæгæй тæригъæддаг цæстæнгасæй касти, фæлæ йын йæ бон феххуыс кæ- нын нæ уыд. Æниу, мæнмæ гæсгæ, чызджы æххуыс никуы бахъуыдаид: йæхæдæг арæхсти алцæмæ дæр... Æз-иу дисы бафтыдтæн, Зæринæ æппындæр сабыргай архайын кæй нæ эыдта, ууыл. Суанг ма-иу дзаг го- гонимæ уынджы дæр згъорæгау кодта. «Ахæм ма дзы цæрдæг чызг уыдзæн!» — Зæринæйы фæстæ кæс- гæйæ-иу хæлæггæнгæ дзырдтой сыхы уыстытæ. Уыцы -минут мын-иу цыма раст мæхицæп раппæлыдысты, афтæ-иу мæ зæрдæ ныррухс и. Фæлæ-иу мæнæн тынг хъыг уыдис, исчи-иу мæ цуры куы загъта, ацы чызг йæ кары куы бацæуа, уæд йæхицæй дзæбæхдæр сыл- гоймаг зын ссарæн уыдзæн, зæгъгæ, уæд. Уымæн æмæ уæды рæстæджы дæр нæ сыхы чызджытæй мæнмæ Зæринæйæ рæсугъддæр ничи касти. Æмæ, æцæгдæр, уыдонæй никæмæн уыдис Зæринæйы хуызæн худгæ цъæх цæстытæ, Зæринæйы хуызæн даргъ цæстыхау- тæ, Зæринæйы хуызæн сау дыууæ хъуымбыл дзык- куйы, Зæринæйы хуызæн ирд цæсгом. Дзæгъæлы-иу нæ ныббуц дæн мæхицæй, ахæм рæсугъд чызг мемæ кæй схæлар ис, уый тыххæй. Мæ фыды амарды фæстæ нын нæ кæртмæ сæ цæст дарын райдыдтоп нæ сыхы лæгтæ. Уыдоиæй нын-ну чи нæ каумæ аразæнтæ скодта, чи нын-иу хъæдæй -æрцæйцæугæйæ нæ дуармæ йæ сугтæй æркалдта, чи та нын-иу куыроймæ не ссинаг аласта. Æнаимæ нæ сыхы лæгтæй тынг бузныг уыдыстæм, Дæхцийæ фæс- тæмæ. Уый нын нæ фæрæт дæр лæвар никуы сцыргъ кодта. Æвæццæгæн, лæг фæхудинагæй куы иæ тар- стаид, уæд нын карк дæр лæвар ннкуы аргæвстаид. Æз дзы рагæй дæр ме сæфт уыдтон. Фыццаджыдæр, Дæхципæн мæ бон ныббарын нæ уыдис, мæ фыды 9
хисты мын кæй ныззарыди, уый. Уыцы хабар та ра- уадис афтæ. Сыхы устытæ Æнаимæ уæлмæрдтæм куы ацыдысты, уæд ма нæ кæрты баззадис иу-цалдæр лæджы, уыдонимæ Дæхци дæр. Дæхци фæрасыг, æмæ уымæн уыдаид, æви афтæ барæй .бакодта, нæ зонын, æрмæст иузаман йæ хъæлæсыдзаг ныззарыд. Зарын- мæ ^агъуыстæй удаистæй разгъордта мæ мадыхо За- лнхан æмæ Дæхцийæн алывыд акалдта. Лæгтæ уай- тагъд Дæхцийы уайдзæфтæгæнгæ дуары æдде фæ- кодтой. — Хистæй кæй ратæрат, æз ахæм лæг дæн? — уынгæй ма мæм æрбайхъуыст Дæхцийы мæсты хъæ- лæс.— Фæлæуут, æз уын кæд уыцы æфхæрд ныбба- рон... Æхсæвы нын чидæр нæ къæбицæй, адæм мæ фы- ды хистытæн цы цыхтытæ æрхастой, уыдон адавта. — Æвирхъау хъуыддаг! — Цымæ уый йæ сæрмæ чи ’рхаста?! — Сидзæргæсы бахъыгдарын йæ зæрдæ кæмæн бакуымдта?! — райсомы алырдыгæй хъуысти адæмы мæсты ныхас. • Се ’ппæтæй хъæрдæрæй та Дæхци дзырдта: — Худинаг фæуæд уыцы цыхтытæ адавæгæн? Æгас сыхай дæр нæ фæфыддзæсгом кодта. Æз ыл куы фæхæст уаин, æз! — ацы ран Дæхци йæ дын- джыр тымбылкъух кæмæдæр æртхъирæнгæнæгау ба- тылдта. Уыйфæстæ лæг æфсæрмыхуызæй æрлæууыд Æна- й’ы раз. — Ме зноны рæдыд мын ныххатыр кæн...—зæхмæ кæсгæйæ æнкъардæй загъта Дæхци.— Фыццаг хатг ’мыл фæтых арахъхъ. Стæй ма æрæджиау йæ дзырдтæм бафтыдта: — Фæлтау марг куы банызтаин... — Мæнæ хорз адæм,—æваст сыхæгтæй чидæр 10
зердæгыл аскъуыдта Дæхцийы ныхас,— уæдæмæ ми- лицæйæн фехъусын кæнæм цыхтыты хабар. Уыцы дзырдтæм та адæм æмхуызонæй схор-хор кодтой. — Фехъусын кæнæм! — Æмæ сæм æниу нырмæ дæр цæуылнæ адзырд- там? — Уыдон уайтагъддæр ссардзысты давæджы... — Милицæ та дзы цæмæн хъæуы? Нæхæдæг æй .аргæ не скæндзыстæм? — Æмæ ма уæд паддзахад ^милицæ та цæй тых- хæй дары? — Уый æз дæр бæргæ æмбарын, фæлæ ма, зæ- гъын, сыхæй уæлдай æгас хъæу дæр куы фæхудинаг уа? — Æмæ куыннæ? Уæд ма нын нæ чызджытæй ис- кæйы ракуырдæуыдзæн? — Æмæ ма нын æниу сыхаг хъæуккæгтæй нæ лæппутæн исчи бакомдзæн? Ацы ран адæм сæ уынæрæй фæсабыр сты. — Уæдæмæ афтæ бакæнæм,— æрæджиау йæ фæн- дон бахаста нæ сыхы хистæр Хъазанбег.— Райсоммæ кæд давæг цыхтытæ сæ бынаты нæ сæвæра, уæд адæм- :мæ се ’ппæтмæ дæр радыгай баджигул кæндзыстæм... — Æмæ сæ цæмæй базондзыстæм? — афарста кæстæртæй чидæр.— Бæрæггæнæн сыл, миййаг, куы нæ пс... — Ис сыл, мæ хуртæ, бæрæггæнæн, ис,— фидарæн загъта Хъазанбег.— Куыд зонут, афтæмæп цыхтытæ ’иу адæймаг нæ бацахста... Æнайæн сæ адæм æрхас- топ, уымæ гæсгæ хъуамæ æнæмæнг уой алыхуызон... — Раст зæгъы Хъазанбег, æнцонæй базондзыстæм Æнайы цыхтытæ. — Базондзыстæм, базондзыстæм... — Мæхи ахст цыхт уæддæр базондзынæн... 11
— Æз дæр æй уæдæ базондзынæн,— райхъуысти устыты ’хсæнæй кæйдæрты дзурын... Æнафонты куыддæр Æна цырагъ æрхуыссын код- та, афтæ нæ сæрмæ цары æваст цæйдæ|) гуыпп фæ- цыдис. Мах æддæмæ ракæсын нæ бауæндыдыстæм. Фæлæ бонæй, Æна цармæ куы схызти, уæд цæхæра- донырдыгæй фарс былгæрон бафиппайдта цавæрдæр зæронд голлаг. Уым разындысты нæ цыхтытæ. Фæс- тæдæр адæм дзырдтой, давæг Дæхци уыдис, зæгъгæ... Чысылæй ма нодж’ыдæр иухатт стыр хæрам фæдæн Дæхцимæ. Цæвиттон, махæн Дæхциатимæ нæ цæ- хæрадæттæ уыдысты фæрсæй-фæрстæм. Уымæ гæсгæ- иу нæ рудзынгæй куы ракастæн, уæд сын-иу фыцца- джыдæр фæкомкоммæ дæн сæ бæлæстæм. Дыргъафон уыцы бæлæстæй рæсугъддæр ницы уыд. Цæуыл дзы не ’рхæцыдаид уæд адæймаджы цæст? Ставд сырх- .варс фæткъуытыл, мыдадзы хуызæн бур-бурид кæр- дотыл... Æмæ цы нæ задис Дæхцийы цæхæрадоны дыргъы М’ыггагæй та? Мæнæн-иу мæ комыдæттæ рауадысты бæлæсты зад къалиутæм кæсгæйæ. Æр- мæст мæ дзы Æна æртонын никуы бауагъта. Æнпу мæ куы уагътаид, уæддæр сæм сæххæссыдаин? Дæх- ци къалиутæм ахæм бæрзонд аразæнтæ дзæгъæлы, миййаг, куы нæ скодта. Æвæццæгæн, йæ бон куы уы- даид, уæд ма сæ суанг арвы онг дæр систаид, цæмæГг сæм макæйы къух фæхæццæ уа, уый тыххæй. Уæ, фæлтау цæрæнбонты фæткъуыйы хъæстæ куы нæ фæуыдаин! Цæмæн фæрæдыдтæн уыцы райсом? Цæуылнæ бакастæн Æнайы коммæ? Мæнæн мæ хъуы- ры хæринаджы мур дæр нæма ацыд, афтæмæй нæ цæхæрадоны балæууыдтæн. Уайтагъд мæ мæ къæхтæ æнæбары бахастой Дæхцийы кауы рæбынмæ. Бæлæс- тæ... Бæлæстæ... Сæ быны — иугай æмбыд фæткъуы- т’æ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ дзæбæхтæ та сын Дæхци чыргъæдмæ рауыгъта. Мæ цæстытæ джигул кæнынц кауы рæбынты. Мæнæ, æппынфæстаг, андзæ- 12
выдысты чысылгомау оырхварс фæткъуыйыл. Æн- хъæлдæн, уый æмбыд нæу... Фырцинæй мæ зæрдæ мæ риуы уа^рыккау скафыд. Æз æрбадтæн мæ уæр- джытыл æма^ сабыргай <мæ къух кауы хуынкъæй ба- даргъ кодтонЛНе ’ххæссын фæткъуымæ. Ныр цы кæ- нон? Иузаман æй мæхирдæм къæцæлы фындзæй рас- сыдтон. Ныртæккæ фæткъуы мæхи уыдзæн, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодтон, афтæ æвиппайды мæ цуры ныннæрыд Дæхцийы бæзджын хъæлæс: — Дæ чъизи къух иуварс айс, куыдзы къæбыла, кæннод дын дæ иу къахыл куы ’рлæууон æмæ дæ ин- нæмæй фæйнæрдæм куы атонон, уæд, дæ фæдыл чи рауайа, уый дæр дын нæ уыдзæн! Æз æрмæст уыцы ми-нут бамбæрстон, лæг мын мæ архайдмæ рагæй кæй касти, уый, æмæ цæмæдæр гæсгæ 1мæ кæуын мæ хъуыры абадтис. Мæнæн Дæх- цийæ мæ зæрды уыдис хатыр ракурын, фæлæ йын йæ сырхбын дзагъул цæстытæ куы ауыдтон, уæд æвип- пайды нæхимæ лидзыныл фæдæн... :;: :?: :•: Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, дунейыл йæ мады хæрзтæ чи бафыста, ахæм адæймаг нæма райгуырд, зæгъгæ. Æз Æнайы раз цæрæнбонты мæхи нымайдзы- нæн хæсджыныл. Йе ’взонг азтæ мæн тыххæй фы- дæбæтты кæй арвыста, уый мæ зæрдыл куы ’рбалæу- уы, уæд ма цæмæдæр гæсгæ йæ разы мæхп аххос- джын дæр фæхонын... Мæ цæстытыл арæх ,ауайы, мæ фыдæн йæ афæдзы хист куы кодтам, уæд нæм Æнайы дыууæ ’фсымæры куыд фæзындысты, уый. Æз сын исдуг сæ фæндонæн ницы '’мбæрстон, æмæ мæ цинæн кæрон дæр нал уы- дис. Фæлæ мæм мæ мады ’фсымæртæ цæмæндæр се ’ргом не здæхтой. Изæрæй адæм сæ хæдзæрттæм куы ахæлиу сты, уæд уал нæ уазджытæ мæн тыргъмæ рарвыстой, 13
Æнаимæ хибарæй адзурæм, зæгъгæ. Мæнмæ диссаг фæкасти, сæ ныхас мæнæй кæй æмбæхстой, уый, æмæ барæй дуары раз слæууыдтæн. Мæ м.ады /фсымæртæ мынæг хъæлæсæй дзырдтой, фæлæ сыь/иу уæддæр æз хатгай сæ ныхас айхъуыстон: / — Нырма æрыгон куы дæ, уæд сидзæргæсæй куыд баддзынæ? — Нæхимæ рацу... — Ам дæ нæ ныууадздзыстæм... Æз уæддæр дзæбæх нæма ’мбæрстон, Æнайæ йе ’фсымæртæ цы домынц, уый, æмæ дисы бацыдтæн: «Цымæ нæ ам цæуылнæ уадзынц? Æви нын уыдон- мæ хуыздæр уыдзæн?»' Мæнæ уалынмæ мæ хъустыл ауадис Æнайы уын- гæг хъæлæс: — Æмæ уæд Æхсар та? — Иæ мыггагæн æй ратт,— сдзырдтой æфсьпмæр- тæ æмдзыхæй.— Æд лæп>пу ма дæ чи ахæсдзæн? — Нæ! Нæ! Уымæн уæвæн нæй! — фæцъæхахст ласта Æна.— Æз Æхсары кæуыл баивон, ахæм лæг нæй! Æфсымæртæ Æнайы сабыртæ кæнынмæ фесты. Уæдмæ æз дæр æнæбафæрсгæйæ агъуысты фæмндæг дæн. — Ацæут ардыгæй! Ацæут -ардыгæй!—Æнайы уæрджытыл атыхсгæйæ ныккуыдтон æз. Æфсымæртæй мæ иу ратыдта мæ мады уæрджы- тæй, фæлæ йын æз æваст дæндагæй йæ къухмæ фæ- лæбурдтон. Лæг нырдиаг кодта, æмæ мæ йæхицæй асхуыста. Мæнæн уайтагъд зæххыл мæ тъæпп фæ- цыд. Уый ауынгæйæ Æна фæстæмæ фæцудыдта æмæ уадзыгæп пецыл бахаудта. Æз мæ дзыхыдзаг ныхъ- хъæр кодтон. Уынæрмæ уынгæй æрбазгъордтой сы- хæгтæ. Хабар куы бамбæрстой, уæд уыдон æмхуызо- нæй мæ мады ’фсымæрты агъуыстæй ратардтой. Æна исдуг хуыссыдис æнæзмæлгæйæ. Æз ын мард 14
æнхъæл уыдтæн, æмæ мæ кæуынæй нал æнцадтæн. Фæлæ мæнæ æнцадгай йæ цæстæй ракасти. — Рац^тма хæстæгдæр, мæ хъæбул...— лаэмæгъ хъæлæсæй м^ем йæхимæ фæсидти уый, æмæ йыл сон- тæй мæхи баг^æрстон. Æна мæ йæ риумæ нылхъывта æмæ мæ иуцасдæр йæхицæй нал уæгъд кодта, цыма мын байсынæй тар- сти, уыйау. — Ма ку, Æхсар...—фæстагмæ мын йæ фæлмæн къух мæ цæсгамыл æрхаста Æна.— Никæмæн ,дæ раг- дзынæн... Æз ноджы хъæрдæрæй ныккуыдтон... Йе ’фсымæрты ацыды фæстæ Æна нæ хæдзары дуæрттæ æнæ фидар сæхгæнгæйæ никуыуал бахуыссы- ди. Ныр дæр ма мæ цæстытыл арæх ауайы, Æна-иу æхсæв æд цырагъ къуымты куыд разил-базпл кодта, уый. Суанг ма-иу сынтæджы бынмæ дæр бакасти, кæд дзы исчи бамбæхсти, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ нæ базы бынæй нал фæхицæн ис мæ фыды къуымых хъама дæр. Мæнæн-иу æнæрхъуыдыйæ йæ уазал хæ- цæныл мæ къух куы андзæвыд, уæд-иу мæ буар ба- рызти. Æз зыдтон, Æна карчы цъиу дæр кæй нæ амардзæн. Уымæ гæсгæ-иу дисы бафтыдтæн, алы ’хсæв нæ нывæрзæн мæ фыды хъама кæй февзæры, ууыл. Мæ м.ады ’фсымæртæ нæм нал цыдысты, фæлæ ма-иу хаттæп-хатт Æнамæ æрбарвыстой, нæхимæ ра- цу, зæгъгæ. Æрмæст сын уый фыццагау разыйы дзуапп куы нæ лæвæрдта, уæд æй тæрсын кæнын б<ай- дыдтой. Ныр-иу цæмæдæр гæсгæ æхсæв нæ куыдз йæ рæйынæй нал æнцади. Куы-иу скъæты дуары гуыпп фæцыди, куы та кæрчыты тарст хъæр. Суанг ма нын аенафоны нæ хъуг хъæдрæбынмæ дæр атардæуыд. Æна хорз зыдта, уыдон кæй митæ уыдысты, уый, æмæ-иу йæ бынаты змæлгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ- 15
иу мæнæн фыртарстæй мæ хуыссæг кæдæмдæр фæ^- лыгъдис. — Æна, уæ Æна,— иуæхсæв æм мæхй нал бау- рæдтон æз. / — Цы кæныс, Æхсар? / — Цыма цары кæйдæр къæхты уынæр цæуы... — Ма тæрс. Уый мыстыты хыртт-хыртт у. Æз ныссабыр дæн. Царæй дæр иуцасдæр рæстæг уынæр -нал цыди. Хуыссæг мæ ахсын байдыдта, фæ- лæ уалынмæ мæ сæрмæ бæстæ цырыхъхъыты гуыртт- гуыртт ссн. Æна базы бынæй хъама фелвæста. — Кæдæм цæуыс, Æна?! — йæ цонгмæ йын фæ- лæбурдтон æз.— Амардзысты дæ... Уый æнæдзургæйæ йæхи суæгъд кодта æмæ йæ къахфындзтыл сабыргай æддæрдæм рацыд. — Ма йæ бакæ!—Æнайы гуыдыримæ архайгæпæ куы ауыдтон, уæд фæцъæхахст ластон æз. Фæлæ уæдмæ агъуысты дуар фегом ис. — Мæ сахъ æфсымæртæ,— тыргъæй мæм æрбай- хъуыст Æнайы мæсты хъæлæс,— уæхи дзæгъæлы мауал тухæнæй марут. Мæнмæ мой скæныны зонд нæй æмæ нæ уыдзæн... Уымæй фæстæмæ æхсæв никуыуал райхъал дæн нæ куыдзы рæйынмæ. Ныр нæм Æнайы хæстæджы- тæй дæр ничиуал цыдис, кæд ма нæм-пу æрмæст Темыр фæзындис. Æниу ын Темыр ахæм тынг хæс- тæг дæр нæ уыдис, фæлæ уæддæр махмæ æнæ ’рбаз- дæхгæпæ нæ дуæртты никуы ацыдаид. — Куыд цæрыс, мæ гыццыл æрдхорд? — афарста мæ-иу хъæлдзæгæй, стæй мæ-иу йæ тыхджын къухтæй хæрдмæ фелвæста. Æз-иу цыфæнды æнкъард куы уыдаин, уæддæр мæ-иу Темыр æнæ схудынгæнгæ нæ фæуыданд. Но- джы ма мын-иу исты хъазæн куы схаста, уæд-пу ду- не дæр мæхп баци. 16
* * * Сывæллæт\гæй тагъд айрæзын кæй нæ фæфæнды, ахæм нæ вæшЦл. Фæлæ-иу уæддæр, æвæццæгæн, уы- мæ мæнæй тынгдæр ничи бæллыди. Чи зоны, адæм-иу Æнайæн, Æхсар дын кæд адынджыр уыдзæн, зæгъ- гæ, кæй дзырдтой, уымæн мæ афтæ тынг фæндыд сыстыр уæвын. Æз алы бон дæр ’мæхи бæргæ барстон, нæ дуары тарвазыл кардæй цы бæрæггæнæн скодтон, ууыл, фæ- лæ цыма æппындæр нæ рæзын, уыйау мæм касти. Ноджы ма, фæстаг рæстæг нæ сыхæгты лæппу Солæ дæр мæнæй бæлвырд кæй фæбæрзонддæр, уый куы бафиппайдтон, уæд бынтондæр мæты бахаудтæн, чы- сылæй куы баззайон, зæгъгæ. — Æна, цымæ тагъддæр цæмæй айрæзон, уымæн цы хъæуы? — иуизæр афарстон æз мæ мады. — Бнрæ хæрын...— дзуапп радта уый, стæй куыд- Д’эер фенкъардгомау. Æвæццæгæн, Æнайæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, æрæгæй нырмæ нæм цъатайæ уæлдай ссады мур кæп нæуал баззад, уый. Æна дзы-иу давæттимæ змæстæй гуылтæ кодта. Хæринаджы «мыггагæй мын уыдонæй æнаддæр ницы уыдис, фæлæ дзы-иу, Æнаиы зæрдæ- худты бацæуынæй тæрсгæйæ, тыхтæ æмæ фыдтæй иу- чысыл бахордтон. Кæд-иу уый фермæмæ аивгъуыдта, уæд-иу мæ хай Милайæн аппæрстон. Ха^ргæ нал кодтон æмæ уымæн уыдис, æви æнæ- уи рынчын фæдæн,— нæ зонын, æрмæст иубон æвип- пайды нæ кæрты астæу мæ сæр разылди æмæ зæххыл мæ тъæпп фæцыдис. Бæргæ ма архайдтон сыстыныл, фæлæ мæм уый хъару нал разынд. Ноджы ма хуры тæвдæп ме уæнгтæ бынтондæр амардысты, æмæ æнæ- б-ары мæхи зæххыл адаргъ кодтон. Изæрæй мæ Æна, иæ куыстæй æрбаздæгæйæ, кæрты астæу1 хаудæй гсуы аУыдта, уæд йæ уæрджытæ æрхоста: 2 Ды фæдæ, Зæринæ? 17
— М’ арт бауазал! Уый цы кодтай? Цы дыл æр- цыд? — Айк-ма сфыц...— лæмæгъ хъæлæсæй загътон æз, Æнайы хуыздзыд рустыл цæссыджы ’ртæхтæ куыд æрфæд кодтой, уымæ кæсгæй^. Уалынмæ мæ разы февзæрди Зæринæ дæр. — Æвæццæгæн, æххормаг у... —тыхстхуызæй сдэырдта Æна.—Цу-ма, Зæринæ, уæртæ уал ын арынджы бынæй иу гуыл радав... — Мæн хъуынджын кæрдзын нæ хъæуы! — цæх- гæр алыг кодтон æз, мæ цæстытыл та нæ давонхæц- цæ гуылтæ куы ауадысты, уæд. Æна бынтон скатай: — Цымæ ныл кæд аивгъуийдзæн ацы æнамонд æххормаг аз? — Ма тыхс, Æна, æз ын ныртæккæ сыхы исты рацагурдзынæн,— уыцы дзырдтимæ Зæринæ æвасг кæртæй азгъордта. Æна мæ систа йæ хъæбысмæ æмæ мæ хæдзармæ ба- хаста. Цалынмæ мын хуыссæн кодта, уæдмæ уынгæй лæф-лæфгæнгæйæ æрбазгъордта Зæринæ дæр. — Мæнæ мын ацы къæбæр Фырдæ авæрдта,— загъта цинхуызæй чызг æмæ мæм хъæбæргомау уæ- либæхы карст æрбалæвæрдта. Æз ыл зыдæй хæрыныл балæууыдтæн. Зæринæ мæм иуцасдæр касти мидбылты худгæйæ, стæн æваст стъолæй хъæдыи къус фелвæста. — Уымæй та цы кæныс? — дисгæнгæ йæ афарста Æна. — Хъæуы мæ...— чызг йæ цæстытæй хинæйдзаг худт бакодта. Стæй та ногæй æддæрдæм фæраст и. Æз н-ырма æрæджы базыдтон, уыцы бон Зæринæ мæн тыххæй сыхыл ссадгур кæй æрзылдис, уый. Изæрæй мын Æна скодта хæлтъамæтæ. — Цы адджъин сты,— раппæлыдтæн æз, иу дзы: куы ахордтон, уæд. 18
Мæ дзырдтæм Æнайæн йæ цæсгом фæрухс и. — Æна, æмæ дæхæдæг цæуылнæ хæрыс? — Æз хæлтъамæтæ тынг нæ уарзын... — Ау, куы/Кнæ уарзыс? Уæдæ-ма дзы ахæр, цы- <мæ дæ зæрдæмæчнæ фæцæуиккой... Æна мæ цыма нæ фехъуыста, йæхи уыйау скод- та. «Ахæм хæрзад хæлтъашæтæ дæ ма хъæуæд»,— мæхинымæр дисгæнгæ сдзырдтон æз æмæ та ногæй хæрынмæ бавнæлдтон. Цæмæй зыдтон, Æна, мæгуыр, хæлтъамæтæ мæ- нæн ауæрдгæйæ кæй нæ хордта, фæлæ йын фæстæдæр йæ дзырдтыл сахуыр дæн, æмæ мын-иу мæ разы исты дзæбæхаг куы æрæвæрдта, уæд та-иу рагацау барæй афæзмыдтан: «Ахæр, Æхсар». «Æмæ дæхæдæг цæуылнæ хæ- рыс?» «Æз ахæм хæринаг тынг нæ уарзын...» Ныр дæр ма Æнайæ хатгай уыцы дзырдтæ куы •фехъусын, уæд мын куыддæр зын вæййы. Æниу, чи зоны, мадæлтæн уый сæ миниуæг у... * * * Нæ сыхы цæрджытæ рагæй дæр иу бинонтау хæ- •лар уыдысты, Дæхцийы хæдзарвæндагæй фæстæмæ. Уыдонæй, æвæццæгæн, хæрзиуæгимæ никуы ничи раздæхт, сæ хойраджы хъæстæ никуы ничи фæци. Афтæмæй Дæхцийы ус Сасинкъа исты курæг кæй къæсæрæй нæ бакастаид, ахæм нæ разындаид, Æмæ æниу хуымæтæджы курæджы хуызæн уыдис? Куыннæ стæй! Р1æ цæсгом-иу ныррухс и, йæ гæды ’взаг-иу феуæгъд ис æмæ-иу цым.а, кæмæ бацыди, йæ зæрдæ æрмæст ууыл лæууыди, иæхи-иу афтæ æвдыс- Та- Дæхцнйы бинонтæй та курæгмæ дуарæй йæ сæр А^р нпчн радардтаид. Фæлтау дæм-иу кæртæй ра- хъæр кодтаиккой: «Чи дæ? Цы дæ хъæуы? Дæхци ам нæй». Уыйфæстæ сæм сармадзанæй куы багæрах лас- гаис, уæддæр сæ уынæр нал райхъуыстаид. Афтæмæй 19
Дæхци æдзухдæр сæ сарайы бадтис, уæлдяйдæрта сæрдыгон, сæ дуармæ цы тутатæ уыдис, уыдон-иу куы фæцæттæ сты, уæд. Сыхы лæппутæй уыцы тутатæм хæстæг бацæуын дæр ничи уæндыд. Æ/мæ ма уæндгæ дæр куыд бакодтаиккой? Иухатт сын, мæгуыр, кæй- дæр хъазы цъиу сæ бæласы бынæй иу тута фелвæс- та — æмæ, дæ балгъитæг афтæ. Дæхцийы къæдз лæ- дзæг ын цæстыфæныкъуылдмæ йæ сæры цъар ахаста. Махæн-иу нæ зæрдыл арæх æрлæууыд, уыцы цъиу йæ мады фæстæ тугкалгæ куыд фæцæйлыгъдис, уый. «Дæхци дьш æнæ ’хцайæ сылыйы цъыртт дæр нæ ратдзæн»,— арæх-иу фехъуыстон æз нæ сыхæгтæй æмæ-иу дисы бацыдтæн, сылыйæн та куыд ис ауæй кæнæн, зæгъгæ. Æниу дын й:æ кæрдотæй дæр Дæхци нæхи хъæуы ,ма рауæй кæна! Уымæ ,афтæ каст, цыма Беслæныхъæуы базары йæ кæрдо уæззаудæр фæвæййьк Нæ зонын, лæппутæй фыццагдæр Дæхципы амæс- тæймарыны хъуыды кæмæ фæзынд, уый, фæлæ йын иуизæр уыдон барæй йæ рудзынджы бынмæ кæрдойы хæрæнтæ бакалдтой. Райсомæй лæг сæ кæрты дуа- рæй куы ракаст, уæд афтæ фенхъæлдта, цæхæрадон фæкъахтæуыд, æмæ фырмæстæй йæ куыдзы фарс кардæн ныррæхуыста. Уæдаеи фæстæмæ сыхæй Дæх- нимæ йе ’ргæвдинаг ничиуал хаста. «Дæхцийы æр- гæвст бахæрын хæдмæл бахæрынæй уæлдай нæу»,— дзырдтой-иу зæронд устытæ. Мæхæдæг дæр æй не ’мбæрстон, Дæхцийы фенд мæ ахæм стыр тас цæмæн уагъта, уый, æрмæст ын-иу дардмæ дæр йæ бурбын цыргъ боцъо куы ауыдтон, уæд-иу мæ зæнгты тых цыдæр æрбаци... Иубон куыддæр Æнæ фермæмæ ацыдис, афтæ мæм цæхæрадонырдыгæй мæсты хъæлæсæл æрба- дзырдта Зæринæ: — Рауай-ма, Æхсар! Уæртæ уын Дæхци цы ба- куыста! Мæнæй æрбайрох и, Дæхцийæ тæрсгæ кæп фæкæ- 20
нын, уый дæр, афтæмæй чызджы размæ разгъордтон. — Уыныс?! — Зæринæ мын ацамыдта Дæхцийы ногбыд каумæ, æмæ хæлиудзыхæй аззадтæн. Æз кæд Дæхцийы »митыл сахуыр дæн, уæддæр, ныр не ’хсæны кау æнæхъæн санчъех кæй фæмидæг- дæр, уый мæн дæр дисы бафтыдта. — Ахæм ,ма дзы æдзæсгом уыдзæн! — Зæринæ йæ сæр ныттылдта.—У-у-у, цъулбер! Æз фыццагау æнæдзургæйæ кастæн Дæхцийы каумæ. Мæнæ уалынмæ чызг йæ лыстæг хурсыгъд æнгуылдз йæ тыппыргомау былтыл авæрдта, стæй æнæнхъæлæджы бьгруйы сæрты басæррæтт ласта. Æз та цыма уыцы минут Дæхцийы цыргъ боцъо ауыдтон, уыйау æвиппайды мæ зæнгтæ барызтысты. Мæн фæн- дыд Зæринæйы раздахын, фæлæ уый уæдмæ кæрдо бæлæстæн сæ тæккæ заддæрæн йæ цъупмæ хилыныл фæци. Æз æнæбары мæ бынаты дзуццæджы æрбад- тæн. Чызг уайтагъд кæрдотæй йæ фæдджи айдзаг кодта æмæ фæстæмæ æрцæйхызт. Уалынмæ кæрты- рдыгæй æд сагой фæзындис Дæхцийы хистæр фырт Буци. — Бу... Буц... Буци! — ныхъхъæр кæныныл афæл- вæрдтон æз, фæлæ фыртарстæй мæ улæфæнтæ ахгæд- той, æмæ мæ хъæлæс мæхимæ дæр иæ фехъуыст. Зæринæ Буцийы æрбацæйхъуызгæ куы ауыдта, уæд фæстæмæ бæласы цъупмæ бырыныл фæци. — Уым та цы ми кæныс?! — тызмæгæй йæ афарс- та лæппу. — Мæнæ нæ цъиуджын карк радзæгъæл, æмæ уый агурæг рацыдтæн,— æнцадæй дзуапп радта чызг. — Ау, æмæ уæ цъиуджын карк нæ бæласы цъуп- пыл цы ми кæны? — Буцийæн йе стыр цъæх цæсты- тæ фæхъоппæг сты.— Ныртæккæ дæлæмæ æрхиз! — Нæ хизын. — Æрхиз, дын зæгъын!—лæппуйы хъæлæсы фæ- зынди æртхъирæны зæлтæ. 21
Зæринæ уæлда^р схызт. — Æрхиз дæлæмæ, зæгъгæ, дæм нæ дзурын?! — Уæдæ дæ сагой иуварс аппар... / — Æз дын...— Буци хæстæгдæр æрбацыд бæласы ’бынмæ æмæ сагойæ чызджы ныццæвынæввонгæй йæхи хæрдмæ сивæзта. Фæлæ мæнæ диссаг: лæппу æцæгдæр æваст йæ ■сагой иуварс фехста æмæ цыдæр æнахуыр хъæлæсы уагæй уæлæмæ сдзырдта: — Æрхиз, мæ рæсугъд дзыкъььмыкъы... Мауал мæ тæрс... Æз дын... Ацы дзырдтæм Зæринæ йæ цæсгом фæтар кодта: — У-у-у, цъаммар! Цы мæм кæсыс хæрдмæ? — Сс... Ма уынæр кæн... Фæлтау мæ гæбомæ ра- уай... — Мæ бынæй иуварс ацу, пъырыпъыфцæст! Буци йæм йæ бур дæндæгтæ худæгау базыхъхъыр кодта, фæлæ уыцы рæстæг йæ сæрыл дынджыр кæр- до сæмбæлд, æмæ лæппу, æллæх, зæгъгæ, йæхи бæ- ласы бынæй иуварс аппæрста. Цалынмæ уый кæрдæ- джы йæ сагой агуырдта, уæдмæ Зæринæ бæласæй æргæпп кодта æмæ быруйырдæм æрбазгъордта. Æз æм хъавыдтæн мæ къух авæрынмæ, фæлæ уый уай- тагъд нæ цæхæрадоиы смидæг. — А-а-а, а1мæн та йемæ къæбыла дæр куы ис, къæбыла! — йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди Буцн- йæн.— Æз уын ныртæккæ базондзынæн! Галиу къухæй йæ фæдджипыл хæцыд, рахизæй— мæ цонгыл, афтæмæй ,мæ нартхæртты ’хсæнты пемæ размæ скъæфта Зæринæ. Нæ фæдыл æд сагой лæф- лæфгæнгæ тахти Буци дæр. Къутуйы раз Зæринæ йæ кæрдотæ зæхмæ æркалдта æмæ нæ куыдзмæ баз- гъордта. Цæстыфæныкъуылдмæ Милайы пæ рæхысæй феуæгъд кодта. — Уст! Уст! Уст! — Буцийырдæм ын ацамыдта Зæринæ, фæлæ уый ардауын дæр нæ хъуыд: куыддæр 21
æцæгæлон адæймаджы сагонмæ бафиппайдта, афтæ йыл рæйгæ йæхи бауагъта. Зæринæ ,ма цæмæдæр гæсгæ Буцийы фæдыл аз- гъордта. — Йæ, уæртæ пъырыпъыфцæст, ацырдæм æз лыгъдтæн дæ разæй, уыцырдæм ды тæх мæ разæй!— фаллозæй ма мæм æрбайхъуысти Зæринæйы цъæх- снаг хъæлæс, стæй уæд ,йæ дзыхыдзаг ныххудти. Чысыл фæстæдæр мах Зæринæимæ бадтыстæм нæ тыргъы æмæ адджынæн хордтам Дæхцийы донджын кæрдотæ. — Дæхцыхъойæн дæр дзы нæма ныххæлар код- той, афтæмæй уал дзы мах аходæм! — бафиппайдта Зæринæ, æмæ æз æваст ньшпыррыкк ластон. Мæнæн мæ зæрдыл æрбалæууыд, исчи сын сæ дыргътæй куы фæкуры, уæд афтæ кæй фæзæгъынц, Дæхцийы фъ1д Дæхцыхъойæн дзы куы нæма ныххæ- лар кодта.м, уæд уын дзы куыд раттæм, зæгъгæ. — Уæ маст уын хорз куы райстон? — сæрыстырæй загъта чызг, кæрдотæ хæрд куы фесты, уæд. Боныцъæхтыл та Æна йæхи фер;мæмæ цæуынмæ рæвдз кæнын куы райдыдта, уæдæздæр райхъал дæн. Мæн афтæ раджы стын никуы бауагъта Æна. Уымæ гæсгæ исдуг афæлвæрдтон ногæй бафынæй уæвыныл, фаелæ мæ хуьюсæг кæдæмдæр фæлыгъди. Æз ма иу- Цасдæр алæууыдтæн мæ цæстытæ æхгæдæй, стæй сæ æнцадгай байгом кодтон æмæ аивæй Æнамæ кæсыныл фаедæн. Уый бабаста йæ кæлмæрзæн æмæ мæм са- быргай йæ къахфъшдзтыл æрбацыд. Æз мæ цæстытæ фæцъынд кодтон. Æ’на иуцасдæр алæууыд мæ уæл- хъус, стæй ;мын æнæнхъæлæджы йæ хъарм былтæп м'æ ныхыл андзæвыд. Уыцы минут мын уый, æвæц- ^аегæн, мæ уадул куы ныдздзæхст ластаид, уæддæр мæм йæ абаиы хуызæн диссаг нæ фæкастаид. Фыр- 23
дисæй ма æз суанг мæ улæфт дæр фæурæдтон. «Мадау æй барæвдауын дæр никуы бауæндыд- тæн, мæгуыр, мæ коммæ куынæуал кæса, уымæй тæрсгæйæ»,— мæ зæрдыл æрбалæууыд, иухатт Æна сусæгæй йæ хъугдуцæг æмбал Залдузæн куыд дзырд- та, уый, æмæ мæ зæрдæ æрбауынгæг. Æна нæ сыхы устытæй никæй хуызæн уыд. Æз уы- донæй ахæм нæ зыдтон, йæ цотмæ дзы «/мæ къона», «мæ хурæй» чи нæ сдзырдтаид, кæнæ сæ худгæйæ нæ хъарм хъæбысы чи нæ якодтаид. Æна та —æдзух- дæр æнæвдæлон, хъуыддагхуыз... Æз-иу хатгай ды-> зæрдыджы дæр ма бацыдтæн, кæд мæ нæ уарзы, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ мын ныр сусæгæй мæ ныхæн кæй аба кодта, уый мæ иуæй дисы бафтыдта, иннæ- мæй та мын мæ риуы цавæрдæр æнæмбаргæ æхсыз- гондзинад бауагът.а. Иуцасдæр хуыссыдтæн Æнайыл хъуыды кæнгæйæ. Стæй тагъд-тагъд мæ дарæс акодтон æмæ æддæмæ разгъордтон. Уыцы бон мæн тынг фæндыд Æнайы зæрдæ истæмæй балхæнын æмæ уал ын йе ’рбаздæ- хынмæ фыццаджыдæр фиййагæй миттæ хафыныл ба- лæууыдтæн. — Уый лæппу у, лæппу! Цы раджы фестади! —иу- зам<ан мæ хъустыл ауадис Зæринæйы цъæхснаг хъæ- лæс, æмæ фæстæрдæм фæкастæн. Чызг мæм, й!æ сæр кауы фæстæйæ сдаргæйæ, йæ мидбылты бахудти. — Ахаф, ахаф, цæмæн æрлæууыдтæ? — сдзырдта хъæлдзæгæй.— Æз да^р дæм ныртæккæ фæуайын... Оидзæры самондджын кæнынæн бирæ нæ хъæуы. Ратт ын исты хъазæн, скæн ыл ног дарæс, кæнæ йæ фæлмæн дзыхы ныхасæй барæвдау — æмæ дуне дæр йæхи бауыдзæн. Мæнæн скъоламæ бацæуыны агъом- мæ Æна йæ къабайы зæрондæй <мæ чингуытæн хызын 24
куы бахуыдта, уæд, æвæццæгæн, æгас хъæуы сывæл- лæттæй (мæхицæй хъалдæр ничиуал уыд. Æхсæвы мæ фырцинæй суанг хуыссæг дæр нал ахста. Æна дæр мын мæ зæрдæйы ахаст æмбæрста æмæ уымæн уы- уыдаид, æви мæнау цины гуылфæны бахауд, нæ зонын, æрмæст мын иунæг хатт дæр нæ бауайдзæф кодта, хуыссын мæ нæ уадзыс, зæгъгæ. Æз-иу рæстæгæй- рæстæгмæ хъæццулы бынæй мæ къух æддæмæ ра- дардтон æмæ та дзы-иу бандоны уæлæ мæ хызын асгæрстон, цыма йын адавынæй тарстæн, уыйау... Райсамæй раджы куыддæр скъоламæ цæуынæв- вонгæй дуары раз æрлæууыдтæн, афтæ мын Æна зæрдæбынæй ракуывта: — Ахуыры фæндагыл аьмондджындæр къах чи авæрдта, уый æмбал дæ хуыцау фæкæнæд! Кæддæ- риддæр мын куыстуарзон æмæ уæлахизджын куыд уай! Æз дæр дæ рох куыд никуы уон... Стæй ма фæстагмæ йæ дзырдтæм уынгæг хъæлæ- сæй бафтыдта: — Тæхуды, ныр дæ дæ фыд афтæмæй куы фед- таид! «Æвæццæгæн мыл мæ хызын хорз кæй фидауы, уымæн афтæ зæгъы»,— сæрыстырæй ахъуыды кодтон æз æмæ Æнамæ мæ къух фæтилгæйæ хъæлдзæгæй æддæмæ разгъордтон. Ехх, цæй тынг мæ фæндыд, уыцы райсом адæ,м иууылдæр уынджы куы фестадаиккой æмæмынмæхы- зыиыл сæ цæстытæ куы ’рæвæрдтаиккой, уый! Гъе, æрмæст, ме ’намондæн, бæстыл цъиуызмæлæг дæр иæ зынд. Æз барæй æнцадгай араст дæн скъолайырдæм. Мæнæн рагæй дæр Дæхцийы бинонтæй æнæуынондæр -Н1ичи уыд, фæлæ йын ныр йæ ус Сасинкъайы сæ дуа- Рæй ракæсгæйæ куы ауыдтон, уæд æнæнхъæлæджы ^æ зæрдæ фæрухс и. Æз мæ сæр уæлæмæ систон æмæ Уьщы хъалхуызæй мæ цыд ноджы сындæгдæрæй ауагътон. 2>
— Лæпиу, уый та дæ уæлæ цы ’рцауыгътай? — й цурмæ куы схæццæ дæн, уæд мæ дисхуызæй афарс- та Сасинкъа, стæй сонтæй йæ хъæлæсыдэаг ныххуд- ти.— Асайдта дæ дæ мад, асайдта! Цыдæр хæррæ- гъæй дын хызын бахуыдта... Уыцы дзырдтæм мæнæн æвипрайды мæ кæуын мæ хъуыры абадтис, .æмæ усы р.азæй лидзынмæ фæдæн. Æрмæстдæр скъолайы раз банцадтæн ме згъордæй. «Кæд мыл ахуыргæнæг дæр афтæ худдзæн?»—сдзырд- тон æз мæхинымæр æмæ æнæбары мæ бынатыдзыхъ- лæуд фæкодтон. Исдуг мæм фæзынди нæхимæ раздæ-' хыны хъуыды дæр, фæлæ мæ цæстытыл куы ахъазыд, Сасинкъа та мæ размæ куыд рауайдзæн, уый, уæд ма фыркатайæ цы кодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Сасинкъа, йæхи дзуапджын, закъонтæ æмæ æгъ- дæуттæзонæг хонгæйæ, сыхы нæлгоймагæй, сылгойма- гæй йæ дзырд кæмæ нæ баппæрстаид, ахæм бирæ нæ уыд. Æвæццæгæн -æй устытæ дæр фæсаууонмæ «нæ пъырыстыф» уымæн хуыдтой. — Нæ пъырыстыф! Нæ пъырыстыф! Нæ пъырыс- тыф! — цыма Сасинкъа мæ цуры уыдис, уыйау ныр иудадзыг дзырдтон æз, фæлæ уымæй мæ маст къад- дæр нæ кодта. — Дæхæдæг фæндаг куы ссардтай,— иузаман фæстæрдыгæй айхъуыстон Зæринæйы хъæлæс.— Æна та дын фæдзæгъæл уæвынæй тарсти... Æз аивæй мæ цæссыгтæ асæрфтон. — Фæлæ йыл уæддæр басæтт: ;мидæмæ иунæгæн бацæуын нæ уæндыдтæ,— хъазæгау загъта Зæринæ, æмæ та æвиппайды мæ зæрдæ æрбауынгæг. — Кæугæ та цæмæн кæныс? Æхсар...— чызг мæ,м дисгæнгæ æрбакаст. Æз æм ницы дзырдтон. Уæдмæ нæ рæзты скъолайы кæртмæ къордтæ-къордтæй цæ- уын байдыдтай ахуырдзаутæ. — Цом мах дæр, кæннод дын байрæджы уы- дзæн,— загъта мын Зæринæ рæвдауæг хъæлæсæн... 26
— Нæ цæуын... — Уый та куыд? Уæдæ дæ зæрды цы ис? — Æз скъоламæ нæ цæуын... — Цæуылнæ?! — Худдзысты мыл...—æрæджиау сабыргай дзуапп радтон æз. — Цытæ дзурыс? — чызг бынтондæр æрбатыхст. Чи дыл худдзæн? Æз ын мæ кæуын тыххæй уромгæйæ цыдæр амæлт- тæй хабар радзырдтон. — Ау, æмæ дæ нæ пъырыстыфы ныхæстæ афтæ тынг бауырныдтой? — Зæринæ дисхуызæй йæ къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта.—Уымæн йæ алы дæс дзыр- дæй да^р аст мæнг куы вæййынц... Уæртæ-ма акæс,, цымæ скъоладзаухæй дæуæй хуыздæр хызын искæ- мæн ис... Мæнæн дæр ахæм хызын куы уыдаид! Æз, сывæллæттæй кæйдæрты хызынтимæ куы ауыдтон, уæд æваст фæхъæлдзæг дæн. Зæринæйы цæсго1М1Ыл дæр ахъазыд мидбылты худт. — Цом, мауал фæстиат кæнæм,— мæ къухыл мын ахæцыд уый, æмæ æз æнæуæлдайныхасæй йемæ араст дæн. Кæрты мæ Зæринæ бæласы бын иунæгæй фæуагъ- та, йæхæдæг рæбындæр, хибарæй цы дыууæ ацæргæ сылгоймаджы лæууыдис, уыдонмæ бауади. «Æвæц- цæгæн, уый мæ ахуыргæнæг уыдзæн»,—ахъуыды код- топ æз, Зæринæйы дзы иуимæ ныхасгæнгæйæ куы бафиппайдтон, уæд. Мæнæ мæм уалынмæ чызг худ- гæйæ йæ къух фæтылдта. Æз нæуæндонхуызæн сæ разшæ бацыдтæн. — Ай мæм замманай лæппу куы скодтай, Зæри- нæ,—- фæлмæн хъæлæсæй загъта ахуыргæнæг æмæ мьш йæ къухæй мæ сæр æрсæрфта.— Йæ хызын дæр Цы хорз у, йæ хызын! Фæстаг дзырдтæм мæыæн мæ зæрдæ цинæй ай- дзаг и... 27
Сихорыл та кæцæйдæр мæ размæ фæзынди Са- синкъа дæр. Уый, æвæццæгæн, æнхъæл уыдис, æм дзы ногæй алидздз/ынæн, фæлæ æз дардæй /мидбыл ты худгæ йæ рæзты куы ’рцыдтæн, уæд уымæн фыр- дисæй йæ дзых хæлиуæй баззад. — Цымæ йыл цавæр хорздзинад сæмбæлд? — фæстейы ма мæм райхъуысти Сасинкъайы мæсты хъæлæс.— Раст цыма Хъарсы фидар барæмыгъта,. уый цыд куыд фæкæны... * * * Зæринæтимæ нæ кæртытæ кæм фæхицæн сты, уы- цы ран хæрдмæ фæцыд къæдзæхыйас æнгуз бæлас. Бæласæн йæ иу æмбис махырдыгæй уыдис, йæ ин- нæ та — Зæринæтырдыгæй. Уымæ гæсгæ сæрдыгон нæ дыууæты кæртытæм дæр хуры тын нæ хауд. Хуры тын нæ, фæлæ ма-иу фылдæр хæттыты сыфтæртæ дæ- лæмæ уарыны ’ртах дæр не ’руагътой. Махæй ничи зыдта, бæлас нæ кæй фыдæлтæ ныс- сагътон, уый. Æниу æй чифæнды ныссадзæд. Мæнæн та цы уæлдай уыдис? Æз Зæринæтæн .сæ дыргътæ иу- уылдæр куы тыдтаин, уæддæр мын сæ «ма кæ» ничи загътаид, уькмæн æмæ махмæ кæйдæртау «дæу у», «мæн у»-тæ нæ уыд... Уыцы фæззæг не ’нгуз бæлас раджы фæбæгънæг. Æз æнхъæл уыдтæн, æмæ йыл дыргъ нал баззад. Фæлæ сыфтæртæ зæхмæ куы ’рызгъæлдысты, уæд ын йæ тæккæ цъуппыл бафигшайдтон цалдæр æнгузы. — Æхсар, искæйы ныццæвдзынæ, — æнгузтыл хæрдмæ дуртæ ’хсын куы байдыдтон, уæд мæм агъуы- стæй радзырдта Æна. — Ма тæрс, Æна,— загътон æз æмæ та дуры .къæрттæй æнгузмæ ныхъхъавыдтæн. Раст нæм уыцы сахат, мæ амондæн, кæцæйдæр фæзындн Темыр. 28
— Фыдæбæттæ кæныс, мæ чысыл æрдхорд? — худгæнæ 1мæ афарста уый. Стæй 1мын мæ дзуапмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй хъæрæй сдзырдта: — Мауал æхс дуртæ. Æз дын сæ ныртæккæ æр- тондзынæн. Темыр бæласмæ бырын байдыдта. Иузаман, уы- мæн йæ къахы бын хус къалиуы къæрцц куыд фæцы- ди, афгээ æвиппайды Зæринæйы у.аты рудзынг фе- гом ис. — Дæ-дæ-дæй, æрхаудзынæ! — райхъуысти чыз- джы тарст хъæр. Лæппу йæ бынаты фæлæууыд. — Удаист дæ дзæбæх куы фæкодтон,—бæласы уæлæйæ хъазæнæмхасæнты бафиппайдта уый. — Дæ мæтæй мæлын,— куыдфæндыйы хъæлæсы уагæй йын дзуапп радта Зæринæ.— Афтæ, зæгъын, нæ кæртмæ куы ’рхауай... Фæцыдис рудзындж’ы гуыпп. — Ахæм ма дзы хиуарзон ч,ызг уыдзæн! — бахуд- тис Темыр æмæ та уæлæмæ бырыныл фæци. Ныр ын æз дæр тæрсын байдыдтон. Цалдæр хат- ты «ма нæм сдзуринаг дæр уыдтæн, уæлдæр мауал хиз, зæгъгæ, фæлæ та-иу æнгузтæм куы фæкомкоммæ дæн, уæд-иу 1мæхи баурæдтон. Мæнæ дзы уалынмæ лæппу иу ратыдта æмæ мæм æй худгæ æрæппæрста. — Цу æмæ уал уыцы ’нгуз дæ сыхагæн авæр. Кæй йын, зæгъ, фæтарстæ, уый тыххæй дын хай кæны... Мæнæн мæхи зæрды дæр уыдис ме ’нгузтæй Зæ- Ринæйæн бахæссын, æмæ мын Темыр ,афтæ куы загъ- та> уæд ын æнæуæлдайныхасæй йæ фæндон æххæст кæнынмæ фæдæн. — Мæнæ дын ай Темыр æрбарвыста,— æз цин- хУызæй Зæринæйы раз стъолыл æнгуз æрæвæрдтон. — Æмæ 1мæ цæмæн хъæуы? — йæ был фесчъил КоДта уый.— Æнгуз никуы федтон? 29
— Уæдæ й-æ уæд мæхицæн уадзын,— уъщы дзырд тимæ æз æнгузмæ фæцæиæвнæлдтон, фæлæ йыл чыз • æнæнхъæлæджы йæхи ныццавта. — Цу, цу, дæуæн та афонмæ де ’рдхорд æрæц- пæрста,— худгæйæ 1мын загъта Зæринæ, стæй ма уæд йæ дзырдтæм бафтыдта:— Де ’мбыд æнгуз дын,, зæгъ, уынгмæ фехста... Æз æм ме ’взаг фелвæстон æмæ кæртмæ разгъорд- тон. — Айста дын ’æй? — бæласы бын куы ’рлæууыд- тæн, уæд мæ уæлейæ сусæгæй афярста Темыр. — Айста...— цыбырæй дзуапп радтон æз, фæлæ мын Зæринæ фæстагмæ цы загъта, уый йын не схъæр кодтон. — Мæнæ уæдæ адон та дæхицæн сис... Бæласы къалиутыл къуырццытæ кæнгæйæ мæ раз- мæ æрхаудта цалдæр æнгузы. Æз сæ тагъд-тагъд рауыгътон æмæ сæ мæ дзыппыты атъыстон... Темыры ацыды фæстæ та æз ногæй базгъордтош Зæринæйы уатмæ. — Кæс-ма, Зæринæ, цас æнгузтæ мын æртыдта!— цымыдисхуызæй аппæлыдтæн чызгæн.— Айс дзы ды дæр... — Бузныг, Æхсар.... — Айс, айс, бузныг мын уыйфæстæ зæгъдзынæ! — Дæхицæн сæ уадз... Мæнæй рох нæ уыд, чысыл раздæр мын Зæрипæ- мæ цурæй Темыры фыццаг æнгуз куыд аскъæфта, уый, æмæ йæм ныр дисгæнгæ ныккастæн. «Кæд мæм истæ- уыл фæхæрам?»—æрæджиау алонк кодта мæ сæры, æмæ мын цыма уыцы минут чызг мæ хъуыды бам- бæрста, уыйау тыхстхуызæй сдзырдта: — Ма джихтæ кæн, Æхсар. Де ’нгузтæ дын, мий- паг, истæйы тыххæй æнæисгæ куы нæ дæн. Æрмæст- сæ ныртæккæ мæ зæрдæ нæ агуры... Æз йæ разæй æнкъардæй рацыдтæн. 30
:{: * :{: Æна фермæйы кæимæ куыста, уыцы сылгоймæг- тæй мæ зæрдæмæ Залдузæй тынгдæр ничи цыд. Æвæццæгæн æй Æна дæр бирæ кæй уарзта, уымæн афтæ уыд. Æз-иу арæх хъуыстон, Залдузæн йæ лæ- джы кулаччытæ амардтой, зæгъгæ, æмæ йын уыйтых- хæй æдзух тæригъæд кодтон. Заддуз йæ зæронд мад Дзыллæимæ цардис скъо- лайы фарсмæ. Уымæ гæсгæ сæм-иу урокты фæстæ пстæйы ’фсон бауайаг уыдтæн. Мæнæн-иу дуне дæр мæхи баци, Дзыллæ мæ-иу «мæ ахуырæй фæрсын куы райдыдта, уæд. — Æстъафырæллæх! Уыйас зонындзинæдтæ цымæ дæ чысыл сæры куыд цæуынц? — æрæджиау-иу йæ мæллæг къухтæ кæрæдзиуыл ныццавта зæронд ус, стæй ма-иу уæд æнæмæнг йæ ныхасмæ бафтыдта: — Дæ ныййарæджы фæндиаг байрæз, мæ къона! Йæ бирæ фыдæбæттæ йын куыд бафпдай, ахæм хъа- ру даэм разынæд! Æз-иу мæхицæй бынтон ныббуц дæн, Дзыллæ мæ-иу куы раппæлыд, уæд... Уыцы бон дæр та æз сæрыстырæй бахызтæн Зал- дузты кæртмæ. Мæнæн иннæ хæттытау мæ зæрды уыдис, цы ног æмдзæвгæ сахуыр кодтон, уый Дзыл- лæйæн радзурын. Фæлæ зæронд усы хæдзарæй тыхст- хуызæй рауайгæйæ куы ауыдтон, уæд мæ бынаты куыддæр сагъдауæй аззадтæн. Исдуг ъш «дæ бон харз» зæгъынмæ дæр нал арæхстæн. — Залдуз та м,ын рынчъш у, рынчын, (мæ фæрстæ йын айхæлой! — райдыдта уый кæуынхъæлæсæй æмæ йæ куатæны кæронæй йæ цæстытæ асæрфта.— Æн- ДЫснæг та йыл ичъийау ныттыхсти. — Æмæ уæд йæ хъуццытæ куыд уыдзысты?—бын- тон ,æнæхъуаджы афарстон æз. Дзыллæ (мæм фыццаг дисхуызæй æрбакаст, стæй У^д йæ къух ауыгъта. 31
—Йæ хъуццытыл ын бæргæ нæ тыхсын: дæ мад та йын сæ радуцдзæн. Фæлæ, дам, сын абон сæ хорз куысты тыххæй ордылтæ дæтдзысты, .æмæ мын Зал- дуз æнæ ордылæй куы баззайа, уымæй тæрсын. Зæронд ус иуцасдæр алæууыд сагъæсхуызæй. — Мæхæдæг бæргæ ныууаин фермæмæ, фæлæ Залдузы иунæгæй куыд ныууадзон? — Æмæ йæ цымæ мæнмæ нæ ратдзысты... уыцы ордыл? — бафарстон æз Дзыллæйы, æмæ уьшæн æвиппайды фьфЦ’инæй ’йæ цæсгом ныррухс. — Бæгуы дæм æй ратдзысты, мæ номæй сын куы зæгъай, уæд,— дзуапп мын радта Дзыллæ, стæй ма лæгъстæхуызæй йæ ныхасмæ бафтыдта:—Дæ рынтæ дын бахæрон, нызгъор-ма фермæмæ æмæ Залдузы ор- дыл сдав. Кæд мæ хъæбулæн йæ низ фæлидзид... Чысыл фæстæдæр æз лæф-лæфгæнгæ фермæйы балæууыдтæн. Дуарæй бакæсгæнæ фыццаджыдæр фæкомкоммæ дæн Æнамæ. Уый æфсæрмхуызæй бадтис сырх хъуымацæй æмбæрзт стъолы раз æмæ хъуыста н,æ колхозы сæрдар Зауырбеджы докладмæ. Мæн бæргæ фæндыд Залдузы ордылы тыххæй раз- дæр Æнаимæ аныхас кæнын, ф>æлæ йæм хæстæг ба- цæуын нæ бауæндыдтæн æмæ уал хъугдуцджыты ф-арсмæ æрлæууыдтæн. — Кæс-ма, Æхсар, дæ мады дын призидумы куыд æрбадын кодтам! — сдзырдта мæм устытæй иу æ-мæ мын хъæлдзæгæй стъолырдæм ацамыдта. Æз кæд, «призидум» цы у, уый бæлвырд нæма зыд- тон, уæддæр æвицпайды |мæ зæрдæ цинæй айдзаг и... Докладгæнæг дзырдта фермæйы хорз куысты тых- хæй. Æз-иу арæх яйхъуыстон Æна æмæ Залдузы нæмттæ. Уыдон, дам, ньгмад æрцыдысты районы хуыздæр хъугдуцджытыл. Уый размæ Æнапæн йæ къам дæр систой. Æмæ йын æй æн«иу куыд нæ систа- иккой! Æнайæн фермæйы йæ бар цы хъуццытæ уыды- сты, уыдоныл нæхи хъугæй къаддæр ахуыр нæ уыд. 32
Чи йын дзы Къленц хуынди, чи Рæсугъд, чи Рæдау. Уымæй сæ дуцгæйæ та алкæимæ дæр ныхас кодта. /Емæ-иу æй уыдон дæр цыма æмбæрстой, уыйау-иу æнæзмæлгæйæ лæууыдысты. «Рæвдыд æрмæст адæй- маг пæ уарзы»,— фехъусæн уыдис Æнайæ, ахæм рæстæг ын-иу йе ’мбæлттæй исчи куы бауайдзæф кодта, уæд. — Цыма дын æхсыр дæр уый тыххæй фылдæр дæттынц! — йемæ-иу не сразы уыдаид хъугдуцджы- тæн сæ хъæлдзæгдæр Фатъи.—Уæдæмæ сæ фыдуага- хуыр кæныс... — Æна йæ хъуццыты тагъд дзыхæй дзурын са- хуыр кæндзæн! — Зарын дæр мя! — Ха-ха-ха! — фермæйы къуымтыл-иу азæлдыс- ты .сылгоймæгты цъæхснаг хъæлæстæ. Æз-иу кæд, хъугдуцджытæ хъазгæ кæй кæнынц, уый æмбæрстон, уæддæр сæм-иу мæхимидæг æрба- мæсты дæн. — Фæлæуут, уæртæ фыд-зæрдæтæ!—худгæйæ сын- пу дзуапп радта Æна.— Мæнæ та мæ бæсты искæд мæ хъуццыты куы дуцат, уæд уын уыдон базондзыс- ты! — Уæдæ ныл сæ ды сардауыс, ды, æмæ нæ сæ- химæ хæстæг дæр уымæн нæ фæуадзынц?— барæй йæм-иу йæхи фæхъæддых кодта Фатъи. — Æмæ уæдæ Залдузы цæмæн фæуадзынц? — йæ фарстæн ын-иу фарстæй дзуапп радта Æна. — Уый дæр сын дæуау бытъу-бытъу кæй фæкæ- ны, уьш тыххæй. — Омæ дзы исты вæййы, исты... — Буц ’митæ æз нæ лæгæн дæр нæ кæнын... — Æ, гæды рувас! — ацы ран-иу устытæ фесты Фатъийырдæм.— Кæд ма йын ды нæ кæныс буц ми-- тае!, ^- Æмæ йæ уæдæ йæ зæрдæйы уидаг чи хоны? Ци Фæд», Зæринæ? ЗД
— Фатъи, сайын кæй хъæуы, уый зоны! — Ха-ха-ха-ха! — ногæй та-иу азæлди сылгоймæг- ты хъæрæй худт... Зауырбег йæ быиаты куы сбадт, уæд дзырды бар лæвæрд æрцыд Æнайæн. Æз ын куыддæр йæ ном айхъуыстон, афтæ фыртарстæй мæ улæфæнтæ ах- гæдтой. Ноджы ма, Æна кæй ныфсæрмы пс, уый куы бафиппайдтон, уæд бынтондæр мæты бахаудтæн, ра- ныхас кæнынмæ куы нæ сарæхса, зæгъгæ. — Дæ хъуццытæм куыд зилыс, уымæй райдай!— ауадис мæ хъустыл Зауырбеджы сусæг хъæлæс... Æна дзурын куы райдыдта, уæд адæм иууылдæр ныссабыр сты. Фыццаг уьгмæн йæ ныхасы хъæд уы- йас лæгъз нæ уыд, фæлæ куыдфæстæмæ фæуæндон- дæр æмæ къуыхцытæ нал кодта. Æна ранымадта йæ хъуццыты нæмттæ. Суанг ма сын сæ хицæн ми- ниуджытыл дæр æрлæууыд. Фосмæ зилын хуыздæр куыд хъæуы, уымæ куы рахызт, уæд æм Зауырбег йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ нæ фермæйы сæргъ- лæууæг Садуллæйы хъусы цыдæртæ адзырдта. Æнайы фæстæ ’ма раныхас кодтой ноджы цалдæр хъугдуцæджы. Фæлæ мæнмæ афтæ каст, цыма уыдо- нæй уый хуызæн хорз ничи радзырдта, æмæ дзы фыр- цинæй мæ цæстытæнал истон. Мæнæ уалынмæ рахастой цæугæ Сырх тырыса. Районæй æрвыст лæг æй арфæйы ныхæстимæ Зауыр- бегмæ куы балæвæрдта, уæд адæмы къухæмдзæгъдæй мæ хъустæ акъуырма сты. Æмбырды кæрон Садуллæ р,аззагдæр хъугдуц- джытæн уарын райдыдта ялыхуызон лæвæрттæ. Æна æмæ дзы Залдузмæ æхцайы премитæй уæлдай æр- хаудта джиппæйфыст къабайæгтæ. Æз ма сын æн; хъæлмæ кастæн сæ ордылтæ раттынмæ, фæлæ стъо-' лыл куы ницыуал федтон, уæд æнæбары Садуллæмæ бауадтæн. — Æмæ ордылтæ та? 34
— Цавæр ордылтæ? — Садуллæ дисхуызæй йæ фæ- тæн æрфгуытыл хæрдмæ схæцыд. — Дзыллæ афтæ зæгъы... Дзыллæ мæ Залдузы ордылмæ æрæрвыста... — æнæнхъæлæджы фæкъæ- зæнæг дæн æз.— Абон, дам, сын ордылтæ дæттынц. — А-а-а... «Ордентæ» зæгъынмæ хъавыдтæ? — Са- дуллæ йæ дынджыр къухæй йæ ных бакъуырдта.— Ордентæ дæр хъуамæ искуы райсой... Уыцы дзырдтимæ лæг йæ хъæлæсыдзаг ныххудти. Æз, орден цы у, уый бæргæ зыдтон, фæлæ дзырд «ордыл» никуыма фехъуыстон æмæ кæй фæрæдыдтæн, уый тыххæй Дзыллæмæ æрбамæсты дæн. Суанг ма мæ кæуын мæ хъуыры дæр абадти... Изæрæй Æнаимæ нæхимæ куы сыздæхтыстæм, уæд нæм Зæринæ æрбауади. — Мæнæ цы рæсугъд хъуымац и! — ныддис кодта уый Æнайы лæварыл, стæй цымыдисæй афарста: — Къаба дзы хуийдзынæ, Æна? — Нæ зонын... Халатæн дæр цыма æвзæр нæу... — Къаба дзы бахуий,—хъуымацæй йæ цæстытæ нæ исгæйæ сдзырдта Зæринæ.— Диссаджы рæсугъд дыл сфидаудзæн! Чысыл фæстæдæр, чызг дуары æдде куы фæци, уæд Æна йæ хъуымац газеты атыхта æмæ мын æй мæ дæлармы фæтъыста. — Цу, Зæринæйæн æй ратт,— загъта мын уый рæв- Дауæг хæлæсы уагæй.— Иæхицæн дзы къаба ба- хуийæд. — Æмæ уæд дæуæн та? — бафарстон æй æз дис- гæнгæ. Æна йæ къух ауыгъта. — Цард цæуы æмæ йемæ амонд хæссы... Мæиæн Дæр та кæд фæуаид... — Нæ, дæхицæн æй уадз,— йæ хъуыры абадтæн æз.— Иунæг къаба йедтæмæ дын куы нæ ис... — Уый та куыд, Æхсар? Ныр Зæринæ афтæ тынг 35
кæмæ бахæлæг кодта, уымæй ма æз мæхицæн дзаума хуийын? Æз ын йæ ныхмæ уæлдай ницыуал загътон, афтæ- мæй Зæринæтæм фæраст дæн. Чызг мæ уатмæ тыхтонимæ бахизгæйæ куы бафнп- пайдта, уæд куыддæр фæджнх. — Уый та дæ дæлармы цы у? — æрæджиау мæ саст хъæлæсæй бафарста Зæринæ. — Æна йæ къабайаг дæуæн рарвыста,—æнкъар- дæй дзуапп радтон æз. — Цы?! — чызг фыццаг тарстхуызæй йæ къухтæ йæ рустыл авæрдта, стæй мын уæд æнæдзургæйæ мæ дæлармæй Æнайы къабайаг аскъæфта æмæ фæстæмæ махмæ згъорыныл фæци. Æз æй фæндагыл æййафгæ дæр нал кодтон. — Ницыхуызы дын æй райсдзынæн, Æна!—агъуы- сты астæу æрлæугæйæ фидарæй загъта Зæринæ.— Лæвар искæмæн дæтгæ нæ вæййы... Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма чызгæн йæ зæрдæ æр- бауынгæг, æмæ мæм фæсмон æрцыди, чысыл раздæр Æнайæн, дæ къабайаг дæхицæн уадз, зæгъгæ, кæй дзырдтон, уый тыххæй. — Мæ мард фен, Зæри, куы пæ йæ айсай!—чызг æм хъуымац куы ’рбадардта, уæд лæгъстæмæ фæци Æна.— Мадызæнæджы хуызæн мæм куы кæсыс, уæд дæхи искæуыл цæмæн нымайыс? Зæринæ фыртыхстæй цы загътаид, уый нал зыдта. — Пæсæ мæм хæцдзæнис, дæ лæвар дын райстон, уый куы базона, уæд,—æрæджиау ма сирвæзти чыз- джы дзыхæй. — Ууыл ма тыхс,— Зæринæйы æрбахъæбыс кæн- .гæйæ загъта Æна.— Пæсæимæ мæхæдæг дзурдзы- Æппынфæстаг Зæринæ къабайаг айсыныл куы сра- зы, уæд æнæнхъæлæджы æхсызгонæй сулæфыд- тæн... 36
* * * Нæ зонын, мæ чысыл бонтæн сæ фылдæр нæхимæ арвыстон æви фермæйы, уый. Æрмæст ма хъуыды кæнын, урокты фæстæ-иу æдзух фермæмæ кæй згъорд- юи. Мæнæн-иу æхсызгон уыд, Æнайы-иу фосæн хол- лаг дæтгæйæ куы ныййæфтон, уæд. Ахæм рæстæг ын-иу æз архайдтон аххуыс кæныныл. Фæстагмæ мыл хъуц- цытæ афтæ сахуыр сты, æмæ мæм-иу дардæй дæр уа- сьш байдыдтой. Уæлдай æнувыд та мыл Æнайы уарзопдæр хъуг Рæсугъд сси. Арæх мын-иу уый йæ дæрзæг æвзагæй мæ цæсгом дæр ма асдæрдта. Æвæц- цæгæн ын Æнайы сусæгæй мæ дзыппы кæрдзыны къæбæр кæй дардтон, уымæн уыдаид. — Залдузы ордылмæ та æруадтæ? — иудадзыг мæ худгæйæ фарста Садуллæ, æмæ дзы мæхи иуварс ла- сыпыл архайдтон. Фæлæ дзы адæймаг йæхи кæм бам- бæхстапд? Фермæйы къуымтæй-иу кæцыйæ нæ ракаст, ахæм нæ уыд. Иухатт та уый «ордылы» кой ракæ- пынмæ куыд хъавыд, афтæ Залдуз мæ сæрыл рахæ- Дыд: — Цæй, цæмæн та йæ мæстæй марыс, Садуллæ? Ппкуы нпчи фæрæдийы? — Ау, æмæ Æхсар хъазæн ныхас не ’мбары? Æз æй ныр лæг куы хонын, — йæхи раст кæнынмæ фæцн Садуллæ, фæлæ йып Залдуз сусæгæй цыдæр куы загъ- та, уæд уый аххосджын хуызæй мæ разæй ацыд. Уæдæй фæстæмæ мыл Садуллæ никуыуал схудт. Æпæнхъæлæджы мæ уый æппæлын дæр ма райдыдта. — Куыстуарзон лæппу хъомыл кæпыс,— загътаид- ПУ уый Æнайæн, хъуццытæн мæ-иу холлаг дæтгæйæ КУЫ ’рбаййæфта, уæд.— Фосы дохтыр дын дзы ма Рауайа! Уьщы дзырдтæм-иу Æнайæн йæ цæсгом цинæй ныр- РУхс н, æмæ-иу уæд æз дæр мæхиуыл нал ауæрстон... Иуизæр фермæйы раз тарвазыл бастæй ауыдтои 37
Садуллæйы бæх Тæлтæджы. Æз æм æнцадгай хæстæг бацыдтæн, æмæ, нæхицæй Рæсугъдæн цы кæрдзыны къæбæр æрхастон, уымæн æм йе ’рдæг бадардтон, Тæлтæг æй уайтагъд йæ сæр тилгæйæ хæрын байдыдта. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма мын бæх «адджын у»г «адджын у», зæгъгæ, дзырдта. Æз та йын мæ кæр- дзыны къæбæрæн йæ иннæ хай дæр радтон. Раст уыцы рæстæг фермæйы дуарæй рахызт Садуллæ дæр. — Æнхъæлдæн æмæ бæхтæ дæр уарзыс, Æхсар,— бафиппайдта лæг хъæлдзæгæй.— Схиз-ма тагъд Тæл- тæгмæ. Цавæр барæг дæ, уый фенон. Æз хъавыдтæн мæхи æгъдæнцоймæ сивазынмæ, фæлæ мыл уалынмæ Садуллæ фæстæрдыгæй фæхæцыд æмæ мæ саргъыл авæрдта. Бæх йæ бынатæй куы араст, уæд мæм, цыма зæхх базмæлыд, афтæ фæкаст æмæ, ахауынæй тæрсгæйæ, æнæбары мæ цæстытæ фæцъынд кодтон. — Саргъы гоппыл фидар хæц! — сдзырдта мæм Садуллæ, мæ фарсмæ цæугæйæ. Куыдфæстæмæ æз нал тарстæн. Ныр мæм бæхыл бадын хорз кæсын дæр ма райдыдта. — Диссаджы барæг дæ рауадис! — раппæлыди мæ Садуллæ, æмæ мæхицæй ныббуц дæн. Ехх, куыд тынг мæ фæндыд уыцы сахат, нæ сы- хæгты лæппу Солæ мæ искæцæй куы федтаид, уый! Хæрзаг мæм хæлæгæй мардаид. Фермæйæ дзæвгар куы радард стæм, уæд Садуллæ йæ бæх æрурæдта. — Цæй, абон уал дын æгъгъæд фæуæд, — загъта уый æмæ мæ зæхмæ æриста. — Райсом дæр та йыл сбаддзынæ. Уыйфæстæ цæрдæг сгæпп кодта Тæлтæгмæ æмæ рыг фæндагыл колхозы правленийырдæм атахт. Æз йæ фæдыл кæсгæйæ баззадтæн... Æхсæвы суанг фыны дæр Тæлтæг мæ цæстытæй 38
нал фæхицæн. Куы йын хæринаг лæвæрдтон, куы йын дои дардтон. Иузаман ма йæ уæлæ дæр фестадтæн. «Солæйы та нæ уырндзæн, Тæлтæгыл бадтæн, зæгъгæ, йын куы дзурон, уæд»,—ахъуыды кодтон æз æмæ мæ бæгъæввад къæхтæй бæхы фæрстæ бакъуырд- тон. Уый æваст йæ бынатæй фестъæлфыд. Райхъуысти дымгæйы æхситт, цæфхæдты къыбар-къыбур. «Куыд хорз у! Куыд хорз у! Куыд хорз у!» — цыма мын цæф- хæдтæ афтæ дзурынц, уыйау мæм кæсы. Фермæ фæстейы раджы аззади, уæддæр ма мæ Тæлтæг скъæфы размæ. Уæртæ мæм æрхы фаллаг фарсæй фæзынди Садуллæ. — Саргъы гоппыл фидар хæц, кæннод бæрзæйсаст кæныс! — хъæр мæм кæны уый йæ цæнгтæ тилгæйæ. Æвиппайды цæфхæдты къыбар-къыбур фескъуыди. Уый Тæлтæг йæхи æрхы сæрты фехста, фæлæ йын фал- лаг былмæ бахауынæн ницыуал æнтысы: æрх уæрæ- хæй-уæрæхдæр кæны. «Цас фæразы Тæлтæг уæлдæ- фы тæхын!» — дисгæнгæ дзурыи æз мæхинымæр, æр- мæст тарст мæ фæсонæрхæджы дæр нæй. — Дæ хъæццул та зæхмæ куы раппæрстай, Æх- сар,— райсомæй мæ хъустыл ауадис Æнайы хъæлæс, азмæ фехъал дæн... Уыцы бон æз нæ урокты фæуынмæ дæр нал хъæ- цыдтæн. Мæ хъуыдытæ иууылдæр сысты Тæлтæгыл. Мæ цæстытыл-иу куы ахъазыд, куыд та йыл сбаддзы- нæн, уый, уæд-иу æнæбары мæ мидбылты бахудтæн. Куыддæр дзæнгæрæг ныццагътой, афтæ æз ме ’мбæлтты разæй къласæй ратахтæн. Фæстейы ма мæм Солæ бæргæ ныхъхъæр кодта, фæлæ уымæ дæр нал фæкастæн. Нæхимæ мæ хызын сынтæгмæ баппæрстон æмæ, кæрдзыны цыппæрæм хай мæ роны атъысгæйæ, фермæйырдæм азгъордтон. Къуыбырæй ныккæсгæйæ Тæлтæджы кауы раз хпзгæйæ куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæ фырцинæй мæ Риуы скафыд. Æз æм сидгæ мæхи хæстæг байстон, 39
фæлæ мæм уый йæ сæр дæр нæ систа. «Ныр ыл цы- хуызы сбадон?» — сагъæсгæнгæ зплын байдыдтон бæ- хы алфамбылай. Æппынфæстаг æй мæ зæрды æрæфтыд кауы раз- мæ басайын. Æз æм равдыстон мæ кæрдзын, æмæ уый сабыргай мæ фæдыл рараст. «Æпæхъæнæй йыы æй куы раттон, уæд æй æгæр тагъд ахæрдзæн»,— ахъуыды кодтои æз æмæ цæугæ-цæуыи мæ кæрдзыи цалдæр дихы фæкодтон. Каумæ куы бахæццæ дæн, уæд къæ- бæртæ рæбыны æркалдтон. Тæлтæг сæм бавнæлдта уидзынмæ. Æз уæдмæ каумæ сбырыдтæп æмæ йын уырдыгæй цыдæр амæлттæй йæ рагъмæ бахылдтæн. Бæх мæ цыма хъуыды дæр не ’ркодта, уыйау зыдæй кæрдзыны муртæ хордта. Æз алырдæм афæлгæсыд- тæи æмæ Зæринæйы æрхы былты сæ хъазтæ фæцæй- тæргæйæ ауыдтон. Мæнæп æм мæ зæрды уыдис фæ- дзурын, фæлæ мæ уалынджы уый йæхæдæг бафиппайд- та æмæ мæнырдæм згъорыныл фæцп. — Гъæй, Чапаев дæм йæхæдæг фæтæхы!—худ- гæйæ фæхъæр кодтон æз, стæй уæд мæ къæхтæп бæхы фæрстæ ныххостон. Тæлтæг сонтæй йæхи размæ фехста, æмæ æз цæсты- фæныкъуылдмæ йæ рагъæй расхъиудтон. Мæ зæрдæ бахъарм, æмæ уымæн уыдаид, æви тæрсгæ фæкодтон,— нæ зонын, æрмæст иуцасдæр ни- цыуал æмбæрстон. — Æгас ма дæ, Æхсар? Æгас ма дæ? — æрæ- джиау мæ хъустыл ауадис Зæринæйы кæуынхъæлæс, æмæ йæм хæрдмæ скастæн. Уымæн фыртарстæн йæ цæсгом цикъæйау ныффæлурс. — Æнайæн-иу мацы схъæр кæн,— сдзырдтон æм æз, зæххæй сыстыныл архайгæйæ. — Дæ уæрагæн йæ туг куы кæлы! — бафиппапдта чызг æмæ мын æй уайтагъд йæ къухмæрзæнæй абас- та... 40
Фæскуыст Æна нæхпмæ куы ссыд, уæд мæ дисхуы- зæй афарста: — Къуылых та цæмæн дæ? — Фæкалдтæн,— афсон кодтоп æз.— Мæнæ мæ Зæ- ринæ дæр федта. — Цавæр дæ, цавæр! — йæ сæр пыттылдта Æна.— Æппын сабыр цæуын куы нæ зоныс. Зæринæ мæм хинæйдзаг каст æрбакодта, фæлæ шшы сдзырдта... Иухатт та Зæринæ сæ цæхæрадоны йæ фæндыры тæптæ фæйнæрдæм айвæзта. Æз кастæн, йæ даргъ æнгуылдзтæ амонæнтыл куыд тагъд згъорынц, уымæ, æмæ мæ цинæн кæроп нал уыд: уыцы боп чызгæн йæ цагъд уадис иннæ хæттытæй аивдæр. Афтæмæй йæм фæндыр куы ’рбафтыд, ууыл афæдзырдæгæй фылдæр нæма рацыдаид. — Ахæм рæсугъд цагъд æпæ кафæгæп æвгъау у,— кауы разæй нæм æрдзырдта Темыр, æмæ мах Зæри- нæимæ æнæбары зæххæй фестадыстæм. — Æнхъæлдæн æмæ та уæ фæтæрсын кодтон,— аххосджынхуызæй бафпппайдта Темыр. Хатыр уæ курын... — Барæм дын дæ рæдыд...— худгæйæ дзуапп радта Зæринæ.— Æрмæст нæм-иу ацы хатт сусæгæй мауал æрбахъуыз, кæннод нæ дыууæ дæр зæрдæскъуыдтæ фæуыдзыстæм... Зæрннæйы худынмæ Темыр дæр æваст фæхъæл- дзæг æмæ уайтагъд кауы сæрты нæ цурмæ æргæпп кодта. — Сбад æмæ ыын ацæгъд,— загъта Темыр Зæрп- нæйæн. — Ахудып дæм цæуы? — Афтæ цæмæн зæгъыс? — Æмæ уæдæ æз нырма цæгъдын зопын? — Хъазты чызджытæй йæхимæ фæндыр чи айсы, Уыдоп дзы-иу дæу хуызæн куы зониккой! 41
— Æцæг?! — Зæринæйæн йæ цъæх цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой, стæй цæмæндæр æвиппайды йæ цæсгом фæсырх и. Мæнмæ афтæ фæкасти, цыма чызг, бæгъæввад кæй уыд, уымæн фефсæрмы. Æмæ, æцæгдæр, Зæринæ кæр~ дæгыл куы ’рбадтис, уæд тагъд-тагъд йæ къабайы фæдджитæй йæ къæхтæ амбæрзта... Мæнæ та ногæй цæхæрадоныл айхъуыстысты фæн- дыры рæсугъд зæлтæ. Темыр иуцасдæр лæмбынæг фæ- хъуыста цагъдмæ, стæй йæм уæд æнæнхъæлæджы зæрдæбынæй бахъырныдта. Лæппуйы хъæлæс айхъус- гæйæ чызг æвиппайды йæ цагъдæй фæкъуыхцы, фæ- лæ уайтагъд йæ рæдыд сраст кодта. Чысыл фæстæдæр æз дæр фæндыры цагъдмæ æнæуæндонæй бахъырныд- тон... Дыккаг бон æз æртыдтон, нæ бæлæсты цъуппы- тыл ма цы иугай балтæ уыдис, уыдон, æмæ сæ мæ худы Зæринæйæн бахастон. — Уыйас ма дзы кæм ссардтай? — афарста чызг дисхуызæй æмæ мын мæ худæй йæ къухыдзаг балтæ фелвæста. — Иууылдæр сæ айс, дæуæн сæ æртыдтон... — Нæ, иумæ сæ бахæрæм,— загъта Зæрпнæ æмæ сæ тыргъы æрбадтис. Æз дæр мæхи йæ фарсмæ æруагътон. Нæ балтæн се ’мбнс дæр хæрд нæма фестæм, афтæ мæм уынджы дæллозæй фæзынди Темыр. — Дæлæ та пæм Темыр дæр ссæуы! — цингæнгæ сдзырдтон æз, æмæ Зæринæ цæмæндæр йæ бынатæй фестади. — Кæм? Кæм ис?—афарста чызг, стæй мын мæ худ мæ къухты фæсагъта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ йæ уаты скуыси. Цымæ йыл цы ’рцыди, зæгъгæ, цалынмæ хъуыдытæ кодтон, уæдмæ Зæринæ йæ ног джиппæйфыст къа- байы тагъд-тагъд рауад мæ размæ. Дисхуызæй йæм 42
т;æй кæсын, уый бафиппайгæйæ чызг куыддæр фæ- къæмдзæстыг æмæ уайтагъд мæ фарсмæ фæтъæпæн ис. Уæдмæ нæ цурмæ схæццæ Темыр дæр. Чызг æй цыма лæ уыдта, уыйау иуварс азылд æмæ йæ хæрды куыст кодта. — Мæнæн дæр дзы фæуадзут! — дуары разæй æр- бадзырдта Темыр, æмæ Зæринæ тарстхуызæй фестади. Æз ауыдтон, чызг барæй йæ былтæ балы донæй куыд ацахуырста, уый. — Ма тыхс, дæ фаг дæр ма дзы разындзæн, зулаив Темырмæ бакæсгæйæ фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта Зæринæ, стæй æвиппайды йæ цæстытæ зæхмæ фæца- рæзта. — Дæ фæндырæй та нын куы ацæгъдис... — Æмæ мæ куы нæ ’вдæлы... — Уагæр дын цы куыст ис? — Нæ кæрт... марзт нæма у... — Æмæ уын айдæнау куы ’рттивы, уæд ма йын дæ зæрды цы ис? «Темыры тыххæй ма йæ къаба дæр аивта, афтæ- мæй йын ныр æфсæнттæ кæны»,— мæхинымæр мæс- стыйæ сдзырдтон æз æмæ Зæринæмæ хæрамхуызæй бакастæн. Чызг мын цыма мæ зæрдæйы уагбамбæр- ста, уыйау æнæнхъæлæджы сразы ис лæппуйы фæндо- ныл. — Цæут уал уæдæ бæлæсты бынмæ,— загъта пын уый Темыримæ,— æз дæр уæ ныртæккæ фейпафын... Чысыл фæстæдæр нæм Зæринæ æд фæндыр рацыд цæхæрадонмæ. — Кæцы цагъд уын акæнон?—æфоæрмхуызæй бафарста чызг. — Дæхимæ хуыздæр кæцы кæсы, уый,— дзуапп ын радта Темыр. Зæринæ худæнбылæй хъуыдытыл фæци, фæлæ йæм æз уайтагъд фæцырд дæн. — Хонгæ кафты цагъд-ма нын акæн. - Чызг уæлдап ницыуал загъта, афтæмæй фæндыры 43
тæнтыл æнцадгай фæйнæрдæм ахæцыд. Темыр мьшæг хъæлæсæй базарыд... Уыцы бонты мах æртæйæ дæр арæх цыдыстæм нæ бæлæсты бынмæ. Зæринæ нын-иу радыгай кодта, цы цæгъдтытæ базыдта, уыдон, мах та хъырнгæ. Æз æм- бæрстон, Темыр зарынмæ тыпг дæсиы кæй уыдис, уый, фæлæ мын-иу уæддæр лæппу, æнæ дæу хъыр- нынмæ тынг нæ арæхсын, зæгъгæ, куы дзырдта, уæд- иу мæхицæй ныббуц дæн. Иуизæр та нын Зæринæ цæ- хæрадоны фæндырæй куы цагъта, уæд мæнмæ афтæ фæкасти, цыма чызг æмæ лæппу цæуылдæр сусæгæй дзырдтой, æмæ барæй æваст мæ хъырнынæй фæлæу- уыдтæн. Æз æнхъæл уыдтæн, Темыр дæр йæ хъыр- нын бауромдзæн, зæгъгæ, фæлæ мын уый мæ хиндзи- над хъуыды дæр не ’ркодта. Нæ ракаст мæнырдæм Зæринæ дæр. Уый фыццагау цагъта йæ фæндырæй, æмæ йæм Темыр зæрдæбынæй хъырныдта. «Сусæг ны- хас кæнынц,— ахъуыды кодтон æз, чызг æмæ лæппуйы цæсгæмттæ куыд раив-баив кæнынц, уый фиппайгæ- йæ.— Æнæмæнг цæуылдæр дзурынц...» — Темыр цы фæцис, Темыр? Цæуылнæуал уæм вæййы? — иухатт мæ куыдфæпдыхуызæй бафарста Зæринæ. Мæнæн мæхи дæр тынг фæндыд Темыры фенын, фæлæ мæ Зæринæ ахæм хъæлæсы уагæй кæй бафарста, уый мын фæхъыг, æмæ йын æз дæр мæ къух ауигъ- гæйæ дзуапп радтон: — Æнæ Темырæй дæр нын ницы уыдзæн... Чызг мæм фыццаг дисхуызæй æрбакаст, стæй уæд æвиппайды йæхи фæтар кодта. — Омæ уæддæр цы фæцис? — Хосдзаутимæ, дам, æхсæвæддæйы ацыд.—Мæ дзырдтæм чызгæн æнæнхъæлæджы йæ цæсгом фæ- рухс и. — Мæнæй афтæ та ма рынчын фæцис... 44
Цалдæр боны фæстæ Темырыл куы сæмбæлдтæн, уæдчлн бустæхуызæй загътон: — /Едзух та мæ Зæринæ дæуæй фарста. — Куыд? Куыд дæ фарста? — æрбацымыдис Те- мыр. \ — Кæм, дам, ис? Цæуылнæ, дам, уæм цæуы? — Æцæ^ дæ афтæ фарста, Æхсар?.. Мæнæн мæ зæрды зæгъын уыдис, æз сайгæ никуы фæкæнын, з^æгъгæ, фæлæ мæ уыцы рæстæг Темыр æвиппайды йæ хъæбысы фелвæста. — Мæ чысыл æрдхорд! — рæвдауæг хъæлæсæй сдзырдта уый. Æз дисгæнгæ бакастæн лæппуйы рухс цæсгоммæ, фæлæ йын мæ дзырдтæ афтæ æхсызгон цæмæн фес- ты, уымæн ницы бамбæрстон... Майы бæрæгбоны-иу «Ирыстон» æмæ «Буденный»-ы номыл колхозты фæсивæд хъæуы кæрон хъазæн фæзмæ куы ’рæмбырд сты, уæд мæм-иу уымæй хуыз- дæр ницы касти. Уыцы бон-иу адæймаг цы нæ фед- таид? Хъæбысхæст, дугъ, ерысы кафт... Æмæ ма се ’ппæт хъуыды дæр чи ’ркæндзæн? Ацы ран-иу фыццаг хатт ракафыдысты æрыгон чызджытæ æмæ лæппутæ стыр хъазты... Бæрæгбоны агъоммæ Зæрннæ Æнайы лæгъстæты бын фæкодта, мæ къабайаг мын скæрд, зæгъгæ. — Хуийыпмæ дæм мæхæдæг дæр фæкæсдзыиæн,— дзырдта йæм чызг,— æрмæст мын-иу амон... — Дзæбæх хъуымац дын у, Зæри, æмæ йæм мæ ныфс тынг нæ хæссын. Куы дын æй фехалон? — Нæ мын æй фехалдзынæ, фыццаг хатт, миййаг, куы пæ кæрдыс къабайаг... Зæринæйы æрвхуыз дарп къабайагмæ кæсгæйæ мæн иуæй фæндыд, Æна йын æй куы бахуыдтаид, уый, иннæмæй та, æцæгдæр ын æп куы фехала, уымæй 45
/ тарстæн. Ноджы ма мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, -йæ мады ’фсымæры лæвар ын кæй уыдис, уый, уæд/>ын- тондæр сагъæсты бахаудтæн. / Æппынфæстаг Æна сразы къаба бахуийыцйл. Æз уыцы бон уынгмæ хъазынмæ дæр нал рацыд^æн. Ца- лынмæ Æна къабайагимæ архайдта, уæдмæ дзы æз дæр мæ цæстытæ иуварс нал райстон. Чъегш... Чъепп... Чъепп... Æна лыг кæны хъуымац, æмæ æв мæ улæфт баурæдтон. Мæнæ иузаман къабайаг к(фст фæцис. Ныр ма нæ æрмæстдæр кæрæдзиуыл рæхсын хъæуы, стæй йæ уæд машинæйæ хуийын райдайдзысты... Æз нал хъæцын, къаба фæрæстмæ ис æви нæ, уый базо- нынмæ, фæлæ сæ бафæрсын нæма уæндын. — Æхсар, мидæггаг агъуыстмæ уал куы ауаис,— дзуры мæм Æна.— Зæрп йæ къаба йæ уæлæ фена... Æз зивæггæнгæ мæ бынатæй сыстадтæн. — Æнхъæлдæн æмæ дæ къаба диссаджы рæсугъд рауад,—чысыл фæстæдæр мæм уатмæ байхъуысти Æнайы хъæлæс. — Ды та йын фехалынæй тарстæ! — цингæнгæ ба- фиппайдта Зæринæ, æмæ йæ къæхты хъæр ссыди. Зæринæ мæм пæ пог къабайы дуары разæй куы ’рбазынди, уæд мæнæн фырдисæй мæ дзых хæлиуæй аззади. Хъуымац йæхæдæг дæр тыпг рæсугъд кæй уыдис, ууыл æз фыццаг дæр дызæрдыг нæ кодтон, гъе, фæлæ уæддæр хуыдæй йæ уæлæ афтæ хорз сфи- даудзæн, уый мæ никуы бауырныдтаид. — Стæ-ма, цымæ ме уæнгтыл куыд бады,— загъ- та мын Зæринæ æнæрхъæцæй, æмæ æз иуварс ацыд- тæн. Чызг кæсæны раз иуцасдæр лæууыд джихауæй. Æз афтæ фепхъæлдтон, уый йæ къабамæ цыдæр аипп ссардта, зæгъгæ, æмæ мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Фæлæ уалынмæ йæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдта: — Мæхи нал базыдтон, Æхсар... Къуырийы фæстæ нæ сыхы фæсивæд араст сты хъа- 46
зайн фæзмæ. Зæринæ чызджыты ’хсæн дардта уæлдай бæр^тдæр. Дзæгъæлы нæ дзырдтой устытæ йæ фæдыл дпсгæкгæ: — дкæсут-ма, Пæсæйæн цы чызг рахъомыл, уы- мæ! ч — Ахæм ма дзы рæсугъд уыдзæн! — Дидииæг нæу, дидинæг! — Сæ гуырæй райгæ уæнт ныр нæ усгур лæппу- тæ! ) — Тæхудцаг нæу, ахæм чындз кæй къæсæрæй ба- хиздзæн?! \ Уыцы дзырдтæм Зæринæ бынтондæр ныфсæрмы æмæ иудадзыгх, йæхн чызджыты аууон фæкæныныл архайдта, фæлæ уый йæ къухы не ’фтыд. Мæн тынг фæндыд Темырыл амбæлын. «Цымæ Зæ- ринæйы куы фепа, уæд уый та цы зæгъдзæн?» — рæс- тæгæй-рæстæгмæ-иу мæхи афарстон æз. Хъæугæронмæ ’ввахс кæйдæр хæдзарæй нæ размæ рауад Буци дæр. Зæринæйы ауынгæйæ уый хъазæн- æмхасæнты фæхъæр кодта: — Мæнæ хорз адæм, ма мын æй басусæг кæнут: уый уемæ зæд цæуы æви мæ сыхаг Зæринæ? — Нæ уыи дзырдтон?! — Буцийæн дзуапп раттыпы бæсты йе ’мбæлттæм худгæйæ разылди чызджытæй иу.— Абонæй фæстæмæ Зæрннæ немæ кæм уа, уым ма- хæн лæппуйæ пайда нал ис... Мæнæ уал дзы иу йæ рæсугъддзинады фендæй сæрсæфæны фæаууон... — Ахæм чызджы тыххæй сæрсæфæны нæ, фæлæ ма бархийæ суанг зындоны дæр смидæг уапп...— Зæ- рннæйæ йæ цæстытæ пæ псгæйæ хъæрæй загъта Буци. Æз кæд уыцы дзырдтæн сæ нысаниуæг дзæбæх нæма ’мбæрстон, уæддæр мып хъыг уыдис, Буци Зæринæйы кой кæй кодта, уый, æмæ та пæм-иу мæс- тыхуызæй бакастæп. Уалынмæ ныххæццæ стæм хъазæн фæзмæ. Æз ахъахъхъæдтон мæ алывæрстæм, фæлæ Темыр зынæг 47
никуы уыдие. «Цымæ кæм уа? — дисы бафтыдт^н æз.—Цæуылнæ рацыд ардæм?» Иузаман Зæри/æйы дæр фæйнæрдæм акæс-акæсгæнгæ куы бафшшайд- тон, уæд æй сусæгæй афарстон: / — Нæ дæм зыны? / — Чи? Кæмæй зæгъыс?—чызг мæм /дисхуызæй æрбакаст. / — Темырæй...— саст хъæлæсæй дзуапл радтон æз. Раст уыцы минут фæзыл æвиппайды азæлыд нæ сы- хæгты лæппу Солæйы хъæр: / — Дугъæттæ! Уæртæ нæ дугъæттæ/^ацæуынц! Æз фæкастæн, Солæ кæдæм ацамыд’та, уыцырдæм, æмæ æнæнхъæлæджы барджыты астæу Темыры ауыд- тон. Æз æм мæ къух бæргæ фæтылдтон, фæлæ, æвæц- цæгæн, уыйбæрц адæмы ’хсæн æнцон бафиппайæн нæ уыдтæн: Темыр мæ хъуыды дæр не ’ркодта. Фалæты мыи куы аивгъуийа, уымæй тæрсгæйæ æз Темырмæ мæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодтон. Ацы хатт уый ма- хырдæм фæзылд. Æз та йæм ногæй мæ къух фæтылд- тон. Лæппу фæхицæн ис йе ’мбæлттæй æмæ уайтагъд йæ бæх нæ цуры фæурæдта. — Æхсар! — цинхуызæй сдзырдта Темыр Зæринæ- мæ кæсгæйæ.— Цæй хорз у, ам кæй дæ, уый! «Дзургæ мæнмæ кæны, кæсгæ —Зæринæмæ,—æвип- пайды аленк кодта мæнæн мæ сæры.— Æниу кæд дзургæ дæр уымæ кæны, уæддæр æй чи зоны?» Мæнæ ма чызг æмæ лæппу иу хатт кæрæдзимæ мидбылты бахудтысты, стæй уæд Темыр йæ зæнгтæй бæхы фæрстæ фесхуыста æмæ размæ фатау атахт. Чысыл фæстæдæр дугъæттæ нæ акомкоммæ фæзы рæнхъæй æрлæууыдысты. Мæпæ сæ размæ рацыдис нæ хъæусоветы сæрдар Елмæрз, цыдæртæ сын адзырд- та, стæй уæд æваст йæ къух хæрдмæ фæкодта. Уый- адыл бæхтæ сæ бынæттæй фестъæлфыдысты. Фæзыл айхъуыстис адæмы уынæр: 48
*— «Ирыстон»-ы колхозы дугъæттæ фæразæй уы- дзысты. — ’Нæ, «Буденный»-ы колхозы уонтæ! — ^едæ ма-иу фæкæсут! — Фаё^æсдзыстæм! — ÆргЬест-иу кæугæ ма скæнут, ирыстойнæгтæ куы фæразæй уой, уæд. Уымæй цын тас нæу! Уæдмæ «Мрыстон»-ы номыл колхозы дугъæттæ æцæгдæр разæй кæнын байдыдтой, æмæ «Буденный»-ы колхозы дугъæтты фарс чи дзырдта, уыдон фæса- быр сты. у — Уæ цæссыгтæ асæрфут, нæ хæлæрттæ, кæннод уæ дугъæттæ фæстейы куы ’рбацæйсæпп-сæпп кæной, уæд сæ куынæуал фенат! — мæстæн сæ мардтой ирыс- тойпæгтæ. Дугъæттæ фæзыл дыккаг зылд æркодтоп. Кæд Те- мыр раззæгтимæ нæ тахти, уæддæр мæнæн тынг æх- сызгон уыдис, нæ колхозы барджыты æмæ «Буден- иып»-ы номыл колхозы дугъæтты ’хсæп быдыр бæл- вырд кæй фестырдæр ис, уый, æмæ æз дæр Солæпау æнæрынцойæ мæ дзыхыдзаг хъæр кодтон: —■ Ирыстойпæгтæ фæразæй сты! Ирыстойнæгтæ фæразæй сты! Фæлæ мæнæ царциаты диссæгтæ! — «Будеппып»-ы номыл колхозы дугъæттæ, цыма уæды онг ирыс- тойнæгты фæстæ барæй тахтысты, уыйау пыр æыæн- хъæлæджы сæхи размæ аппæрстой. — Фæсайдтой сæ! — Хинæй сыл рацыдысты! — райхъуыстысты ма- хонты мæсты хъæлæстæ. — А-а-а, кæй уын сæ баййæфтой, уый уын хъыг у? — буденныйæгтæ æмхуызонæй ныххудтысты.—Ныр та, нæ хæлæрттæ, сымах асæрфут уæ цæссыгтæ! Мах бæргæ иыссабыр стæм, фæлæ иæ будеины- пæгтæ иуран нал уагътой: 4 Цы фæдæ, Зæринæ? 49
— Кæсут, уæ барджытæ иугай фæстейы куыд/за- йынц, уымæ? / — Хæфсыты тахт ма кæнынц! / — Ха-ха-ха! / — Хи-хи-хи! / — Къухмæрзæнтæ уын авæрæм? Кæннбд уæ дыс- тæй уæ цæссыгтæ куыд сæрфдзыстут? ( Мæн, æцæгдæр, скæуынмæ бирæ нал х^уыдис æмæ, нæ дугъæтты куыд нæ уынон, афтæ \/æхи иуварс азылдтон, фæлæ мын уалынмæ Солæ Жырцннæй йæ тымбылкъухæй мæ фæсонтыл ралæууыд. — Кæс-ма, Æхсар! Кæс-ма, Темыр се ’ппæты ра- зæй куыд кæны, уымæ! — йæ дзыхыдзаг та ныхъхъæр ласта уый. Куыддæр Темырмæ фæкомкоммæ дæн, афтæ æз дæр мæ тых-мæ бонæй нымдзæгъд кодтон, фæлæ адæ- мы уынæрæй мæ къухты тъæпп-тъæпп мæхимæ дæр нæ фехъуыст. Уыцы рæстæг мын чидæр æвиппайды мæ цонг фелхъывта. Æз æм цъилау фæзылдтæн æмæ æваст джихауæй аззадтæн. Зæринæ йæ туфлийы фындзтыл слæугæйæ мæ сæрты цинхуызæй касти Те- мырмæ. Æвæццæгæн, фырцымыдисæй чызг нæ бам- бæрста, мæ цонг мын куыд нылхъывта, уый. — Фæразæй! — Темыр фæразæй! — Ура-а-!—ции кодтой ирыстойнæгтæ. Дугъæттæ сæ бæхтæй куы ’рхызтысты, уæд мах Солæимæ сæ размæ базгъордтам. — Уый лæппу у, лæппу! — Молодец, Темыр! — алырдыгæй хъуысти æппæ- лæн ныхæстæ, æмæ Темыр бынтондæр ныфсæрмы. Æз ын фæстейæ йæ къухмæ февнæлдтон. Лæппу мæм ракаст йе уæхсчы сæрты, бахудти, стæй мæм йæ цæст æрныкъуылдта... Адæм суанг æнафонтæм хъазæн фæзæй нæ рахæ- лпу сты. Дугъ куы ахпцæн, уæд фæсивæд бавнæлдтой 50
кафцпмæ. Мæнæй никуы ферох уыдзæн, Зæринæ фыц- цаг хатт стыр хъазты фæндырæй куыд цагъта, уый. Лдæм Цн йæ фæллад суадзын дæр нал уагътой. Фæ- лх чызгæп йæ рæсугъд цъæх цæстытæ цпнæй куыд азрттывтой;ч уымæй бæрæг уыдис, йæхимæ дæр цæгъ- дып хорз кæй касти, уый. Мæн тьп-^г фæндыд Темыр æмæ Зæрннæйы иумæ хафгæпæ фецын, фæлæ чызгæн фыццагау иу минут дæр йæ къухтæй фæндыр нæ хицæн кодта. Æвæццæ- гæи, Темыр йа^хæдæг дæр бæллыди Зæринæимæ ака- фыпмæ, æидæра йæм иудадзыг афтæ æдзынæг нæ кас- тапд. Æрмæстдæр фæспвæд сæ кафын симынмæ куы раивтой, уæд бацис Зæринæйæн йæ бон фæндыр æн- дæр чызгмæ раттын. Æз ныр ауыдтон, лæппутæ цалдæрæй сæхи хъазты чегъремæ хæстæгдæр куыд байстой, уый. Уæртæ йын Буци къухæй Зæринæмæ ацамыдта, ома мæ уыимæ расимын кæн, зæгъгæ. Мæ- пæн фырмæстæй мæ цæсгом артау ссыгъди æмæ æнæ- бары чызджырдæм акъахдзæф кодтон. Фæлæ уыцы рæстæг чегъре æнæнхъæлæджы Темыры йæ цонгæй Зæринæйы размæ бадавта. Чызг æмæ лæппу иумæ куы расимдтой, уæд сыл адæм сæ цæстытæ æрæвæрдтой. — Ахæм ма дзы рæсугъд къай уыдзæн!—днсхуы- зæй сдзырдта лæппутæй чпдæр. — Сæ къаханст дæр иумæ цы дзæбæх фидауы!— загъта йын иннæ. — Мæ фыдыстæн, адон сæ кæрæдзийæн рапгуыр- дысты! — йæхн нал баурæдта æртыккаг. Æз бафиппайдтон, уыцы дзырдтæм Буцийы цæсты- тæ куыд ферттывтой, уый, æмæ цæмæдæр гæсгæ мæ зæрдæ барыстп... Хæст райдыдта, зæгъгæ, фыццаг хатт кæмæй фе- хъуыстон,— нæ зонын, æрмæст ма мæ зæрдыл хорз 51
лæууы, сыхбæстæ тынг кæй æрæыкъард сты, уый/Æз уымæй размæ сывæллæттимæ сахуыр дæн ^естæй хъазыныл, уымæ гæсгæ, кæд фæндзæм къласмзз’бахыз- тæн, уæддæр, æцæг хæст цы у, уымæн дзæбæх ницы- ма ’мбæрстон. Æвæццæгæн, уый тыххæй загътон уыцы бон мæ мадæн: — Ехх, Æна, ныр хæст дæхи цæстæй ,фен! — Æдылы, адæм хæстæй куы тæрсынц, уæд ды та йæ фенынмæ бæллыс?— бауайдзæф мьш кодта уый. — Æмæ дзы уагæры тæссагæй та вдт ис? — Мæнæ куы фæхъомылдæр уай, уæд æй бам- бардзынæ... Уыцы рæстæг, нæ сыхы нæлгоймагæй хæстхъом чи уыдис, уыдонæй кæмæ нæ бадзырдтой, ахæм бирæ нал баззад. — Сымахæн дæр æй кæнынц? — Кæнынц... — Кæд? — Райсом... — Махоны та иннæбон... — Куыд уыдзыстæм? Цы кæндзыстæм æнæ лæг- тæй нæ сабитæн? — дзырдтой устытæ сагъæсхуызæй кæрæдзийæн, æмæ куыдфæстæмæ се ’нкъарддзинад мæнмæ дæр хъарын байдыдта. Иупзæр мын Æна, Тсмырмæ дæр бадзырдтой, зæгъгæ, куы загъта, уæд æй дисгæнгæйæ афар- стоп: — Ау, æмæ Темырæн дæр хæстмæ акæныны афоп У? — Æвæццæгæн, у, æпдæра йæм куыд бадзырд- таиккой? Мæн уæддæр хабар тынг нæ бауырныдта æмæ ма дзы Зæрннæйы афæрсон, зæгъгæ, уыдонмæ нызгъорд- тон. Чызг мæ куыддæр ауыдта, афтæ æнæнхъæлæджы кæугæйæ йæхи сынтæгыл баппæрста. Æз Зæринæйы ахæм уавæры никуы федтоп æмæ ма йып фыртыхстæй 5 2
ды акодтаин, уымæн иицыуал зыдтоп. Æрмæст ма йæ æнæрынцойæ фарстон: — Цæмæн кæуыс, Зæри? Цы дыл æрцыд? Фæлæ мын уый иуцасдæр дзуапп нæ лæвæрдта. — Ме ’мхæрæфырты мын хæстмæ кæнынц...—æп- нынфæстаг, йæ цæссыгтæ асæрфгæйæ, сабыргай сдзырдта Зæринæ. — Темырмæ дæр, дам, фæсидтысты...— загътон æз дæр æнкъардæй. — Зонын æй, Æхсар, зонын...— Зæринæйæн йæ хъæлæс барызти æмæ та ногæй скуыдта. Уыцы минут æз бамбæрстон, чызг Темыры тых- хæй кæй кæуы, уый, æмæ мæхи зæрдæ дæр æрбауын- гæг... Дыккаг бон райсомæй раджы нæ кæртмæ фæн- даггонарæзтæй æрбауадис Темыр. Лæппу мæ разы иу- цасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй мæ уæд сусæг- хъæлæсæй бафарста: — Æхсар, цымæ Зæринæ кæм нс? — Сæхимæ... — Истыхуызы йæ бæлæсты бынмæ куы ракæнис... — Ныртæккæ дæр... — Фæлæуу...— Темыр мæ тарстхуызæй мæ цон- гæй рацахста. — Кæдæм тæхыс? — Бæлæсты бынмæ йæ ракæн, зæгъгæ, мын нæ загътай? — дисгæнгæ йæ бафарстон æз. — Æмæ йæм фæдисоны тахт акæп, зæгъгæ, дын загътон? Æз барæй мæхи тæргайхуызæй иуварс азылдтон. — Цу, цу,— худгæйæ мын ме уæхск æркъуырдта Темыр.—Æрмæст, Пæсæ куыд ницы бамбара, афтæ... Чысыл фæстæдæр мах Зæринæимæ æрлæууыдыс- тæм Темыры раз. Æз зыдтон: фæстаг рæстæг-иу чызг лæппуйыл сæмбæлгæйæ æнæмæнг ныфсæрмы. Фæлæ йæ уæддæр ныр йæ цæстытæ амбæхсгæйæ куы ба- фиппайдтоп, уæд æм дисгæнгæйæ бакастæи. «Кæд сæ, 53
миййаг, æз хъыгдарын?» — аленк кодта мæ сæры, æмæ сæ рахъавыдтæн иунæгæй ныууадзынмæ, фæлæ уыцы рæстæг мæ хъустыл ауад Зæринæйы лæмæгь хъæлæс: — Æхсар... Худинаг у... Æз кæд, Зæринæ «худинаг у», зæгъгæ, цæмæй загъта, уымæн æмбаргæ дæр ницы бакодтон, уæддæр æнæбары бал бæласы бып лæугæйæ баззадтæн. Исдуг мах æртæйæ дæр ныссабыр стæм. — Ппсмо дæм-иу ныффыссон? — æппынфæстаг нæ- уæндонхуызæй бафарста Темыр. — Табуафси...— зыр-зыраг хъæлæсæй йын дзуапп радта чызг. «Цыма цы дзура, уый нæ зоны...» — æнæразыйæ ахъуыды кодтон æз, лæппу та ногæй куы ныхъхъус пс, уæд. — Æвæццæгæн мæ майы бæрæгбон никуыуал фе- рох уыдзæн! — иузаман та зæрдæбынæй загъта Те- мыр. — Мæпæй дæр...— сабыргай сдзырдта Зæринæ æмæ фыццаг хатт Темырмæ скасти. Æз мæхи аивæй сæ разæй æддæдæр айстон. Иу- цасдæр мæм лæппу æмæ чызгæн сæ ныхас нал хъуыс- ти. — Фæбаддзынæ мæм?—æрæджиау мæм дымгæ æр- баскъæфта Темыры бæзджын хъæлæс, æмæ æнæбары фæстæрдæм фæзылдтæн. Æз федтон, чызг лæппуйы цур сæргуыбырæй куыд лæууыдис, уый. Темыр ма йын дзырдта ноджы цыдæр- тæ, фæлæ йæ ныхæстæй мæнмæ ницыуал хъуыстис. Мæнæ уалынмæ Зæринæ скасти лæппуйы цæсгоммæ æмæ йын цыдæр загъта, стæй уæд, йæ къухæй йæ дзых амбæрзгæйæ сæхирдæм лидзæг фæци. Чызг мæ размæ куы ’рбахæццæ, уæд æй хъавыдтæн фæуромынмæ, фæлæ уыцы минут бамбæрстон, йæ худгæ цæстытæ 54
мæн кæй нæ уынынц, уый, æмæ йæм дзурын нал сфæ- рæзтон. — Цæй диссаджы сыхаг дын ис, Æхсар! — чысыл фæстæдæр мæ цуры æрлæугæйæ цинхуызæй загъта Темыр. Стæй ма уæд йæ дзырдтæм бафтыдта: — Макæмæн æй радтай, мæ чысыл æрдхорд!—Те- мыр мæм мидбылты худгæйæ йæ къух батылдта. — Хæстмæ та кæд цæуыс? — лæппуйы хъазæнны- хасæн дзуапп раттыны бæсты хынцфарст акодтон æз. — Ныртæккæ, мæ чысыл æрдхорд, ныртæккæ... — Мæн дæр ма Беслæныхъæуы онг демæ ауадз. — Табуафси,— æнæнхъæлæджы сразы Темыр.— Æрмæст-иу фæстæмæ Госкаимæ раздæх. Сахаты фæстæ хъæуы астæу æрлæууыдысты кол- хозы бричкæтæ. Мах Темыр æмæ Госкаимæ сбадты- стæм иуран. — Кæуынвæнд ма скæнай! — Госкайы йæ цæс- тытæ асæрфгæйæ куы бафиппайдта, уæд тызмæгхуы- зæй загъта Темыр. — Цытæ дзурыс, мæ къона? — йæхи фæхъæлдзæг кодта ус.— Искуыдæр ма бæлццоны фæдыл кæугæ вæййы? Лæппу иу къухæй йæ мады хъавгæ æрбахъæбыс кодта. Уалынмæ бричкæтæ сæ бынæттæй фенкъуысты- сты. Мæн уæды онг нæ бауырныдтаид, нæ хъæуы афтæ бпрæ нæлгоймæгтæ разындзæн, уый. Æз сын цыма сæ фылдæры фыццаг хатт уыдтон, уыйау иудадзыг мæ алывæрстæм ракæс-бакæс кодтон. «Ахæм бирæ адæм цы зпаг фена, уый фыртæссæй лидзæг куыд нæ фæуа!» — мæхинымæр сдзырдтон æз, дзаг бричкæтыл сæрыстырæй мæ цæст ахæсгæйæ. Цæмæп зыдтон уыцы сахат, уыдонæн се ’мбис дæр сæ хæдзæрттыл кæй нæуал сæмбæлдзæн, уый? Хъæуæй рахызтыстæм, уæддæр ма нæ сыхы сывæл- лæттæ хъæргæнгæ згъордтой нæ фæдыл: — Баба, мæн дæр демæ акæи! 55
— Солтан, топп-ма мын-иу схæсс! — Нана, ды та кæдæм цæуыс? Куыдфæстæмæ сывæллæтты уынæр хъуысти къад- дæрæй-къаддæр, стæй нæм уæд сæхæдæг дæр къуы- быртæй нал зындысты. Ныр, бæлццæтты фæндарасг кæнынмæ цы сылгоймæгтæ рацыдысты, уыдон раздæ- рау сæ цæссыгтæ нал æмбæхстой. Æрсабыр сты нæл- гоймæгтæ дæр, æрмæст ма хъуыстис цæлхыты къуыр- къуыр æмæ бæхты хуыррыттытæ. Адæм кæй æрæнкъард сты, уый бафиппайгæйæ Те- мыр æвиппайды йæ дзыхыдзаг ныззарыд. Нæлгоймæг- тæ йæм æмхуызонæй бахъырныдтой, æмæ цæуджытæн сегасæн дæр сæ цæсгæмттæ фæрухс сты... Беслæныхъæуы станцæмæ куы схæццæ стæм, уæд ноезды ацæуынмæ бирæ пал баззад. Музыкантты цагъд, паровозы тыхулæфт, адæмы дзолгъо-молгъо сиу сты, æмæ сæ уайтагъд акъуырма дæн. Исдуг мæм Темыры ныхас дæр нал хъуысыд. Мах æрлæууыды- стæм фыццаг вагоны раз... Мæ алыварс — иууыл цæс- гæмттæ, цæсгæмттæ, цæсгæмттæ: æрыгæттæ, зæрæдтæ, рæсугъд^æ, фыдуындтæ., Цæсгæмттæп сæ иутæ—) хъæлдзæг, иннæтæ — æнкъард. Фæлæ зын раиртасæн пæу, хъæлдзæг чи у, уыдон дæр сæхи барæй афтæ кæй дарынц, уый. — Ваня, дæхи-иу суазалæй бахъахъхъæн,— дзуры мæ фарсмæ мæллæггомау уырыссаг ус йæ лæппуйæн лæгъстæхуызæй.— Æхсæв мын дæ хъæццул пъолмæ раппараг дæ... Ваня — йæ мады хуызæн къæсхуыртæарæзт, асæй дæр уыйау ныллæг. Мæн цæмæндæр нæ уырны, лæппу мæнæй бирæ хистæр уыдзæп, уый. «Кæд, цæмæп йæ хæстмæ акæпой, уый тыххæй йæ азтыл бафтыдта?»— хъуыды кæнын æз лæппуйы лыстæг къубалмæ кæс- гæйæ. — Ванечка, дæ хæрипагæй та-иу уæлдай ма 56
\-адз,— ногæй та дзуры мад йæ лæппуйæн.— Бынтон- дæр мын сфыдхуыз уыдзынæ... Ванямæ, æвæццæгæн, худинаг каст, йæ мад ыл сывæллонау кæй тыхсти, уый, æмæ та-иу æфсæрмхуы- зæй йæ алывæрстыл йæ цæст ахаста. — Ваня, мæ гыццыл лæппу! — мадæн йæ зæрды уыдис йæ фырты ахъæбыс кæнын, фæлæ дзы уый æвип. пайды йæхи атыдта, стæй йæм уæд æфхæрæгау сдзырдта: — Мама! — Бахатыр кæн, Ванечка...—мад йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыгтæ асæрфта.— Фыртыхстæй цы кæ- нын, уый дæр нал æмбарын... Ацы ран лæппуйæн, æвæццæгæн, йæ зæрдæ фæ- фæлмæн æмæ æнæнхъæлæджы’ йæ мады русæн аба кодта. Уыцы рæстæг перроныл айхъуысти кæйдæр бар- дзырд. Темыр раздæр йæ хъæбысы фелвæста Госка- йы, йæ риумæ йæ нылхъывта, стæй йæ уæд хъавгæ зæхмæ æруагъта. Уыйфæстæ иу къухæй мæнæн дæр ахъæбыс кодта. — Мæ фæдзæхст дæ ма ферох уæд,— хъазæгау мып загъта Темыр æмæ тагъд къахдзæфтæй поезды- рдæм фæраст. Мæнæ ма нæм лæппу иу хатт фæстæмæ ракасти, худгæйæ нæм йæ къух фæтылдта, стæй вагоны фæми- дæг. Уæртæ дуарыл фæхизы, нæ разы йæ мадимæ цы уырыссаг лæппу лæууыдис, уый дæр. — Ванечка-а-а! — дардыл азæлди сылгоймаджы хъæр, æмæ лæппу тарстхуызæй фæстæрдæм фæзылд. Ваия фыццаг йе ’рфгуытæ мæстыйæ кæрæдзимæ æрбанцъылдта, фæлæ йæ мады кæугæйæ куы ауыдта, уæд æм куыддæр аххосджынхуызæй бахудти, стæй уый дæр Темырау дуары мидæгæй фæаууон ис. — Ваня... Ванечка...—кæугæйæ дзырдта ус, йæ мæллæг цæнгтæ вагонырдæм ивазгæйæ. 57
Поезд йæ бынатæй куы фенкъуысти, уæд Госка дæр йæ кæуын нал б^урæдта... * * * Нæ сых, цыма фынæй баци, уыйау ныссабыр и« Никæцæйуал хъуысы лæппуты зарын, чызджыты хъæрæй худт. Зæринæ дæр бæлвырд фенкъарддæр, фæ- лæ уæддæр адæмы ’хсæн архайы йæхи хъæлдзæгхуы- зæй æвдисыныл. — Æхсар, писмо дзы нæма райстат? — куыддæр быдырæй сыздæхы, афтæ мæ æнæрхъæцæй афæрсы, уый. — Нæма,— цæмæндæр мæхи аххосджыныл нымай- гæйæ дзуапп раттын æз. Чызг мæ цуры иуцасдæр алæууы æнкъардæй, стæй мын уæд æфсæрмхуызæй фæзæгъы: — Кæд дзы, миййаг, сæхимæ уыдис писмо. Ныу- уай та-ма сæм..". Æз Госкамæ æнæзивæг бæргæ нызгъорын, фæлæ та уайтагъд фæстæмæ æнкъардæй фездæхын. Зæринæ мын куыддæр мæ цæсгоммæ æрбакæсы, афтæ хъуыд- даг йæхæдæг бамбары æмæ мæ фæрсгæ дæр ницæмæй- уал бакæны... — Абон та, дам, Буци уынджы фæсур ис,— иу- нзæр фехъусын кодтон æз Зæринæйæн. — Æвæццæгæн та йæхицæн хæстмæ акæнынæй фæтарсти,— мæстыйæ бафиппайдта уый. — Ехх, ныр цьькæрдæджы мыггагæй ахæры, уый базон! — Зæринæйау мæстыйæ сдзырдтон æз дæр. — Æмæ дзы уæд цы кæныс? — Ныттоиин сæ, йæ бон фæсур уæвыи куыд нæуал бауа, афтæ... Уадз æмæ уый дæр хæстмæ акæной! — Нæ, Æхсар,— чызг æнцадгай йæ сæр бан- къуыста,— ахæм лæг хæсты дæр бирæ пайда нæ рат- дзæн... Æз æмбарын, Зæринæ раст кæй зæгъы, уый, фæлæ 5*
уæддæр Буци адæмæй хъауджыдæр сæхимæ кæй бады„ ууыл разы нæ дæн. Ноджы ма куы фехъусын, не ’фсæдтæ та карз хæсты фæстæ ног горæт ныууагътой, зæгъгæ, уæд фырмæстæй мæ дæндæгты къæс-къæс ссæуы. Горæттæ... Горæттæ... Æз хæсты размæ зонгæ дæр пæ кодтон, нæ бæстæйы ахæм бирæ горæттæ кæй ис, уый. Æмæ сæ ныр знаг пырхгæнгæ цæуы. Мæнæн се ’ппæты нæмттæ мæ зæрдыл дæр нæ лæууынц. «Кæд бауромдзыстæм знаджы, кæд?» — фæрсынц адæм сæ кæрæдзийы, фæлæ уыцы фарстæн дзуапп раттын ни- чи фæразы. Мæн нæ уырны, немыц махмæ дæр схæццæ уыдзыс- ты, уый, æдзух Æнайæн зæрдæтæ æвæрын: «Фæкæс- ма-иу, Æна, цымæ сыл нæ фæуæлахиз уаиккам... Æнæмæнг сыл фæуæлахиз уыдзыстæм!» Фæлæ нæ хъæуы дæр, немыц цы горæттæ байстой, уырдыгæй ралидзæг адæм куы фæзынди, уæд мæнæн дæр мæ ныфс асаст. Ныр-иу мæ цæстытыл арæхæй- арæхдæр уадысты æнкъард нывтæ... Мæнæ мах дæр нæ хæдзæрттæ ныууагътам æмæ лидзæм... Лидзæм, нæ сæр-нæ фат нал зонгæйæ... Раст уыцы рæстæг æнæнхълæджы Темырæй райс- там писмо. Æз Зæринæйы уæды хуызæн хъæлдзæгæй никуыуал федтон. Фырцинæй ма суанг йæ цæссыг дæр æркалди. Темыр нын хъусын кодта, Харьковы раз кæй фæцæф, фæлæ ныртæккæ дзæбæх кæй у æмæ та хæст- мæ кæй цæуы, уый. Темыры писмойы райстыл бирæ рæстæг нæма ра- цыд, афтæ нæм Елхотырдыгæй хъуысын байдыдтой сармадзаны гæрæхтæ. Хъæубæстæ æгасæй дæр баз- мæлыдысты. Нæ сыхмæ фæзынди хъæдмæ алидзыны хъуыды. Фæлæ Зæринæйы мад Пæсæйæн йæ бон хуыссæнæй сыстыи куы нæ баци, уæд не ’ппæт дæр хъæуы баззадыстæм. Æвæццæгæн, нæ сыхæй никæйы уырныдта, хæст 59
нæм схæццæ уыдзæн, уый, æндæра дзы йæхицæн ра- гацау акъопп та куыд ничи скъахта? Æрмæст нæ хъæуыл бомбæтæ хауын куы байдыдтой, уæд адæм удистæй æддæмæ ракалдысты: чи сæ белимæ згъорд-' та, чи хъæдæрмæгимæ. Алырдыгæй хъуысти тарст хъæртæ. Сахатæй фылдæр иæ рацыдаид, афтæ Зæри- пæты цæхæрадоны ацæттæ нæ сыхы иумæйаг акъопп. Устытæ йæм фыццагдæр ныргъæвтой сывæллæтты, стæй та — Пæсæйы. — Æгасæй мæ ингæпы цæмæн æвæрут? — хъарæг- гæнæгау фарста уый.— Уæлæуыл уал мæ амæлын цæ- уылнæ бауадзут? — Цытæ дзурыс, Пæсæ? — йæ хъуыры абадтис Æна. — Мæнæ гæрæхтæ куынæуал цæуа, уæд дæ фæс- тæмæ сисдзыстæм... — Мæ зæнгтæ хаугæ уæд та куы акæпиккой,— фыццагау кæуынхъæлæсæй дзырдта Пæсæ,—кæд сыи уæд сæ рыст нал æмбарпн... Исдуг устытæ Пæсæйы цурæй иуварс нал цыдысты, фæлæ йæ басабыр кæнын нæ фæрæзтой. Æз-иу уымæй размæ хъуыстоы, Пæсæйæн йæ зæнгты цæхх пс, зæгъ- гæ, æрмæст уый цавæр низ у, уымæн ницы ’мбæрстон. Уымæ гæсгæ-иу усмæ æрбамæсты дæп, ахæм тыхст сахат адæмы йæхимæ кæй æрыхъусын кодта, уый тых- хæн. Мæнæ иузаман Пæсæ чысыл фенцад йæ хъæрзтæй, æмæ сылгоймæгтæ сæ хæдзæрттæм фæраст сты. Нæ зонын, устытæ раздæр ныхас бакодтой æви сын афтæ æнæбары рауадис, уый, æрмæст иуцасдæры фæстæ уыдон акъоппы цурмæ хæссыы байдыдтой ссады гол- джытæ, агтæ, сасиртæ, тæбæгътæ... Фæссихор нæм уынгæй æрбайхъуысти танкæты гы- бар-гыбур. — Нæхионтæ сты! — цингæнгæ сдзырдтам мах Со- лæимæ æмдзыхæй æмæ хъавыдыстæм сæ размæ раз- 60
гъорынмæ, фæлæ ныл уыцы рæстæг йæ мад Фаска мæстыхуызæй фæхъæр кодта: — Кæдæм?! Ныртæккæ акъопмæ куыд пыххизат, афтæ! «Иу хатт дæу дæр сабыр дзургæйæ фен!» — ахъуы- ды кодтон æз Фаскамæ мæстыйæ бакæсгæйæ, фæлæ пып хъæрæй зæгъын ницы бауæндыдтæн. Солæ уайтагъд акъоппы фæныгъуылд. Æз барæй Д1æхп уæлейы белимæ архайæг скодтон, мæ цæсты- зулæй та танкæтæ хъахъхъæдтон. Уæртæ дзы иутæ бæлæсты бынмæ базылдысты, иннæтæ уынджы дæлæ- мæ фæбырынц. Уыцы рæстæг ныгуылæнырдыгæй ар- выл фæзындысты пемыцаг хæдтæхджытæ. Æвæццæ- гæп, уыдон бафиппайдтой танкæты æмæ сæ сæрмæ зи- лыи байдыдтой. Бынæй сыл ралæууыдысты нæ сарма- дзантæ. — Æхсар, уым цы ми кæныс?! — акъоппæй мæм фæзыид Æнайы тарст цæсгом.— Ардæм ралидз! Æз æм куыд фæцæйзгъордтон, афтæ æвиппайды ыæ хъустыл ауадис цавæрдæр æхситт æмæ æнæбары мæхн нартхоры хъæдтыл дæлгоммæ æрæппæрстон. Уалынмæ мæ алыварс бæстæ ныццарыдта бомбæйы хъæрæй. Мæ быны зæхх куыд тынг ныррызт, уымæй æз бамбæрстон, бомбæ кæмдæр хæстæг кæй æрхауд, уый, æмæ иуцасдæр рæстæг мæ сæр уæлæмæ сисын нал уæндыдтæн. — Мæ хæдзар куыд фехæлд!—Æна мыл кæугæйæ æрдæлгом.— Æхсар! — Ма тæрс, Æна, нпцы мын уыдис... Æз æнцадгай зæххæй сыстадтæн æмæ мæ рыгтæ цæгъдынмæ бавнæлдтон, фæлæ мын æваст Зæринæ мас цонгмæ фæлæбурдта. — Лндзæм тагъд! — чызг мæ йæ фæдыл акъоппы- Рдæм аскъæфта. — Æз дæуæй куы уаин, уæд ын йæ хъустæ йæ къухты авæрин,— бынмæ куы ныххызтыстæм, уæд мыл 61
Æнайы ардауынмæ фæци Фаска.— Исчи дæр ма й мады афтæ тæрсын кæны?.. Фаска ма хъавыдис ноджыдæр цыдæр зæгъынм фæлæ уыцы рæстæг йæ кæстæр лæппу Бæппи кæуыц хъæлæсæй сдзырдта: — Нани, пыц мæм цæуы... — Фæуром æй, мæ къона! — Нани, пыц... — Фæйнæрдæм куы атонай, уæддæр ныртæккæ уæлæмæ не схиздзынæн! — сбустæ кодта Фаска.—Тæк- кæ тыхст сахатмæ йæ æртардта! — Æри-ма йæ мæнмæ,— æддæрдыгæй æрбайхъуыс* ти Зæринæйы хъæлæс-—Æз æй ахæсдзынæн... Устытæ уайтагъд лæппуйы адæмы сæрты чызгмæ ралæвæрдтой, æмæ уый йемæ акъоппæй схызти. Рацыди цалдæр минуты, фæлæ Зæринæ никæцæй зынди. — Цæй æрæгмæ здæхы? — катайы бафтыд Пæ- сæ.— Кæд мын ыл исты фыдбылыз сæмбæлд? Æз акъоппæй скæсынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ сæрмæ фæзынди Зæринæ. — Фыртарстæй, æвæццæгæн, йæ гуыбын срыст,— загъта уый, Бæппийы устытæм æрдæтгæйæ... Куыдфæстæмæ уæлейы бæстæ ныссабыр. Мах æнæ- уыпæрæй бадтыстæм талынг акъоппы, æрмæст-иу хат- гай райхъуыст Пæсæйы хъæрзын. — Гæрæхтæ куынæуал цæуы, — иузаман загътон æз Æнайæн.— Æддæмæ-ма мæ ауадз... — Ничи йæм кæсы? — мæ ныхас мын æрдæгыл фескъуыдта Фаска.— Ноджыдæр ма йæ æддæмæ фæн- ды! Бад дæ бынаты, кæннод дæм ныртæккæ фæхи- зын! Æз зыдтон, Фаска дуары размæ рацæуын кæй нæ бауæнддзæн, уый æмæ йын йе ’ртхъирæн ницæмæ æр- дардтон. — Уæд та иучысыл акъоппæй мæ сæр сдарон,—’. 62
/Енайы хъусы сусæгæй бадзырдтон æз.— Улæфт мæм пал ис... — Цу, æрмæст куыддæр хæдтæхæджы уынæр фе- хъусай, афтæ-иу фæстæмæ æрхиз... Акъоппæй мæ сæр куы сдардтон, уæд фыццаджы- дæр мæ цæст ацахста Дæхцийы. Лæгæн йе уæхскыл цыдæр фæйнæг, афтæмæй цæхæрадæтты гуыбыр-гуы- быр фæцæйцыд сæхпрдæм. «Æвæццæгæн сæ фермæйæ радавта»,—сдзырдтон æз мæхинымæр, Дæхци фæстæ- мæ куыд фæкæс-фæкæс кæны, уый бафиппайгæйæ. Мæхи ногæй акъоппы куы ’руагътон, уæд мын, æцæгдæр, улæфт нал фаг кодта. — Уæлейы сыбыртт дæр куынæуал цæуы, уæд ма талынджы цы бадæм? — бустæхуызæй бафарстон æз, фæлæ мын мæ дзырдтæ ничи ницæмæ ’рдард- та. Иузаман сывæллæттæ дæр мæнау æнуды бадынæй сфæлмæцыдысты æмæ радыгай кæуын байдыдтой. Ма- дæлтæ сæ архайдтой басабыр кæныныл... Мæн хуыс- сæг йæ быны скодта, фæлæ мæхи кæм æруагътаин, уый мын нæ уыд. «Цымæ ма искуы æдасæй нæ кæрты дуарæй акæсдзынæн?»—фæстагмæ ма ахъуыды код- тон æз, стæй уæд бадгæйæ афынæй дæн... Æнафоны хæрдмæ фæхаудтон сармадзанты гыбар- гыбурæй. — Нани, пыц мæм цæуы! — гæрæхтæ куы сарæх сты, уæд та йæ мады иуран нал уагъта Бæппи, фæлæ йæ уый фыртарстæй хъуыды дæр нал кодта. Уалынмæ хъæдырдыгæй æхситгæнгæ æрбатахти сармадзаны нæмыг æмæ акъоппы фарсмæ фехæлди. Уæлейы ныл сыджыты къуыбæрттæ куы ’ркалдысты, уæд Фаска æвиппайды йæ дзыхыдзаг ныцъцъæхахст кодта: — Мæ бындур куыд ныззылд! Æнхъæлдæн æмæ ныл бомбæ æрхаудта! — Уайых æрбауай, Фаска!—бауайдзæф ын кодта 63
устытæй чидæр.— Дæхицæй уæлдай ма сывæллæтты дæр куы фæтæрсын кодтай. — Цыма пыл æцæгдæр бомбæ куы ’рхауид, уæд’ ма дзурынæн уаид,— йæ ныхас баппæрста Солæ дæр<; — Æмæ уæдæ зæхх афтæ тынг цæмæи иызмæлы -;. ди? — аххосджыны хъæлæсы уагæй бафарста Фаска,' стæй уæд акъоппы рæбындæр бабырыд... ’ Уыцы ’хсæв æз мæ цæстытæ æппыпдæр нал æрæх- гæдтон. Гæрæхтæм хъусгæйæ мæнмæ афтæ касти, цы- ма уæлейы иунæг хæдзар дæр æнæхъæпæй нал баззад, æмæ ма, кæм цæрдзыстæм, зæгъгæ, мæты бахаудтæн. Райсомæй нæм куыддæр акъоппы дуарæй рухс æркалди, афтæ æз хъавгæ мæ сæр уæлæмæ сдардтон æмæ фырдисæй мæ дзых хæлиуæй аззади: мæ алыварс зæхх уыдис урс-урсид. — Мит! Мнт æруарыд, Æна! — æрæджиау ныхъ- хъæр кодтон æз æмæ цингæнгæ акъоппæй сгæпп лас- тон. — Цавæр мит? — бынæй мæ сонтæй афарста Зæ- ринæ. — Мит цавæр вæййы, ахæм,— дзуапп радтон æз зæхмæ февналгæйæ, фæлæ уыцы рæстæг дардыл азæ- лыд Зæринæйы тарст хъæр: — Не ссæдтæ! Æз æрмæст уæд бамбæрстон, æхсæвы нæ акъопп кæмæй ныррызти, уыцы нæмыг не ссæдты голджытыл кæй суадис, уый, æмæ мæ бынаты цавддурау фæдæн. — Бæргæ уын дзырдтон, голджыты нартхорыхъæд- тæн бамбæрзæм, зæгъгæ, — æфхæрæгау загъта усты- тæн Фаска.— Нырма нæ сывæллæттæ цы хæрдзысты? — Æмæ дын нартхорыхъæдтæ сармадзаны нæмыг баурæдтаиккой? — Солæ йæ мидбылты бахудт. — Æмæ дæу та уымæй чи фæрсы? — Фаска йæ лæппумæ йæ цæстытæ фæдзагъул кодта.— Цыма ды дæр мæнæй зондджындæр фестадтæ?! 64
Солæ афойнадыл йæхи устыты чъылдыммæ бай- ста. Куыдфæстæмæ адæм сагъæсхуызæй, нæмыг кæм сæмбæлд, уый алыварс æртымбыл сты. — Нæ’ амондæн, акъоппыл не суад, уыййедтæмæ æнæхъæн сыхæй дæр бынсæфт кодтам,— дзыхъмæ кæсгæйæ æрæджиау сдзырдта Æна. Уыцы минут сыхæгтæй чидæр йæ къухæй фалæр- дæм ацамыдта: — Уæртæ-ма кæсут! Мах акъоппы бадæм, уырытæ та нын нæ фæллæйттыл хæлæф кæнынц! Нæ бакомкоммæ Дæхци æмæ Буци цæхæрадæтты сæхимæ фæцæйхастой цавæрдæр стъол. — Æвæццæгæн æй скъолайæ радавтой! — рай- хъуысти Солæйы мæсты хъæлæс.— Цымæ ныртæккæ сæ быны зæхх фæйнæрдæм цæуылнæ аскъуыны? — Сыхимæ иу акъоппы дæр уый тыххæй не сбад- тысты,— бафиппайдтон æз. — Ницы кæны,—æнцадæй загъта Зæринæ. — Кæй адавтой, уыдон тагъд ногæй сæ бынæтты æрæвæрдзы- сты. — Æниу ма сæ ма æрæвæрæнт! — æртхъирæнгæ- нæгау сдзырдта Солæ, стæй йæ къухты æнгуылдзтæ йæ дзыхы атъысгæйæ йæ тых-йæ бонæй ныхситт кодта. Фыд æмæ фырт махырдæм фæзылдысты, кæрæ- дзийæн цыдæртæ адзырдтой, стæй уæд æваст сæ цы- дыл бафтыдтой... Кæд Зæринæ дзургæ ницы кодта, уæддæр æз хорз æмбæрстон, нæ сых хъæдмæ кæй нæ алыгъдысты, уы- мæй йæхи Пæсæимæ аххосджыныл кæй нымадта^ уый. Хуымæтæджы нæ архайдта чызг стырæй-чысы-. лæй — не ’ппæтæн дæр лæггад кæныпыл. Æвæццæгæн, Пæсæ дæр зыдта Зæринæйы зæрдæйы ахаст æмæ йæ зæпгты рыст æмбæхсын байдыдта. Фæ-. 5 Цы фæдæ, Зæринæ? 65;
лæ-иу куыддæр афынæй, афтæ-иу уайтагъд йæ хъæр-- зын райхъуысти. Иубон та дæлæсыхы чидæр дзæгъæл нæмыгæй куы фæцæф, уæд Зæринæ загъта: — Цалынмæ ныл фыдбылыз нæма сæмбæлд, уæд- мæ нæ æнæмæнг хъæдмæ алидзын хъæуы! — Æмæ уæд Пæсæ та? — афарстой йæ устытæ æм- дзыхæй. — Немæ йæ акæндзыстæм,— дзуапп сын радта уый æнцадæй. Æз аивæй бакастæн Пæсæмæ, фæлæ уымæн йæ цæсгом æндæрхуызон нæ фæци... Сæударæй Зæринæ адæмы райхъал кодта. — Рæвдздæр фестут,— дзырдта нын уый лæгъ- стæхуызæй.— Цалынмæ та немыц æхсын нæ райдыд- той, уæдмæ хъæуæй ахизæм... Æз акъоппæй сгæпп кодтон æмæ сусæгæй нæхимæ азгъордтон. — Мила! Мила! Мила! — мынæг хъæлæсæй сид- тæн нæ куыдзмæ, фæлæ уымæн’ йæ кой дæр никуы уыд. «Æвæццæгæн, фыртæссæй искæдæм фæлыгъд»,— ахъуыды кодтон æз æмæ æнкъардæй фæстæмæ раз- дæхтæн. Уæдмæ адæм се ’ппæт дæр схызтысты акъоппæй. — Кæм та æрбадæлдзæх дæ? — бустæхуызæй мæ афарста Фаска. — Нæ куыдзы агуырдтон... — Ай диссаджы лæппу нæу? — ус йæ сæр мæсты- йæ ныттылдта.— Махæй йæ хъуджы мæт дæр ни- кæйыуал ис, амæн та йæ куыдзы ныууадзын йæ зæр- дæ нæ комы! — Мауал фæстиат кæнæм, кæннод ныл ам æрба- бон уыдзæн,— уыцы рæстæг ын, мæ амондæн, йæ ны- хас фескъуыдта Зæринæ. — Кæдæм лидзæм?—бафарста устытæй чидæр. .66
— Едзойты къохмæ,— дзуапп ын радта Зæрннæ, стæй ма уæд йæ ныхасыл бафтыдта: ныртæккæ, дам, уымæй æдасдæр бынат нæй... Адæм æнæдзургæйæ араст сты хъæдырдæм. Æна æмæ Зæринæ ныххæцыдысты Пæсæйы цæнгтыл æмæ йæ сабыргай кодтой устыты фæдыл. Мæнæн мæ иу къухы картофы бедра, иннæйы — Темыры конд чу- мæдан, афтæмæй тыххæйты цыдтæн Æнайы фарсмæ. Бæстыл дзабырты чыртт-чырттæй дарддæр нæдæр куи- ты рæйын хъуысти, нæдæр уасджыты уасын. Хæдзæрттæ фæстейы куы аззадысты, уæд бынтон æрбарухс. Ныр æз уыдтон, Пæсæ цæуын кæй нæуал фæразы, уый. Хъæуы сæрмæ, фæндаг рагъмæ кæм фæзылд, уым зæронд усæн йæ хид йæ цæсгомыл ставд фæрдгуытæй згъорын байдыдта, æмæ та йын-иу æй Зæринæ йæ кæлмæрзæны кæронæй асæрфта. Мæнмæ диссаг касти, Пæсæ пæ хъæрзын куыд урæдта, уый. — Хæдтæхджытæ! Немыцы хæдтæхджытæ! — пуза- ман дардыл азæлд кæйдæр тарст хъæр, æмæ адæм сæ бынæтты сагъдауæй аззадысты. Райхъуыст сывæллæтты кæуын. — Æрхмæ уал иыллидзæм! — Зæринæ Пæсæпыл тыхстхуызæй размæ ахæцыд. — Æллæх, мæ зæнгтæ! — ацы хатт пæхи нал ба- урæдта уый æмæ Зæрннæйы цонгыл ацауыпдзæг. — Бафæраз-ма... Иучысыл-ма уæддæр бафæраз,— лæгъстæ кодта чызг йæ мадæн.— Æрхы дæ фæллад суадздзынæ... — Нæ, нæ... Уадзут мæ ам...— хъæрзгæйæ дзырдта Пæсæ.—Мæн тыххæй ма сымах та уæхп цæмæн са- фут? Лæгъстæйæ кæй ницыуал рауайдзæн,уый куы бам- бæрстой, уæд сылгоймæгтæ фелвæстой Пæсæйы æмæ немæ æрхмæ фæраст сты. Чысыл фæстæдæр та не~. мыц хъæуыл бомбæтæ калын райдыдтой... Куь*ддæр хæдтæхджытæн ныгуылæнырдыгæй сæ $7
уыиæр басабыр, афтæ адæм ногæй базмæлыдысты. Ныр Пæсæйæн æппындæр йæ бон цæуын нал уыд, æмæ йæ устытæ, кæрæдзийы ивгæйæ, сæ къухтыл хастой. — Уæ, фæлтау куы нæ райгуырдаин, — фыццагау хъæрзгæйæ дзырдта Пæсæ.— Сымахæн та ма фыдæ- боны хос цæмæн фæдæн? * * * Едзойты къох... Æз æй ныр дæр нæ зонын, хæсты рæстæг нæ хъæу уыцы бынат æмбæхсынæн цæмæн равзæрста, уый. Æхсæр, цым æмæ каконы къудзитæй дарддæр дзы адæймаг йæхи цæй бын бааууон кодтаид, ахæм стыр бæлас дæр нæ уыд, афтæмæй йæм алы сыхтæй фæлыгъдысты... Мах къохмæ куы схæццæ стæм, уæд уымæн йæ хуыздæр бынæттæ уыдысты ахст. Уымæ гæсгæ иу- цасдæр рæстæг нæхицæн цæрæнбынат нæ ардтам. Æп- пынфæстаг Зæринæйы фæндонмæ гæсгæ æрæнцады- стæм иу къæйдуры рæбын. Мæн тынг фæндыдис къо- хыл азилын, фæлæ мæ Æна йæ разæй акъахдзæф кæнын нæ уагъта. Уалынмæ нæм иугай цæуын байдыдтой нæ хъæук- кæгтæ, æмæ бæстæ иууылдæр цин сси. Устытæ, цыма кæрæдзийы тынг рагæй нæ федтой, уыйау хъæбыстæм фæвæййынц. — Мах дæр-иу абæрæг кæнут,— сæхимæ цæугæйæ нын фæзæгъынц къохы цæрджытæ. Стæй та нæм уайтагъд æндæртæ фæзынынц. Но- гæй та хъæбыстæ, фæрстытæ... Сахаты фæстæ нын, къохы нæ цæрæнбынат чинæуал зыдта, ахæм нал баз- зад. Фæссихор мах кæмæйдæр белтæ ракуырдтам æмæ дуры бын мидæмæ къахын байдыдтам. — Ныр нын уарынæй тас нал у,— загъта Фаска цннхуызæй, изæрæй нæ лæгæтгонд куы сцæттæ, уæд. — Уарынæй нæ, фæлæ ма суанг бомбæтæй дæр,— 68
бафиппайдта Солæ æмæ дуры бын фæмидæг. Æз æм уырдæм бæласы къалиутæ ныккалдтон. Лæппу сæ уайтагъд зæххыл атæнæг кодта. Уыйфæстæ сыл алчи йæ хуыссæнтæ тауыныл фæци... Æрмæстдæр дыккаг бон бафтыди мæнæн мæ къухы Едзойты къохыл æрзилын. Æз уыдтон, адæм къорд- тæ-къордтæй кæй цæрынц, уый. Иутæ — хицæн мыг- гæгтæй, иннæтæ — сыхтæй. Мæнмæ диссаг касти, чысылæй, стырæй—нууылдæр æнцадхуыз кæй уыдысты, уый. — Цыма тасдзинад сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, афтæ куыд æвдисынц сæхи,— загътон æз Солæйæн, нæ цæрæнбынатмæ куы рацæйцыдыстæм, уæд. — Уый сæм гæрæхтæ кæй нæ хъуысынц, уы- мæн у. — Æвæццæгæн....— мæн ма фæндыд цыдæр зæ- гъын, фæлæ уыцы рæстæг пæ бакомкоммæ къахвæн- дагыл ауыдтон нæ куыдзы. — Мила! — фырцииæй фæхъæр кодтоп æз æмæ йæ размæ азгъордтон. Уайтагъд мыл куыдз йæхи хъыллистытæгæнгæ æр- баппæрста. — Кæс-ма, цæф у... — сдзырдта Солæ Милайы фарсмæ ацамонгæйæ. Æз æрмæстдæр уыцы минут бафиппайдтон, куыдзы агъдæй туг кæй хъары, уый, æмæ йæ цуры дзуццæджы æрбадтæн. Мила мын цыма хъаст кодта, уыйау æнæн- хъæлæджы сниудта, стæй уæд йæ цæф агъд асдæрдта. Чысыл фæстæдæр нæ Æна Милаимæ баздæхгæйæ куы федта, уæд йæ бынаты сагъдауæй аззади. — Цымæ нæ куыдæй ссардта?—бафарста уый æрæджиау дисгæнгæ Æз ын йæ фарстæн дзуапп раттыны бæсты кæуын- хъæлæсæй загътон: — Æна, Мила нын цæф у, цæф... Цæф у? — афарста уый сонтæй, стæй уæд тарст- 69
хуызæй сдзырдта:—Мæ къонайыл! Кæд иæ хæдзарыл бомбæ æрхаудта! Устытæ æмхуызонæй Æнайы сабыртæ кæныныл фесты, фæлæ сæ хъæлæсты уагæй бæрæг уыднс, сæ- хицæн дæр сæ зæрдæтæ хъæумæ æхсайын кæй рай- дыдтой, уый. — Уæд та нæ хæдзæрттæ абæрæг кæниккам?— ’иузаман дызæрдыггæнæгау сдзырдта ^усты^æй чи- дæр. — Нæ фосæн дæр хæрипаг авæриккам... — Æмæ сæ æниу ардæм куы ракæнæм, уæд цы?— йæ фæндон бахаста Æпа.— Иннæ сыхтæн дæр сæ фос ам куы сты. — Тынг хорз уаид, — йемæ сразы Фаска.—Кæд нæ сывæллæттæ æхсыры хъæстæ уæддæр кæниккой... Устытæн æфсон йедтæмæ нæ хъуыдис сæхи арæвдз кæнынæн. Мах дæр уайтагъд Солæимæ сæ цуры цæуынæввонгæй æрлæууыдыстæм. — Сымах та кæдæм? — Æна нæм дисхуызæй æр- бакаст. — Хъæумæ,— нæ дыууæйы бæсты дæр фæцырд Солæ. — Сымахæн цæуæн нæй,— Æнайы фарс фæци Зæ- ринæ дæр.— Хъæуы ныртæккæ тæссаг у. — Ау, æмæ сымахæн нæу тæссаг? — мæхи нæм нал баурæдтон æз.— Æви мах дзпдзидайтыл нымайут? — Хистæртæм фæстæмæ ма дзурут! — фæтъæлланг ныл ласта Фаска. Стæй уæд сабырдæрæй сдзырдта:— Нпчи сæм кæсы! Сæхицæй мын лæгтæ аразынц. Мæнæ сывæллæтты хъахъхъæпут, æндæр уæ цæй хъæумæ цæуыны мæт ис? Мах Солæимæ тæргайхуызæй нæхи иуварс айстам. Куыддæр устытæ араст сты, афтæ, цыма Бæппийы исчи барæй æлхыскъ ныккодта, уыйау æвиппайды бæстæ йæ сæрыл систа. — Ма ку... Ма ку, мæ гыццыл дзæцц,— йæ сæр ын æрсæрфта Фаска.— Æз тагъд æрбауайдзынæн... 70
Бæппи ноджы хъæрдæрæй ныккуыдта. — Уæд та, Фаска, ды дæр ам лæууис? — райхъуы- сти Зæринæйы хъæлæс.— Мах дын ратæрдзыстæм дæ хъуджы... — Зын уын куы уа...— дызæрдыггæнæгау сдзырд- та Фаска. — Лæуу сывæллæттимæ,— загъта йын Æна.— Уæлдай зын нын нæ уыдзæп... — Цæй, уæдæ, сымах куыд зæгъут, афтæ фæуæд... Фаска Бæппийы йæ риумæ æрбалхъывта, æмæ уый дæр йæ кæуынæй банцад... Æз Фаскамæ хæрам уыдтæн, кæй мæ бафхæрдта, уый тыххæй æмæ мæхиыымæр мæстыйæ бафиппайдтон: «Хъæуы-иу искæцæй гæрах куы фæцыд, уæд-иу сыхы разæй акъоппы рæбинаг къуымы йæ сæр афснайдта, афтæмæй йæ цыма ныр ам баззайын нæ фæнды, йæхи мын уыйау акодта»... Устытæ къуыбырты аууон куы фесты, уæд нын Фаска хæринаг æрæвæрдта. Мæнæп Солæйæ хъауджы- дæр мæ къус касæй йæ тæккæ дзаг кæй бакодта, уый тыххæй йæм æнæнхъæлæджы мæ зæрдæ фæхæлар. «Кæд хъæргæнаг у, уæддæр æвзæр адæймаг нæу»,— ахæм хатдзæгмæ æрцыдтæн æз, куы бафсæстæн, уæд. Ноджы ма, аг куыд рæвдз æхсы, уый куы федтон, уæд ма йын суадонмæ дон хæссынмæ дæр азгъордтон. Мæн-иу æдзухдæр Фаскайы архайд дисы ’фтыдта. Нард, стæвдтæ уæвгæйæ ууыл куысты мидæг цæст нæ хæцыд. Солæ бакастæй уыдис йæ мады тæккæ хуызæн. Уый дæр Фаскайау — нард, хъоппæгцæст, ирдцъар. Æрмæст уымæ йæ мады цæрдæгдзинадæй ницы фæ- цис... Фæсхæрд мах Фаска æмæ Солæимæ, сывæллæттæй хъомылдæр чи уыд, уыдоиы акодтам къохы сæр уæл- вæзмæ, чысылты та Пæсæимæ ныууагътам. Уайтагъд ныл уым бяцайдагъ хъазт. Æз рагæй нал уыдтæн 71
афтæ хъæлдзæг. Исдуг мæ, хæст кæй цæуы, уый дæр ма æрбайрох. Махæй ничн бамбæрста, нæ сæрмæ хъæ- дырдыгæй дыууæ немыцаг хæдтæхæджы куыд фæзын- дис, уый. Æрмæст ныл уыдон сау халæттау сæхи дæ- лæмæ куы рауагътой, уæд сывæллæттæй чидæр ныцъ- цъæхахст ласта. — Зæххыл æрхуыссут! — дардыл айзæлд Фаскайы сонт хъæр. Фæлæ уæдмæ хæдтæхджытæй иу нæ тæккæ сæрмæ фæкъул. Ссыди пулеметы къæр-къæр, райхъуысти нæмгуыты æхситт. Бæппи кæугæйæ азгъордта къо- хырдæм. Мах æй Солæимæ фæстейы асырдтам. Сы- вæллæттæ се ’ппæт дæр пыхсытæм лидзынмæ фесты. Æз æнхъæл уыдтæн, æмæ ныл иннæ хæдтæхæг дæр пулеметæй ралæудзæн, фæлæ цæмæдæр гæсгæ уыдон æвиппайды дыууæйæ дæр сæхи уæлæмæ систой. — Дæ-дæ-дæй! Уæртæ нæм иннæтæ дæр æрбатæ- хынц! — фæстейы мæ хъустыл ауад Фасканы тарст хъæлæс, стæй æваст усæн зæххыл йæ тъæпп фæцыд. Солæ йæ мады ахауд нæ бафиппайдта æмæ Бæппийы къухыл хæцгæйæ фыццагау згъордта пыхсыты- рдæм. — Мæ бындур куыд ныззылд! Солæ... Ды та мæ цæмæн уадзыс? — йæ фæдыл ма адзырдта Фаска. Æз æм фæзылдтæп æмæ йыл дыууæ къухæй схæ- цыдтæн, фæлæ уый, æвæццæгæн, фыртарстæй йæ къæхтыл слæууынмæ пал арæхсти, мæнæн та йæ мæ бон сисын нæ уыдис. — Ацу... Ацу, Æхсар... Æз нал... Æз æгасæй нал баз^айдз’^ынæн,— тыхулæфтгæнгæйæ загъта Фаска, стæй йæхи дæргъæй-дæргъмæ зæххыл ауагъта æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Уæдмæ хæдтæхджытæ бынтон æрбахæстæг сты. Æз сæм катайгæнгæ хæрдмæ скастæн æмæ, мæ хъæлæс цы амыдта, уымæй æвиппайды ныхъхъæр кодтон. — Нæхионтæ сты! 72
Мæ дзырдтæ айхъусгæйæ Фаска цæстыфæны- къуылдмæ йæ къæхтыл алæууыд... — Мæ уд уæ фæхъхъау æрбауа сымахæн! — хæд- тæхджытырдæм йæ цæнгтæ сивæзта уый.— Куыд сæ фæсурынц, куыд! Дурджын Бæрзонды сæрмæ нæ хæдтæхджытæ бай- йæфтон немыцæгты, æмæ се ’хсæн бацайдагъ хæст. Æз нæ бамбæрстон, Солæ Бæппиимæ нæ разы куыд февзæрди, уый. — Кæсут-ма, немыцаг хæдтæхæг æрхауы! Ура-а!— къохыл азæлдн Солæйы цъæхснаг хъæлæс. — Иу дзы æлхауы! Иу дзы æлхауы! — йæ чысыл къухтæ кæрæдзиуыл æрхоста Бæппи дæр. Чысыл фæстæдæр хæдтæхæг æрбайсæфт хъæды ас- тæу, æмæ йæ гыбар-гыбурæй бæстæ ныццарыдта. — Иннæ сын аирвæзт,— æнкъардæй бафиппайдтон æз, дыккаг хæдтæхæг ныгуылæнырдыгæй куы фæау- уон пс, уæд. — Уый дæр сын дардмæ нæ алидздзæн! — фидарæй загъта Фаска.—Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ иæ хæс- сынц... — Нани, уæ Нани,— йæ къабайы фæдджпйыл ып рахæцыд Бæппи,— уый та Тæтт æлыппалдзæн? — О, о, мæ дзæцц, уый та дæ фыд æрæппардзæн,— æцæгхуызæй йын дзуапп радта Фаска æмæ нæ йæ- хпмæ æрбалхъывта... Æвæдза, диссаг та куыд нæ у, хæсты рæстæджы нæ чысыл хæдзар æпæхъæпæй куыд баззадис, уый. Æз-иу дымгæ бон дæр нæ цары хъæдтæп æрсæттынæй тарстæн. Уымæ гæсгæ-ну агъуысты иунæгæй фæлæу- уын нæ уæндыдтæн. Æмæ-ну пыр хъæуырдыгæй сармадзаны хъæр куы фехъуыстоп, уæд мæ-иу нал уыр- пыдта, нæ хæдзар ма йæ бынаты, ис, уый. Æвæццæ- гæн-иу æхсæвыгæтты мæ цæстытыл уымæн уадис алы- 73
хуызон æвирхъау нывтæ: куы-иу нæ хæдзар ссыгъди„ æмæ-иу æй ахуыссын кæнын нæ фæрæзтон, куы нын- иу уынджырдыгæй нæ уаты къул немыцаг танк ба- рæмыгъта. Арæх-иу цæмæдæр гæсгæ фестадтæн Дæх- циаты кæрты. Хъуамæ-иу мæ цуры немыцаг салдаты дарæсы февзæрдаид Буци æмæ мæ-иу æд автомат нæ разæй айстаид . Æз-иу хъæргæнгæйæ куы иуыр- дæм алыгъдтæн, куы иннæрдæм, фæлæ-ну мæхицæн æмбæхсæн бынат нал ардтон. — Мæн дæу хуызæтты цæгъдынмæ ныууагътой! Мæп дæу хуызæтты марынмæ ныууагътой!—иудадзыг- иу фæстейæ хъуыстон Буцийы мæсты хъæлæс æмæ йæ уæззау цырыхъхъыты гуыпп-гуыпп. — Исты дæ фæриссы, æви æхсæв цæуыл фæхъын- цъым кæиыс? — иурайсом мæ сагъæсхуызæй бафарс- та Æна. Æз ын радзырдтои, фыны мæ цæстытыл цытæ фæ- уайы, уый, æрмæст ын нæ хæдзары тыххæй ницы загъ- тон. — Хуыссыны размæ мацæуыл хъуыды кæн æмæ фыдфынтæ ма уыпай... — Æна, цымæ нын пемыц нæ хъæу байсдзысты?— бафарстон æз, дардæй та мæ хъустыл гæрæхтæ куы ауадис, уæд. — Нæ, нæ! Цытæ дзурыс? — Æна тарстхуызæй пæ къухтæ батылдта.— Уымæн уæвæн нæй! «Уымæн уæвæн нæй!» — мæхинымæр загътон æз дæр, æмæ куыддæр мæ зæрдæ фæрухс... Немыц фыццагау бадтысты Асæхъойы рагъыл æмæ нын уырдыгæй сармадзантæй æхстой нæ хъæу. Хат- гай-ну нæ сæрмæ дæр фæзындысты сæ хæдтæхджытæ, фæлæ мах ныр къохæй нæхп æддæмæ иал æвдыс- там. Иуæхсæв та хъæдырдыгæн бæстæ сармадзанты гыбар-гыбур сси. Фаска æвпппайды йæ бынатæй 74
фæгæпп ласта. Райхъуысти Бæппийы кæуын. Куыд- фæстæмæ гæрæхтæ ныссабыр сты. — Байстой нын нæ хъæу, сæ рондз фæкалой, бай- стой нын æй! — азæлди æхсæвы тары Фаскайы хъа- рæг, фæлæ йыл уайтагъд Æна фæхъæр кодта: — Цавæр дæ, цавæр, Фаска, бæстæ та дæ сæрыл куы систай. Хабар уал бæлвырд базон, стæй-иу уæд цъæхахст кæн... — Лидзæм ардыгæй, æндæр ма цæй хабæртты кой кæныс? — кæуынхъæлæсæй йын дзуапп радта Фа- ска. — Гæрæхтæ кæй нæуал цæуы, уымæй бæрæг нæу, нæ хъæу сæ къухы кæй пс, уый? — Æвæдза, Фаска инæларæн бæззы, — æпæнхъæ- лæджы худгæйæ бафиппайдта Æна.— Немыцы хæд- тæхджытæ фыццаг хатт къохы сæрмæ куы фæзынды- сты, уæд сын сæ бынмæ сабиты æрбадын кодта, ныр та, хъæуырдыгæй гæрæхтæ куынæуал цæуы, уæд нæ ли- дзын кæны, немыц нæ æрцахсдзысты, зæгъгæ. — Уæдæмæ-ма йæ разведкæйы арвитæм, — пæ фæндон бахаста Пæсæ, æмæ адæм æмхуызонæй ных- худтысты. — Худут уал, худут,— бахъуыр-хъуыр кодта Фас- ка, йæхи ногæй хуыссæныл æруадзгæйæ,—æрмæст нæм ахсæв немыц куы фæзыной, уæд-иу уæ чыр-чыр кæуын- мæ ма раивут... Адæм сæ худынæй кæй фенцадысты, уымæй бæрæг уыди, Фаскайы фæстаг дзырдтæ сæ тас кæй бауагъ- той, уый. Иуцасдæр рæстæг сæ фезмæлып дæр пичи- уал уæндыд. Æз мæхæдæг дæр фыртæссæй Æнайы дæлфæдтæм аныгъуылдтæн. Мæн тынг фæндыд, хъæ- уырдыгæй та сармадзаны гæрæхтæ куы фехъуыстаид, уый, фæлæ цыма дуне æгасæй дæр фынæй баци, уый- ау ныссабыр.— Иузаман кæмдæр хæстæг ныууасыди цавæрдæр цъиу. — Дæ-дæ-дæй! — рапхъуысти та Фаскайы тарст 75
хъæр, фæлæ йын ацы хатт устытæй нпчпуал бауай- дзæф кодта. Æвæццæгæн, уыдон сæхæдæг дæр къаддæр нæ фæ- тарстысты æнæзоигæ цъиуы уастæй. Уыцы ’хсæв нæ хуыссæг никæйуал æрцахста. Æз- иу сыфтæрты сыф-сыф куы айхъуыстон, уæддæр-иу æнæбары мæ улæфт фæурæдтон. Боныцъæхтыл Солæ худæнбылæй афарста йæ ма- ды: — Нани, кæм сты уæдæ дæ немыц, ахсæв нæм фæ- зындзысты куы загътай, уæд? — Гуыбынниз дæ макуы адавæд! — фæтъæлланг ыл ласта Фаска.— Цыма сæ ды мæнæй къаддæр тæр- сыс! — Уæууа, Фаска, дæ хъæбулы афтæ карз æлгъыст дæ зæрдæ куыд комы? — уайдзæфгæнæгау æм ба- дзырдта Æпа. — Æмæ мæ исты Нани æлгъитгæ кæны? — днс- хуызæй йæ афарста Солæ.—«Гуыбынниз дæ макуы адавæд» куы зæгъы... Фаска йып æнæдзургæ йæ сæр пыкъкъæрцц кодта... Нæ сыхы цæмæдæр гæсгæ Фаска æлгъитаг усыл нымад уыдис, фæлæ йын, æвæццæгæн, адæм йе ’лгъы- стытæм лæмбынæгдæр куы хъуыстаиккой, уæд ыл уы- цы ном не сбадтанд. Фаска йе ’лгъысты дзырд «ма- куы» æнæ фæтъысгæ никуы фæци. «Дæ зынг макуы ахуыссæд», «Дæ хъусты хæф макуы фæмпзæд», «Гуыбынниз дæ макуы ахæссæд», —уыдон уыдысты йæ карздæр æлгъыстытæ. Уый æмæ дын Дæхцпйы ус Сасинкъа. Уымæн йе ’лгъыстытæ дæр рифмæджын уы- дысты. Зæгъæм: «Дрис, судзгæ нпзæй нырриз!» «Кæ- ку, цæрæнбонты фæку!» Афтæмæй йæ уæддæр æлгъи- таг ничи хуыдта. Æрмæст йæхи дзуапджып усыл кæй пьшадта æмæ алыран закъоныл дзурæг кæй уыдис, уый тыххæй йыл сыхбæстæ фæсаууонмæ сæвæрдтой ном «пъырыстыф»... 76
Райсомæй раджы къохыл айхъуысти æхсызгон ха- бар: æхсæвы нс ’фсæдтæ немыцы Асæхъойы рагъæй асырдтой. Мæнмæ гæсгæ, адæм Берлины байстыл дæр уæдæй тынгдæр нал бацин кодтой. Къохы цæрджытæ кæрæ- дзимæ згъордтой хæрзæггурæггаг. Алырдыгæй хъуысти цины хъæртæ, худын, хъазæн ныхас, фæндыры цагъд. Пæсæйæ ма суанг йæ уæнгты рыст дæр æрбайрох æмæ цалдæр мæйы фæстæ æнæ искæйы æххуысæй йæхæдæг æддæмæ рацыд... Уыцы бон мах иууылдæр хъæумæ æрыздæхтыстæм. Æз нæ кæртмæ куы бахызтæн, уæд цæмæдæр гæсгæ æваст мæ зæрдæ æрбауынгæг. Чысыл ма бахъæуа, мæ цæссыг дæр ма ’ркæла, фæлæ афойнадыл мæхиуыл фæхæцыдтæн. — Нæ хæдзар ма æнæхъæнæй æрбаййафдзынæн, уый мæ нал уырныдта,— цингæнгæ - сдзырдта Æна æмæ йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæстытæ асæрфта. Мæнмæ диссаг касти, нæ кæрты бомбæйы схъис кæй ницæуыл сæмбæлд, уый. Афтæмæй нæ сыхæгтæй хъыгдард чи пæуал баййæфта, ахæм нæ разынд. Фас- катæн сæ сарайы къулы ахызт сармадзаны нæмыг, æмæ ставд хуынкъ фæци. Зæринæтæн бомбæ æгасæй дæр фæйнæрдæм фæхаста се скъæт... Абон дæр æй пæ зонып, уыцы тыхст замап мæ риуы цы ’нкъарæн оæвзæрди, уымæн куыд рахонæн ис, уый. Уарзопдзннадыл æй банымаип, æмæ мьш бауарзынæн æгæр раджы уыдис. Нæ, уыцы æнкъарæ- нæн æз ныртæккæ дæр йæ ном пæ зонын, æрмæст-пу дардмæ дæр Любæйы йæ кæрдæгхуыз къабапы куы ауыдтон, уæд-пу æвиппапды мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта. Мæп-пу фæндыд искæдæм алндзын, афтæмæй мæ-пу мæ къæхтæ та чызджырдæм хастой... Любæ нæ хъæумæ æрбафтыд, немыц Ростовмæ 77
куы схæццæ сты, уæд. Уыцы рæстæг нæм бирæ фæзынд лыгъд адæм. Любæйы мад дæр йе ’ртæ сывæллони- мæ æрæнцади йæ хæстæджытæм. Цалынмæ нæ ахуыр- гæнæг фæрсæй-фæрстæм не сбадын кодта, уæдмæ æз чызгæн салам дæр никуы лæвæрдтон. Фæлæ йыл куыдфæстæмæ афтæ сахуыр дæн, æмæ-иу скъоламæ куы нæ ’рбацыд, уæд-иу æгас бон мæхпцæн иуран бынат нал ардтон... Любæйæн фыццагдæр мæ зæрдæмæ фæцыд йæ фыст. Æрмæст нæ къласы нæ, фæлæ ма, æвæццæгæн, суанг не скъолайы дæр, йæ дамгъæтæ Любæйы хуы- зæп рæсугъд кæмæн рауадаиккой, ахæм нæ разын- даид. Хуымæтæджы йæ нæ равзæрстой къулы газеты редколлегимæ дæр. Фæстæдæр не ’ппæты дæр дисы æфтауын байдыдтой йæ дзуаппытæ. Любæ-иу йæ урок куы дзырдта, уæд-иу, нæ къласы фыдуагдæр цы лæп- путæ уыдпс, уыдон дæр ныссабыр сты. Мæнмæ уæл- дай дпссагдæр уый касти, æмæ-иу чызг, нæ чиныджы цы нæ уыд, йæ дзуаппыты ахæм хабæрттæ дæр кæй фæкодта. Иубон та Любæ литературæйы урочы дзуапп лæвæрд куы фæци, уæд æм æз мæхи нал баурæдтон æмæ йæ цымыдисæй афарстон: — Ныр-иу чиныджы цы нæ вæййы, уыдон та цæ- мæй фæзоныс, уыдон? — Чпнгуытæй,— цыбыр дзуапп мын радта чызг æмæ мæм комкоммæ æрбакаст. Æз æрмæстдæр уыцы минут бафиппайдтон, Любæ- йæн дæр Зæринæйау йæ рæсугъд цъæх цæстытæ худгæ кæп кæнынц, уый æмæ йæм куыддæр джнхауæй баз- задтæн. Фæлæ уый, æвæццæгæн, афтæ фенхъæл ис, цыма мын йæ ныхас фæхъыг, æмæ мæм хатыр курæ- гау сдзырдта: — Кæд дæ фæнды, уæд ды дæр, нæ ахуыргæнæн чппгуыты цы нæ ис, уыдон зондзынæ... — Фæнды! — фæцырд æм дæн æз.— Тынг мæ фæн- ды... 73
Дыккаг бон мын чызг мæ размæ æрæвæрдта Ост- ровскийы роман «Куыд æхсысти æндон». — Мæнæ ацы чиныг бакастæ? Æз къуызгæ сдзырдтон: — Нæ зонын... Фæлæ... Фæлæ йæ цыма кæмдæр федтон... — Æнæмæнг æй бакæс,— загъта мын Любæ.— Тынг хорз чиныг у... Æз уæды онг уырыссагау ахæм стыр чиныг нпкуы бакастæи, уымæ гæсгæ тарстæн, куы нæ йæ бамба- рон, зæгъгæ. Æмæ, æцæгдæр, чиныджы бирæ дзырдтæ мæнæн разындысты æнæзонгæ, фæлæ йæ уæддæр кас- тæн, цæмæй мыл Любæйы зæрдæ ма фæхуда, уый тыххæй. Куыдфæстæмæ мып кæсын бæлвырд фенцон- дæр. Чнныджы мпдис мæ тынгæй-тынгдæр æфтыдта дисы. Ныр иудадзыг мæ хъуыдытæ сысты Павел Кор- чагиныл. Иурæстæг ма мæм афтæ кæсын дæр рай- дыдта, цыма æз Павкæ дæн, Любæ та Тоня Тума- нова. Чиныг каст куы фæдæн, уæд æй радтон Солæмæ дæр. Мæнæн тынг æхсызгон уыд, уымæн дæр роман йæ зæрдæмæ кæй бацыдис, уый. «Куыд æхсысти æндон»-ы фæстæ мын Любæ æр- бахаста «Æз фæллойгæнæг адæмы фырт дæп», стæй та — «Айвеиго». Æз фæд-фæдыл кастæн, Любæ мæм цы чингуытæ лæвæрдта, уыдон,æмæ мæ-нупæ ахуыргæпæг куы рап- пæлыд, уæд-пу Любæйы цинæн кæрон нал уыд. Раст уыцы рæстæг бамбæрстоп æз, чызджы æрæгмæ куы фæуынын, уæд мæхицæн иуран бынат кæй нæуал фæ- арын, уый. Мæ уавæр ма мын Солæ дæр бафиппайд- та æмæ та мæ-иу хибарæй мæстæй марыныл схæцыд. Мæнæн-иу цæмæдæр гæсгæ æхсызгон уыдысты Со- лæйы ныхæстæ, фæлæ-иу уæддæр барæй мæ цæсгом ныттар кодтон... Любæ пе ’мбæрста, фæстаг рæстæг йæ цуры æваст цæмæн ныфсæрмы вæййын, уый æмæ 79
та мæ-пу дисгæнгæ афарста, цы дыл æрцыд, зæгъгæ. Ахæм сахат-иу æз фыртыхстæй мæхи цы фæкодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Кæд фыццаг мæ фæсонæр- хæджы дæр никуы уыд, мæ ныхæстæй исты Любæйы зæрдæмæ куы нæ фæцæуа, уый, уæд мæ ныр мæ алы дзырд дæр æвзарын бахъуыд. Æз бирæ хæттыты бæллыдтæн, Любæйы сæрыл мæ исты уæлахиздзинад равдпсын куы бахъæуид, уымæ. Мæн фæндыд, бирæ- гъы дзæмбытæй йæ куы байсин, кæнæ былæй куы фæцæйхауид æмæ йæ æз куы рацахсин, уый. Иубон та урочы фæрсæй-фæрстæм куы бадтыстæм, уæд æз цæмæндæр æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ дæн мæ дысы æмпъызтытæм æмæ сæ æнæбары мæ тетра- дæй амбæрзтон. — Дæ хæдоны æмпъызтытæ фыццаг хатт фед- тай?— бадис мыл кодта Любæ. Æз бынтондæр ныфсæрмы дæн... Ехх, Зæринæ, Зæринæ, цал хатты рахъавыдтæн æз уыцы заман демæ Любæйы тыххæй адзурын. Сæр- магондæй ма дæм-иу цæугæ дæр ныккодтон, фæлæ та мæм-пу мæ зæрдæйы сусæгдзинад раргом кæнынæн ныфс нал разынд... Иуизæр та æз бадтæн Зæрииæйы уаты мадзурайæ. Чызг цыдæртæ архайдта йæ хуийæн машинæимæ æмæ мæм исдуг кæсгæ дæр нæ кодта. — Цæй æнкъард дæ? — æрæджиау разылд уый мæнырдæм.—Æвзæр бæрæггæнæн ма райс... — Уымæй мын тас нæу...— æз æм æнæбары бахуд- тæн. — Æхсар, кæс-ма, мæнæ дып цы бавæрдтон! — Зæринæ мын мæ хъæбысмæ æрбаппæрста ставд сырх- варс фæткъуы. Мæнæн æм уайтагъд мæ комыдæттæ рауадысты, фæлæ йæ мæхпцæн ахæрын мæ цæст нæ бауарзта. Фæткъуы фыццагау мæ къухы кæй дарын, уый фен- гæйæ Зæринæ дисхуызæй афарста: 80
— Дыргъ бирæ куы уарзыс, уæд æй цæуылнæ хæрыс? — Нæма мæм цæуы...— афсон кодтон æз къуыз- гæйæ.— Нæхпмæ йæ бахæрдзынæн... Райсомæй куыддæр мæ партæйыл æрбадтæн, афтæ Зæринæйы фæткъуы Любæйы раз æрæвæрдтон. — Мæнæн æй æрбахастай? — чызджы цæстытæ ферттывтой фырцинæй. Æз æм æнæдзургæйæ, о, зæгъгæ, мæ сæр батылд- тон. — Бузныг, Æхсар... Фæткъуымæ цыбæлхуызæй кæй кастæн, уымæн уыдаид, æви йемæ исчи куы хордтаид, уый йæ фæн- дыд,— нæ зонын, æрмæст мæ Любæ худгæйæ афарс- та: * — Йе ’мбис дын авæрон? — Æмæ дзы цы кæнын? Фæткъуыхæрдæй хъыг дæр ма куы сдæн,— куыдфæндыхуызæй загътон æз, стæп ма бынтон æнæхъуаджы мæ дзырдтæм бафтыд- тон: — Кæд дæ фæнды, уæд дын дзы райсом æнæхъæн голлаг дæр ма æрбахæсдзынæн... — Цæмæн дæхи тыхсын кæныс? Нæ хъæуы...— мæ амондæн сдзырдта Любæ, æмæ æхсызгон улæфт скод- тон. Дыккаг боп дæр та мæн фæндыд Любæйæн исты ахæссын, фæлæ иæ хæдзары æгæр-мæгуыр кæрдзыны къæбæр дæр нæ разынд. — Тæхуды, æмæ ма искуы хæринагæй бафсæд,— мæ зæрдыл æрбалæууыд, пухатт Любæ чызджытæй кæмæндæр хибарæй куыд дзырдта, уый, æмæ мын Æна стъолыл цы дыууæ фых картофы пыууагъта, уы- дон мæ дзыппы тагъд-тагъд авæрдтон. Куыддæр фыццаг урок райдыдта, афтæ æз сусæ- гæй Любæйы хъусы бадзырдтои: — Картоф дæ нæ хъæуы? € Ци фæдæ, Зæринæ? 81
— Цавæр картоф? — чызг йе ’рфгуытыл уæллоз^ схæцыд. — Фых... Фых картоф...— фырæфсæрмæй мæ цæс- гом куыд ссыгъди, уый æмбаргæйæ загътон æз, фæлæ йын уæддæр мæ картæфтæй иу йæ къухы фæсагътон. — Бузныг...— йæ мидбылты мæм фæлмæн бахудта чызг, æмæ мæ зæрдæ мæ риуы фырцинæй скафыд. Чысыл фæстæдæр Любæ, партæйы бын йæхи йæ дзабыримæ архайæг скæнгæйæ, картоф хæрыныл фæ- ци. — Цæхх дæ нæ хъæуы? — хмынæг хъæлæсæй йæм ныдздзырдтон æз. Чызг бынæй, «нæ», зæгъгæ, йæ сæр банкъуыста. Любæ фыццаг картоф куыд зыдæй ахордта, уый куы федтон, уæд ын партæйы бынмæ иннæ дæр ныллæвæрдтон... :{: * * Ахуыры аз куы фæци, уæд нын нæ кълас æгасæй дæр мæнæу кæрдынмæ акодтой. Мæнмæ рагæй дæр быдырмæ æхсæвæддæйы цæуын хорз каст. Бон дыл цыфæнды зыиæй куы аивгъуийа, уæддæр изæрæй ста- ны фæндырдзагъд куы фехъусай, уæд дæ фæллад цы- дæр æрбауыдзæн. Æниу æз Любæйы раз мæ фæллад æмбаргæ дæр никуы бакодтон. Мæнæн æхсызгоп уыд, Любæ пæ бригады зæрдæмæ кæй фæцыд, уый. Зæринæ ма йæ рæсугъд чыэг дæр рахуыдта. Любæйæн æнахуырæй уайтагъд йæ къухтæ æхсырфæй стæппæлттæ сты, фæлæ уæддæр архайдта нннæты хуызæн тагъд кусыныл. Æз ын аивæй иуда- дзыг архайдтон аххуыс кæныныл: куы йын-иу, фæс- тейы цы мæнæутæ аззад, уыдон ракарстон, куы йын- ну йæ куыристæн искæцы ногæй абастоп. Уалынмæ æнæнхъæлæджы лæппутæн радих кодтой ног хай, æмæ мах Любæимæ кæрæдзийæ фæхицæн стæм. Цал æмæ 82
йæм-иу цал хатты акастæн ныр сусæгæй боны дæр- гъы, фæлæ йын мæ бон баххуыс кæнын ницæмæйуал уыд. Раст зæгъгæйæ, мæхицæн дæр фыццаг мæ хъуыд- ^æгтæ ницы уыйас хорз цыдысты. Раздæр-иу мæнмæ афтæ каст, цыма мæнæу кæрдын æнцон у. Фæлæ йæ ныр мæхпнымæр куыстытæн сæ тæккæ зындæрыл ны- майын байдыдтон. Мæнæутæ-иу, фæлыг кæныны бæс- ты, сæ бындзæрттæй куы стыдтон, уæд-иу мæхпмæ æрбамæсты дæн. Зæринæ мæ афтæ кусгæ куы федта, уæд мæм тагъд- тагъд æрбауади. — Æри-ма де ’хсырф, æз дын кæрдын бацамонон,— сдзырдта мæм уый рæвдауæг хъæлæсæй. — Кæрдын мæхæдæг дæр бæргæ зонын,— галиу къухæй мæ цæсгомы хид асæрфгæйæ загътон æз,—æр- мæст цыма ме ’хсырф цыргъдæрхъуаг у... Чызг мæм йæ мпдбылты хин худт бакодта æмæ мын мæ къухæй ме ’хсырф айста. Хæррæтт... Хæррæтт... Мæнæуы хъæдтæ рæсугъд лыгтæй аззадысты Зæринæйы фæстæ. Хæррæтт... Хæр- рæтт... Æз ын лæмбынæг кæсын йæ арæхстджын фев- нæлдмæ. Æмæ мæнæ диссаг: бамбæрстон чызджы дæсныдзинад. Æз-иу мæнæуы хъæдтæ пæма фæлыг кодтон, афтæмæй та сыл-иу хæрдмæ схæцыдтæн, уымæ гæсгæ та мын-иу æд ундæгтæ схаудтой. — Базыдтон, Зæринæ, базыдтон мæнæу кæрдын!— айхъуысти дардыл мæ цины хъæр.— Æри мын тагъд- дæр ме ’хсырф... Æз галиу къухæй Зæринæйау фæхæцыдтæн мæ- нæуты хъæдтыл, стæй сыл уæд быиæй æвиппайды ме ’хсырф цæхгæрмæ æрбауагътон. — Уый æцæгдæр куы базыдтай кæрдын! — мæиау сцин кодта чызг дæр. —Мæн та ма мæт уыдис, куы пæ, зæгъын, сарæхсай... Уыцы бон æз æркарстон мæкъуыл чысылхъуаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый афтæ бирæ иæ уыд, фæ- 83
лæ мæ уæддæр фæскуыст Зæринæ Любæйы раз куы раппæлыд, уæд мæхицæй ныббуц дæн. Дыккаг бон сихормæ мæ къухы бафтыд æнæхъæн мæкъуыл æркæрдын. Ноджы ма мæ куыристæ дæр рауадысты хъæбæрдæр баст. — Ахæм ма дзы сæрæнгуырд уыдзæн,— ауадис фæстейы мæ хъустыл нæ бригадир Мæхæмæты хъæ- лæс.— Ныридæгæн раззагдæр колхозонты æййафы! — Цæй, цы йæ стауыс? Дуне дын, миййаг, иннæр- дæм куы нæ афæлдæхта,—бахъуыр-хъуыр кодта Дæх- цийы чызг Косерхан.— Иæхиуыл куы фервæсса, уæд. та? — Æмæ дзы кæй раппæлыдтæн, уый та дын мас- сты хос цæмæн фæци? Æви дæ мæкъуыстæджыйас дæр кæй нæма у, афтæмæй дæ фæстейы кæй ныууагъ- та, уымæн æм хæрам фæдæ? Нæ хъæуы æвæццæгæн, Мæхæмæтыйас никæмæй тарсти Косерхан, уымæ гæсгæ йæм сдзурын ницыуал бауæндыдис. Фæлæ изæры фæскуыст уый мæстыхуы- зæй мæ размæ æрбауади. — Стæ-ма, æз амæн йæ куыристæ куы нæ фенон,— адæм æй æппæт дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ ба- рæй хъæрæй загъта Косерхаи.— Æвæццæгæн сæ бæт- гæ дæр нывыл нæ кæны... Чызг куыристæй иу хæрдмæ сæппæрста, æмæ куы нæ райхæлд, уæд хорзау нал фæци. — Косерхан, пуртийæ хъазыс, æви? — худгæ йæ афарста Солæ. — Фæлæуу-ма, уæдæ дын æз та дæхи куырис феноп. Уыцы дзырдтимæ Солæ дæр Косерханы куыристæй пу рогæн йæ сæрмæ сæппæрста, æмæ æвиппайды уымæн уæлдæфы йæ баст феуæгъд. — Уауу, Нани, мæнæуы бын фæдæн! — фæхъæр кодта Солæ йæхи æрцæгъдгæйæ. Адæм алырдыгæй æмхуызонæй куы ныххудтыстыг уæд æй Косерхан кæуынхъæлæсæй нылгъыста: 84
— Дæ къухтæ ахауæнт æмæ дæ кæстæртæн хъа- зинаг фæу! Чызг ма ноджы цыдæртæ дзырдта, фæлæ мах Со- лæимæ пыррыччытæгæнгæ пæ цурæй станмæ раз- гъордтам... Алы бон дæр дыгай мæкъуылтæ кæрдын куы бай- дыдтон, уæд мæ кой иннæ бригæдтыл дæр ма ай- хъуыстп. Ныр-пу æз мæхиуыл арæхæй-арæхдæр фип- пайдтон Касерханы хæрамхуыз цæстæнгас. Иухатт та фæскуыст станмæ куы ’рбацæйцыдтæн, уæд уый æнæн- хъæлæджы къанауы был мæ размæ цæхгæр æрлæууыд. — Дæ мадæн иунæг куы дæ, уæд дæхи фыркуыс- тæй цæмæн марыс? — тарæрфыгæй мæ бафарста Ко- серхан.— Æви афтæ æнхъæлыс æмæ дын колхоз дæ уæлахиздзинæдты тыххæй цырт ныссадздзæн? Æз æм æнæдзургæйæ мæстæймарæн худт бакодтон æмæ йæ иувæрсты æнцад мæ фæидагыл араст дæн... * * * Нæ хъæуы арæх фехъусæн уыдис, Дæхцпйы цотæн къуымыхдзинад сæ мады гуыбынæй рахæсгæ у, зæгъ- гæ. Æмæ æцæгдæр уыдонæй ахуырырдæм арæзт ничп фæци. Сæ хнстæр Буци тыхтæ æмæ фыдтæй схæццæ æхсæзæм къласмæ, фæлæ дарддæр йæ бон ницыуал бацн. Алгебрæйы ахуыргæнæгимæ, дам, нæ бафидыд- той. Иæ кæстæр Косерханæн дæр уæдæ ахæм кълас пæ уыд, дыууæ азы кæм пæ фæбадт. Уымæ гæсгæ та ногæй цыппæрæмтæм цæуын куы байдыдта, уæд хъазты чызгыл нымад æрцыд. Ноджы ма фæндырæй цыдæр хъистытæ кæнын дæр базыдта. Иубон, дам, сæ ахуыргæнæг физкультурæйы урочы кæртмæ ракодта. Хъуамæ сын бацамыдтаид дæргъмæ гæпп кæнын. Сывæллæттæй, дам-ну, чи метр æмæ æрдæг атахт размæ, чи дыууæ метры. Мæнæ, зæгъы, уалынмæ æрхæццæ пс Косерханы рад. Чызг дардæй ратырындз кодта, стæй æваст йæхи хæрдмæ фехста 85
æмæ, цыппар метры бæрæггæнæн кæм уыдис, уый цур æрхаудта... Уыцы бон, дам, ын фыццаг хатт ахуыргæ- нæг журналы пывæрдта «тынг хорз». Косерханæн, дам, уыйфæстæ фырхъалæй йæ цыд дæр ма фендæрхуызон. Дзæгъæлы-иу куыд хъæр кодтаиккой уæдæ йæ фæстæ скъоладзаутæ: — Косерхан, дæхи цыд кæнын ма зоныс? Авзар ма дæхи цыдæй! Фæлæ та, дам, мæнæ уалынмæ фæцис ахуыры аз, æмæ скъолайы байгом кодтой иумæйаг æмбырд. Чи баззад, уыдонимæ Косерхан йæ ном куы айхъуыста, уæд адæмы ’хсæн кæугæйæ йæ уæрджытæ æрхоста. , — А-а-а, куыд баззадтæн, куыд? Æз гæпп кæиы- нæй «тынг хорз» куы райстон! Изæрæй Дæхци йæ чызгæн фидарæй загъта: — Дæ дзабыртæ скъола^мæ цæуынæй мауал ихси- йын кæн, мæ хур. Фæлтау нæхимæ лæуу æмæ кæд мæнæ уæ мадæн исты пайда фæуис... Ууыл ахицæн Косерханы ахуыр. Ныр ма Дæхци йæ зæрдæ дардта æрмæстдæр йæ кæстæр фырт Кæ- куйыл. — Мæ цоты хистæртæн сæ хъуыддаг нæ фæрæст- мæ, фæлæ мып кæд амæй исты уæддæр рауаид,— дзырдта-иу зæронд лæг сыхæгтæн, Кæку-иу скъолайæ йæ цурты æд чпнгуытæ куы ’рцæйцыд, уæд. Æмæ цыма лæппу йæ фыды бæллиц æмбæрста, уыйау архайдта пу къласæй иннæмæ хилыныл, фæлæ уымæн дæр размæ ницы уыйас æнтыст. Фæндзæм æмæ æхсæзæм кълæсты Кæку фæбадти дыгай азтæ. Æз æй Солæимæ куы сæййæфтон, уæд не скъолайы уымæй бæрзонддæр ахуыргæнджытæй дæр нал уыдис. Махæй йæм фæстæмæ сдзурын пичи уæпдыд. Исты йын зæгъ, æмæ дын йе стыр сырх тымбылкъух дæ сæрыл æруа- дза. Æз ьш суанг йæ сонт ныххудтæй дæр ма тар- стæп. Кæкумæ ма ноджы уыдис иу æнахуыр мини- уæг: исчи йæ цуры йæхи ныццæвæд, уыййедтæмæ-иу 86
йæ кæл-кæлæн кæрон дæр нал уыд. Иухатт æз цы- дæрхуызы йæ цуры хæрынкъайæ мæ къух куы фæлыг кодтон, уæд та лæппу цæмæндæр худæгæй бакъæцæл. — Цæуыл чыр-чыр кæныс? — йæхн йæм нал бау- рæдта Солæ.— Æви йæ туг кæй кæлы, уый нæ уыныс? — Æмæ дзы мæнæй та цы риссы? — йæ цæссыгтæ- сæрфгæйæ дзуапп радта Кæку, стæй та ногæй ных- худт. Мæхиуыл уын нæ дзурдзынæн, фæлæ, æвæццæгæн, Солæйæн дæр дунейыл Кæкуйæ æнаддæр адæймаг нæ уыд. Фæлæ нын уæддæр уый иубон, мемæ Беслæны- хъæуы базармæ цомут, зæгъгæ, куы загъта, уæд нæ дыууæ дæр йæ фæндоныл аразы стæм. Ома, Кæкуимæ ауайьщы мондагæй нæ былыцъæрттæ, миййаг, нæ хордтам, фæлæ нæ фæндыд, цæмæй нын уый нæ хæс- синæгтæ йæ галуæрдоны сæвæрдтаид. Æз мæхины- мæр дисы бафтыдтæн, Кæкуйæн йæ сæрты зæд атахт æви нæ йемæ цæй тыххæй кæны, зæгъгæ. Æрмæст Солæйы руаджы æрæджиау хъуыддаг бамбæрстон. — Ницыхуызы нæ акæнид йемæ, базармæ йæ ра- джы схæццæ уæвын куы нæ хъæуид, уæд. — Æмæ йын мах та цы пайда стæм? — Куыд цы пайда стæм? — Солæ мæм дисгæнгæ æрбакасти.— Æхсæвыгон иунæгæй сæ къæсæрæй ра- кæсын кæй нæ уæнды, уый нæ зоныс? — Æцæг? — Æмæ уæдæ куыд æнхъæлдтай? Æпæ мах цæугæ иæ акæнид? Уыцы бон æз нæ балтæн цыдæр амæлттæй Темыры конд чумæданы дзаг æртыдтон. — Хъуамæ дын чингуыты аргъ райсой,— бафип- пайдта Æна, мæхи базармæ куыд цæттæ кæнып, уымæ кæсгæйæ. — Дыргътæ уæй кæнын мæм хорз бæргæ нæ кæ- сы...—æнкъардхуызæй рапдыдтон æз, фæлæ Æна уай- тагъд мæ хъуыры абадти: 87
— Æмæ уым та æгадæй цы ис? Ныртæккæ дыргъ- тæ алчидæр уæй кæны... Æз æм ницыуал сдзырдтон... Æмбисæхсæв мах Солæимæ бахостам Дæхцийы дуар. Иуцасдæр нæм дзы æддæмæ ничп зынд. — Кæд нæ ам ныууагъта?—дызæрдыггæнгæ афар- стон æз. — Куыннæ стæй,— дзуапп мын радта Солæ æмæ кæрты дуар ноджы тынгдæр бахоста. Ацы хатт пæ разы пæ ком ивазгæйæ февзæрди Кæку. — Цæй раджы рацыдыстут? Уæхицæй уæ тæргæ ракодтой? — сбустæ ныл кодта уый. — Дæхæдæг нын куы загътай, дыууадæс сахатыл мæм-иу æрбадзурут,— йæ зæрдыл ын æрлæууын код- та Солæ. — Æмæ ныр исты дыууадæс сахаты у? — Кæку та ныззæмбыдта. — Æвæццæгæи ма тагъд дыккæгæм дæр райдай- дзæн, ды та нырма дæ ком ивазыс,— фелхыскъ æй кодта Солæ. — Цымæ æмбисæхсæв дæхицæн ранæмынæй нæ тæрсыс? — Кæку æртхъирæнгæнæгау Солæмæ йæхи хæстæгдæр байста. — Цæй, цæуыл та æрбатæвд дæ? — се ’хсæн фæ- мидæг дæп æз.— Хъазæп ныхас дæр нал æмбарыс? — Æмæ йын исчн хъазинаг у? Р1æ æмбыд чыр- гъæд ын кæй ласын, ууыл цинæй нæ мæлы, фæлæ ма мæ ноджы æлхысчъытæ дæр кæны. Æниу хæрзгæнæг та хорз кæд ссардта? — хъуыр-хъуыргæпгæ Кæку сæ кæрты дуар байтыгъта. Чысыл фæстæдæр уый сарайæ йæ галуæрдон уынг- мæ ракодта. Мæнæн уайтагъд мæ фындзыхуынчъытыл сæмбæлдн рæгъæд кæрдоты адджып тæф. Цалынмæ Кæку дуар æхгæныныл архайдта, уæдмæ йын махнæ хæссинæгтæ йæ уæрдопы авæрдтам. 88
— Ды-пу Кæкуйы фарсмæ сбад,— мæ хъусы мын æрбадзырдта Солæ.— Мæнæн фæстейы хуыздæр уы- дзæн. — Цæуыл сусу-бусу кæнут? — мæсты хъæлæсæй нæ афарста Кæку.— Мæ фыдгой та кæнут? — Дæ кой нæм куы нæ ис,— дзуапп ын радтон æз. Кæку схызти уæрдонмæ æмæ уисæй йæ гал æрцавта. — Сымах та кæдæм?—дисгæнгæ нæ афарста лæп- пу, йемæ сбадынмæ кæй хъавæм, уый куы бамбæрста, уæд.— Мæ галы мын марут?! Мах æнæуæлдайныхасæй йæ фæдыл араст стæм. Æз уымæй размæ Æнаимæ бирæ хæттыты ацыдтæн Беслæныхъæуы базармæ. Дыууæйæ ма-иу нæ лæгуæр- дон дæр фæластам. Уымæ гæсгæ мын ныр Кæку мæ чумæдан йæ асыччытыл сæвæрын кæй бауагъта, уый тыххæй дзы æз бузныг уыдтæн. Æнæ хæссинагæй та фистæгæй цæуын цæй зын у? Фæлæ Солæмæ хардзау касти, Кæку махæй хъауджыдæр уæрдоны кæй бадти, уый, æмæ та-иу цалх дурыл куы фæгуыпп кодта, уæд- иу барæй лæппуйы афарста: — Кæку, ницы дæ фæрысти? — Ма-кæ дын, зæгъын, Солæ,— æппыпфæстаг æм йæхи нал баурæдта Кæку,— кæннод дын ныртæккæ дæ чыргъæд хæмпæлтæм цæнтъухдзынæн! — Æмæ ма уæд ацы мæйдар æхсæв иунæгæй ауæнддзынæ? — худгæ йæ афарста Солæ. — Цæуыннæ ауæнддзынæн? Исты сымах ныфсæй рацыдтæн? Æз Солæйы басхуыстон, мауал æм дзур, зæгъгæ. * X * Писмотæ... Писмотæ... Салдæтты æртæтигъон пис- мотæ... Куыд æрæгмæ цæут хæсты быдырæй? Цæуыл- нæ барухс кæнут сидзæргæсы рыст зæрдæ? Госка бафæллад Темырæй писмо райсынмæ æн- хъæлмæ кæсынæй. Зæронд ус, мæгуыр, фырмæтæй 89
йæхи цы фæкæна, уый нал зоны. Æз æй æдзухдæр сæ'( дуармæ уынын. Æвæццæгæн ын постхæссæг куы аир- вæза, уымæй фæтæрсы. Æна мын афтæ зæгъы, цæрæн- бонты, дам, Госкайы йæ хæдзары куыстытæй уынджы абадынмæ дæр никуы равдæлд, афтæмæй, дам, ныр ъшдæмæ нал цæуы. Æз ын æрæджы йæ рудзгуыты бын бандон скод- тон. Кæд-иу, зæгъын, ууыл йæ фæллад уæддæр суа- дзид. Æмæ, æцæгдæр, ныр ус фылдæр хатт бандоныл фæбады. Хорз бон куы вæййы, уæд йемæ рахæссы йæ æрдæгконд цыллæ хыз дæр. — Мæ чындзаджы чырын ма æрмæст кæлмæрзæн- хъуаг у,—арæх фæдзуры уый сæрыстырæй, йæ телти- мæ архайгæйæ. Иухатт Госка мæ цуры сæ кæрты гæрзтæтауæн бæттæныл æрцауыгъта, Темырæн ус ку- рынæн цы дзаумæттæ фелхæдта, уыдон. — Уадз æмæ сæ дымгæ бацæуа,— загъта мын ус цинхуызæй, тыбар-тыбургæнгæ рæсугъд къабайæгтыл мæ цæстытæ кæй æрæвæрдтон, уый куы бамбæрста, уæд. Æз уайтагъд, хъуымæцтæй Зæринæйы зæрдæмæ тынгдæр чи фæцæуид, ууыл хъуыды кæныныл фæдæн. Уæртæ йæм уыцы æрттиваг сырх къабайаг хъуамæ Æвзæр ма фæкæса. Æмæ æниу æрвхуыз дари хъуымац та. Быдираг дидинæгæй рæсугъддæр куы у. Уæвгæ йын ахæм къаба ис. Майы бæрæгбоны Темыримæ кафгæйæ дæр йæ уæлæ куы уыди. Цас цин, цас амонд æвдыстой уыцы уалдзыгон бон йе ’рыгон цъæх цæстытæ! Искуы ма Зæринæйы афтæмæй фен. Госка йæ чындзаджы дзаумæтты рæзты куы иуыр- дæм ацæуы, куы иннæрдæм. Хатгай æрлæууы æмæ та къабайæгтæй искæуыл йæ къух хъавгæ æрхæссы, цы- ма раст удæгас сты, уыйау. Зæронд усы æнцъылдтæ цæсгом æваст куыд барухс вæййы, уымæй бæрæг у, хъуымæцты уынд ын цас æхсызгондзинад дæтты, уый. «Цымæ Госка йæ чындзаджы зоны æви нæ? — 90
ахъуыды кодтон æз, ус та йæ мæллæг къухтæй къа- банæгтæй иу куы ’рсæрфта, уæд.— Хъуамæ йæ зона. Уæдæ иубон Зæринæ сæ дуæртты куы фæйæйцыд, уæд йæ фæдыл рæвдауæг цæстæй афтæ бирæ цæмæн фæ- каст. Æрæджиау ма йæ къæхты бынæй дæр куы ныу- улæфыд...» Мæнæ уалынмæ уынгæй æрбайхъуыст кæйдæр куы- дзы рæйын. — Мæ къонайыл! Постхæссæг нæ рæзты куы апв- гъуыдта! —уыцы дзырдтимæ Госка æнахуыр рог къах- дзæфтæй æддæрдæм ратындзыдта. Æз дæр æнæбары йæ фæдыл разгъордтон. Куыдз æцæгдæр срæйдта постхæссæгыл. Зæронд ус æй куы ауыдта, уæд йæ риуыл фæхæцыд æмæ ма æнæрхъæцæй йæ размæ иу-цалдæр санчъехы акодта. Госкайæн зына-нæзына базмæлыдысты йæ хуыздзыд былтæ, фæлæ адæргæй сдзурын ницы сфæрæзта. Æвæццæгæи, тарсти, писмо пæм куы нæ уа, уымæй. — Дæ бонтæ хорз, Госка,— аххосджынхуызæй йын салам радта постхæссæг. — Кæй бонтæ сты, уый хорзæх уæ уæд...— Госка- йы былтыл афæстиат худыны ’нгæс, йæ фæллæд цæс- тытæ та постхæссæгæй курынц æрмæст иунæг хорз- дзипад — уарзон хъæбулæй писмо. «Истæмæп-ма йын пыфс уæддæр авæр!» — курын æз дæр мæхинымæр постхæссæгæй, фæлæ уый цæ- мæндæр зæропд усы къæхты бынмæ кæсгæйæ æпæ- дзургæйæ йæ бынаты цоппай кæны. — Ныртæккæ, дам, писмотæ, тыпг сындæг цæ- уынц...— æрæджиау схаудта постхæссæджы дзыхæй, æмæ Госка æваст фестъæлфыд. — Мæ уд дæ фæхъхъау æрбауа,— ус æм пæ цæнг- тæ бадаргъ кодта, — дæ хызыимæ-ма бæлвырддæр æр- кæс, кæд дын Темыры писмо иннæты ’хсæн фæци... Уыцы дзырдтæ Госка афтæ лæгъстæхуызæй загъта, йæ цæсгом ахæм æнæкæрон сагъæс æвдыста, æмæ ъх
постхæссæг æнæбары йæ хызын сгарыныл фæци. — Нæ, Госка, нæй,— æппынфæстаг, йæ къухтæ фæйнæрдæм акæнгæйæ, фидарæй сдзырдта постхæс- сæг, фæлæ усы æнкъард цæстытæм куы фæкомкоммæ, уæд та æвиппайды йæ хъæлæс фæфæлмæндæр: — Ма тæрс, Госка... Уæртæ Хъуысаты Алиханы фыртæп аст мæйы дæргъы куы нæ уыдис писмо æмæ ма йын ныр йæхæдæг дæр куы фæзынди. Цы нæ ’рцæ- уы. Чи зоны æмæ дæумæ дæр иуизæр Темыр æнæн- хъæлæджы дуар æрбахойа... — Дæ дзырдтæ мын æхсырфæмбал куы фæуик- кой! — арф ныуулæфыд Госка.— Дæ хæрзæггурæггаг мæнмæ бæргæ уаид! Постхæссæг уынджы уæлæмæ раджы аивгъуыдта, уæддæр ма Госка джихæй лæууыди йæ бынаты. Æз æм сдзурын нæ уæндыдтæн, куы йын, зæгъын, фес- къуынон йæ хъуыдытæ æмæ йæм фыццагау иувар- сæй æнцад кастæн. Мæнæ уалынмæ фаллоз кæцæйдæр сонтæй æрбай- хъуыст нæлгоймæгты хъæрæй куыд. Æз бафиппайдтон, уынæрмæ Госкайы цæсгом мæрдонхуыз куыд аци, уый. — Дæ-дæ-дæй! Цымæ та кæй хæдзар фехæлд! — ныккатай кодта зæронд ус.— Цымæ та кæмæн балæ- вæрдтой йæ сау гæххæтт! Уæ Темыр, Темыр, мæ рæз- гæ хъæбул, мæ зæрдæйы уидæгтæ мын цæмæн скъуы- ныс? Госка тарстхуызæй кæртмæ базгъордта æмæ йæ фырадæргæй гæрзтæтауæн бæттæнæй йæ чындзаджы дзаумæттæ псыныл фæци... * * * Зæрдæйæ, дам, зæрдæмæ ныккæсæн нæй. Æз уыцы хъуыдыимæ разы нæ дæн... Мæнмæ гæсгæ, сыгъдæг хæлар зæрдæйы дуар байгом кæиын зын нæу. Æр- мæст æм фæндаг ссарын хъæуы. Уый тыххæй та хъуа- 92
мæ дæхицæн дæр уа, хин æмæ хæрамдзинад чи нæ зоны, ахæм зæрдæ. Зæринæ, æвæццæгæн, мæнæй никуы ницы бамбæхс- та. Æниу мæ исты куы басусæг кодтаид, уæддæр æй æз æнæмæнг базыдтаин: йе сдзырдæй, йæ лæудæй, йæ кастæй. Æз зыдтон, Зæринæ Темырæй дарддæр моймæ кæй никæмæ ацæудзæн, уый. Уымæ гæсгæ йæм-иу ис- кæцæй курджытæ куы фæзынди, уæд-иу æз дисы бацыд- тæн, сæхи дзæгъæлы тухæнæй цæмæн марынц, зæгъ- гæ. Раст зæгъын хъæуы, йæ усгуртæй мæнæн дæр мæ зæрдæмæ ничи цыд. Æниу ын æз Темырæй фæстæмæ аккаг дæр никæйы скодтаин. Зæринæ мын, æвæццæ- гæн, æмбæрста мæ сусæг хъуыдытæ æмæ мыл куыд- фæстæмæ бынтон æнувыд сси. Иухатт ын æз йæ къу- хы бафиппайдтон æнахуыр æнгуз. Чызг æй цæмæдæр гæсгæ хъавыди амбæхсынмæ, фæлæ куы фембæрста, æз æй кæй федтон, уый, уæд мæм æй равдыста. Мæн никуы бауырныдтаид, æнгузы къуызыртæ цъарæн аф- тæ баихсийæн кæй ис, уый, æмæ йæм мæ цæстытæ ныццавтон. — Цæмæй йæ слæгъз кодтай, цæмæй? — дисгæнгæ бафарстон æз Зæринæйы. — Мæ дзыппы хæссынæй,—дзуапп мын радта уый, йæ цæсгом зына-нæзына фæсырх и, афтæмæй. «Кæддæр ын йæ уатмæ Темыр кæй барвыста, уыцы ’нгуз у!» — æвиппайды аленк кодта мæ сæры, æмæ æнæнхъæлæджы мæ зæрдæ æрбауынгæг. Ихсыд æнгуз... Темыры лæвар... Æвæццæгæн ма ныр дæр йæ дзыппы вæййы. Æдылы курджытæ! Цæ- мæй зыдтой уыдон, цалынмæ Зæринæ йæ зæрдæйы Темыры сурæт хæсса, уæдмæ моймæ кæй никуы ацæу- дзæн, уый? Афтæмæй ма йæм мæнгсуртæгæнæг Буци дæр йæ минæрвæттæ барвыста. Уыцы хабар фехъус- гæйæ мæн фырмæстæй скæуынмæ бирæ нал хъуыд. Æз æнхъæл уыдтæн, Зæринæ лæппуйæн «нæ» куы зæгъа, уæд æй уый иуран ныууадздзæн. Фæлæ цыма 93
Буци мæ фыддæрагæн афтæ кодта, уыйау æм минæ-| вар минæвары фæстæ æрвыста. Бынтон къахихсыд та: йæм Косерхан баци. Фæстагмæ æз нæ куыдзы боныгон* дæр нал бастон, цæмæй Косерхан нæ цурмæ хæстæг’ мауал уæндыдаид, фæлæ уый алы мадзæлттæй дæр архайдта Зæринæимæ адзурыныл. Иубон та. цæхæра- донæй мæ хъустыл ауадис Косерханы бæзджын хъæ- лæс: — Хæстæй ма чи ссæудзæн? Æнæ къæхтæ æмæ æнæ къухтæ? Æмæ дæ ахæм лæг цæмæн хъæуы? Æз бæласы бын ауыдтон Косерхан æмæ Зæринæйы, Зæринæ архайдта Косерханæй йæхи фæиуварс кæны- ныл, фæлæ йын уый йæ цонгыл ныххæцыд æмæ йæ ра- цæуын нæ уагъта. — Цæй, ме ’фсымæрæй хуыздæр ссардзынæ? Йæ бакаст дæр лæджы аргъ куы у: бæрзонд, фæтæнуæхск, саджы фисынтыл амад. — Суадз мæ, Косерхан, æнæвдæлон дæи... — Цæй-ма, куыстытæ иудадзыг дæумæ кæсыпц? — Мæ дзуапп мын куы зоиут... — Уый махæн дзуапп нæу! — Æндæр дзуапмæ мæм ма ’нхъæлмæ кæсут. — Ма кæ, зæгъгæ, дын зæгъын,— Косерханæн йæ хъæлæс фæбæзджындæр.— Кæсæджы молломæ куы ныууайон, уæд дын уый ахæм кæлæнтæ скæндзæн,, нæлгоймаг дæм фæстæмæ дæр куыд нæуал фæкæса! — Хъыг мын нæ уыдзæн, де ’фсымæрæй куы фе- рох уон, уæд...— Зæринæ чызджы къухтæй йæ цонг феуæгъд кодта. — Уæдæ афтæ зæгъыс?! — Косерханы хъæлæсьг фæзыпд мæсты зæлтæ... Уыцы рæстæг æз Милайы Коссрханмæ ауагътон. Ноджы ма ныл æй сусæгæн ацардыдтон: — Уст... Уст... Уст... Уайтагъд пæ куыдзы рæйын æмæ Косерханы. цъæ.- хахст сиу сты. 94
— Дæ хицауы тъæнгтæ бахæр! — кауыл сæхирдæм куы банрвæзт, уæд æлгъитынмæ фæци Косерхан.— Æмæ дæ бабæттæг мауал уæд! Фæлæуу, æз дын кæр- дзынимæ судзин куы нæ бадарон! Зæринæ бæлæсты бынты куы ’рбацæйцыд, уæд æз нартхоры ’хсæнæй йæ размæ рахызтæн. — Æнхъæлдæн æмæ та йыл куыдзы ды сардыд- тай,— мндбылты худгæйæ бафиппайдта уый.— Афтæ дæ куы базонид... — Æмæ мæ базонæд! — мæстæйдзагæй йын загъ- тон æз.— Тынг нæ тæрсын уыцы лæгойæ! Фæстаг дзырдтæ мæ дзыхæй æнæбары схаудтой, уыййедтæмæ дзы тæрсгæ та куыннæ кодтон? Косерха- нæн æз йæхицæй нæ, фæлæ ма суанг йæ койæ дæр тарстæн. Чызг-иу мæм йæ уазал къуырф цæстытæ куы ныццарæзта, уæд мæм-иу афтæ каст, цыма зыбыты мадард бæгънæг дæн, æмæ-иу уайтагъд исты ’фсо- нæй мæхи йæ разæй айстон. Фæлæ Косерханæй æрмæст æз нæ тарстæн. Уымæн йе ’лхыскъ ныхасæй, йæ хахуыр дзырдтæй æнæхъæн сых дæр ма сæхи хъахъхъæдтой. Зæринæ Буцийæн куы нæ бакуымдта, уæд æз тæр- сын райдыдтон, Косерхан ыл фыддæрагæн нсты куы æрымыса, уымæй. Æмæ дзы æцæгдæр уайтагъд уын- джы фехъуыстон, Зæринæ, дам, æвæццæгæн, Темырæй сыгъдæг нæу, уыййедтæмæ, дам, йæ бирæ курджытæй афонмæ искæйы равзарид. Æз зыдтон, уыцы чъпзи пыхæстыл адæмæй кæй ничи баууæнддзæн, фæлæ уæддæр тарстæн, Зæринæйы хъустыл куы ’рцæуой, уымæй. Иæ амондæн, Зæринæ хабарæн ницы бамбæрста. * * * Фæсснхор куыддæр мæ хæдзармæ куыстытæ конд фæдæн, афтæ нын чидæр нæ кæрты дуар лæдзæгæй æрбахоста. Ссыди Милайы рæйын. Æз рудзынгæй 95
ракастæн æмæ нæ къулы рæбын Кæкуйы лæугæйæ ауыдтон. Уый мæм йæ къух фæтылдта, ома, æддæмæ рацу, зæгъгæ. Мæпæн Кæкуйы фендæй мæ зæрдæ бæргæ нæ барухс, фæлæ уæддæр йæ размæ рауадтæн. — Иæ, дæ сочинени нæма ныффыстай? — сонтæй мæ афарста уый, стæй мæм йæ дæндæгтæ худæгау базыхъхъыр кодта. — Цавæр сочинени? — Цавæр, цавæр? Ирон литературæйæ! — Æмæ дæ цæмæн хъæуы? — Куыд цæмæн хъæуы? Рафыссон æй! — Нæ, ахуыргæнæг дæ базондзæн. — Цæмæй мæ базондзæн? Исты нын нæ куыстытæ кæрæдзийы фæдыл кæсдзæн? — Уымæй дæр бæрæг нæй,— загътон ын æз гуыза- вæгæнгæ.— Цæй, фæлтау дын фыссынæн аххуыс кæн- дзынæн... Кæку фыццаг сагъæсхуызæй йæ сæр аныхта, стæй мыл уæд йæ къух ауыгъта. — Фæуæд та уæдæ афтæ дæр! Æрмæст махмæ цом. Уæддæр нæхимæ куы ничи ис. Æз сæм цæрæнбонты никуы уыдтæн, уымæ гæсгæ йæм, нæ, зæгъгæ, мæ сæр батылдтои. Кæку фæтарст, йемæ куы нæ ацæуон, уымæй æмæ мын мæ хæдоны æфцæгготмæ фæлæбурдта: — Цом, цом! Нæхимæ куы ничи ис дын зæгъын! — Ау, уæ бинонтæ цы фесты? — Дæхци дохтырмæ ацыд. Сасинкъа — дуканимæ, Буци — хъæдмæ, Косерхан — куыроймæ... Æз æнæбары араст дæн йæ фарсмæ. —Йæ, знон мын Мырзабег журналы иумæ æртæ «æвзæры» куыд нысхуыста,— худгæйæ сдзырдта Кæ- ку.— Ацы «æвзæр», дам, дын, æндæрæбон дæ урок кæй нæ зыдтай, уый тыххæй, ацы «æвзæр» — абон æй кæй нæ зоныс, уымæн. Мæнæ, дам, дын ай та, райсом дæр æй кæй нæ зондзынæ, уый тыххæй æвæрын. 96
Мырзабег, нæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг, æцæгдæр йæхи нал баурæдта Кæкумæ, йæ урок нæ зонгæйæ ма йын уый ноджыдæр мæстæймарынæн, дæ предмет та Елхотæй дæлæмæ кæй хъæуы, зæгъгæ, куы загъта, уæд. Æрмæст ын æртæ нæ, фæлæ дыууæ «æвзæры» сæвæрдта. Иу та ма сыл худыны тыххæй Кæку йæ- хæдæг афтыдта... Кауы сæрты куы фæцæйхызтыстæм, уæд мын Кæку цыдæрхуызы мæ цонгмæ февнæлдта. — Р1æ, адон æлхуиты хъæдтæ сты æви цы?—афар- ста мæ уый хъазæгау. — Кæдон? — нæ йын бамбæрстон æз йæ ныхас. — Дæ цæнгтæ...— дзуапп мын радта уый æдылы худт кæнгæйæ. Стæй ма уæд йæ дзырдтæм бафтыдта: — Æвæццæгæн, сылыйæ уæлдай дæ хъуырмæ ницы уадзыс. Æз ме ’рфгуытæ кæрæдзимæ æрбанцъылдтон. — Дæхи та цæуыл ныхъхъуынтъыз кодтай? — чы- сыл фæстæдæр мын Кæку мæ фарс æрбакъуырдта. Фæлæ йæм куы ницы сдзырдтон, уæд мæм уый æртхъирæпгæпæгау йæ дыпджыр сырх тымбылкъух батылдта: — Æвзæр сочинени мын ма ныффыссай! Дæхциты кæртмæ бахизгæйæ æз фыццагдæр фæ- комкоммæ дæн, сарайы раз цы æлæм зад кæрдо бæлас уыдис, уымæ. — Нырма дзы Дæхцыхъойæн нæма ныххæлар код- там,—бæласæй мæ цæстытæ кæй нæуал исын, уый ба- фиппайгæйæ мыл хæдзарырдæм ахæцыд Кæку. Мæнмæ-иу цæмæндæр афтæ каст, цыма Дæхцийы хæдзармæ алы диссаджы дзаумайæ бацæуæн дæр нæй, фæлæ мидæмæ куы бахызтæн, уæд дзы ахæмæй ницы бафиппайдтон. Агъуысты астæу афтидæй лæууыд даргъхуымæтæг стъол, йæ алыварс—пог хиконд бан- дæттæ. Мæ зæрдæмæ дзы æрмæст фæцыд, сынтæджы 7 Цы фæдл’. Зæрипæ? 97
фæстæ къулыл цы рæсугъд нывæфтыд гауыз уыдис, уый. Кæку мæ æрбадын кодта рудзынджы комкоммæ æмæ мын мæ разы тетрад æмæ ручкæ авæрдта. — Цæй, райдай,— æнæрхъæцæй сдзырдта лæппу мæ чъылдыммæ æрлæугæйæ. — Цы райдайон? — Фыссын, æндæр цы? — Æмæ дæхæдæг цæуылнæ фыссыс? — Дæуæн дæ къухфыст рæсугъддæр у. — Ау, æмæ мын Мырзабег мæ къухфыст нæ зо- ны? — «Нæ зоны», «нæ зоны»,— Кæку мыл йæ дын- джыр был фесчъил кодта. — Мæлæты тæппуд нæ дæ. Æри мын уæдæ мæхимæ ручкæ. Кæку мæ фарсмæ бандоныл йæхи мæстыхуызæй æрæппæрста. — Цæй, цы ныффыссон? Мæнæн ын мæ зæрды радзурын уыд, сочинени хъуамæ цæмæй райдайа, уый, фæлæ Кæкуйæн æвип- пайды йæ пъеройы хыртт-хыртт ссыд. — Сындæгдæр! Писыр дын, миййаг, куы нæ дæн! Лæппуйы фыстыты рæдыдтæ æгæр куы сарæх сты, уæд æм æз мæхи нал баурæдтон: — Кæку, æвæццæгæн, дæ тетрад адæймаг куы фес- тид, уæд фырæфсæрмæй сырх-сырхид афæлдæхид. — Æз дын дæ цæсгом тымбылкъухæй куы ныд- дауон, уæд дын уый æцæгдæр сырх-сырхид ауыдзæн,— йæхи мæм фæбирæгъ кодта Кæку.—Цыма дæ ардæм худынмæ æрбахуыдтон... — Цæй, ма мæсты кæн. Фæлтау сындæгдæр фысс æмæ рæдыдтæ ма уадзай. — Хорз,— мемæ сразы нс Кæку,— Æрмæст мын тагъд ма дзур... Сочинени фысгæйæ нæ дыууæйæн дæр нæ хид 98
акалди. Фæлæ нсдуг Кæку йæ фæллад шщæмæуая дардта. — Ацы хатт мын Мырзабег «тынг хорз» ма сæвæ- ра! — фысгæ-фыссыны йæхицæй ныббуц ис Кæку.— Цæй, «хорзыл» дæр уал разы дæн, æвиппайды йæ зæрдæйæн исты куы уа... Æппынфæстаг лæппу иуварс аппæрста йæ тетрад. — Охх, охх, охх... Æнхъæлдæн æмæ Дæхцийы сæ- рæнгуырд фыдæбонæй йæхи амардта,— йæ цæнгтæ дардыл айвазгæйæ хъæрæй сдзырдта Кæку. — Ныр хъуамæ ахæрын дæр æвзæр ма уа... Æз хъавыдтæн сыстынмæ, фæлæ мын Кæку йæ къухæй ацамыдта, дæ бынаты бад, зæгъгæ. Уыйфæстæ лæппу бауади пецы цурмæ æмæ духовкæйæ стыр тæ- бæгъ раласта. Æз дзы куыддæр цæрвджын уæлибæхы кæрстытæ æмæ карчы дзндзайы хæйттæ ауыдтон, аф- тæ мæ комыдæттæ рауадысты. Уæдмæ Кæку тæбæгъ хъавгæ мæ акомкоммæ стъолыл æрæвæрдта, стæй бан- доныл йæхи æруагъта. Уайтагъд лæппуйæн йæ цъæм- цъалм ссыд. — Æхсар, йæ Æхсар, ныр мæм хæлæг нæ кæныс?— хæргæ-хæрыны мæ афарста Кæку. Æз æм, «нæ», зæгъгæ, мæ сæр банкъуыстон. Кæку йæ фæтæнгомау дæндæгтæй карчы базыгæй стыдта æмæ та мæ иогæй афарста: > — Ныр мæм æцæгæй нæ хæлæг кæныс? Æз мæ цæстытæ иуварс азылдтон. Исдуг агъуысты Кæкуйы цъæм-цъæм æмæ сым-сьь мæй дарддæр ницыуал хъуысти. Иузаман лæппу чысыл фенцад йæ хæрдæй æмæ мæм цæмæдæр гæсгæ сусæг хъæлæсæй æрбадзырдта: — Иæ, авæрин дын дзы, фæлæ нæфæтчиаг сты, нæ- фæтчиаг. Бынатыхицауæн сæ скодтам... Уыцы рæстæг æз рудзынгæй ауыдтоп Косерханы кæртмæ æрбахизгæйæ. Мæнæп æвнппайды мæ зæр-- дæйы гуыпп-гуыпп ссыд. Мæнæ чызг бæласæй кæрдо. 99
ратыдта æмæ хæргæ мидæмæ æрбацæуы. Æз æнæбары мæ бынатæй фестадтæн. Банцади йæ цъæм-цъæмæй Кæку дæр. Уалынмæ дуар æрбайгом, æмæ Косерхан къæсæрыл æрлæууыд. — Ацы уазæджы та нæм цы хуыцау æрбаппæр- ста? — тызмæгæй бафарста уый. Фæлæ Кæку йæ дзых дæр нæма схæлиу кодта, аф- тæ мын чызг йæ къухæй æддæрдæм ацамыдта. Æз йæ рæзты кæртмæ разгъордтон. — Æдылы, марадз йæ фæдыл акæс! — мæ хъустыл ма ауадис Косерханы бæзджын хъæлæс.— Исты нæ куы адава, уæд та? * * * Станы та мæ нæ чызджытæ иуран нал уагътой, азар нын, зæгъгæ. Æз мæхнцæн лæгъстæ никуы баца- гуырдтоп, фæлæ мæм ацы хатт зарын нæ цыд. Уымæ гæсгæ сæм ме ’ргом не здæхтон. Æрмæст Зæринæ йæхнмæ фæндыр куы ’рбайста, уæд æнæбары йæ цур- мæ бацыдтæн. Цагъды зæлтæ айхъусгæйæ адæм фæ- сабыр сты. Æз мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æмæ зæр- дæбынæй базарыдтæн: Æнæрай фæуай, цы сау лæппу дæ, гъей! Ацы сагъæсты мæн чи фæкодта, гъей! Зарæгмæ Зæринæйы цъæх цæстытæ куыд сæрттыв- той, уый бафиппайгæйæ æз мæ хъæлæс фæбæрзонд- дæр кодтон: Чи-иу ныззылди мæ разы цъилау, гъей! Ныуулæфыд-иу йæ къæхты бынæй, гъей! Зарæг кæронмæ нæма ахæццæ, афтæ станмæ дон- .ластæй æрбахызт Косерхан. Уый раст уыцы минут æрхæццæ хъæуæй, æмæ йæм адæм цымыдисхуызæй ,сæ сæртæ азылдтой. Æз æнæбары мæ зардæй фæ- ^лæууыдтæн. Фескъуыди фæндыры цагъд дæр. 100
— Цы хабæрттæ ис хъæуы? — нæуæндон хъæлæ- сæй чызджы бафарста сылгоймæгтæй чидæр. — Хорзæй ницы,— йæ къаба æрцæгъдгæйæ дзуапп радта Косерхан, стæй цæмæндæр Зæринæйырдæм ба- каст æмæ хъæрдæрæй сдзырдта: — Уæлæ, мæгуыр, хæстæй Темыры марды хабар сыхъуыст... Æваст станы къуымты азæлди зæрдæхалæн цъæ- хахст. Зæринæйæн йæ къухтæй феуæгъд ис фæндыры кæрон æмæ сабыргай уасгæ зæхмæ æривæзт. Мæнæн цыма æвиппайды мæ хуылфы исты фескъуыд, уыйау мæ риу срыст æмæ уадзыгау мæхи кæуылдæр бауагъ- тон. Зæринæ фæндыр йæ фæдыл ласгæйæ лæмæгъ къахдзæфтæй араст дуарырдæм, стæй йæ æрæппæрста æмæ кæугæ æддæмæ азгъордта. Чысыл ме ’муд куы ’рцыдтæп, уæд ма кæртмæ бæргæ ратахтæн, фæлæ чызг кæмдæр æрбадæлдзæх. Æз станы чъылдыммæ богъ-богъгæнгæ хуылыдз хъæмпыл ныффæлдæхтæп. Уарынмæ уайтагъддæр ныддонласт дæн, фæлæ уæддæр уæлæмæ нал стадтæн. Мæнæн мæ зæрдыл æрлæууыд, Темыр нын-иу куыд æххуыс кодта, уый. Мæ цæстытыл ахъазыд суанг пæ хæлар мидбылты худт дæр ма æмæ мæ кæуын бауромынæн ницыуал бафæрæзтон. Иуза- ман мын чидæр ме уæхскыл хъавгæ йæ къух æрæ- вæрдта. Æз хæрдмæ скастæн æмæ мæ цуры Солæйы дзуццæджы бадгæйæ куы ауыдтон, уæд поджы тынг- дæр ныккуыдтон. — Мах дæр ыл бæргæ хъыг кæнæм,— загъта мын уый уынгæг хъæлæсæй,— фæлæ ма кæуыпæй цы ра- уайдзæн? Æз æм иииы сдзырдтон. Солæ фыццагау бадтис мæ разы дзуццæджы æмæ мæ архайдта басабыр кæны- ныл. — Зæринæ цы фæцн? — иузамап æй мæ кæуын фæуромгæйæ афарстон æз. — Нæ зонын. Чызджытæ йæ агурынц... 101
Уыцы дзырдтæм æз хъæмпæй фæгæпп ластон. — Цом... Цом, ссарæм æй,— рпзгæйæ сдзырдток æз.— Æнæ ссаргæ йын нæй! Солæ мæ фæстейы æййафгæ дæр нал кодта. Мах фæзылдыстæм станы алывæрсты, фæлæ Зæринæ зынæг никуы уыд. — Кæд хъæумæ ацыд? — æрæджпау дызæрдыг- гæнгæ загъта Солæ. — Нæ, нæ, ам кæмдæр ис,— йемæ не сразы дæн æз. Æмæ та ногæй агурын райдыдтам. Куыдфæстæмæ мах Солæимæ станæй адард стæм. Уæдмæ чысыл æрталынг. Нæ алыварс сау æндæрджы- тæй дарддæр куы ницыуал иртæстам, уæд æз мæ къухтæ мæ дзыхы фæрстыл авæрдтон. — Зæринæ-æ-æ! — быдырыл азæлдп мæ тарст хъæлæс, фæлæ мын дзуапдæттæг нæ фæци. — Зæринæ-æ-æ! — ногæй та ныхъхъæр кодтон æз. Быдыр фыццагау лæууыд æдзæмæй, æрмæст нартхæрт- ты сыфтыл иугæндзонæй тъæпп-тъæпп кодтой уарыиы ставд æртæхтæ. Фæстагмæ чызджы агурынæй куы бафæлладыстæм, уæд Солæимæ станмæ раздæхтыстæм. Æз ма цæмæдæр гæсгæ мæ зæрдæ дардтон Зæрпнæйы уым баййафы- иыл. Фæлæ йыл дуарæй бакæсгæйæ адæмы ’хсæн мæ цæст куынæ ’рхæцыд, уæд та ногæй æддæрдæм фæ- зылдтæн. — Мауал æн агур,— мæ цонгæй мæ ацахста сыл- гоймæгтæй чидæр.—Æвæццæгæн, уый сæхимæ ацыд... Æз сæргуыбырæй станы къæсæрæй бахызтæн. Уы- цы ’хсæв мæнæн мæ хуыссæджы хай кæдæмдæр фæ- лыгъд. Куы-иу мæ размæ Темыры сурæт февзæрд, куы — Зæринæйы. Æппынфæстаг мæ хъуыдытæ иу- уылдæр чызгыл сысты. Райсомæй куыддæр боп æрбарухс, афтæ æнæнхъæ- лæджы станы дуар æрбайгом æмæ чысыл ма бахъæуа ма ныхъхъæр кæнон: къæсæрыл йæ хуылыдз дзыкку- 102
тæ йæ рнуыл уагъдæй æрлæууыд Зæринæ. Мæнмæ-иу зедзухдæр афтæ касти, цыма Зæринæйæн æнкъардæй дæр йæ рæсугъд цъæх цæстытæ æрттивгæ фæкæнынц, фæлæ ныр уыдон ахуыссыдысты, æмæ чызджы цæс- гом æгасæй дæр æвдыста æнæкæрон рнс æмæ æнтъыс- нæгдзпнад. Уынæрмæ адæм иууылдæр фехъал сты. Мæнæ сыл- гоймæгтæ сæ хуыссæнтæй фестадысты æмæ Зæринæйы зенæдзургæйæ мидæмæ бакодтой. Чызг æрбадти йæ сынтæгыл æмæ исдуг зæхмæ ныккасти. Мæнæн мæ боп раиртасын нæ уыдис, Зæринæйы рустыл уарыны ’ртæхтæ ныууагътой сæ фæд æви сыл цæссыгтæ æрцы- дис, уый... Чызджы ахæм уавæры фенгæйæ æз цæмæндæр мæ дарæс кæнынмæ бавнæлдтон... Темыры афтид ингæныл дурын цырт дæр нæма ныссагътой, афтæ нæм иубон уынгæй æвиппайды æр- байхъуыст Фаскайы кæуын. Мах æм Æнаимæ удаис- тæй рацæйзгъордтам, фæлæ къæсæрыл æнæнхъæлæ- джы немæ баиу Зæринæ. Чызджы хуыздзыд цæсгом яуынгæйæ Æна тарстхуызæй афарста: — Цы ’рцыд?! Уый цæй уынæр у?! — Госка... Госка, дам, сæрра...—хъæрзæгау ын дзуапп радта Зæринæ æмæ йыл кæугæйæ йæхп бап- пæрста. Æз нæ кæрты дуар мæ сæрыл рахастон. Уынг адæмæй æмызмæлд ссп. Иутæ згъордтой кæ- рæдзпмæ, иннæтæ уадысты Госкатæм. Мæн дæр мæ къæхтæ дæлæрдæм ахастой. Æз уайтагъд нæ сыхæг- ты фæстейы фæуагътон, фæлæ Госкаты дуармæ куы ныххæццæ дæн, уæд цæмæдæр гæсгæ кауы рæбын æрлæууыдтæн. Мæнæ мæм уалынмæ кæртæй рай- хъуыстн зæронд усы зарын, æмæ мæ зæнгтæн сæ хъа- ру цыдæр æрбаци. Æз дæр кæпдæртау æнæуæпдонæй 103
быруйы сæрты мндæмæ бакастæн... Госка белыл æр- цауыгъта йæ чындзаджы къабайæгтæ, сæ уæлæ сын æркодта урс-урсид цыллæ хыз æмæ та-иу заргæ кæр- ты къуымты асирдта: «Мæнæн Темыр чындз æрхаста! Чындзы бæсты сындз æрхаста! Уырц! Уырц!» Усмæ кæсгæйæ адæм сæ цæссыгтæ нал урæдтой, фæлæ сæ йæ цурмæ бацæуын ничи уæндыд. Æрæджиау кæртмæ бахызт Æна. — Ды та чи дæ? — сонтæй йæ афарста Госка. — Ау, нал мæ зоныс? Æна куы дæн... — Æна та чи у? — зæронд ус исдуг хъуыдытыл фæци, стæй æвиппайды сцин кодта: — А-а-а, Æна дæ? Æцæгдæр дæ куынæуал базыд- тон. Мæ уд дæ фæхъхъау æрбауа, уæртæ-ма мын мæ чындзы фен! Зæд нæу, зæгъыс, зæд! Æпайы цыма чындзы фенын фæндыд, уыйау æцæг- хуызæй белы цурмæ бацыд. Уыцы рæстæг Госка æнæнхъæлæджы ныккуыдта. — Амардтой мын мæ цæугæ мæсыджы, амардтой пæ! Уæ мæнæ дзы мæ къухтæ мæ роны куыд акодтон! Мæнæ мæ зæронды бонты дзæгъæлæй куыд баззад- тæн! — иуцасдæр йæ уæрджытæ хоста ус. Стæй та ногæй æмдзæгъдгæнгæ базарыд: «Мæиæп Темыр чындз æрхаста! Чындзы бæсты сындз æрхаста!» Уæдмæ кæрты дыууæ лæгимæ фæзынди нæ хъæу- советы сæрдар Елмæрз дæр. Куыддæр сæ Госка ауыд- та, афтæ белмæ фæлæбурдтæ: — Сымахæй та мæ, Темыр фæмард, зæгъгæ, чи асайдта? — тызмæгæй сæ афарста ус æмæ бел ныццæ- вынæввонгæй йæ сæрмæ ныззылдта. Уайтагъд къабайæгтæ æмæцыллæхыз фæйнæрдæм 104
атахтысты. Уый бафиппайгæйæ Госка бел къулы ’нцой авæрдта æмæ та йыл йæ чындзаджы хъуымæцтæ ауындзынмæ фæци. — Ма тыхс, мæ удыгага, ныртæккæ та дæ æз адзæбæхтæ кæндзынæн! — рæвдаугæ хъæлæсы уагæй сдзырдта ус.— Чындзæн дæр æмæ мын чызгæн дæр дæу йедтæмæ куы ничи пс... Госка къабайæгтæ куыд ауыгъта, афтæ йын Ел- мæрзитæ дыууæрдыгæй йæ цæнгтыл фæхæцыдысты. Зæронд ус сæ хъавыди йæхи ратонынмæ, фæлæ йæ уы- дон нал суагътоп. — Цом-ма, Госка, уæлæ чындзы хæдзар абæрæг кæнæм,— æцæгхуызæй йын загъта Елмæрз.— Цымæ уыдон дæр дæу хуызæн сæрæн сты... Кæрты дуармæ цæттæйæ лæууыд бæхуæрдон. Гос- кайы йæм куы сæргъæвтой, уæд та уый йæ дзыхæй æрцагъта. — Чындзы та цæуын, Елмæрз, чындзы та цæуын!— рæстæгæй-рæстæгмæ-иу цингæнгæ фæхъæр кодта ус. Стæй та-пу ногæй цæгъдынмæ фæци. Фæлæ уæрдон йæ бынатæй куы фснкъуыст, уæд Госка æваст фенкъард. — Фæлæуут... Фæлæуут-ма,— фæллад хъæлæсы уагæй сдзырдта уый.— Дзæгъæлæй мыи цы хæдзар зайы, уымæ ма иу хатт уæддæр акæсон! Къуырипы фæстæ нæм горæтæй æрцыд æнамоид хабар: Госка рынчыпдоны амард... Уыцы сæрд дæр та мах уыдыстæм мæнæу кæрдын- мæ. Нæ бригадæй сосæвæндагмæ дæр ннчима ба- хæццæ уыдаид, афтæ æвпппайды уарын ныссæххæтт ласта. — Зæри, нæхи уал бæлæсты бып уæддæр бааууон кæиæм! — фæхъæр кодтон æз чызджы цоигмæ фев- налгæйæ. 105
— Донласт хуылыдзæй нал тæрсы,— Зæринæ мæм йæ мидбылты бахудти. — Уымæй дæр раст зæгъыс,— йемæ сразы дæн æз, уарынæй йæ тæнæг къаба йæ буарыл куыд аныхæст, уый бафиппайгæйæ. Æмæ та нннæ хæттытау мæхины- мæр ныддис кодтон: «Ахæм ма дзы рæсугъд гуыры- конд уыдзæн». Уарын куыд тагъд ныккалдта, афтæ тагъд банцад. Мæнæ ныгуылæнырдыгæй мигъты скъуыдæй фæ- зынди хуры цæст, æмæ ногæхсад быдыр æгасæй дæр сæрттывта. — Цымæ дунейыл, уыцы рæсугъддзинад чи равди- са, ахæм нывгæнæг ис? — мигъты сырхбын кæрæттæм ацамонгæйæ бафарста Зæринæ, æмæ йæ даргъ цæс- тыхаутæ кæрæдзиуыл æрæндзæвыдысты. Исдуг чызг лæууыди цъындæй, стæй йæ цæстытæ аууæрста æмæ сæ худгæйæ ракасти. Æз Зæрннæйы афтæ хъæлдзæгæй рагæй нал фед- тон æмæ йын цингæнгæ загътон: — Темырмæ дæр-иу хурныгуылд рæсугъд касти! Мæ дзырдтæй Зæринæ йæ бынаты хæрдмæ фæ- хаудта, фæлæ байрæджы: чызгæн йæ ирд цæсгомæй æрбайсæфт йæ рæсугъд мидбылты худт. — Цом нæхимæ,— фæлладхуызæй сдзырдта Зæри- нæ.— Не ’мбæлттæ афонмæ хъæумæ фæхæццæ кæ- иынц... Æз сæргуыбырæй йæ фæдыл рараст дæн. Мæн бæр- гæ фæндыд, чызджы цæсгомыл та фыццагау мид- былты худт куы ахъазыдаид, уый, фæлæ йæ цыхуызы схъæлдзæг кодтаин, уымæн ницы зыдтон. Дурджын Бæрзондырдыгæй та погæй радымдта, æмæ уайтагъд хур мигъты фæстæ фæаууон. Бæстæ æгасæй дæр ныттар п. «Темыры кой цæмæн скод- тон?» — чызджы фарсмæ цæугæйæ иудадзыг мæхимæ хæцыдтæн æз. Хъæумæ хæстæг, Цæлыччы къанау æрхмæ кæм 106
фæзылд, уырдæм куы схæццæ стæм, уæд нæ размæ фæндагыл ауыдтон цавæрдæр машинæ. Мах хъавыды- стæм йæ цурты ацæуыпмæ, фæлæ нæм дзы Буцп худ- гæйæ æргæпп кодта. — Табуафси, машинæйы сбадут!—загъта нын уый, Зæрннæмæ кæсгæйæ. — Бузныг... Хъæумæ бирæ куынæуал ис...— дзуапп ъш радта чызг цæугæ-цæуын. — Цæй, кæдæм лидзыс? — машпнæйы гуыффæйæ бустæхуызæй æрдзырдта Косерхан,— фæстейы дæ куы нæ сурынц. Зæрпнæ йæ цыд фæтагъддæр кодта. Машинæйæ райхъуыст цыдæр сусу-бусу ныхас. Мæнæн цæмæдæр г.æсгæ мæ зæрдæ,бауазал. Мах, æвæццæгæн, Буцийы цурæй дыуунссæдз метры бæрц дæр нæма рауадаик- кам, афтæ машпнæ йæ бынатæй фенкъуыст, æмæ æнæ- бары нæхи фæндагæй фæиуварс кодтам, фæлæ уый нæ тæккæ размæ æрлæууыд. — Ахæм ма дзы хъал чызг уыдзæн, — хъазæиæм- хасæнты загъта шофыр.—Æвæццæгæн, рог машинæ- йы йедтæмæ ницæм бады. Слæй ма худгæйæ йæ ны- ласмæ бафтыдта: —Цалынмæ ма мæ хорз зондыл хæст дæн, уæдмæ рæвдз схиз, чызгай! — Схпз! — Схиз! — схор-хор кодтой гуыффæйы бадджытæ. Уыцы рæстæг Буци Зæринæмæ фæлæбурдта. — Суадз мæ! — фæхъæр ыл кодта уый.— Суадз мæ, æдзæсгом! Зæринæ йæхи ратыдта, фæлæ та йыл Буци ногæй фæхæст. Æз лæппуйыл фæстæрдыгæй мæхи пыццав- тон. — Хæцаг къæбыла! — иыууынæргъыдта Буци æмæ мæ æвиппайды йæ къахæй рариуыгъта. Мæнæн зæххыл мæ тъæпп фæцыд. Уæдмæ маши- нæйæ æргæппытæ кодтой цалдæр лæджы æмæ Зæри- нæйы гуьтффæмæ сæппæрстой. 107
— Мæ хæдзар фехæлд! — быдырыл азæлд чызджы цъæхахст, фæлæ йын уайтагъд лæгтæй чидæр нæ дзых къухæй ахгæдта. — Амондджын чындз дын фæуæд, Косерхан, амондджын! — ауадис мæ хъустыл æнæзонгæ хъæ- лæс, æмæ мæхи гуыффæмæ фехстон. Иуцъусдуг ма, æмæ æз дæр уæлейы балæууыдаин, фæлæ мын уыцы рæстæг чидæр фæйнæджы лыггагæй ме ’нгуылдзтæ æрцавта, æмæ цъыф фæндагыл ныд- дæргъ дæн. Цалынмæ мæ къухты тугкæлгæ зæххæй стыныл архайдтон, уæдмæ машинæ Хъахъхъæдурырдæм фæ- зылди. — Æхса-а-ар! — пу хатт ма айхъуыстон Зæринæ- йы æнуд хъæр. Уæдмæ Косерхан фæндыры тæнтæ фæйнæрдæм айвæзта, лæгтæй чидæр цъæхснаг хъæлæсæй ныззарыд, æмæ йын иннæтæ бахъырныдтой. Æз ма пуцасдæр машинæйы фæдыл азгъордтон, стæй фæстæмæ мæ худмæ раздæхтæн. Зæринæ Буципмæ хъуырдухæны кæм бацыд, уым зæххы хаудæй лæууыд ихсыд æнгуз... Æз æй кæугæйæ систон æмæ йæ мæ риуы дзыппы сæвæрдтон... :*: :•; :}: Мæнмæ гæсгæ, нæ хъæуы, Зæринæйы аскъæфт йæ зæрдæйы маст кæмæп нæ бауагъта, ахæм адæймаг нæ разындаид. Фæлæ уæддæр уый, æвæццæгæн, мæ- иæй зындæр никæмæн уыд. Æз ард бахордтон, цалып- мæ Зæринæйы ссарон, уæдмæ нæ кæрты мæ къах кæй ыикуыуал æрæвæрдзынæн, ууыл, æмæ милицæйы кус- джытимæ зылдтæн скъæфджыты фæдыл. Иу-цалдæр бопы сæ агуырдтам хæстæг хъæуты. Уыйфæстæ нын фехъусын чындæуыд, Арвыкомы Буцийы ’рвадæлтæм сты, зæгъгæ. Фæлæ та уырдыгæн дæр алыгъдысты, Зæринæ сын разыйы дзуапп куы нæ лæвæрдта, уæд. 108
Милицæ сæ фæстæ кæй зилынц, уый бамбаргæйæ скъæфджытыл бынтондæр катай бахæцыд. Цы ранмæ- иу бафтыдысты, уым-иу рагацау Зæринæмæ æрвитын байдыдтой, хъæуы зæронддæр чи уыд, уыцы лæгты, æрмæст сын чызг фыццагау къæрттæй цъула не ’ппæрста... Мæнæй никуы ферох уыдзæн, Санибайы иу хæдза- рæй Зæринæ нæ размæ кæугæйæ куыд разгъордта, уый. Ме ’нгуылдзтæ мын бастæй куы ауыдта, уæд чызг ноджы хъæрдæрæй никкуыдта æмæ мæ æнæ- дзургæйæ йæ хъæбысы ныккодта. Мæнæн æвиппайды мæ зæрдæ æрбауынгæг. Уалынмæ хæдзарæй фæзынди Буци дæр. — Зæринæ, ма мæ фесаф,— лæгъстæтæм фæци уый. — Цæрæнбонты дæ мæ уæлныхтыл хæсдзынæп... — Ацу мæ разæй, æлгъаг! — йæ ныхас ын æрдæгыл фескъуыдта чызг, фæлæ та Буци ногæй райдыдта: — Дæ къух дын уазал доны атулын дæр никуы бауадздзынæн... Лæппу ма хъавыди ноджыдæр цыдæр зæгъыимæ, фæлæ йын æз æвиппайды, къулы рæбын цы æхсæытæ- доны къæрта лæууыд, уый йæ цæсгомыл басæх- хæтт ластон. Буци ферхæцыд æмæ исдуг йæ хуыфынæй нал æнцад. Мæнæн ын мæ зæрды уыдис къæрта дæр ма йæ уæлæ ныццæвын, милицæйы кусæг мын афой- надыл мæ къух куы нæ ацахстаид, уæд. — Ма кæ, лæппу,— загъта мын уый æнцадæй.— Ныр ын закъон йæхæдæг амæлттæ кæндзæн... Закъоны коймæ Буци Зæринæйы раз йæ уæрджы- тыл æрхаудта. — Дæ мады хатырæй, ма мæ фесаф! — йæ цæсго- мы чъизитæ сæрфгæйæ кæуынхъæлæсæй сдзырдта уый.— Уæддæр ма дын цы уæлдай у? Буцийы ныхæстæм Зæринæйы цæстытæ фырмæстæй ферттывтой. — Дæумæ ацæуыны бæсты мæлæт хуыздæр! — та- 103
рæрфыгæй загъта чызг, æмæ Буци кæрты астæу йæхи фæсу’р кодта. Чысыл фæстæдæр хæдзарæй ракодтой скъæфджыты се ’ппæты дæр. Косерхан ма хъавыди кæркдоны амбæх- сынмæ, фæлæ йæ æз йæ къабазæй æддæмæ раппæр- стон. Мах Зæринæимæ сбадтыстæм мнлицæйы машинæ- йы, Æз æрмæстдæр уыцы минут бафиппайдтон, йæ цæнгтæ сау хъулæттæ кæй уыдысты, уый. Суанг ма йæ зæнгыл дæр бæрæг дардта дæргъæй-дæргъмæ тæлм. Мæн тынг фæндыд, чызгæн йæ дарддæры царды ныфсы хос чи фæуыдаид, ахæм дзырдтæ зæгъын, æрмæст сæ ссарын нæ фæрæзтон. «Уæд та уал кæугæ куы скæнид»,— сдзырдтон æз мæхинымæр, Зæринæйы цæсгом бынтондæр куыд ныд- дур, уымæ кæсгæйæ. Фæлæ чызгæн йæ хус цæстытæ иудадзыг кодтой уазал æрттывд. «Йæ ихсыд æнгуз ын раттип?» — иузаман аленк кодта æвиппайды мæ сæры, æмæ мæ хъуыдыйæ мæхæдæг фæтарстæн... Мæйы фæстæ Зæринæйы скъæфджыты Сыбырмæ ахастой... * * * Автобусæй куы ’рхызтæн, уæд мæ фыццаг фæкаст уыдпс, мæ сывæллоны бонтæ цы кæрты арвыстон, уырдæм. Нæ чысыл хæдзарæй кæй ницыуал баззад, уый бафиппангæйæ мæнæн æваст мæ зæрдæ барыст. Фæлæ мæ уарзон æнгуз бæласмæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд æнæнхъæлæджы мæ мидбылты бахудтæн: уый раздæрау сæрыстырæй лæууыд, йæ къабæзтæ дардыл айтындзгæйæ. Мæнмæ цæмæндæр афтæ фæ- каст, цыма йе скомкоммæ, нæ халсарты цæхæрадоны бынаты цы стыр райдзаст хæдзар фæзынд, ууыл æр- вæсгæ нæ кæны æмæ йæ йæхицæй афтæ æддоз- дæр уымæн атардта, уыйау. 110
Мæнæ уалынмæ автобусæй æргæпп кодта Зæринæ дæр æмæ мыл æвиппайды ныттыхстн. — Мæ гыццыл Æхсар...— уынгæг хъæлæсæй ма сфæрæзта уый, стæй цыма йæхицæн скæуынæй фæ- тарст, уыйау тагъд-тагъд дзурыныл фæци: — Беслæныхъæуы дæндаггæнæгмæ уыдтæн... Цы хорз у, кæй дыл амбæлдтæн, уый! Æна Мæскуыйы сахуыр? Сывæллæттæ куыд сты? Фæсарæнты артæ азы фæдæ? Зæринæ мæ суагъта æмæ мæм æфсæрмхуызæй йæ мидбылты бахудт. — Уæууа, дзырды бар дæр дын куынæуал цæт^ тын... Æз бамбæрстон, сылгоймагæн мæ фенд куыд æх- сызгон у, уый æхмæ та йæ æнæдзургæйæ æрбахъæбыс кодтон. — Солæимæ уæ цæй лæгтæ рауад, æвæдза; ды Мæскуыйы академийы кусыс, уый — нæхи унпверси- теты,— хæрдмæ мæм йæ цæссыгæйдзаг цæстытæй цин- гæнгæ скасти Зæринæ. Æз æнкъардæй мæхинымæр сдзырдтон: «Амондджын цæмæй суап, уый куы зонин, Зæринæ, уæд дæу тыххæй дунсйыл пнцæуыл бацауæр- дин...» Æмæ мын цыма сылгоймаг мæ хъуыдытæ бамбæр- ста, уыйау æпæнхъæлæджы фæтар и йæ хурсыгъд цæс~ гом. — Бузныг, Æхсар...— зына-нæзына базмæлыдысты Зæринæпы былтæ.
РАМАЗАН БАТЫРОВИЧ САБАТКОЕВ Где ты, Зарина? Повесть на осетинском языке Редактор И. Р. Цомартоп Художник А. А. К а п у к о в Художественный редакюр У. К. К а п у к о в Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор И. X. Д ж а п а е в а ИБ № 637 Сдано в набор 06 0181 Подпнсано к нсчати 16 04 81 ЕИ 00714 Формат бумаги 70х1081/32 Бум тип № 3 Гарн шрифта лнтсратурная Печать высокая Усл. п л 4,90 Учетпо-нзд лпстов 4,66 Тираж 2000 экз. Заказ № 10014 Цена 30 коп. Издательство «Ир» Управлсиия по дслам издатсльств, полнграфии и кппж- ноп торговли Совета Министров СО АССР, 362040 г. Орджоникпдзс, ул Димитрова, 2. Кннжная типография Управления по дслам издательств, полиграфии и книжнон торговлн Совета Министров СО АССР, 362011. г Орджоникидзс, ул Тельмана, 16