Текст
                    ДЗАБИТЫ ЗАРБЕГ
ФÆДИС, ХÆЛЫ
НÆ ХÆДЗАР
Цхинвал
Дом Печати
2011


84 (Осет.) 7-4 Д43 Д 43 Дзабиты З.Т. /Проснитесь, разрушается наш дом. - Цхинвал, Дом печати, 2011* 15ВЫ - Издательский №2 © Дзабиты З.Т., 2011 © Дом печати, 2011
Редакторæй Сæрибары сæрыл тохы зарæг Ирыстоныуæндонхъæлæ- сæй фыццаг цы комы айзæлд, уым, Чеселтгомы алæмæттаг æрдзы хъæбысы райгуырд ацы чиныджы автор Дзабиты Зарбег Тъырбуйы фырт. Автор.куыд зæгъы, афтæмæй нæ уыдысты бæллиццаг йæ сабибонтæ. Дурæфхæрд къæхтыл Чеселты къæмбыртыл æмæ къулвæхстыл уæлыгæс бирæ фæцыд. Хызта колхозы фысты дзуг. Рæзгæ удмæ куыд нæ вæййы фæндтæ æмæ бæллицтæ, Зарбеджы бæллиц та уыд æфсæддон суæвын. Цалдæр хатт йæхи æрвитын кодта районы æфсæддон къамиссариатæн æфсæддон ахуыргæ- нæндонмæ, фæлæ-иу æрвылхатт дæр сæ дзуапп уыд: - дæхи хардзæй ацу. Хæххон цыбыркъух лæппуйæн та хи хардзæй фæцæуыны фадат кæцæй уыд... Æфсадмæ ацæуыны фæстæ мæхи уырдыгæй арвитын кæндзынæн, - хъуыды кодта æвзонг лæппу, фæлæ куыд фæ- зæгъынц, адæймаг, дам, фæндтæ кодта, Хуыцау та скъуыд- дзаг. Сталиниры пединституты ахуыркæнгæйæ уæззау рынчын фæцис, афæдзы бæрц нал систа йæ уат æмæ йæ бынтондæр ссæрибар кодтой æфсадмæ акæнынæй. Йæ уацтæ, йæ очерктæ æмæ радзырдтæ мыхуыры цы- дысты бынæттон газетты æмæ журнал «Фидиуæг»-ы. Куы- ста Чеселты астазон скъолайы ахуыргæнæгæй, областон библиотекæйы, газет «Советон Ирыстон»-ы, Туризмы Со- веты, Зонад иртасæн институты æмæ æндæр бынæтты. Мыхуыры йын рацыд цалдæр чиныджы: «0 терминоло- гии осетинской народной медицины», «Ирон адæмон ме- дицинæйы лексикæ», «Ирон адæмон хостæ», афтæ ма аивадон уацмысты æмбырдгæндтæ «Хæхты бæркад», «Зы- лындзых уæйыг» æмæ ма ирон æвзаджы тыххæй цалдæр чиныджы... Мæнæ абон рынчыны хицæуттæ афтиаджы
1ЛЛ/^><^9Л©<3^<><>^Л/Ъ куыд балæууынц хос агурæг, афтæ-иу Чеселтгом æмæ йæ алфæмблай хъæуты цæрджытæ та бон сихорафон зæгъай, æви æмбисæхсæв хосагурæг Дзабиты Тъырбуйы хæдзары дуар бахостой. Хостæ-иу Зарбеджы фыд арæзта алы æмæ алы хосæнбæзгæ зайæгойтæ æмæ уидæгтæй. Зыдта сын сæ нæмттæ æмæ уыцы хъуыддаг бандæвта йæ фырты дард- дæры ахуыры хъуыддагыл. 1978 азы Тбилисы Университе- ты диссертаци дæр ахæм темæйыл бахъахъхъæдта Зарбег «Медицинон терминтæ ирон æвзаджы»... Автор ацы æмбырдгондмæ цы уацмыстæ бахаста, уыдон фыст æрцыдысты æндæр æмæ æндæр рæстæджыты. Сове- тон дуг, хæццæ, æмтъеры рæстæг æмæ абоны цардивæны. Цыфæнды рæстæджы дæр автор æнауæрдонæй тох кæны царды негативон фæзындты ныхмæ. Худинаджы гакк æвæры мулк æмæ хъæздыгдзинад йæ царды сæйраг нысан кæмæн у намыс æмæ адæймагдзинад къæхты бын чи нык- кодта, ахæм адæймæгтыл. Авторы тырыса æрвылхатт дæр у рæстдзинад. Автор хъæрмуд у юморимæ æмæ йын уыцы æвзаг йæ уацмысты кæны аивдæр æмæ хъæздыгдæр... Филологон зонæдты кандидат Дзабиты Зарбег абон дæр лæуд у фæллойы фæндагыл. Кусы Паддзахадон универ- ситеты ирон филологийы кафедрæйы ахуыргæнæгæй. Чи- ныджы авторы кæддæр, йе ’взонджы бонты æфсæддон суæвын фæндыд, фæлæ йын æхсæнгарзимæ архайын хъыс- мæтæй нывгонд не ’рцыд. Уый хыгъд йæ ныхыфысты, йе ’ргъомбасты фæцис - фыссæнгарз. Æмæ нын йæ царды аи- вадон быдыры кæддæриддæр уæд рæстдзæвин. Остъаты Алан
ФÆДИС, ХÆЛЫ НÆ ХÆДЗАР Къуыдаргомы иууыл бæрзонддæр ран, сосæвæндаг кæ- дæм хæццæ кæны, уым ахаста фæз. Уыцы фæз цыппар хохы æхсæн кæй ис уымæ гæсгæ дзы дымгæ сæрдæй-зымæгæй йæ ниуынæй никуы æнцайы. Кæддæр ам арæзт уыд дым- гæйыл куырой. Ардæм алы хъæутæй хастой се ссинæгтæ, фæлæ уыцы куыройæн ныр йæ фæд дæр нал ис. Сосæвæндагæн галиуæрдыгæй лæнкау ахаста. Раджы дзы кæддæр æрбынат кодтой Теботæ. Хъæуы астæу къæ- дзæхæй булхъ-булхъ кæны суадон. Йæ булхъ-булхъ дардмæ хъуысы æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой «Булхъ-булхъгæнаг суадон». Къæдзæхы дон сыгъдæг у тайæн, дурты ’хсæнты йæхи хойгæ рахæссы, йæхи сцæгъды, æмæ иугæр дон йæ- хи сцагъта, уæд дзы уымæн æмбал нæй, хæрзад у. Гъе, æмæ Теботæ дæр ацы бынат равзæрстой йæ ады тыххæй. Æндæра уыдонæй чысыл фалдæр фæздæр бынат ис. Уыцы фæзы та цалдæр азы размæ арæзт æрцыд совхозæн дыууæ уæладзыгон къантъора. Уый та дæлвæндаг ис. Стыр дам- гъæтæй йыл фыст ис «Цады фæзы совхозы къантъора». Ца- ды фæз æй уымæн схуыдтой æмæ уымæй чысыл фалдæр ис егъау цад. Чидæртæ йæ æнæбын дæр хуыдтой. Ис дзы Цады хъæу дæр. Иннæ хъæуты уæлдай ам фылдæр адæм цæры. Къантъорайы алыварс рæгъгай сагъдæй лæууынц мохъобæлæстæ. Ам ныгуылæны æрдыгæй арæх кæй дымы, уый тыххæй сæ иуæй-иутæ акъулысты скæсæны æрдæм. Æмæ сывидыц сты. Уыдонмæ хæстæг шофыртæ сæ машинæтæ арæх бауромынц, бирæтæ сыл сæ скъæргæ дæр бакæнынц æмæ сын сæ фæрстæ ныххафтой, æрцъæл дзы къалиутæ дæр. Уын- джы саляркæ æмæ бензины тæф кодта. Уыдоны калæнтæй нæудзарм схъулон, сфыдуынд æй кодтой. Къантъорæйы бинаг уæтты уыд машинæйы цæлхытæ æмæ хæйттæ. Уæллаг хатæнты та бадтысты совхозы гæс- тæ. Уæтты размæ ахаста даргъ къæлидор. Уый уыд райд-
-—^лл/^кгчЗЛО-О^^^лл/ь заст, хæрзæфснайд. Хатæнтæй алы дуарыл дæр фыст уыд гæстæй алкæй мыггаг дæр. Уыцы даргъ къæлидоры змае- лæг нæ зынд, афтæмæй та сын кусгæ бон уыд. Æрмæст дзы иуранæй сабыр ныхас цыд. Уый дæр хатт нæ райхъуысы. Æрæджиау уыцы хатæны дуар бакондæуыд. Къæсæрæй рахызт, йæ цæсгом хурæй кæмæн ныссыгъд, ахæм тым- былдзæсгом лæппу. Сау къуыбыр рихитæ йын йæ цæсгом рæсугъддæр фидауын кодтой. Йæ уæлæ уыд цыбыр дыс- джын дæргъытæ хæдон. - Дзоццæ, - радзырдæуыд æм фæсте. Уый баздæхт æмæ дуар рахгæдта йæ фæстæ. Даргъ стъолы фарсмæ бадт æм- бис кары лæг, йæ сау æрфгуыты хъуынтæ спыхцылтæ сты. Уымæн дæр йæ цæсгом хурсыгъд. Фындзы царм рас- тъыхстис æмæ йæ уæлæ тæнæг цъæрттæ хъилатæй лæу- уыдысты. Лæппу куы баздæхт, уæд лæг сыстад. Рудзын- джы фæтæн фæлгæтæгтæ бакодта, стæй уый æрдæм йæ къух фæдардта, цæмæй йæм æввахсдæр бацыдаид. - Хъус ма, Дзоццæ, ды тынг зоныс хохаг куыстытæ, æнæ- хъуаджы нæ фæдæ Тимирязевы номыл Хъæууон-хæдзара- дон академи, хорз специалист дæ, стæй дын тынг феххуыс, хъæуы кæй схъомыл дæ, уый. Зоныс, мусы зылды ’ййа- сы зæххы гæппæлыл дæр кæд цы аразын хъæуы, уый. Дæ куысты алцы дæр нывыл у. Æз сæрæстыр дæн, дæ хуызæн æвзыгъд лæппуимæ кæй бахаудтæн айхуызæн ахсджиаг куыстмæ, - дзырдта совхозы директор буцæй, - быдырон колхозты куыст та куыд нæ зонын, ацы системæйыл бирæ фæкуыстон, фæлæ ам хохы зындæр у йæ уавæртæм гæсгæ. Ацы фæтæнты хорз зоныс, - йæ къух ахаста фæйнæр- дæм, - Бубы хох, Фугæджын æмæ ’ндæртæ. Куыд хуыздæр уыдзæн? Фыццаг уал кæцы уыгæрдæнтæ райдайæм кæр- дын? Дзоццæ каст рудзынгæй æмæ йæ цæст сабыргай ха- ста уыгæрдæнтыл. - Таймураз, ам философи нæ хъæуы, ницы дæр дзы мæ академийы зонынад хъæуы. Уæхæдæг æй зонут, чингуыты цы фæрсæм хъæууон хæдзарады тыххæй, уыдон иууылдæр ист сты адæмы практикæйæ, адæмы фæлтæрддзинадæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уыимæ ма зонад дæр. Фæлæ хуыз- дæр у æмæ райдайæм кæрдын, зæххытæ фыццаг кæм ссау
мл*к^з>*©<ЗУ*е/<><>-ал/ъ—- вæййынц, уыдон. Бахынцын хъæуы уый дæр æмæ иуæй-иу уыгæрдæнтæ, куыд Хъæдыбынты уыгæрдæнтæ, Фæсра- гъы - адон августы æмбистæм карст куы нæ æрцæуой, уæд нал схусуыдзæн кæрдæгæмæ бамбидзæн.Уый иу иннæ: хур куы ахæсса, уæд хуссары уыгæрдæнтæ æнæмæнг басудз- дзысты, хур сæ сисдзæн, æмæ сыл цæвæг нал схæццæн. Иу- гæр цæвæгыл сау чъиу бады, уæд хос кæрдын æнцон нæу фæцис Дзоццæ йæ ныхас æмæ йæ директормæ бакаст. Уый ма йæм ноджыдæр истытæ зæгъынмæ æнхъæлмæ каст. Таймураз бирæ уарзта йе ’взонг кусæгмæ хъусын. Уый дзы нырма рог, æнæбынаты ныхас никуы фехъуыста. Фæлæ куы ныхъхъус, уæд та йæ сабыргай бафарста: - Уæддæр кæцы уыгæрдæнтæй райдайæм? - Зæрæстæттæй. - Хорз. Адæмы дæр афтæ фæнды. - Зæрæстон зæххытæ нæ алыварс сты. Мах фыццаг хъуа- мæ уыдон ныккæрдæм, стæй ма цы цух кæнæм, уый та æр- кæрддзыстæм, дæрддзæф нæм чи ис, уыцы уыгæрдæнты. Таймураз Дзоццæйы уæхскыл йæ арм æрæвæрдта æмæ та иучысыл алæууыны фæстæ сдзырдта: - Ды дæ хъæууон хæдзарады дæсны - агроном-эконо- мист æмæ ма фæрæди. Банымай, цас сты совхозы фос æмæ цæрджыты фос дæр. Нæ хæс у, кусæг лæгæн бар раттын, цæмæй хос ныккæрда йæхи фосы фаг дæр æмæ совхозы фосы фаг дæр. Уый нысан кæны: æмбисыл æркæрдын. - Æмбисыл куы æркæрдой, уæд уыцы хос нæ совхозы фосæн суыдзæн дыууæ азы фаг. - Уый нысан кæны, хи сæрмагонд фос сты фылдæр. - Бæгуыдæр, фæлæ цæрджытæй алчидæр йæ уæййаг фос дзидзайы цæттæйы кæй дæтты базары уæй кæныны бæсты, уый дæ рох ма уæд. - Адæмы нæ хъæуы фæлмæцын кæнын, æндæра нæ хъæутæ федзæрæг уыдзысты. - Уый мæхи хъуыды у. Таймураз ницыуал сдзырдта. Уаты къуымты азылд. Уы- мæн æхсæвæй-бонæй йæ сагъæс уыд, мацы фæрæдион, зæгъгæ. Уый зæхмæ каст, æнæдзургæ, йæ галиу къухæй йæ роцъойыл хæцгæйæ.
1№**&3^®431*0/&>ЛМ\> - Цæй; цом. Азилæм уыгæрдæнтыл, фенæм, кæрдæг кæм куыд у. Бæхтæ аифтындзын кæн лæппутæн, - уæззау сдзырдта Таймураз. Дзоццæ хистæры ныхасмæ фæцæуы- ныл. Директор йе стъолы фарсмæ бацыд æмæ йæ тымбыл къухæй æрцавта. «Ай хуызæн лæппутимæ, æз амæлон, куы нæ равдисон, куыд кусын хъæуы, уый, стæй хæхтæй лидзæг адæмы дæр куы нæ бауромон», - дзырдта химидæг. Йæ арф хъуыдытæй нæма ссæрибар, афтæ дуары хъæр фæцыд æмæ чи æрбахызт, уымæ æнæ бакæсгæйæ йæ афарста: - Цæттæ сты? - Цæмæй зæгъыс? - ауади йæ хъустыл сылгоймаджы хъæлæс. Лæг йæ сæрыл схæцыд. - Дуду? Нæ мæ ’вдæлы, кæд исты фарст, уæд æй райсоммæ уадз. Уый та фосы дохтыр уыд. - Æппындæр ницы, - бахудт чызг, - фæлæ дæ цæмæннæ ’вдæлы? Лæг фефсæрм йе ’нæ ’рхъуыды дзуаппы тыххæй, стæй йын дзуапп дæттынмæ фæцис: - Дзоццæимæ уыгæрдæнтæ бæрæггæнæг цæуæм. -Æз дæруемæ... - Бæхтыл цæуæм. - Фæнды хæрджытыл цæут, æз дæр сбаддзынæн. - Къабайы? Уый æнæдзургæйæ фæстæмæ фездæхт æмæ чысыл фæс- тæдæр туристон курткæ æмæ хæлафы директоры уæлхъус æрбалæууыд. - Нæ мыл фидауынц? - чызг æй къæйныхæй афарста, йæ къухтыл фæйнæрдæм ахæцгæйæ. - Тынг, - бахудт Таймураз, - фæлæ æртыккаг бæх нæй. - Æз æй ныртæккæ ссардзынæн, - разгъорæгау код- та æмæ асинтыл йæ къæхты тъæпп-тъæпп ссыд. «Хæйрæ- джыты фæуинаг, зивæг та æппын ницæмæ кæны», - мид- был фæхудт директор. «Раст цыма йæ дæсныйады тыххæй райгуырд». - Гъей, специалист, - уый Дзоццæйы фæсномыг у, æр- тыккаг бæх дæр аифтындз! - æдде йæм æрбайхъуыст Дуду- йы ныхас. - Уый та кæмæн? - фæрсы йæ Дзоццæ. - А-чызгæн! Тагъддæр змæл! Дæ къæхтыл къуыдыртæ
ис?! Гъе, специалист, ирон саргъ-иу ыл сæвæр базимæ! Æмæ а-чызг дæ мады раз лæджы хуызæнæй æрлæууа! Хорз? Кæд мæ фæтæрсид! - Хорз, мæ буц æхсин. Алцы дæр уыдзæн, дæу куыд фæн- ды, афтæ. Таймураз сæм рудзынгæй каст æмæ чызджы митыл æх- сызгон худт кодта. Уымæ диссаг каст, горæты хъомыл чызг, куыд тынг рæхст хъæуты алцæмæ. Уый бæхтæй дыууæйы идæттыл ныххæцыд æмæ сæ йæ фæстæ, сæ уачъитæ ныд- даргъгæнгæ, ласта. - Гъей, пан директор, - дзуры бынæй уæлæмæ, - бæхтæ цæттæ сты! Нæ хъусыс нæ? Цы фæдæ? Уый ма йæм иу каст скодта æмæ рудзынгæй куынæуал зынд, уæд идæттæ æмбонды михыл абаста æмæ асинтыл цырд-цырдслыгъд.Хисдæры кабинеты, бар нæракургæйæ, смидæг. Фæлæ хицауы телефоны дзургæ куы ауыдта, уæд фæсабыр. - Чи æрбацæудзæн? - фæрсы телефоны дзурæджы. - Хандзер, - райхъуыст дзуапп. Ацы рæстæджы уатмæ æрбахызт Дзоццæ. - Æмбырд хъуамæ ауадзой? - 0, изæры æмæ совхозы кусджытæ иууылдæр уым куыд уой, - райхъуыст та телефоны. Таймураз телефоны хæтæл æрæвæрдта æмæ йæ размæ æдзынæг кæсгæ баззад, йæ цæсгомы хуыз аивгæйæ. - Цавæр у алæбон æмбырдтæ уадздзыстæм, - сдзырдта æрæджиау, - æмбырдтæй куыст размæ цæуы? - Æмбырд дзы кæмæн уадзынц, адæм иууыл картоф гу- бакк кæнынмæ куы сты æмæ сæ изæры фæлладæй æндæр ницы æндавы, ныр нæ æмбырдтæм æвдæлы, - йæ ныхас баппæрста Дзоццæ. - Дуду ды ам лæуу æмæ куы æрбацæуой, уæд-иу сæ Ца- ды хъæумæ рарвит, - фæдзæхсы йæ директор. - Мæнæн æнæ цæугæ нæй. Бубы хохы дарæнты хуыс- къаг фос цы уавæры сты, уый иу къуыри нæ зонын. Уæртæ кæстæр бухгалтерæн зæгъут, уый уæддæр цæуын ничер- дæм фæразы æмæ сын уый фæндаг ацамондзæнис. Хистæр ницыуал сдзырдта.
^ЛЛЛ-сНЗЧЗ^О^З^’З/с^оЛЛ/Ъ * * * Æртæ барæджы сосæвæндагыл фæрсæй-фæрстæм иучы- сыл бауадысты. Хъæлдзæг Дуду йæ хистæрмæ гæсгæ нын- къард. Цасдæр ауайыны фæстæ Таймураз тых лæмарæгау сдзырдта: - Алæбон æмбырд, æмбырд... районæй, дам, фидаргонд дæн... йемæ хъеллау кæн, йемæ лæзæр уынджы, къантъо- райы, цыма нæ куыст агъуысты мидæг кæнæ уынджы хъæ- бæрыл ис... Æххуыс ницы сты, къуылымпыйæ дарддæр... - Ууыл цы нынкъард дæ? - фæрæвдздæр ис Дуду. Иæ бæх ын лыстæг, даргъ уисæй æрцавта, бæх йæ бынаты фесхъи- удта, æмæ директор фæцæйхауд. Дзоццæ бахудт. - Дуду, æз быдыры колхозты бæхтыл нæ цыдтæн æмæ куы ахауон, уæд ды уыдзынæ аххосджын, - чысыл фæху- дындзаст совхозы гæс. - Уæдæ æз та машинæтыл цæуын ахуыр нæ дæн. Æз рай- дыдтон бæхтæй, - бæхы дыккаг хатт æрцавта æмæ асæпп- сæпп кодта. Февзыста Дзоццæйы бæхмæ дæр. Нæлгой- мæгты равг фæивта Дуду. Барджытæ Фæзы уыгæрдæнты аздæхтысты. Дымгæ сæ ныхмæ дымдта, æмæ зæрдæ базыртыл бадæгау ссис. Ди- динджыты тæф фæтынгдæр, рог дымгæ буарæй хæдæтты ’хсæн зылд æмæ адæймагæн æхсызгондзинад лæвæрдта. Бæхтæ сæ бæрзæйтыл бæрзонддæр схæцыдысты. Æрдзы рæсугъддзинад уыдон дæр банкъардтой. Кæрдæг су- анг сæргътæм хæццæ кодта, æмæ сæм барджытæ къухæй æвнæлдтой. Иуран Дуду бæхæй æргæпп кодта æмæ дидин- джуытæ тонынмæ ныггуыбыр. - Уæздан нæлгоймæгтæ, сымах уæ къухтæн тæрсут, фæ- лæ уын æз уæддæр авæрон фæйнæ дидинæджы, - уый сæм дæтты дидинджытæ, - уæ риутыл ма сæ æрсадзут. Нæлгоймæгтæ фефсæрм сты, фæлæ Таймураз уæддæр йæхи раст кæныныл схæцыд. - Бауырнæд дæ, Дуду, мæ алыварс дидингуытæ ис æви нæ, нæ сæ хатыдтон. - Хорз у æмæ дын бинонтæ кæнын бантыст, æндæра æнæ усæй баззадаис. Куыд тагъд амард дæ зæрдæ?
^ш/^нз^^ОоСЗ^^^лл/ъ—- - Мæ зæрдæ нæ амард; Дуду. - Уæдæ цы кодтай? - чызг хатыд; телефоны дзурæгæй йæ зæрдæ кæй нæ барухс. Дзоццæ бынтон ныхъхъус. Уымæн йæ директоры сагъæс æмбæрстгонд уыд. Нырма авд мæй йедтæмæ нæ кусы æмæ лидзынмæ хъавы. Цавæрдæр Хан- дзер, партийы райкомы дыккаг нымæрдар; районæй фи- дар у сæ совхозмæ, гъе; æмæ алæбон ам. Ома æххуыс исты; бакæна; куыннæ стæй! Кусджыты æхсæн тъæгшытæ æмæ мыхъхъытæгæнгæ смидæг вæййы; семæ схылтæ кæны; кусджыты масты хай бакæны; стæй та Цады былмæ цæугæ минас кæнынмæ. Кæй хардзæй? Род; гъе хъыбыл; уæрыкк; сæныкк. Уæ совхозы фос; дам; сæрвæтты куы нæ цæуынц. Афтæ дæр ма вæййы? Бирæ сты æмæ сæ Хуыцау ноджы дæр сбирæ кæнæд; горæты адæм фыдызгъæлмæ бæлгæйæ; сæ былты цъæрттæ куы æхсынынц. Уыдон та сыл цæгъдынæй нæ ауæрдынц. Айразмæ йын сæныкк аргæвстой. Изæры Хандзер йемæ цы ахастаид; уый дзы нал уыд æмæ дирек- торы масты хай бакодта. Кæд; дам; дзы дæхæдæг дæр ни- цы хæссай, уæд; дам; æй фендзыстæм. Стæй уæд йе ’ртхъи- рæнтæ: скапиталисттæ стут; æнæхъæн рæгъæуттæ; дам; дарут æмæ совхозы нал кусут. Кæд та; дам; уын иухаттау уæ фос не 'руидзæм; уæд фæлæуут. Цалдæр хатты йæ фæхуыдта Дзоццæ дæр. Йæ фыд Га- бе къæбæр дæттон лæг у. Дыууæ хаты сын хъыбылтæ дæр аргæвста; Бæлдæрæнты та род; иннæ хатт та сæныкк. Фæстаг хатт ын йæ размæ æрхастой æрмæст цæрвджын хæ- бизджынтæ æмæ дзы Хандзер æнæбары сысджыйæ хуы- йы цъæм-цъæм кодта. Æнæ фыдæзгъæл ын фынг ад нæ кæны, уæд æм дзурын дæр нæ цæуы; йæ размæ кæсдзæн тар æрфыгæй, цыма йæ туджджынты æхсæн вæййы. Афтæмæй сын районы та сæ куыст нолмæ æркæны. Директор ныхъхъус, æппындæр ницыуал дзырдта. Ду- ду сæм баввахс æмæ та бæхтæм февзыста"! Бæхы æфсон уис директоры сæрыл æруад. Чызг фыццаг ныххудт; стæй фефсæрм æмæ хатыр курыныл ныллæууыд. -Æздæмæмæгуырыбон;куыæрбацыдтæ;уæдбазыдтон æмæ уисы цæфыл хъæцдзынæн; мауал æй фæкарздæр кæн; уьш йедтæмæ...Чызг фыццаг фæхъус; фæлæ йæ рог; хæлар
-—хш^с^^у^о/ь^лт уарзæгой зæрдæ уыцы сабырдзинад бирæ нæ баурæдта. Дзоццæимæ куы вæййы, уæд ын арт æмæ фæнык бынтон нал вæййы. Цæмæн? Цæй тыххæй? Се ’хсæн исты... - Ма-иу сæрра у - бауайдзæф ын кæны Дзоццæ, - худи- наг у, нæ хистæр у. Æфсæрм æппын куы нæ зоныс. - Ды дæ зонджын æмæ хæдзары иу... уæд. Чызг йæ ны- хас кæронмæ нал фæзæгъы. Лæппу уыцы дзырдтæ цыма нæ бамбары, йæхи афтæ равдисы. Лæппуйы ахæм ахаст чызгæн дæр æхсызгон уыд, афтæмæй йæхи сæрибардæр хатыдта. Иурæстæджы дыууæ аразæй сты. Директор сæм фæсте каст æмæ йæ мидбыл фæхудт: «Диссаджы фидыд кæнынц, - дзырдта химидæг, - сæ иу хуымæтæджы кусæг лæджы фырт, иннæ районы прокуроры чызг». Чызг фосы дохтырты институтмæ куы цыд, уæд йæ фыд йæ сæрмæ марæн кæрдтæ хаста. Уый фæндыд, цæмæй уыда- ид дохтыр кæнæ та юрист. Фæлæ йæ фыд зонгæ дæр нæ ба- кодта, ветеринарон институты куыд бамидæг ис, уый. Куы фæцис ахуыр, уæд та йæ районы урæдта ветхосгæнæндоны хистæрæй, фæлæ та йын Дуду «нæ» куы загъта, уæд йæ фыд, Уасил, бынтон фæцæйæрра кодта. Иу къуыри йæм дзыхæй дæр нал сдзырдта. - Мæ фыд, уарзын хъæу, хъæууон цард, хъæууон фæси- вæд, уыдон æхсæн уыдзынæн амондджын, уымæн æмæ уыдон хæххон суадонау сты сыгъдæг. - Æуым иу дæхи хуызæн фыййауимæ бацæрдзынæ, - ныздыхта йыл фыд маст цæуынæн. - Гъай, гъай, ус æмæ лæг æмсæртæ хъуамæ уой. Нæ фехъуыстай ирон æмбисонд: лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст сты, уый. - Уæдæ æй кæн, - фыд гуымирæй æдзух æвдыста йæ-хи, - уым-иу фæндæгтыл лæзæр машинæмæ æнхъæлмæ кæс- гæйæ, дæ комыдæттæ-иу уадз. Бæхыл-иу цу фосы фæдыл æфцгуытæм, кæнæ та къахæй. - Ды, мæ фыд, бирæ уарзыс сучъийы физонæг. Æз фос- мæ зилдзынæн, ды та сучъи физонæг хæрдзынæ. Сучъи бæласыл нæ зайы, фосы чъылдымæй йæ сисынц. Нæ йæ зоныс?
- Цу, ДУ# уэедæ сучъихоры чызг. - Бæгуыдæр, мæ фыдæн йæ лæггæдтæ фидын хъæ- уы, - ратта йын дзуапп æмæ ныххудт, - мæхи баба, ма мæ- сты кæн, - йæ ’фцæгыл ын атыхст, куы мæсты кæнай, уæд- иу дон аназ. - Ацу, алæ, - фыд смæсты. Чызг ыл æрцауындзæг. - Кæд дзы искæй бауарзтай, уæд мын зæгъ æмæ йæ районмæ раивын кæндзынæн. - Фыд чызджы цæстытæ ацахста æмæ уый, йæ хуыз фæивгæйæ, йæ сæр батылд- та, зæгъгæ, «нæ». Æниу, уыцы уысм йæ цæстыты раз æр- балæууыд сау къуыбыр рихи, тымбылдзæсгом лæппу. Уый- имæ базонгæ сты практикæйы рæстæджы сæхи районы æмæ... Фыды бæрзæйæ йæкъухтæ феуæгъд сты, цыма йыл исчи уазал дон бакалдта. Йе уæнгтæ æрлæмæгъ сты, æмæ йæ сусæгдзинад фергом фыды раз. Уасил ницы сдзырд- та. Каст йæ чызджы цæсгоммæ, уыдта, куыд ын схъулон, цæсты хаутæ сæхи бынмæ куыд æруагътой, уый. * * * Бæхджынтæ уыгæрдæны астæу бæрзонд ран слæу- уыдысты. Слæууыдысты æмæ фæлгæсынц фæйнæрдæм. Зæрдæ рухс кæны. Кæрдæг фырзад. Гæдийыдымæг фæй- лауæнтæ кæны хоры æфсиртау, бæхджын лæджы сæрты кæсы, æхсæвæрæг ныххуыссыд. Зæрдæ райы, сбуц. Ноджы йыл дымгæ æрбаулæфы хæрзгæнæгау æмæ сын æй цыма амонгæ кæны: «Кæсут, куыд зад æмæ бæзхъуын у кæрдæг». Совхозы гæстæ цин кæнынц æмхуызон, фæлæ сæ худын нæ хъуысы, сыбыртт сæ ничи кæны, алчи сæ йæ цæст ха- ста быдырты, уæлвæзты æмæ хуссæртты уыгæрдæнтыл. Алкæмæн дзы уыд йæхи хъуыды, йæхи цæстæнгас, фæлæ сæ нысан иу: бирæ хос æркæрдын, нард фос схæссын. - 0, о! Уый æрмæст кæрдæг нæу! Кæсут ма! - Дуду- йы та йæ дзых нал бафарста,- кæсут ма уæртæ уыцы уы- гæрдæнмæ! Цас дзы ис цæвæгхостæ! Уый куыд хорз у, уый куы зониккат, хос у, - дзуры чызг дисгæнгæ, - кæнæ ма мæ- нæ елкаситæ æмæ сислитæ. - Лæгтæ йæм уæззаугай раз- ылдысты, мидбылхудгæ.
-—^ллл^к^з^бЮ^^о^лл/ь - Цы хос у, кæм ис? - фæрсы йæ директор. - Уæртæ хуссары, бур дидинæг. - Кæцы, дæ хуыцауы тыххæй? - фæрсы йæ Дзоццæ. - Уæртæ ма бакæс, дæ цæстытæ галы цæстыты ’ййæстæ куы сты, - амоны йын къухæй, - уæ цæстытæ хизынмæ сты? - Уырдæм цæмæн амоныс, дæ къæхты бынмæ ма æр- кæс, - фелхыскъ æй кодта лæппу. Чызг йæ цæст ахаста йæ алыварс æмæ сабыр дисгæнгæ сдзырдта: - Æнæхъæн плантацитæ. Ацы кæрдæгæй фос æмбис куы хæра, уæддæр иннæмæй пайдадæр у. Стæй игæрæн, уыргтæн, тарнизæн... æмæ цæмæн нæу хос? Таймураз уарзта Дудумæ хъусын. Уарзта уый рæсугъд, æнæферхæцгæ ныхас. Уарзта йæ, кæй уыд æнæхин, сывæл- лонау æргом, цæрдæг æмæ куыстуарзаг. Æмæ-иу куы дзырдта, уæд-иу мидбыл худт, худт, куыд фæхуды æмæ фæцин кæны фыд, йæ хъæбул фыццаг дзурын куы базоны, куы фæцъыбар-цъыбур кæны, ууыл. Уарзта лæппуйæн та йæ сабыр, фæлæ рæстдзæваг ныхас, йæ уæздан фезмæлд, йæ адджын мидбылхудт. Фарстæн æвиппайды дзуапп нæ лæвæрдта. «Цæхæм адæймæгты уарзтон, раст ахæмтимæ бахаудтæн», загъта-иу йæхицæн, «лæг хъуамæ уа уæзбын, сылгоймаг та цæрдæгдæр». * * * Совхозы гæстæ сæ цæстхæссынц быдыры уыгæрдæнтыл, зæрдæ сæ райы. Астæумæ кæрдæг...фæлæ Таймуразы цæст куы æрхæцыд, æрæджы нартхор байтауыны тыххæй цы нæу басастой, ууыл, уæд йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Нæуу цы бон састой, уый размæ бон совхозы адæм ам уыдысты тымбылæй: усæй-лæгæй, цъиуæй-бæдулæй. Сылгоймæгтæ сæ сæртæ йеудодойаджы æнкъуыст код^ой. Нæлгоймæгтæ иуæй-иутæ сæ дзыппытæй хырынкъатæ систой æмæ къæцæлтæ амадтой. Бирæтæ дЗы тымбыл къухтæ тылд- той, æртхъирæнтæ кодтой, фæлæ сæ разы лæууæг, сатæг - сау костюмты, урс хæдон æмæ сау хъуырдарæнимæ, сæ хъуыры фæбады цъадийы хъæбæрау, дзурын сæ нал су-
^ллл^к^з^О^З^^^л/ь—- адзы, йæ ныхас алæрдæмты сæздыхтытæ кæны æмæ сын фæзæгъы: - Дзæгъæлы хæрдмæ ма хаут, уый мæ фæндон нæу. Дзырд ис суанг уæле, нартхор тыд хъуамæ æрцæуа алы ран дæр, - уый партийы обкомы инструктор дзуры. - Уæле уын афтæ кæм загътой æмæ нартхор Зикъарайы хохы бын байтауат, кæм зайы, уым æй тауын хъæуы, - нал æм фæлæууыд Дзоццæ. - Дæу та кæд кусын нæ фæнды, уæд дæ бынаты чи баку- са, ахæмтæ нæм бирæ ис, - ныздыхта йыл инструктор. - Кæд афтæ æнхъæлыс æмæ нæм дæ бынаты чи бакуса, ахæмтæ нæй, уæд тынг рæдийыс, - дзуапп ын ратта Дзоццæ дæр. - Уыдон та цы хуызæн ныхæстæ сты? - адæм инструк- торы ныхмæ фесты. Цы нæм зайы, уый мах нæ зонæм. Та- буафси, байтауæм капуста, картоф, уырыдзы, хъæбæрхор, мæнæу, булкъ цы ’мбæлы, уымæй фылдæр. Ам нартхор нæ хæссы, æндæра йæ мах дæр зонæм, нæдæр нæ фыдæлтæ уыдысты æдылытæ. Бамбарут нæ! Гукк, иронау? - Схъал стут æмæ ма сымах кæд хуыцау æркъуыра, уый йедтæмæ сымах ницæмæйуал басæтдзыстут, - йæхи скарз кодта Хандзер, - скъулæктæ стут æмæ сымахæй бирæтæ Сыбырмæ сафинаг сты. Адæмы æнæбарондзинадæн кæрон нал уыдис æмæ ма ацы ныхас куы фехъуыстой, уæд æмхуызон схор - хор код- той. Фæсивæды æхситт Цадыфæзы алыварс ныннæрыд. Цæхгæр сæ ныхмæ ныллæууыд Дзоццæ, фæлæ йæм чи хъу- ыста. - Нæ сомбоны фæлтæрæн фидиссагæн баззайдзыстæм, куы фехъусой искуы, ам нартхор тыдтам, уый, - йæ ныхас кодта Дзоццæ. - Ам мах алы къæбæдайы дзæнгæдамæ нæ хъусдзыстæм, - ныздыхта йыл партийы обкомы инструктор. - Уæдæ кæд æз ам дзæнгæда цæгъдын, уæд тæккæ рай- сом сыфтиндзын кæнут галтæ æмæ хуым кæнут, байтаут нартхор. - Кæд, мыййаг, сæрæй рынчынтæ сты нæ хистæртæ, - чидæр сæм йæ ныхас баппæрста. Хицæуттæ ацы рæмпъузæн
1ЛЛЛ-сн5Ч3^9о(3^^><и\л/Ъ ныхасмæ адымстысты, сæ астæумæгъзтæ сын ахауын код- та, фæлæ... Дзурын не суагътой Таймуразы дæр. Æниу æм уыцы фарсты фæдыл районмæ куы фæсидтысты, уæд сæ ныхмæ ныллæууыд, фæлæ йын цæхгæр загътой: «Уæле дын цы дзурынц, уый араз. Нартхор дзы æрзайдзæн æви нæ, уый махмæ нæ хауы». - Уый та куыд? - афарста ма сæ, фæлæ йæ уыдон сы- быртт дæр нал суагътой. Хъаугъайы дыккаг бон партион инструктортæ Таймураз æмæ Дзоццæимæ хæдзари-хæдзар фæзылдысты, адæмы хуым кæнынмæ кодтой, фæлæ ничи рацыд. Уæвгæйæ, хæ- дзары иунæг нæлгоймаг дæр нæ баййæфтой, чи сæ уы- гæрдæнтæ ’хсæдынмæ ацыд, чи хъæдмæ цъерихъилтæ цæттæ кæнынмæ. Хæдзары ма уыд сылгоймæгтæ æмæ сыл уыдон та былсчъилтæ кодтой, афтæмæй сыл худтысты. Партион кусджытæ куыд нæ смæсты сты. Сæ зæрдæ фех- сайдта, чидæр сæ кæй сардыдта, уымæ æмæ сæ маст акалд- той Дзоццæйыл. Сæ ныхмæ кæй фæлæууыд, уый тыххæй йыл фæдызæрдыг сты. - Афтæтæ куы кæнай, уæд дæ фæндаг кæдæм у, уый нæ зоныс? - фæрæхуыста йæ Хандзер. Лæппу сæм кæсгæйæ баззад, фæлæ сæм æргом ницы сдзырдта, æрмæстхимидæг ахъуыды кодта: «Адон æцæг сæрхъæнтæ куы сты, æппын сæм фрды пълæнттæй куы ницы ис... Бынтон афтид сæр- тæ. Хохы цъуппыл нартхор цæй тыххæй тауын кæнынц, гæххæтыл æвдисыны тыххæй». Йæ фæстæ бон трактор æрбакодтой быдираг совхо- зæй, семæ ма æртæ милиционеры, афтæмæй. Æмæ тракто- ры гутæттæ адæмы фыдæнæн ныссадзын кодтой быдыры уыгæрдæнты, зымæгон бонты адæмы æмæ совхозы фос цы уыгæрдæнтæ дардтой, уым. Æмæ йын йæ сау мæр куы фæ- уæлгоммæ кодта, уæд адæм мард æрцыды хуызæн фесты, дзурын сæ ничиуал ницы сфæрæзта. Кастысты сæм æмæ дис кодтой, кæрæдзийæн дзырдтой: «Цас æнæсæртæ нæм ис». Ныр æм кæсы Таймураз. Нартхоры хуымты кæмдæрты иу]гай æфсиртæ сдардтой сæ сæртæ, уæлубаты хиталджы- тау лæууынц. Йæ фарсмæ ма æнæкондæй цы зæхх баззад, уым кæрдæг арвыл æмбæяы...
^^^^^^^©"©^^^А/Ь Уæддæр хуыцау хорз уыд, æмæ тракторист лæппуты коммæ бакаст. Лæппутæ йæм куы бахатыдысты, зæгъгæ, ацы быдыр зымæг нæ дарæг у æмæ исты æрымыс дæ тракторæн, ма нын фесаф нæ уыгæрдæн. Уый уыд, æцæг- дæр хуыцауы сконд адæймаг. Фæссихор цыдæр хай йæ тракторæй рафтыдта æмæ цæхгæр ныллæууыд. Партион кусджытæ йыл сæхи андæгътой, зæгъгæ, куыддæр план не сæххæст уа, афтæ додой дæ къона кæны. - Йæ хæйттæй иу асаст, агурын æй хъæуы, - загъта сын сабырæй. Уыдон ын уайтагъд машинæ раттой, зæгъгæ йæ æвæстиатæй ссар. Фæлæ тракторист адæмы тæригъæды нæ бацыд, не ссардта, уымæн æмæ йæ нæ агуырдта. Кæсы йæм Таймураз æмæ мæстæй тъæпп хауы. Кæсы Дзоццæ дæр, фæлæ сæ ничи ницы сдзырдта. - Нæ зондджын хицæутты хуым, - йæхи нал баурæдта Дуду. * * * Барджытæ ахызтысты цады иувæрсты æмæ къæдзæхы рæбынмæ бахæццæ сты. Ам быниауæй хъуысы, цадæй æддæмæ цы дон цæуы, уый хъуыр-хъуыр. Фæндаджы бын- ты йæхицæн айгæрста цæуæн æмæ уыгæрдæнты астæуты, сау калмау, къæдзтæ-мæдзтæй зынд. Уæлвæндаг мæнæргъ сырх-сырхидæй ныззæбул. Чызг мæнæргъытæм фемдзаст, кæсгæйæ сæм аззад, стæй æвиппайды сæппæрста: - Гъей, специалист, мæ бæхыл мын фæхæц, - уый бæ- хæй рог æргæпп кодта. Идон æм авæрдта, йæхæдæг, йæ цыппæртыл быргæйæ, схызт мæнæргъытæм. Директор зем каст, каст æмæ йыл йæ алы архайд дæр дис æфтыдта. Афтæ дзы цы бон фæзæгъы: «хорз æй зонын», уыцы бон та г’дзы цыдæр ногæй хорзæй базоны. Уый залмы сыфтæ ратыд- та, къусгæндтæ сæ ацарæзта æмæ мæнæргъытæ тоныныл ;алæууыд. I - Схиз æм, Дзоццæ, æндæра уый рæхджы нæ рацæу- дзæн, - бахудт Таймураз, - фæкæс æм тонынмæ. чч Уый йæ бæхæй æрхызт, идæттæ^слæвæрдта йæ хис- гаермæ, зæгъгæ, бæхтыл хæц. Стæй фæндаджы рæбынмæ *2
фæраст. Сцæйбырыд былмæ йæ цыппæртыл, афтæ ацах- стой йæ хъустæ: - Гъей, специалист, хæрдмæ фæкæс! - Уый йæм скаст. Чызг былыл лæууыд æртæ залмы сыфимæ. - Ацахс мæ, æндæра мын хæцæн нæй залмы сыфтимæ æмæ мæ лыхъхъ зæххыл фæцæудзæн. Цырд лæу! Дæ хъæбысмæм дар! Фæстаг ныхасмæ лæппу фефсæрм. Директор бахудт. Уый йæхи рауагъта, залмы сыфтыл фидар хæцгæйæ, æмæ йæм ноджы сиды: - Фидар мыл хæц! - Лæппу йæ ацахста, йæ хъæбысы йæ фелвæста, стæй йæ зæхмæ ауагъта. Чызг йæ мæнæргъытæй иу къусгонд Таймуразы къухты фæсагъта, иннæ Дзоццæйы. - Уый дын, кæй мæ ацахстай, уый тыххæй, - стæй къух дардыл фæхаста æмæ лæппуйæн дзæхст, - уый та дын, дæ хъæбысы мæ кæй фелвæстай, уый тыххæй, - Чызджы къух фæрыст, атылдта йæ. - Дæ къухы сындзытæ ис? - бæрæг уыд лæппуйæн дæр кæй фæрыст. Директор ацы хатт зæр- дæбынæй ныххудт. Фæсæмбисбон сæ фæндаг ракодтой картофгубаккгæн- джытыл. Агроном-экономист куысты гъæд бæрæг кæ- ныны тыххæй азылд, федта æмæ алкæмæндæр йæ куыстæй раппæлыд. Стæй бригадиртæн бамбарын кодта, цæмæй изæры сæ адæмы æмбырдмæ æркæной. Хæдзары раз стыр къуыдыры уæлæ бадт æхсай азæй хызт чи уыд, ахæм зæронд лæг. Йæ къухы амайæн фæрæт, цыргъ кодта цъерихъилты сæрвасæнтæ, сæрвасæн-иу арæзт куы фæцис, уæд-иу цъерихъил иннæрдæм фæзылдта, йæ цъуппыл-иу ын ныккодта угард æмæ-иу æй хибар ранмæ баппæрста. Цасдæр бакусыны фæстæ сыстад, йæ астæу араст кодта æмæ слæууыд: - бæрзонд фæтæнуæхск, сæрыхъуынтæ сатæгсау, иунæг урс æрду дзы никуы зынд, йæ бакаст - раст аргъæутты уæйыг. - Мидæмæ ма бахиз, ам æрлæу, - ауад йæ хъустыл æдде нæлгоймаджы хъæлæс.
^ци^нзче^Э^З^^^А/ъ - Цæмæннæ уæд? - уый та сылгоймаджы хъæлæс уыд. - Худинаг у. - Уый дæ хъуыддаг нæу. Ам худинагæй æппындæр ницы ис. - Бæхты къæхты хъæр æдде æввахсæй-æввахсдæр цыд. - Уайгæ кæн мæ разæй æмæ мын фæндаг бацамон уæ хæдзармæ, - æрбайхъуыст та сылгоймаджы хъæлæс. - Цæй, зæгъын дын, худинаг у, ды уæддæр дæ ных тæрыс. - Дæ мады дын фенон, æндæра мæ ныхмæ фæлæууын йæ бон бауыдзæн, - райхъуыст сылгоймаджы чыр-чыр. - Дæ фæрсчытæ куы нæ банымайын кæнис, уæд мæм хуыздæр кæсы. - Ахæм ма райгуырæд, куы райгуыра, уæд та йын а-чызг чъиутæ баууилын кæндзæн. Зæронд лæг сæрæй къæхты бынмæ хъустæ фестад: «Ау, уыцы æхсарджын чи у, æхсарджын нæ, æрра». -Уæд та дæ дарæсраив, фыййауы хуызæнæй кæдæм цæуыс? - Æмæ фыййæуттæ не стæм, уæдæ цы ’нхъæлыс дæхи? Уæ хæдзары сæрзæды бын афтæмæй хъуамæ слæууон. - «Пуй мын зæгъ, кæд нæ лæппу æмæ нæ фосы дохтыр не сты», зæронды хъуыдыйы смидæг, фæлæ йæ хæдзармæ цæмæннæ уадзы. Гъы, уый цы нысан кæны? Гъе, гъе, Хъотиан, дæ раны дæ йе ’ртхъирæнтæ дæм фæраздæр сты». Кæддæр дам-думтæй æрæхъуыста, йæ фырт фосы дохтыримæ адджын кæй у... Уыдон быцæугæнгæ кæрты дуармæ æрбахæццæ сты. - Уазджытæ, мидæмæ, - хæдзары фисынæй сæм рад- зырдта зæронд лæг. Лæппу цæхгæр фæлæууыд. Дуду йын йæ бæх лыстæг уисæй æрцавта æмæ фесхъиудта. Йæхæдæг бæхæй рæвдз æрхызт. - Уæ бонтæ хорз, Габе, - Дуду йæ фыцаг хатт федта, фæлæ йын йæ ном зыдта. - Габе дæ рынтæ бахæрæд, мæ чызг, гас цу. «Ай дæр та мæ йæ чызг схуыдта, чындз зæгъ», сцæйдзырдта æргом, фæлæ йе ’взагыл фæхæцыд, йæхи мидæг чысыл сывæллонау сцин кодта æмæ ныфсджынæй загъта: - Уæхи низтæ дæр уæ ма уæд, - чызг йæ бæхы идон ка- уы михыл абаста. - Лæппу æввахс рацу, дæ хæдзармæ фæндаг нал зоныс,
-—охл/^нзчелочз^^о^^л/ъ æви... Уæ Хъотиан, æддæмæ ма ракæс, мæнæ дæм хуыцауы уазæг æрхауд. - Цавæр хуыцауы уазæг та у? - хæдзарæй ныхасгæнгæ рахызт бæрзонд урсхил сылгоймаг. Габе чызджы къух рай- ста. Хъотиан Дудуйы куы ауыдта, уæд иучысыл лæугæйæ аззад. Чызджы сæрыл нымæт худ цæстытыл æрхауд. Уый йыл хæрдмæ схæцыд æмæ сау æрфгуытæ æрдынзылдæй разындысты, сырхуадултæ сæрдыгон хурмæ ноджы ныс- сырх сты, курткæйы мидæг йæ риутæ нымбæхстысты æмæ æддæмæ сæ ныв дæр нæ зынд. Куы базмæлы, уæд тури- стон курткæ æмæ хæлафы хыбар-хыбур ссæуы. Хъотиан йæ мидбыл фæхудт. - Æгас нæм фæцу, æгас, нæ буц уазæг. Уый йæ лыстæг даргъхилджын къух, хистæр æнгуылдз ныхъхъилгæнгæ, сылгоймагмæ бадардта. - Дæ бон хорз. - Кæцæй фестут? Цы хур, цы къæвда дæ æрхаста? - Стæй Дзоццæмæ фæсидт, - цы фæдæ, цы, лæппу? - Фермæйæ, - йæ туристон курткæ ласгæ дзуапп ратта Дуду. Курткæ тыргъы гæзæнхъæдмæ бахста, стæй бандо- ныл абадт æмæ йæ кедтæ ласыныл фæцис. - Мæ къæхтæ мын басыгътой, сыгъды фæуа се ’рымысæг. Хъотиан ын каст йæ архайдмæ, йæ фезмæлдмæ æмæ-иу куы худгæ бакодта, куы та-иу æм дисау фæкаст йæ уæндондзинад. - Лæппу цы ми кæныс уым, цæвæджы хъæд аныхъуырд- тай? Мидæмæ рахиз, - дзуры йæм мад. Фыд йæ цъерихъилтæ æфснайыныл фæцис. Дзоццæ æфсæрмгæнгæ бацыд. - Дзоццæ, марадз, мæ къæхтæн мын уæгъд дзабыртæ авæр, - дзуры йæм Дуду Л æппу сагъдау лæууыд. Мад æм иу каст фæкодта, йæ цæсгомыл ын йæ нысæнттæ ракаст æмæ дзабыртæм фæраст. - Гъа, дæ нывонд, æрбакъуыр сæ дæ къæхтыл. Уый сæ ай- ста æмæ сæ йæ тæнæг даргъ хилджын къæхтыл æрбакодта*. Сыстад, лæппуйы ’рдæм фæкаст, йе ’взаг æм феппæрста. - Къæппдзых, мæхи кæм ахсон, стæй ныргъæфс хуылыдз каркау, - бадзырдта йæм, - фидар лæу куыд тарст фæкодтай? - Уæртæ цады. - Хъотиан, æрис-ма бедра æмæ уæртæ цадæй дон æрба-
—--.ЛЛЯ-**^*^^ давон мæхи ахсынæн, -■ Дуду бедра куры. - Цадæй цæмæн, дæ фæхъхъау, дæ разы бæласы фарсмæ суадон куы ис. - Æддæг-мидæг ма ауай, - ныххуырста лæппуйыл æмæ суадонмæ фæраст, хисæрфæн æмæ сапон рахæсс æндæра дæ æз уым сæгъ лæуд скæнын кæндзынæн, - йæ тымбыл къух æм стылдта. - Гыцци, уазæг дæумæ дзуры. - Цы, дæ нывонд? - йæ лæппумæ хæстæгдæр бацыд,- чи у, чи? - фæрсы йæ. - Нæ зонын, уæлæ хæхтыл хъеллау кæны, йæхи згъæр агурæг хоны. - Уырыссаг у? - Кæд тæтæйраг. - Пушкин уымæн фыста гъе, æнæхонгæ уазæг, дам, тæ- тæйрагæй æвзæрдæр у, - хинæй загъта сылгоймаг, - кæд æзын демæ кусы? - мад хъуыста, йæ лæппуимæ цавæрдæр чызг кусы æмæ, дам, кæрæдзи.. - Нæ, гыцци, хисæрфæн æй хъæуы. - Æмæ иронау та кæм сахуыр? - Нæ зонын, кæд йæ мад ирон у. Мад хисæрфæн æмæ сапон бахаста чызгмæ. Уый цых- цырæджы бын йæхи æхсадта, ус æм кæсы. «Гъей, мæгуыр та нæуыдзæн, ды кæй хæдзары къæсæрæй бадарай дæ сæр, уый. Иæ хуыз сылгоймаджы хуызæн, уæздан арæзт, фæлæ сæрхъæн... Æниу кæд нæхи хай фæуа, уæд та...: - Гъа, мæ чызг, хисæрфæн дын. - Æуым æй искуы æрæппар. «Саубон æркæнæд де взаг æмæ дæ ахастыл». Хъотиан баздæхт йæ фыртмæ. Уый йæ бынатæй не змæлыд. - Цыдæр кæныс, мæ къона? - Ницы, гыцци, изæры нæм районæй уазджытæ уыдзæн æмæ истытæ бацæттæ кæн. - Уый хорз, фæлæ цæуылдæр æнкъард дæ? - Нæ, гыцци, фæлæ æмбырды фæстæ ардæм æрбацæу- дзысты æмæ... - Цæй ныллæгъстæ мын кæн, кæннæуæд дæ нæ бам- бæрстон. Æмбырд кæм уадзынц?
-—^ллл^^е^Оов^^сил/ь - Мæнæ скъолайы клубы, уырдæм æввахсдæр у фæрсаг хъæутæн. - Лæппу рацыд. Мад фæхудт. «Ай дын мæ дæс къу- хы, кæд йемæ цы чызг кусы, уый нæу», - дзырдта химидæг мад. «Æз дын ныртæккæ базондзынæн дæ»... Чызг йæхи асатæг кодта, афтæмæй Хъотианы раз æрбалæууыд. - Цæмæ дæм фæкæсон? - уæндонæй йæ афарста чызг. Хъотиан æм комкоммæ ныккаст, ацахста йын йæ цæстæнгас. Чызг ма йæ цæстæнгас æндæр æрдæм здахынмæ хъавыд, фæлæ йын нал куымдта, нал змæлыдысты йæ къæхтæ дæр, баззад лæугæйæ. Æвиппайды йæ цæстытæ Хъотианы цæстытæй атыдта æмæ сæ зæххы ацавта æмæ цыма стыр уаргъ йе ’ккойæ ахауд, йæхи афтæ банкъардта, къæхты бынæй æхцон улæфт скодта, зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй нал æнцад. Хъотиан фæфиппайдта, чызг кæй фефсæрм ис, уый æмæ химидæг сдзырдта: «Гъе, гъе! Къæппæджы дæ, дæхи уæгъды æхсарджын æнхъæлдтай, Хъотиан дæуæй цауддæр нæу». Чысыл йæ мидбыл фæхудт. Хæстæгдæр æм бацыд. Уымæн йæ улæфт ныллæууыд. Бавнæлдта йын йæ хыбар-хыбургæнаг хæлафмæ. Уый фестъæлфæгау кодта, стæй йæ буар срызт ихæны ризæгау, раст цыма йæ буары мæлдзгуытæ алыгъд, афтæ йæм фæзынд. Уыцы уысм уый Дуду ничи фенхъæлдтаид. - Мæнæ ма уый раив, - ацамыдта йын хæлафмæ. Уый йæм æркаст, цыма йæ фыццаг хатт уыдта, стæй уæззаугай . йæ дзыхæй сирвæзт: * - Цæмæй? - Уæртæ уатмæ бауай, уым скъаппæй халат райс æмæ... Чызг фæраст, йæ ныхасмæ йын кæронмæ дæр нал байхъу- ыста. «Охх, æгайтма дæ цæстытæй феуæгъд дæн. Гипнозер, хингæнæг», - акалдта химидæг йæ маст. Хъотиан уæларынг балæууыд, хыссæ нæмын райдыд- та. Чызг æм бацыд, æфсæрмдзæстыгæй æрлæууыд йæ фарсмæ, йæ къухтæм ын бавнæлдта, иста йын йæ сасир. - Мæн ма бауадз, бирæ уарзын кæрдзын кæнын. - Скæн, мæ чызг, фæлæ дæ сæрыл исты абæтт, уæд та хыссæйы хъуын исты ныххауд. Уый ноджы фефсæрм, йæ сырх уадултæ ноджы ныссырх сты. «Куыд æнæрхъуыды дæн». Зæронд ус ын сæрбæттæн рахаста, ратта йæм æй. Уый
^шл^нз^ЛЭ’в^^^’т—- йæм фыццагæй ноджы лыстæгдæр ныккаст. Чызг тынгдæр стыхст, цыма сындзытыл лæууыд, йæхи йæ мидбынаты дыууæрдæм раппар-баппар систа, фæлæ йæхи атонын йæ бон нал уыд, стæй сæргуыбырæй йæ разы æрлæууыд. - Дæ нывонд, кæм кусыс? - мад æй фæрсы рæвдаугæ. - Уæ совхозы фосы дохтырæй, - чызг къæмдзæстыгæй дзуапп радта. - Æмæ дæ мыггаг та кæмæй у? - Баситæй. «Уый у, мæ лæппу мæ фæсайдта. Нæдæр згъæр агурæг у нæдæр тæтæйраг у. Агъæц, æз дæ æрбæрджытæ кæн- дзынæн, кæд мæ чындзаг кæй хонынц уый дæ, уæд». Дуду æцæг хæдзарон æфсины митæ кодта, цыма уым схъомыл. Хæбизджынтæ кæнын куы райдыдта, уæд Хъо- тианы нæ фæндыд, уæд та сæ, зæгъгæ, æвзæр сфыхта, фæ- лæ йæм æргом дæр ницы сдзырдта. Уый зылд къуымты, æфснайдта, йæ пец никæй бар уагъта. Иу дуджы пецмæ фæцæйæвнæлдта,^цонг пецы фарсыл баныдзæвд æмæ пур- тиау фесхъиудта. Йæ иу къахыл гæпп-гæпп срæуæг, сыгъд цонг къахыл хойгæ. Хъотиан æй дуарæй ауыдта. - Басыгътæ, мæ чызг? - Нæ, ницы... - нæ бауæндыд йе схъæр кæнын. «Тагъд- дæр куы ацæуин, ацы ус мæ гипноз ныккодта, хатт куы ни- цæмæуал фæцарæхсын, уæд циу», дзырдта химидæг Дуду. Фынгтæ æрæвæрдтой, афтæ уазджытæ дæр æрбацы- дысты. Кæрты къæсæрæй Таймураз æрбахызт. Сылгойма- джы фынджы уæлхъус архайгæ куы ауыдта, уæд æм кæсгæ баззад, йæ цæстытæ аууæрста. Нæ фæхатыдта, Габе йæм цалдæр хатты куыд сдзырдта, æгас цу зæгъгæ. «Ай чи у? Ду- ду? Мæнæ цытæ уынын, хæдза^з уынæг у æви æрбафардæг æмæ чындзæхсæв кæнынц?» Иæ цæсты зул ахаста, агуры Дзоццæйы. Куы йæ суыдта, уæд æм йæхи байста. - Цы, дам, æрбакодтай йæ? -Цы? - Бацардыстут? - Уый йын сæрæй ацамыдта Дудумæ. - Нæ. Цытæ дзурыс? Нæ йæ зоныс? Æрра æрбамидæг ис. - Цæмæ? - Уæддæр не ’ууæндыдис Таймураз. - Нæ зонын. Æвæццæгæн, хæдзар уынæг, - лæппу фæхудт.
-—охлл^кдзЛбНЗ^^^^иь - Бадгæут; уæ рынтæ ахæрон, - Габе бахатыд йæ уаз- джытæм. Дзоццæ аивæй æввахс-æввахс йæхи байста Дуду- йы цурмæ. - Æдылы къоппа; нæ дын загътон. - Цы? - фæрсы йæ чызг. - Ма 'рбацу; æндæр цы? - Афтæ æнхъæл сты æмæ бацардыстæм. - Уæдæ ай цы у? Чындзæхсæв нæ кæнæм? Æз никуыдæ- муал ацæудзынæн. -Цы? - Цы фехъуыстай, уый. Лæппу джихæй алæууыд. «Горæттаг чызгæн афтæ сара- зын дæр зын нæу; тыхæй ма йæ кæм асурдзыцæн». - Æрра дæ; уый зонын; фæлæ афтæ сæрра дæ; уый нæ зыдтон; - æргом ыл ныздыхта. - Цæй; хорз. Æрра нæ; фæлæ рог; рæузонд; - загъта чызг йæ лыстæг æнгуылдзтæ хæрдмæ сдаргæйæ æмæ амонæн æнгуылдз хисдæр æнгуылдзыл асæрфгæйæ фæкъæрцц кодта; - хæдзары усыл рог фидауы; лæгыл та уæззау: æз рог; ды та уæззау. Ус æмæ лæг хъуамæ фæрæты хъæдæй барст уой. Ныр бирæ ма дзур; фæлæ ма мын зæгъ: уæртæ уыцы хытъынджын лæг та чи у? - къухæй йын уазджытæй иумæ ацамыдта. Лæппу уыдон æрдæм фæкаст. - Уый Хандзер у, районæй нæм фидар чи у; уый. - Пуй; дæлдзæх фод; нал æй базыдтон... Цæй дæ былтæ цы æрыппæрстай. Фæлæ ма мын зæгъ: цæуын куыд фæразы уыцы стыр гуыбынимæ? - Йæхи йын бафæрс. - Нырмауал дæу фæрсын; - чызг ын йæ фарс батъæпп кодта, - нæ уат кæцы у? - Цæй уат? Æдылы фæдæ? - Цом фынгыл æрбадæм æмæ нын ракувой. - Гъе; гъе. Ныр ма уый цух уыдтæн; гъе. - Æдылы къоппа, æмæ цы цух дæ бинойнагæй дарддæр? Ницы мурдæр. Гъей; бакæс ма Хандзермæ, йæ гуыбын йæ роцъойыл не сныдзæвд. - ,Худинаг у; дæхи чысыл уромын зон; къæркъæраг цы фестадтæ; де ’взагыл хæцын дæ бон нæу?
- Хицауы хæдзар дæр фыды хæдзарæй уæлдай нæу. Фæ- лæ ма хъус, къуырма, къуырма дæ раст нæ хонын? Ам ус æмæ лæг кæрæдзимæ, «уæ къуырма, къуырма» дзурынц. - Цæй цы у? Фынгмæ уал фæкæс. - Æмæ мæ уæ фынгмæ цы хъуыддаг ис, кæд ницы ба- вæййаг дæн уæд, - фелхыскъ та кодта лæппуйы, - фæлæ ма мын зæгъ, уæ районы Хандзерæй хуыздæр лæг нæй? - Нæ зонын, уымæй партийы райкомы бафæрс. - Бакæс ма, йæ дзых кæфы дзыхы ййас нæу, цæййас къæ- бæр дзы атъыссы, йæ цæстытæ та цæй, - ййæстæ сты, стæй сырх-сырхид, туджы йын зилынц, æвæццæгæн та дзы ды- сон кæмдæр нынцъыхта. Бакæс ма йæм, йæ сæр гуырæй ку- ыд ницæмæй хицæн кæны, - чызг ныккæлкæл кодта æмæ фынгыл бадджытæ уый æрдæм фæкастысты. - Цу, дæ нывонд, фынгмæ бакæс, - фæсте йæм бадзырд- та Хъотиан. Чызг фестъæлфыд, йæ русыл фæхæцыд æмæ хæринагаразæнмæ фæцæуыныл, «хъуыста мæм ацы гип- нозер», уымæй фефсæрм. Фынгыл алы адæймаджы раз дæр уыд «Бæгъиаты» дон. Габе уымæй æркодта агуывзæйы, акуывта æмæ йæ анызта. Хандзер дыууæрдæм ракæс-бакæс кодта, стæй Таймуразы хъусы бадзырдта: - Судзаг нозт дзы ницы ис? - Таймураз йæ уæхсчытæ кæ- рæдзимæ балхъывта. - Не ’нхъæлдæн. Карз фæндон нæм ис нозты тыххæй. Алчи загъта нæ хъæуы, зæгъгæ. Ацы ныхас Дудуйы хъустыл ауад, фæраст хæдзармæ æмæ Хъотианы хъусты бадзырдта: - Цывзы дзы нæй? - Ис, дæ нывонд, цæмæн дæ хъæуы? - Уазæджы судзаг хъæуы. - Уый арахъхъæй зæгъы. - Зонын æй. Æрис мын цывзы. Ус цывзы рахаста. Чызг ын йæ æппытæ доны æрцагъта Эемæ йæ дурыны æркодта. - Уый цы ми кæныс? - фæрсы йæ Хъотиан. - Судзаг нæ уазæгæн. - Басудздзæн æй, карз цывзы у, æмæ худинаг у.
- Судзаг хъуамæ судзгæ кæна. - Худинаг у, мæ чызг. -Худинагуымæну.Нæзоны,нæсовхозынозтылбадзырд- той, уый, - загъта æмæ фынгмæ æд дурын фæцæуыныл. Дурын уазæджы раз авæрдта æд агуывзæ, æркодта дзы. - Нæ фысым ма кæмдæр Чермены цæссыгæй дæ фаг ра- уардта, - уый Хандзермæ бадзырдта. - Гъе, фæрныг фысым нын фæуат, - арфæтæм фæцис Таймураз. Хандзер йæ сырх цæстытæ фæирд ласта, йæ цæ- сгом фæхудындзастдæр, фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, агуывзæ систа æмæ йæ Габемæ дæтты. - Нæ, дæ рынтæ ахæрон, мæнæн мæ зæрдæйы куыст æвзæр у æмæ нæ ныуазын, дæхæдæг, дæхæдæг, дæхицæн хæлар. Хандзер акуывта фысымæн, уазджытæн, хиуæттæн, стæй ма фæстаг хатт æркой кодта сæ абоны æмбырды сæйраг фарстыл æмæ загъта: - Силос хорзæй, уæлдайджынтæй цы нывæрат, уый амонд уæ уæд,- уый йæ агуывзæйыл схæцыд, фæлæ Тайму- разы ныхæстæ йæ хъустæ ацахстой: - План æгæр бирæ у. Ам æй фыццаг хатт æвæрынц æмæ никуы уæрм, никуы трактортæ... тæрсын, нæ куыст дзæгъæлы куы фæуа. - Нæ фæуыдзæн, иу трактор уæ хъæуы æмæ тæккæ рай- сом, цалынмæ сымах кæрдгæ, ссивгæ æмæ ласгæ кæнат, уæдмæ ам уыдзæн. - Хорз уаид, - дызæрдыгкæнгæ сдзырдта Таймураз. - Цæй дæхион уал аназ, бадзырдта Габе Хандзермæ. Уый агуывзæйыл схæцыд. Кæсы йæм Дуду. Лæг агуывзæ аныз- та, стæй йæ фынгыл авæрдта, фестад йæ хурхыл хæцгæ, къуыгъгъы къууыгъгъыттгæнгæ. Фынгыл бадджытæ фер- гъиау сты. Дуду йæ хъæлæсы дзаг ныххудт. Хъотиан ын йæ дзыхыл фæхæцыд. - Æ, мацы дын антыса, кæд цы сарæзтай, уæд. - Чызг худæгæй мæлы, йæ худынмæ бадджытæ дæр бахудтысты. -Уæдæ цæй нозтагуры. Нозтыл цы ссы кæны фæсивæды. Ам горæты биржавиктæ сты. Бирæ нал абадтысты. Хандзер уайтагъд фестад æмæ шо- фыры фарсмæ бабырыд машинæйы.
0\ЛЛ*НЗ\3**О<3**2/с^ - Цомут сымах дæр, - радзырдта чызгмæ. - Æз никуыдæм цæуын, стæй куы цæуон, уæд мæхицæн ис дыцалхон машинæ. Машинæйы гуыр-гуыр ссыд æмæ куыд дарддæр кодта, афтæ йæ цыд фæтагъддæр. Фысымтæ сæ уазджыты фæстæ кастысты, цалынмæ нæ адард сты, уæдмæ. - Саубон мыл, ды та кæдæм цæуыс, - сдзырдта Хъотиан, Дудуйы куы ауыдта йæ балцон дзаумайы, уæд. - Мæ фатермæ,- дзуапп сын ратта уый. - Ам лæу, дæ нывонд. - Цафон ма цæуыс? - йæ размæ балæууыд Габе. Дзоццæ бандзыгау. «Иунæгæй... мæ худинаг, уæд та йыл исты сырд амбæлд..» - Бузныг, æз ницæмæй тæрсын,- чызг сæ иувæрсты ра- хызт æмæ йæ бæхмæ бараст, идон райста. - Марадз, лæппу, ахизын æй кæн, - фыд фыртмæ дзуры, фырт чызгмæ бацыд. - Æмæ ды мæнæй тæрсгæ куы кæныс, уæд мемæ куыд цæуыс? - Иунæгæй... - Ма тæрс, тæккæ сом та ам дæн. Ма рацу, æндæра фæс- тæмæ мæхи кæнинаг фæуыдзынæ æмæ мæ уыйбæрц не ’вдæлы лекка кæнынмæ. - Иунæгæй кæдæм... - Цы иунæгæй, иунæгæй кæныс, нæ йæ зоныс, мæ мад мæ иунæгæй ныййардта, уый? Но, - бавзыста бæхмæ, - но, Коля, хæдзармæ. Бæх фаддзуйæ мæйдары айста йæхи, дардæй ма æрбайхъуыст йæ къæхты хъæр. - Æуый дæ чындзаг у, къуырма, - ус лæгмæ бадзырдта. -Цы? - Нæ чындзаг... - Æй æцæгæй куыд бакъуырма дæн, гъе. Лæппу! Къæп- пдзых цыдæр! Куыд æй... Йæ ныхас кæронмæ нал загъта. Лæг йæ бинойнагмæ баздæхт. Иу цасдæр æм æдзынæг фæкаст. - Æмæ хорз у? - афарста йæ æрæджиау. - Æдылы фарст. Цы йын зонын дæ уæлдай? - Нæ, хорз у. Æвзæр афтæ ныфсхаст никуы вæййы. Кæм дæ, кæ, лæппу?! - Фæлæ уый уым нæ зынд.
- Ауадз æй, æвæццæгæн, йемæ ацыд. Йæхи бæх дæр ам куынæуал ис. Арвыл стъалытæ сарæх сты. Цыма кæ-рæ- дзимæ сæ цæстытæ ныкъуылдтой, тыбар-тыбур кодтой. Дардæй æхсæвы сабырдзинад хæлдта цъыс-цъысæгты æн- æудæскъуыйгæ хъæлæба. Зæрæдтæ сæ кæрты æрбадтысты æмæ сæ фырты æр- баздæхынмæ æнхъæлмæ кастысты. - Ехх, тæхуды ныр чындзæхсæв, - загъта Габе. * * * Райсом хохы цъуппытыл хур куы сныдзæвд, уæд ирдæй разындысты айнæг къæдзæхтæ. Уый сыл дæлæмæ-дæлæ- мæ цыд, хъуызæгау. Уынгты змæлджытæ сарæх сты. Сыл- гоймæгтæ тагъд кодтой сæ дуцинæгтыл. Алы хæдзары ра- зæй дæр хъуыст хъæсдарæг æмæ дзæбуджы тъæпп-тъæпп. Адæм фыццаг бон цæуынц хос кæрдынмæ æмæ алкæйдæр фæндыд йе уæнгтæ аивазын. Сæумæрайсом совхозы къантъорайы раз лæууыдысты дыууæйæ - Таймураз æмæ Дзоццæ. Дыууæ-йы цæсгомыл дæр зынд сагъæсхуыз. Æрæджиау директор йе ’ргом разыл- дта Дзоццæйы ’рдæм æмæ уæззаугай лæмарæгау райдыд- та: - Не стæм цæттæ æмæ тæрсын, нæ фыдæбон дзæгъæлы куы фæуа, уымæй... Нæ къухдариуæггæнджытæ раст нæ кæнынц, се ’взаджы цъуппыл цы æрбабады, уый хъуамæ зæгъой, цы сæ æрбафæнда, уый хъуамæ саразын кæной, развæлгъау ыл нæ ахъуыды кæнынц... - Раст зæгъыс, фæлæ цы бакæнæм. Исты сдзурай, уæд се ’ртхъирæнтæ сæ разæй фæвæййынц... Рæстдзинадыл дзу- рæджы цы нæ схонынц, суанг ма йæ хицауад æмæ адæмы знаг дæр схонынц. - Мæнмæ дæр диссагуый кæсы, уæллæгтæ цы фæцаразын кæнынц, уæд ууыл раздæр цæмæннæ фæхъуыды кæнынц, къуырццмæ йæ цæмæн æртæрынц. Ахæм митæ кодтой бы- дыры совхозты дæр æмæ мæ сæр ардæм фесæфтон, растдæр зæгъгæйæ, Сыбырмæ сафæгау мæ фæкодтой æмæ ам нод- жы фыддæр фесты, иучысыл ныхъуыды кодта, стæй та
сдзырдта,- нæй, мæнмæ афтæ кæсы, цыма нæ хицæуттæй бирæтæ æндæрæрдæм архайынц. - Æмæ йæм нæ хъуыстай дысон, сымахыл, дам, план ис æмæ мæ хъуыддаг нæу цы уæ фæнды, уый, дам, ын кæнут. - Нæ хицæутты æдылы миты тыххæй мах раттæм бирæ зиан паддзахадæн, нæ йæм дарынц хæдзарадон ахаст. - Бæгуыдæр. Фæлæ мах цы бакæнинаг стæм ныр? Кæд трактор уа, уæд къахæм уæрмытæ æмæ æвæрæм силос, æнæ уæрмæй мах ницы æвæринаг стæм. Æнæ уый саразгæйæ мах бакæндзыстæм стыр знагиуæг куыст, куыд... - Раст зæгъыс, фæлæ нæ нæ ныууадздзысты. Хуыздæр у æмæ банысан кæнæм, кæцы уыгæрдæнтæ ныккæрддзы- стæм, уый. - Ды куыд хъуыды кæныс? - Мæнмæ гæсгæ æвзæр нæ уаид, куы ныккæрдиккам хæмпæлтæ, нырма ногдзыд сты. - Хуыздæр у афтæ, науæд тас у, адæм куы на сразы уой, куы нæ бакоммæ кæсой, сæ зæрдæ нæм ныридæгæн хæ- раму. Кусджытæ æд халамæрзæнтæ, сагæйттæ æмæ цæвджы- тæ къантъорайæ чысыл æддæдæр æрæмбырд сты. Кæй- дæр къухы дзы фæндыр. Йæ хицау æй аивæзта æмæ сæууон уæлдæфы арф кæмтты йæ зæлтæ нæрыдысты. Сы- тынг æмдзæгъд. Чидæртæ дзы æд кусæнгæрзтæ зилахар кæнынц, хъуысы сæ «ас тох, ас тох». Совхозы гæстæ сæм кæсынц æнæ змæлгæ, æнæ дзургæ. Иу чидæр дзы йæ ны- мæт худ фелвæста æмæ, уый тилгæ, адæмы æхсæн гæпп- гæпп кафт кæны. «Гъе, гъе, Дуду, хорз дуду кафт кæныс», райхъуыст кæйдæр хъæлæба. «Ме ’рра та се ’хсæн смидæг, нарты Сырдон», - йæ былтæ базмæлыдысты Дзоццæйæн. - Цæрæнбонты колхозты æмæ совхозты фæкуыстон, фæлæ дæ бауырнæд, Дзоццæ, хохы адæмы хуызæн коммæ- гæс æмæ куыстуарзаг адæмыл никуы фембæлдтæн. Афтæ- мæй сæмхъусдард ницæмæй ис, - хъазтмæ кæсгæйæ дзырд- та директор, - быдыры цæрджытæн сæ къухты æнæхъæн гектартæ ис зæххытæ æмæ ма дын уый колхозы куыстмæ цæуы, стæй сæ халсар, дыргъ уæй кæныныл цас рæстæг хъæуы, нæ хæлæрттæн.
- 1ЛЛЛ<НЗ\5Л€НЗ^^><^\Л^ - Раст нæу, адæмæн хъуамæ уаид иухуызон бартæ æмæ фадæттæ æмæ сæм уаид æмхуызон хъусдард. Ацы совхо- зы сæхи тыхæй сарæзтой фæндаг, быдырты та сын сæ дуæрттæм хицауады хардзæй аразынц фæндæгтæ. Афтæ- мæй та фыдæзгъæл æмæ урсаг хæхтæй цæуы. Быдирæгтæ та сæ дыргъы муртæ æмæ кæрдæджытæ суанг Магаданы дæр амидæг кæнынц. - Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ æз æмæ ды абон ацы хъуыддаг не сраст кæндзыстæм, фæлæ ма мын зæгъ, кæцы бынæттæ ныккæрдæм абон? - Райдайæм Хутъиты æмæ Гаситы къуылдымтæй. - Уый дæр хорз, фæлæ нæ адæммæ ифтыгъд галтæ куы нæ зыны, уæд кæрдæг цæуыл хъуамæ ласæм, машинæ та сæм цæугæ нæ бакæндзæн. - Бригадиртæн бамбарын кæнын хъæуы. Араст сты адæмы дзыгуырмæ. Уыдон сæ кафын нод- жы сытынг кодтой. Дуду директоры размæ рауад, хъазты астæумæ йæ йæ габазæй баласта. Хъазт ноджы сцырын. Таймураззиллаччыцалдæрзылдыæркодта,стæйхъуамæ рахызтаид, фæлæ та йын Дуду йæ цонгыл ныххæцыд æмæ тауый дарддæр йæ кафт кодта. Айзæлдысты тахонгæ цагъ- ды зæлтæ, чидæр’сабыргай базарыд: Товартæ райстой Фæлхасцæдисы, гъей, Æмæ йæм нæ гæстæ лидзынц ой фæдисы, гъей. Нæ уарзон горæд нæхи Цхинвалы, гъей, Зондджын лæг дзы йæ фист нæ калы, гъей. Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ Таймураз тынгдæр ныхъуы- ста. «Ау, ацы æмдзæвгæ кæддæр чидæр нæ партийы обкомы дуарыл куы бакодта æмæ йын йæ авторы та æдасдзинады комитет куы ратæр-батæр кодта... Бæдæйнаг Феликс, йæ зарæг адæмон фæкæны...» Зарæг куы фæцис, уæд ыл адæм ныххуддысты. Фæндырдзæгъдæг йæ цæгъдын цæхгæр фæуагъта æмæ ныхъхъæр кодта: - Кусынмæ! Хосдзæуттæ сæ цæвджытæ се уæхсчытæм баппæрстой, салдæттау слæууыдысты æмæ дыууæ рæнхъæй фæраст
сты уыгæрдæнмæ. Сæ синты сæрмæ сæ рæтты тъыстæй зындысты сæ хъæсдарджытæ, сæ фæрстыл дауæнтæ ны- мæтын агъудты. Чидæр та сæ сабыргай базарыд, иннæ йæ цъæхснаг хъæлæсæй систа, баиу сты хъырнджыты хъæ- лæстæ. Уыдонæй чысыл фæстæдæр цыдысты æвзонг лæппутæ, æмæ уыдон дæр ныццæлхъ ластой. Хистæртæ сæм хъусы- ныл фесты. * * * Хосдзæуттæ æрлæууыдысты Гаситы бынмæ зарæстон зæххытыл. Цæвджыты хъæдтæ зæххы æрфидар кодтой, даргъ дауæнтæ систой æмæ цæвджыты уæлæ сæ сыхху- уытт - сыххуытт ссыд: «Сафа, дæ хорзæх ратт», скуывтой æмæ кæрдын райдыдтой. Лæгбæрцкæрдæгдастойфæтæнцæвджытæй.Хосдзæут- тæ, мыййаг, уистæ нæ кодтой, кæрдæг фæлдæхт йæхи мидæг, уымæн йæ уис æрбаппарын чи æрбафæрæзтаид. Ссивджытæ хосдзæутты фæстæ цыдысты æмæ ссиви- наг куыд егъаудæр кодта, афтæ кæрæдзийыл тыхст хуы- лыдз, даргъ кæрддæг, стула æмæ-иу уыцы къулы куы куы базмæлыд, уæд-иу æнæкарстыл суанг коммæ ныт- тылд. Комы уыцы дæргъæй-дæргъмæ тулаты лыг кодтой фæрæтæй æмæ йæ амынд бынатмæ ластой. Зыдтой, сæ ку- ыст дзæгъæлы у фæлæ куыстой. Куыстой сæ ног директо- ры æфсæрмæй. Директор та-иу йæ сæрыл дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ-иу ныййеудодой кодта. Авд боны Цады совхозы кусджытæ куыстой æнæрын- цайгæйæ. Силос калдтой, егъау дзыхъхъытæ кæм ардтой, уымыты^Хандзеры амындмæ гæсгæ. Нæ зыдтой улæфт чысылæй-стырæй. Кусынхъом чи нæ уыд, уыдон та æд до- ны бедратæ сæ уæлхъус лæууыдысты, зæгъгæ, доныл сæ мачи стыхса. Хосдзæутты епп-оппы хъæртæ нæ сысыдысты. Алы чы- сыл улæфты рæстæджы та быцæуыл зарыдысты. Совхозы гæстæ хъуыстой сæ адæмы ныхасмæ дæр, ка-
-—^\лл-«кле^©о(з*^/д-о-ал/ъ стис сын сæ алы змæлдмæ дæр. Буц сæ уыдысты, фæлæ се уæнгтæ уазалы ризæгау кодтой, сæ хъуыдыйæ нæ хызт, зæгъгæ, нæ куыст дзæгъæлы кæндзæн. - Мæ царды фыццаг хатт уынын ахæм куыстуарзаг адæм, æнувыд иумиаг куыстыл,- уæззау дзырдта Тайму- раз, - раздæр кæмыты куыстон, уым-иу мæ сæры магъз рацыд, бирæты дзы куыстмæ милицийæн кæнын кодтон, афтæмæй та сæ къухты гектар зæххытæ ис æмæ сæ хохы адæмæн уæй кæнынц галы цармы ’ййас зæхх галы аргъыл. Уый циу? - Нæ адæм куыстуарзаг сты, фæлæ цæмæй хъæрзынц, уый сын ничи зоны, ничи сæм дары йæ хъус, - къæхты бы- нæй ныуулæфыд Дзоццæ. - Уыдон силос æвæрынмæ куыд æмбырдæй рацыдысты, уый историйы фыссинаг у. Сæ кусынмæ мæхимæ дæр ку- сын æрцыд... Фыр æфсæрмæй сæм мæ бон дзурын нæ уыд... Мæ бон нæ уыд, сæ цуры лæууыдаин æнæ исты архайгæйæ. Лæгæй, усæй та фæллад нæ зонынц, иууыл худгæ æмæ заргæ, фæлæ нæ куыст... - йæ ныхас кæронмæ нал загъта. - Нæ хæхбæстæм ис фарн, æфсæрмдзинад, уарзынц ку- сын, æууæндынц хистæрыл, къухдариуæггæнæгыл, фæлæ куы рахатынц, сайгæ сæ кæны, уæд кæлæхы галтæй уæлдай не сты, сæ къæхтæ ныццæвдзысты æмæ сæ бын дæр нал фæзыхъхъыр кæндзысты. - Афтæ ныхасгæнгæ цыдысты совхозы гæстæ. Бахæццæ сты къантъорамæ. Уæззау къахдзæфтæй асин- тыл схызтысты. Бахызтысты директоры кабинетмæ. Ди- ректоры бандоныл бадт Дуду. Къуымы къæлæтджыны та ныххауд Хандзер æмæ тæвд боны мæкъулæгау улæфыд. Уыд ма дзы ноджы чидæртæ. - Дуду, мæ бынатмæ мын куыд тагъд бабæллыдтæ?- хъазæн ныхас æм баппæрста Таймураз. - Дæ фæстæ æз хъуамæ уон директор æмæ мæхи фæл- варын, æзын дзы сфидаудзынæн, стæй базонон, æдде æр- бацæуæджы цур хи куыд дарын хъæуы, уый, - чызг дзургæ сцæйстад, фæлæ телефоны зæлланг фæцыд æмæ йæм фез- дæхт, систа йын йæ хæтæл, - æххæст æм байхъусон, - йæ амонæн æнгуылдз хæрдмæ фæдардта.
- Байхъус, байхъус, дæ фæхъыг кæнын дæр хуыцауы фæхъыг кæныны хуызæн у - хъазгæ загъта Таймураз дæр. - Ало, хъусын, Цады фæзы совхозы... Дуду... - Дуду дæ, хорз дæ, уый куыд нæ зонын, фæлæ чи дæ? - хъуысы телефоны. - Дуду дæн, Дуду æмбарыс, мæ ном афтæ у. Ды чи дæ? Цы дæ хъæуы? Таймураз æм бацыд æмæ йын йæ хæтæл ис- та, фæлæ йын уый къухæй ацамыдта, зæгъгæ, фæлæу. - Йæ хъæлæс замманайы рæсугъд у,- телефоныл къух æрæвæргæйæ бадзырдта Таймуразмæ. - Силос æвæрыны хъуыддаг куыд цæуы? Уæ уæрмытæ байдзаг сты? - Се ’гас дæр байдзаг сты иу йедтæмæ... Иу дзы нæ йед- заг кæны... Калæм дзы, калæм, фæлæ цыма æнæбын у... - Чызг, уый та куыд? Уæрм куыд у æнæбын. Хынджылæг кæныс? - Ницы хынджылæг кæнын, - йæ къух дыууæрдæм атыл- дта, цыма чемæ дзуры, уый йæ уыны. - Уæдæ цавæр уæрм у? - Стыру, стыр! - Тынг стыр у? Цас у йæ арфæн? - Иу метры бæрц. - Чызг, æз дæ æцæг фæрсын. - Æз дæр дын, бирæ цæрай, æцæг зæгъын. - Уæдæ цавæр у, кæд иу метр йедтæмæ нæу, уæд куыд нæ йедзаг кæны. - Мæнæ Хандзерæй зæгъын, Хандзерæй! -Чи?! - Хандзер! Партийы райкомы... Телефоны иннæ кæронæй тыхджын худын райхъуыст, Хандзер ныссырх. Йæ бынатæй фестад, цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ не сфæрæзта... Таймураз трубкæ исы, фæлæ йæ нæ дæтты. - Марг дæ дзыхы, кæд цытæ дзурыс, уæд. - Худы Тайму- раз дæр. - Чи, чи? Иу хатт ма йæ зæгъ, - райхъуыст та телефоны. - Хандзер, Хандзер, гукк, иронау! Дæ мæрдты стæн, чи дæ, чи, къуырма дæ?! *з
-—^т^в^^о^ОАуолт - Æз Грис Харитъоны фырт дæн, партийы райкомы се- кретарь. - Æй саубон мæ куыд баййæфта, гъе, - чызг телефоны хæтæл фынгыл авæрдта. Йæ уæрджытыл балæууыд худ- гæйæ, - быны сæфт фæдæн, ме ’взаг мæ фесæфта. Телефоны ма цалдæр хаты райхъуыст «ало, ало», фæлæ йæ ничиуал систа æмæ цыбыр зæлтæ сæ уд исыныл ныл- лæууыдысты. Уаты бадджытæ фыццаг фæхъус сты, стæй худынмæ фе- сты. Йæ худын бынтон нал урæдта директор. Дзоццæ йæ тæнтыл хæцгæ æддæмæ рахызт. - Цæй, цы худут? - йæхи фæтызмæг кодта чызг, стæй фæлмæнгомауæй Хандзермæ бадзырдта, - Хандзер, раст нæ зæгъын? Уый йæм йе стыр цæстытæ ныццавта, цыма фæхудт, фæлæ уæлаенгай, мæстæй йæ бинаг был кæфойау алæууыд хæлиуæй. Йæ фыццаг фендæй чидæриддæр загътаид: «Цæджджинаг лæууы дыкъахыг суанцъæйыл». Раст дæ, раст, -ралæдæрстауый. Цыдæр ма сцæйдзыр- дта, фæлæ уыцы уысм къæсæрыл æрбалæууыд фермæйы гæс Пора. Уый салам ратта, кæй нæ федта, уыдонæн, стæй Хандзермæ баздæхт. - Цæттæ у. - Цæй уæдæ хорзæй баззайут, ды та, Дуду, галиу митæ мауал кæн, - загъта Хандзер æмæ фæцæуыныл. - Дуду æгæр ма скъæбæда у, худинаг у, районæй æрвыст у, - уайдзæфтыл ныллæууыд директор. - Æмæ æз кæцæй дæн? Районæй нæ дæн? - йæ разы æм- раст слæууыд Дуду. - Партион кусæг у. - Ам уæдæ, æцæг, Дуду ма уæд, æз уый ардыгæй куы нæ арвитын кæнон, цы ныхæстæ сты уыдон: «Уæ совхо- зы адæм скъулæктæ сты, хъæбæр сæм фæлæууын хъæуы». Мах авд бонмæ силос цы нывæрдтам, уый уыд дыууæ къу- ырийы куыст æмæ адæммæ тымбыл къух куы тилай, уæд уыдон та цал сты, уал тымбыл къух батилдзысты æмæ дзы уæд цы рауайдзæн, арсимæ кæрдо цæгъдын нæ хъæуы. - Дуду раст у, - йе ’вварс фесты чидæртæ, æмæ директор
ауцм^сче^в^^^ллл;—- фæсыпп, æниу Хандзерæй йæ мæрдты удхæссæг уыдта. - Ирон адæм уазæгуарзаг сты, - сфæрæзта ма хи раст кæнынæн директор. - Уазæгуарзаг сты; фæлæ се ’ккой бадын дæр никуы ни- кæй бауагътой, иууыл хæрын æмæ нуазыны кой кæны. Уый циу? - йæ фырмæстæй азгъæлста Дуду, йæ цæстытæ къуымты ахæсгæ. Фемдзаст Хандзер кæм бадт, уырдæм. Уымæн бандоныл баззад йæ гæххæттдон. - Мæнæ дын йæ лæвар, нывæр ын æй, - гæххæттдон директоры размæ баппæрста. Таймураз æй фынджы иу кæронмæ азылдта. Директор Дудуйы бирæ уарзта, фæ-лæ- иу æм хъыг кодта, адæмы хсæн-иу æм къæйныхæй куы дзырдта, уæд. «Мæнгæй нæ акæнынц, сывæллонмæ дæ дæндæгтæ зыхъхъырæй куы дарай, уæд сæ цыхт æнхъæ- лы», - дзырдта-иу химидæг. Уаты бадтджытæ фæхъус сты, алчидæр сæ йæхи цæимæ- дæр сархайæг кодта. - Æз фермæтæм цæуын,- буцтæгæнгæ сдзырдта чызг, - Пора, ды нæ цæуыс? - Цæуын, фæлæ чысыл фæлæу, ам мæ демæ хъуыддаг ис, стæй Таймуразимæ дæр. Кæд гæнæн ис, уæд нæ иучысыл хибарæй кусын бауадзут,- бахатыд къантъорайы чи бадт, уыдонмæ. Уыдон, зивæггæнгæ сыстадысты æмæ^рацыды- сты. Пора хæстæгдæр бабадт директоры размæ. Йæ сæрак хызын байгом кодта æмæ дзы систа гæххæттытæ. - Таймураз, ацы чысыл фыстæджытæ мæм мауал æрвит, - дзургæ сæ директоры раз æрæвæрдта. Уый йæ мидбына- ты æнæ змæлгæ бадт. Порамæ бакаст, стæй гæххæттытыл йæ цæст ахаста, йæ къухмæ сæ нæ райста, афтæмæй. - Бæргæ, мæ хисдæр дæ, фæлæ иумиаг фæллойæн аф- тæтæ кæнæм, уый бар нæ никæмæн ис. Адæм цы зæгъ- дзысты, стæй дзуапп æз дæттын, искæй тыххæй та æз ахæс- тонмæ нæ бацæудзынæн. Дæ размæ чи уыд, уый дæр ахæм митæ кодта æмæ... Директор фергъиау, йæхи бандоныл фæстæуæз ауагъта, йæ къухтæ йæ дæлæрмтты бакæнгæйæ. - Цæй фыстæджытæй зæгъыс? - афарста йæ дисгæнгæ. - Æркæс сæм, дæ фыст нæ базондзынæ?
-—^ллл^нз^ЛО-е^а^о^т Уый гæххæттытæй иу систа. Ракаст æй, стæй йын йæ мыхуырмæ ныккаст. Лæгæн йæ цæсгом асырх, афтæмæй йæ цæстæнгас Порамæ базылдта. - Чи дæм сæ ратта? - Хандзер. - Цы куырдта, уый йын лæвæрдтай? - Бæгуыдæр, дæ къухфыст гæххæттыл, бынæй совхо- зы мыхуыр. - Уый гæххæтт ногæй Таймуразмæ бадардта,- бакæс ма йæ. У^ш йæ айста æмæ ракаст: «Пора Челемейы фырт, дæ хорз хорз у æмæ ацы лæджы къух ацараз, иу род ын ратт». - Кæмæн? - йæ цæстытæ фæирд кодта Дуду. - Хандзерæн, - райста Порайæ дзуапп. - Цæй тыххæй? - Нæ зонын, уый Таймураз зæгъæд. - Бакæс ма иннæ гæххæттыты дæр, - дзуры Таймураз Дзоццæмæ, - Дуду фæлæу ма, ма та атæвд у! Дзоццæ кæсы æндæр фыстæг «Мæхи, Пора, дæ хорзæ- хæй, иу дыгæрдыг арвит партийы райкомы фыццаг сек- ретарæн. Таймураз.» Иæ быны ис тымбыл мыхуыр, - дзуры Дзоццæ, - абоны род та фæласы райæххæсткомы сæрдарæн. Фыстæджытæ ранымадта æмæ æдыппæт разындысты фа- раст... Директор йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд. «Уæ мæрдтыстæн, нæ партион кусджытæн сæ фылдæр давы- ны куыст йедтæмæ ницы кæнынц, ай цы хабар у», дзуры йæхицæн. Пора иу фыст сыф систа æмæ йæ директоры раз æрæвæрдта. - Къамис сараз æмæ сæ мæнæй айс, мæнæн афтæмæй кусын мæ бон нæу. Таймураз йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд. Порамæ цъынд- дзæстæй бакаст, стæй йыл сæнт хъæр фæкодта. - Кæдæм цæуыс?! Мæ фос мын банымай æххæстæй æмæ стæй кæдæм фæнды цу! - Дæ гæххæттытæй цы радтон, уыдонæй дарддæр иу- уылдæр сты сæ бынаты! - Уыдон дæр сæ бынатмæ скæн, уый фæстæ кæдæм фæнды дæр цу, уæддæр ды кусæгæн нæ бæззыс!
- Цæй тыххæй нæ бæззын?! Фос хæлæттаг кæнын кæй нæ уадзын, уый тыххæй нæ бæззын?! - Раст сæ хæлæттаг кæнын бауагътай! Ды дæ бынаты аккаг нæ дæ! Чи у Хандзер æмæ йын алы мæй кусæрттаг дæттай?! - Ды сæ дæттыс, ды! - Ацу, тæккæ абоны мын мæ фос банымай, æз нæ зонын, æз Хандзерæн никуы ныффыстон гæххæтт дæумæ стур раттыны тыххæй. Уый мæ къухфыст нæу, - лæджы ныхас фæфæлмæндæр. - Уæдæ кæй у? - Пора дæр фæфæлмæндæр. - Ды йæ хъуамæ зонай, ды! Фосы хицау ды дæ! Ныхъхъус сты. Дуду сцырддзаст ис куы сæ кæмæ бакæсы, куы кæмæ. «Кæцæй йæм бахауд совхозы мыхуыр, кæцæй? Сей- фы дæгъæл æм уа? Хæйрæг йæ зонæг...чизоны, мæ размæ чи куыста, уый йæм æй искуы авæрдта...Мæгуыр йæ бон, бирæ хъуыддæгтæн ницы зыдта, афтæмæй йыл сæ ревизи ныффыста, лæг йæхимæ марæн кæрдтæ хаста, зæгъгæ сын ницы зонын, фæлæ документтыл уыд мыхуыр, къухфыст. Къухфыст саразын зын нæу æмæ абон дæр мæгуыр лæг ба- ды ахæстоны. Гъей, уый уыд Хандзеры æнтыст,- хъуыды- ты афардæг директор,- зын нæу æмæ æз дæр йæ фæдыл бацæуон, кæй бынатмæ æрбацыдтæн, уымæн». Уый йæ цæстæнгас систа фынгæй, йæ фарсмæ лæуджытæм бакаст. Уыдон лæууыдысты æнæ сыбыртт. - Æз никуы никæмæн раттон гæххæтт. Бауырнæд уæ... Ацы фыстæджытæ дæхимæ дар, иу дæр дзы ма фесаф. Æцæг абырæджы ссарын хъæуы, æндæра къæрныхы бы- наты баззайдзыстæм мах. Æркæсут æм. Ам мæ къухфыст у аразгæ. Зæгъ ма мын, - лæг йæхи рахатыдта бынтон са- сты уæвæгæй, - мæ размæ дæр ма дæм хаста ахæм гæххæт- тытæ. - Уыдис-иу дзы, - бынтон састы бынаты баззайæгау йæхи фæхатыдта Пора. Йæ риуы дзыппæй дзы систа иу гæххæтт. Фыстытæ æрдардтой æмæ разындысты иухъуы- зон къухæй фыст. Базыдтой, дыууæ директоры рæстæджы фыстытæ иу къухæй фыст кæй уыдысты, уый.
ОУ^Г^К^ЗЛ©»©^^)-^) - Никуы йæ бафарстай, мах сæ куыд сфыссæм, уымæй? - фæрсы Порайы Дзоццæ. - Акт, дам-иу саразут, куыд амард, афтæ, - æрхæцгæ дзу- апп раттауый. - Гъе, уый хъуыддаг у, гъе... - Кæс-ма, кæс, уыцы былджынмæ, - скарз та Дуду. Ди- ректор ын йæ сæрак гæххæтдон бакодта. Скалдта дзы алы- хуызон хъулон-мулон фыстытæ. Уыдон æхсæн совхозы мыхуыримæ цалдæр сыгъдæг гæххæтты æмæ æууæнчы бланктæ дæр. - Мæнæ цытæ уынын, мæнæ. Мæнæ цы нæ ма æрцыд, ахæм æмбисæндтæ, - ныккæрзыдта директор, - ныр мæ бауырныдта, мæ размæ чи куыста, уый айхуызæттæ кæй байсæфтой, уый. Иууылдæр джихæй баззадысты. Бадтысты æнæ дзур- гæйæ. - Йæ цæсгом ын раргом хъæуы, - сабыр сдзырдта Дзоц- цæ. Дуду йæм разыйы цæстæй бакаст. Изæрыгон сатæг уæлдæф хæхты адджын у. Уый фæллад уæнгты рог кæны, масты та сургæ. Æппын дæ зæрдæ хæрд куы нæ агура, уæддæр дæм хохы ахæм изæр хæрын æнæмæнг æрцæудзæн. Фæлæ ацы цыппар адæймагæн хæрд сæ зæрдæйы кæрон дæр нæ уыд. Се уæнгты сын цы- ма уазал хуылыдз мигъ æрбалвæста, сæхи афтæ хатыдтой. - Пора, цом немæ, - цæхгæр сдзырдта чызг, Таймураз æй куыд нæ фехъуыстаид, афтæ, - кæнæ мæ фатермæ, æмæ уым æрбадæн нæй, кæнæ, Дзоццæ, сымахмæ, кæд та мæнæй нæ фæтæрсай, уæд æмæ алцы дæр ныффыссæм... - Æз никуы тарстæн, æфсæрмыйæ дарддæр, фæлæ ныр æфсæрм дæр нал кæнын. Цомут махмæ. - Æмæ дзы æз кæм схуысдзынæн? - чызг та хъазын æрдæм фæцис. Пора сцæйрæдыд, зæгъгæ, Дзоццæйы фарсмæ, фæлæ йе ’взаджы цъуппыл фæхæцыд. - Ма та райдай дæ къулбадæг ныхæстæ, фæлæ цом. * * * | Директоры кабинеты бадынц совхозы гæстæ: сæйраг бухгалтер, зоотехник, йæ хæдивæг, партчыры нымæрдар
пЛЛЛ-^К^ЗЛЭ’в’^О^^А/Ъ æмæ ’ндæртæ. Сæ ныхас уыд æрмæстдæр иу фарстыл: «Зымæгмæ фаг холлаг сцæттæ кæнын». Æмбырды сæ уый тыххæй бирæ радзур-бадзур нал бахъуыд. Аскъуыддзаг кодтой, цæмæй совхозы кусджытæ хос ныккæрдой æм- бисыл. Уыцы фæндоныл адæм дæр разыйæ баззадысты. Стæй ма цæхгæр ныллæууыдысты, цæмæй сæм æдде хос кæрдынмæ макæй æрбарвитой. Уымæн æмæ сын алы аз дæр фесафынц сæ уыгæрдæнтæ. Æмбырды хайдисджытæ иугай стадысты райгонд зæрдæимæ... Хатæны ма базза- дысты иуцалдæрæй. Ацы рæстæджы телефоны ахъхъаззаг дзæнгæрджытæ райхъуыстысты. Таймураз ын йæ хæтæл систа. Бæрæг уыд, телефоны иннæ кæрон чи дзырдта, уый ныхæстæй йæ зæрдæ кæй барухс æмæ фæхудындзаст. Фæстаг хатт хъæрæй ныххудт, тынг худын райхъуыст теле- фоны иннæ кæронæй дæр. Дуду сæрæн чызг у - худгæ дзуры директор. Бæрæг уыд, кæй худтысты, Дуду Хандзеры тыххæй цы хъазæн ныхас загъта, ууыл. Чысыл фæстæдæр ныхас фæхъуыддагдæрхуыз ис. Тай- мураз æм байхъуыста, стæй цæхгæр загъта: - Ныртæккæ фæцис не ’мбырд æмæ аскъуыддзаг код- там, цæмæй нæм æддагон адæм, ома кондæдтæй æмæ уагдæттæй хос кæрдынмæ макæй æрбарвитой, адæмы фæндон аивон, Грис Харитъоны фырт, уый мæ бон нæу. Адæм сæхæдæг дзырд дæттынц, совхозы фосæн фаг холлаг кæй скæндзысты, уый тыххæй. - Ницы гæнæн дзы ис, областы къухдариуæггæнджытæ мæ карзæй бафæдзæхстой, цæмæй сыл сом райсомæй фембæлат, раттат сын уыгæрдæн æмæ сæ хæрдæй дæр сифтонг кæнат. - Сæ зиан мын фылдæр у, - лæгъстгæнæгау ма дзырдта Таймураз, фæлæ йæм хъусæг нал уыдис, Грис йæ ныхас загъ- та æмæ телефоны хæтæл æрæвæрдта. Хæтæл æрæвæрдта директор дæр. Уый йæ дыууæ армы тъæпæн быцæу рат- та йæ рустæм, стæй йæ къæмисæнтæ сæууæрста. Уаты бадджытæ смæсты сты, фæлæ æнхъæлмæ кастысты, ди- ректор цы зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ уый фыдæнæнгæнæгау ныссыпп. Æрæджиау фæсус хъæлæсæй сдзырдта:
- Грис Харитъоны фырт дзырдта, уæ силосы уæрм, дам, байдзаг кæнут, - уый загъта Хандзерæй. Адæмæй фем- бæрстой æмæ бахудтысты. Директор сыстад, уаты ма чи бадт, уыдоныл йæ цæст ахаста. - Заводты кусджыты нæм райсом æрбарвитдзысты хос кæрдынмæ. Дзоццæ, сæ хæлц сын кæнын дæ бар, æнæ сихор куыд нæ баззайой,- директор дзырдта ныллæг хъæлæсæй. Стæй цæуылдæр ахъуыды кодта, йæ галиу армæй йæ роцъ- ойыл хæцгæйæ. - Заводы кусджытæ нæ цæмæн бахъуыдысты, нæхи адæм дзæгъæлы куы бадынц, - нал фæллæуыд Дзоццæ. - Æз дæр ууыл ныхъхъуыды кодтон,- сабырæй дзуры директор. - Æмæ йын цæмæннæ загътай? - Загътон ын, фæлæ цы нæ бон у, уый бады уæле, уымæн та загъта йæ уæле æмæ афтæ суанг Сырх фæзмæ. - Заводтæй ам цалдæр азы куыстой, уæд ма студент уыдтæн æмæ пайда ницы раттой зианæй дарддæр. Уыгæр- дæнты ныссæстой, кæм цъиугарст фæкодтой, кæм сивыр- гарст, афтæмæй сын бон дыууæ хатты та хæрд лæвæрдтой. Сæ пайдайæ сæ зиан фылдæр уыд, стæй нæхи адæм мæсты кодтой, мах дæр, дам, куыст хъæуы. - Ды раст дæ, фæлæ дыл уæле куыдз куы рæйа, уæд ды дæр хъуамæ куыдзау рæйай. - Æмæ та мæнæ хæндыджы хуызæн уыгæрдæнтæ фе- сафдзысты. Адæмыл æрвнæрæгау айхъуыст, горæтæй сæм æххуысмæ кæй æрбацæудзысты, уый æмæ сæзнæт сты. Къордтæ- къордтæ кодтой, фырмæстæй цæхæртæ калдтой, сæ иу- миаг ныхас уыд: «Фыццаг уал уый, æмæ сын ныккæрдын кæнынц æввахс уыгæрдæнтæ, дыккаг уый æмæ сæ фæ- раууил-баууил кæнынц, цъиугарст сæ ныккæнынц æмæ бæхджын лæг кæм нæ фæзыны, ахæм кæрдæг фесафынц, æртыккаг: нæхæдæг цы ныккæрдæм, уый кæм ис, мах ку- сын нæ хъæуы?». •Адæмы тыхст æмæ æнæразыдзинад Таймураз хатыд æмæ се ’хсæнмæ рахизынмæ æфсæрмы кодта. Къантъо-
райы дурдзавдæй бадт. Адæм æм бафсæрстой, фæлæ уый мардæрцыды хуызæнæй куы ауыдтой, уæд сæ маст фæ- састис. Дыккаг бон фæсаходæн цалдæр машинæйы дзаг адæм æд цæвджытæ æрлæууыдысты совхозы къантъорайы раз. Горæттаг кусджыты къордты хистæртæ афæдзæхстой, зæгъгæ, базонæм, кæм кусæм, уый æмæ уæ бынæтты бадут. Уыдонæн сæ хистæртæ къантъорамæ куыд фæцæуыныл сты, афтæ уыдон машинæтæй зæхмæ æргæр-гæр кодтой. Чи сæ хæмпæлты сæнчытæ æмæ гæнгæлыты фæстæ адзæ- гъæл, чи та сæ уæлгоммæ схуыссыд, чидæртæ сæ астæуæй уæлæмæ сæ дарæс раластой æмæ хурмæ сæхи сыгътой, чи та сæ арф улæфтытæ арæзта, зæгъгæ, хохаг рог уæлдæфæй фаг фæулæфæм. Ацы рæстæджы къантъорайæ къордты къухдариуæггæнджытæ рахызтысты директоримæ. Æгæр раджы не ’рбацыдыстут? - дæлгом фарст сæм рад- та директор, йæ сахатмæ æркæсгæйæ. Уыдон æй бам-бæр- стой æмæ сæхи раст кæныныл схæцыдысты. - Гаражæй шофыртæ æгæр рæгмæ рацыдысты, нæ куым- дтой, - дзырдта сæ иу. - Уый та куыд, куыд нæ куымдтой? Сæхи сæрмагонд машинæтæ сты? Мызд сын нæй? - Таймураз йемæ дзурæгмæ зулмæ бакаст. - Гъы, мызд. Уыдонæй бирæ мызд исгæ дæр нæ ракæны, йæ къух ведомостыл цы æрфыссы, уымæй дарддæр, мыздæй цы кæны... - Уæдæ йын йæ мызд чи райсы? - Сæ хистæртæ. - Уый та куыд? Стæй сæхи хæрын нæ хъæуы? - Гъы, хæрын. Чынты сахармæ бон дыууæ рейсы куы са- раза, уæд ын дзы сæдæ сомы зайы. Ардæм рацыд та йын пайда нæ дæтты. - Гъе, уый хъуыддаг у, гъе. Æмæ фыдæзгъæлмæ горæт кæрæдзи сæрты куы1 слæууынц, уæд ыл нæ хъуыды кæ- нынц, кæцæй цæуы, ууыл?
- Уый сæ зæрдæйы кæрон дæр нæй. Мах; дам, нæ ма- шинæтæ куы истам, уæд, дам, сын хистæртæн туг фидæгау бафыстам. - Уый хорз фæуæд, фæлæ ма мын зæгъ, дæ кусджытæ кæрдынмæ рæхсынц? - Куыд нæ. Алы æртынæй дыууын сты æйттмардзæ хосдзæуттæ. Таймураз йæ бынаты дзыхъхълæуд фæкодта æмæ йæм зулмæ бакаст. - Æмæ уæд иннæ дæс цæмæн ракодтай? - Дондзæуттæ уыдзысты. Сæхи фæндыд æмæ сын цы бакодтаин. - Ау, уый та куыд? Заводы йын мызд нæ фидут? Уæ заво- ды фылдæр хатт сæ план куы нæ феххæст кæнынц? - Уый та куыд нæ зонæм, фæлæ махыл хосы нормæ нæй. Махæн загътой хъуамæ, дам, кæрдынмæ арвитат æртын лæджы алы заводæй дæр æмæ сæ ракодтам. Таймураз зæхмæ ныккаст, стæй йæ цæхгæр афарста: - Сæ хæрд семæ ис? - Хæрд совхозы хардзæй у, - уый йæм аивæй бакаст, ома дæ къæбæрыл куыд кæуыс, - дæ дзыппæй хъæуы, иууыл иумæ сæдæ фæндзай адæймаджы сты æмæ... - Уæдæ кæй дзыппæй хъæуынц? - ныздыхта йыл Тай- мураз, уымæ æнæ кæсгæйæ. Йемæ дзурæг фæсыпп ис. «Ай куыдз куы у йæхæдæг, - ахъуыды кодта йæхи мидæг, - иннæ колхозты æмæ совхозты хицæуттæ цин фæкæнынц, семæ минас фæкæнынц, ай та йæ къæбæрыл кæуы, стæй ма уыдон æфсон сæхицæн дæр цыдæртæ амбæхсынц кус- джыты æфсон. Æвæццæгæн, нырма куыст нæ зоны». Таймураз кусджытæм баввахс, салам сын ратта. Уыдон кæрæдзийæн ахъус-хъус кодтой: «Директор, директор, ба- фæрсут ма йæ, не ’хсæвæр цы хуыйны». Къул уыгæрдæнмæ сæ ничи акуымдта. Нæ къæхтæ, дам, ныллыгтæ кæндзыстæм æмæ цады алыварс быдыр- ты æрлæууыдысты. Совхозы директор сæм каст. Каст æмæ фырмæстæй йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. Астæумæ кæр- дæгссæстой, кæрæдзи расур-басур кодтой. Чидæртæ дзы къутæрты бынты бабырыд, систой нозт æмæ æнцъухын райдыдтой.
- Цы ми кæнут, цæмæннæ кусут? - Уыгæрдæнтæ цæуыл сафут? - Мæсты сæм кодтой, чи карста, уыдонæй бирæтæ. - Кæрдыс æмæ ныккæрд, исты дæ джиздарæй,- гуы- мыдза дзуапп лæвæрдтой уыдон. Директор иудзæвгар ни- цы дзырдта, стæй ивылд донау фессæста сæ хистæртæм. - Уæ заводты æфсæйнæгтæ дæр афтæ цъæлтæ кæнут? Цы у ай? Кæцæй æрхаудтат? Уыдон фефсæрмы сты æмæ фæтк æвæрын райдыдтой сæхæдæг. Ацы рæстæджы сæ уæлхъус æрбалæууыд Дзоццæ. Уыгæрдæнтæ ссæстытæ, æрдæг кæрстытæй куы ауыдта, уæд фырмæстæй йæ тугда- дзинтæ адымстысты. - Нæ загътон, адон зианы йедтæмæ пайда ницы рад- тдзысты. - Таймуразмæ йæ мæстджын цæстытæ базылдта. - Хæрд сын исты самал кодтай? - Ис алцы дæр. - Абонæн ницыуал гæнæн ис. Сом сæ нал æрба-уадздзы- стæм. Кæд нын æххуыс кæнынц, уæд куыд æмбæлы, афтæ. - Цы та нæ цæуы уæ зæрдæмæ? - сæ фæстæ тыхулæфт- гæнгæ æрбалæууыд Хандзер. - Алцы дæр, - фæцырд Дзоццæ,- нæ кæрдæг нын фе- сæфтой. - Уымæн ницы у, ацы кæрдæг уыдон карст никуы фæуы- дзысты,- къух ауигъгæйæ ныфсдæттæн ныхас кодта Ханд- зер. Æртæ дæр ныр лæууыдысты æнæдзургæйæ æмæ касты- сты кусджытæм. Д æлæрдыгæй сабыр уддзæф хаста. Уæнгтæ рог кодта æмæ куыстуарзаджы рæвдз кодта кусынмæ. Бы- дыры уыгæрдæнты сæрвасæнæй фасæгау кодта. Даргъ хиталджытæ-иу куы атасыдысты, уæд-иу сæ сæртæ хурмæ ферттывтой, гæдикъуди дзедзлой кодта дыууæрдæм. Изæры кусджытæ се ’хсæвæрыл æрбадтысты къордтæ- къордтæй. Таймураз районæй æрвыст лæгтæн хицæн ран- мæ барвыста хæйттæ, кæмдæр сын нозт дæр самал кодта. Æниу нозт сæхæдæг æрцагуырдтой. Æхсæвæр бакæныны фæстæ алы къорд дæр йæ маши- нæйыл сбадт æмæ заргæ фæфардæг. Совхозы гæстæ сæ фæс-тæ кастысты æлхынцъæрфыгæй...
Ацы рæстæджы Хандзер йæ машинæ фæурæдта сæ цу- ры, йæ дуар ын бакодта æмæ Дзоццæмæ фæсидт. Уый йæм бацыд æвæндонæй. т Лæппу æппæт дæр хорз уыд куыстæй æндæрæй, фæ- лæ... - йæ сæр нынкъуыста. - Фæлæ цы, кæд алцы хорз уыд, уæд? - йæхи мидæг та загъта: «Уа хорз уæд дæ бурти сæр». - Фæлæ цы, нæ йæ зоныс? Дæ сæн нæ бæззыд,- загъта æмæ лæппумæ ныккаст, - стæй кусартæн йæ мурзæджытæ цы фесты? Фен ма-иу сæ райсоммæ, загъта уый, стæй ма- шинæйы дуар батъæпп кодта æмæ ацыд. - Силосыуæрм, - ауад Дзоццæйы хъустыл æмæ фæзылд фæстæмæ. Иæ уæлхъус лæууыд стуры хъуынтæй дзаг дзаумæтты Дуду. - Кæцæй фæдæ? Абондæргъы ам куы нæ дæ? - Фосæн судзинтæ арæзтон, фæлæ уыцы дзæргъы йæ бæттæны цæмæннæ бабæттын кæныс? Цы у уый? - Дуду алцæмæн дæр ис рæстæг. Ма мæсты кæн, - дзуры мæстыйæ Таймураз. * * * Цалдæр боны фæстæ Хандзер Цады хъæуы совхозы къантъорайы балæууыд. Уый уæды хуызæн хæларзæрдæ никуы уыд. Алкæимæ дæр дзырдта сабыр, фæлмæн. Алыгъуызон ныфсæвæрæн ныхæстæ сарæх сты йе ’взаджы цъуппыл. Уæдæ машинæтæ æмæ трактор раттын кæндзæн совхозæн, цæрджытæ фос дарæд, куыд сæ фæнды, афтæ, фæндæгтæ саразын кæндзæн уыгæрдæнтæм, хъæутæм. Адæм дисы бафтыдысты. Уымæн æмæ йæ уый хуызæн зæрдæхæларæй никуы зыдтой. Уæлдай тынгдæр узæлыд Дзоццæйыл. Дудуимæ сын хъазгæ мхасæн æмбарын кодта, зæгъгæ, афон уын у æмæ уæ амæндтæ ссарат, фæлæ йыл ацы ныхасмæ Дуду куы ныпъæртт кодта, зæгъгæ, мах мæт дæ ма уæд, дæхи царды кой кæн, уæд йæ хуыз аныхъуырд- та. Чъылдымздæхтæй йæм лæууыд Таймураз дæр, раст ын цæсты сындзы хуызæн фестад. Цалдæр хатты сдзурынмæ хъавыд, зæгъгæ, цæмæн афтæтæ кæныс, фæлæ-иу ферхæ-
охлл^к^о^Ов^б^^лл/ъ—- цыд, кæд мыййаг, зæгъгæ, Грисимæ баст у. «Ныр, мæ хур ахæм рæстæг скодта æмæ адæттæ фылдæр хистæртæн сæ къæбылатæ сты, се ’ххуырстытæ. Сæ хистæрты ныфсæй айхуызæттæ сæ сæртыл бæрзонд схæцынц æмæ сæ куыд фæнды, афтæ кæнынц, сæ номæй стигъын райдайынц со- вхозты, колхозты, зилынц æфтауцдæтты æмæ адæмæн та: «Уæ зæвæттæ, дам, стъæрут». Иучысыл ахъуыды кодта, стæй та йæхицæн загъта: «Грисы уал фенон». Хандзер уыдонæй алкæй ахастдæр æмбæрста, фæлæ сын цыма сæ хъуыды нæ хатыд, йæхи афтæ дардта. Зыдтой совхозы хицæуттæ дæр, йæхи лæгъз цæмæн ауагъта, уый. Фæлæ сæм уый диссаг нæ каст, уымæн æмæ къæрных æмæ дывзагон адæймæгтæн сæ бон у æмæ сæхи алыхуызæттæ дæр дарой. Уый дзырдта, лæхурдта, йæ дзыхæй тугтæ дæр калдта, фæлæ йæ хъазæн ныхасмæ ничи худт æмæ йыл йæхæдæг дæр нæ хъуыды кодта, исчи худдзæн йæ худæг ныхæстыл æви нæ. Уый æрмæстдæр бæллыд Порайыл хи- цæнæй фембæлынмæ, фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Пора уаты къуымгæрон нынныгъуылд, æргъæвст цъиуау, бандоны арф ныббырыд. Йæ уд схæппæввонг ссис. Хандзер æй ку- ыд нæ фæхатыдта, дзургæ-дзурын дæр йæ цæсты зул ууыл хаста, сау зæрдæйæ æмæ карзæй сфæнд кодта ноджы йæ тынгдæр фæтæрсын кæнын, химидæг йе ’ртхъирæнтæй нал æнцад: «Фæлæу, æз дын бацамондзынæн, бæрæггæнæнтæ куыд дæттын хъæуы, уый». Уаты къуымты йæ цæст ахаста æмæ рудзынджы дæлвæйнæгыл дурынмæ фæкомкоммæ, бацыд æм. Цыма йæ дон хъуыд, агуывзæмæ йæ рахъил код- та, фæлæ дзы доны цъыртт нæ ратагъд æмæ Порамæ бад- зырдта: - Суадонæй ма æрбадав. Уый рæвдз фестад, дурын райста, дуарæй рахызт æмæ йæхи банкъардта, раст цыма бастæй феуæгъд. Чысыл фæс- тæдæр Хандзер йæ фæстæ рахызт дуармæ, асины сæр йæ разы æрлæууыд. Уый æд дурын фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд æй цæхгæр афарста, йæ цæстытæ ныйирдгæнгæ: - Дыууæ стуры дын куы амард, актытæ сыл цæмæннæ сарæзтай? Знон районы сæ кой уыд. Чидæр дыл ныффы- ста, хæргæ, дам, сæ бакодтай. Пора йæм кæсгæйæ аззад, йæ
-—охлл^нзчеЛЭФ^’^’м/ь бон сдзурын ницыуал ссис. Стурты тыххæй уыйбæрц нæ фæтарстис, цас цы ныффыстой, уый тыххæй æмæ сцæй- рæдыд «Æз куы ницы ныффыстон», фæлæ уæдмæ Хандзер бирæгъдæр хуызæй сдзырдта: - Цы фесты, æз дæм цы гæххæттытæ лæвæрдтон, уы- дон? - Дзоццæ сæ айста, - дзуапп ын ратта, уымæ комкоммæ фæлурс цæстæй кæсгæ, цыма Хандзер йæ разы нае лæууыд, фæлæ кæмдæр мигъы фæстæ, афтæ йæм зынд. Йæ бинаг был базыр-зыр кодта. Хандзер арвы цæфау фæцис. Ным- дзаст æм, цыма йæ аныхъуырынмæ хъавыд. - Цæмæ сæ раттай!? -Актытæсылхъуамæ...-уыйфæндыдйæхисрасткæнын æмæ Хандзеры зæрдæ балхæнын, фæлæ ацы рæстæджы чидæр хатæнæй рахызт æмæ йæ дзурынæй фæлæууыд, йæ дзых хæлиуæй аззад. Хандзер дурын айста æмæ дзы нæ ба- нызта, афтæмæй загъта: - Диссаджы хорз суадон у, - уый сабыргай бахызт ха- тæнмæ. Цыдæр хъазæн ныхæстæ зæгъын ма йæ фæндыд, фæлæ йе ’взаг нал тасыд, стæй ма йæ фæндыд базонын, йæ гæххæтдон уым баззад æви нæ, фæлæ йын нывыл дзуапп ничи ратта. Хандзер ма иудзæвгар алæууыд, арф хъуыды- ты афардæг, архайдта, каем æй ныууагъта, уый æрхъуыды кæныныл, фæлæ йæ сæрмæ æввахс нæ цыд. Чи йæ зоны, кæм æмæ цал расыджы фæцис. Æрæджыйау тыхлæмарæгау ракодта: - Таймураз, районы финхайы цыдæр ног формæтæ рай- стой æмæ сæм Дзоццæйы арвитын хъæуы æмæ сæ æр- бахæсса, уыдонмæ гæсгæ хыгъд раттын хъæуы рæс-тæгыл. Цæй фенынмæ, æз Леты совхозмæ бауайон - Рæствæндаг у, - йæ фæдыл ын радзырдта директор. Совхозы гæстæ иудзæвгар бадтысты æнæдзургæ- йæ. Уаты дзынгайы базырты хъæлæба дæр райхъуыста- ид. Фæлæ уыцы сабырдзинад бирæ нæ ахаста. Дуду йæ æрбайхæлдта. - Ныр сымах лæгтæ стут? Иу уæ не суæндыд силосы уæрМмæ дзурын, нæ куыст нын чи къуылымпы кæны, уы- мæ, не ’хсæнады знагмæ, фæсвæдæй та уыл стыр æвзæгтæ
ис, хæдудтæ! Уый хуызæттæ махæн нæ сомбоны цард кæй ныппырх кæндзысты, уый уæ уырнæд! - Дуду, алцы дæр уыдзæн, парти куыд домы, афтæ, - са- быргай загъта директор. - Алы хатт парти, парти цы кæнæм? Парти махæй аразгæ нæу? Мах хæс нæу рæстдзинадыл тох кæнын? Не ’мбарут, ай хуызæттæ махæн нæ цард æмæ партийы фæндтæ ха- лынц, уый? - скарз Дуду. - Фыстæг, æвæццæгæн, айстой дæле, йæхи уымæн æрса- быр кодта, - сабыр сдзырдта Дзоццæ, - фæлæ йæ Грис... - Гъы, сабырæй уæм сдзырдта, худæн ныхæстæ уын фæкодта æмæ уæ зæрдæтæ хурварс абадтысты, уæ зæр- дæтæ йæм фæтæнæг сты æви дзы тæрхъустау уæ зыр- з*лр цæуы... уæхи гæстæ хонут... Не ’мбарут, уый хин æмæ кæлæнæй йемыдзаг у æмæ уын уе счъилбæстæ худгæ кæй ахауын кæндзæн æмæ уын сæ куы лыг кæна, уæ та уæ худгæ фæрсдзæн: «Риссынц уын» æмæ йын сымах та дзу- апп дæтдзыстут. «Нæ», нæ уæ уырндзæн йæ цъаммардзи- над, - смæсты Дуду. * * * Цыппар хохы æхсæн хъæдын хæдзæрттæй конд хъæу- тыл мæйдар æхсæв æрбадт. Цæсты къух фæтъыссæн дæр нæ уыд. Уынгты фос ныххуыссыдысты æмæ-иу рæстæгæй- рæстæгмæ райхъуыст се ’фсæст нæтын, сæ тыхулæфт. Хæдзæртты рæзты дзæгъæлдзых куыйтæ сæ рæйынæй нал æнцадысты. Сæ иуæй-иутæ ферттив-ферттивгæнаг хъæндилты фæсте асурынц æмæ сын куы аирвæзынц, уæд фыццаг лæугæйæ аззайынц, сæ къудитæ тилгæ, стæй ма сæ куы суынынц дардмæ, уæд ма сæ мæстджын хъырнгæрæйд райхъуысы, фæлæ ма цы? Хæдзæртты рухсытæ хохаг къаннæг рудзгуытæй æрттыв- той... Кæмæйдæрты дзы бынтондæр нал калд рухс. Алчи фæ лл а д у ы д æмæ уатмæ йæхи л аста, райсом та сæ раджы стын хъæуы. Хосгæрдæн у æмæ уыцы рæстæг хохы адæм фæдисы рæстæг кæнæ та удисæн хонынц. Нæ фезмæлдзынæ, дæхи нæ бафæллайын кæндзынæ æмæ зымæджы хосгур зил- дзьшæ.
Хæдзæртты рухсытæ кæрæдзи фæстæхуыссыдысты.Æр- мæстДудуйырухснæныкъуылдтайæцæст.Чызгхуыссыдйæ сынтæджы уæлгоммæ, чиныг фарста. Чысыл фæстæдæр æй йæ риумæ æруагъта, сыхгæдта йæ цæстытæ æмæ хуыссыд æнæзмæлгæ. Æвзонджы бæллиццы хъуыдытæ йæ фынæй нæ уагътой, нал æй фæндыд иунæгæй цæрын. Бонизæрмæ сæрвæтты æмæ фермæты, стæй фæлладæй ныххауы йæ уаты. «Кæдмæ афтæ уыдзынæн иунæгæй? - арæх афæрсы йæхи, - мæхи хохмæ кæй тыххæй æрбаппæрстон, уый йæ хъустыл куы ницы хæцы. Кæд æй хъæуын, уæд ма цы бо- ны хорзæхмæ кæсы... Чызгыл иугæр «дам» ацыд, уæд... Æмæ цæмæн? Æз ын алцæуыл дæр разы куы дæн, уыйимæ авд хохы сæрты дæр куы ахиздзынæн... Иунæгæй кæдмæ мæ хъиутæ хæрон, кæйдæр дзæгъæл хъæуы цыппар къу- лы æхсæн куыд цæрон æнæ хæстæг, æнæ хионæй...Æз ын йæ ныййарджыты фендмæ мæхи æппарын, уыдоны цур он, уымæ мæ былы цъæрттæ хæрын... Мæхи мад æмæ сæ фыдæй къаддæр нæуарзын æмæ,уыйуæддæр...» Иу чысыл йæхъуыдыйæ фæлæууыд. «Чизоны, мæ къæйныхдзинадæй тæрсы, ам хъæу у, æз та бирæ рæтты рæузæрдæ митæ акæ- нын, кæм лæджы хæлафы, кæм тæргæ бæхыл... лæгой дæр ма мæ схуыдтой, чи та æрра дæр, æниу мæ Дзоццæ дæр æрра хоны. Уæдæ ныр мæхи ныууæздан кæнон, æнæсæрмæ- хæссонæй æвдисон мæхи кусæг адæмы æхсæн æмæ кæй хъæуы сæрыстыр митæ, сæр бæрзæндты хæссон, мæ туд- жы цы нæй, уый кæм сараздзынæн, стæй мæ адæм дæр мæ хуымæтæджы тыххæй уарзынц». Чызг йæхицæн æнцой нал ардта, ныддæргъ йæ сынтæ- гыл æнæзмæлгæ. Цасдæр фæстæ рабадт, йе ’рттæ дыууæ уæраджы æхсæн бакæнгæйæ. Арф цардбæлон хъуыдытæ йæ уæгъд нал уагътой. «Цыппар къулмæ кæс æдзух, цин кæн æгомыг фосыл, кæйдæр цардыл тох кæн, изæры та дæхæдæг зæппадзмæ хизæгау бахиз...Нæй, кæд йæхæдæг йæ хъустыл ницы хæцы, уæд ын мæхæдæг алцыдæр хъуа- мæ æргом зæгъон». Кæсы зæхмæ. Кæсы афтæмæй йе онг ныууæззау. Миййаг, фыццаг хатт нæ уыд ахæм джитæнты. Уыд’ма йын, фæлæ-иу сæ æнцонæй басаста. Ныр æй ныл- хъывтой, уæгъд æй нал уагътой, йæ сæр дæр срыст...»
^ллл^к^^а^Ое^^д^ллл^—- Алы хатт мын мæ ныййарджытæ мæ цæстытæ къахынц, уыдонмæ бацæуынæй мын ихджын доны ныххизын æн- цондæр у. Сæхи мыл хъуамæ ракъуыр-бакъуыр кæной, сæ уайдзæфтæм хъусынæй мæ бон нал у. - Дæу тыххæй нæхи бахордтам æмæ ды та зыгъуыммæ рацыдтæ, - мад ын фæуайдзæф кæны, фæлæ уый уæддæр йæхи нæ фæсæтты, ныхас хъазынæрдæм аздахы. - Фылдæр сывæллæттæ ныййардтаис æмæ мыл ныр æнæмæт уыдаис, стæй чизоны, æз дæр иннæтæм гæсгæ зыгъуыммæ нæ рацыдаин, - загъта-иу мадæн. - Де ’взаг та мæрдтæм хуынкъ кæны. - Цæмæн, гыцци, дæ гуыры кондæн сафынæй тарстæ, дзидзи мын нæ раттай фосы æхсыр йедтæмæ æмæ фос бирæ уарзын. Исты ма зæгъдзынæ? Ницы. - Дæ нывонд фæуон, рацу уырдыгæй, хынджылæг ма кæн дæ ныййарджытæй. Кæд дæ уыцы кæйдæр лæппу уар- зы, уæд та цæргæ бакæнут. Уый дæр æрцæуæд ардæм æмæ йын дæ фыд куыст ссардзæн. Иунæг нын дæ. - Гыцци, уый дæр йæ ныййарджытæн иунæг у, куыд сæ ныууадздзæн? - Æмæ сæ ды куыд уадзыс? - Чызг кæйдæр хæдзармæ хъуамæ фæцæуа чындзы, нæлгоймаг чындзы нæ цæуы. - Де ’взагыл сынкъ разайæд, дæу уырысы æфсад куы нæ басæтдзысты. - Цæмæн, цæ, гыцци, раст куы зæгъын. - 0, о, ды раст дæ, фæлæ дæ ныййарджытæ зылын. Ацы рæстæджы машинæйы гуыр-гуыр ссыд æмæ йæ хъуыдытæй чысыл фæиппæрд. Йæ цæсгом, йæхæдæг æн- хъæл куыд нæ уыд, афтæ фæхудындзаст, зæрдæйы тар айхæлд чысыл. Машинæйы хъæр æрбаввахс æмæ йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд. Чысыл фæстæдæр æрлæууыд йæ хæ- дзары фарсмæ. «Уый у», - загъта йæхицæн. Сынтæджы ти- гъыл раздæр рабадт, йæ къæхтыл дзабыртæ æрбакодта, фæлæ не сыстад. «Кæд уый у æмæ йæ зæрдыл лæууын, уæд мæм æрбацæудзæн». Уалынмæ рудзынг æрбахостæуыд. Фæлæ чызг нæ фезмæлыд. Йæ цæстытæ фæирд сты, цæсгом ныррухс, æрфгуытыл бæрзонд схæцыд. Рудзынг хостæуыд *4
æмæ хостæуыд æмæ йæ цал хаты хоста, уал хаты чызджы зæрдæйы цин тынгæй-тынгдæр кодта. - Чи дæ? - сирвæзт дзы мидбыл худгæ. - Æз дæн, - æрбайхъуыст дуарæй. Уый дуар бакодта. Ду- ар хойæгмæ нæ хъавыд комкоммæ бакæсынмæ, фæлæ йæ зæрдæ нæ фæлæууыд. Йæ зын хъуыдытæ йын хохаг сæр- тæг дымгæ Бубы хохы къултыл фæхоста, ныппырх сæ код- та æмæ лæппуйы русыл йæ былтæ куыд авæрдта, уый йæ æрбайрох. Лæппу йын апъа кодта, стæй къæсæрæй куы æр- бахызт, уæд ын йæ бæрзæйыл йæ даргъ цæнгтæ атыхта... Дзоццæ фæцæрдæгдæр... Дуармæ фездæхт æмæ стыр хызын мидæмæ æрбайста. - Уыдон та цы сты? - чызгмæ дисау фæкаст, нырмæ дзы дидинæджы губакк дæр куы никуы зыдта. - Халсæрттæ дын... 0, хæдæгай, де ’мкъласонæй дын салæмттæ. - Чи у? - Йæхи Мæдинæ хуыдта, скъолайы, дам, иумæ ахуыр кодтам. Чызг иудзæвгар ахъуыды кодта, стæй сабыр, хъуы- дыгæнгæ, сдзырдта: - Ахæм никæй зонын. - Мæ гъа, комкоммæ мæм машинæмæ æрбацыд æмæ мæ фыццаг афарста дæуæй. Ахæм зæрдиаг салæмттæ дын æр- выста æмæ дзы фефсæрмы дæн, базармæ дæр ма йæ ныл- ластон. - Бузныг, мæн тыххæй кæмæндæр кæй балæггад код- тай, уымæй, фæлæ æз ахæм никæй зонын. Сæрдыгон хъарм æхсæв сын бацайдагъ ныхас. Хæдзары къулæй, царæй, дзаумайæ æндæрæй - иууылдæр ныхъус сты. Сæ улæфт ныуурæдтой æмæ хъуыстой уыдон сусæг ныхасмæ. Бакæс дзурджытæм: сæ цæсгæмттæ ныссырх сты, зынæй сæппарынц сæ кæрæдзийæн зынаргъ дзыр- дтæ, фæлæ уæддæр Дуду цы ныхасмæ æнхъæлмæ каст, йæ сæр ын чи разилын кодтаид, йæ зæрдæ йын хурварс цы дзырд абадын кодтаид, уый лæппуйы æвзаджь1 цъуп- пыл нæ бадт æмæ та ныхъхъус. «Нæ ма йæ зæгъы, кæд мын мыййаг аирвæзт», фæлæ нæй, нæ йын аирвæздзæн, нæдæр сæ иуы хъусæй, нæдæр се ’ннæйы хъусæй. Лæппу дæр æн-
хъæлмæ каст, кæд ын уый зæгъид ,исты æмбарæн ны- хас, фæлæ нæй... Уыцы хъуыды зæгъыны онг-иу куы фæ- цæйхæццæ кодтой, уæд та-иу чызг æндæр цыдæр ныхас сæппæрста, бынтондæр сæ хъуыддагмæ чи нæ хауд, ахæм. Æмæ та-иу лæппуйы дзых ныммыр. «Æвæццæгæн æй нæ фæнды уыцы хъуыддаджы кой скæнын æмæ ныхас уымæн аздахы иннæрдæм», хъуыды кодта лæппу химидæг. «Цæй цы фæнды дæр дзурæд; фæнды йын хъыг уæд, бамбарын ын кæнон», - загъта æмæ æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ сæп- пæрста: - Хосгæрдæны фæстæ цæуæм нысан æлхæнынмæ, - æмæ къæхты бынæй ныуулæфыд, цыма йе ’ккойæ уаргъ æриста. Чызг фестъæлфыд, йæ хъустыл нæ баууæндыд æмæ йæ дыккаг хатт афарста: - Цы? - Лæппу фенхъæлдта, зæгъгæ, хъыг æм фæкаст æмæ къæзгæ сдзырдта: - Фæсхосгæрдæн бафидауæм. - Æмæ кæд фæхыл стæм? - Чызг фæкъæйныхдæр. - Зæгъын, нысан дæм раттон. Чызг дзы йæ сау дыууæ цæсты нал иста дзæвгар рæстæ- джы, каст æм æмыр, зынгæрттывдгæнгæ. Цæстытæ баумæл сты, цины умæл, стæй сæ зæхмæ ауагъта. Ацы рæстæджы царыл йæ сæр куыд сныдзæвд, нæ йæ базыдта. Фæхатыдта, йæ къæхтæн сæзмæлæн кæй нал ис, æрбалхъывдæуыд ын сæ. Æрмæст уырдыгмæ куы æркаст, уæд суыдта Дзоццæйы сырх-сырхид цæсгом, мидбыл худгæ. Чызг фæдисау: «Ау, сау- лагъз куы у, уæд куыд сырх ныййис». * * * Цалдæр боны фæстæ та Дзоццæмæ фæсидтысты район- мæ, зæгъгæ, экономисттæн семинартæ ис. Директор йæ хъуыр-хъуырæй бынтон нал æнцад: «Ныр хосгæрдæн у æмæ къантъорайы кусæгæй æндæрæй иууыл хос кæрдæм æмæ нæ ныртæккæ ацы удисæнты семинартæм æвдæлы». Фæлæ цы гæнæн уыд. Иугæр уæле загътой, уæд дзы дон нæ тæдзы, раст у æви зылын уæддæр. Лæппу ныццыд. Пар- тийы райкомы æмæ райæххæсткомы кабинеты фæзылд,
0УЦ^><^З^а<3^^><>ЛЛЛ| фæлæ ахæм хъуыддагæн ничи ницы зыдта. Никуыдæр Хандзер разынд, æмæ Дзоццæ фæстæмæ мæстæйдзагæй раздæхт. Сæхимæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ дзы йæ маст рох байдыдта æмæ дзы йæ маст бынтондæр айрох, Дуду йын ныр уæндонæй йæ русæн куы апъа кодта, уæд. Уый та йын æппæлæгау райдыдта: - Мæдийæ та дын салæмттæ. - Никæцы Мæдинæйы зонын æз. - Уый та дын цы хуызæн ныхас у, суанг ма дын дæ мад æмæ дæ фыды кой дæр кодта. Гæбиты универмагмæ дæр ма йæ баластон, цыдæр дзабыртæ, дам, дзы хонынц. - Гукк, Дзоццæ, чидæр дæ хъазы. Никæцы Мæдинæйы зонын æз мæ чысылæй фæстæмæ. Бафæрс ма йæ кæмæй у, кæд ма дыл искуы амбæла, уæд. - Фæрсгæ нæ, мæ тæфтыл дæр æй нал ауадздзынæн. Зæронд Габе стыр монцæй æнхъæлмæ каст йæ фырты чындзæхсæвмæ, зæгъгæ, зæрæдтæ стæм æмæ тæхуды нæ хæдзары чындз куы фениккам. Æмæ иу бон фыд фыртмæ баминæвар кодта Таймуразы. Таймураз Габейæн куы бамба- рын кодта, зæгъгæ, фæсхосгæрдæны уыдзæн чындзæхсæв, уæд йæхи цæттæ райдыдта, куыд ничи йæ хатыдаид, афтæ. Иу изæр басидт йæ иунæг сабыр фыртмæ. - Мæ хъæбул, мæнæ дын иучысыл капеччытæ, - систа сæ йæ хæдоны риуы дзыппæй, - нысан балхæн, нырма дæ- химæ цæй æхца уыдзæн. Лæппу куы ауыдта æхцаты æддаг гæххæттыл фыст æр- тæ мин сомы, уæд мидбылхудгæ загъта: - Баба, уыдон хорз чысыл капеччытæ куы сты... - Мæ хъæбул, æгъдауыл æй саразæм. Æнæгъдау ми ни- кæйы зæрдæмæ фæцæудзæн знагæй дарддæр. - Баба, мæнæн знæгтæ нæй. - Афтæ ма дзур, хорз лæгæн сусæг знæгтæ бирæ ис æмæ хъахъхъæн дæхи. Уыдон сæ дæндæгтæ æдзух урсæй да- рынц, сæ зæрдæтæ та сау æхгæд сты.
^у^-очз^^ЭО^^^л/ь—- - Æмæ куы никæй хъыгдарын, стæй æз... - зæгъынмæ хъавыд, ома мæнæй цæй хорз лæг ис. - Зонын æй, фæлæ дæ сæрæндзинад алкæмæн æхсызгон нæу, - фыд сбадт æмæ йæ фыртæн зонд амонын райдыдта, цыма йæ фыццаг хатт федта. Сæрдыгон хæххон ирдгæ хаста цæгатæрдыгæй. Габейы уынджы иу стыр сау гал ирдгæйы æрдæм слæууъщ æмæ-иу йæ дзых размæ аивазæгау кодта, цыма ирдгæйæ фылдæр аныхъуырынмæ хъавыд. Габе йæм хæстæг бацыд, йе ’рагъ- ыл ын йæ арм æрæвæрдта, гал фестъæлфыд. - Цæй цы кодтай, Сатæг, - сдзырдта йæм сабыр. Гал æм йæ сæр разылдта, йæ хицауы базыдта æмæ йын йæ къух сыстъæрдта. Цалдæр азы йæм зилы чындзæхсæвы кусæрт- тагæн. Ахæм райсом нæ уыдзæн æмæ уый йæ Сатæгæн кæрдзыны къæбæр ма ратта сæкæры тылдæй. Ныр дæр та йын къæбæр йæ дзыхмæ бахаста. «Нырæй фæстæмæ йæм хуыздæр зилын хъæудзæн», йæхицæн дзурæгау кæны Га- бе. Сатæг кæрдзынмæ сысмыста, йæ сæкæр ын сыстæрдта, стæй схъылдым кодта. «Хинæйдзаг дæ, мæ Сатæг, уæдæ ма æфсæст ма уаис, æндæра йæ нæ ахордтаис», - худы Габе. * * * Цады фæзы совхозы кусджытæ ныр дæс боны кæрдынц хос. Директоры зæрдæ барухс, ныфс æй бацыд, йæ фосæн зымæджы хъызты быдираг æмбыд хъæмп кæй нæ хæрын кæндзæн, уымæй. Бадынц æмæ Дзоццæимæ нымайынц, цал стуры фаг сæм сцæттæ ис, уый. Æмæ хынцæныл куы ракъæрцц кодта, зæгъгæ, хос нæ цы хъæуы нæ фосæн, уы- мæн йе ’мбисахицæн, уæд директоры цæсгом фырцинæй тæмæнтæ скалдта. - Адоны хуызæн кусæг адæмимæ цæттæ дæн ингæнмæ дæр...Уæйгуытæ,уæйгуытæлæгæй,усæй.Дзоццæ,-фездæхт лæппуйы æрдæм, - ды райсом кусдзынæ Даргъфæзы бри- гадæимæ, сæ бригадир цыдæр æнæхафт у æмæ мæм ды- сон цалдæрæй хъæстмæ æрбацыдысты, куыстмæ, дам, расыгæй цæуы, базон æй æмæ кæд афтæ у, уæд æй ахи- бар хъæуы, ам æвронггæнæн бынат нæу. Адæмы чи хъыг
-—1лл/^к^^©о0^сн>^т кæны, уый мах ницæмæн хъæуы. Ацы рæстæджы телефо- ны дзæнгæрæг йæхи дыууæ æфсæйнагыл ныххоста æмæ йæ Таймураз зивæггæнгæ систа. - Хъусын... Хандзер, базыдтон дæ... - Цыма та цы хъæуы нæ силосы уæрмы,- бадзырдта ди- ректормæ Дзоццæ. - Семинармæ?... Райсом?... Цавæр семинартæ сты алæбон, фæуын афон сын нæма у? Ам нæ сæрыл куырой зи- лы æмæ сымах та уым семинартæ уадзут? Фос семинартæй схæсдзыстæм зымæджы? - Грис Харитъоны фырты бардзырд у æмæ йемæ дзур, - æрбайхъуыст телефоны, - тæккæ райсом дæ экономист ам куыд уа фараст сахатыл. Таймураз ма хæтæлыл хæцыд, фæлæ иннæ кæрон ба- мыр æмæ йæ мæстыйы тъæпп æркодта аппаратыл. - Цавæр у, хынджылæг кæнынц хъæууон хæдзарадæй, сæхæдæг кусгæ ницы кæнынц, ницы æххуыс, уый хуызæттæ сæ гуыбыны фæстæ лекка кæнынц æмæ нæ кусын нæ уад- зынц, - йæ маст акалдта Таймураз. - Нæ ацæудзынæн, - цæхгæр ныллæууыд Дзоццæ. - Районæй дзурынц æмæ иугæр уæле куыдз рæйы, уæд ды дæр хъуамæ рæйай, йæ рæстæг афтæ у, зыгъуыммæ адæймæгтæ бирæ баирвæзт нæ хицауады,- мæстæй дзырд- та директор. - Уæвджыйæ, нæ фыст цы фæцис, чизоны йæм нæ бахауд. - Уый гæнæн нæй, - уæззау сдзырдта Таймураз. Уый иуæрдыгæй нæ фæндыд бахъаст кæнын. «Чи зоны, уæл- лæгтимæ баст у», хъуыды кодта, фæлæ йæ уырнгæ дæр нæ кодта. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт Грис Хандзеры бюройы куыд карзæй бафхæрдта. «Æниу хицæуттæ ахæм цæстмæ митæ дæр зонынц». - Цы гæнæн уа, уымæй рагацау æрбаздæхдзынæн, - йæ хистæры ныхасыл лæппу дыууæ нал загъта, фæлæ уы- цы ныхæстæ Таймураз рæстмæ нæ бамбæрста. Уый йæ роцъойыл галиу къухæй хæцыд æмæ хъуыдыты афар- дæг. «Фервæзын дзы хъæуы, мæ сæрты фермæгæсы мæ номæй чи сайдта, уый æнæмæнг афтæ пайда кæны уæл- дæрлæууæг хицæуттæй дæр». Ноджы арфдæр хъуыдыты
^и\л<нз\е^©о<з^^>о^т—- афардæг. «Дæ бон у æви нæ, уæддæр сын хъуамæ лæггад кæнай уæллæгтæн кусæг адæмы хардзæй. Адæм та мæнмæ кæсдзысты æнæуынон цæстæй, уыдон цæмæй зонынц, мах ацы æввонгхортæй уынгæджы стæм, уый. Æмбырдты сæ сæртыл слæууынц æмæ хъæр райдайынц: «Хохы адæмæн саразын хъæуы æппæт уавæртæ æмæ мауал лидзой!» Афтæмæй та сæ фæлмæцын кæнынц, сæ сой сын цъирынц. Лæвар сæ хырхын кæнынц. Æз быдыры колхозæй уымæн фæлыгътæн æмæ сæ мæ бон нал уыд, райдай партийы об- комы секретарæй æмæ районы рæнхъон милиционермæ, стæй министрадтæй, «æри-ма» дзурыны йедтæмæ ницы зыдтой, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ мын мæ адæмы фæллой хастой, сæ шофырты дæр ма сцæрæг кодтой, ку- сæг адæм та сæ куысты мыздмæ ницы исынц. Ардæм ра- цыдтæн æмæ ам та ноджы фыддæр фесты... Адон басудзи- наг не сты, уæдæ цы сты... Хохы цъассыты та нын нартхор байтауын кодтой». Дзоццæ хорз зыдта, йæ хистæр æддагон уæвгæйæ, ин- нæтау йæ худы бынты нæ каст, нæ агуырдта, цы адавта- ид, уый. Адæмæн йæхи бауарзын кодта йæ раст зæрдæйæ. Уарзта йæ Дзоццæ, уымæн æмæ йе уæнгты цы адæмы туг фыхт, уыдонæн исты хорзæй фæуыныл архайдта. Дзоццæ дзырд куыд ратта рагацау æрбацæуыны тых- хæй, хъуыддаг афтæ нæ рауад. Директор-иу машинæ æрба- цæугæ куы федта, уæд-иу æм йæ цæстытæ ныццавта, фæ- лæ нæй. Æмæ йæ куыд тынг хъуыд йæ ^сæр. Даргъфæзы бригадæ йæ коммæ куыд тынг кæсынц... Йæхæдæг та сега- сыл не ’ххæссы, алкæмæн та йæ бон нæу адæмы зæрдæмæ фæндаг ссарын. Дуду та æфцæгмæ аивгъуыдта, æндæра «хæйрæг у, хæйрæг, мæ уд, уый чысыл фæхъхъау фæуа». Ау- ад йæ цæстытыл, фæстаг хатт куыд æрæнкъард ис, уый. «Сфæлмæцыд иунæгæй, уый аххос нæу... горæты хъомыл чызгу». Хур Бубу хохæй фæаууон æмæ ма йæ фæстаг тынтæ Сырхлæбырдты хохы цъуппылГ ныдзæвдысты. Куыд фæс-
-—^т^<^^0^0^/к>олп^ тагмæ хуры рухсхохы цъуппмæ тагъддæр бырын райдыдта æмæ талынг та кæмттæм бырыд æмæ ссивæгæй, хосдзауæй сæ кусæнгæрзтæ бæлæсты цæнгтыл æрцауыгътой «кæй изæр дæ баххуыс кæн, кæй бакуыстам, уый хæдзарыл хæцинаг фæкæн», загътой æмæ æрбадтысты, зæгъгæ, чы- сыл аулæфæм фæскуыст, куысты уæлхъус, æндæра æхсæв фыны дæр кусгæ кæндзыстæм. Æризæрмилтæ афтæ Габе дæр йæ хæдзармæ бахæццæ. Йæ фосыл йæ цæст ахаста æмæ бараст йæ кæртмæ. - Къуырма, - афтæ хуыдта йе ’фсины, - лæппу куыд æрæгмæ цæуы, йæ машинæ ам куы нæ зыны? - Æрбацæудзæн, дæ зæрдæ йæм цы æхсайы. - Ай хуызæн кусгæ бонты цæй æмбырдтæ мысын нæ хи- цауад, цытæ кæнынц... - Ацы ныхæсты рæстæджы фæн- даджы æрдыгæй ссыд машинæйы хъæлæба æмæ зæронд лæг йæ ныхас фæурæдта. Машинæ æрла^ууыд йæ тæккæ дуармæ. Фестад, фæлæ сæхион куы нæ разынд, уæд фæс- тæмæ йæ бынаты æрбадт. Йæ уæлвæд кæрты дуары хой- ын ссыд. Фæзылд дуары æрдæм. Базыдта Таймуразы, йемæ дыууæ милиционеры - æнæзонгæтæ. Уыдон мидæмæ æр- бафсæрæгау кодтой. Таймуразæн йæ хуыз йæ мидæг нал уыд, ныффæлурс. - Мах милицийæ стæм, мæнæ дын нæ бардзырды гæх- хæтт, хъуамæ дын дæ хæдзар басгарæм, - дзырдта сæ иу гуы- мирæй, зæрондæн салам æнæ ратгæйæ. Габе аджих, йæ бон сдзурын ницыуал ссис. Уыдон бараст сты хæдзармæ æмæ йæ иу къуымæй райдыдтой иннæрдæм фæлдахын. Габе сæм каст. Каст, фæлæ цы æрцыд, цæмæн ын змæнтынц йæ къуымтæ, ницы зыдта. Таймуразмæ бакæсы, фæлæ уымæн дæр йæ ху- ыз йæ раны куы нæ уыд, уæ/\ нал бафæрæзта йæ бафæрсын, фæлæ æгæр куы кодтой, уæд нал фæлæууыд Габе: - Цы хабар у, Таймураз? - Фæлæ уый ницы дзуапп ратта. - Дæу куы фæрсын? - фæрсы йæ дыккаг хатт, фæлæ та йын уый куы ницы дзуапп ратта, уæд бараст хæдзар змæнтджытæм. Сæ иуы æфцæккотыл дзы ныххæцыд æмæ йæ йæхи æрдæм сзылдта. - Цы хабар у, цы у ? - фæрсы йæ йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нынтъухгæйæ.
- Бардзырд дын нæ фенын кодтон, дæ хæдзар дын хъуамæ басгарæм, - асхуыста зæронды æмæ хъæццултæ сынтæгæй калын райдыдта, стæй сын сæ кæрæтты хуыдты- тæ райхæлдта æмæ сæ нардæй сгарæгау уыдта. - Цæй тыххæй, цы сарæзтон? Цы фæрæдыдтæн? - Габе каст йæ дзаумæттæм, астæрдмæ сæ куыд калдтой, бахауы дзы пецы бынмæ дæр. Ахъавыд сæм тыхæй бавналынмæ, фæлæ йæ сæ иуы ныхас фæурæдта. - Ды нæ сарæзтай, фæлæ дæ фырт. - Мæ фырт? - Габейы цæстытæ адынджыр сты, йæ буа- ры ихæн алыгъд. - 0, дæ фырт! - Цы? - лæг афæсус, йæ цæстытæ æргыцъылтæ сты. - Кæуылдæр тыхæй хæцыд æмæ йæм пистолет систа. - Мæ фырт... пистолет... тыххæй хæцыд?! - лæг бандо- ныл æрхауд, йæ дзых къæппæй баззад. Уыдон къуымтæ фæйлауынц. - Цытæ дзурут, цы? - афæрæзта æрæджиау. - Цы фехъуыстай, уый фæлæ ма дæм кæмдæр хæцæнгарз ис æмæ йæ æрис,- дзуры сæ иу карзæй. - Махмæ хæцæнгарз никуы уыд, кæд уæ фæнды хæдзары бинаг хъæдтæ дæр скалут. Стæй мæм хæцæнгарз куыд уыд, афтæ мæ фырт дæр тыхæй никæуыд хæцыдаид. Нæ, уый æрæмысгæ у. - Уый дын бæрæг у. Мад йæ сæрыл балæууыд, йе ’рдиагмæ хъæу æртымбыл ис цъиуæй-бæдулæй. Уынджы æрлæууыдысты æмæ джи- хæй кастысты. Габе йæхи нал баурæдта æмæ йæ усыл фæ- хъæр кодта: - Æнцад, цы кæуинаг фæцис дæ сæр?! Мæ фырты нæ зо- нын! Мах ахæм фырт никуы хъомыл кодтам æмæ ам ми- гæнæн куыд не ссардзысты, афтæ мæ фырт та ахæстоны не сбаддзæнис! - Æгæр фидарæй нæ дзурыс? - фæрæхуыста йæ мили- ционертæй сæ тентеккдæр. Таймураз лæууыд уынджы æнæзмæлгæ. Æрæджиау хæдзармæ фæраст. «Ам цыдæр фыдбылызы хабар ис æмæ дзы сæхæдæг пистолет ма бап- парой, æртын æвдæм азы дæр афтæтæ кодтой», смидæг
йæ сæры æмæ мидæмæ бахызт. Йæ цæстытæ нал иста милиционертæй. Адæм сцырдхъус сты. Хъус-хъус райдыд- той. Милицийы кусджытæм мæстæй тъæппытæ хауд- той. Фæлæ æргом дзурын ницы уæндыдысты. Хъотианы хъарæгмæ устытæй чидæртæ скуыдтой. Милиционертæй иу алы рæхойæн ныхас æппарын рай- дыдта ницы аххосджын зæрдæтæм, иннæ ныссабыр, цы- дæр бадзуры йе ’мбалмæ, фæлæ йæм уый нæ байхъу- сы, йæ архайд фæтынгдæр кæны. Иу хатт дзы райхъуыст: «Цы дын загътой, уый араз, æндæра цытæ кæнынц, уый нæ зоныс?» Фæлæ сабырдæр чи архайдта, уый йе змæлд нæ фæтынгдæр кодта. Йæ разы фæцис Дзоццæйы ныв чы- сылæй йæ ныййарджытимæ æмæ йæм каст цасдæр... - Ныййарæг... хъæбул... ахæстон æмæ милици... абыр- джыты дуг, - дзырдта сабыр йæхицæн дзурæгау. - Цытæ хъуырхъуыр кæныс? - баппæрста йæм иннæ. Уый ныв фынгмæ бахсæгау кодта, стæй йæ къухтæ йæ фæснах сæвæрдта æмæ къуымты йæ цæст ахаста. Гобæттæ, къустæ, уидгуытæ астæрдыл калд, скъаппы дуæрттæ гом, йæ хуыл- фы ницыуал аззад. Милиционер сæ сæрты æнæфсæрмæй йе стыр хъæдын къæхтæй дыууæрдæм цæуы. - Фестæм, - йæхи нал баурæдта, сабырдæр чи уыд, фæ- лæ йæ хъуыдыгæнæг нæ уыд. Тентеккдæр йæ архайд но- джы фæтынгдæр кодта. «Куыдзы фырт уæлдæр бынатмæ æнхъæлмæ кæсы æмæ искæй хъысмæтыл нæ мæт кæны, кæйдæр æнамонддзинадæй йæхи амонджын кæнынмæ хъавы», дзырдта химидæг сабырдæр. Дуду æрцæйцыд фермæйæ, йæ фæндаг уыд Габе- ты дуæртты æмæ дзы адæмы дзыггуыр куы ауыдта, уæд æрлæууыд. Уайтагъд Хъотианы хъарæг йæ хъустæ ацах- стой. Бæхæй æрхызт. Цы акодтаид, уымæн ницыуал зыд- та. Бæхы идон каумихыл æрбаста. Æрбаста, фæлæ йе уæнгты тых нал аззад, ныууонгцъæлтæ ис, нал æнцад йæ ризынæй, афтæмæй йæ къæхтæ ласгæ цыд. Цыд цыма йæ къæхтыл къуыдыртæ баст уыд. Фæстагмæ йæ къæхты бын зæхх дæлæмæ цæуын райдыдта. Мидæмæ бахызт кæрты дуарæй. Никæй бафарста, æрмæст цæстæй агуырд- та Дзоццæйы, фæлæ йæ не суыдта. «Габе æмæ Хъотиан ам
о\лл<нз\е^©<$^/эю-ал/ь—- сты, æвæццæгæн, Дзоццæ авари сарæзта, фæлæ уæд мили- ци та цы аразы ам? «Хъотиан йæхи хоста: «Мæ хъæбул, мæ хъæбул», куыдта. Чызг бынтон фæсæццæ, йæ сæр разылд æмæ бандоныл æруагъта йæхи. «Дзоццæ нал ис», йæ сæры февзæрыд хъуыды æмæ йе уæнгтæ царвау адон сты, асаст йæ тых. Чызг бандонæй фæдзой кодта æмæ зæхмæ æрхауд. Сыхы чызджытæ йæ сæ хъæбысы систой æмæ йын йæ дзы- хыл дон сдардтой, йæ рустæ йын æрхуылыдз кодтой æмæ цасдæр фæстæдæр йæ цæстыхаутыл уæззаугай схæцыд. Уый йæ цæстытæ фæйнæрдæм сонт рахæсс-бахæсс кодта. Йæ алыварс уæвджытæй куы кæмæ фæкомкоммæ вæййы, куы кæмæ, стæй Таймуразмæ лæгъстæгæнæджы каст скод- та æмæ сфæрæзта йæ бафæрсын: - Аварийы амард? - Чи? Кæмæй зæгъыс? - Дзоццæ,- сдзырдта та хæкъуырццгæнгæ. - Нæ. Уый гасу. - Æмæ уæдæ цы хабар у? Адон та цы хъæуы? - ацамыд- та милиционертæм. - Сæ хæдзары сын сгарынц, - чидæр сабыр дзуапп ратта. - Цæмæн? - Дзоццæ, дам, кæйдæр æхста æви йыл тыхæй хæцыд... Чызг фестъæлфыд, цыма йæ фынæйæ фехъал. Тасдзи- над ын цыма фыдæхдзинад расырдта, афтæ фæцис. Йæ цæ- стытæ фæирд сты, цъæх цæсгом ссырх масты тугæй адым- стысты тугдадзинтæ. Сыстад уæззаугай, æнæ искæмæ кæсгæ, слæууыд йæ бынаты æмраст пыхцыл сæрæй. - «Дзоццæ искæуыл тыхæй... нæ, уый æрæмысгæ у. Æмæ мæнмæ... Ног чындзы лæуд-иу куы кодта мæ цуры... Нæ. Ам æндæр цыдæр æрцыд, цæмæн æй сайдта Хандзер...» Дзæвгар фæлæууыд йæ бынаты. Каст милицийы архайдмæ æмщ йæ маст цæджджинагæй тынгдæр фыцын райдыдта. - Нæй! Нæй! Уый æрæмысгæ у! - Нал баурæдта йæхи. Хæстæг бацыд милиционертæм. Æрлæууыд сæ разы. - Цы бар уын ис æмæ сымах кæйдæр къуымтæ цырх кæнат? Сабырдæр чи архайдта, уый йæм бакаст, фæлæ йын дзу- апп нæ ратта.
- ^№^6^^!)<31*0А><>Л№ - Æмæ ды чи дæ? - афарста йæ тентеккдæр. - Сымахæн цы хъауджы дæр у æз чи дæн, уый? Цы бар уын ис? Фенын мын кæнутуæ бары гæххæтт, уæ бардзырд, искæй хæдзары басгарыны бар уын ис æви нæ, уый. Уæд та милицийы формæйы абырджытæ стут. Милицийы кусæг чызгмæ ныккаст. - Дæучи фæрсы?! - Æз дæ фæрсын,- чызджы рустæ цæхæртæ акалдтой, масты дзæкъул ныддæнгæл, - Габе, цæмæн сæ бауагътай, цæмæн дын пырх кæнынц дæ къуымтæ! - Дæ рын бахæрон, цы зонын, цыдæр мæм сæвдыстой æмæ... - Фенын мын æй кæнут, цы бары гæххæтт уæм ис! - Чызг скарз, йæ лыстæг æнгуылдзтæ стымбыл кодта, цыма сæ цæвынмæ хъавыд. - Дæу цы хъæуы?! - скарз милиционер. - Рæстдзинад! - Гъы, рæстдзинад, агуры мын уырыскъæф тъæнджы мæйы. - Мæн дæ аргъæуттæм хъусынмæ не ’вдæлы! - Ничи дæр дæ дзы фæрсгæ кæны, ницы дæр дам дзы хаугæ кæны æмæ... - Уæдæ мæм дзы кæд ницы хауы æмæ мæ нæ бафæрсай, уæд уын ам Басион ма уæд. - Уый сæ разы æрлæууыд. Мад йæ кæуынæй фæлæууыд. Габе фæныфсджындæр. Уый куы чызгмæ бакæсы, куы змæнтджытæм. - Кæуылдæр Дзоццæ тыхæй хæцыд, ныддардта йæм мигæнæн, уым ацы зæрæдтæ цы аххосджын сты? Кæм ис уæ басгæрсты бары гæххæтт?! Кæм ис? Нæй уæм! Гъай, гъайдæр уæм нæй! Цæугæут ардыгæй! Милиционертæй иу иннæйы хъусы сусæгæй бадзырд- та: «Прокурор Баситы Уасилы чызгу». Йæхи чи карз кодта, уый фæсыпп. «Æмæ йæ цы хъæуы?» «Кæд сын цыдæр хион у». «Цы хион?» - Цæугæут уын загътон! - чызг ноджы карздæрæй загъ- та. Уыцы ныхæстæм фæныфсджындæр сты хъæубæстæ дæр æмæ’сæ дзыхтæ феуæгъд сты. Сылгоймæгтæн дзы бын- тон арт æмæ фæнык нал уыдис, бæстæ сæ цъах-цъахæй сæ
0\ЛЛ<КДЗ^©«©^8^><>ЛЛ/Ь сæрыл систой, чидæртæ дзы æндзарæнтæ дæр фелвæстой. Фæткæвæрджытæ сæм кæсгæ аззадысты. Адæмыл ма иу хатт сæ цæст ахастой, стæй, уатæй дыгъал-мыгъулгæнгæ рахызтысты, уынджы ма æрлæууыдысты, æвæццæгæн, сæм æгад æркаст, куыдз тæрæгау сæ кæй ратардтой, уый æмæ ма сæ кæрты фæндыд лæгъз ныхæстæ зæгъын, фæлæ та сыл чызг ногæй æнæфсæрмæй куы ныцъæхахст кодта, уæд та сылгоймæгтæ дæр сæ ныхмæ архайд фæтынгдæр кодтой, æмæ фæткæвæрджытæ сæ машинæмæ фæцæуыныл сты. Дуду иудзæвгар сæ фæстæ каст, йæ бинаг был йæ уæллаг дæндæгтæй нылхъивгæйæ, стæй, уынджы астæу цы чы- сыл фынг уыд, ууыл уæззау йæхи æруагъта. Йæ цæнгтæ фынгыл æрæвæрдта æмæ сыл йæ сæр æруагъта. Дудыд- та йæ цæсгом, йæ буар. Цæссыг дзы нæ хауд. Цы сарæзта, цы федта, цы фехъуыста, уыдон æм фыны фенæгау касты- сты. Йæ митыл лæмбынæг ахъуыды кодта æмæ йæхи фа- раста: «раст бакодтон?» Æмæ йæхæдæг йæхицæн чысыл ахъуыды кæныны фæстæ дзуапп лæвæрдта: «Чи зоны мыл искæй зæрдæ бахудт, фæлæ уадз æмæ мыл худæнт... Фæлæ кæд, мыййаг, исты сарæзта? Æвзонг цардбæлон чызг нык- катай кæны, ныуулæфы къæхты бынæй, сæрыхъуыны онг нырризы: «Æмæ æз алы уысм йæ цуры куы дæн æмæ мыл йæ арм куы никуы аныдзæвын кодта, хъазæн ныхас æм куы скæнын, уæд чызгау куы ныфсæрм вæййы, уæд кæуыл хъуамæ хæцыдаид тыхæй. Расыг уыдаид æмæ ам нозты тæфтыл куы никуы ацæуы, уæд искуы... йæ тæфæй дардмæ куы лидзы, калм битъынайы тæфæй куыд лидзы, афтæ... Нæй, никæд мæ нæ бауырндзæн Дзоццæйæ ахæм ми бакæнын. Афтæ йæм нæ уыд мигæнæн дæр. Мемæ ху- рау æргом уыд... цал хатты уыдыстæм æфцæгыл, уæд æй лæппуйау куыд никуы систаид мæ цæстмæ, ныр кæйдæр сылгоймагмæ мигæнæн систа. Нæй, нæй... Уыдон иууылдæр æрæмысгæ сты». Чызг афтæ тарф хъуыдыты ацæуы, стæй та аджих вæййы. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта. Дзоццæйы алæр- дæмты фæбарста, стæй фæстагхаттаскъуыддзаг кодта: «Ам æндæр цыдæр хъуыддаг ис. Иу хатт æм цæйдæр формæты тыххæй фæдзырдтой æмæ дзæгъæлы цыд фæцис, дыккаг
-—а\лл^нз^ч^9о0^^>оллл; хатт семинармæ, уæддæр дзы никæй ныййæфта, ницы се- минар дзы уыд. Дыууæ хатты дæр æм бацыд цавæрдæр Мадинæ мæ номæй. Чи у? Ме ’мбал? Мæнæн ахæм æмбал ничи ис... Æртæ хатты дæрæм фæсидис Хандзер. Цæмæ? Цæй пистолет æмæ цæй тыххæй хæст... Æрымысæггаг митæ». Арф хъуыдытæ йæ гæрзбæндæнæй æлвасæгау нылвæстой. Æрæджиу йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд æмæ йæ цæстытæ рæсыдæй разындысты. Йæ разы ничиуал уыдис. Кæртæн æдде цыд ныхас. Фæйнæрдæм сæнт ракæс-бакæс акодта æмæ йæ дыууæ фарс Хъотиан æмæ Габейы бадгæ куы ауыдта, чысыл дарддæр та Таймуразы, уæд фестад, йæ цæстыты бынтæ сæрфгæ... Чызг фефсæрм. - Мæ хъæбул, - кæугæйæ йæм сдзырдта Хъотиан. Чызг уырдыг слæууыд, дзурын нал фæрæзта. Чи загътаид æмæ уый хъæлдзæг Дуду у. Кæй бауырныдтаид æмæ чысыл рæстæгмæ Дуду афтæ нымпылд æмæ йæ бон дзурын дæр нал у - Мæ хъæбул, - дыккаг хатт та сдзырдта Хъотиан. Уый чызгмæ хæстæгдæр бацыд, йæхимæ йæ æрбалхъывта æмæ скуыдта, - мæ лæппу ахæм ми нæ сарæзтаид, нæ. Габе йæ сæрыл хæрдмæ нал хæцыд. Йæ цæстытæ зæххы ныссагъта æмæ йын цыма уырдыгæй нал куымдтой, афтæ йæм каст. Таймураз сыстад. Цы сарæзтаид, уымæн ницыуал зыдта. Æрæджиау зæрæдтæм баздæхт... - Цæй баулæфут, фæллад стут. - Æндæр мауал баулæфæд дæ хъæбулты ралгъитæг дæр, - ус йæ сæр нынкъуыста. Чызг сыстад æмæ фæндаджы æрдæм араст. Хъотиан ыл ныххæцыд, нæ йæ уагъта, æхсæв æй сæхимæ урæдта, фæлæ уый рацыд сæргуыбырæй, æнæ исты сдзургæ. Дуду йæ уаты хуыссыд уæлгоммæ. Цæстыты бын нæ сур кодта, ныххуылыдз баз, æрзылдта йæ, æндæрæй йæ баивта, уæддæр цæссыг лæдæрст. Дыууæ боны æддæмæ нал рахызт. Æртыккаг бон райсомæй бацыд къантъорамæ. Слæууыд директоры раз, фæлæуый нал базыдта йæ цæрдæг, æнувыд кусæг, хъæбулы уарзтæй кæй уарзы, уыцы Дудуйы. Алæбырд сапоны фынкау, сау цæстытæ арф къуырфытæй
1Ллл-о<^зЛ©<$^е/скнт—- мæнг æрттывд кодтой, æрдын зылд æрфгуытæ цæстытыл æрхаудысты, къуырфыты бабырыдысты, йæ ных фен- цъылд, тугдадзинтæ цъæзæй разындысты, æддæмæ та- гъд-тагъд риуыгътой. Таймураз æм каст. Йæ цæстыты фæлм ныббадт, хъуыры маст. Чызг йæ хызынæй систа гæххæтт æмæ йæ директоры раз æрæвæрдта, йæ даргъ æнгуылдзтæ зыр-зыргæнгæ. Афтæ ма фæризынц тилцайæ цæфы къухтæ. Лæг гæххæтт айста, йæ цæст ыл ахаста. - Цы? Цæуыс? - скаст æм хæрдмæ фæлурс, æдых цæ- стæй. Уый йæ сæр батылдта, зæгъгæ, цæуын æмæ дуары æр- дæм разылд. Директорæн йæ бон сдзурын ницыуал ссис. Каст йæ фæстæ æмæ йæм фæзынд раст къæцæлын чындзы хуызæн, йæ кæддæры рæсугъд гуырыл йæ дарæс ауыгъды хуызæн зындысты. - Дуду, - лæг йæхи фæрæвдздæр кодта. Уый æрлæууыд, - уæззаугай йæм фæстæмæ разылд, - ма ацу, чысыл банхъæл- мæ кæс. Æз мæ кусæджы æвзæрæй никуы зыдтон æмæ йыл ныр бындз фат ныццавта. - Мæ бон нæу, Таймураз. Уый рæстæй сæфы зонын æй... Чысыл мæ фæллад суадзон. Æз мæхи амардзынæн, уæддæр рæстдзинад хъуамæ базонон. - Иумæ, Дуду, иумæ йæ базондзыстæм, - сыстад Таймураз, бацыд чызгмæ æмæ йын йæ сæр йæ риумæ æрбалхъывта, - ды, куыд мæхи хъæбул, афтæ. * * * Директор æмæ фосы дохтыр милицийы хистæры ка- бинетæй рахызтысты мæстджынæй. Уый сын цæхгæр загъта: - Уæ цæсгæмттæ та куыд æрбахъæцыдысты ах^ем æнаккаг адæймаджы тыххæй æрбацæуын. Ахæмты æхсын хъæуы. Куыд ис уый гæнæн, сылгоймагыл куыдз дæр нæ рæйы æмæ йæм уый та мигæнæн ныддардта тыхми кæныны сæраппонд. Ныр уадз æмæ бада. Уадз базонæд, цы у ахæстон, уым ахæмтæн цы ми кæнынц, уый.
- Бæлвырд нын æй бамбарын кæнут, цы сарæзта, уый, кæуыл хæцыд тыхæй? - фарста йæ Таймураз. - Бæлвырд æй базондзыстут пракуратурæйы, тæрхон- доны, мæн уыдæттæм не ’вдæлы, стæй совхозы директорæн нæдæр уыдæттæ хауынц йæ хæсмæ, ацу æмæ дæ куыст кæн. - Мæ куысты тыххæй ды æвæлмон у, фæлæ мæ кусæг га- лы комæй хал никуы раласта æмæ... - Мæн ныртæккæ дзæгъæлы дзæнгæдамæ не ’вдæлы, - милицийы хистæр йæ къухтæ стылдта. - Хъуыддаг кæд æдæтдзыстут пракуратурæмæ? - Дуду нæ фæлæууыд. - Нæу бæрæг... - Æз дæ фæрсгæ кæнын. - Фæдысгарæг дæ? -Тыхæй кæуыл хæцыд? - Чызг, цытæ уæндыс? - Ды цытæ дзурыс? Уый фæткæвæрæджы дзуапп у? - Мæн не ’вдæлы. - Фæлæу, кæд-иу дæ нæ равдæла! - Чызг, цытæ уæндыс, цы? - Куыд цытæ уæндын! - Кæс ма, кæс! - фесхъиудта милицийы хистæр. - Кæд-иу мæм нæ кæсай, уæд ам чызг ма уæд! - барт- хъирæн кодта Дуду. Милиционер фынг тымбыл къухæй æрцæфтæ кодта æмæ фестад. - Мæ хъуыры цъадийы хъæбæрау цы ныббадтыстут! Нæ мæ æмбарут, нæ мæ æвдæлы! - уый дуар бакодта æмæ сын къухæй ацамыдта æддæмæ... Ныруынджы слæууыдысты. Катай кæнынц, цы бакæной, ууыл. Фæндыд сæ Дзоццæйы фенын, фæлæ сæ чи хъуыды кæны. Ссæдз боны хъеллау кæнынц æмæ сæ æрдумæ дæр нæ дарынц. Раст сæм ахæм цæстæй ракæсынц, цыма сæ ра- зы адæймæгтæ дæр нæ лæууынц. Ацы ахастæй Таймураз фæгуырысхо: «Пуй мын зæгъ, кæд хъуыддаг уæле аразгæ нæу æмæ тæрсынц», - февзæрыд йæ сæры. Ацы рæстæджы сæ уæлхъус, йæ худ йæ къухы, афтæмæй æрбалæууыд Габе. Уымæн йæ цæсгом ныффæлурс, йæ былтæ ныцъæх сты, уый уайтагъд йæ хъæстытæ кæнынмæ
фæцис. Йæ хъуыддаджы фæдыл Грисмæ ссыд! Уый йæм æппындæр нæ байхъуыста, цыбыртæй йын загъта: - Дæ фырт фыдгæнд сарæзта æмæ дын цы баххуыс кæнон, ахæм хъуыддæгтæ нæдæр мæнмæ хауынц. Æз фæ- дысгарæг нæ дæн, тæрхонгæнæг нæ дæн. Кæд дæ фырт раст у, уæд ссæрибар уыдзæн. Габе дзырдта, уырнын ын кодта, зæгъгæ, йæ фырт ахæм ми нæ бакодтаид, фæлæ та йын уый цæхгæр загъта: - Ууыл фестæм дзырд, - æмæ йæм кæсгæ дæр нал бакод- та, йæхи цыдæр гæххæттытимæ архайæг скодта. Габейæн йæ цæстыты бынтæ нæ сур кодтой, афтæмæй æдзух дзырдта: - Ахæм сывæллон нæ хъомыл кодтон æмæ цы сæрра ис... Нæй, нæ мæ уырны. Таймуразыл фæзынд, милицийы хистæры ныхæстæ йæм кæй бахъардтой, аргъуц дзы кæй райдыдта æмæ йе ’взаг фæкъуымых. Лæууыдысты. Катай уазал дурау ныббадт. Бæргæ, Таймуразы фæндыд хи ахибар кæнын, цæмæй йæ районы гæстæ ма уыдтаиккой æвзæргæнæджы фыдимæ, фæлæ йæ фарсмæ лæуджытæй дæр æфсæрмы кодта. Ацы рæстæджы сау кæсæнцæстыты мидæг æрбацыд иу æвзонг лыстæг чызг джинс хæлафы, ратас-батасгæнгæ. Йæхи Дудуйыл бахафæгау кодта, чызджы æртты конверт авæрдта æмæ фæцæуыныл. Дуду æнæнхъæлæджы хъуыд- дагæй андзыгау. Иу каст-иу конвертмæ æркодта, иннæ каст та чызджы фæстæ. - Цы дæм ратта? - фæрсы йæ Таймураз. Чызджы цæстытæ сдыгъуырццæг сты. Æнæзонгæ адæймаджы фæстæ ма ака- стысты, цæстæй йæ ацагуырдтой, фæлæ уый адæмы æхсæн æрбайсæфт. Габе йын ницы нысаниуæг ратта. Таймураз æй чызджы къухæй аскъæфæгау кодта, райхæлдта йæ, фæлæ йæхи фæурæдта, уæд та, зæгъгæ, чызгмæ исчи цы... æмæ йæ æнæзонгæ цæмæн æрбахаста. Фæстæмæ йæ ратта Дудумæ. Æрбадтысты бæласы бын бандоныл. Дуду фыстæг райхæлдта, каст æй йæхи мидæг. Йæ мæллæг хурсыгъд уадултæ фæлурсæй-фæлурсдæр райдыдтой, æрфгуытæ стыгуыр сты, былтæ ахус, цæстысыгтæ рустыл тылдысты, куъщ фæстагмæ гæххæтт йе ’нгуылдзты æхсæн афтæ тынг *5
-—1ллл^кдз^©о©^о<мт ризын райдыдта æмæ дамгъæтæ йæ дондзæст цæстытæ нал ахстой. Ныкуыдта. Иæ кæуынмæ цæуджытæй бирæтæ уый æрдæм фæкастысты, æрлæууыдысты... Дыууæ лæджы йе ’рсабыр кæныныл архайдтой, фæлæ уый йæ нуæрттæ нал урæдта. Чызг ихæны ризæгау срызт æмæ йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц ссыд. Таймураз фестад æмæ йын крантæй дон æрбахаста йæ армы дзыхъхъы, схуылыдз ын кодта йæ рустæ æмæ чысыл фæсабырдæр. - Цы хабар у? Цы фыст дзы ис? - тарст хуызæй йæ фæрсы Таймураз. - Бакæс æй,- фыстæг æм дæтты. Уый йыл йæ цæст ахаста, стæй æрлæууыд, йæ фарсмæ бадджытæм сонт каст бакодта. - Габе йæ куыд хъуса, афтæ йæ кæс,- сфæрæзта чызг. Уый йæ райдыдта кæсын: «Ныххатыр мын кæн, Дуду. Мæн уырнгæ дæр нæ кæнььæмæ дæм мæ фыстæг фæхæццæ уа. Уæддæр дæм æй фыссын. Ам дæр хуыцауы сконд адæй- мæгтæ бирæ ис. Æз дын хъуамæ бамбарын кæнон мæ фыдгæнд. Хъуыды ма кæныс, афтæ-иу дын куы дзырд- тон, де ’мкъласон Мадинæ мыл фембæлд, салæмттæ дын æрвыста дыууæ хатты. Дыууæ хатты мæм фæсидтысты районмæ. Æниу мæм ничи сидтис. Дыууæ хатты дæр фæкæс æмæ та уыцы Мадинæ лæууы мæ машинæйы цур. Диссаг, æз æй нæ зыдтон, мæ фыны дæр æй никуы фед- тон. Цæмæй мын зыдта мæ машинæйы, мæ ном, дæ ном, дæ фыд, дæ мады ном. Диссаг! Æртыккаг хатт дæр та мæм куы фæдзырдтой, æниу та мæм уæддæр хицауады фар- сты тыххæй ничи дзырдта. Мæ машинæ иуран баурæдтон, бацыдтæн, кæдæм хъуыд, уырдæм. Фæлæ мын уым загъ- той, мах, зæгъгæ, дæу никуы агуырдтам, ацы хосгæрдæны цæй семинартæ уадзæм. Амæсты дæн мæ дзæгъæлы рацу-бацуйыл. Æз фездæхтæн, бацыдтæн мæ машинæмæ. Кæсын: Мæди та лæууы, йæ дæндæгтæ мæм бастъыгъта, мыр-мыр кæны бæхау. Æз ын салам раттон, уый мын мæ русыл йæ былтæ авæрдта. Дæуæй мæ афарста, стæй дзы ха- тыр ракуырдтон, тагъд кæнын, зæгъгæ. - Кæд гæнæн ис, хуыцауы хатырæй, мæ мады хойы мын Га’наты хъæуы ныгæнынц æмæ мæ уырдæм бадав, æрæджы мын кæны, - йæ тæнæг сырх былтæ скæуындзæг сты,
йæ сау даргъ ахуырст цæсты хаутæ зæкмæ æрæппæрста. Ау, куы мæ ауыдта, уæд байраджджын бæхау йæ мыр- мыр ссыд, ныр та кæуын хъæлæс ссис. Æз, æнхъæл дæн æмæ дæ бауырндзæн, кæй дæн тæнæг зæрдæ. Фефсæрмы дзы дæн æмæ сразы дæн. Уый уыцы иусæррæтт бакодта машинæмæ. Араст стæм. Цыдыстæм æнæ дзургæйæ. Уый куы йæ риутæ гом кодта стыр къуыбырты бынмæ, куы та- иу йæ уæгъд къаба йæ хъæбысмæ сæппæрста, куы та-иу мыл йæхи æрбауагъта. Цы ацарæзтаин - ницыуал зыдтон. Кæмдæрты машинæ гакъон-макъон аскъæрдтон, цæмæй мæныл йæхи ма хафтаид. Куыддæр трассæйæ азылдыстæм Ганаты хъæуы æрдæм, æвæццæгæн, иу дзæвгар ауада- иккам, афтæ ныцъæхахст ласта, фæлæбурдта мын мæ цæсгоммæ, балæууыд мыл тымбыл къухæй. Æз фæджихау дæн. Баурæдтон машинæ. Ай циу? Цы ’рцыд? Ницы базыд- тон. Машинæйы хуылфмæ мыл дыууæ милиционеры сæхи ныццавтой. Кæцæй фесты? Цы арæзтой уым? Лæугæ дзы никæй федтон. Уæларвæй æрхаудтой. Ратъæпп-батъæпп мæ систой, рахаудтæн машинæйæ, къахæй мæ нæмын райдыдтой. Цы фæдæн, куыд фæдæн, ницыуал базыдтон. Бæстæ мыл баталынг, мæ сæр æнахуыр гуыз-гуыз код- та. Мæхи æрæмбæрстон цавæрдæр æнахуыр ран. Смагæй дзы сулæфæн нæ уыд. Мæ сæр рыст, мæ фæрстæ дудыдтой, фезмæлæн мæ нæ уыд, нындзыг дæн. Цы рцыд, нæ зонын, кæм дæн - нæ зонын. 0, дунескæнæг, хуыцау, ай циу? Уа- лынджы æфсæйнаг дуары дзыгъал-мыгъул ссыд, къаннæг дуар бачындæуыд æмæ мæм рухс æрбафсæрста. Æдде йе стыр сæр иу лæг æрбадардта милицийы формæйы. Цыма мын мæ зæрдæйы кард ныццавдæуыд, афтæ фæдæн, сæр ноджы фæгуыппæг. Цы ’рцыд? Цы сарæзтон? - Дзоццæ, фарстамæ! - æрбдхъæр мæм кодта. Æз хуыс- сын. Цы зæгъон? Цæмæй йæ бафæрсон? - нæ зонын, не ’мбарын. Мæ хъуыр сæхгæдта, мæ цæстытæ донæй айдзаг сты. - Нæ хъусыс, Дзоццæ? Фарстамæ дæм дзурынц! - Уый ноджы хъæрдæрæй æрбадзырдта. Кæсын æм. Цы зæгъон? Мæхи мидæг базмæлыдтæн, буар ныхъхъæбæр, мæ фæр- стæ сисын нал фæрæзтон, цыма мæ къæхтæ мæхицæй нал
-—^ллл^к^е^9о©^о<>ллл; уыдысты. Ранцайын сыл, нæ сæ фæразын, нæ фæразын мæ сæр схъил кæнын. Иу къухæй, зæгъын мæ сынтæгыл æрæнцой кæнон. Уазал. Ихы къæртт. Цæй сынтæг. Бетоны уæлæ хуыссыдтæн æнæхъæн суткæ... Ахæстон? Сынтæг æрцагуырдтон ахæстоны, мæ бон ныккалон... - Къуырма бадæ?! - ногæй та нытъæлланг кодта мили- ционер. Уый мæм æрбасæррæтт ласта, мæ къæхтæ мын ратъæпп кодта æддæмæ... Уæдæ, фезмæлын мæ кодта... Хъæбæрæй хуыссыдтæн. Æз æм скастæн, сгуым-гуым код- тон. Уый мæм ныккаст гуыбырæй, мæ рустыл мын йæ къух авæрдта. «Аллах, аллах! Лæг амард...ныййих ис». Фездæхт. Дуар дæр нал бахгæдта, гомæй йæ фæуагъта. Æдде йе стыр цырыхъхъыты гуыпп-гуыпп ссыд. Чысыл фæстæдæр цы- рыхъхъыты хъæр фæтынгдæр. Цалдæрæй мæм æрбамидæг сты. Ратил-батил мæ систой. Фæзынд урс халатджын дæр. Уый сын ацамыдта: «Хурмæ йæ айсут». Схæцыдысты мыл, нæ тасын, ныллæдзæг дæн. - Лæг амард, кæдæм ма йæ хæссут,- чидæр сдзырдта. Æрлæууыдысты. - Æнæхæдзар фæут, кæд ууыл уæ тых нæ фæлвæрдтат, уæд. - Уадзут æй æмæ йæ изæры доны баппарут,- загъта чи- дæр æнæмæтæй. - Уый та куыд, удæгас лæджы доны æппарут? - схыл- гæнæг дохтыр, - ныртæккæ йын йæ быны хъарм истытæ бакæнут. Дохтыр архайын байдыдта ме ’рдзæбæх кæныныл. Нæ зонын, цас фæфыдæбон кодтаид, фæлæ иурæстæджы мæ цæстытæ дзæбæх байгом сты. - Уыныс мæ? - фæрсы мæ. Æз мæ сæр батылдтон, зæгъгæ, дæ уынын, стæй та мын схæцыд мæ къухыл. - Уромыс æй? Афтæ ма йæ хæрдмæ дар. Æз ыл схæцыдтæн. Чысыл æй баурæдтон, стæй мын æр- хауд. Чысыл фæстæдæр мын хъарм æхсыр æрбахæссын кодта, банызтон дзы. Ме онг фæрогдæр ис. Бузныг дохты- рæн. Изæрмæ мæхи хорз æрæмбæрстон æмæ мæ фарстамæ ба- тардтой. Æрлæуыдтæн хатæны фæсдуар. Стъолы фарсмæ бадт иу стыр ставд, хосы тулайы хуызæн, лæг. Уый мæм йæхи ныггæмæл кодта. Сыстад. Иу стыр хъилгонд мын
яЛЛЛ^^^^З^ОЧЗ^О^о^Ь мæ былтæм бахаста. Уымæй мын сæ стъæпп кодта. - Цæмæ мæ цæвыс? - фæрсын æй,- цы сарæзтон, цы фыдгæнд? - Ноджы куыдтæ дзуры, куыдзы фырт! - ныдздзæхст мæ кодта æмæ къулыл сæмбæлдтæн, æнæ уый дæр мæ къæх- тыл тыххæй лæууыдтæн. - Чызгыл тыххæй цæмæн ныххæцыдтæ? - Кæцы чызгыл? Æз никæуыл хæцыдтæн тыххæй. - Мæн куы фæрсыс? - Иууыл æмхуызон куыйтæ стут, милицийы кусджытæ? - Уæдæ нæ сæттыс æмæ мах та куыйтæ стæм?! Фыццаг дыууæ цæф мын фæрыстысты, стæй ницыуал базыдтон. Кæд æмæ цафон æрчъицыдтон, уый нæ зонын, фæлæ та мæ цæстытæ куы бакодтон, уæд та базыдтон, камерæйы кæй дæн æмæ та мæ разы бадгæ куы федтон æндæр бирæгъы æнгæс милиционеры, уæд та мæ зæрдæ бахъарм. - Басæтт, чызгыл тыххæй кæй ныххæцыдтæ, ууыл æмæ дæ мауал нæмой, ам афтæ у, - дзуры мæм сабыр лæгъз æв- загæй. - Æз тыххæй никæуыл ныххæцыдтæн, - дзуапп ын рат- тон цъынддзæстæй. Уый ма мæм лæвæрдта фарстытæ, фæлæ æз мæ дзых дæр нал фæхæлиу кодтон. Уый сыстад æмæ рацыд. Иу изæр та мæ дуары зæрдæриссæн зæлланг райхъуыст. Æз мæ цæстытæ бакодтон æмæ мæ разы мытыхъхъытæ конд милиционеры куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, сæрмæ тугдадзинтæ ныццавтой. Хъуы- стон-иу, ахæст куы нæ фæсæтты, уæд æм нæмынмæ, йæ тых æххæстæй басæттынмæ кæй æрбаппарынц, мæнæ ныр мæ цæстыты раз Къалаты уæйыджы хуызæнæй цы лæг лæууы, уый хуызæн. Уымæн йæ къухы уыд шампай- наг авг, мæ разы мын æй æрæвæрдта бетоны уæлæ, стæй æмраст слæууыд. Æдзынæг ирддзæстæй мæм ныккаст, цыма мæ аныхъуырынмæ хъавыд. Йæ хæдоны дыстæ мидæмæ батылдта. Уый фæстæ йе стыр æрттæ йæ син- ты сæртыл сæвæрдта æмæ мæм йæ бырынкъæй ацамыд- та, рабад, зæгъгæ. Æз нæ фезмæлыдтæн. Раст куы зæгъон,
-—^лллснзчеЛОЧЗ^^ллл^ уæд ацы хатты хуызæн никуы фæтарстæн. Ме уæнгты тых нал аззад. Стыр дис фæкодтон мæ тæппуддзинадыл. Уæд бамбæрстон, мæ нуæрттæ мæ кæй нал хæссынц. Уый мæм февнæлдта, мæ риуæй мæ фелвæста, цыма пакъуы уыдтæн, æмæ мæ мæ хуыссæны, бадгæйæ, æртъæпп кодта. - Ралас,- йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъивгæйæ, за- гъта уый. Æз æм кастæн, фæлæ дзурын ницы фæрæзтон, æрмæст хъуыды кодтон: «Кæмæн цы сарæзтон æвзæрæй, цы аххосджын дæн. Чи кæуыл тых кæна, уый хъуамæ ама- ра. Чи куыд уæлдæр у, хицауады рохтæ кæмæ куыд тынгдæр сты, афтæ иннæтæн хъуамæ фыдмитæ кæна. Адæймагæн карчы аргъ нæй. Цы хъауджыдæр ис ныр фашистæй амæй». - Кæмæ дзурын!? - ныббогъ ласта æмæ мæ мæ сæры хъуынтæй фелвæста,- кæмæй зæгъын, - æмæ мын мæ сæр бетон къулыл ныххоста. Æз мæ рон суагътон, мæ хæлаф мын æртъæпп кодта йæ къухæй æмæ мæ цыппæртыл куыд алæууыдтæн, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Уый фæстæ та мын мæ риуыл ныххæцыд. - Сбад сæны авгыл, - дзуры мæм авгмæ амонгæйæ. Мæнæн мæ къæхтыл лæууын мæ бон нал уыд, мæ сæр зылд, фæлæ мæ йæхæдæг систа раст чысыл сывæллоны исæгау æмæ мæ авгыл æрбадын кодта, цы бадын - æрæвæрдта мæ йæ уæлæ. Авг мæ хуылфы сфардæг, мæ цæстытæ атарытæ сты, мæ зæрдæ бахъарм. - Дзур, цы сарæзтай, уый, - домы мæ, ме уæхсчытыл мын бынмæ хæцы, цæмæй авг мæ хуылфы тынгдæр ссæуа. Æз ницыуал базыдтон. ...Мæхи æрæмбæрстон бетоны ас- тæрдыл хуысгæйæ... Æмæ мын цынæ фыдмитæ кæнынц. Уыдон сеппæт зын радзурæн сты. Асастой мын мæ къах, стæй мæ уымæй æрцауыгътой. Æмæ нын ахæм фыдмитæ кæмæн кæнынц: ахæстæтты «вор в законе» кæй хонынц, уыдонæн, йæ цæрæнбонтæ ахæстæтты чи æрвиты, уыцы лæгмартæн. Ех, мæ боныл, Таймураз мын раст куы загъта: «Æвзæр рæстæг у æмæ дæ^и хиз», цæуылнæ йæм байхъуыстон. Цафон уыд, нæ йæ хъуыды кæнын, фæлæ мæм иу хатт,
—плл/^к^е^окз^^^лл!—- дуары цы чысыл акæсæн ис, уырдыгæй æрбадзырдæуыд: - Мæнæ дын фыссæнтæ æмæ дæ кæд исты æрвитын фæнды, уæд ныффысс. Æз фыццаг нæ баууæндыдтæн, кæд мыл ай дæр йæ тых æвзары. - Иу сахаты фæстæ дæм æрбацæудзынæн, - фыссæнтæ мæм æрбаппæрста æмæ фæцæуыныл. Æз сыстадтæн. «Цæй уый æппæт æвзæрты æхсæн иу хорз куыд нæ разындзæн», загътон мæхицæн. Систон æмæ дæм фыссын, уымæн нæ æмæ мæхи раст кæнын, кæнæ дæ хатыр курын. Нæ, ба- зон мын мæ рæстдзинад. Æз цы федтон, уымæй ацы мæнг дунейы æмæ мæнг æхсæнады адæймаг рæстдзинад не ссардзæн. Фæлæ мæм диссаг уый кæсы: Чи уыд уыцы сыл- гоймаг? Цы йын кодтон? Науæд уыцы бынаты, йæхимæ кæм фæлæбурдта, уым куыд гæппæвонг æмæ цæттæйæ лæууыдысты милиционертæ. Ницы мæ сæрæн зонын. Нæй мæ ныфс æмæ дæм мæ фыстæг фæхæццæ уа». Таймураз фыстæг фарст фæцис. Хæцы йыл дыууæ къу- хæй æмæ хæлиудзыхæй дард кæдæмдæр кæсы, цыма бюст у. «Цæмæннæ мæм байхъуыста», - загъта химидæг æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд: Таймураз хъаст ныффысын кæй бауагъта, ууыл фæс- монæй йæ былтæ хоста, хъаст ныффыссынæй дыууæ къуы- ри куы рацыд, уæд. Уый хорз зыдта, хъаст кæнынæй кæй ни- чи ницы рахаста. Хъæстгæнæгæн йæхи фæзылын кæнынц æмæ ма йæ хатт ахæстоны бадын дæр скæнынц. Гъе, æмæ иу хатт Дзоццæимæ къантъорæйы иунæгæй куы баззад, уæд сфæнд кодтауымæн алцыдæр бамбарын кæнын. Фын- гыл æй йæ ныхмæ æрбадын кодта. Иучысыл æнæдзургæйæ абадыны фæстæ йын уæззаугай æрдзырдта. - Советон хицауад нырæй æвзæрдæр рæстæг никуы уыд. Йæ ном ма афтæ цы хуыйны, уый йедтæмæ хицауад фылдæр бæрцæй бахауд абырджыты къухы, - ацы ныхæстæ зæгъыны фæстæ уый йæ цæстытæ базылдта Дзоццæмæ. Уый йæм лæмбынæг хъуыста æмæ фæстаг ныхæстæм фес- тъæлфæгау. - Куыд бахауд абырджыты къухы? - цыма искæмæй тарст ахæм хъæлæсæй йæ афарста. - Куыд вæййы афтæ. Канд нæ област нæ, суанг уæле дæр.
-—ошл^нзчоЛ^Ю^^^/Ш; Мафи йæ архайд тыхджынæй-тыхджындæр кæны, къух- дариуæггæнджыты бынæттæм баирвæзтысты раздæры кулæкты фырттæ. Сисæм мæнæ Хандзеры, фыссын рæст- мæ зонгæ дæр нæ кæны æмæ йын йæ архæйдтытæм нæ кæсыс. Йæ фыд уыд урсгвардионтимæ, ссæдзæм азы цагъ- та коммунисты. Æз быдыры колхозæй ралыгътæн адоны хуызæттæй æмæ ам дæр уыдонæй фæстæ ницæмæй за- йынц, дæхæдæг æй уыныс, нæ сæр сæ куыд уынгæджы у уый. - Æмæ уæдæ куыд? - Кæд исты ныффыстай, уæд æй фæстæмæ райс. Нæ дæ хъæуы, дæхи дæр æмæ мæн дæр фыдбылызы баппардзынæ. Ацы лæгæн йæ хъулæттæ иууылдæр сты мидæмæ. Зон æй, стæй йæ сæр йæ гуыбыны кæй ис, уый дæр. Уыцы стуртимæ фæнык фестæд. Ды куыд æнхъæлыс. Уый баст у, йæ уæле чи ис, уыдонимæ, уыдон та сæхи бæттынц сæ уæле чи ис, уыдонимæ æмæ афтæ дарддæр. Сты, куыд рæхыс, æмæ кæдæм фæнды фысс, дæ хъаст фæстæмæ æрæздæхдзæн айхуызæттæм, кæуыл фыссай, уыдонмæ æмæ йæхиуыл тæрхон чи скæндзæн?.. Дæхи хиз... Дзоццæ йæм хъуыста лæмбынæг æмæ хъуыды кодта: «Ай дæр уыдонæй ма уа, иу хæдоны бырд ма уой...» - Афтæ ма банхъæл æмæ æз дæр уыцы абырджытæм хауын, уый тыххæй дæ зæрдæ де ’вдисæн, уæд мыл искуы дæ зæрдæ бахудтаид,- дзырдта Таймураз, цыма бамбæрста æвзонг лæппуйы хъуыды. - Раст нæ дæ, - сдзырдта йæм уæззаугай. - Нæ дæн раст, фæлæ сын æз æмæ ды се ’рду нæ фæтасын кæндзыстæм. Уый у мафи. Бамбар мæ, хуыздæр у, дæхи сæм лæгъз дар, уæдмæ уæле кæд исты уаид. - Уæдмæ нын нæ хъустæ дæр бахæрдзысты. - 0, æмæ нын цæмæй нæ хъустæ ма бахæрой, уый тыххæй хъуамæ нæхи бахизæм. - Нæй, нæ дæн демæ разы. Мæн афтæ нæ ахуыр кодтой. - Уыдон чингуытæ уыдысты, царды афтæ нæу æмæ мæ фæнды, куыд мæхи хъæбулæн, афтæ дæуæн хорздзинад, байхъус мæм, кæнын дын лæгъстæ, дæ зæрдæ мыл кæм баху- да, уым-иу хистæры æфсæрмы ма фæкæн, бату-иу мыл кæн.
Сыстад Дзоццæ æмæ кабинетæй рахызт. Нæ йæм бахъ- ардтой йæ директоры ныхæстæ. * * * Таймураз йæ сæр къухæй батъæпп кодта. «Иууылдæр мæ аххос уыдысты, æвзонг лæппуйæн нæ бамбарын кодтон, абырджыты æхсæн, советон хицауады знæгты дæлбариуæг кæй кусæм, уый». Æвиппайды чызджы цъæхахст фæцыд, æмæ Таймураз фæиппæрд йæ сагъæссаг хъуыдытæй. Габе бандонæй ахауд æмæ зæххыл адæргъ. Февнæлдтой йæм, дон ыл æркалдтой, ауагътой йын дзы йæ хъуыры дæр æмæ йæ цæстытæй скаст. «Финты хæстæй Японы хæсты фæудмæ йе ’хсæнгарз йæ къухæй кæмæн нæ ахауд, домбай- ау размæ чи бырста знаджы ныхмæ, уымæн ныр йæ зæрдæ цæмæн хъæрмттæ кæны», - химидæг дзырдта Таймураз æмæ зæххыл нытту кодта. Стыр къулдуары раз æрлæууыд Дуду. Цалдæр хатт йæ къух систа дзæнгæрæгмæ, хъуамæ-иу ыл бахæцыдаид, фæлæ та æрлæууы, йæ арм бынмæ æруадзы. Скатайаг ис, бацæуа мидæмæ æви нæ, ууыл. «Мæ мадæн та йæ хылы къæдзил нал аскъуыйдзæн». Æдзух ын цæстмæ фæдары: «Уый та дын уарзт. Кæм ис, кæд дæ уарзы æмæ йæ демæ бацæрын фæнды, уæд. Ныр иу афæдз кæй фæсдуæртты дзыназыс? Фыййау цы ныллæууыдтæ хохæгтæн чъизи æмæ фаджысы смаггæнгæ». Дуду сæм цасдæр рæстæджы нал цыд, фæлæ та мæнæ йæ ныййарджыты къæсæрыл æр- балæууыд. Æмæ цахæмæй? Хурау нал худы, йæ сырх-фарс уадултæхурмæ сыгъдхауд фæткъуыйау нымпылдысты. Иæ цырд уæйгтæ ихдзагъд бæласы къалиутау хъилатæй баз- задысты, йæ къæхтыл дзабыртæ нызылын-мылынтæ сты, æвзаг дзыхы нымпылд. «Ныр та уый тардзæгъдæнмæ хъус, хъус мæ фыды гуымыдза, схъæл ныхæстæм». Фæстæмæ разылд, йæ чъылдым дуарæрдæм фæцис. Лæууыд æнæ змæлгæ, йæ уæрджытæ ма йæ тыххæй урæдтой, бадон ын
-—а\л/чк^ч3^о<з^/<><>лл/ъ сты. Цасдæр фæлæууыны фæстæ та дуарырдæм разыл- дта йе ’ргом. «Уадз æмæ дзурæд, ацы масты цур уыдон дзæнгæда куыд нæ бауромдзынæн», - загъта йæхицæн. Йæхи фæфидар кодта æмæ дуары дзæнгæрæгыл ныххæ- цыд. Уый ахæм дæргъвæтин фæдисы уаст ныккодта æмæ уайтагъд мидæгæй райхъуыст: «Цавæр у фæцæуын». Стыр фидæрттæ къулдуары гуыдыры мидæг дæгъæлы уынæр ссыд. Дуар фегом. Мидæгæй лæууы мад, æдде чызг. Кæсынц кæрæдзимæ. Чызг æнхъæлмæ кæсы, мад та кæд райдайдзæн йæхыл, уымæ. Мад та кæсы æнаезонгæмæ. Кæсы. Размæ ралæууыд, бацыд æм æввахсдæр. Йæ былтæ базмæлыдысты, цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ цæссыг фæраздæр. - Дуду цы кодтай? Мæ хъæбул! - йæ хъæбысы йæ акодта æмæ йæ кæуын ссыд. Дуарæй мидæмæ бахызтысты. - Мæ хъæбул, цы рцыд?! Цы кодтай? Усы кæуынмæ хæдзарæй рахызт Уасил. Бæрзонд лæ- гуын сæр, фæтæн ных, йæ гуыбын йæ роцъойæ чысыл фед- дæдæр. - Цы хабар у, цы? - фæтарст Уасил дæр. - Мæ хъæбул, мæ хъæбул, - фæлхатт кæны мад, афтæмæй йæ мидæмæ фæкæны. - Цы кодта дæ хъæбул, цы æрцыд?! - чызджы цæсгоммæ фæкомкоммæ Уасил, стæй йæ ныхас зарæгау ауагъта,- а, а, бахъардта дæм. Дур æхсын чи нæ зоны, уый дзы йæ къæ- бут цæвы. Цæй куыд у? Æгъдауджын лæппу дын куы уыд, хъæууон æнæхин лæппу, тамако нæ дымы, нозт нæ кæны. Та- мако дæр лæгау лæг дымы æмæ нозт дæр лæгау лæг кæны. - Банцай ма, уаих фæуай, цæуыл æй æргæвдыс? - Æргæвдинаг у, æргæвдинаг! Лæг æмæ ус хæдзармæ бацыдысты хылгæнгæ. Чызг йæ уаты сынтæгыл бахауд. Фыд йæ фæдыл бацыд. Къæсæрыл æлхынцъæрфыгæй балæууыд, фæлæ чызджы уаты хаудæй куы ауыдта, уæд фæфæлмæндæр. - Цæй куыд у? Æгъдауджын лæппу галиу митæ кæны, мæ чызг? Дуду йæ иу фарсыл æрзылд æмæ уæззау сдзырдта: - Уый ницы галиу ми сарæзта.
Ацы ныхасмæ мад фæкъæрццхъусдæр, йæ лæгмæ ком- коммæ бакаст. - Уый кæй кой кæнут? Чи сарæзта галиу ми? - Чи? Нæ йæ фехъуыстай? Захъхъайы йæ хæрæггæстæ куы базыдтой. Де сиахсаг Дзоццæ ахæстоны бады. Мад æм кæсгæйæ аззад, йæхи мидæг ныррызт, стæй йæ чызджы æрдæм базылд. «Æвæццæгæн дзы раст нæу æмæ уымæн афтæ тынг сджитæнтæ кодта, æндæра уанцон уарзт нæу... Мæ арт бауазал... Цы сарæзтон? Куыд ауагътон мæ чызджы кæйдæр къулбадæджы тыххæй ...Ме знæгты фæндиаг фæдæн». Ус ныккæрзыдта, ныккатай кодта. - Цæмæн æй æрцахстой? - тыххæйты сфæрæзта бафæр- сын. - Фехъусдзынæ йæ,- куыд фæндыйæ дзуапп ратта лæг. Фыд йæ уайдзæфтæй нал æмæ нал æнцад. Мад æй сабыр кодта, зæгъгæ, сывæллоны мауал æфхæр. - Уый дæр дæхи хуызæн у хивæнд, хи ныхасгæнæг,- хыл кæны усимæ. - Баба, уæдæ кæй хуызæн хъуамæ уыдаин? - чызг ра- бадт йæ уаты, - уæртæ нæ сыхæгтæй искæй хуызæн? Бан- цайын афон дын нæма у? - Нæ сыхæгтæй... Мæ зондæй дæм цæмæннæ исты фæцис,- йе стыр тымбыл къух стылдта,- облпрокуроры лæппу дыл тайгæ æмæ руайгæ кодта, фыруарзтæй æмæ мын ды та кæйдæр бандиты фæдыл лекка кæныс... - Дæу фæндыд, цæмæй дыл уыцы лæппуйы фыд уæлæ- мæ анцадаид, и? - Кæдæм уæлæмæ? Космосмæ? - Уырдæм дæр дæ арвыстаид. Æз дын зæгъон, ныры дуджы дæ бафæрсдзысты, космонавт дæ æви нæ? Ды уыцы ныхæстæ ныууадз, æз сывæллон нæ дæн, фæлæ мын зæгъ... - Уæдæ хаф дæ дипломимæ фермæты фаджыстæ. - Амы чъизитæм кæсынæй фермæты фаджыстæ хафын хуыздæр у. - Гъе æмæ уæдæ сæ хаф. - Уыцы ныхæстæ ныууадз дын загътон, сывæллон куы нæ дæн. - Уæд цы мæ прокурор?
-—о\лл<клзЛ9<3**о/дч^т - Хъуыддаг дæумæ æрбахаудзæн... - Æрбахаудзæн æмæ цы? - Хъуамæ сбæрæг кæнай рæстдзинад. - Уый бæрæг у. - Æмæ чи у раст... Зылын? - Зылын чи у, уый бады, - Уасил тамако сцъырдта. -Æмæ? - Æмæ, æмæ, æмæ... Æмæ цы, уый нæ зоныс? Дыууадæс азы ахæстон. Чызджы йæ кæуындзæг ацахста æмæ дзу- рын нал сфæрæзта. Бинонтæ ныхъхъус сты. «Саубон мыл, раст дзы нæу æмæ йæ худинаг бамбæхсын йæ бон нал у... Мæгуыры бонтæ мыл, циу ай? Мæ иунæг хъæбул... цæрæн- бонты худинаджы гакк... ныффидиссаг нæ кодта». Мад химидæг йæхи æргæвста æмæ хордта. - Цæй тыххæй дыууадæс азы? - чызг сфæрæзта бафæр- сын. - Цы сарæзта, уый тыххæй. Тыхæй хæст... Уый цур лæджы мард цы у? Сылгоймаджы цæрæнбонтæм ныффидиссаг кæн. Дуду бинаг был уæллаг дæндæгтæй нылхъывта. - Хъуыддаг цæуы дæумæ, ды йæ хъуамæ ссæрибар кæнай,- фидарæй дзуры чызг. - 0, о. Æнхъæлмæ кæс. Ахæм ныхас нæ кæныс, цыма рай- оны хисдæр ды дæ. - Сараздзынæ йæ. Æз дæуæн районы хистæрæй хистæр дæн. - Æз æй нæ райсдзынæн мæхимæ. - Æз дын æй райсын кæндзынæн. - Куыд? Уый бæрц тых дын ис? - Дæуыл мын ис тых. - 0, о, мæ фосы дохтыр, æнхъæлмæ кæс! - Цал лæгмары ссæрибар кодтай стыр лæвæрттыл, фе- рох дæ сты? - чызг фестад. Скъаппы дуар бакодта æмæ йæм цалдæр чысыл къопп рахаста. - Мæнæ дын, ссæрибар æй кæн, дæ лæвæрттæ сты, ни- куы сæ бакодтон мæ къухтыл, мæ хъуырыл, æддагæттæй сæ куы фæистай, ды та сæ мæнæн раттай, æз та сæ дæттын дæуæн фæстæмæ гæртам. Айс сæ, уыдон уæддæр æз нæ бакæндзынæн нæдæр мæ хъуырыл, нæдæр мæ къухтыл.
^т’-о^о^&о^о/^лт—- - Сæрхъæн! - сыгъзæринтæ куы ауыдта, уæд ыл ны- тъæлланг кодта. - Æз нæ дæн сæрхъæн. Адæттæ ды райстай лæгмар- джыты хиуæттæй, адон тыххæй ды ссæрибар кодтай лæг- марджыты, мæрдты та ды бахордтай. Айс сæ фæстæмæ. Дзоццæ никæй амардта. - Ды цы бон райгуырдтæ, уыцы бонæн мæ куыдз фæл- дыст! - Оммен! Уæд ныр æз афтæ тæригъæдæй нæ мæлин, фæ- лæ уæддæр ды сараздзынæ мæн куыд фæнды, афтæ. Дуртæ æмæ æфсæйнæгты тыххæй лæгмарты ссæрибар кодтай æмæ мæнæн уыдон аргъ нæ кæныс. Ме ’цæг ном /\æу тыххæй куы ничиуал зоны, дæу тыххæй куы Фæдуду дæн. Кæд дын дуду нæ уыдтæн, уæд мæ цæмæн хуыдтай дуду, æви нал дæн ныр дуду, æвæццæгæн, дын æсмаймули дæн, и? Ацы ныхасмæ фыды зæрдæ фæтæнæгдæр ис, адихтæ йын ис. Дзурын нал сфæрæзта, афтæмæй хицæн уатмæ ба- цыдис. Ам ын мад йæ дызæрдыгдзинад аппæлæгау кодта, стæй ныхъхъарæг кодта. - Фидиссаг фæуыдзыстæм, фидиссаг, мыййаг æй куы ра- уадза, уæд, кæмæй йын æй хондзыстæм. Фæлтау иучысыл куы ацæрой, уæд хуыздæр уыдзæн, уый фæстæ фыдбылыз- ты хай фæуæд. - Цы? Цæмæй ныффидиссаг уыдзыстæм? - фыд нæ бам- бæрста йæ сылгоймаджы ныхас. - Йæхи бар... - ус йæ ныхас кæронмæ нал загъта. Уа- сил æнæзмæлгæ алæууыд. Йæ цæстытæ галы къæлæтты йæстæ аисты. Цыма йын исчи йæ зæрдæйы кард ныццав- та, афтæ фæцис. Цавд дур фестад..» Фидиссагæн баззадтæн, фидиссагæн. Ме знæгтæ мыл сæ къах æркъуырдзысты», дзырдта химидæг Уасил. Андзыг, ныхъхъæбæр онгæй, зон- дæй. - Исты йын баххуыс кæн, - мад æм сабыр бадзырдта. Уа- сил фестъæлфыд. - Гъы, цы загътай? - дзæгъæлгаст æм бакодта, стæй йæ сæр нынкъуыста æмæ уыцы стыр сæрыл йæ дыууæ къухæй балæууыд. - Уый фæлтау мын куы амардаид, - йæ сæр ноджы
-—о\л/^к^з^©<ЗУ^><ит тынгдæр ныххоста. Уый къæлидоры йеудодойгæнгæ рацу- бацу кодта. Ацы ныхæстæ чызг иууылдæр хъуыста; фæлæ ницы дзырдта, ницæмæ сæ дардта. «Мæнæн мæ зæрдæ мæхиуыл ницæмæй худы æмæ куыд фæнды дæр хъуыды кæнæнт», - загъта йæхицæн æмæ æнхъæлмæ каст, цæуыл фæуыдзæн сæ ныхас, уымæ. Уаты йæ сæр дуары æрдæм фæзылдта æмæ сæм ныхъхъуыста ноджы лæмбынæгдæр. - Афтæмæй дæр мардæй хъауджыдæр куы нæ у, - кæуы мад, - уæд дын æз амæлон, фидарæй йæ уæддæр рауадзын кæн æмæ стæй æд мыггаг иууылдæр дæлдзæх фæуæд. -Бауырнæддæ,Дзыгы,мæбоннæу,æндæрамæхъæбул... - дзырдта катайгæнгæ лæг. - Куыд нæ у дæ бон, уаихыл, Дудуйы загъдау, лæгмарты куы ссæрибар кæныс, уæд уый... - Лæгмартыл фæхъаст кæнынц мæрдты хицæуттæ æмæ вæййынц дæлæсинтæ, дæлтъуртæ, тых кæмæн нæ вæййы, фылдæр ахæмтæ, мæрдтæ дзургæ нал фæкæнынц, уыдон бæсты фысс, цы дæ фæнды, уый. Гæххæтт алцыдæр уромы, быхсы. Иу фыст дзы дæ зæрдæмæ нæ фæцыд, сыскъуын æй æмæ дзы дыккаг бавæр, куыд дæ фæнды, афтæмæй, уæдæ æхца кæцæй цæуы. Кæд дæ уæле хъыгдарæг уа, уæд уымæн дæр йæхиуæттæ аппар æмæ йæ дзых ныххуыйы. Бындзæй къамбец саразæм, къамбецæй бындз. - Мæ мард фен, ам дæр афтæ куы нæ саразай, мæ амо- нын дын æй куы нæ хъæуы, - ус ын лæгъстæ кæны. - Мæ бон нæу бауырнæд дæ. - Куыд нæу дæ бон, къамбецæй бындз куы аразыс, бындзæй къамбец? - Дзыгы, амæн аразгæ хъуыддаг у. Грис æй йæхæдæг æрцахсын кодта. Адæмы змæнты æмæ, дам, дзы фервæзын хъæуы, афтæ æнхъæл дæ, æз æй нæ зонын раст у уый. - Чи дын æй загъта? - Абон мæм милицийы хистæр Уахтъанг хъуыддаг куы æрбахаста, уæд мын æй бамбарын кодта. - Уаих фæуай, æмæ йын афтæ цæмæннæ загътай, де си- ахсаг у, уый. Цæмæн цæуыс дæ чызджы тæригъæды? - Сиахсæгтæ бирæ ис. - Не сты бирæ, дæ чызджы дзы иу йедтæмæ нæ хъæуы æмæ...
^хл/^дзЛО^З^^^/и—- - Ницы мæ бон у. Грисы куыд фаенды, афтæ куы нæ сара- зон, уæд мæ фæтæрдзæн æрмæст мæ бынатæй нæ, ам мын Ирыстоны дæр нал уыдзæн æрлæууæн. - Худинаджы худ сисын æнцондæр у? - Цæрын нæ хъæуы, цæрын... - Дæ цард цы у æнæ дæ хъæбул? - Цæй хъæбул, хъæбул! Фылдæр рауагътаис æмæ æнæмæтдæр уыдаис. - Æмæ та уый дæр мæ аххос уыд? - ус йæхи фæбирæгъ кодта. - Уæдæ мæ аххос уыд? Дæ гуыры кондæн сафынæй тар- стæ æмæ... - Цы? Цы? Мæ гуырыконд æви фæстæмæ къахджынты фæстæ... æмæ дзы æрæнтъыхтай æмæ мæ фæцæйгæндон кодтай. - Банцай, дзæгъæлдзых, ма та райдай! - Æз уæдæ демæ нал цæрын! - Фу кæн, кæд нал цæрыс, уæд! Дудуйы фæстаг ныхæстæ фехъусын нал фæндыд. Йæ зæрды нæ уыд сæ цурмæ рацæуын, фæлæ йæхи фыццаг ныхæстæм нал баурæдта æмæ къæсæрæй рахызт. Нырма лæууыд æнæдзургæ.Бæрæгуыд,джитæнтæнйæцæсгомыл бынат нал уыд, фæлæ мастæн. Мастæй цæхæртæ калдта. Цæсгомæй масты стъæлфæнтæ дардмæ тахтысты, сыгъд, цæхæр арты судзæгау, ныссырх-сырхид ис. Фыдæхдзинад куы фæуæлахиз вæййы, уæд тох кæнын æнцон у. - Дæ ныхас нæ аивдзынæ? - Дуду фæрсы йæ фыды, хи уромгæйæ. - Цæй ныхас? Иннæрдыгæй та ды. - Цы дзырдтай, уый. - Сæрра дæ? Æмæ æз цы дзырдтон, цы мын ивын кæныс? - Дзырдтай, дзырдтай. Нæ басæтдзынæ? А-чызг дын дæ къуымтæ ракалын кæндзæн. Цытæ дын дзы ис, уый дæ фе- рох ис? - Кæсæт ма йæм исчи. Мæнæ цытæ дзуры æмæ кæны! Сæрра ис... Мæнгæй нæ акæнынц, сæгъ сæныкк ары, уæ- рыкк нæ ары. Дæ мад цыу у æмæ... - Уыцы ныхæстæ ныууадз. Æз нæ сæрра дæн. Мæн фæнды
-—1Ллл<нз\е*>©<з*<ё/^>-лл/ь рæстдзинад базонын, æз кæуыл баууæндыдтæн, уый æцæг цъаммар у, æви йæ æз куыдæй бауарзтон, афтæ у. Кæд дæ ныхæстæ аивай, уæд дæ а-чызг дæ хъустæй баласын кæндзæн Грисы размæ. Стæй кæд Грис афтæ сарæзта, уæд та йæ Басион уæлдæфы стæхын кæндзæн, æз уæ дыууæйæн дæр уæ базыртæ ацæгъддзынæн. Æз уын бацамондзынæн, раст лæгыл цъыф куыд калын хъæуы, уый. - 0, о, стæхын кæндзынæ, мæлæты маркафа, арæх-иу æй дзур. Нæ тæрсыс, дæхи дын камерæйы йæ фарсмæ куы сба- дын кæной, уымæй? - Гъе, æмæ иттæг хорз. Йемæ уыдзынæн. Уыцы ныхасмæ лæг фæсабырдæр, фæфæлмæндæр. - Ды, мæ чызг, нырма чысыл дæ æмæ нæ зоныс, цытæ цæуы, уый æмæ æнцад дæхицæн бад. - Æз алцыдæр хорз зонын, фæлæ дын цы зæгъын, уый сараз. Дæ хъæбул дæн... Нæ сараздзынæ, дæ ныхæстæ дын дæхицæн зæгъын кæндзынæн, æппæт дæр дæхи дзыхæй дзурынтыл фæуыдзынæ. Бинонтæ нал æнцадысты сæ загъд, сæ заманайæ, сæ хыл уынгмæ хъуыст. Фыд йæхицæн бынат нал ардта чыз- джы æртхъирæны фæстæ. Æрмæст ма фæстаг хатт уæззау сфæрæзта: - Æмæ дын æвдисæн та чи ис, чи зæгъдзæн æз Грисы кой скодтон, уый. - Уыцы ныхæстæ кæм фæкæныс, уым-иу сæ дзур. Уыдон дын нæ фæзонынц дæ зыгъуыммæ зонд. Уыдон дæ закъо- ны лæг фенхъæлынц æмæ дæхи куы скарз кæныс, уæд се ’взæгтæ нынныхъуырынц, кæрæдзийы кæрдтыл сæ бафта- уыс, цæмæй хъуыддæгтæ дæ дзыппы пайдайæн ацæуой... Мæ-гуыр нæу нæ хицауад, дæ хуызæттæ хицæуттæ кæмæн сты! - Æдзæсгом, адде у ардыгæй! - Лæг нытъæлланг ласта. - Æдзæсгомыл сыкъатæ куы заид, уæд дзы нæ районы дæу æййас никæуыл уаид! - Кæйдæр абырæджимæ фæлекка кодта æмæ ныр ам мæ хæдзары æртъæпæн! - Æз фæлекка кодтон æви ды лекка кодтай? Уый у абырæг æви ды?\ Ацы хæдзары дæ мыздæй цы ис?! Нæ уы-
ущ^<><^г&0^-о/о<>лт—- нын адæмы куыд стигъыс, уый? Куыд æнхъæлыс?! Алы æхсæв расыгæй куы цæуыс, уæд кæй хардзæй нуазыс? Афтæ æнхъæл дæ æмæ æз ам районы не ’рлæууыдаин, фæлæ мæ бон нал уыд адæмы цæстæнгасмæ кæсын. Цал хатты фехъ- уыстон «тæригъæдджыны цъæх чызг», «уæд мын амæлæд, кæд мын уыцы зынаргъ дзаума йæ фыды мыздæй не ’лхæны». Æнцон у мæнæн афтæмæй цæрын? Мæн фæллой хъæуы, фæлæ мæ уымæй тынгдæр та адæм хъæуы, адæм! Бамбæрстай?! Дæу та хъæуы æхца, сыгъзæрин, дзаума æмæ бæрæгбон цард. Афтæ куы нæ уыдаис, уæд абон æз æнæ хо, æнæ æфсымæр нæ уаин. Ныр дын æз дæр нал уыдзынæн! - Чызг йæ аууондар æмæ йæ хызын райста æмæ, фæстæмæ æнæфæкæсгæ, уынгмæ рахызт. Мад æмæ фыд æнхъæл нæ уыдысты бынтон ацæуынæн æмæ ницы сдзырдтой, ничи дæр сæ йæ фæстæ ракаст. Бадтысты хæдзары æнæ дзургæ, фæлæ фæстæмæ куы нæ здæхт, уæд мад кæртмæ рахызт, уынджы йæ ацагуырдта... йæ цæст ыл нал схæцыд. Фæстæмæ хæдзармæ баздæхт æмæ лæгимæ кæрæдзи хæрын райдыдтой. * * * - Нæй йæм бар, - йæ бынатæй фестгæйæ, дзуры чызг Дудумæ, куы йæ ауыдта, фыццаг секретар Грисы уаты дуа- рыл рахæцгæ, уæд. -Цæмæннæ? - Цыдæртæ кусы. Дуду нал байхъуыста ныхасмæ, фæлæ бахызт кабинетмæ. Уый дуарæн мидæгæй не ’рлæууыд, бар дæм ис, зæгъгæ, нæ бафарста, бараст æмæ æрбадт даргъ фынджы фарсмæ Грисы раз, æнæ салам ратгæ. Уый йæ фыссын фæуагъта. Чызгмæ бакаст, стæй йæ мидбыл фæхудт. - Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста, мæ чызг? - Иу хъуыддаджы фæдыл дæм æрбацыдтæн. - Кæй чызг дæ? - цæхгæр æй афарста, - кæм кусыс? - Баситы Уасилы чызг дæн, кусын... - 0, о, уый мæнæ нæхи Уасилы? - сыстад æмæ йын йæ къух исы,- гас цу, гас. «Диссаг, цымæ мæ фыд прокурор куы *б
-—мл<нз\з^©о<з**а/о-о-ллл нæ уыдаид, уæд дын «гас цу» зæгъын зынаргъ лæууыд, чызджы зæрдæ ноджы фæуазалдæр. - Куыд дæ, мæ чызг? Истæуыл тыхсыс? Уасил мын дзырдта совхозмæ, дам, ацыд бархийæ æмæ мын æхсызгон уыд. Зæгъ-ма, цы дæ батыхсын кодта? - Æрмæстдæр сымах, - тыгуыр æрфыг, æнæ ’фсæрмæй дзуапп ратта. - Уый та куыд, мæ чызг, зонгæ дæр куы нæ уыдыстæм? «Дæ чызг дыл йæ рустæ нытонæд», сылгъыста йæ йæхи мидæг. - Дзоццæйы ссæрибар кæнын кæн, - цæхгæр æрлæууыд. УыцыныхасмæГрисыадджынрæвдауæнхуызчысылгайаив- та, йæ ахасты хъармдзинад фæуазалдæр. Къæлæтджыныл йæхи фæстæмæ ауагъта, Дудумæ æдзынæг кæсгæйæ. Уый дæр æм, йæ цæст æнæ фæтъæбæрттгæнгæйæ, каст, ныс- сагъта дзы йæ цæстытæ. - Æз прокурор нæ дæн, тæрхонгæнæг нæ дæн, мили- цийы кусæг дæр нæ дæн, мæнæн цы бар ис æмæ бардзырд раттон: «Дзоццæйы ссæрибар кæнут», - уый сдзырдта æрæджиау уæззаугай, цыма йæ дзырдтæн фæуынæй тарст. Чызджы цæсгом сырх зынг фестад, йæ маст йæ хъуыры ныббадт, хурхы сæртæ ахгæдтой. - Уæдæ дын ахæм бар чи ратта æмæ ницы аххосджын лæджы æрцахсын кæнай,- сфæрæзта чызг, чысыл æнæ дзургæйæ абадыны фæстæ. - Уымæн бардзырд ничи ратта, худинаджы ми бакодта сылгоймагæн æмæ йæ сбадын кодтой,- лæг дзуры хиуыл хæцгæ. - Бардзырд раттат сымах. Уый мурдæр ницы аххосджын у, - чызг суагъта йæ цæсгом. - Æз раттон бардзырд? - Сымах, - ноджы фидардæрæй загъта чызг. - Куыд? - чызджы ныхасæн ницы нысаниуæг лæвæрд- та лæг. - Уый уæхæдæг зонут, æз æй цæмæй зонын? - Чи дын загъта, æз æй æрцахсын кодтон, уый? - Фехъуыстон, кусджыты, дам, змæнты æмæ уый никæй змæнты, бафæрсут Таймуразы! - Йæ армæй фынг æрцавта.
^^^К^ЗЛ9"©^сИ>ЛЛЛ; Грисмæ чызджы сæрæн архайд хорз фæкаст; фæлæ йæ уый аххос кæй кодта, уый йæ йæхи мидæг стыхсын кодта æмæ йæ хуыз аныхъуырæгау кодта. Йæ цæсгом афæлурс; стæй ссырх, йæ маст хъуырмæ схæццæ æмæ чызгмæ каст цъынддзæстæй. Каст æм, цыма йæ йæ хуызæй фæтæрсын кæнынмæ хъавыд æви гипноз кæнынмæ. - Мæн ныртæккæ дзæгъæл ныхас кæнынмæ не 'вдæлы; фехъуыстай! - Ацу æмæ дæ куыст кæн;- скарз Грис. Чыз- джы йæ кæуындзæг ацахста, айычы стæвдæнæй цæссыг рустыл æркалд æмæ ныккуыдта; афтæмæй рацыд Грисы кабинетæй. Уый йæ фæстæ кæсгæ аззад. Уыцы ныв фенын æнхъæл нæ уыд æмæ арты судзæгау йæ буар ссыгъд. * * * Адæймаг нæ хæхбæсты цы фæнды фæллад ма уæд; уæддæр ыл сатæг дымгæ куы æрбаныдзæвы, уæд йæ уæнг- тæ срæуæг вæййынц; сафы йын йæ фæллад. Адæймагыл раст цыма базыртæ басадзы; афтæ свæййы; чердыгæй фæдымы, адæймаг уыцы æрдæм аздахы йе ’ргом. Арф зæр- дæвæндонæй сулæфы æмæ цыма йе ’рагъæй уаргъ æрисы; афтæ фæввæййы. Фæлæ ацы æхцондзинадæй Цады фæзы хъæуы цæрджытæ æнæхай фесты. Чердæм фæнды ма æрбад дæ хæдзары раз; æмбыд кæрдæджы тæф фындзы хуынчъытæ ныццæвы. Силос; дам; æвæрæм. Уый; дам; зымæг дуцгæ фосæн хорз у; нард сæ кæны; гъе æмæ алы æрдзон дзыхъхъыты зæл- даджы хуызæн хос фæкалдтой; сыджытæй сæ æнæбары бамбæрзтой æмæ нымбыд. Адæмæн фырмæстæй сæ дæндæгты хид цыд, сæ дæн- дæгтæ къæс-къæс кодтой; фæлæ цы сæ бон уыд. Силос æвæрыны рæстæджы сæ ныхмæ бæргæ ныллæууыд Дзоц- цæ; фæлæ... Хандзер æм æртхъирæн дæр куы бакодта; зæгъгæ; æнцад куы нæ æрлæууай, уæд ардыгон дон нал баназдзынæ; Ца- ды фæзы хъæу дын фæсте аззайдзæн. Уæддæр адæмы цæрæнбон бирæ; уыдон æм ныхмæ ныллæуыдысты æмæ йын загътой:
- Фæсалы хуызæн кæрдæг цæуыл сафæм мæнæ къæ- сæртыл. Уæд сыл Хандзер та ныздыхта ахæм ныхæстæ: - Сымах чи ардауы, уый цыма арыд баййафдзæн, афтæ мæм кæсы. - Мах ничи ардауы, искæуыл цъыфкалæн ма кæн, фæлæ кæд силос æвæрæм, уæд ыл цæхх уæддæр ныккæнæм. - Уый мæнмæ нæ хауы,- загъта куыдфæндыйæ. Уыцы ныхæстæ адæмæн уыдысты ноджы кардæй цæфы хуызæн, фæлæ сын Дзоццæ куы загъта, зæгъгæ, алцы мæ аххос фæуыдзæн, уæд уыдон дæр дыууæ нал загътой лæппуйы фæндоныл. Ныр сæ пиллон кæлы, цыма сыл исчи арт бандзæрста. Адæм сæ къæсæрты уыгæрдæнты сæфтмæ кæсгæйæ, сæ сæртæ нынкъусынц, къæхты бывдей ныккæрзынц, сæ риутæ тымбыл къухæй ныххойынц æмæ фæзæгъынц: - Ацы рæмпæджытæ адæмы гæвзыккмæ кæнынц. Ацы ныхæстæ Таймуразы хъустыл куы ауайынц, уæд йæхи мидæг фестъæлфы, йæ цæсгом адæмы æхсæнмæ рацæуын нал фæхъæцы. Гъе æмæ йæ фæллойы сæфт фе- нын кодта Грисæн æмæ ныр лæууынц директоры кабине- ты æнкъардæй, сæ цæстытæ зæхмæ ныццавтой. Æдде сæм адæмы^ цъах-цъах хъуыст. Аивæй сæм рудзынгæй акæсы Грис. Йæ мидбынаты цавддур фестад, къæхты бынæй улæфы, зæгъгæ, кард дзы ныццавтай, уæд дзы туг нæ ра- цыдаид. Сæрæй къахы ныхы онг хъустæ фестад, æмæ адæм цыдæриддæр дзырдтой, уыдонæй иу дзырд дæр нæ уагъта, йæ зæрдæйы сæ фыссæгау кодта. - Цæуыл нын фесæфтат нæ кæрдæг? Цы аххосджын у Дзоццæ? Цæмæн сты уæ удхæссæг бынæттон кадртæ? Чи у дзуапп дæттæг? Уыдон ныр æртыккаг бон быдыры куыстмæ нал ра- цыдысты. Картоф баззад æньс къахтæй, уырыдзы сæфы, алырдыгæй совхозы мæкъуылтæ æнæластæй лæууынц зæй раныдзæвæнты. Адæм фидарæй фарст æрæвæрдтой, цæй тыххæй æрцахстой Дзоццæйы, уый базонын. Арвæн ма иргъæвæн уыд, фæлæ адæмæн нал уыд, куы бакасты- сты Дзоццæйы фыстæг, уæд. Æрдомдтой, цæмæй партийы
райкомы фыццаг секретарь йæхæдæг ссæуа æмæ сын дзу- апп ратта. Уый ссыд, кæсы сæм уæле, фæлæ сын йæ бон дзуапп раттын нæ цыд. Сæгълæуд кæны æмæ сæм кæсы. Сдызæрдыг Дзоццæйы ахсты хъуыддагыл дæр, бамбæрста æмæ бæстонæй базыдта кæрдæджы сæфты хабар дæр. Адæм сæ къухтæ тилынц, лæбурынц мидæмæ Грисмæ, æртхъирæнтæ йæм кæнынц, чидæр дзы йæ амарыны кой дæр скодта. Сæ хъустыл æрцыд, Дзоццæйы уый кæй æр- цахсын кодта, уый дæр, адæмы, дам, кæй ардауы, уый тых- хæй. Ныр Грис йæ номыл æртхъирæнтæ куы фехъуыста, уæд цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Иæхæдæг йæхи фарста: - Ацы мæгуыр адæмы раз цы фæрæдыдтæн? - Уый фæстаг хатт хъуыста адæмы хъæлæба, нал сæ уыдта, дард кæдæмдæр æбæрæг ранмæ каст, фæлæ дзы уынгæ ни- цы кодта. Ацы рæстæджы йæ йæ сагъæссаг хъуыдытæй фæиппæрд кодта машинæйы уынæр. Уый уыцы ’рдæм фæ- каст æмæ ауыдта дыууæ машинæйы. Сæ иу æрлæууыд адæмæй иуварс, фæстаг дуæрттæй дзы рахызт æртæ ми- лиционеры, раззаг дуарæй тыхлæсæгау ракодта Хандзер. Дыууæ лæджы Хандзеры æд милиционертæ куы ауыд- той, уæд сæ цæстытæ фæирд кодтой. Милиционертæ сæ къухтæм цыдæр лæдзгуытæгæндтæ райстой æмæ адæммæ уæззаугай фæцæйцыдысты. - Иæ фыдæй йын нæ област уынгæджы уыд æртынæм азты, ныр та йæхæдæг, - мæстджын хъæлæсæй дзырдта Таймураз. - Уый кæй фыдæй зæгъыс? - фæрсы йæ Грис. - Хандзеры, æртынæм азтæ НКВД-йы куыста æмæ... Хæсты рæстæджы та куырæйтты рамбæхс-бамбæхс код- та, стæй хæст куы фæцис, уæд та ногæй ссис æнувыд кусæг æмæ ныр исы пенси, куыд Фыдыбæстæйон хæсты хайади- сæг. - Ды сæ кæцæй зоныс? - Бафæрс Дзоццæйы фыд Габейы æмæ дын æппæтдæр радзурдзæн. Ацы рæстæджы милиционертæй дыууæйæ Порайы сырды ахст акодтой, йæ къухтæ йын сæздыхтой æмæ, рог машинæйы фæстæ цы æхгæд машинæ уыд, уыр-
-—хШ^е^^у^>ол><улт дæм æй ласæгау кодтой. Уыцы совхозы Дзоццæйы фæстæ змæнтæгыл нымад цыд Пора æмæ дзы Хандзер хъуамæ фервæзтаид. - Кæдæм æй кæнут?! - адæм слæбурæг сты. - Мах цы аххосджын стæм,- дзурынц милиционертæ,- уæртæ партион кусæджы бафæрсут. - Ма йæ ауадзут! - иу къуыдырыл бæрзонд слæууыд Ду- ду æмæ йæ хъæлæсыдзаг хъæр кодта,- уыдон нæ силосы уæрмы хъуыддæгтæ сты. - Цы гæнæг у ацы лæг? Ныр ма Дзоццæйы æрцахстат, абон Порайы сом та мæн,- дзуры сæ иу. - Уымæй, мæ хур, мæ хицауы бафæрс,- загъта æнæсæрмæ хæссонæй Хандзер. Æвзонг лæппутæй чидæр кауы мих фæсаста æмæ дзы милиционеры фæсонтæ ныццавта. Уы- цы цау ауынгæйæ иннæтæ дæр нал фæлæууыдысты æмæ æртæ милиционеры сæ къæхты бын скодтой. Чи кæй цавта, уый бæрæг нал уыдис. Алчидæр сæ бæллыд зæр- дæбын цæф фæкæнынмæ фæткæвæрджыты. Хандзер фæтарст æмæ адæмы иувæрсты къантъорайы дæллаг кæрæтты къантъорайы уынгмæ æрбалыгъд. Чидæр сæ ныхъхъæр кодта, зæгъгæ, фæирвæзы, фæлæ лæгтæ лæп- путы раз ныллæууыдысты, скъахтой сын милиционерты дæр сæ бынæй. Милиционертæ цъыфызмæстытæй, ды- дæгътæгæнгæ иуварс алæууыдысты. - Мах цы кодтам? - фæсус хъæлæсæй сдзырдта сæ иу. - Куыд цы кодтат? Куыйтæ стут, куыд уæ ссы кæнынц? - чидæр сыл ныздыхта,- уæхиуыл сæртæ нæй? Грис тилцайы цæфау баззад. Ацы ныв йæхи цæстæй куы нæ федтаид, уæд æй никæд бонты нæ бауырныдта- ид. Уый йæхи мидæг Хандзеры ныхæстæ фæлхатт кодта: «Уымæй, мæ, хур, мæ хистæры бафæрсут». Ныр æй бауыр- ныдтой æххæстæй Таймуразы ныхæстæ дæр Хандзер æмæ Дзоццæйы тыххæй. Дыууæ лæджы асинтыл уырдыгмæ уæззаугай æрхыз- тысты, цыма сæм уыцы маст æппындæр нæ хъардта. Ханд- зеры уынджы иу къуыдырыл чъылдымздæхтæй бадгæ куы ауыдтой, уæд æм æдзынæг ныккастысты. Уымæн йæ лæнк-лæнк цыд, тæвд боны куыдзау, къухмæр-
^ллл-о^^з^ов^^-^л/ь—- зæнæй йæ ных æмæ дæллагхъуырты хид сæрфта. - Хандзер, - сабыр æм бадзырдта Грис. Тарст лæг фес- тъæлфыд, фæстæмæ фæзылд, бæрæг уыд, йæ уд схæппæв- вонг кæй уыд. Йæ хистæры куы ауыдта, уæд йæ цæстытæ стыбар-тыбур кодта, туг сæ абадт. - Ацы милиционерты дын чи æрбарвитын кодта? Æз? Æви чи? Стæй цæмæн? Хандзер арвы цæфау фæцис. «Райсом афтæ куы загъта, областмæ цæуын, уæд ардæм кæцæй æрбамæрдты хай ис», - ахъуыды кодта Хандзер. Ацы рæстæджы адæм кæртмæ æрбабырстой, сæ разы Хъотиан, кæцæй фæзынд ничи йæ базыдта, адæмы раз ныззоныгуыл кодта, йæ цæнгтæ сон- тау фæйнæрдæм айтыгъта, йæ кæлмæрзæн сæ разы зæххыл ныццавта æмæ кæугæ йæ хъæлæсыдзаг загъта: - Мæнæ мæн цæвут! - Адæм цæхгæр фæлæууыдысты. Грис æмæ Таймураз ссыгъдысты сæхимидæг, сæ буæрт- тæ дыз-дыз кодтой, хъыпп-сыпп сæ ничиуал скодта, фæтарстысты, йæ хид сæрфгæ, йæ тъæпæн къæхтæ йæ фæдыл ласгæ, йæ уæнгтæй кæрæдзийыл ницыуал хæцыд. Уый ахæм ныв фенынмæ йæ цардцæрæнбонты дæр никуы æнхъæлмæ каст, йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Æвæц- цæгæн ыл уддзæф æрбаныдзæвд, зæгъгæ, уæд афæлдæх- таид. Грис адæмыл ахаста йæ цæст, каст сæм æмæ уыдта карз æнæуынон фыдæхдзинад. Кæцыфæнды дæр дзы цæттæ уыд кæйфæнды дæр ныссæбæкк кæнынмæ æмæ хъуы- ды кодта: «Цæмæн? Чи нæ рæдийы? Зæхкусæг яæг сæууон уæлдæфау сыгъдæг куы у йæ цæнгты тыхæй куы цæры...» Уый адæмæй йе ’нкъард цæстæнгас азылдта æмæ ацагу- ырдта Хандзеры. Уый годжыкъæхтыл лæууæгау куы ау- ыдта, уæд дзы йæ цæстытæ ныццавта, фæлæ сæ Хандзер фыртæсæй нал хатыдта. - Цы кодта Дзоццæ, цæмæн бады ахæстоны? - Лæвар уын хырхæм æмæ нын нæ хуыздæрты ноджы ахæстæтты кæнут? - Мах сымахæй домæм дзуапп! - Чи у Хандзер, абырæг æви партион кусæг!? - Ацы силосы уæрмы ардыгæй фесæфут! - дзырдтой
-—о\л/ч><азЛ9<3**2/э<нлЛ| адæм, кæрæдзийæн дзырды бар нæ лæвæрдтой, афтæмæй. - Махæй иудæр совхозы куыстмæ йæ къах нал авæрдзæн! - Бафæлварут æмæ аласут куыройы фыды ’ййас цых- тытæ, кæнæ нардæй тъæпп чи хауа, ахæм стуртæ. Кæдæй- уæдæй ацы хатт нæ совхозы къантъорамæ бынæттон адæймаг кусынмæ бацыд æмæ йæ цалынмæ æрбайсæфтат, уæдмæ йæ нæ ныууагътат. - Нæ куыствæллой нын давын нæ уагъта æмæ йæ ахæстоны смидæг кодта! - Адæмы фыдæхдзинадæн кæ- рон нал уыдис. Гъе, фæлæ уæддæр Грисы нæ уырныд- та, лæппу рæстæй бады, уый. Цалдæр хатты сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йын адæм йæ дзых схæлиу кæнын дæр нæ уагътой, афтæмæй сæм хъуыста æмæ хъуыды кодта: «Чи у раст? Цы ’рцыд æмæ кæй аххосæй?» Ацы рæстæджы йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Дудуйы ныхæстæ: «Уæдæ уын ахæм бар чи ратта æмæ ницы аххосджын лæджы æрцахсын кæнат». Лæджы хъусты ацы ныхæстæ топы гæрахау ныннæрыдысты, йæ цæстытæ фæирд кодта: «Ам цыдæр талынг хъуыддаг ис». Уый йæ къухыл хæрдмæ схæцыд. - Хорз адæм! - æвиппайды йæ хъæлæс ныннæрæгау кодта. Куыд дзы сирвæзт, йæхæдæг дæр æй нæ фæхатыдта. Адæм фæхъус сты æвиппайды, Грис æнхъæл куыд нæ уыд, афтæ. Уый сыл йæ цæст ахаста. - Æмгъуыд мын раттут æрмæстдæр соммæ, цæмæй ацы хъуыддæгтæ кæцæй рацыдысты, уый базонон... - Уый дзырдта, дзырдта æмæ йæм хъуыстой. Грис дыккаг бон раджы бацыд йæ куыстмæ. Иннæ хæт- тытау, йæ бандоныл не ’рбадт, фæлæ хатæны иу къуымæй иннæмæ рацу-бацу кодта, даргъ къахдзæфтæгæнгæ. Фыр- мæстæй йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ рустæ адым- сы. Цыбыр дзырдæй, партийы райкомы кусджытæ къухыл тухгæлæгкæйхуыдтой,кæнæбадтдзуллагæйфæлмæндæр, уый цæстытæ ныр къултæ хуынчъытæ кодтой. Хатт йæ бынаты æрлæууы, йæ бæрзæй хæрдмæ сивазæгау кæны æмæ йæ стæй йæ къухæй аууæрды, дудыдтой йæ бæрзæйы
тр^^с^о^О^д^^^^—- нуæрттæ. Ацы рæстæджы Дуду дуарыл æрбахæцыд, æмæ Грис дуары хъæрмæ фæзылд. Дудуйы дуарæй æрбахизгæ куы ауыдта, уæд йе ’рфгуытыл хæрдмæ схæцыд, йæ размæ цалдæр къахдзæфы сарæзта æмæ йын йæ къух райста. Уый йыл баузæлыд, йæ тыхст зæрдæ нæ равдисгæйæ, фæлæ Ду- ду йе’рфгуыты æлхынцъ нæ сыхæлдта. Грис знон Цады фæзы хъæуæй куы цыд, уæд Таймура- зы бафæдзæхста, цæмæй йæм уый куыстмæ æрцыдаид. Йæ сæрæй нал хызтысты, уый ныхæстæ «Уæдæ дын уый бар чи ратта æмæ ницы аххосджын лæджы æрцахсын кæнат». Уый ныр бамбæрста, æнæрцæф чызг ацы ныхæстæ æнæ аххосæй кæй нæ загъта. «Мæ фыд мын загъта кол- хозы, дам, змæнты. Ам цыдæр цъаммардзинад ис». Ныр чызг куы æрбахызт, уæд йæ зæрдæ фæсабырдæр ис. Фын- джы цур æй йæ фарсмæ æрбадын кодта. Цæмæйдæрты йæ уæ-лæнгæйтты афæрстытæ кодта. Фæлæ йын уый нывыл дзуапп нæ лæвæрдта, йæ цæстытæ-иу дзы какон сынд- зау фæсагъта. Уый æнхъæл уыд, зæгъгæ, ныр та йын йæхи схондзæн змæнтæг зноны цауты фæстæ. Чызджы ахаст Грис æмбæрста æмæ архайдта йе ’рсабыр кæныныл. - Зæгъ ма мын, Дуду, чи дын загъта æмæ æз æрцахсын кодтон Дзоццæйы? - бафарста йæ сабыргай. Чызг ацы ны- хæстæм йæ цæстытæ фæирд кодта æмæ æнæаргъуцæй сæппæрста: - Мæнæ мæ фыд. Фыд фестъæлфыд. - Уасил, дæ чызг раст загъы? Ды уыцы ныхæстæ кæ- цæй хæссыс? - ратта та йæм дыккаг фарст, дзуаппмæ æнæбанхъæлмæ кæсгæйæ. Уасилы дзых къæппæй аззад, афтæмæй йе уæнгтæ кæрæдзимæ балхъывта. - Уахтъанг мæм йæ хъуыддаг ралæвæрдта æмæ мын загъта, Грис Харитъоны фырт, дам, æй сбадын кодта йæ цъыфкалæн миты тыххæй æмæ... - загъта уый ферхæц- ферхæцгæнгæ. - Æмæ уæд кæйдæр чызгыл тыххæй куыд ныххæцыд? - Нæ зонын. Грис тынгдæр амæсты, йæ дыууæ къухы йæ былтæм тымбылæй авæрдта, æдзынæг бадгæйæ аззад, стæй сы-
стад, йæ къæбут аныхта. Æмæ фæсидын кодта Уахтъангмæ. Чысыл фæстæдæр уый йæ уæхсчытæ фехс-фехсгæнгæ, йе стыр был æрæппаргæйæ, балæууыд Грисы уæлхъус. - Хъусын дæм, Грис Харитъоны фырт, - уый æнхъæл уыд, зæгъгæ, мын бузныг зæгъдзæн. - Транты Дзоццæ цы фæцис? - цæхгæр æй афарста. Уый йын рагæй зоны йæ зыгъуыммæ митæ. - Куыд загътай, афтæ сарæзтам, - аппæлыд ын Уахтъанг. - Цы дын загътон? - Грис йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта. - Дзоццæйы, дам, сбадын кæнут. - Чи дын загъта? Æз? - Ды нæ, Хандзер нын дæ ныхæстæ фехъусын кодта. - Куыд? - Дзоццæ, дам, æгæр цъыфкалæн митæ кæны æмæ, дам, дзы фервæзын хъæуы. - Æмæ дзы куыд фервæзтæ? - Иу къахбай нæм цалдæр хатты бахауд, куы цæй тыххæй, куы цæй тыххæй, уый йын йæ фæдыл бафтыдтам æмæ йæ стæй иу бон... - Рацахстат! - фæхъæр ыл кодта Грис. Фынг тымбыл къухæй ныццавта æмæ гæххæттытæ хæрдмæ фæхаудтой, - уæддæр нæм бирæ ис ахæм кадртæ, науæд бирæ дæр уæд! - Уый дзæнгæрæгыл ныххæцыд æмæ йæ удисæджы зæлланг æнæхъæн партийы райкомы хатæнты ныййазæлыд. Чызг та тарст сæгуытты гæпп æрбакодта æлхынцъæрфыгæй, цавæр у, зæгъгæ, мæ хъустæ бакъуырма сты. - Фæдзур ма Хандзермæ. Чысыл фæстæдæр Хандзер тыхулæфтгæнгæ дуарæй æрбахызт. Салам сын загъта сæрæстырæй. Фæлæ йын йæ уæздан ахаст æмæ саламæн салам ничи ратта. Алчи сæ ар- ты мидæг уыд, цæхæр арты. - Чи дын загъта, Уахтъанг, æмæ мæ номæй Дзоццæйы æрцахсат? Уый фыццаг æнæ дзургæйæ алæууыд, стæй йæ цæстытæ базылдта Хандзермæ. - Мæнæ мын уый загъта, - сфæрæзта къæзтæ. - Хандзер, чи дын загъта? - фæрсы йæ Грис. Уый фæсæц-
^ллл^^^^е^о^^о^т—- цæ, йæ сырх уадултæй йæ туг алыгъд. Фæлурс сфæлдæхта, йæ дзырдтæ йæ хъуыры ныффидар сты æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыд: Грис ацы дзуаппмæ фестъæлфæгау кодта; ныккаст æм цъынддзæстæй æмæ та йæ дыккаг хатт бафарста, цыма йæ хъустыл нæ баууæндыдис, кæнæ йæ нæ фехъуыста. -Чи? - Мæ фыд, - чызджы ныхасы гъæд фæхъæбæрдæр æмæ йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд. Грис æнæ дзургæйæ дзæн- гæрæджы джыбыгондыл ныххæцыд. Дзæнгæрæджы ныуу- аст æмæ æдде бадæг чызджы æрбагæпп æсиу сты. «Ард дæ хæдзары, кæд ды дæр кнобкæ нæ дæ», химидæг сдзырд- та Дуду. - Баситы Уасилмæ фæдзур, - Грис ацы дзырдтæ загъ- та уымæ æнæ бакæсгæ. Хъуыст йæ тыхулæфт. Ие стъолы лагъзы цыдæртæ агуырдта, фæлæ сæ не ссардта йæ фыр мæстæй. Нал бакаст Дудумæ комкоммæ. Чысыл фæстæдæр Уасил къæсæрыл æрбалæууыд. Хистæр уымæ дæр нæ бакаст. Нæ йын ратта æмбæлон са- лам уый уæздан саламæн. Аивæй йæм йе ’рфгуыты бын- ты бирæгъдзæстæй бакæсы. Уасил уый ахастæй фæджихау фæсыпп. Бамбæрста йæ хуыцауы цæф, йæ саубонæй заи- наг уым дзæгъæлы кæй нæ бад,ы «Иæ ныхас сыххæст код- та», уыд йæ фыды хъуыды. Йæ цæстытæ стыбар-тыбур кодтой, куы сæ чызгыл ахæссы, куы Грисыл. Хатæн æм ку- ыд фæстагмæ мигъы бадæгау каст, сæрæй къæхты бынмæ æмризæджы ныррызт. - Уасил, дæ чызгимæ базонгæ у, - уыцы ныхас уыд хин, загъд къахæн ныхас. Уый йæ бамбæрста æмæ чызгмæ ба- каст. - Исты йæ хъæуы, цæмæ æрбацыд? - бафæрсæгау кодта, йæ ныхасыл бæстон æнæ ахъуыдыгæнгæйæ. - Уый дæхæдæг зондзынæ, - стæй чызгмæ баздæхт,- зæгъ-ма, Дуду, чи дын загъта, Дзоццæйы æз æрцахсын код- тон, уый. Чызг йæ фыдмæ бакаст ирд цæстæй. Уый æвиппайды стыхст, раст бакодтон зæгъгæ, фæлæ йын уыцы дызæрдыг- дзинад бирæ нæ ахаста æмæ æнæ ферхæцгæ сæппæрста:
* * * Хандзер йæ куысты бандоныл йæхи уæззау æруагъта. Бадт æнæзмæлгæ, стæй йæ дзыппы йе стыр пух къух тъыс- сын райдыдта, фæлæ дзы нæ цыд æмæ иуæрдæм фæзылд, афтæмæй дзы, тыхнæтгæнгæ, сласта æнцъылдтытæ къухмæрзæн. Уымæй йæ ныхы хид асæрфта цалдæр хатты, ссæрфта дзы йæ хъуыртæ æмæ бæрзæй, стæй йæ фæстæмæ нытъыста. Фынджы уæлæ хуымæтæджы гæххæттдонтæ амадæй лæууыдысты кæрæдзи уæлæ, уыдон æхсæн цыдæр ацагуырдта æмæ куы ницы ссардта, уæд сæ иуæрдæм ас- сыдта, былтæ базмæлыдысты, се змæлдæй бæрæг уыд, хорзæй кæй ницы загътаид, уый. Фæлæ йын æддæмæ нæ райхъуыст. Раласта фынджы лагъз, цыдæртæ дзы азмæста, стæй тула гæххæттыты бынæй сласта, цы гæххæтт æй хъуыд, уый. Йæ разы йæ æрæвæрдта, нымдзаст æм, стæй химидæг ракаст «Силосы уæрм», фæлæу, æз дæ æмбыд картофты уæрмы фестын кæндзынæн». Цыма йæ фыц- цаг хатт федта, йæ цæстытæ мæстæй адымстысты. Сы- стад æмæ хæлиу-мæлиу бацыд æфсæйнаг скъапмæ, йæ дзыппæй стыр дæгъæлтæ сласта, скъаппы дуар бакод- та, йæ тæрхджытæ семыдзаг уыдысты гæххæттдонтæй. Иу амадыл дзы рахæцыд æмæ йын йæ фæстæ райста, йæ уæлæ фондз стъалы кæмæн уыд, ахæм авг. Райста агуывзæ дæр, æркодта дзы æмæ йæ анызта, анызта дзы дыккаг дæр, стæй йæ дзыхы канфет баппæрста æмæ йæ бынаты фæстæмæ æрбадт. Уый, чысыл æнæзмæлгæйæ абадыны фæстæ, телефоны хæтæл систа. Иудзæвгар ыл хæцыд, стæй йæ æрзылдта. Иннæ кæрон телефоны хæтæл систæуыд, райхъуыст дзы «ало». - Уахтъанг, рауай ма, мæ къона, - салам æнæ ратгæйæ, цыбыртæй загъта Хандзер æмæ телефоны хæтæл æрæвæр- дта. Уый бандоныл йæхи фæстæмæ ауагъта, йæ даргъ, хъæд-мæцъисы хуызæн цæнгтæ фынгыл æрæвæрдта æмæ йе’нгуылдзтæй фынгыл сцæгъдæгау кодта. Ацы рæстæджы мил ицийы дарæсы æрбахызт Уахтъанг, бар дæм ис, зæгъгæ. Бæрзонд, фæтæнуæхск, къæдзæхы хуызæнæй æрлæууыд йæ разы.
0\ЛЛчКЛЗ^Эв(3^/Ою^лЛ, - Мидæмæ, дæ хуыцауы тыххæй, - сдзырдта Хандзер йæ бынатæй нæ фезмæлгæйæ. Йæ нард къух æм радаргъ код- та гасцуйы сæрæппонд. Фынджы фарсмæ йын ацамыдта, цæмæй æрбадтаид. Уый йæ худ систа æмæ йæ бандоныл æрæвæрдта, йæ цæнгтæй та фынгыл æрæнцой кодта. - Куыд у, кæд, мыййаг, фыдракæндтæ бирæ нæй? - хъу- ыддаджыфарстраттаХандзер.Уахтъангæвиппайдыдзуапп раттыныл нæ батыхсын кодта йæхи. «Цы мыл фæзæрде ис, йæ куыстмæ цы нæ хауы, ууыл цы стыхст», загъта химидæг, æргомæй та йын ратта дзуапп: - Нæ, махмæ фыдракæндæн уыйас нæй бынат, фылдæр сты хъæууон адæм æмæ æхсæвæй-бонæй кусгæ кæнынц чысылæй, стырæй, зыгъуыммæ митæм сæ не ’вдæлы. - Вот, товарищ майор, хъуыддаг цæй мидæг ис. Ныртæк- кæ уыдтæн хистæрмæ, Грисмæ, æмæ мын бахæс кодта, хъуамæ, дам, фервæзæм Цады хъæуы совхозы экономист Транты Дзоццæйæ, адæмы, дам, змæнты æмæ куыстмæ нал цæуынц, совхозы фосæн хос нал кæрдынц,- Хандзер дзырдта сабыр, йæ къухтæй фæлгæт ацаразгæйæ. - Ома куыд? Ахсгæ? - фæрсы йæ Уахтъанг йæ цæстытæ астыргæнгæйæ. - Бæгуыдæр, - сабыр дзуапп райста милиционер. - Цæй бындурыл? - Уый æз нæ зонын. Æз дын зæгъын йæ ныхæстæ. Ацы ныхæстæ хъуамæ мачи зона, совершенно секретно. - Нæ зонын, куыд æй æрцахсон. - Уымæй йын йæхи бафæрс, стæй дæ уый фæрсын дæр нæ хъæуы, фыццаг хатт аразыс ахæм хъуыддаг, - уыцы ны- хас уымæн загъта æмæ зыдта Уахътанг кæй не суæнддзæн Грисмæ, уый. Иу æмæ йын дыууæ хатты нæ раласта йæ царм бюройы йæ гуымир, æнæхсæст, æнæ закъонон хъуыддæгты тыххæй. Уахтъанг ныкъуырма, ницыуал сдзырдта. «Ау, ис- ты куы фæрæдийын, уæд мæ сæгълæуд скæнын кæны, ныр мын йæхæдæг фыдгæнд куыд аразын кæны». - Йæ царм ын раласын хъæуы, хъуамæ йын йæ дзых сæхгæнын кæнай, æндæр гæнæн дзы нæй, - йæ ныхасы кæ- рон балхынцъ кодта Хандзер, - рæствæндаг у, - сыстад фы- сым æмæ йæ уазæджы къух исы, кæд Уахтъан мæ нырма
-—^лл/^в^а^окз^а^^т цæуынвæнд нæма уыдис, уæддæр, фæлæ йæ фысымы ахæм уагæй куы федта, уæд уый дæр йæ худ систа, йæ сæрыл æй æрсагъта æмæ фестад, æнæ исты сдзургæйæ. Дуарæй рахызт лæмæгъ къахдзæфтæгæнгæ. Хандзер йæ фæстæ каст æлгъаджы цæстæй. Æндæр хъуыды та февзæрыд Уахтангмæ: «Цæй кæд æй уæле аразын кæнынц, уæд ын цы нæ кæнгæ ис, чизоны мæм йæ ахаст фæхуыздæр уа». * * * - Цы дын кодта мæгуыр куыстуарзаг лæппу куыд ын счъизи кодтай йæ ном? - Хандзеры йæ хъуыдытæй фæип- пæрд кодта Грисы фарст. - Æз уын æй зæгъдзынæн, цæмæн афтæ сарæзта, уый, - сдзырдта Дуду йæ сумкæимæ архайгæ-архайын. Систа дзы, Порайæ цы фыстæджыты фæрцы сайдта фос, уыдон æмæ сæ Грисы раз æрæвæрдта. - Адоныл ис нæ совхозы мыхуыр æмæ сыл цыма бынæй бафыссы йæ къух Таймураз, афтæмæй та уыдон уый къухфыстытæ не сты, фос сайдта сымах, райæххæсткомы сæрдар æмæ æндæрты номæй, цалынмæ Пора Таймуразмæ хъæстмæ не ’рцыд, уæдмæ. Æз, Пора æмæ Дзоццæ ныффы- стам хъаст уæ номыл, æвæццæгæн æй нæ райстат. Хъасты бын йæ къух бафыста æрмæстдæр Дзоццæ. Хандзер арвы цæфы хуызæн фæцис, йæ дзых схæлиу кæнын йæ бон нал ссис, ныддур, ныууадысты йе ’фсæртæ, фæлурс цæстæй каст Дудумæ. «Ныр мæ раны дæн», дзырд- та ма химидæг. ’ Грисы раз Дуду цы гæххæттытæ æрæвæрдта, уыдоныл секретарь йæ цæст рахаста. Йæхи номыл дзы кæм уыд, уыдонмæ лыстæгдæр ныккаст, æркаст сын сæ чъылдыммæ дæр, стæй йæ иннæтæ дæр куыд фехъуыстаиккой, афтæ йæ хъæрæй рафарста: «Грисмæ изæры уыдзæн уазджытæ æмæ иу род рауæлдай кæн, куыд амард ахæм актыл ацараздзыстæм, Таймураз». - Бадæйнаг, Хандзер, - сдзырдта мæстыйæ, - æнтысы дын, - хорз, Дуду. Хъаст та... Æз куы ницы райстон. - Иугæр æй нæ райстат, уæд, æвæццæгæн, бахауд Хан-
^ллл<к^з^О«0У^><>лл/и—- дзермæ æмæ цæмæй йæ мæнгард митæ ма рабæрæг уыда- иккой, уый тыххæй лæппуйы сафынвæнд скодта. Мæнæ бакæсут, цы ныффыста ахæстонæй, уый, - чызг ныр дзырд- та бынтондæр æнæкъæрццæй, уæлахизæй, сæрæстырæй æмæ йæм ратта фыстæг. Грис ыл йæ цæст ахаста, куыд фæстагмæ ныссабыр йæ улæфт, йæ цæсгомы хуыз раивта тæригъæдгæнæджы хуызæй. Бадт цасдæр æнæзмæлгæйæ. Бадтысты иннæтæ дæр дур-дзавдæй. Æнхъæлмæ касты- сты, цы зæгъдзæн, уымæ. Дзæнгæрæг та нырдиаг ласта. Уынгæджы фæцис уыцы æвзонг чызг дæр. Уайтагъд та дуарæй йæ сæр æрбадардта. - Фæдзур къанцылары гæсмæ. Уый уайтагъд йæ хица- уы уæлхъус æрбалæууыд, фæлæ районы къухдариуæггæн- джыты тымбылæй куы ауыдта, уæд йæ хуыз фæивта, уай- тагъд фæхатыд, цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый. Æмæ уырдыг слæууыд... - Цады хъæуы совхозæй цы хъаст уыд, уый кæм ис? - цæхгæр æй афарста Грис. Фæлæ чызг ницы сдзырдта. Ханд- зер ноджы нымпылд, ныггыццыл, йæ зыр-зыр ссыд. - Мæнæ дын фысты дыккаг экземпляр, - Дуду йæ дæтты Грисмæ, уый йæ, чызгмæ æнæ кæсгæйæ, райста. - Ацы фыстæджы фыццаг экземпляр кæм ис? - тилы фысты, афтæмæй йæ фæрсы, - кæнæ дæ куыст ныууадз кæ- нæ раст зæгъ. - Фесæфт мын, - сдзырдта тарст хуызæй. - Кæцæй? Куыд? - Донмæ рацыдтæн æмæ фæстæмæ куы баздæхтæн, уæд æй нал баййæфтон, - чызджы зæрдæ суынгæг. - Чи уыд къанцылары? - Никæй дзы федтон. - Æппындæр? -Нæ. - Къæлидоры дæр никæй федтай? - Хандзеры, - чызг йæ цæссыгтæ асæрфта. Грис фæса- бырдæр, йæ цæстытæ Хандзеры ныццавта. - Цы зæгъдзынæ, Хандзер?!
-—*ллл<нз\еЛ©<3**ё/гк>-лл/ъ * * * Партийы райкомы дыккаг уæладзыгмæ йæ каби-нетмæ, сынцай-сынцай гæнгæ, хызт Хандзер. Цалдæр къахдзæфы- иу сарæзта æмæ та-иу æрлæууыд. Асины сæрмæ куы схæццæ, уæд гæзæнхъæдыл йæ синтæ ба-вæрдта, йæ дзыппæй къухтæмæрзæн систа æмæ йæ ныхы хид асæрфта. Йæхи банкъардта, раст цыма йе стыр уаргъæй фервæзт. Иучы- сыл аулæфыны фæстæ бараст къанцылармæ. Дуæрттæ уы- дысты гом, фынгыл пырхытæй лæууыдысты гæххæттытæ, йæ кусæг уым нæ разынд. Уат цы ныллæг гæрæнгондæй уыд хицæн, ууыл æрæнцой кодта, æнхъæлмæ каст, къан- цылары хицау кæд æрбацæудзæн, уымæ. Уый йæ цæстытæ гæххæттытыл ахаста. Иу фыстыл ын æрæнцадысты, нымд- заст æм æмæ рафарста «Силосы уæрм». Лæг фестъæлфыд цæй силосы уæрм у, зæгъгæ. Йæ хъустыл ауад, иуххатт æй Ду- ду силосы уæрм куыд схуыдта, уый. Йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта, сæры тугдадзинтæ ныццавтой. Систа йæ, йæ цæст ыл рахаста æмæ фæсæццæ иу чысыл рæстæджы, стæй йын цыма исчи йæ хъусы бадзырдта «амбæхс æй» зæгъгæ. Уый йæ фæдыдагъ кодта æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта. Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта æмæ змæлæгыл йæ цæст куы нæ схæцыд, уæд тагъд-тагъд дуарæн федде. Бацыд йæ кабинетмæ. Цæугæ нæ, лидзгæ, цыма йæ фæсте исчи сырдта. Чи йæ зыдта, уыдонæй иу дæр нæ загътаид, уый Хандзер фæцæуы афтæ цæрдæг. Мидæгæй йæхиуыл ду- ар æрæхгæдта æмæ фыст кæсын райдыдта дамгъæйæ дамгъæмæ сабыргай. Йæ бинаг был ризын райдыдта, хатт къæхты бынæй ныуулæфы æмæ йæ гуыбын ноджы адымсы. Рафæлдæхта æппæты фæстаг сыф. Æркаст, кæй къух фыст ыл уыд, уымæ æмæ багуым-гуым кодта. «Кля- узник Дзоццæ. Цы йæ хъæуы, Пора куы ницы дзуры, уæд. Стæй сæ кæцæй базыдта... Æвæццæгæн, Пора æппæт дæр ралæхурдта. Уымæн йæ дзых æнцон сæхгæнæн у... Дуду... фыстæджы сæр уый дзырдтæ сты. Дзоццæ, демæ æнцон у... Чи хæцы де ’вварс, хъæды халоны хуызæн, дæ фæстæ ку- ыдз куы нæ рарæйдзæн... Фæлæ хъуыддаг Грисмæ куы ба- хауа, уæд фесæфтæн...»
|Ллл-очз\з^о«<з^а^>ч>ллЛ|—- Хандзер асинтыл хæрдмæ куыд уæззау ссыд, бынмæ ноджы сындæгдæр æрхызт. Уæлæмæ йæ уæз нæ фæрæзта, дæлæмæ та йыл тас фæтых. Уынджы æрлæууыд. Фæлæ уый æппæт змæлджытæй никæуыл хæцыд йæ цæст, нæдæр хъæлæба хъуыста. «Ацы кляузничы ахибар хъæуы, тæрын... æндæра мæ ныхмæ фæуыдзæн, иугæр ныффыста, уæд уый нысан кæны æмæ йæм мæ фыст гæххæттытæ, фос цы гæххæттыты æфсон сайдтон, уыдон æм ратта Пора. Стæй сæ цы фос ракодтон, уыдоныл актытæ нæ сараздзысты, ку- ыд амардысты, афтæ æмæ бæрæг кæныны рæстæджы ма дзы æндæр истытæ дæр разындзæн. Порайы фæтæрсын кæнын хъæуы...» Йæ зæрдыл æрлæууыд, мæйы размæ йын дыууæ стуры кæй амард, рæстæгыл сæ нæ фехъусын кодта, кæмдæр сæ дарæнæй иуварс авзылдта, уæдмæ сæ сынтытæ æмæ сырдтæ бахордтой, стæй Дудумæ ныццыд, фæлæ сыл уый акт нал сарæзта, адон, дам, мæлгæ нæ акод- той, сырдтæ, дам, сæ бахордтой. Гъе, фæлæу, иу стур дæр фаг у дæ фæзылын кæнынæн». - Хандзер! - цæхгæр æм сдзырдта Грис. - Хъусын дæм, - сæппæрста æнæхъуыдыйæ. Грис бам- бæрста, уый арф хъуыдыйы кæй афардæг ис, уый. - Фыст цы фæцис?! - скарз Грис. - Æмæ йын æз цы зонын? - дзуапп ратта куыд фæндыйæ. Йæхимидæг та загъта: «Фæлæу, мæ лымæйнаг, ды дæр ныр- ма ног кусæг дæ, чи дæ зоны областы кæнæ республикæйы, чи рахæцдзæн де ’вварс. Æз дын хъыцъыдæттæ бадар- дзынæн. Партийы обкомы фыццаг секретарь Жора-иу физонæджы тыххæй областы фысты бын куы фæкодта, уæд ды цы дæ? А-лæппу дæуæн дæр ауынын кæндзæн, ды нырма чингуытæй кусыс, царды æндæр хуызон у... Цæуон Жорамæ, уый дæ ныллæг æрбадын кæндзæн». - Ныр мæ бауырныдта, уыцы совхозы раздæры директор æмæ иннæтæ дæр дæ аххосæй кæй бахаудысты фыдбылы- зы, - Грис фестад, йæ сины сæрты йæ æрттæ сæвæрдта æмæ сыл йæ цæст хаста, - мæнæ мæ алыварс цас абырджытæ *7
ис... диссæгтæ. Сымахæн лæджы æрбайсафын у карчы къу- балы æрбалыджы хуызæн... Цы зæгъдзынæ, Хандзер? - Грис нымдзаст уымæ. Уый лæууыд æнæзмæлгæ. - Кæмæ дзурын æз, Хандзер? - Фæрсы та йæ карзæй Грис. - Уæ мæрдтыстæн, сывæллон дæн æви фыдгæнæг, цы хуызæн фарстытæ мæм дæттыс, æви расгуытæ стут? Адон хуызæттыл æууæнк ис æмæ мæныл нал ис. Æз никæй æрцахсын кодтон æмæ никæмæн дæр ницы зонын, - уый риуы дзыппæй йæ партион билет систа æмæ йæ стъолмæ баппæрста, - айсут æй кæд мæныл æууæнк нал ис, уæд. Стæй дæ рох ма уæд, æз дæр хицауады лæг кæй дæн. - Уыцы билет кæм исын хъæуы, уым дын æй æрæвæрын кæндзысты,- амæсты Грис, стæй баздæхт Уахтъангмæ, - ацы тæккæ Дзоццæйы сæвæрдзынæ дæхи машинæйыл æмæ йæ бакæндзынæ йæ хæдзармæ, стæй дын дæхиимæ хицæнæй адзурдзынæн, æз дын бацамондзынæн, куый- ты куыд ссы кæнын хъæуы, уый. «Кæнæ бацамондзынæ, кæнæ нæ», химидæг сдзырдта Хандзер. Дуду фестад æмæ Грисыл атыхст. - Бузныг, Грис Харитъоны фырт, - чызг скуыдта. Бацыд æм Уасил дæр, йæ сæрыл ын йæ къух æрæвæрдта. - Мæчызг... Дуду йæм хæрдмæ скаст. - Цы? Ды мæ фыд нæ дæ! Ды хъæбулы рисыл нæ мæт кæныс, нæй дæм рæстдзинад. - Ницы кæны, бафидаудзыстут та, - чысыл фæхудт Грис. Хандзер та йæхи мидæг дзырдта: «Мæгуыр уа дæ бон, цымæ ардæм цы мæрдтæм æрбахаудтæ, мæ фыдбылызæн æрбацыдтæ, ацы бынат мæхицæн куы рæвдыдтон, уæд кæцæй фæдæ, мæрдты хай дæ æрбакæна Билуртайы дзу- ар. Куыдз хос нæ йæхæдæг хордта, нæ йæм хъуджы уагъта... Фæлæ, æз дын рæстдзинад фенын кæндзынæн, чингуытæй лæг. Дæ уд ис райсоммæ, иууыл фылдæр иннæ къуыримæ». Уый йе знагмæ каст цъынддзæстæй æмæ мæстæй фыхт, Жорайæ ныфс æвæргæйæ.
* * * Иу райсом фараст сахат нæма уыд, афтæ Грис йæ куыс- тмæ асинтыл тагъд-тагъд суад. Иæ кабинеты дуары бай- гом æмæ телефоны удисæджы дзæнгæрæг баиу сты. Уый дуарæй дæгъæл нал рафтыдта, афтæмæй телефонмæ атындзыдта, систа йын йæ хæтæл. - Ало, - уыд йæ фыццаг ныхас. - Абон æртæ сахатыл партийы обкомы ис бюро, - райхъ- уыст сылгоймаджы хъæлæс, - æмæ уым куыд уай Хандзер æмæ Цады хъæуы совхозы директоримæ. Грис ма телефоныл хæцыд, фæлæ уæдмæ уымæн йæ бипп-бипп райхъуыст. Уый ма йæ кабинеты иучысыл абадт, цыдæртæ архайгæ, стæй сыстад æмæ исæн кабине- ты бадæг чызджы афæдзæхста, зæгъгæ, исчи йæ куы агура, уæд-иу зæгъæд, обкоммæ кæй ацыд. Бюройы райдианмæ нырма æрдæг сахатæй фылдæр хъу- ыд, фæлæ бюройы уæнгтæ æмæ бюромæ хуынд адæмæй алчидæр йæ бынат бацахста партийы обкомы нымæрдары хатæны. Сабæлутæй арæзт Т-йы хуызæн фынджы сæр бадт, партийы обкомы фыццаг нымæрдар Жора. Уый йæ сау рихитæ аздухы æмæ йæ дæле бадджытыл йæ цæст ахæссы сабыр,. алкæмæдæр æдзынæг ныккæсгæ, цыма сæ йæ зæрдæйы кæмæн цы уыд, уый базоныныл архайдта. Йæ рахис фарс бадт облæххæсткомы сæрдар - Къарго. Бæкæс æм: уæйыджы хуызæн, бæрзонд, хæрзконд, къæбæлдзыг сæр. Жора бандоныл, зæгъгæ, йæхи фæстæмæ ауагъта, уый дæр хъуамæ афтæ сараза, арф сулæфыд - уый дæр хъуамæ æсулæфа, фæлхатт ын кæны йæ ныхæстæ дæр. Цы- быр дзырдæй, тутийæ уæлдай нæу. Жорæйæн йæ галиу фарсæрдыгæй хъуамæ бадид партийы обкомы дыккаг се- кретарь, фæлæ уыйимæ адджын не сты, стæй сын быцæу ныхас дæр рауад, сæ ныхас кæрæдзийыл нæ бады, арæх зулдзых кæнынц æмæ дæлиау бадт. Уый бынаты сбадын кодта Хандзеры. Адæм, областы разамонджытæ сæ улæфт ныуурæдтой. Уас ард бацæуа уæ хæдзæртты, уæд та уæ иу исты сдзурæд Къаргойæ дарддæр, цæй «хорз» хъомыл стут.
——охл/^нз^^ЛОО^о^лл! Жора йæ цæст ахаста, йæ фынджы уæлæ цы гæххæттытæ уыд, уыдоныл. Сæ иуыл дзы йæ цæст æрæнцад. Иу чысыл рæстæг æм кæсгæ аззад, стæй йыл йæхи æрдæм æрбахæцыд æмæ йын йæ сæр рафарста: «Цъаммар митæ Цады фæзы хъæуы совхозы». Уый андзыгау, йæ дæндæгтæ кæрæдзимæ нылхъывта, стæй æппæты фæстаг сыф рафæлдæхта æмæ дзы сырх къарандасæй хæххытæ кæм уыд, уыдон-иу йæхицæн ракаст: «Хуссар Ирыстоны рæстыл дзурæг адæмы ахсынц, сæ ардауджытæ сты партион кусджытæ Зангала- ты Жорайы сæргълæудæй...» Уыдонимæ уыд ныв. Жора тæбæгъы æхсы донмæ. Уыцы нывыл æрлæууыдысты йæ цæстытæ. Йæ зæрдыл æрлæууыд уыцы бои цады былыл куыд минас кодтой сылгоймæгтимæ, стæй куы анызтой, «Иæ хæдзар фехæлæд Къаргойæн, уый йæ æрæмысыд», худы мидбыл Жора, уæд ацы тæбæгътæ цадмæ зыгъуытт райдыдтой. «Нæ нывтæ нын чи систа» чи уыд уыцы сæрæн гуырд, уый куы базонин, сæ амонд уæд уаид...» Бæдæйнаг, Хандзер, хорз иудзинад дын ис нæ респуб- ликæйы ЦК-имæ, куыддæр ныл исчи исты хъаст ныффыс- сы, дыккаг бон æй Хандзер æрбахæссы». Уымæ фæкæсыны фæстæ та Жора йæхимæ æрбайста дыккаг фыстæг дæр. Уый та уыд Дзоццæйы фыстæг ахæстонæй. «Ай хуызæн сæрæн лæг нæй йæ мард хæрæг бахæра, ницы йын дзы ирвæзы, диссаг у, куыд æй рамырхын кодта Дудуйæ, иууыл смудгæ цæуы... Æниу, Дудуйы ахъæбыс кæнын дæр мæгуырау нæу...» Фæлæ та ам дæр сырх кърандасæй хæххыты сæрмæ куы рафарста иу ран: «Таймураз мæ раст фæдзæхста, зæ- гъгæ, нæ хицауад бахауд абырджыты къухы». Гъе, уый сын садзы цæфхæдтæ, æдылы, æрсытимæ кæрдо цæгъды». Стæй йæ цæстытæ уæззаугай систа гæххæттытæй æмæ райдыдта дзурын: - Райдайæм, æмбæлттæ, - йæ сахатмæ æркæсгæйæ загъ- та, уый, - æз æнхъæлдæн æмæ иууылдæр стæм ам. - Ам сты, - фæцырд Къарго. - Боны фæткыл нæм бирæ фарстытæ ис, фæлæ сегасæй ахсджиагдæр у кадрты фарст. Уыцы фарстмæ цæрæнбонты зонджын ахаст дары нæ парти... Бирæ хорз кадртæ ис махмæ дæр, куыд Чъырсудзæны партийы районон коми-
теты нымæрдар Касаты Грис, - ацы ныхæстæ зæгъыны фæстæ уый Грисмæ худгæ бакаст, - нæ областы, Грис, ды нымад цæуыс хорз кусæгыл, цæттæ адæймагыл, кæдæм бацыдтæ, уым колхозты æмæ совхозты сæ къахыл слæууын кодтай, гъе æмæ сфæнд кодтам дæ раивын мæхимæ. Ацы ныхæстæ Грис схъилхъус, фæлæ ницы сдзырдта. - Ссæрибар нæм зоналон инструкторы бынат æмæ дын æй аккаг кæнын. Грисы цæсгом æнæнхъæлæджы ныхасæй фæтар. - Фæлæу ма, кæд цæттæ кадр дæн, хорз кусæг дæн, уæд алчи ахæм кусæджы уæлæмæ кæны, ды та мыл дæлæмæ куы æрхæцыдтæ? - Ам обкомы къаддæр бæрндзинад нæй æмæ мæ фæнды, цæмæй ноджы хуыздæр сцæттæ кæной дæу нæ фæлтæрд кадртæ. Грис ницыуал сдзурын бафæрæзта. Бюройы уæнгтæ джихæй аззадысты, кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, кæ- рæдзи хъуыды бамбæрстой, фæлæ дзы иунæг сыбыртт никæй дзыхæй схауд. Грис дзырдта дарддæр, дзырдта цы- дæриддæр æппæлæн ныхас уыд, уыдон Грисы номыл æмæ фæстаг хатт æрлæууыд: хъæлæс дæттыныл. - Кæй фæнды æмæ Грис Харитъоны фырты ракæнæм зоналон инспекторæй, уый йæ къухыл схæцæд, - Жора уыдонмæ нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй йæ къухыл схæ- цыд, стæй цыма иннæты къухтæ уый армыл баст уыдысты æмæ сын сæ йемæ сласта хæрдмæ, уый хъил сæ фæкодтой. - Æмхъæлæс стæм иууылдæр. Уый нысан кæны, нæ хъу- ыды иу кæй у. Дарддæр. Йæ бынаты рæстæгмæ сæвæрын хъæуы яæг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ Хандзер у фæлтæрд кусæг æмæ уал фыццаг нымæрдары хæстæ æххæстгæнæгæй уæд уый. Ацы ныхæстæм хъусгæйæ бюройы уæнгтæ дурдзавдау фесты, сæ рæзтæм ныккастысты, фæлæ сæ йæ дзыхæй сы- быртт никæмæн схауд. - Кæй фæнды Хандзерæн рæстæгмæ хæсгонд æрцæуа фыццаджы хæстæ, уый йæ къухыл схæцæд. - Жора йæ ны- хас кæронмæ нæма загъта, афтæмæй йæ къух фæхъил код- та æмæ та сæ иннæтæ дæр æмхуызонæй сдардтой.
——ош^к^^ЛОЧЗ^о^^лл^ - Таймураз та у хорз аграном æмæ нæ ныртæккæ йæ сæр хъæуы куыд уæлдæф афтæ æмæ мæ фæнды цæмæй йæ Едысмæ арвитæм фосы дохтырæй, - дзуры дарддæр лæгъз æвзагæй Жора. Бюройы уæнгтæ та кæрæдзимæ бакасты- сты. Чидæртæ сæ сдзырдтой ныллæг хъæлæсæй. «Æмæ агрономы фосы дохтырæй чердæм æрвитæм», фæлæ сæ æргом сдзурын ничи суæндыд. Грис æмæ сыл Таймураз сæ цæстытæ хастой æмæ химидæг дзырдтой: «Гугын фыстæ». Бюро фæцис, адæм айхæлдысты. Рацыдысты Грис æмæ Таймураз дæр. Уынджы цыдысты сæргуыбырæй. Бирæ зонгæтæ сыл æмбæлд, салам сын лæвæрдтой, фæлæ сæ уы- дон нæ уыдтой, сагъæссаг хъуыдыты афардæг сты. Посты хæдзары размæ сæ разы цæхгæр слæууыдысты Дуду æмæ Дзоццæ. Мæстджын адæм сыл сæхи скъуырдтой. Дыууæ æвзонг адæймаджы бамбæрстой, цыдæр кæй æрцыд, уый. Дуду сæм каст æдзынæг. Дыууæ лæджы æрлæууыдысты. Кастысты кæрæдзимæ æнæ дзургæйæ. - Цы æрцыд? - фæрсы сæ Дуду. - Æппындæр ницы, мæн мæ хорз куысты тыххæй ар- выстой Едысмæ фосы дохтырæй æмæ Грисы та обкомы инструкторæй, - сабырæй дзырдта Таймураз. - Æмæ ды агроном куы дæ, уæд дæ чердæм арвыстой фосы дохтырæй, - дзуры Дуду. - Жора мын æрдхорд куы уыдаид, уæд мæ фосы дох- тырæй нæ, нæ областы рынчындонмæ мæ сæйраг дохтырæй дæр арвыстаид. - Ныры дуджы алцы аразæн дæр ис, уый дæм диссаг ма кæсæд, - йæ ныхас баппæрста Грис дæр. Цыппар адæймаджы иучысыл æнæ дзургæйæ алæууы- дысты, стæй Дуду иу ран асинтыл слыгъд. Йæ сæрмæ æрлæууыд æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта: - Хорз адæм! Хорз адæм! - Цæуджытæ уый æрдæм фæ- зылдысты, зæгъгæ, æрра у, цы хъæр кæны. Уый та ноджы тынгдæр ныхъхъæр кодта: - Хорз адæм! Цы фестут! Райхъал ут! Райхъал ут! Адæм, цы фестут! Цалынмæ быны сæфт нæ фестæм, уæдмæ! Бамбарут, абырджытæ стыхджын сты! Абырджытæ нын схицæуттæ сты!
Уый хъæр кодта, адæм тымбыл кодтой... Фæзуат байд- заг... Фæзындысты сырх худджынтæ дæр... Уый уæддæр хъæр кæны: - Хорз адæм, фæдис, хæлы нæ хæдзар! Адæм тымбыл кæнынц, сцырддзаст сты... Ж «Фидиуæг» №11,1990
РАДЗЫРДТÆ ТЕЛЕВИЗОР Мæ сыхаг Быцъеуаты Быдзи бæрнон кусæг æрæджы сси. Сыхы мидæг саламджын лæг у. Уынджы куы фæцæйцæуы, уæд йæ сæр дыууæрдæм кæндзæн: «Салам, салам. Бадгæ кæн, дæ хорзæхæй. Дæ амонд хорз уæд». Æртæ боны размæ^ йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллоны сбадын кодта йæ куысты машинæйыл æмæ сæ Сау ден- джызы былмæ арвыста, йæхæдæг иунæгæй баззад. Иннæ æхсæвты уæлдай дысон куыстæй раджы рацыд. Телеви- зор баиу кодта, къæлæтджыны æрбадт æмæ каст экранмæ. Æвдыстой дзы фæдысгарджыты куысты тыххæй киноныв æмæ йæм Быдзи хъуыста. Ацы рæстæджы дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд. Бидзи сыстад. Дуар бакодта. Йæ къух бæрзонд систа æмæ хъæлдзæгæй загъта: - Чи æрбацыд, уый уæлахиз уæд! - уазæджы къух райста. Уый дæр æм фæхудт æмæ йын зæрдиаг салам радта. Фы- сым разæй, уазæг фæстейæ, афтæмæй бацыдысты уатмæ. Быдзи телевизоры ныхас æрныллæг кодта. Æрбадтысты стъолы фарсмæ. Дзыбыртт абон уыд Быдзимæ куыстагур. Афæдзæй фылдæр æгуыст у. Уый размæ базарады хаххыл куыста æмæ, дам йæ къухтæ нæ фæлæууыдысты, гъе, æмæ... тых- хæй ма раирвæзт. Уый фæстæ йын базарады хаххыл ку- ыст нал лæвæрдтой, зæгъгæ, дæ къухтæ ссивын уарзынц. Ныр ын Быдзи баныфсæвæрдта хъæдæрмæгуæйгæнæгæй æмæ йæм фæзынд. Быдзи йæ куыннæ бамбæрста, хæдзары цæмæн... Бацайдагъ сын æнæпайда ныхас. Дзырдтой, кæй уарз- той æмæ кæй нæ уарзтой, уыдон тыххæй, кæм та хъазæн ныхас дæр. Æрæджиау фысым загъта:
-—ллл^^з^в^е^о-олл!—— - Ме ’фсин ам нæй æмæ мын бахатыр кæн, хорз хынци- наг дææмæ... - Бузныг, ницы хъæуы. Æрмæст мæ хъуыддаг... - Кæд Быдзи загъта, уæд уыдзæн. Райсом-иу рагацау æрбацу, цæмæй бардзырды гæххæтт дæ къухы дзыхъхъы смидæг уа, науæд зоныс, уыцы бынатыл цуангæнджытæ бирæ ис æмæ уæллæгтæм куы слæгæрдой, уæд дæ хъуыд- даг хиды бынты адымдта. - Уый та куыднæ зонын. Æз дæ хорз æмбарын, Быдзи Бызыккович. - Омæ фæцырд хъæуы, фæцырд, науæд кæсаг къухæй куы аирвæзы, уæд йæ ахсын фæзын вæййы, - афтæ Быдзи дуары онг дзургæ рацыди, æддæмæ йæ хъус адардта. Уыцы уысм Дзыбыртт фестад, стъ’олы ’мбæрзæны бын йæ къух фæтъыста æмæ фæцæуæг. - Мæ хъуыддаг у дæуæй кæнгæ, æз та, зоныс, хорздзи- над фидаг дæн. - Куыд тагъд цæуыс, чысыл ма абадтаис, æххормагæй... уæуу мæнæ... - Бузныг, цæуын афон у. Дыууæ «æрдхорды» кæрæдзи къухтæ балхъывтой, зæр- диагæй «харзæхсæв» загътой æмæ ахицæн сты. Быдзи стъолыл йæ цæст ахаста, йæ лагъз ын раласта, фæстæмæ йæ батъæпп кодта, стæй æдзынæг ныккаст стъолмæ, йе ’мбæрзæн иуран чысыл фæкъуыпп, цæрдæг ыл схæцыд æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Дыууæ къухæй æх- цатæ нылхъывта, абадт телевизоры раз, фæлæ дзы ни- цыуал уыдта. Æргуыбыр нымайынмæ. Телевизоры экра- ныл иу ныв иннæйы ивта. Быдзи нымайы. Иу цины хъуыды иннæйы суры, зæрыбонты æз дæр кæд исты фе- нин цардæй, зæгъгæ. Хъуыдытæ ныппырх сты, дымгæ бо- ны мигъау, афтæмæй нымайы, къухтæ ризынц. Балхъывта сæ йæ риумæ. Телевизор ферох. Къуымты, уæззау къахдзæ- фтæгæнгæ, цæуы... Æрбадт сынтæгыл, баз бараст кодта, йæхи йыл фæстæмæ ауагъта. Армы тъæпæнтæ цæсгомыл æрæвæрдта. Хъуыдытæ йæ дард фæхастой... Хъæдын ног дзаумæттæ, машинæ... Худы мидбылты, цæсгом йæ ху- ыз скалдта... Цæстьгхаутæ кæрæдзийыл авæрдта, андæгъ-
дысты, армытъæпæнтæ риумæ ’рхаудысты, райхъуыст йæ сым-сым, æрзылд йæ иу фарсыл æмæ ’хцатæ йæ хъæбысæй æркалдысты. Бады къæлæтджыны, йæ дæлбаруæвæг кусджытæ йæм хæссынц æхцайы къонатæ гæххæттыты тыхтæй, къухæй сæ æрæсгары æмæ тыхтон тæнæг куы вæййы, уæд сæ хи- цаумæ фæстæмæ раппары. - Тæригъæддаг фæллой,- чидæр æм æрбадзырдта. Быд- зи йæм иудзæвгар æлхынцъæрфыгæй фæкаст, ахъавыд, уы- цы уысм æй йæ куыстæй фелвасын, горæтæй йæ фæсурын. Фæлæ фæсыпп, йæ дзых хæлиуæй баззад, æбæрæг ранмæ кæсгæйæ. Чысылгай æрфгуыты тар райхæлд, цæсгом фæ- лурсæй-фæлурсдæр кодта, ихæн йæ буары алыгъд, нал сæзмæлыд, райхъуыст æм йæ хъусты гуыз-гуыз. - Ахæмты тыххæй... - Бадзырдæуыд та йæм æмæ йын йе ’нгуылдзтæй фæлгæт ацамындæуыд. Быдзи фестъæлфыл, йæ ныхыл хиды ’ртæхтæ фæзынд, уæлдæф ын нал фаг код- та, тыххæй ма-иу сулæфыд, зæрдæйы куыст ныссабыр. Цавæрдæр тыхтон царæй æрхауд, йæ сæрыл сæмбæлд, фæ- рыст ын, къухæй йæм фæцæйæвнæлдта, фæлæ йæ бон не ссис. Тыхтон райхæлд йæхигъæдæй, æхцатæ йæ мидæг, ар- хайы цæмæй сæм баххæсса, фæлæ йæ бон нæу, сæ сисыны монцæй йæ цæстытæ тарытæ кæнынц, сайынц æй. Ауыдта, цыдæр даргъ æндæрг æм æрбабыры. - Дæу не сты, цæмæн сæм æвналыс? - æрбадзырдта йæм. Æрбаввахс æм сатæгсау калм, йе ’взæгтæ йæм ра- ласы, йæ сау цæстытæ йæм разил-базил кæны. Быдзи ар- хайы алидзыныл, фæлæ йын нал æнтысы. Къæхты магъз бадон, астæу æй нал амоны, слæууыд йæ цыппæртыл, ар- хайы йæхи сраст кæныныл. Цæуы фæстæмæ зыгъуыммæ къахдзæфтæй, цæуылдæр йæхи скъуырдта, акаст йе уæхсчы сæрты, йæ фæстæ æд лæдзæг лæууы стыр сау хъу- ынджын худджын лæг. Лæдзæг æм стылдта. Быдзи æрхауд йæ зоныгуытыл, лæг æй фезмæлын нал уадзы, йæ астæу æртасыд, цыдæр уаргъгонд ыл æрæнцад, сгары сæ тыху- лæфтгæнгæ. «Æхцатæ, æхцатæ», сцин кодта, лæбуры сæм фæстæмæ, фæлæ къух не ’ххæссы. Ракастта сау худджынмæ. Л æдзæг нал уыд йæ къухы фæлæ ’хсæн-гарз. Мæнгвæдæгмæ
-—^^и^чзчо^Ооб’^^^ллл;—— бавнæлдта, æрбахæцыд ыл. Фæцыд гæрах. Быдзийыл нæ- мыг сæмбæлд. Уаргъы бын æртъæпæн. Нырдиаг кодта. Лæг фехъал. Рабадт сынтæджы. Йæ буар æмхуызон ри- зы, æууæрды цæстытæ, сæрфы йæ хид, фæйнæрдæм сонт ракæс-бакæскæны.Æвиппайдыйæхъустылауадхъæр:«Дæ къухтыл схæц!» Лæг фесхъиудта, фæкомкоммæ экранмæ, милицийы кусæг æд дамбаца Быдзийы ’рдæм здæхтæй лæууы. «Схæц дæ къухтыл!» Дыккаг хатт хъæр фæцыд. Быдзийы хид акалд, дон фестад. Тынгдæр ныррызт, йæ бон сæзмæлын нал ссис. Фæцыд та гæрах. Уый ныббогъ кодта: «Амардта мæ!» Лæг астæрдыл ахауд, комы къулты фынк акалд. Хъæрмæ сыхæгтæ æрбакалдысты, уайтагъд æрбамидæг «Тагъд æххуысы» машинæ. Æхцатæ астæрдыл калдæй куы ауыдтой, уæд милицимæ фæдзырдтой, зæгъгæ сæм къæрныхтæ æрбабырстой. Милицийы кусджытæ къу: ымты зылдысты, нывисæнтæй къæрцц-кæрцц срæуæг сты: уæдæ къахы фæд, уæдæ дуарыл бахæцæнтæ... - Къухæй мацæмæ фæцагайут, - фæдзæхстой фæдисонты милицийы кусджытæ. Æрæджиу Быцъеуаты Быдзи йæ цæстытæй ракаст. Милицийы кусджыты куы ауыдта, уæд ныббогъ-богъ кодта: - Фесæфта мæ уыцы зæронд хæрæг, фесæфта, бабын мæ кодта! - Быдзи фенхъæлдта, зæгъгæ, мын Дзыбыртт мили- цийы æрбарвитгæ æхцатæ ’рбахаста æмæ уыдон сæ фæстæ ’рбацыдысты. - Чи уыд? Цал уыдысты? - фæрсы милицийы кусæг, - никæй сæ базыдтай? - Чи цас уыдис? - хъуыддаг нæма бамбæрста Быдзи. - Фæлæуут, тыхфарст æй ма кæнут,- дохтыр фæдзæхста милицийы кусджыты, йæ ныхæстæ сæ раны нал сты. Быдзийы цæстыты фæлм ныббадт, ныффæлурс, бинаг был æрзæбул æмæ рызт афтæмæй куы дохтырмæ бакæсы, куы милицийы кусджытæм. «Гъа, милици ма, фæлæ дох- тыр та цы аразы ам». Ахъуыды кодта нæ «рынчын». - Быдзи, зæгъ-ма, цал уыдысты къæрныхтæ? - фæрсы йæ милицийы кусæг. - 0, о, раст у, раст, - хæццæ дзуапп радта Быдзи, - нæ, нæ, иу уыд.
- Цæвгæ дæ ныккодта? - Нæ, нæ, йæ мигæнæн... 0, фæтарст æмæ лидзынмæ фæцис æхца уый уыд, куы фæтарст, уæд ын ам æркалдысты, æви сæ... нæ, нæ... - Йæ бакаст цахæм уыди? ’ - Саугонд, хъуынджын сæр... Хорз æй нал.. Афæрстытæ ма йæ кодтой, фæлæ рæстмæ дзуапп куынæ лæвæрдта, уæд æй ныууагътой. Дохтыр ын судзин сарæзта, сбарстой йын йæ туджы ’лхъывдад, байхъуыстой йын йæ зæрдæйы куыстмæ æмæ рацыдысты. Æрæджиау Быдзи бамбæрста æппæтдæр. Сыстад, йæ цæстытæ къуымты сонт хаст акодта, æддæмæ ай-хъуыста, стæй дуар мидæгæй æрæхгæдта, цонджы дысæй ныхы хид асæрфта, дуарыл банцой кодта, сæр фæстæмæ ауагъта, цæстытæ æрæхгæдта. - 0, Хуыцау, табу дæхицæн... Нæй, - лæг ныккæрзыдта,- фæлтау мæ мæхи муртæ дæр нæ хъæуынц, цы сæрра дæн зæронд ’рдæм, цы?! Быдзи æхсæв-бонмæ хуыссæджы хъæстæ нал фæцис, чысыл-иу йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдта, æмæ та-иу фесхъиудта, йæ тыхулæфт-иу райхъуыст. Райсом раджы рабадт йæ уаты. Раст цыма æхсæвы фырнозт бакодта, йæ ризынæй нал æнцад, сæр рыст зылдис ын, йæ бон слæууын нал уыд. Тыхæйты хинайæнмæ бацыд. Йæхи æрдæгæй ^æлæмæ уазал доны сæхсадта æмæ йын цыма фенцондæр. Йе уæнгтæ фæрогдæр сты. Нырма йæ куыстмæ иу сахат хъу- ыд, фæлæ араст. Уынджы-иу искæй схудгæ куы федта, уæд цыма ууыл худтысты, афтæ-иу æм фæкаст, æмæ-иу йæ сæр ноджы бындæр ауагъта. Нал æй фæндыд, йæ цæстæнгас ма искæуыл сæмбæлдаид. Афтæмæй-иу ыл зонгæтæ та сæ бырынкъ акъуырдтой. «Мæлæты лæг, схицау ис æмæ йæ сæрмæ салам дæттын дæр нал хæссы». Бахызт йæ ка- бинетмæ. Æрбадт йæ бандоныл æмæ ныуулæфыдис, цыма фыргуыст бакодта. Æрзылдта Дзыбыртты телефоны но- мыртæ, цæмæй йæм тагъд хæццæ кæна, йæхæдæг йæ сæр стъолыл æруагъта. Чысыл фæстæдæр дуары хъинц фæцыд æмæ йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд. Къæсæргæрон ауыдта Дзыбыртты æмæ йæ цæсгом фæтар, йæ буар ссыгъд.
- Ам дæн. Быдзи Бызыккович,- Дзыбыртт ацы ныхæ- стæ загъта худгæйæ, фæлæ йæ зæрдæ ’хсайдта: цыдæр æнамонды хъуыддаг кæй фехъусдзæн, иугæр æм хъæл- дзæгæй куынæ ракаст, уæд. «Ам дæн дарæг дæ мауал уæд», химидæг æй сæлгъыста Быдзи, æргомæй та загъта: - Хъусыс, Дзыбыртт, мæнæ де ’хцатæ - уый ацы ныхæстæ зæгъын фæндыд карзæй, фæлæ йæ йе ’взаг нæ самыдта. - Фæлæуу-ма, Бызыккович, кæд чысыл сты, уæд кусын куы райдайон, уæд... - Айс, айс, - йæ риуы дзыппы йын сæ æртъыста æмæ йыл къæсæрмæ ранцад. - Къанцылары чысыл абад æмæ дын дæ бардзырды гæххæтт ацæттæ кæной. - Фысым уазæджы къæсæрæй рассыдта æмæ йыл дуар рахгæдта. - Уæ, дунескæнæг, фæлтау мæ мæхи муртæ дæр мауал уæнт,- йæ къухтæ хæрдмæ сисгæйæ, загъта Бызыккович æмæ бараст йе стъолы фарсмæ, æнцонæй сулæфыд æмæ йæ бандоныл æрбадт. ЦУАНЫ Фыццаг кæркуасæн. Ме ’мбал Тæгæнаты Тембол йæ уа- тæй фестад æмæ мæ басхуыста: - Уæлæмæ, Чермен, сбон ис. - Æз фынæй нæ уыдтæн, фæлæ мæхимидæг багуым-гуым кодтон. Нæ мæ фæндыд сыстын. Уый йæ дарæс тагъд-тагъд акодта æмæ та мæ дык- каг хатт тынгдæр басхуыста: - Мæрдвынæй бадæ, уæлæмæ! - Нырма раджы у, - дзуапп ын радтон æз. - Раджы нал у. Сыстадтæн дыдæгътæгæнгæ. Тембол мæ фæкæсын дæр ничердæмуал бауагъта. Хызын æмæ хъримаг йе ’ккой баппæрста. Дыууæхстон та мын мæ къухы фæсагъта æмæ араст стæм цуаны. Нæ фæндаг уыд Хуыры коммæ. Ме ’мбал, горæттаг, фехъуыста, Хуыры комы, дам, ис арс, гъе æмæ мæ нал уагъта, зæгъгæ, йæ амарæм. Æз æй, бæргæ, зыдтон, ни- цы рауайдзæн нæ цуанæй, фæлæ æфсæрмæй сæфт дæн. Араст стæм æнæхъæн бонцау фæндагыл. - Æрдз уыд æгуыппæг, сабыр. Ирдгæ хаста хæхтæй æмæ
——^лл/^нзчз^ОЧЗ^б^о^т нын нæ цæсгæмттæ цавта. Адæймаг æхцонæй улæфыд. Фæлæ уый хыгъд талынджы нæ фæндаг нæ ардтам æмæ-иу куы кæм бахаудтам, куы кæм. Цин дын фенон, нæ фæрстæ æмæ нæ къухтæ сау цъæл куыд ныйисты. Бæргæ, мæхи мидæг сыгътæн, фæлæ цы мæ бон уыд; æфсæрмæй цыдтæн. Куыд æввахсдæр кодтам Хуыры коммæ, афтæ бон рухсдæр райдыдта. Æрдз диссаджы музыкæ фестад. Цъиутæ райхъ- ал сты æмæ алыхуызон уадындзтæй райдыдтой цæгъдын. Зæрдæ сæ ныррухс, хъуыдыйы аздæхтой сæхирдæм. Хуыры комы доны сæх-сæх æмæ æхсæрдзæнты хъæлæба кæмт-ты нæрыдысты, хъустæ къуырма кодтой. Мæ горæттаг æмбал мын æрдзы рæсугъддзинад йæхимæ аздæхта æмæ йæ фе- рох, цæмæ рацыд, уый. Цыдыстæм сындæггай, фæйнæрдæм фæлгæсгæ. Æнæн- хъæлæджы арсы лæгæты цурты цыд фестæм. Ауыдтон ын йæ ног фæд. Æз Темболæн къухæй амыд-тон, цæмæй йæ дзыхыл хæца, ма схъæлæба кæна. Уый фыццаг схудт, стæй афæлурс. Æз размæ цыдтæн арæхстгай. Лæгæты былмæ куы бахæццæ дæн, уæд æм фæзылдтæн æмæ диссаг: ныф- фæлурс, хъримаг ме ’рдæм дары, афтæмæй фæстæмæ цæуы. Хъал лæг йæ над нæ хъæр кæны, фæлæ æз, раст дын куы зæгъон, тынг фæтарстæн. Къухæй ма йын бæргæ амыд- тон, ме ’рдæм рацу, зæгъгæ, фæлæ мæ уæнгтæ зыр-зыр кодтой. Æнхъæлдтон а-нырта уæд мæ агуыпп кæндзæн. Цы хъæуы: тарст лæг æнæрхъуыдыйæ мæнгвæндаг фел- хъивдзæн æмæ... Цъус фæстæдæр къæдзæхтæй фæаууон. Æз джихæй аззадтæн, фæлæ æнцонæйдæр сулæфыдтæн, фыдбылызæй фервæзтæн. Фæлæ та мын мæ хъуыдытæ фæпырх кодта цæйдæр богъ. Адæймаджы хъæлæс нæ уыд. Былмæ бауадтæн æмæ диссаг: арс саппы бынты хæмпæлты фæлидзы, тулгæ æмхæццæ. Арсы мæт мæ кæм уыд, æрмæст - лæг! Лæг цы фæ- уыдаид... Æз æй рацагуырдтон, кæсын, æмæ уæртæ хъæ- бæрæй хуыссы хæмпæлты ’хсæн, йæ цæсгом ныцъæх. Æм- рызт ныккодтон сæрæй къæхтæм, бабын дæн, зæгъын, лæг фесæфт. Ратил-батил æй кæнын, фæлæ не змæлы. Стыхстæн, цы йын акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон. Мæ дæларм æй скодтон æмæ йæ хæрхæргæнгæ ахастон ко-
-—1ЛЛЛ^н5\а^©<ЗУ^о^т—— мы ’рдæм, донмæ. Цæфтæ цы фæдæн, уый ма цыфæнды уæд, фæлæ пысыратæ, пысыратæ!.. Буар цъæхарт суагъта. Цæстытæй рæстмæ нал уыдтон. Зæгъын, хъоло ратонон, уый дам, пысырайы сыгъдæн æххуыс кæны, фæлæ та мын уый дæр пысыратимæ тынд фæцис... Мæ цæрæнбонты дудгæбонтæ мæ ферох сты. Ме ’мбал мæ бынтондæр æр- байрох. Æппынфæстаг, мæ хъустыл ауад: - Исты ныццавтай, Чермен?... Æз мæ цæстытыл нал æууæндыдтæн, аууæрстон сæ, кæд мæ зæгъын, сайынц. - Удæгас ма дæ? - афарстон æй. - Уæдæ, удæгас, - радта мын дзуапп. Кæсгæйæ йæм баз- задтæн. Æрæджиау ризгæ хъæлæсæй сдзырдта: - А-р-р-с цы фæцис? - Дæлæ комы цъозатæ тоны дæ ныццыдмæ, - мæстæй йын дзуапп радтон. Æз куы фæцæуыныл дæн, уæд уый дæр мæ фæдыл йæхи райста. Цыдыстæм æнæдзургæйæ хъæды. Нæ бакомкоммæ хуссары фæтæнтæ зындысты, худæвæрдау. Хохы фæстейæ цæргæс йæхи систа арвы тыгъдады. Куы-иу иу ран слæууыд æмæ йæхи дымгæмæ дардта, куы та-иу уæззаугай æрзылд, бынмæ лыстæггай кæсгæйæ, агуырдта йæхицæн амæттаг. - Кæс-ма, уæртæ сычъитæ, - ныллæг хъæлæсæй мæм æрбадзырдта уый. Æз мидбыл бахудтæн, диссаг æм кæй фæкастысты, уый тыххæй. Æмæ диссагдæр куыд нæ уыды- сты. Дыууæ сæныччы æмæ иу та - сæ мад. Чысылтæ хъа- зынц, кæрæдзи расур-басур кæнынц. Иу дзы иннæйы куы афæлдахы, уæд сæ мад ахицæн кæны. Иу дзы иннæйы асырд- та. Тигъыл йæ ныхмæ фæлæууыд æмæ сыкъайæ кæрæдзи цæвын райдыдтой. Æз мæхимидæг худтæн. Æвæццæгæн, мад дæр цин кодта сæ хъазтыл æмæ йæ пыррыччытæ хъу- ыстысты. - Æрдзы алцыдæр куыд рæсугъд у! Æвиппайды топпы хъæр райхъуыст. Кæмтты ныннæрыд. Сычъиты мад ныхситт кодта æмæ йæхи айста тигътыл, йæ фæдыл йæ лæппынтæй иу, иннæ ма йæ фæдыл иу чысыл алыгъд, стæй æрхауд. Ме ’мбал худæгæй бакъæцæл. Æз амæсты дæн, æлгъаджы каст ма йæм бакодтон.
- Тæппуд! Арсы тæсæй дæ хæлаф ивинаг куы фæцис; уæд дын æнæхъыгдард цæрæгой цы кодта?! Уый худт. Æз фæцæуыныл дæн; фæлæ ацы уысм мæ разы æрбалæууыдысты дыууæйæ. - Уæ бынæттæй змæлддæр куыд нæ фæкæнат! - ныхъхъæр ныл кодта сæ иу. Мах æрдзхъахъхъæнынады æхсæнадæй стæм. - Æрæвæрут уæ мигæнæнтæ! Мæ сурхид акалд. Мæхинымæры ма дзырдтон: «Мæ ху- динаг; мæ худинаг». КÆРÆДЗИ БАМБÆРСТОЙ Стыр хатæны къулмæ хæстæг æвæрд уыд Т-дамгъæйы хуызæн æрттиваг фынг. Фынджы уæллаг фарс къæлæт- джыны бады лæгуын сæр, хъоппæг цæст æмбис кары лæг. Йæ цæстыты кæрæттæ ссырх сты; чизоны; нæ бафынæй дысон æхсæв; гъе нозтвæллад уыд; хæйрæг йæ зонæг. Йæ фынджы æмных цы даргъ фынг ис; уый дыууæ фарс бан- дæттæ аив æвæрд уыдысты; фæлæ сыл бадæг ничи уыд. Йе ’рбахонгæ адæм - амæй-ай гуыппырдæртæ бадтысты; хатæны къулгæрæтты цы хъæбæр бандæттæ уыд; уыдо- ныл. Уый сæ никæмæ бакæсы. Йæхи сархайæг кодта, йæ разы цы гæххæттыты амадтытæ уыд; уыдонимæ. Куы дзы иу рафæлдахы; куы иннæ; цыдæртæ дзы агуры; фæлæ сыл йæ цæст нæ хæцыд. Хатт йæ цæстытæ ныцъынд кæны; æрфгуытæ нылхынцъ; æмæ; къæхты бынæй арф ныуулæфы. Фæстагмæ сæр дыууæ армы ’хсæн бакодта æмæ цыма тынг цæуылдæр ныхъхъуыды кодта; афтæ зынд æрбахонгæ адæммæ. Уыдон дæр уымæ гæсгæ ныргъæвстгонд сты; сæхи мидæг тыхстысты; цыма сæм зæрдæтæ дзырдтой: «Хорзæй йæм мацæмæ æнхъæлмæ кæсут»: Знон Калачы уыд æмбырды æмæ йын; æвæццæгæн; йæ царм раластой, æмæ уый та; кæй зæгъын æй хъæуы; хъуыддаджы фæдыл сæ æрбакодта; ууыл дзурыныл нæ тагъд кодта; æмæ уы- дон дæр тыхсын райдыдтой. Хатæн афтæ ныссабыр æмæ уæйгуыты хуызæн лæгтæн сæ улæфт нал хъуыст. Уæртæ дзы астæуæй иу хытъынджын; фыццаг куы æрбахызт;
о\дл«мз\ел©<<з^о/^—— уæд йæ цæсгом туджы хуызæн сырх уыд, йæ комулæфт иу къуымæй иннæмæ дымгæйау цыд, ныр ма йæм бакæс: ныффæлурс, йæ улæфт нал хъуысы, æвæццæгæн, йæ зæрдæ йæхимæ истæмæй æхсайы æвзæрдзинадæй æмæ тæрсы, йæхи мидæг анымадта, цы сарæзта, уыдон æмæ йын цыма нывыл сты, фæлæ уæддæр... Йæ фарсмæ мæллæг урссæр сæгъдзаст лæг, къулыл афтæ нындæгъд цыма йыл æй исчи хуыйгæ ныккодта, æдде бакæсæг загътаид: ныртæккæ йæ уд схаудзæн. Иууылдæр сæ цæстытæ ныццавтой хистæрмæ, кастысты йын æдзух йæ дзыхы фæхæлиумæ. Сæрæй къæх- тæм хъустæ фестадысты, исты миййаг куы сдзура, мацы сын дзы аирвæза. Уый ноджы фыдæнæнгæнæгау ныссыпп. Æрæджиау сыстад, йæ мидразмæ кæсгæ, цыдæр гæххæтт систа йæ къухмæ æмæ сыл ныр ахаста йæ цæст. Уыдонæн сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп ссыд, бирæтæ дзы баризæгау кодтой. - Æмбæлттæ, - сдзырдта уæззау, цыма дзы стыр мæт ба- цыдис, - цæмæ уæ æрбакодтон, уый сымах нæ зонут, - йæ размæ æркаст, арф сулæфыд, - знон уыдтæн калачы æмæ хорзæй ницы ис, зонут æй, сарæх сты æнæпайда уагдæттæ, уыдон мидæг хайадтæ, сæ гæстæ æмæ сæ... Къухæй уæлдæфы хатт кæныны нысан ацарæзта. Хатæ- ны бадджытæ базмæлыдысты. - Мæнæн дæр бахæс кодтой, кæй зæгъын æй хъæуы, уе- мæ, цæмæй æркæсæм, махмæ æцæг хайадтæ нæй, фæлæ цехтæ хъуамæ фæкъаддæр кæнæм, дæс цехæй сараздзы- стæм фондз æмæ цыууæ цехæн иугай лæгтæ. Уый мæ фæн- дон нæу, уæле цæуы, - дзырдта дарддæр Намшуриты Но- дар, йе ’нгуылдз хæрдмæ сисгæйæ кондады хистæр. Уый ныхъхъус, афтæмæй аивæй бакæсы йæ дæлдæртæм. Уы- дон арвы цæфау фесты. Адæймæгтæ нæ, цыма бюсттæ фе- стадысты. -Æз сарæзтон дысон,бынтонфæлладуыдтæнафтæмæй, мæнæ ахæм плангонд, - дзырдта гæххæтт сывдисгæйæ, - зæгъæм... Æмæ та сулæфыд. Цехы гæстæ фæцырддзастдæр сты. Алчи сæ йæ хуыз æмæ хъуыды ахсын байдыдта. Къу- лыл хи нындадзынæй кæй ницы пайда ис, уый бамбæрстой, сæ мидбынæтты размæ рабадтысты, æмæ кæд раздæр *8
— 1ЛЛЛ<И?ч3^9о0^^>оЛЛ/Ъ фæлурс кодтой Нодармæ, уæд æм ныр та сæ цæстытæ ны- ирд кодтой, алкæйдæр сæ фæндыд, хистæр фыццаг уый æрдæм куы æрбакастаид, уый цæстæнгас куы ацахста- ид раздæр, йæ цех сæхгæнын никæй фæндыд. Алкæй зонд дæр ацахста, уым тохгæнгæйæ кæй нæу, уый, фæлæ... Нодар дзурыныл нæ тагъд кодта. Сæ хъуыды сын каст, чиныджы фæрсагау сæ цæсгæмттыл. «Нæннæ, æмхуызон уæ хуызтæ фæлыгъдысты, æмæ афтæ куы фæдзурут, ницы, дам, дзы ис. Федтат. Бæрæг у, зайы уын дзы исты æви нæ». - Зæгъæм, мæнæ Николай Петричы, - йæ цæстæнгасæй ацамыдта, æввахс дæр æм дзы чи уыд, уыцы ставд был- джынмæ, - уый цех баиу кæнын... баиу кæнын хъæуы... - Гæххæтмæ ныккаст. - Дæлæ, - ацамыдтауый фарсмæ бадæг Ошахъмæ. Фæлæ ацы рæстæджы Николай Петрич йæ къухы хилтæй дыууæ февды- ста æмæ Нодар ферхæцыд, йæ дзырдтæ фескъуыдысты... - Уæртæ Ошахъы та, - дзырдта дарддæр, цыма фыц- цаг хъуыддаг аскъуыддзаг кодта. Фæцарæзта йæм йæ цæстытæ, цыма дзы иннæрдæм агæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын йæ рахис къухы æнгуылдзтæй æртæ пыхсылæй куы ауыдта, уæд та фæлæууыд æмæ та ног æркаст йæ гæххæтмæ, йæ кæсæн цæстытæ басадзгæйæ. - Ошахъы, Ошахъы нæ, фæлæ, - фæкомкоммæ ставд бæрзæй хытъынджынмæ, - Додикъойы цехы та, - йæ цæс- тæнгас азылдта уый фарсмæ бадæг мæл^лæг хус селайы хуызæнчиуыд,уымæ,-Ханджерийыцех...Йæныхасфæлыг, Додикъойы галиу къухы хилтæй æртæ йæ уæрагыл хойгæ куы ауыдта æмæ Хандзеры та йæхи фæстæмæ ауадзгæйæ, йæ сæрмæ сыкъагондæй куы сдардта амонæн æмæ хистæр æнгуылдзты, уæд. Нодар афтæ йе ’рхонгæ адæмыл азылд йæ цæстытæй, иуран лæугæйæ уæле дæлæмæ, стæй та фæстæмæ. Уыд- та, йæ раздæры хуыз дзы иуæндæр йæ раны кæй нал уыд, уый æмæ йæм зындысты раст цыма абон йемæ фыццаг хатт зонгæ кæнынц æмæ йæм дзурын нæма суæндыдысты. Хцмидæг фæхудт, фæлæ æргом та арф сулæфыд, цыма йе стьгр уаргъ æрæвæрдта. Иæ зæрдæ æхцон хæлбурцъ скодта. Фæбузныг йæхи_
цæй. Сбадт. Ныхъхъус. Хуынд адæмы змæлд мидбынаты фæрогдæр, чидæртæ дзы дзурын дæр сфæрæзта. - Цехты баиу махæн ницы пайда ратдзæн зианæй дарддæр. Уый знон дæр зыдтон. Хъуамæ уым семæ аныхас кодтаин, фæлæ мын рæстæг нал фæцис. Иннæбон фæстæмæ здæхын æмæ семæ бадзурдзынæн. Уæхæдæг зонут... - Ницы пайда у æппындæр сæ баиу аздæхут фæстæмæ æмæ семæ баныхас кæнут, мах ныр цы продукци уадзæм, баиу кæныны фæстæ йе ’мбис дæр нал дæтдзыстæм, - къæркъæраг фестад Ошахъ. «Уый дæхи пайдайы кой кæ- ныс, Ошахъ», химидæг сдзырдта Нодар. - Расту раст, - схор-хор кодтой иннæтæ дæр. «Бæгуыдæр раст у, уæд быны сæфт кæнынц уæ хæдзæрттæ», йæ хъуы- дыйæ нæ хизы Нодарæн. - Хорз уæдæ, иннæбонмæ... Алчидæр уæ цырд лæууæт, мацы рæдыд æруадзæт, ныр уал сæрибар стут. Гуыппырсæртæ фестадысты, хъæлдзæг ныхас йæ бæт- тæнтæ атыдта... Се уæнгтæ аивæзтой... Бахудт Нодар дæр. «Хорз мæ бамбæрстой ацы фыстæ. Фæлæ куы зониккой, дысон цы рæстæг арвыстон, уый... Мах хаххыл та цехтæ ба- иу кæныны кой æппындæр никуы уыдис, уæдæ...» Афтæмæй куыд адджын сты кæрæдзийæн? хион Стыр цъæхахуырст къулдуарæй рахызт бæрзонд сырх- цъар лæг. Йæ къæбæлдзыг худ ын йæ даргъ цæсгом тынг- дæр рафидауын кодта. Уый дуарæн æдде æрлæууыд. Фæззыгон уазал уæлдæф ын йæ цæсгом куы ’рбацав- та, уæд йæ дзыппытæй систа сæракæрмкъухтæ æмæ сæ йе стыр даргъ æнгуылдзтæ фæкъæдз-фæкъæдзгæнгæ тых- тъыст райдыдта. Цыд тротуарыл сабыр, йæ гуыр не змæ- лыд, æрмæстдæр йæ къæхтæ. Йæ цыдыхатмæ йын бирæ сылгоймæгтæ тæхуды кодтой, фæлæ... Бæлæсты къалиутыл ма цы иугай сыфтæртæ баззад, уыдон уæлдæфы, ленкгæнæгау зæхмæ зивæгæй хаудысты. Ацы лæгæн дзы йæ къæхты бын фæвæййы æмæ сæ сыбар-
сыбур ссæуы. Кæд ыл исчи амбæлы, уæд ын уæздан салам радты: «Дæ амонд хорз». «Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд». Цыд сабыр, нæ тагъд кодта йæ куыстмæ, ныцма йын раджы уыд. Стæй йæ куыстуат дæр æввахс уыд. Иæ цæст хаста бæлæстыл, хæдзæрттыл. Суыдта уынджы кæрон уынгмæрзæджы. Иучысыл йæ мидбынаты алæууыдис, стæй уый æрдæм фæцæуыныл. Хъуамæ базона ацы уæздан сылгоймад- жы, йæ уынг ын афтæ сыгъдæг чи дары. Алы райсом, алы изæр дæр æй уыны йæ куысты уæлхъус. Даргъхъæдджын уисойæ сæрфы уынг, хоскæрдæгау кæны. Уисой фæстæмæ дард фæхæссы рахисæрдæм æмæ йæ галиуæрдæм куы æрбауадзы, уæд йæ разæй æрбасæрфы рыгтæ, разыны уынджы хуыз. Кæд йæ размæ асфальтыл исты хъæбæр фæвæййы, уæд уисой фæзилы, æмæ йе ’ннæ кæрон цы æфсæйнаг фидаргонд ис, белы хуызæн, уымæй йæ схафы. Нæлгоймаг æм æввахс бацыд. Рыг сыстад, фæлæ мæрзæг ацы уæздæттæконд лæджы куы федта, уæд йæ кусынæй æрлæууыд, зæгъгæ, йыл рыг ма бакæла. Уый йæм ноджы хæстæгдæр бацыд. - Дæ райсом хорз, мæ мады хай, - нæлгоймаг ын са- лам радта уæздан, ивазгæ хъæлæсæй. Сылгоймагæн йæ сæр тыхт уыд кæлмæрзæнæй, æрмæст дзы зындысты йæ сау цæстытæ. Уый салам куы фехъуыста, уæд йæ бастыл бынмæ æрхæцыд æмæ йын дзуапп радта: - Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд, мæ фыды хай, - сылгоймагмæ фæхъыг каст, зæронд æй кæй схуыдта, «ма- ды хай», уый, фæлæ нæлгоймаг нæ фæхатыдис уайдзæф. - Бахатыр кæн, фæлæ кæмæй дæ? - фæрсы йæ нæл гоймаг. Мæрзæг исдуг аджих: «Ацы лæг мæ абон фыццаг хатт уы- ны, сæумæраджы йæ цы йæ хæйрæджытæ ферра кодтой, цæмæн мæ фæрсы». - Хорз лæг, мæ мыггаг Къутæртæй у. - Кæмæй зæгъыс? - сцымыдис лæг. - Къу-тæр-тæй, - йæ ныхас ауагъта даргъ... - Уæдæ æз дæр Къутæртæй куы дæн, - йæ цæстытæ фæирд сты.
- Æз зонын, иу мыггагæй кæй стæм, уый. - Æмæ мын æй куыд никуы загътай, æй, мæ сæр дын куыд амард. - Мæ гъа, цы пайда уыд, æз - уынгмæрзæг, ды - дирек- тор. - Æй, дæ хай, гъе! Уымæн фæзæгъын, гъе, нæ мыггаг нæ бæззы. Дæхи мын куыд никуы бацамыдтай. Рацу мæм æмæ дын исты куыст раттон. - Дæумæ ахуыр адæм кусы æмæ æз та æнæхуыр дæн. - Цы дæм ис фæуд? - Аст къласы. - Ничево, рацу тæккæ еныр. Ацы рыгтæ цæмæн хъуамæ ныхъхъуырай, нæ мыггаг ахæм бирæ у!.. - Ирон мыггæгтæй махæй фылдæр чи у, куыд стæм цъус? - Мæнæн цъус сты. Ис мæм дзæбæх, æфтиагджын бы- нæттæ æмæ нæхи мыггагæй, ме ’рвадæлтæй никæуыл хæст кæнын, рацу-иу. Дыккаг æддæгуæлæйы, бафæрс Хы- быртты, мæ кабинеты дуарыл фыст ис «Директор». Уайгæ, дæ пысултæ раив æмæ мæм рацу. Сылгоймаджы цæстытæ цинæй ферттывтой, йæ был- ты баст феппарæг, бауад æмæ йын йæ русæн ахъаззаг пъа ныккодта. - Уæддæр хуыцау лæджы æнæ хионæй ма амарæд! - Хион, хион, мæ хур, уæдæ æддагæттæ махæн цы фæ- уыдзысты? Уадз, уынгтæ æддагæттæ мæрзæнт!... Мæрзæг йæ куыст фæуагъта æмæ æд уисой цингæнгæ цæуыныл фæцис. - Дæ уисой аппар, кæдæм йæ хæссыс, - фæстейæ йæм дзуры Хыбыртт, - кæм ма дæ бахъæудзæн, æз дын удæгас уон, уый йедтæмæ. Ау адæм куы стæм, уæд хион, æрвад æмæ æцæгæлон кæрæдзийæ нал хицæн кæнæм?!... КÆЙДÆР ÆХЦАТÆ Бæрзонд рæхснæг нæлгоймаг таксийæ рахызт, йæ ду- ар ын бахгæдта, æмæ машинæ ацыд. Лæг иуран лæууыд
- 1ЛЛЛ^К?Ч2^ИЗ^сНИЛЛ^ йæ бынаты ракæс-бакæсгæнгæ, цыма искæй агуырд- та. Фæстаг хатт йæ цæстæнгас^æрынцад, чысыл фалдæр цы чысыл хæдзар уыд, ууыл. Йæ агъуысты къæйдурты кæрæттæ æрцъæлтæ сты. Къæвда куы рауары, уæд сисы къултыл æрцæуы, æмæ йæ дуртæ умæлы æрызгъæлдысты, схъулæттæ сты. Хæдзары алыварс асыччыты цъæлты, ’хсæн хæмпæлгæрдæг бæрзонд фæцыд. Кæцæй дæр дзы гæдыйы лæппын йæ «миау-миауæй» нал æнцад. Хæмпæ- лы ныдздзæгъæл. Стæй цъæл асыччы сæрмæ сбырыд мыдултæй, йæ фæрстæ бахаудысты, æвæццæгæн, рагæй уыд æххормаг. Æрбацæуæг æм фæкомкоммæ. Йæ тæнæг рустæ базмæлыдысты, былтæ худыны сæраппонд фæзыхъ- хъыр сты, стæй фæцæуыныл. Хæдзары раз æрлæууыд. Дæ- гъæлты гуцъула йæ дзыппæй уæззаугай сласта. Иу тъæпæн дæгъæл дзы фæхицæн кодта æмæ йæ д^ары дæгъæлуаты батъыста. Фегом дуар. Къæсæры сæрты бакъахдзæф код- та æмæ æрлæууыд. Иæ цæст къуымты ахаста. Рæбынæй дзы æвæрд уыд, дыууæрдыгæй дæр лагъзытæ кæмæн уыд, ахæм стъол, йæ уæлæ урс хъæбæр гæххæтт æвæрд, йæ фарсмæ фæлмæн къæлæтджын бандон, къултæм хæстæг бандæттæ æвæрд, къултыл цалдæр плакаты æмæ фыс- джыты нывтæй цалдæр. Къуымы æфсæйнаг сейфмæ ба- раст æмæ æрлæууыд йæ разы, йæ арм ыл æрæвæрдта, ра- сæрфта йæ æмæ къух рыгæй сæзмæст. Йæ дзыппæй систа къухмæрзæн æмæ сæ асыгъдæг кодта, стæй та дæгъæлты гуцъулайæ равзæрста сегасæй агъаудæр æмæ гуымыдзадæр æмæ сейфы дуар бакодта, йæ хæцæнтæ йын сзылдта. Æфсæйнаг дуар хъыррыстгæнгæ байгом. Бавнæлдта йын йæ хуылфмæ. Дыууæ къухы æхсæн æхцатæ нылхъывта, афтæмæй хъуызгæ цыд бакодта йе столмæ. Æрбадт... Ны- мад куы фæцис, уæд сæ дыууæ хицæны акодта. Цасдæр сæм каст æнæзмæлгæ, стæй дзы иутæй систа æмæ сæ иннæтыл æрæвæрдта. - Уымæн æгæр бирæ сты, адон ын фаг сты, - райхъуыст йæ ныхас, - иннæтæ мæхицæн. Йæ чысыл цъæх цæстытæ ферттывтой йæ бур фæлдæхт æрфгуыты бынæй, йæ лыс- тæг бæрзæй йæ армы тъæпæнæй асæрфта. «Уый дын ахуыргæнæг, ай æппæт æхца уыцы куысты мин азмæ дæр
-—тр^’^гО^д^^-^^—— не ’рымбырд кодтаин. Бирæтæ сæ хъæлæсæй уымæн акал- дысты. Æз та, мæгуыр мæ бон, фондз азы Тхелы хъиу-хъиу кодтон, адæмы сывæллæттимæ мæ сæр цъæл кодтон» - дзырдта химидæг Мча. Чысыл фæстæдæр Мча балæууыд йæ хисдæры раз. Къаннæг тыхтон ын йæ разы æртъæпп кодта. Хисдæр йæхи мидæг фестъæлфыд. - Цы сты, Мча? - Дæу сты, Габе! Габе ныхъхъуыды кодта. - Адон, Мча, иууыл мах не сты, кæйдæр æхцатæ ма дзы... - Æппындæр никæй, мæнмæ гæххæттыл дæ къухфыст йедтæмæ никæй къухфыст цæуы. Айс сæ, æз æмæ дæу сты. - Нæй, раст нæ дæ, фен ма... Йæ ныхас кæронмæ нал загъта, фæлæ амонæн æнгуылдзæй хæрдмæ ацамыдта. - Нал дзы хъæуы уынын, - фидар дзуапп радта уый. * * * Райсом раджы фестад Мча. Йе уæнгтæ аивæзта æмæ сæ къыбар-къыбур ссыд, йæ мидбынаты сгæпп-гæпп код- та, йæхи сыхсадта æмæ æххормагæй куыстмæ ацыд, ис- куы хæрæндоны ахæрдзынæн, зæгъгæ. Сабыр цыд йæ машинæйыл, нæ тагъд кодта, нырма йын раджы уыд. Йæ кабинет ын тынг садджын, фылдæр нывтæ дзы бакод- та, зылд æм, рыг абадын ыл нæ уагъта. Ныр куы бахызт йæ кабинетмæ, уæд цыдæр бызгъуыр систа æмæ къул- тыл цы нывтæ уыд, уыдон сæрфын райдыдта. Æвип- пайды æрæхснырсыдта, йæ пырыкк-пырыкк ссыд æмæ мæрзæджы...Йæ бадæнмæ фæцæйцыд, фæлæ къуымы иу хæлуарæджы тынмæ фæкомкоммæ, цъылын систа æмæ йæ расæрфта. Ацы рæстæджы æрбахизæны дуары зиллæттæ ныууасыдысты. Мча фестъæлфыд, фæзылд. Габе фæлурсæй лæууыд къæсæрæн мидæгæй. Фысым уазæгмæ фæхудт, сдзурынмæ йæм хъавыд, фæлæ йæм Габе фæлурс тарст цæстытæй куы каст æнæ дзургæ, уæд Мча бандзыгау, йæ цъылын бынмæ уæззаугай æруагъта, стæй йын æрхауд. Йæ
— 0\Л/^НЗЧЗЛ©<31^/Э-<>ЛЛ/Ь хъуыр сæхгæдта. Габейы былтæ базмæлыдысты. Дыууæ лæджы кæрæдзимæ кастысты. Иу дзы иннæмæ æнхъæлмæ каст исты сдзурынмæ. - Миййаг исты?... Ивазгæ хъæлæсæй йæ афарста Мча. Уый йæ сæр уырдыгмæ æруагъта æмæ йæ цæстытæ зæххæй нал иста. - Цы? - фæсонтау Мча. Йæ дзых къæппæй баззад. Куыд фæстагмæ Габейæ фæфæлурсдæр. - Цы уыд? - ныр æй бафарста фæсус хъæлæсæй. - Нæ дын загътон, кæйдæр æхцатæ сты... стæй ма дзы кæмæндæр дæттын хъуыд, - сфæрæзта Габе дзурын. - Кæй?.. Кæмæн ма?... Габе йæм гæххæтт систа. - Уæл е мын загътой. Мча, дам, тæригъæд у дыргъисæны, уæлдæр ахуыр дам, æм ис, стæй, дам, ын даринæгтæ дæр бирæ ис æмæ, дам, ын ахуыргæнæгæй фылдæр мызд уы- дзæн æмæ, дам, ахуыргæнæгæй ацæуæт, мæнæ дын дæ бар- дзырды гæххæтт схастон, - дзырдта саст хъæлæсæй Габе. - Ды, д-ы-та? - йæ къух уый æрдæм, даргæйæ йæ афарста. - Æз-з та дæ д-и-р-е-ктор. ЗМÆСТ ДОНЫ РАЙДИАН Иу æхсæв мæхи аирхæфстон Хъайтарты фæзуаты ’рдæм. Иучысыл абадыны фæстæ, мæ уæлхъус æрбалæууыд ме скъолайон æмбал Хындо. Цалдæр азы нæ фембæлдыстæм æмæ кæрæдзийыл бацин кодтам. - Цæй, ам цы бадæм, Гебраз, цом ресторанмæ, нæ ны- хæстæ уый фæкæнæм,- æрæджиу загъта уый. Æз дæр сра- зы дæн йæ ныхасыл æмæ балæууыдыстæм рестораны. Фынджы фарсмæ æрбадтыстæм. Уайтагъд нæ уæлхъус æд фыссæнтæ аербалæууыд хуры гуыдыны хуызæн æвзонг сылгоймаг. Йæ къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ йæ урс ху- ды бынæй æрзындысты, сау æрфгуытæ цæстыты сæрмæ ныхыл æркъæлæт сты. Салам нын радта, худгæ былæй. Мæнæн ме уæнгтæ сæхимидæг барызтысты, стыхстæн,
сæфсæрмы дæн, цыма æнæус лæппу уыдтæн. Хындо мæ йæ къахæй фынджы бынты басхуыста æмæ мæм йæ цæстытæ фæныкъуылдта, зæгъгæ, ахæм дзы хъуамæ уа, гъе. - Цы бахæрдзыстут - афарста нæ уый. Мæ фарсмæ бадæг æм йæ цæстытæ ныирд кодта, афтæмæй дзырдта, уый та сæ гæххæттыл фыста. - Нозт уæ цы хъæуы? - уыд йæ дыккаг фарст. - Кæд дзы æнæ уый гæнæн нæй, уæд æртæ авджы сæн.« Æрмæст æппæты асламдæртæй. Сылгоймаг йæ ныхасмæ фæхудт, фæл^е дзургæ ни- цы скодта, æвæццæгæн, иууыл асламдæр сæнтæ кæй загътон, уый тыххæй. Уайтагъд нын хæрд, нозт нæ разы авæрдта æмæ чысылгай минас райдыдтам. Æвгты мидæг ма фæйнæ агуывзæйы бæрц нозт уыдаид, афтæ ме ’мбал фæсидт официанткæмæ. Уый æд нымайæн нæ уæлхъус æрбалæууыд, мæ фарсмæ абадт æмæ мын мæ русæн апъа кодта. Æз фæйнæрдæм арæкæс-бакæс кодтон, зæгъын мæм ме ’фсин макуыцæй кæса, науæд та йæ цæгатæй исчи. Уый мын цыма мæ хъуыды бамбæрста: - Ма тæрс, ды кæмæй аргъуц кæныс, уыдонæй ам ничи ис, - афтæ дзургæ нымайæн аракъæрцц-бакъæрцц кодта, гæххæттыл сæ афыста æмæ нын æй нæ разы авæрдта. - Æртын сомы, - загъта уый æмæ иннæ фынгмæ фæ- цæуыныл. Мах кæрæдзимæ бакастыстæм, стæй сæ Хындо райдыдта нымайын æмæ йын рауадысьы æстæс сомы. - Иннæтæ ма кæцæй æрхаста? - рамæсты дæн æз. - Иннæтæ та дæуæн пъагæнæггаг, - фæхудти мæстыйæ уый. Фæдзырдтам официанткæмæ. Уый худгæ, йæ синтæ тилгæ æрбауад, æмæ ныр та йæ былтæ авæрдта Хындойы русыл. - Хъусын уæм мæ цæргæстæ, цы ма уын æрбадавон? - Иу ахæм ма сæм æфтаудзæн дæ пъайы тыххæй, - æз базарыдтæн гуым-гуымæй. - Хъæстыты чиныг, - цæхгæр загъта Хындо. - Цæмæн, мæ уды гага... дæ нывонд æрбауон? - уый фæ- худт, фæлæ бæрæг уыд, йæ хуыз кæй аныхъуырдта, уый. - Дыууæ хатты нæ фылдæр исыс æмæ дыл ныртæккæ хъаст ныффысдзыстæм.
Чызг лæгъстæ райдыдта, фæлæ йæм куынæ хъуыстам, уæд скæуын хъæлæс. - Мæ аххос нæу... - Уæдæ кæй аххос у? -Хæс ныл бирæ ис æмæ... - Цавæр хæс у? Стæй махмæ цæмæн хауы дæ хæс? - Хындо скарз ис. Сылгоймагзæхмæ ныккаст, стæй кæуынхъæлæсæй загъта: - Сымахмæ, бæргæ нæ хауы, фæлæ... Ам нæм уæллæгтæ минас кодтой æмæ сæ фынг тынг зынаргъ слæууыд, фæ- лæ нын иунæг сом дæр нæ радтой, бам-бæрзут, дам, сæ уæ- хæдæг. - Цæмæй, дам? - Мæ гъа... Кæд, дам, уæ бон уым кусын нæу, уæд, дам, æй ныууадзут æмæ, дам, мах ссардзыстæм, чи бакуса, ахæмтæ... Ме ’мбал уæддæр йæ фыссын нæ ныууагъта. Чызг нод- жы стыхст. Уыцы уысм нæ уæлхъус æрбалæууыд бæр- зонд, фæтæнуæхск, тыппыртæ нæлгоймаг. Йæ сырх хъоп- пæг цæстытæ туджы зылдысты. Уый нын салам радта официанткæйæ уæздандæрæй, стæй нæ афарста: - Цы у, æфсымæртæ? - æз рестораны директор дæн. Мах ын хъуыддаг бамбарын кодтам. Уый чызгмæ фæ- зылд, йæ дынджыр цæстытæ дзы ныссагъта, раст æй цыма аныхъуырынмæ хъавыд. - Цал хатты дын загътон, афтæ ма кæн? Сылгоймаг бандзыгау, старсти. Директор мах ’рдæм йе ’ргом раздæхта, фынгыл йæ дзæмбытæ ’рывæрдта æмæ райдыдта: - Æфсымæртæ, ацы худинаг мæ ресторанæй ма ай- хъуысæд, уый йедтæмæ мæ сæр уæ нывонд, - стæй чызгмæ фæстæмæ фæзылд æмæ йын алывыд акалдта. - Дæ бон ку- сын нæу æмæ афардæг у. Цал хатты дын загътон? Дæ хъусы ма дын гукк ныккæнон?! Цæмæн исыс уæлдæйттæ, чи дын загъта, афтæ кæнай? - Чызг æрæджиау йæхи фæгæмæл кодта æмæ æргом сдзырдта: - Куыд чи? Ды! Афтæ мын нæ загътай, уыцы ’хца баххæст хъæуы? -’ Æдзæсгом! Цытæ дзурыс? Тугтæ мыл куыд мы-
сыс? Абонæй фæстæмæ дæ кой дæр куыннæуал уа ам! Директор та мах ’рдæм фездæхт æмæ татыхстгъуызæй загъта: - Æз ныртæккæ... Æмæ фæцæуыныл. Чысыл фæстæдæр фездæхт. Йæ къухы иууыл зынаргъдæр сæнтæ, афтæмæй. Иæ фæстæ иу нæлгоймаг, тыхулæфтгæнгæ, тæбæгъы ’рбахæссы физонджытæ. Уыдон фæстæ та разынд иу урс халатджын, сæхъисы къуыбылойы хуызæн сылгоймаг, уый къухы та - сойвых бæдултæ. -Фесæфардыгæй, абырæг! - директор официанткæйыл ныббогъ кодта. Чызг фестъæлфыд, къæхтыбынæй ныу- улæфыд. Сдзурын нал сфæрæзта, фæлæ фездæхт æмæ ди- ректоры цæсгомы дзæхст фæцыд. Лæг фесхъиудта, сæны æвгтæ иæ къухæй æрхаудтой. Уый фенгæйæ йæ фæстæ лæуджытæ сагъдæй аззадысты. Æнхъæлмæ кастысты, ди- ректор цы зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ уый йæхи айста буфе- ты ’рдæм. Йæ фæстæ, бабызтау узгæ-узгæ, фæцæуыныл сты йæ дæлдæртæ. Мах бахудтыстæм, стæй ме ’мбал худгæ сдзырдта: - Федтай, мæ хæлар, дон кæцæй змæнты? ТÆБЫНГТÆ ÆМÆ ЦÆФХÆДТÆ Автобусы бадынц дыууæ сылгоймаджы. Уыдон аивæй бакæсынц сæ фарсмæ бадæг нæлгоймагмæ æмæ сæ мид- былты бахудынц. Хатт худын сытынг вæййы æмæ сæ чыр- чыр райхъуысы. - Тæбынгтæ æмæ цæфхæдтæ, - сдзырдта сæ иу. Дык- каджы худын фæтынгдæр. Нæлгоймаг сæм йæ дынджыр цæстытæ базылдта. Уыдон фырхудæгæй бакъæцæл сты. - Ох, тæбынгтæ, тæбынгтæ! - Фестай мын мæ фыстæн цæфхæдтæ! - кæрæдзийы дзыхæй ныхас айстой. Нæлгоймаг сыстад æмæ автобусы æппæты фæстаг бадæныл æрбадт. - Йæ куыст, дам, ныууагъта, - загъта сæ иу.
* * * Колхозы къанторайы фынджы фарсмæ бады колхозы сæрдар. Фырмæстæй ныссырх, цæхæртæ калы, фынг хойы тымбыл къухæй. - Æз загътон æмæ фæцис, райсом саппытыл хъуамæ адарæм гутæттæ, хуым кæнын афон у æви нæ, уый никæмæ хауы! - Бето, махуавæрты нырма раджы у хуыммæ цæуынæн,- къæзгæйæ сдзырдта агроном. Бето йæ зæрдыл хорз дард- та районы хицауы ныхæстæ: «Кæн дæхи ныхас, макæмæ хъус, куы рæдиай, уæддæр фæстæмæ ма фæлæу. Иугæр иухатт дæхи лæмæгъ равдыстай, уæд дæ коммæ ничиу- ал бакæсдзæн». Ныр ныхас загъта æмæ ныццæхгæр. «Ау, уый мæ зыгъуыммæ ардауы, мæхион, мæ туг, ме стæг», - сдзырдта йæхи нымæры Бето. - Райсом ма кæйдæриддæр бригадæ нæ ацæуа хуым кæнынмæ, уый йæ бынатæй ист æрцæудзæн! - бартхъирæн кодта Бето. - Правленийы уæнгтæ фæхъус сты. Хорз зыдтой, хæх- бæсты нырма хуымгæнæн кæй нæу, фæлæ ничиуал ницы сдзырдта. Сæ маст сæхимидæг урæдтой. - Фарст искæмæ ис? - афарста ма сæ фæстаг хатт. - Ис,- йæ къухыл схæцыд правленийы уæнгтæй иу. - Зæгъ! Цы у? - йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта Бето. - Уалдзыгон куыстытæм æххæст цæттæ нæма стæм æмæ афтæмæй куыд?.. - Уый та куыд? Цæттæ не стæм æмæ афтæмæй уæ дзыхтæ сæхгæдтат?! - йæ цъæх цæстытæ мæстыйы рахæсс-бахæсс систа правленийы уæнгтыл. - Цы ма нæм нæй? - Зæгъæм, тæбынгтæ рæстæгыл нæ ныззаказ кодтам æмæ афтæмæй хуыммæ куыд цæуæм? Адæм базмæлыдысты, кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, ома цафон хынджылæг кæнын у. - Тæккæ райсом, - фездæхт бухгалтермæ. - Арвит лæг, заводы директор ме ’рдхорд у. Иу бонмæ сæ сцæттæ кæн- дзæн, иннæ бон ам уыдзысты,- загъта фидарæй Бето. Æмæ фæуæлахизуæвæджы хаст акодта йæ цæстытæ адæмыл.
Фæлæ мидæгæй та æндæргхуызон хъуыды кодта; «Цымæ тæбынгтæ та цы сты?» Правленийы уæнгтæ йæм джихæй кастысты, фыццаг æнхъæл уыдысты, зæгъгæ йæ ахудыны тыххæй загъта, фæлæ... - Æмæ хъæдæй... - чидæр сцæйдзырдта, фæлæ йæ ин- нæтæ нал суагътой дзурын. Августы мæйы фæуды колхозы фыстæ æлвыд фесты. Лæгъз фæтæны къæлæтгондæй куы разынынц, уæд сæ зæрдæ барухс вæййы. Фыййæуттæ сæхи цæттæ райдыд- той зымæгон хизæнуæттæм. Бæрзæндтыл мит фæхæцыд æмæ хъæумæ æввахсæй-æввахсдæр цæуын байдыдта. Мит фенгæйæ, Бето йæхицæн бынат нал ардта, фос мит æрæй- йафдзæн æмæ ам баззайдзысты, зæгъгæ. Иу райсом раджы уæтæры смидæг æмæ карзæй бафæдзæхста бригадирты: - Тæккæ райсом фос скъæргæ зымæгон хизæнуæттæм! - фыййæуттæ сæ цæст хæхтыл ахастой, худгæйæ, стæй ба- кастысты сæ сæрдармæ. Уый куы ницы дзуапп райста, уæд амæсты æмæ æнæдзургæйæ фæраст. Цалдæр боны фæстæ та ногæй фæсидт бригадиртæм. Ныр фæдзæхсгæ нæ, æртхъирæнтæ. Фæлæ та сæ карз, æнæрцæф сæрдарæн ницы дзуапп радтой - сæ горæты хъо- мылгонд сæрдармæ сæ хъуынджын худты бынæй касты- сты. Тамакойы фæздæг сæ сæрмæ фу кодтой. Уый ноджы амæсты. - Мæ ныхас уын закъон у æви нæ! Цал хатты загътон, фос скъæрын хъæуы, уый! Мит сæ æрæййафдзæн! Не ’мба- рут! Æви мæ фыдæнæн афтæтæ кæнут! - Бето Чакоевич, куыд сæ аскъæрæм, куыд? Ацафон- иу нæ фыстæн цæфхад сагъд уыд æмæ нын нырма нæ цæфхæдтæ ис, нæ зæгæлтæ, - загъта бригадиртæй иу. Бе- тойы цæстытæ адынджыр сты, фесхъæл. - Æдылы къоппа цыдæр! Æмæ нырмæ дæ дзыхы къах уыд! Æз æй цæмæй зыдтон, цы цух стут, уый?! Цас хъæуы, уый базон æмæ ныззаказ кæнæм искæцы заводы! - дзырд- та фидарæй Чакойы фырт. Бригадиртæ æмæ фысгæстæ
æмхуызон ныххудтысты. Уый фембæрста, цыдæр та раст кæй нæ загъта, уый æмæ фæхъус. Фыййæуттæй кæйдæр ныхæстæ ауадысты йæ хъустыл «Тæбынгтæ æмæ цæф- хæдтæ цы сты, уый нæ зоны æмæ колхозы сæрдарæй ку- сы». Куы базыдта тæбынгтæ хъæдæй сты, фысæн та цæфхад нæ садзынц, уæд адæмы ’хсæнмæ йæ цæсгом нал хъæцыд рацæуын. Куы-иу рацыд, уæд та-иу йæ хъустыл æнæмæнг ауадаид «тæбынгтæ æмæ цæфхæдтæ». Ныр кæсы автобусы рудзынгæй æддæмæ æмæ фырæф- сæрмæй бæлццæттæм бакæсын нæуæндыд. «Мæ тæригъæд бахæрæд, мæн ардæм чи рарвыста. Цæфхад нæ, зæххы ку- ыст цы у, уый нæ зонын æмæ, дам, сæрдарæй бакус, «до- ходный бынат, дам, у». Цыма дзы давын йедтæмæ ницы хъæуы. Гъе, уымæн нæм ницы ис, гъе!» ФЫДФЫН Тагъд æххуысы машинæ фæдисæй уад рынчындоны ’рдæм. Скъæфта усгур кары чи уыд ахæм лæппуйы. Уый хуыссыд уæлгоммæ кæттаг сынтыл, йæ цæстытæ æхгæд, цæсгом ныффæлурс, уæззау схъæрзы, сгуым-гуым кæны, цыдæр зæгъын æй фæнды, фæлæ йæ бон нæу, æгъатыр низ ын йæ тæлтæг уæнгтæ нылхъывта, гæрзбæндæнæй æлвасæгау, æмæ хуыссыд æнæзмæлгæ. Йæ фарсмæ бадынц йæ мад æмæ йæ фыд, сусæгæй кæуынц. Уыдон кæуынмæ дохтыр æмæ медицинон хойæн дæр сæ зæрдæтæ суынгæг вæййынц. Бæргæ, фыццаг æххуысæн цы хъуыд аемæ сæ бон цы уыд, уый йын сарæзтой, цалдæр лалымы раафтид ис туаггуыр, сулæфын æй кодтой, фæлæ йæ уавæр уæддæр уæззау у. Æппынфæстаг машинæ æрлæууыд. Рынчыны алы- варс уайтагъд атыгуыр сты урсхалатджынтæ. Алкæй дæр фæндыд уымæн баххуыс кæнын, фæлæ... Æвзонг дохтыр ма фæстаг хатт цыдæр хос æрдомдта, фæлæ уымæн рын- чындоны йæ кой дæр нæ разынд æмæ уæд мæсты уагъд æркодта йæхи бандоныл. Чысыл абадыны фæстæ та фе-
^дл/^нз^^окз^^о^т—— стад, йæ цæстытæ ахаста медицинон хотыл æмæ та сдзырд- та цыдæр æндæр хосы ном. - Микел Габейы фырт, уыцы хосты æз ам ссæдз азы дæргъы никуы федтон, - рынчыны хицæуттæ сæ къухы фелхæнынц, - æфсæрмгæнгæ сдзырдта ацæргæ медици- нон хо. - Тагъддæр Джабойы æрбакæнут! - загъта Микел бард- зырды хуызы. Уый уырныдта, Джабо фæлтæрд дохтыр у æмæ йын исты сараздзæн. Цалдæр минуты фæстæ Джабо дæр æрбахæццæ. - Цавæр у, æнæ мæн къæбæр дæр нал хæрут? - стылдта йæ цæнгтæ йæ алыварс уæвджытыл. - Рынчын фервæзын кæнын у уысмыл баст, - загъта Ми- кел. - Радгæс дохтыр дæ æмæ йæ фервæзын кæн, æнæуый уыл стыр æвзæгтæ куы ис, - æндæрырдæм кæсгæйæ, дзыр- дта уый. - Мæнæн мæ бон цы уыд, уый сарæзтон, - мæстыйы дзу- апп радта Микел. - Йæ низы хатт цы у? Микел ын æй бамбарын кодта. - Сигмомицин кæнæ церебролизии ын сарæзтат? - Æмæ кæм сты? - Æнæмбаргæ, фæдзур ма йын йæ фыдмæ. Фыд сæрæй къæхты бынмæ рызт, тæфсæгæй рынчынау, афтæмæй æрбахызт мидæмæ. - Ды йæ фыд дæ? - афарста йæ æлхынцъæрфыгæй Джабо. - 0, дæ рын бахæрон, фæкæсут æм, нæ уæ фæхъыг кæн- дзынæн, - лæгъстæ кодта фыд. - Дæуæн мæ фæхъыг кæнын дæ бон нæ бауыдзæн, фæлæ уайгæ, Сомихы уынгыл цæры Хайым Чахъойы фырт, радт æм мæнæ ацы гæххæтт, уый дын хос ратдзæн æмæ фæстæмæ ардæм - тагъд, - дзырдта Джабо, гæххæтт цæтгæйæ. Рын- чыны хицæуттæ уайтагъд машинæйыл абадтысты æмæ æмбисæхсæв ныххостой Хайымы хæдзары дуæрттæ. Уый сæм рудзынгæй йæ сæр радардта. - Чи стут, цы уæ хъæуы? - Джабо нæ дæумæ рарвыста.
——о\л/^к^з^©<з*ё/о*нт Джабойы коймæ тыргъы дуар фегом æмæ сæ Чахъойы фырт мидæмæ бахуыдта. Уыдон æм гæххæтт авæрдтой. Уый йыл йæ цæст ахаста. «Дæхæдæг зоныс... Сигмоми- цин». - Ныртæккæ, - загъта æмæ ’ндæр хатæны фæмидæг, цалдæр уысммæ рахаста хос. Тыхст ныййарджытæн фыр- цинæй сæ цæсгæмттыл хуры тын ахъазыд. Л æг йæ дзыппæй æхца фелвæста æмæ сæ йæ фырты ирвæзынгæнæджы къухты фæсагъта. Уый сæ анымадта. - Фынддæс сомы цы у? Дыууæ сæдæ сомы хъæуы. Лæг æмæ ус лæугæйæ аззадысты. Сæ дзыппы ’ндæр æхца нæ уыд. Хæдзары дæр уыййас сæ зæрдæ не ’хсайдта. Æмбисæхсæв кæмæй райсой хæс. - Æз дæр сæ кæмæйдæр балхæдтон мæ лæппуйы тыххæй æмæ мæ нал бахъуыдысты, - лæхурдта Хайым уыдоны къухтæм йæ цæстытæ ныццæвгæйæ. - Уæд та уæ къухдарæнтæ ныууадзут. Ус хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй йæ къухæй къух- дарæн фелвæста,радта йæ лæг дæр - фондз æмæ ссæдз азы размæ, сæ чындзæхсæвы рæстæджы кæрæдзийы къухтыл цы къухдарæнтæ бакодтой, уыдон. Æд хостæ ратындзыдтой сæ машинæмæ. Лæг сæм цæу- гæ-цæуын æркаст æмæ рафарста «аргъ фондз сомы». - Диссаг нæу, хостæ афтиаджы не сты, рынчындоны не сты æмæ рынчындоны хæринаггæнæгмæ кæцæй хауынц, науæд æй Джабо цæмæй зоны, уымæ стæм хостæ ис, уый? - мæстыйæ дзырдта лæг. - Рынчындоны хæринæггæнæгмæ алы хос дæр ис, - йæ къух ауыгъта шофыр æмæ газ æрæлхъывта. Тыхст адæмы машинæ скъæфта рынчындоны ’рдæм, хъыллистгæнгæ. Машинæйы хъыллистмæ фехъал дæн æмæ мæ зæрдæ йæ тырыкк-тыррыккæй нал æнцад, æрмæст ма сфæрæзтон: «Пуй, фыдфынты хай фæу Джабо!» Рудзынгæй ракастæн, мæ куысты машинæ уынджы лæу- уыд æмæ йæ уасынæй нал æнцадис.
1ЛЛЛ-о<^ЗЛ^ — ГÆХХÆТТ КУСЫ Гагкоты Селфкъа йæ кабинетмæ бахызт тар æрфыгæй, цæсгом туджы зылд, йæ развæндаг гæзæмæты йедтæмæ не ’взæрста, нæ фæхатыд, йæ бахизæны бадæг æвзонг сыл- гоймаджы уæздан мид-былхудт, куыд ын сыстад, уырдыг куыд слæууыд, салам радтын æнхъæлцау. Селфкъа рудзгу- ыты æмбæр-зæнтыл фæйнæрдæм мæстыйы хæст акодта, уынгмæ йæ цæстытæ ныццавта, фæлæ сæ мигъ бадт æмæ цы хъуамæ федтаид. Дзæнгæрæджы кнопкæ фелхъывта æмæ та мидбылхудгæ æрбахызт сылгоймаг, Селфкъа йæм нæ бакаст, йæ сæрыл не ’схæыд. - Гитъемæ фæдзур, - загъта цыбырæй. - Ныртæккæ, - дзуапп радта сылогоймаг. Чысыл фæстдæр къæсæрыл æрбалæууыд Гитъе. Нæ та бакаст Селфкъа уымæ дæр. - Вот в чем дело, халсары планы сæххæсты хъуыддаг æвзæр у, знон мыл областы... Ам аххосджын ды дæ, дæуæн хæсгонд уыд ацы хъуыддаг, куыд дæ фæнды, афтæ кæн, планæн æнæ сæххæст нæй, уæлдайдæр кабускæ, кабускæ! Бамбæрстай!? Гитъе йæ дзых цалдæр хаттььфæхæлиу кодта, фæлæ йæ Селфкъа дзурын не суагъта. - Фестæм, дæ сæр къултыл хой æмæ план, план! Гитъе йæ сæр риуыл æруагъта, афтæмæй рахызт йæ хисдæры кабинетæй, бацыд йæхи бынатмæ. Æрбадт. Сæр дыууæ къухæй нынтъыхта. «Цæмæй уыд мæ аххос, иу колхозы сæрдары сисæм æвзæр куыст æмæ къæрныхы тыххæй æмæ йæ арвиты хуыздæр ранмæ, йæ бынатмæ та йын æрбакæны уымæй æвзæрдæр... Нал сæныкк уадзы, нал хъыбыл... Æмæ, дам, дæ аххос у» Цасдæр фæрахъуыды - бахъуыды кодта, стæй та уый дæр кнопкæйыл ныххæцыд. Мидæмæ йæм бахызт йæ бахи- зæны бадæг сылгоймаг. - Тагъддæр Хъуырманмæ... Сылгоймаг цæхгæр фæзылд. Уысммæ æрбамидæг Хъу- ырман, хъæууонхæдзарады хайады гæс. - Вот такое дело, Хъуырман! Нæ сæххæст халсары план, *9
——^ллл^^еЛЭКЗ^^лл/ь нæ бакуыстай, куыд æмбæлы, афтæ. Чи дзы дæхион уыд сæрдæрттæй, чи та дын... - Иу дæр нæ, - фæцырд Хъуырман. - Æз дзургæ кæнын, - скарз Гитъе, - бахæс дын кодтон, цæмæй сæ рæстæгыл... - Ныр тауæн нал у, Гитъе! - Хъæлæба, куыд дæ фæнды, афтæ! Фестæм! Хъуырман тæвдкалгæ рахызт йæ хисдæры кабинетæй. Иучысыл аду- дыны фæстæ йæхимæ фæсидт йæ дæлбариуæг зоналон инструктормæ. - Пора, - райдыдта Хъуырман, - кабускæйы план, фен заготовщикты, - йæ ныхас даргъ ауагъта, - план сæххæст хъæуы, куыд, цы, кæцæй, ма мæ фæрс. Фестæм, Пора! Ам дæ аххосæй бирæ хъуыддæгтæ ныкъуылымпы ис. Сыбыртт еныр! Пора сырх цæхæрайы хуызæн ацис, йæ бон сдзурын нал ссис, афтæмæй артау судзгæ рацыд. Æрдæг сахатмæ цæт- тæгæнæн пункты хисдæры æрбалæууын кодта Пора йæ ка- бинеты. - Ам дæн, - худгæбылæй загъта Челхъа. - Кабускæйы план цæмæннæ æххæст кæныс, нырма дын магазинты уæй куы ницы ис? «Æз та афтæ æнхъæлдтон æхца та мæ...» - ахъуыды кодта. - Быдыры зайы кабускæ, магазинты нæ зæйы, æмæ йæ йæ рæстæджы нæ байтауын кодтай, - ныздыхта йыл Чел- хъа. - Уый дæумæ нæ хауы, æхца райс кассæйæ æмæ балхæн, кæм дæ фæнды, уым. Фестæм! - Пора йæ цæстытæ ныирд кодта, цыма Челхъайы аныхъуырынмæ хъавыд. Рацыд Чел- хъа. «Табу хуыцауæн, ацы хатт мын мæ дзыппытæ... кабускæ фæнык фестæд», - цыд йæ куыстмæ сагъæсгæнгæ, кæцæй æрхæсса кабускæ, кæм балхæна, кæм ссара. «Быдыртæ æнæкуыстæй сæфынц, нæ хисдæртæ уыцы хъарм кусгæ бонты денджызы былты æмæ къутæрты аууæтты æхцонæн фæулæфынц, стæй куы суазал вæййы, уæд рымысынц план сæххæст кæнын». Бацыд Челхъа йæ мæнгагъуыст кабинетмæ, йæхи дзыппæй йæ сарæзта цыппар азы размæ.
Йæ бацыдмæ йæм стыр цымыдисмæ æнхъæлмæ касты- сты йæ дæлдæртæ, цæмæ йæм дзурынц, зæгъгæ, Партийы райкоммæ, уæдæ «хъалон» фидыны рæстæг дæр нæма у. - Хъуыддаг хорз нæу, фæлæ йын æнæ саразгæ дæр нæй, - райдыдта Пора дзурын, йе стыр сырх цæстытæ йæ уарзон кусджытыл хæсгæйæ, - халсары план судзы, уæлдайдæр кабускæ. Ныхъус сты, нымпылдысты йе ’рдхæрдтæ. - Цæй, сымахмæ дзурын, мæ цæргæстæ, - мидбыл фæ- худт, - йæ кæрон хорз у, тынг хорз идея мæм ис. Æмхуызон фæхъил кодтой сæ хъустæ, ома, цæй идея у. - Цы? - сдзырдтой цалдæрæй. Пора ныххудт. - У; гæды рувæстæ, уæхицæн пайдайæн кæй уыдзæн мæ идея, уый та бамбæрстат æмæ та уæ хъустæ фæхъил код- тат? Нæ?! Ныххудтысты уыдон дæр. - Чи цал тоны исы? - Куыд æй саразæм? - афарстой йæ цалдæрæй. - Куыд? Мах æхца райсдзыстæм кассæйæ, квитанцитæ рафысдзыстæм «мертвый душтыл», стæй накладнойтæ магазинтыл, цыма сæ ауæй кодтой, халсар та æцæгæй нæ уыдзæн, æхца та, уæхæдæг зонут, нæхи æмæ уæлдæрты. Сæ иуæй-иутæ сыстадысты æмæ рацыдысты æмбыр- дæй. Челхъа амæсты, æхсгæ каст акодта сæ фæстæ. - Фæлæуут. Кæд ма сымах ам бирæ бакусат, уæд-иу рап- пæлут, раз кусын нæ зонут, уæд. * * * Къуырийы бонмæ халсары план сæххæст кæныны бæ- рæггæнæнтæ лæууыдысты Гагкоты Селфкъайы раз. Йæ цæстытæ аууæрста: «Кæцæй? Хæйрæджытæ!» Цины бæрæгбон уыд цæттæгæнæн пункты кусджытæн, нымадтой се ’фтиаг, сæ хардз... кæмæн цас... Ацыуысм ОБХСС... Фæдисы лыгъдысты Челхъайы кусджытæ Челхъамæ, Челхъа - Порамæ, Пора - Хъуырманмæ, уый Гитъемæ, Гитъе Селфкъамæ. Уый йын дзуапп радта.
- Мæнмæ дзы уый бæрц кæм хастай, уым дзы сæхимæ цас баззадаид; сæхи балхæнæд, кæй аххос сын у. Дзуапп дзуаппы фæстæ æрцыд суанг Челхъамæ æмæ ма фæлгæтæй æртхъирæнтæ кодтой, фæлæ... ГАРНИТУРÆЛХÆНÆГ Дыууæ æддæгуæлæ хæдзары уæттæй иуы сынтæджы уæлгоммæ хуыссыд сылгоймаг. Сæры бын бакодта дыууæ базы, афтæмæй цъындайы къæбæлтыл ныххæ-цыд æмæ быдта зымæгмæ йæхицæн худ. Бигæ-бийын цалдæр хат- ты йæ ком аивæзта, стæй йæ цæстытæ кæрæдзийыл ку- ыд андæгъдысты, уый йæхæдæг дæр нæ базыдта. Цъын- дайы къæбæлтæ къухæй æрхаудысты æмæ бафынæй. Йæ сæр галиу уæхскæрдæм æрзылд æмæ йæ сым-сым цыд. Куы сулæфы, уæд йе стыр дымст риутæ хæрдмæ ссæуынц, стæй та уæззаугай фæстæмæ сæ бынатмæ æрцæуынц. Иу бындз гуыз-гуызгæнгæ йæ цæсгомы алыварс ратæх-ба- тæх систа, куы йæ фындзыл абады, куы йæ русыл, фæлæ йæ уый æппындæр нæ хатыдта. Ацы рæстæджы дуары дзæнгæрæджы хъæр ссыд, фæлæ уымæ æппындæр нæ фехъуыст, йæ улæфт къæхты бынæй цыд, фæстаг хатт дзæнгæрæг дæргъвæтин уаст ныккодта. Ус фестъæлфыд æмæ йæ уаты рабадт. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд æмæ йыл ныххæцыд. Сыстад. - Иу дæ амæлæд, кæцыдæриддæр дæ, - сылгъыста йæ, йæ дарæс рæстытæгæнгæ. Уынгæг къаба йæ фæтæн син- тыл хæрдмæ сбырыд, цыма къутуйыл конд уыд, уырдыгмæ йæ ивæзта. Хъуынтæ æмæ йыл æндæхтæ ныххæцыдысты, йæ цъындатæй иу йæ хæцъæфы онг æрхауд, иннæ ма фæ- къæдзгæнæныл фæхæцыд. Уæззау къахдзæфтæй дуары ’рдæм рараст. Стыр синтæй куы иу ссæуы хæрдмæ, куы иннæ, ставд къæхты бын астæрд змæлыд. Дзæнгæрæджы хъæр фæцыд ногæй. Йæ цыд фæтагъддæр хъуыр-хъуыргæнгæ, æмæ триляжы зыр-зыр ссыд. Йæ разы фæлдæхт бандоныл йæ къах скъуырдта æмæ фæцæйхауд. - Дæ гæндзæхтæ ацæгъд, кæд фæдис нæу, - акалдта
йæ маст, гуыдыры хуынчъы дæгъæл разил-базилгæнгæ. Стыхст. Дуар куы фегом, уæд йæ разы лæууæджы цæсгом нæма ауыдта, афтæ уый хъæбысы февзæрыд, мидæмæ йæ баскъæфта æмæ йæ къуымты рахæсс-бахæсс кодта, пъа- тæгæнгæ. - Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд мæ фыццаг хатт нæ федтай, - ус сбуцтæ кодта лæгæн. - Пепе, лæджы зæрдæ куы барухс вæййы, уæд æм йæ уды хай дæр фыццаг фенæгау фæкæсы. - Цæмæй барухс дæ зæрдæ, афтидæй мæм цæмæн æр- хæццæ дæ, Митъро? - Æз? Никæд бонты! - Ус феуæгъд лæджы къухтæй æмæ пух гауызыл тъæпæнæй æрхауд. - Дæ къухтæ ахауæд, - схъуыр-хъуыр кодта Пепе. Сы- стад нæтгæ, буцтæгæнгæ, фæлæ йæ фарсмæ ничиуал уыд. Фæджихау афтæмæй фæраст дуары ’рдæм. Ацы рæстæджы лæг дуар йæ къахы бырынкъæй æрбацавта æмæ мидæмæ æрбазынд дыууæ стыр чырынимæ. Йæ лыстæг уачъи æмæ цæнгтæ тыххæстæй ныивæзтысты, чысыл цъæх цæстытæ ныйирд сты. - Уый афтид хуыйны? - стылдта йæ тæнæг æфсæртæ, йæ цæстытæ ферттывтой фыр цинæй. Чырынтæ астæрдыл æрæппæрста æмæ йæ цæнгтæ фæйнæрдæй ныттынг код- та, усы та йæ хъæбысы фелвæста, пъатæгæнгæ, суагъта йæ, йæ зонгуытыл гауызыл æрлæууыдис, схæцыд чырын- ты дуæрттыл. - Уый дзы æнæхъæнæй у дæу - зæрдæбуцæй сдзырдта æмæ йæ йæхимæ æрбалхъывта. - Пуй, мæ фыдбылызтæ дæ хай, кæд æрра нæ фæдæ, цы æрхастай, уый уал мын фенын кæн. Уый чырынæй исын райдыдта, рæхыс ын йе ставд цъупп бæрзæйыл æркодта, йæ зæбул даргъ хъустыл ын хъусцæджытæ асагъта, йæ къуыдыр æнгуылдзтыл æртæ къухдарæн, фыдæсчъил цонджы хъултыл сыгъзæрин брас- лет æмæ сахат. Ус гауызыл бады хæбæццæй, лæг йæ алы- варс рæвдз змæлы, рувасау цъылынджытæгæнгæ, узæлы йыл. - Фест ма, - схæцыд ыл лæг. Уый зынтæй сыстад, нæтгæ.
- Уæд мын амæл, кæд мæ сыгъзæринты нæ атъыстай. - Фæлæу, тагъд ма кæн. - Чырынæй фелвæста сыгъзæрин уидгуытæ...хрустал... Усы раз сæ æвæры, иннæ чырынæй исы алыгъуызон уæлæдарæс. - Цæй, ды та мын цы сцæттæ кодтай ме ’рцыдмæ? - Хъарм уат, - сдзырдта, йæ ком ивазгæ, - гарнитур, спальня, стенка кæм сты? - Уыдон? Уыдон мæйы ’мгъуыдмæ уыдзысты ам, - йæ сины сæрыл йæ къухтæ сæвæргæйæ, дзуры лæг, - ахаем æрдхорд дзы ссардтон, ахæм æмæ гъа, гъа, зæд, зæд! - Йе грмттæ кæрæдзийыл ахафта æмæ къуымты гæпп-гæпп кафт срæуæг. -Цы? Зæд? Сылгоймаг?-Пепейæхифæпыхскодта.Лæг фыццаг фендзыгау, стæй фæцарæхст. - Лæг, лæг. Сылгоймагæй цы аразын? - Дæхи мæнæн ма æрцауындзын кæн,- йæ амонæн æнгуылдз батылдта йæ моймæ. - Нæ, нæ, мæ худгæ хур, æз дæуыййас куы никæй уар- зын, уæд... Бадзырдтон хъæдындзаумæтты магазины уæйгæнæджимæ, æхца йæм радтон æмæ мын рарвитдзæн дыгай комплекттæ. - Æмæ дыгай комплекттæй цы кæныс? - Æдылы,- йæ фындз ын йæ амонæн æнгуылдзæй æр- цавта, - иуты дзы ауæй кæндзыстæм æмæ иннæты аргъ дæр бамбæрздзæн. - Æцæг, æцæг, æз та дæ бынтон æнæмбаргæ æнхъæлдтон. - Кæдмæ æгад уыдзынæн дæ цæсты, кæдмæ? Пепе фæхудт, йæ лæджы бæрзæймæ дыууæ къухæй сæв- нæлдта, сивæзта йæхи, къаба æгъдтæм сбырыд. Лæджы рустæн апъа кодта. Рацыд иу мæй, дыккаг дæр, фæлæ хъæдын дзаумæттæ никуы зындысты. Фæстаг хатт æрымысыд, адрес æм кæй нæ радта, уый æмæ, зæгъгæ, сæ кæдæм хъуамæ рарви- та. Уæд иу бон ногæй йæхи рацарæзта æмæ фæстæмæ йæ зонгæ магазин, йæ зонгæ адæймагмæ араст.
Митъро магазины къæсæрæй бахызт парахат зæр-дæ- йæ. Сæрыстырæй магазины кусджытæн салам радта, фæлæ йæм уыдонæй кæсгæ дæр ничи ракодта. Лæг ракæс-бакæс систа, куы дзы иумæ нымдзаст вæййы, куы иннæмæ, фæлæ йæ «зæд» Марияйыл йæ цæст никуы схæцыд. - Мария абон нæ кусы? - афарста сæ иуы. - Махмæ ахæм ничи кусы, - дзуапп радта уый, йæ сæрыл хæрдмæ æнæ схæцгæйæ. - Æхца йæм радтон... - Цы йæм радтай, уымæн æз ницы зонын, фæлæ ам ахæм ничи кусы, - райста та дыккаг хатт дзуапп. Пурцхе- латы Митъро ма рафæрс-бафæрс кодта, фæлæ уым ахæм ничи разынд. Хорз хъуыды кæны, ацы магазины базонгæ йемæ, алы бон ныхас кодтой иумæ дæлæ æрбахизæны цур. Фæдзæхсгæ дæр ма йæ бакодта, зæгъгæ, нæ директормæ ма бацу, æндæра бирæгъ лæг у. Дыууæ хатты йæ сæхимæ хонгæ дæр акодта, дыууæрдæм дæр æй таксийыл ласта. Кæцы уынг? Кæдæм? Ницы бахъуыды кодта, уысмы уар- зондзинад æй бакуырм кодта. Бынæттæ бæрæг кæнын æй не ’ндæвта... Хорз фысым ын уыд. Найгæ дæр ма-иу æй ныккодта. Фыр уарзтæй йæ аныхъуырынмæ дæр хъавыд, æмæ йæ хæдзары номыр, кæнæ уынджы ном цæмæн хъу- ыд. Ныр? Ныр баззад къæппдзыхæй, нындзыг цæстирдæй, ницыуал уыдта. - Афæдзы дæргъы адæмы зæрдæхудт фæистон, сæ- дзæсгом кодтон мæхи æмæ мын ихы бынты адымд- той, - загъта ма йæхицæн æмæ араст сæргуыбырæй хъуы- дытæгæнгæ. Цы зæгъдзæн йæ усæн та? Йæ хъуыдытæй йæ фæиппæрд кодта машинæйы дæр- гъвæтин уаст. Уый фестъæлфыд. Йæ разы машинæ æр- лæууыд, йæ цæлхытæ хафгæ. - Сæгъ, дæ размæ кæс, дæ размæ! Куырм нæ дæ, сау хæрæг, дæ цæстытæ галы цæстытæ æййæстæ куы стьг! - алывыдтæ йын акалдта шофыр, кабинæйæ йæ сæр æд- дæмæ радаргæйæ. Митъро ныффæлурс. Йæхи мидæг загъ- та: «Фыдбылызæй тыххæй фервæзтæн». Зыдта йæ азым, фæлæ уæддæр æргомæй йæхи нæ басаста. Шофырыл алы дæрзæг ныхæстæ ауагъта. Уый йæм нæ хъуыста, нал æй
——^лл/^нзчз^ОЧЗ^^^л/ь уыдта, машинæ хъæдын дзаумæттæ уæйгæнæн магази- ны размæ базылдта, фæлæ Митъро уæддæр йæ къухтæ тылдта, Афтæмæй машинæйы гуыффæмæ фæкомкоммæ. Хъæдындзаумæттæ йыл куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæ- рухс. Йæ бынаты лæугæ аззад, цæстытæ тъыбар-тъы-бур- гæнгæ, стæй магазинмæ фæцæуыныл. Дзаумæттæм йæ цæстытæ ныццавта. Кусджытæ дзы иуы фæлыст райстой, фæкомкоммæ сын сæ фыстытæм. Æнахуыр дамгъæтæ нæ равзæрста. «Æвæццæгæн, импортон сты». Бацыд уæй- гæнæгмæ. - Цас у сæ аргъ? - афарста йæ. - Мин æмæ æрдæг, - уый йын куыдфæндыйы дзуапп радта. - Иуы фæлыст мæ дзы хъæуы æмæ.. - Фыццаг уый æмæ товар исын, дыккаг уый æмæ сæ номхыгъдæй дæттын. - Æндæрæрдæм кæсгæйæ, дзу- апп лæвæрдта уæйгæнæг. «Фæлæу уæдæ, иугæр дзуапп дæр зулмæ кæсгæйæ дæттыс, уæд». Фæкомкоммæ дуары уæлæ фыстмæ æмæ йæ рафарста дамгъæгай «ди-ре-кт- ор», æвæццæгæн, уым баддзæн сæ директор, ацахста йæ хъуыды æмæ кабинеты дуарыл уæззаугай бахæцыд, цы- ма искæмæй фенынæй тарст. Митъро столы фарсмæ лæг бадгæйæ куы ауыдта, уæд ын, йæ сæр бынмæ ауадзгæйæ, салам радта, фæлæ йын уый цæхгæр загъта æнæ уæздан мийæ, гæххæттæй йæ цæстытæ æнæ сисгæйæ, бацæуæгмæ æнæ бакæсгæ: -Хъусын дæм. - Дæ сæр мæ бахъуыд, - балæгъстæ кодта Митъро. Уый йæм йæ кæсæнцæстыты бынæй скаст. -Цыу? - Хъæдындзаумæттæ мæ хъæуы... Балæккад дын кæн- дзынæн. - Ницы дын мæ бон у, номхыгъдæй сæ дæттæм, - дзуапп ын радта уый. -Уæлдай дын... Директор ма «нæтæ» кодта, алы æфсæнттæ агуырдта, фæлæ Митъромæ сабыр ныллæг хъæлæсæй куы дзырд- та, уæд уый фæныфсджындæр æмæ йæ хъæлæсы ныббадт, дзурын æй нал суагъта, йæ дзыппæй æхцатæ фелвæста
^^лг^^з^Ооб^^о-ал/ь—— æмæ йын сæ йæ разы æрæвæрдта. Уый фестад, дуары онг рауад, йæ хъус æддæмæ адардта æмæ дзы зæрдæхсайгæ куы ницы уыд, уæд уазæджы ’рдæм йе ’ргом аздæхта æмæ куы æхцатæм нымдзаст вæййы, куы та Митъромæ. «Цæй кавказаг у æмæ дзы ницы тас у», февзæрд йæ хъуыдыйы. - Æртæ сæдæ сомы дын уæлдай æмæ мын мæ къух аца- раз. Уый йæм каст, стæй йæ мидбылты фæхудт, æмæ уæз- заугай сдзырдта: - Уый цъус у, æфсымæр. Кæйдæр хъуамæ ном-хыгъдæй сисон... - Цыппар сæдæ сомы фаг у? - ирд цæстæй йæ афар-ста æлхæнæг. - Фаг у - загъта фысым æмæ æхцатæ стъолы лагъзы нык- калдта, стæй йæ дæгъæлæй сæхгæдта æмæ дуармæ рацыд. - Иуы фæлыст дзы уадзут машинæйыл, - загъта æв- дæлонгæнджытæн, - ды хорз лæг, - баздæхт Митъро- мæ, - æрис ма дыууæ сæдæ сомы æмæ дын сæ кантейнеры смидæг кæнон. Митъройы цæстытæ фырцинæй сæрттывтой. Кусджытæ уæрæх асинтыл дыккаг æддæгуæлæмæ, тыхнæтгæнгæйæ, хастой хъæдындзаумæттæ. Сæ разæй цыд Пепе, сæ фæстæ Митъро æмæ-иу дзаумайы тигъ къу- лыл куы фæцæйныдзæвд, уæд-иу сæ тыбыртæ фæцæй- цагътой, ма баныдзæвæд, ма фесхъис уæд, зæгъгæ, дзаума. Уаты къуымты сæ разæй уад, йæ цъындатыл схæц-схæц- гæнгæ, амыдта сын, кæм сæ æрывæрдтаиккой, уый. Иуран æй æрæвæрын кæны, дардæй йæм фæракас-бакæс кæны, æмæ йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд та сын æй æндæр къуыммæ ахæссын кæны. Æгæр сын сæ куы рахæс-бахæсс кæнын кодта, уæд сыл кусджытæй иу фæтъæлланг ласта: - Дæ фынддæс сомы тыххæй нын дæ зæрды нæ удтæ сласын ис! Уый дæр ницыуал сдзырдта, иудзæвгар йæ бынатæй нал фезмæлыдис, стæй кусджытæ куы рацыды- сты, уæд йæ пырх акалдта.
——^ллло^^з^в^е^олдл! - Уæд мын амæл, кæд мын дæ астæу магъз нæ асаст, кæннод дын сæ кæд лæвар нæ хæссын кæнын, хæрæг. - Æнцад,- Митъро йын йæ фындзыл ныххæцыд æмæ йын æй чысыл бауыгъта,- ацы хæрджытимæ афтæмæй дзургæ нæу, лæгъз æвзагæй сæ хъæуы сайын. - Фыдвæндæгты хай фæуæнт, мæнæ ма ацы скъапп уæртæ хæринагаразæнмæ бахастаиккой. - Кæцы скъапп? - афарста лæгæй. -Уæртæпосудный,-ацамыдтачингуытыскъагшмæ,-уым иу дзы къустæ, уидгуытæ, хæринæгтæ бавæрдтаиккам. - Æнæмбаргæ, уый чингуыты скъапп у. - Чингуыты? - дисгæнгæйæ афарста Пепе, - æмæ дзы цы кодтай, дæ цæрæнбонты дæ къухмæ чиныг куы никуы райстай, уæд? - Уый дæр семæ ис. - Афтидæй не сфидаудзæн, фæлæ зоныс цы? - ус æм хæс- тæгдæр бацыд. - Цы, мæ зонды гыкъына? -Уæртæ,-йæхистæрæнгуылдзæйамоныйæсыхæгтæм,- уæртæ, дунейы чингуытæ йæм ис æмæ йын диваны бын- ты æмæ рудзгуытыл сты. Райсæм сæ æмæ сæ не скъап- пы самайæм, уадз æмæ фидауæнт, стæй исчидæр æнхъæл уыдзæн, ахуыртæ, дам... Уымæн та йæ гæххæттытæ уыдзы- сты æфснайд. - Æз та дæ бынтон æнæрхъуыды æнхъæл уыдтæн, - ба- хаудт лæг,- уайгæ, цу, рахæсс сæ. Ус фæцæуыныл. Лæг иу къуымы æрлæууыд æмæ каст йæ ног дзаумæттæм, йæ цæсгомыл худæндзаст лыгъд, аф- тæмæй. Чысыл фæстæдæр ус дуар мæстыйы тъæпп æр-ба- кодта. Лæг фæзылд уый æрдæм. - Фест мын дæ тутт сæримæ ноджы иу ахæм, æндæра æнæ дæ чингуытæ не сфидауиккой. - Цы? Нæ сæ дæтты? - Ратардта мæ, мæ чингуытæ, дам, равдыстæн не сты, - ус диваныл йæхи мæстыйы уагъд æркодта, - фæлæ зоныс цы? - Цы? - лæгмæ æгад æркаст йæ усы ратард. - Мæнæ дыууæ голладжы ахæсс. Бацу чингуыты мага- зинмæ, байдзаг сæ кæн æмæ сæ рахæсс, цасфæнды уæт сæ
аргъ. Нæхицæн куы уа чингуытæ, уæд хуыздæр у. Хорз? Мæнмæ гæсгæ дыууæ голладжы фаг сты. Лæг æм бакаст, йæ сæр разыйы тылд бакодта. - Марадз, голджытæ рахæсс. Ус фестад, диваны хуылфæй иу гобаны цъар систа. - Ай хуыздæр у, сыгъдæгдæр у. Лæг æй аскъæфæгау кодта, дуарæн федте. Ус йæ сины сæртыл ныххæцыд. - Уый дын афтæ, гъе, - загъта йæхицæн æмæ диваныл йæхи уæззау æруагъта, - кооператорт,æ афтæ зонынц, гъе. СÆРДАРÆЙ ТÆССАГДÆР Райсом раджы Бытти фестад, йæ цæстытæ æууæрдгæ, йæ дарæс уысммæ акодта æмæ райста йæ фæндыр. Фæнды д æй фысым æй куыд нæ базыдтаид, афтæ ацæуын, фæлæ уый уынæрмæ фехъал, фестад æмæ æд дурын æмæ сыкъа йæ размæ рауад. - Уаих фæуай, арфæ нын уæддæр ракæн, афтæмæй ку- ыд цæуыс? Цалдæр боны дæ фæрцы хъæлдзæг куы стæм, - бауайдзæфгæнæгау ын кодта уый. Бытти дæр фефсæрм «нæ» нал загъта, æрлæууыд, цалдæр арахъхъы дзы аныз- та, стæй йын арфæйы ныхæстæ загъта æмæ йæ фæндагыл фæраст, стыр къахдзæфтæгæнгæ, цыма йæ исчи фæсте сырдта. Хъуамæ рæстæгыл ныххæццæ уа сæхимæ. Колхозы сæрдар æй дыууæ бон йедтæмæ нæ рауагъта куыстæй, уый та æртæ боны минасы бын фæцис дзуары бонты. Хæдзари- хæдзар зылд æд фæндыр. Нæ разындаид иунæг ахæм лæг дæр æмæ уый цагъдмæ чи нæ скафыдаид, æмæ йыл уыдон дæр цин кодтой хæрд æмæ нозтæй. Афтæмæй Быттийæн куыст йæ хъуыдыйы кæрон дæр нал уыдис. Ныр æрæрвонг, райсом раджы йæхи æрæмбæрста æмæ худаистæй лыгъд радта стыр хъæды астæуты къахвæндагыл. Ууылты, зæ- гъгæ, тагъддæр ныххæццæ уыдзынæн. Цæст дзæбæх нæ- ма æвзæрста, фæлæ æрдз йæ фынæйæ райхъал. Цъиутæ алыгъуызон хъæлæсæй уасыдысты, зæрдæ рухс кодта, фæлæ сæ Бытти æппындæр нæ хатыдта, йæ нозтвæллад
уæнгтæ тилгæ агуыбыр. Тындзы, сæрдар мæ мардзæн, зæгъгæ. Бæргæ йæ фысымтæ нæ уагътой, къахвæндагыл сырдæй тæсаг кæй у, уый тыххæй, фæлæ сын уый æппæ- лæгаууырнын кодта. - Сырдтæ мын мæхицæй хъуамæ тæрсой, уыдонæй мæ сæрдар тæссагдæр у. Куыд фæстагмæ йæ цыма сатæгуæлдæф фæрогдæр код- та, афтæ йæм каст. Стыр наз, тæрс хæццæ хъæды ’хсæнты йæм никуыцæй зынд нæ дæр арв, нæдæр змæлæг. Нæ йын уыд чемæ аныхас кодтаид, уый æмæ арф хъуыдыты афардæг. Йæ цæстытыл уад йæ сæрдар алыхуызæтты: куы хылæй, мидбылхудтæй, йæ къух ын исы, фæрсы йæ, куыд цæры, куыд цæуы йæ куыст. Уый ноджы тырны «ма мыл бахуда йæ зæрдæ; мæхи сраст кæндзынæн йæ разы, бирæ бакусдзынæн». Уый хуыз куыд тынгдæр лæууыд йæ цæстыты раз, афтæ йæ санчъех егъаудæр кæны. Фæндыр йæ чъылдымыл арфдæр баппæрста, цæмæй йын æнцондæр уа. Æвиппайды йыл цыдæр гуым-гуым ссыд æмæ фестъæлфыд, йæ астæу араст кодта, кæсы комкоммæ, йæ развæндагыл дæс метр æттæдæр лæууы арс. Лæджы буары ихæн алыгъд, хъу- ын схъил, срызт, фæндыр йе ’ккойæ ахауд, йæ бæттæнтæ феуæгъд сты æмæ суасыд. Фыртасæй ма цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Цасдæры бæрц лæугæйæ баззад, фæлæ арс не змæлыд йæ бынатæй. Быттийы тых асаст, хъа- ру дзы нал аззад, æрæджиау дурыл æрбадт. Арс лæууыд. Лæг цасдæры фæстæдæр йæ фæндырмæ фæкомкоммæ, си- ста йæ ризгæ къухæй. Исгæ-исын аивæзт æмæ суасыд. Арс йæ мидбынаты фестъæлфыд. Бытти фенхъæлдта, зæгъгæ, фæндыры хъæрæй арс тæрсы æмæ дзы цæгъдын райдыд- та, фæлæ арс нæ фæтарст, ноджы ныхъуыста, æрбадт йæ фæстæгтыл, сæр ныттилы, хатт йæ бынаты схъылдым кæны. Бытти цæгъды. Фæныфсджындæр, кæд дзы, зæгъгæ, ныр ницыуал тас уаид. - Æнаккаг, ды дæр музыкæ уарзыс? - сфæрæзта Бытти. Улæфын ын фенцондæр. Цас фæцагътаид. Бафæллад, банцад. Арс уæддæр бады, йæ сæр тилы, фæлæ Бытти ныхъхъус. Иæ уд æсхæппæввонг
1Ллл<к^5Л9«>0^а^><>лл/ь—— ссис. Æвæццæгæн ма арс уый æрдæм куы æрбакъахдзæф кодтаид, уæд йæ уд систаид, «фæлæ амонд йæ хъахъхъæнæг ахæм æзвæрæн», топпы хъæр фæцыд, арс фестъæлфыд, фесхъиудта, сæзмæлыд. Мигæнæны хъæр иуæй Быттийæн æхсызгон уыд, иннæмæй та тæрсгæ дæр фæкодта, арс сæзнæт æмæ, цæмæй зоны, уæд та йыл йæхи ныццав- та. Уæдмæ та дыккаг хатт фæцыд топпы хъæр, арс йæ фæстæгтыл слæууыд, йе стыр дзых ноджы айвæзта æмæ йæ богъ-богъ ссыд. Быттимæ афтæ фæкаст, цыма размæ, уый ’рдæм цыд. Йæ цæстытæ ныцъынд кодта, уæнгты цы- ма туджы бæсты уазал дон ацыд, афтæ фæци, фæндыр æрхаудта, фæлæ йæ кæм фиппайдта. Уæдмæ æртыккаг гæрах фæцыд, цæстытæ фегом сты. Арс уым нал лæууыд, йæ фалæты йæхи дæлбылмæ фехста æмæ йын хъуыста йæ уынæр, йæ къæхтыбын хус къæцæлты къæрццытæ. Йæ ныхы хид йæ дысæй асæрфта, ризы, ныггуыбыр кодта йæ фæндырмæ, фæцудыдта, къухы æнгуылдзтæ нал тасыды- сты йæ сисынмæ, нал дзы уыд тыхы хъæстæ. - Ох, сæрдар та цы у дæ цуры, - тыххæйты сулæфыд æмæ фæцæуыныл, фæстæмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ. Цалдæр къахдзæфæн бахызт хъæды ’рдузмæ, æмæ уым лæугæйæ баззад, кæсы æдзынæг, æнæзмæлгæ, цыма æндзыг баис, кæсы, фæлæ фæлм ныббадти йæ гæккуыригъуыз чысыл цæстыты. Йæ разы стуры холы, арс йæхи кæмæй сæфсæста, уый. Æввахсдæр æм бацыд, базыдта йе стыр сау хъуджы, базыдта йæ сывæллæтты дарæджы æмæ йæм каст, ныр тæрсгæ нал кодта арсæй, фæлæ йæ ацагуырдта цæстæй, йæ «амонд» уыд æмæ афардæг, гæрæхтæгæнджытæ та уы- дысты йæ хъæубæстæ, йæ хъуджы агурджытæ. Æргуыбыр кодта холымæ, йæ фæндыр йæ фарсæрдæм æрзылд, фыц- цаг ыл хæрдмæ схæцыд, стæй йæм йæ мæсты цæстытæ сзылдта, иу чысыл æм каст йæ былтæ æхсынгæ, стæй йæ фелвæста йе уæхскæй æмæ дæлбыл йæ уасын ссыд. - Дæу тыххæй ныххолы мæ сабиты дарæг, ды мæ сдзæгъæл кодтай мæ гуыбыны фæстæ. Бытти, дам, хорз фæндырдзæгъдæг у... Каст йæ сау хъугмæ, каст æмæ йæ фæрстæ скъуыдысты мæстæй.
——*ллл<нз\&^©^ ФÆСМОНЫ МИТÆ Лæг куы цæра, уæд кæм нæ бамидæг уыдзæн, хатт тæвд цæхæры дæр бахауы, стæй йæ цы нæ бафæнддзæн. Мæн дæр цыдæр хæйрæджытæ бассы кодтой æмæ шофыры курсыты смидæг дæн. Фæдæн сæ каст, фæлæ шофыры бары гæххæтт нæ бафтыд мæ къухы, хорз, дам, нæ зоныс, цы ’рмæг рацыдтæ, уый. Æз дæр афтæ кæм ныллæуыдаин. Райдыдтон шофыр- ты рафæс-бафæрс, цы бакæнон бары гæххæттæн, уымæй æмæ мын куыннæ ацамыдтой фæндæгтæ. Æз дæр дын мæ дзыппы æхцатæ æрывæрдтон æмæ, кæ- дæм мын загътой, уыцы горæты бамидæг дæн. Автобусæй æрхызтæн. Сындæг араст дæн уынджы. Иудзæвгар куы ауадтæн, уæд мæ хъустыл мæ ном ауад. Æз фенхъæлдтон, æвæццæгæн, зæгъын, мæ зæрдæ дзуры зонгæйыл фембæ- лыны тыххæй æмæ мæм уымæн афтæ фæкаст. Хъæр та ацахстой мæ хъустæ дыккаг хатт. Фæйнæрдæм аракæс- бакæс кодтон. Комкоммæ мæм æрбацæйуад иу сылгоймаг. Æз базыдтон мæ кæддæры сыхаг Асиаты. Кæрæдзийыл ба- цин кодтам. Кæм ма уыдис кæрон нæ адджын ныхæстæн, нæ кæрæдзи рафæрс-бафæрс кодтам нæ хабæрттæй, æры- мысыдыстæм æмгæртты, зонгæты, хæстæджыты. Æрæ- джиау мæ æрфарста, ме ’рцыды сæр цæй тыххæй у, уымæй. Æз ьп*æй цыбыртæй радзырдтон. - Уæдæ тæрсгæ ма кæн, нæ лæг дæр шофырæй кусы, уымæн ам иууылдæр зонгæ сты, стæй мæнæ уый йæ ку- ыст тынг кæны уыцы хъуыддаджы, - амонæн æмæ хистæр æнгуылдзтæй кæрæдзийыл ахафгæйæ, загъта Асиат. Афтæ, ныхасгæнгæ, бахæццæ стæм дыууæ æддæгуæлæ хæдзары размæ. - Мæнæ уый та нæ хæдзар у, - къулдуары раз æрлæугæйæ, загъта Асиат, - дæ бынат уыдзæн ам, цалынмæ дæ хъуыд- даг саразай, уæдмæ, - ус разæй бахызт, фæлæ мæнæн мæ цæстæнгас хæдзарыл баззад. - Рахиз мидæмæ, - бахатыд мæм Асиат. - Бузныг, æз уазæгдонмæ ацæудзынæн. Уый мын мæ къухыл фæхæцыд, кæрты мæ смидæг код- та, йæхæдæг къулдуар рахгæдта æмæ асинтыл тагъд-тагъд
тг^^г&О^/ь^лт—— суад. Æз кæрты аззадтæн. Кæрт уыд лæгъз асфальт, алы- варс - сисамад бæрзонд бру сисгæрæтты - сæнæфсиры талатæ сагъд, телтыл алырдæмты абырдысты æмæ бын- мæ сæ цупæлттæ æрзæбул сты, сæ бынмæ хуры рухс нæ каст. Чысыл фалдæр мраморæй астæрд кæрты иу хай, йæ сæр - агъуыст, æвæрд дзы уыд фынг æд бандæттæ. Фын- джы фарсмæ - цад, йæ мидæг кæсæгтæ дыууæрдæм лен- чытæ кодтой. Хæдзары фарсмæ - гараж. Гаражы дуары зыхъхъырæй æрттывта æрвхуыз «Волга». Хæдзары фæс- тæ - цæхæрадон. Ал ыхуызон дыргътæ фырзадæй ныззæбул сты, зæу-зæу кодтой. - Гебраз, рахиз уæлæмæ, - радзырдта мæм Асиат, - ра- хиз, æфсæрмы ма кæн. - Бузныг, ницы æфсæрмы кæнын. - Рахиз, рахиз, - æрдзырдта та мæм худгæ. «Нæ фæрæдыд Асиат, йæ фыццаг лæгæй кæй ахицæн, уымæй. Æвæццæгæн, зыдта йæ амонд, хуыздæр лæг кæй ссардзæн, уымæй йæ ныфс уыд æмæ йын бантыст, цæмæ бæллыд, цахæм хæдзар æй хъуыд, уый йæ къухты бафтыд», - хъуыды кодтон мæхинымæры. - Цы дæ, цы? Нæ фæцæуынæн дæ, нæ æрцæуынæн. Нæ нын хæдзар ис, нæ дуар, кæдмæ афтæмæй цæрдзыстæм æх- хуырст къуымты? - буцтæ-иу кодта йæ лæгыл. - Сабыр архайын хъæуы, Калак иу бон не сырæзт,- мид- былхудгæ-иу дзуапп радта Саба. - Уæдмæ æз амæлдзынæн æмæ стæй мæ фæстæ бæхгæр- дæг æрзайæд. Алæбон домдта Асиат йæ сабыр, мадзура лæгæй, фæлæ лæджы къухты уадиссаг ницы æфтыд. Уыцы хъуыддаг усы зæрдæмæ нæ цыд, алцы йæ фæндыд æвип- пайды. Йе #мцахъхъæнтыл-иу алыхуызон зынаргъ дзаума куы федта, уæд-иу ын арт æмæ фæнык нал уыд. Куыдфæстагмæ Асиат йæ лæгæй йæхи дард ласын бай- дыдта, йæ зæрдæмæ раздæры хуызæн нал цыд. - Кæдмæ тæригъæдæй мæлдзынæн? - Нæ - иу нæ - иннæ, цы кæнын æрмæст уарзтæй? Фæллой кæм уа, уым уарзт дæр уыдзæн, - загъта фæстаг хатт Асиат æмæ иу бон æрбадæлзæх. Саба æррайы хуызæн ссис, кæд, зæгъгæ, миййаг, ис-
ты фыдбылыз... Бирæ рахъуыды-бахъуыды æмæ катайы фæстæ стъолыл гæххæтты гæбаз ауыдта, фелвæста йæ цæрдæг, тагъд-тагъд æй ракаст: «Цæр дæ хъузджы, мæнæн мæ бон нæу». Лæг амæсты, фæлæ цы йæ бон уыд. Уый адыл ахицæн сты. Бацыдтæн асины схизæнмæ. Зынаргъ дурæй арæзт асинтыл астæуæй гауыз тыд. Схызтæн уæлæмæ. Ам та уыд ноджы диссагдæр. Мæ цæстытæ райвæзбайвæз кодтой. Алыхуызон зынаргъ дзаумæттæ цæхæртæ калдтой. Æз сын сæ нæмттæ рæстмæ зонгæ дæр нæ кæнын. Бахызтæн цалдæр дуарæй. Алы хатæнæн дæр уыд йæхи хуыз, иу дзы иннæмæй хицæн кодта, алыран дæр дзы адэ^ймаг айдæнау уыдта йæхи. Къæхты бын фæлмæн дардтой зынаргъ хъулон гауызтæ, æвгъау сыл уыд цæуынæн. Асиат мæ бамбæрста, чысыл мæм фæхудт, стæй рæвдаугæ хъæлæсæй сдзырдта. - Азил, æфсæрмы ма кæн. - Хорз ран куы бахаудтæ, - хъазгæйæ йын загътон æз, - нæ фæрæдыдтæ. - Нæ зонын, цæст адæймаджы тынг сайы, - къуымты йæ цæст ахæсгæйæ, загъта Асиат, - ды мулкмæ акастæ, фæлæ дзы æз хорзæй ницы уынын, уыдон ницы сты. Æз та цыдæргъуызон фæджих дæн. Ацы хорз хæдзарыл, хорз дзаумайыл дæр та разы нæу? Уæдæ ма цы вæййы? Фæлæ мæнгæй нæ акæнынц: адæймагæн цас фылдæр уа, уыйас зыддæр кæны, æнæфсисдæр у. - Ау, уый та куыд, адон ницы сты? - Ницы. Сæйраг уый нæу, дзаума ницы у... Мах нæ ныхас нæма фестæм, афтæ дзæнгæрæджы тых- джын дæргъвæтин зæлланг ссыд. Асиат цæф арсы гæпп ракодта дуармæ. Æз фергъуыйау дæн, кæд, зæгъын æндæр исты хъуыддаг æрцыд æмæ фестадтæн. Цалынмæ æз мæ бынатæй стадтæн, уæдмæ ус къулдуары цур февзæрд. Дуар фегом æмæ дзы даргъ къахдзæфтæй æрбахызт саулагъз, стыр коцораджын, бæрзонд лæг. Усмæ фæкаст хъуын- джын æрфыгæй, стæй фæраст гаражы ’рдæм. Ус æм цыдæр сдзырдта, уый фæлæууыд, фæзылд æмæ уæлæмæ схызт, æвæццæгæн ын уазæджы тыххæй исты загъта. Базонгæ дæн мæ фысымимæ, йæ ном мын рахуыдта Тега.
Æрбадт мæ цуры, амыты-уымыты мæ афарста, стæй куы базыдта, Асиат раздæр мæ сыхаг кæй уыд, уый, уæд ма мæ иуран бадын кæм уагъта? Уайтагъд фынг авæрдтой. Дæлæмæ-уæлæмæ сарæх сты рæгъытæ нæ фембæлды тыххæй, нæ базонгæйы тыххæй. Фынг дзадджынæй дзадджындæр кодта. Адæймаг ма цы хæринаг систаид, уый нал зыдта. Хорз банозтджын стæм. Тега тынгдæр узæлын байдыд- та мæныл æмæ Асиатыл. Ме ’рцыды сæр куы базыдта, уæд мын ахæм ныфсытæ авæрдта, цыма æппæтдæр уымæй аразгæ уыд. Мæн тынг нæ уырныдтой йæ ныхæстæ. Нозт куыд цыд мæ сæры, афтæ дзурынмæ фæрæвдздæр дæн, фæлæ мæнæй рæвдздæр та фысымуыд. - Хорз у алцы дæр, фæлæ мæ цард ад нæ кæны, - йæ цæстытæ доны азилгæйæ, загъта Тега, - мæ царды цæуыл бацин кæнон уый мын нæй. Фысымæн дзуапп раттын æмæ йæ бафæрсын мæ бон нæ бацис. Тега йæ сæр бынмæ ауагъта, иудзæвгар ницы- уал сдзырдта, стæй фынг тымбыл къухæй уæлæн-гай æрцавта. - Кæмæн зайынц мæ бынтæ, кæмæн?... - катай-гæнæгау сдзырдта.- Цардæй-бухъ, фæлæ æцæг хæзнайæ-мæгуыр фысым. Асиат ныхъхъус, зæхмæ æдзынæг каст, йæ рустыл цæс- сыгтæ уадысты. Æз стыхстæн, цы акодтаин, уымæн ницы- уал зыдтон, ме ’взаг дæр мæ дзыхы нал арæхст, нозт мыл фæтых. - Уас мæ тæригъæд бахæрæд мæ хуыцауы хай, - загъта Асиат æмæ фынгæй сыстад. - Тега, дæ рын бахæрон,- æрæджиау сдзырдтон æз, сагъæс бафиппайгæйæ, - бирæтæн сывæллон цалдæр азмæ дæр нæ вæййы, цавæр уагъд акодтат уæхи кæлæхы галау? - Нæ, Гебраз, æз ницæмæ уал æнхъæлмæ кæсын. Ме ’нæрхъуыдыдзинады фыдæй. Исдуг мæ нæма фæндыд сывæллоныл фыдæбон бавзарын. Цалдæр æфхæлцы. Сыл- гоймаг фæсахъатджын æмæ... Нал ссис мæ бон йæ бафæрсын. Зæрдæ ныттар, æхсæ- *10
вы тарау. Сыбыртт нæ ничиуал кодта. Алфæмблай ныр- хæндæгис. - 0, зæрдæ цæмæй барухс уа царды, уый куы нæ уа, уæд адæймаг знæт кæны. Хатт асхойын Асиаты, æмæ цæмæн? Цæй тыххæй? Цы аххосджын у уый. Хатт баназын мæстæй æмæ нал фæхатын аххосджын æмæ æнæаххосджын. Ды кæсыс мæ хæддзæрттæм, зæрдæмæ цæуынц, чидæриддæр сæм батæхуды кæндзæн, фæлæ уыдон ницы сты. Уыдон сты æгомыг, æнæзмæлгæ дуртæ, хъуымацы гæппæлтæ, адæй- маджы чи зыд кæны, ахæм æнæтуг, æнæзонд, хинæй-дзаг бырæттæ. Æз кæддæр æнхъæл уыдтæн, зæгъгæ,.амонд ис бирæ фæллой, хорз хæдзæрттæ, машинæ æмæ æхцайы, фæлæ нæй, фæрæдыдтæн. Адæймаг куы сзыд уа, уæд бирæгъ йæ цуры ницы у. Ныр мæм бахъардта, цы у мулк, ис, бон. Æз æрвонгæй иунæгæй куы баззайын мæ хæдзары, уæд мæм алы къуымæй дæр фæхъуысы ниуын, никуы дзы схъарм вæййын цыфæнды тæвд бон дæр. Нозты уæз æмæ мæ æхсæвы тар хуыссæнмæ ныл-вæс- той. Цæстæй рæстмæ нал æвзæрстон, фæлæ мæм уаты къуымты раздæрау æрттывтой, цæхæртæ каллтой, цыку- райы фæрдыгау, фæлæ, цыма мæ фысымты цæстысыгтæ æрттывтой, афтæ мæм каст æхсæвы тарф фынæй дæр. * * * Райсом раджы фестадтæн, мæ рыстзæрдæ фысымы райхъал мæ нæ бафæндыд æмæ хъуызæгау рахызтæн æр- тыккаг дуарæй. Дыккаг уæладзыджы тыргъæй кæсын: къулдуар байгом, Тега йæ машинæйыл æрбахызт кæртмæ, Асиат уым цыдæртæ змæлыд, æз фефсæрмы дæн, æгæр кæй афынæй дæн, уый тыххæй. - Куыд раджы сыстадтæ? - уайдзæфгæнæгау загъта Тега. - Мæн цæуын хъæуы, - уыд мæ дзуапп. Дыууæ дæр мын мæ разы бæндæнтæ айтыгътой. - Куыд ис уый гæнæн, æмæ æххормагæй ацæуай, - Аси- ат бадиссæгтæ кодта. - Дæ хъуыддаг арæзт у Гебраз. Æппындæр ма тыхс, дзу- рын чемæ хъæуы, уый æз федтон, бааходæн кæнæм æмæ
фараст сахатмæ, кæдæм хъæуы, уырдæм бацæудзыстæм. Уазæг фысымы бар у, «нæ» зæгъын мæ бон нал бацис. Фараст сахатæй чысыл фæстæдæр бацыдыстæм нысан бынатмæ. Цæугæ-цæуын Тегайы дзыппы æртъыстон æхца, цас мын загъта, уыйас. Мæн машинæйы фæуагъта. Уый хъуыддаджы фæдыл ацыд. Бирæ æнхъæлмæ кæсын мæ нал бахъуыд, уайтагъд фездæхт, къаннæг чиныг мын ме ’ртты фæсагъта. - Æнæнизæй йæ хæсс, - раарфæ мын кодта мæ зæрдæ- хæлар фысым, сæвæрдта мæ автобусыл, хæрзбон ын загъ- тон æмæ рараст дæн, райгондæй нæ хæдзармæ. «Ныр ма иу ахæм... стæй ног машинæйыл сбаддзынæн. Уæд цард мæ фæстæ йæхæдæг згъордзæн», - уыд мæ дарддæры хъуы- ды. 0, фæлæ царды сæйраг уый у?! Æхца? Фæллой?! Куыд æввахсдæр кодтон мæ хæдзармæ, цас мыл фылдæр зонгæтæ æмбæлд, уыйас мæ цæсгом сырхæй-сырхдæр кодта, исчи- иу мæм йæ мидбылты куы фæхудт, уæд мæм афтæ каст, цы- ма мын мæ чъизи хъуыддаг базыдта æмæ ууыл худы. Мæ зæнгты тых асаст, цæстытæ нытталынг сты, афтæмæй бахæццæ дæн мæ хæдзармæ. Мæ хæдоны æгънæджытæ су- агътон æмæ сынтæджы ныххаудтæн... НОЗТ СДЗЫРДТА Иу уаты дзаджджын фынджы фарсмæ бадынц ставд сырх бæрзæйджын гуыппырриу нæлгоймæгтæ къæйттæ- къæйттæ дымст гуыбынджын сылгоймæгтимæ. Фынг зæу-зæу кодта, уæдæ карчы фыд, хъыбылтæ физонæгæй, къуыдырфыхæй стуры фыдызгъæл, кæф, еугæф. Зæгъгæ сæм дардæй кастæ æххормагæй, æнæмæнг дæ комы къул- ты дæттæ æрмызтаиккой, дæ ахсæн схæлбурцъ кодта- ид. Конячы авг куы раафтид вæййы, уæд та йæ фынджы бын баппарынц, иннæ æвгтыл сæмбæлы æмæ йе ’рдиаг ссæуы. Кувæг сысты, радон куывд акæны, дæле бадджытæ йемæ сразы вæййынц... Кæд кувæг хъæрæй фæзæгъы, ди- рижерау йæ къухтæ тилгæ, дыууæ, æртæ, уæд сæ къухтæ фæхырычъы кæнынц сылгоймæгтимæ æмæ агуывзæты
——о\лл«<^е^©<з^<><^л/ъ бынтæ фæхæрдмæ вæййынц. Кувæджы къухы дыккаг фæтылдæн, цыппар, фондз, зæгъгæ, сылгоймæгтимæ кæ- рæдзийæн ныпъпъатæ кæнынц. Æвгтæ афтид райдыдтой, сæртæ йедзаг. Алчи æнцъухы, фæлæ сæ алкæмæн иухъуы- зон хъару кæм уыдаид. Сæ иутæ зивæгкæнын байдыдтой. - Хитъо, ацы рæгъ нæхи тыххæй у дохтырты тыххæй, æнæ нуазгæ йын нæй, - цух-мухтæгæнгæ й^ем ныххатыд кувæг. - Нæй, Хъуырман, - дзуры Хитъо, - нал баназдзынæн,- сахаты фæстæ иу рынчынæн ахсæны операци хъуамæ сара- зон, - загъта Хитъо æмæ бандонæй ахауд. - Иу ма дзы аназ æмæ дæ операци хуыздæр рауайа, - бадзырдта йæм мæстыхуызæй цъæхдзаст дохтыр. - Худинаг у, мæ нозты тæф рынчыныл кæлдзæн, - зæх- хæй йæ цыппæртыл сыстгæйæ, бухъхъытæгæнгæ, дзырд- та Хитъо. - Уæдæ æз та расыгæй куы сапераци кæнын, уæд рын- чын æвиппайды фервæзы йæ фыдæбонæй,- сæрæстырæй дзуры Хъуырман. - Дæ хорзæхæй, куыд? - Радта фарст цъæхдзаст дох- тыр. - Уайтагъд йæ тыбыртæ ацæгъды æмæ йын мæхæ- дæгдæр ницы базонын йæ низ, йæ операцийæн, стæй куыд ныммæлы, уымæн дæр. - Афтæ дын кæд вæййы? - Мæнæ дзы уый куы нæ вæййы, - загъта Хъуырман, хистæр къух амонæн æнгуылдзыл ахафгæйæ. ХЪУЫДДАДЖЫ ЛÆГ Ацы хæдзар, æддейæ бакæсгæйæ, зындис æддæгуæ- лæйы хуызæн, уымæн æмæ дзы рудзгуытæ уыд бинаг уæттæн дæр æмæ уæллæгтæн дæр. Бинаг рудзгуытæн сæ тарвæзтæ уыдысты тротуары комкоммæ. Чидæриддæр загътаид: бинаг уæттæ цæрынæн нæ бæззынц. Фæлæ дзы алы райсом æмæ изæр дæр къаннæгуатмæ бахизæны раз фед- таис бадгæ, цыппор азы кæуыл цыдаид, ахæм нæлгоймаджы.
Кæртæй цæмæй уыцы уатмæ бацыдаис, уый тыххæй хъуамæ фæгуыбыр кодтаис. Уаты рахизæны чысыл фæйнæг æвæрд, йæ уæлæ кæттаг, цæмæй йыл мидæмæ цæуæг йæ къæхтæ асæрфа, фæлæ, хуыцау де уазæг. Куыддæр ыл къæхтæ баныдзæвынц, афтæ йæ рыг скæлы. Ахæм рыг у сыджытдзар астæрд дæр. Бæрæг у бирæ рæстæджы йыл дон пырх кæй нæ уыд. Уым бандоныл æдзух бадт, куы загътон, нæлгоймаг. Ныр дæр та бады. Рæмбынкъæдзтæ уæрджытыл æрæвæрдта, галиу къухæй бапъирозыл хæцы æмæ йæ рæстæгæй-рæстæгмæ сцъиры адджынæн. Дымд куы фæвæййы, уæд та йæ азыгъгъуытт кæны. Йæ разы кæрчытæ дыууæрдæм, хъахъагæнгæ, рацу-бацу кодтой. Дынджыр сырхуасæг йæ базыртæ стылдта кæрчытыл. Уы- дон фæйнæрдæм алыгъдысты, æмæуасæджы архайд ноджы фæтынгдæр.Кæрчытæ,сæбазыртæтъæпп-тъæппгæнгæ,сæ сæртæ афснайыныл фесты. Иу дзы йæ фыртыхстæй уатмæ балыгъд. Рыг сыстад, фæлæ нæлгоймаг нæ фезмæлыд йæ бынатæй. Иу къах иннæйы уæлæ бавæрдта æмæ зæхмæ йæ цæстытæ ныццавта. - Æуыцы дуар-ма ахгæн, Быттыр, - уатæй райхъуыст сылгоймаджы мæллæг хъæлæс. Быттыр ын цыма йæ хъæр нæ фехъуыста, уыйау бадт æнæзмæлгæ. Уæдмæ та дыккаг хатт райхъуыст сылгоймаджы хъæлæс: - Уым нæ дæ, Быттыр? Рыджы бын фæдæн! Уый сыстад. Къæсæры онг бацыд. Дуары рахæцæныл ныххæцыд, афтæмæй лæугæйæ баззад. Каст йæ мады мæллæг фæлурс цæсгоммæ. Уый хъæццулы бынæй йæ цæнгтæ систа, зыр-зыргæнгæ æмæ сæ уæле æрывæрдта. Быттыр лæууыд. Лæууыд æмæ йæм каст. Йæ сау æрфгуытæ бынмæ æрзæбул сты, цæстыты бынтæ сцъæх сты, мидæ- мæ бахаудтой, бахаудтой рустæ дæр. Куы сдзуры, уæд йæ дæндæгтæ урсæй, цыхты хуызæнæй ферттивынц. Быт- тырæн йæ мады уындæй йæ зæрдæ ныккæрзыдта æмæ йæ цæстытæ къуымты хаста. Рудзгуыты бын къултæ уы- мæлæй лæууыдысты. Сынтæгæй къулы ’хсæн сæвæрдтой электроплиткæ, цæмæй умæл ссур уыдаид. Иу къуы- мы нæлгоймаджы дарæс бандоныл æвæрд, иннæрдыгæй фынг. Йæ уæлæ пъамидоры кæрстытæ къусы мидæг, æмæ
иу авг «уырыссаг арахъ». Быттыр чысыл алæууыд, стæй нозтæй агуывзæмæ рауагъта; анызта йæ, фæлæ йæ хуыз нæ фендæр, цыма дон анызта, нæдæр къæбæрмæ февнæлдта, йæ æнæхсад къухæй йæ былтæ асæрфта. - Ницы ахæрдзынæ? - афарста йæ мады, фæлæ уый йæ сæр иннæрдæм азылдта. Сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты. - Сывæллæттæй никæй федтай? - æрæджиау æй афар- ста мад. Лæг зæхмæ ныккаст, нæ йæ фæндыд дзуапп рат- тын, фæлæ та уæдмæ фарст дыккаг хатт ауад йæ хъустыл æмæ уæд дзуапп радта: -Нæ. - Уæдæ ам лæзæр бон изæрмæ æмæ дæ куыстмæ дæр мауал ацу ис хæдзар æмæ бинонтæй, хъæды халонау, иу- нæгæй дæ хъиутæ хæр æмæ кæйдæр ныккæнды тухийæ мæл. Акæн мæ фæстæмæ хъæумæ, уадз æмæ уым амæлон. Быттыр ницы сдзырдта, дуармæ рахызт æмæ та бандо- ныл æрбадт. Горæххæсткомы къалидоры, йæ сæрыхъуынтæ зулмæ фасгæ, рацæйцыд онгджын бæрзонд нæлгоймаг. Адæм дзыгуырæй лæууыдысты иу кабинеты дуары раз æмæ се ’хсæнты рахызт, йæхи фæтигъмæгæнгæ, цæмæй сæ макæуыл баныдзæвдаид, никæмæ сæ бакаст. Иæ цæсго- мыл зынд, цæуылдæр кæй бамæстджын. Асинтыл бы- нмæ æрхызт уæззаугай, галиу къухæй гæзæнхъæдыл хæц- гæйæ. Бинаг къæлидоры рахисæрдæм фæзылд, цалдæр къахдзæфы сарæзта, стæй æрлæууыд, йæ къух ауыгъта æмæ фæстæмæ фездæхт, дзургæ: «Ам дæр та ахæм дзуапп райсдзынæн». Стыр тулдз дуæрттæй рахызт æмæ уынджы йæ цыд фæтагъддæр. Иу чысыл рауайыны фæстæ йæ разы, мидбылхудгæ, цæхгæр слæууыд йæхицæй сæвджындæр нæлгоймаг. Нæ йæм бакаст, цæмæй йыл йæхи ма скъуырд- таид, уый тыххæй йæ иувæрсты фæцæйхызт. - Хындо,- ауад йæ хъустыл, уый фемдзаст йæ размæ- лæууæджы цæсгоммæ. - Быттыр,- сабыргай сдзырдта, уый дæр æм æрлæууыд.
Кæрæдзийы къухтæ райстой. Быттыр æм алыгъуызон фарстытæ лæвæрдта, фæлæ йемæ ныхасгæнæгæн йæ цæс- гомы сау хуыз нæ сæхæлдис, æрхуымæй лæууыдис, йæ ны- хæстæ йын рæстмæ хъусгæ дæр нæ кодта. Уый уæддæр йæ дзæнгæда цæгъдынæй не ’нцад. - Æрæджы дæ горæххæсткомы бæстыхайы ауыд- тон, фæлæ дæм ницы сдзырдтон, хицауимæ цæуылдæр загъд кодтай, - йæ ныхас даргъ ауагъта Быттыр. Хындо йыл йæ цæст æрхаста: «Цымæ йæ нæ хаты, йæ ныхæстæ мæм æппындæр кæй нæ хъарынц, уый». Студентæй дæр дзæгъæлы дзурын бирæ уарзта, искæй-иу йæхи аирхæф- сын куы фæндыд, уæд-иу Быттырмæ цыдысты, баиф- тындз æй æмæ къæркъæраг фестдзæн, хатт-иу худæг ныхæстæ дæр кодтаид, сбыттыр-иу æй кодта, цалынмæ-иу ын æй сарæзтаид. Стæй йæ «фæбыттыр» кодтой, йæ æцæг ном та Батыр уыд, фæлæ йæ уыцы номæй ничи зыдта, æгæрыстæмæй лектортæ дæр. Æниу æм хъыг нæ каст. Ныр дæр та йыл фырдзырд бафтыд, йæ тых ныхасы кæрон-иу фæуд кодта кæддæриддæр йæхи пайдайæн. Уый хорз зоны Хындо æмæ æгæр куы дзæнгæда цагъта, уæд æм уый дæр хъусыныл фæцис, зæгъгæ, мæхи чысыл аирхæфсон. Цæуыл фæуыдзæн йæ ныхас, уымæ дæр сцымыдис. - Нуæрттæ халын нæ хъæуы, уыдон адæймагæн фи- дар куы нæ уой, уæд тагъд фæуд кæны, - дзырдта Быттыр. Æниу цæуыл загъд кодта Хындо уæд, уый хорз зыдта. - Куыднæ сæ халон, хæдзæрттæм рады лæууыдтæн æмæ номхыгъды размæ нæ цæуын, фæлæ фæстæмæ-фæстæмæ. - Гъе, ме ’рдхорд, ды афтæмæй хæдзар нæ райсдзынæ, - йæ ныхас ын цæхгæр фæлыг кодта Быттыр. - Уæдæ куыд? - бафарста йæ Хындо. Уый зыдта, æртæ мæймæ чидæртæ хæдзæрттæ кæй райстой æнæ радæй, уый. - Бирæхуызты гæнæн ис. - Уæддæр? - Быттыр йæ ныхас дардыл нывæзта, Хын- дойы та фæндыд, цæмæй йын исты бацамыдтаид. Зыдта йын йæ фердæхт. Иумæ ахуыр кодтой педагогон инсти- туты æмæ, диплом цы райста, уый йеддæмæ зонгæ ни- цы бакодта. Иу бон дæр ахуыргæнæгæй нæ бакуыста. Уай-
тагъд арæзтадон тресты прорабæй ныллæууыд. Куыд? Кæм ахуыргæнæг, кæм прораб? - Царды рахæцæнтæ зонын хъæуы. Æнæ уый цард не ссардзынæ. - Бацамон мын сæ. - Уæдæ хъус. Æрмæст дæ дзыхыл хъуамæ хæцын зонай, уый куы нæ фæразай, уæд хъуыддæгтæ хæлгæ кæнынц. - Уый тыххæй дын фидар дзырд дæттын. Сусхъæды сыфтæртæ сабыр змæлыдысты , цыма уалд- зыгон адджын тæфæй кæй баиртæстысты, ууыл сагъæс кодтой, уыйау сæ сусу-бусу цыд. Уæлæ мы-дыбындз æрба- тæхы, æрбадтис сыфтæрыл, йæ бырынкъ ыл цалдæр ра- ны авæрдта, хæринаг дзы ницыуал ссардта æмæ иннæ къалиумæ батахт. Уый бæласы бын ныхасгæнджытæм æппындæр нæ хъуыста, дзæгъæл бадынмæ йæ не ’вдæлд, тыхстис йæ куыстыл. Куы ницы бакуса, уæд ын ничи ницы ратдзæн æмæ æххормагæй баззайдзæн. Уый магусаты нæ уарзы, уайтагъд сæ æрбамары. - Цæй, изæры кæм æмбæлæм? - бафарста йæ Быттыр. - Ды кæмдæриддæр зæгъай, уым. - Уæдæ мæн фæнды ресторан «Зикъарайы». - Ам цæв дæ къух, Быттыр. - Уый йæ арм дардыл фæхаста, Хындойы къух ахæм цæф ныккодта, æмæ йæ хъæрмæ мы- дыбындз фæтарст, йæ сæр æфснайынмæ фæцис... * * * Бæрзонд рæхснæг сылгоймаг газы пецы уæлхъус ар- хайы, æхсæвæрæн хæринаг цæтты кæны. Лоджæйы чысыл стъолы фарсмæ дыууæ сывæллоны. Сæ иуыл цыдаид цып- пар азы, иннæуыл - дыууæ. Хъазынц, ныв кæнынц. Уæдмæ хæринаг сцæттæ. Фæлæ фынгмæ ничи æвналы. Дуармæ- иу къæхты хъæр куы ссыд, уæд-иу сывæллæттæ сæ хъус уыцырдæм адардтой. - Гыцци, бахæрæм, уæд та æрæгмæ æрбацыд баба,- ныллæг хъæлæсæй сдзырдта хистæр. Мад æм иучысыл кæсгæйæ аззад, стæй сывæллæтты æхсæвæрыл бафтыдта. Сывæллæттæ бафынæй сты, фæлæ сылгоймаг, æн-
хъæ-лмæгæсгæ, бадт. Фæсахсæвæртæй ахызт, афтæ дуары дзæнгæрæг ныззæлыд. Ус сыстад, дуар бакодта. Æрбахызт йæ лæг, йæ русыл ын йæ былтæ авæрдта. Сылгоймаг йæхи фенцъылдта - нозты тæф ын йæ улæфæнтæ ахгæдта. - Дзерассæ, иу диссаджы фæнд. Байхъус мæм, - райдыд- та нæлгоймаг бандоныл æрбадгæйæ. - Цы у, Быттыр? - афарста йæ Дзерассæ, фынгмæ хæри*- нæгтæ хæсгæйæ. - Мæн ницы хъæуы, æз хæрдджын дæн. - Зонын æй, фæлæ æз нырма æххормаг дæн. Искуы æр- вонгæй æрбацу дæ хæдзармæ æмæ немæ къæбæр бахæр. - Цæй, уымæн ницы у, - йæ даргъ хъуынджын къух куыдфæндыйы уагъд акодта,- сæйраг уый нæу, фæлæ зо- ныс цы? - Цы? - хæринагимæ архайгæйæ, афарста ус. - Æз æмæ ды хъуамæ ахицæн уæм. Сылгоймаг ныхъхъус, йæ размæ кæсгæ баззад. Сырх уадултæ афæлурс сты. - Цæмæн? - афарста йæ æрæджиау. - Цæмæн афæлурс дæ, æз æцæгæй нæ хицæн кæнын. - Иугæр куы ахицæн уæм, адæмыл куы айхъуыса, уæд ма æцæгæй чердæм нæу? - Хъус мæм. Лæг æмæ усы ЗАГС-ы гæххæтт кæрæдзийыл мыййаг нæ бæтты. Хъуыддаг цæй мидæг ис? Нæ куыстæн аразынц ног коммуналон хæдзар. Абон мын æй мæ хистæр загъта, - йæ чысыл цъæх цæстытæ тагъд-тагъд разил- базилгæнгæ, дзырдта Быттыр. Йæхи фæстæмæ ауагъта къæлæтджыныл. - Æмæ дæм куыд кæсы, куынæ ахицæн уæм, уæд сæ хæдзар арæзт нæ фæуыдзæн? - Мах тæрхондонæй ахицæн уыдзыстæм, æз æххуырсты ацæудзынæн, тæрхондоны фæндонмæ гæсгæ хæдзæрттæ иууылдæр баззайдзысты дæуæн. Доккументтæм гæсгæ мæнæн цæрæн бынат никуы уыдзæн æмæ уыцы хæдзар куы сцæттæ уа, уæд дзы ног фатер райсдзынæн, - æппæлæгау дзырдта Быттыр. - Æмæ дæ дыууæ хæдзары цæмæн хъæуы? Куыд дæ фæнды, æз ам уон æмæ ды та уым?
——^ллл^дзЛОЧЗ^^лл/ь - Нæ. Ды хъуамæ искæимæ мæнг ЗАГС скæнай. Сылгоймаг фестъæлфыд, йæ цæстытæ адынджыртæ сты, æрфгуытæ æлхынцъытæй сызмæлыдысты, цæсгом ноджы афæлурс. - Уый цытæ дзурыс, нозтджын дæ, уый зонын, фæлæ ма æрра дæр сдæ? - Æрра нæ дæн, фадатæй спайда кæнын хъæуы. - Цы сфæнд кодтай? - Дзерассæ стыхст, йæхицæн бынат нал ардта, йæ буар хæлбурцъ кæнын райдыдта. Быттыр æм æввахсдæр бабадт. - Бамбар мæ. Хъуыддаг къухæй ирвæзы. - Чердæм дæ бамбарон. Æргомæй дзур, цы дæ фæнды, уый. Кæд дæ нал фæнды мемæ цæрын, уæд ахицæн у, дар- дыл ма цы дзурыс. Усы сæры уысмæн хъуыды æвзæрыд. Хъуыды кодта, йæ лæг искуы искæцы сылгоймагимæ æмбæлдис æви нæ. «Чи зоны...» фæлæ никуы ницы фæхатыд, ницы йæ сæрæн зо- ны. Æниу хъуыды æрцахсын дæр йæ бон нал уыд. - Нæ горæты иу æмæ дыууæ ис æнæхæдзар лæгтæ, ис- кæимæ дзы дæхи ЗАГС-ы ныффысдзынæ, стæй та фæстæмæ тæрхондонæй ахицæн уыдзыстут. Ды уымæн уыцы хæдзар ныууадзынæ ног фатермæ. Ус фæиппард йæ хъуыдытæй. - Искæмæн фатер уадзыс æмæ æз та тæрхондæтты рацу- бацу кæнон? Алчи тæрхондонæй йæхи хизы æмæ ды та?... Цы ис уымæй худинагдæр. Нырма иу лæгæй ахицæн у, стæй та иннæмæй. Афтæ нæ зæгъдзысты, ай лæгтæ ивынæй чемпион суæвынмæ хъавы? - Тæрхондоны сын æй бамбарын кæндзынæн. - Æмæ сау тæпп уымæй сисдзынæн, науæд... - Куыд къуырма дæ, - лæг фескъуыдта усы ныхас, - фа- тер кæмæн ныууадзæм, уый нын æхца ратдзæн иу авд мины æмæ уый фæллой нæу? Цæттæ фæллой! Хид нæ рауадзгæ, стæй машинæ... Сылгоймаг фæхъус, нымдзаст йæ мойы хинæйдзаг цæс- гоммæ, стæй йæ цæстытæ доны азылдта. -Æдзæсгом! - Цæмæн дæн æдзæсгом. Иу æмæ дыууæ сарæзтой ахæм ми.
- Уый мæнмæ нæ хауы! - Байхъус мæм! - Чъизи æхцаты тыххæй æз мæхи нæ фегад кæндзынæн. Мæгуырæй уæздан æвзæр нæу. Дæхæдæг искæй ссар, ис- кæимæ ЗАГС-ы æрфысс дæ къух, мæнæн мæ бон не суыдзæн фæлывд митæ бакæнын, тæрхондæтты рахау-бахау. - Тæрхондоны сын иучысыл авæрдзынæн æмæ дæ æдыппæт кæд бахъæуа æртæ-цыппар хатты цæуын, - дзу- ры, æппæлæгау Быттыр. - Зæгъын дын, дæхæдæг искæимæ... Мæн ныууадз! - Мæнæн зындæр у. - Цæмæн? - Гæнæн ис æмæ мæ фæсайа, мацы мын радта, байса хæдзæрттæ æмæ йын æппындæр мæ бон ницы бауыдзæн. Сылгоймагыл æууæнк нæй. - Афтæ æууæнк нæй нæлгоймæгтыл дæр, фæлæ ацу æмæ дæ чемæ фæнды, уыимæ йæ сараз, мæн ныууадз, - ус йæ къус иуæрдæм азылдта, сыстад æмæ йæ уатмæ ба- цыд. Лæг йæ фæстæ акаст. «Ацу æндзыг, демæ фæнды дзур, фæнды ма!» - Ахъуыды кæн, - Быттыр ын уæддæр йæ фæстæ ад- зырдта. - Дзерассæ йæ уаты хуыссыд, æнæзмæлгæ. Афтæ ныс- сабыр, æмæ йæ улæфт дæр нал хъуыст, йæ къæ-мисæнты сæрмæ ныхы дыууæ фарс срыстысты, йæ туджы æл- хъывдад схызт. Йæ фарсмæ сынтæгыл йæ мой æрæнцад. Исдуг æнæдзургæйæ, стæй та райдыдта. Усæн дзырды бар нæ лæвæрдта. Цыбыр дзырдæй, Быттыр æй сбыттыр код- та. Сылгоймаг дзы сфæлмæцыд æмæ йын йæ алы фарстæн дæр «о» кодта. Лæг ын загъта, ЗАГС-ы кæимæ æрфысдзæн уый дæр, зæгъгæ, æхцаджын лæг у загъта йын, аст миныл кæй бафидыдтой, уый дæр, уыдонæй иу мин ратдзысты тæрхонгæнæгæн, цæмæй хъуыддаг тагъд сырæза, иу мин та дзы ратдзысты йæ хистæрæн ног фатæры тыххæй. Лæг йе ’фсинæй фæбузныг, æмæ райгондæй йæ иу фар- сыл куыд афынæй, уый нæ рахатыд. Сылгоймаг та йæ цæс- тытæ кæрæдзийыл дæр нæ авæрдта бонмæ.
* * * Къаннæг стъолы фарсмæ бадт Дзерассæ. Электроны цырагъ ссыгъта æмæ контролон тетрæдтæ йæ разы æрæ- вæрдта. Иугай сыл сабыр йæ цæст хаста. Рæдыд дзы кæм фæхаты, уым æй сырх пастæйæ бараст кæны. Тетрадтæн се ’мбис растгонд куы фесты, уæд йæ рæмбынкъæдзтæ стъо- лыл æрæвæрдта æмæ йæ армытъæпæнтæ та йæ роцъомæ радта быцæу. Бадт æнæзмæлгæ, кæимæ сдзырдтаид, уый йын нæ уыд. Ныр цасдæр рæстæджы иунæгæй цæры. Хатт эём йæ мой, æниу æй Дзерассæ йæ лымæн хоны, фæзыны æхсæвы иуæндæс сахатæй фæстæмæ. Æрбацæуы хъуызгæ, зæгъгæ, мæ мачи фена. Афтæ бадзырдта йæ усимæ: куыд ничи мæ уына, афтæ-иу æрбацæудзынæн, цæмæй адæм æцæгæй æнхъæлой, кæй ахицæн стæм, уый. Уадз, айхъуы- сæд, цы дзы ис худинагæй, фыццаг хатт кæнæ фæстаг хатт мах хицæн кæнæм, зæгъгæ. Чысыл абады, стæй та фæс- тæмæ фæцæуæг вæййы. Бадт Дзерассæ. Иу къуыммæ йæ цæстытæ ныццавта, стæй йын чысылгай донæй айдзаг сты æмæ йæ рустыл цæссыгтæ æртылдысты. Уый йæ сæр фынгмæ æруагъта. Ацы рæстæджы дуары дзæнгæрæджы дзинг-дзинг ссыд. Сыстад сабыргай, нæ тагъд кодта дуар бакæныныл æмæ та дыккаг хатт дæр æрбайхъуыст дзинг-дзинг. Дуары дæгъæл æрзылдта, фæлæ йыл мидæмæ не ’рбахæцыд, фæстæмæ йæ бынатмæ фæцæуыныл. Дуарыл æрбахæцыдæуыд. - Мæнæ сæ уырдæм бахæсс, - ауад йæ хъустыл йæ лæджы ныхас. Ныхасмæ фæзылд. Æнахуыр нæлгоймагуыд йæ моимæ. Сæ дыууæйы къухы дæр цæйдæр тыхтытæ. Уатмæ сæ бахастой æмæ сæ уым æрæвæрдтой. Бæрæг уыд, хуыссæнтæ кæй уыдысты, уый. Дзерассæ йæхи фыссæн стъолы фарсмæ æруагъта. Фырмæстæй сæр зылд. - Дзера, - сидт æм Быттыр, фæлæ уый ницы дзуапп лæ- вæрдта. Лæг барастусы кусæн бынатмæ. - Уазæг нæм ис, Дзера, - Быттыр та сабыр бадзырдта йе ’фсинмæ. Уый йæм зулмæ скаст. Нæ фезмæлыд йæ бынатæй. Уазæджы цур æм аив нæ каст уымæ тыхдзырд кæнын æмæ йæ ныууагъта, йе ’ргом аздæхта уазæгмæ.
- Уым уал уыдзынæ, Хындо, стæй... - дзырдта Быттыр йемæ. Уазæг йæ сæр разыйы тылд бакодта æмæ йæ цæст уа- ты къуымты ахаста. Цæуылдæрты ма адзырдтой, стæй уа- зæг дуарæй федде. Лæг йæ усы цурмæ бараст. Иудзæвгар лæууыд æнæдзургæ, стæй йын йе уæхскыл йæ къух æрæ- вæрдта. Сылгоймаг æй асхуыста. - Кæй мын æрбакодтай дæ бынатмæ, - фестад Дзе- рассæ. - Цæй, \хы кæныс, адæм иууылдæр афтæтæ кæнынц. - Куыд афтæтæ? Сæ устыты цурмæ искæй лæгты кæнынц æмæ сæм сæхæдæг та хъуызгæ цæуынц?! Лæг дзурын нал сфæрæзта. - Цы ми хъуамæ кæнон искæй лæджы цур дыууæ æнахъом сывæллонимæ иумæйаг хæринагаразæны, иу фа- теры? Æууæндгæ та мыл куыд кæныс? Быттыр не змæлыд йæ бынатæй. Фæлæ фæстаг ныхасмæ йе уæнгты уазал алыгъд, йæ ныхыл сур хид фæзынд, асæр- фта йæ къухмæрзæнæй. Фæбадт æнæдзургæ, стæй рацыд, йæ къæхтæ къуыргæ. - Фæцæуыс та? - ус æй афарста. Уый фæстæмæ нæ фæ- каст, афтæмæй дзуапп радта. -0. - Уæдæ атагъд кæн, æндæра дæ исчи фендзæн! Лæг къæсæрæй рахызт, ус ыл дуар рахгæдта. * * * Тар æхсæв йæ базырты бын нынныуæрста горæты. Арв йæ гыбар-гыбурæй нал æнцадис, йæ ферттывд мигътыл къæдз- мæдзытæй атыхсы, цæхæртæ акалы. Къæвда къæртайæ калæгау кодта. Электроны рухсытæ аххуыссыдысты æмæ, бæрзондæй æркæсгæйæ, горæты хуызæнæй дзы ницыу- ал зынд. Кæцæйдæрты ма дзы æрттывтой лампæ æмæ мы- дадзы цырæгъты рухсытæ. Дзерассæ хистæр сывæллоны сынтæджы хъæццулы бын æрныуæрста, иннæйы йæ хъæбысы æрбатыхта. Фæссихор сывæллон стæвди. Радта йын тæвды хостæ, йæ къæхтыл ын хуырхæйдзаг хæцъилтæ
дæр февæрдта, фæлæ уæддæр йæ тæвд нæ хаудта. Фæстаг хатт ма йын тæвдбарæн йæ дæларм бакодта. Басгæргта йæ, æмæ куы федта йæ тæвд цыппор градусмæ схызт, уæд ску- ыдта, йæ рустæм фæлæбурдта. Сынтæгыл æй авæрдта æмæ рудзынджы ’рдæм, йæ уæрджытæ хойгæ бацыд, зылд къуымты. Цæмæн? Йæхæ- дæг дæр æй нæ зыдта. Нал зыдта, фырадæргæй цы акод- таид, уый. Хъуыд «тагъд æххуысмæ» фæдзурын, фæлæ уым æввахс телефон нæ уыд. Кæмæ бадзура? Алчи фынæй кæны, йæхицæн цæуæн нæй, сывæллæтты кæимæ ныууад- за. Йæ амондæн, йæ утæхсæнмæ, йæ кæуынмæ йæ цæрæг райхъал. Хындо фестад: - Цы уыд? Цы кодтай? - сылгоймаджы ахæм хуызы ауын- гæйæ, сонт фарст акодта. Уый, хæкъуырццгæнгæ, сдзырд- та: «Сывæллон, сывæллон...» Дыууæ, мæйы дæргъы Хындо йæ къах цы уатмæ нæ бавæрдта, уым цæрæгæсау смидæг. Сабийы цæсгом ныссырхи, йæ цæстытæй нал каст, йæ тæнтæ æппæрста, йæ буарыл ын йæ къух авæрдта. - Æллах, æллах! Сывæллон басыгъд! Тагъд æххуысмæ фæдзурын хъæуы! - æмæ йæ пиджак йæ уæлæ æрбакод- та. - Ам æввахс телефон кæмæ ис? - Никæмæ, - Дзерассæ, цæссыг калгæ, дзуапп радта. Дард- дæр æм лæг нал байхъуыста. Дуармæ рахызт. Дзерассæ йæм джихæй каст æртыккаг æддæгуæлæйæ æмæ-иу арвы ферт- тывдмæ ауыдта, Хындо цъыфты, цæдты куыд тындзыдта размæ, йæ сæрыл газет æркæнгæйæ. Ус сæфсæрмы. Зын ын уыд, ахæм уавæры йæ кæй уыдта, уый. Баздæхт фæстæмæ йæ сывæллонмæ. Йæ риумæ йæ æрбалхъывта, стæй йын йæ сæр армæй адаудта. Æрдæг сахаты фæстæ «Тагъд æххуыс» фæзынд. Дохтыр æмæ медицинон хо сывæллонæн æппæт амæлттæ саразыны фæстæ куы раздæхтысты, уæд Дзерассæ фæкомкоммæ Хындойы хуылыдз дарæсмæ, уæрджытæй дæ- лæмæ цъыфамæхст, лæпъа, сæрыхъуын сæрыл нытътъæпæн. Лæг йæ цæстытæ зæхмæ ауагъта. Сывæллоны тæвд куы æрхауд, уæд Хындо дæр, йæ ху- ылыдз цъындаты фæд уадзгæ, фæцæуыныл йæ уатмæ. Къæсæргæрон цъыф дзабыртæм фемдзаст, кæсгæ сæм аззад. Фæхатыдта, йæ цъындатæ æмæ хæлафы къæхтæ
дæр цъыф кæй сты. Бахызт уатмæ, раивта йæ хæлаф æмæ ваннæмæ бацыд, се ’хсынмæ. Ус æм каст. Йæ цæсгом ын бар нæ лæвæрдта йæ бæсты дзаумæттæ сæхсын. Чи мын у зæгъгæ, кæй лæджы дзаумæттæ æхсын, цы ахъуыды кæн- дзæн уый йæхимидæг. Каст ын йæ алы фезмæлдмæ дæр цъынд цæстæй. Йæ уынд, йе сныхас ын уыд уæнгæл, хъыл ма. Йæ цæстыты раз-иу æрбалæууыд йæ мой, фæлæ йæм хатт уымæ дæр фæзыны æнæуынондзинад. «Ау, куыд мæ ныуу- агъта кæйдæр лæджимæ иу фатеры». Хындо бирæ хæттыты архайдта уымæн сыгъдæг зæрдæйæ балæггад кæныныл, фæлæ йын Дзерассæ бар нæ лæвæрдта, никуы йæм бакаст комкоммæ, йæ къæхты уынæр ын зæрдæнизау уыд. Фæстагмæ йыл нæлгоймаджы уæздандзинад, æфсæрм- дзинад æмæ хæс фæуæлахиз сты. «Ау, æмæ йын чи дæн? Мæн тыххæй куы сæзмæст цъыфы», фестъæлфыд Дзерассæ. Фе- стад. Æнæдзургæйæ, ваннæйы йæ фарсмæ балæууыд æмæ йын сæ йæ къухтæй райста. Лæг сæ нæ лæвæрдта, фæлæ йæ хъустыл куы ауад «уый нæлгоймаджы куыст нæу æнæниз сылгоймаджы цур», уæд йæ зæрдæ фæфæлмæн. Ахæм ны- хас арæх хъуыста йе ’фсинæй æмæ йæ цæстыты раз уый фæлгонц æрбалæууыд. Дыккаг райсом раджы Хындо сыстади. Ведратæ сæхсад- та, дон сæ райста æмæ стæй магазинмæ продукттæм ацы- дис. Цыма æцæгæй йæ хæс уыд уыдонæн лæггад кæ- нын, афтæ йæм каст. Сылгоймаг, æвæццæгæн, æхсæвы хуыссæгхъæлдзæгæй афынæй æмæ куы фехъал, уæд йæ зæрдыл æрбалæууыд, райсом раджы дон куы нэе райса, уæд баззайдзæн æнæ донæй, сывæллæттæ та æнæ ’хсырæй. Фестад. Тагъд-тагъд йæ дарæс акодта æмæ, йæ халаты æгънæджытæ æфтаугæ, крантмæ атындзыдта, фæлæ до- ны ведратæ йедзагæй куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис. Иуæй йын æхсызгон уыд, иннæмæй та хъыг. «Чи мын у, чи йын дæн, цæмæн мын хъуамæ лæггад кæна, цæмæн дзы уон хæсджын?» Йæхимидæг бампылæгау кодта, зæхмæ каст, смæсты. Хæринагаразæнæй уатмæ рацæйцыд. Ацы рæстæджы йыл ссыд дуары уынæр, стæй æвгты дзыгъал- мыгъул æмæ æрлæууыд. Йæ разы æд æхсыртæ лæууыд Хындо.
— 0УЦ^чЗ>чО^©о©^<>с-ЛЛ/Ь - Куыд раджы сыстадтæ. Бафынæй кæн, дысон фæ- хуыссæгхъæлдзæг дæ, - сабыр сдзырдта лæг. Дзерас- сæйæн цыма исчи йе ’хсæрфарс ныдздзæхст ласта, афтæ фæцис. «Мæнмæ суæндынæн ын фадат фæцис». Нæ йæм бакаст. Ницы йæм сдзырдта, ахызт йæ иувæрсты. Архайд- та йæ сабитимæ, æфснайдта йæ уат. Хæринагаразæнмæ йæ бацæуын фæндыд, фæлæ зыдта, Хындо дзы цыдæртæ ар- хайы æмæ йæ уый урæдта. «Кæйдæр лæджы цурмæ...» - Дзера, аходæн цæттæ у^ - ауад йæ хъустыл Хындойы хъæлæс. Уый фестъæлфыд. Иæ уæнгтæ сæхи мидæг бадон сты. Хъуыст æм, къустимæ, уидгуытимæ куыд архайдта, уый. «Мæ къуымæн æсхицау. Уый та куыд?» Сылгоймагæн хуыссæнтæмбæрзæн йæ къухтæй æрхауд. - Дзерассæ, сывæллæтты ракæн æмæ рацу, - ногæй та йæм фæсидт. Хистæр сывæллон мады фæччитыл рахæ- Цыд: - Цом, гыцци! Мад æм æркаст. Амæсты. Сæры тугдадзинтæ ныццав- той. Сывæллоны йæ хъæбысмæ систа, баузæлыд ыл, стæй йæ сæр батылдта, «нæ», зæгъгæ. Сывæллон ын йе ’фцæггот райвæзта цалдæр хатты, фæлæ мад ныццæхгæр, йæ цæстытæй масты стъæлфæнтæ хаудтой. - Цом-ма, стонджы мын у. Мад аджихтæ. Сывæллон æй басаста. Иу дзы йæ хъæ- бысы, иннæмæн йæ къухыл хæцыд, афтæмæй бацыд хæ- ринагаразæнмæ. Хындо цыма фарны уазджытыл сæмбæлд, ахæм хъæлæсыуагæй загъта: - Бадгæут, уæ хорзæхæй. Лæггад кæнынмæ бар! Æцæгдæр, Дзерассæуазæджы бадтæркодта, йæ разы йын хæринæгтæ авæрдта. Уый йын йæ арæхстджын змæлдмæ кæсгæ баззад. Сылгоймаджы зæрдæ адихтæ. «Махон куыд ницæмæ арæхсы, ныуазын æмæ фæлывд митæй дарддæр». - Мæ лæппу дæ чысыл лæппуйы ’ййасæй баззад, - сдзырдта Хындо, фæлæ йæ ус цыма хъусгæ дæр нæ факод- та, йæхи афтæ дардта. - Мæхæдæг æй схъомыл кодтон, никæмæ куымдта, - дзЫр,цта дарддæр лæг. - Йæ мад кæм ис? - фæстаг ныхасмæ йæ афарста ус.
Хындо арф ныуулæфыд. Йæ къус иуæрдæм азылдта, стæй æнкъардæй загъта: - Нал ис... * * * Сыхæгтыл, зонгæтыл айхъуыст, Быттыр йæ усæй кæй ахицæн. Бирæты уырнгæ дæр нæ кодта. Уымæн æмæ сæ æддæмæ хъæлæба никуы райхъуыст. Фæстагмæ ма йын цы æнæ уырнгæ уыд. Йæ ус æндæр лæджимæ бацард. Д исау сæм каст, Хындо куыд бацыд дыууæ æнахъом сабийы мадмæ, уый. Сыхæгтæ арфæтыл ныллæууыдысты Дзерассæйæн йæ ног амонды тыххæй. Алырдыгæй дзырдтой: - Æмæ цы? Тынг раст бакодта. - Уыцы арахъы боцкъамæ ма куы нæ кастаид. Дзерайæн ахæм ныхæстæм хъусын зын уыд, фæ-лæ æргом ницы дзырдта. Хатт-иу фыр мæстæй фæцæ-уы- ныл, цæмæй сын сæ ныхæстæ ма хъуыстаид. Сыхæгтæй комкоммæ никæмæуал касти, нал æй фæндыд искæуыл фембæлын. Йæ дæндаджы хид цыд йæ моймæ, йæ зæрдæ йæм схæрам. Иу æхсæв æй расыггæнаг сых&г Хитъор (афтæ йæ хуыдта Дзерассæ] сыхæгтæй цалдæримæ балæууыд сæ къæсæрыл. Йæ худ систа æмæ зæрдиаг арфæтыл схæцыд. Афтæ иннæтæ дæр. Уынджы-иу Дзерассæ фæцæуыныл, фæлæ ам цы акодтаид, уымæн ницыуал зыдта. Слæууыд æмæ сæм джихæй каст. - Не сиахс кæм ис, не сиахс? - домдтой уыдон, - фæдзурма йæм. Хындо хъæлæбамæ рахызт. Каст сæм уый дæр, нæ сын бамбæрста се ’рбацыды сæр. Уазджытæ арфæтимæ домд- той цæрæнбонты тыххæй акувын дæр, фæлæ Дзерассæ иннæ уатмæ бацыди æмæ уым йæ цæссыг калынæй нал æнцадис. Иуцасдæр рæстæджы Быттыр бынтондæр никуыуал зынди. Дзерассæ схъыг, йæ маст ноджы скарз æмæ йæм цалдæр хатт бацыд йæ куыстмæ. Фæлæ-иу ын загътой: «Командировкæйы ис», «Уазджытимæ ацыд» æмæ æндæр ахæмтæ. Сылгоймаг сдыгъуырццæг, сывæллæтты дæр-иу асху-
— 1ЛЛ/^><^У9«®^^<>ЛЛЛ; ыста. Къуымтæй йæм уазал уымæлы смаг цыд. Йæ цæст нал уарзта хæдзары р^азилын дæр, цыма йын æцæгæлон уыд, афтæ йæм зынд. Йæ буар дзы нал хъарм кодта. Тыхст дыууæ сабиимæ. Бæргæ йын Хындо йæ арм рог кодта, фæлæ йын æппындæр ницы бæсты цыд. «Чи мын у? Цæмæн дзы хъуамæ уон хæсджын, стæй æрмæст...» Иу æхсæв Дзерассæ фынæйы сæраппонд йæ цæстытæ кæрæдзийыл æппындæр нæ авæрдта, æрмæст бонæрдæм афынæй. Схъиудта йæхи мидæг æдзух. Сывæллон райхъ- ал, скуыдта æмæ мад дæр йæ цæстыхаутыл уæззаугай схæцыд. Сывæллоны барæвдыдта. Уый æрсабыр. Дзерассæ рабадт йæ сынтæджы, сахатмæ фæкомкоммæ. Дæсæм са- хат. Хæринагаразæнмæ бауад, фæлæ, иннæ райсомтау, ацы хатт фынгыл æхсыры æвгтæ нал лæууыдысты. Йæхи- мидæг фæхъыг ис Хындомæ, афтæмæй-иу иннæ хæттыты та мæсты кодта, зæгъгæ, цæмæн мын лæггад кæны. Сыхæгтæй æддæмæ ничи зынд. Цы акæна, уымæн ницыуал зыдта. Фырмæстæй йæ кæуындзæг йæ хъуырмæ схæццæ æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты. Дыууæ боны никуы разынд Хындо. Ус æм æнхъæлмæ каст. Æвæццæгæн ын уыцы уысм Быттыры фенд афтæ æхсызгон нæ уыдаид, Хындойы фендыл цас бацин кодта- ид. Рудзынгæй йæ цæстытæ фæндаджы æрдæм ныццавта. «Кæдæм фæ’цыд? - фарста æдзух йæхи. «Куыд ницы мын загъта». Ахæм фарст йæ дзыхæй никуы схауд йæ лæджы тыххæй. Кæстæр сывæллон йæ хъæбысы, иннæ хылд йæ фæстæ, хызыны - æвгтæ, рахис къухæй сыл хæцыд. Хистæр цыд уæззау, дæтты сæпп-сæпп гæнгæ, цъыф дон ыл калд, сызмæста йæхи. Мад æм цалдæр хатты сабыргай сдзыр- дта, бафæдзæхста йæ, цæмæй сурты цыдаид, фæлæ уæддæр уый нæ саст æмæ йæм фæтызмæг. Ноджы йын фы- дæнæнмигæнæгау арæзта. Мад галиу къухмæ хызын рай- ста æмæ лæппуйы радзæхст ласта, сæлгъыста йæ. - Куыцыкк, гыццийы коммæ цæмæннæ кæсыс? - ау- ад Дзерассæйы хъустыл зонгæ хъæлæс. Уый йæхимидæг андзыгау, йæ хъустæ ныггуыз-гуыз кодтой. Зæххæй, йæ цæстытæ нæма систа, афтæ та ноджы:
^^о^^о^о^о/ь^улт—— - Дзера, мæхи Куыцыччы мын ма æфхæр. ^ Йæ разы худгæбылæй лæууыд Хындо. Йæ иу къухы- егъау дымст хызын, иннæмæй хæцыд сывæллоны къухыл. «Æвæццæгæн,йæлæппуу,>>-фæхъуыдыкодтаДзерассæ.Фы- цаг хатт фæхудти нæлгоймагмæ. Барухс йæ зæрдæ, цæсгомы тар фæлыгъд, æрфгуыты æлхынцъ айхæлд. Цыма дынджыр уаргъ йе ’ккойæ æриста, афтæ рогæй сулæфыд, фæлæ дзы уæддæр не схауд фæлмæн дзырд. Æрмæст ыл комдзог цыд йæ цæсгомы хуыз, йæ фенд ын æхсызгон кæй уыд. - Дæ лæппу у? - афарста йæ сывæллонмæ кæсгæ. «Йæ- хиау - рæсугъд, онгджын», - дзырдта йæхи мидæг. - Уый у, - Хындо дзуапп радта, йæ хъæбулмæ кæсгæйæ, стæй ма йæ ныхæстæм бафтыдта: - раздæх, цы хъæуы, уы- дон рахастон. Ус ын йæ хызынмæ бакаст, стæй фæстæмæ фæцæуы- ныл. Алы сихоры, ализæр Дзерассæ цæмæндæр, æнæбыхсгæ æнхъæлмæ каст йæ цæрæгмæ. Уыцы æнхъæлмæ каст ын тынгæй-тынгдæр райдыдта. Нæдæр ын йæ сывæллоны хицæн кодта йæхиуæттæй. Нæлгоймаг дæр тагъд райдыта хæдзармæ. Йæ дарæс алыхатт дæр йæ уаты сыгъдæг æмæ итуæвæрдæйлæууыдысты.Хæринагаразæнысезмæлдуыд иумæ. Иу дзы æнæ иннæ фынджы фарсмæ никуы æрбадт. Ус йæ куыст кодта æнæмæтæй, йæ зæрдæ ницæмæуал æхсайдта. Алы райсом сывæллæттæн уыд хицау, чи сæ акодтаид цæхæрадонмæ, стæй изæры та фæстæмæ, нал хицæн кодтой сабитæ дæр лæгæй. Дзерассæйы нал хъу- ыд магазины продукттæм рады лæууын, изæры-иу сæ иу хæдзармæ раздæр куы æрбаивгъуыдта, ’уæд-иу иннæ йæ размæ рацыд, кæнæ та-иу рудзынджы цур лæугæйæ баззад. Хатт кæрæдзийыл сæ цæстæнгас сæмбæлы. Сылгоймаг- иу фефсæрмы, цæстытæ-иу зæххы ацавта, фæлæ-иу мид- былхудт йæ цæсгомыл алыгъд. Уыцы мидбылхудт ку- ыд фæстагмæ æргомæй - æргомдæр кодта! Æцæг-иу æй хатт тарæрфыгæй фæивта, æмæ-иу уæд лæг фæгуырысхо, æндæра-иу бирæ хæттыты ахъавыд уымæн ныпъа кæ- нын æмæ атыхсынмæ. Ахæм рæстæджы йæхи хатыд- та æмбылдыфæуæгау. «Сылгоймаг хæйрæг у сайы мæ йæ
——^дллчк^е^в^^лл/ъ ахастæй, цæмæй йын лæггад кæнон». Æниу йæ ахæм хуыз бирæ нæ хаста, йæ цардбæллиц æнкъарæнтæ йыл уæлахиз райдыдтой. «Æз дæр иу хатт цæрын, стæй алчи дæр йæхи тыххæй цæры». Йæ зæрдыл-иу куы æрбалæууыд, йæ сыхаг Мæдинæты размæ йæ мой куыд фæцæйцæуы, йæ арм ын куыд рог кæны, æнæ сæ кæрæдзи куыд нæ лæууынц, уый, уæд-иу йæ къух ауыгъта. «Уый бæрц дæр нал дæн, мæнæн мæ лæг цæмæннæ у афтæ. Куы амæлон, уæд ма дыккаг хатт райгуырдзынæн æмæ хорз цард уæд базондзынæн, цы кæнын хъуызгæ цардæй? Хорз цард æрмæст æхцайы мидæг ис?» Усы цæстытыл æдзух рауай-бауай кодта Хын- дойы сурæт, фыны дæр-иу ын йæ ном дзырдта. Иуæхсæв лæг йæхи хъуыдыйы сыстад, йæ хъустыл ауад йæ ном, æрлæууыд, байхъуыста, дыккаг хатт дæр та фехъуыста. Фæдзырдта йæм, цы кæныс, зæгъгæ, фæлæ йын дзуапп ни- чи радта. Дуарæй байхъуыста, æмæ усæн йæ сым-сым куы цыд, уæд фæстæмæ раздæхт æнæдзургæйæ, зæгъгæ, мæ хъустыл цыдæр ауад. «Æвæццæгæн мæ зæрдæ йемæ дзуры æмæ...» - аскъуыддзаг кодта йæхимидæг. Куыд фæстагмæ ус нынкъард. Спыхс, сдзырд æм нал уыд, сывæллæтты схойын райдыдта. Хындомæ йе ’рф- гуыты æлхынцъ нал хæлд æмæ уый дæр йæхи хибар дард- та. Æниу-иу йæ къæхты хъæрæй дæр йе уæнгтæ æрыз- гъæлдысты, йæ сæр-иу куыройау разылд, фæлæ ус йæхи нал саста. «Цы кæнын, цы мыл æрцыд, мæхи фидиссаг кæныны къахыл куы слæууыдтæн, йæ арæхсджын ар- хайдæй мæ куыд сайы...» Ныллæууыд йæ лæджы агуры- ныл, фæлæ йæ фæд фесæфт, фæстаг хатт базыдта сокты вагонимæ проводникæй кæй ацыд Уырысмæ. Сылгоймаг фырмæстæй йæ цонджы хъулмæ дæндагæй фæлæбурдта, цæсты сыг дзы не ’рхаудта, фæлæ йæ зæрдæ фырмæстæй скъуыд, улæфын нал фæрæзта. «Куыд нæ бацыд хæдзармæ, куыд ницы мын загъта... ныр цыппар мæйы...» Цыд йæ хæдзармæ уæнгтæхъил æмæ къæхтæ къуыргæ, бæстæ йыл зылд, нытталынг ыл... Цыд æмæ йæ сæры магъзæй нæ хицæн кодта «Кæдмæ йæ агурдзынæн, кæдмæ хъуызгæ цард кæндзынæн», стæй агуринаг чи фæуа, уымæй ма цы ’нхъæлдæуа».
^т^^г&О^^луолт—— - Дзера, - ауад сылгоймаджы хъустыл æмæ йæ цæстытæ зæххæй уæззаугай систа, йæ фарсмæ лæууыд йе скъолай- он æмбал Фæризæт. Уыйимæ сæ дыууæ хойы хуыдтой, уæлдай-иу сын нæ уыд, æхсæв Фаризæттæм баззадаиккой æви Дзерассæтæм, кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой. Фаризæт ыл атыхсти, фырцинæй цы акодтаид, уый нал зыдта, фæлæ Дзерассæйы адджын цин куы нæ банкъардта, уæд æм джихæй кæсгæ баззад. - Цыдæр кæныс? - бафарста йæ уый цæстытæм кæсгæ. Уый йæ цæсты сыгтæ æркалдта. Фаризæт ноджы сцымы- дис, бахъардта йæм чызджы ’нкъард ахаст æмæ йæ хынц- фарст райдыдта. Фæстаг хатт Дзерассæ йæ хæкъуырцц нал баурæдта, афтæмæй йын йæ рис загъта. - Æмæ фынæй бадæ, нæ зоныс, Уырысы йын бинонтæ ис, уый, - алæхурдта Фаризæт. Дзерассæ ирд цæстæй баз- зад, цыма йæ туг ныллæууыд, афтæ йæм фæкаст, цæсты сыг дзы нал æрхауд. - Ды йæ цæмæй зоныс? - бафарста йæ ризгæ хъæлæ- сæй. - Йæ усы фыстæджытæ иууылдæр цæуынц сæйраг постмæ, мæнмæ, ныртæккæ дæр дзы ис иу фыстæг. Дзерассæйы бирæ нал бахъуыд нырдиаг кæнынмæ, фæлæ фæхъуыды кодта, чи мæ фехъуса, уый цы зæгъдзæн, зæгъгæ. Йемæ фæраст, æнæ дзургæ, постмæ. Дзерассæ мæстæй тъæпп хаудта, йæхи хордта, тæр- хондонмæ йын кæй сразы, уый тыххæй, куы та фыстæджы дзырдтæ йæ цæстыты раз æрбалæууынц «Алан къахæй згъоры... Цавæр шабашкæ у, фæу йæ... сфæлмæцыдтæн иунæгæй... дæ фатерæй цы кæныс...» Ус йæ цæстытæ æрæхгæдта æмæ арф ныуулæфыд. «Мæ сæрмæ йæ кæй ба- хастон, æгасæй уый аргъ у?» - загъта химидæг æмæ йæ иу фарсыл æрзылд. - «Уый хъæуы ’хца, Хындойæ сæ асайдзæн æмæ æз та баззайдзынæн уæзæджы къæйыл, - аскъу- ыддзаг кодта химидæг, - фæлæ багъæц, æз дæр туг æмæ стæгæй конд дæн». Хатт-иу нал зыдта, цы загътаид, уый. Афтæ йæм каст, цыма йæ сæр ницыуал æмбæрста, ныкъ- къуыдыр, хъуыстис ма йæм æрмæст йæ хъусты гуыз-гуыз.
——1ллл^к^о^©о©^ги>лл/ъ Хындо-иу æй куы афарста, цы кæныс, загъгæ, уæд-иу ницы дзуапп лæвæрдта, стæм хатт-иу загъта: «Мæ сæр риссы». Æнæфæздæг зынджы уацары бахауд. Куынæ зынд Быттыр, уæд, рæхыстонæгау, атыдта тар хъуыды æмæ загъта: «Цæй, адæм куыд æнхъæлынц, афтæ уæд». Ус Хындомæ фæлмæн бахудт, Хындойы зæрдæ бæрæг фæлдæхт фæцис... Иу изæр къаннæг фынджы фарсмæ æрбадынмæ ку- ыд хъавыдысты Куыцыччы гуырæнбон банысан кæныны сæраппонд, афтæ дуары дзæнгæрæджы хъæр фæцыд. Сывæллон дуар бакодта æмæ мидæмæ æрбахызт Быттыр. Сывæллон йæ хъæбысмæ сисынмæ хъавыд, фæлæ дзы уый йæхи атыдта. Бараст хæринагаразæнмæ. Фынг цæт- тæйæ куы ауыдта, уæд бацин кодта, æнæ салам ратгæйæ. Хындойы цæсгом фæтар. Усы цæсгом цæхæртæ калдта, схъулæттæ, дудыдта, слæууыд иу ран, сагæйттæ йæ къух- тæй æрхаудысты. Иу каст Быттырмæ бакæны, иннæ - Хын- домæ. Фæстаг хæринагаразæнæй рацыд. Лæг фынджы фарсмæ æрбадт. - Сымах цæмæннæ бадут, - скаст йе ’мкъаймæ, - Хын- до та цы фæцис? Фæдзур ма йæм. Бирæ рæстæг мын нæй. Хындо, цы фæдæ, цы? Ус æм каст, хаста йыл йæ уазал цæстытæ. «Фондз мæйæ фылдæр ам нæ уыд æмæ йын ныр дæр бирæ рæстæг нæй. Гъай-гъай!» - Кæд дын рæстæг нæй, уæд мæм цæмæн æрбацыдтæ? Уый арахъхъ æркодта агуывзæйы æмæ йæ анызта. - Нæ мæ ’вдæлы, тагъд хъуыддаг мæ ис. Ног фатеры ор- дер райстон... Æхца мæ уæлдæфау хъæуы. Хындо рауай ма. Уый йæм бацыд, йæ цæсгом ныттар афтæмæй. - Харитон! Æхца мæ хъæуы срочно! - Хæдзар нырма сæрибар нæу. - Уымæн ницы нысаниуæг ис, хæдзар дæу у. - Хорз. Райсом къассæйæ райсдзынæн, фæлæ... - Фæлæтæ, йедтæ ныууадз, цафон фембæлдзыстæм? - Фараст сахатыл къассæйы раз. Ус цалдæр хатты йæ дзых фæхæлиу кодта, зæгъгæ, Алан æмæ дæ бинойнаг куыддæ сты, фæлæ Быттыр къæркъæраг фестад æмæ ус дзурын нал сфæрæзта. Уый
^УЦ^-^К^е^С^^о-ОЛЛ^ — тагъд-тагъд ахордта æмæ феддæдуар. Ус дæгъæлæй дуар сæхгæдта. Дуары æнцой иучысыл алæууыд, стæй бараст хæринагаразæнмæ. Хындо лæууыд æмраст, цыма йæ ис- чи садзгæ ныккодта. Ус æм каст комкоммæ, цыдæр сдзу- рын æнхъæл. Бацыд æм хæстæгдæр фæлурс цæсгомимæ, йæ былтæ бæрзондæй-бæрзонддæр исгæ. Нымдзаст æм лæг дæр. Ус нæ фæхатыд, лæджы хъæбысмæ йæхи куыд баппæрста, уый. Нæ йæ фæхатыд лæг дæр, йæ дынджыр габæзты йæ куыд атыхта, уый. Дзерассæ йæм хæрдмæ скаст, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты æмæ йæ сæр æнæразыйы тылд бакодта. - Ницы йын ратдзынæ. Каст æм лæг дæр. Йæ цæстæнгас æндæрæдæм азил ын йæ бон нал цыдис. Каст ын йæ цæсгомыл йæ алы чысыл хъу- ыды дæр. Уæды хуызæн ыл йæ цæсгомы хуыз гадзрахатæй никуы рацыд. Феуæгъд Хындойы уæнгты баст бынтондæр. Ныцыуал уыд йæ разылæууæг сылгоймагмæ æмбæхстæй. Алцы йæм дзы разынд, армытъæпæнау. Куыд тынг æнхъæлмæ каст ацы уысммæ! Дыккаг райсом фараст сахатыл Быттыр æфснайæн лагъзы раз æнхъæлмæ каст Хындомæ, фæлæ йæ кой дæр никуыцæй разынд. Иуæндæс сахатыл æм куыстмæ ба- цыд. Уырдыгæй хæдзармæ, фæлæ дуар æхгæд разынд. «Ау, мæ бинонтæ та кæм сты?» Цалдæр хатты ныххæцыд дзæнгæрæджы кнопкæйыл, цалдæр хатты дуар бахоста, кæд, зæгъгæ, дзæнгæрæг нæ кусы, фæлæ йæм дзы æд- дæмæ кæсæг нæ уыд. Цыд асинтыл уырдыгмæ сабыргай хъуыдыгæнгæ. Зæххыл иучысыл алæууыд, стæй фæцæ- уыныл. Æнæхъæн къуыри сгæрста йæ хæдзар, фæлæ йæ æй- йæфта дуарæхгæдæй. Сыхæгты-иу афæрсынмæ хъавыд, фæлæ та-иу фæхъуыды кодта: «Мæнг хицæн кæй дæн, уу- ыл фæгуырысхо уыдзысты... исчи мыл æнæном фыстæг ныххыррытт кæндзæн æмæ мæ ног фатер... Цъус ис цъыф- калджытæ». Иурайсом та раджы балæууыд йæ хæдзары дуары раз. Искæмæй фенынæй нал тарст. Уыдæттæ йæ æрбайрох сты. Йæ зæрдæ йын æнцой нал лæвæрдта. «Цы фесты мæ
-—ллг-о<^&*©<5^/гн>ллл бинонтæ», æдзух уыд йæ сагъæс. Дуарыл бахæцыд æмæ фегом. Бараст мидæмае æнæ дзургæ. Бацыд фынæйгæнæн уатмæ. Лæг бандзыг. Йæ цæстытæ бацъынд кодта, стæй бандон фелвæста, гыбар-гыбур, гуыпп-гуыпп...Сылгоймаг фыццаг фæтарст, стæй сабыргай бацыд скъапмæ, цыдæр гæххæттытæ дзы райста æмæ æдыхстæй сдзырдта: - Хындо, суадз æй. Быттыр, - баздæхт йæ фыццаг моймæ, - ацы гæххæтт ды не схастай тæрхондонæй, куыд æз æмæ ды ахицæн стæм, мæнæ уый та, ЗАГСы гæххæтт дæр ды не ’рбахастай, куыд æз Хындойы бинойнаг дæн, уый тыххæй. Цы бар дын ис æмæ искæй йе ’цæг бинонтимæ цæрын ма уадзай? - Къахбай! Æмæ сæ æз цæй тыххæй сарæзтон, уый дæ ферох ис?! - Мæн нæ ныхæстæ нæ ферох сты. Æз дын загътон, мæнæн ахæм митæ аразын мæ бон кæй не суыдзæн, уый. Ды та мын дзырдтай: «Адæм иууылдæр афтæтæ кæнынц». Зæгъ-ма, чи дзы кæны афтæтæ? Ничи. Æз та бакодтон, адæм куыд кæнынц, афтæ. Цæрын мæ закъонон лæджимæ. Дыууæ æнахъом сабиимæ иунæгæй цæрын мын бынтон зын уыдис. Ды та цæрыс дæ фырт Алан æмæ йæ мадимæ, Краснодары, Цæхæрадоны уынджы, 10-æм хæдзары. - Цы, цы?! Алан? Чи Алан?! - Быттыры ’взаг дзыхы ныддыдæгътæ. - Дæ фырт, - дзуапп ратта сылгоймаг. Лæг дурдзавд фе- стад, æвзаг аныхъуырдта, хæдзары къуымтæ йыл дыууæ ’рдæм зылдысты. Цыбыр рæстæджы уат ныхъхъус, цыма дзы æппындæр ничиуал ис. Хындо æддаг уатмæ рахызт. - Хъус мæм, Дзера, уый æнæ уый!... Бауырнæд дæ, кæд- дæрты йыл фембæлдтæн...- Лæг лæгъз хъæлæсæй дзуры. - Ныр та йыл арæхдæр æмбæл, æз номыл ус уæвынмæ мæ сæрмæ нæ бахæсдзæн. - Æхцатæ райсон, ма сæ фесафæм, - дзырдта Быттыр, дзырдта, фæлæ йын... - Хындойы æхцатæ дæу не сты, дæуæн сæ нæ фембырд кодта. Уыцы æхцатæ сты йæхи æмæ йемæ чи цæры, уый, - мæн. Хæдзар та хицауады у, æмæ у мæныл фидаргонд. Еныр нæ ныууадз. Ам дæуæн ницы ис. Дæу хъæуы æхца æмæ сæ
ссардзынæ æндæр ран, мæн та хъæуы бинонтæ æмæ йæ ссардтон. Лæгæн йæ дзыхы йе ’взаг бампылдис, æрмæст ма æрдæг æууылдтытæй, саст хъæлæсæй сфæрæзта: - Уæдæ фæлæуут, æз уын фенын кæндзынæн. АВТОИНСПЕКТОР Фæлмæн хъеллаугæнæн къæлæтджыныл бады зам- манайы рæсугъд, раст хурыгуыдыны хуызæн сылгоймаг. Йæхи йыл фæстæдзæг ауагъта, галиу къах рахисы æккой сæвæрдта æмæ йæ тилы, йе ’фсæртæй сынæр цæгъдæгау, æууилы назы чъиу. Уый цур импортон чъиу ницæуыл нымайы. Йæ иу къухæй журнал «Мах дуг»-ыл хæцы, йæ цæстытæ йыл рахæсс-бахæсс кæны. Æвæццæгæн дзы ис- ты цымыдисаг уыд. Кæсы. Хатт йе ’фсæрты чъæлф-чъæлф ссæуы. Даргъ зæлдаг халатуæрджытæй фæйнæрдæм ахауы, хатт ыл æрбахæцы, фæлæ уый дæр цыдæр æгоммæгæс раз- ынд, æнæхайыр фод, æмæ та ахауы, уый дæр æй ныууагъта æмæ йæ цыбыр хæдонæй дæлæмæ йæ аив рæсугъд æгъдтæ быдиттæй зындысты. Цы æфсæрмы кодтаид? Иæ цуры ничи уыд. Ацы рæстæджы телефоны зæлланг ссыд. Уый æртыккаг дзæнгæрæджы онг йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Журнал, йæ фарсмæ цы чысыл фынг уыд, ууыл æрæвæрдта æмæ уæззаугай сыстад. Телефон йæ зæллангæй не ’нцад. - Телефоны хъæр нæ хъусыс, Сæлимæт, мæнмæ куы хъуысы, уæд, ды къуырма бадæ?! - райхъуыст хинайæнæй нæлгоймаджы хъæлæс. - Ацафон кæуыл мард æрцыд, ныр фынæй афон куы у, чи йæ гæндзæхтæ цæгъды? - багуым-гуым кодта ус æмæ телефонмæ бацыд. Систа йын йæ хæтæл. - Ал-л-о-о, - ус йæ ныхас даргъ ауагъта... - Ныртæккæ... - Æхсарчик, к те-ле-фо-н-ну, - фæсидт Сæлимæт нæлгой- магмæ æмæ хæтæл æрæвæрдта. Лæг хинайæнæй рахызт, стыр дæргъытæ хисæрфæнæй йæхи æрдæгæй дæлæмæ æрбатухгæйæ. Уый телефоны хæтæл систа, ставд къухы хилтæй йæ балхъывта æмæ йæ йæ хъусыл сæвæрдта.
——^\лл<><^>9<3^а^>лл/ь -Хъусын,... о,уыйдæн...О,оуыйдыкуыдæ,хæйрæджыты хай макуы фæу... - Хъусыс? Фыццаг трассæйыл авари, лæппутæй ам ничи ис æмæ уырдæм цæуын хъæуы, фæлæ фæтагъд кæн. - Хорз, хорз, - дзуапп ратта æмæ хæтæл æрæвæрдта. Æхсар дзаумæттæ ауындзæн скъаппмæ бацыд, йæ ду- ар ын фегом кодта æмæ милицийы дарæс йæ уæлæ ку- ыд февзæрыд, уый йæ ус Сæлимæт уынгæ дæр нæ акод- та. Кæсгæ йæм баззад. Æхсарчик кæсæны раз слæууыд, йæ хъуырдарæн балхъывта, бараст æй кодта, йæ бур рихитæ аздыхта æмæ дуарæрдæм фæраст. - Кæдæм, мæ офицер лæг? - Æхсар сержанты цинæй уæлæмæ нæ хызт æмæ йæ йæ ус арæх мæстæй мардта, фæлæ уыцы мæстæймарæн ныхас лæгмæ хъыг нæ каст. Уый йæм фæстæмæ разылд. - Фыццаг трассæйыл æнамонды цау æрцыд æмæ уырдæм. - Бирæ дзы бафæстиат уыдзынæ? - Нæ зонын, цы уавæр дзы уа, уымæ гæсгæ. - Фæндараст, мæ къона, - ус йæ мидбыл фæхудт. - Фенынмæ, не ’фсин, - хъазæн ныхас æм баппæрста. Лæг дуарæй рахызт. Ус рудзынгмæ бацыд æмæ йæ лæ- джы фæстæ каст, цалынмæ ма йын йæ машинæйы рухс æвзæрста, уæдмæ. Стæй мидæгæй дуæрттæ æрæхгæдта, телевизор баиу кодта æмæ фæстæмæ йæ фæлмæн къæ- лæтджыны æрбадт. Экранмæ каст. Иу ныв иннæйы фæс- тæ цыд æнæзивæгæй... алыгъуызон худæг ныхæстæ, ху- дæг архайдтытæ. Ус фæстæуæз йæ сæр ауагъта, æмæ йæ цæстыхаутæ сæхи кæрæдзимæ æлвасын райдыдтой, кæ- рæдзийыл аныдзæвдысты, сæр иуæрдæм азылд æмæ йæ хуыр-хуыр ссъщ. Телевизор йæ куыст кодта. Цасдæр фæстæдæр дуары дзæнгæрæджы цыбыр дзинг- дзинг ссыд, фæлæ Сæлимæт нæ фезмæлыд, цыд йæ хуыр- хуыр.Дзæнгæрæджыуастдыккагхаттфæ-дæргъвæтиндæр, фæлæ та ус нæ фезмæлыд. Фæстаг хатт дзæнгæрæг хурхы сæртæй уасæгау ныууасыд цалдæр хатты æмæ ус фехъ- ал, фæлæ йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Уый фенхъæлдта, зæгъгæ, дзæнгæрæджы хъæр телевизорæй цæуы. Бандо- ны фарсы чъилыл йæ цонг æрæвæрдта. Уалынмæ ноджы
дæргъвæтиндæр зæлланг. Ус фестад, телевизор æрныллæг кодта, æмæ дуармæ бацыд. Иучысыл æддæмæ айхъуыста, стæй уæззаугай бафарста: -Чи дæ? - Чи дæ дарæг дæ мауал уæд, кæд мæрдвынæй нæ бадæ, кæнæ кæд дæ хъусты къæрмæджытæ нæй. - Сæлимæт йæ лæджы базыдта æмæ йын дуар бакодта. - Цы уыд, цавæр буцтæ у, мæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдтон æмæ уымæй цы фæрæдыдтæн. Лæг æнæ дзургæйæ бахызт, цæугæ-цæуын йæ кител ра- ласта. - Иууылдæр сыскъуыйут, адæймагæн æнцойад нал дæттынц, - Æхсар йæ хъуыр-хъуырæй нал æнцад. - Цы хабар у, исчи дзы амард? - фæрсы йæ ус. - Амард, - куыдфæндыйы дзуапп ратта лæг. - Æмæ куыд тагъд фездæхтæ? Ницы дзы хъуыд æххуыс, гъе, æндæр исты аразын? - «Тагъд æххуыс» уым ис æмæ.. - Æмæ аххосджын æппын... - ус йæ амонæн æмæ йæ хистæр æнгуылдзтæ кæрæдзийыл асæрфта. - Ахæм хъуыддаджы иугæр дæхицæй хистæртæ хайад исынц, уæд дзы дæумæ цы хъуамæ æрхауа? - Æмæ чи амард, уый та чи уыд, кæцон у? - Нæ йæ базыдтон, куы мын загътой, хистæртæ фæразæй сты,уæд æввахс нал бацыдтæн, мæ машинæ разылдтон æмæ рафардæг дæн. Мæ зынаргъ Сæлимæт, - къæхтыбынæй ныуулæфыд автоинспектор, - махæн вæййы пайда, иу машинæ иннæйы куы скъуыры, уæд. Уæд сыл машинæтæ амбæхсын кæнæм, сæ документтæ сын нæхимæ райсæм æмæ... Уый йедтæмæ мæрдтæй мах хуызæттæн цы пайда ис... Уый уæллæгты холы у, - загъта сержант йæ ныхас æмæ диваныл æрхуыссыд æд дзаумæттæ. ДАРИНÆГТÆ Автостанцæмæ ’рбацыд автобус. Йæ ныхыл фыст уыд «Хутъитæ». Уый йæ ацæуыны рæстæгæй фæфæстиат, æмæ
— х!\1^(><^3^><5^^Ь<>/\т йæ бæлццæттæ куы ауыдтой, уæд æм æд хæссинæгтæ атындзыдтой. Чи куыд сæрæндæр уыд, афтæ йæм бырста, салонмæ бырыдысты. Бæлццæттæ хъæлæба æмæ цъах- цъахæй бæстæ сæ сæрыл систой. Иуæй-иутæн-иу дзы се ’рдиаг ссыд: «Мæ къах»... «Фалдæр фæлæу» Фæлæ чи кæмæ хъуыста. Мыхъи дæр сбырыд се ’хсæнты. Билеты йын цы бынат нысан уыд, уырдæм хъуамæ бацыдаид, фæлæ адæм сгуцъула сты æмæ шофыры фарсмæ цы асыкк уыд, ууыл æрбадт. Машинæ адæмæй байдзаг, цыма йæ нæмгæ ныччын- дæуыд. Сæ хид лæдæрст, уæлдæф сын нал фаг кодта æмæ дзы бирæтæн сæ тыхулæфт хъуыст. Уæле уæлдæф- дзæуæнтæ дæр бакодтой, фæлæ ахæм æгуыппæг тæвд уыд æмæ æппындæр ницы æххуыс кодтой. Адæм кæрæдзийыл нындæгъдысты, уæддæр ма йæм хызтысты. Бирæтæ дзы схизæны къæпхæнтыл слæууыдысты, æмæ чи кæдæм æххæссыд, уым фидар ныххæцыд. Шофыр рулы фарсмæ æрбадт. Билетджынтæ домдтой, цæмæй сæ сæ бынæтты сбадын кодтаиккой, фæлæ сæм уый кæсгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй сын уый дзуапп радта: - Уæртæ къонтролгæнæгæн зæгъут. Уый йæ къухтæ кæрæдзийыл асæрфта, машинæ скусын кæнынмæ хъавыд. Ацы рæстæджы Мыхъи хъуамæ йемæ схыл уыдаид, йæ бынаты йын æндæр чидæр кæй сбадт æмæ фæтк кæй не ’вæры, уый тыххæй. Йæ уæлæ-иу куы чи æрбахауд, куы та чи, хатт-иу размæ фæгуыбыр, фæлæ адæмæй никæмæ ницы дзырдта, нæ сæ аххосджын кодта. Йæ маст шофырыл хъуамæ акалдтаид. Фæзылд æм, фæлæ йын йæ цæсгом куы ауыдта, уæд йæ мæстджын хуыз чы- сылгай айхæлд. Нымдзаст шофырмæ, æмæ йæ цæсгом фæрухсдæр, йæ цæстытæ фæирд сты, сыстад йæ бынатæй æмæ шофырмæ ’ввахсдæр балæууыд. - Тугъан нæ дæ? Шофыр бæлццоны ’рдæм разылд уæзаугай, цыма йæ бæрзæй рыст, фæлæ лæгмæ куы фæкомкоммæ, уæд уымæн дæр йæ цæсгомыл циндзинад алыгъд. Сыстад, йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айтыгъта æмæ кæрæдзийыл нытыхстысты. - Мыхъи! - Сæппæрста шофыр. Дыууæ лæджы кæрæ-
-—^ллл-^к^чз^Ов^е^олл/ь—— дзийы рафæрс-бафæрсыл схæцыдысты сæ царды ха- бæрттæй, бинонтæй, сывæллæттæй. Чысылтæй иу хъæуы хъомыл кодтой. Бæлцæтты хыл сытынг, афон у æмае, зæгъгæ, ацу, фæлæ сæ уый хъуыды нæ кодта, цыма сæ нæ хъуыста, йæхи афтæ дардта. - Уæдæ дын сывæллæттæй та цы ис? - Фæрсы йæ Тугъан. - Дæ фарн бирæ, фæлæ мын даринæгтæ тынг сбирæ сты æмæ ацы æвзæр рæстæджы сæ дарын зын у, - мидбылхудгæ дзуапп радта Мыхъи, - æниу сæ зæрдæ рухс у. - Уагæры дын цал сты? - Фондз, - йæ армы хилтæ фæпыхсылгæнгæ, дзуапп рад- та Мыхъи æмæ æхсызгондзинад алыгъдис йæ цæсгомыл. - Æмæ уый бирæ у, мæнæй афтæмæй ма дын иу дæс, фынддæс сты. - Дæуæн цал сты? - Мæнæн бирæ сты, ам дæлæмæ кæс æмæ сæ нымай. «Ам дæлæмæ йæ даринæгтæ цы аразынц, - химидæг дзырдта Мыхъи, - æвæццæгæн ын бирæ устытæ уыд, алкæмæй дæр ын сывæллæттæ баззадис æмæ... Ацы шо- фыртæн усы раивд æмæ машинæйы цалхы раивд иугъуы- зон сты, фæлæ ам дæлæмæ йæ даринæгтæ йæ разы цæмæ лæудзысты... Æвæццæгæн дзы æхца курдзысты... Мæгуыр уа сæ бон... Иуæй-иу фыдтæ куыд дурзæрдæ сты». Автобус фенкъуыст. Адæм кæрæдзийыл анцадысты æмæ се ’рдиаг ссыд. Иу сылгоймаг дзы нæлгоймаджы йæ рæмыкъæдзæй бацавта, зæгъгæ, æддæдæр фæлæу, цы мыл нындæгътæ. Нæлгоймаг фефсæрм, хатыр дзы ракуырдта, фæлæ йын сылгоймаг йе ’фсæрмдзинад ницæмæ ’рдардта, ноджы йыл иуæрдæм анцад. Нæлгоймагыл æгæр дынджыр гæлдæр уыд æмæ дзы сылгоймаг ноджы йæ рæмкъæдз куы фæцавта, уæд, мæгуырæг, фесхъиудта. - Ацы сылгоймаг, бирæгъ дæ æви адæймаг?! - Лæг ыл ныббогъ кодта. - Сырд куы нæ уаис, уæд мыл нæ æнцаис, - ус ын ницы уагъта, - кæм ис дæ намыс. - Цæй намысы кой кæныс? Кæм ма ис намыс?! Алкæмæн йæ намыс йæ дзыппы аирвæзт. Нæ ма йæ зоныс?
- Уæдæ дæуæн дæр дæ намыс дæ дзыппы ис?! - Ус ацы дзырдтæ дæндæгты ’хсæнæй ралæмарæгау кодта æмæ та лæджы йæ рæмыкъæдзæй бацавта. Адæмæй сæ хъуырдухæн æрбайрох. Уыдонмæ хъусыныл фесты. Сыл- гоймæгтæ усæн уайдзæфтыл схæцыдысты, зæгъгæ, уый аххос цы у, кæд дæ сæрибарæй цæуын фæндыд, уæд такси баххуырстаис. Фæлæ уый никæмæй уал æфсæрмы кодта, ноджы спыхс. Шофыр сæм кæсæны каст æмæ йæ мидбыл фæхудт: «Ай диссаг нæу, нæ конструктортæн æнæразмер ма- шинæ аразын сæ бон нæу æмæ афтæмæй мæймæ тæхынц». Ацы уысм машинæ ныххоста, йæ цонгыл сырх хæцъил баст кæмæн уыд, ахæм уæйгуытæ арæзт нæлгоймаг. Шофыр уый æрдæм фæзылд. Машинæ фæурæдта, æмæ та адæм размæ фæдзой кодтой. Чидæртæ та дзы Мыхъийыл бахаудысты. - Фос ласыс æви адæм?! - райхъуыст та уыцы сылгой- маджы хъæлæс. Фæлæ йын дзуапп ничи радта. Тугъан дуар бакодта æмæ сырх хæцъилджынмæ радзырдта: - Цы дæ хъæуы? - Уый æппæт адæм куы сæвæрдтай, уæд билеттæ?... - Æмæ æнæбилетджынты цæмæннæ у? Билеттæ ма цæмæнуæй кæнут?- дзырдтой фæйнæрдыгæй бæлццæттæ, йæ цонгыл сырх хæцъил кæмæн уыд, уымæ, фæлæ сæ уый цыма хъусгæ дæр нæ кодта, йæхи афтæ дардта, йæ цæстытæ Тугъанмæ ньаццавта. Тугъан ын, æнæ дзургæйæ йæ дзыппы йæ къух æртъыста, йæ цæст æм фæныкъуылдта æмæ кабинæйы дуар æрбахгæдта. Уый æндæр автобусмæ фæраст. Тугъаны машинæ, пыррыкк-пыррыккгæнгæ, араст. Нæты Мыхъи йе ’мбæлццонмæ бакаст ныхас кæныны æнхъæлцау, фæлæ уый йæ развæндагæй йæ цæстытæ нæ иста. Иæ цыд фæтагъддæр æмæ адæм ныхъхъус сты. Сæ цæсгæмты хид тагъд-тагъд сæрфтой. Мыхъийæн йе ’рдхорд смадзура æмæ йæ нал бафæндыд йæ баджизда- рын. Уый йæ цæст хаста фæндаджы былтыл, каст троту- артыл цæуджытæм, бæрзонд рæсугъд арæзт хæдзæрттæм. Ацы рæстæджы машинæ æрлæууыд, æмæ та адæм размæ фессæстой. Мыхъи фæджихау, зæгъгæ, æвиппайды цæмæн фæурæдта. Уый галиуæрдæм фæкаст æмæ ауыдта, хъу- лон лæдзæг кæй сдардæуыд, уый. Тæрæг рахызт æмæ ба-
-—^лл/^нз^чО^Оо^е^о-лл/ь—— цыд хъулон лæдзæджыджынмæ. Уый цыдæртæ дзырдта йемæ хъуынтъыз æрфыгæй, йе ставд цæнгтæ тилгæйæ, стæй сæ дыууæ дæр машинæйы фæстæ балæууыдысты. Мыхъи кæсæны ауыдта, йе ’рдхорд уыцы лæджы дзыппы йæ, къух куыд æртъыста, уый. Йæ цæ стытæ адынджыртæ сты: «Уымæн дæр та йæ къух йæ дзыппы». Тугъан уайтагъд схызт йæ бынатмæ. Ныр йæ цæсгом бамæсты хуыз. Цæуынц дарддæр... Цæуынц æнæдзургæ. Мыхъи йæм ба- каст цалдæр хатты, фæлæ йæм уый ницы сдзуры, уæд уый ахъуыды кодта: кæд мæм билет æнхъæл нæу æмæ йын хъыг уыд, зæгъгæ, æхца дзы нæ райсдзæн æмæ мæм билет куы ис. Афæндыд æй билет сисын æмæ йæ уый раз æрæвæрын, цæмæй йæ федтаид. «Ацы шофыртæн сæ машинæтыл сæхи бинонтæй дæр исчи куы сбады, уæддæр дзы æхца исынц». Йæ хъуыдыты адзæгъæл, фæлæ йæм ацы рæстæджы Тугъан æнæнхъæлæджымидбылхудгææрбакаст,цыдæрсдзурынмæ йæм хъавыд, фæлæ æвиппайды йæ хъустыл дæргъвæтин æхситт ауад æмæ уый æрдæм фæкаст. Автоинспектор... Æр- лæууыд... Рахызт. Æмæ йæм хъуыр-хъуыргæнгæ бацыд. Кæсы та йæ фæстæ Мыхъи. Уыдон кæрæдзи къухтæ райстой, бахудтысты æмæ Тугъан фæстæмæ фездæхт. «Ау, уымæн æй баурæдта æмæ кæрæдзимæ бахудой кæнæ кæрæдзи къухтæ райсой...», ахъуыды кодта Мыхъи. Тæрæг рæвдз сгæпп код- та йæ кабинæмæ. - Чи у? Дæ зонгæ? - афарста йæ Мыхъи. -Нæ. - Æппындæр æй нæ зоныс? - Хуызмæ. - Уæдæ йын йæ къух цæмæн райстай? - Махæн, шофыртæн, ахæм æгъдау ис фæндагыл фа^т- кæвæрджытимæ. - Уый та куыд? - Куыд федтай афтæ. - Гъе, ме ’рдхорд, уый дын æцæг бирæ дар... - Афтобус ф!ес- хъиудта æмæ Мыхъийы ныхас æрдæгыл фескъуыд. Автобус хæрдæй сирвæзт æмæ йæ гуыр-гуырæй фæса- бырдæр, йæ цыд фæтагъддæр, æмæ цыма фæндаг автобу- сы бынты фæстæмæ лыгъдысты, афтæ касти Мыхъимæ.
——а\лл^нз^Л9^^с><^т Хæдтулгæ нысангонд станцæйы æрлæууыдис. Раздаг дуар байгом. Шофыр йæ гуыр адæмы æрдæм разылдта æмæ сын сæ къухтæм йæ цæстытæ ныццавта. - Фæстаг дуар бакæн! - хъæр кодтой, фæсте тæвды чи тыхст, уыдон. Фæлæ сæ уый æрдумæ дæр нæ дардта, цыма сæ хъусгæ дæр нæ кодта. - Исчи йын дзы æнæ æхца ратгæйæ аирвæздзæн, - райхъуыст уайдзæф. - Айхуызæн чъизи машинæйы ма исчи адæм ласы, нæуæд дзы бензины тæфæй сулæфæн куы нæ ис. - Æмæ йæ бадæнтæ куыд скъуыдтæ сты, цыма дзы æхца исын йедтæмæ ницы хъæуы. - Æскъуыдтæ дæр сæ сымах кæнут, - сабыр сдзырдта шофыр, никæмæ бакаст, афтæмæй. Бады Мыхъи, кæсы... Шофыр иу дзыппы гæххæтт æхца æвæры, иннæйы та лыстæг. Никæмæ дæр дзы кæсгæ ба- кæны, никæмæдæр дзургæ. Æрмæст архайы æхцаимæ. Адæм хызт фесты... Шофыр йæ дысæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ салоны æрбадт. - Уæддæр ма дæм дзы хорз бирæ куы аззад, - æхцаты гуцъуламæ кæсгæйæ, загъта Мыхъи. - Цом фæстæмæ æмæ фенай, мæ куыст куыд у, уый, - Тугъан бахатæгау кодта йæ уазæгмæ. - Цом, - сразы Мыхъи дæр. Тугъан станцы кассæмæ фæраст. Хатæны цæугæ-цæуын йæ къæхты бын рыг сыстад æмæ мигъау ныббадт. Бан- дæттыл цы бæлццæттæ бадт, уыдонæй ничи фезмæлыд йæ бынатæй, цыма рыг нæ, хуры тынтæ сыл ныдзæвд, афтæ сæхицæн сабыр батысты. Тугъан чысыл рудзынгмæ бацыд æмæ дзы мидæмæ бадардта йæ фæндаджы гæххæттытæ. - Мæ петевкæйы ма мын фæнысан кæн, цал билет ауæй кодтай, уый - бадзырдта касирмæ. Уый йæм хæрдмæ скаст æмæ гæххæттыты йæ цæстытæ ныссагъта, стæй æрджиау мæстыгъуызæй загъта: - Æмæ æнæ билеттæй никæй сæвæрдтай, науæд ам дæлæмæ фæндæгтыл никæйуал сæвæрдзынæ, афтидæй мæм цæмæн æрбалæвæрдтай? - Рацу æмæ æнæбилетджынты рахизын кæн æмæ сын
.ЛЛЛ^НЗ^чЗ^Ов^^ИЛ/Ъ — билеттæ райсын кæн, ам цæмæн бадыс? Æмæ фæндагыл дæр цом мемæ æмæ дæ билеттæ уæй кæн. - Уал бонмæ ам лæуу, цалынмæ æз дæ бæлццæтты нæ рахизын кæнон, уæдмæ, - загъта кассир æмæ хуынкъæн цы чысыл дуар уыд, уый рахгæдта. Тугъан кассæйы раз лæугæйæ аззад, стæй йæм сабыр бадзырдта, йæ дзыппы йæ къух нытъысгæйæ: - Бакæн дуар, мæнæ дын билеты аргъ. Уый дуар фегом кодта ногæй æмæ та йæ сæгъдзæстытæ шофыры ныссагъта. Тугъан гæххæттыты хуылфы æхцатæ бакодта, æддæмæ куыд зындаиккой, афтæ. Кассир сæ ас- къæфæгау кодта, документЪ>1 цыдæртæ афыста æмæ сæ фæстæмæ йæ хицаумæ ралæвæрда. Цæуы автобус фæстæмæ йæ рейсы. Хъæрзы, мæгуыр, то- нынц йæ фæрстæ, йæ сыдзæгыл æрбадт, уæддæр тулы, йæ гуыр-гуыр цæуы, тыхæнцад кæны, цыма йыл фæстагмæ йæ фæллад тынгдæр æртæфст. Мыхъи рудзгуытæй каст фæйнæрдæм æмæ йæм афтæ зынд, цыма æрдзы рæ-сугъд- дзинад тæригъæд кодта машинæйæн... Фæндаггæ-рæтты стæм рæтты бæлæсты цæнгтæ æртасыдысты зæхмæ, æмæ сыл автобус куы баныдзæвы, уæд сæ хыбар-хыбур ссæуы. Фæндаджы дыууæ фарс дыргътæ ныззæбул сты, стæм рæтты сæм быцæутæ бавæрдæуыд, фæлæ уæддæр зæххыл ныххуыссыдысты, æмæ сыл хæмпæлгæрдæг ссыд. - Гъе, уый дын, гъе. Ам хъуыддаг фæкарздæр уы- дзæн. - Ауад Мыхъиы хъустыл æмæ шофырмæ бакаст. Ма- шинæ фæсвæд йазылд, æмæ йæ сæмæнтæ ныууассыды- сты... Дуæрттæ байгом сты... Дыууæ мытыхъхъытæконд лæджы машинæйы салонмæ схызсты, сæ иу раззаг дуарæй, иннæ та фæстаг дуарæй. - Дæ билет, дæ билет кæм ис? - мæстыгъуыз æмæ карзæй фарстой бæлццæтты. Шофыр фыццаг æнæ дзургæйæ аз- зад, стæй æрæджиау, цыма йæ дзых баст уыд æмæ йын æвиппайды уæгъд фæцис, уыйау сæппæрста: - Цы кæнут? Билеттæ мæнæ мæнмæ сты. - Шофыр мид- был фæхудт. - Æмæ дæумæ цæмæн сты? - афарста йæ сæ иу. Уыцы ны- хасы фæстæ йæ дзы иннæ басхуыста æмæ уый дæр фæсыпп.
——о\лл-оч^а^©о©^а^>оллл| Контролгæнджыты ахаст фæфæлмæндæр айстой йын йæ ведомост æмæ зæхмæ æрхызтысты... Уыдон документмæ сæ цæстытæ ныццавтой, цыма дзы стыр зæрдиагæй цыдæр агуырдтой, сæхи ахæм дард кодтой. Ацы рæстæджы Тугъ- ан сæ иуыл йæхи бахафта, йæ къандзолы дзыппы йын йæ къух уæззаугай æртъыста. - Алæ, уыдæттæ уадз, уанцон нæу иу горæты нæ цæрæм, - бадзырдта йæм лæгъз æвзагæй фæткæвæрæг. - Гъа, дæ гæххæттытæ æмæ сабыр цу, мацы зиан æруадз, - дыккаг та йæ фæдзæхсгæ акодта. Цæуы Тугъан йæ фæндагыл.-.Смадзура ис, рæстæгæй- рæстæгмæ йæ дæндæгты хъыррыст райхъуысы. - Адон та чи сты? - сцыбæл Мыхъи. - Нæ зонын, цыдæр нештатный инспектортæ сæ хо- нынц, - дзуапп ын ратта, руль къухæй æрцæвгæйæ. Æрталынг... Машинæ равдæлон æмæ хæрдмæ йæхиуыл схæцыд. Шофыр иу фæсвæд ранмæ базылдта йæ хæдтулгæ. Цъылын райста æмæ йын йæ салон сæрфын райдыдта. Рыг сыстад æмæ мигъау ныббадт. Дыууæ лæджы кæрæдзи нал уыдтой. Мыхъи рыг æсулæфыд, схуыфыд æмæ зæхмæ æрхызт. Чысыл фæстæдæр араст сты гаражмæ. Автобус куыддæр æрлæууыд йæ лæууæны, афтæ механик йæ уæл- хъус алæууыд. - Ме ’фсымæр, куыд у дæ хæдтулгæ, кæд дын дзы ницы фехæлд? - дзуры автобусмæ ракæс-бакæсгæнгæ. «Гъе, уый хорз хъуыддаг, - хинымæр дзуры Мыхъи, - алы ран дæр сæ куыстыл афтæ куы тыхсиккой». - Фен æй, - йемæ сразы шофыр. - Æмæ сауджын æнæ аргъауæккаг кæд аргъуыдта, - дзуры сабыр, йæ хуыз æнæ аивгæйæ. Тугъан хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй сфæлхатт кодта, куыд ахуыр уыдис, афтæ. Механик æй арауын-бауын кодта. - Йæ сальник дын цъæл у - æппæлæгау алæхурдта уый. - Чидæр мæм ратта сальниктæ æмæ дæ дзы кæд хъæуы, уæд дын дзы иу æрбадавон, фæлæ сæ уый дыууын сом- тыл уæй кæны, - Тугъан фæстæмæ фæзылд ныхасмæ æмæ ауыдта йæ фарсмæ се ’фтауыцдонгæсы лæугæйæ. «Ау, иу сомы бæсты мæ дыууын сомы куыд исы, - тæрæг загъ-
та химидæг, - цæсгом дæр ын нал ис», фæлæ æргом ницы сдзырдта. Зоны йæ æндæр ран йæ агуырыныл куы схæца, уæд цалдæр боны æгуыст кæны, æмæ йын уæд йæ зиан фылдæр у. - Ацу, рахæсс æй, - бадзырдта йæм æнæ бакæсгæйæ. Æф- тауыцдонгæсæй цæсты фæныкъуылдмæ æлхæнæджы къу- хы фæсагъта. Æлхæнæг æй слесармæ бахаста. - Йæ бакæныны тыххæй туман хъæуы, - æлхæнæггаг- мæ лыстæг ракæс-бакæсгæнгæйæ дзуры слесарь, - зын бакæнæн у. - Уыдзæн, уыдзæн, дæ хорзæхæй, - фæлладæй сдзырд- та Тугъан. - Цом дарддæр, - бадзырдта шофыр йе ’мбæлц- цонмæ, уымæн йæ цонгыл рахæцгæйæ. Бацыдысты дис- петчермæ. Уый цыдæртæ фыста æмæ уыдон æрдæм кæсгæ дæр нæ ракодта, афтæмæй йын Тугъан, æнæ дзургæ, йæ разы лыстæг æхцатмæ æрæвæрдта. Фысым æгомыгæй уазджытæм æнæ бакæсгæйæ, фынджы лагъз раласта æмæ сæ уырдæм ныссывта. Нæ дæр базыдта, йæ разы йын сæ чи æрæвæрдта, уый. - Æз цæуон, - сдзырдта Мыхъи. - Фæлæу, мæнæ ма мæ иу ран хъуыддаг ис æмæ стæй иумæ ацæудзыстæм. Талынджы уыцы къуыппытæ-дзыхъхъытæ фæзуаты араст сты дыууæ лæджы. Хатт сæ къæхтæ дзыхъыты мæнг æвæрд фæвæййынц æмæ фæцæйхауынц, куы та æфсæйнаджы цъæлтыл сæ къæхтæ скъуырынц, афтæмæй бахызтысты иу ныллæг агъуыстмæ. Ам Тугъан иу чысыл рудзынгæй йæ документтæ бадардта. Мыхъи рудзынджы сæрмæ скаст æмæ дзы рафарста «Касса». - Æртæ туманы ма дæ хъæуы, - радзырдта йæм чысыл хуынкъæй сылгоймаг. - Мæ боны план уæлдайджынтæй куы сæххæст кодтон, уæдма мæ цæй тыххæй исыс æртæ туманы. - Хист æнæ пырындз кæд вæййы. Уæле ахæм дзырд ис. План уæлдайджынтæй хъуамæ сæххæст уа. Тугъан æхца систа æмæ сæ хуынкъæй балæвæрдта. Мы- хъи йæм йæ цæстытæ ныццавта. Ауыдта. Кассир путевкæйы фæнысан кодта дыууын сомы. Стæй йе ’мбæлцонмæ скаст.
- Ба-ба-бау, уый дын æцæг бирæ даринæгтæ куы ис, бирæ. Стыр уды фидар ис дæуыл дæр æмæ дæ машинæйыл дæр. Æз та искуы зианы мидæг æртæ-цыппар хатты сабæт- таг куы радтын, уæд мæ дзыппы æхца нал аззайы. -Æмæмахдæр,шофыртæ,уыйсабæттагхонæм,уæдæку- ыд æнхъæлыс, стæй кæсыс, дæуæн дæ даринæгты фендæй дæ зæрдæ рухс у, махæн та, шофыртæн, нæ «даринæгты» фендæй нæ зæрдæтæ талынг ныввæйынц. Цом ныр æмæ фæйнæ искуы баназæм, кæд мæ нуæрттæ æрсабыр уаик- кой. Мыхъи йæм тæригъæдгæнæджы каст бакодта, стæй йемæ фæцæуыныл. - Фæлæу ма, æмæ уæле чи бады уый та? - Уырдæм мæй иу цыд йедтæмæ нæ хъæуы... С0ВХ03Ы ДИРЕКТОРЫ УС Ног уагдоны æрæджы райдыдтон кусын. Иу стыр рухс хæтæны дуары бахизæны мын иу асыккджын зæронд хъу- лон стъолмæ ацамыдтой, зæгъгæ, уым баддзынæ. Иунæгæй аззайыны фæстæ мæ цæст ахастон, мæнæ куыд фæдзурынц, бæхты дугъы дæргъæн уатыл. Рудзынджы фарсмæ ма æвæрд уыд иу стъол, йæ уæлæ - мыхуыргæнæн машинкæ, йæ ныхмæ ноджы иу стъол, ме стъолæй хуызджындæр. Æз дын айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, фæлæ дын ме стъо- лы хæр-хæргæнгæ аластон иуæрдæм. Хъыг мæм фæкаст, æвзæр стъолыл мæ кæй сбадын кодтой æмæ дзæбæх стъол та сæрибар кæй уыд, уый. Иæ уæлæ цы чъизи цъæл те- лефоны аппарат уыд, уый мыхуыргæнæн машинкæйы фарсмæ авæрдтон, мæхæдæг стъолыл рахæцыдтæн, хъуа- мæ йæ мæхи стъолы фарсмæ баластаин. Куыддæр æм фев- нæлдтон, афтæ йæ дзыгъал-мыгъул ссыд, йæ сæр размæ æрхауд, йæ фæрстæ та фæйнæрдæм азгъæлдысты. Æз хор- зау нал фæдæн. Фефсæрм дæн, кæй сæм фæхъыг дæн, уый тыххæй. Уыдон æй зыдтой æмæ мæ ууыл уымæн не сбадын кодтой. Мæхи стъол йæ бынатмæ баластон, стæй иннæйы хæлддзæгтæ райдыдтон кæрæдзийыл æвæрын. Фæлæ, ма- ра зæгъ, иу дзы сæвæрын, иннæ ахауы. Афтæ мæ хъиутæ
^\ЛЛ<НЗ^©<3^^>ч>^УЬ хордтон. Ацы рæстæджы дуарæй æрбахызт иу æвзонг бур чызг. Йæ ахаст мæм фæкаст цыдæр уазал. Цыма йын ме ’рба- цыд йæ русы рацъыччы хуызæн уыд, афтæ мæм фæкаст. Уый мын салам нæ ратта, афтæмæй мемæ архайын рай- дыдта, æнæ дзургæ. Æз, бæргæ, сныхас кæнын, фæлæ мæ уый куыдзы хъуыды дæр нæ кодта. Ныхъхъус дæн. Стъол арæзт фæцис, уæдæ цы. Уый йæ къухтæ асæрфта. - Ног стъолты йедтæмæ дзы ницы ис, афтæмæй ацы хæлддзæгтæ ам цæмæ дарынц, уый диссаг нæу, дзæгъæл сæ баззайой, æвæццæгæн та сæ адавынмæ хъавынц, - уый бадгæ - бадын йæ масты тыппыртæ суагъта, - ма сбад уы- цы стъолыл, ис дзы æмæ дын сæвæрæд ног. Мæнæн мæ зæрдæ чысыл фæбуцдæр, уымæн нæ æмæ мын ног стъол уыдзæн, фæлæ ацы чызг йæ дзыхæй кæй сдзырдта. - Æмæ... - сцæйдзырдтон æз, фæлæ ацы рæстæджы дуа- рæй æрбапæрпæр кодта иу саулагъз астæуккаг кары сыл- гоймаг. Йæ уæлæ уыд игæргъуыз кæрц бацæвитты онг æмæ йæ гуырыконд аив уыд æви къуыппджын, хæйрæг йæ зонæг, ницы бæрæг дзы уыд. Йæ сæрыл цавæрдæр цъупп худ, мæ цæрæнбонты ахæм уынгæ дæр никуы фæкодтон. Иæ сау тæнæг æрфгуытæ сау цæсгомы æвидыц кодтой. Цы фынг цалцæджытæ кодтам, уый раз абадт, телефоны йæхи ’рдæм æрбаласта æмæ йæ райдыдта зилын. Зылдта йæ, цалынмæдæриддæр чемæдæр нæ баиу, уæдмæ. Цы телефо- ны диск ныффæрæзта, цы уый лыстæг амонæн æнгуылдз. Нырма фыццаг бон уыдтæн æмæ йæм цы хъуамæ сдзырд- таин, фæлæ мæм стыр дис фæкаст йе нæ ’фсæрмдзинад, кæнæ салам ратт, кæнæ искæмæ исты сдзур. Ау, адæм куы стæм! - Халим, уый ды дæ? - телефонмæ тынгдæр ныхъхъуыста, цыма чемæ дзырдта, уымæн аирвæзынæй тарст, - Халим! - Хъусын дæм, - райхъуыст телефоны. - Цы фесты, цыдæр æрбахæссинаг куы уыдтæ? - Знон сæ схастон æмæ ды уым нæ уыдтæ. - Зоныс, цы? Лайкæтæ дыууæ, - йæ къухы хилтæ фæ- саджил кодта дзургæ-дзурын, цыма йын сæ телефоны уый дæр уыдта.
- Хорз. Бамбæрстон дæ. Ацы ус телефоны хæтæл авæрдта, рудзынджы ’рдæм фæзылд, сигарет фелвæста йæ дзыппæй, йе ’нгуылдзты ’хсæн æй аууæрста. - Бæстæ бахордтой. Бæстæ абырджытæй байдзаг æмæ мах та ам тæригъæдæй мæлæм, - лæхурдта, бапъироз цъи- ргæ. -Хорзус,дæфæздæгмааммакал,-налæмфæлæууыдтæн. Уый ме ’рдæмуæззау æрбазылд, йæ дзыхæй фæздæгуадзгæ. Ахæм хуыз равдисынц дзæгъæлхъеллаугæнæг лæппутæ. - Ды та чи дæ? - йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта. - Ног кусæг у, - мæ бæсты йын дзуапп ратта бур чызг. - 0, бахатыр кæн, нæ ног кусæг, - загъта йæ къухтыл фæйнæрдæм ахæцгæйæ, - ардæм дзы цы нæ æрбахаудзæн. - Уый фестад æмæ сыф - сыфгæнгæ дуарæй федте. - Хорз у æмæ нæм дæ хуызæттæ бирæ нæй æндæра... Бур чызг нал баурæдта йæхи. - Чи у ацы æнæрцæф? - иугæр бурчызг дзурын райдыд- та, уæд æз дæр фæныфсджындæр дæн. - Ам кусы. Кусы, уæд мын амæлæт. Бон изæрмæ теле- фоны фæйнæрдæм дзуры спекулянттæм æмæ æлхæны, джымандытæ кæны... - Æмæ йын уыйбæрц æхца кæцæй цæуы? - Гъы, кæцæй цæуы? Совхозы директоры ус у. - Уæдæ йæм дзы уыдзæн^ Чызг ницыуал сдзырдта. Йæ машинкæйыл тъæпп-тъæпп ралæууыд, фæлæ йын бирæ нæ ахаста. Уыцы дзæгъæйлаг телефон ныззæлланг кæны æмæ та йын уый дæр йæ хæ- тæл фелвасы. Уымæн йæ бур цæсгом схъулæттæ, фæлæ фестад хъуыр-хъуыргæнгæ «Кæд уын æз ам æххуырст нæ дæн, ныр та сын Текъомæ фæдзур, стæй та Тикъомæ». Чызг акалдта йæ маст, фæлæ уæддæр телефоны дзурæджы ку- ырдиат сæххæст кæны. * * * Ацы бур чызджы кусджытæ иууылдæр хуыдтой Бур- чызг. Æз æнхъæл уыдтæн, зæгъын йæ фæсномыг уыдзæн
æмæ йæм уыцы номæй бадзурын никуы бауæндыдтæн, ног кусæг даен æмæ уæдта цы нæ вæййы. Чизоны йæм фæхъыг кæса, уæд мæ зæххы æмлæгъз скæндзæн. Æз дын зæгъон, ныры дуджы искæй нуæрттыл ахъазын зын у æви цы. Бирæтæм ма цинау дæр кæсы. Мæ сæрмæ дæр нæ ха- стон искæй бафæрсын йе ’цæг номæй, фæлæ дын иу бон йе стъолыл аззад йæ фæскомцæдисон билет. Æз сцымыдис дæн, фестадтæн, рафæлдæхтон билет æмæ æцæгæй дæр йæ ном - Бурчызг. Фæстæмæ æрбадтæн мæ бынаты «Цæй ныр æм йæ номæй дзурдзынæн», загътон мæхицæн. Иу бон мæм мæ хисдæр цыдæр хъылма куыст ратта æмæ ууыл ныггуыбыр дæн. Агурын цыдæр нымæцтæ, æмных сæ кæнын иннæ æзты нымæцтимæ æмæ кæм къаддæр цыды- сты, кæм фылдæр. Хынцæныл ракъæцц-бакъæрцц кæнын. Мæ тæккæ куыстмæ куы бахæццæ дæн, арф хъуыдыйы мидæг куы уыдтæн, уæд мыл мыхуыргæнæн машинкæйы тъæпп-тъæлп ссыд. Æз фæиппæрд дæн мæ хъуыдыйæ. Кæуылты бахызт Бурчызг хæйрæджыты хæлæттаг фæуа, нæ йæ фæхатыдтон. Рывæрдтон мæ фыссæнтæ, зулмæ йæм бакастæн, фæлæ цы мæ бон уыд, уый дæр йæ ку- ыст кодта. Газеттæ райстон æмæ сыл мæ цæст хастон ис- ты ног цымыдисан хабæрттæ æнхъæлцау. Фæлæ ацы рæс- тæджы дуæртты зиллæтты хъыррыст ссыд. Къæсæрыл æрбалæууыд совхозы директоры ус. Йæ сау цæсгом ныу- урс, йæ цæстытæ ма мæнг æрттывд кодтой. - Мæлын Бурчызг, мæ зæрдæ фескъуыйы, - сфæрæзта ма дзурын, стæй ме стъолы фарсмæ бандоныл æрхауæгау кодта. Бурчызг фестад. Ратил-батил æй кæны, фæлæ мара зæгъ, ус ныхъхъæбæр, афардæг уыцы бæстæм. - Цы кодтай, Пепе? - фæрсы йæ Бурчызг, - Пепе, Пепе. «Ус мæлы Пепе дарæг дæ мауал уа», дзурын мæхи мидæг. Фестадтæн. - Мæ зæрдæ, мæ зæрдæ, - усæн йæ ныхас райхъуыст, ныф- фæсус, - баууылдтой мын æй къуыдыр кæлмытæ, абыр- джытæ, бандиттæ... офф-офф, мæлын дын, мамычкъæ. Æз æм кæсгæ баззадтæн. Фæджихау дæн. «Ау, ус мæлы æмæ ма йæ абырджытæ æндавынц. Æвæццæгæн, мæлæты размæ сæнттæ цæгъды», сæвзæрд мæм хъуыды, «кæнæ
— 1ЛЛЛ<К>\ЗЛ9<3**а/Э*>-ЛЛ/Ъ та мæрдты æвзагæй дзуры». Бурчызг фæцырд æмæ йын зæрдæйы капли йæ дзыхыл сдардта. - Нитроглицерин хуыздæр у, - сæппæрстон æз, усæн йæ хуызмæ кæсгæйæ. Фестадтæн æмæ йæм дарын нитрогли- церин. - Мæнæ уый де ’взаджы бын бакæн, - дзурын æм. Уый ме ’рдæм йе стыр сау цæстытæ æрбазылдта, цыма мæ аны- хъуырынмæ хъавыд. Мæ къухæй хос аскъæфæгау кодта, «Уа, ай циу? Йæ сæры зонд фæхæццæ уыдаид. Йе ’нгуылдзты ’хсæнты хос сæлхъывта, стæй йæ йæ дзыхы баппæрста. Бурчызджы «Тагъд æххуысмæ» фæдзурын фæндыд, фæлæ йын Пепе йæ къух ацахста. - Ме знæгтæ мыл ноджы сæ къах æркъуырдзысты, - уый йæ бинаг был дæндæгтæй сæлхъывта, - æз сын фенын кæндзынæн. Мæ лæджы мын йæ хорз куыстæй фæстæзад совхозмæ арвыстой, йæ къахыл æй слæууын кодта, ныр знон бюройы фæндон рахастой «освободить». А-чызг сын фенын кæндзæн. Æз мæ цæстытæ аууæрстон. Ай фыны дæн æви хъалы. Ус фæцæймард, æрхауд бандоныл, ныр та лæбургæ кæны? Бурчызг дæр æм кæсы джихæй, йæ иу къу- хы доны агуывзæ, афтæмæй. Ус бандоныл раст рабадт, йæ рæмбынкъæдзтæй иу фынгыл æруагъта. - Æмæ кæй æрвитынц мæ лæджы бынатмæ, уый зо- нут, - сигарет йе ’нгуылдзты ’хсæн сæууæрста, йæ сæр дыу- уæрдæм, мæстыйы æнкъуыст гæнгæ, пæрттой ацагъта æмæ бапъироз адджынæн сцъырдта, - мæнæ нæ хисдæры рæучитт фырты. Гъы-гъы, - йæ риу къухæй ныххоста, - а-чызг æй уæлдæфы не суадздзæн, йæ пакъуы йын нæ ацæгъддзынæн æд фырт, æд ус, æд лымæнтæ, - уый фе- стад тыфылтæ калгæ. Мах кæрæдзимæ бакастыстæм, фæ- худтыстæм. Уалынмæ дын айтæ-уйтæ нæ, фæлæ Пепейы цъах-цъах æдде ссыд. Рахызтыстæм къалидормæ. Хъусæм. Йæ хъæр, йæ хъыллист нæ хистæры кабинеты нæры. - Дæ фырт кæй лæджы бынат исы! Д ы дæхæдæг ардыгæй тæринаг куы дæ! Ух-х-х! - Йæ тымбыл къух æм стылдта. - Дæ хуыцауы тыххæй, цы кодтай, цæй бынаты кой кæныс? - фæрсы йæ мæ хистæр саст хъæлæсæй. - Цы, цы загътой? Ома ницы зоныс, нæ? Уыцы бынат сы-
мах мæнæй байсдзыстут? Мæнæ дæ нæ хъæуы? - фучъи йæм февдыста, - сымах уæхæдæг абырджытæ куы стут. Абырджытæ! Фехъуыстай! - Нæ дæ ’мбарын, мæнæй дæ цы хъæуы? - А-чызг дын æй бамбарын кæндзæн! - чиныг стъолæй фелвæста æмæ йыл æй фæкодта. Уый кабинетæй расæррæтт ласта. Асинтыл йæ сæпп-сæпп ссыд. Агъуысты стыр дуарæй федте. Мæ хисдæр ныффæлурс, рухс дзы иннæрдæм акаст, йæ былтæ ныцъæх сты, йæ зыр-зырæй нал æнцад. - Цы уыд, цы, Михел? - фæрсы мæ. - Иæ лæджы йын систой æмæ, дам; æм дæ фырты æр- витынц æмæ мæстæй мæлы. - Æмæ мæ фырт нырма йæ ахуыр куы нæ фæцис, уæд æй куыд æрвитынц, стæй иу афæдз дæр ам куы никуы уыд. - Нæ зонын... - Уæуу мæнæ диссæгтæ... Уый йæ ризынæй нал æнцад. Дыккаг бон. Бадæм Бурчызгимæ, архайæм, нæ куыст кæнæм. Нæ хисдæр нæм мидæмæ æрбахызт, цыдæр-хæстæ нын ратта æмæ рацæйхызт кабинетæй. Дуарыл æрбахæцын куыд загъта, афтæ йæ æдде æрбатъæппчындæуыд, лæг фестъæлфыд, стæй сагъдæй аззад. Йæ разы Пепе. Калм, дам, битъынайæ тарст æмæ йæ уæлкъæсæр æрзад. - Къуыдыр калм, мæ разы та фæдæ, - Пепейæн йæ цæ- стытæ адынджыртæ сты, раст æй цыма ахæрынмæ хъавыд, йæ лыстæг æнгуылдзтæ скъæдзтæ кодта, йæ цæстытæ ирдæй ирддæр кодтой. Мæ хистæры туджы цыртт нал аз- зад, йе ’взаг аныхъуырдта, цыдæр хъуамæ сдзырдтаид, фæ- лæ мара зæгъ, нал рæхсы. Иæ иувæрсты хæлиудзыхæй, хъуызæгау рахызт, йæ кабинетмæ нал бахызт. Ие онджы дзы мигъ бацыд. Ус йæ фæстæ акаст æмæ йæ сæр нынкъ- уыста. - У-у-у, къуыдыр калм! Фæлæу а-чызг дæ Æхсарбег нæ Тасыбег сараздзæн, - стæй йæхи ратил-батилгæнгæ фын- джы раз абадт. Æвæццæгæн, стæвд æмæ йæ кæрцæй ри- уы æхсæн фу райдыдта, йæхи сатæг кодта. Йæ уæлæ кæрц
сцæгъдæгау кодта æмæ та телефоны хæтал систа. Рай- дыдта та номыртæ зилын. Цы телефон ныффæрæзта йæ дзинг-дзингæй, цы мæ дыууæ хъусы бафæрæзтой уый дзæнгæрæгæй. - Ало, Халим. 0, о. Дæ нывонд, радтай сæ? Йæ усмæ? 0, дæ нывонд. Мæ номæй, нæ? 0, о, дæ хъæбултæн дын æнæнизы хос фестæнт, мæ лæджы мын кæй тыххæй схауæккаг код- той, уыдон. Йæ усæн ын нæ бамбарын кодтай, мæ лæ- джы мын?... 0, о, дæ сæрыл хаст мæ сæр. Абырджытæ со- вхоз хæргæ бакодтой æмæ лæдзæг та ууыл асаст. 0, дæ фæхъхъау, о. Хæтæл æрæвæрдта, йæ бинаг был дæндæгтæй нылхъывта. - У-х-х, - йæ лыстæг къухы хилтæ стымбыл кодта, - иу афæдз ма уæддæр куы... машинæ ма уæддæр... хъæуты цæй хæдзæрттæ æлхæдтам... стæй. Мах йæ цуры стæм, уый йæ айрох æмæ нæ куы ауыдта, уæд фестъæлфыд æмæ тарст сæгъау гæпп-гæппгæнгæ рацыд. Æртыккаг райсом. Иуæндæс сахатыл. Пепе къæлидоры куы йæ иу къахыл слæууы, куы иннæуыл, йæ мидбынаты скафæгау кæны. Æхсарбеджы, мæ хистæры, цæугæ куы ау- ыдта, уæд ыл ныххудт. - Федтай, дæ фырт куыд сдиректор ис, уый? - Пепе би- къскъуыдтæ кæны, - æниу ма мæ цуры лæугæ дæр æр- кæн, лидзынмæ фæвæййыс. Кæд дæ цæсгом æхсад у, уæд цæмæннæ æрлæууыс? Афтæ хъæуы гъе, исчи дæ куы нæ æфсæрмы кæна, уæд та дæ хъуамæ тæрсгæ кæна. Федтай, мæ хæ... дæ гæппыл ма цæст хæцы, мæ фендæй арвы кæ- рæтты ныгъуылдтытæ кæныс. Ды кæд искæй æлхæнын зоныс, уæд æз искæй аныхын дæр нал зонын... - Телефоны дæм дзырдæуы, - радзырдта йæм нæ каби- неты дуарæй Бурчызг, уый худт æмæ ныхас нæ бамбæрста. - Пепе, телефонмæ! - Бурчызг йæ хъæлæсы хатт фæбæрзонддæр кодта. Уый йæ хъæлæсы дзаг мыр-мыргæн- гæ стæсаздзыд чызджы лыгъд бакодта телефонмæ. -Ал-л-о-и,хъусын...Пепедæн,-йæкæрцыфæджджийыл иуæрдæм ахæцыд æмæ æрбадт, - куыд дæ нывонд?... Бирæ цæр, бирæ. Радтой сæ райкомы ус... - Рацу, дæхæдæг сæ ахæсс, - хъуысы телефоны.
- Цы? Ахæссон? Цæмæн? - Ус йæ хуыз аныхъуырдта. - Мæ лæг, дам, мæ мардта, - хъуысы телефоны иннæ кæронæй, - абырджыты, дам, мын куыд уадзын кæныс сæ бынæтты, хъуамæ, дам æй ахсын æркæнон, нæуæд, дам, дæу мæ хъуыддæгтæ скъуыддзаггæнæг чи кæны, кæм, дам, кусыс... Æвæццæгæн, дам дзы исты райстай... Телефоны ма цыдæртæ дзырдæуыд, фæлæ сæм хъусæг нал уыд. Пепейы къухæй телефоны хæтæл ахаудис, йæ сæр стъолыл æрæппæрста. - Бурчызг - сфæрæзта ма уый. Чызг ыл схæцыд. Ус ны- хъхъæбæр æмæ фæдисы дзурæг фæцис «тагъд æххуы- смæ». - Ка-п-п-ли, - куырдта æххуыс, - æвæццæгæн ын уыцы къуыдыр кæлмытæ стырдæр лæвæрдтæ бахастой... УЫМ Адæргъ йæ^аты Бысылыхъо. Ныддæргъ, мæгуыр йæ бон! Цы кæна? Иæ кæддæры нарст гуыбын сынтæджы ных- хауд, ног цагъд хъæмпы хауæгау. Нал ын дары хъæццулæй уæлæмæ къуыпп. Фыццаг бахизгæйæ, чидæриддæр загъ- таид: ацы уаты Бысылыхъо нæ хуыссы, фæлæ афтид у. Цы фесты йе ставд хъæдмæцъисы хуызæн цæнгтæ? Цы фæцис йе стыр боцъка гуыбын? Цы фæцис йе ставд богъы бæрзæй? Гъе, йæ нарст рустæ? Йе ставд бохъхъуыр, йæ ри- уыл ын-иу чи æрæнцад? Къæцæлы чындз никуы федтай? Уæд ныр Бысылыхъомæ бакæс æмæ йæ базонай. Сатæгсау æрфгуытæ æрхаудтой, цæстытæ сæ къуырфыты нал зы- нынц. Гъе, уас æнæнцой фæуа низ рауадзæг, уас дын мацæмæй фæкуывдæуа, кæд домбай адæймаджы куыд нымпылын кæныс? Ие уæнгтæ йын цы ’лвæст ныккæныс рæхысæй, раст сæ цыма берцъи æлвæст ныккæны. Бысылыхъо, Бы- сылыхъо! Цалынмæ дзурын фæрæзта, уæдмæ куывта: «0, хуыцау, мæ фæллой, мæ бынтæн се ’мбис дæу, æрмæст ма мæ мæ къахыл слæууын бауадз». Фæлæ нæй, нæй! Æгъатыр у хуыцау! Нæ йын айста йæ куывд. Нæ байхъ-
——1ллл-«н5чз^©чз^а^>-сьллл1 уыста Бысылыхъомæ. Ноджы куы стыхст, уæд та ногæй лæгъзтæйыл ныллæууыд: «0, хуыцау, мæ фæллойæн сæ фылдæр хай дæу; æрмæст ма мæ мæ къæхтыл слæууын кæн, ме знæгты фæндиаг мæ ма фæкæн». Йæхицæй йæ зо- ны, лæгъзтæмæ йæм чи цыд, чи куысты фæдыл, чи фатеры, уыдонæй йын чи куыд фылдæр лæвæрдта, афтæ йын йæ хъуыддаг рæвдздæр арæзта, афтид арммæ кæсгæ дæр нæ кодта. «Æвæццæгæн, хуыцæуттæ, зæдтæ æмæ дзуæрттæ дæр афтæ сты,- æнхъæл уыд Бысылыхъо,- бирæтæ йæ бынмæ куы бацæуынц æд кувинæгтæ, фæйнæ 15 капеч- чы, кæнæ фондз сомы мысайнаджимæ æмæ афтæмæй алчи æйттмардзæ хъæлдзæгæй куы раздæхы, куы сын баххуыс кæныс, уæд æз мæ фæллойæн сæ фылдæр хай куы дæттын, уæд цавæр сзыд сты дзуæрттæ дæр æмæ зæдтæ дæр. 0, ху- ыцау, уыдон дæр мæн æмæ мæ хуызæтты бафæзмыдтой», - дзуры Бысылыхъо химидæг, йæ мæллæг фæлурс къухтæ хæрдмæ сдаргæйæ. Фæстагмæ сфæнд кодта йæ сыгъзæрины чъисса иууылдæр хуыцауæн раттыныл. Цыдæр сдзырдта йе ’фсин Ганазонмæ, йæ къухтæ фæтилгæйæ. Уый йæм ирд цæстæй кæсы, хъустæ ныттынг кодта, цы зæгъдзæн Бысы- лыхъо, уымæ. Кæм ын ацамондзæн, уый сусæгæй цы фæллой æвæрдта, уыдонмæ. Фæллой? Мæгуыр лæгæн йе ’рчъитæ, йæ уæрдæхтæ дæр фæллоймæ хауынц, фæлæ Бысылыхъо уыдон чингуыты дæр никуы бакаст. Уый уæзæг къух цы у, уый зонгæ нæ, хъусгæ дæр никуы фæкодта. Уый зыдта сывæллæтты цæхæрадон, скъола, институт, уæлдæр партион скъола æмæ Т-йы хуызæн сабæлутæй арæзт стъол йæ кабинеты. Йæ фæстæ къулыл уыд Ленины портрет, йæ акомкоммæ Марксы. Иæ кусджытæй йæ зæрдæ кæмæй нæ «рухс» кодта, уымæн- иу уыдонмæ амыдта: «Сымах зыгъуыммæ кæнут Ленин æмæ Маркс цæрæнбонты цæуыл тох кодтой, уыцы политикæ...» Хорз ма зыдта «левый æмæ правийы» чи... Ганазон æм кæсы, кæсы. Уыны йæ лæджы царды фæс- таг минуттæ. Нымайы йын сæ. «Сдзурыны бон ма йæ куы фæуид? Цы фесты кæй хастой прокурортæ, тæрхон- гæнджытæ, цæттæты кусджытæ, милицийы хисдæртæ, æхсыры завод æмæ дзидзайы комбинаты директортæ, ин- ституты ректор, царвхор Бытъутæ йедтæ кæй хастой, уы-
дон? Кæм сæ нывæрдта? Уый фæстæ дæ хуыцау Барастъы- ры раз балæууын кæнæд хус гуыбын æмæ гом къахæй. Мæ зæрдæ дæ никуы ницæмæй барухс ис. Цæрæнбонты Чъе- хы нарæгæй Ерман æмæ Чеселтмæ цы къутæры бын нæ басгæрста йæ... ахæм ын нал баззад, мæрдты къæй феста, мæ уд мын æрдуйæ нарæгдæр скодта». Бысылыхъо йе ’взаг нынныхъуырдта. Нынныхъуырд- та йæ, уас судзгæ фæбада. Йæ цæсты зулæй йæ дæлдæртæ æмризæджы рызтысты, æнæ уый бар ракургæйæ дзы йæ бынатæй сыстын дæр ничи уæндыд. Æниу ма дзы исчи фезмæлыдаид, æндæра дзы æвиппайды никæй абадын кодтаид, йæхиуæттæ йын чи нæ авæрдтаид, уыдонæй. Ар- вы кæрæтты дзы ныгъуылдтытæ кодтой, йæ тæсæй мысты хуынкъ туманæй агуырдтой, иу æмæ дзы дыууæйæн сæ хæлæфтæ нæ ныххуылыдз кæнын кодта, уæдæ дзы зæрдэе скъуыдтæ дæр цал фæцис, сæ мæрдты чырынтæ-иу сын куы рацæйхастой, уæд-иу сæм бæрзонд агъуыстæй худгæйæ каст, химидæг-иу загъта: «Иуы та дзы афæндараст код- тон». Уый цуры Африкæйаг домбай цы уыд. Зондджынтæй йæхимæ æввахс никæй æруагъта, кæй æруагъта, уыдон та йын къæхтæ сæрфæнтæ уыдысты. Фидар уыд. Фидар уы- дысты йæ къабæзтæ тулдзы уидæгтау, æрдумæ никæй дардта, никæй цæссыг æм хъардта. Фидар бадт йæ бынаты, фæлæ æнхъæл куыд нæ уыд, афтæмæй йæ дыууæ бонмæ адæмы комы раулæфт фæхаста, фæхаста раст дымгæ бо- ны мигъау, атахт йе стъолы фарсæй! Тилцайы цæф фæцис! Хъыпп-сыппы бон æй нал фæцис. Æмæ хуыссы, хуыссы! Уас туг ныууара йæ сæрыл! Адæммæ ахæм тых ис, уый нæ зыд- та! Уаих фæуа уастæн! Гъа иронау кæсгæ нæ кодта, фæлæ Цомахъы ныхæстæ хъусгæ дæр никуы фæкодта «Адæмы ныхмæ цы уæйыг фæлæудзæн». - Цы зæгъыс? - фæрсы Ганазон йæ лæджы, йæ цæсты бынтæ цыма баумæл сты. Æ, уæд æндæр цард ма фена, йæ лæг-иу йæ лымæнмæ куы фæцис, уæд-иу уый та ’ндæр уынг- ты йæхи лымæны кабинеты раз балæууыд. Нæ фыдæлты æмбисонд адоны хуызæн никæуыл æрцыд: лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты. Рухсы бадат, нæ фыдæлтæ, куыд зондджын уыдыстут, куы!
- Исты ма сдзур, - дзуры йæм ус,- исты ма нын ацамон, куыд уыдзыстæм дæ фæстæ. Бысылыхъо сцæйæппары ныхас, фæлæ æвзаг дзыхы нал коммæ кæсы. Зонд нæ сафы, куыдзы зонд ын ис. Фæлæ æвзаг, æвзаг! Фыдæлгъыст æй баййæфта, де ’взаг, дам, дæ дзыхы бахус уæд! Йæ зæрдыл хорз лæууы сæрак чъирппа ныккæнды быркуыйы фарсмæ кæй баныгæдта...»Адон ма сисон, балæвар сæ кæнон хуыцауæн, кæд ме ’рдæм фæуид, гæртам, дам, лæджы мæрдтæй здахы, уæд хуыцау æрра ссис». Сдзурыныл сфæлвары, фæлæ нал, нал! Тых мийæ ни- цы рæзы! Къух сцæй исы хъæццулы бынæй. Ганазон ын æм февнæлдта. - Кæм сты, кæм? Хуыцауæн уæддæр скувæм, - усы цæс- тысыгтæ æркалдысты. Уæд æндæр мацы фенай, Ганазон, кæд ды дæ лæджы рисыл нæ риссыс, фæлæ æрттивæгты мæтæй мæтмæрдтæ кæныс! Лæг æм каст йæ фæлурс къу- ырф цæстытæй, раст ын цыма исчи йæ цæстытыл марла æрывæрдта, афтæ йæм зынд йæ усы ’ндæрг. Дис æм фæкаст, йæ ус цæссыг æрæппæрста, уый. «Мæныл? Уарзта мæ? Нæ мæ уырны». Фæлæ цы акæна? Æндæр бон æй нæ уыд æмæ ма сфæрæзта: - Уым,- йæ цæстытæ æрæхгæдта, йæ ус æм фæкаст, раст цыма йæ разы залиаг калм æрбалæууыд, афтæ, цыма йын йæ уд уый стондзæн æмæ йын æй афардæг кæндзæн. Га- назон фенхъæлдта, ома дæ ум (зонд) кæм ис. Ус амæсты, уымæн æмæ йын иу æмæ дыууæ хатты нæ фидис кодта «ты безумная» æмæ йын, æвæццæгæн, цытæ акалдтаид, фæлæ тауæдмæ Бысылыхъо сдзырдта: - Уым, уым, - къух чысыл систа æмæ йæ акомкоммæ амо- ны. Ус фæхъæлдзæгдæр, йе змæлд фæрогдæр, йæ фыртмæ сидын райдыдта. Уый йæм уæззау къахдзæфтæй, цæхъилтæ- мæхъилтæгæнгæ, æрбахызт. Фыды цæст ыл схæцыд æмæ уæззау ныхъхъæрзыдта. Цас ын фæфыдæбон кодта, цас хъы- цъыдæттæ йын фæдардта. Уый йæ фырбуцæн МИМОмæ ба- кодта, йæ фырт та дзы анашисттимæ бæндæн ссис. - Цы уыд? Уадз æмæ... - йæ къух ауагъта. -< «Уым, дам, уым æрттивæгтæ», - мад æм дзуры мид- былхудгæ. Лæппуйы цæстытæ астыртæ сты.
1ллл<к^е^©«©^2л>^т—— - Кæм «уым»? - фæрсы Тырыхъо. - Уым, уым, - Бысылыхъо фæлхатт кæны, къухыл схæц- гæйæ. Лæг йæ арм уæлдæфы чысыл баурæдта хæдзары фисыны акомкоммæ. - Марадз, мæ лæппу, фисын халгæ, уым сты. Тырыхъо, æнæуый йæ къамбец хуыдтой, фезмæлынмæ нæ уыд, фæлæ рæвдз рауад дуармæ. Уайтагъд фездæхт æд лом, джиркъа æмæ æфсæйнаг дзæккоримæ. Къул рай- дыдтой тъæпп кæнын, згъæлы йæ нывæфтыд цалцæг, йæ сæрстытæ, кæлынц дуртæ. Рыг сыстад, хæдзары къуым- ты ныббадт, кæрæдзи нал уынынц, рыг ныхъхъуырынц æмæ хуыфынц, уæддæр сис тъупп кæнынц стыр æфсæн дзæбугæй. Фæлæ ницы. Ацы рæстæджы та Бысылыхъойы хъæрзгæ хъæлæс ногæй райхъуыст. -Уым, уым... Мад æмæ фырт сæ куыст фæуагътой. Рынчыны размæ та бауадысты. - Кæм, кæ, баба? - Тырыхъо фыццаг хатт йе ’мбаргæйæ йæ фыдмæ сдзырдта баба. - Уым, уым... - дзуры сæм, фæлæ рыджы рæстмæ нæ зынд, къух чердæм дардта, уый. - Фæлæу, фæлæу,- мад дзуры фыртмæ,- гаражы, гара- жы, уым-иу цыдæртæ змæста ацы мæрдты къæй кæнинаг. Атындзыдтой уырдæм. Бысылыхъо рыг уаты баззад æмæ йæ мæллæг хуыфт рæстæгæй-рæстæгмæ райхъуысы. Ганазон æмæ Тырыхъо æйттмардзæйæ гаражы къуымтæ къахынц. Чи загътаид æмæ уæртæ уый Ганазоны уæздан урс къухтæ джиркъайæ ахæм тынг тъæпп кæнынц зæххы, чи загътаид æмæ Бысылыхъойы фырты фæсонтæй афтæ тынг схъардтаид хид. Уæдæ! Фæлæ ацы æрттивæгтæ сæ бон калынц, уымæй тынгдæр та зыддзинад. Сæ куыст æруæззау, сæ мигæнæнтæ æрæвæрдтой. Ба- фæлладысты, цæнгæтæй конд куы нæ сты, мыййаг. Æр- бадтысты гаражы раз. Бакæс ма сæм - раст æртгуызтæ. Сæ цæсгæмттæ сыджытзмæстытæ. Цыбырдзырдæй, сæ зон- гæтæй сæ ничи базыдтаид. - Нæй, афтæмæй ницы, иухатт ма йæ бафæрсæм, кæм сæ нывæрдта, мæ куыдзы цармы тыхты æрцæуа, кæд мын
——охлл^^о^ов^^ит цæрæнбонты маст йедтæмæ ницы уыд. - Ус фестад дзургæ, йæ фæдыл йæ фырт дæр, базыртæ йыл баззадис. Рынчы- ны тыхулæфт сæм хъуыст, фæлæ уый уыдон æрдумæ дæр не ’рдардтой, йæ фæлурс цæсгомыл рыг ныббадт, кæсынц æм мад æмæ фырт ирд цæстæй аныхъуырыны ’ввонгæй, фыд æххуыс æнхъæл, фæлæ рыджы кæрæдзи нал базыд- той. Æниу сæ хъуыдытæ иу кæм уыдысты. - Кæм сты, кæм?! - ус фæкарздæр, - зæгъ сæ! -Уым, у-у-м... - Уым, ум дарæг дæ мауал уæд! Кæм уым, ном ын нæй?! - нал фæлæууыд лæппу дæр. Лæг та æнæбары схæ- цыд йæ къухыл æмæ дуары ’рдæм амоны. - Уым, уым. - Ацы куыдз мæлдзæн, фæлæ йæ дуармæ айсæм, уынгты, мæнгагъуысты, уæтты йæ ахæссæм æмæ сæ кæд афтæмæй бацамонид, науæд «уымтæ» бирæ сты, - бауынаффæ код- та Ганазон. Лæппу цæрдæг февнæлдта рынчыны гобаны дыууæ кæронмæ сæрæрдыгæй, къæхты ’рдыгæй йыл схæ- цыд ус. Рахастой йæ асины сæрмæ. Усы къухтæй гобаны кæрон æрбырыдис æмæ йæ зæхмæ æруагъта. - Уым, уым, - Бысылыхъо амоны йæ акомкоммæ бæласы бынмæ. Л æджы зæххыл авæрдтой. Асинтыл сæхи цæргæсау рауагътой. Бæласы алыварс къахыныл алæууыдысты... Æмбисбонæй раджы ахызт. Ныффæлладысты та, сæ мигæ- нæнтæ æрæвæрдтой, асины къæпхæнтыл æрбадтысты... Сæ лæнк-лæнк цæуы тæвд боны куыдзау... - Цыфæнды ма бафæллайæм, уæддæр сæ ссарын хъæ- уы, - дзуры Ганазон. - Кæм?! - сæнтхъæр фæкодта Тырыхъо. - Уым, уым, - райхъуыст сæм асины сæрæй. Дыууæ дæр æмкаст фæкодтой рынчыны ’рдæм, стæй кæрæдзимæ фем- дзаст сты. - Хуыздæр у, мамочкæ, - дзуры фырт, - хæссæм æй уынгты, цæхæрадоны, æмæ сæм кæд афтæмæй фæкомкоммæ уаид. Ус та сразы. Уас уæ бон ныккалат, ацы æрттивæгтæ! Æрхæссынц æй асинтыл. ’- Ма ахауæд, æндæра куыдз... æмæ ницыуал базондзы- стæм, - дзуры мад фыртмæ.
- Мæнæн нæ ахаудзæн, ды фидар хæц, - фидарæй дзуры ус йæ дæндæгтæ нылхъивгæйæ. Хæссынц æй... Хæссынц æй цæхæрадоны, сæндоны... фæлæ та сдзуры «уым». Къух чердæм адары хъæрзгæ, уыцырдæм та йæ ахæссынц, фæлæ «уымтæн» кæрон нал уыд. Куы баффæлладысты, уæд ус йæ лæджы æд гобан аззыв- вытт кодта, иннæ кæрон лæппуйы къухæй дæр феуæгъд, æмæ Бысылыхъо зæххыл атылд æнæ гобанæй. Ницыуал ын баххуыс коДтой йе ’вæрæнтæ! Ганазон æнгузы бын æрбадт тæргайæ, лæппу йæ сæрыл ныххæцыд æмæ фыдмæ фыдæхы цæстæй кæсы. Бысылыхъо ма иу дард скодта йæ цонг. - 0, хуыцау, ды дæр мах хуызæтты бафæзмыдтай, куыд æгъатыр сдæ, - сфæрæзта ма дзурын, стæй ма цалдæр хыр- рытты скодта æмæ йæ цæстытæ дзагъырæй баззадысты. Фырт гобан йæ къахæй скъуырдта. - Сыночек, цом нæхи уал сæхсæм, - сабыр бадзырдта Га- назон йæ фыртмæ, - цахæм уыд, ахæм мардæй амард. Ма- хæй йæ цы ’мбæхсинаг уыд йæ фæллой! - Исчи йæ уым куы ’рбаййафа, уæд худинаг у, уæддæр... - Ничево, чи цы фæагуры, уый ссары... Къулдуар мидæ- гæй æрæхгæн, куыд ничи æрбацæуа... - Уæдæ мах цы агуырдтам, уый цæмæннæ ссардтам? - Сæ рæстæджы сæ нæ агуырдтам æмæ уымæн, æмæ ’нæдæр мах агуринаг уыдысты. - Куыднæ уыдысты мах агуринаг? - Уымæн æмæ мах нæ уыдысты... КООПЕРАТОР Хæдзары рæбинаг къулы фарсмæ диваныл æрхуыссыд бæзæрхыг мытыхъхъытæ арæзт нæлгоймаг. Кæсæн-цæс- тытæ басагъта йæ цæстытыл æмæ газет райста йæ къухмæ. Нырма уал йæ цæст ахаста цыппæрæм фарсыл, мæрдты тыххæй хъусинæгтыл, æмæ йын дзы зонгæ куы ничи раз- ынд, уæд йæхи мидæг сдзырдта: «Табу хуыцауæн, ацы хатт мæ сабæттаг фидын нæ хъæуы». Стæй æркаст æртыккаг *13
——1Ллл<нз\5ЛОо0^угн>ллЛ| фарсмæ дæр, дыккагмæ æмæ æгæр æмгуыдын фыст куы уыдысты, уæд рафæлдæхта фыццаг фарс æмæ йæ ныхас куыд райхъуыстаид, афтæ рафарста: «...арендæ, коопера- тор...» Нæлгоймаг йæ цæстытæ газетæй нал систа. Каст æмæ йæ каст стыр монцæй, цасдæр фæстæдæр газет йæ риумæ руагъта æмæ йæхи афæрсæгау кодта: «Цы, дам, цы?» Æмæ та газетмæ ногæй йæ цæстытæ ныццавта. Кæсы æмæ йæ цæсгомыл цины нысæнттæ фæзынд. «Мæнæ диссæгтæ, мæнæ цытæ кæсын, фыны дæн æви хъалы. Ай мæнæ мæ хуызæттæ цæмæ бæллыдысты сæ райгуырдæй фæстæмæ, уый куы ’рцыд, цард нæм йæ мидбылты куы фæхудт». Л æг йæ бынаты рабадт, хæдзарон дзабыртæ йæ къæхтыл æрбакъуырдта, сыстад æмæ, иуран лæугæйæ, йæ къæбут аныхта. «Замманайы хабар, цины хабар», дзуры йæхицæн. - Мæдинæ! - сирвæЗт йæ дзыхæй. Лæг фырцинæй йæхи- цæн бынат нал ардта. - Гу-укк, - æрбайхъуыстхæринагаразæнæй. - Æруай ма, дæ хорзæхæй, мæ гыкъына. - А-ф-фæхъ-о,- ус йæ ныхас даргъ ауагъта,- фæуайын, фæлæ, миййаг, дæ удылхæцæг куы нæ дæн. - Ус йæ лæджы раз счъил дыстимæ балæууыд. - Мæнæ ма ацы фыст бакæс, дæ хорзæхæй, кæд мæ, мий- йаг, мæ цæстытæ сайынц, - загъта, газет æм бадаргæйæ. - Ницы дæ сайынц, раст æй бамбæрстай, дæ хъул та сах абаддзæн, дæ куырой та рахисæрдæм ныззилдзæн æмæ та ногæйнæхъуырæйакæлдзыстæм,-газетнæрайсгæйæлæхуры ус. Уас фæлдыст мæ куыдз уыцы рæстæгæн, нæ фæндтæ нын нæ хъуыры чи фæбадын кодта, æндæра нæ хъуырмæ уаиккам, ныр нæ хæдзары мыст йæ къæдзил цæуыл ракура, уый дзы нал ис. Нæ хæдзар æмæ нæ дзыппыты дымгæ зилы. - Æз дæ уыдæттæй нæ фæрсын, цы ’рцыдис, уымæн хос нал ис... - Ды мæ уыдæттæй нæ фæрсыс, фæлæ мæнæн та мæ зæрдæ дзæкъулæй лæууы де ’рцахстæй фæстæмæ, уас сæ бындур низзила, сæ фæйнæджыты хъæр айхъуыса, уæдæй фæстæмæ ныхсдароны цард кæнæм. • - Хъус-ма, базон-ма, куыд аразгæйæ у ацы кооператив, уыцы дзæнгæда уадз.
тп^^^ —— - Нæ йæ бакастæ?... - Ам цыдаер кредиты кой кæнынц æмæ уый та циу? - Хæс, хæс, не ’мбарыс? Гобæ фыс дæ? - Æмæ кæцæй? Куыд? - Хицауады дзыппæй... агъуыст дзы сараз, стæй сæ чы- сылгай фид... Уæдмæ кæнæ хæрæг мæлдзæн кæнæ йæ хи- цау. - Гъе, уый хъуыддаг у гъе. Гъе, уый æрæмысæг лæг у гъе, - цин кæны Афæхъо, - цин дын фенон, цард та дзы бирæтæн куыд скъобор уыдзæн, бирæтæн та дзы йæ къудийæ дур фехсын кæндзæн. Дыккаг райсом, фараст сахат нæма уыд, афтæ Афæ-хъо горæххæсткомы сæрдары раз даргъ фынджы фарсмæ бадт. Дысон æм ателефон кодта сæ фембæлды тыххæй æмæ бад- зырдтой кæд, цафон æмæ кæм ныр тæрхæттæ кæнынц. Сæрдар сигарет сдымы адджынæн æмæ фæздæг хæрдмæ афу кæны. Сигареты фæнык фæныкдонмæ цæгъдгæ-цæгъ- дын йæ къух сзыр-зыр кæны. Афæхъо йæм аивæй бакæсы. « Йæ фыды къухтæ дæр афтæ рызтысты, фæлæ уый нæдæр тамако дымдта, нæдæр нуазгæ кодта, хæсты афтæ фæцис», æрбалæууыд Афæхъойы зæрдыл. Уый фыдмæ шофырæй куыста æвзонгæй. Уæд мæнæ йæ фырт, Агуыбечыр, æвзонг лæппу уыдис, фæлæ галиу ахуырæй йæ удхæссæг уыдта, хæдзарæй-иу скъоламæ цæуын æфсон рацыд æмæ-иу уый та куы кæдæм афардæг, куы кæдæм. Афтæмæй хæдзарæй къæбæр сайæн æмæ хуыцауæй та бон сайæн кодта. Афæ- хъойы дæр бирæ хæттыты бахъуыд йæ агурыны сæр. Йæ фыд адæмимæ адджынæй цард, æнæзæрдæхудт лæг уыд, æмæ йын йæ фырты æфсæрмæй ауагътой, райста атте- стат, стæй йæ йæ мад институты къæсæрæй фæмидæг код- та. Афæхъо уымæн йæ фыдæй нæ фæлмæцыд, уый хуыца- уы сконд лæг уыд, йæ къахы бын мæлдзыг нæ фæкодтаид, галы комæй хал нæ раластаид, фæлæ сау уынгæджы уыд мæнæ йæ фыртæй. Бонизæрмæ машинæйæ нæ хызт. Хъыцъыдæттæ йын дардта, донмæ йæ скъæрдта æмæ йæ æнæ донæй здæхта. Ие ’мбæлттæ йæ хуыцауы галы къахæргæвдæг хуыдтой. Бирæ хæттыты ахъавыд уыцы куыстæй алидзынмæ, фæлæ йын йæ фыдæй æфсæрмы
— 1ЛЛЛ<К^^9<3^^с><ьаЛЛ| кодта, стæй йын ныфс æвæрдта æндæр исты куыстмæ аи- выны тыххæй фæсаууонмæ институт фæуыны фæстæ æмæ быхста сомбоны хуыздæр цард æнхъæлцау. Куыддæр йæ институт фæцис, афтæ йæ Агуыбечыры фыд арвитын код- та совхозы фæскомцæдисонты нымæрдарæй, уырдыгæй йæ уайтагъд совхозы директорæй сæвæрын кодта. Ам Афæхъойæн йæ дæндаг ахъаззаг фæхæцыд, адæмы сæрты акаст æмæ куыд фæстагмæ йæ размæгæнæгæн дæр салам нал лæвæрдта, йæ фырты та йын нымайгæ дæр нал код- та. Афæхъо феввæрсыд йæхиуыл. Фæлæ дуг фæйлауæнтæ кæны, чердыгæй дыл æрбадымдзæн, уый ничи зоны, æмæ йæ фæстаг талынг ныккæндмæ фæраст. Ныр ацы фембæлд æнхъæл никуыуал уыд. Фæлæ хъыс- мæт йæ бон калы. Абоны цæсты кæсын нæ хъæуы, уый комæй кургæ нæу. Кæмæ кæцы къæсæрæй цы хуызæнæй æрбадзурдзæн, уый ничи зоны. - Дысон дын дæ хъæлæс куы фехъуыстон, уæд мын æхсызгон уыд, æгайтма ссæрибар дæ, - уæззау, нывæн- дæгау кодта йæ ныхас Агуыбечыр, - æгайтма ныл дзæбæ- хæй сæмбæлдтæ. Раст дын куы зæгъон, уæд дæм абон æн- хъæлмæ кастæн. - Бузныг, æз æй хатын, мæ дзæбæхдзинад дæ кæй фæн- ды, уый, кæрæдзийæн æцæгæлæттæ не стæм, - дзырдта Афæхъо, фæлæ йæхи мидæг та загъта: «Ацы сæтæлæгæй уый æнхъæл чи уыд». - Хуыцау зоны, мæ зæрдæйæн куыд адджын дæ... Æнæ хъуыддаг нæ уыдзынæ? - Агуыбечыр æй цæхгæр афарста. - 0, хъуыддаджы фæдыл æрбауадтæн, æгуыст дæн æмæ... Мæнæ газет цыдæр кооперативты кой кæнынц æмæ... æмæ зæгъын æз дæр... - 0, ис, фæлæ... - йæ сигареты фæнык фæныкдонмæ æр- цагъта, йæ амонæн æнгуылдзæй, - фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ ды ахæстоны бадтæ æмæ... цыдæр сын сæ фæндæгтæ æхгæнынц, фæйнæрдыгæй ацы æнæхæлафæй хъалтæ сæ дзыхтæ ныххæлиу кодтой, фæстæмæ, дам, мах бонджынты къæлæтмæ нæ бацæудзыстæм, стæй, дам, ацы кроперативтæ фылдæр аразынц абырджытæ, ахæстæтты йедты чи бадт, ахæмтæ æмæ мæ гъа... фенæм.
- Фæндаг мын бацамон, ме ’рдыгæй цы хъæуа, уый æз сараздзынæн, - йæхи бакъултæ кодта Афæхъо. Фысым иу- дзæвгар ницыуал сдзырдта, йæ сигарет сцъырдта æмæ йын йæ фæздæг галиуæрдæм афу кодта. - Афæхъо, мæ чысылæй фæстæмæ дыл æууæндын æмæ мæ ма ауæй кæн... - Уанцон нæу. Зноныккон сывæллон ма дæн, мæ сæр ми- сыны хуызæн куы ссис. - Ды бавдæл æмæ цыдæриддæр документтæ хъæуы, уы- дон де ’фсины номыл сараз, кооператив дæр уыдзæн уый но- мыл, кусгæ та кæндзынæ дæхæдæг æмæ дæм къух бакæнæн ничердыгæй уыдзæн, никæй къух дæм баххæсдзæн, уыцы хъуыддаджы фæдыл дæуыл куыдз дæр не срæйдзæн, ку- ыдз, дæ уæлфадмæ дæр дын ничи сæххæсдзæн æмæ дæ зæвæтмæ дæр никæй дардзынæ. Афæхъойы цæстытæ зынджытæ ’ппарын байдыдтой. Уазæджы циндзинад фысым куыд нæ фæхатыдта. - Афтæ, - сдзырдта та Агуыбечыр, йæ цæст æрныкъул- гæ, - æрдумæ дæр никæй дардзынæ. - Æз дæ мад, дæ фыд, уазæг, гæххæттыл ма мын афысс, цытæ аразын хъæуы, уыдон, - цингæнгæ сæппæрста Афæ- хъо. - Ныртæккæ, - фысым дзæнгæрæджы кнопкæйыл ных- хæцыд æмæ йæ кабинетмæ æрбахизæн уаты ныззæлланг кодта. Уайтагъд мидæмæ æрбахызт алыгъуызон ахорæн- тæй ахуырстчызг. - Кооператив бакæнынæн цыдæриддæр документтæ хъæуы, уыдон ма иу гæххæттыл фæнысан кæн æмæ сæ мæнæ ацы хорз лæджы къухы фæсадз, - стæй йæ ныхас Афæхъойы ’рдæм фездæхта, - ма дæ ферох уæд йæ барæв- дауын. - Уый гæнæн куыд ис, - фæцырд Афæхъо дæр. Уый ны- хасмæ чызг фæхудт æмæ фездæхт. Агуыбечыр та ногæй йæ цæст æрныкъуылдта уазæгмæ. - Бангмæ куы бацæуай, уæд дын йæ хицау дæлæ-уæлæ кæндзæн, фæлæ-иу ын комкоммæ зæгъ: «Сæ дæс проценты дæу сты, цы æхца исын, уымæн». Куыдз дыл куы рæйа, уæд ын къæбæр æппарын хъæуы. Фестæм ууыл. Кæм тыхсай,
уым-иу мæм фехситт кæн. Фæлæ дæ чи ныха, уый ныхын дæр зон. «Ай мæнæ зæд», химидæг загъта Афæхъо. Агуыбе- чыр сыстад æмæ йæм йæ арм бадардта. - Уастырджи дæ рахиз фарсмæ цæуы æмæ-иу ын йæ ном ссар. - Бузныг, стыр бузныг, йе, Уастырджи, сыгъзæрин сы-йæ дын кувдзынæн, - фырцинæй дзурын нал фæрæзта Афæ- хъо. * * * Нæ горæты Сæрмæтты уынгæй рæсугъддæр уынг нæй. Райдайыæфсæнвæндаджыуынгæйæмæфæудкæныулæфæн парчы цур. Лæгъз уынг у. Тратуартæй машинæвæндаджы ’хсæнты сагъд ис алыгъуызон рæсугъд къутæртæ æмæ дидинджытæ. Сусхъæд бæлæстæ се ’хсæнты бæрзонд фæцыдысты, дидинæг ракалдтой æмæ се ’хцон тæфæй зæрдæ рухс кодта. Мыдыбындзытæ йыл нымбырд сты, цъи- рынц ын йæ адджын дон сæхи пайдайæн, чи сæм зилы, уый пайдайæн. Ацы сусхъæды размæ цы сæрмагонд хæдзар ис, уымæн йæ астæу уынджы ’рдæм дуар нæ уыдис. Ныр дзы фæзынд. У игæргъуыз ахурæнæй ахуырст. Мидæгæй дзы хъуысы, хæйрæджы цъæхахстгæнæгау, музыкæ. Ууыл- ты чи фæцæйцæуы, уый музыкæйы хъæрмæ æнæмæнг æрлæууы, дуары сæрмæ фыстмæ скæсы æмæ куы рафæрсы «Кафе Нарт», уæд йæ сæр нынкъусы æмæ фæзæгъы: «Кæм ату кæнай, уым кооперативтæй дарддæр ницы фендзынæ. Фыдызгъæл фыдызгъæлы комбинаттæй хæссынц æртæ сомæй къило æмæ йæ ам та уæй кæнынц тумантыл». Иу сихорыулæфты рæстæджы ацы кафейы раз æрлæууыд иу сау «Волгæ». Рахызт дзы шофыр æмæ бацыд кафемæ. Къæсæрæн куыддæр фæмидæгæй ис, афтæ музыкæ су- асыд æмæ йæ мидбынаты фестъæлфыд. Хъуыддаг куы фембæрста, уæд йæ зæрдæ йæхиуыл фæхудт, зæгъгæ, ку- ыд тæппуд дæн, музыкæйы куыд тарст фæкодтон. Йæ цæст ахаста хæрæндоны къуымты: алыгъуызон рухсытæ ферттывд - фæнымæг кæнынц, музыкæ хъыллист кæны. Фынгтыл бадынц æнæлвыд сæр лæппутæ æмæ гом риу
ОУУ^^нЗ^чЗЛОКЗ’^^^/Ь — æмæ бæгънæгзæнг чызджытæ. Сæ разы хинкъалтæ, бæ- гæны, кæмæндæрты чъиритæ дæр. Даргъ лыстæг хæ- тæлтæй цыдæр гъæд цъирынц. Цырагърухсæй дæр дзы не ссардзынæ иу кусæг лæджы... Музыкæ цъæхахст кæны, хъусты нуæрттæ скъуыдтæ кæны. Иу тыппыртæ буфетгæс рæвдз змæлы. Лæппу къултыл йæ цæст хæссы, фæлæ нæ хаты къултæ сты хъулæттæ, æви сын иугъуызон хуыз ис, алыгъуызон рухсытæ йын цæстытæ куырм кодтой. - Цæуылнæ сбадыс? - ауад йæ хъустыл. Лæппу фæзылд æмæ Афæхъойы куы ауыдта, уæд сдзырдта: - Агуыбечыр дæм æдде æнхъæлмæ кæсы. - Абад æмæ исты ахæр, - загъта Афæхъо æмæ æддæмæ фæцæуыныл. Уый машинæмæ тагъд-тагъд бахызт, цыма искæмæй йæхи æмбæхста æмæ фæстаг бадæныл Агуыбе- чыры фарсмæ æрбадт. Кæрæдзийыл баузæлыдысты, стæй сæрдар райдыдта: - Цæй куыд дæ, ног кулак? - Архайын цыдæртæ дæ фæрцы, - кæрæдзи цæстытæм æвзонг уарзæттау ныккастысты. - Фыдæзгъæлы хъуыддаг дæм куыд у? - Нырма уадиссаг ницы, нæма фæцайдагъ дæн. - Фыдызгъæлы тыххæй бадзырдтон æмæ дæ ифтонг кæндзысты, фæлæ кæуыл æууæндыс, стæй фос чи дары, ахæмимæ бадзур, дзидзайы документтæ дæр уый номыл араз, цыма сæ уымæй æлхæныс, цæмæй сомбон исты куы уа, уæд зæгъа, цыма фыдæзгъæл уымæй æлхæныс. - Хуыцауы стæн, дæ лæггад ма дын... - йæ ныхæстæ кæронмæ нал загъта, афтæмæй Афæхъо йе ’рдхорды пид- жакы дзыппы йæ къух æртъыста цыдæр тыхтимæ. - 0, хæдæгай, сырх худджынты хистæртимæ, адæмон контроль... базон сæ. Цæй фенынмæ, - Агуыбечыр æм йæ арм бадардта. Афæхъо машинæйæ ралæсæгау кодта. * * * Хураууон акодта кафе «Нарт»-ы раз, афтæ иу æхгæд машинæ æрбалæууыд йæ разы. Ныллæг хытъынджын лæг кабинæйæ тыххæйты ралæст æмæ, тых къахдзæфтæгæнгæ
бараст кафемæ, цыма йæ къæхты бынтæн риссынæй тарст. - Афæхъо чи у ам? - буфетгæсы афарста, куыддæр хæ- рæндоны къæсæрæй бахызт, афтæ. - Афæ-хъ-хъо, - ныууасæгау кодта буфетгæс. Уый сидтмæ лæг иу дуарæй рахызт. - Цы хабар у? Цы ныууасыддæ? - Мæнæ дæ агуырдæуы, - ацамыдта йын æнæзонгæмæ. - Афæхъо ды дæ? - афарста йæ хытъынджын. - 0, æз дæн, дæ рынтæ... - Фыдызгъæл мын дæумæ рарвыстой. - 0, о, цы æхсызгондзинад мын сарæзтай, - сцин кодта кафейы хицау, - æй, æхсызгондзинæдтæ дыл куыд фæцыд. Уайтагъд февнæлдтой цонгсчъилæй æмæ стыр хæйттæ онг- гай мидæмæ скъæфтой, цыма сын искæмæй байсынæй тар- стысты. Сæ хид калд æмæ йæ сæ армы тъæпæнтæй сæрфтой. Фæлæ сæ се стыр гуыбынтæ рæвдз кусын нæ уагътой. - Цал килограммы сты? - хаст куы фесты, уæд æй афар- ста Афæхъо, лæнк-лæнкгæнгæ. - Дыууæ сæдæ, - срæцыгъта шофыр, йæхи мидæг та за- гъта: «Цæй, 20 къило дзы уæлдай куы зæгъон, уæд цы дис- саг у, хæссынмæ дæр ма йæм куы фæкастæн, стæй сæ мый- йаг, йæхи аргъыл куы нæ ауæй кæндзæн». - Цас хъæуы?... - Нымай иу къилойæн фондз сомы. - Хорз, хорз, - уый йæ дзыппæй æхцатæ фелвæста æмæ сæ нымайыныл алæууыд. Æхцатæ йын йæ армы дзыхъхъы фæсагъта, - уыдон та дын дæ лæггады тыххæй, - æртæ ту- маны ма йын уæлдай йæ къухы авæрдта, - ма-иу мæ рох кæн. Уазæг фысымæн раарфæ кодта, зæгъгæ, фæндараст фæу, йæхæдæг йæ кабинетмæ фæраст. Шофыр та йæ ка- бинæмæ куыддæр сцæйхызт, афтæ йæ уæлхъус милици æр- балæууыд. - Фенын ма мын кæн дæ документтæ, - цæхгæр æр- домдта шофырæй, уымæн уæздан салам раттыны фæстæ. Уый сагъдауæй аззад. Комкоммæ йæм каст, раст цыма йе ’взаг аныхъуырдта. -Йеду...
- Йедутæ йедтæ ныууадз, мæн ахæмтæм не 'вдæлы; абон-сомы ныхæстæ мæн ницæмæн хъæуынц. Кæм ис дæ фактурæ? - хъæбæрæй дзуры милиционер. Афæхъо мидæ- гæй кæсы æмæ цъæхтæ-буртæ кæны; æддæг-мидæг ауад. Ацы милиционеры горæты никуы федта æмæ чи у ууыл ныссагъæс кодта. Стæй ма йæ хъуыдыйы дæр февзæрыд «кæцæйдæр нæ хъахъхъæдта». - Кæм ис дæ фактурæ дын зæгъын? - скарз ис æхсæнады фæтк хъахъхъæнæг. Ацы ныхасмæ шофыр, цыма йæ фы- нæйæ фехъал; йæ цæстытæ фæирд кодта, æмæ, раздæр цæуын чи нæ фæрæзта; уый ныр тæрхъусы гæпп скод- та кабинæмæ; æхцайы гуцъула цыдæр гæххæтты атых- та; йемæ райста йæ балцæг дæр æмæ тыртынайы уад ба- кодта фæткхъахъхъæнæджы размæ. Уый йæм балцæг иу къухæй бадардта, стæй йыл йæхи бахафæгау кодта æмæ йын йæ дзыппы йæ галиу къух æртъыста. Милиционер цы- ма балцæг йедтæмæ ницы хаты; уыйау дардта йæхи. Иæ цæст ыл ахаста; стæй йæм æй фæстæмæ бадардта. - Ды раст дæ; цæсгомджын; дуджы аккаг хъæбул; цард æмбарыс. Уастырджы де 'мбал; арæхстгай цу; мацы... - цыт ын ратта. Шофыр йæ сурхид асæрфта æмæ йæ рулы фар- смæ куыд абадт; уый хатгæ дæр нæ ракодта. Машинæйы пыррыкк-пыррыкк ссыд æмæ лидзынмæ фæцис. Фæлæ сæ цымæ чи лыгъдис? Машинæ куы адард фæткæвæрæгæй; уæд йæ худ арфдæр æркодта; йæхи бадзæбæхтæ кодта æмæ «НАРТ»-ы ’рдæм йе ’ргом аздæхта. Афæхъо лæууыд къæсæрæн мидæгæй, уыдта алцыдæр. Милиционер æй куы ауыдта, уæд æм нымдзаст; цыма йæ гипноз кæнынмæ хъавыд; стæй йæм комкоммæ бацыд; йæ цæстытæ уымæй æнæисгæ. - Ам хицау ды дæ? - фæрсы йæ. - 0; дæ рын бахæрон; - йæ хуыз фæцыд Афæхъойæн. - Дæхи рынтæ дæр дæ ма уæд, фæлæ ма мын зæгъ: кæ- цæй исыс фыдызгъæл; цы гæххæтт дæм ис уый тыххæй? Æз дæн ОБХСС-æй; мæнæ дын ме ’ууæнчы гæххæтт; - сæвдыста йæм чысыл сырхцъар чиныг. - Дæ хорзæхæй; кабинетмæ рахиз; уым сты мæ документтæ. Милиционер фæраст фидар къахдзæфтæгæнгæ; кабине-
ты дуарæй бахызтысты. Афæхъо йæ бынаты æрбадт, мили- ционер йæ размæ. Фысым лагъзæй сласта иу конверт æмæ йын æй йæ разы æрæвæрдта. - Мæнæ дын сæ документтæ, - фæсусхъæлæсæй сдзырд- та Афæхъо, - нырма арæджы райдыдтон æмæ ...дæхæдæг зоныс... - Дæ рын бахæрон, арæхстгай кус æндæра... Куы йæ зоныс, æвзæр рæстæг у æмæ хи хъахъхъæнын хъæуы,- тæригъæдгæнæджы фæдзæхст æй кæны милиционер, кон- верт йæ дзыппы æвæргæ-æвæрын... «Рæстæг бæргæ хорз у, мæн куыд фæнды, афтæ, фæлæ мæ дæ хуызæттæ нæ уад- зынц. Æниу дæуæн дæр хорз рæстæг у. Кад нæ цытджын хистæртæн!». Хинымæр дзырдта Афæхъо. Ацы рæстæджы иу зæронд лæг æрбахызт дуарæй зæронд скъуыдтæ цы- рыхъхъыты, йæ къухы дæр зæронд хызын, иу карк дзы хæрдмæ зынд, цыбыр дзырдæй, йе ’рагъыл ын пут хор ра- уагътай, уæд дзы зæхмæ нæмыг не ’рхæццæ уыдаид, йæ уæлæдарæсы скъуыдты баззадаид. Æрбацæуæджы Афæ- хъо куы ауыдта, уæд химидæг ахъуыды кодта: «Мæнæ кæй хуызæттæн нæ бæззы рæстæг, уыдонæй иу». * * * Бады Афæхъо йæ кабинеты, йе стъолыл гæххæттытæ амадæй лæууынц. Уæззау сæ фæлдахы æмæ хынцæныл ракъæрцц-бакъæрцц кæны. Нымад куы фæцис, уæд сабыр бадгæйæ аззадис, стæй фестад æмæ мæстыйы ту акодта. - Милицийæ, алы хъылма хицæуттæ, куыдзæй-хæрæгæй ралæс-балæс кæнынц, сæ фæджджитæ хъ’илæй хæссынц, мæгуыргур ныллæууыдысты, семæ стыр кæрдтæ хæссынц æмæ мæ, фæхсынæй чъеппгæнæгау, чъепп кæнынц. Иугæр кооператор дæ, уæд дæ абырæг æмæ дæ стъигъæд дæ- хицæй абырæгдæртæ. Уый, йæ къухтæ йæ дзыппыты нытъысгæйæ, иудзæвгар æнæ змæлгæ алæууыд, стæй фæстæмæ æрбадт. Буфетгæс, йæ ус æмæ хæринагаразæг, йæ хомæ фæдзырдта. Мадинæ пæрпæргæнгæ алæууыд йæ фарсмæ, буфетгæс та узгæ-узгæ бацыд. - Нæ хъуыддаг хорз нæу, æфтиаг нын дзы ницы за-
йы, ацы цоппайгæнджытæ нын сæ ныхъуырынц. Цæмæй нæ кафе йæ къудийæ дур ма фехса, уый саразын хъæ- уы. - Сылгоймæгтæ ныхъхъус сты æмæ фæстаг ныхæстæм афæлурс сты. - Уый тыххæй цы саразынхъæуы: хинкъалтæ, физонджы- тæ, чъиритæн сæ уæз фæцух кæнут, къаннæгдæртæ сæ ара- зут æмæ цы уæ бон у уымæй фæлхасгæнджытимæ хорз ахаст дарут, сайут сæ æвзагæй, куыд ничи сæзмæнта, худут сæм... - Афæхъо йæ ныхас кæронмæ нæма фæцис, афтæ йе ’ххуысгæнæг къæсæрыл æрбалæууыд. - Фест ма, Афæхъо, рæвдз! - æрбадзырдта йæм. Уый иудзæвгар æнæзмæлгæ аззад, стæй уæззаугай сыстад. - Цы уыд? - афарста йæ тарст хъæлæсæй - Рæвдз, рæвдз, - дзуры та йæм. Уый дæр атындзыд- та йæ фæстæ. Æххуысгæнæг багажничы дуар фегом код- та æмæ дзы Афæхъо стыр дымст хуы булкъдастæй, стæй цъæх цармимæ куы ауыдта, уæд йæ цъæх цæстытæ ферт- тывтой. - Тагъддæр февнал, - ныр та йæ йæхæдæг тагъд кодта, - йæ хурх ын цæуылнæ фæлыг кодтай, кæннод æй уынынц. Дæ хуыцауы тыххæй, кæм æй рауардтай? - Тагъддæр, цæмæйты мæ фæрсыс, ныртæккæ уыдæтты рæстæг у? Йæ тъæнгтæ йын уæддæр акалдтаис. - Уыдон дæр æхца сты, - цæугæ-цæуын ын дзуапп лæ- вæрдта йе ’ххуысгæнæг. Хуы бынатмæ бахæццæ. - Цалынмæ йæ ничи федта, уæдмæ йын йæ хурх фæлыг кæн, æндæра йæ фæфиппайдзысты, арæггаг кæй у, уый. Зон, æвзæр рæстæг у... Архай дæхæдæг, мæн не ’вдæ- лы. - Афæхъо фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй фæстæмæ йæ ка- бинетмæ баздæхт. - Иучысыл иуран лæугæйæ аззад, стæй та ныр нымайæнмæ æргуыбыр кæна, афтæ йыл телефоны зæлланг ссыд. Уый фестъæлфæгау кодта. - Æнæрай дæ фæуыдæуæд, - хъуыр-хъуыргæнгæ систа телефоны хæтæл, - хъусын... - Афæхъо Харитонович, æуым, мæ зæрде, замманайы хъыбыл бахастай быныл дастæй æмæ ма дзы иу æртæ къи- лойы бæрц рарвит, стæй дæс авджы бæрц та сæнтæ, кæд
— ^ЛЛЛ^К^ЗЛОЧЗ^^о-’т дæм хорз сæн ис, уæд, дæле æрбалæсинаг сты æмæ.. «Гъей, уæ бинонты ныццæгъдат, кæд мæ фæстæ уæ хæйрæджытæ нæ зилынц, нырма къæсæрæй куы нæ фæмидæгæй», - ахъ- уыды кодта Афæхъо. Æргомæй та сдзырдта: - Бахатыр кæн, фæлæ дæ нæ базыдтон... - Кристо Гундесерович дæн... - 0, о, куыд нæ, куыд, искæй рарвит. - Гъе æмæ дæ лæггад бирæ уæд. Телефоны цыбыр гудоктæ райхъуыстысты æмæ Афæхъо дæр трубкæ æрæппæрста, стæй ныхъуыды кодта: «Уый та сæ кæцы у». Фæлæ ахæм гоймаг горæты никæй хъуыды кодта æмæ фæсидт Мæдинæтмæ. - Кристо Гундесерович та чи у? Цы гæс у нæ горæты? - Уый у горæты администрацийы цыдæр бæрнон. Æмæ цы уыд? - Ницы, замманайы хъыбылы дзидза, дам, дæм, ис æмæ... кæцæй йæ базыдта, дæ хорзæхæй?... - Уый ныккатайгонд кодта, стæй хæрдмæ сдардта йæ къухтæ: - Гъе, Уастыр- джи, Стыр хуыцау, кæд ма нæ сымах фервæзын кæнат ацы бюрократтæй-абырджытæй, уый йедтæмæ адон никæцы рацарæзт нæ рацараздзæн. Уæддæр нæ лæууынц, кусын цæ нæ уадзынц! - Гъе, Афæхъо, æнцад æрлæуу. Уыцы бюрократтæ, гæр- тамхортæ, мæгуыргуртæ куы нæ уой, уæд рæстдзинад мах хуызæтты ныббынæй кæндзæн, нæ рыг нын скалдзæн, нæ уд сисыныл абон - сом кæниккам, фæлæ йæ уыдон кæ- ронмæ нæ уадзынц мах амондæн æмæ систæм кулæктæ. Цы нæ фæнды, уый аразæм. Уыдонæн кувын хъæуы, ку- вын! Мах стæм абонæй соммæ, сæ сыхгæныныл абон-сом кæнынц æмæ архай, цалынмæ рæстæг ис! Кувын хъæуы Хуыцауæн нæ, нæ Хистæртæн. Абоны цæсты кæсын хъæуы. Стæй зон, куы бахауай, уæд дын уыдонæй ничи ницы бах- хуыс кæндзæн. Абырæн дæхæдæг хъуамæ ссарай. Уыдон дæ зонгæ дæр нал бакæндзысты. Фæлæ зон: уыдæттæн дæр а-дыууæ бонты сæ æрбадæнтæ ма скъуырой, уый мæн æнæ уырнгæ нæу æмæ мах дæр... фи-фи. Ды алырдæм дæр тас, алырдæм дæр зон, цалынмæ дын рæстæг ис, уæдмæ... Æддагоны цæсты дæхи ма æппар, макæй хъыг ис, цæмæй
^ллл<нз\&^©о<з^а/гнит—— ма дын сомбон ам бынат уа. Æндæра дын хъахъхъæнынц дæ алы къахдзæф дæр, дæ хъуыддаджы алы хуынчъы дæр бырынц. Уас сæ амонд басудза, сæ амонд фесæфа! Бæстæ фесæфтой! Бæстæ бахордтой! Фæлæ уæддæр, куыд барон сты адæм! АБИТУРИЕНТ Дыууæ æдтæгуæлæ хæдзары къаннæг уаты - дыууæ сынтæджы. Сæ иуы фынæй кæны сылгоймаг, иннæйы - нæлгоймаг. Сæхи æрнуæрстой тæнæг хъь^ццултæй æмæ сæ сым-сым цæуы. Хаттæй-хатт лæг схуыррытт кæны, ус схъуыр-хъуыр кæны æмæ лæг фæлæууы. Æвиппайды нæл- гоймаг нырдиаг кодта: «Цы фестут, фæдис, абырджытæ...» Лæг йæхи хъæрмæ фехъал, фестад æмæ сннтæджы тигъыл фæбадæгау. Йæ зæрдæйыл ныххæцыд æмæ йæ тыхулæфтæй нал æнцад. «Офф», зæгъгæ, загъта, стæй базыл фæстæмæ йæхи æруагъта. - Къуырма, уæ къуырма, - сидтис сылгоймагмæ. Уый хъæццулы бынæй йæ цæст радардта. «Абоны хицау дæ бакъуырма кæнæд», загъта йæхи мидæг... - Тина, уæ Тина, - нæуæгæй та йæм дзуры. Ус йæ хъæццул йæ гуырæй иуæрд^ем айста, йæ къухы хилтæ кæрæдзи мидæг атъыста æмæ йæхи айвæзта, риу хæрдмæ сисгæйæ. - Цы уыдис, нæ лæг, уæдæ? - афарста йæ ком аивазгæ. - Кæм дæ, кæм? - Æз ам дæн, фæлæ ды кæм дæ? Æхсæв мæрдвынæй куы ныввæййыс? - Дон ма мын авæр, дон. - Цы та кодтай? Æвæццæгæн та дæм фыны дæр ОБХСС бадын байдыдтой? - Нæ, нæ, фыны мæ абырджытæ бастыгътой. - Æмæ уыдонæй абырджытæй цы хъауджыдæр ис ... - Дон ма мын авæр, дон... - Фидар лæу, Гæбыс, абон та дæ радиатортæй æхца куы æрбассивай, уæд та дæ зæрдæ хурварс абаддзæн. - Ус сыстад, йæ лæджы фарсмæ æрбадт, йæ лæгуын сæр ын йæ лæгъз
——оцу^к5^©<3^о^т къухæй æрсæрфта æмæ йын йæ русыл йæ былтæ авæрдта, Лæг фæхудт, йæ фарс ын ахъыдзы кодта. Ус фестад. - Цæй, цæй, дыууæ минуты размæ мæлæты къахыл лæуд уыдтæ æмæ ныр дыууын фондзаздзыд фестадтæ... - Зæрдæ, зæрдæ... - Æмæ дын æрдæбон тонгæ куы фæцæйкодта? - Цæй хорз,- лæг йæ къух ауагъта, - ныры сылгоймæгтæ сæ лæгтæм хорз сдзурынмæ дæр зивæг байдыдтой фæллой мондагæй. - Уый фæстæмæ йæ уатмæ баздæхт, сынтæгыл та æрбадт æмæ йæ уæлæдарæс кæнын райдыдта. Æргуыбыр кодта йæ цъындатæ кæнынмæ, фæлæ йæ дымст гуыбын нæ уагъта, йæ тъæнгтæ йæ хъæлæсмæ схæццæ сты. - Тина, мæнæ ма мын мæ цъындатæ авæр. - Дæхиуыл дæр цыма дзæбæх къухтæ ис, - дзуапп ын радта ус, кæсæны раз йæхи дзæбæхтæгæнгæ. - Цæй æргуыбыргæнæн мæ нæй, мæ астæу риссы. - Бынтон æнæниз дæ, сæрæй йедтæмæ, - ус æй фел- хыскъ кодта. - Сæрæй та куыд нæ дæн æххæст?! - лæг амæсты. - Æхца мондагæй дын низджын у, - Тина йæм кæсæны кæсы æмæ худы. - Мæнгæй нæ акæнынц нæ, сылгоймагæн йæ зонд цы- быр, йæ дзыкку даргъ... - Ныртæккæ нæлгоймæгтæн фæдаргъдæр сты сæ дзык- кутæ, - Тина йын йæ ныхас фæлыг кодта. - Æхца æз исын æмæ сæ къаппа-къуппа та ды кæныс. - Æз ма дын сæ куы нæ хардз кæнин, уæд дæ хæдзары кæм æрхуыссис, уый дын дзы нал уаид. - Уый та куыд, уый æппæт æхцайæ мæхицæн æрхуыс- сæндон нæ саразин? - Ды мæ нæ бамбæрстай. - Тынг хорз дæ бамбæрстон. - Мæ лæгуын къоппа, æз ма дын сæ куы нæ хардз кæнин, уæд дæ хæдзары бынат нал уаид æмæ ма дзы хуысгæ та кæм æркæнис, æрхуыссæн дын дзы нал уаид. - Гъе, гъе, ныр раст загътай, гъе. - Гæбысæн ацы ныха- сæййæ зæрдæ барухс, йæхимидæг гуым-гуымæй базарыд, йæ дарæс тагъд-тагъд акодта æмæ фестад сынтæгæй, йæ
сæхтæджытæ æвæргæ. Стæй бараст, дыууæ сынтæджы ’хсæн къулмæ хæстæг æвæрд цы стъол уыд, уырдæм. Стъо- лы уæлæ цалдæр чиныджы, иу дзы уыд фæлдæхт. Гæбыс æй кæсы ныр æртыккæгæм мæй æмæ йын нæ фæуд кæны, кæд æм исчи уазæг æрбацæйцæуы, уæд йæ кæсæнцæстытæ акæны æмæ гуыбырæй сбады, цыма чиныг кæсы, йæ хъус æддæмæ даргæйæ. Стъолы фарсмæ æртæ бандоны, йе скомкоммæ къулыл Гæбыс æмæ Тинайы нывтæ иумæ истæй, сæ фарсмæ хицæн фæлгæты сæ фырт. Гæбыс йæ фырты нывмæ скаст, æриста йæ, йæ былтæ йыл авæрдта æмæ стъолы фарсмæ æрбадт. Йæ дзыппæй дæгъæл си- ста, лагъзы дуар бакодта æмæ уый хуылфмæ кæсгæ баз- зад, стæй дзы уæззаугай йæ къухтæ нытъыста, дыууæ къухæй æхцатæ сæзмæста æмæ сæ йæ æрттæй нылхъывта. «Сымах адæймаджы æрра кæнут», сдзырдта йæхимидæг æмæ та йæ фырты нывмæ скаст. «Тæхуды, тæхуды», загъ- та йæхицæн. Бадт æнæзмæлгæ, афардæг арф хъуыдыты, зæххы кæрæтты æрзьь.д, арвмæ стахт, афардæг дæлзæх, фестад денджызы, бады тæфдзуйы, фестад институты рек- тор, йæ лекторты бафæдзæхста, цæмæй йын йæ фыртæн фæндзтæ нывæрой... Иæ фырт сбадт институты æмæ йын ахуыр кæны. - Гæбыс, уæ хъæбыс, - æрбадзырдта йæм йæ ус. Лæг фестъæлфыд æмæ фæстæмæ цъынддзæстæй ракаст. - Цы хъæбысаг фæцис дæ сæр. - Æддæмæ нал хизыс, мæ цъилопи сæр? - Цы мæт кæныс ды. Рын куыста æмæ сауджынæн. Кусын æмæ дæуæн. Фæлæ ды нæ зоныс, æз цæуыл мæт кæнын, уый. - Цы та у? Цы мæтаг фæцис дæ сæр, мæ хафына? - Гъе, уый дын мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Хафын æмæ дæ- уæн, нæ иумиаг хæдзарæн. Уыцы ныхæстæ арæх куы дзу- рай, уæд сæ искуы сæппардзынæ æмæ... - Фидар дзырд дын дæттын, куыд дын æй никуыуал зæгъдзынæн. - Цæмæн хафын, уый зоныс? Нæ йæ зоныс. Бынтон растæй куы кусай мæ бынаты, уæддæр уæлдæртæ, аф- тæ æнхъæлдзысты, æз давгæ кæнын, æмæ уыдæттæй
——|Ллл<изче^©о(з^оч>ллЛ| ахæм æдзæсгæмттæ ис, ахæм æмæ дын дæ царм ласы- ныл нæ бацуарддзысты. Куысты фæдыл нæ, йæ хæстæг æм куы æрцæуы уазæгуаты уæддæр дæм дзурдзæн теле- фоны, кæнæ дæм иæ шофыры барвитдзæн, исты йын фен, зæгъгæ, ревизор æрцыд, кæннод, дам, алцы булкъау скъахдзысты. Цæй цы бакæнон? Иу æмæ дыууæ хатты ай- ста нæ директор æхца хæс æфсон! Ацу æмæ сæ ды бацагур. «Æрийы» кой йын куы скæнай, уæд фæзæгъы: «Кæд дæ бон нæу кусын, уæд æй ныууадз, мах æндæр ссардзыстæм». Гъе, афтæ у, уыцы æхца та саразын хъæуы æмæ кæцæй? Хъуамæ исты стæм товартæ ауæй кæнай уæлдай аргъыл, кæйдæр бастигъай. Уæлдæртæ дын æй аразын кæнынц, кæннод дæ ратæрдзысты æмæ цалынмæ ды тæрхондæтты æмæ профцæдисты рацу-бацу кæнай, уæдмæ дæ гуыбын дæ фарсыл ныххус уыдзæн. Стæй уыдон дæр дæ мæт кæй нæ кæнынц уый дæр дæ уырнæд. Бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ. Афтæ у ... загъта Гæбыс æнкъардгъуызæй æмæ йæ усмæ бакаст. -Æмæуыцыхъуыддагабонфыццаг хатт бамбæрстай, уу- ыл нынкъард дæ? Ныууадз æй æмæ рацу æндæр куыстмæ. - Цæй, уый уадз, уыцы хъуыддаг æз æмæ ды абон нæ аскъуыддзаг кæндзыстæм. - Уæдæ цæй мæт кæныс? - Нæ фырты институтмæ баппарын хъæуы ...тæхуды, исчи зонгæ... - Раст зæгъыс, фæлæ нæ фырты институтмæ кæнын нæ хъæуы. Уый йæхæдæг бацæудзæнис. - Мацы бамбарай, æз афтæ нæ зæгъын æмæ йын йæ къу- хыл ныххæц æмæ йæ афтæмæй бакæнай. Искæй ссарын хъæуы, чи йын баххуыс кæна, нæ зоныс, цытæ кæнынц, уый. - Мæ лæппуйæн æххуыс нæ хъæуы, дæ лæппуйæн нæ зо- нын. - Сæрра дæ, цал лæппуйы нын ис? - Хорз, ссар кæй дæ фæнды, уый, фæлæ дæ нæ фырт уый куы базона, уæд дæ масты хай бакæндзæн. Уый йæ фыдау афæдз иу чиныгыл нæ бады. - Ныр чиныгмæ ничиуал кæсы. Æхца, æхца! Мæнæн
цыппар кълас фæуд йедтæмæ нæй, фæлæ балхæндзынæн, æхсæрдæс азы чи фæцахуыр кодта, уыдон æд мулк. Ус йæхи фæтар кодта, комкоммæ йæм бакаст ирд цæ- стæй, иучысыл ма алæууыд йæ цурБг, стæй тыргъмæ ра- хызт. Гæбыс йæ фæстæ кæсгæ аззад: нæ бамбаерста, цæуыл æм смæсты, уый. Æрæджиау ахъуыды кодта: «Иæхимæ дæр уæлдæр ахуыр кæй ис, æвæццæгæн мæм, уымæн фæхъыг ис». Уый сыстад. Асинтыл дыккаг уæладзыгæй уæззау æр- хызт æмæ цэ^хæрадоны ’рдæм фæраст. Гæбыс йæ къухтæ йæ синтыл сæвæрдта, гуыбын размæ нытыппыр, сæр бæрзонд систа, бæрзæй хуымон галы бæрзæйау хæрдмæ фæцыд, афтæмæй цæуы бæрзонд, дардыл зылд фæткъуыбæлæсты бынты, бæласы къалиуыл йæ сæр кæм баныдзæвы, уым йæхи фæгуыбыр кæны. Ныххæццæ дыргъдоны дæллаг кæронмæ. Кæсы æмбонды сæрты. Нырма дзы бирæ ис уæгъд зæхх. «Чысыл ма дæлдæрты ацы æмбонд», загъта йæхицæн. Йе ’ргом раздæхта дыргъдонмæ æмæ йæм кæсы: «Чысыл ма егъаудæр... Æниу сæ цы кæнын, - дзуры та хи- мидæг Гæбыс, - лæг бирæгъ у æмæ ма бирæгъ æвæрæнтæ нæ кæны, фæлæ хъæугæ дæр кæны... Мулк, фæллой, исбон, уый куы нæ уа, уæд дæ цард йæ дымæгæй фехсдзæн, никæй дæр хъæугæ кæныс». Раздæхт фæстæмæ сæргуыбырæй. Иу хъуыды иннæйы суры сæры магъзы. «Фæллой, фæллой хорз у, фæлæ мæ фырт, уый куы нæ бахауа институтмæ, уæд мæныл мæ дуне талынг у мæ фæллой фæнык. Уæртæ Налыхъхъ мæгуыр тæригъæддаг у æмæ йæ сывæллæттæ кæрæдзи фæстæ цæуынц институтмæ. Адæймаг кæнæ сæрæй хъуамæ æххæст уа, кæнæ та æхцайæ...Æхца æмæ зонд, фыдæлтæй фæстæмæ дыууæйы ’хсæн тох цæуы... Кæй ссарон, кæй?... Чи разындзæн хуыцауы сконд? Чи фех- хуыс кæндзæн мæ фыртæн?» Уый иучысыл йæ бынаты алæууыдис, йæ ныхыл йæ арм авæрдта æмæ арф ныхъ- хъуыды кодта. «Гъе, гъе, - сдзырдта хъæрæй, йæ амонæн æнгуылдз йæ дзыхыл авæргæйæ, - хорз у, хорз». - Баба, кæимæ ныхæстæ кæныс? - нæ фæхатыдта, йæ фырты бадæн бынаты цурты цыд кæй фæцис, уый. Гæбыс йæ цæстытæ фæирд кодта. Йæ разы лæууыд къæсхуыр, фæ- *14
лурсцæсгом лæппу, йæ цъæхдзæстытæ æрттывтой, æмраст цыргъ фындз, бургонд æрфгуытимæ, йæ уæлæ дæрдджын пиджак, йæ къухы чиныг æрдæгдыдагъæй. Иудзæвгар æм фыд кæсгæ аззад. «Кæмæй фæцис ацы къæсхуырæй, мæ ту- гæй йæм куы ницы ис», дзырдта химидæг, стæй йæ афарста: - Цы, аразыс, Чермен? - Мæхи цæттæ кæнын, фæлæ ды кæимæ ныхас кæныс, баба, дæ цуры куы ничи ис? - Никæимæ, æнæ уый мæхи ирхæфсын. Зæгъ-ма, кæд дын ис фæлварæн? - Сабаты, баба. - Æмæ сабатбон улæфт куы вæййы. «Абон дыццæг, сабаты - фæлварæн, æз нырма никæй ссардтон. Бирæтæ та афæдз раздæр бадзурынц. Уæууæй, Гæбыс, цæмæн ма дæ хъæуы дæ бирæ фæллой. Ныртæккæ алы ран дæр æхца домæн кæнынц, куы никæй аныхай, уæд дæ ничи аныхдзæн». - Кус, мæ лæппу, -кус, - за^гъта лæгъз æвзагæй йæ лæп- пуйæн æмæ дарддæр ацыд. Йæ зæрдыл æрлæууыд, æндæр аз йæ хойы лæппу куы лæвæрдта фæлварæнтæ, уæд ын чи «баххуыс» кодта, уыцы лектор Мулук. «Æцæг мæ стигъгæ дæр тынг бакодта, йæ бинонты бахæра, фæлæ ницы кæны, куы бахауа институтмæ, уæд йæ сомбон хорз у. Зæгъæм, уæд раттон æртæ мин сомы, стæй ма мæ цæг фондз сæдæ сомы байста, йæ сывæллæттæн туджимæ оминаг фæуæнт. Уыцы æхцайæ, фондз азы стипенди куы иса, уæд дзы фæстæмæ здæхы дыууæ мин фондз сæдæ сомы. Уыцы гæрæтамхортæ сæхæдæг дæр афтæ фæзæгъынц, нæ, дам, нымайыс стипен- ди. Ацы аз уыцы хæрæг, æвæццæгæн, фылдæр æркурдзæн, æргътæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ гæртамхортæ дæр фылдæр исынц, фæлæ йын радтын хъæудзæн, æндæр гæ- нæн дзы нæй. Цы аразын стыр фæллойæ, уæвгæйæ цæй ахуыр, диплом йедтæмæ». - Баба, кæимæ дзурыс? - Мæ фæстæ цæуыс, мæн хъахъхъæныс? - фæрсы йæ Гæбыс фæстæмæ æнæ фæкæсгæйæ. - Нæ, баба, фæлæ цы кæныс? Цæуылдæр тыхсыс? - Дæуыл, дæуыл, бабайы хъæбул...
- Æмæ æз цы кодтон? - Мыййаг, институтмæ куынæ бахауай, - лæг арф ныу- улæфыд. - Баба, ууыл цы тыхсыс, нæ бахаудзынæн æмæ заводмæ кусынмæ бацæудзынæн. - Куыд? Заводмæ? - фестъæлфыд фыд, - æмæ цы цух дæ, цæмæн цæуыс заводмæ? Мæ муртæ дæ фаг не сты? - Æмæ институтмæ мурты тыххæй цæуын? - Сыбыртт, мах хъуамæ искæй ссарæм æмæ дын баххуыс кæна бахауынæн. - Баба, æмæ кæд федтай зонд æлхæнгæ? - Æмæ æз зонд куы нæ æлхæнын, фæлæ куы бахъæуа, уæд хъуамæ балхæнон зонд нæ, фæлæ нысан. - Нысан зондмæ гæсгæ æвæрынц. - Банцай ныр, ацу æмæ цæттæ кæн, къулбадæг ныхæстæ ма кæн, - фæхъæр ыл кодта Гæбыс. Чермен хæдзармæ фæ- цæуыныл хъуыр-хъуыргæнгæ. Гæбыс йæ фæстæ кæсгæ баззад, стæй чысыл фæхудт: «Хорз лæгаг у, гайлаг родæй бæрæг у, фæлæ æгæр хивæнд у, æгæр растыл цæуы æмæ ахæмтæн сæ фæндаг æхгæд у кæддæриддæр». Тина хæдзары къуымты зылд, æфснайдта сæ. Æвип- пайды дуары гуыпп фæцыд æмæ дуары ’рдæм фæзылд. Чермен мæсты хуызæй балæууыд йæ мады уæлхъус. - Гыцци, бабайæн зæгъ, мæн æппындæр никæй æххуыс хъæ- уы, - лæппуйæн йæ маст йæ хъуыры ныббадт, - æз мæхæдæг... - Цы кодтай, цы æрцыд? - мад хъуыддаг бамбæрста, фæ- лæ йæ уæддæр къахæджы фарст акодта. - Хъуамæ, дам, искæй ссарон æмæ, дам, дын баххуыс кæна. Кæй хъуамæ ссара? Уый фæнды, цæмæй искæмæн æхца радта æмæ мæнæн уæлдæр нысæнттæ нывæрой. Нæй, нæ мæ хъæуы ...Бамбарын ма йын æй кæн. Мæ атте- статы иууылдæр фæндзтæ сты æмæ кæд æз нæ бахауон институтмæ, уæд ма чи?! Мады зæгъын фæндыд, зæгъгæ, бирæ хæттыты алыг кæнынц, хорз чи фæзоны, уыдон дæр, фæлæ йæ нал ба- фæндыд йæ фырты нуæрттæ халын. - Дæ фыд цæмæй зоны, ды цас зоныс, уый. Æз ын æй бам- барын кæндзынæн. Уайгæ, мæ хъæбул, æмæ цæттæ кæн.
Чермен куыддæр асины сæрмæ рахæццæ, афтæ йыл фыд хæрхæмбæлд фæцис. Лæппу йæ разы æрлæууыд, фыдмæ нæ бакаст, афтæмæй йын загъта: - Зон æй, баба, куыддæр искæмæн исты зæгъай, афтæ æз фæлварæнтæм нал бацæудзынæн. - Лæппу ахызт йæ фыды иувæрсты. Гæбыс йæ фæстæ кæсгæ баззад. - Еныр ай æнамонды гуырд нæу, уæдæ циу? - Ды дæр кæд исты аразыс, уæд æй сараз, цы йæ читт- читт кæныс. - Нæ мын хъуыд уымæн дзурын. - Стæй зоныс, иттæг хæрзтыл фæцис, уый? - Ныууадз дæ мæрдтыстæн, чи дын кæсы дæ тынг хæрзтæм. Æхца, æхца, - зонд ныртæккæ уымæй æлхæнынц. Кæй хъæуы дæ зонд, дедтæ документ йедтæмæ... Райсом раджы, хуы йæ бын нæма азмæста, афтæ Гæбыс Мулучы хæдзары алыварсæртæхаттыæрзылд.Кæрты дуар гом разынд, мидæмæ бахызт æмæ йæ хъахъхъæдта, цæмæй йын æддæмæ ма раирвæза æнæфенгæ. Бирæ хæттыты-иу тыхулæфт дæр скодта рудзынгмæ ’ввахс, схуыфыдис-иу, кæд зæгъгæ, мæ хуыфынмæ хъал кæниккой, фæлæ нæй. Слæууыд хæдзары фисынмæ хæстæг. Катайаг фæцис йæ сæр, йе ставд бæрзæй дыууæ боны мидæг фæлыстæгдæр, рон суæгъд. «Мæ къубалыл бæндæн бакæндзынæн, мæ фырт æддæ куы баззайа, уæд», æдзух дзырдта йæхимидæг. Куы сфæлмæцыд лæууынæй, уæд цæхæрадоны ’рдæм азылд æмæ йæ уым йæ уæззау хъуыдытæй фæиппæрд код- та кæйдæр сабыр ныхас. Уый фæйнæрдæм ахъахъхъæдта æмæ суыдта: бæласы бын бады Мулук кæимæдæр чъыл- дым здæхтæй, йæ уæлæ дæргъытæ пиджак æмæ хæлаф, хæдзарон дзабырты мидæг. Цæуылдæр ныхас кæнынц. «Чизоны, уый дæр мæ хуызæн тыхст лæт у», загъта хи- мидæг Гæбыс æмæ хæдзары аууон балæууыд. Ныхъхъуы- ста сæм лæмбынæгдæр æмæ бамбæрста, уый дæр, æцæг, йгёхи хуызæн «тыхст лæг» у. Йæ хъус иугай ныхæстæ ацах- сы... Мулучы фарсмæ бадæг фестад, гæххæтты тыхтон ын
^^^у<^г&0^^/<><улт—— йæ пиджачы дзыппы æртъыста æмæ фæцæуыныл. Уый ма йæм цыдæр сдзырдта, фæлæ уæдмæ уазæг кæрты дуарæй рахызт æмæ йын фысым дæр дуар йæ фæстæ рассыдта, йæ ричъи йын æрæхгæдта æмæ фæстæмæ фæзылд, чысыл мидбыл фæхудт, фæлæ йын дардæй Гæбыс, астæу тасгæйæ, салам куы ратта, уæд йæ хуыз фæивта. - Уæ райсом хорз, Мулук Залыкъайы фырт, - йæ размæ рацыд Гæбыс. - Гас цæуай, Гæбыс, - фысым чысыл йæ мидбыл фæ- худт. Йæхимидæг та загъта: «Ацы дзæргъ афтæ раджы æнæ хъуыддаг нæ уыдзæн, цымæ та кæй кæнын кæны инсти- тутмæ». - Æгæр раджы уæ хъыгдæрдтон, фæлæ мын бахатыр кæнут, уæхæдæг зонут тыхст лæг, - йе ’взаг былалгъæй ау- агъта. - Ницы кæны, нæ, мах дыууæ сахатæй фылдæр бадæм, мæнæ уыцы лæгимæ, кæд æй федтай, ректор æй æрбар- выста, нæ завхоз у. Уый бæрц, дам, мæ бахатыр кæн æмæ, дам, фæлварæнтæм æрбацу, æмæ мæ кæм æвдæлы, стæй зын у, лæг адæмы фыдæх бирæ исы. Гæбыс, цыма исты æмбæрста фæлварæнтæн, уый тылд кодта йæ сæр. Стыр хъуыддаджы лæуд лæгтæ, ныхасгæнгæ, араст сты. Цæхæрадоны бæласы бын, чысыл раздæр Мулук кæм бадт, уырдæм. Цæуынц фæрсæй-фæрстæм. Гæбыс аивæй нык- кæсы Мулучы дзыппмæ. Дзыпп æддæмæ йæхиуыл дзæбæх рахæцыд. Хæрдмæ зынынц гæххæтты тигътæ... Сæумæрайсом рог уддзæф хаста, бæлæсты сыфтæртæ сабыр змæлыдысты, хатт нартхоры сыфты уынæр рай- хъуысы, цъиуты змæлд тыхджынæй-тыхджындæр ссис. Æрдз, æрдз! Ды дæ рæсугъд, фидыцджын, сыгъдæг, фæлæ хинæйдзаг, мæнгард, адæймаджы дæ бирæ хæрзты фæстæ фæкæныс фыдæнхъæл, алцæмæй æнæхай, афтæмæй дæ хæрзтæ сты æвидигæ бирæ. Ды адæймаджы скæныс зонд- джын дæр æмæ сырд ахуыр дæр. Ды йыл садзыс базыртæ, ды йын сæ ацæгъдыс уысммæ. Ды сæ сахуыр кæныс зыд, мæнгард æмæ æнæфсис. Уæлдæфы ирдгæ нæуæгæй-нæуæгдæр кæны, адæйма-
джы тæртты зилы, рæуджытæ риуы дзаг дымсынц, зæрдæ цин кæны. 0, уæлдæф, уæлдæф! Сæууон уæлдæф! Куыд сыгъдæг æмæ адджын дæ зæххы цъарыл! - Æз дæ мад, дæ фыды уазæг, мæ лæппу цæуы институт- мæ æмæ, - ...дымгæ скъæфы Гæбысы ныхæстæ. - Гæбыс, хъуыддаг æрмæст мæныл баст куы уаид, уæд æнцон аразæн у, фæлæ алы фæлварæныл дæр бады дыууæ лæджы, цыппар фæлварæныл аст лæджы. Гъа, мæхи нал нымайын фæлæ семæ дзурын хъæуы æмæ уыдон та афтид армæй лæджы æппындæр ницæмæ дарынц, - цыма стыр уаргъы бын уыд, уыйау хъуыстысты Мулучы ныхæстæ. - Мулук Залыкъайы фырт, зонын æй, ныры рæстæг ца- хæм у, уый, куыд нæ мбарын, куы никæй аныхай, уæд дæ ничи аныхдзæн. Алцы дæр æз сараздзынæн, мæнмæ цы ха- уы, уымæй. - Гъе, Гæбыс, уым ахæм бирæгътæ бады æмæ дын де ’рчъитæ ласыныл дæр нæ бацуарддзысты. Дыууæ лæгæн бацайдагъ адджын ныхас, хатт сæ худын райхъуысы. Æрæджиау Гæбыс сыстад. - Мæ фырты ном дæ ма ферох уæд, Чермен Былаты. - Нæ, нæ, нæ мæ ферох уыдзæн, - мидбыл адджын фæ- худт Мулук. - Мæнæ дæм не ’фсин цыдæр афыста, æз, дам, æй рагæй зонын, - Гæбыс йе тары дзыппæй систа конверт æмæ йæ Мулучы дзыппы æртъыста, - æз цæуын, фæрсгæ йæ уæ хæдзары бакæндзынæ. - Мулук ницы сдзырдта, Гæбысы дæларм ныххæцыд æмæ йæ къулдуарæй рахизын кодта. Дуар мидæгæй æрæхгæдта æмæ къулыл банцой кодта, стæй йæ къухтæ кæрæдзийыл ахафта æмæ араст йæ уатмæ. Дыккаг уæладзыгмæ куы схызт, уæд ма асины сæрæй уынгмæ иу хатт уынджы рдæм фæкаст. - Уæгъды ма акастæ, ничиуал дзы ис, - радзырдта йæм йæ ус сынтæгæй. - Хъал дæ, Текъле? - Хъал дæн, фæлæ ды кæм уыдтæ?
- Райсом раджы алы адæймаг дæр хъуамæ ныхъхъуыра сатæгуæлдæф. - Æввахс ма мæм æрбацу. Лæг æввахс бацыд йæ усмæ. Сылгоймаг йæ лæджы дзып- пы йæ къух æртъыста. Лæг сцæйхудт, фæлæ сылгоймаджы мæсты хуыз куы ацахста, уæд фæсырх. - Цымæ дæм цæмæннæ исты хъары! Адæймаг нæ дæ? Институтæй дæ ацы хъуыддæгты тыххæй фæсырдтой æмæ уæддæр нæ сæттыс. - Дæ дзых та ма суадз æмæ та ма райдай æнæмард æр- диаг. Уæртæ бацу æмæ иннæтæн дæр ды бацамон. Кафед- рæты абитуриентты кæрæдзийыл байуарынц æмæ æхца- йæ сæ хъуырæй акалдысты, мах та мæнæ тæригъæдæй мæлæм. Уый мæнæн фæхъæр ис, уый йедтæмæ лектортæ бæстæ бахордтой, фыссыны куыстытæ сын сæхæдæг ныф- фыссынц æмæ сæ дзыппытæ дымстæй рахæссынц. Æз бахаудтæн уымæн æмæ райстон хæрз чысыл, уæдæ ма ис- таин иннæтау фынддæс-ссæдзгай минтæ иу абитуриентæй æндæра фыдбылызы бахаудтаин. Хъыхъхъаг куыйтæн дзы радтаин æмæ мæ кой кæнгæ дæр ничи скодтаид. Кæсыс уæртæ, цы дыууæ мæгуыр лæппуйы æрцахстой, уыдонмæ, гæртамисджыты ныхмæ æмбырдты рацыдысты æмæ сæ нæ хистæртæ ахæстоны смидæг кодтой æмæ абон дæр уым æмбийынц. Уый дын рæстдзинад. Æмæ адæмы чи стигъы, уыдон та сыл худæгæй мæлынц. - Искæй кой кæнинаг дæ нæй, фæлæ æнцад æрбад, цалынмæ дын дæ сахаттæ дæр нæ байстой, уæдмæ. - Æнцад дæ дзыхыл дæхимæ хæц, мæнæн ныр ратæры- нæй тас нал у. - Цæуылнæ уæд? Ахæм сæрæнæй дæ куы никуы зыдтон? - Базыдтон æз дæр иннæтау, цас æмæ кæд исын хъæуы, уый, стæй гæстимæ дæр хи куыд бæттын хъæуы, уый дæр. - Æхца, æхца! Ды æмæ дæ хуызæттæ сафынц иннæты дæр æмæ институтæй ликбезтæ дæр уымæн сарæзтат. Мулук ацы ныхæстæм амæсты, адæнгæл, цæттæ уыд уыцы уысм йæ рæсугъд сабыр усы феддæ кæнынмæ сæу- мæцъæхæй, фæлæ ахъуыды кодта: «Цæй уый нырма цард чингуытæй æмбары æмæ йæ цы хæрам кæнон».
— 0\Л/^о<^^©^^><>^ЛЛ^ - Цæй хорз, тæккæ абон сæ фæстæмæ барвитдзы- нæн, - загъта йæ усы æрсабыр кæныны тыххæй. Мулук сæр бæрзонд систа, йæ сæры хъуынтæ дыууæ къухæй фæс- тæмæ афарста æмæ бараст йæ кусæн уатмæ. Стъолы уæлæ чингуытæ уыдысты змæстытæ, астæрдыл гæххæттыты кæлæнтæ. Иу чиныг дзы йæ къухмæ систа, æрхоста йæ, йæ рыг скалд, рыг сулæфыд æмæ схуыфыд. - Текъле, мæнæ ма ацы уат бафснай, - лæг лæгъз- хъæлæсæй сиды усмæ. - Чердæм дын æй бафснайон, афтæ куы фæзæгъыс, мачи йæм цæуæт, стæй нæлгоймаг не ’фснайы, - ус йæ халат йæ уæлæ æрбакодта æмæ уынгмæ ра- хызт. Лæг кæсы йæ фæстæ. «Тæхуды, афтæ куы фæзæгъынц: лæг æмæ, дам, ус фæрæты хъæдæй барст сты, уæд мæнæн цæмæннæ фæцис афтæ. Мæхимæ гæсгæ куы уаид ме ’мкъай, уæд мыл чи фæтых уаид царды. Лæппуйы цæстытæ скъа- хын хъæуы, йæ цардыл фæхъуыды кæны, æрмæст ын уæт рæсугъд ус, цыма хæрдæн кæнæ уæлæйы дарæсæн у». * * * Пединституты раз адæм мыдыбындзытау дзыгуыртæ кодтой. Алчи бырыд размæ, йæ уачъи ивазгæ. Кастысты, дуарыл цы даргъ номхыгъдтæ бакондæуыд, уыдонмæ. Раздæр чи баирвæзт, номхыгъдтыл йæ цæст чи ахаста, уыдонæй чи кæугæ здæхт, чи худгæ. Гæбыс ацы уынгыл арæх никуы фæцæуы, фæлæ йæ ацы хатт ауылты цыдæр фыдбылызтæ рахастой æмæ адæмы къорд куы ауыдта, уæд йæхи байста хæстæг æмæ кæйдæр афарста. Цы хабар у, цымæ. Уый йын бамбарын кодта, зæгъгæ, институтмæ фæлварæнтæ лæвæрдтой æмæ алчи бæрæг кæны, цы рай- ста, уый. Гæбыс дæр сцымыдис, бафæндыд æй йæ фырт цы райста, уый базонын æмæ размæ бырсын райдыдта, фæлæ йын зын цæуæн уыд, йæ размæ ныццæхгæр сты уыцы цы- быр къабаджын чызджытæ æмæ дзыккуджын лæппутæ. «Фыдæлты æгъдау нал ис, ’ндæра адон сæхи ма хъуамæ феккуырсын кæниккой, хистæр куы дæн, ноджы сæ риутæ бастъыгътой, къахбайтæ», йæхи мидæг йæ маст акалдта Гæбыс. Бахæццæ номхыгъдмæ. Кæсы сæ, иу номхыгъд дзы
лллло<^е^0о(з^^><я\л/ь—— фæцис, дыккаг райдыдта. Фæлæ къухфыстытæ не ’взæрста æмæ йæ фарсмæ лæууæгмæ бадзырдта: - Дæ хуыцауы тыххæй, мæнæ ма ам ракæс, ам мах лæппу никуы зыны? - Æнæзонгæ бахудт. - Йæ мыггаг кæмæй у? Кæнæ цы факул ьтетмæ лæвæрдта фæлварæнтæ? - Былаты Чермен, фæлæ факультет, факультет..., - ныхъ- хъуыды кодта Гæбыс. «Цыма факультет ?а цы у?» - фæрсы йæхи. - Уый нæ зонын, фæлæ ма номхыгъдтыл дæ цæст ахæсс. «Мæ ус æргæвдинаг у æргæвдинаг, уæд та бæрæг бакæн, цы райста нæ фырт, уый. Хуымæтæджы ныккæлдым ис, ...ныййарынæн уæддæр куы уыдаид. Иу нычъырхта æмæ афтæ æнхъæлы дуне уый у». Мæсты кæны Гæбыс. Йæ фар- смæ лæууæг номхыгъдтыл йæ цæст рахаста тагъд-тагъд. - Ахæм мыггаг дзы нæй, мæ фыды хай. - Уый та куыд? Мæ фырт рахауд институтæй? - Нæ, ацы номхыгъд у, æвзæр нысæнттæ чи райста, уыдон. Дæ фырт, æвæццæгæн, хорз нысан райста æмæ уый ам нæй. - Æцæг?! - Гæбысы хъоппæг цæстытæ фæирд сты, дзых фæхæлиу, къухтæ фæйнæрдæм, афтæмæй йемæ ныхасгæ- нæджы йæ хъæбысы фелвæста æмæ йæ адæмы ’хсæнты раскъæфта. -Æцæг, æцæг, мæ фырт... - Лæг йæ ныхас кæронмæ нæма фæцис, афтæ йæ бæзджын сырх русыл дзæхст сæмбæлдис. Уый фæджих. - Ау, мæ фырты бахауд дын хъыг уыдис, мæ лæппу, цæмæн мæ ныцавтай, æз дыл цин куы кæнын. - Йæ къух- - æй йæ феуæгъд кодта æмæ «тæлмацгæнæг» æрхауд. Иæ алыварс адæм фыццаг фæхъус сты, стæй худыны ’рдæм фе- сты. Гæбыс сæргъиау. «Ау, цы сарæзтон æвзæрæй». Фæй- нæрдæм ракæс-бакæс кæны, адæм ноджы худынц. - Хорз лæг, лæппу нæу, чызг у. - Адæм та ноджы ных- худтысты. Уый йæм лыстæг кæсы. «Уæу мæнæ диссæгтæ, хæлаф - лæджы хæлаф, сæрыхъуынтæ цыбыр, къæбут даст». Куыд фæстагмæ йæхæдæг дæр худын райдыдта. Гæбыс йæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызт, афтæ йæ усыл атыхст æмæ скафыд.
- Усай, нæ фырт уал фыццаг фæлварæнæй аирвæзт. - Уый иннæтæй дæр аирвæздзæн, уымæн тас нæу. - Гæбыс ын гас куы уа, уæд ... - Кафгæ бацыд телефонмæ æмæ номыртæ зилын райдыдта. - Мулук Залыкъайы фырт, уæ бонтæ хорз, уæ лæггад, уæ хорздзинад уын Гæбыс нæ ферох кæндзæн... Гæбыс гас у! Еныр ма иннæтæ дæр, иннæтæ! Цырд мын фæлæуут, цырд! - Мулук лæг у, æмæ лæг дзырд куы радта, уæд æй хъуа- мæ сараза. Цал ын у, уый зоныс? Цыппар, цыппар! Уый дис- саг у, - райхъуыст телефоны. - 0, о, уæ рынтæ. Æз дæ ноджы дæр... - Телефоны ахæмтæ дзурæн нæй. - Гæбыс хæтæл æр- æвæрдта. Йæ хæдон фелвæста æмæ крантмæ рахызт. «Гæ- бысы цы бафæнддзæн æмæ цы нæ сараздзæн», базарыд хи- мидæг. - Кæимæ ныхас кодтай телефоны? - фæрсы йæ ус. - Уый дæ хъуыддаг нæу, - гуымыдза дзуапп радта лæг йæ усæн, - ацы сылтæ, сымах уæ дзыхы ницы уромут. -’Нæ лæг, цыдæр дын хæццæ кæны. - Дæ лæгæн нæ хæццæ кæнынц, дæуæн фæхæццæ сты. Хъусыс, хорз ус, æз цæуын командировкæйы дæс бон æм- гъуыдмæ æмæ лæппумæ дæ хъус фæдар. Зон æй, хъуыд- дæгтæ ’лхынцъ сты, фæлæ уæддæр... - Цы балхынцъ кодтай, зæгъ-ма йæ, кæимæ? Ма йæ зонон? Фæлæ лæг нывыл дзуапп нæ лæвæрдта усæн æмæ йæ уый дæр ныууагъта. Раст иуæнæдæсæм бон сихорафон Гæбыс таксийыл балæууыд йæ хæдзары раз. Æрæздæхт командировкæйæ. Æртæ хатты дæргъвæтин сигнал радтын кодта шофырæн, стæй йæ дзæмбы къæхтæ уæззаугай райста машинæйæ. Æмраст слæууыд. Йæ рахиз къух хæлафы комдæлы æр- тъыста æмæ йæ хæдзары дуармæ каст, кæд зæгъгæ, исчи ракæсид, фæлæ ничи зынд. - Æз ацæуон, - загъта шофыр, Гæбысы фарсмæ дыууæ чы-
рын æрæвæргæйæ. Гæбыс æм нæ фæкаст, æнæ дзургæйæ, йæ дзыппæй æхца систа æмæ йæ шофырмæ бадардта. - Дæс сомы бирæ у, - сдзырдта шофыр. - Кæд дын уый бирæ у, уæд дын мæнæ иу сом, - цыма йæ фарсмæ ничи лæууыд, ахæм дзуапп радта Гæбыс. «Цы фесты, кæм сты мæ бинонтæ. Æвæццæгæн, институт мæ лæппуйæн къæбуты ’рдыгæй дур фехсын кодта æмæ...» Систа дыууæ чырыны: бæрзæй нысхъæл, гуыбын раз- мæ, цæнгтæ ныивæзтысты, афтæмæй бацыд кæртмæ, йæ хæдзармæ. Фæлæ дзы змæлæг нæ уыд. Иудзæвгар бадт æнæзмæлгæйæ, стæй иу авг арахъхъ райста, йæхицæн фынг æрæвæрдта æмæ минас райдыдта. Авджы бын ма чысыл уыд, афтæ Тина æмæ Чермен дæр къæсæрыл æрба- лæууыдысты. - 0, о, мæнæ нæ бæлццон дæр, - ныххудт Тина. - Дзур тагъддæр. Куыд у хъуыддаг? - йæ бынатæй фе- стад Гæбыс. Чермен хицæн уатмæ бахызт. - Иттæг рæсугъд. Нысæнттæм гæсгæ мæ лæппу у дыккаг. - Ур-р-р-а-а! - Гæбыс къуымты дзуццæг кафт срæуæг. - Сæрра дæ, уый циу... - Уый æз уыдтæн, гъе, не ’фсин, æмæ ме гхца, федтай. Афтæмæй дæ цæсты æгад дæн. - Кæмæн сæ радтай, дæ фыдыстæн, чи уыд? Базонын нын кæн не ’ххуыс гæнæджы. - Макæмæн мацы зæгъ, фæлæ Мулук Залыкъайы фырт. - Кæмæн?! - Ус йæхи фæтызмæг кодта. - Мулукæн. - Æмæ-кæм кусы? - Институты... - Кæцы институты? Гæбыс йе уæхсчытæ кæрæдзимæ балхъывта. - Æмæ нæм цал институты ис? - Куыд цал? Политехникон, медицинон æмæ педагогон. - Гъе уый нæ зыдтон... Гæбыс йæ къæбут аныхта, - фæ- лæу ма æмæ сæ цы уæлдай ис? - Уый та куыд? Дæ фырт фæлварæнтæ лæвæрдта медин- ститутмæ, Мулук та кусы педагогон институты. Уымæн дын загътон айразмæ: «Цыдæр хæццæ кæныс». Цас ын радтай?
——о\лл«нз\еЛ©<з^/о<>лл/ъ Лæджы цæстытæ фæирд сты, фесхъиуæгау, усмæ йæ чъылдым фездæхта, уадултæ асырх-сырхид сты, стæй та ахъулæттæ. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп райхъуысти, нуæрт- тæ сæзмæлыдысты, йæ сурхид акалд. Цæстытæй ницыуал ауыдта. - Дæу куы фæрсын, цас ын радтай? Лæг уæззау разылд йæ усмæ. Уый йæм зынд, цыма ис- куы мигъы аууон уыд, афтæ. - Куыд мæ фæсайдта... Фæрсгæ дæр мæ нæ бакодта, кæдæм цыд, уымæй. Æз та мæхицæй сæрæндæр никæй æнхъæлдтон. - Мæ фарстæн мын дзуапп нæ радтай, - ус æй нал уадзы. - Цыппар, цыппар, хорз ус. Мæ фын куыд цыд ракодта. - Нæ дын загътон, хъалæй дæ мачи бастигъæд, уый йедтæмæ фыны стыгъдæн ницьгу. Чермен иннæ уатæй рахызт. Иæ фыдмæ комкоммæ ба- цыд æмæ йæ разы æрлæууыд. - Баба, ныртæккæ уыцы æхцатæ куы нæ æрбахæссын кæнай, уæд æз мæ институт ныууадздзынæн, мæ хурхыл мын кард куы сæвæрой, уæддæр мæ нал хъæуы. Бинонтæ дурдзавдау лæууынц. Фырт спыхс. - Фæдзур æм! - дзуры карзæй, йæ ныхыл хиды тæппу- зыртæ фæзынд. Стъолæй кард систа æмæ йæ йæ риумæ сарæзта. - Ныртæккæ уæ разы мæхи амардзынæн! Ныййарджыты цæстытæ атарытæ сты. Ныцъынд сæ кодтой. Лæппу кард йæ риумæ дары. Мад диваныл бахауд æмæ ма иу цъæхахст фæкодта. Фыд æм фæцæйстад, фæлæ йыл фырт ныхъхъæр кодта, зæгъгæ, дæ бынаты бад æмæ карды бырынкъæй йæ риу балхъывта. Фыд сзыр-зыр кодта. - Фæдзур æм, - фæсус хъæлæсæй сдзырдта мад. Фыд телефонмæ бацыд, хæтæл систа æмæ номыртæ уæззаугай зилын райдыдта. Хæтæл йæ хъусмæ куы схаста, уæд уыйбæрц рызт йæ къух æмæ дзы йе ’фсæр хоста. - Мулук, - æрæджиау сдзырдта Гæбыс. - Хъусын, чи дæ? - райхъуыст телефоны. - Гæбыс дæн, - дзуры нæтгæ, - мæ лæппу нæ бахауд æмæ мæхиуæттæ...
- 0, о, зонын æй. Рауай æмæ сæ ахæсс... - Дæхæдæг сæ рахæсс, мæ бон нæу... - Хорз, хорз... Гæбыс хæтæл æрæвæрдта æмæ йæ фырты ’рдæм раз- дæхт. - Ныртæккæ сæ æрбахæсдзæн, мæ лæппу, дæхи ма æф- хæр. - Æз ныртæккæ милицимæ дзурын, цæй тыххæй нæ ай- ста æхца, - дзуры лæппу æмæ телефонмæ фæцæуы. - Мæ хъæбул, ды уыцы хъуыддаг куы саразай, уæд æз мæ къубалыл бæндæн бакæндзæн æмæ мæхи амардзынæн. - Мæнæ дын бæндæн, æрцауындз дæхи, - Чермен æм баппæрста бæндæн. - Мæхи ныррæхойдзынæн, ма мæ фæхудинаг кæн адæмы ’хсæн, ме ’ккойæ нал ахаудзæн кляузничы ном, - лæгъзтæ кæны фыд. - Мæнæ дын кард, - лæппу та йæм баппæрста карддæр. Лæппу телефонмæ бацыд. Фыд йæ фæстæ фæраст, йæ зонгу- ытыл æрхауд лæппуйы раз, лæгъстæ йын кæны: - Макуыдæм фæдзур телефоны. - Ныххæцыд ын йæ къæхтыл. Ацы рæстæджы Мулук схызт асинтыл уæлæмæ. Чермен æмæ Гæбыс рахызтысты йæ размæ. - Гæбыс, уæллæй, бирæ фæцархайдтон, фæлæ мын фæстаг фæлварæныл нал сразы сты, фылдæр домдтой, мæнæн та мæ цæсгом дæумæ нал бахъæцыд, цæсгæмттæ сын нæй, сæ цæсгæмттæ сыл бампылой, - дзургæ бацыд фынджы фарсмæ æмæ дымст конверт æрæвæрдта йæ уæ- лæ. Мад æмæ йæм фыд бирæгъы каст кæнынц, лæппу та æлгъаджы. - Цæсгом дæуæн нæй, цæсгом, ды бахордтай дæ цæсгом, æдзæсгом хæрæг! Цæй тыххæй айстай ацы æхцатæ? Кæд уыдтæ мединституты кусæг. Мулук йæ хуыз аныхъуырдта, йæ дзых хæлиуæй баззад, йæ цæстыты мигъ абадт. Чермен ын лыстæг æхцатæ йæ цæсгомыл бакалдта. - Гъа, айс сæ æмæ бафсæд, цъæх хæрæг! Лектор! Хъо- мылгæнæг! Абырæг! Æз ныртæккæ милицимæ дзурын! - Нæ хъæуы, нæ, дæ нывонд дæ мад, ма фæдзур. Уый йæ уæддæр æндæры къухæй ссардзæн.
Мулук æрбайсæфт. Йæ сæр æфснайынмæ фæцис. Лæппу телефонмæ йæхи ивазы, ныййарджытæ йыл ныххæ- цыдысты. - Ныххатыр кæн, мæ хъæбул, иууылдæр мæхи аххостæ уыдысты. Ныййарæг йæ хъæбулы тых, зонд æмæ арæхст- дзинад æрæгмæ базоны, - хъæрзгæ æмæ лæгъстæйæ дзу- ры фыд йæ фыртмæ. - Худинаг æмæ мæлæт нæу, дæ хъомылгæнинагæй æх- ца райс æмæ стæй йæ разы æрлæуу æмæ йын зонд амон, ахуыр æй кæн рæстдзинадыл, - лæппуйы йæ маст нал фар- ста. Мулук сæ кæрты къулдуарæй фæмидæг æмæ слæууыд, йæ хид лæсæнтæ кодта йæ цæсгомыл, æрæхгæдта йæ цæс- тытæ. Иучысыл алæууыны фæстæ араст асинтыл хæрдмæ, фæлæ йæ йæ уæрджытæ нал хастой, йæ сæр ма гуыз-гуыз кодта. Цалдæр къæпхæныл куы схызт, уæд æрбадт, йæ бон нал уыд хæрдмæ схизын. «Цы сарæзтон мæхицæн... Мый- йаг æм милици куы байхъуса, уæд та ногæй... 0, Хуыцау, æххуысгæнæг мын фæу... Ацы хъуымыздзыхы тыххæй та ногæй ахæстонмæ...». Тыххæйты схылд йæ уатмæ. Стыхст йæ зæрдæйæ, рудзынджы æм-бæрзæнтыл фæйнæрдæм ахæцыдæмæрудзынгбакодта,ракастуынгмæ.Сывæллæттæ змисы абырыдысты æмæ йæ змæстой. Уыдон æм зынды- сты раст мæлдзгуыты ’ййæстæ. Æвиппайды милицийы машинæ уасгæ фæзынд. Исдуг Мулук нæ рахатыдта, кæй машинæ уыд, уый. Фæлæ йæ хæдзары размæ дзыхъхълæуд куы фæкодта, уæд ныррызт, афæлурс. Цыма зæххыл нæ, фæлæ уæлдæфы лæууыд, афтæ йæм каст, йæ буарæй алцы дæр æмхуызон сдудыдта. «Уæдæ фесæфтæн, æцæгæй мæ уыцы ницæйаджы тыххæй æрцахсдзысты, ногæй та фыдбы- лызы бахаудтæн, фæци мæ цард, цæрæнбонты худина-джы гакк мæ сæрæй нал ахаудзæн», ныхъхъуыды кодта Мулук. Милицийы машинæйы дуæрттæ дыууæрдыгæй æм- хуызон фегом сты æмæ дзы цалдæр сырх худджыны ра- хызт, фæйнæрдæм акæстытæ кодтой. Скастысты Мулучы хæдзары ’рдæм. Лæг сæм æдзынæг кæсгæ баззад, йæ сæр разылд, йæ цæстытæ атарытæ сты: «Фесæфтæн», - сдзырд- та ма æмæ рудзынджы дæлвæйнæгыл дæлæмæ разæбул,
йæ къæхтæ фæхъил сты æмæ уæлдæфы йæхи мидæг æр- зылд. Лæджы тъæпп асфалтыл фæцыд. Сывæллæттæ ны- цъæхахст кодтой. Æнамонд лæгыл адæм атымбыл сты. Уай- тагъд æрбамидæг «Тагъд æххуыс», лæгæн судзин сарæзтой, стæй йыл схæцыдысты... - Мæгуыр уа йæ бон, цымæ куыд рахаудта, нæ горæты амæй уæздандæр æмæ саламдæр лæг куы нæ уыд, уæд, - загъта милицийы кусджытæй иу «тагъд æххуысы» фæстæ кæсгæ. ДОКЛАД Бæрзонд саулагъз, лыстæг сау æрфыг сылгоймаг чы- сыл хатæны рудзынгмæ бацыд. Рудзынгæмбæрзæныл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ уынгмæ ракаст. Йæ цæст дзы куы никæуыл схæцыд, Т7яед рудзынгæмбæрзæн фæстæмæ бараст кодта, стæй, къулыл банцойгæнгæйæ, лæууыд цас- дæр, æнæ змæлгæ. Æрæджиау фæлмæн хъеллаугæнæн къæлæтджын бандоныл йæхи æруагъта, æмæ йæ сæр фæстæмæ аппаргæйæ, йæхи узæгау кодта. Уый уыд раст æхсæвы дыууадæс æ^, ^æгыл. Сылгоймаг æнхъæлмæ каст йæ мой, йæ уды хай, йæ царды æмбалмæ. Уый йæ куыстæй афтæ æрæгмæ никуы фæцæуы, кæд-иу искуы афæстиат, уæддæр-иу æм телефоны фæдзырдта æмæ-иу уый йæ хæдзаро^н митæ кодта, æнæ зæрдæ æхсайгæйæ. Ныр цы акæна? Йæ цæстытæ ныуурс сты, йæхицæн бынат нал ары, æвзонг уарзонау. Йæ куыстмæ йын дзуры æмæ ницы дзу- апп исы. Æтте зымæгон дымгæ стонг бирæгъау ниудта, мит фæлдзæгъдæнтæ хаста æмæ рудзыгуытыл тъæпæн код- та. Дымгæйы^ у-у-у йæм тынг куы æрбайхъуысы, уæд фестъæлфы. Йæ амонæн æнгуылдз йæ дзыхы къæдзæй акодта стæй, фестад. Цыма йæм æдде исчи бартхъирæн код- та, йæ хъустыл афтæ ауад, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм райхъуыст, цыдæр йæхицæн бынат нал ардта, цæмæндæр тыхсын райдыдта. Йæ цæстытæ къуымты фæйнæрдæм ахаста. Йæхимидæг срызт, уазалы ризæгау... Ауындзæнæй йæ пальто райста. Гъа ныр æй йæ уæлæ æрбакæна, афтæ
къулдуары дзæнгæрæджы æнæбары дзинг-дзинг райхъу- ыст. Ус фæрсагмæ бауад, рудзынгæмбæрзæны иу кæроныл ахæцыд æмæ йæ лæджы къулдуарæн æдде куы ауыдта, уæд дуар кæнынмæ ратындзыдта. Дуар байгом. Къæсæрæй æрбахызт. Сылгоймаг ын йе ’фцæгыл ацауындзæг. - Кæм уыдтæ, Лади? Афтæ æрæгмæ куы никуы цыдтæ? Æрдæг фæдæн! - Иууыл ма-иу афтæ ма кæн, Сæл имæт. Куыст куыд домы, мах дæр афтæ кæнæм. Загътой уæле «бадут», уæд хъуамæ бадæм æмæ афтæ дарддæр. - Телефоны та цæмæннæ фæдзырдтай? Цыма акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, - йæ хъæлæс лыстæг ивазгæ ау- агъта, йæ сæр лæджы риуыл бакъулгæнгæйæ. - Мидæмæуал ахиз, мæ уд сисын мæ бауадз, - лæг бар- джын бустæ скодта. - Не знæгтæ^сæ удтæ сисæд, - ноджы лæгъздæрæй сдзыр- дта Сæлимæт. Йæ лæджы гæххæттдон айста æмæ йæ разæй узгæ-узгæ фæцæуыныл. Псултæ ауындзæны цур ын йæ пальто айста, ацауыгъта йын æй, стæй мойы рустæ дыууæ къухæй ацахста æмæ йын йæ былтæн ныпъа кодта. Лади æнæдзургæйæ’ бараст мидæмæ, йæ галстук уæгъдгæнгæ. Сæлимæт гæххæттдоны æхгæнæн суагъта, йæ хуылф ын асгæрста æмæ дзы гæххæттытæ йедтæмæ куы ницы раз- ынд, уæд æй скъаппы сæрмæ баппæрста. - Дзур-ма, кæм уыдтæ? Мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты. - Фæрсы йæ ус. - Афтæ уал мæ бафæрс, æххормаг дын нæу, уый йедтæмæ ды фыццаг гæххæттдон асгæрстай æмæ дзы куы ницы раз- ынд, уæд... Афтæ æнхъæлыс, алæбон дзы мæ дæлдæртæ æмæ æнхъæлцаутæ... Йæ ныхас кæронмæ нал фæцис. «Ды цы æмбарыс. Гæххæттдон нæ, мæ худ дæр мæ цуры дарын, гæххæттдон та мæ быны бакæнын, цы нæ вæййы, уæд та дзы исчи нысангонд æхца бавæрдта» - дзырдта химидæг Лади, æргом та загъта: - ныр уыдæттæ ныууадз, фæлæ мын гæххæтт рахæсс мæнæ фыссæн стъолмæ. Абон нын областы хицæуттæ нæ царм раластой æмбырды, нæ, дам, тоякæнут æнæфыдæбон æфтиаджы ныхмæ, сыдæй дæр ма амардыстæм, нырма чысыл раздæр фестæм.
- Уæд мын амæлæт сæ сæртæ, исчи давгæ кæны æмæ Лади ды та тох кæн семæ, дæ сæр сæтт æмæ сæхæдæг цы ми кæнынц? - Уымæй сæ дæхæдæг бафæрс, фæлæ дын цы загътон... Уыцы ныхæстæ ницы пайда сты, райсоммæ мын ис доклад... Фæллэд дæн, фæлæ мын ахсæв хъуамæ фыст фæуа. Сæ бы- ны къæйтæ бахæрæд, сæ хъуырæй акалдысты, уæддæр не фсæдынц, давынц æмæ давынц. Лæг дзы цалыл аххæсса. - Истыуал ахæр, - ус хъæрзгæгонд дзуры. - Ныффыссон уал æй. - Кæд фæллад дæ, - йæ уæхсчытыл ын йæхи æрцауын- дзæгау кодта, - уæд мын ды дзур, æз дын æй фысдзынæн. - Афтæ нæ. Къæлæтджынтæй фæлмæндæр чи у, уый мын мæ бынмæ æрбакæн. - Æмæ сæ кæцы фæлмæндæр у, уый дæхæдæг нæ зо- ныс? - Дæ разы ма торджы директоры хъæдын дзаумæтти- мæ кæцы къæлæтджын уыд, уый ратул. - Нæ, мæ лæгуын гæмæх сæр, - ус лæджы сæрыл йæ фæлмæн уырзтæ æрхаста, централон æфтауыцдоны хица- уы лæвар къæлæтджын хуыздæр у, фæсарæйнаг у. - Хорз цæй, фæллад дæн, æнæрай сæ фæу, иу дзы ратул æмæ кæцыфæнды уæд. Ус къуымтыл йæ цæст ахаста, иу къæлæтджынмæ дзы фемдзаст, бацыд æм, йæ иу кæроныл ын ныххæцыд, ран- цад ыл, æрттиваг паркетыл йæ хъыллист ссыд. Лæг йæ хъустыл фæхæцыд. - Цавæр у? Мæ хъусы барабантæ мын куы фæцæйтыдта уыцы хъыллист? - Ахæм хъыллист хъыг вæййы сусæгхортæн. Æвæццæ- гæн дзы ахæрыс, æндæра дын куыд хъыг уыд? - Науæд паркет нæ ныххафтай? Циу уый? Куы нæ йæ ацараздзынæ, - дзуры Лади, йе стыр бæрзæйджын сæр йе уæхсджыты сæрты фæстæмæ азилгæйæ. - Уæд мын де стыр годора сæр макуы амæлæд, кæд мын æй ды дæхæдæг нæ ацарæзтай, кæнæ де ’хцайæ, - Сæлимæт ын йæ лæгуын сæр æрцъыкк кодта, - сабыр дæ дзыхыл хæц. *15
- Ма мæ къуылымпы кæн. Райсом дæс сахатыл æмбырд ис æмæ цæттæ нæ дæн. Ус æм къæлæтджын æрбаввахс кодта. - Æртъæпæн у æмæ фысс! Лæг йæ костюм раласта, систа йæ галстук æмæ сæ ди- ваныл баппæрта, стæй æрбадт, фыссæнтæ систа æмæ арф хъуыдыты афардæг, ручка йе нгуылдзты ’хсæнты разил- базилгæнгæйæ. Сæлимæт ын йæ костюм æмæ галстук си- ста æмæ сæ скъаппмæ фæцæйхаста. Лæг йæ цæстæнгас уый æрдæм фæцарæзта. Ус костюмы дзыппытæ асгæрста. Лади йæ цæстытæ бацъынд кодта æмæ йæ мидбыл бахудæгау кодта: «Мæнгæй нæ акæнынц, лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст сты. Мæхицæй уæлдай æхцайæ не ’фсæды». Ныггуы- быр фыссынмæ. «Парти æмæ хицауады уынаффæ... царды.. скуынæг хъæуы... сæ ныхмæ карз тох...» - Афтæ нæ, нæ, мæгуыр уа дæ бон. Къухдариуæггæнæг дæ æмæ дæ фыст зæрдæмæхъаргæ хъуамæ уа, хæсгардау хъуамæ чъепп кæна. Лади нæ фæхатыд йæ ус йæ фæстæ лæууыд, уый æмæ йын йæ фыст кæсы. Фыццаг æнæ змæлгæйæ аззад, стæй йæм хæрдмæ скаст. - Уæдæ куыд? - Дæ къух дын чи нæ рог кæны, уыдоныл дзы дзæбæх, дзæбæх, кæм федтай афтæ абыр æмæ дæм тæккæ иннæбон æд... - хисдæр æмæ амонæн æнгуылдзтæ кæрæдзийыл ахафта, - æрбамидæг уыдзысты. - Уыцы рæстæджытæ фесты, уыдонмæ дæр куы ницыу- ал хауа, уæд дын цы хъуамæ радтой. - Хауы, хауы. Хуы кæд йæ бырынкъæй змæнтын ныууадздзæн, уæд уыдон та сæ гæртам исын. - Уыцы рæстæджытæ адымдтой дын зæгъын. - Нæ адымдтой, - ус дзырдта карзæй, фæлæ химидæг та хъуыды кодта. «Мæгуыр уа уæ бон адæм, цытæ уæ хæры æмæ хъуыддаджы фæдыл кæмæты бацæут». - Фæлæу ма чысыл, ривад куырой нæ фестадтæ. Ма мæ хъыгдар. Уыцы рæстæджытæ афæрдæг сты, гукк ! -Нæ, нæ фесты. Еныр дын ис фадат. Дæхи скарз кæн, æмбырдты сæ фылдæр критикæ кæн. Уæле æнхъæл уы-
ЛЛ/^НЗ\0^©о<3^/<><>ЛЛ^ — дзысты ды раст дæ æмæ сын дæлийæ та сæ царм ралас. Дæллæгтæ цасфæнды дзурæнт, сæ хъæр никуыдæм сы- хъуысдзæн, куыдзы рæйын хуыцаумæ не ’хъуысы. - Абон æгæр карз ныхæстæ фехъуыстон æмæ... - Гъе, гъе! Уыцы карз ныхасгæнджытæ сты хицауады фæндæттæ зыгъуыммæгæнджытæ. - Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй. Куы мæ æгæр æдзæсгом хо- ныс, куы та мын адæмы стигъын кæныс! Лади йæм нал хъуыста. Ус йæхи атигъ-мигътæ кодта. Лæг дарддæр фыста. Раст æм кæм нæ фæкæсы, уым æй ахахх кæны. Ус ноджы фæкъæйныхдæр. Чысыл фæстæдæр та йын ныккаст йæ фыстмæ. - Милицийыл дзы абыр, уæлдайдæр ГАИ-йыл, - йæ амонæн æнгуылдз гæххæттмæ ныддаргæйæ дзуры ус. - Цæмæн? - лæг йæ къухтæ стымбыл кодта. - Шофыртæй раздæр тумантæ истой, ныр иу машинæ ху- ыр чи баласы, уымæй æртæ сæдæ сомы байсынц, кæннод, дам, дын дæ документтæ исæм. Нæ дæ уырны? - Нæй! Æхца дын дæ сæр сзилын кодта! Нæ мæ уырнынц дæ ныхæстæ! - Æнæсмудæн ма у, æнæсмудæн. Искуы хуыйы сæр уæййаг куы уа, уæд-иу æй балхæн. - Уый та дæ цæмæн бахъуыд? Сучъитæй сфæлмæцыд- тæ? - лæг тынг смæсты, фæлæ йæхи уромы. - Цæмæн мæ хъæуы? Нæ йæ зоныс? Йе смудæнтæ йын ралыг кæндзынæн æмæ сæ дæ смудæнтыл бакæндзынæн, цæмæй хуыздæр æмбудай. Еныр мæ бамбæрстай, цæмæн мæ хъæуынц, уый. - Бауадз ма мæ иучысыл! Уынгæджы дæ фæцис мæ сæр! - Æмæ дæ цы хъыгдарын, амонгæйæ дарддæр. Къодах ма у, ма. Ахæм рæтты дæхи равдисын зон! Лади йæ фыссынæй æрлæууыд, хæрдмæ йæм скаст. Ус дæр æм йæ цæстытæ ныййрд кодта. «Нæй, нæ фæчъил уы- дзæн», химидæг загъта лæг. - Сбад æмæ йæ ды ныффысс, - загъта усæн куыдфæн- дыйæ. - Дæхи, иуæрдæм. Фенæм, æндæра йæ цы фыст ныккæ- нон, - ус йæ лæджы смыхъхъытæ кодта, иуæрдæм ыл ра-
— ^ЛЛЛ-о^^ч&^ОЧЗ^/Э-о-ЛЛЛ! хæцыд. Уый дæр сыстад, Сæлимæт йæ бынаты абадт, фыссы- ныл алæууыд, афтæмæй йæ моймæ фæрсырдæм радзырдта: - Ацу ныссæй. Дæ доклад райсоммæ цæттæ уыдзæн. Лади тынг фæллад уыдис, фæлæ иннæ бонты уæлдай уыцы райсом раздæр сыстад. Иæ доклад рафæлдæхтытæ кодта, гуырахсджын куы разынд, уæд мидбыл фæхудт æмæ йæхимидæг сдзырдта: «Гъе, уый дын доклад, гъе. Уый сæ сурæй æрдастаид, дыууын фондз сыфы мæнæ нæй. Цымæ дзы уыйбæрц цытæ фæфыста», Æргом сцæйæппæлыд йæ усæй, фæлæ йæхи фæурæдта, ноджы ссæрстыр уыдзæн, зæ- гъгæ. Иæхи æрдаста, сæхсадта йæ цæсгом, одекалон ыл ба- пырх кодта, стæй фынджы фарсмæ æрбадт. Йæ усимæ ад- джын къæбæр хæрын бирæ уарзта. Ацы рæстæджы æдде машинайы сигнал фæцыд. - Уый та, æвæццæгæн, дæ шофыр у. Уæд мын амæлæд, кæд чысыл куы анхъæлмæ кæса, уæд йæ уд не схаудзæн, - алæхурдта ус, - кæд дысон йемæ доклад нæ фыстай. - Цæмæн æй æлгъитыс? Уый æххæст кæны йæ хæстæ. Марадз, мæ костюм мын рахæсс. - Сæйгæ фæуæд, кæд æй бирæ хистæрты устытау бо- низæрмæ базæртты йедты нæ ратæр-батæр кæнын,- Сæ- лимæт хъуыр-хъуыргæнгæ псултæ ауындзæн скъаппмæ бацыд, йæ лæджы костюм рахаста æмæ йæм æй фæстæты бадардта. Лæг æм æркаст. - Уый мыл знон уыдис. Сæлимæт æй йæ бынаты сауыгъта æмæ æндæр рахаста. - Уый та мыл æндæрæбон уыдис, - уæззау сдзырдта Лади. - Цæй цавæр у, усгур дæ не ’рвитын, - сылгоймаг йæ хъуыр-хъуырæй нал æнцад, фæлæ йын йæ цумамæ хъуы- ста. Æртыккаг рахаста, цыппæрæм, фæндзæм... - Уый размæ та мыл уый уыд, - алы кастюмы хасты фæс- тæ йын дзырдта. - Цы мæ мæстæй марыс? Уæд та ма мын зæгъ, кæцы ма дыл дзы нæ уыд? - Фæстаг хатт универмаг «Алан»-ы директор цы костюм æрбахаста, уый.
Ус сыф-сыфгæнгæ фездæхт скъаппмæ, рахаста йæ æмæ йæм æй мæстыйæ баппæрста. Уый йæ æрбакодта. Кæсæнмæ бацыд. Куы чъылдымырдæм разилы, куы фæрсырдæм, аф- тæмæй йæхимæ бирæ фæкаст. Уæдмæ та сигнал фæцыд. - Цæй ацæуон æз. - Цу, хорз дыл фидауы, ничи дæ бафаудзæн. - Æнæуый дæр мæ ничи фауы, - лæг дзургæ рацыд. Ус йæ фæстæ кæсы мидбылхудгæ. «Уæд мын дæ сæр амæла, кæд ды адæмы мæт куы кæнис, уæд бонæн костюм нæ ивис». * * * Раст изæры æхсæз сахатыл Сæлимæт хæринаг ара- зæны хæринаг арæзт фæцис, афтæ Лади дæр къæсæрыл фæлурс цæсгомимæ æрбалæууыд. Ус йæ уынæрмæ хæри- нагаразæнæй рауад. Йæ лæджы ахæм хуызæнæй куы ауыд- та, уæд фестъæлфыд йæ мидбынаты. - Мæ къонайыл, исты дæ риссы? Цы рцыд? Ахсгæ... Фæс- таг ныхас кæронмæ нал сдзырдта, йæ цæст æй нал бауарзта. Лади æнæдзургæйæ бахызт хатæнмæ, диваныл баппæрста йæ пальто, йæ костюм, йæхæдæг сынтæгыл бахауд. Ус æм нымдзаст. - Саубон мæ куыд баййæфта, цы кодтай? - Цы хъуамæ кæнон дæумæ гæсгæ? - Уæддæр цы уыд? - Систой мæ мæ куыстæй! - Лади фæбогъ кодта, - хур дыл ракæсæд! Ус иудзæвгар æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæ хъæлæ- сы дзаг ныххудт. - Уæдæ афтæ æнхъæл уыдтæ, уыцы куысты дæ дæндæг- тæ рафтаудзынæ. - Ды куыд æнхъæлдтай? - лæг ноджы амæсты. - Куыд бирæ дæ дарынц уыцы куысты, ууыл. - Нæ зонын, мæ дзыппыты ’ййас мын мæхи нæ уарзыс æмæ... - Уый дæр мæ ды сахуыр кодтай, Ладикъо. Ныр æнцад! Ахæстонмæ кæй нæ бахаудтæ, ууыл цин кæн! - Куыд! - лæгæн æгæр хъæрæй дзырд фæцис.
— 1ЛЛЯ*КЛ2Л©о<3**е/Э<>-аЛ/1 - Ахæстонмæ кæй нæ бахаудтæ, ууыл цин кæн. Зæгъ ма мын, иумæ нæ цæрæм? - Енырмæ йæ нæ зоныс? - Уæдæ ма мын зæгъ, ацы хæдзæрттæй дæ куыстæй кæ- нæ дæ мыздæй исты ис? Ницы! - Раст мын дыссон мæ доклады дæр ахæмтæ фæфыстай æмæ ма трибунайы цы загътаин, уымæн ницыуал зыдтон, сæгълæуд скодтон æмæ мæ партийы обкомы секретарь уырдыгæй куыдз тæрæгау ракодта, куыйтæ бахæра, уый чи баурæдта, уый. Сæлимæт йæ хъæлæсы дзаг ныххудт. - Æмæ кæд хорз кусæг дæ, уæд дæ докл ад иу каст цæмæн- нæ бакодтай. - Ноджы куыд худы! - лæг скарз. - Уæдæ мæхи амарон. Бамбар, Лади, мæ уды хай дæ. Кæ- рæдзийæн адджын стæм. Не ’нгом цардмæ бирæтæ хæлæг кæнынц. Фæлæ ды не ’хсæнадæн зиан йеттæмæ пайда ницы хæссыс æмæ кув хуыцауæн, кæй дæ систой дæ куыстæй, уый тыххæй, науæд ахæстонмæ бахаудаис. Мæнæн æхсызгон уыд кæй дæ систой, уый, æндæра чи бафæрæзтаид дæумæ ахæстонмæ иу-фондз азы æнхъæлмæ кæсын. Еныр мæ бам- бæрстай? Ладийы цæстытæ галы къæлæты ’ййæстæ аисты, ра- бадт сынтæгыл. - Ды мæныл гадзрахатæй рацыдтæ, гъы? Æз демæ нал цæрын. Развод. Тæккæ райсом цæуын тæрхондонмæ! - Лæг фестад æмæ къуымты дыууæрдæм рауай-бауай кæны. - Развод? - ус йæ синысæртыл фæхæцыд. - 0, развод! - Нæ дæ хъæуы цæуын, разводы тыххæй мæ куырдиат тæрхондоны ис ныр дыккаг бон, уæд та дæ зæгъын, æр- цахстой. Лæг йæ бынаты дзыхъхълæуд фæкодта, усмæ фемдзаст, стæй аджих, йæ бон сдзурын ницыуал ссис. Каст æм ком- коммæ, фæлæ ус йæ цæст дæр нæ фæтъæбæртт кодта. Но- джы йæхи ныхъæрццыгъа кодта. «Мæнгæй нæ акæнынц, ус, куыдз æмæ бæхыл æууæнк нæй», - химидæг загъта Ла- ди, фæлæ æргом та афарста:
хППР^^^^ — -Цы? - Разводмæ балæвæрдтон, - ус ноджы фæкарздæр. - Разводмæ? - 0, иронау куы дзурын. - Цæй тыххæй? - лæг æрфæлмæн. - Æмæ ды цæй тыххæй дæ разводмæ бадæттинаг? - Сæлимæт, - лæг бынтон ныффæсус, хæстæг-хæстæг æм цæуы, - ма сæрра у мæхи доны баппардзынæн. - Цæмæн? - Ды мæнæй куы ахицæн уай, уæд. - Æмæ разводмæ бадæттинаг куы уыдтæ? - Уый дæ хъазгæ кодтон. Ус ныххудт кæл-кæлæй. - Уæдæ дæ æз дæр ахъазыдтæн, фæлæ мæ хъазт фæтых- джындæр. - Æцæг? - Бæгуыдæр. Лади Сæлимæты йæ хъæбысы фелвæста. - Д ы раст дæ, Сæл и. Æгæр адзæгъæл стæм фæллой, æхца, сыгъзæрины фæстæ. Нæхи дзы сафæм. - Уыцы зонд дын нырмæ кæм уыд? - йæ фындз ын амо- нæн æнгуылдзæй æрцавта. - Афтæ æнхъæлыс, æмæ иууыл мах аххос сты? Уæле дæм фæдзурдзысты æмæ хорз лæппу дæ æмæ йæ... МЫСТÆВÆРÆН Æртындæсæм фатеры дуарæй рахызт бæрзонд урсцъар сылгоймаг, кæддæры игæргъуыз сæрыхъуынтæ бур-бурид ахорæнæй сахуырста, æмæ йæ иууылдæр æнхъæлдтой æр- цæуæккаг. Ирон хуызæй йæм ницыуал баззад. Бæзджын æрфгуытæ нытыдта æмæ фæтæн ныхыл зындысты лыс- тæг сау бырынкъ къарандасы хаххау. Дуары уæлæ фатерзы номырмæ йæ цæстытæ ныццавта, каст æм иуцасдæр. Йе ’нгуылдзтæ стымбыл кодта, уæллаг дæндæгтæй бинаг был нылхъивгæйæ. Стæй фездæхт фæстæмæ, уатæй аркъау ра- хаста. Йæ иу хæцæн ын, номыр цы æфсæйнагыл фыст уы-
дис, уый бын стъыста, сæздыхта йæ æмæ йæ раппæрста. Аркъау фæстæмæ баппæрста æмæ паркетыл йæ дзы-гъал- мыгъул ссыд. Дуар мæстыйы тъæпп ракодта æмæ асинтыл бынмæ фæцæуыныл, йæ каблуктæй къæпхæнты тъæпп- тъæппгæнгæ. Цалдæр боны дзуры йæ лæгæн, загъта та йын уыцы райсомдæр, цæмæй хæдзары номыр раива, æртындæс, дам, æнамонды нымæц у, фæлæ йын лæг нæ бакоммæ каст, кæй номыр райсон, зæгъгæ, нæй йын баивæн, коммуналон хæ- дзар у æмæ алкæмæн йæхи номы рис. Уынгмæ æрхызт. Иучысыл алæууыд, йæ алфæм-блай йæ цæст ахаста, æхцонæн сулæфыд æмæ йæ маст фæрогдæр. Дымгæ йын даргъ сæрыхъуынтæй йæ цæсгомыл æрбакал- дта, февнæлдта сæм йæ урс даргъ æнгуылдзтæй, фæйнæр- дæм сыл ахæцыд, фæлæ та йын уæдмæ йæ уæгъд къаба-йы дымгæ хæрдмæ фелвæста. Сылгоймаг фæгуыбыр, уыр- дыгмæ йыл æрхæцыд. Ацы рæстæджы иу къæбæда йæ ма- шинæйыл рацæйцыд æмæ йыл ныссигнал кодта. - Ацы дымгæ йæ къухтыл йæхимæ куыд нæ хæцы, - ма- шинæйы рудзынгæй йæм радзырдта æмæ йæ иу фæрсты асыффытт ласта. - Ацу, мæ фыдбылызтæ ахæсс, - акалдта сылгоймаг йæ маст. Цыд дарддæр уæззау, фæлæ стыр санчъехтæгæнгæ, йæ сæрмагонд хæдзармæ. Уым сæ æхсæв ничи вæййы. Æфсæйнаг къулдуæрттæ йын сарæзтой, рудзгуытæн æз- гъæрхызтæ. Æддагон лæг æм ниц хуызы бахиздзæн. Алы райсом дæр æй йæ лæгимæ абæрæг кæнынц, къуымты сæ цæстынгæс ахæссынц, азилынц уæтты, стæй сæ куыстмæ ацæуынц. Фæлæ сын ацы райсом быцæу рауад номыры тыххæй. Ус æгæр скарз, схыл сты, æнхъæл куыд нæ уыды- сты, афтæ æмæ лæг фæтæргай. Йæ куыстмæ раздæр ацыд иунæгæй. Нал дæр йæ дургуыбын хæдзар бабæрæг кодта. Дургуыбын æй уымæн хонынц æмæ иуæй дурæй амад у, иннæмæй та алæрдыгæй æфсæйнæгтæй æхгæд у æмæ дзы ничи ницы ахæсдзæн, дойнагдурау фидар у. Хорз дзаума- йæ сæм цы ис, уыдон иууылдæр уым сты. Уым сæ барæй æвæрынц. Уырдæм сæм ничи цæуы, ничи сæ уыны, нæдæр æй саехи хонынц. Лæгæн йæ мады номыл у, мад та мард у,
æмæ удæгас чи нæуал уа, уый хæдзармæ кæй цы хъуыддаг ис, чи дзы цы æнхъæл у. Сылгоймаг йæ дзыппæй дæгъæл систа, гуыдыры лыстæг хуынчъы йæ батъыста, æмæ къул- дуары бахизæн байгом. Мидæмæ уæззау бахызт, фæстæмæ йæ рахгæдта, йæ фæсонтæй йыл банцой кодта æмæ кæрты къуымты йæ цæст ахаста. Къæхты бын æрттиваг дурæй арæзт астæрдæн йæ нывмæ фæкомкоммæ, иучысыл æм кæсгæ аззад, стæй йæ сæрыл бæрзонд схæцыд, фæраст асинтæм. Схызт хатæны размæ. Дæгъæл систа, дуары гу- ыдыры йæ батъыста æмæ, дæгъæл æнæрзилгæ, дуар фæзыхъхъыр йæхигъæдæй. Усы зæрдæ тарст змæлд скодта, фæлæ уысммæ ацахста йæ хъуыды, «уыцы сау зæрдæйæн», æвæццæгæн, гомæй баззад. «Сау зæрдæ» йæ лæджы хуыд- та. Амæсты, афтæмæй дуарыл бахæцыд. Къæсæрæн æдде лæугæ баззад ирд цæстæй, йæ бон сæзмæлын нал бацис. Æрæджиау йæ даргъ урс зæнгтæй иу къæсæры сæрты байста, стæй иннæ. Фыццаг нымдзаст гардеробмæ: йæ дуæрттæ гом, йæ хуылф афтид, къуымтæ æзмæстытæ, пырхытæ. Йæ урс-урсид цæсгом цъæх-цъæхид, йæ мидбы- наты æрцæйхауд, фæлæ йæхи фæурæдта. Къуымы рæбын цы серванд уыд, уый разылдæуыд æмæ йæ быны паркет скалдæуыд. Ус сæрæй къæхты бынмæ ныррызт, йæ хъу- ын схъил, йæ сæр разылд æмæ пъолыл æрхауд. Цасдæры фæстæ йæ цæстытæ сæнт рахæсс-бахæсс систа, стæй пар- кеты гæппæлтыл фæйнæрдæм ахæцыд, азыгъгъуыттытæ сæ кодта, се скæлæн бынæтты сын цыдæртæ ацагуырдта æмæ дзы куы ницы разынд, уæд нындзыг, стæй ныкуыд- та, йæ сæрыхъуынтæм февнæлдта, уæрджытыл балæууыд. Усы кæуынмæ йæ сыхаг æрбауад. Уый хæдзары змæстытæй куы ауыдта, уæд фæстæмæ уынгмæ рауад, æмæ йæ фæдисы хъæрмæ йæ алыварс цæрджытæ æрбамбырд сты, чидæр сæ милицимæ дæр телефоны адзырдта. Уыдон уайтагъд æнæхъæн машинæйыдзагæй æрбамидæг сты. Милицийы хистæр, Додта, уайдзæфтыл схæцыд адæмæн, зæгъгæ, къах- фæдтæ схæццæ кодтат æмæ къæрныхты ссарын фæзын уыдзæн. Хатæнæй адæмы рарвыстой, æрмæст ма дзы ны- ууагътой фысымы. Додта уаты къуымты йæ цæстытæ аха- ста, паркеты кæлæнты бынатмæ фæкомкоммæ, йæ къухтæ
— ^УХР^^^Уч^ОКЗ’^^ьЧЛЛ/ йæ синтыл сæвæрдта æмæ фæхудт: «Мыстæвæрæнтæ уы- рытæ скъахтой». «Чи уыдаид? Йæхиуæттæй чидæр. Йæ къуымтæ йын хорз зыдта ахæм». Дзуапп радта йæхицæн. Йæ цæстæнгас уæззау æрæнцад фысымы æлвæст гуыры- кондыл. Каст ын йæ лыстæг ризгæ æнгуылдзтæм, уыдта, куыд калдысты йе ставд цæссыгтæ. Уый сæ тагъд-тагъд сæрфта, фæлæ сын нæ тых кодта, фæстагмæ къухтæ-мæр- зæнимæ дыууæ къухæй ныххæцыд цæстытыл æмæ йæ хæ- къуырццæй нал æнцадис. - Ссарут ма къæрныхты, - сфæрæзта дзурын æмæ зæр- дæбынæй ныкуыдта. - Ссардзыстæм сæ, - йæ дæндæгтæ нылхъивгæйæ загъ- та Додта. «Уæдæ сæ сымах кæмæй истат, уый сыл цæмæннæ куыдта. Æниу сыл уый кæугæ нæ фæкæны, æлгъитгæйæ дарддæр «ма дыл бахæцæт», куыд рæсугъд æлгъыст у æмæ дыл куы цыд æркодта», дзырдта химидæг. Паркеты бын цыппæрдигъон дзыхъхъмæ æргуыбыр кодта. Метр- барæн систа æмæ йæ абарста «иуæрдæм дыууын сантиме- тры, иннæрдæм та дыууын фондз», дзырдта баргæ-барын. «М-м-да», мæетæй ныуулæфыд, афтæмæй фынджы фарсмæ æрбадт. - Сбад æмæ дзур, цы дæ фесæфт, уый, - бадзырдта усмæ, йæ дзыппæй фыссæнтæ исгæйæ, - дæ ном, дæ мыггаг, - Маккаты Лизæ... - Дæ мой чи у? - цыма йæ нæ зыдта, уый фарст æй акодта. - Уырымты Уасил... - Дзур цы дæ фесæфт. Уый йæ кæуын æнæ уромгæйæ, райдыдта: - мæ кæрц, мæ лæджы кæрц æд сæрак курткæтæ, мæ къухдарæнтæ, сахæттæ, браслеттæ. - Къухдарæнтæ, сахаттæ æмæ браслеттæ кæм æвæрд уыдысты? -паркеты кæлæнтæм кæсгæйæ йæ афарста. - Уæртæ уым, - дызæрдыггæнгæ ацамыдта гардеробмæ, кæсгæ та паркеты кæлæнтæм кодта. Додта йын йæ фæлывд дзуапп фæхатыдта, æмæ йæ цæсгом фæтаргъуыз, æрфгуытæ кæрæдзимæ æрбанцъылдта, йæ ныхас фæхъæбæрдæр, йæ зæрдæ фæуазалдæр. - Уым цы агуырдтой, æндæр ран сын æвæрæн нæ уыд?
^ии^-о^^е^О’в^^^т—— - къуыммæ ацамонгæйæ йæ афарста. Сылгоймаг лæджы хин фарст бамбæрста. Уысмы бæрц æнæдзургæ аззад, дзу- аппхъом нал уыд, стæй цыдæр сцæйдзырдта, афтæ дуа- рыл æрбалæууыд асæй рæстæмбис, сæвджын нæлгоймаг. Иæ сау бæзджын æрфгуытæ кæрæдзийы нынныхæстысты æмæ ацы ныв куы ауыдта, уæд ноджы кæрæдзийыл ныл- хынцъ сты. Афтæмæй куы милицийы кусджытæм бакæсы, куы усмæ, куы та къуымтыл йæ цæст аивæй ахæссы. Л æджы фенгæйæ, усы кæуын ноджы фетынгдæр. - Нæ дын дзырдтон, нæ фатеры номыр раивæм. - Дæ хæдзар у, Уасил? - афарста йæ Додта. - Нæ, мæ мады уыд, фæлæ сымах ам цы аразут? - Къæрныхтæ дын æй афистæг кодтой, нæ уыныс? - аца- мыдта йын къуымтæм. Мæнæй ницы фесæфт, сахат раздæр мæхæдæг ам уыд- тæн, - фидарæй дзырдта Уасил. Милицийы кусджытæ кæ- рæдзимæ бакастысты. - Куыд ницы дæ фесæфт? - ус ноджы хъæрдæрæй нык- куыдта, -уæдæ... - Цас дзæгъæлы дзурыс! - Уасил ыл нытътъæлланг ла- ста. - Куыд дзурын дзæгъæлы, кæм... - Сæрхъæн, дæллаг хæдзармæ сæ ахастон æмæ-иу ныр- ма хъуыддаг базон, стæй-иу уый фæстæ хъыллист кæн. Лизæйы цæстытæ ныиирд сты. - Бахатыр кæнут, рынчын сылгоймаг у æмæ, - баздæхт милицийы кусджытæм. -Æз ницы дæн рынчын, рынчын дæхæдæг дæ. Лæг æм йæ фыдæхы цæстытæ базылдта, йæ сæр æм банкъуыста аивæй. Додта йæ армы тъæпæнтæ йæ син- тыл сæвæрдта æмæ къуымты азылд, паркеты кæлæнтыл къахæй фæйнæрдæм ахæцыд, стæй, æлгъаджы худт бакæн- гæйæ, йæ цæстæнгас Уасилыл æрхаста. Уасил æм мидбыл- ты быныбырд худт бакодта. - Бахатыр ын кæнут, уæхæдæг зонут, сыл гоймаг рæузонд у, хъуыддаг цæй мидæг уыд, уый нæ бамбæрста æмæ уын дзæгъæлы сфыдæбон кодта. - Де ’фсин хъуыддаг кæй нæ бамбæрста, уый бафиппайд-
тон, мах дын æй хатыр кæнæм, фæлæ дын сæ чи афистæг кодта, уый дын сæ нæ ныххатыр кодта. Уасил ын цыма йæ ныхæстæ нæ бамбæрста, йæхи афтæ равдыста æмæ та ногæй хатыр курыныл схæцыд. Рацыдысты милицийы кусджытæ. Сыбыртт сæ никæйы дзыхæй хауд. Æрæджиау сæ иу сдзырдта: - Додта, дæ зæрдæ не ’хсайы... Додта йæ къухыл хæрдмæ схæцыд, дзурын нал суагъта фæрсæджы. - Куы сæ ссарæм, уæддæр гæнæн ис æмæ сыл ма басæтта. Цæмæннæ? Ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут. Лизæ йæ моймæ кæсгæйæ баззад^Уасил йæ фыртыхстæй къуымты рауай-бауай байдыдта. Иæ сау цæсгом ноджы ныссау. Стæй йæ усы раз æрлæууыд, йæ галиу къухæй сины сæрыл ныххæцыд, рахис къух ын тымбылæй йæ былтæм бахаста æмæ йыл куырау ныббогъ ласта: - Дæ хуызæн æррайæн, æнæсмудæнæн хъуамæ уаид æрмæстдæр хуыссæнтæ æмæ иуы фæлыстуæлæдарæс. - Цæмæн дæн æрра! - ус спыхс, - уæдæ уæртæ... - Сыбыртт дын зæгъын, æнæмбаргæ! Ницы нæ фесæфт! Лизæ йæм каст ризгæ. Цы загътаид, уымæн ницыуал зыдта. Бампылд йæхи мидæг. «Кæнæ фыны дæн, кæнæ уый сæрра, кæнæ та æцæг æз дæн рынчын», - загъта йæхицæн. Уасил аздæхт рудзынджы æрдæм, каст æддæмæ, фæлæ дзы æппындæр ницы уыдта. Уый хъуыды кодта, йе ’вæрæн ын чи зыдта, ууыл. * * * Милицийы хистæр Додтайы кабинетмæ бахизæны уы- дис дзæвгар адæм. Уыдонæй иутæ се уæхсчытæй къулыл банцой кодтой, иннæтæ къæлæтджын бандæттыл бадты- сты, чи дзы йæ сæр размæ æруагъта, чи та дзы бандоныл фæстæмæ йæхи ауагъта. Иуæй-иутæ дзы тæккæ бахизæны слæууыдысты, цæмæй хистæр куы æрбацæуа, уæд æм фыц- цаг баирвæзой. Иу сылгоймаг дзы фисыныл нындæгъд, йæ цæссыг мизгæ, цæсты бынтæ нæ сур кодтой æмæ сæ тагъд- тагъд сæрфта. Иæ фарсмæ лæууæг сылгоймаг æй сабыр
кодта, фæлæ не ’нцад. «Уый дын нырма ницы у», бадзырд- та йæм иу лæг. Сылгоймаг ноджы тынгдæр ныкуыдта. Ацы рæстæджы æрбахызт Додта, сылгоймагмæ фæкомкоммæ. - Рахиз ма, цы дыл æрцыд? Уый фæраст йæ фæстæ, ныхас æм цы лæг баппæрста, уый дæр. - Ды уал фæлæуу, хорз лæг. - Хъуыддаг нæ иумæ ис. Додта ницыуал сдзырдта. Бацы^ йæ бынатмæ. Сылгой- маг æм балæвæрдта куырдиат, йæ хъуыддаг æмба-рын- гæнгæйæ. - Дысон расыгæй бацыд æмæ мæ фæнадта,- ацамыдта нæлгоймагмæ, стæй йæм йæ сæры къокъосатæ æмæ цæс- гомы цъæхтæ равдыста. - Раст нæ дзуры, - лæг фестъæлфыд. - Дæу нырма нæ фæрсын, - сабыр бадзырдта нæлгой- магмæ, стæй афарста сылгоймаджы, - арæх дæ нæмы? - Куы аназы... - Æмæ мæ аххос уыд? - лæг нæ лæууы. - Уæдæ кæй аххос уыд, æдзæсгом! - Мæ цурмæ уатмæ нæ фæцæуы. - 0, о, арахъы тæфмæ смуддзынæн, - нал фæлæууыд ус. Додтайы цæсгомыл худæндзаст алыгъд, стæй фæсидт йæ кусджытæй иумæ. - Ацы лæджы акæн медэкспертмæ, кæд æм нозт разы- на, уæд æй дæлæмæ,- йæ къухæй бынмæ ацамыдта. Лæг ма цыдæртæ сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæ милицийы кусæг йæ разæй ракодта. Додта иудзæвгар æнæзмæлгæ бадт, стæй йæм цыдæр фæсмон фæзынд. «Адон æрбахаудтой сæ мæстæй, лæг æмæ ус хылтæй фылдæр цы кæнынц, куы сбада ахæстоны... миййаг куынæуал бафидауой, сæ быцæу куы фæкарздæр уа, бинонтæ куы ныппырх уой, уæд...сы- вæллæттæ...» Сылгоймаг цыдæртæ дзырдта, фæлæ сæ Дод- та нæ хъуыста, афтæмæй та йæ цæстæнгас уый æрдæм уыд. Уый йæ зыр-зырæй нал æнцад. - Цал сывæллоны дын ис? - Цыппар,- уый йæ цæссыгмизгæ дзуапп радта. Лæг зæхмæ ныккаст, стæй та йæ афарста:
- Хистæрыл цас цæуы? - Дæс азы. - Æз дæ экспертмæ арвитдзынæн æмæ уырдыгæй гæххæтт æрхæсс дæ цъæхты тыххæй, мах уыл хъуыддаг сараздзыстæм æмæ йæ тæрхондонмæ арвитдзыстæм. Ахæм хъуыддаджы тыххæй гæнæн ис æмæ сбада фондз азы онг æмæ уым базондзæн, куыд адджын сты сæрибар цард æмæ бинонтæ. Сылгоймаджы цæстытæй сыг нал æрхауд, адынджыртæ йын сты, афтæмæй лæгмæ бакаст, нымдзаст æм, йæ цæсго- мы масты æлхынцъ тарстгъуызæй раивта, сыбыртт дзы нал схауд. Додта йын йæ цæсгомы хуызы раив-баив хаты- дта æмæ йæм ноджы алыгъуызон тæрсæн фарстытæ лæ- вæрдта йæ мойы æрцахсыны тыххæй. - Стæй мæ сабитæ? - сирвæзт дзы æвиппайды, - йæхæ- дæгуым исты... - Дардзынæ сæ, хъомыл сæ кæндзынæ, ратдзынæ дзы сывæллæтты хæдзармæ, - куыд фæндыйы дзуапп радта милицийы хистæр, - йæхæдæг та хырхдзæн, хæрæджы ку- ыст кæндзæн. Ус йæ сæр банкъуыста. Афæлурс. - Нæ, нæ, нæ. Уый... Сывæллæтты фыд хъæуы, уый та цæрын... - Уæдæ ма ардæм цæмæн æрбацыдтæ? Дæхи куы фæнды?... - Æрбацыдтæн, фæлæ... - Фæлæ цы? Ахæстоны сбада, уый дæ нæ фæнды? - Нæ-æ-æ... - Æрвонгæй дæ æхсойы? - Никæд. - Уæдæ-иу расыг куы уа, уæд-иу æм лæгъз дзур. Нæл- гоймаджы зæрдæ хъæдындзы цъарæй уæлдай нæу. Æм- барыс мæ? Ацы рæстæджы хистæр фæсидт радгæс мили- ционермæ æмæ аххосджыны фæстæмæ æрбакæнын кодта. - Нозтæм ис? -Ис. Уый сыстад, хæстæг бацыд нæмæгмæ. - Дæ ном, дæ усы ном... - Тина уый, æз та Хипа.
^ллл^мзч&^ОоО^/гкнт—— - Бакæс ма дæ усмæ, афтæ цъæхтæй тынгдæр цæуы дæ зæрдæмæ? Хипа йæ сæр бынмæ ауагъта, нæ бакаст йе ’фсинмæ. - Æз мæхæдæг милицицы кусæг дæн, горæты милицийы хисдæр, фæлæ махмæ ахæм хъуыддæгты тыххæй чи хауы, уый кадджын нæ кæны. Æмбарут уæ дыууæ дæр? - Фæрæдыдтæн, сбадын мæ кæнут, - сфæрæзта Хипа. - Бафидаут, дзуры лæгмæ. Уый йæ сæр бындæр ауагъ- та. - Дæу сбадын кæнын ахæстоны айхуызæн нады тыххæй у куыд гæнгæлы ахæрай, афтæ, фæлæ цыппар хъæбулы мæт нæ кæныс? Бафидаут æмæ уæсабитæм цæугæ. Лæг нымпылд. Усы цæсгом фæрухсдæр. Йæ лæгмæ æввахсдæр балæууыд. - Цом, мæ гæбæт, цом, ф^лтау арахъхъы боцкъайы аирвæз, цæйнæфæлтау ахæстоны сбадай, - йæ цонгыл ын рахæцыд. Лæг Додтамæ фæкаст. - Ныххатыр нын кæнут. - Фæндараст, - рарфæ сын кодта уый дæр. * * * Додта йæ кабинеты йæ къæлæтджыны æрбадт. Йе стъо- лы лагъзытæй иу раласта, цыдæр дзы ацагуырдта æмæ йæ куы нæ ссардта, уæд æй фæстæмæ бассыдта. Иннæ лагъзмæ фæцæйæвнæлдта, афтæ къæсæрыл æрбалæууыд, æнæ бар ракургæйæ, æнæ салам ратгæйæ, бæзджынтæ кондлæг. Фысым йæ архайд ныууагъта æмæ æрбафсæрæгмæ нымд- заст. Ахæм знæт, æнæ бар ракургæ^уыймæн йæ кабинетмæ æцæгæлон лæг никуы æрбахызт. Иæ бандоныл раст сбадт. Æрбацауæг, æвæццæгæн, фæхатыдта йæ «рæдыд» æмæ фефсæрм. Чысыл лæугæйæ аззайыны фæстæ сфæрæзта: - Бахатыр кæнут, мæ фыртыхстæй... - Цы хабар у? - йæхæдæг æй афарста. - Дысон сменæйы уыдтæн æмæ райсом ме ’рбацыдмæ мæ машинæ гаражы нал уыд. - Хæдзары чи уыд бинонтæй? - Ничи. Ме ’фсин йæ цæгаты уыд, лæппу та студенты къорды кусынмæ. Додта куырдиат айста, йæ цæст ыл аха-
——^т^в^&о^/кУо-’ш» ста æмæ йын дзы фæнысан кæнын кодта машинæ æмæ шассийы номыртæ. Стæй йæ райста. - Давын æмæ давын. Цы сæнамонд стæм... Иуæй-иутæ ма сæ фырхъалæй цы ракæной, уый нал зонынц. Хорз, - загъ- та хъæстгæнæгæн, машинæ нæ фесæфдзæн, куы разына, уæд дæм бæрæг уыдзæн, фæлæ дæхæдæг дæр дæ хъус дæр, сыхæгты афæрс, чизоны йæ исчи федта æддæмæ тулгæ- тулын. Фæстæдæр уголовон агуырды хистæр Хетæгмæ фæдзырдта... - Æрбад ма,- ацамыдта йын бандонмæ æмæ йæм куыр- диат балæвæрдта. Хетæг ын цæст ахаста: - Цыбырты Пъау- ле. Ацы лæг дæсны у хъæды куыст кæнынмæ... Падзахадон инспекцийы посттæм раттын хъæуы телтæ æвæстиатæй. - Уый саразын зын нæу, фæлæ гæнæн ис æмæ машинæ уа ам, горæты, кæнæ искуы фесæфæд ран, чизоны йæ хай- гай скæной æмæ йæ афтæмæй ауæй кæной. - Уыцы хъуыды мæхимæ дæр ис, ^æлæ посттæм æн- æмæнг... Дыууæ къæрныхæн мацы... Йæ рахис къухы æн- гуылдзыл хæрдмæ схæцгæйæ, йæ ныхас нал загъта кæ- ронмæ. Æнафоны талынг уаты телефон йæ дзæнгæрæгæй нал æнцад. Уый хъæрмæ сынтæджы хъæццулы бын базмæ- лыдæуыд. Йæ къухæй телефоны хæтæл ацагуырдта æмæ йæ систа. - Хъусын, - сдзырдта хуыссæг хъæлдзæгæй нæлгоймаг. - Мурат, ды дæ? - афарстæуыд æй. - 0. Ды чи дæ? - Герсан дæн... Ныртæккæ дæм фæцæуын, фæлæ æддæ- мæ рахиз. Мурат ма цыдæр сцæйдзырда, фæлæ уæдмæ иннæ кæ- рон телефоны бипп-бипп ссыд. Мурат уæззаугай рабадт, стъолыл электрон лампæ ссыгъта, афтæмæй бадгæ баз- зад сынтæджы тигъыл, йе уæнгтæ аивæзта, стæй сы- стад. Йæ уæлæйы дарæс конд нæма фесты, афтæ та ду- ары дзæнгæрæджы зæлланг фæцыд. Уый йæ хæдоны
^ШЛ^НЗ^©«©^^><>ЛЛЛ| — сæхтæджытæ æфтаугæ æддæмæ ратындзыдта æмæ къул- дуар бакодта. Мидæмæ æрбахызт Герсан. Уый йын йæ ру- сæн апъа кодта, афарста йæ, кæд æрцыд, уымæй, стæй йын лæгъстæгæнæгау райдыта: - Дзæуджыхъæумæ нæ ныллас... Зоныс... Мæ фыдыхо-йы лæппу ус кæны, æз ын хъуамæ æмдзуарджын уон... Дысон мæм фæдзырдтой æмæ райсом хъуамæ фараст сахатыл уым уон. - Фæллад дæн, Герсан, тынг фæллад дæн. Нырма дысон æрыздæхтæн, студентон арæзтадон къордæй. - Зонын æй, фæлæ мын чи баныфсæвæрдта, уый мæ фæ- сайдта. - Нæу мæ бон, фæллад дæн. Стæй мæм бензин дæр нæй. - Кипо, - радзырдта уынгмæ Герсан. Мидæмæ бахызт, уымæй хистæр чи уыд, ахæм, - бензин нæй. - Ныртæккæ, - загъта Кипо æмæ фæстæмæ цæрдæг фез- дæхт. - Уæгъды ма агурут бензин, мæ бон нæу, фæллад дæн. Герсан ын ноджы хъуыривазгæ ныллæгъстæ кодта: - Мæнæ дын дыууæ сæдæ сомы æмæ мацыуал сдзур. Мурат ницыуал сдзырдта, кæсгæйæ йæм баззад. - Æз æхцайы тыххæй æнæ цæугæ нæ дæн,- загъта æрæджиау- фæлæ кæд афтæ тагъд хъуыддаг у, уæд райсо- мы фондз сахатмæ æрлæуут. - Нæй нын гæнæн, райсом аст сахатыл куынæ ныххæццæ уæм, уæд хъуамæ æндæр искæй ссара æмдзуарджынæн æмæ ма кæй... афтæ æвиппайды... Кипо æд канистр къæсæрыл æрбалæууыд. - Мæнæ уын ссæдз литры бензин. - Уæд та хиуæттæй искæмæн зæгъон, æз æрцыдтæн, уый нæ зонынц æмæ мæ фыд машинæ кæм агурдзæн. - Дæ низтæ, цалынмæ дæ фыд йæ куыстæй цæуа, уæдмæ йæм мах телефоны уырдыгæй фæдзурдзыстæм. Лæппуйы хъуыры ныббадтысты, сдзурын æй нал бау- агътой. Иæ багажничы дуар ын бакæнын кодтой æмæ дзы дыууæ голладжы нывæрдтой, уыдон, зæгъгæ, чындзæн лæвæрттæ, фæлæ сæм Мурат кæсгæ дæр нæ бакодта. «Чын- дзæхсæвы тыххæй уанцон тыхст нæу», химидæг мæсты кодта Мурат. *16
Араст сты. Трассæмæ машинæ рахызт, фæндаг уыд бын- тондæр сæрибар æмæ рог машинæйы спидометр фенын кодта сæдæ дыууын километры. Бæлццæтты зæрдæ ба- рухс. Шофыр йæ цыд фæсабыр кæны æрмæстдæр автоинс- пекцийы посты цур. Ныууырдыг кодтой Арвы комыл цæ- гаты ’рдæм. - Бынтон хорз цæуæм, - сахатмæ æркæсгæйæ, загъта Кипо. - Цал сахат у? - бафарста йæ Герсан. - Æхсæзы æрдæг, - райста дзуапп. Уæды онг сæ ничи ни- цы дзырдта, ныр се ’фсæртæ феуæгъд сты æмæ кæрæдзи дзыхæй ныхас айстой, худтысты, æмæ нæ фæфиппайдтой, бынæй машинæйы хыбар-хыбур куыд ссыд, уый. Шофыр машинæ фæндагæн иуварс азылдта, рахызт, йæ бынмæ йын бакаст. Машинæ чердæм фæкъул, уым фæстаг цалхы тел сфардæг æмæ æртъæпæн. Дыууæ лæппуйы рабырыды- сты машинæйæ. Фыццаг æм кæсгæйæ аззадысты. - Цы рæвдз цыдыстæм, - сабыргай сдзырда Кипо. - Февнал, цæмæ^кæсыс? - фæцырд Герсан, - ды иу-варс алæуу, - загъта Муратæн. Уыдон æйттмардзæйæ февнæл- дтой цалх ивынмæ. Се змæлдыл цæст нæ хæцыд. - Рæвдздæр, цæмæй Редантæй аирвæзæм, стæй ницыу- ал тас у, - ауад Мураты хъустыл Кипойы ныхас. Лæппу фес- тъæлфыд: «цæмæй» ницыуал тасу». Бацыд сæм æввахсдæр. Уыдон сæ фыртыхст æмæ цырд архайдæй скъуыд цалх фæстæмæ фæцæйкодтой. Шофыр сæм кæсгæ баззад. Йæ буар æгасæйдæр ныррызт. «Адон мæнæн бодзæн не сты. Цавæр тагъд у чындзæхсæв мæ...» Багажникмæ бацыд, гол- лаг уырзæй æрæсгæрста. Цыдæр чысыл къоппытæ къухы бын сæхи хъæбæрæй дардтой, иннæ голлаг та фæлмæндæр. Уый цыма ток ацахста, афтæ фæцис. Лæппутæ цалх ба- кодтой, сæ къухтæ сæхсадтой æмæ сбадтысты, фæлæ шо- фыр йæ бынатæй не змæлыд, нæ тагъд кодта машинæйыл сбадынмæ. - Сбад, ацыдыстæм, кæд бафæлладтæ, уæд рулыл æз сбаддзынæн, - бадзырдта йæм Герсан. Ацы ныхасмæ цыма хъа’л раис йæ фынæйæ, афтæ фæцис. - Нæ, мæхæдæг...
Сбадт. Араст уæззаугай, йæ размæ цъындзæстæй каст, афтæмæй. - Чысыл фæтагъддæр кæн. - Чидæр æм дзы бадзырд- та, фæлæ йæ цыма нæ бамбæрста, йæхи афтæ равдыста. «Адонмæ ныхмæ æрлæууæн нæй, кæнæ сæ куы бафæрсон, цы ласынц, уымæй, уæд мæ æнæ фыдбылызæй нæ ныуу- адздзысты», хъуыды кодта химидæг æмæ арф ныуулæфыд. «Давæггаг фæллой чи ласы, уый дæр къæрных у, уæдæ цы у?» Герсаны хорз зоны, иумæ хъомыл кодтой, фæлæ иннæ чи у, уый нæ ахста йæ хъуыды. Кæддæр æй кæмдæр федта, фæлæ кæм, уый нæ хъуыды кæны. Йæ нуæрттæ хæлбурцъ райдыдтой. Æрæджиау йæ зæрдыл æрлæууыд, иухатт тæрхондоны иу процессмæ хъуыста, тæрхон цыд давджы- тыл æмæ сæ иу... Уæд æвзонгдæр зынд. Машинæйы цыд æрсабырдæр, йæ размæ æдзынæг ныккаст, йæ роцъо су- анг рулыл æрæнцад, стæй газыл уыцы иу хæст акодта, цыма истæмæй фæтарст фæсте ныццæвынæй, машинæ фестад йæ бынатæй, раст цыма уæлдæфы стæхынмæ хъа- выд. Автоинспекцийы цурты йæ тардта къæдз-мæдзытæ. Алыран дæр хæлдта цæуыны фæтк. Цырд кæй цыд, уый бæлццæттæн æхсызгон уыд, фæлæ-иу руль дзæгъæлы куы аирвæзт, уæд та-иу фыртæсæй æмбис фесты. - Цы хуызæттæ цæуыс, цы? - æмхъæлæсæй йæ афар- стой. - Хуыссæг мæ ахсы, иучысыл куы аулæфин, - йæ ком аивæзта шофыр. - Бауром æмæ æз сбаддзынæн рулыл,- ныллæууыд æм Герсан, фæлæ уый дарддæр цыд. Фыццаг Редантмæ куы ныххæццæ,уæдиузæрондусхæдзарыразæйхуытæрасырд- та фæндаджы æрдæм. Мурат йæ цыд ноджы фæцырддæр кодта æмæ дзы иу сцавта. Хъыбыл атымбылтæ хъыс-хъыс- гæнгæ. Йæ тæвдæй ма фестад, алыгъд йæ синтæ ласгæ, фæлæ уайтагъд афæлдæхт. Машинæ йæ цæлхытæ хафгæ æрлæууыд. Уайтагъд ыл цæрджытæ атымбыл сты. Хъуыддаг скарз. Чидæртæ сæ шофыры былтæм тымбыл къухтæ дæр бахаста, рахъавыдысты йæм нæмынмæ, фæлæ Мурат уы- мæй нæ тарст, æнхъæлмæ каст, кæд фæзындзæн милици, уы- мæ. Фæлæ уымæн фыдæнæнгæнæгау йæ кой дæр никуы-
——^т^е^гО^З^/^^ь цæй зынд. Ацы рæстæджы Герсан машинæйæ рабырыд. - Цасы аргъ уыд уæ хъыбыл? - бафарста сæ, йæ дзыхæй сигареты фæздæгуадзгæйæ. - Сæдæ сомы, - фæцырд хылгæнджытæй сæ иу. Герсан æнæдзургæйæ йæ дзыппæй æхцатæ систа æмæ дзы сæдæ сомы хъыбылы хицаумæ бадардта. Зæронд ус сæ цингæнгæ йетары атъыста. Фæлæ нæлгоймæгтæ зылынджыны къухы æхцайы гуцъула куы ауыдтой, уæд мæ ноджы æрдомдтой, цæмæй уыдон та хицæнæй аминас кодтаиккой. - Милицимæ уæ нæ дæттæм æмæ бузныг нæ зæгъут,- скарз сæ иу, - бафтаут ма сæм. - Иу суари дæр нал, - фидарæй дзырдта шофыр, - фæ- дзурут милицимæ, уæ хъыбыл уый аргъ уыд? Куы базыдтой, ницыуал ратдзысты, уæд уыдон дæр ныхъхъус сты. - Милици куы ссæуа, уæд дзы махæн ницы пайда ис, - сæ кæрæдзийы хъусты адзырдтой хылгæнджытæ, - хъыбыл цыппар туманы аргъ дæр нæ уыд æмæ... Мурат ма архайд- та ноджыдæр хъаугъайы сытынгыл, фæлæ йæм дзурæг нал уыд. Уæд ыл Герсан йæхи сцагъта: - Цы æдылы митæ кæныс? Хъуыддаджы фæдыл рацы- дыстæм æмæ нæ фæндагыл цæуæм. Мурат æвæндонæй бахызт йæ машинæмæ, скусын æй кодта, фезмæлыд, афтæ сæ разы æрбалæууыд автоинс- пектор. Шофыр æхцонæн сулæфыд... Цæрджытæ мæ бæр- гæ дзырдтой,^ милиционер йæ бартæ æххæсткæныныл ныллæууыд. Йæ документтæ йын айста, «мемæ рацу», загъта йын уæздангомау, æмæ уый дæр йæ фæдыл араст. - Цыдæриддæр дæ æркура, радт-иу ын сæ, - йæ дзыппи- мæ архайгæ дзырдта Герсан. Шофыр æм кæсæны скаст. Уый ныффæлурс, цыма йе уæнгты туджы цъыртт æппындæр нал уыд, цæстытæ тарст каст кодтой. Æхца систа æмæ сæ хъыбылы марæджы дзыппы æртъыста. - Уадз сæ, кæд бахъæуа, уæд мæхимæ ис, фæлæ дзы дæс сомы иварæй фылдæр нæ уыдзæн. Æхцатæ йæм фæстæмæ балæвæрдта. , Шофыры автоинспектор хицæн уатмæ бакодта инспек- цийы посты. Уый йын комкоммæ загъта:
у№*>&&г&<31>&&*Л№—— - Де ’гъдау скæн æмæ фæндараст фæу... Фæлæ йæ Мурат дзурын нал суагъта. - Хъыбыл барæй амардтон. - Барæй? - Мæ бæлццæттæ зæрдæхсайгæ сты. Багажничы ис голджытæ, машинæ сгарыны æфсон фенут, цы сæ ис, уый. Инспектор джихæй аззад. - Фыццаг хатт хъусын... - Хъыбыл уымæн амардтон æмæ мæ цæмæй милици ба- урома æмæ уын æй афтæмæй бамбарын кæнон. Æрмæст мæнæй куыд ницы фæхатой. Авгын къулæй хорз зындысты сæ дыууæ дæр. Уыдон уасджытау схъуырæй-хъуырмæ сты, инспектор хылгæнгæ, йæ къухтæ тилгæ, Мураты разæй ра- хызт бараст машинæмæ, сбадт дзы. - Дæ машинæ техникон æгъдауæй ифтонг нæу, æмæ авари уымæн сарæзтай. Хорз уыд æмæ хъыбыл фæцис дæ разы, адæймаг куы фæуыдаид, уæд та? - дзырдта уый карзæй, руль разил-базилгæнгæ. Ссыгъта йын йæ рухсытæ разæй фæсте. Стæй йын багажничы дуар бакæнын кодта, голджытыл схæцыд, райхæлдта сын сæ комбæстытæ... Мурат ныхъхъус, йæ дзурынæй банцад æмæ Хетæгмæ зылынджыны каст бакодта. - Бузныг, Мурат, афтæ кæй сарæхстæ, уый тыххæй. Труб- ка систа æмæ сабыргай загъта: - Цхинвал, мæнæ уæ... * * * Цхинвал... уæрæх уатмæ æрбакодтой Кипойы æмæ фæсдуар слæууыд сæргуыбырæй. Йæ цæсгом уыд угæрд- тæ-угæрдтæ, æнцъылдтытæ, сыджытгъуыз æмæ йын лæвæрдта æхсайаздзыды кар, афтæмæй йыл æртын азы йедтæмæ нæ цыд. Йæ дзых куы фегом кæны, уæд йæ зыхъхъыр дæндæгтæ бур-буридæй фæзынынц. Тæнæг бур æрфгуытæ цæстытыл æрфæлдæхтысты. Хетæг æм æввахс бацыд, æнæ дзургæйæ йын йæ цонгыл рахæцыд, æркаст ын йæ армы тъæпæнтæм. Йæ хистæр æмæ амонæн æнгуылдзтæ уыдысты цæсгомæй бурдæр тамакойы фæз-
——^шл^клоЛО-в^^^т дæгæй, армы тъæпæнтæ бæмбæгæй фæлмæндæр, авгæй , та лæгъздæр. Хетæг-иу æм куы бавнæлдта, уæд-иу фесхъи- удта, тарст цæвынæй. - Цæмæннæ кусыс? - фарста йæ карзæй. Уымæн йæ цæстыты хаугæ кæрæдзи тагъд-тагъд хостой. - Рынчын дæн, - сдзырдта æнæферхæцгæ. - Дымыс, давыс, нуазыс æмæ рынчын дæ? Дæ голджы- ты цы ис? - Дæхæдæг сæ федтай. - Демæ ма давынмæ чи уыдис? - Æрмæст Герсан. - Чи уæ ласта, уый та? - Уый ницы зоны, æппындæр ницы аххосджын у. - Цæмæн давыс? - Къæрныхæй къæрных кæнын худинаг нæу, уый уды бæстæ у. - Кæцæй сæ радавтат? - Донбылгæрон уынджы сæдæ фыццæгæм хæдзарæй, Уасилы фатерæй. - Фенын нын кæндзынæ, кæцæй цы систай, уый? - Бæгуыдæр, алцæуылдæр сæттын. Фæлæ шофыр ницы аххосджын у. Додта фарст ныуурæдта. Ахæсты камерæмæ фæстæмæ арвыста. - Мæн фæнды сæйраг къæрныхы ссарын, йæ фæллойыл чи нæ сæтты, уый бафæрсын. Фæсид Лизæмæ йæ лæджы æвастæй,- уæззаугай дзырдта Додта, - æз æнæмæнгæй хъуамæ ссарон сæйраг къæрныхы. Бæрæг рæстæджы фæстæ Л изæ æрбалæууыд зæронд че- кисты дуары къæсæрыл. Йæ даргъ пырх сæрыхъуынтæ йæ фæсонтыл лæгъз бадтысты. Æвæццæгæн, уый фыртæсæй йæ сæр куы иуæрдæм фæкæны, куы иннæрдæм æмæ сæрыхъуынтæ дæр дыууæрдæм ракæл-бакæл кодтой.Кæд ын рахис уæхскы æрдæм ракæлынц, уæд сæ галиуæрдæм баппары, сæр фæкъулгæнгæйæ. Йæ даргъ зæнгтæ ноджы
^лдг^нг^ОоО^^лл/ь—— ныддаргъ сты французаг бæрзонд зæвæтджын дзабыр- ты, йæ редикюлыл йæ дæлармæй фидар ныххæцыд, куы йын æрбыры бынмæ, уæд та йыл хæрдмæ схæцы. Риутæ зылд кофтæйæ аив зындысты. Уый къæсæрæй бахызт æнæ салам ратгæйæ. Дуаргæрон слæууыд, йæ сæр иуæрдæм ныззулгæнгæ. - Сбад, - Хетæг ын ацамыдта цæхгæр фынджы фарсмæ цы бандон уыд, уымæ. Уый æрбадт, æрбахизæны дуары фæстæ цы бандон уыд, ууыл. Йæ цыбыр юбкæ уæрджыты сæрмæ сбырыд. Уый йæ уырдыгмæ ивæзта, фæлæ йын йæ урс-урсид æгъдтæ æххæстæй не ’мбæрзта... «Кæйдæр зæронд лæджы загъдау, ивазын æй нæ хъæуы, даргъдæр хуыйын æй хъуыд», - мидбыл бахудт Хетаг. - Л изæ, уæ дзаумæттæ уын ссардтам, - сабыргай сдзырд- та Додта, уый хуыз æмæ змæлдмæ лыстаг кæсгæйæ. Ус фестъæлфыд, йæ цæсгом асырх, йæ цæстыты фæлм абадт. Цыма йын арт сирвæзт, уыйау йæхимидæг ссыгъд. Сыл- гоймаг цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ йæ фæрсæджы цæстæнгас ацахсгæйæ, ферхæцыд. «Гъо, о», химидæг ба- кодта лæг, уымæ кæсгæ. - Цыдæриддæр уæ фесæфт, иууылдæр сты ам. - Æмæ нæ цы фесæфт? - уæздан хъæлæсæй сдзырдта уый,- нæ дзаумæттæ иууылдæр разындысты, кæм цæрæм, уым. Уасил сæ ныххаста, уый æз нæ зыдтон. - Цы сыл нæ сæттыс? Уæ фæллой фесæфтысты æмæ уын сæ ссардтам. Нал уæ хъæуынц? - Махæй ницы фесæфт. - Вæййы афтæ æмæ фæллойы хи- цау абырджытæй фæтæрсы æмæ сыл нал фæхъаст кæны. Ды сæ мауал тæрс. Ахст сты. - Исты нæ фесæфт, уый куыд зæгъон, кæуыл æрдау кæнон? Кæй тæригъæды бацæуон? - Гъы, тæригъæд. Тæригъæд цы у, уый зоныс? Ацы ныхасмæ ус тилцайы цæфау барызт. Чекист та фæсмон фæкодта йæ цæхгæр ныхасыл. - Дæ дзаумæттæ хæдзары куы нæ разыной?... Æндæр ран сæ нæ базондзынæ? - Ницы нæ фесæфт æмæ мæ ныууадзут. Мæ дзаумæттæ хæдзары сты.
- Зæгъ-ма, кæцы азы гуырд дæ, кæцы боны? Уый æдзынæгæй аззад, ахæм фарст раттын æнхъæл нæ уыд. «Уый та йæ цæмæн бахъуыд». Æрæджиау æрхæцгæ сдзырдта: - 1943 азы 15 октябры. - Къæрныхтæй иу дæ хæрæфырты лæг у Герсан. Куыста шофырæй дæ лæгмæ. - Æз загътон, махæй ницы фесæфт! - йæ ныхас фæкарз- дæр. «Æ, уый мард фенон рæхджы», - сылгъыста йæ хи- мидæг. - Ницы фесæфт, уæдæ уыцы бон дæхи цæуыл мард- тай, æви дæ?... Додта зæгъынмæ хъавыд, зæгъгæ, дæ дæ лæг бафæдзæхста, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Лизæ йæ даргъ цæстыхаутæй йе стыр цæстытæ æргыццыл кодта, афтæмæй каст йе ’нæуынон налгоймагмæ. Каст æм уый дæр, стæй йæ фарсмæ голладжы ком райхæлдта, систад- зы цармæй цыбыр кæрц. Бадардта йæ Лизæмæ. Уымæн йæ цæстытæ адынджыр сты, йæ хъуын сыстад, æвиппайды йæм фæцæйæвнæлдта, фæлæ йæ хъусты ныннæрыд йæ лæджы хъæлæс: «Сыбыртт, махæй ницы фесæфт». - Дæ кæрц нæу? - Лыстæг ма йæм æркæс, - йæ разы йын æй æрæвæрдта. Уый йæ цæстæнгас базылдта милицийы кусæгмæ. - Нæу мæн,- йæ хъæлæс æрныллæг, фæфæсусгонд, йæ былтæй йæ коммæ нал кастысты. - Йæ галиу дзыппы мидæг ис хæцъил хуыд, йæ уæлæ ис фыст. Бакæс ма йæ дæхæдæг. - Мæн никæй дзыппы ницы хъуыддаг ис, - тыххæй сфæрæзта дзурын. Хетæгмæ Додта цæстæй ацамыдта. Уый сыстад, дзыпп сфæлдæхта æмæ ракастхъæрæй: «Мæ фыццаг уарзон, фыццаг хатт сылгоймаджы ад кæмæй... мæхи Лизæйæн йæ гуырæнбонмæ. 15 октябрь 83 аз. Дæ цыппор азы бонмæ». «Руфки». Сылгоймаг сгæв-гæв код- та, афтæмæй йæ зæрдыл æрбалæууыд. «Мæхи Лизаветæ, дæ гуырæн бонмæ дын»... Кæрц æм тыхтæй радта Руфки. Уый йæ райста арæхстгай, цыма йын фæриссынæй тарст, хæцыд ыл, афтæмæй лæвардæттæджы русæн апъа кодта. Кæрц æрæвæрдта сынтæгыл æмæ йæ Руфки йæ хъæбысы
фелвæста. Ацы рæстæджы дуары хъæр фæцыд æмæ феу- агъд йæ хæзгулы адджын хъæбысæй. Дуарæй æрбахызт Уа- сил. - Абон Лизаветæйы гуырæнбон у æмæ йын мæнæ иучы- сыл номарынæн... Алæхурдта æмсиахс. Уасилæн æхсызон уыд, йе ’мкъайæн ын кæй аргъ кæнынц йе ’мкусджытæ, уый. - Бузныг, уæ лæгкæдтæ уын мах дæр цы бафидæм рæсугъд бонты, уый бæрц амонд уæ уæт. - Руфки Барсæджы фæсномыг у нæ йаё зоныс? Дæ лæгмæ куы кусы? Руфки, ома рувас. Лизæ фæиппæрд йæ хъуыдытæй, стæй йæ цæстытæ бынмæ ауагъта, йæ бинаг был æрзæбул. - Æз нæ дæн, мæн йедтæмæ Лизæ ничи хуыйны? - Ды нæ дæ? - лæг амæсты, чысыл къоппæй браслет си- ста, - мæнæ дын уый та Хъамболы лæвар у. Бакæс ма йæм къоппы хуылфы йыл фыст ис... Нæ сæттыс ууыл дæр? Хъамбол дæ лæджы куысты йæ рахиз цонг куы у. Мæнæ кæрцы дзыппы та баззад, Руфкъийæ дæм фæстаг хатт цы фыстæг уыд, уый. Фен ма, ацы кæрцы дзыппы та цы ис, уый, - ныр та йæм баппарæгау кодта йæ лæджы кæрц. Лизæ йæм не ’внæлдта, фæлæ йыл куы ныхъхъæр ласта, уæд æй æвæндонæй систа. - Кæй лæджы дзыппы мын тъыссын кæнут мæ къухтæ, - сдзырдта æнæ ’ввæрсонæй. - Кæйдæр лæджы дзыпп у? - сабыргай йæм бадзырдта, афтæмæй пиджакы дзыппæй систа паспорт æмæ йæм æй баппæрста, - рафæлдах ма йæ, кæй у? Уый йæ рафæлдæхта, æмæ дамгъæтæ йæ цæстыты раз рагæпп-багæппгæнгæйæ, рафарста: «Уырымты Уасил Кебылы фырт». - Ныр та ма цы зæгъдзынæ? Усы дзыхæй сыбыртт нал схауди. Ныр сæм каст тарст лæгъстиаг цæстæнгасæй. - Хетæг, ныртæккæ Уасил ам куыд уа! Ус фестъæлфыд, ахъавыд Хетæджы фæстæ рацæуынмæ, фæлæ йæ æрурæдтой æмæ йæ хицæн хатæнмæ арвыстой.
* * * Уасил цæхгæр загъта, уыдонæй иу дæр уый фæллойæ кæй нæу, уый. Æниу дзы алцыдæр базыдта, суанг ма йæ би- нойнаджы мидæггæгтæ дæр. - Сымахæн цы бар ис æмæ мæнмæ фæсидат уæлдæр ор- ганты æвастæй, боны фæстагмæ областы æппæты уæлдæр уагдæттæй иуы хистæр æз дæн, - фæстаг хатт хъæбæрæй загътауый. - Уый та куыд нæ зонæм, фæлæ дæ фæллой фесæфтысты æмæ дын сæ ссардтам. - Мæнæй исты куы фесæфтаид, уæд дæм куырдиат балæвæрдтаин. - Куырдиат æнæмæнг нæу, махæн фаг у закъонмæ гæсгæ æмæ хъаст райсæм æрмæст ныхасæй дæр. - Нæдæр уæм ныхасæй радтон хъаст. - Кæм ис дæ паспорт? Уасил йæ паспорт йæ дзыппæй систа æмæ йæм æй баппæрста. - Нывæр æй дæхицæн, кæд дæ тынг хъæуы, уæд, - фида- рæй загъта уый. - Æмæ уæдæ мæнæ ацы паспорт та кæй у? - йæ разы йын авæрдта Додта йæ дыккаг паспорт. Уасил æм æркаст. Хетæг æй рафæлдæхта æмæ йын æй йæ цæстытæм схаста. - Дæу нæу? - Мæн нæу. - Уымæн йæ сау цæсгом ноджы ныттар, фæлæ та ноджы сфæрæзта, - мæн нæу, мæ фæдыл зилут æмæ дык- каг уæхæдæг сарæзтат. Додта йæм хæстæг балæууыд. - Ацы къухфыст кæй у? - амоны паспортмæ. - Нæ зонын. - Дæ къухфыст дын чи сарæзта? - Цы кæныс, цы? Цы мæ дæ уæлныхты систай? Хъаст дæм бакодтон æви цы? - Уæдæ хорз. Йæ усы кæрцы дзыппы цы фыст уыд Руфкийæ, уый си- ста. Бæргæ, уыцы хъуыддаг раргом æй нæ фæндыд, фæлæ... Зыдта, уæлийæутты кæй ныфсæй дзырдта, уый æмæ...
- Бакæс ма йæ, - йæ цæстытæм ын æй схаста. Уый фыстæг ракаст. - Ай мæнмæ кæцæй хауы? - сдзырдта йæ къух тилгæ. Л и- зæ нæмттæ иу æмæ дыууæ ис. Руфки та зонгæ дæр никæй кæнын. - Нæ зоныс? - ныр æм кæрц бахаста, йæ фыст ын рафæл- дæхта, - уый дæр нæ зоныс? Бакæс ма йæ. Гæххæтт райста зивæгæй, йæ цæст ыл ахаста, стæй йæм æдзынæг кæсгæ баззад. Бадон сты йе уæнгтæ, бандзыг, сыбыртт дзы нал райхъ- уыст. Иннæ хъуыддæгтæ йæ æппындæр нæ фезмæлын кодтой, фæлæ ацы... «Ме ’рдхорд, мæ рахиз цонг...æллæх, æллæх». Бафæндыд æй, уыцы уысм цавддур куы фестадаид, дæлдзæх куы аивæрзтаид... Ахæстон та цы уыд? Цæсгомы тарстхуыз мæстджынæй разынд, чысылгай цъæх кæнын райдыдта. Йæ разы ма исчи лæууыд æви нæ, нал сæ хатыд- та. Йæ сæр зылд, цыма зæххыл нæ лæууыд, фæлæ кæмдæр уæлдæфы хъеллау кодта. - Фæдзур къæрныхтæм, - фæзылд булкъон Хетæджы ’рдæм. Уасил фестъæлфыд, ахъавыд рацæуынмæ, йæхи равдисынмæ нæ хъавыд, цыма сæ йæ сæрмæ дæр нæ хаста, фæлæ йын цыдысты тыхаразгæ митæ, стæй йын ноджы Додта ныллæг, фæлæ фидар хъæлæсæй куы загъта: - Æрбад, кæм дæ, уый дæ рох ма уæд. Зоныс æй? Дæ фæллойыл цæй тыххæй нæ сæттыс? Æмæ лæг йæ фæлл ойыл кæд нæ фæсæтты? - Сымахæн бар нæй, уæлдæр лæууæг органты æвастæй мæн сымах ам дарат. - Уый мæт ма кæн, махæн дæр бæлвырд æгъдæуттæ ис. Зонæм кæмæ сидын хъæуы æмæ кæд, стæй сæм куыд сидын хъæуы æмæ фæрсын, уымæн дæр нæм бæлвырд фæтк ис. Уасил фæхъус. Ацы рæстæджы къæсæрæй сæргуыбырæй æрбахызтысты къæрныхтæ. Уасил йæ раздæры шофыры куы ауыдта, уæд лалымау адымст. - Герсан, - булкъоны цæхгæр сидтмæ йæ сæрыл схæцыд. Фæкомкоммæ Уасилмæ. Фыццаг иугъæдонæй лæууыд, стæй мидбылхудт фæзынд йæ цæсгомыл. - Кæцæй радавтай ацы фæллой?
- Уасилы хæдзарæй. - Уæлæйы дарæс кæцæй пайстэй? - Гардеробæй. - Иннæтæ? - Паркеты бын цы чысыл къопп уыдис, уырдыгæй. - Ды уыцы «мыстæвæрæн» цæмæй зыдтай? - Бетон куы арæзтам, уæд æй изæры фæскуыст уым баййæфтон къахгæ,йæ къухыæфсæйнаг къопп, афтæмæй, мæн куы ауыдта, уæд æй йæ фæстæ амбæхста. Уæд мæ хъу- ыдыйы не ’рцыд, цæмæн æй хъуыд, уый. Фæлæ мæ куыстæй куы расырдта, уæд мæ зæрдыл æрлæууыд ацы хабар æмæ ма мын æй цы æмбарын хъуыд. - Давгæ сæ цæмæн ракодтай? Ахæстоны дæхи цæмæн сбадын кодтай? - Йæхи фæллой уым ничи нывæрдзæн. - Дуæрттæкуыд бакодтай? - Иæ кæрты йын куы бетон коДтон, уæд мæм йæ дæгъæлты гуцъула ратта; æз сæ ахастон дæгъæлгæнæгмæ æмæ дзы алы дæгъæл дæр саразын кодтон мæхицæн. - Развæлгъау дын нысангонд уыд? - Цы кæнон уæдæ, сæдæ сомы мыздыл мын нæ æхсæв уь!д, нæ бон, иууыл уый сæрмагонд куыстытæ кодтон æмæ сфæлмæцыдтæн, мæ бинонтæн-иу бирæ хæттыты кæрдзыны æхца дæр нал уыдис, стæй машинæйы цалцæг химыздæй... - Цы ма зæгъдзынæ Уасил? - баздæхт уыйæрдæм Додта. Уый ницыуал сдзырдта, йæ сæр иннæрдæм азылдта. Уат ныссабыр, стæй сæ къæхты гыбар-гыбур ссыд, Дод- та йæ къухæй куы ацамыдта, зæгъгæ, адде уæнт, уæд. * * * Давæггаг дзаумæттыл акт сарæзтой æмæ сæ иуми- аг аргъ рауад... Хъуыддаг облпрокуратурæмæ барвыстой. Ам фарст æвæрд æрцыд: «Кæцæй йæм æрцыд уыйбæрц фæллой». Хъуыддаг схæццæ бæрнджындæртæм æмæ ар- дыгæй æрыхъуыст: «Уæ куысты уымæй ахсджиагдæр хъуыддæгтæ ис æмæ уал уыдонмæ æркæсут, уый ницы у, стæй кзУы зæгъы, ницы нæ фесæфт».
1ЛЛЛ*><5\3*У9ае**2/Э«и^ 22. Органты кусджытæ зæхмæ ныккастысты. - Иугæр ахæм ныхас ис, уæд зонут, сомбон раргом уы- дзæн стыр хъуыддаг, бирæгъ ноджы фæтугдзыхдæр уы- дзæн, тынгдæр лæбурдзæн æмæ нын стыр куыст уæд уы- дзæн, - сабыр йæ ныхас фæцис Додта, - фенæм! Уыдзæн ма! РАСЫГГÆНАГ БÆХ Райсом раджы тархъуынджын æрфыгæй Кима рахызт йæ хæдзары къæсæрæй. Йæ бакомкоммæ лыстæг адагмæ зулмæ бакаст, йæ сæр нынкъуыста, æфаæртæ сæлхъывта æмæ дæндæгты хъыррыст райхъуыст. Араст балцы. Уæззау маст æй уæгъд нæ уагъта. Æртæ боны размæ йæ сырх зыгъ- ар бæх лыстæг ададжы æрбаста. Райсомæй, мæ бæх аивон, зæгъгæ, бацыд æмæ йæ мардæй баййæфта. Лæг лæугæйæ баззад. Æркалдысты йæ цæссыгтæ. Фæ тæ ма цы? Йæ дугъ- он сырх зыгъар бæх, адæм-иу сæ цæст кæуыл æрæвæрдтой, йæ удый йас кæй уарзта, уый нал уыдис. Ныр араст базармæ бæх æлхæнынмæ. Хæхбæсты æнæ бæхæй зын цæрæн у. Бацыд базармæ. Цыд фосы ’хсæнты. Кæм æй стур сцæвы йæ къудийæ, кæм хъыбылтæ смидæг вæййынц йæ къæхты ’хсæнты, фæлæ сæ уый ницæмæ дардта, йæ ных сарæзта бæхты базары æрдæм, агуырдта дзы зæрдæмæдзæугæ. Базарæн иуæрдыгæй кæрон адæм ныттымбыл сты иу бæхыл æмæ Кимæ дæр уыцырдæм байста йæхи. Æввахс æм бацыд, иуран слæууыд, каст бæхы змæлдмæ, йе ’рфгуыты æлхынцъ айхæлд æмæ мидбылхудт алыгъд йæ цæсгомыл. «Мæ бæх райгас, - сдзырдта химидæг лæг, - раст мæхи зы- гъар бæх». Æфсургъ йæ бæрзæй бæрзонд систа, йæ урс ных æрттывта, йæ сырх гуыр дыууæ къахы æхсæн змæлыд, урс къæхтæ сырх тæппытимæ кафыдысты.^Барæг ыл абадт, бæх йæ мидбынаты ноджы скафыд. Йæ фæрстæ йын къахæй фæцагайдта æмæ, фатау, атахт. Бæрзæй барæджы хъæбысы сæвæрдта. Кимайы дзых къæппæй баззад. «Мæ зыгъар бæх мæрдтæй æрыздæхт». Базаргæнджытæм æв- вахс балæууыд. Уый сдзурынмæ хъавыд, зæгъгæ, йæ æз исын, фæлæ йæ размæ æлхæнджытæй фефсæрм, æниу йæ
зæрдæ æнцойад нал зыдта, тарст ын аирвæзынæй, фæлæ уыдон нæ бафидыдтой. Кима æхцонæн сулæфыд. Аргъыл не сдзырдта, уый размæ æлхæнæгæй уæйгæнæг цы ку- ырдта, уый бæхы хицаумæ радта. Уый дæр æм идон радта, раарфæ йын кодта, зæгъгæ, райгонд дзы у. Ног хицау ын йæ ных æрсæрфта, бæх æм басмыста æмæ йæ былтæй Кимайыл арахъхъы тæф æрбакалд. Лæг фер- гъиау. Йæ раздæры хицауы йын афæрсынмæ хъавыд, фæлæ не ’суæндыд, кæд уыд æмæ бæх арахъхъ ныуæзта. Сбадт ыл. Бæх йæ сæр барæджы хъæбысы сæвæрдта, къæхтæ бæрзонд иста, афтæмæй уад йæ ног фысымимæ. Сбуц Кима, дзырдта: «Мæ зыгъары мын раивта хуызæй дæр æмæ къæхты айстæй дæр». Куыд фæстагмæ Зыгъары цыд сындæгæй-сындæгдæр райдыдта, уалынмæкъамбецæй ныууæззаудæр, ныллæууыд. Барæг æрхызт, кæрдæгыл æй суагъта, кæд, зæгъгæ, стайгæ бакодта. Иу сахаты бæрц аулæфыд, фæлæ та йæ цыд нæ фæтагъддæр. Лæг смæсты, кæй фæсайды, уый тыххæй. Сæххормаг йæхæдæг дæр. Йæ хæдзармæ раджы бахæццæ æнхъæл уыд йæ тæлтæг бæхыл æмæ фырцинæй къæбæр дæр никуы ахордта. Пацъайы йæ зонгæтæм фездæхт. Уым ыл хорз баузæлыдысты, бацайдагъ сын минас кæнын, куы рараст, уæд ын фысым уæлдай скад кæныны тыххæй уынгмæ рахаста арахъхъ, ам дæр дзы, зæгъгæ, фæйнæ аназæм. Кима бæхы идон райста кауы михæй, фы- сым ныццæхгæр, сыкъа йæм дары, уазæг æй нал исы. Ацы уысм бæх сыкъамæ йæ дзыхæй февнæлдта æмæ арахъхъ сцъыр-цъыркодта.Дыууæлæджыныххудтысты.Фысыммæ цыдæр дисау фæкаст æмæ йын дыккаг дæр адардта. Уазæг араст. Бæх та йæ кафгæ цыдæй нал æнцад. Срухс та Кимайы зæрдæ, фæлæ йæ расыг куыд цыд, афтæ йæм маст тынгдæр хъарын райдыдта. Бæх тынг фæцыд хъæубæсты зæрдæмæ дæр, Кима та- иу ын йæ рауæйгæнæджы æлгъыста. Кæд-иу ын арахъхъ авæрдта, уæд-иу арвы цъæхты дæр тахт, кæннæуæд къам- бец. Балцы-иу æй чи акуырдта, уый-иу æй фæстæмæ хъуыр-хъуыргæнгæ æрбаласта, зæгъгæ, йæ ардаугæ скод- той. Кима та-иу мидбылхудгæ загъта: «Мæ бæх æнæ сыкъа
нæ цæуы». фæлæ йæ сыхæгтæ уыцы ныхас ницæмæ дард- той, уыдон-иу фенхъæлдтой, ома арахъхъ йæхицæн дарын кæны. Никæмæн дзырдта йæ бæхы сусæгдзинад, фæлæ уæддæрфæхъæр... ДжиуæргуыбатыКимайыйæхъæуккагакодтачындзхæс- сæг. Фарны уазджытыл фысым цытимæ куыд нæ сæмбæлд, фырцинæй сæ аныхъхъуырынмæ дæр хъавыд, фæлæ Ки- мамæ нæ хъардтой. Бафиппайдта, хъæуы фæсивæд ку- ъщ сбыцæу сты. Иутæ дзырдтой: «Кимайы бæх арахъхъ нуазы», иннæтæ сæ ныхмæ ныллæууыдысты. «Уæдæ йæ бафæлварæм», - æрбайхъуыст æм. Бæргæ йæ кæмæндæр афæдзæхста, фæлæ чындзæхсæвы ахæмтæм чи хъусы. Æрцыд чындзхæсджыты цæуыны рæстæг. Бæхтæ ба- ластой уынгмæ, сæвæрдтой сыл сæ хæссинæгтæ, фæлæ Зыгъар йæ къах дæр нал æвæрдта. Сæр бынмæ ауагъта, ныххæлиу, нал æнцад йæ зыр-зырæй. Уалынмæ зæххыл афæлдæхт æд саргъ, ~д хæссинæгтæ. Райдыдта нæтын, хъæрзын, уалынмæ омын... Дыккаг бон слæууыд йæ къахыл, фæлæ йæ ризынæй нал æнцад. Изæрмæ сындидзыдта. Галиу лæппутæ йæм но- джы арахъхъ бахастой, пахмел скæна зæгъгæ. Рынчыныл куыддæр нозты тæф сæмбæлд, афтæ ныхъæрзыдта, йæхи ныууыгъта. Фæндыдис сæ, цæмæй йын æй йæ хъуыры ау- агътаиккой. Куыдзы хæстæн, зæгъгæ, куыдзы хъуын йæ хос. Бæх сызнæт, дæндагæй сæм къæпп райдыдта, цавта сæ зæвæтæй, слæууыд-иу армаццагау, йæхимæ дзы æввахс никæйуал бауагъта. Уæдæй фæстæмæ уыцы бæх арахъхъ нуазгæ нæ, расыг лæджы дæр нал уагъта йæхимæ хæстæг. Æвæццæгæн-иу йæхи мидæг загъта: «Иу рыст дзы фæкодтон æмæ æгъгъæд фæуæд». Мах та дзы фæйнæ цал рыст фæкæнæм? МÆ ЗОНД - МЕ САФÆГ Сусæиы хур йæ зынг цæстæй зæхмæ нындæвта, буар сыгъд. Бæласы бынмæ чи баирвæзы, уый йæ хæссинæгтæ зæххыл авæры æмæ аууопы, офф-оффгæнгæ, æрбады. Гар-
——1Ллл-о<^е^<з^^><)^л/ъ со дæр суадоны цур аууоны, наз бæласы бын æрбадт, йæхи фæстæмæ ауагъта. Иучысыл аулæфыд, стæй сыстад æмæ суадонмæ ныггуыбыр кодта. Аныр йæ къухтæ доны сту- ла, афтæ йыл къæхты хъæр ссыд æмæ йæ сæрыл схæцыд. Чысыл фалдæр иу æвзонг чызг йæ хызын систа æмæ фæндаджы ’рдæм фæраст. Гарсо æрæджиау фембæрста, бæлццон æнæзонгæ кæй у æмæ йæ фæстæ атындзыдта. - Дæ фæндаг раст, мæ хойы хай, - салам ын радта, куы йæ баййæфта, уæд. Чызг фестъæлфыд, фæстæмæ фæзылд. - Бузныг, - тарстхуызæй салам радта уый æнæзонгæ- йæн. Гарсо фемдзаст чызджы цæсгоммæ. Уый - ссырххъу- лæттæ, стыхст йæхимидæг, йæ сау æрфгуытæ цæстытыл æрхаудысты, се ’хсæн фелхынцъ, дыууæ^сау дзыккуйæ иу йæ риуыл æрдаргъ, иннæ та фæсонтыл. Йæ уæлæ уыд хыз- быд цыбырдыс кофтæ. Бæлццон æрлæууыд, зæгъгæ, кæд нæлгоймаг аразæй уаид, фæлæ Гарсомæ разæй цæуынвæнд нæ уыд. - Кæй онг цæуыс? - бафарста йæ нæлгоймаг. - Хутъиты хъæумæ, - къæзгæ дзуапп лæвæрдта чызг. - Хæстæджытæ дын дзы ис? - Нæ, уырдæм кусынмæ цæуын. - Иттæг хорз, æз дæр уым цæрын. Чызг æм скаст, йæ хурсыгъд æнцъылд цæсгом ын ауы- дта æмæ фæзæрдæджындæр, зæгъгæ, дзы æнæгъдау мийæ ницы тас у. Лæг ын йæ хызын айста, чызг ноджы фæ- ныфсджындæр. - Дæ ном цы хуыйны? - Текъле, - ныллæг хъæлæсæй загъта йæ ном. - Уæдæ афтæ, Текъле, ды кусдзынæ нæ посты... - Кæд сарæхсон, уæд... - Цас рæхсын дзы хъæуы, фæлæ дæ айхуызæн дард- вæндагыл иунæгæй куыд рауагътой дæ ныййарджытæ, демæ дзы куыд ничи рацыди? Чызг ныхъхъус æрæджиау сдзырдта: - Æмæ чи рацыдаид, ничи мын ис, сидзæрдоны схъомыл дæн. | «Уæдæ ахæм ранмæ сæ бонкалинæгтæ сæ сывæллæтты кæм рауадздзысты», - йæхимидæг ахъуыды кодта Гарсо,
х№*>в^гО«(31*0/Ь<>Л№—— стæй чызгыл йæ цæст æрхаста. Чызг йæ сау цæстытæ ха- ста йæ алфæмблай. Лыстæг астæуыл юбкæйы комдæл сæх- тæгæй æфтыд, джиппыуагъд зæнгтæ. Уый сæм кæсгæйæ баззад, чызг ын йæ цæстæнгас ацахста æмæ фефсæрмы. Цасдæр цыдысты æнæдзургæйæ, стæм хатт ма-иу æй Гар- со цæмæйдæрты афарста, æмæ-иу ын уый дæр дзуапп рад- та, афтæмæй бахæццæ сты къанцылармæ. Æхсæв-бонмæ Гарсо хуыссæг нæ федта, зæрдæйы уар- зондзинад, дидинæгау, хæлын райдыдта. Дыккаг бон Гарсо йæ райстбавæрд дарæс скодта æмæ чызджы куыстмæ ба- цыд. Уæздан салам ын радта, æфсонæн балхæдта конверттæ æмæ уайтагъд фæстæмæ фæцæуæг. Гарсо йæ зæрдæйы рис бамбарын кодта хиуæттæн. Уы- дон дæр чызджы алыварс сæ хыз бийын райдыдтой. Æп- пæлыдысты йын лæппуйæ. Æмæ йæ иу изæр бачындз код- той Гарсойы хæдзармæ. * * * Буц æмæ райгонд уыдысты Гарсойы хиуæттæ сæ ног чындзæй.^Уый фæллад нæ зыдта, коммæгæс, æнæзивæг, æнæхин. Йæ уæздан, фæлмæн ныхас зæрдæйыл тад. Баисты фырты хицау. Сбуц сты уымæй. Бынтон схæлар- зæрдæ Гарсо, йæ усы февналын ницæмæуал уагъта. Цы- ма ногæй райгуырд, цард æм афтæ каст. Йæхи банкъардта царды æцæг хицау. Фынджы фарсмæ йæм йæ бинонтимæ къæбæр хæрын каст иууыл адджындæр, амондджындæр хъуыддаг. Хуыцаубон райсом бинонтæ сæ аходæныл бадтысты. Уæды хуызæн Текъле никуыма федта Гарсойы парахат, уæздан зæрдæйæ, уый хатыдта, йæ мой бонæй-бон æгъ- дауджындæр кæй кæны æмæ рад йæ зæрдæ. - Æвæдза нын худинаг у, айхуызæн кæлæддзаг хæдзары цæрын, - дзырдта Текъле. Лæг ницы сдзырдта, фæлæ йæ цæст ахаста хæдзары къуымты: йæ рæбинаг къул æмбисæй дæлæмæ хуылыдз, сцъæххъуына, къулмæ хæстæг сыджытастæрд лæхъир, къах ыл быры, хæдзары иу къул аскъуыд, рухс дзы мидæмæ кæ- *17
— ОХЛ/ч^Ч^^Ов^й^ИЛЛ/ лъ\, цары зæронд тæнæг фæйнæджытæ æрзæбултæ сты. - Уæд та ныл ныккалд, стæй ацы уымæлы адæймаг низ- джын кæны, - дарддæр дзырдта ус. Лæг ныхъхъус, йæ сæр æруагъта. Усы ныхасæй йæ зæрдæ фенкъард. Сылгоймаг ницыуал сдзырдта, амæсты, дзуапп ын куынæ радта, уæд. - Цæмæй саразæм ног хæдзар? - фæсус хъæлæсæй ба- фарста лæг. - Æртæ лæджы дæргъæн куы дæ, уæд дур не ’рласдзынæ, æви хъæд ракалын дæ бон нæу, хъæды астæу куы цæрæм, науæд нæ алыварс дур йедтæмæ цы ис? Акæс-ма, адæммæ хæлæг дæр нæ кæныс? - Уыдонмæ бирæ ’хца ис. - Куынæ бакусай, уæд æхца йæхи къахæй не ’рбацæу- дзæнис. Æз зонын, махмæ нæхиуæттæй, нæ хъæубæстæй алчидæр фæкæсдзæн, баххуыс нын кæндзысты. Лæг уæддæр йæ ныфс нæ хаста, фæлæ усы дзыхæй куыддæр схаудта, зæгъгæ, ног хæдзар аразынмæ хъавæм, афтæ сын алчидæр баныфсæвæрдта фæкæсынæй. Æмæ, æцæгдæр, мæйы бонмæ дыууæ хатæн æд тыргъ арæзт фесты. Изæрмилты бинонтæ бадтысты сæ ногхæдзары тыргъы. Алыгъуызон хъазæн ныхас сын ацайдагъ. Буцуыдысты сæ царды фыццаг æнтыстæй: сарæзтои хæдзар. Хъæубæсты иунæг адæймаг, иунæг хион нæ баззад, уыдонмæ кусынмæ чи нæ фæкаст. Текъле сæ йæ уæздан, рæвдауæн ныхасæй здæхта йæхимæ. Ныр та, тыргъы иумæ бадгæйæ, Текъле йæ ныхас рай- дыдта уæззаугай: - Абон мæм скъолайы директор фæсидтис. Ахуыр- гæнджытæ, дам, мын нæ фаг кæнынц, æмæ... - Æмæ дæ скъолайы кусын фæнды? - Гарсо йæ бафар- ста, йæ ком ивазгæ. - Мæхи тыххæй ницы зæгъинаг дæн, ды... 1 Лæг ныххудт. Текъле йæ ныхас кæронмæ нал загъта. - Дæ зæрды мæ ахуыргæнæг скæнын ис?
- Бацу институтмæ, цыппар азы бирæ нæу. - Енырмæ дае уынаффæтæ раст уыдысты, фæлæ дын абонæй фæстæмæ аргъæутты хуызæн уыдзысты. - Цалдæр азы размæ изæры скъола каст фæдæн æмæ ма дзы цы хъуы- ды кæнын? Чи мæ уадзы институтмæ? - Чингуытæ схастон, - цæхгæр загъта ус. - Æз дæ мæхæ- дæг бацæттæ кæндзынæн. Фæстаг ныхас лæгмæ фæхъыг каст: «бацæттæ дæ кæн- дзынæн», цыма æз уымæй къуырмадæр дæн. - Фæлæ æр- гом ницы сдзырдта. - Ды куы фæуай ахуыр, уæд та æз бацæудзынæн. Дыууæ мæйы дæргъы Текъле Гарсойы цæттæ кодта. Уый-иу æрфынæй фынджы фарсмæ, фæлæ-иу æй ус кæм уагъта. - Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, мæнæй ахуыр лæг нæ ра- цæудзæн, - йæ ком ивазгæ-иу фæкодта Гарсо. Алæбон æй фарста, ахуыргæнæгау, цы йын амыдта, уы- мæй. Куыдфæстагмæ нывыл дзуапп дæттын райдыдта, æмæ йын уæд Текъле загъта: - Еныр дæ уæд институтмæ бахауыны ныфс. Æмæ, æцæгдæр, дыууын фæндзæм августы, институтмæ чи ба- хауд, уыдон номхыгъды Бебеты Гарсо уыд фыст. Уый йæ цæстытыл нæ баууæндыд, цалынмæ йæ цалдæр хатты нæ рафарста. * * * Институты Гарсойы æгъдау лекторты зæрдæмæ тынг фæцыд. Сæвзæрстой йæ курсы старостæйæ. Уый йæхæдæг дæр архайдта, цæмæй мацы æнæуаг ми сараза, макæй зæрдæ йыл бахуда. Уымæн æмæ йе ’мкурсонтæ фылдæр уыдысты, уыцы аз астæуккаг скъола каст чи фæцис, ахæмтæ. Уый сæ уыд бирæ хисдæр. Йæхимæ-иу смæсты, уæдмæ йæ рæстæг кæй фесæфта. Зын ын уыд уыцы «дзидзидайтимæ» бадын, уыдонимæ ныхас кæнын. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ сыл уый дæр сахуыр, семæ иумиаг æвзаг ссардта. Арæх цыд киномæ, хатт-иу стипенди райсыны рæстæджы бæгæны дæр анызта. Иу изæр, институты фарсмæ цы сæны тæпп
— ^ЛЛЛ^КГч^Оов’^О^Л/Ъ уыд, уый цур æдзынæг алæууыд, дысон дзы хистæр курсы лæппутæ анызтой æмæ дзы раппæлыдысты. «Æз дæр æй куы фенин», загъта химидæг. «Иу нуæзтæн цы у рагæй нал фæдæн сæны хъæстæ». Цыма йæ исчи тыхæй скъæрдта, уыйау ныххызт. Боцкъайы хуызæн сæнуæйгæнæг æм йæ цæстытæ фæирд кодта, афарста иг: «Æрдæг банкæ, æви æнæхъæн?» Студент лæугæйæ баззад, фæлæ сæны тæф куы банкъардта, уæд зивæггæнгæ сдзырдта: «Æрдæг». Уый йын æй цæсты фæныкъуылдмæ йæ къухы фæсагъта, аныз- та йæ, былтæ астæрдта, банкæйыл фæхæцыд иуцасдæр йæ роцъомæ хæстæг, стæй та дзы дыккаг дæр æркуырдта. Уæдæй фæстæмæ фæцахуыр уыцы бынатмæ. Ссардта æввахс æмбæлттæ æмæ... Хур рудзынгæй комкоммæ ныккаст Гарсойы цæсгоммæ, тæвды стыхст, йæ иуфарсыл æрзылд. Бындзытæ йæ бын- тон суынгæджы кодтой, фынæй йæ нал уагътой æмæ уæззаугай йæ цæстытæ байгом кодта, фæлæ сæ фæстæмæ æрæхгæдта, сæр тъæппытæ хаудта. Рабадт. Хæлаф райста, йæ дзыппытæ йын асгæрста, фæлæ дзы лыстæг йедтæмæ ставд æхца нал уыд. Хорз хъуыды кæны, дысон Ерцъо-йы рестораны бадт, уырдыгæй дзæбæхæй сыстад, йæ дзып- пæй æхца нæ систа, уæдæ йын цы фесты? Йæ зæрдыл нал лæууы, Зикъарайы ресторанмæ ма куыд бахаудта, уым æнæзонгæтæн фынг куыд æрæвæрдта... Гарсо йæ æрмттæй йæ сæр нылхъывта æмæ зæхмæ нымдзаст. Цы бакæна? Бахардз йæ фатеры мызд дæр... Ныр куыд бадзура йе ’фсинмæ, æртæ мæйæн æй æхца фидын хъæуы, уый. Бынтон скатайаг, йе ’хца кæм бахардз кодта, ууыл. Афтæ, хъуыдытæгæнгæ, фæцис суанг фæссихормæ. Ахсæн йæхион æрдомдта. Сыстад, йæ дзыппытæ æрцагъта дзæкъул цæгъдæгау. Иу соммæ ’ввахс ма йæм разынд лыстæг æхцатæ. Араст магазинмæ. Иу дзул райста, стæй бараст урсаджы продуктты секцимæ. Ам иуран слæууыд. АЛыгъуызон хæринæгтыл йæ цæст хаста. Йæ комыкъулты дæттæ æруадысты.
- Гарик, - фæиппæрд йе ’нкъард хъуыдыйæ, йæ цæстытæ систа витринæйæ æмæ йын андæгъдысты йæ разылæууæг стæвдтæконд сылгоймагыл. Уый йæм кодта адджын мид- былхудт. Йæ лыстæг æрфгуытæ ныхыл хъазыдысты, был- тæ фæйнæрдæм айвæзтысты æмæ дæндæгтæ урсæй аз- задысты. Урс халаты дыстæ - мидæмæ счъил, риутæ сæхиуыл рахæцыдысты. Гарсо йæм кæсгæ баззад. Зыдта, уæйгæнæг у, хонынц æй Мæдинæт. Гуыры кондæй уыд, Гарсойы зæрдæмæ цахæм цыд, фæлæ йæм йæ ныфс никуы бахаста, æгæрыстæмæй-иу дзы искуы исты куы ’лхæдта, уæд-иу ын нывыл дзуапп дæр нæ лæвæрдта. Ныр ыл уæдæ цы фæзæрде ис, цы хорздзинад дзы базыдта, æви йын ис- ты хицон баххæссы? - Куыд æнкъард хуыз дын ис, æвæццæгæн, дысоны ноз- тæй фæрыстæ, - дзырдта сылгоймаг, фæлæ йæм Гарсо æнæзонгæйы цæстæй каст. - Ды æгæр бахардз кодтай ды- сон. Уыйбæрц дыл не ’мбæлд, ды студент дæ. Фæстаг ныхæстæм лæг йæ бынаты фестъæлфыд. «Ау, кæм бадтæн йемæ». Нал лæууыд йæ зæрдыл, дысон ма Зи- къарайыресторанмæкуыибацыд,уæдацысылгоймагæнцал- дæр пъайы кæй акодта. Йæхимидæг цинæй мард, зæгъгæ мын ныр фадат фæцис йемæ базонгæйæн. Афтæмæй, йæ базонгæйы цытæн, физонджытæ æмæ шампайнæгтæ æр- хæссын кодта. - Цы дæ хъæуы, дзур æфсæрмы ма кæн. Гарсо чызджы фарстæн дзуапп дæттынмæ нæ хъавыд, архайдта, цæмæй йæ зæрдыл æрлæууыдаид, кæм бадтис йемæ, уый. Фæлæ та уæдмæ уæйгæнæг дыккаг хатт афар- ста, зæгъгæ, дзур цы дæ хъæуы. Уый дæр фæцырд: «Цæй цы уыд, уымæн нал ис гæнæн, искуы йæ афæрсдзынæн, чизо- ны, ’хца нæ айса, æгæр зæрдæхæлар у» - Иучысыл мын цыхт куы абарис, - Гарсо сдзырдта къæзгæ. Сылгоймаг цыхты къæртт нæлхæимæ атыхта æнæ барстæй æмæ сæ лæгмæ авæрдта. - Уыйбæрц нæ, уыйас æхца мæм нæй. - Ницы кæны, искуы сæ æрбахæсдзынæ. Гарсо йын арфæйы ныхæстæ загъта æмæ рацыд магази- нæй. Дыууæ боныуыцы магазины ’мгæрæтты нал ацыд. Раст
æм нæ каст, уымæн йæ хæс ма бафидын. Фæлæ иу бон бын- тон æнæнхъæлæджы хæрхæмбæлд фæцис магазингæсыл. Уый йæ фырцинæй аныхъуырынмæ хъавыд, цыма иумæ схъомыл сты, кæнæ йын цыма исты æввахс хæстæг у. Чы- сыл хъазæн ныхæсты фæстæ Мæдинæт магазинмæ бауад æмæ лæппуйы æрмтты фæсагъта гæххæтты тыхтон. - Иу сахаты фæстæ дæм æз дæр фæзындзынæн, - загъ- та уый. - Адон цæй тыххæй? - Абадæм, кæд бар дæттыс, уæд? - Табуафси, кæд дæ сæрмæ хæссыс? Уый схудт æмæ йе стыр нард фыдтæ сгæпп-гæпп кодтой, сызмæлыдысты йе стыр къуыпп риутæ. Гарсойы цæстытæ сæм ирдæй аззадысты. Уый æд хуын йæ фатеры балæууыдис. Уайтагъд йе ’фсна- йыныл фæцис, зæгъгæ мыл ма бахуда. Йæ «зылдтытæ» фæцис, стæй йæ тыхтон цайхæлдта. Дыууæ арахъхъы ав- джы æд ацаходинæгтæ. Иæ цæстытæ адынджыртæ сты, комыкъулы дæттæ ’руадысты, фæлæ сæ фæстæмæ батых- та. «Уый мæм мæнæ цард йæхи къахæй куы цæуы æмæ йæ куынæ хатын, цырд фæлæу, мæнæуи», загъта йæхимидæг æмæ хуыссæны сæр батылдис. Сылгоймаг фæзынд изæрмилты. Уайтагъд сын бацай- дагъ минас, адджын ныхас. Мæдинæт фыццаг нæ нуæзта, агуывзæйæ-иу чысыл ацаходыдта, фæлæ Гарсойы сæр ку- ъщ тынгдæр зылд, афтæ йын йæхи къухæй дарын райдыд- та. Уый ма-иу «нæтæ» кодта, фæлæ уæдмæ зæрдæ йæхæдæг курын райдыдта нозт. Æвгтæ афтид райдыдтой, сæртæ йедзаг, сарæх худын, хъæлдзæг кæл-кæл. Дыккаг авджы бын ма чысыл баззад, афтæ Мæдинæт хъæрзгæ, йæ сæр къултæгæнгæ, сыстад фынгæй. - Ахизын мæ кæн. - Кæдæм? - фæрсы йæ Гарсо, ратас-батасгæнгæ. - Нæхимæ. - Цы уæлдай у, ам баулæф, - загъта йын, уатмæ ацамон- гæйæ, Гарсо, йæхæдæг мидæгæй дуар æрæхгæдта æмæ... Дыккаг кæркуасæнты, фысымты уасæг куы ныууасыд, уæ^ Гарсо дæр йæ уаты базмæлыд, фæлæ йæ хъæбысы кæйдæр фæлмæн буар куы банкъардта,уæд цæф арсы гæпп
^\лл^нз^чО^Оо©^о<иииь—— фæкодта. Рухс ссыгъта. Кæсгæ баззад, йæ уаты цы пухтæ сылгоймаг уыд, уымæ. Уый йæ иу фарсыл æрзылд, цыма æппындаер никæй уыдта. Гарсо дуармæ къахы бырынчъы- тыл хъуызгæ рацыд, уынджы фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, зæгъгæ сæ исчи базыдта, фæлæ йæ цæст никæуыл схæцыд, æхцонæй сулæфыд æмæ хæдзары смидæг, цыма йæ исчи фæстейæ сырдта. * * * Текъле цалдæр æхсæв æгъуыссæг фæцис йæ лæджы мæтæй. Йæхицæн бынат нал ардта, зæгъгæ йыл кæд ис- ты ’рцыд, гъе та рынчын фæцис. Цæмæннæуал цæуы йæ бинонтæм. Бирæ хæттыты ахъавыд йæ бабæрæг кæнынмæ, фæлæ йæ кæм æвдæлд йæ куыстæй, йæ сывæллæттæй. Нæ йын уыд æрæнцой сбонæй изæрмæ. Адæм ма йыл сæ цæст дæр æрæвæрдтой. Бирæ зæрдæ ’хсайыны фæстæ, иу бон йæ сывæллæтты сыхæгтæн афæдзæхста æмæ араст йæ сæры хицауы бæрæггæнæг. Алы хъуыдытæ йын æнцойад нал лæвæрдтой. Тарст, мыййаг, йæ лæджы æвзæрæй куы фена. Цыд, йæ цæстытæ размæ ныццæвгæйæ. Фатеры раз ыл амбæлд фысымты ус. Уый йыл баузæлыд, фæлæ уымæ уыдон æппындæр нæ бахъардтой, цалынмæ йæ афарста, зæгъгæ, дæ цæрæг кæм ис. Ус ныуулæфыд къæхты бынæй, йæ сæр ныттылдта, æмæ Текъле фæтарст. - Исты ’рцыд, мыййаг? - Æппындæр ницы, мæ чызг, фæлæ дыл йæ зæрдæ ивы. Текъле фыццаг нæ бамбæрста сылгоймаджы ныхасæн йæ нысаниуæг æмæ йæм фæрсæджы каст бакодта. - Æвзаг хæссын раст нæу, фæлæ цæйдæр къахбаимæ сбæндæн ис æмæ... Уазæг лæугæйæ баззад, цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæ- лæ ферхæцыд. - Цахæм сылгоймагимæ? - æрæджиау сфæрæзта ба- фæрсын. - Раст, йæ фыдтæ атилын чи нæ фæразы, ахæмимæ. Кæд дæ нæ уырны, уæд ды байхъус мæнмæ. Фысым бацыд йæхи уатмæ, рахаста дзы сылгойма-
——1Ллл^кле^9»©^<><>^лЛ| джы дзабыртæ халатимæ. Фатеры дуар бакодта. Дзабыртæ сынтæджы бын æрæвæрдта, халат къулыл æрцауыгъта. - Ды, цыма ницы зоныс, дæхи афтæ дар æмæ куы ’рба- цæуа, уæд-иу дæ цæсты зул дар, æндæра дзаумæттæ куы ауына, уæд йæ хуыз куыд фæуид. Текълейæн йæ зæрдæ ’нцой нал лæвæрдта. Йæ лæг ноз- тдзуан кæны, уый зоны, фæлæ ма сылгоймаг дæр ссард- та, уый йæ ’ххæст нæ уырныдта. Æрбадт бандоныл, фын- джы фарсмæ. Алы ’нкъард сагъæстæй йæ сæр срыст æмæ сынтæгыл æрхуыссыд. Фаессихор Гарсо стыр къахдзæфтæй йæ фатеры балæу- уыд. Йæ уаты хуыссæнты сæр сылгоймаджы хуысгæ куы ауыдта, уæд æм адджын худгæ сдзырдта: - Ам та дæ? - Текълейæн йæ гуыр уыд къулы ’рдæм æмæ йæм куы разылд, уæд хорзау нал фæцис, йæ уæнгтæ бадон сты. - «Ам та дæ»? - Уый та цы фарст у. Афтæ арæх дæм цæ- уын, æви æндæр искæмæ ’нхъæлмæ кастæ? Гарсойы буары ихæн алыгъд æнæнхъæлæджы фембæл- дæй, йæ сурхид акалд. Фæстагмæ йæхи фæфидар кодта æмæ йыл цинтæ кæнынмæ фæцис. Алыгъуызон рæвдауæн ны- хас ардта. Æрæджиау ын Текъле усы халат æмæ дзабыртæм ацамыдта. - Æвæццæгæн дын уыцы фæстæмæзæвæтджын дæ сæр разилын кодта æмæ дæ дæ хъæбултæ дæр ферох сты? Гарсо исдуг ныхъхъус, йæ уæхсчытæ кæрæдзимæ бал- хъывта, зæгъгæ, цæй кой кæныс, цы у, йæхимидæг та дзыр- дта, пысултæ ауынгæиæ: «Мæхи багæндон кодтон. Уыцы æррайæн, æвæццæгæн, йæ дзаумæттæ ам аззадысты, знон хæдзар æфснайынмæ куы ’рбацыд, уæд». Фысымты ус стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ каст хылмæ.Цъыл ын райста æмæ Гарсойы фатеры раз тыргъ мæрзын райдыдта. Цæмæй сæм хæстæгдæр уа æмæ сын сæ хыл хъуса. Цъылыны сыллынг- сыллынгмæ Гарсойы зæрдыл æрбалæууыд, ахæм халат кæй фены фысымты чызгыл. Фестад, халат æмæ дзабыртæ усмæ рахаста. Ус уайтагъд йæхи раст кæнынмæ фæцис. - Æ, амæлай мын, цы чызг дæ, кæд сæ кæдæм бахастай, æз та сæ æнæхъæн къуыри агургæ кæнын. - Цæмæн афтæ кæныс? - фæтызмæг Гарсо. Зæгъынмæ
мл-о<^е^©»<зУ-б/сн>-ал/ъ—— йын хъавыд, искæй бинонтæ хæццæ кæнын раст нæу, зæ- гъгæ, фæлæ йе ’взагыл фæхæцыд. Æниу йæ уд æрдуйыл лæууыд. «Хуыцау, де уазæг, исты йын зæгъа, уæд бынысæфт кæны. - Ма схъомыл уæд, кæд сæ цæмæ ’рбахаста, - фысым, цæхæркалгæ, йæхи айста. «Цы гуыбынниз мæ хъæуы, цы мæ нæ уадзы», фæсмонæй йæхи хордта. - Дæ цæрæнбонты мæстæлгъæдæй фæцæр. Адæймаджы ’рбамæсты кæнын æмæ дын сæкæры ахæрд иу сты. Сау уынгæджы дзы мæ сæр фæцис. Райсом нæма сыстдзынæн, афтæ дуар хойдзæн, «къæбæртæ дæм нæ аззад, мæ кæрчы- тæн сæ акалон... суг мын æрсæтт». Мæй нæма фæвæййы, афтæ срæуæг уыдзæн «æхца», «æхца», стæй йæ мæйы кæ- рон ферох вæййы, мæрдрох ыл бафта, кæй йын бафыстон æмæ та мæ ногæй фатеры мызд æркуры. Хъуамæ йæ ны- ууадзон, æндæр ран искуы баххуырсдзынæн, - лæхурдта æнæрынцойæ Гарсо. Ривад куырой фестад. Мидæгæй йæ зæрдæ та йæхи къултыл хоста. Аивæй-иу æркаст йæ сахатмæ. Уыцы изæр ын фембæлд дзырд уыд Мæдинæтимæ. Хъуамæ кинотеатры феной ног фильм æмæ тæрсы, мыййаг æм хæдзармæ куы ’рбамидæг уа. Гъе, æмæ йæ усы арæвдз •кодта, мидбылхудгæ, æмæ фæцæуæг сты ирон театрмæ. * * * Гарсойы хæдзары æрвыл изæр дæр уыд чындзæхсæвы хуызæн, йæ зæрдæ йæ скъæфта Мæдинæтмæ. Стæм изæрæй дарддæр - алыхатт дæр кинойы. - Гарик, иуцыдæр дын зæгъин, - иу изæр сфæрæзта Мæ- ди, фæссеанс тезгъогæнгæйæ. - Уагæры цы уыдзæн? - Гарсойæн йæ цæстытæ фæирд сты. - Цом махмæ. - Æмæ дæ ныййарджытæ нæ хыл кæндзысты, гъе де ’фсымæр? Уыцы фарстмæ сылгоймаг фенкъардгомау. - Мæ ныййарджытæ хъæуы цæрынц. Æфсымæр, хо - ничи мын ис. Иунæг дæн. Сæ дыууæ дæр ныхъхъус сты, фæлæ Гарсо йæхимидæг дзырдта: «Иттæг хорз, кæд дын
— 1ЛЛЛ<К?ч5ЛЭ^ ничи ис, уæд». Мæдинæт та цымыдис кодта, бинонтæ йын ис æви нæ, уымæ, фæлæ йæ никуы бауæндыд бафæрсын. Уый фæндыд мой кæнын. Бирæ лæппутæ йыл æмбæлд, фæлæ-иу дзы дыууæ хаттæй уæлæмæ йæ цæст никæйуал федта. Æрмæст Гарсо. Уыимæ фыццаг хатт банкъардта æнгомдзинад, уыимæ йæ фæндыд бадын, ныхас кæнын. Куы йын зæгъид «бацæрæм», уæд уыцы уысм дæр цæттæ уыд. «Фæлæ уæуу, кæд ын мыййаг...» Афтæ, сæхимидæг хъуыдытæгæнгæ, бахæццæ сты Мæдийы хæдзармæ. -<Ам цæрын иунæгæй, - загъта уаты ’рлæугæйæ, - æр- витын дзы ме ’взонджы бонтæ. Гарсо йæ цæст ахаста хæдзары къуымты. Къаннæг хатæ- ны дыууæ сынтæджы, астæуæй фынг, йæ цыппар фарсмæ бандæттæ, иу къуымы пец, иннæйы скъапп. Гарсо фынджы бынæй бандон раласта. Æрбадт. Сылгоймаг иннæ хатæнмæ бахызт йæ дарæс ивынмæ. «Ис ын хæдзар, æхца, алцы пара- хат, йæ рæстæг æрвиты, куыд æй фæнды, афтæ. Æз та?» - Ма сфæлмæц, Гарик, - уатæй рахызт Мæдинæт. Гарсо йæ хъуыдыйæ фæиппæрд. Мæдинæт йæ уæлæ æрбакодта цавæрдæр зынаргъхъуымацæй хуыд халат. Электроны рух- смæ куы иуæрдыгæй ферттивы, куы иннæрдыгæй. Къуы- мты рог змæлыд: фынгмæ хаста тæбæгътæ, агуывзæтæ, сагæйттæ, хæрд. Фынгыл февзæрд фондз стъалыджын ко- ньячы авг æмæ уазæджы цæстытæ ууыл андæгъдысты. «Цы йын уаид, иучысыл æнæмæтæй куы ацæрин, æхца йæм бирæ, цард къубалмæ. Цалынмæ мæ ахуыр фæуд кæнон, уæдмæ ахæм уавæртæй спайда кæнын нæ уаид мæгуырау». Уазæг дзæбæх куы басырхуадул ис, уæд ын фысым хъа- зæнæмхасæн райдыдта: - Зæгъæм, дæ ус дæ базыдта, ам дæ, уый, уæд цы?.. - Фы- сым йæ ныхас кæронмæ нал загъта. Студент дзуапп радты- ныл нæ тагъд кодта, йæ дзых йедзаг уыд æмæ йе ’фсæртæ тылдта, стæй фысымы хинæйдзаг фарст бамбæрста æмæ йын хъазгæмхасæн дзуапп радта: - Уæд фыццаг дæу ныххоид, стæй та мæн. - Йæ мыггаг дын кæмæй у? - Раджы дзы ахицæн дæн, - цыма стыр уаргъы бын уыд, уыйау загъта.
- Уæд цæмæн? - Хæдзары цы ардта, уый хаста йæ цæгатмæ, æрбацæуæг нæ уарзта, ницæмæ рæхст, стæй йын зæнæг нæ цыд, - фæс- таг ныхас загъта арф ныуулæфгæйæ. Сылгоймаг дæр ни- цыуал сдзырдта, бадтысты ’нæсыбырттæй. * * * Къæвда уарыд. Арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой. Уынгты цъыфдоны ацæуæнтæ нал уыд. Къæвда кæй æрæййæфта, уыдон, сæпп-сæппгæнгæ, лыгъдысты. Тындзыдта Текъле дæр. Лæгæрста доны, цъыфы, ницыуал æвзæрта. «Донласт хуылыдзæйналтæрсы»,дзырдтайæхимидæг.Ныфсджынæй цыд. Къæвдайы дон лæдæрст йæ цæсгомыл. Цыд уæддæр, бирæ йæ нал хъуыд. Иу уынджы фездæхт, дыккаг... Раз- ынд йæ фысымы хæдзар, Гарсойы фатер, йе студент лæг, йæ царды мæсыг, йæ ныфсæй ныфсджын, йæ зондæй зонд- джын кæмæн у. Хæдзарæй рухс калд, уыцы рухс-иу су- анг йæ зæрдæмæ ныккаст, фæлæ дзы ацы хатт йæ зæрдæ нæ барухс. Абон йæ куысты пост райсыны рæстæджы йæ цæстытæ андæгъдысты фыстæджытæй иуыл. Уый æрвыст уыд йæхимæ. Уайтагъд æй райхæлдта æмæ дзы бакаст: «Мæ чызг, дæ цард дын пырх кæны иуцавæрдæр къахбай, æхсæв фылдæр вæййы дæ лæгимæ..» Йе уæнгтæ сæхимидæг ссыгъдысты. Иухатт ма райста ахæм фыстæг, фæлæ йæ уæд нæ уырныдта, ныр скатайаг... Бахæццæ хæдзары размæ, ба- хоста дуар, фæлæ æддæмæ кæсæг нæ уыд. Ноджы дæр ба- хоста. Хæдзарæй ссыд сусæг ныхас, къæхты сыбар-сыбур, æрæджиау дæгъæлы дзыгъал-мыгъул дуары мидæг. Гарсо дуарæй йæ сæр радардта. - Чи дæ хъæуы? - фæрсы сылгоймаджы. - Мидæмæ мæ бауадз, стæй дуарыл ныццæхгæр у, - Те- къле мидæмæ бахызт. Лæг дуары ’нцой баззад лæугæйæ, ныффæлурс. Æрæджиау та Текълемæ фæкомкоммæ, стæй йæ цæст ахаста, йæ уаты, хуыссæнты сæр цы сылгоймаг ху- ыссыд, ууыл. Сылгоймаг рæмбынкъæдзæй æрæнцой кодта базыл, йæ армы тъæпæн та быцæу радта сæрмæ. Риутæ - гом, уæрджытæ скъæдз кодта хъæбысы онг, сæрыхъуынтæ
пыхцылтæ, сау лыстæг æрфгуытæ ныхыл æркъæлæт сты, тæнæг былтæ - сырх ахуырст. Текълерæвдзбахызт,йæдонлæдæрсæнтæацагъта,фæлæ, ацы æнæзæгъинаджы ауынгæйæ, йæ бынаты æрлæууыд. Ныккаст æм æдзынæг, цæсгом ссыгъд, пиллон арт суагъта, фæлæ уæддæр йæ буар уазалы барызт, сæрыхъуын сыстад, ных сысчъилтæ, цæстыхаутæ кæрæдзимæ сæхи æруагътой æмæ йæм каст цъынддзæстæй. Иунæг сыбыртт нал хъуыст фатерæй. Æмхуызон ныхъхъус сты. Æрмæст ма зæрдæтæ сæхи хостой риуы къултыл. Текълейы сæрыхъуынтæй лæдæрстысты æртæхтæ, тылдысты рустыл, фындзыл, хуымæтæджы дæрдджын пальтойы фæдджийæ зæхмæ та- гъдысты, йæ алыварс пъол ныххуылыдз. - Чи дын у ацы сылгоймаг? - бафарста Текъле йæ лæ- джы. Гарсо срызт, æвæццæгæн, æрхаудаид астæрдмæ, мæ- нæ, зæгъгæ, дуары ’нцой нæ лæууыд, уæд. - Чи у, Гарик? - афарста йæ Мæди дæр. - Ды та цы аразыс ам? - мæсты ус баздæхт Мæдимæ. Ныр йæ цæстытæ ныййирд сты, раст æй цыма аныхъуырынмæ хъавыд. Мæди сынтæгæй рахызт æмæ йæ «лæджы» ’рдæм фæстæмæ-фæстæмæ ацыд. Бахæццæ йæ цурмæ. - Чи у? Цæмæ мæм кæсы ахæм цæстытæй? - Мæди Гар- сойы бауыгъта. - Ме ’фсин, - сдзырдта ризгæ. - Æз йе ’мкъай дæн, фæлæ ды та чи дæ? - фæрсы йæ Те- къле дæр. - Æз дæр, - йæ тæнæг былтæ райваз-байвазгæнгæ, сфæ- рæзта «файнуст». Текъле ныззыр-зыр кодта йæхимидæг, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Цас фыдæбон фæкодта Гарсойы цæттæ кæныныл, цæмæй институтмæ бахаудаид. Хæдзары уæз, сывæллæтты дарыны хæс райста йæхимæ, цы фæрæзта сбонæй-изæрмæ... уæдæ лæджы куыст... уæдæ сылгоймаджы митæ... иунæгæй, кæд йæ лæг сахуыр кæнид æмæ адæмы рагъы рацæуид, зæгъгæ.^Ныр? Ныр фыдæнхъæл фæцис. Йæ сæр ын цъыфы стылдта. Йæ лæггæдтæ ихы бын- ты адымдтой... Йæ маст рахсыст, нал æй баурæдта æмæ дæрзæгæй æрхæндæг хъæлæсæй сдзырдта: - Цъаммар! Уæдæ мын адæм раст дзырдтой. Мæн та
уырнгæ нæ кодта. Ам горæты та ’ндæр ус дарыс? - фыр- мæстæй йæ цæсгом ныцъцъæх Текълейæн, йæ цæстытæ ма сыл ахаста, йæ къухтæ сыл æлгъаджы тылд скод- та æмæ рацыд. Гарсо иудзæвгар лæугæйæ аззад, стæй йæ «уды хайы» фæстæ рауад, фæстейæ йæм дзырдта, фæ-лæ йæ талынджы нал ауыдта. Иу æрдæг сахаты бæрц, хæ- дзары фисыныл банцойгæнгæйæ, лæууыд уынджы, стæй баздæхт хæдзармæ, дыдæгътæгæнгæ, раст цыма йæ исчи куыдзнæмæн хъилæй ныххоста æмæ стъолы фарсмæ æр- бадт, йæ сæр дыууæ армы ’хсæн бакæнгæйæ. - Горичкæ, æцæг дæ ус у? - бафарста йæ Мæдинæт, цасдæр æм фæкæсыны фæстæ. - Мæ ус у, уæдæ дæ ус у!? - Цыма дзы исчи судзин фæтъы- ста, уыйау фесхъиудта тасмачъийы хуызæн лæг. - Æмæ цал усы дарынмæ хъавыс? - йæ былтæ ’хсынгæ, æмæ райваз-байвазгæнгæ, бафарста Мæди. - Уасæг дæ? - Уымæй дæу чи фæрсы? Ды дæр исты мæ ус дæ? - Уæдæ мæнæ уый кæмæй у?! - ус ацамыдта йæ гуы- бынмæ. Лæг æм фемдзаст. Гуыбын зына-нæзына йæхиуыл æддæмæ рахæцыд.Гарсо фестъæлфыд, цæстытæ атарытæ сты, иучысыл лæугæйæ аззад, стæй усыл фæбогъ кодта: - Цæугæ, мæ адджын цард дæу.тыххæй фехæлд, уый дын Горичкæ æмæ Боличкæ! - Кæдæм? Цæй тыххæй?! - Цæугæ, - къухæй йын ацамыдта дуармæ. Ус æм æввахс бацыд, йæ сины сæртыл йæ къухтæ сæвæргæйæ. Къæхты бынæй ныуулæфыд, стæй райдыдта. - Кæс-ма, кæс, ацы æнæрæгъыдзыд суфамæ, тыххæй мæ æрцахста æмæ ноджы цавæр ныхæстæ кæны. - Æз дæн æнæрæгъыдзыд, суфа?! - 0! Ды! - Мæди дзабыр фелвæста æмæ йæ Гарсойыл ныц- цавта. - Фæлæуу, а-чызг дæ тæрхондоны смидæг кæна! - Мæди тагъд-тагъд къуымты зылд, къух цæуыл ныдзæвд, )/ый зыввытт кодта, æлгъыста, къæхтæ дзабырты атъыста. Йæ фыррог æмæ мæстæй лæджы пальто раскъæфта. Гар- сойыл ризæг бахæцыд. Йæ уд сгæппæввонг ссис. Цæстытæ тагъд-тагъд рахæсс-бахæсс систа Мæдийы фæстæ. Уый дуа- ры ’рдæм йæхи, уариау ауагъта. Къæсæргæронæй ма иу хатт
æлгъаджы каст фæкодта Гарсойы ’рдæм æмæ, алывыдтæ калгæ, рахызт дуарæй. - Мæ пальто мын кæдæм хæссыс? - дзурын сфæрæзта Гарсо. Мæди æркаст йæхимæ. Пальто фелвæста йе рагъæй, фездæхтфæстæмæ,астæрдылæйныццавтаæмæйæхионмæ февнæлдта. - Фæлæуу-ма, къустæ дæр æнæбахъæлæба куынæ фæ- вæййынц. Уанцон нæу. Скуыста Гарсойы ’взаг. Дуары цур æрлæууыд. - Уый та куыд? Ды мæнæй ахынджылæг кæнынмæ хъа- выс? - Лæгмæ къухæй февнæлдта, зæгъгæ йæ дуары цурæй раппарон, фæлæ йæ кæм рафæрæзтаид. - Уæуу мæнæ сæрра ис? Æз уымæй раджы ахицæн дæн, мæ фæдыл тыхæй цæуы. Мæди фæсабырдæр ис. Йæ цæстытæм ын нымдзаст. Ныййирд сты йæ цæстытæ рахауыны ’ввонг. Фæлæ лæджы былтæ худыны сæраппонд фæзыхъхъыр сты, цæмæй йæ ’рсабыр кодтаид æмæ æцæгдæр, сылгоймаджы зæрдæ фæ- тæнæгдæр. Лæг æм йæ мæгуыргъуыз цæстытæ ныццавта, лæг æм æввахс-æввахс цыд... Иæ хъæбысы йæ æрбакодта. Сылгоймаджы зæрдæ суынгæг, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты, бинаг был уæлладжы хоста. Ставд цæссыгтæ рустыл æртылдысты æмæ лæгыл йæхи бакъул кодта. - Цæмæн мæ ’намонд кæныс? Цы мæ зоныс æвзæрæй? - Ницы, ард дын хæрын хуыцауæй, - йæ къухтæ хæрдмæ сдарта Гарсо. - Чи уыд уыцы сылгоймаг? - Уыд мæ ус, фæлæ дзы ахицæн дæн, куы дын æй дзырд- тон. Мæнæн бинонтæ куы уаид, уæд ма дæумæ... - Гар- со йæ ныхас нал фæци кæронмæ. Усы фуртт-фуртт æмæ уынæргъын райхъуыст. - Æз сидзæр дæн æмæ уыцы усы та фæнды, цæмæй йæм студентæй дæр æхца хæссон æмæ кæм ис?.. Æз сидзæр дæн æмæ мыл алчи йæхи тигъ кæны. Усы сæр армы тъæпæнæй дауы. Дауы, фæлæ уыд, раст цыма йæ армы тъæпæны ных- стысты сындзытæ. - Уарзын дæ, Гарик, - кæуынхъæлæсæй сдзырдтаус, фæлæ йæ Гарсо хъусгæ дæр нæ фæкодта, йæ хъуыдытæ йæ дард ахастой.
* * * Дыууæ боны Текъле нал сыстад йæ уатæй, уазал æмæ йыл маст фæтых сты. «Мæн дæуæй сыджыт йедтæмæ ни- цы ахицæн кæндзæн», уадысты йæ хъустыл йæ лæджы ныхæстæ. Ныр бакæс. Уый хъарм уаты кæйдæр хъæбыстæ кæны, æз та... Мæ хорздзинæдтæ ихы бынты адымдтой, - цæстытæ донæй айдзаг сты... - Нал, нал. Цæмæн мæ хъæуы? Уый акаст йæ институ- ты цæсты, - сдзыдта уынгæг зæрдæйæ, ныккуыдта. Йæ дыууæ чысыл фырты йæ хуыссæны раз лæууыдысты, уый сæм æнæдзургæйæ каст. Кæсдæр лæппу йын йæ дзыккутæ райвæзта: - Сыст-ма, гыцци, хæринаг сараз, - сбырыд йæ дæллаг- хъуырмæ. Мад лæмбынæг ныккаст йæ чысыл хурмæ. Фæ- каст æм бынтон æнæхицау, сидзæр. Сывæллæттыл фæ- зынд дыууæ боны æнæркаст. Сæ цæсгæмттæ чъизитæ. Мад сывæллоны йæ риумæ нылхъывта. * * * Уæзласæн машинæ, рыгкалгæ, æрлæууыдис хъæуы ас- тæу. Шофыр рахызт кабинæйæ æмæ бæлццæттæн загъ- та: «Дарддæр нал цæуын». Уыдонæй иуаей-иутæ бахъуыр- хъуыр кодтой, гуыффæйы ма лæууыдысты, чизоны ма, зæгъгæ, ацæуа, фæлæ Гарсо уæззаугай æрхызт, æхца бафы- ста æмæ араст иукъахвæндагыл æввахсдæр рæтты. Цыд, йæ сæр йæ риуыл æруадзгæйæ. «Афтæ мын хъæуы, дур æхсын чи нæ зоны, уый дзы йæ къæбут цæвы», - дзырдта йæхимидæг. Алы ныхмæлæууæг хъуыдытæ зылдысты йæ сæры. Йæ ивгъуыд бонтæ уады- сты йæ цæстытыл... «Мæ зонд мæ фесæфта, ме ’дылы зонд», - фæсмонæй йæхи хордта. Афтæ, сагъæстæгæнгæ, бахæццæ Текъле- йы хæдзары размæ. Æрлæууыд, цыма йын æцæгæлон уыд, афтæ йæм фæкаст. Кæрты, дуары цур ныллæдзæг, кæсы мидæмæ. Уынг - хæрзæфснайд. Иуæрдыгæй сугтæ кæрæдзийыл амад, чысыл фалдæр - хосы цъеритæ. Уый
фарсмæ - хъæллæгъы бæстытæ. Каст Гарсо. Хаста кæртыл йæ цæст. Хатт йæ цæстытæ ныцъцъынд кæны, афардæг хъуыдыты. Æнкъард, сагъæссаг хъуыдыты, фæлæ йын сæ æвиппайды фæсырдтой сывæллæтты худын. Сæ цъыбар- цъыбур, сæ алыгъуызон хъæлæба... Дуармæ ’ввахсдæр ба- цыд, йæ разы слæууыд. Хъусы: йæ дыууæ чысыл лæппуйы хъазынц, кæрæдзи расур-басур кæнынц. Гарсойы зæрдæ фæзыхъхъыр, хуры рухс ахъазыд йæ цæсгомыл, фæлæ та... гъе тас, æви æфсæрмдзинад, цыдæр æй фæурæдта. Уырдыгмæ, йæ къæхты бынмæ ’ркаст. Уæнгтæ бадон сты, ныллæмæгъ. Къух систа, дуарыл æй æрæвæрдта, фæлæ йæ бахойа, уый йæ бон нал ссис. Фæстагмæ йын йæ хæцæныл йæ къух уæззаугай æруагъта, бахæцыд ыл. Дуары хъинцъ фæцыд. Сывæллæттæ сæ хъазын фæуагътой æмæ, сæ фы- ды ауынгæйæ, æмхуызон ныхъхъæр кодтой: «Папи, папи!» Текъле цыдæртæ архайдта пецы фарсмæ. Сывæллæтты хъæрмæ фæзылд. Цæстытæ тагъд-тагъд тыбар-тыбур си- стой, къухæй къус æрхауд, ссыгъд, цæхæр артау, цыма йын уæд фыццаг хатт æргом кодта йæ уарзт. Гарсо къæсæрæн мидæгæй лæугæйæ баззад. Каст усмæ къæмдзæстыгæй. Фæндыд æй йæ усмæ иухаттау адджын мидбылты фæхудын, фæлæ йе онг йæ коммæ нæ каст. Сывæллæттæ райваз-бай- ваз райдыдтой Гарсойы, тыхстысты йæ къæхтыл. Æрбадт стъолы фарсмæ бандоныл, сбырыдысты йыл. - Къаффеттæ не схастай? - уыд сæ фыццаг фарст. - Дæ усæн сæ ныууагътай? - Æццæй, папи? - фарстой йæ, фæлæ уый æгомыгæй бадт, уайсадæг чындзау. Дзурын нал фæрæзта, асаст йæ хъару. Текъле иу къуымæй иннæмæ цыд, цыма æппындæр никæй уыдта. - Цæмæн ардауыс сывæллæтты? - дзурын сфæрæзта Гарсо. - Æдзæсгом, æмæ дæу та чи сардыдта? - йæ къухтæ тил- гæ, дзуры Текъле. - Цæугæ! - ацамыдта йын дуармæ. - Ам дæуæн ницы ис! - дæрзæг дзырдтæ тахтысты кæрæдзи фæдыл. Арвæн ма иргъæвæн уыд, фæлæ уымæн нал. Гар- со ахæмæй никуы зыдта йæ усы, æгæрыстæмæй йæ гомыг дæр хуыдта, дзурын, дам, нæ зоны. Ныр æм каст æдзынæг. Сыстад.
ш’^^г&О^-о/^олт—— -0, фæлæучысыл. - Куыд фæлæууон, куыд?! - хъæр кодта ус. Лæджы цæстытæм къухтæ бахаста. - Фæлæу-ма, цы ’рцыдис, мæн йедтæмæ æндæр сыл- гоймагмæ никуы ничи фæкаст, - дзырдтæн сæ кæрæттæ ныхъуырдта Гарсо. - У-у-у, æдзæсгом, йæхибар та... Дæуæй нæу? Ныр дæр иумæ нæ’вæййут. Æз та дын номыл ус дæн? Ацы ныхас фе- хъусынæнхъæл бынтондæр нæ уыд лæг æмæ, цæф сырдау фесхъиудта. - Кæмæй у! А! Æдзæсгом! Цæмæн вæййы дæ фатеры? Æз дын ахæм раны дæн? Чи дæ бакодта институтмæ? - æввахс-æввахс æм бацыд ус. Лæг ницы дзуапп радта. Гæды бæласау рызти, алæууыд фæстæмæ-фæстæмæ. Уый фæстæ ма йæм, усгур лæппуйау хатæг хатæджы фæстæ æрвыста, цыд æм йæхæдæг дæр, фæлæ Текъле нал сразы ис. «Уадз, горæттаг усимæ цæрæд, æз та уал ар- хайдзынæн мæ сабитимæ». Загъта-иу хатджытæн æмæ... Мæдийы хиуæттыл айхъуыст, йæхибар кæй нæу, фæлæ лæг йæ курынвæнд кæй нæ кæны, уый. Уыцы хъуыддаг хæстæджытæм æгад æркаст. Гарсомæ æртхъирæнтæ рай- дыдтой, зæгъгæ, кæмæй хынджылæг кæны, цæмæннæ бацæры йæ бинонтимæ. Тарст лæгæн йæ уд йæ зæвæттæм куыннæ ауад æмæ иу уазал бон йе ’нæбары дзаумæттæ Мæдинæты хæдзармæ баласта. Æрбадт лæвар фатеры. Чызджы цæгат сæ иунæг сиахсы цух ницæмæй уагътой... Цыбырдзырдæй, Гарсо царвы къусы ныххаудта, дыууæрдæм дзы ленк кодта. Ног цард скъобор ис. Баисты фыргы хицау. Цы ма ис дунейыл хуыздæр. Мæдийы уæздан ныхас Гар- сойы хызт, фатау, базыртæ йыл сагъта. Иæ фæлурс русты туг ахъазыд. Сабаты фæслекциты Гарсо институтæй Калакмæ ацæ- уинаг уыд йæ каистæм. Горæты кæрон, суанг изæры иу- æндæс сахатмæ фенхъæлмæ каст машинæмæ, фæлæ, фыдæнæнгæнæгау, ницы разынд æмæ уый дæр мæстæй- дзагæй раздæхт. Æрбаввахс йæ хæдзармæ. Æвиппайды йæ хъустыл ауад кæйдæр тыхст хъæлæс: - Суадз мæ, чидæр æрбацæуы.
Гарсойы цæстытæ адынджыртæ сты, йæ хæдзары фи- сынмæ ауыдта дыууæ адæймаджы, сылгоймаг йæхи ива- зы лæджы дзæмбытæй, фæлæ йæ уый æрбахъæбыс код- та; нæ йæ уадзы, æрæджиау дзы йæхи атыдта. Нæлгоймаг ма йæ фæдыл адзырдта: «Мæди; иу пъа ма» Уый йæм нал æрлæууыд. Гарсойы цæстытæ цæхæртæ акалтой, сæры туг ныццавта. Æрбадт тротуарыл. «Фæзынд мын «æмсиахс»; мæ усæн дыккаг лæг; уый лæгæн мæлæту»; дзуры йæхицæн. Æрæджиау сыстад. Уæнгтæцъæлæй хæдзармæ бацыд. Усы зæрдæ риуы фæйнæджытыл йæхи хоста; тарст; зæгъгæ; кæд мæ...Фæлæлæгхылнæсызмæста;æмæ...Гарсойызæрдæйы алыварсуазалæй уазалдæр райдыдта. Сыгъд;руад; цæсгом сау сфæлдæхта; цæстытæ ныкъкъуырф сты. Иæ сæры цы- ма дымгæ зылд; афтæ йæм каст; йæ зонд дзæгъæлтæ код- та. Уыцы хæдзармæ бацæуын æмæ йын уæнгæл иу феста- дысты. Усы фæлмæн, уæздан ныхæстæ йæм нал хъардтой, нывыл дзуапп ын нал лæвæрдта; æмæ уæд ус йæхи карзæй æвдисын райдыдта. * * * Райсомæй Гарсойы бæргæ бафæдзæхста; Цссмæй йæм рæстæгыл æбаздæхтаид, фæлæ йæм уый нæ байхъуыста æмæ йын йæ фæстæ алывыд акалдта: - А чызг дæ ахъаз,цзæн, афтæ хивæнд куы уай, уæд, кæм дæ; уый нæ зоныс? Йæ бызгъуыртæ йын акалдтон; æмæ йæм ныр ничи кæсы. Æмæ бады Мæди; æнхъæлмæ кæсы; арæх сахатмæ æркæс- æркæс кæны. Сисс фондз сахаты; фæлæ Гарсо уæддæр нику- ыма зынд. Ус мæстæй тъæппытæ хаудта, æрттæдæлармæй къуымты рацу-бацу кодта. Фæцыд дуары хъæр, къæсæрыл уæззаугай æрбахызт Гарсо, чысыл фæцудыдта, æрлæууыд стъолмæ хæстæг, бан- дон раласта стъолы бынæй; æрбадт. Ус йæ сæрыл бæрзонд схæцыд; йæ уачъи, уасæджы къубалау, сивæзта. - Æз иучысыл анызтон, - цыма никæй уыны, уыйау сдзырдта Гарсо. - У, марг баназай, æмæ дыл дзы хуыз дæр куы хæцид, - лæджы хъуыры фæбадт. - Хус серайы хуызæн.
. ^\ЛЛ*НЗ^е^0ЧЗ**е/Э-°-ЛЛ/Ъ — - Фæлæу, хыл нæ, æз нозтджын дæн, сыстад лæг, йæ къу- хыл хæрдмæ схæцыд, ныццух-мухтæ кодта. - Æз дын куыд загътон? - Уый мæнæн закъон нæу! - Уæдæ æз чи дæн? - Петкæйы хæзгул, - уый фæндыд ацы ныхасæй усы басæттын. Ус фыццаг æдзынæг кæсгæйæ баззад, фæлæ та йæхи фæзæрдæджын кодта, фестад, лæджы дзыппытæ къахы- ныл схæцыд, цыма йын йæ ныхæстæ нæ фе-хъуыста. - Фæлæу! - усы къухыл фæхæцыд, асхуыста йæ. - Хъæуккон хихо, кæдæм мæ схойыс! Дæ ус нæ дæн, чи дæ слæг кодта, уый дæ ферох? - Чи у хихо? Æз? Еныр слæг дæн? - 0, ды-хихо! Гарсойы цæстытæ фæцъынд сты, йæ къух дардыл фæ- хаста, цæуылдæр ын сæмбæлд, фæлæ йæ нæ базыдта. Цæс- тытæй ракаст æмæ йæ ауыдта астæрдыл тымбылтæй. Ус фестад, бандон фелвæста, фехста йæ Гарсойыл, фæлæ фæивгъуыдта æмæ скъаппыл сæмбæлд. Ссыд авгын дзуа- мæтты дзыгъал-мыгъул. Рудзгуытæ æрызгъæлдысты... туджы фæдтæ Гарсойы русыл... фæдис... милици... * * * Фæзуаты дæллæг кæрон, бандоныл бады Гарсо. Тама- койы фæздæг йæ сæрмæ къуыбæрттæ-къуыбæрттæй цыд, йæ разы тамакойы дымæнтæй байдзаг. Йæ цæстæнгас мæгуыр, тæригъæддаг, цæстытæ ныкъкъуырф сты, фæлм сæ бадт, хъæлæс фæсус, сæйгæ адæймаджы хъæлæс. Ху- ыз сатæгсау сфæлдæхти, цыма искуы æртгуызæй куыста, дзабыртæ - æмпъызтытæ, цъындатæ - чъизитæ, хæлаф - æнæиту къандзол - цæмæйдæрты ахуырстытæ. Кæддæры цæхæркалгæ Гарсо уыд фыдхъуын, мæгуыргъуыз. Цæст, цæст, скъахын дæ хъæуы, æмæ лæг куырмæй дæр куыд уыдзæн. Рæсугъдты фæдыл куыд ивæзтытæ кæныс. Æниу адæймаг куы зонид, сом цы уыдзæн, уый уæд-иу нæ рæдиид!
Лæг! Цы хонынц лæг! Лæг стæм у. Дзырдтой-иу нæ фы- дæлтæ. Кæм ис лæг, ома худ хæссы æмæ лæг у? Гъада-гъа... Худ бирæ ницы... Рог уддзæф хаста, рæуджытæ улæфыдысты æнцонæй. Назбæлæстæ сабыр змæлыдысты, фæлæуыдон, сыфтæртау сыбар-сыбур нæ зонынц. Фæзуаты уæллаг фарс рацæйцыд æвзонг сылгоймаг, дыууæ сывæллоны къухтыл хæцгæ. Уыдон фæйнæрдæм ка- стысты. Мад сæ цырд кодта, фæлæ та-иу уыдон, сæ цæнгтæ ивазгæ, фæсте аззадысты. Сæ иу æрлæууыд, йæ къух фæ- зуаты бандоны ’рдæм фæдардта, стæй цыма, искæмæй тарст, уыйау сдзырдта: «папа». Сылгоймаджы къухæй йæхи атыдта, алыгъд. Ус йæ фæстæ кæсгæ аззад. Уæдмæ иннæ сывæллон дæр йæ фæдыл лидзынмæ фæцис. Мад базыдта сывæллæтты фыды, асырдта сæ фæсте, фæлæ йæм уыдон бахæццæ сты, сбырыдысты йыл. Лæг фыццаг фергъуыйау стæй сывæллæтты нылхъывта йæхимæ, æркалдысты йæ цæссыгтæ. Ус бауад сывæллæттæм, куы сæ иуы райвазы, куы се ’ннæйы, фæлæ йын дзы ничи куымдта. - Йæ мард ын фенут, - сæлгъыста уый. - Уæд хуыздæр уыдаид, - сфæрæзта лæг. - Гыцци, чысыл ма ды дæр æрбад, чысыл, - хистæр сывæллон лæгъстæ кодта йæ мадæн. Ус нæ бадт, фæлæ йыл дыууæ сывæллоны ныххæцыдысты æмæ йæ лæджы фарсмæ æрбадын кодтой. Уый иуварс абадт æмæ йæ цæссыгтæ йæ кæлмæрзæны тигъæй асæрфта. - Мæ зонд - ме сафæг, хатыр, - тыхæйты ма сфæрæзта лæг, йæ сæр бынмæ æруадзгæйæ. - Ныббарут мын, - сдзыр- дта та цæссыгкалгæ. Ничи йын радта дзуапп. Æрмæст бæлæстæ сусу-бусу код- той, цыма кæрæдзийæн дам-думтæй Гарсойы хабæрттæ дзырдтой. ЙÆХИ БАЗЫДТА ’ Фæлмæн къæлæтджын бандоны йæхи фæстæуæз ауагъ- та милицийы хисдæр Уахо. Сæрибар рæстæг ын куы аззайы,
у№*><5^ГО<3^>ОЛ><>Л№ — уæд уарзы ирон журнал кæсын. Уайтагъд сæргæндтыл йæ цæст рахæссы æмæ фыццаг рацагуры йæ уарзон фыс- сæг Битъиты Быттийы. Уый фыстытæ кæсыныйас ницы уарзы, йæ фаг дзы фæхуды алы æппæрццаг адæймагыл дæр - уæдæ къæрныхтыл, магусатыл, базаргæнджытыл... «Афтæ сын хъæуы, уыдон сты нæ цардхалджытæ, æхсæв мын уыдон нæ дæттынц æнцойад, æгъуыссæг мæ уыдон фæкæнынц», дзырдта-иу йæхинымæры. Æмæ та ныр дæр йæ цæст схæцыд йæ уарзон фыссæджы мыггагыл, йæ мид- был бахудт æмæ рафарста «Намысхор». - Бæздзæнис та, - загъта химидæг. Уайтагъд æй рауард- та. Кæсьп «Райсомраджы уынгты рацæйцæуы милицийы хисдæр. Йæ бæрзæй фæстæмæ нысхъæл, гуыбын размæ, куы иу уæхск фехсы фæстæмæ, куы иннæ. Куы бахуды, уæд йæ сыгъзæрин дæндæгтæ ферттивынц, кæддæр ын цыхтау урсæй æрттывтой, фæлæ сæ скалдта, сыгъзæрин дæндаг, дам, хуыздæр у». Уахо фестъæлфыд. «Ау мæныл æй...» Аджих, стæй та дарддæр кæсын райдыдта, йæ ху- ыз фæлидзгæйæ. «Йæ кабинеты цыдæр гæххæттытæ аразмæнт-базмæнт кодта, стæй йæ цæстытæ рудзынгæй æддæмæ ныццавта. - Бар уæм ис, Уахо Хытъойы фырт? - ауад йæ хъустыл æмæ дуарырдæм фæзылд. Къæсæрыл лæууыд фадыгон милиционер Хындо. Уый йын цæстæй ацамыдта, зæгъгæ, мидæмæ. Хындойы фæстæ æрбахызт бæрзонд, рæсугъд сылгоймаг, йæ къухы егъау хызын. - Спекулянткæ, - дзуры Хындо, - уый кодта уæлдай ар- гъыл, дзаумæттæ сты йæ хызыны. - У-х-х! - йæ тымбыл къух стылдта Уахо. - Ноджы та нæ ныууагътай дæ цъаммар митæ?! - Ацу уал ды, - дзуры Хын- домæ. Уый рахызт кабинетæй. Уахо усмæ æввахсдæр бацыд. - Цы та дæм ис? - фæрсы усы мидбылхудгæ. Сылгоймаг ын йæ русæн апъа кодта, стæй хызынæй сласта дзабыртæ. - Адон дæуæн рацæйхастон æмæ мæ ацы дзæдæл фæндагыл рацахста иннæтæ уынын кæныны рæстæджы. Замманайы клиент мын аирвæзт. - Куынæ дæ æрцахстаид, уæд ацы дзабыртæ мæн нал уыдаиккой. Мæ пальто цы фæцис?
——»ллл<к^еЛ9«©^<><>ллЛ| - Иннæ къуыри æнæмæнгуыдзæн, мæ мард фен, дзабыр- тæ та кæд дæу нæ уыдысты. Уахо усы йæхимæ æрбалхъывта. Сылгоймаг йæ былтæ фæцъупп кодта æмæ сæ хæрдмæ сдардта Уахомæ. Уый йын ныпъа кодта. Ацы уысм Хындо къæсæрыл æрбалæууыд. Уахо фесхъиудта æмæ спекулянты асхуыста. - Къахбай, уый æппæт дзабыртæ дæхи хъуыдысты? Сылгоймаг скуыдта, Хындо бахудт. - Уахо Хытъойы фьцэт, æгæр æй ма ’фхæр». Уахо журнал стъолыл æрæвæрдта. Иæ цæсгом туджы сзылд, фырмæс- тæй адæнгæл, туджы дзæкъул фестад, зæгъгæ, кард дзы ныццавтай, уæд дзы туджы цъыртт нæ акалдаид. Абадт иудзæвгар æнæзмæлгæ. - Мæныл æй... - Райхъуыст йæ былты ’хсæнæй. Ныуулæ- фыд къæхты бынæй, стæй та журнал систа фæстæмæ. «... Рæнхъон милиционер йемæ загъд самадта: -Æз сæ ахсгæ кæнын, æмæ сæ ды та сæрибар кæныс. Цæ- мæн? Цæй тыххæй? Кæд сæ ’хца нæ исыс, уæд?» Уахо тымбыл къухæй стъол æрцавта. Уыцы уысм йæ куыстæй цалдæр ахæм цæуы йæ цæстытыл ауадысты. - Мæныл?.. Чи сæ бахæццæ кодта уый онг? Фæлæуут! А-лæппу уæ фыссæгæй, кусæгæй кæрæдзийыл самайдзæн! Шпионтæ æмæ кляузниктæ! Лæг фестад æмæ дуарæй федде æд журнал. Схæццæ фысджыты Цæдисы хæдзармæ. Уым афарста, Бытти кæм бады, уымæй. Ацамыдтой йын æй. Уахо дуар къахæй ныц- цавта, æмæ æнæбары тæнæгарæзт дуар мидæмæ къоппæй бахаудта. Уат афтид разынд, фæлæ уæддæр йæ зыд цæстытæ къу- ымты аразил-базил кодта. Фездæхт фæстæмæ. Даргъ тыр- гъы хæрхæмбæлд фæцис Быттиимæ. Уый йæм, худгæ, йæ къух бадардта, фæлæ йыл Уахо арсау фæбогъ кодта. Йæ тай-таймæ ракалдысты фысджытæ. - Ды цъыф кæуыл калыс?! Мæгуыр Бытти нынныгъуылд, йæ бон сдзурын нал ссис. Хъуыддагæн ницы бамбæрста, ницы йын зыдтой иннæтæ дæр. -Ам кæй кой кæныс? Кæуыл æй фыссыс? - журнал æм стылдта.
-—тп^^г&О^^3^^—— - Алæ-ма, цы у, Уахо? - фæцырд фысджытæй иу. Уый жур- нал райста, æркаст æм; йæ цæст ыл ахаста. - Дæуыл нæу Уахо. Уый йæ систа цардæй иумиагæй, дæумæ нæ хауы, - æмбарын ын æй кæнынц. - Куыд нæ хауы мæнмæ, цыбыртæй мын афыста мæ паходкæ, мæн йедтæмæ никуы ничи... Кæнæ спекулянт- тæй... - йæ ныхас кæронмæ нал загъта. - Æз, мæ маст нæ ныууадздзынæн, - æртхъирæнгæнгæ фæцæуыныл фæс- тæмæ. - Йæхи куыд хорз базыдта нæ фæткæвæрæг, - сдзырдта фысджытæй чидæр. Уахо такси фæурæдта, сбадт. Шофыр æм быныбырд ныхæстæ кодта, фæлæ йæ уый нæ хъуыста, йæхимидæг дзырдта:и«Нæ мæ хъуыд бацæуын, мæхиуыл сæ ноджы сардыдтон». Йæ хъусты зæлыд фысджыты æлгъаг худт. ФАТЕР Егъау уаты, фынджы фарсмæ бадынц дыууæйæ - мад æмæ фырт. Сынтæджы, хуыссæнты сæр, йæ армы тъæ- пæнтæ йæ сæры бын бакæнгæйæ, хуыссы зæронд лæг - хæдзары хицау, кæсæны раз лæууы ’взонг сылгоймаг, йæ сæрыхъуынтимæ архайы - сæ чындз. - Хорз, мæ хур, хорз! Мæсты ма кæн! Ныййарæг уымæн фæфыдæбон кæны хъæбулыл æмæ йын сомбон æххуыс уа, бирæ нæ, хæрз чысыл, уæздан ныхасæй. Уыныс, фæллой нæм ис, дыууæ зæрондæй исæм пенси, у нæ фагæй фылдæр. Фæлæ цард æрмæст хæрыныл нæу. Махæн дæр афтид къултæм кæсын зын у. Нæ цин-иу дæуыл уыд. Ныр нæ иунæгæй уадзыс. Цæмæн? Цæй тыххæй? Хæдзар нын нæй æви цы? Дыууæ æддæгуæлæ хæдзар афтид куы у, - дзырд- та мад йæ фыртæн, йæ кæлмæрзæны кæронæй йæ цæссыг сæрфгæ. - Гыцци, æз уæ уадзгæ куынæ кæнын, - сæппæрста лæп- пу. - Уым дæр уыдзынæн æмæ ам дæр. Бамбар мæ, гыцци, бирæтæ ’хца фидынц, цæмæй сын фатер радтой, мæнмæ та лæвар æфты, куыд æй ныууадзон? - Кæй куыд ныууадзай? Цы дын ис ныууадзинаг?! -
скарз фыд, - зæгъ-ма мын, Хетæг, чи дын дæтты коммуна- лон фатер, æппын дæ ницы документ æркуырдтой? - Куыд нæ мæ ’мбарыс, баба! - уæззау ныуулæфыд лæп- пу. - Æз дæ тынг æмбарын, ды уыцы ныхæстæ дæ фы- ды раз ма кæн, фæлæ ма мын зæгъ, чи дын дæтты хæдзар æмæ цæй бындурыл? Бирæ сывæллонджын бинонтæ ’хху- ырст ныккæндты куы цæрынц, æнæхæдзæрттæ, æнæдуар куы сты, уæд уыдонæн цæмæннæ дæттынц æмæ дæуæн цæмæн раттой? Нырма уыцы бынатЫ кусгæ дæр бирæ куынæ кæныс, аразгæ дæр куы ницы скодтай, уæд кæм басгуыхтæ? Дзур-ма! Ацы ныхæстæм чындз йæхи аратас-батас кодта, йæ хъуыр-хъуыр ссыд æмæ кæсæны разæй рахызт. - Уый та куыд? - фыды ныхæстæм Хетæг фестъæлфыд. - Куыд вæййы, афтæ! - Ераст сынтæджы рабадт. - Алчи йæ хъæбулы рæзтыл цин кæны, ды та мæ зæххы ’млæгъз кæныс? - Хъæбул йæ ныййарджыты удæгасыл фæцин кæны, ды та сæ лидзгæ кæныс! - тынгдæр скарз фыд, - бакæс- ма дæ мадмæ, иу мæй райдыдтай фатер-фатер æмæ йе ’нæниздзинадæн йе ’мбис ахаудта. Уый хъæбулы лæ^гад у мадæн? - Ераст, - йæ тæнæг былтæ райваз-байвазгæнгæ, дзырд- та чындз: - мах уæ уадзгæ нæ кæнæм, уыцы хæдзæрттæ сты со всеми удобствами, ам та... - Æмæ ам цы нæй. Биганон? Зæгъ-ма йæ? Æви дын нæ уынд хъыг кæны? Æмæ дыл дæ бирæ зæнæг кæуынц? Уыцы дыууæ ихсыд уд стæм æмæ, - зæронд фездæхт чындзмæ. - Нæ, фæлæ адон та ауæй кæндзыстæм æмæ - æхца... - Уыдоны уæй кæнын дæумæ нæ хауы, куыд сын сæ аразынæн ницы базыдтай , афтæ, - Ераст фæлыг кодта чындзы ивазгæ ныхас, стæй фездæхт фыртмæ. - Ды та, мæ фырт, кæд æцæг бæрнон кусæг дæ, уæд зыд ма кæн. Уыцы фатер радтын хъæуы, хæдзар кæмæн нæй, ахæмæн. Ды та цæрдзынæ мæнæ ам. Кæд дын зын у зæрæдтæм кæсын, уæд мах дæ мадимæ дæлæ бынæгтæм ныххиздзыстæм, зонгæ дæр нæ ничи бакæндзæн.
^^<ув^гО^>о^><>лт—— - Охх, баба, цытæ дзурыс, кæйонг ахæццæ дæ? - лæппу йæ сæр йæ риуыл æруагъта. - Уымæн дын загътон, дæ бынаты аккаг лæг нæ дæ, бæрнон бынаты кусæг лæг алцыдæр хъуамæ зона, хата, уына æмæ ды та? Мæнæ нæ сыхагмæ дæс азы фатеры чи цæры, уыцы сидзæргæс Чилæхсиан цыппар сывæллоны хицау у. Уый разæй куыд исыс фатер? Æмæ ахæмтæ цал ис нæ горæты? - Æмæ мах мæгуырты комитеты кусджытæ стæм, махмæ чердыгæй хауы? - фæтъæлланг ласта чындз. Хицау æм йæ тызмæг цæстытæ базылдта. Чындз ын’йæ цæстæнгас ницæмæ æрдардта, иннæрдæм азылд. - Саубон æркæнæд де ’взагыл, - схъуыр-хъуыр кодта мад. Хетæг ныхъхъус, зæхмæ ныккаст. Дзурын нал сфæрæзта. - Искуы дзы искæй цардуавæртæ басгæрстай? - сылгоймæгты ныхас ницæмæ ’рдардта, афтæмæй баздæхтт Ераст йæ фыртмæ. - Бацу æмæ сæ фен. Уыцы бæрнон бына- ты æз дæуæй раздæр куыстон. Мах уыцы бынæттæм скъо- латы хъарм хатæнтæй не ’рбацыдыстæм сымахау, фæлæ фронтæй æххормагæй, салдаты скъуыдтæ дарæсы, æмæ мах нæхи сæрмагонд хъуыддæгтæ нæ арæзтам. Чи куыд тыхстдæр у, афтæ сын ифтонг кæнын хъæуы сæ уавæртæ. Сымах та? - Цæй мауал дзур, баба, - къæмдзæстыгæй сдзырдта лæппу. - Уый та куыд, куыд мауал дзурон? - фыд ноджы смæс-ты. - Нал мæ хъæуы. Æнæрайы фатер дзы скæн! - йæ къух мæсты уыгъд акодта лæппу. - Нæ! - фидарæй загъта фыд. Æз цæуын горæххæст- коммæ, хъуамæ базонон, цæй бындурыл дын дæттынц фа- тер. - Ма ацу, баба, нал мæ хъæуы, йе ’мыйас сыгъзæрин куы феста, уæддæр, - лæгъстæ кодта фырт, фæлæ йæм зæронд нал хъуыста, райста лæдзæг æмæ уынгмæ рахызт. Маст йæ хъуыры ныббадт, зæххæй йæ цæстытæ нæ иста, нæ хатыд- та, уазал дымгæ йын йæ цæсгом куыд цавта, уый. Чидæртæ йын салам радтынц, фæлæ сæм уый нæ бакæсы, афтæмæй сын «салам» фæзæгъы. Иуран йæ хъустæ ацахстой кæугæ
——^ллл^^ч^е^О^З’^^лл/ъ ныхас æмæ æрлæууыд. «Цалынмæ ’ндæр ран арон , уæдмæ ма мæ уадз», - чидæр дзырдта уынгæг хъæлæсæй. Зæронд ауыдта: йæ сыхаг Джанаспи тротуармæ зыгъгъуытт кæны йæ фатеры цæрæг Чилæхсианы дзаумæттæ. «Æз уæ уынгæджы фæон»... Ацахста Джанаспийы ныхæстæ. «Æцæг КоцойтыАрсеныДжанаспи»,загътахимидæгЕрастæмæуы- цы уысм йæ цæстытыл ауадысты ивгъуыд рæстæджы бон- джынты ахастытæ мæгуыртæм. Ахъавыд æм бацæуынмæ, фæлæ бандзыгау, йæ цæстытты ноджы фæлм ныббадт. Иннæ тротуармæ цæхгæр ахызт. «Миййаг мæ исты карз ныхас куы сирвæза» - ахъуыды кодта æмæ йæ маст нод- жы рафыхт, афтæмæй балæууыд горæххæсткомы сæрдары хæдивæгХакъойы раз. Стъолы фарсмæ бандоныл рахæцыд æмæ ’рбадт, салам æнæ ратгæйæ. Хакъо йæм комкоммæ ба- каст, фемдзаст сты, Хакъойы цæсгом фæрухс, фестад æм (цыдæр фыста æмæ йæ уæдмæ нæ фæхатыд). - Дæ хорзæхæй, кæцæй фæдæ? Гас нæм цу, гас, - узæлыд фысым уазæгыл, йæ къух ын иста, фæлæ йæм уый нæ ба- дардта йæ арм, уазал цæстæй йæм акаст æмæ йæ бафарста: - Мæ лæппуйæн мын хæдзар нæ дæттут? - Уæдæ, уæдæ! Æнæмаенг, - Хакъо фæлмæн уæздан дзу- апп лæвæрдта. Уæдæ?! Йæ фырт уымæн уæлдæр бады! Кæмдæр дзы аргъуц кæны! - Фæнды мæ, куы йын фенин цы документтæ йын ис ам сымахмæ, уый, - сдзырдта Ераст, зæххмæ кæсгæйæ. - Ныртæккæ, - загъта уый, фæлæ фæдисау, зæгъгæ, йæ цæмæн хъæуынц. Йæ зæрдæ базыдта, хорзæн сæ кæй нæ агуры. Дзæнгæрæг фелхъывта æмæ дуарæй йæ сæр æрба- дардта æрыгон сылгоймаг. - Хетæджы документтæ ма... Чызг фездæхт æмæ уысммæ документтæ йæ хицауы раз авæрдта. Уый сæ рафæлдæхта. Зæронд сæ æнæдзургæ йæхимæ æрбайста. Лæмбынæг сæм ныккаст. Йæ сæр цасдæр фенкъуыста, стæй сдзырдта: - Ай та цы у? - Кæцы? - гæххæтт айсгæйæ йæ афарста Хакъо. Йæ цæст ыл ахаста. - Уый бинонтæ сконды тыххæй æвдисæны гæх- хæтт.
^т^ув^г&О^ь^лт—— - Мæ лæппуйæн сывæллон куынæ ис, уæд дзы кæй ныф- фыста? Науæд мæнæ уый та? - Ай та... ай та, æвæццæгæн, дæ чындз йæхи бар нæу æмæ дохтырæй... - Мæнæ цытæ уынын, мæнæ. Мæ чындз æнæзæнæг у, æмæ та дохтыртæ дæр... Хæдзары ордер кæм ис? - цæхгæр æй афарста. - Ам ис, - фæсус дзуапп кодта уый. «Уый та йæ цæмæн бахъуыд?» - Нæй гæнæн æмæ йæ ахæссон? - Табуафси, - стъолы лагъзæй йæ систа æмæ йæ лæджы къухты фæсагъта. Зæронд æнæдзургæ рахызт хатæнæй. Хакъо каст йæ фæдыл. Куыд фæстагмæ йæ цæсгом сау тарæй разыд, йæ былтæ мæстыйы тылд скодта. Бæрæг уыд, арфæйы ныхас ын кæй нæ загъта. Хетæг уыцы бон куыстмæ нал ацыд. Диваныл дæлгоммæ ныххауд. Хуыссыд æнæзмæлгæ. Иæ ус æм цалдæр хат- ты сдзырдта, фæлæ йын уый ницы дзуапп радта. Бига- нон бамæстджын, йæ тæнæг былтæ йæ цыргъ дæндæгтæй нылхъывта, йæ цæстытæ ныййирд кодта, йæ лыстæг æн- гуылдзтæ ныппыхцыл сты. Иу-цалдæр хатты йæ дзых фæ- хæлиу кодта, хъуамæ йыл дæрзæг ныхæстæ суагътаид, фæ- лæ не суæндыд, йæхи равдыста, цыма йæ зæрдæ суынгæг. - Хетæг, мæнæн ам мæ бон нæ бауыдзæн, - кæуынхъæ- лæсæй сдзырдта ус. - Дæ фыдмæ ма байхъус, Хетæг, дæумæ куы дзурын. - Фæндаг дын гом æмæ ацу дæ бон кæдæм суа, уыр- дæм, - куыд фæндыйæ загъта лæппу. Ус сыфсыфгæнгæ уат- мæ рахызт æмæ стъолы фарсмæ, цæхæртæ калгæ, æрбадт. «Фæлæу фатер уал мæхи ’рдыгæй фæуа, стæй...» Хъуыды кодта Ерасты иунæг чындз, нæ фæхатыдта, йæ уæлхъус йæ хицау кæй алæууыдис уый. Зæронд йæ сæр мæстæй нынкъуыста. «Ды куыд хъавыс, афтæ дын нæ рауайдзæн» Æрбадт, йæ фырт цы диваныл хуыссыд, ууыл. Фырт фенхъæлдта, зæгъгæ йæ ус у æмæ ди- ваны арфдæр бабырыд. - Уымæн дын загътон, дæ бынаты аккаг нæ дæ. Ахæм бынаты чи кусы, уый сывæллонау тæргæйттæ нæ кæ-
— 1ЛЛ/^><^ЗЛ9ЧЗ^^>ЛЛЛ; ны, - рамæсты зæронд лæг. Лæппу йæ фыды хъæлæс фе- хъусгæйæ, фестад. - Ницы тæргай кæнын, баба, - йæхи раст кодта лæппу. - Мæнæ дын дæ ордер æрбахастон, - дæтты йæм гæх- хæтт. Лæппуйы цæстытæ адынджыр сты. «Мемæ загъд са- мадта æмæ ныр та ордер æрбахаста». Куы гæххæтмæ æр- кæсы, куы фыдмæ бакæсы. - 0, о. Дæ хæдзары ордер дын æрбахастон. Лæппу дыууæ къухæй йæ сæр нылхъывта. Фыд æм кæсы мæстджынæй. - Зæгъ-ма, уым дын бинонты сконды гæххæтты сы- вæллон куы ис, уæд уыцы сывæллон æз цæмæннæ зонын? Дæуæн сывæллон уа, уымæ æз мæ былты цъæрттæ куы хæрын. Лæппу йæ сæр бынмæ æруагъта, фыдмæ комкоммæ ба- кæсын нал уыд йæ бон. - Дæу куы фæрсын? - Сæхæдæг æй сарæзтой... - Чи сæхæдæг? Кæй сарæзтой? Сывæллоны? - Горæххæстком гæххæтты... - Дохтыртæй та чи райста гæххæтт, куыд де ’фсин æнæ- фæразон у, уый тыххæй? - Æвæццæгæн йæхæдæг, - лæппу ныфсæрм. - Баба, нал мæ хъæуы, мацæмæйуал мæ фæрс. Ныххатыр мын кæн... Хатыр дын æй кæнын, фæлæ хæдзарæн æнæрайсгæ нæй. Мæн хъæуы. Лæппу йæм бакаст, фæндыд æй базонын, къахгæ йæ кæны æви æцæг дзуры. - 0, о! Мæн хъæуы, - йе ’рфгуытæ нылхынцъгæнгæйæ, дзырдта зæронд. - Цæмæн, баба, ныр та ды лидзыс мæнæй, æви мæ сургæ кæныс? - лæппу фестад, афæлурс. - Адæм цы зæгъдзы- сты? - Хорзæй дарддæр ницы. Цом æмæ дын æй зæгъон. - Уый дуары ’рдæм фæраст. Лæппу дæр цыд йæ фæстæ, фæлæ нæ ха- тыдта, йæ къæхтæ зæххыл ныдзæв дысты æви нæ, йæхимидæг афтæ тынг сджитæнтæ кодта. Рæстæг ыл ныддаргъ. Зыд- та, йæ фыд уæлдай митæ кæй нæ уарзы, йæ дзырдæн хицау кæй у йæ хъуыды кæй нæ аивдзæн, фæлæ цы уыдзæн, ууыл ссагъэёссаг. Уынджы тротуарыл æрлæууыдысты.
- Кæсыс, Джанаспи Чилæхсианты расырдта; йæ дзау- мæттæ йын уынгмæ ракалдта, ныр йæ сывæллæттæн арв хъуамæ сæ цар уа, зæхх - сæ астæрд. Хорз у? Иутæ нæ царды зæххæй дзабыр кæнынц, хурæй та - хæдон. Куыд у? Уыдон ран ды цы саразис? Сæ маст зæрдæмæ хъаринаг у? Зæрдæ кæмæн ис, йæ адæмыл чи мæт кæны, уымæ бахъардзæнис. - Фыд ма цыдæртæ зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ Джанаспи бандæттæ рахста æмæ сæ гуыбар-гуыбур ссыд. Хетæг дурд- завдау лæууыд. Усы кæуын та райхъуыст. Лæппу йæхи нал баурæдта æмæ йæм хæстæг бацыд. - У-х-х, æнаккаг, цæмæн пырх кæныс мæгуыр усы фæл- лой?! - Кæд ыл тынг зæрдейæ дæ, уæд ын дæ хæдзарæй радт, - ныххуырста йыл Джанаспи, уый ’рдæм æнæфæкæсгæйæ. - Æз ныртæккæ милицимæ дзурт. тн, - скарз лæппу. - Кæд дæ фæнды, æфсадмæ фæдзур, - стылдта йæ цæнг- тæ Джанаспи. - Ам милици ницæмæн хъæуы, - сабыр æй кодта фыд. - Йæ хæдзар йæ бар у, цæсгом та уымæн нæй. Адæм æрæмбырд сты æмæ, киномæ кæсæгау, кастысты. - Уый та куыд, Америчы цæрæм? Сывæллæттæ тæри- гъæд сты, ацы уазалы басидзысты. Куыд дурзæрдæ у. Баба, нæхимæ ма сæ бакæнæм, - стыхст Хетæг. - Нæхимæ? Нæ, уырдыгæй дæр та сæ искуы лидзын хъæуы. - Искуыйы мæт ма сæ ис? Ацы уазалы фæрынчын уыд- зысты. - Сомбоныл хъуыды хъæуы. - Гъе, уый у ныртæккæ сæйраг фарст! - лæг ныккаст йæ фырты цæстытæм, афтæмæй йæм ордер сæвдыста. Лæппу фезмæлыд йæ бынатæй. - Баба, ды мын ам фæлæу, æз ныртккæ!.. Хетæг фæцæуыныл, фыд йæ фæстæ кæсгæ аззад. «Кæ- дæм, хуыцауы тыххæй, милицимæ?» - фæдзурынмæ йæм хъавыд, фæлæ уæдмæ уый фæаууон. Ераст хæстæгдæр ба- цыд дзаумæттæм. Чилæхсианы хъарм цæссыгтæ згъорд- той уазал рустыл, дыууæ кæстæр сывæллоны мадыл бакъ- ул кодтой сæ сæртæ, мады кæуынмæ уыдон дæр кæуын
— 1ЛЛЛ-<К^е^©«0^дч>ЛЛЛ) райдыдтой. Чысыл фæстæдæр Хетæг æд машинæ фæзынд æмæ йæ дзаумæтты цур фæурæдта. - Марадзут, лæппутæ, фæстаг борт феуæгъд кæнут æмæ ацы мæгуыр усы фæллой арæхстгай скалут, мæ ног фа- тер сын лæвар кæнын, - дзырдта Хетæг сыхы лæппутæм. Джанаспи æрбатары. Ерастыл цыма хуры рухс сæмбæлд, уыйау йæ цæсгом ныррухс. Сывæллæтты сæргъæвтой машинæмæ, фæсивæд арæхстгай æвæрдтой дзаумæттæ. Чилæхсиан хъуыддаг æххæст нæма æмбæрста æмæ сæм джихæй каст. Мэшинæ фезмæлыд. Ераст йæ фæстæ кæсы æмæ йæхи- мидæг уæззау сдзырдта: «Тæхуды, иу ахæм лæг».
УАЦАУТÆ ХÆХТЫ БÆРКАД Ног арæзт фæндагыл «Виллис» цыд. Йæ гуыффæ куы иуæрдæм фæкъул вæййы, куы иннæрдæм. Хаттæй-хатт ма- шинæйæн йæ пыррыкк-пыррыкк ссæуы, ныууынæргъы, тыхулæфт скæны. Шофыр цæрдæг кæсы йæ развæндагмæ, фæндаджы лæгъзытæм хъавы. Шофыры фарсмæ бады колхозы сæрдар, уый йæ цонг дуары фæрссагæй радард- та æмæ афтæмæй йæ цæст хаста йæ алыварс æрдзыл. Йæхинымæры фæлхатт кодта Къостайы ныхæстæ: «Нæ хæхбæсты бæркад, цы диссаг дæ, цы!» Æцæг, æвидигæ у хъæуы». Машинæ дзыхъхъы фесхъиудта. Сæрдар и^а сæр дуары тарвазыл сцавта. - Бахатыр кæн, Садул, - сдзырдта шофыр, йæ цыд фæса- бырдæргæнгæ. - Ницы кæны, æвзæр сæрдарæн фыддæртæ хъæуы, æндæра нæм афонмæ хуыздæр фæндаг цæмæннæ .гьуамæ уыдаид. - Цы ис, уый дæр дæ фæрцы, æндæра ам бирæ сæрдæрт- тæ уыдис. - Кушитæй Гуылаумæ уæддæр куы сырæзид ацы аз, науæд зымæг уырдыгæй хос ласын стыр дудгæбон у. Уый фæстæ йæ рацараздзыстæм Фырныхауыл Саччынфæтæны коммæ. Кæд нæ трактор куса æнæкъуылымпыйæ, уæд нын, æвæццæгæн, исты бантысдзæн. - Уымæй дæ ныфсуæд, Тузар рæвдз у. Кæсма, æндæрæбон ма ам куыста æмæ абон кæй онг бахæццæ. Уый хорз æнтыст у. Шофыр Тузарæй кæй раппæлыд, уый йын æхсызгон уыд æмæ йæ цæсгом фæрухс, йæ хæдоны дыстыл ноджы ми- дæгдæр бахæцыд. Шофыр трактормæ хæстæгдæр æрлæу- уыдис. Тракторист йæ машинæ баурæдта, æрхызт зæхмæ,
йæ мазутæйдзаг къухтæ хæцъилæй асæрфта æмæ уазджы- ты размæ бацыд. - Уæллæй, нæ къæдзæхтæ дын саумæр сыджыт феста- дысты, - дзырдта Садул, Тузары къух райсгæйæ. - Хохрæбынмæ, мæ нысанмæ, - йæ къух Гуылауы ’рдæм фæдаргæйæ, загъта Тузар. Сæрдар ын йæ астæуыл йæ цонг æрбатыхта, æрбалхъывта йæ йæхимæ. - Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы, - раппæлыд дзы Садул æмæ... * * * Хъæууон клубы адæм сæ хор-хорæй нал æнцадысты. Æмбырды сæрдар стъол хойы, фæлæ йæм хъусæг нæй, цы- ма уымæ никæй æвдæлы. Адæм быцæу ныхас кодтой, сæ къухтæ тилгæ. «Мах æддагон лæг ницæмæн хъæуы», хъу- ыст се ’хсæнæй ныхæстæ. Бирæтæ дзы фырмæстæй зыдæй дымдтой папирос. Фæздæг къуымты мигъау ныббадт. Уый тæфæй сулæфæн нал уыд, чидæртæ дзы хуыфын дæр рай- дыдтой. Æмбырды сæрдарæн йæ бон адæмы сабыр кæнын нал уыд, йæ фарсмæ бадæджы хъусы цыдæр бадзырд- та æмæ йæхæдæг æрбадт. Адæм фæсабыр сты. Сæрдары фарсмæ бадæг бурдзалыг лæг сыстад. Иучысыл алæууыд æнæдзургæйæ. Адæмыл йæ цæст ахаста, стæй йæ цæстытæ фыдæхы ирд фæкодта æмæ райдыдта: - Æз сымахæн æвзæрæй ницы аразын, гормонтæ. Мæн фæнды, цæмæй уæ колхоз йæ къахыл слæууа. Уæ куы- сты бонмæ исат мызд. Ацы лæг у фæлтæрд (ацамыдта, йæ фарсмæ æргъæвст карчы бадт чи кодта, уыцы лæгмæ), бирæ колхозты фæкуыста сæрдарæй... Куысты мидæг æр- цæуæггаг æмæ бынæттонæн нысаниуæг нæй. Стæй йæ районы хицæуттæ уромынц æмæ махæн цы нæ бон у? Сек- ретарь æй йæхæдæг рарвыста. - Уæдæ ма мах цæмæн æртымбыл кодтат, кæд нæ бон ницы у, уæд? - хъæрæй загъта иу лæппу-лæг. - Мах ацæу- дзыстæм, стæй йæ равзарут. -^ Сбад-ма, Тузар! - бадзырдта йæм æмбырды сæрдар. - Нæ, цæмæн хъуамæ сбада Тузар? - загъта æндæр чи-
охлл<клзЛ©«©^^>лл/ь—— дæр. Дзурæг ма йæ дзых фæхæлиу кодта, фæлæ уæдмæ адæм æмхуызон сдзырдтой: «Мах æддагон лæг нал хъæуы. Æгъгъæд нын у. Кæд нæ ам цæрын нал уадзут, уæд мах дæр фæлидздзыстæм. - Чысыл ма басабыр ут! - адæмы ’хсæнæй сыстгæйæ, хъæрæй загъта иу зæронд лæг. Колхозонтæ фæсабыр сты, сæ тамако дымын фæуагътой. Уыйæрдæм аздæхтой сæ хъусдард. Зæронд лæг уæззау фидар къахдзæфтæй ба- раст, æмбырды æгъдаудæтджытæ кæм бадтысты, уырдæм. Æмраст слæууыд адæмы раз. Йе ставд бæрзæй асæрфта йæ армæй, арф сулæфыд, йæ фæтæн уæхсчытæ хæрдмæ ссы- дысты, схуыфыд æмæ та йæ армытъæпæн йæ бæрзæйыл æруагъта. - Дзур, Сардо, - æрбадзырдта йæм бур лæг. - Дзурдзынæн, уæдæ ардæм цæмæн æрбацыдтæн? - дзуапп ын радта, фæстæмæ æнæфæкæсгæйæ, æмæ рай- дыдта: - Уаих фæуат, уаих. Адæм куы стæм! Цы нæ хъæуы, уый кæд нæ зонæм, уæд нæ хъæмпын арты басудзын хъæ- уы! Цæмæн нæ бахъуыд, æцæгæй, æддагон лæг? - Сардо адæммæ нымдзаст. Уыдон æм æдзынæг хъуыстой. - Мах æддагон лæг цæмæн бахъуыд? - фæрсгæ уæ куы кæнын? Уыдис нæм дыууæ хатты æддагон сæрдæрт^æ æмæ цы са- рæзтой? Колхозæн йе ’ндон сзынын кодтой. Донбылмæ йæ ныскъæрдтой. Ныр нæ æртыккаг кæд сыгъзæрины тухи- наг у, уæддæр нæ нал хъæуы, нал ыл æууæндæм. - Раст у! Раст зæгъы Сардо! - сдзырдтой адæм æмхуы- зон. - Уæдæ ды партийы фæндæттыл æнæууæнчытæ кæныс, нæ? - йæ дзырд ын ацахста бур лæг. - Партийыл цæмæн? - нæ фæтыхст Сардо, - фæлæ пар- тийы номæй адæмы чи сайы, уыдоныл нæ баууæнддзынæн. Махмæ ис дзæбæх лæппутæ, зæгъæм, мæнæ Садул. Ахуыр- гонд. Зоны кусын, æмбары кусæг лæджы рис. Адæм æй уар- зынц, æфсæрмы дзы кæнынц. Уый нæ куыд бамбара, афтæ нæ æддагон лæг нæ бамбардзæн. Схъомыл не ’хсæн. Гъе, æмæ йыл, Джиуæр, дзæбæх ахъуыды кæн. Секретарь дæр дын ацы лæджы ахæм дзырдæй нæ рарвыстаид, цæмæй йæ æнæмæнг ам ныууадзай. -19
- Секретарь цы загъта, уымæ ма ’внал, фæлæ дæм кæд ницыуал дзуринаг ис, уæд сбад. Алчи уыйас дзæнгæда куы цæгъда, уæд соммæ дæр нæ фæуыдзыстæм, - рамæсты Джиуæр æмæ дзы æгæр гуымир ныхас сирвæзт. Зæронд æм фæхæрам. - Æз дзæнгæда цæгъдын æмæ ды та фæндыр. Ды цæ- уылнæ хъихъхъытæ кæнай! Æз фарон колхозмæ радтон æвдай мæкъуылы, быдырон куыстытæ нал нымайын, мæ куысты мыздмæ та райстон æртæ къило цыхт. Уый хорз у? Куыд хорз у, уый базонис, ды дæр иу афæдз лæвар куы фæхырхис уæд. Æмæ уый сымахты аххос у. Дæ хуызæттæ раст куы кусиккой, æвзæргæнджытæн цæфхæдтæ куынæ садзиккой, уæ чъизи къухтæ сыл куынæ ’вæриккат уæд кусæг лæг æхсæв дæр не схуыссид, кусид æмæ алцыдæр уа- ид па-рахат. Ам адæм куынæ уа, уæд афтид хæхты хицау- ады сæр ницæмæн хъæуы, æмæ уыцы адæмыл уæ зæрдæ хъуамæ риссид, сæ ныхасмæ-иу сын байхъусут. Ныр сæрдар æвзарыс æмæ иу лæджы афтæ нæ фæрсыс: ды та цы зæгъ- дзынæ? Æмæ цыфæнды кæн, фæлæ мах хъуамæ равзарæм сæрдар, фыццаг куыд æвзæрстам, афтæ. - Мæн фæнды, цæмæй нæ колхозæн сæрдарæй æвзæрст æрцæуа Садул, - адæмы ’хсæнæй сыстгæйæ, загъта Ту- зар. Джиуæр фестъæлфыд. Фырмæстæй йæ цæстытæй туг мызт, йæ бон дзурын ницыуал уыд. Адæм æмхуызон схор- хор кодтой, зæгъгæ, нæ Садул хъæуы. Джиуæры цæстытæ ирдæй баззадысты. Фæйнæрдыгæй ма йæм хъуыст «Са- дул». Уый фестад, фæлæ никæй уыдта. Æрæджиау сдзыр- дта: - Хорз, кæд æй фæнды... Садул, фæнды дæ? - фездæхт уыйæрдæм. - Атæрхон хъæуы, афæрсын хъæуы. Æмбырд уал ууыл фæуæд. Æмбырдæн кæрон нæ сарæзта, цыма йæ исчи фæстейæ сырдта, уый лыгъд ракодта залы адæмы ’хсæнты. Колхозонтæ йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. - Хорз, уæдæ-иу фосмæ дæхæдæг базил, - ацахстой ма йæ хъустæ.
* * * Дыууæддæгуæлæ хъæдын хæдзар. Тыргъы гæзæн- хъæдыл æрæнцой кодта Сардо. Æрдæгсыгъд папирос ма цалдæр хатты сдымдта, стæй йæ аппæрста. Раст слæууыд. Йæхи къухæй арæзт хæдзары тыргъæй фæлгæсын бирæ уарзта. Иæ хæдзар лæууыд бæрзонд, дыууæ комы дæттæ сæхикомкоммæцыайнæгылцавтой,уыйсæрмæ.Уырдыгæй йæм дзæбæх зындысты æгас комы хъæутæ иууылдæр. Зындгонд ын дзы уыд алы хæдзар, алы адæймаг дæр су- анг авдæны сабийы онг. Алы хæдзары дуар дæр ын дзы кæддæриддæр уыд гом. Алчи йыл дзы æмбæлд цæхх æмæ кæрдзынимæ, мидбылхудгæ. Сардо нымад лæг уыд æгас комбæсты. Уый фадат ын уæлдай тынгдæр лæвæрдтой йæ арæхстджын къухтæ, «сыгъзæрин» къухты хицау æй хуыд- той. Чи арæхст уый хуызæн хъæдгом дзæбæх кæнынмæ, саст æмæ æлвæст æвæрынмæ? Уый йæ цæрæнбонты ни- куы базивæг кодта тыхст удæн баххуыс кæнынмæ. Иу хатт та, дам, æнæфæразон усы фервæзын кодта. Æхсæв уыдаид æви бон, хъызт æви хур, бахъуыды сахат цыд æнаезивæг. Тынг арæхст калмдзæф дзæбæх кæнынмæ дæр. Йæ хос кæныны амæлттæ бирæ кæмæндæрты амыдта, уыдонæй дæр бирæтæ, бæргæ, архайдтой сæ арæхстдзинад равдисы- ныл, фæлæ сæ алкæй дæр Сардомæ къахдзæфтæ хъуыд, æгæрыстæмæй йæ бурсæр фырты дæр. Рынчынтæ-иу загъ- той: «Нæй, йæ къух нæ бæззы, Сардомæ нын фæдзурут». Стæй - йе ’гъдау! Æнæхъæн комы уый разæй чындзхæссæг никæй кодтой. Комбæсты Сардойы ’фсæрмæй хылы хъæр никуы райхъуыст. Адæмы ’хсæн тыдта хæлардзинад, æнæ- низдзинад. Æмæ йæ ныхасыл дыууæ никуы ничи загъ- таид. Ныр кæсы тыргъæй, йæ цæст хæссы хъæутыл, фæлæ дзы йæ зæрдæ ницæмæй рухс кæны, змæлæг дзы нал зыны, стæм хæдзæртты сæрмæ фæздæг, къæдз-мæдзытæгæнгæ, цæуы, суадæттæм ма стæм кæцæйдæрты рацыд фæд, иннæ рæтты мит фæндæгтæ нымбæрзта æмæ æнкъардгъуызæй зындысты. Заронд лæг кæсы æдзынæг, æмырæй, йæ зæрдæ ныр-
хæндæг. Нал уыд йæ бон хъæууæттæм кæсын æмæ йæ цæст кæмттæй уæлæмæ ахаста хæхты ’рдæм. Уайынц йæ цæстытыл, хосгæрдæны рæстæджы-иу уыгæрдæнтæ æмæзмæлд куыд систы, уыцы нывтæ. Цæвæджы ’хситт цы- ма йæ хъустыл ауайы. Иунæг лæгæн дæр-иу æрæнцой нæ уыд хосгæрдæны фыццаг бонæй суангдæр, мæкъуылтæ зæйуæттæй æдас бынæттæм цалынмæ нæ фæзылдтаиккой, уæдмæ. Ныр астæумæ кæрдæг миты бын бамбийы. Мит уары, тъыфылтæ зилгæ-зилгæ зæхмæ сындæг сæхи æруадзынц. Лæг йæхимидæг тыхсы, йæ зæрдæ уы- нгæг кæны. Цæмæн фæлыгъдысты? Чи у аххосджын? Нæ уыд фæндаг, зынвадат, стæй, дам, фос дарыны бар нæй æмæ... Æмæ уæдæ хæхты ’ндæр цы ис? Сæндæттæ? Дыр- гъдæттæ? Æмæ иугæр фос нæй, уæд сæхи айстой сæ уар- зон уæзгуытæй. Иурæстæджы Сардойæн йæхи скъæтæй Джиуæр тыхæй скъæрдта йæ хъулон хъуг. Уый скъæтмæ куыд фæци, афтæ йыл Сардо дуар бахгæдта. Колхозы сæрдар Джиуæры сæрыл рахæцыд, зæронд лæджы армæй асхуыста. Уый дæр йæ^маст нæ баурæдта æмæ сæрдарыл лæдзæгæй ралæууыд. Йæ дыккаг бон Сардо хъæусоветмæ фæцæйцыд йæ хъуыддаджы фæдыл. Фæндагыл æй Джиуæр уæлбæхæй æрбаййæфта, уыд фыдрасыг. Сардойы худ цæугæ-цæуын фелвæста. Зæронд лæг амæсты, фæлæ йæ кæм аййæфтаид къахæй? Джиуæр чысыл ауад, стæй фездæхт. Худ Сардойы сæрыл æркодта. Уый иу къухæй бæхы рохтæ ацахста, иннæмæй фæлæбурдта Джиуæрмæ, зæхмæ йæ æриста, йæхæдæг бæхыл бабадт æмæ афардæг йæ фæндагыл. Сæрдар йæхи æмæ Джиуæры маст райсыны тыххæй байста, зæронд лæгмæ колхозæй фидаргонд цы галтæ уыдис, уыдон. Æмæ тухийæ мард æнæхъæн афæдз. Уæддæр хъæубæсты цæрæнбон бирæ, йæ арм ын рог код- той æмхуызон. Мит фæлдзæгъдæн кæны, калы сасирæй луарæгау. Ставд пирæнгæмттæ лыстæг уардæй раивта. Ахæм рæстæджы йын рæхджы банцайынæй тас нæ вæййы, науæд та йæ хæд- фæстæ сдымы æмæ алыран дæр у зæйæ тас. , Зæронд лæг кæсы. Хæдзæрттæ йæм кæсынц чысыл тæппытау, мит сæ æрæмбæрзта йæ урс пæлæзæй. Къух-
мæрзæн систа, цæстыты фæлм асæрфта, къæхты бынæй ныуулæфыд. Тыргъы дуары ’рдæм разылд. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæ фосæн дон кæй нæма бадардта, уый. Йæ уæлæ йæкæрц æрбакодта æмæ æд фыййаг уæлхæдзармæ рахызт. Дымгæ æрбаулæфтытæ кодта. Схъызыд. Цæсгомыл мит цавта, улæфæнтæ ’хгæдта. Лæг, йæ цонг йæ цæсгомыл сæвæргæйæ, размæ атындзыдта. Йæ цæст доны фæндаджы ’рдæм адардта, мыййаг дзы кæд искæй фос ис, зæгъгæ. Æвиппайды йæ бынаты дзыхълæуд фæкодта цыма хъызты æппындæр ницæмæ дардта. Йæ цæстытæ ныццавта, къоди- доны фаллаг фарс мæкъуылуадзæны къуылдымыл цы сау тæпп суыдта, уымæ. «Сырд уа... Кæцæй æрхаудта? Исчи цу- аны ацыдаид... чи сæрра ис? Ай хуызæны гæдыйы лæппын æддæмæ куы ничи раппардзæнис». Сцымыдис Сардо. Ба- цыд скъæтмæ, разæй рауагъта йæ зыгъар бæх, уый фæстæ галтæ æмæ хуыскъæгтæ, цæмæй зæддаг фосæн афæд код- таиккой. Ногæй та йæ цæст схæцыд уыцы сау тæппыл. Уый хæрдмæ быры лæгæмбæрц миты. Хатт хъæпæны аирвæзы æмæ нал фæзыны. «Аллах, хъæпæн ыл куыддæр æрыхæла, афтæ йæ хæдзар саугæндон кæны», скатайаг зæронд лæг. Базыдта, сырд нæ фæлæ адæймаг кæй у. Уый схæццæ хо- сы ’фтауцдонмæ. Миты бынæй мæкъуыл къахын байдыдта. «Чи сæрра ис? Уым ныр ласæнвæд зæйуату... Уыцы æнæсæр чи у? Кæй фос сты æнæхоллаг , науæд куыд иунæгæй ацыд?» Йæхицæн бынат нал ардта Сардо. «Чидæриддæр у, баххуыс ын хъæуы». Фос йе ’фсинæн афæдзæхста, йæхæдæг къахкъæлæттæ абаста æмæ æд фыййаг фæцæуæг. Мæкъуыл æрдæгкъахт фæцис, афтæ Сардо дæр, йæ риу хыррытгæнгæ, схæццæ. - Чи дæ? Цы архайыс ам? - лæнк-лæнкгæнгæ, фæрсы зæронд лæг. Мæкъуылкъахæг æм фæстæмæ разылд. - Садул? - фæджихау Сардо. - Цæмæн мæм схæццæ дæ? Аздæх, фæрынчын уыдзы- нæ! - тызмæг сдзырдта Садул. Йæ къухтæ ныссырх-сырхид сты, йæ дарæс урс-урсид, æрфгуытæ æмæ цæстыхаутыл мит ныххæцыд. - Дæ фосæн холлаг нал ис? - Æмæ нæ зоныс, колхозы хуыскъаг фос дыууæ боны
——т^с^з^&О^/^о-т/ь ’ххормаг кæй сты, уый? - сбуцтæ кодта Садул. Зæронды цæстытæ фæирд сты. Митæйдзаг дысæй цæсгомы хид асæрфта. Митыл æрбадт. Джихæй каст Садулмæ, кæд, зæ- гъгæ, хъазгæ кæны, фæлæ уый йæ куыст дарддæр кодта мæстыйæ. - Куыд? Фосæн холлаг нал ис? - Нал ис, нал! Нæ йæ зоныс? Афтæ куы фæдзурыс: «Нæ хъæуы колхоз æз сарæзтон, æз уыдтæн йæ фыццаг сæр- дар», уæд æй ныр куыд рохуаты ныууагътай? Æппын дæ йæ уавæр нал æндавы? - Цы зыдтон? Æз фермæйы нæ кусын; - фефсæрмы лæг. - Æнæуый та хибар ран ис æмæ йæм цæмæ хауын? Садул зылд йæ ахуыргæнинæгты хæдзæрттыл, кæмæн сæ цы уавæр ис, уый базонын æй фæндыд. Йæ фæндаг уыд фермæйы скъæты цурты. Нырма сæм дард уыд, афтæ йæм фосы тæригъæддаг уасын, æмбу æрбайхъуыст. Уый скъæтмæ фездæхт, хъæпæны тыххæй бацыд, бæрæг уыд, кæй дзы ничи уыд. Дуар бакодта. Хъомты уасын ноджы фæтынгдæр, дуары ’рдæм сæ рæтæнтæ тыдтой, сæ хъуын схъил, сæ тæнтæ бахаудтой, гуыбынтæ чъылдымы стджы- тыл сныхæстысты. Садулæн мæстæй йæ хурхы уадындзтæ адæнгæл сты. Дурдзавдау лæууыд. Цы ми бакæна, фермæ- гæс дард цæры, кæмдæр горæты, хъызт бонты йæ фо- сы мæт нæ кæны, йæ зæрдæйы кæрон дæр нæ вæййынц. Колхозы сæрдар нæма ис. Кæмæй ’рдомдæуа дзуапп? Стæй цалынмæ Пъетъре Пъаулемæ цыд, уæдмæ йын йæ царм ра- ластой. Фæраст зилджытæм. Хъæуы кæрон дзы чи цард, уымæ дуар æнæбахойгæ бараст. Фысым ыл бацин кодта, фæлæ йæ уый цæхгæр афарста: - Фос æххормаг цæмæн сты? - Цы кæнон, дæ рын бахæрон, дыууæ зилæг стæм, цал- дæр боны сын не ’ккой фæхастам хос æфтауцдонæй. Нал у нæ бон æмæ цы кæнæм? Уый бæрц хос не ’ккой куыд фæ- хæссæм? Садул ницыуал сдзырдта. Раздæхт фæстæмæ. - Хъæубæстæй (æниу ма дзы цæй хъæубæстæ ис) кæмæ-
дæрты бадзырдтон, зæгъын, фос тæригъæд сты, иу дыууæ мæкъуылы рæппарæм æмæ сæ хъуыр-хъуырæй нал банца- дысты. Кæд, дам, сæ фос хъуыд, уæд нын хæдзарæн иу гал уæддæр ныууагътаиккой, - мит мæсты зыгъгъуыттгæнгæ, дзырдта Сздуя. - Ех, мæ хъæбул, уыдон раст сты, фæлæ æгомыг фос цы аххосджын у? Мах-иу дзидзайы цæттæйы цы галтæ лæ- вæрдтам, уыдон-иу нын афæдз раздæр нысангонд уыды- сты æмæ-иу сын сæ бынæттæм радтам, сæ ифтындзынмæ чи цыд, ахæм уæнгуытæ, сахуыр-иу сæ кодтой æмбаргæ галтимæ, æмæ-иу никуы ничи стыхст галы тыххæй. Хохы æнæгалæй зын цæрæн у, уый алчидæр зоны. - Зæронд лæг арф ныуулæфыд, йæ ных асæрфта, мæкъуылæй хус хос фел- вæста, миты аууон дзы арт акодта æмæ йæм йæ къухтæ тав- та. - Иуæй-иу кусджытæ бынæттæм баирвæзынц хиуæтты, зонгæты фæрцы, - дзырдта дарддæр Сардо. - Афтæмæй та уыцы бынæтты аккаг нæ вæййынц, сæ зæрдæтæ нæ фæ- риссынц куыстыл, æрмæст хъуыды кæнынц, цы бахæрой, ууыл æмæ адæмы фыдæбонæй марынц. Мæкъуылы алыварс скъахтой, цъуппæлвасæнæй йæ сæл- вæстой, ранцадысты йыл, фæлæ йæ не сфæрæзтой. Ноджы дымгæ стыхджын æмæ-иу мæкъуылы алыварс митæй айд- заг. Зæронды ’нгуылдзтæ нал тасыдысты, фæлæ йæхи нæ саста, хафта сæ сæрыхъуынтыл, зæнгæйттыл, æууæрста сæ митæй, уæддæр йæ куыст нæ уагъта. - Садул, тулгæ, кæннод æй нæ сæппардзыстæм, мит бæр- зонд у, - зæронд загъта йæ фæндон. Ласæг гæрзбæндæнæй нылвæстой, схæцыдысты йыл, зæххæй схицæн. Лæппу йæ быны бабырыд, чъылдымæй йыл сæнцад, рахъил æй код- та. Фæлæ мæкъуыл рыг миты аныгъуылд. Тулын æй рай- дыдтой, Былмæ ма йæ иучысыл хъуыд, афтæ схæццæ сты цалдæр лæгæй. - Гормонтæ фæуат! Æгомыг фос цы зоны? Адæм не стут? Фосы тыххæй нæ фыдæбон кæнут? - Сардоуайдзæфты бын фæкодта лæгты. - Ацы фæзы фыдæй-фыртмæ нырма мæкъуыл лæгæй ничи ласта. Нæ йæ зоныс? Галты бæсты кусдзыстæм? - мæстыйæ дзырдтой уыдон дæр.
——^т^^^у^^^/^гуу/ь - Раст стут, фæлæ кæд дунейыл мах йедтæмæ ничи амæлдзæн, уæддæр нæ фосæй иу дæр хъуамæ ма фæхъæуа фезмæлыны фыдæй, - сабыргай загъта Садул. Ничиуал ни- цы сдзырдта. Алчи ныггуыбыр къахынмæ. Хъызт не ’нцад. Ноджы фæфыддæр. Адæймаджы улæфæнтæ ’хгæдта. Уыдон сæ куыст нæ уагътой, мæкъуыл мæкъуылы фæстæ тылд- той былмæ лæгбæрц миты æмæ сæ уырдыджы фермæмæ ластой дыгæйттæй. * * * Джиуæр цыд æртхъирæнтæгæнгæ. Алы уысм йæхими- дæг дзырдта: «Фæлæуут, а-лæппу уын фенын кæндзæнис. Æз уын хъыцъыдæттæ бадардзынæн, уæ чъылдымæй уын уæ туг схъарын кæндзынæн». Æргомæй иу сыбыртт дæр нæ хауд йæ дзыхæй. Мæстæй йæ зæрдæ ныддæнгæл, йæ риуы нал цыд. Уыцы уысм йæ бон исты куы уыдаид, уæд сын се змæнтджыты иууылдæр ахæстоны бакалдтаид, уæлдæфы сæ суагътаид, фæлæ нæ уыд йæ къухы. Цыд, йе ’рфгуытæ нылхынцъгæнгæ, йæ развæндагæй ничердæм каст. Бæстæ йыл ныттар, рухсы цъыртт æм никуыцæйуал каст, ныхас æм нæ хъуыст, йæ хæдзармæ дæр бахызт ахæм цауд зæр- дæйы уагимæ. Нæ райхæлдысты йæ масты тыппыртæ. Сæрдарæй кæй урæдта, уый йын кæдæй нырмæ лæгъстæ кодта, цæмæй йæ колхозмæ арвыстаид. Уый тыххæй дзы цас лæггад зоны: уæдæ ресторан зæгъай, хæдзармæ хуынтæ, дзыппы айсинаг... Ауадысты йæ хъустыл: «кæд сырæза мæ хъуыддаг, уæд мæхæдæг зонын...» Йæ бинонтæй никæмæ сдзырдта, комкоммæ дзы никæ- мæ бакаст, афтæмæй ныххуыссыд. Райсом, бонцъæхты куы райхъал, уæд хъуыды кæнын райдыдта, цы зæгъдзæн партийы райкомы фыццаг сек- ретары раз, ууыл. Фæдзæхсгæ йæ бакодта, цæмæй фыц- цаг рады хъæлæсмæ ’рæвæрдтаид, колхозонтæн сæхи кæй фæнды, уый. Кæд се ’хсæн ахæм ничи разына, уæд та, зæгъгæ, дæхæдæг зоныс, нæ адæмæй чи хуыздæр сарæхс- дзæнис, уый. Уæд куыд тынг ныццин кодта. «Æууæнды мыл уый дæр, значит, хорз партион кусæг дæн». Ныр цы
зæгъдзæн? Къæхты бынæй ныхъхъуыды кодта, барызт, «бюллетень - мæ хуыздæр амал... командировкæйы уы- дтæн... Стæвд дæн». Йæ хæдфæстæ ’рымысыд: «Бæстæ сфæлдæхт иннæрдæм. Адæм хъызты тыххæй не ’рцыды- сты ’мбырдмæ». Æртæ боны йæ хъиутæ фæхордта, стæй балæууыд партийы райкомы секретары раз, йе^’фсæнттæ лæхургæйæ, фæлæ секретарь ницы сдзырдта. Йæ хъуын- джын æрфгуыты бынты-иу куы уымæ бакаст, куы та, йæ разы Багъаты колхозæй сæдæ къухфыстимæ цы хъаст лæууыд, уымæ. - Фæстæмæ кæд хъавыс аздæхынмæ? - Арсен Бидыры фырт, сымах’ мын кæд зæгъат, уæд, - дзуапп радта Джиуæр. - Кæй хъавыс сæрдарæй снысан кæнынмæ? - Сымах мын кæмæй зæгъат, уый. - Æз нæ, адæм кæмæй зæгъой, уый хъæуы ’взарын. Джиуæры цыдæр зæгъын фæндыд, фæлæ Арсены ’рфгуыты тар куынæ хæлдис, уæд йæ зæрдæ барызт, риуы стджытыл йæхи ныххоста. Иумæ æртæ мæйы йедтæмæ нæма кусынц æмæ йын йæ зæрдæйы хатт нæма зоны. «Алкæмæ цъынд цæстæй кæсы, бакуырм уа. Йæ кусджытæй комкоммæ никæмæ бакæсы». -Цæуыс райсом, - сдзырдта Арсен. Джиуæр рудзынджы ’рдæм фæкаст, ома йæ нæ уыныс хъызгæ кæны. Арсен ын йæ хъуыды бамбæрста: - Фæнды бæстæ иннæрдæм сфæлдæхæт, колхозæн иу бон дæр æнæсæрдар нæй гæнæн, - загъта, стæй ма йæ афарста: - Колхозы фосæн фаг холлаг ис? - Ис, бирæ, - йæ цæстытæ ’мбæхсгæ фæкодта Джиуæр. - Дзæбæх ма-иу сæм бакæс. Ацу ныр, - загъта Арсен æмæ сыстад. Джиуæр хъавыд йæхи хъæлдзæгæй равдисынмæ, фæлæ фæстаг ныхасæй фæзæрдæдзæф. Йæ хъустыл ауады- сты æмбырды адæмы фæстаг ныхæстæ: «Уæдæ-иу фосмæ дæхæдæг базил». «Æвæццæгæн, исты сигнал уыд, уыцы ’нæхафтытæ фыдæнæн дæр исты фыдбылыз сараздзы- сты. Са^эдо æгæр...» Джиуæ^æн йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Иæ ныхыл хиды ’ртæхтæ фæзынд. Сыстад. Йæ цæс- тыты фæлм бадт. Дуарæй рахызт, секретары хатæнмæ
бахизæны бадæг чызджы ауыдта æмæ йæ сæры февзæрд уый афæрсыны хъуыды. Æмæ йæ бафарста, ам исчи уыд Багъаты колхозæй, кæнæ фыстæг исты, зæгъгæ: Чызг ын уайтагъд дзуапп радта æппæлæгау. - Иу зæронд лæг, йæ ном Сардо, дæу тыххæй цыдæр... Джиуæр æм нал байхъуыста, фæцæуыныл. * * * Нал æмæ нал хæлдис Джиуæры зæрдæйы ’лхынцъ. Алыр- дæм йæ тых фæрабар-бабар кодта, фæлæ йæ бон æрхъуыды кæнын ницы ссис æмæ йæхинымæры хъарæггæнæгау сдзырдта: «Нæ раздæры секретарь Уырызмæг, кæм дæ, кæ? Уый лæг уыдис, лæг. Иу род кæнæ иу сæныкк æмæ мæ хъул кæддæриддæр бадт сах. Хъаз, араз цы дæ фæнды, уый. Æмæ ныр та? Нал бæззы куыст, нал бæззы цард. Афтид мыздыл, дам, хъеллау кæн, фæныхилæн дын мацæмæ уæд, уый циу?» Йæ зæрдыл æрлæууыд, иухатт ын Уырызмæг цы ми акодта, уый (сегасæй тынгдæр уый бадардта йæ зæрдыл}, куыд æй ахуыдта. Хъуамæ дзы «Хуанчкъара» сæнтæ уыдаид. Джиуæр сæ не ссардта, уый тыххæй йæ бæласмæ бабаста, зæгъгæ, уый дын ивар, цæмæй дыккаг хатт мауал фæсайай. Бастæй йын йæ дзыхмæ хастой нуæзт, хæрд. Куы фæрасыг, уæд æй суагътой. Ех, цы лæг уыд, цы? Фæлæ йæ нæ ныууагътой». Афтæ хъуыдытæгæнгæ ку- ыд бахæццæ Багъаты колхозы къанторамæ, уый нæ раха- тыдта. Адæмы дзыгуырæй ауыдта æмæ йын цыма исчи йæ цæстытыты фæнык бакалдта, афтæ фæцис. Се ’хсæнмæ бацæуын йæ ныфс нал хаста. Фæндыд æй йемæ иу милици- онер акæнын, фæлæ Арсенæй нæ бауæндыд: «Куы мæ базо- на, уæд ардыгон дон нал баназдзынæн æз, æндæра мили- ционеры фенгæйæ, иууылдæр бамыр уаиккой, иуæн дæр дзы йæ сым-сым нæ райхъуысид æмæ та сæрдарæй бауро- мин, мæхи кæй фæнды, уый». Колхозонтæ Джиуæримæ æддагон лæг куынæуал фед- той, уæд сæ уæлдай сыбыртт нал райхъуыст. Бамбæрстой, сæ хъаст дзæгъæлы кæй нæ фæцис, Арсен сын сæ домын- дзинæдтæ кæй бахынцыдта. Джиуæр æвиппайды йæ
хæрв фæивта. Æвзаг ’лæгъз ауагъта, карста алыгъуызон рæсугъд ныхæстæ, цыма сæм æппындæр ницæуыл цыд йæ дæндæгты хид. Колхозонтæ æмбырды æмдзыхæй загътой, зæгъгæ, мах Садулæй дарддæр сæрдарæн ничи хъæуы. - Садулæн йæхи афæрсæм, - сдзырдта Джиуæр. - Садул, фæнды дæ? Æниу уыцы ном фехъусгæйæ, йæ риуыл цыма нæмыг сæмбæлы, афтæ фæвæййы. Садул сыстад. Адæмыл йæ цæст ахаста. Уыдон ныхъхъус сты, уынæр сæ нал хъу- ыст. - Мæ фæндон нæ, адæмы фæндон хъуамæ уа - сабыр, ныллæг хъæлæсæй загъта лæппу. - Ды, ды! Æндæр нæ ничи хъæуы! - схор-хор кодтой адæм. - Фæлæуут, байхъусæм Садулмæ! - адæмы сабыр кодта æмбырды сæрдар. - Уæдæ æз дæр мæ комбæсты адæмы фæндоныл разы дæн, кæд исты сарæхсон, уæд, - йæхимидæг тыхсгæйæ, загъ- та Садул. Адæм нымдзæгъд кодтой. Джиуæр æрвдзæфау фæцис, фæлæ уæддæр йæ былтæ фæзыхъхъыр сты, цы- ма фæхудт, фæлæ уый уыд фыдæхдзинады дæндæгты фæ- зыхъхъыр. «Нырма иунæг сæрдар дæр нæ фæлæууыд колхо- зы мулкмæ æнæфевналгæ, стæй ды кæм фæлæудзынæ, æмæ дæм æз мæ хъус æрдардзынæн, мæ къухты дæ. А-лæппу дын бацамондзæн, сæрдары бынатмæ тыхæй куыд бырын хъæуы, уый. Стæй адæмы куыд ардауын хъæуы, уый дæр». Джиуæр та ног бамæстджын, колхозонтæ сæ суагъæмæ ахæм фæндон куы бахастой, зæгъгæ, хæххон колхозтяен цы трактортæ дæттынц, уыдонæй районы къухдариуæггæнджытæ иу рахицæн кæнæд Багъаты колхозæн. - Ам уæхимæ тракторист ничи ис. Чи йыл бакусдзæн? Æддагон лæг та сымах нæ хъæуы, - Джиуæр дзырдта мæс- тыйæ. - Мæнæ, мæнæ, чи йыл бакуса! - адæмы ’хсæн йæ тым- был къух сдаргæйæ, загъта Тузар. - Танкæйы йæ фондз къухау чи зоны, уый трактор нал аскъæрдзæн? Джиуæр ноджы амæсты. «Садул развæлгъау йæхицæн æвзæр къорд нæ сарæзта, æвæццæгæн ын ахуыргæнæджы мызд фаг нæ уыд. Фæлæу мын!»
Колхозонтæ ницæмæуал дардтой Джиуæры, æппæрстой йæм хынджылæджы ныхæстæ. - Мах та хъуыддаг партийы райкомы раз æрæвæрдзыс- тæм;-загътойцалдæрæй.ФырмæстæйДжиуæрыцæстытæй туг калд. Иууылдæр ацы ахуыргæнæгæй цæуынц, фæлæу!» Йæ уарзон дзырд «фæлæу» æртхъирæны сæраппонд йе ’взаджы цъуппыл æрзад. Æмæ хъуыддаг, æцæгдæр, Арсен Бидыры фыртмæ ’рхæццæ. - Челеметы колхозы трактор уадиссаг ницæмæн хъæуы. Цæмæн дæ фæнды, уыдонæн æй радтæм, уый? - цæхгæр æй бафарста Арсен. Уый æвиппайды дзуапп радтын не сфæрæзта. Йæ хъустыл ауадысты Челеметы колхозы сæрдары ныхæстæ:^«Æрмæст мын уыцы трактор мæ къу- хы бафтау æмæ...» Йæ къухы фондз хилы йæм февдыста, зæгъгæ, уал сæдæ сомы дын. - Дæу куы фæрсын, Джиуæр? Уый фестъæлфыд. Кæсгæйæ йæм аззад. Стæй уæззаугай сдзырдта: - Нæй сæм тракторист æмæ йæ искуы былæй аппард- зысты. - Тракторист нæ, танкист дæр нæм ис, - йæхи нал баурæ- дта Садул. - Абон сцæттæ кæн, цы документтæ хъæуы, уыдон, æмæ йæ чи æрбакæна, уый, - Арсен мæстыйæ загъта Садулæн. - Кæм тыхсай, уым-иу мын бамбарын кæн. Цырд фæлæу, рав- дис партион цæсгом. Ды та, Джиуæр, - йæ сæр батылдта Арсен, - ацу ныр æмæ... - Кæронмæ нал загъта йæ ныхас. Джиуæр æмæ Садул кабинетæй рахызтысты кæрæдзи фæстæ: сæ иу худгæйæ, иннæ дудгæйæ. Фыццаг атындзыд- та йæ кабинетмæ, фæлæ йæм цыдæр хъуыды февзæрыд æмæ фæлæууыд. - Арфæ дын кæнын, - сдзырдта Садулмæ, уымæ йæ къух бадаргæйæ. Кæрæдзи æрттæ райстой, фæлæ Джиуæрæн цыма йæ къухы сындзытæ фæныхст, афтæ фæцис. Йæ дзы- хы дзырдтæ нал арæхстысты, æвзаг нал тасыд. Уый хъавыд йæхи хъæлдзæгæй равдисынмæ, фæлæ йе ’нкъарæнтæ йæ коммæ нал кастысты. Иæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп Садулмæ хъуыСт.
<№^6^&01*0/<><>лыъ—— - Куыддæр ссау уа, афтæ дæм индзылер сæрвитдзынæн, аразинаг фæндаг сбардзæн, сараздзæн проект, сметæ æмæ... - Бузныг, Джиуæр, æнæгалæй кæвдæстæ бийын нæ хъæуы. «Мæнгæй нæ дзырдтой нæ фыдæлтæ, бурæй фо- сыл дæр æууæнк нæй», - хинымæр загъта Садул æмæ йæм зулмæ бакаст. * * * Кæсынц Садул æмæ Тузар ног арæзт фæндаджы былæй. Хæссынц сæ цæст адгуытыл, къуылдымтыл, цæгæттыл, хуссæрттыл. - Абон дын цас бантысдзæн? - Бафарста йæ Садул. - Æлвынæнтæй хъуамæ ахизой, фæлæ мæ Сетуры къæ- дзæх ныууромдзæн, халæнгарз ссарын хъæуы. - Арвыстон Къуайсамæ, уырдыгæй нын радтдзысты, фæлæ нæ йемæ архайын чи зоны? Чи нæм ис ахæм? - Къæдзæх ныххуынчъытæ кæнæнт колхозонтæ, йæ ха- лын мæ бар уæд. Сæрдар бахудт. Тузары йæхимæ тынгдæр æрбалхъывта. - Чысылæй фæстæмæ мæ бæллиц уыд нæ кæмттæм фæндаг аразын... - Уæ райсом хорз, - сæ уæлхъус æд халсæрттæ æрба- лæууыд Сардо. Лæппутæ уыйæрдæм фæзылдысты. - Бæдæйнаг, Тузар, хорз кæрды дæ кард, - сæппæлыдис трактористæй. Уыдон зæронд лæгыл баузæлыдысты. Уый сæм диситæ радта. - Фенут-ма сæ. Зæддонæй абада. Сакъашауы хуссары уый хуызæн диси æрзад, æмæ дзы зæрдæ рухс кæны. Диси хос у, хос, мæ ахсæн уый фæрцы кусы. - Ахсæнæн мæзæрæу дæр æвзæр нæу, гъе цъоза, - баф- тыдта та йæм Тузар. - 0, о, раст зæгъыс, - сразы Сардо. Лæппутæ дзы фæйнæ айстой, астыгътой сæ. Дисийы ’хсыр къухтыл æндæгъд æмæ ивæзгæ лæдæрст. - Диссаг, мæзæрæу æмæ диси тынг æнгæс сты, фæлæ афтæмæй мæзæрæуы ’хсыр бур у. Мæ фыд-иу сæ хус код-
——о\лл-о<ле^©о©^с><>ллл^ та дымгæ ныдзæвæны тахшы æмæ-иу сын сæ сæртæ дард- та, стур-иу зайын куы нæ фæрæзта, уæд уымæн, - дзырд- та Тузар. - Уыдæттæ иууылдæр хорз сты, - сдзырдта Сардо. - Адæм дæр иугъуызон сты, фæлæ сæ зæрдæтæ æндæр æмæ æндæргъуызæттæ сты, фæлæ мæ цæмæннæ фæрсут, кæм уыдтæн уымæй? - дыууæ лæппуйы йæм бакастысты. - Знон, изæрæй мæ фæндаг ракодтон Стырдзыхъхъы уыгæрдæнтыл. Кæцондæр колхозы фыстæ æмæ хъомтæ иууылдæр уыдысты уым. Æз, зæгъын, кæд сын ирвæзгæ ракодтой. Абон дæр та ссыдтæн бæрæггæнæг æмæ схæццæ сты суанг хъæуысæры уыгæрдæнтæм. Уым фыййæуттимæ схыл дæн, фæлæ цы? Махæн, дам, кæдæм зæгъынц, уырдæм скъæрæм нæ фос^хизынмæ, - Сардо ницыуал сдзырдта. Сæрдар ныссыпп. Йæ цæсгом асырх-сырхид ис. Мæстæй йæ тугдадзинтæ анæрстысты. Бабадт йæ машинæйы. - Тузар, къæдзæхы тыххæй къуылымпыдзинад нæ уыдзæн, фæлæ архай, - радзырдта ма трактористмæ маши- нæйæ æмæ фæцæуыныл. Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаугъа кодтой хизæнты тых- хæй, фарст суанг обкоммæ æрхауд. Уым æй аскъуыдздзаг кодтой Багъаты комы пайдайæн, фæлæ сæ уæддæр чидæр будзыга кæны. Колхозы къанторайы цур адæм, мыдыбындзытау сæ гуыз-гуызæй нал æнцадысты, сæ къухтæ тылдтой, хъуыст æрдхъирæнтæ. - Мах та кæм хъуамæ ныккæрдæм хос? Цæмæй схæссæм нæ фос? Науæд нæ колхозы фос? Цæрын нæ нал хъæуы? - Сæрдыгон фос кæмдæриддæр бафсады йæхи. Аздахут сæ мидæгдæр. - Фидар нын хæцут нæ къубæлттыл! - Мæгуыр дæр уæхæдæг, иунæг хæдзæрттæ ма баззад, уыдон дæр фæлидздзысты, стæй-ма та хицæуттæ кæмæн уыдзыстут? Къæдзæхтæн. Куы нын нæ фос тæрынц, уæлдай, дам, сты. Ныр та нын хохы цъассыты хос кæрдын дæр нал уадзут. Уæдæ иу гектар зæхх кæмæ ис, йæ кæрты дыууæ машинæ урæд кæмæн ис, афтæмæй хицауадæн пайда чи ницы дæтты, спекуляци чи кæны, уыдон кой цæмæннæ
кæнут? Кæд ма колхозы фосæн цъæх хос нæ; фæлæ æмбыд хъæмп æрбаласæг дæр уа, уæд æй фендзыстут! - хъуыст алырдыгæй ныхæстæ. - Æз загътон æмæ фæци. Чи фæрсы сымах? - дзырдта Джиуæр. - Уæдæ фæлæу кæд нæ нæ бафæрсай, уæд дын бæрæг уыдзæн, - бартхъирæнтæ кодтой чидæртæ, - чи стæм, уый дæ, æвæццæгæн, ферох ис? - Ацу, дæ фыййæутты бафæдзæхс, цæмæй сæ фос скъæрой, кæмдæриддæр заддæр кæрдæг ис, уырдæм, - фидарæй сдзырдта Джиуæр, йæ разы цы гæлдæрджын лæг уыд, уымæн. - Ам алчи йæхи куы хицау кæна, уæд махмæ æгъдау нал уыдзæн. - Ацы колхозæн, дæумæ гæсгæ, цал хицау хъуамæ уа, æмæ чи, æз æви ды? - йæ маст тыххæй уромгæйæ, ныздых- та Садул Джиуæрыл. Уый æвиппайды фæзылд. - Ам дæ? - Ам дæн, уæдæ дæумæ гæсгæ кæм хъуамæ уон? Фæлæ ма мын зæгъ, мæ хъуыддæгтæ ’взарæг дæ чи кæны? - Уый та цыхуызæн ныхас у? - Цы хуызæн дæм æмбæлди, уый хуызæн. - Æгæр нæ кæныс?! - Джиуæр йæ хуыз фæивта. Йæ масты дзæкъул тыхæйты нынныхъуырдта. Сæрдармæ фыдæхы цæстæй бакаст, сындзныхсæгау дзы ныссагъта йæ æгъуыз цæстытæ, стæй йæ цæстæнгас аздæхта, йæ разы цы ставдбæрзæйджын лæг лæууыд, уымæ. Уымæн Джиуæр стыр ныфс бавæрдта, цæмæй йæ фосæн цы зæхх лæвæрд æрцыд Хуыры комы, уый нæ, фæлæ йын хизой, хъæуы алы- варс цы^уыгæрдæнтæ ис, уыдоныл. Уый та йын... Мæ хур акæн... Йæ рахис цонг у... Уæззау хуын... рог хуын. Иу хæдон сын уæгъд у, сæ бынæтты кæрдзынтæ дæр æнæ кæрæдзи нæ хæрынц. Иу уæрдоныл бадынц, иу зарæг кæнынц. - Махæй абон иу дæр куыстмæ нæ ацæудзæн, - колхо- зонтæй чидæр мæстыйæ сдзырдта. - Цы кæнæм, цы, фæндагæй? Ардыгæй ма мæнæ фæз- зæгмæ, стæй мах дæр лидзгæ кæнæм. - Цы райсæм нæ куыстмæ колхозæй, зæгъут ма йæ? Цæмæй фæцæрæм? Колхозæн фос лæвар хæссæм æмæ
— 1ЛЛЛ-оц3^^9о©^<><>ЛЛЛ^ нæ ноджы нæ уадзут?! Æвзонг лæппутæ сæхи баивæзтой Джиуæрмæ, фæлæ сыл Сардо йе стыр тымбыл къухтæ стылдта, сæрра стут, зæгъгæ, æмæ ныхъхъус сты. Джиуæр йæ хуыз аныхъуырдта, ныффæлурс. - Абон, нæлгоймæгтæ, уе ’гас дæр цæут Сетуры къæ- дзæх хуынчъытæ кæнынмæ. Уемæ ахæссут ломтæ, æфсæн дзæккортæ æмæ къæдз телтæ. Тракторы къæдзæх ныу- уромдзæн, хосгæрдæн та нæ къæсæрыл ис, - адæмыл йæ цæст ахæсгæйæ, загъта Садул. Уыдон зæхмæ кастысты, ни- чи ницы сдзырдта. - Цæй, цæмæ-ма кæсæм? Уæ бæллиц фæндаг куы уыд? - загъта та дыккаг хатт. Колхозонтæ уæззаугай стадысты æмæ, куыд дарддæр цыдысты, афтæ сæ цыд фæтагъддæр. - Мæ адæмы мын цæмæннæ уадзыс кусын, Джиуæр? - ныллæг, фæлæ мæсты хъæлæсæй йæ бафарста сæрдар. - Партийы райкомы кусæг дæ джиздары?! - ацы ныхæстæ Джиуæр загъта хъæрæй, фæлæ лæмæгъ, тарст зæрдæйæ. - Бæгуыдæр, ды æмæ (:æ дæхуызæттæ фæлмæцын кæ- нынц, цæмæй адæм бынтондæр фæлидзой. Ацы комы уыд иу астæуккаг скъола, дæс райдиан скъолатæ, дæс та колхозтæ æмæ ма дзы цы ис? Æмæ цæмæн афтæ у, уый зо- ныс? Дæ хуызæттæ рог хуынтæ, бур физонæгыл сæ адæмы кæй ауæй кодтой, уый тыххæй. - Цытæ уæндыс?! Цы дзурыс æмæ чемæ дзурыс, уый зо- ныс, стæй цæуыл дзурыс, уый?! Уыцы зæхх лæвæрд у Челе- меты колхозæн. Уый тыххæй уæм бардзырд ис Арсен Биды- ры фыртæй! - Картæйыл уын зæхх чеуылты хицæнгонд у, уымыты ис нысæнттæ сагъд. - Садул баздæхт Челеметы колхозы сæрдармæ. - Уырдыгæй дæлæмæ уæ фос куы ’руадзат, уæд нæ колхозы правленийæн цы фæндон хаст ис, уый сæххæст кæндзысты нæ зæхгæстæ æмæ-иу уæд хъаст ма кæнут Са- дулæй. Уый йæ риуæгънæджытæ уадзгæ, тыхулæфт кодта тæвды, афтæмæй куы Джиуæрмæ бакæсы, куы Садулмæ. - Сæрдыгон фос хуыдзагъдыл дæр бафсæддзæнис. Зын вæййы зымæг фос схæссын, - дарддæр дзырдта Садул. - Ды мын мæ зæхмæ дæттыс æмбыд хъæмп. Дæ иу машинæ хъæмп слæууы сæдæ сомæй фылдæр, афтæмæй махмæйы
мæкъуылтæй у дыууæйы бæрц. Мæ колхозон та дыууæ мæкъуылы аргъмæ колхозæй райсы дыууæ сомы. Ацы аз цы райсдзæн, æз нырма уый кой нæ кæнын. Æз хъуамæ иу машинæимæ арвитон дыууæ лæджы хъæмп ласынмæ. Уы- цы дыууæ лæджы ам хос куы æркæрдой, уæд мын ратдзы- сты æртæ хатты фылдæр. Уый иу Дыккаг: де ’мбыд хъæмпы аргъ æз куы радтон цъæх хосы аргъмæ, уæд мæ фос уыд- зысты хæрзхастдæр, æмæ адæмæн та сæ уавæртæ хуыздæр фæуыдзысты æмæ колхозы кусдзысты зæрдæбындæрæй. Æртыккаг: мæ къæсæрыл сты мæ уыгæрдæнтæ, уыдон дæ фос куы бахæрой, уæ нæ дард уыгæрдæнтæм цæуын ба- хъæудзæн: - æхсæз-авд километры дарддæр. Уыцы дард фæндагыл кусæг фæлмæцы, фæллайы, дыууæрдæм са- фы бирæ рæстæг. Уыцы рæстæджы æввахс уыгæрдæнты махмæйы хосдзау ныккæрддзæн иу кæнæ мæкъуыл æмæ æрдæг. Ныр кæд Арсен Бидыры фырт дæуæн, - раздæхт Джиуæр, - хæххон адæмæй хынджылæг кæныны бар радта, уæд дæ хъуыддаг дарддæр кæн. Мæнæн уыимæ ацы фар- сты тæххæй ныхас уыд æмæ мемæ сразы. Кæд йæ хъуыды аивта, уæд та йæм тæккæ райсом цæуын. Айхуызæн кусгæ бонты адæмы кусын ма уадзай, уый стыр фыдгæнд у Фæстаг ныхасæй Джиуæр фестъæлфыд, цыдæр сдзурын- мæ хъавыд, фæлæ не сфæрæзта. Афтæ цæхгæр нырма йæ ныхмæ никуы ничи æрлæууыд сæрдæрттæй, колхозонтæй та йæм сым-сым дæр никуы ничи суæндыд. «Æвæццæгæн сæ ацы кляузник ардауы, фæлæуут...», - химидæг сдзырд- та Джиуæр. - Æз зонын, уыд СЦКП ЦК фыстæг, цыран дзырдæуы, цæмæй æппæт фадæттæ саразой хъæууон адæмæн, фос да- рой бирæ, æгæрыстæмæй сын дæттынц хæс æхца скъæт- тæ саразынæн, фос сбирæ кæнынæн. Ды та хицауады уы- наффæтæ зыгъуыммæ кæныс. Адæммæ уæййаг цы уа, уый фæсарæнмæ нæ ахæсдзысты, ам æй уæй кæндзысты æмæ нæхимæ уæййаг бирæ куы уа, уæд та аргъ дæлæмæ цæуы æмæ кусæг адæмæн æнцондæр у цæрынæн. Джиуæр нындзыг. Йæ буары уазал азылд. «Кæцæй йæ зоны, уыцы фыстæг мæнæн хæс куы уыд, цæмæй йæ æз ба- кастаин ацы хæлæттаджы колхозæн, уæд?» *20
- Æз æвзæрæй ницы... Мæн дæр уый фæнды, цæмæй адæмæн уа хорз фадæттæ. Æз дæр дыл мæ фырмæс- тæй... - Йæхи раст кæныныл схæцыд, фæлæ ’взаг дзыхы нал рæхст. Куыдфæстагмæ йæ кæрц фæлдахын райдыдта. Худгæйæ йын æркой кодта зæрдæ фæфæлмæндæр кæ-ныны тыххæй, æххормаг мын у, зæгъгæ, фæлæ йæм Садул йæ чъылдым аздæхта. Æмæ уый цæхъилтæ-мæхъилтæгæнгæ фæраст Тхелы доны ’рдæм. Доны былмæ ’ввахс цъæх нæууыл, кæрты мидæг, родтæ иу къуымæй иннæ къуыммæ хъыл- дым кодтой, сæ фырцырдæй дзы иуæй-иутæ æмбондыл сæмбæлынц, цъусдуг лæугæйæ аззайынц, æвæццæгæн сæ исты фæриссы, сæ сæртæ ныттилынц æмæ та стæй сæ хъазт дарддæр райдайынц. Джиуæр сæм каст æмæ йæ комыкъ- улты дæттæ ’руадысты. Йæ цæстытыл ауадысты раздæры сæрдар, Ефимы фынгтæ. Азæн йæ райдианæй йæ кæронмæ, кусæрттæ рæстæгмæ гæсгæ. «Нал бæззы рæстæг», - нын- къуыста йæ сæр. * * * Сетуры къæдзæх. Йæ цъупп размæ рацыд худы кепкæ- йау. Йæ рæбыныл Чеселты дон йæхи лæбурæджы цæф ныккæны, йæ пырхæнтæ хæрдмæ фæхауынц, доны фæз- дæг скæлы, йе стъæлфæнтæ дуртыл сау тæппытæй аззай- ынц. Къæдзæхы риуыл кæрæй-кæронмæ дыгæйттæй иумæ ’рлæууыдысты. Се ’фсæн дзæккорты къæрцц-къæрцц цыд. Се ’хсæнæй райхъуысы, фаг у, зæгъгæ, æмæ дыккаг хуын- къмæ æрæвнал ынц. Садул цыд, каст адæммæ. Хатт дзæккор райсы æмæ дзы ломыл ралæууы, куы та къæдз телæй хуын- къæй дуры згъæлæнтæ схафы. - Дыууæ бонмæ хъуамæ фæуæм ацы къæдзæх, - дзырд- та сæрдар. - Дыууæ боны бирæ у. Абон дыккаг æхст хъуамæ райхъ- уыса, - сдзырдтой буцæй æвзонг лæппутæ. - Уый та ноджы хуыздæр, æрмæст Сардойы бирæ кусын ма уадзут, - Садул бахатыд лæппутæм. - Нæ комы йæхæдæг, - æмхуызон сдзырдтой лæппутæ.
Æмæ та йын куы ской кодтой, цæмæй баулæфа, уæд ын мæ- лæты хъыг уыд. - Нырма æз сымах хуызæттæй æртæйы бæрц бакус- дзынæн æмæ мын ды та тæригъæд кæныс, - загъта лæп- пуйæн. Уый ноджы зæрдиагдæрæй æрæвнæлдта. Уæззау дзæккор дард фæхæссы æмæ л омыл йæ тъæпп фæцæуы, лом хуынчъы уæгъдæй сзилы, стæй йæ уæрджытыл æрлæууы æмæ къæдзæхы хуынкъ телæй сыгъдæг райдайы. - Афтæ хæлдтон Чъехы нарæг, Гуфтайæ Часавалмæ фæн- даг, Чеселтæй Раромæ. Цал хатты фехъусын мæ дзæбуджы хъæр, уал хатты мæ зæрдæ ногæй-ногдæр кæны. Уымæн æмæ фæндаг кæдæм уа, уым цардæн æнæ ’нхъизгæ нæй, - Ацы фæндаг цал километры бацыд, уал азы та æвзонгдæр фæдæн. Садул æм каст. Дис ыл æфтыдта уый зæрдæбын куыст æмæ уæнгты ахаст. Æвзæнгтæй афтæ рæвдз архайын сæ къухы никæмæн æфтыд æмæ сæхимæ ныккастысты, сæ ар- хайд рæвдздæр кодтой. Цыд Садул дарддæр, алы кусæджимæ адджын, рæвдауæн ныхасгæнгæ. Къæдзæхы кæронмæ бахæццæ, чысыл фалдæр ма иу къорд куыста. Уый сæм кæсгæ баззад. Йæ цæстытæ аууæрста, зæгъгæ чи сты. Бацыд сæм хæстæгдæр. Куы сæм баввахс, уæд æм се ’гасæй бæрзонддæр йæ мидбылты бахудт. - Бабале? Цы аразыс ам? - цыма йæ ныхасæн искæмæй фехъусынæн тарст, уыйау æй ныллæг хъæлæсæй афарста. Уый бахудт фæлмæн, йæ худ систа. - Кусын. Сæрдары алыварс атымбыл сты чызджытæ. - Садул Иликъойы фырт, куыд цæуы дæ зæрдæмæ нæ куыст? - Уæ куыст дæр æмæ уæхæдæг дæр тынг цæут мæ зæр- дæмæ, фæлæ ма мын зæгъут, чи уæ ракодта куыстмæ? - Сарæзтам бригадæ æмæ рацыдыстæм нæхæдæг. Цæ- мæн нæ хъæуы искæй кæнын, - загъта иу саулагъз чызг. - Хорз! Æхсызгон мын у, кæй рæхсут уый! - Æмæ ма исты сывæллæттæ стæм, нæ фылдæр мой кæ- нынмæ куы адардта йæ хъус, - чызджытæ ныччыр-чыр код- той. Лæппу аивæй бакаст Бабалемæ. Кæрæдзи цæстæнгас ацахстой æмæ сæ цæсгæмттæ фæсырх сты.
Уыдон схъомыл сты иу комы, каст фесты иу скъола, иу институт æмæ кусынмæ дæр дæр ацыдысты фæстæмæ сæ- хи скъоламæ, сæ зæрдæтæ кæрæдзийæн æргом уыдысты астæуккаг скъолайæ фæстæмæ. Дам-думгæнджытæ сæ ус æмæ лæг хуыдтой. Фæлæ уыдон ныхæстæ ’рдумæ дæр нæ дардтой. Бабале куы фехъуыста, Садулы сæрдарæй фæнды, уæд йæ ныхмæ ныллæууыд. - Ды сæрдарæй куы бацæуай, уæд æз дæумæ дзыхæй дæр нал сдзурдзынæн. - Цæмæннæ? - Колхозы ничиуал кусы, нæ сæ уыныс? Алчи йæ хъус лидзынмæ адардта æмæ дæ куыст размæ нæ ацæудзæн. - Колхозон йæ куысты мызд куы иса, уæд æхсæв дæр не схуысдзæн æмæ кусдзæн. - Ды сын мызд кæцæй æрхæсдзынæ? - Цы кусынц, уымæй. - Нæ, нæ бацæудзынæ сæрдарæй, æрцахсын дæ кæндзысты. Кæсыс, дæ разæй дзы чи куыста, уый ахæстоны бады. - Уый давгæ кодта, æз та давыныл нæ хъуыды кæнын, стæй мæ кæд ахсой, уæд ды цы сафыс? Æндæрæй смой кæн- дзынæ, - хъазыд лæппу. Ацы ныхæстæм чызджы цæстытæ астыр сты, асырх йæ цæсгом. Къух дардыл фæхаста æмæ лæппуйы русы дзæхст фæцыд. Йæхæдæг лидзынмæ фæцис. Садул, мидбылхудгæ, йæ фæстæ каст. Русыл бæрæгæй баз- задысты чызджы лыстæг æнгуылдзты фæдтæ. Иу бон дыууæ йæ аззадысты ахуыргæнджыты хатæны. Лæппу йæм аивæй бакаст. Чызг йæ фыртыхстæй, æви... Куы чиныгмæ бавналы, куы газетмæ, стæй æдзъшæг бадгæйæ баззад. Цалдæр тыхулæфт скодта. Лæппу бахуды. - Уæдæ кæмæй смой кæндзынæ? Йæ ном ын нæ зæгъ- дзынæ? - афарста лæппуйы тыхстæй. - Уый нæ зонын, фæлæ дæ ме онджы мигъ бацыд. Куы бацæрæм, уæд мæ мыййаг... Уæд куыд уыдзæнис? - Уымæн ницы зонын, фæлæ бацу сæрдарæй. - Куынæ дæ фæндыд. - Адæмы тынг фæнды æмæ... Лæппу фæхудт, чызджы йæхимæ æрбалхъывта.
- Мæ фыдсыл, мæ фыдсыл, уæддæр ма фæстагмæ хорз æрхъуыды кæныс. * * * Стыр фæсаходæн, Сетуры къæдзæх æмризæджы ныр- рызт. Хæрдмæ фаркгай фæцыд, тахтысты йæ дуртæ до- ны фаллаг фарсмæ, рæбынмæ. Къæдзæхы кепкæгонд дон ныццауæзта, схуыдым, сбур-бурид. Дзæбугты хъæр ноджы сытынг. Изæрмæ къæдзæхы æртæ хатты фехстой. Дыккаг бон трактор къæдзæхæй ба- хызт æмæ йæ фæтæн бырынкъ саумæрсыджыты куы нытъ- ыста, уæд колхозонтæ се ’нтысты цытæн суары фарсмæ аргæвстой фыс. - Уæ, мæ уарзон комбæстæ, фырцинæй мæнæн зын у дзу- рын, - дзырдта Сардо, йæ къухы сыкъа, афтæмæй. - Нæ уро- мын мæ цæссыг. Цас фыдæбон кодтам, цæмæй лæг районмæ йæ хъуыддаджы фæдыл ацыдаид. Кæй уырныдта, махæн нæ хъæумæ искуы машинæ цæудзæнис, уый. Фæлæ йæ уынут уæхæдæг, згъоры æдæрсгæ. Ныр та уыгæрдæнтæм дæр аразæм фæндаг. Тæхуды, ацы хъуыддаг куы ’рцыдаид фынддæс азы размæ, уæд нæ кæмттæ ныр афтæ æдзæрæг нæ уаиккой, - зæронд лæджы зæрдæ суынгæг. Йæ бон дзу- рын нал сси æмæ йæ сыкъа анызта... - Æз фыццаг хатт федтон ацы колхозы куыстбонмæ æхца байуаргæ, - сдзырдта чидæр æмбисбадтыл. Адæм кæ- рæдзи афарстой, цæй æхцайы кой кæнынц зæгъгæ. Сæрдар сын сæ хъуыды фембæрста æмæ уæззау сдзырдта: - Куыстбонмæ авансæй хъуамæ радтæм дыууæ сомы... Адæм джихæй кастысты. Садул стæджимæ архайдта, фæлæ йæ хъус та æддæмæ дардта. Уыдонæй бирæты нæ уырныд- та. Уымæн æмæ уыцы колхозы картофæй дарддæр куыст- бонмæ никуы ницы байуæрстой. - Диссаг! Нырмæ уыцы ’хца кæм уыдысты? - фарстой колхозонтæ кæрæдзи. - Нæ сæрдæрттæ æмæ Уырызмæджы хуызæтты дзып- пыты, - цыбыр дзуапп радта Сардо. Адæм сæ мæсты гуым- гуымæй нал æнцадысты. Сæ риутæ тымбыл къухæй хостой.
Фæстагмæ сыл минас тых райдыдта, сæртæ бæрзондæй- бæрзонддæр цыдысты æмæ зæрдæтæ спарахат сты. Хур нындæвта. Залы фыр тæвдæй сулæфæн нал уыд. Колхозонтæ сæ хид тагъд-тагъд сæрфтой. Сæ хъæлæба, бындзыты гуыз-гуызау хъуыст. Сценæйыл даргъ стъо- лы фарсмæ бадтысты цалдæр лæгæй, се ’хсæн Садул, йæ фарсмæ Джиуæр, партийы райкомы хъæууонхæдзарджы хайы гæс. Сæрдар сыстад. Йæ цæст уæззау ахаста адæмыл. Снысан кодта æмбырдæн уагдæтджытæ. Боны фæткы æвæрд иу фарст: «Хосы куыст æнтысгæйæ фæуын». Ныха- сыбарлæвæрдуыдДжиуæрæн.Уыйсыстадуæззаугай.Адæ- мыл йæ цæст ахаста, стæй сабыргай райдыдта дзурын: - Куыд зонут, куыд федтат уæхæдæг, афтæмæй цард бонæй-бон хуыздæр кæны. Куыстбонмæ авансæй райс- тат æхца, афæдзы кæрон ноджы райсдзыстут фылдæр æф- тиæгтæ... Зонут, цас тых бахардз кодтам, цæмæй уæ къу- хы бафтыдаид трактор. (Садул йæ мидбынаты базмæлыд, йæ къухтæ йæ дæлæрмтты бакодта]. Ныр хос кæрдынмæ цырд фæлæууын хъæуы. Патрийы райкомы фæндонмæ гæсгæ, хистæр къласы скъоладзаутæй саразын хъæуы хи- цæн къорд... Ам бирæ ис ахæмтæ, æмæ иу къах ам дарынц, иннæ къах та горæты. Уыдонæй хос кæрдыны сæраппонд ацы зæххыл куыд ничи ацæуа. Сцæттæ хъæуы бынæттæ, заводтæйæмæуагдæттæйчиæрбацæуа'ххуысмæ,уыдонæн. Фидар дзырд ис, цæмæй цыдæриддæр хос æркæрдат (ам йæ хъустыл ауадысты Арсены ныхæстæ: «архайут, цæмæй хæхтæй адæм ма лидзой, ууыл. Уадз æмæ кæй цас фæнды уый бæрц фос дарæт»], уый хъуамæ лæвæрд æрцæуа кол- хозмæ. - Уый та куыд?! - æмхъæлæсæй сдвырдтой цалдæрæй. - Цæвæгриуыгъд дæр нæ ничи ракæндзæнис! Адæм сызнæт сты, сæ бынæтты рафт-бафт систой, ха- тæн хъæлæбайы бын фæцис. Джиуæры цæстытæ ирдæй аззадысты. Йæ ныхасæн ахæм фæстиуджытæ уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыд. Цасдæр сæм фæхъуыста, стæй йæхи нал баурæдта.
- Сымах зыгъуыммæ кæнут хицауады уынаффæ! - Мах æй не зыгъуыммæ кæнæм, ды æмæ йæ дæ хуы- зæттæ зыгъуыммæ кæнынц. Махæн нæ парти никуы зæгъ- дзæн, адæмы бартæ байсут, сæ хурхыл сын ныххæцут! - нал баурæдта йæхи Сардо. - Ды та! - ныббогъ кодта Джиуæр. - Зæронд змæнтæг!.. Ацы ныхæстæм адæм ноджы сызнæт сты, æмхуызон хор- хор райдыдтой æмæ йæ дзурын нал суагътой. Чидæртæ дзы сыстад, сæ фæстаг масты ныхæстæ акалдтой æмæ ’мбырдæй рацыдысты. Уыдоны бафæзмыдтой иннæтæ дæр. Цалдæр минуты фæстæ зал афтидæй аззад. Садул бадт æнæзмæлгæ, æрмттæдæлармæй, йæ сæр иуырдæм ныззулгæнгæйæ. Сæ фæстæ кæсгæйæ баззад Джиуæр дæр. Æрæджиау уый сæрдары ’рдæм раздæхт. - Æз де ’рдæм, мæ ды та хæйрæджыты ’рдæм. Цæуылнæ исты загътай? - Кæцырдæм ме ’рдæм? Науæд цы хъуамæ загътаин? - Кусæг лæгæн йæ хурхыл фидар хæцын хъæуы. Науæд уый хæрæгæй хуым кæны. - Кусæг лæгæн йæ хурхыл куы хæцай, уæд ды дæхи хур- хыл хæцыс. Ды уый тыхæй нæ бакусын кæндзынæ. Уый раст у? - Дæ фосæн холлаг нæ уыдзæн, аскъуыйдзысты æмæ дæ ахæстоны абадын кæндзысты. Рох дæ ма уæд уый. Хъæмп дын лæвæрдтой æмæ йæ цæмæннæ райстай? - Джиуæр, æз ардæм уымæн не ’рбацыдтæн æмæ ахæ- стонмæ бацæуон. Чизоны, дæу фæнды уырдæм, уæд фæн- дараст фæу. - Хъус мæнмæ, нæ фæрæдидзынæ. - Ацы колхозæн адæм мæн равзæрстой хицауæй. Æз хъуамæ саразон, царды куыд хуыздæр уыдзæн адæмæн дæр æмæ колхозæн дæр, афтæ. (Ацы ныхæстæм Джиуæры тъæпп бандоныл фæцыд). Махæн ис номхыгъдæй арæзт, нæ комæй æддæ чи кусы, уыдоныл. Хос кæрдын афон хъуамæ иууылдæр ой, ам. Мæн æндæр ничи хъæуы. Мæнæн уый бæрцуавæртæ нæй æмæ æддагон адæм æрбакæнон. Уый иу. Дыккаг: бирæтæ кæрдын нæ фæзонынц æмæ уыгæрдæнтæ цъиудзагъд ныккæнынц, кæрдæг фесафынц. Номхыгъд
— 1ЛЛЛ^НЗ^^е^О<З^^ИЛ/Ъ кæуыл сарæзтам, уыдонæй алчидæр йæ улæфт райсдзæн ныр, кусдзæн йæхиуæттимæ æмæ цæргæ дæр кæндзæн уыдонимæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Колхозонтæн та цал мæкъуылæй цал ратдзыстæм, ууыл дæр.ныхас уыд. Æз колхозонæн йæ фосæн холлаг кæрдын куы нæ бауадзон, уæд уый иу цæвæгриуыгъд дæр нæ ракæндзæн. Ацы фар- сты фæдыл мæнæн ныхас уыд партийы райкомы фыццаг секретаримæ. Мæ фæндоныл уый сразы. Ныр ды кæцæй хæссысуый номæй ахæм ныхæстæ? Мæнæн иу дзуры æмæ дæуæн та ’ндæр? Нæ мæ уырнынц дæ ныхæстæ. - Уый та куыд?! Мæныл нæй æууæнк?! Гъы, коммуни- стыл?! Уæдæ æз куыд загътон, афтæ хъуамæ уа! - дзырдта Джиуæр, йæ сæр нысхъæлгæнгæйæ, йæхи нал саста. - Ды дæхицæн фæндаг кæныс ахæстонмæ, фæлæу! - Куыд?! Цæй тыххæй?! Ды дæ змæнтæг, хахуыргæнæг! - Джиуæры цæстыты туг абадт. Сæрдар стъолы лагъз бахгæдта, сыстад, бандон иуæрдæм баппæрста æмæ дуармæ • рахызт. Фырмæстæй сулæфын нал фæрæзта. Йæ зæрдæ ныддæнгæл. Араст доны былмæ. Донбыл æрлæууыд. Че- селты дон уад, дойнаг дуртыл йæхи хойгæ, дуррæбынты урс фынк кодта æмæ йæ сæрмæ лыстæг бындзытæ зыл- дысты. Садул дурыл æрбадт, раласта йæ къахы дарæс, йæхиуыл дзы скалдта, цæмæй йын йæ буары судзаг айста- ид. Лæппу æвиппайды фестъæлфыд, гуыбырæй аззад, йæ фæсонтыл ын уазал дон æркалдæуыд. Уæззаугай сзылд, йæ хæдфарсмæ ауыдта сылгоймаджы бæгънæг зæнгтæ, джиппæйфыст æдгуыркъаба. Йæ астæу сраст кæнынмæ хъавыд, фæлæ йын йæ чъылдымыл æрхæцыдæуыд. - Æрыхс дæхи, - ауад йæ хъустыл зонгæ хъæлæс. - Уазал дон дын дæ судзаг маст сисдзæн. - Бабале, цы агурыс ам? - Дæу. Æндæр кæй хъуамæ агурон? - чызг чысылтæ фæхудт, стæй йæ афарста. - Джиуæр дæ куыд тагъд æрвиты ахæстонмæ? - Чи дын æй дзырдта? - Адæм. Уыдон дыл æууæндынц, дæ ныхасыл «нæ» ни- цæмæй зæгъынц, фæлæ дæ Джиуæр цы йæ ныхтæ ныс- сагъта?
л\пл*мз\е^©о<з^/очил/ъ—— - Цы йын кæнын, нæ зонын? Мæн тыххæй фæцух йæ хизæнæй. Зилы куыдзау. Кæйдæр номæй базар кæны. Адæмы сæ хъуырмæ скодта, йæхи сбæтты сæрдæрттимæ, æмæ кусæг лæджы хурхыл ныххæцыд. Кæйдæр куыстæй йæхицæн фæллой æссивы, мыстау æвæрæнтæ кæны. Æмæ канд уый у? Уый хуызæттæ нæм, цасдæриддæр хъæуы, уыйас, - лæппу йе ’фсæрмæ йæ къух быцæу радта. Арф хъу- ыдыты афардæг. Чызг æм кæсы. Фырмæстæй йæ цæсгом схъулæттæ, сау æрфгуытæ нылхынцъ сты, йæ зæрдæйьг куыст стыхджын ис. Æввахсдæр балæууыд лæппумæ, йæ уæхсджытыл ын йæ къух æрæвæрдта æмæ йæм рæвдаугæ сдзырдта: - Дæ зæрдæмæ цы ныхъхъуыстай? Бацу партийы райко- мы фыццаг секретармæ æмæ йын æппæт дæр радзур. Чи- зоны уый мæнг дзуры. - Раст зæгъыс, - йæ цæстытæ чызгмæ сзылдта. - Йæ цæсгом ын раргом хъæуы. * * * Машинæ райцентрмæ ныххæццæ. Шофырæн Садул аца- мыдта партийы райкомы хæдзары размæ. Уый цæхгæр фæзылд æмæ ’рлæууыд. Сæрдар кабинæйæ рахызт æмæ ба- раст зæронд агъуыстмæ, фæлæ йæ комендант фæурæдта, зæгъгæ, Арсен ныртæккæ кæрдзын хæрынмæ ацыд. Чы- сыл æнхъæлмæ кæсыны фæстæ æрбацыд Арсен, фæлæ йæм иннæ хæтыттау нæ ракаст райгонд зæрдæйæ. Садулы уæнгты уазал азылд. «Уыцы куыдзыл æууæнды. Бæгуыдæр, йæ кусæг у», ахъуыды кодта сæрдар. - Рацу, цы хабар у? - сдзырдта йæм схуыстæй. Уый йе ’рба- цыды сæр райдыдта лыстæггай дзурын. Куыдфæстагмæ Арсен цæсгомы тар, мæсты хуыз раивта фыдæхдæрæй. Уыцы фембæлдæй йын дыууæ сахат раздæр Джиуæр. та æндæр цыдæртæ дзырдта. «Садул, зæгъ, афтæ, мæн, дам, уæ фосы æмæ хосы мæт бынтондæр нæй. Мæхицæн куы- стон ахуыргæнæгæй æмæ, дам, мæ ныууагътаиккат». «Ацы бур лæгыл стыр æууæнк нæй», загъта Арсен йæхимидæг. Садул ын дзырдта, цас æм ис куыстхъом адæм, цас дзы ис
——^ллл^кдеЛОЧЗ^^^лл/ъ хосдзæуттæ, æддейæ йæм цас лæг æрбацæудзæн. Уыдонæн цас бауыдзæн сæ бон хос æркæрдын, уыдонæй колхозы фосæн цас бахъæудзæн, суанг родтæй галтæм æмæ ма рай- гуыринаг чи у уыдонæн дæр. Афтæ хæдзарон фосæн дæр. Цас ма дзы баззайдзæн фидæнмæ. Арсен æм хъуыста æмæ йын каст йе ’рттиваг цæстытæм. Куыд фидарæй дзырдта, уый йæм диссаг каст. - Фидæнмæ ма дзы баззайа, уый мæн нæ бауырндзæн. Ахæм хъуыддаг нырма нæ районы никуы уыд, - фæурæдта йæ секретарь. - Æз дæр æй уымæн афтæ аразын, цæмæй сбæлвырд кæнон, нæхи холлагæй нæ фос схæссын нæ бон у æви нæ. «Æгæр ныфс æй ис, ма фæрæдиа, нырма взонг у», - ахъуы- ды кодта Арсен. Лæвæрдта йæм алыгъуызон фарстытæ æмæ сын иста, цынæ йæ уырныдта, ахæм дзуаппытæ. * * * Арвы кæрæттæ фæцъæх сты æмæ æврæгътæ разын- дысты. Мæргъты зарæгмæ æрдз йæ тарффынæйæ райхъ- ал. Алыгъуызон цъиутæ иу къалиуæй иннæмæ тахты- сты. Иу фæзы цалдæр халагъуды кæрæдзийы фарсмæ рæнхъæй лæууынц, сæ размæ тæгæр бæласы цæнгтыл ау- ыгъд цæвджытæ æмæ халамæрзæнтæ. Халагъудтæй иуы хуылфæй ссыд уынæр, стæй дзы разынд зæбулрихиджын зæронд лæг. Уый хосы бындзгуытæ йæ дарæсæй ацагъ- та æмæ йæхи айвæзта. Сæууон ирдгæ йын йæ рихитæ фа- ста. Лæг астæуæй уæлæмæ раласта йæ дарæс, халагъуды раз сæ æрæвæрдта, стæй бацыд суадонмæ. Цыхцырæгмæ бадардта йæ фæтæн хъуынджын фæсонтæ, сæууæрста йæ риу, йæ бæрзæй, райхъуыстысты йæ пырыччытæ. Хæдоны дысты атъыста йæ цæнгтæ, гъа ныр хæдон йæ сæ- рыл æркæна, афтæ джихæй аззад, йæ габæзтæ æруагъта бынмæ, лыстæг ныккаст, чысыл фалдæр иу сылгоймаг нæлгоймадгимæ лæууыд æмæ цæуылдæр адджын ныхас кодтой. Иу рæстæджы лæппуйы ’фцæгыл ацауындзæг сыл- гоййаг. «Садул æмæ Бабале», йæ мидбыл бахудт зæронд,
стæй æнæнхъæлæджы схуыфыд, чызг фæкаст уый ’рдæм. «Саубон мыл... Сардо!» Сардо гуыбыр-гуыбыр халагъудмæ бахылд. Хуыфæг æй нал æмæ нал уагъта æмæ дæлгоммæ ныххуыссыд. - Мæ куыдз дын фæлдыст, кæд мæ ныр нæ федтай, - загъ- та мидбылхудгæ, хуыфæг æй куы суагъта, уæд. Фæстæмæ рахызт, фæлæ уым ничиуал уыд. «Диссаджы ’мкъæйттæ», ахъуыды кодта зæронд лæг. Зикъарайы айнæджыты ’рттывд цæст æвзарын райдыд- та. Сардо йæ цæст ахаста карст уыгæрдæныл, скаст ссиви- нæгтæм æмæ фæджихау: «Аллах, æз та ’нхъæл уыдтæн, зæгъын, мæнæй раздæр ничима сыстад. Алчи ссивгæ куы кæны». Атындзыдта йæ халамæрзæнмæ, уырдыгæй ссиви- наджы сæрмæ. Цалынмæ уымæл у, уæдмæ бæззы ссивынæн, иугæр æм хур куы нындава, уæд хосæн йæ лыстæг згъæлгæ кæны, стæй хусæй нæдæр амайынæн бæззы. Сардо тигъмæ схæц- цæ. Уайтагъд йæ хъустыл ауадысты цæвæджджынты къæрцц-къæрцц, дауæнты сыххуытт-сыххуытт, лæппутæй чидæр базарыд. Хуссары уистæ фæлтæргай, Нæ сæрдар йæ уарзонмæ фæтæргай. «Уый нæ сæрдармæ нæ хауы, дæ ныййарæджы... Ныр- ма йæ чысыл раздæр...» Базмæлыдысты Сардойы былтæ. Лæппу зары дарддæр: Хуссары уистæ фæлтæргай, Дæ уис ма рахæсс фæтæнæй. Хосдзау мын кæд дæ, цæвæджджын, Уæд ма ракæрд кæрдæджджын. * Хуыцауы уарзон зæрватыкк, Нæ сæрдары уарзон - нæл уæрыкк. Сардо ныхъхъуыста æмæ йæ мидбыл фæхудт, стæй база- *рыд ныллæг, лыстæг хъæлæсæй.
316 ллш^нз^ло^з^а^ит- Хосдзауы дзаума - Дзæбуг, цæвæг æмæ хъæсдарæг. Зад кæрдæгæн йæ удхæссæг Зылын уисыл хæсдарæг. Сивыргæрдæг - лæмæгъхъæд, Дурыл скъуырдта йæ цæвæг, Æвзæр хосдзау цы уарзы: Йæ разы куы вæййы хуыгæрдæг. Хуссайраг кæрдæг тъæпæн у, Дæуæн дзуры йæ гуырцъæй. Хосдзау худы йæ мидбыл, Кæрдæг æвзары йæ уырзæй. Иу фарсыл æрфæлдæхт Сойгæрдæг - цъиукъуымæл. Цæвæг фæцис йæ быны, Ацу æмæ, дам, ма амæл. Цъиу стахтис мæ разæй, Йæ ном хуыйны хъæсдарæг. Хосдзау хæссы æдзухæй Йæ сины тъыстæй хъæсдарæг. Цæвджыты ’хситт æмæ лæппуты епп-опп фæурæдтой зæронд лæджы зарæг. Уый фæзылд. Цалдæр æвзонг лæп- пуйы, сæ разæй Садул, дардыл æвналынц, быныл æр- бастъигъынц бæзхъуын кæрдæг. Уый фæфæлдæхы æмæ йæ бын бур-буридæй аззайы. Лæппуты фæнды сæ сæрдары тых бавзарын æмæ зыдæй риуыгъынц. - Зæгъ æй, изæры не ’хсæвæр цы хуыйны? - дзуры йæм сæ иу. - Раййаф уал мæ, стæй дын æй уæд зæгъдзынæн, - кæрдгæ-кæрдын ын дзупп радта Садул. Лæппутæ сæ ку- ыст фæтынгдæр кодтой. Рогдæр базмæлыд сæрдар дæр. Лæппутæ фæсте аззадысты. - Сымах хуызæн хосдзæуттæн цы хъуамæ хуыйна се
тЛлл<нз\е*Уэчз*^/о«^т—— ’хсæвæр? Хуырх æмæ кæрдзын, - лæппуты фелхыскъ код- та Садул, фæлтæры кæронмæ куы ныххæццæ, уæд. Æвзонг лæппутæ æрлæууыдысты, сæ астæутæ сраст кодтой. - Нæ къухтæ къæдз кæнæм, - сдзырдта сæ иу. - Алæ-ма уæ цæвджытæ, - баздæхт сæм зæронд лæг. Рай- ста сын сæ цæвджытæ, сæ кæмттыл сын ахаста йæ хистæр æнгуылдз æмæ лæппутæн бауайдзæф кодта: - айхуызæн цæвджытæ бæззынц æрмæстдæр хæмпæлтæ цæгъдынæн. Марадз, цæгъдæнтæ рахæссут! Лæппутæ фæкъæмдзæстыг сты. Зæронд лæг райста цæгъдæнтæ, хъæсдарæг зæххы ’рсагъта, кæрдæгæй бадæн ацарæзта, æрбадт, дыууæ зæнгæй хъæсдарæг æрбалхъывта æмæ цæвæгыл тъæпп-тъæпп ралæууыд. * * * Бады Арсен Бидыры фырт йæ кабинеты. Кæсы, колхоз- тæй йæм цы хыгъдтæ æрбацыд хосгæрсты тыххæй, уы- донмæ. Йæ зæрдæ кæм нæ барухс вæййы, уым цæсгомы ху- ыз фæивы, йе ’нгуылдзтæй стъол уæззау æртъæпп кæ-ны. Иу хатт ма сыл йæ цæст ахаста, стæй дзæнгæрæджы кноп- кæйыл бахæцыд. Уайтагъд дуарæй æрбахызт æвзонг чызг. - Джиуæрмæ-ма фæдзур. Цалдæр минуты фæстæ Джиуæр йæ бур цæсгом дуарæй æрбадардта. - Хъусын уæм, Арсен Бидыры фырт. - Багъаты колхозæй æппын ницы бæрæг ис? Хос кæр- дынц æви цы аразынц? Ам мæм куыницы бæрæг ис. - Æгæрдæр-ма кæрдынц, фæлæ... - Фæлæ цы? - Карст зæххыл хос нæй. - Уый та куыд? Кæрдæг нæ бæззы, æви?.. - Нæ зонын, кæд сæ сæ хæдзæрттæм нæ ласынц... - Карст зæххыл дзы хос æппындæр нал ис? - Кæмдæрты-ма... Арсен ницыуал сдзырдта. Йæ цæс- тытæ Джиуæрмæ ныццавта. Каст æм уый дæр. «Куыд ис уый гæнæн, хæхты хосы куыст фæдисы хуызæн у æмæ чи ныууадздзæн йæ кæрдын, йе ссивын æмæ хос ласа... Кæр-
— ^ЛЛЛч><ЛЗ^©о(3^^><и\ЛЛ| дын йедтæмæ ласын кæдæм ирвæзы?» Нæ фыдæлтæ бурæй хъуг дæр нæ дардтой йе ’нæууæнчы тыххæй æмæ ацы бур лæг тынг æууæнкджын уа...» * * * Дыккаг бон арвы кæрæттæ цъæх кæнын куы райдыд- той, уæд Арсен сбадт йæ машинæйы æмæ араст Багъаты колхозмæ. Машинæйы дуар æрдæгæй, уæлæмæ уыд гом, æмæ сатæг уæлдæф мидæмæ ’фсæрста, адæймаджы зæрдæ дзы ’хцонæн улæфыд, уæнгтæ рогæй-рогдæр кодтой. Уый йæ сæр æддæмæ радардта машинæйæ, фæхуды мидбылты, цин кæны æрдзы рæсугъддзинадыл. Шофыр æй кæсæны ауыдта æмæ фергъиау, зæгъгæ, цæуыл худы. Арсен хъæумæ куыд хæстæгдæр цыд, афтæ йæ худынд- заст сæфын райдыдта. Хъæууынгты араст. Æндзæлмттæй конд кæртыты фос адджын улæфт кодтой, стæмтæ дзы сы- стад, сæхи айвæзтой, чи дзы йæхи стæрдта. Уынгты змæлæг нæ зынд. «Æвæццæгæн, æцæг, æхсæв давгæ кæнынц æмæ бон та улæфгæ», ахъуыды кодта Арсен. Мæстæйдзагæй шофырæн загъта, цæмæй уыгæрдæнты ’рдæм ацæуа. Гуы- рымыхъ фæндагыл машинæ куы иуæрдæм фæхъил вæййы, куы иннæрдæм, фæлæ йæуый нæхаты, йæ цæстытæ ныццав- та фæсвæдтæм, агуырдта карст уыгæрдæнтæ. Æвиппайды йæхимидæг бандзыгау, йæ цæстытæ ирдæй баззадысты. Машинæ баурæдта, рахызт уæззаугай, слæууыд къуып- пыл. Цалдæр хатты аууæрста йæ цæстытæ. Ног фæндаджы былтыл хосы голтæ рæгъ-рæгъæй лæууыдысты. Хуссары ’рдыгæй даргъ фæтæнтæ суанг коммæ бындзарыл даст. Комы рæбынты мæкъуыл мæкъуылы ’ккой бады. «Ал- лах, уыдон уым мит æрæййæфта, уæд сæ зæй иууылдæр ныббынæй кæндзæн», скатайаг Арсен. Йæ циндзинад йæ зæрдæйы нал цыд, фæлæ колхозонтæ кæм сты, ууыл сцы- мыдис. «Ау, фынæй баисты». Араст дарддæр. Тигъæй йæм разынд трактор. Уый гæрста хæххон мæр, сыджыт йæ разæй цыд з&йау Шофыр йæ машинæ иуварс баурæдта, тракторист æй куыд федтаид, афтæ. Тузар æрлæууыд, ра- хызт кабинæйæ. Уазæг æм йæ къух бадардта.
——тр^^гО^д^/^^У^—— - Байрай, лæппу! - Гас нæм цыт кæддæриддæр, - раарфæ йын кодта трак- торист. Уый йæ хуызæй зыдта. - Бæдæйнаг! - раппæлыд дзы Арсен, - цыбыр рæстæг- мæ уын афтæ бирæ бантысдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. - Нæ бон цы уа, уый нæ бацуарддзыстæм. - Зæгъ-ма, Тузар, дæхицæн фос нæй? - Ис, - лæппу фæгуырысхо. - Æмæ сын хос кæрдын нæ хъæуы? - Хуыцаубоны мын лæппутæ ныккарстой. Мæхи мын цæвæгмæ ’вналын дæр нæ уадзынц, ды, дам, нын æрмæст фæндаг араз. - Ссивгæ та? - Ссивгæ дæр, дам, æй нæхæдæг æркæндзыстæм. - Ныртæккæ колхозонтæ кæм сты? - Стыр комы, цом æмæ сæм тигъæй акæсæм. Фæндаг уыр- дæм аразын. Стыр ком. Арсен æм рагъæй каст, сæрсæфæнмæ кæсæгау. Арф адгуытæ хæмпæлтæй нæ зындысты. Бæрзонд былæй æхсæрдзæн йæхи æппæрста, æмæ йæ рæбыны дон урс пырхæнтæй зынд. Комы сæрмæ, фæтæнтæй Арсенмæ хъуыст цæвджыты ’хситт æмæ дауæнты хъæр. Иуæй-иу- тæ дзы цагътой сæ цæвджытæ. Карст зæхх уисæй уисы ’хсæн бур-буридæй зынд. Бынæй комы цатыртæ рæгъæй лæууыдысты. Арсен ауырдыг иунæгæй, хатт æй йæ къахы бын сапп фæсайы æмæ размæ ахауы, куы та фæбыры æмæ уæлгоммæ сæмбæлы зæххыл, фæлæ уæддæр йæ цыд нæ сабырдæр кæны. Тындзы сæм рухс зæрдæимæ. Бахæццæ хосдзæуттæм. Зæрдæбын салам сын загъта. Уыдон сæ кæр- дын ныууагътой æмæ сæ уазæджы алыварс атымбыл сты. - Дæ хуыцауы тыххæй, цы дæ схаста ацы дзæгъæл ком- мæ? - дисгæнгæйæ йæ афарста Сардо. - Ау, сымах уæ цард ам куы ’рвитут, фыдызгъæлæй нæ сымах куы... уæд цы диссаг у æмæ фенон, кæцæй цæуы уыйæппæт фæллой, уый, - дзырдта мидбылхудгæ Арсен, афтæмæй хосдзæуттæй алкæмæн дæр иста йæ къух, узæ- лыд сыл, цыма семæ схъомыл. - Кæрдгæ бирæ ныккодтат, кæрдæг дæр зад у, фæлæ сæ ласгæ чеуылты хъуамæ акæнат. Ам æз фæндаг куы нæ уы- нын? - фæйнæрдæм кæсгæйæ, дзырдта Арсен.
- Кæд нæ Тузары хорзæх уа, уæд фæндаг арæзт фæуы- дзæн, - дзуры Сардо, кæннод ком митæй куы байдзаг уа, уæд сæ митвæндагыл аласдзыстæм, сау къахыл дзы ласæн нæй. Арсен ныхъхъус, йæ зæрдыл æрлæууыд Джиуæры ны- хас æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. «Айхуызæн абыр- джытæ баирвæзы партион аппаратмæ æмæ адæмы лидзи- наг фæкодтой нæ хæхтæй». Хъуыды кодта химидæг Арсен. - Садул уæ нæ абæрæг кæны? - уыцы фарст дзы куыд сирвæзт, уый нæ фæхъуыды кодта Арсен. - Ам вæййы, фæлæ йæм сæрвыстой, районæй, дам, дæ агурынц, æвæццæгæн æй ды агуырдтай æмæ кæрæдзийæ фæиппæрд стут, - дзырдта Сардо. - Нæ, æз ницы агуырдтон, - Арсен цыдæр фæгуырысхо. Хосдзæуттæ секретары фарстыты æмæ хъæстыты бын фæкодтой: - Цæй уæлдай фос? - Цæмæн нын исынц нæ фос? - Колхозы нæ лæвар цæмæн кусын кæнынц? Цæмæй ^æрæм? Чидæртæ дзы скодтой Джиуæры уагахасты кой, райхъуыст се ’хсæнæй æрдхъирæнтæ. Арсен сын рахатыд- та сæ фыдæхдзинад районы къухдариуæггæнджытæм, стæй сæ уавæрæй райгонд кæй нæ уыдысты, уый æмæ сын фæстаг хатт загъта: - Хæхбæсты нæ царды сæйраг суадон у фос. Фос та æр- мæстдæр уыдзæн уæд, кæд æмæ уыдонæн фаг холлаг скæ- нæм. Нæдæр хæдзарон, нæдæр колхозы фосæй ма хъуамæ фæхъæуа иунæг сæныччы хъус дæр. Уæ зæр-дæтæ радтут куыстмæ. Уынын, цас фыдæбон кæнут, уый. Æхсызгон мын у, уый бæрц æркæрдын уын кæй бантыст. Цæмæйдæриддæр нын гæнæн уа, уæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, фæстæмæ дзы ницæуыл фæхæцдзыстæм. Æппæт дæр уыдзæн сымах пайдайæн. Дарут фос, цасдæриддæр уæ фæнды, уыйас. Адæмы ’хсæнæй райхъуыст арфæйы ныхæстæ, сæ сæртæ разыйы тылд кодтой. Арсен дзургæ-дзурын цæвæг райста, йæ хъæдыл ын æрхæстытæ кодта, кæрдæгыл æй арæхстгай æрбауагъта,
цалдæр хатты йын цæвæджы бырынкъ сыджыты фæныхст, йæ ком ын бынмæ æгæр аздæхта æмæ нæудзарм æд сыд- жыт æрбастыгъта. Цæвæг фæцъулатæ æмæ йын кæрдæг цъиудзагъд кодта^нал ын коммæ каст. Тыхархайд райдыд- та, йæ хид калд. Ие ’нарæхстдзинады тыххæй æфсæрмы райдыдта йæ алыварс уæвджытæй. Горæты хъомылгонд лæппу, фыццаг хатт йæ къухмæ цæвæг райста. Тыхæйты иу уис кæронмæ ныххæццæ кодта. Цæвæг дауын райдыдта, фæлæ йын ссон фæбыры. - Арсен Бидыры фырт, цæвæджы ком кæрдæджытæй асæрф æмæ дын дауæн ма быра, - сабыр æм бадзырд- та Сардо. Арсен фефсæрмы. «Хъæууон адæмимæ у мæ ку- ыст æмæ сын сæ хъуыддаг не ’мбарын, афтæмæй сын къухдариуæггæнæг дæн», - дзырдта хинымæры. Цалдæр уисы ма ’рхаста, фæлæ йæ бæрзæй стасын кæнын йæ бон нал уыд, цонджы хъултæ йæ коммæ нал кастысты. Хосдзæуттæ йæ аходæн хæрынмæ семæ куы ’рбадын кодтой æмæ йæм сыкъа куы радтой, уæд æй йæ къух нал урæдта, афтæ тынг ын рызт æвæлтæрдæй. Иннæтæм-иу аивæй бакаст, зæгъгæ, уыдон дæр афтæ ’взæр хатынц сæхи, фæлæ дзы иуæн дæр йæ цæсгом фæлладгъуыз не ’вдыста æмæ цыма адæмы раз исты зылын у, афтæ йæм кæсы. * * * Багъаты колхозы бухгалтер стъолы уæяæ равæрдта до- кументты чингуытæ. Ревизор дзы иу райста æмæ йын йæ сыфтæ арæхстгай фæлдахын райдыдта. Хатт дзы иу-ранмæ йæ цæстытæ ныццæвы, нымайæныл аракъæрцц-бакъæрцц кæны, цыдæр нымæцтæ гæххæттыл афыссы. Бухгалтер йæхи раст кæныныл схæцы, фæлæ ревизор ноджы спыхс вæййы, схыл вæййынц. Садул лæууыд рудзынггæрон, йæ æрмттæ йæ дæларм бакæнгæйæ. Иæ бинаг был дæндæг- тæй сæлхъивы, сцæйдзуры, фæлæ та йæхи ныууромы. Фæс- тагмæ нал фæлæууыд. - Дæ хорзæхæй, ныр нæ ревизимæ вдæлы! Хосгæрдæн махмæ фæдисы хуызæн у, ды та нæ джиздаргæ кæныс. -Хосгæрдæнуæвихуымгæрдæн,уый мæнмææппындæр *21
никуыцæй хауы. Мæн рарвыстой райкомæй æмæ ’ххæст кæнын мæ хæс, - загъта ревизор йæ бар-дзырды гæххæтт стилгæ, æмæ тымбыл къухæй стъол æртъæпп кодта. - Цал бонмæ хъуамæ фæуай ревизи? - Дæс боны ’мгъуыдмæ. - Æппын ницы, хосгæрдæны ’мгъуыд дæр æндæр нал у Дæу бахъæудзæн фермæгæс, хынцæг, бригадиртæ. Банымай-ма, уыдон цал боны ныкъуылымпы уыдзысты, цас зиан ратдзысты хосгæрстæн? - Уый мæ хъуыддаг нæу. - Ахæм митæ кæй кодтат, быдыры колхозæй æмбыд хъæмп дæр уымæн ластат æмæ фос уымæн скъуыдысты. - Дарддæр ма афтæ куы быцæу кæнай, уæд ныртæккæ телефоны фæдзурдзынæн партийы райкоммæ! - Нæ дæ хъæуы дзурын, партийы райкомæй ам сты, - къæсæрыл æрбалæууыд Арсен. Ревизор фестад, уырдыг слæууыд. - Цы хабар у? - цæхгæр æй афарста. - Мах нæ къухтæм æмхасæнтæ кæнæм хосдзæутты тых- хæй, адон та не ’ккой пъыззыйау сбадтысты æмæ нæ кусын нæ уадзынц, - йæ маст акалдта Садул. - Чи дæ рырвыста? - фæрсы йæ Арсен. - Джиуæр, - цыбыр дзуапп радта уый, йæ бары гæххæтт Арсенмæ бадаргæйæ. Уымæн йæ цæстытæ адынджыр сты, йæ буар æй сæлхысчъытæ кодта, бардзырды гæххæтты бын йæ къухфысты хуызæн хъулæттæй куы ауыдта, уæд. - Ацы гæххæтт мæнмæ уадз, дæхæдæг фæстæмæ цæугæ дæ куыстмæ. Уый йæ гæххæттытæ йæ портфелы тагъд- тагъд авæрдта æмæ фæцæуыныл. Садул йæ мидбыл фæхудт. - Уæ суарæй уын æппæлынц, куы йæ фениккам, - загъ- та Арсен, цыма æппындæр ницæуыл бамæсты ис. Бухгал- тер уайтагъд ведра райста æмæ суармæ фæраст. Секретарь къанторайы къуымты йæ цæст ахаста. Стæй дуармæ ра- хызт, фæзуаты азылд. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд. - Ревизорæй тынг фæтарстæ? - худгæ æмхæццæйæ афарста сæрдары. - Æппындæр нæ, фæлæ мын хъыг уыдис, нырма æхсæз
-лЛЛЛ-о<^3**©<3*^ — мæй йедтæмæ нæ кусын æмæ колхоз ныхъуыргæ акодтон? Ныртæккæ махæн иу хосдзауы куыст иу стуры аргъ у - Æз Стыр комæй цæуын. Садул фестъæлфыд, йæ цæс- тытæ стыбар-тыбур кодтой. - Æхсызгон мын у уе ’нтыст, фæлæ уыцы комы фæндаг саразын хъæуы. Уым цы кæрдæг федтон, уый дæ колхо- зы фосы нæ, иу ахæмы фаг дæр ма у, æрмæст æй кæрдын хъæуы. - Ныр мæм цы цæвæджджынтæ ис, уыдонæн дæс бонмæ хъуамæ карст фæуа. Мах æдæппæт хæдзарон фосимæ цы хъæуы, уымæй нæм фылдæр æрæмбырд уыдзæн. Æрмæст, мæкъуылы аргъмæ цы лæвæрдтам, уымæй йæ хъуамæ фæфылдæр кæнæм. Æмбыд хъæмпыл цы лæвæрдтой, уымæн йе ’мбис уæддæр хъуамæ радтæм цъæх хосыл. - Тынг раст хъуыды у. Колхозонтæн саразын хъæуы ’мбæлон уавæртæ. Кусæг лæг йæ мызд куы иса, уæд æхсæв дæр не схуысдзæн, сайын æй нæ хъæуы, стæй æндæр рæттæм дæр нал лидздзысты, - уый чысыл фæлæууыд йæ дзурынæй, къæхтыбынæй ныуулæфыд. - Сæрвитдзыстæм дæм фæндæгты арæзтады техник, сбардзæн ног арæзт фæндаг, аразинаг ма чи у, уый дæр æмæ, районæн цы ’хца лæвæрд æрцыд фæндæгты аразыны тыххæй, уыдон æмбис уал дæ колхозæн ратдзыстæм. - Гъе, уый хорз хъуыддаг у, - сæрдары зæрдæ барухс, цы- ма йыл сæууон хуры тынтæ сæмбæлдысты. - Фæстæдæр дын дæ къанторайы агъуыст,фæхуыздæр хъæудзæн, сараз клуб, - уæззаугай дзырдта Арсен. - Ам æз бирæ фæсивæд федтон, æмæ уыдонæн хиирхæрсæн бынæттæ саразын хъæуы. Лæппуйы зæрдæ фырцинæй риуы нал цыд, цыма æнæхъæн дунейы хицау бацис. Йæ цæстыты раз февзæрдысты ног клуб, ног къанторайы агъ- уыст. Трибунæйыл ралæууыд, адæм ын æмдзæгъд кæнынц, дзуры сын, сæ царды уавæртæ куыд хуыздæр кæнынц, уыдæттæ...
Цалынмæ Арсен районмæ цыд, уæдмæ ревизор Джиуæ- ры хæдзары раз балæууыд. Æнамонд хабархæссæг æм фæ- цис. Уый фырадæргæйæ ницыуал базыдта, æрмæст ма сфæрæзта фæрсын: - Мæ кой исты скодтай? - Уæдæ. Комкоммæ йын загътон, ды мæ кæй арвыстай, уый. Бардзырды гæххæтт айста. Джиуæр йæхи фæстæмæ ауагъта, йæ цæсгом ацъæх, хуыссæныл-ма йæ авæрдтой, фæлæ... «Тагъд æххуысы» машинæ æрбамидæг. Гъай-гъай! Пар- тийы райкомы кусæг у, æххуыс æнхъæл кæмæ цæуæм?! Уыцы бон та йын Арсен Бидыры фырт йе ’рбацæуынмæ фынджы иу кæрон фыссæнтæ æрæвæрдта... Фæлæ йын куы фехъусын кодтой, инфаркт æй ныццавта, зæгъгæ, уæд амæсты æмæ дæндæгты ’хсæнæй райхъуыст: - Ахæмты хи бахъахъхъæныны тыххæй инфаркт тагъд ацахсы, цæмæй ма сæ бынæтты ном хæссой! Уæдæ куыд кæнынц, уый тыххæй лидзинаг цы адæм фесты, уыдон?! Нæй!.. * * * Стыр комы уыгæрдæнтæ цъуппгæрæттæй карст фесты. Мæкъуылæй мæкъуылы ’хсæнты ахизæн нæ уыд. Дæлиау- ма комæй хъуыст хъæлæба. Уым-ма хосы куыстгæнджытæ нымбырд сты фæстаг мæкъуыл ыл. Алчи йæм скъæфта тъы- фыл, ал кæй дæр фæндыд, фæстаг мæкъуылыл йæ æрмдзæф куы разындаид, уый. Мæкъуылы сæр лæууыд Сардо. Уый тагъд-тагъд иста тъыфылтæ, арæхстгай сæ æрнæмы йæ къæхты бын, архайы йæ халамæрзæнæй. Хатт тъыфылты бын фæвæййы, æмæ зæрæдтæ стыхсынц, зæгъгæ, зæронд лæг рахаудзæн. Уый та, цыма мæкъуылы цъуппыл нæ, фæлæ зæххыл лæууы, уый архайд кæны. Мæкъуылæн æрсæрфы йæ фæрстæ, бахойы йæ халамæрзæнæй, йæ уд, йæ дзæцц цыппæрдихон мæкъуыл амайын. - Дзыхбæндæн! - æрдзырдта Сардо мæкъуылы сæрæй.
Слæвæрдтой йæм æй. Сластой йæ мæхъийы цонджы, ныл- вæстой йæ. - Йæ худ... Фæрсбæндæн! - нылвæстой йæ фæрсæр-дæм дæр. Трактор тигъæй æрбазынд, сау сыджыт йæ разæй зæйау цыд. Тылдысты дуртæ, фæлдæхт бæрзонд хæмпæл. Трак- торы хъæрмæ адæм фæсабыр сты, уый ’рдæм фæкастысты. Садул фæхудт. Адæмы цины хъæлæба комы ныннæрыд. Æрбахæццæ трактор. Сардо мæкъуылы сæрæй æрхызт. Ныттыхст Тузарыл, æмæ йæ цæссыгтæ ’ркалдысты. Фæси- вæд сæ сæрдары фелвæстой, хæрдмæ йæ цалдæр хатты сæппæрстой. - Хорз, адæм! - Сардойы зæлланггæнаг хъæлæс анæ- рыд. - Абон махæн у стыр бон, сыххæст уæлдайджынтæй нæ пълан фæндаг аразын æмæ хосы куыстæй. Фæлæ-ма иу хъуыддаг нæу зæрдæмæдзæугæ нæ сæрдарæн. Адæм фæхъус сты, кæрæдзимæ бакастысты, ома цæмæй зæгъы. - Уый сымахæй алчидæр зоны, æмæ йæ æз куыд хистæр лæг, афтæ зæгъын, Садулæн æгъгъæд фод иунæгæй цæ- рын, Бабалеимæ сæ уарзт... - зæронд ферхæцыд. Адæм базмæлыдысты, стæй нымдзæгъд кодтой. Бабале фестъæ- лфыд, асырх. - Цинаг цинæй фидауы, - дарддæр дзырдта Сардо. - Чызджытæ, цы фестут, цы уын загътон?! Уыдон дыууæ чырын æрбаскъæфтой зæронд лæгмæ. Иу дзы Садулы раз авæрдтой, иннæ Бабалейы. Уыдон кæ- рæдзимæ кæсгæйæ баззадысты, стæй сæ фæсивæд фæй- нæрдæм аскъæфтой. Чысыл фæстæдæр сæ æрбакодтой чындз æмæ сиахсы арæзтæй. - Фæскомцæдисон чындзæхсæв, фæсивæд! - ныййа- зæлыд Сардойы хъæлæс. Зæрæдтæ йæм джихæй касты- сты, фæлæ куы базыдтой, Сардо нæ хъазы, уæд ноджы фæтынгдæр хъæлæба, худын, къæрццæмдзæгъд. Чидæр дзы ведра сцагъта. - Ведра нæ, - йæ къух сдардта Сардо. - Мæ голлаг цы фæцис? Лæппутæй йæм голлаг чидæр баскъæфта. Сардо йын йæ ком райхæлдта. Систа дзы фæндыр. Айвæзта йæ
— ^\Л<К^2^0об^2^>^\ЛЛ^ фæйнæрдæм æмæ фæндыры хъæлæс кæмтты ныннæрыд, ныййазæлыд зарæг. Стырком цины бын фæцис. Адæм цы- дысты Багъаты хъæумæ чындзхæссæджы зарæггæнгæ. ЗЫДÆМÆ КÆРÆФ Цыд лæг Чеселты доны былтыл, бæрзонд резинæхъус дзабыртæ йæ къæхтыл. Даргъ уисыл хæцы, йæ цъуппыл æнгуыр баст. Хуыдыммæ йæ ныддары, чысыл алæууы æмæ, кæсаг куынæ фæкъæпп кæны, уæд йе стыр цырыхъхъытæй, сæпп-сæппгæнгæйæ, араст вæййы дарддæр, фæрвы къалиу- тæ йæ цонгæй аиуварсгæнгæйæ. Иæ уæхскыл кæттаг хы- зын, йе ’мбисы онг сси хъулон кæсæгтæй. Бафæллад, фæлæ ма уæддæр цæуы. Цæст не ’фсæды. Донæн иннæ фарсмæ дæр бавналы. Кæсаг фелвасы æм’æ уæлдæфы, йæ тыбыртæ цæгъдгæ, куы фæцæйтæхы, уæд кæсагахсæджы зæрдæ ба- рухс вæййы, æнгуыры босмæ рог февналы, кæсаг сыскъу- ыны æнгуырæй æмæ йæ хызыны авæры. Кæсагахсæг уай- тагъд æнгуырыл уытъырытæ акæны æмæ та дарддæр ацæуы. Знон изæрмæ йæ уарынæй нæ банцад. Чеселты дон тынг размæст, кæсæгтæ хизынмæ нæ рауæндыдысты, змæсты ницы фæуынынц æмæ ’ххормагæй баззайнц. Иугæр къæвда фенцад, кæсаджы цæст æвзары йæ амæттаджы, уæд кæсагахсджыты амонд. Цæуы райгæ зæрдæимæ. Ныд- дардта йе ’нгуыр зилгæ хуыдыммæ, нырриуыгъдæуыд æй бынмæ. Уый æнгуыры хъил стъæпп кодта. Æгæр ри- уыгъд ын фæцис æмæ ’нгуырæй аскъуыд кæсаджы ’фсæр, уæлдæфы зилгæ-зилгæ атахт. Фæрвыты ’хсæн кæмдæр йæ тъæпп фæцыд. Лæг йæ фæстæ атындзыдта, цæстытæ ныццавта æрхауæн бынатмæ, къутæртыл фæй- нæрдæм хæцгæйæ лыгъд, афтæмæй бахауд цæуылдæр. Фæкомкоммæ йæ размæ - машинæ фæлдæхтæй лæууы, йæ гуыффæ ныттæстытæ. Кæсагахсæг нал сызмæлд йæ бынатæй. Йæ кæсаг машинæйы цур хуыссыд даргъæй, йæ дзых фæхæлиу-фæхæлиугæнгæ, фæлæ лæджы кæсаг нал æндæвта. Æнгуыры уис йæ къухæй æрхауд. Машинæйы ху- ылфы уыд адæймаг тугæйдзæгтæй, йæ цæстытæ ирдæй
^шл^нз^©<з^е>оллл*—— баззадысты. Лæг йæ хызын йæ уæхскæй æриста. Хæрдмæ, машинæ кæцæй рахауд, уырдæм скаст æмæ йæ сæр нын- къуыста. «Дунескæнæг, кæцæй рахауд». Иучысыл ма алæууыд, стæй, ставд дойнаг дурты сæрты гæппытæгæнгæ, цæуынмæ фæцис. Йæ хид лæдæрст цæсгомыл, фæсонтæй схъардта, хæдон ныххуылыдз, буарыл нындæгъд. Ба- хæццæ хъæдгæсты къæсмæ тыхулæфтгæнгæ. Салам æнæ- ратгæйæ, бараст телефонмæ, æрзылдта номыртæ. Йæ алы- варс лæуджытæ йæм кæсгæйæ базадысты. Фиппайдтой, æрбацæуæг цæуылдæр кæй тыхсы. - Куыдзæппарæн къæдзæхæй ахауд машинæ, йæ хуыл- фы мард лæг. - Бамбæрстон дæ, - райхъуыст дзуапп телефоны хæтæ- лæй. Лæг хæтæл æрæвæрдта æмæ йæ дысæй йæ ныхы хид асæрфта. Хабар уайтагъд, æрвнæрэагау, айхъуыст. Адæм фæдисы лыгъдысты. Æнамонд цауы бынатмæ бахæццæ сты милици, эксперт, нывисджытæ æмæ фæдсгарджытæ. Хистæр фæдсгарæг, Тего, машинæмæ ’ввахс никæй бауагъ- та. Бацыд æм йæхæдæг. Ныккаст æм æмæ андзыгау. Йæ тарст цæстæнгас адæмыл ахаста, афтæмæй сдзырдта: - Сачъреты Дзыго, горæты милицийы... Адæм схъилхъус сты. Фæдисонтæ тæригъæдгæнæджы каст кодтой мардмæ, сæ æххытæй æмæ оххытæй нал æн- цадысты. - Лæг дысон куысты уыд, - дзырдта Тего, - ардæм ма йæ иунæгæй цы хæйрæджытæ ’рбахастой. Эксперты кусджытæ нывисæнтимæ срæуæг сты. Иунæг зæрдæхсайгæ бынат æнæсисгæ нал ныууагътой. Машинæйæ мард райстой, сынтыл æй æрæвæрдтой. Ам дæр та йын ныв исын рай- дыдтой. - Комкоммæ моргмæ, - бафæдзæхста кусджыты Те- го. - Йæ хицæуттæн ын нырма мацы зæгъут. Виталик, - баздæхт эксперты кусæгмæ. - Алцыдæр фендзынæ бæстон, машинæйы дуар дæгъæлæй æхгæд дзæгъæлы нæ уыд. Марды машинæйыл сæвæрдтой.
Куыдзæппарæн къæдзæхы чысыл фæз. Уырдæм бахизæн ис æрмæстдæр къутæрты ’хсæнты. Органты кусджытæ æрлæууыдысты иуварс. Алкæмæдæр диссаг каст, кæд машинæ цырд цыд æмæ йын афтæмæй руль аирвæзт, уæд хъуамæ къутæртыл аныдзæвдаид, асастаид сæ, фæ- лæ уым афтæмæй ницы зынд. Нæ зынд былмæ хæстæг ауырдыггæнæны мащинæйы цæлхыты бырæнвæд дæр. Уый нысан кодта: тормозыл нæ ныххæцыд. Машинæ тылд йæхигъæдæй. Уыдоныл куы ныххæцыдаид, уæд цæлхытæ зæхх æнæмæнг ахафтаиккой. Лыстæг хуырыл гæзæмæты разынд цæлхыты тулæнвæд. Се ’хсæн сын Тего бафиппайд- та, хуыр змæст кæй уыд суанг былмæ. - Лæджы чидæр амардта, - æнæнхъæлæджы сирвæзт Тегойæ. - Чи йæ хъуамæ амардтаид, ахæм былæй ахауд, - йæ ны- хас баппæрста милицийы майор Бето. - Ацы фæдтæ цы сты дыууæ цалхы ’хсæн? Æмбарыс æй? Чидæр æй амардта, машинæйы дуар дæгъæлæй сæхгæдта, тормозтæ суагъта, фæстейæ машинæйыл ранцад æмæ йæ атылдта былæй. - Уæд марæг дуар цæмæн æхгæдта? - бафарста йæ Бето. - Уый зæгъын мæ бон нæу, фæлæ у афтæ. Нæдæр маши- нæйы, нæдæр марды дзыппы ис дæгъæл. Цы фæцис дæгъæл? Иу чысыл æнæдзургæйæ лæууыдысты. Алчи сæ йæхир- дыгонау хъуыды кодта, стæй Тего баздæхт нывисæгмæ. - Фæстейæ къахвæдтæ кæцæй цæуынц, кæсыс, размæ тыхæнцад кодта, лæууыд къахбырынчъытыл, хуыры дзы- хъхъытæй уымæн баззадысты фæдтæ. Уырдыгæй сын сис сæ нывтæ, стæй машинæ куы фæуырдыг былæй, уæддæр марæг былыл æнæмæнг æрлæууыдаид, уымæй дарддæр- ма сисут машинæйæн йæ капоты нывтæ дæр. Ам æнæмæнг армы тъæпæны фæдтæ разындзысты. Райдай. Æрмæст ацы зылдæй иу гæппæл дæр æнæсисгæ ма ныууадз. Нывисæг та райдыдта йæ куыст. Тего йын каст йæ алы фезмæлдмæ дæр æмæ нывисæджы архайд йæ зæрдæмæ кæм нæ цыд, уым-иу ын бауайдзæф кодта.
* * * Медэксперт сарæзта кæронбæттæн: буарыл цы цæфтæ ис, уыдон сты хаугæ-хауыны фæстиуджытæ. Къæбуты стæг у саст. Уыцы цæф машинæйы не ’рцыдаид, саст у йæ рахиз цонг дæр. Тего фестъæлфыд: «æвæццæгæн, лæгæй- лæгмæ тохы куы бацыд, уæд ын асаст». Криминалистты экспертизæ дæр фехъусын кодта: «Марæгыл уыд китай- аг ног кедтæ, уыд «виллисыл». Йæ машинæ лæууыд Дзы- гойы машинæйæн рахисæрдæгæй фарс, йæ фæдмæ гæсгæ бæрæг у мидæмæ кæй ацыд». Тего йе стъолы фарсмæ бадт æнæдзургæйæ, æнæисты кусгæ. Йæ къухы бапъироз, фæлæ йæ фæздæг цы цыд, уый йедтæмæ йæ дымгæ не скодта. Уаты иу къуыммæ йæ цæстытæ ныццавта, фæлæ дзы уынгæ ницы кодта. Сы- стад, иуцъусдуг ма йæ бынаты алæууыд, стæй радгæс ми- лиционермæ радзырдта микрафоны: - Машинæмын... Рахызт дуармæ. Рог машинæ йæм æнхъæлмæ каст. Шо- фыр ын дуар бакодта. Уый сбадт. Шофыр æм фæрсæджы каст бакодта, ома чердæм, кæдæм, фæлæ Тегойы ферох, æнхъæлдта, цы аразын æй хъæуы уый шофыр дæр зоны. - Кæдæм? Афарста йæ æрæджиау. Уый цыма йæ фынæйæ фехъал, йæ цæстытæ фæирд кодта. - Магазин «Спартакмæ»-мæ , - уыд цыбыр дзуапп. Ма- шимæ фезмæл^ыд. Уайтагъд магазины раз балæууыд. Ба- цыд мидæмæ. Йæ уындæй магазингæсы цæстытæ атарытæ сты, йæ фæстæ кæсгæ аззад, куыницы йæм сдзырдта, уæд. Стæй йæ хинæйдзаг зонд фестъæлфыд æмæ йæ фæстæ фæцæуæг, козбау митæ райдыдта. - Цы дæ æрбахаста, исты дæ хъæуы? - фарста йæ, фæлæ мидæгæй йæ зæрдæ та йæхи къултыл хоста. Дыууæ боны размæ фæсарæйнаг товартæ ауæй кодта дывæр аргъыл, æмæ ныр йæ мæллæг уд æсхæппæввонг ссис. Тего бараст æфтауцдонмæ. Къуымты азылд, цæуылдæрты дзы схæцыд, æркаст сæм æмæ сæ фæстæмæ баппæрста сæ бынатмæ. - Авто, - тызмæг сдзырдта Тего. - Хъусын дæм, Тего, - фестъæлфыд магазингæс.
- Китайаг кедтæ цыппор дыккæгæм... - Сæхи аргъ, - ... фæтыхст лæт, - о уыдис... - Ис ма дæм дзы? - йæ ныхас ын фæлыг кодта. - 0. Цал дæ дзы хъæуы? - Цастыл сæ ауæй кодтай? - Æрдæг сом сыл æфтыдтон... Дæлæ дæр нæ... - Кæд сæ райстай? - Æндæрæбон, - Авто сзыр-зыр кодта. - Бирæ дзы ауæй кодтай? - Нæ. Æрмæст фондз фæлысты. - Æндæр нæ? - Тего йæм йæ цæстытæ ныццавта. Уый ноджы афæлурс. - Кæд дæ нæ уырны, уæд фен накладной, æмæ ма дзы цы баззад, уый банымай, чизоны, исчи банымыгъта. - Цыппор дыккæгæм номер дзы рахæсс. Уый цæрдæг фæуад, гæххæтты сæ атыхта æмæ буцæй фездæхт, æвæццæгæн, йæхимидæг загъта, æндæр фыд- былыз мын мацы сараз, уый йедтæмæ уыдон дæ хъуыры дæр аирвæзæд. Тего æхца систа, фæлæ Авто йæхи æрба- цæймардта, нæ сæ айста. - Хорз, - сдзырдта тарæрфыгæй Тего. - Ды загътай, æр- мæстдæр дзы ауæй кодтай фондзы фæлыст. - Куы загътон, кæд дæ нæ уырны, уæд сæ банымай. - Уырны мæ, фæлæ сæ æлхæнæг нæй, æви... - Куыд нæ, фæлæ... - Фæлæ цы? - Афтæ сæ фæдæттæм сымах хуызæттæн, хъæдмæ цæуын чи уарзы... Тего рамæсты, фæлæ ницы сдзырдта. - Нæ хъуыды кæныс, читæ сæ балхæдта, уыдон? Авто хъуыдыты аныгъуылд, йе ’нгуылдзтæ йæ былыл авæрдта. Фæлæ уæгъды. Йæ сæры гуыз-гуызы йедтæмæ йæм ницы- уал хъуыст. - Æвиппайды сæ не... Йæ ныхас кæронмæ нал сфæрæзта, фæлæ йæ Тего бамбæрста. - Изæры дæм æрбацæудзынæн æмæ сæ уæдмæ иууыл- дæр æрхъуыды кæн. Тего фæхатыдта, Автойæн фыртæсæй йæ зæрдыл ницыуал æрлæудзæн æмæ йæ нал хъыгдард- та. Рацыд. Авто йæ бандоныл æрбадт æмæ йæ хид асæр-
фта. «Æвæццæгæн сын сæхи фæрсдзæн, цастæ сæ райс- тон, уымæй... Фесæфтæн». Бадт æнæзмæлгæ. Цасдæр фæбадыны фæстæ цыдæр æрбалæууыд йæ зæрдыл. Стъо- лы лагъз раласта, æхцатæ дзы систа, гæххæтты сæ атых- та æмæ сæ йæ дзыппы ’рывæрдта. «Дзæгъæлы нæ загъ- та» изæры дæм æрбацæудзæн». «Гъы, Авто æдылы у. Чи сæ балхæдта уыдон дæр хорз х-^уыды кæнын. Уыцы ном- хыгъд дæр æм ратдзынæн. Уыцы капеччытимæ фæнык фестæд. Бирæгътæ иууылдæр къуыбырхъустæ. Искæмæй уæлдай райстон æмæ сæ уый мæт ис, алчидæр йæхи мæт кæны, йæхи къæбицмæ ссивы. Фæлæ ма дзы ай та кæцæй мæрдтæй фæцис, магазинтæм куы никуы цыдис? Æвæццæгæн, уый дæр Дзыгойау нал æфсæды». Алæрдыгæй йæм æлхæнджытæ дзырдтой, фæлæ уый ныкъуырма, стæй сыл йæ къухтæ сцагъта, чысыл мæ бауадзут, зæгъгæ, уæд та мæ уд исын. Тего экспертизæмæ радта ног кедтæ. Уыдон иугъуы- зон разындысты, цы кедты нывтæ систой, уыдонимæ. Ба- зыдтой ма, машинæйы цалхæй камерæйы ’хсæн резинæ (манжет) æвæрд кæй уыдис, уый. Цалх уыд ихсыд. «Кедтæ сты магазин «Спартачы» ’яхæд, - дзырдта йæхицæн Тего.- Фæлæ чи у?» Областы æппæт «виллистæ» лæууыдысты ми- лицийы раз. Сæ цæлхытæм сын лыстæггай фæкастысты, фæлæ дзы зæрдæ ’хсайгæ нæ разынд. Иу-цалдæрæн дзы уыд бынтон ног цæлхытæ. «Гæнæн ис æмæ марæг йæ цæлхытæ фæива», Февзæрыд Тегойы сæры æмæ ног машинæты хицæутты райдыдта фæрсын, кæм сæ балхæдтой, уымæй. Фæлæ, æвæццæгæн, фырадæргæйæ рæстмæ дзуапп ничи лæвæрдта. Уыцы хъуыддаг фæдæсгарджыты бынтон сды- зæрдыг кодта. Фехсайдта йæ зæрдæ, марæг æнæмæнг уы- дон æхсæн кæй ис. Изæры кедтæ сæ хицауæн бахаста. Авто сæ кæм иста, фæлæ... - Нæ мын сбæззыдысты, - мæнг ныхас загъта фæдæс- гарæг. - Дæ зæрдыл не ’рбалæууыдысты, кедтæ дæ чи бал- хæдта, уыдон? - Мæнæ дын сæ номхыгъд, - гæххæтт æм æд æхцатæ авæрдта. Фæлæ Тего æхцатæ, æнæдзургæ стъолмæ бап-
——охлл-оч^зЛО^З^^^^лл^ пæрста. Авто къæппдзыхæй аззад. Рагæй йын хъусы йæ «фыдзонд». Йæ хид, мæгуыр, йæ фæсонтæй схъардта. «Фесæфтæн», дзырдта-ма хинымæры. Тего номхыгъдмæ æркаст æмæ фæцæуыныл æлхæнджыты хæдзæрттæм. Алкæй бинонтæм дæр-иу бацыд кедты хицауы номæй, мæ кедтæ мын рарвит, зæгъгæ. Афтæмæй сæ цыппарæй раха- ста, фæндзæм ранæй дзуапп райста: «Æмæ кедтæ куы ни- куы дардта». «Æвæццæгæн фæрæдыд Авто», фæгуырысхо фæдæсгарæг. Кедты бынты нывтæ нæ разындысты, цы кедты бынтæ систой æнамонд цауы цур, уыдонимæ æм- хуызон. Бахъуыд æй фæндзæм фæлыст ссарын. Фæлæ кæм? «Чизоны сæ æлхæнæг нæ бахаста хæдзармæ, фæлæ сæ да- ры машинæйы», сæвзæрыд æм хъуыды. - Сесе, дæ кедтæ кæм сты? - цæхгæр бафарста, Автойы номхыгъды чи уыдис, уыдонæй фæндзæмы. Уый иудзæвгар ницы сдзырдта, йæ уæхсджытæ фелхъывта. - Æз ахæмтæ никуы дардтон, - радта дзуапп æрæджиау. - Дыууæ боны размæ сæ балхæдтай магазин «Спарта- чы», - скарз Тего. Уый нæ басаст. Цæхгæр загъта, зæгъгæ, æз кедтæ никуы дардтон. * * * Тего уыцы æхсæв араст йæ кусджытимæ æнамонд цауы бынатмæ, зæгъгæ,уым мацы фæд баззадаид фыдгæнæгæй, уый гæнæн нæй. Фæлæ æппæтдæр уыд дзæгъæлы. Фæстаг хатт бацыдысты донбылмæ. Сæхи сæхсадтой, банызтой дзы, стæй æрбадтысты нæууыл. Сæ разы æрæвæрдтой пъа- мидортæ æмæ дзулы лыггæгтæ. Бадтысты æнæдзургæ. Ацы рæстæджы сæ хъустыл ауад: - Бирæгътæ уæ бахæрой, кæд кæдæм æрхæццæ стут! - иу лæппу хъæр кодта стуртыл. Милицийы кусджытæ уый ’рдæм фæзылдысты. - Къотъе, ацахс-ма йæ, - лæппу дзырдта йе ’мбалмæ, лæ- дзæджы бырынкъæй зæхх æрæлхъивгæйæ. - Раппар, Кебыл, æз цæттæ дæн, - сдзырдта иннæ лæппу. Кебыл лæдзæджы бырынкъæй фехста цыдæр. - Хæц ыл æмæ йæ дæ фыдæн ахæсс! - Къоте йæ ацахста.
пЛЛЛ<ИЗ^^©о©У^><и\ЛЛ| — -Æдылы, ног кед. Кæм уыдис? - Дæлæ йæ мæ гал Милайы къахæй раластон, - хъазыд лæппу. - Æцæг, кæм уыдис? - Æвæццæгæн, искæмæн донбыл баззадис. - Ие ’мбал ма йын бацагурæм, хорз дзабыртæ сты. Тегойы пъамидор æрдæгæууылдæй баззад йæ дзыхы. Сыстад. Фæдзырдта лæппумæ. Уыдон æм фæкастысты, стæй йæм æфсæрмгæнгæ бацыдысты. Тего кед райста. Йæ бынмæ йын æркаст. «Æцæг китайаг», ахъуыды кодта. - Кæм æй ссардтат? - афарста сæ. Уыдон ын æй бацамы- дтой. Фестадысты иннæтæ дæр. Агурын райдыдтой дзабы- ры ’мбал, фæлæ ницы ссардтой. Æхсæв дзабыры хуылфы ныв æмных кæнын рай-дыд- той «виллисы» хицæутты къæхты нывтæм, фæлæ дзы комкоммæ искæмæ бадзырдтаиккой, уый сæ бон нæ уыд. Зæрдæхсайгæ уыдысты æртæйæ. Ацы æртæйæ дыууæйы машинæйыл уыд ног цæлхытæ. Фæлæ сæ кæм балхæдтой? Æрæджы æви раджы? Араст автомагазинмæ. Ам цæлхытæ чи балхæдта, уыдон номхыгъды разындысты зæрдæхсайгæ адæймæгты нæмттæ æмæ мыггæгтæ - Буджиты Къобыл æмæ Дзæрæхаты Сесе. Тего уырдыгæй рацыд Къобылы хæдзармæ. Йæ усæн ын адджын мидбылхудгæ салам радта, цæмæйдæрты йæ афарста, стæй йæ хъуыддагыл æр-лæу- уыд. - Къобыл мын загъта, зæгъгæ, мæ машинæйы цæлхытæ раивтон æмæ, дам, зæрæдты ды рахæсс, цалынмæ мæхæдæг ногтæ æлхæнон, уæдмæ. Кæд гæнæн ис, уæд сæ фенон, йæ- хæдæг ам нæй, зонын æй. - Кæд дын сæ сæ хицау загъта, уæд ма æз цы хъуамæ зæгъон, - дзуапп радта сылгоймаг, - дæ разы мæнгагъ- уысты сты æмæ сæ фен. Тего уырдæм фæраст йе ’мбали- мæ. Фæракæс-бакæс кодтой, фæлæ ацы цæлхытæй зæр- дæхсайгæ ницы разынд. - Бахатыр кæн, мæ хойы хай, нæ нын сбæздзысты æмæ кæд æндæр ран ссариккам, - хатыр ракуырдта Тего æмæ рацыд. Сбадт машинæйы. - Дзэерæхаты Сесетæм, - цæхгæр загъта шофырæн.
— ОХЛ/^КД^ЭЧЗ’^^о^АЛ^ Машинæ уад лæгъзвæндагыл, фæлæ Тего нæ хатыдта, цæугæ кодта æви лæугæ. Сесейы хæдзармæ куы бахæццæ сты, уæд фæдæсгарæг кæртмæ бахызт бар æнæракургæ, æнæсалам ратгæ. Сесейы фырт цыдæртæ архайдта гаражы, æнæзонгæты æвиппайды æрбацыдæй хорзау нал фæцис. - Уæ машинæйы цæлхытæ раивтат? - Тего йæ цæхгæр афарста. - 0, раивтам, - лæппумæ диссаг фæкаст æнæзонгæйы ахаст. - Кæм сты? - Дыууæ раздаджы мæнæ сты, фæлæ фæстаг дыууæ кæм сты, нæ зонын, йæхи йын бафæрсут. - Кæм ис Сесе? - фæрсы йæ, цалхытæм кæстытæ гæн- гæйæ. - Кæд кæсаг ахсынмæ, - лæппу ныффæлурс, афтæмæй дзуапп лæвæрдта. - Баппарут сæ машинæйы, - тызмæгæй загъта Тего. Лæппу сæм кæсгæйæ баззад. - Мах милицæйæ стæм. Иннæ дыууæ цалхы кæм сты? Зæгъ сæ! - лæппуйы туг фæлыгъд, йæ сау цæстытæ зын- гау ферттывтой. - Нæ сæ зонын, - стыхст Лæппу. - Кæм сты иннæ цæлхытæ! - ноджы тынгдæр скарз Тего. - Ницы сын зонын, - лæппу йæ цæстытæ доны азылд- та, афтæмæй йæ ныууагътой æмæ Сесемæ милицимæ фæ- дзырдтой. Уыйимæ Тего дардыл дзурыныл не схæцыд, цæхгæр æй афарста: - Кæм ис дæ ихсыд цалх, камерæйæ шинæйы ’хсæн ман- жет æвæрд кæм уыд, уый? Сесе ныхъхъус, ныффæлурс. Йæ тугдадзинтæ знæт змæлд скодтой. Сæрмæ ныццавта туг, буар æмхуызон рызт. Лæджы дзыхæй сыбыртт нал схауд, бадгæйæ баззад, дурдзавд фестад. - Мæнæ дæ рахис къахы кед дæр, - баппæрста йæм æй Тего. Уый фестъæлфыд. Фыццаг кедмæ ’ркаст, стæй йæ цæстæнгас азылдта фæдæсгарæгмæ, фæлæ йæ рæстмæ нæ уыдта, йæ цæстыты туг ныббадт, йæ алыварс æм сырхæй зынд. - Галиу къахы кед кæм ис?
Сесе байгомыг ис. - Дæу куы фæрсын?! - Æз æппындæр ницы аххосджын дæн, - сæппæрста, ферхæц-ферхæцгæнгæйæ. - Уæдæ чи у аххосджын?! - Чи цы фæагуры, уый ссары, - чысыл фæрæвдздæр дзу- рынмæ. - Куыд?! - фæджихау Тего. - Дзур. * * * Райсом раджы адæм нымбырд сты вокзалы иу вагоныл. Йæ мидæг уыд фæйнæджытæ. Лæппутæ вагоны сæрмæ схызтысты, фæлæ сæ хъахъхъæнæг нæ уагъта. - Цалынмæ уæйгæнæг ссæуа, уæдмæ йæм æвналыны бар нæй, уæд та йын цух сты, уæд сымах йæ бæсты дзуапп радтдзыстут, стæй сæ кусджытæ хъуамæ ракалой, - дзырд- та сын Суликъо. Фæлæ йæм чи хъуыста. Бирæтæ йæм дзы армæй бавнæлдтой. Сымах та сæ, зæгъгæ æхсæвыгон сусæ- гæй ауадзынмæ хъавут æхцаджынтæн, айразмæ дæр, дам, афтæ бакодтат. Уый ныффæлурс, фæлæ уæддæр ныхмæ лæууыд. Адæм ноджы сызнæг сты. - Æз хъахъхъæнæг йедтæмæ ницы дæн æмæ мæ ныуу- адзут, - саст хъæлæсæй дзырдта Суликъо. Уæдмæ фæзынд уæйгæнæг. Йæ сæгъдзæстытæ адæмыл ахаста, фæхудт. Адæмы дзыгуырæй йæ зæрдæ барухси, йе ’взагæй йæ был- тæ астæрдта. - Кæм дæ, кæ, Суликъо? Адон нæ уыныс? Ардæм æнæмæн бар нæй, уый нæ зоныс? Алчи афтæ куы лæгæрда, уæд дзы цы рауайдзæн? Цæмæн сæ уадзыс? А лæппу дæ дæ бынатæй атæрдзæн, - дзырдтауæйгæнæг тызмæгæй. - Ай, нæ уын дзырдтон, - стæй раздæхт уæйгæнæгмæ. - Сесе, нæ сæттынц, мæ аххос нæу, лæбурынц мæм. - Ныртæккæ сæ иууылдæр арвит, - бардзырд радта Се- се, - йæхи хæстæг байста Суликъомæ æмæ йæм ныллæг хъæлæсæй бадзырдта, - æз æддæмæ мæхи айсдзынæн, ды-иу сæ вагонмæ ма уадз, æфсоны «нæтæ» сын кæн, кусджытæ, зæгъ, сæ хъуамæ ракалой, уыдон уæддæр нæ
сæтдзысты, æмæ-иу сын уæд зæгъ: «Ацыт, иууылдæр уæ хъуыры аирвæзæнт». Ракалдзысты сæ æмæ калæггаг - нæхицæн, - Сесе йæм йæ цæст фæныкъуылдта, фездæхт фæстæмæ æмæ æд машинæ æрбадæлдзæх. - Кæсыс, фыццаг ын мæхæдæг амыдтон, ныр та мын уый амоны, - йæхицæн дзурæгау загъта Суликъо. Хур куыд бæрзонддæр цыд, афтæ адæм дæр фылдæр кодтой, сæ маст тынгдæр фыхт. Суликъо ма сæ урæдта, стæй куы сбирæ сты, куы сæ «сфæлмæцыд», уæд сын алы- выд акалыны фæстæ загъта: - Æз цы аххосджын дæн, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр дæн хъахъхъæнæг. Иууылдæр хъæдæрмæг æд вагон уæ хъуыры аирвæзæд, мæн ныууадзут, æз мæгуыр лæг дæн. Уыцы ныхас фехъусгæйæ, чи куыд сæрæндæр уыд, афтæ вагоны сæрмæ бырыд. Иуæй-иутæ дзы хаугæ дæр ракод- той, рыджы сызмæстысты, хаугæ-хауын вагæтты тигътыл сæ къухтæ алыгтæ сты, схъистæй сын байдзаг сты, фæлæ уæддæр бырыдысты вагоны сæрмæ. Уæле фæйнæджытæ æппæрстой. Уæле æппарджытæй алкæмæн дæр уыд бы- нæй урæд лæг. Уый-иу йæхи фæйнæгыл ныццавта æмæ- иу æй иуварс авæрдта. Ацы уысм фæзындысты кусджытæ æмæ сæ ратардтой, нæ дзыхæй нын нæ къæбæр куыд исут, зæгъгæ, æмæ сæхæдæг кусын райдыдтой. Æлхæнджытæй- иу исчи куы февнæлдта фæйнæгмæ, уæд-иу ыл кусджытæ алы дæрзæг дзырдтæ ауагътой, æвзарыны бар сын нæ лæ- вæрдтой. Адæм ныхъхъус сты, кæд æмхуызон мæсты код- той, уæддæр. Вагон равдæлон. Кусджытæ рахызтысты æмæ фæйнæ- джытæ æвзарын райдыдтой. Алчи сæ йэехицæн æвзæрста, цас æй фæндыд, уыйас. - Кусджытæн йедтæмæ дзы никæмæн ис? - чидæр афар- ста Суликъойы. - Сымах тыххæй сæ æвзарынц, тæригъæд уын кæнынц, - хин дзуапп радта уый. Æлхæнджытæй чидæртæ кæрæдзи- йы хъусты адзырдтой. -т Цом милицимæ фæдзурæм. - Æмæ куы фæдзурæм, уæд цы?
^АЛ^оЧЗ^Ов’^^^Л/Ь — Чидæртæ сæ уæддæр фæцæуыныл сты. Вокзалы теле- фонмæ бацыдысты æмæ æрзылдтой горæты милицийы телефоны номер. - Вокзалы фæйнæджытæ уæй кæнынц... Адæм... - Бамбæрстон дæ, - райхъуыст телефоны. Æххæст æм хъусгæ дæр нæ бачындæуыд, афтæмæй трубкæ фæстæмæ авæрдæуыд. Хъæстгæнæг ма телефоны хæтæлыл хæцыд, фæлæ дзы дæргъвæтин сигналты йедтæмæ ницыуал хъу- ыст. - Кæмæ дзырдтай? - йе ’мбæлттæй йæ афарста иу. - Милицимæ, - дзуапп радта Гурген. Раздæхтысты фæс- тæмæ мæстæй, фæлæ сæ уæддæр ныфс уыд, сæ дзырд дзæгъæлы кæй нæ фæуыдзæн, уымæй. Адæм бадтысты хъæдты уæлæ, æнхъæлмæ кастысты. Хур бæрзонд суад, афтæ фæзынд, йæ уæлвæд милицийы кусæг Дзыго дæр. - Адæмы цæмæн мæстæй марыс, цæмæннæ дæттыс фæй- нæджытæ? - скарз Дзыго, - хъæстмæ мæм куы ныххæццæ сты. Телефоны дзурджытæ сæхицæй ныббуц сты. - Ныртæккæ равдæлон вагон, - йæ тæнæг былтæ стылд- та Сесе. - Дæлæ фыццаг машинæ кæй у? - йæхи нысхъæлгæнгæ, афарста Дзыго. - Мæн у, - размæ ралæууыд шофыртæй иу. - Гаццайы лæппын, æмæ кусгæ бон ам цы аразыс? Чи дæ рауагъта куыстæй? Шофырæн йæ мæгуыр зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, фæтарст йæ машинæйæн байсынæй, нырма йæм иу мæй йедтæмæ нæй, æхца бафыста, цæмæй уыцы машинæйыл сбадтаид æмæ... Иу дыууæ сомы йæ акусын фæндыд æмæ... - Марадз, уæртæ-ма йæ уыцы фæйнæджыты амадмæ ба- зил. Сесе} нæхимæ сæ бахæццæ кæн, дæ хорзæхæй, нæ зоныс, хæдзæрттæ æнæастæрд сты, уый. Стæй куы ’рбаздæхай, - баздæхт шофырмæ, - уæд аласдзынæ. Шофыр æхцон улæфт скодта. Фæйнæджытæ цы кусæг равзæрста, уый цæстытæ ирдæй аззадысты. Æвзарæггаг алы фæйнæгæй дæр хъуа- мæ райстаид иу сом, æлхæнæгæй, æмæ ныр Сесейæн фæйнæджыты аргъ нæ ратдзæн Дзыго, æмæ уымæн цы хъуамæ радта. Мæстджынæй дард сбадт, тард куыдзау. Сесе *22
——уЩ’^с^^&О^/^лт мæстæйдзагæй машинæ уысммæ айдзаг кæнын кодта. Дзы- го æрбатары. Машинæ рараст, Сесе Суликъомæ кабинæйы рудзынгæй радзырдта. - Ауадздзынæ сæ, дæхæдæг зоныс. Иу кубометры нымайдзынæ дæс фæйнæджы, алы кубометрæн дæр йæ аргъ у дæс туманы. Кæд дæ милицийæ исчи ацахса, уæд зæгъдзынæ: «Æз æнахуыр лæг дæн æмæ нымады фæрæ- дыдтæн, кæннæуæд та-иу сын сæхиуæттæ аппар». Æз ацы мæгуыргуры фæйнæджытæ ныххæццæ кæнон. Фыццаг-иу ауадз мæнæ ацы шофыры», - ацамыдта йæ фарсмæбадæг- мæ, - адæм йæ фæстæ кæсгæйæ баззадысты. - Æрдæг сахатмæ ам уыдзынæн, - радзырдта ма хъæрæй, адæм æй куыд фехъуыстаиккой, афтæ. Милицимæ телефо- ны чи дзырдта, уыдон кæрæдзимæ бакастысты. - Цы дзы рауал? - йе ’мбæлтты бафæрсæгау кодта Гурген. - Мах фæрцы базыдта, фæйнæг ис, уый, æмæ дзы ала- ста йæхицæн. Адæм сæ хъуыр-хъуырæй нал æнцадысты, сызнæт сты. Дæрзæг дзырд дæрзæг дзырды фæстæ уадис. Къорд æрдæгсахаттæ афардæг ис, фæлæ Сесе никуы зынд. Æниу фæйнæджытæ цы машинæйыл аласта, уый ра- джы ’рбаздæхт. Хур нындæвта. Адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой, сфæлмæцыдысты, æртхъирæнтæ сарæх сты. Æс- тыхсæгау кодта йæхи Суликъо дæр, стæригъæдгæнæг ис. - Æз уæ ауадзин, уæ рын бахæрон, фæлæ фæйнæг барын рæстмæ нæ зонын æмæ... - йæ сæр къултæгæнгæ, дзырд- та уый. - Мах-иу сæ нæхæдæг сбардзыстæм, - чидæртæ йæ разы балæууыдысты. Æниу æлхæнджытæ зыдтой, фылдæр хатт Суликъо фæуæй кæны товартæ, уый. Фыццаг бауагъта, Се- се йын цы шофырæй загъта, уый. Æлхæнæг йæ цæст ахаста фæйнæджыты амадтыл æмæ дзы йæ зæрдæмæ кæцытæ фæцыдысты, уырдæм машинæ базылдта. - Мæ алы фæйнæгæн дæр иу сом æвзарæггаг, - фидарæй загъта фæйнæджыты «хицау» Сослан. Æлхæнæг нйцы сдзырдта. - Æвæрæггаг дæр иу туман. 1 - Æвæргæ сæ мæхæдæг скæндзынæн, - рамæсты Гурген. - Æмæ æз та ам хуыртæ ’хсæдыны тыххæй дæн, мæн
хæрын нæ хъæуы. Гурген ницыуал сдзырдта. Фæйнæджытæ сæвæрдтой. Суликъо сын сæ алыварс метр рахæсс-бахæсс кодта. - Æхсай фæйнæджы, - дзуры химидæг, - значит; æхсæз кубометры. Æхсæз сты; - загъта хъæрæй. - Цыппар йедтæмæ не сты, - ныллæууыд Гурген. - Кæд дæ нæ хъæуынц, уæд сæ уадз; уæйгæнæг æрба- цæудзæн æмæ сæ уый сбардзæн, - фидарæй загъта Сули- къо. Гурген смæсты; хъуамæ сæ ракалдтаид, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд; æртæ азы ардæм кæй цæуы æмæ дзы хуыздæрæй кæй ницы уыны; æмæ та йæ рæстæг дзæгъæлы кæй фесафдзæн. Радта ’хца. Суликъо алы ’лхæнæджимæ дæр кодта быцæу алчидæр æй дзы æлгъыста; цæф дæр ыл дзы сæмбæлæд; фæлæ нæ басаст. Иуæн дзы йæ ыæйнæджытæ калгæ дæр ракодта. Æвæццæгæн; адæймаг куы сзыд вæййы; уæд уый цур бирæгъ ницы у. - Иу къуырма лæг нын абондæргъы нæ нуæрттыл фæ- хъазыд; - цыд адæмæн сæ хъуыр-хъуыр. Фæлæ æмхуызон сдзырдтаиккой; уый дзы нæ уыд. Алчи тырныдта фæй- нæг аласынмæ; уыцы æлгъыстаджы бынатæй тагъддæр аирвæзынмæ. Фæстаг машинæ кулдуарæй рахызт; афтæ Сесе дæр фæстæрдыгæй æмбонды хуынкъæй йæ сæр æрбадардта; æрбахызт йæ куыстуатмæ. - Бæдæйнаг; Суликъо. Уый æнхъæл дæ никуы уыдтæн; - сæппæлыд дзы Сесе, цом-ма ранымай сæ. Суликъойæн йæ хицау æппæлдмæ йæ чысыл гагуытæ ферттывтой. Сесе йæ рагæй хъахъхъæдта æмбонды фæсте- йæ; æнхъæлмæ каст фæстаг машинæйы ахызтмæ. «Кæд ис- чи исты змæнта, уæд уадз æмæ уый дзуапп дæттæд»; йæ фæнд конд уыд; стæй æрбахызт; цæмæй Суликъойæн фа- дат ма фæуыдаид æхцатæй амбæхсынæн æмæ йæ уæл- хъус æвиппай,ды уымæн алæууыд. Ныр уый йæ фæстæ фæцæуыныл. Йæ хицауы уаты чысыл стъолмæ æркалдта ’хцатæ тымбылтæй. - Мæнæ дын дзы сæдæ сомы æмæ уайгæ дæ бынатмæ; мачи мацы адавæд; - афæдзæхста йæ. Суликъо рамæсты; ома абондæргъы адон тыххæй мæхи марын кодтон; фæ-лæ
’ргом ницы дзурын суæндыд. Бахызт йæ будкæмæ. Мæс- тæйдзагæй йæхи æрæппæрста бандоныл. Иудзæвгар бадт æнæзмæлгæ, стæй йе тары йæ къух фæтъыста æмæ цинд- зинад алыгъд йæ сырх цæсгомыл. Уæйгæнгæ кæнын дзы цы ’хцатæ атъыста, уый дзы фæцæйрох кодта йæ фыртыхст æмæ мæстæй. Систа æмæ ранымадта цыппар сæдæ сомы. - Уый дын, гъе. Къа^рныхæй къæрных уды бæстæ у. Фондз сæдæ сомы фаг сты иу боны мидæг. Бирæгъæн би- рæгъы ми хъæуы. ЗындæрнымайæнуыдыстыСесейæн.Райстасæавдсæдæ сомы уæлдай. Фырцинæй йæ рихи базмæлыд, фæстæуæз ау- агъта йæхи. Хъæдæрмæджы раст аргъ æртъыста иу дзып- пы, иннæтæ гъаныр иннæ дзыппы ’рыфснайа, афтæ Дзыго къæсæрыл æрбалæууыд. - Гъе, гъе. Ныр дæ раны дæ, - æрбайхъуыст æм Сули- къойы хъазæн ныхас. Сесе дуары хъинцъмæ йæ сæрыл схæ- цыд. Дзыгойы ауыдта, фæлæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд. Фæкуырм, ницыуал дæр йæ хъустæй хъуыста, гуыр-гуыр ма йын кодтой. - Хорз сæ куы асыгъдæг кодтай, - уыд Дзыгойы фыц- цаг ныхас. - Æнæрай фæуæд сæ къонайæ, æвзарæнтæ дзы бирæ баззад, - тыхласæгау сæппæрста Сесе. - Ды зоныс, дæ хъæдæрмæгæй дыууæ машинæйы ми- лицийы раз урæд сты. Уый тыххæй дæм суадтæн. Хъуыд- даг Хъасбол дæр, стæй областон прокурор дæр зоны. Сæ хæдзæрттæ фехæлæд, афтæ, гъе. Раст лæджы цæрын нал^ уадзынц. - Цæмæн? - фæджих Сесе. - Сæ хицæуттæ хъаст кæнынц, сбарут, дам, сæ, уæлдай, дам, нæ айстауæйгæнæг, - йæ цæстытæ æхцатæм ныйирд- гæнгæ, дзырдта Дзыго. - Уыдон, æвæццæгæн, Суликъо ауагъта. Фæлæу, фæдзу- рон æм, æнæрай фæуæд, нымайын нæ зоны æмæ... - Уый дын ницы баххуыс кæндзæн. Суликъо ницы дзуаппдæттæг у. Фæлæ-ма мын зæгъ, гæххæтт сын радтай, хъйедæрмæг цас аластой, уый тыххæй, кæнæ сæ цас рай- стай?
- Нæ, - йæ сæр баикъуыстауæйгæнæг. - Уæдæ уыдонмæ ницы документ ис. - Нæу бæрæг, ды сæ асайдтай æви нæ. - Тынг хорз æй æрхъуыды кодтай, - бацин кодта Сесе. - Ха, ха, ха! Уæддæр та дæ ирвæзын кæнын! Сесе цыдæр фæгуырысхо йæ «ирвæзынгæнæгыл» æмæ æнæбары загъта: - Дæ фæрцы... - Мæ фæрцы, фæлæ уæлладжы фехсойын хъæуы, æн- дæра æгар схъиудтытæ кæны хæрдмæ, мæн агуырдта æмæ дæм фæдзæхсынмæ суадтæн. Уæрдоны сæмæн куы байсæрдай, уæд нал фæхъинцъ кæны. Сесе йæхимидæг ны- ууазал. «Сæдæ фæйнæг аласта абон, иу къуырийы размæ цыппар тоны ’фсæйнаг, уый размæ урс зест, ныр та... Алы- хатт афтæ. Адæмы стигъын, сæ хъыг сын райсын æмæ кæй тыххæй». Дзырдта химидæг Сесе. Иудзæвгар бадт æнæзмæлгæ, нымдзаст æм Дзыго, - стæй йæ басхуыста. - Гъе... - 0, о, - фестъæлфыд Сесе. Æхцатæм бавнæлдта, систа дзы æмæ йæм сæ йæ цæстытуг мизгæ радта. Уый сæ йæ дзыппы атъыста, цыма сын исынæй тарст. -Æз ныццæудзынæн æмæ сæ дæумæ рарвитдзынæн накладнойтæм, ды цæхгæр зæгъдзынæ, цы йын хъуыды кæнын, цас уæ райстон, уымæн. Фæстæмæ мæнмæ ныц- цæудзысты, æмæ сæ æз... Фехъуыстай? - къухæй ацамыдта, ома сæ ратæрдзынæн, - Хъасбол та адон куы фена, - аца- мыдта ’хцатæм, - уæд... Уый дæр ницæмæй æфсæды, æнæ- рай фæуæд, - загъта ма Дзыго æмæ фæцæуыныл. - Хо-р-з - Сесе айвæзта йæ саст хъæлæс. Дзыго федде. Уæйгæнæг йæ къухтæ быцæу радта йæ роцъомæ. Фыр- мæстæй тъæппытæ хаудта. Æрæджиау цыдæр фæхъуыды кодта æмæ телефонмæ бацыд. Æрзылдта 02. - Мыййаг, уæм хъæдæрмæджытимæ машинæ урæд ис? Нæдæр уыд? Кæрты дæр?.. - Нæдæр дзы ис, нæдæр дзы уыдис дын зæгъын,- те- лефоны райста дзуапп. Сесе мæстæй ноджы тынгдæр адæнгæл, бæстæ йыл аталынг. Рахызт йæ уатæй. Бабадт йæ машинæйы. - Сæрæй та дын дæ царм раласта, - фестъæлфыд Суликъ-
ойы ныхасмæ. Уый йæм ницы сдзырдта, нæдæр æм кæсгæ бакодта. Йе ’хцаты мæстæй йæ цæстыты фæлм бадт. Нæ уыдта рæстмæ йæ развæндаг æмæ дзыхъхъыты машинæ тардта, схъиудтытæгæнгæ. Йæ цæстытыл ауадысты, скла- ды кусын куы райдыдта, уыцы фыццаг бонтæ. Абонау, уæд дæр адæм иу цементы вагоныл афтæ ным- бырд сты. - Иу цементы голлаг дæр никæмæн ратдзынæн, куынæ схæссат горæххæсткомы планон хайадæй гæххæтт, куыд хæдзæрттæ аразут æмæ уæ арæзтадон æрмæг хъæуы, - фидарæй загъта Сесе. Адæм афсæрстой горæххæсткоммæ. Чидæртæ ма дзы аззад вагоны алыварс. Уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, нæ сайгæ кæны, уæйгæнджытау. Ома уырдæм куы ацæуæм, уæд сæ æрбауæй кæндзысты æхца- джынтæн, стæй ацу æмæ йæ базон, гæххæттджыны ауагъ- та æви... Фæлæ Сесе йæ ныхас нæ аивта. Ацы рæстæджы фæзынд милицийы машинæ. Рахызт дзы иу схъæл, фæтæн- уæхск лæг, саулагъз, ставд сау æрфгуытимæ, бæзджын был- джын. Бараст Сесемæ. -Æуыдонæй-ма дæлæ фыццаг машинæйыл бакалын кæн иу фондз тоннæйы, - салам æнæратгæйæ йæм фæдзырдта. Сесе йæм нæ ракаст, афтæмæй йын дзуапп радта: - Горæххæсткомæй гæххæтт хъæуы. - Алкæмæндæр? - Закъон алкæмæндæр иу у, - дзуапп та йын радта, уымæ ’нæ бакæсгæ. Дзыго фездæхт фæстæмæ. «Чизоны мæ нæ зоны» фев- зæрыд йæ хъуыдыйы æмæ Суликъомæ фæраст. - Бацу æмæ дæ ног хицауæн бамбарын кæн, æз... мæнæ дзы... - 0, о, дæ рын бахæрон, æвæццæгæн дæ нæма зо- ны, æндæра æвзæр лæппу нæу, кæм федтай, ахæм лæппу, дæхи хуызæн хæларзæрдæ, сахъгуырд, - Суликъо дзургæ- дзурын фæцæуыныл æмæ Сесейы уæлхъус балæууыд буц æмæ сæрыстырæй. - Сесе, уæртæ уыцы лæджы нæ зоныс? - ацамыдта йын Дзыгомæ. - Чи фæнды уæд, - куыд фæндыйы дзуапп радта уый. - Æнцад, афтæмæй дæ куыст нæ ацæудзæн, нæ горæты милицийы... Дзыго Дзидзойты.
- Æмæ уæд, - сдзырдта, фæлæ фæхъуынсаст. - Уæлдай мацы сдзур æмæ дæ къæбæр хæрай. Науæд æххормаг баззайдзынæ, æз бирæ уæйгæнджыты раивтон æмæ зонын, куыд куыстой, уый, - хъахъхъæнæг ныллæу- уыд йæ хисдæрмæ, стæй йæм нал байхъуыста дзуапмæ, афтæмæй рауад уынгмæ, машинæ мидæмæ ’рбауагъта æмæ «бардзырд» радта кусджытæн. Уыдон машинæ уысммæ айдзаг кодтой. Дзыго кабинæйы бабадт æмæ... - Фæлæу æмæ дын сæ рафыссон, - Сесе йын йæ фæстæ радзырдта, фæлæ йæ уый хъусгæ дæр нæ фæкодта. - Цытæ кæныс, цæй гæххæтт ын фыссыс? Кæм хъомыл кодтай, дæ хуыцауы тыххæй? - уырнын ын кодта Сули- къо. - Мауал æм кæс, йæ фæстæ йын атутæ кæн, ма дæр мæсты кæн. Ам афтæ у, дæ рынтæ ахæрон, аных мæ æмæ дæ аныхон. Афтæ ’нхъæл дæ, уый сæ иууыл йæхицæн ласы. Æй, мæ уд ауай, гъе. - Уый та куыд, сæ аргъ сын мæхи дзыппæй бахæссон хи- цауады кассæмæ? - Голлаг æртæ соммæ ауадз, адæм ын йæ аргъ афтæмæй зонынц. Ды уæртæ уым лæу æмæ голджытæ нымай, æхца исын мæ бар уадз, - йæ цæст фæныкъулгæ, амыдта хъа- хъхъæнæг йæ хицауæн. Сесе стыхст. «Ай кæм бахаудтæн». Баззад лæугæйæ, цыма вагоны дзаг фæллойæн æппындæр дзуапп нæ лæвæрдта, уыйау. Горæххæсткомы планон хай- ады гæххæтмæ ма чи банхъæлмæ каст? Суликъо дуæрттæ бакодта парахатæй, къухæй ацамыдта шофыртæм, зæгъгæ, мидæмæ цæут. Йæ сырх цæсгом ноджы асырх, йæ лæгуын æрфгуыты бынæттæ хæрдмæ слыгъдысты нарæг ныхыл. Вагоны дуары раз æппæтаей сæрæндæр шофыр йæ ног ЗИЛ фæурæдта. - Марадзут, лæппутæ, бавгæнут сæдæ голладжы, - бард- зырды хуызы загъта уый. Лæппутæ цæрдæг фестадысты, цыма салдæттæ уыдысты æмæ сыл сæ командир скомандæ кодта. Кусджытæ рæвдз февнæлдтой, скъæфтой цементы голджытæ вагонæй машинæмæ. Уысммæ йæ айдзаг код- той. Шофыр сæм æвæрæггаг æхца баппæрста, стæй Сесейы раз балæууыд. - Сæдæ голладжы, мæнæ дын æртæ сæдæ фæндзай со-
— 1ЛЛЛ-о<5ЧЗ^Оо©^а^><>ллЛ| мы сæ магарычимæ. Иу сахатæй фæстæмæ дæн ам, кæд ма мын дзы иу ахæм ныууадзай, уæд... Йæ къухтæ йæ риуыл авæрдта. Сесейы къухы ’хцатæ тымбылæй фæсагъта. Уый сæ нæ рахатыд, йæ фæстæ каст. Æргъæвст каркау нымпылд, йæхимидæг сыгъдис, цыма йыл исчи пысыра фæрасæрф- басæрф кодта, цыма йæ алыварс лæуджытæ иууылдæр уымæ кастысты, ууыл худтысты, афтæ йæм каст. Суликъо йæ басхуыста. Уый фестъæлфыд. - Дæ размæ дзы чи куыста, уыдон дæр афтæтæ арæзтой. Афтæ ’нхъæл дæ, цы шофыртæ сæ ласынц, уыдонæн сæхи хъæуынц. Гъей, мæ уд ауай! Уыдон сæ быдыры хъæуты ’рбауæй кæндзысты фæндзгай сомтыл. - Сесе йæм зулмæ бакаст, фæлæ йæ бон сдзурын нæ ба- цис. Вагон равдæлон. Гæххæтджынтæй * бирæты цемент нал фæцис æмæ загъд-замана самадтой. Уæйгæнæг сæм ницымбарæджы каст кодта, йæ бон сын дзуапп радтын нæ уыд. - Цы йæм ныууырдыг стут? Уый аххос у? Цемент цы уыд, гæххæттытæ уын уымæй горæххæсткомы фылдæр радтой æмæ уым ацы мæгуыр лæг цы аххосджын у? Науæд цы ’рцыд? Гæххæттытæ уæхимæ уадзут, къуырийы кæрон цемент уыдзæн æмæ райсдзыстут, - дзуапп лæвæрдта Се- сейы бæсты Суликъо. Адæм фæсабыр сты. Сесе джихæй лæууыд. Суликъо та адæмыл йæ цæст ахаста. - Еныр, уæ рынтæ ахæрон, уæхæдæг уæхиуыл номхыгъд саразут, æрмæст гæххæттджынтæ, æмæ уæ алчидæр къуы- рийы фæстæ райсдзæн цемент. Иу чидæр фыссæнтæ фелвæста æмæ номхыгъд аразын райдыдта. Сесе адæммæ нал каст, фæлæ йæ цæстытæ ныц- цавта йæ «зондамонæгмæ». Цы хъуамæ рахатыдаид сырх цæсгомыл. Уазалы ризæгау рызт Сесе, афтæмæй йе ’хца ны- майын райдыдта. Уæлдай дзы чи уыд, уыдонмæ февналын нал уæндыд. Къуымтæй йæм цыма органты кусджытæ сæ цæст дардтой æмæ йæ æрцахсынмæ хъавынц, афтæ йæм каст, куы-иу рудзынгæй радардта йæ цæст, куы дуарæй. Фæлæ дзы органты кусджытæ нæ, змæлæг дæр ничи уыд, æрМæст Суликъойы ауыдта йæ будкæйы æхцаты нымайгæ. «Амбæхста дзы», химидæг загъта Сесе.
о\лл<нз\е**©о<з**е/гм>^—— Уæдæй фæстæмæ цал хуынды фæцис Дзыго Сесейæн. Цас адджын пъатæ йын фæкодта Дзыго. Йе ’фсымæр æй ху- ыдта, йæ мады зæнæг, йæ рахис цонг, йе стыр ныфс. - Цалынмæ дын æз гас уон, уæдмæ æппындæр мацæ- мæй тæрс, макæмæй аргъуц кæн, нымай мæ дæхицæн фыдæлтыккон фидар мæсыгыл, - дзырдта-иу Дзыго Се- сейæн. Машинæ дзыхъхъы фесхъиудта æмæ уæйгæнæг йæ хъуыдытæй фæиппæрд. * * * Раст уыцы бонæй къуыри фæстæдæр Сесе райста иу ва- гон æфсæйнæгтæ: уæдæ трубатæ зæгъай, æмбæрзæн зест... Цыбыр Дзырдæй, цы дæ хъуыд æмæ дзы цынæ ссардтаис. Суанг хæйрæджыты цæстыты онг дæр. Фæлæ Сесе вагонмæ куы ныккастис, уæд йæ хуыз фæлыгъд. Вагон разынд цух. Мæстæй сыгъд, дудыдта, афтæмæй хъæдыл æрбадт. Исчи- иу æм куы сдзырдта, уæд-иу раст дзуапп нæ радта, кæнæ та-иу ын буцтæ скодта. Алыхаттау. Уыцы бон дæр, адæмæй базмæлæн нæ уыд магазины раз. Уæзтæисæн къран арæх- стгай иста товар æмæсæ зæххыл æвæрдта. Кусджытæ бæз- джын æрмкъухтимæ архайдтой вагоны. Æлхæнджытæ сæхи аууæттæм байстой, сбадтысты бæлæсты бынты, тæвды тыхстысты. Бирæтæ дзы райсом æххормагæй рацыдысты. Бæргæ сæ фæндыд, искуы исты куы ахордтаиккой, фæлæ та, мыййаг, æнæхай куы фæуой сæ хъæуæг æрмæгай, уæд сæ бирæтæн сæ масты дзæкъултæ аскъуыйдзысты, æмæ алчи бадт, æнхъæлмæ каст, вагон кæд раафтид уыдзæн, уымæ. Вагон æрдæгæвдæлон уыдаид, афтæ иу уæзласæн машинæ балæууыд вагоны размæ. Йæ кабинæйæ рахызт Дзыго. - Гъе, уæ хæдзæрттæ фехæлой, кæд æфсæйнæгтæ ли- дзгæ никуыдæм кæнынц, æддæдæр ралæуут, уæд та уæ ис- кæуыл исты рахауд, - бауайдзæф кодта, вагонмæ ’ввахс чи лæууыд, уыдонæн. Бирæтæ йæм дзы зулмæ ракастысты. Уый Суликъойы ’рдæм фездæхт, йæ къух ын райста, стæй йæ афарста:
- Сесе кæ ис? - Уæртæ лæууы, - къухæй йын æй ацамыдта. - Гъей, Сесе, рауай-ма, - йæ къух æм фæтылдта куыд- фæндыйæ. - Нæ мæгуыргур та схæццæ, - иннæрдæм дзургæ аздæхт Суликъо, - йæ фæдджи та йæм бадардта. Гъе, гъе, куыд æдзæсгом дæ, куы, куыд ницæмæй æфсæдыс, дæ цæсгомыл дæ къух куыд ист скодтай, куы, - нал æнцад йæ хъуыр- хъуырæй, - йæхæдæг хъуамæ рæстыл тох кæнид, уый та адæмы стигъыныл ныллæууыд. Адæмы тызмæг цæстæнгас æфсæйнæгты ныхст, фæлæ сæ Дзыго хъуыды дæр нæ кодта. Йæ синысæрты йæ æрмттæ сæвæрдта æмæ ’нхъæлмæ каст Сесемæ. Сесе йæ раджы фæхатыдта, фæлæ йæ цыма нæ уыдта, уыйау лæууыд. Фыр- мæстæй йæ хурхы тугдадзинтæ аставд сты. «Хуы», сдзырд- та йæхимидæг. Иудзæвгар лæууыд æнæзмæлгæ, стæй уый ’рдæм цалдæр къахдзæфы сарæзта. Æрлæууыд. Каст æм комкоммæ. - Æввахсдæр-ма мæм... - сдзырдта Дзыго, йæ къух сиды- ны тылдгæнгæ. - Æз кусгæ кæнын, дæхæдæг æввахсдæр рацу, рад- та йын дзуапп. Уый йæм фæцæуыныл йе уæхсчытæ фехс- фехсгæнгæ. - Цух дын рацыдысты, мыййаг? - Æнæмæт у - цæхгæр дзуапп ын радта уæйгæнæг. - Цæмæн? Иугæр дын цух куы уой, уæд... - Мæнæ-ма дзы авæрын кæн лæппутæн, - Дзыго аца- мыдта машинæмæ. - Цы-ма дын баззад æнæарæзтæй? Науæд мын цух куы уой, уæд мын афтæмæй баххæст уыдзысты? - амæсты Сесе. - Мæ сæнæфсиртæн... Стæй дзы облпрокуроры хъæуы, не’фсæды... - Цавæр сæнæфсиртæ сты, уыдон тыххæй дыууæ хатты куы аластай? - ныллæг, фæлæ фыдæх хъæлæсæй загъта Се- се, - прокуроры та дзых ис æмæ... - Цæй бирæ ма дзур, - барджынæй загъта Дзыго, - про- курор йæхæдæг хъуамæ ссæуа? |- Уымæн сæ мæхæдæг нылласдзынæн, фæлæ дæхæдæг кæй аласай, уыдонæн та сæ аргъ чи бафиддзæнис?
л\лл<к>\е^ф<з^2/о«ил/ъ—— - Айæппæт товартæй уыдон аргъ бамбæрзын кæд дæ бон нæу, уæд ам цы аразыс, бынат дзæгъæлы цæмæн са- фыс? - Мæнæн бирæ цыдæртæ у мæ бон, фæлæ дæу фæнды, æз адæмы сайон, ды та фæллой кæнай, искæй къухæй зынг схъауын хорз у? - Ды та, ме ’рдхорд, искæй къухæй сындз тонын уар- зыс. Цал хатты дæ фервæзын кодтон? Ферох дæ ис? - Дзыго ныллæг ауагъта йæ ныхас, - хъæстгæнджыты хъуыддаг куыд равзарын, ды дыууæ цармы кæмæй рала- сыс, уыдон? Афтæмæй ныр дыккаг хатт мемæ быцæуыл ныллæууыдтæ. - Кæд æй зоныс, уæд сæ иу царм дæу тыххæй раласын, æмæ дæхиуыл хъаст хъуамæ дæхи пайдайæн равзарай. Уæдæ дæ куыд фæнды? Хисдæртæй алкæй æфсон куы ла- сыс, уæд цавæр у? Ды сын æрмæст цумагæнæн дæ? Дæ ку- ыст æндæр ницы у? - Хорз уæдæ. Æз сын зæгъдзынæн, нæ мын радта, фел- гъыста уæ. - Зæгъ, цыдæриддæр дæ фæнды, уый. Уыдон номæй кæй ласыс, уый иууылдæр ласыс дæхицæн. Афтæ ’нхъæлыс, нæ йæ зонын? Дыууæ «æрдхордæн», æнхъæл куыд нæуыдысты, сæ ны- хас афтæ карз рауад. Иу дзы йæ сæрмæ нæ бахаста иннæмæн ныббарын. Алчи дзы йæхи æнхъæлдта, нæ æз лæгдæр дæн. Ахæм быцæу рауайы, давæггаг фæллой кæй сæнгом кæны, уыдон æхсæн, фæлæ расты бынаты кæддæриддæр баззайы тыхджындæр. РафыхтДзыгойымаст.Кæдуыдисæмæуымæ искуы исчи, афтæ бауæндыдис. «Ау, мæ армы дзыхъхъы куы ис». Йæхи иуварс ласта, цæмæй сын сæ быцæу ныхас ма бамбæрстаиккой æлхæнджытæ, фæлæ Сесе йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Уый фæндыд, цæмæй сын адæм хъуыстаик- кой сæ ныхас. Æниу Дзыго ахæм рæстæджы быцæу ныха- сыл никуы ныллæууы, фæлæ йæм æгад æркаст, дзурын æм кæй суæндыд, уый. Стæй йын уæлдайдæр нал уыд, уымæн æмæ уыцы бынаты бирæ кæй нал баззайдзæн, уый дæр хорз зыдта æмæ ма кæмæй цы ратыдтаид, ууыл уыдис. - Макæ, Сесе, дæ фæндаг мæныл у æхсæв фыны дæр, -
йе уæхск ын æрхоста Дзыго. - Мæн кæй цумагæнæн хоныс, уыдонæн та æз цы зæгъон, уымæй дарддæр ницы саразд- зысты. - Ныууадз мæ, мæгуыргур мæм ма цу æмæ мæ фæндаг дæуыл æппындæр никуы уыдзæн, стæй нæ органты кусджытæ цы аразынц, уый кæд дæ ныхасæй у, уæд мæ цард дæр нал хъæуы æмæ бон дæр. - Гъы, ничи йæм хъусы, йæ бызгъуыртæ акалдта æмæ йæхиуыл куыд схæцыд. Ферох дæ ис дæ ахуыргæнæджы мызд æмæ... - Дæ бызгъуыртæ дын цыма æз къаддæр нæ акалдтон, - нал баурæдта Сесе йæхи. - Рох дæ у, дæ хуызæтты тыххæй мæм адæм знаджы цæстæй кæсынц, уый? - Мæн тыххæй цæмæн?! - нытъæлланг ласта Дзыго. - Машинæгай куы фæласыс, уæд уыдон аргъ кæцæй хъуамæ райсон æз? Адæмæй сæ нæ исын? Æмæ кæй сайын, уый мæ ’рдхорд скæндзæн. Фæиппæрд дæн мæ фæндагæй, нæма йæ бамбæрстай? Кæсыс, уæртæ уый у ахуыргæ- нæг, - ацамыдта чысыл фалдæр лæууæг сылгоймагмæ. - У æрмæстдæр йæ мыздыл, æз æмæ дæуау, уый никæй стигъы, цæуы мæм трубаты тыххæй ныр æхсæз мæйы^ йæ фале хæсты инвалид, йæ туг ныккалдта мах хуызæтты тыххæй, йæ иу къах уым ныууагъта æмæ æз æмæ ды та цытæ ара- зæм. Уыдонæй æз цы уæлдæйттæ райсын, уыдонæй бафи- дын, ды мæнæй кæй байсыс, уыдон аргъ. Кæнæта сæ ’хсæвыгæтты сусæгæй æрбауæй кæнын уæлдай æргътыл. Уыцы хъуыддæгтæ мын ды дæхæдæг амыдтай. Ферох дæ сты? Базонис ма, адæм мæ куыд сæ удхæссæг федтой, уый! Афтæ сæ удхæссæг уынынц дæуæй дæр. - Цытæ дзурыс, цы? Дзыго туджы лалым фестад. Гæнæн ын куы уыдаид, уæд ыл йæхи дæр ныццавтаид, фæлæ... Адæм.сæм хъуыстой, æввахсæй-æввахсдæр сæм цыдыс- ты,цæмæй,дзырдцæуылу,уыйбамбарой.Стæйкæрæдзийы дзыхæй дзырд айстой: - Хуыцау, кæрæдзи мидæг сæ скæн! - Кæрæдзийы адджындæрты хистытæ бахæрæнт! - Кæрæдзи тъæнгтæ рауадзут! - Кæрæдзи кæрттыл бафтут!
- Адæмы тæригъæд бирæ у! - Тугæй фæомут уæ давæггæгтæ! - Сесе хæстæгдæр балæууыд Дзыгомæ. - Ды хъуамæ рæстыл тох кæнис, æмæ дæхæдæг ахсинаг дæ, - загъта Сесе ныллæг хъæлæсæй. Дзыгойы цæстытæ адынджыр сты. - Куыд! Адæмæй уæлдæйттæ цæмæн исыс? Алыхатт мæм хъæстмæ куы цæуынц! Уынгæджы дæ фæон? - йæ ны- хас загъта хъæрæй, адæм æй куыд фехъуыстаиккой, афтæ, æмæ цавæрдæр гæххæтт стылдта, нæ фæткæвæрæг. - Мæнæ гъе сæ хъаст! - уымæй хъавыд Сесейы басæттын, йæхæдæг та сурты ахизын. Фæлæ йе схъæл ныхæстæ æнæхъуаджы фесты. Сесе ноджы скарз. Сивæрзт дзы ноджы хъæбæрдæр дзырдтæ. Дзыго машинæйы абадт æмæ фæцæуыныл. - Фæлæу, æрхаудзынæ та, - радзырдта ма йæм маши-нæ- йæ æмæ æрбадæлдзæх. Адæм джихæй баззадысты. Иутæн æхсызгон уыд сæ быцæу, иннæты бафæндыд Сесейы сæрыл рахæцын. Фæлæ цæмæн?.. Фæстаг хатт сæ алкæмæндæр йæ зæрдæйы баззад æф- сæйнаджы мурыл сагъæс. Сæ къухтæ ауыгътой. - Чи сæ цы-фæнды кæнæд. - Кæрæдзи туджы сæвдылæнт. - Ахæмты хæлардзинад хылыл фæвæййы. - Фæлæуут, адæмы тæригъæд дуры гуыбыны куынæ тайы, - дзырдтой фæйнæрдыгæй æлхæнджытæ. - Цы сарæзтай, цæуыл фесæфтай дæхи, - Сесейы хъу- стыл ауадысты Суликъойы ныхæстæ. Уый йæм нæ фæзылд, ницы йæм сдзырдта æмæ фæхъыг. «Ацыт паддзахы ауыгъ- ды фæут уæ дыууæ дæр, мæ бинонтæн мын иу адджын æхсæвæр фестут». Загъта химид æмæ иуварс ацыд. Сесейы зæрдæ аскъуыйыны онг ныддæнгæл. Йæ маст йæ хуылфы нал цыд, афтæмæй фæраст йæ кабинетмæ. Уым æрбадт, йæ сæр стъолмæ æруадзгæйæ. Ницыуал æм хъуыст адæмы ’лгъыстæй дарддæр. Уыдта сын сæ тызмæг цæстæнгас, сæ былтæ йыл куыд ракъуыр-бакъуыр кæнынц, афтæмæй йæм дзы уыцы уысм æппындæр æввахс ничи уыд. - Абон ацы фæйнæджытæ ауадздзынæ æв^ нæ? - ауад йæ хъустыл. Уый хæрдмæ скаст. Йæ сæр йæ гуыз-гуызæй
——^\л/^н5чз^9«©1^а^>о-алл/ нал æнцад, цыма йын æй исчи къуырмацæф ныккодта... Кæм уыд, уый йæ æрбайрох. Йæ разы дыууæ лæдзæджимæ лæууыд лæг. Уый лæдзгуытыл йæхи æруагъта æмæ йæ тыхулæфтæй нал æнцад. Уæйгæнæг æм каст æнæдзургæ, цъынддзæстæй, цыма фырнозтджынæй йæ бон кæсын нал уыд. Бацæуæг дзы фыдæхин сагъд йæ цæстытæ ныккодта æмæ Сесе йæ сæр бынмæ ауагъта. - Æххæст вагон равдæлон уа, мæнæ уал ам æрбад, - аца- мыдта йын бандонмæ. - Вагон афтид у. Сесе сыстад, фæлæ цыма йе онг йæ бар нал уыд, афтæ йæм каст, фырмæстæй йе ’фсæртæ ныууадысты. Адæмыл номхыгъд сарæзта аиппджынтæй дарддæр æмæ сæ рады сæвæрдта. Æхцаджынтæ Сесемæ сæхи æв- вахс-æввахс ластой, йæ хъусы йын-иу цыдæртæ адзырд- той, фæлæ сæ цыма нæ хъуыста, йæхи афтæ дардта, куы та- иу цæхгæр загъта: - Дæ рад куы ’рцæуа, уæд дæ ауадздзынæн... Иуæрдæм ахиз... Ма мæ хъыгдар... Дæхицæн сæ уадз. Фыццаг ауагъта инвалидты. Алы æлхæнæгæн дæр фы- ста товары аргъ æмæ уæз. Адæм дисы бафтыдысты æф- сæйнæгты аслам аргъыл, сцымыдис сты, сæ æргътæ къад- дæр фесты, æви цы хабар у, фарстой, стæй кæрæдзийы дзыхæй айстой: - Æргътæ нæ фæкъаддæр сты, фæлæ йæ «хъалоныл» нæ загъта æмæ... - Йæ намыс æм сдзырта. - Бафсæст, бафсæст... Сесе сæ бæргæ хъуыста, сыгъд мæстæй, дудыдта, фæлæ цыма ницы хъуыста, йæхи афтæ дардта. Уыцы рæстæджы Дзыго та чысыл фалдæр йæ кусджытæй дыууæимæ урæдта алы машинæйы дæр, уыдта товартæ, гæххæттытæ, барста сын сæ уæз. Цалдæр машинæйы товары уæзмæ дзы ныккомкоммæ, фæлæ-иу æлхæнджытæ йемæ не сра- зы сты, кæмæн-иу мæнг актыл йæ къух фыссын кодта, кæй дзы ахстæй акæнынмæ хъавыд, кæй та дзы ардыдта, цæмæй загътаид, гæххæтты мын цы ныффыста, уымæй мæ фылдæр айста ’хца, фæлæ йын ничи сразы. Уæд ныллæууыд шофырты фæтæрсын кæныныл, цæ-мæй машинæтæ нык-
о\лл-о<ле**©<з^/см>лл/ъ—— кодтаиккой милицимæ. Уым йæ фæнд уыд: «Æлхæнджыты бакæндзынæн кабинетмæ æмæ дзы афтæмæй иу труба рап- парын кæндзынæн». Æмæ Сесе уыдзæн йæ къухы. Фæлæ йæ хъуыды фæмæнг. Шофыр-иу куы сразы милицимæ ма- шинæ ныккæныныл, уæд-иу æлхæнджытæ сæ фæллой машинæйы гуыффæйæ ракалдтой. Афтæ йæ хъиутæ фæ- хордта Дзыго стæй мæстæйдзагæй араст йæ кабинетмæ, æртхъирæнтæгæнгæ: «Фæлæу, уæддæр æрхаудзынæ, дæ фæндаг мæныл у». Бон-изæрмæ йæ дудынæй нæ ба^нцад Сесе. Уæззау зæр- дæйы уагимæ ныххауд йæ уаты. Йæхи æфхæрдта: «Кæй тыххæй знаг кæнын адæмы мæхимæ? Цы мын нæ фаг кæны? Хæдзар мын ис горæты, хъæуы, ис мын машинæ, ме ’фсин кусы. Иунæг лæппу мын ис даринаг æмæ уый фаг куыд нæ ссардзынæн. Мæ мад пенси исы. Раст кусдзынæн æмæ мын ничи ницы хъомыл у. Цæмæн бафтыдтон мæхи адæмы цæсты? Нал мæ хъæуы ацы куыст. Цæйнæфæлтау мæ адæмы фыдæх уа, фæлтау мæ хуыцауы фыдæх уæд. Æнæмæнг нæу æмæ бирæтау ме ’хцатæ зæххы бын ныгæ- дæй баззайой». Ацы уысм йæ зæрдыл æрбалæууыд, гара- жы рæбинаг къуымтæй иуы’фсæйнаг чырыны цы ’хцатæ баныгæдта æртæ мæйы^ размæ, уый. Фестъæлфыд. Цыма йæ исчи фæрæхуыста. Йæ сæрыл дыууæ къухæй ныххæ- цыд. «Уæд та æвиппайды амардтæн, уæд сæ чи зоны? Кæйонг мæ скодта ’хца». Лæг ныууынæргъыдта. «Нал! Мæ намыс! Сегасæй хуыздæр - ахуыргæнæ^жы уæздан намыс! Уымæн æхцайæ балхæнæн нæй!» Цыма истæмæй фæтарст, йæ сæр хъæццулы бын атъыста. Иудзæвгар афтæ æнæзмæлгæ фæхуыссыд, йæ улæфт дæр нал хъуыст. Æрæджиау йæ сæр хъæццулы бынæй сдардта æмæ йæ ны- хы хид асæрфта. Æхсæв-бонмæ йæ рафт-бафтæй нæ бан- цад, цæстыхаутæ кæрæдзимæ ’нгом кæнын нæ куымдтой. Афынæй бонæрдæм æмæ уæд та фыдфынты хай фæцис. Чидæр ын йæ хурхмæ кард ныддардта. Лæг нырдиаг ласта, фехъал. Йе ’фсин лæууыд йæ фарсмæ, дзуры йæм:
- Дæ мад тыхсы æмæ йæ дохтыртæм куы ныддавис. Стæй дын куыстмæ цæуын афон дæр у. Сесе фестад. Йæ мады уатмæ бауад. Сылгоймаг ныффæ- лурс, йæ хъæрзынæй нал æнцад. Фырт стыхст. Зæронд усы арæвдз кодта йæ чындз. Сесе гаражæй ма-шинæ ракодта. Мад сбадт фæстаг бадæныл йæ чындзы фарсмæ, цæмæй йыл хæцыдаид. Машинæ фезмæлыд, лæгъзвæндагыл йæ цыд фæтагъддæр. Ацы рæстæджы машинæйы рæзты иу ку- ыдз ралыгъд. Машинæ æвиппайды фæндæджы кæронмæ фæзылдта, цæлхытæ бардюртыл стылдысты, схъиудты- тæгæнгæ, фæстаг дуар фегом, зæронд ус рахауд, сæр дурмæ ахаста æмæ йæ мæгуыр цард фæцис. Сесе æмæ йе ’фсины богъ-богъмæ адæм æрæмбырд сты. Уайтагъд æрбахæццæ «тагъд æххуысы машинæ, йæ уæлвæд милици дæр. Дзы- го хъуыддаг куы бамбæрста, уæд йæ мидбылты бахуд æмæ йæхимидæг загъта: «Нæ дын загътон, дæ фæндаг уæддæр мæныл у» - Мард - моргмæ, шофыр - милицимæ, - загъта Дзы- го, кæд уымæ нæ хаудта, уæддæр. Сесе йæм уæззау разылд фæстæмæ æмæ тымбыл къухæй йæ риу ныххоста. - Йæ мадыл ын сымах зæрдедæр стут? - бадзырдта йæм фæдисы адæмæй чидæр. Куыстмæ ХъаÆолæн йæ фæндаг уыд ууылты æмæ адæмы дзыгуырæй куы федта, уæд, æрлæууыдис. - Цæугæ мæ разæй? - Дзыго карзæй бадзырдта Сесемæ. - Иæ мад уыд, ныгæнын ын æй бауадз, - сабыр æм бад- зырдта Хъасбол, стæй фæхъуыды кодта: «Ацы хъуыддаг уымæ цæмæн хауы». Дзыго цавддурау фæцис, цыдæр сдзу- рынмæ ма хъавыдис, фæлæ фехгæдта йæ дзых, стæй сау- джыны бæхау æрбадæлзæх. Дзыго Сесемæ бон фондз хатты сидтис милицимæ, фондз хатты йæ раздæхта. - Æз дæм æппындæр нæ фæдзурин, фæлæ мæ уæллæгтæ нæ уадзынц æмæ цы кæнон, деттæ сæ айсæрд æмæ ныс- сыпп уой, - загъта йын фæстаг хатт, цыма йыл стыр мæт кодта. «Дзæбæх æй сыстигъдзынæн, стæй йæ ныппарæнт. Фыхъойы къухы нæй æви... Æрмæст йе ’рцахстæй мæнæн цы пайда ис». Йæхимидæг скъуыддзаг уыд йæ фæнд.
-—аци^нз^©о©^^ь>ллл^—— Дыууæ лæджы кæрæдзийæ зылын куы вæййынц, кæнæ сæ'хцакуысбæтты,уæдсæфыццагфæмæстæйкæрæдзийыл ницæмæй фæцауæрдынц, фесæфы се’фсæрмдзинад, æхца- йы бын сын фæвæййы. Алчи сæ.фæхъуыды кæны иу дзы иннæйы асайыныл, ферох сæ вæййы, дзаджджын фын- джы фарсмæ цы адджын ныхæстæ фæкæнынц, цы адджын пъатæ фæкæнынц сæ кæрæдзийы былтæн, уый. - Хорз, Дзыго. Байсæрддзынæн уæ. Зоныс æй, æрцыд мыл æнæбары хъуыддаг, фæлæ мард мард у Æз дæн ма- рæг. Ратдзынæн дын. Ныххатыр мын кæн, айразмæ дæр фæрæдыдтæн, дæхиуæттæ айс æмæ... - Загъта Сесе йæ фæ- стаг фембæлды Дзыгойæн. - Цæмæн мæхиуæттæ? Мæнæн цæмæн? Уæллæгтæн! Мæн ницы хъæуы. Мæнмæ цалæй æнхъæлмæ кæсынц, уый зоныс? Фыхъо, Хъасбол, гъери-гъа, рын дæр сæ нæ сыс- къуындзæн. Алчи сæ йæхиуæттæ домы. Æз та... Æвзæр ку- ыдз ссы кæнын йедтæмæ ницæмæн бæззы! - дзырдта йæ хъæлæсы дзаг ныххудгæйæ. «Æцæг, куыдз куы дæ, куыдз», загъта химидæг Сесе. «Цы мæ йæ ныхтæ ныссагъта... зоны, ’хца мæм ис... стæй мæм къахæвæрæн дæр ссардта æмæ...» - Зон, дон сызмæнтын куыд зонын, афтæ йын йæ ныр- рæсуг кæнын дæр зонын. Хæрзæбон аразæг дæр æз дæн æмæ фыдбылыз аразæг дæр. Расты афтæ ныззылын кæнын æмæ никуыуал сраст вæййы, зылыны та афтæ сраст кæнын æмæ йыл зылыны нысан никуы разыны, - дзырдта Дзы- го, стъол тымбыл къухæй æрцæвгæйæ. Куы фæхатыд, Сесе сæтты, уæд æй ноджы бафæндыд, цæмæй йын бауырнын кодтаид, йæ къухы кæй ис, фезмæлæн ын кæй у æмæ йыл ацæудзæн, Дзыгойы куыд фæнда, афтæ. - Цас сын æрбахæссон, раст мын зæгъ. Æз дæр дæ фæрцы сцæрæг дæн, дæуæй мыл бирæ хорздзинæдтæ ис, - дзырд- та, йæ дæндæгтæ ферттывдгæнгæ. - Цасæй мæ цы фæрсыс? Уыдон сын бынат ссардзыс- ты. - Дыууæ дæр ныххудтысты. Сыстадысты. Сæ æрмттæ кæрæдзийы уæхсчытыл æрæвæрдтой, сæ цæсгæмттæ кæ- рæдзимæ базилгæйæ. Сесе рацыд. Дзыго йæ рахизын кодта къæсæрæй. Дуар ын йæ фæстæ рахгæдта, стæй бацыд рудзынгмæ æмæ йæ
фæстæ каст. «Дзыго дæ хуызæтты цæрмттæ бирæ раласта æмæ раласдзæн», - загъта ма химидæг. * * * Æхсæвыиуæндæссахатылчысылпарчыскверты’хсæнбан- доныл бадт нæлгоймаг. Уый йæ уачъи рæстæгæй-рæстæгмæ сивазы, фæйнæрдæм ахъахъхъæны æмæ радгæс милицио- нерты куы ауыны, уæд фæстæмæ ’рбады. Иурæстæджы ни- куыуал разындысты. Уæд нæлгой-маг фестад æмæ парчы уынджы дæсæм хæдзары раз балæууыд, фæйнæрдæм тарст ракæс-бакæсгæнгæ. Дуары дзæнгæрæджы кнопкæйыл ба- хæцыд æмæ цасдæры фæстæдæр кулдуары бахизæн фегом. Нæлгоймаг фæмидæгæй. Йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп æм хъу- ыст, раст дзæбугæй хойæгау. - Чи дæ хъæуы? - фæтарст, дуар бакæнæг, æвзонг лæппу, æнæзонгæ лæджы ’рбафсæрстæй. - Хъасбол мæ хъæуы, - тыхулæфтгæнгæ дзуапп радта уый. Лæппу мидæмæ бацыд. Нæлгоймаг йæ хъус адардта уынгмæ, ома йæ исчи æдде хъахъхъæны æви нæ. «Миййаг, Дзыго искуыцæй...» Йе ’муд нал цыд. - Чи дæ хъæуы, мидæмæ рахиз, - райхъуыст æм Хъасбо- лы хъæлæс. - Æз дæн, - нæлгоймаг сдзырдта саст хъæлæсæй. - Сесе? Цы дæ ’рбахаста? - йæхи фæтарæрфыг кодта Хасбол, - дæ мады тыххæй æрбацыдтæ? Уый мæнмæ нæ... Стæй ам мæ кусæн кабинет дæр нæу. - Нæ, уый тыххæй не ’рбацыдтæн. Мæ мады мын мæхи- цæй фылдæр ничи уарзта. Цы кæнон? Æбарвæндоны хъу- ыддаг мыл æрцыд. - Уæдæ ма дæм ногæй цы ис? - Абон дын æфсæйнæгтæ нæ рарвыстон, райсом дын сæ æрбаласдзынæн, фæлæ кæдæм, уый нæ зонын. Уый йæм фæрсæджы каст бакодта, стæй уæззаугай сфæ- рæзта: - Цæй æфсæйнæгтæ? - Дзыгойы куы сæрвыстат. -Æз никуы никæй сæрвыстон æмæ мæ æфсæйнæгтæ хъæугæ дæр нæ кæны.
- Хъасбол, дам мæ рарвыста, трубатæ æмæ... Айразмæ та дын фæйнæджытæ рарвыстон. Хъасбол джихæй баззад. Куыд-фæстагмæ йæ цæстытæ адынджыр сты. Сесе дзурын райдыдта, цыдæриддæр ын Дзыго аразын кодта, уый. Цы дзы ласта, æхца дзы алы мæй дæр куыд куырдта Хъасболы номæй. Хъасбол-иу къæхты бынæй ныуулæфыд, æрфгуытæ нылхынцъ ласта, афтæмæй йæм хъуыста. Сесе ма йын радзырдта йæ ратарды хабар дæр, йе ’ртхъирæнтæ. - Ныр дæр та мæ куры ’хца, авари кæй сарæзтон, уый тыххæй. Сымахæн, дам, уæхиуæттæ, науæд, дам, дæ ахсын кæнынц. Æз æй зонын, мæ бынат ахæстон у, фæлæ мæ мад барæй... Расыг нæ уыдтæн... Хъасбол фестъæлфыд, йæ цæсгом туджы азылд. Сесе йæ фæхатыдта æмæ йæ ныхас æрдæгыл фæурæдта. - Цас дæ æркуырдта? - Бынаты тыххæй, дам, æддæ нæ баззайдзысты. - Гъы, уый хорз хъуыддаг у, гъе, - фестад, цыма йæ ис- чи уæлдæфы скъæфгæ скодта. «Мæ цалдæр азы куысты ку- ыд никуы рахатыдтон, мæ фарсмæ ахæм кусы, уый». Ба- каст Сесемæ цъынддзæстæй. «Чизоны, ай йæхæдæг дæр рæстæгтæй нæу». Стæй та йæ зæрдыл æрбалæууыд, иу хатт æм телефоны куыд æрбадзырдæуыд: «Дæ номæй Дзы- го цæстфæлдахджыты стигъы». - Куыд дæ фæнды? - Æхца дæтгæдæттын æй æрцахсут, - загъта Сесе фæсус хъæлæсæй, цыма искæмæй тарст. -Хорз. Райсом мæм раджы ’рбацу, æхца уым райсдзынæ. - Уырдæм нæ. Дæлдзæхты цæуы. Уайтагъд исты фæ- фиппайдзæн. Фондз мины ис мæхимæ, сæ номыртæ сын рафыстон, - уый æхцатæ ’рывæрдта фынгыл. Хъасбол сæм æркаст. «Кæд мын сæ уый æфсон мæхицæн гæртам æрбахаста». Февзæрыд йæ хъуыдыйы. - Æхцатæ фæстæмæ нывæр, - загъта сабыр æмæ теле- фонмæ бацыд. Чемæдæр цыдæр фæлдæхт æвзагæй дзурын райдыдта. - Хæдзары дæм æнхъæлмæ кæсын, - загъта-ма фæстаг хатт æмæ телефоны хæтæл æрæвæрдта. Цалдæр мину-
ты фæстæ дуары дзæнгæрæджы зæллæнг ссыд. Сесе-йы иннæ уатмæ барвыста æмæ уырдыгæй къахныхтæй сæ- рыхъуынтæм хъустæ фестад: «Кæд мын, мыййаг, мæхи ах- сын кæны, адонæй æууæнк никæуыл ис». Сесе скатайаг ис. Чидæр уатмæ ’рбахызт. - Цас сты? - ацахстой йæ хъустæ Хъасболы ныхас. - Дæс, - уыд дзуапп. - Иунæг дзырд дæр дæ дзыхæй куыд нæ схауа, афтæ, - æрбацæуæджы бафæдзæхста æмæ йæ фæстæмæ кулдуарæй рахизын кодта. Сесемæ фæсидт. Уый ныффæлурс, йæ зыр- зырæй нал æнцад. - Мæнæ дын дæс мины, - гæххæтты тыхт ын йæ разы æрæвæрдта. - Ма сæ райхал. Сом сæ бахæсдзынæ, фондз ми- нуты æхсæзæй куы уа, уæд. Ацы хъуыддаг ма исчи зоны? - Ничи. - Ды йæм куы бацæуай, уæд дæ ныхас адаргъ кæндзынæ. Рахиздзынæ дыууын минуты фæстæ. Мах лæудзыстæм æд- де асины цур. Кæд сæ радтай, уæд-иу галиу къухæй дæ сæр аных. Сесе Хъасболы кæртæй рахызт райгонд зæрдæйæ, фæлæ та дуаргæрон æрлæууыд, кæд мæ, зæгъгæ, исчи федта Дз^ы- гойы хъузæттæй, гъе йæхæдæг, уæд быны сæфт кæны. Йæ уд сцæйхаудта, цалынмæ фæсфæд уынгмæ нæ рахызт. Дыккаг бон сихор афон, йае рыгæйдзаг уаты бадгæйæ, Сесе арф хъуыдыты афардæг. Йæ сæр скатайаг, тарст, мый- йаг, зæгъгæ, кæд Хъасбол дæр уый æвварс у. Уымæн æмæ-иу дзы Дзыго ’хца куы иста, уæд-иу арæх дзырдта: «Хъасболæн, Фыхъойæн?.. Ницæмæй æфсæдынц». Æниу ыл цалдæр хат- ты фæдызæрдыг. Куыдфæстагмæ йæ къух ауагъта æмæ загъта: «Цы уа, уый уæд, уæддæр мæ фæндаг ахæстонмæ у». Нал æстад йæ бынатæй, цыма йæ исчи бандонмæ ’нда- дзгæ ныккодта, налдæр адæмы хъæлæба, налдæр сæ тыз- мæг цæстæнгæс хатыдта. Нæ фиппайдта, цалдæр хатты йæм куыд æрбадзырдтой, йæ фанерæтæй ауадздзæн æви нæ. Никæмæн ницы дзу- апп лæвæрдта, уымæн æмæ йæ хъуыдытæ адард сты йæ куыстæй, бæрндзинадæй. Йæ кабинетæй рахызт. Бæстæ йæм зынд сырхахуырстæй. Æх-гæдæй цы фæйнæг хауд
уыд, иухатт Суликъойы кæцæй хъахъхъæдта æмæ йæм худгæ кæцæй æрбахызт, ныр уыцы хуынкъæй абырыд дур сæримæ. Æрмæст ма йæ хъуыдыйы фæцис: «Адæмы фæллойыл мæ къух ауагътон æмæ мыл уыдон дæр сæ къух ауагътой». Дзыго уыцы райсом бадт йæ кабинеты. Æнхъæлмæ каст. Æдзух æркæс-æркæс кодта йæ сыгъзæрин сахатмæ. Уалынмæ фæцыд телефоны зæллæнг. Йæ хæтæл ын систа. - Хъусын. 0, о, Кимич. Ныртæккæ... Уайтагъд фестад æмæ областы прокуроры хæдивæгмæ фæцæуыныл. Бирæ рæстæг нæ рацыдис, афтæ фæстæмæ фездæхтис сырх цæ- хæрайы хуызæнæй. Уыцы хуызы йæ чи федтаид, уый ни- куы ахъуыды кодтаид, Дзыгойæн æнæуый йæ цæсгом сау у, уый. Йæ бандоныл нал æрбадт, рафт-бафт систа уа- ты куымты, йæхицæн бынат нал ардта, йæ дæндæгтæ кæ- рæдзимæ нынтъухы æмæ сæ къæс-къæс ссæуы. Хатт йæ риу тымбыл къухæй ныццæвы. Иуцасдæр рафт-бафты фæстæ рудзынгмæ бацыд æмæ уырдыгæй уынгмæ каст, фæлæ дзы уынгæ ницы кодта. Рахызт уынгмæ. Изæры фондзы ’рдæгыл баздæхт йæ кабинетмæ. Æрбадт йæ къæлæтджыны уæззаугай, йæхи ауагъта фæстæуæз æмæ гæххæттытæ змæнтын райдыдта, фæлæ дзы цы агу- ырдта, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта. Сахаты фатæг раст фондзыл ныллæууыд, афтæ сыстад æмæ бацыд рудзынгмæ, йæ къухтæ йæ синтыл сæвæргæйæ. Уынджы иннæ тигъæй Сесе æрбазынд. Дзыго йæ цæстытæ фæирд ласта, зына- нæзына йæ былтæ худыны сæраппонд фæзыхъыр сты. Æрбадт йæ къæлæтджыны, басагъта йæ кæсæнцæстытæ æмæ гæххæттытæм йæ цæстытæ ныййирд ласта, æниудзы иунæг дамгъæ дæр нæ уыдта. Йæ хъусдард къæсæрмæ уыд. Дуар æрбахостæуыд. Уый йæ сæрыл хæрдмæ схæцыд. Дуар æрбахойæгæн дзуапп нæ радта. Бахудт. Стæй сдзырдта: - Хорз лæгæн мæ дуар гом. Дуарыл æрбахæцыдæуыд. Мидæмæ йæ сæр æрба-дардта Сесе. Былтæ худыны сæраппонд змæлыдысты, фæлæ цæсгомы тар нæ хæлдис. - 0, о, Сеседжан! Мидæмæ! Уæллæй, мæ цæстытæ дæм ныуурс сты. Куыдзæн куы уыдаис, уæд адæм сыдæй амар-
——^ллл^мзчелэ^з^о/э-о-’т даиккой, - сыстад æмæ йын йæ размæ цалдæр къахдзæфы сарæзта. - Æнæрай фæуæд æлхæнджытæ, ныккалдысты мыл æмæ ныффæстиат дæн. Дзыго йыл атыхст, аба йын кодта. Афтæ тынг ыл узæлыд æмæ ма йæ ’взагæй дæр стæрдта. Сесе дисы бахауд: «Ау цавæр тынг мыл цин кæны, фыццаг хатт мæ исы ’хца». - Ма мæм фæхъыг у мæ аххос нæу, æдылы бæх дон сга- рæн у. Иууыл бафтыдысты мæныл. Æз исын æмæ сæ Фыхъо æмæ Хъасболы хуызæн куыйтæ та хæрæг кæнынц. Уæдæ æз бирæгъ фестадтæн? Хъасболы коймæ Сесейы уæнгтæ ауазал сты. «Æнæмæнг, уый дæр йе ’мбал у, æз та йыл æууæндгæ бакодтон». Иудзæвгар хъуыдыты аныгъуылд, стæй йæхи фæфидæр кодта. «Цæй цы уа, уый уæд... Мæн йеттæмæ макуы мачи фесæфæд». - Айс сæ ды æмæ сæ чемæ хæрай, уый дæхи хъуыддаг у, - хи тых хъæлдзæггæнгæ, загъта Сесе. Æхцатæ гæххæты тыхтæй Дзыгойы раз æрæвæрдта. Уый сæ йæ хисдæры æлгъитгæ айста æмæ сæ сейфы баппæрста. Чысыл абады- ны фæстæ Сесе фестад. - Мæнæн хатыр, чысыл мæ кæмдæр хъуыдцаг ис æмæ... - Табуафси, - фæхудт Дзыго. Уазæг дуарæй рахызт. Фы- сым йæ фæстæ тарæрфыгæй лæууыд. Дуар рахгæдта. Ру- дзынджы ’р^цæм бацыд. Сесе асины цур фезмæлыд йæ бы- натæй. Йæ сахатмæ уысмæн æркæс-æркæс кодта, стæй ныззæмбыдта: «Фæсайды дæн. Халон халоны цæст кæд къахта. Бирæгътæ иууылдæр къуыбыр хъустæ». Схызт дыккаг уæладзыгмæ. Бахæцыд ын йæ кабинеты дуарыл, фæ-лæ ’хгæд раз- ынд. «Æвæццæгæн мыл æрдауа кæндзысты «хицауа- ды ’хцатæ дæм радтам æмæ цы фесты», цæмæй мыл нод- жы алы хъуыддæгтæ стухой». Цыма-иу ыл хæдзар куы иуæрдæм фæкъул, куы иннæрдæм, афтæмæй уынгмæ онг цъæлтæй рахызт. Æрлæууыд. Йæ бон цæуын нал уыд. Зæххыл цыма æнæкæрон мæлдзгуытæ змæлыд, афтæ йæм каст. Æвиппайды фестъæлфыд. Фæйнæрдæм йæ хъус адардта. Ацахста Дзыгойы хъæлæс. Иæ хъустыл æххæст нæ баууæндыд.
- Сесе, раздæх-ма - дзырдта йæм рудзынгæй. Уæйгæнæг ноджы бандзыг. Бадон сты ноджы йæ тыхджын уæнгтæ, каст æм мæгуыр, тæригъæддаджы цæстæй, хæлиудзыхæй. «Гæды мыстæй хъазы», ахъуыды кодта. - Ну, рауай-ма. Хъасбол дæ агуры, - йæ къух æм тилы. Хъасболы коймæ фæцырддзастдæр.Цыма йæ къæхтыл къуыдыртæ баст уыдис, уый здæхт ракодта. Бахызт каби- нетмæ. - Сеседжан, Хъасбол æмæ Фыхъойы фæнды Зикъарайы рестораны абадын. Агуырдтой дæ, цом, хæрдзтæ мæлын. Зианджын дæ, фæлæ хи аирхæфсын æвзæр нæу. - Сесе йæ цæстытæ ныцъцъынд кодта: «Ам цыдæр хин ми ис». Фыртæсæй йæ хид акалд, йæ уæнгтæ æрæз- гъæлдысты. Фæстаг хатт та йæхи фæфидар кодта: «Чизо- ны, алчидæр сæ йæхи царды кой кæны, искæй гуылы бын кæд чи æндзæрста арт. Мæ мад сæ кæй æндавы». Чысыл фæцырддæр æмæ хъæрзгæ сфæрæзта: - Цалыл цæуæм? - Фарастыл, - дзуапп ын радта уый. «Ау, фарастыл ма минас кæнынмæ», йæ сæр ныггуыз-гуыз кодта Сесейæн. Сесе ныхъхъус. Дзурын ын фæзын. Сæр æрхауы риуыл. Зæхмæ каст, фæлæ бæрæг уыд, кæй дзы ницы уыдта. Уат ыл зылд. Хатт-иу бандонæй фæцæйхауд. - Дарддæр, - Тегъойы хъæлæс фæсабырдæр. - Бахæццæ стæм куыдзæппарæн къæдзæхмæ, - саст хъæлæсæй дзырдта Сесе. Тего радгæс милиционермæ фæ- дзырдта: - Машинæ æмæ Бето, - цыбырæй загъта æлхын-цъæр- фыгæй. Куыдзæппарæн къæдзæхмæ уад машинæ. Лæгмар нæ хатыдта йæ алыварс æрдзы рæсугъддзинад, не^ ’мбæрста, машинæ йæ уигъгæ кодта æви уæлдæфы тахт. Йæ фæсмо- ныл ын куыйтæ рæйттой. - Бауром, - сдзырдта Тего, æмæ шофыр фæурæдта. Сесе фæиппæрд йæ хъуыдытæй. Машинæйæ ’рхызтысты. Сесе
——1Ллл<кд5Л9<3^а^><нт иудзæвгар Тегойы фарстытæн дзуапп радтын нæ фæрæзта. Æрæджиау райдыдта. - Уый цыд разæй. Ардæм куы ’рбахæццæ стæм, уæд ма- шинæ былæрдæм фæзылдта, мæнæ къутæрты ’хсæнты. Рудзынгæй мын ацамыдта, зæгъгæ, мæ фæдыл, æз дæр йæ фæстæ ’рбацыдтæн, æрлæууыдтæн йæ фарсмæ. Фæйнæр- дæмахъахъхъæдтон:никуыдæрХъасбол;никуыдæрФыхъо. Бæстон базыдтон, ам хъуыддаг хорзыл кæй нæ фæуыдзæн. Æз дзы тарстæн æрмæстдæр æхсынæй. Бамбæрстон мæ ху- ыцауы цæф, ацы бæрзонд былы сæрмæ мæ дзæгъæлы кæй не ’рбакодта. Уайтагъд мæ сæры февзæрд: «Æвæццæгæн мæ ам фехсдзæн, стæй мæ æд машинæ былæй ауадздзæн, уæдæ мæ æндæр ацы бæрозонд былмæ цæмæн æрбакодта». Рахызтæн машинæйæ. Уый уæртæ уыцы ’рдæм азылд, - амоны къухæй, - стæй ме ’рдæм æрбараст. Не ’хсæн ма уыд чысыл дæрддзæг. Мæ хъуыды æдзух раив-баив код- та, æнхъæл уыдтæн, чизоны, Хъасболитæ уæртæ кæрдойы бын бадынц суадоны цур. Хъуамæ уыцырдæм базылдаин. Уæддæр мæхимæ ныфс æвæрдтон. Ацы рæстæджы мæ хъу- стыл ауад йæ хъæлæс: - Былæрдæм! Фæзылдтæн æмæ ауыдтон: ме ’рдæм дары йæ пистолет. Йæ зæрдæйы хиндзинад иууылдæр фергом, фехъуыстон ма уый дæр: «Милицийы ’хца куыд дæттын хъæуы, уый дын æз бацамондзынæн». «Æцæг, Хъасбол дæр йе ’мбал у», февзæрыд та ногæй мæ сæры. - Къæдзæхы сæрмæ дын зæгъын! - загъта цæхгæр. Мæ сур хид мæ къæхты бынæй акалд. Бæстон бамбæрстон, къæдзæхысæрæймæкæйхъавыаппарынмææнæфехсгæйæ, æнæнæмыджы цæф разынгæ. Дарддæр æй куыд ацахстон, йæ пистолет ын йæ къухæй куыд стыдтон,^уымæн ницы- уал базыдтон. Ницы йын хъуыды кæнын. Йæхи пистолет æм ныддардтон. Уый йæ зыр-зырæй нал æнцад. Йæ рахис цонг фæдыдагъ, æвæццæгæн, мигæнæн куы истон, уæд ын йæ цонг сыздыхтон æмæ йын ацъæл. «Ныртæккæ дæ машинæйы сбад», загътон ын мæстыйæ, - уыйæппæт æхца мæ фæистай æмæ мæ ноджы маргæ кæныс? Адæмы ’хсæн сæгад дæн, сбирæгъ дæн де ’дылы зонды тыххæй, ноджы мыл æнæбары хъуыддаг æрцыд - фæмард мæ мад æмæ
уый тыххæй ды ’хца цæмæн курыс? Цæмæн мæ марыс? Лæгмард дæумæ цæмæн хауы?» Уый ницы дзырдта, рызт. Дарын æм пистолет. - Зæгъ, кæцæй базыдтай, æхца милицийы сты, уый? - ницы мын загъта. Мæн фæндыд хъуыддаг чи раргом код- та, уый базонын. Æввахс-æввахс æм цыдтæн. Уый дын æнæнхъæлæджы мæ къух йæ къахæй сцавта, æмæ писто- лет уæлдæфы атахт. Ацы рæстæджы мæм кнопкæджын кард фелвæста. Цыд мæм комкоммæ сырдгъуызæй. Æз фæстæмæ-фæстæмæ алæууыдтæн. Мæхи хъахъхъæдтон. Мæ къæхты бын бæласы хус цонг фæцис æмæ йæ фелвæ- стон, æрцавтон ын дзы йæ уæхск, æмæ кард ахауд. Уый мæм уыцы-иу сæррæтт æрбакодта, къахæй мын мæ тæнтæ ахæм цæф скодта, æмæ мæ цæстытæ атарытæ сты, размæ фæгуыбыр дæн. Уый та мæ дыккаг хатт сцæйцавта. Йæ хъавд уыд мæ сæрмæ, гуыбырæй куы лæууыдтæн, уæд. Фæлæ къах ацахстон, стæй йæ фæстæмæ тынг асхуыстон æмæ йæ сæр дурмæ ахаста... Сесе ныхъхъус. Тего йæм каст цъынддзæстæй, йæ бинаг был дæндæгтæй нылхъивгæйæ. - Стæй? - сфæрæзта уæззаугай. - Къæбут дурмæ ахаста æмæ нал сызмæлыд. Æз та ’нхъæл уыдтæн, зæгъын мæ сайгæ кæны, цæмæй йæм æввахс куы бацæуон, уæд та мæ ныццæва, фæлæ уы- мæн йæ цæстытæ дзагъырæй аззадысты. Цасдæры бæрц ныхъхъус, стæй та райдыдта: - Иугæр æхца куы’ныххастон æмæ куыд дзырд уыдтæн Хъасболимæ, афтæ куынæ рауад, уæд мæ ныфс тыхджын асаст. Загътон, чизоны йæ уый йæхæдæг сардыдта. - Раст нæ ахъуыды кодтай, фæлæ дзур дарддæр. - Куы амард, уæ/\ ницыуал зыдтон. Дурдзавдæй баззад- тæн, стæй загътон мæхицæн, цæмæй архайон, чизоны ма йын бамбæхсон йæ фæд. Машинæйы йæ бавæрдтон, йæ пи- столет дæр ын йæ дзыппы нывæрдтон, дуæрттæ йыл бах- гæдтон æмæ йæ былæй атылдтон, чизоны, зæгъын, фен- хъæлой, авари сарæзта. Мæхимидæг та загътон: «Мæнæн цы лæвар кодтай, мæнæн дæ цæст цы уарзта, уый дæхицæн хæлар». *23
- Дуæрттæ йыл æхгæнгæ цæмæн бакодтай? - Цæмæй бынтондæр ныппырх уыдаид, йæхи хуызæн дзы куыд ницыуал уыдаид, уыйбæрц æм смæсты дæн. - Де ’ннæ кед цы фæцис? - Доны сæ баппæрстон. Зыдтон, сæ фæдтæ кæй разынд- зысты хуырыл. - Ды зæгъыс æхцатæ сты сейфы? - Уым сæ бавæрдта. Йæ дæгъæл ын нывæрдта стъолы лагъзы нæ, фæлæ, æнхъæл дæн... - Лæг йæ ныхас кæронмæ нал загъта, æвæццæгæн, Тегойыл дæр гуырысхо кодта. - «Цы ’нхъæл дæ»? Цыдæр мæ ’мбæхсыс? - Ницы. - Æхцайы номыртæ Хъасболмæ фыст сты? - Мæн фæнды Хъасболы фенын. Тего йын бамбæрста йæ дызæрдыгдзинад æмæ йæ нал фарста. * * * Хъасбол уыцы ’хсæв йæ дыууæ цæсты кæрæдзийыл нæ авæрдта. Йæ уаты хуыссын нал фæрæзта. «Мæсыг хи дурæй сæтты», мæнгæй нæ дзырдтой нæ фыдæлтæ. Махæн нæхицæй куы нæ уаид æвзæргæнджынтæ, уæд сæ мыггаг сыскъуынын зын нæ уаид... Фæлæу, а лæппу дын сом аца- фон дæ фаг сулæфын кæндзæн «сыгъдæг уæлдæф», хими- дæг йе ’рдхъирæнтæй нал æнцад Хъасбол. Райсом раджы фестад, йæхи сæхсадта æмæ йæ куыстмæ рацыд. Йæ каби- неты бандоныл не ’рбадт. Иу къуымæй иннæмæ рацу-бацу кодта. Нæ йæ фæндыд æмæ уыцы уысм Дзыгойыл искуы йæ цæст схæцыдаид. Ацы рæстæджы телефоны зæлланг фæцыд æмæ йын йæ хæтæл систа. -Хъусын...Салам..:Абондыууадæсылæмбырд?..Æрмæст мæхæдæг? Мæ хæдивæджы? Нæ?.. Хорз. Трубкæйыл хæцгæ баззад. Цасдæр фæбадт æнæзмæлгæ, стæй фæдзырдта Фыхъомæ, йæ хæдивæгмæ. Уый йæм худгæ бахызт, фæлæ йæ хисдæры цæсгом саудалынгæй куы ауыдта, уæд йæ ху- дын æрбайсæфт. - Хъусын дæм, - йæ разы алæууыд уый.
- Мæнмæ сидынц Тбилисмæ министрадмæ, центрæй сты уым. Абон хъуамæ æрцахстаиккам Дзыгойы. Хъуыддагæн аргъæвæннæй.Хæсæй кæнындæуæн.Фыхъофестъæлфыд, афæлурс, туджы мур дзы нал аззад. - Цы кодта? - сфæрæзта бафæрсын Фыхъо. - Уый стæй базондзынæ. Æхца бахæсдзæн Сесе фондз минуты æхсæзæмы. Демæ чи уа, уыдон æй базондзысты æрмæстдæр фондз минуты раздæр. Уый абон хъуамæ арæзт æрцæуа æнæмæнг æнæмæн. Операцийæн дзуаппдæттæг дæ ды кæронмæ, - раарфæ йын кодта, зæгъгæ, уæд дын хорз æнтыстытæ æмæ араст Тбилисмæ. Фыхъо цасдæр рæстæджы баззад йæ кабинеты æнæз- мæлгæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ ныхы хид сæрфта. * * * Хъасбол куы ’рбаздæхт, уæд фыццаг фæсидт Фыхъомæ. Æмæ йæ афарста: - Цы сарæзтай? - Ницы. Ардæм ничи ницы ’рбахаста. Изæры фараст са- хатмæ баззадтæн уыдон хъахъхъæнæг. Дзыгойы ссардтой мардæй машинæйы хуылфы Чеселтгомы. Сесейы ’рцах- стой. Хъасбол фестъæлфыд. - Куыд амард? Цæмæн æрцахстой Сесейы?! - йæ тызмæг цæстæнгас ныхст Фыхъойы. - Былæй ахауд... Уый зæрдæхсайгæ у.., - дзырдта æрдæг æууылдтытæй. Ацы уысм къæсæрыл æрбалæууыд Тего. - Кæд былæй ахауд уæд сæ Сесе чердæм у зæрдæхсайгæ? Уый куыд бамбæрстæуа? - Нæ зонын. Хъасбол ын каст йæ цæсгоммæ, нымдзаст æм. Ныссырх Фыхъо, йæ цæстытæ мынæг кæнын райдыдтой, фæлм сæ ныббадт, туджы йын разылдысты. Хъасбол сыстад, бацыд æм æввахс. Ныккаст æм лыстæг, цыма йын йæ цæсгомыл йæ хъуыдытæ фарста. Фыхъо фыццаг йæ сæр бæрзонд систа, фæлæ йæ йæ размæ лæууæджы фыдæх цæстæнгас басаста æмæ йæ уæд бынмæ æруагъта. Уыдта ма йын æрмæстдæр йæ къæхтæ.
- Чи мауыд демæ? - Ничи. - Уый та куыд? Ахæм апераци арæзтай æмæ демæ ни- чи уыд? Чи зилы марæг рабæрæг кæныны тыххæй, кæмæ лæвæрд у? - Фыхъо ныхъхъус. Расыг лæгау йæ сæр зылд. Иæхи афтæ лæмæгъ æнхъæн никуы уыд. Уæдæ ныр цы кодта? Зылын у? - Хъасбол, цахæм операци у, мæнæн дæр ма йæ зæгъут, - Фыхъойы разæй фæцис Тего. Хъасбол, мæстæй судзгæйæ, хъуыддаг радзырдта йæ райдианæй. - Ды зæгъыс, Фыхъо, фарастмæ фæхъахъхъæдтай Се- сейы æмæ не ’рбацыд? - амæсты Тего. - 0, афтæ уыд. Не ’рбацыд. Ам уæ зæрды мæн фæах- хосджын кæнын ис? Уæ зæрдæ лæгмары ном мæныл сæ- вæрын ис? - Лæгмар мæнæн æппæт дæр радзырдта. Æхцайы но- мыртæ сымахмæ сты, Хъасбал? - Фыхъомæ дæр сты, фæлæ лæгмар æцæг Сесе у? - Уый у... Фæлæ мæн фæнды базонын, æцæгæйдæр сей- фы Сесе цы ’хцатæ хоны, уыдон номыртæ æмæ сымахмæ фыст чи ис, уыдон номыртæ иугъуызон сты, æви нæ? Æртæ лæджы сыстадысты æмæ Дзыгойы кабинетмæ бацыдысты. Бакодтой стъолы лагъз. Сейфы дæгъæл уым нæ разынд. - Алыг хъæуы сефы дуар, - фидарæй загъта Хъасбол. - Нæ. Цыдæр хъуыддаг ма мын кæронмæ нæ загъта Се- се дæгъæлы тыххæй. Сымах цур æй фæндыд зæгъын. Йæхи йын скæнæм. Цалдæр минуты фæстæ милиционер Сесейы скодта æхсæзæм камерæйæ. Ие стджытæ, мæллæг стуры стджытау, ныхъхъилатæ сты, рустæ бахаудтой. Фæсдуар балæууыд æмæ йæ сæр йæ риуыл æруагъта, къулыл бЪнцойгæнгæ. Йæ сæр зылд. Лæг æрхауд зæххыл. Тего фестад æмæ йыл схæцыд. Те- го йын йæ сæрмæ фæкомкоммæ æмæ фестъæлфыд. Сæр бынтондæр уыд саунад. Дон ыл æркалдтой æмæ йæ йæ ц^естытæй скаст. - Чи дæ фæнадта? - бафарста йæ Тего.
- Цы? Нæмгæ? - Хъасбол фестад йæ бынатæй. - Йæ сæрыл къух кæм рæвæрай, уый дæр дзы нал у æнæ- над. - Чи дæ фæнадта? - бафарста та йæ Хъасбол дæр. - Нæ зонын. Дысон мын мæ цæстытæ талынджы баба- стой дыууæйæ, афтæмæй мæ ракодтой æддæмæ, иу цæф дзы бамбæрстон, стæй мæ зонд фесафтон. Иууылдæр ныхъхъус сты. Хъасбол цыдæр сдзурынмæ хъавыд, фæлæ Тего йæ разæй фæцис. - Ам не ’хсæн цыдæр талынг къуым ис, Хъасбол. Махæй цæй органты кусджытæ ис, кæд уый раргом кæнын нæ бон нæу уæд? Хъасбол бакаст Фыхъомæ. Уый ныффæлурс. - Цы зæгъдзынæ, Фыхъо? - Цы хъуамæ зæгъон? Ницы, - йæ уæхсчытæ кæрæдзимæ балхъивгæйæ, загъта уый. Уат ныссабыр. Цыма дзы æппындæр ничи уыд. Сæ улæфт дæр нал хъуыст. - Сесе, сейфы дæгъæл не ссардтам, - сабырдзинад æрбайхæлдта Тего. Уый йæ къуырф цæстытæ базылдта Хъасболмæ, цыма уый азымджын кодта. - Цæй дзур. - Æз мæнæ ацы бандоныл бадтæн, æхцатæ йæм рад- тон газеты тыхтæй, бавæрдта сæ сейфы. Дæгъæл лагъзы нæ бавæрдта, стъолы бын цæуылдæр рахæцыд, чысыл йæ къæрцц фæцыд æмæ йæ уым нъшпæрста, - Сесе дзырд- та, тыхулæфтгæнгæйæ, хатт-иу йæ бандонæй фæцæйхауд. Стъол сфæлдæхтой, лыстæг æм фæкастысты, фæлæ ницы ссардтой. - Бар мын радтут æмæ йæм æз дæр æркæсон, - ризгæ сдзырдта Сесе. Уый æрбадт Дзыгойы бандоныл. Йæ къухтæ нал урæдта, йе ’нгуылдзтæй стъол хоста. - Уый февнæлдта стъолы галиу къахмæ, стъолы лагъз нæ раласта. Бирæ фæкастысты Сесейы амынд бынатмæ, фæлæ та уым дæр ницы ссардтой^Хъасбол стъол ацъæл кæнын код- та, афастой йын йæ къах. Йæ хуылф разынд мæнг! Уым уыд сейфы дæгъæл. Уым ма уыд къухдарæнтæ, брослеттæ... Цы- быр дзырдæй уым разынд алцыдæр! Сегас дæо бандзыг сты. Æ нæнхъæлæджы цауæй æрвдзæфау фесты. - Къæрныхты къæрных, - æрæджау схаудта Тегойы дзы- хæй.
- Ацы стъол у йæхи заказмæ гæсгæ арæзт, ссарын хъæуы йæ саразæджы, - фидарæй загъта Хъасбол. Бакодтой сей- фы дуар дæр. Уырдыгæй ’хцатæ тыхтæй райстой. Æрæмных сын кодтой сæ номыртæ. - Цалыл сæ æрбахастай? - Хъасбол бафарста Сесейы. - Æхсæзæм куы райдыдта. - Цалыл ацыдтæ ардыгæй? - Авды ’рдæгыл. Иу æрдæг сахат та фæлæууыдтæн аси- ны бын, стæй схызтæн сымахмæ. Уæ дуар уыд æхгæд æмæ фенхъæлдтон, уый æвварс хæцут. Раздæхтæн фæстæмæ, æмæ мæм Дзыго уынгмæ радзырдта: Хъасбол æмæ, дам, Фыхъойы демæ абадын фæнды. - Акæн æй, - загъта милиционерæн. Уый фæчиудта цал- дæр хатты, - къуылых цæмæн у? - Дзыго йæ ныццавта, - дзуапп ын радта Тего. Хъасбол йæ цæстытæ Фыхъомæ ныццавта. - Кæм уыдтæ, Фыхъо? Куыд загътай ды та? Æви цаутæн сæ цырв ды дæ? Ам сæйраг ролы ды схъазыдтæ. Цыдæр уын ис сусæггаг. Цæмæн мæ фæсайдтай? Фыхъойыл цыма тæвд дон рауагъдæуыд, уый хуызæн уыд йæ буар. Хъасб^ол æм хæстæг бацыд. Уый фæстæмæ иу къахдзæф сарæзта. Йæ зыр-зырæй нал æнцад. Дзырдтæ йæ дзыхы нал ’рæхстысты, æвзаг асаст, цæстытæ ныннымæг сты. - Ды уыдтæ йæ марæг! - цæхгæр дæндæгтæ нылхъивгæ- йæ, дзырдта прокурор, - ды уыдтæ! Арæх иумæ æнæхъуа- джы нæ бадтыстут дæ кабинеты, ды æнæрайдайæн нæ лекка кодтай йемæ магазинты æмæ ’фтауцдæтты, кущ дын хæс кодтон йе ’рцахсын, уæд дæ хуыз æнæхъуаджы нæ фæлыгъд, ныр дæр дыл дæ цæсгом комдзог цæуы. Ды марын кодтай Сесейы Дзыгойæн, цæмæй уе ’взæр митæ бабусæг уыдаиккой, фæлæ дын иннæрдæм рауадысты. - Куыд?! Раст нæ зæгъыс! - Фыхъо, йæ хид калгæ, сонт хъæр райдыдта. Ацы рæстæджы дуарыл æрбалæууыд иу æвзонг чызг, Фыхъойы кабинетмæ бахизæны чи фæбады, уый. - Фæлæу уал, - тызмæгæй сдзырдта Хъасбол. ■ - Нæ, æз хъуамæ зæгъон рæстдзинад, æрмæст сыма- хæн, - загъта уый. Хъасбол æм кæсгæ аззад, стæй сыстад, ды-
зæрдыггæнгæ, æмæ йæ Тегоимæ хибар кабинетмæ ракодта. - Дзур Зæлинæ, хъусын дæм. - Каст æм цъынд цæстæй. Диссаг æм каст цы зæгъдзæн, уый. Чызг иучысыл лæугæйæ аззад, къæхтыбынæй ныуулæфыд. Бæрæг уыд, дзурын ын зын кæй уыд, уый. - Дзыго цы бон амард, уыцы бон райсомæй Фыхъо мæн арвыста суæрттæ хæссынмæ. Æз уайтагъд фæстæмæ фездæхтæн, хъуамæ йæ кабинетмæ бацыдаин, фæлæ дзы ныхас цыд æмæ ’рлæууыдтæн. Дуар чысыл зыхъыр уыд æмæ мæ хъустыл ауад сæ ныхас: «Хъасбол мын загъта, Дзыгомæ, дам, Сесе ’хца рбахæсдзæн æмæ, дам, æй...» Ам ын дарддæр йæ ныхас нал бамбæрстон, стæй та райхъуыст: «Уымæ фæсидтысты... Хъуыддаг у мæ бар. Æ хца райс æмæ дæхæдæг зоныс...» Стæй та сæ ныхас рæстмæ нал хъуыст. Чызг арф ныуулæфыд æмæ дыууæ лæгмæ бакаст. - Куыд нæ сæ хатыдтон цалдæр азы, куыд куырм бадæн. Мæнæ диссæгтæ, - Хъасбол йæ дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд, - куыд афтид дæ! Ныртæккæ æппæт аппараты кусджытæм фæдзурут! - радта бардзырд. Уайтагъд уат айдзаг амæй-ай гуыппырдæр лæппу-лæг- тæй. Уый сыл йæ мæстджын цæстытæ ахаста. - Дысон ахæстоны радгæс чи уыд? - Хъасбол бафарста КПЗ-йы хисдæры. Уый радгæсты мыггæгтæ загъта ’мæ сæ уайтагъд æрбакодтой. - Цæмæн фæнадтат æхсæзæм камерæйы ахæсты? - цæхгæр фарст сæм радта Хъасбол. - Æмæ мах цы... - æмхуызон чъызгæ сдзырдтой. - Чи уыд уæ фæрсын!? - йæ къухтæ стымбыл кодта, цы- ма сæ нæмынмæ хъавыд. Радгæстæ кæрæдзимæ бакасты- сты, стæй сæ цæстæнгас æрæнцад Фыхъойыл. Уый ныс- сырх. - Сымах фæрсын! - ныннæрыд йæ хъæлæс, - нæ йæ дзу- рут, уæд æвдæм камерæ сæрибар у! Чи уын радта бар æмæ нæмат, йæ фыдгæндыл чи басаст, уый! Фыццаг цæф æй чи фæкодта? - Фыхъо, - æмхуызон сдзырдтой дыууæ дæ. Фыхъо фес- тъæлфыд. - Стæй йæ чи надта?!
- Фыхъо. Нæ кусæджы дам нын амардта æмæ, дам, ын йæхи дæр амарæм æнæтæрхонæй. - Фæндыд дæ, Фыхъо, лæджы амарын, цæмæй дæ цъам- мар митæ ма раргом уыдаиккой, нæ? - Раст нæу! - нытътъæлланг ласта уый. - Æрæвæр дæ мигæнæн, - тызмæг сдзырдта прокурор, Хъасбол. - Цы кодтон, уый мын зæгъут, афтæмæй йæ не ’рывæр- дзынæн. Адоныл æууæнк ис æмæ мæныл нал ис? - ацамыд- та радгæстæм, - зæгъут мын æй, цы фæрæдыдтæн? - Цæмæ йæм кæсут?! - райхъуыст прокуроры тызмæг хъæлæс. Астæрдыл уæззау цырыхъхъыты гуыбар-гуыбур ссыд... Уаты хъæлæба æмæ утæхсæн куыд сытынг ис, афтæ цалдæр уысммæ сабырдæр баис. Сыбыртт сæ никæйуал дзыхæй хаудис. Алчидæр сæ каст зæхмæ, стæй сабырдзи- над æрбайхæлдта Хъасбол. - Мах, органты кусджытæ, раст куы кусиккам, уæд не ’хсæнады иу æвзæргæнæг дæр нæ уаид. Адæм ныл тынгдæр æууæндиккой, уарзиккой нæ æнæкæрон, фæлæ не ’хсæн баирвæзы Фыхъойы, Дзыгойы хуызæттæ. Ахæцынц абыр- джыты ’вварс, цæстфæлдахджыты ’вварс сæхи дзыппыты пайдайæн. Ноджы фæархайынц сæ сарæх кæныныл. Æхца сын сæ зонд бахæры, сзыд вæййынц. Бирæтæ сæ афæдзмæ машинæ æлхæны. Цæмæй? Мах та, намысджынæй чи кусы, уыдон чъизи кæнынц. Уат та ныссабыр. Къулы сахаты къæрцц-къæрцц тынг- дæр райхъуыст. Фатæг лæууыд æхсæвы дыууæ сахатыл, фæлæ сæ ничи тагъд кодта йæ хæдзармæ. - Бæдæйнаг, Зæлинæ, ды нын бирæ баххуыс кодтай. Буз- ныг, Тего, дæуæн дæр, цыбыр рæстæгмæ æппæт дæр кæй раргом кодтай, - фæдæсгарæг ахæм хъуамæ уа, - дзырд- та прокурор. Уый фæлæууыд йæ дзурынæй, арф сулæфыд æмæ та райдыдта: - Адæм тæрсынц бæстыл зынг сирвæзынæй æмæ цæмæй уыцы хъуыддаг ма æрцæуа, уый тыххæй кусæг адæм сæ мыздæй фидыдады фондтæм дæттынц, махæй та бирæтæ зæххы бын мыстау æвæрæнтæ кæнынц.
ЦЫБЫР РАДЗЫРДТÆ ЙЕ ЗНАГ - ЙÆ ИРВÆЗЫНГÆНÆГ Рæстдзæвин æмæ дардмæ уынаг уыд Хила. Иу хохæй йын иннæмæ сырд нæ ирвæзт. Арсмæ та æд кард цыд лæгæтмæ. Стæй цуаны фистæгæй дæр нæ цыд. Фæндаг- иу раст æмæ лæгъз кæй онг уыд, уый онг-иу бæхыл цыд, æвзæр рæтты та къахæй. Иу бон хъæуыл, æрвнæрæгау айхъуыст: кæрдоджыны арс хъомты чъылдымтæ ныстъы- гъта, зæгъгæ. Хила топп баппæрста йе ’ккой, абадт бæхыл æмæ йæ фæддзуйæ ауагъта. Хъæды иудзæвгар ауайыны фæстæ æфсургъ сæнт лæуд фæкодта, размæ нал цыд. Хи- ла фæхатыдта, бæхы фындзыл сырды тæф кæй ауад, уый. Бæх сырд тæфæй зонаг у. Æрхызт, идон бæласыл абаста, йæхæдæг, фæйнæрдæм хъахъхъæнгæйæ, агурын райдыд- та, зæгъгæ, искуы æввахс сырд ис æви нæ. Къутæрты иу- вæрсты схызт, бæласы мæрамæ, арс-иу арæх кæм æмбæхст, уырдæм йæ цæстытæ ныццавта. Ацы уысм йæ хæд фарсмæ æнахуыр гуым-гуым ссыд. Уый фестъæлфыд. Чысыл фалдæр арс бадт йæ фæстæгтыл, раззаг дзæмбыйæ йе ’фсæрыл ныххæцыд. Цуанон топп фæдардта, арс æм æнæз- мæлгæ каст. Уый уæддæр мигæнæн не ’руагъта. Сырд йæ дзых аивæзта, йæ дзæмбыйы ныхæй йæм бавналы æмæ та ныууынæргъы. Фæлтæрд цуанон бирæ цыдæртæ федта сырдты цардæй, фæлæ йыл дзы ахæм никуыма фембæлд, дзæмбытæ йæ дзы- хы атъыста, йæ сæр тилы, тæригъæддаг ниуд ныккæны. Хила йæм æввахсдæр бацыд. Уый йæ ком схæлиу кодта æмæ йæм Хила кæсы, уæллаг æфсæр ныррæсыд, схæплой ис. Хила нал фæхъуыды кодта, йæ разы тæссаг сырд кæй ис, уый. Сырды дзыхы цыргъ къæцæл фæцавта æмæ хæф
ракалд. Арс ныббогъ кодта, йæ цæсты сыгтæ æркалдысты, цыма Хилайæн йæхи буц кодта. - Уайгæ, тъæпæн къах, - цуанон арсы сæр æрхоста. Уый ныхъхъылдым кодта, йæ фæстæгтыл фæлæууыд, иу каст ма йæм фæкодта, æмæ хъæды фæаууон. Хила йæ фæстæ каст худгæ. Ферох дзы ис, цуаны кæй рацыд, уый. ХЪÆЛДЗÆГ НЫХÆСТÆ БЮРОЙЫ Даргъ уаты Ленины портреты бынмæ къулмæ хæстæг æвæрд уыд Т- йы хуызæн фынг. Æппæты уæле бадт пар- тийы райкомы фыццаг нымæрдар Текъо, даргъ фынджы галиуæрдыгæй фарс та райæххæсткомы сæрдар Джиуæр,. рахис фарсы ’рдыгæй партийы райкомы дыккаг нымæрдар, стæй куыд дæлæмæ уыдысты бюройы уæнгтæ. Хатæны дыууæрдыгæй фарс та рæгъ-рæгъы бандæттыл бадтысты бюромæ хуынд адæм. Боны фæткыл уыд иу фарст: «Хъæууон хæдзарад сæн- дидзын кæнын». Текъо дзырдта уæззау, фæлæ рæхойæн æвзагæй. Æрхуынд адæмæй-иу кæй кой скодта, уый та- иу йæ мидбынат фестъæлфыд, йæ уд-иу къæхты бынæй фæцæйтæррæст кодта, фæлæ ацы ныхæстæ Джиуæрмæ æппындæр нæ хъардтой, æгæрстæмæй нæ хатыдта, цы дзырдтой уый, йæ цæстытæ кæрæдзийыл уæззаугай авæр- дта, дысон ын фегарис æмæ... Нымæрдар куыд фылдæр дзырдта, афтæ мæстыйæ мæстыдæр кодта, колхозты сæр- дæрдтыл тынгдæр бырын райдыдта. Уыд иу рæстæджы йæ галиу цонг фæдаргъ кодта Джиуæрмæ æмæ йæ афарста: - Джиуæр ды та цы зæгъдзынæ? Джиуæр фестъæлфæгау кодта æмæ зæгъынмæ фæ- цырд. - Æмæ йæ æз куы анызтон! - Рестораны не стæм, бюройы стæм, - чидæр æм йæ ны- хас баппæрста. «Æфхæрд» адæм худæгæй сæ артæнтыл ныххæцыды- сты’.
л\лл«к^^^—— ÆРХÆЦГÆДЗУРДЖЫТÆ Гайоз ферæхц-ферхæцгæнгæ дзырдта, уымæ гæсгæ йæ мыхъ-мыхъгæнгаг хуыдтой. Иу райсомæй раджы товарон станцмæ ныццыд, бæрæг кодта, цемент дзы ис æфи на, уый. Хæдзæрттæ арæзта æмæ йæ тынг æхсызгонæй арæзтадон æрмæг хъуыд. Вагæтты цур лæугæйæ ныййæфта иу л æджы æмæ йæ фæрсы. - Цы-ы-м-мæ дз-ы ц-ц-е-м-м-ент нæй? - Н-н-æ-æ-й дзы, - дзуапп ын ратта кæй фарста уый дæр æрхæцгæйæ. Гайозмæ уыцы ’рхæцгæ дзуапп фæхъыг каст, йæ арм дардыл фæхаста æмæ йæ ныддзæхст ласта. Æнæзонгæ лæг лæугæйæ аззад, йæ цæстытæ фырмæстæй цæхæртæ акалд- той, хъуамæ йæ фæцæф кодтаид, фæлæ йæ галиу къухæй рахисыл ныххæцыд. - Ц-ц-æ-м-мæ м-мæ н-ныц-ц-цавтай? - фæрсы йæ иннæ æрхæцгæ. - У-у-уæдæ м-мæ цæм-м-æн ф-ф-æзмыныс? - скарз Гайоз. - К-куыд дæ фæзмынын, æ-æз дæр æ-æр-х-хæцгæ дзурын. Гайозы цæстытæ фæирд сты, æввахс æм бацыд, йæ къух æм бадардта. - Æ-æй й-йæ нистæ, гъе, у-у-уæдæ ме ’ф-фсымæр дæ? ХЪАХЪХЪÆНÆГ ÆМÆ ÆФТАУЫЦДОНГÆС Иу æфтауыцдонгæсæн йæ арæзтадон æрмæджытæ сæ- фдысты. Йæ зæрдæ фехсайдта йæ хъахъхъæнæгмæ æмæ йæ алы ’хсæв дæр хъахъхъæнын райдыдта. Иу æхсæв хъахъхъæнæг сисы хуынкъæй æддæмæ ратъыста цал- дæр търубæйы, стæй сисы сæрты рагæпп кодта æмæ*сæ хъуамæ адавтаид. Уый труба æддæмæ куы ласта, уæд ыл æфтауыцдоны гæс та мидæгæй йæхи ’рдæм æнцад. Ацы рæстæджы къæрных фæхатыдта, чидæр ыл мидæгæй йæхи æрдæм кæй хæцы.Уый фæмæсты æмæ йæм бадзырдта: - Суадз æй, адон мæхи хъæуынц, дæуæн дзы ’ндæртæ ратдзынæн.
- Мæ фæллой мын давыс? - дзуры йæм æфтауыцдон- гæс. - Гъа, уый ды дæ, Къарго? - фæрсы йæ хъахъхъæнæг. - Æз дæн, æз, Гайоз, æмæ мын мæ фæллой кæдæм да- выс? - Уыдон дæ фæллой сты боныгон, æхсæв та мæн æмæ хынджылæг ма кæн, фæлæ труба суадз. ИНФАРКТ Иу изæр нæ цытджын гæстæ амæй-ай хуыздæрæй æр- æмбырд сты сæ ног кусæджы хæдзары. Уый сæвæрдта йе ’мкусджытæн фынг, цæмæй семæ хуыздæр базонгæ уы- даид, сæввахс уыдаид семæ йæ хисдæримæйау. Уыйимæ, цалынмæ кусын нæ райдыдта, уæдмæ схæлар, хорз бам- бæрстой кæрæдзи. Кæрæдзи куы нæ бамбæрстаиккой, уæд æй куыстмæ дæр чи иста. Дзаджджын фынгыл гаджидæуттæ, уæздан æмæ зæрдæ- бынсидтытæсарæхсты,æздынзæгъон,истыофицианткæйы нымайæнмæ ’нхъæлмæ кастысты. Кæрæдзийыл хорз куыд нæ цин кодтой уæлдайдæр нозтæй. Æвгтæ куыд дæлæмæ цыдысты, афтæ сæртæ та бæрзонддæр кодтой, сарæх сты кæрæдзимæ хатыны ныхæстæ, рæвдауæн æмæ æппæлæн дзырдтæ. Æрæджиау сæ иу иннæмæ дзагъырдзæстæй нык- каст, стæй йæм хъавгæйау сдзырдта: - Æвæдза, ды дæ рæгъ нæ анызтай? - Æз нозт нæ кæнын,- сабыр дзуапп ын ратта уый. - Æппындæр нæ банызтай? -Нæ... - Кæс ма кæс, куыд нæ дæ фæхатыдтон нырмæ... фæлæ уæд цæмæннæ нуазыс? - Инфаркт мын уыд æмæ... - Ех тæхуды дæ къона, йæ сæр нынкъуыста йæ ныхас- гæнæг. - Цæмæй дæн тæхудиаг? - Цæмæй куы зæгъай, уæд ды фервæзтæ дæ инфарктæй мах! та йæм æнхъæлмæ кæсæм.
^\ЛЯ*><5\0Л9<3^ — ИСКУЫДÆР МА АФТÆ ’РЦЫД Иу мæгуыр ус æмæ лæгæн сывæллон нæ цыд æмæ сын иу къулбадæг ус бацамыдта, цæмæй ма сын сывæллон куы райгуыра, уæд ыл сæвæрой, зæрдæмæ чи нæ цæуа, ахæм ном, цæмæй йыл удхæсджытæ æнæввæрсон кæной, сæ сæрмæ йæ ма хæссой, æмæ йæм уæд æввахс нæ цæудзысты, йæ уд ын нæ сыскъуындзысты. Уыдон йæ коммæ бакасты- сты æмæ сæ ноггуыр,дыл сæвæрдтой Тебтылиахъо. Лæппу слæг. Фæлæ бæллæх. Йæ зындзурæн ном дзы ферох вæййы, ферох вæййы адæмæй дæр. Уæд æй иу хатт хъæуы хисдæр афарста, зæгъгæ, дæ ном цы хуыйны. Лæг фарст куыд нæ бамбæрста, фæлæ цыма ницы фехъуыста, йæхи афтæ рав- дыста, йæ ном йæ зæрдыл нал лæууыд. Фæцæуæг уынгты, кæд мæм, зæгъгæ, исчи мæ номæй сдзурид. Иæ фæнд нæ фæмæнг. Чысыл куы рауад, уæд æм æцæгдæр чидæр фæ- хъæр кодта. - Тебтылиахъо, аккаг нæм скæн... Лæг йæ хъуста фæхъил кодта. - Бузныг, дыууæ бузныджы мæ ном мын...Йæ ныхас кæронмæ нал загъта, фæлæ йæ ном фæлхатт гæнгæ цыд «Тебтылиахъо, Тебтылиахъо». Ацы рæстæджы йыл кæй- дæр дуармæ куыдз йæхи ныццавта, йæ уд йæ къæхты бы- нæй куыд нæ ауад, куыдзы дзыхæй йæ байстой, фæлæ та лæджы йæ ном æрбайрох. Йе ’муд куы ’рцыд, уæд къуыды- рыл слæууыд æмæ хъæрæй загъта»: - Абонæй фæстæмæ мæ ном уыдзæн Куыдзæг, фæлæ йæ зонут, науæд дæр ма искуы афтæ ’рцыд æмæ адæймаджы йæ ном рох кæна. ЦУАНЫ Дæхци æмæ Пыхци цуаны уыдысты. Бон изæрмæ фæ- зылдысты, фæлæ ницы ссардтой. Изæры ’рдæм Дæхцийы ныхыл бындз абадт æмæ æхситт кæны Пыхциимæ. Уый йæм фæкаст. Лæг ын амоны къухæй йæ ныхмæ. - Мæнæ, мæнæ, фехс, æз æм не ’рæхсын. - Фæлæу, ма сæзмæл,- дзуры Пыхци.
Уый ныхъхъавыд æмæ гæрах кæмтты нынæрыд. Пыхци бауад йæ амæттагмæ, фæлæ дзы уый нал разынд. ПЫХЦИ УСГУР Пыхци усгур бацыд йæхицæй бонджындæртæм. Бандо- ныл сбадт, иу къах иннæуыл сæвæргæйæ. Йæ буар æгасæй- дæр зынд. Чидæр ын фемдзæст йæ гом буармæ, федта, сабыр- гай йыл куыд сцæйбырыд сыст, æмæ бахудт, уый худынмæ иннæтæ дæр ныккæлкæл кодтой. Пыхци йæ куы бамбæрста, уæд æм худинаг æркаст, февзæрд æм лæгдзинад равдисыны зæрдæ, хъама фелвæста æмæ йæ ныууæла кодта. - Кæдæм мыл бырыс, нæ йæ зоныс кæм дæн, уый, - зæ- гъта ма, фæлæ ницыуал базыдта. БÆХÆЛХÆНÆГ Пыхци йæ бæхмæ æлхæнæг ’рбакодта æмæ йын дзы æппæлы, стæй йын загъта: - Æрма йыл дæс азы йедтæмæ нæ цæуы. Уæдæ йæ чысыл лæппу фæцырд. - Гонгæй, æрма йыл уый бæрц нæ цæуы. - Цæмæй йæ зоныс? - афарста йæ æлхæнæг. - Цæмæй цæ ’рма скъоламæ нæ бацыд, æмæ скъоламæ авд аздзыдæй фæцæуынц. КЪÆБÆР МÆРДТÆЙ ЗДАХЫ - Хъæлæба æз куы кодтон ахуыргæнæг, уæд Черме- ны цæмæн асырдтай урокæй? - фæрсы ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæджы. - Ацу æвзæр, ды æмæ мын уый иу стут, - загъта йын ахуыргæнæг. -Цæмæннæ? - Æрма дысон уæ хæдзары къæбæр хордтон.
Лæппу чысыл ахъуыды кодта, стæй загъта: - Мæнгæй нæ акæнынц, «къæбæр мæрдтæй здахы». АРАХЪ ФÆЦЫБЫР КÆНЫН Лектор иу колхозы лекции фарста хойраджы æмæ йæ лекцийы кæрон загъта: - Хойраг сыстæм æмæ-иу арахъ дæр фæцыбыр кæнут. - Мæ уд дæ фæхъхъау фæуат,- фæгæпп кодта Пыхци,- æз дæр сын ауый фæдзурын, нæ уæд сæ ныддаргъ кæнынц æмæ сæры нæ фæцæуы. ÆЗ ХЪЫБЫЛЫ КОЙ КУЫ НÆ СКОДТОН Лектор иу хæххон хъæуы лекции фарста, цæмæй цæуæт мауал æргæвдой, зæгъгæ, йæ чысылæй ’ргæвст ницы пайда дæтты. Фæслекци йæ ахуыдтой æмæ йын хъамбох дзæхтон ’рхастой. - Кусарты уазæг нын дæ, фæлæ æргæвдын нæ уадзыс æмæ...загъта йын Пыхци. - Æй, мæ мард куыд федтат,- йæ цæнгтæ фæхъил кодта лектор,- æмæ æз хъыбылы кой нæ скодтон. ЛЕКЦИ Лектор лекции фарста, зæгъгæ, фылддæр хæрутхалсар, уым бирæ ис витаминтæ. Фæс лекции хæрдыл куы ’рбад- тысты, уæд ын йæ раз халсарæй байдзаг кодтой фысымтæ, сæхи раз та фыдызгъæл, уæд лектор нал фæлæууыд: - Цымæ ацы фыдызъæлæй мæнæн нæ фæччы? - Халсар фылдæр ахæр, уым витаминтæ бирæ ис, - фел- хыстъ æй кодта Пыхци. Лектор бахудт.
ДЫРДЫРАГ Иу лæг уадындз аразы æмæ йæ иннæ афарста: - Цы аразыс? - Уадындз. - Æмæ дын суасдзæн? - Кæд суасæ, уæд хорз, кæннод дæр дырдыраг. РЫНЧЫН ÆМÆ ДОХТЫР Иу хъуырсаст ус дохтырмæ иу рынчын нæлгоймаг ба- цыд. Дохтыр æй фæсус хъæлæсæй афарста, цæмæй хъæрзы, уымæй, стæй йын загъта фæсус хъæлæсæй: - Ралас ма астæуæй уæлæмæ. Уый раласта, стæй та йын къухæй ацамыдта, цæмæй йæ ронбаст дæр суагътаид. Уый йæ цон суагъта, афтæмæй дох- тыры йæ цæсзгытæ ныццавта. Иæ мидбыл фæхудт, стæй йæм фæсус хъæлæсæй бадзырдта: - Æмæ ды нæ ласыс? ЗИАНХÆСДЖЫТÆ Иу ран зиан фæхæссынц. Иу æвзонг лæппу хъуамæ мард хæсджытæй кæсдæры раивтаид. Бацыд æм æввахс. - Бахатыр кæн, фæлæ дæ бæсты схæцон. - Фæлæу ма, æз дæр æй нæхимæ нæ хæссын, - ныздых- та йыл мардхæссæг. ДÆ ГАЗЕТЫ НОГÆЙ ЦЫ ИС? Партийы обкомы идеологийы хайады гæс газеты редак- торы фæрсы: - Дæ газеты ногæй цы ис? Редактор иучысыл ахъуыды кодта, стæй фæхудт æмæ дзуапп радта: - Йæ нымæц.
^ЛЛЯ^К^ЗЛО^ — ДЫУУÆ ТУМБУЧКÆЙЫ Иу лæппу, уыцы аз институт каст чи фæцис, ахæм, ба- цыдис партийы обкомы æртыккаг нымæрдармæ, цæмæй йæ искуыдæм куыстмæ арвыстаид. Нымæрдар æм лыстæг байхъуыста, стæй лæппумæ дзуры: - Дæлæ уыцы тумбучкæ уыныс? - иу къуыммæ йын аца- мыдта. Лæппу фæкаст, кæдæм ын амыдта къухæй, уыцы æрдæм æмæ тумбучкæ куы суыдта, уæд ын дзуапп радта: - Уынын. - Æуыцы тумбучкæйæн йæ бон куыд ницы у афтæ мæ- нæн дæр ам мæ бон саразын ницы у. Лæппу йæм иудзæвгар фæкаст, стæй сабырæй загъта: - Æмæ дыууæ тумбучкæ цы пайда сты ам, иу дзы ап- парæм. САУ МАШИНА Иу лæг æдзухæй йæ хæдзармæ нозтджынæй цыд. Сфæл- мæцыд дзы йæ ус. Алæбон къуприйы тæфмæ чи фæрæзта. Лæгъзтæ йын кодта, зæгъгæ, дæхи ма саф æмæ мæн дæр, стæй адæмæй дæр худинаг у. Фæлæ кæм саст. Уæд æй иу бон ус ралгъыста: - Ацу, иу бон дæ дæ хæдзармæ сау машинæйыл æрба- ласæт! Л æг та уыцы бон дæр ахъхъаззаг ныххырхта. Фæндаджы былыл слæууыд, тасма чъиау дыууæрдæм ратас-батас код- та. Йæ зонгæтæй йын машина чидæртæ бауромы, зæгъ- гæ, сбад æмæ дæ дæ хæдзармæ бахæццæ кæнæм, фæлæ уый не сразы вæййы. Йæ ныхас уыд алкæмæн дæр «Æз сау машинæйыл цæуын». Æцæгæйдæр æрæджиау иу сау машинæ фæзынд... баурæдта йæ... сбадт. Ныххæццæ сæ хæдзары дуармæ. Рахызт машинæйæ. Шофыр фæцæйцыд, фæлæ йæ фæурæдта, афтæмæй сиды йе ’фсинмæ. Шофыр фенхъæлдта, зæгъгæ, йæ бинойнагмæ дзуры, цæмæй æхца рахæсса ласæггаг. Чизоны йæм æхца нал баззад минасы фæстæ.
— ОХЛ/^К^ЛбНЗ^^ЛЛЛ! - Ниццы хъæуы, цæмæ йæм дзурыс? - бадиссæгтæ кодга шофыр. - Фæлæу, - машинæйы дуарыл хæцы лæг, афтæмæй дзу- ры тæрæгмæ. Ус æм ракаст. - Цы та у, нæ хорз лæг?! - Хур дыл ракæсæд, не ’фсин, фен æй дæхи цæстæй, мæ- нæ мæ сау машинæйыл æрбаластой. УРС КЪУДА ГАЛ Дзабиты Хъаплан дзырдзæугæ лæг уыдис. Æвæццæгæн, стæм уыдис, уый цы туджджынты фидауыны ма уыдаид суанг Сау туалгомæй Къуыдары кæмтты онг. Йæ хистæр лæппу Гыбийæн бинонтæ кæнын сфæнд кодта. Лымæй- нагæн равзæрста Урсдзуайраг Дзиццойты Зураб. Хъуыд- даг фидауынмæ æрцыд. Зураб æгъдауыл сæмбæлд йæ ног лымæныл. Хъуамæ райса ирæд. Æхсæв фæбадтысты, ад- джын ныхас фæкодтой, сæ рæстæг хорз арвыстой минасы фынгыл. Райсом ирæд хицæн кæнын райдыдтой, Хъаплан хъомты æмбис фæхицæн кодта, раласта дыууæ æд саргъ бæхтæ æвзист гоппатимæ æмæ хæрх идæттимæ æмæ йæм дзуры: - Хæлар дын уæнт, мæ дзæбæх лымæн, - уый æнхъæл уыд, зæгъгæ, уый æппæт фос аскъæрын йæ сæрмæ нæ бахæсдзæн. Адæм фæджих сты, куыд бирæ йын дæтты, ууыл. Зураб иудзæвгар æнæ дзургæйæ алæууыд, стæй тых- лæмарæгау сæппæрста: - Уыдонæн се ’мбис фæстæмæ аздах æмæ урс къуда гал рауадз. Хъаплан æрвдзæфау фæцис. Кæцæй зоны, къуда гал æм ис, уый. Бамбæрста, чидæр нымудзæг кæй фæцис, уый. Къу- да гал та уыд йæ фосы фидыц, фидар хъæддых гал. Хохы та хъæддых галтæ хъуыд. Урс галл Хуыцау уарзон. - Къуда гйл у мæ фосы фидыц, æмæ дæ уымæй дарддæр цас хъæуы, уыдон аскъæр. Зураб ныллæууыд йæхи зон- дыл, нæ басаст. Уæд Хъаплан смæсты, йæхи æгуыдзæджы бынатмæ æруагътаид,уый йæ нæ бафæндыд. Æрбаскъæрын кодта къуда гал æмæ йæ лымæнæн загъта:
^цц^^е^ОЧЗ^^^л/ъ—— - Аскъæр æй, хæлар дын уæт, фæлæ зон, ды мæ удæгасæй мæ хæдзармæ никуы æрбацæудзынæ, æз та дæ хæдзармæ никуы бацæудзынæн. Уый фæстæ ма Хъапланмæ бирæ фæхатыдысты, цæмæй Зурабойы хæдзармæ ссыдид, фæлæ уый дæр йæхи нал ба- саста. Зураб къуда гал фæстæмæ Чеселтмæ æрæскърдта, фæлæ йæ Хъаплан нал айста, фæстæмæ йæ арвыста Урс- дзуармæ. ДИТТУТГÆНАГ Бидыры цур, загътай «диттут», йæ туджы цъырттд дыл ныккалдтаид. Уыцы хабар Чеселты иууылдæр зыд- той мæ алчи йæ дзыхыл хæцыд. Иурæстæджы фæндаг арæзтой Дзуарбынæй Раромæ. Коцты Никъа, Бидыры каистæй уыд, фæндаджы былыл иу стыр гæды бæласыл сбырыд æмæ уырдыгæй «диттут, диттут» райдыдта. Хъа- выд дзы ахынджылæг кæнынмæ. Бидыр мæстæй рафых- тис, уайтагъд ссардта, Никъа цы бæласыл бадт, уый. Йæ сины фæрæт тъыст уыд æмæ йæ уырдыгæй фелвæста, бæ- ласы лыг кæнын райдыдта. Бæлас æрдæджы онг балыг, змæлын райдыдта. Никъа куыд нæ старст. Райдыдта хъæр кæнын. Фæндагаразджытæ ныффæдис кодтой, фæлæ Би- дыр йæхимæ æввахс никæй уагъта, фæрæтæй цъиндæг- миндæг райдыдта, алчидæр тарст, миййаг мыл, зæгъгæ, фæрæт куы æрбаныдзæва. - Диттутгæнаг иу бæласæй иннæмæ атæхы, атæхæт уый дæр! - хъæр кæны уый. Адæм Никъайæн старстысты, бæлас куы афæлдæха, уæд Никъа дæр фæлдæхт йемæ æмæ искуы бæлæсты æхсæн ныххæррæгъ уыдаид. Зыдтой Бидыры хивæнддзинад дæр. Уæд иу ус йæ разы йæ зонгуытыл архауд æд кæлмæр- зæн. Бидыр æм иудзæвгар кæсгæйæ аззад æмæ йæ фæрæт иуварс аппæрста, йæ ныхы хид асæрфта, æмæ сабыргай загъта: - Сыст дæ рынтæ ахæрон, уый æгасæй æуый аргъ уы- дис? Уæдæй фæстæмæ «диттут» ничиуал загъта Бидырæн.
— 1АЛЛ<КД9Л0<$^^ УСАГУРÆГ Иу лæгæн йæ фырт ус æрæгмæ хаста. Фыд та йын уайдзæфтæ кодта, зæгъгæ, иу мах аккаг никуыуал ис, искæй ссар. Уæд фырт йæ фыдæн дзуры: - Уæдæ мæ кæд нал уадзыс, уæд мын дæхæдæг рав- зар, æрмæст хъуамæ уа бæрзонд, рæсугъд, сау цæст, сабыр, лыстæг астæу, цыбыр дзырдæй, сыгъзщæрин къухты хи- цау. Фыд иучысыл æнæ дзургæйæ алæууыд, стæй йæм ба- каст, чысыл мидбыл фæхудт æмæ йын загъта: - Мæ фырт, æз сылгоймаг æвзарын куы зыдтаин, уæд уал мæхицæн равзæрстаин. ЗÆРОНД УСГУР Æхслебы иу лæгæн йæ ус фæзиан. Лæг иунæгæй баз- зад фондз сывæллонимæ. Усгур бæргæ рацу-бацу кодта, фæлæ фонндз сывæллонмæ йæ ныфс ничи хаста. Уæд ын иу чидæр фæндаг ацамыдта Хъеуселтмæ. Араст иу лæджи- м^р - хатæджимæ. Хъеуселты сыл рæдау фысым цинимæ куыд нæ сæмбæлд. Хатæг хæххон арахъхъ æмæ цæвджын уæлибыхтæй йæхимæ хорз куыд нæ фæкаст. Сæр зилын куы райдыдта, уæд йе ’рбацыды сæр куыд нæ сæргом код- та. Фысым æм кæронмæ байхъуыста, стæй йæ цæхгæр афарста: - Æмæ сиахсаг та чи у? Уазæг ын йæ фарсмæ бадæгмæ ацамыдта. Фысымы æр- фгуытæ нылхынцъ сты. - Ме стæс аздзыд чызг зæронд лæгæн... Хынджылæг мæ кæныс?! Нозт сцырын кодта карз ныхас. Хатæг нæ саст, йæ размæ бырст ын нозт стыхджын кодта. Фыды бирæ нал хъуыд æмæ йæ уазджыты федтæдуар кодтаид. Хатæг нæ саст уæддæр. | - Нæй гæнæн æмæ чызгæн йæхи афæрсæм? - æрдомдта дзауаг хатæг.
Нозт йæ бон калы. Фæстаг хатт фысым сразы уазæджы ныхасыл, фидарæй йæ уырныдта, чызг кæй не сразы уыдзæн, уый. Чызг хицæн уаты бадт æмæ йæм уырдæм ба- цыдысты. - Дæ нывонд мæ сæр,- дзуры чызгмæ хатæг,- мæ хъæ- бул, саггаг нæ кæн, амонд дæм мидбылты фæхудт, æгас Æхслебæн уыдзынæ хъæбулы хуызæн, дæ цард къæхтæй ассон-ассон кæндзынæ, æхсыры цады найдзынæ дæхи, уæларвон зæдау дын кувдзыстæм, æнæ дæу махæй ничи хæрдзæн къæбæр, æнæ дæу махæн цард уыдзæн æнæ ад, æхсæв нын уыдзæн талынг ингæн, бон та æхсæвы хуызæн. Чызг ныхъхъус, йæ сæр сзилæгау кодта, йæ зæрдæ уæлдай куыст райдыдта, æвæццæгæн æй ахауынмæ бирæ нал хъу- ыд мæнæ къулыл нæ банцой кодта, уæд. Зæххмæ ныккаст. - Зæгъ, мæ чызг, зæгъ, алцы дæр дын парахат,- хатæг дзырдта, цыдæриддæр йе ’взаджы цъуппыл бадт, йæ дзыхæй сыгъзæринтæ дæр калдта, самадта йын мæсгуытæ. - Зæгъ, зæгъ, мæ хъæбул, дæ хъуыды. - Цы хæйрæг уыд фыд. Чызг къæхты бынæй сулæфыд. - Мæ гъа, куыд сæ фæхъыг кæнæм, худинаг сæ у. - Фыд дурдзавдæй баззад. СИЛОСЫ УÆРМ Иурæстæджы нæ хицауад æраамысыд хæххон колхоз- ты силос æвæрын. Силос æвæрдтой уæрмыты. Хохы адæм мæгуыр куыннæ уыдысты. Колхозты куыстой æрмæст ку- ысты бонтыл. Хойраг, æхца - æппындæр ницы лæвæрдтой. Цы дзы уыд, уыдон давтой районы хицæуттæ колхозты гæстимæ. Районæй хицæн адæймæгтæ фидар уыдысты хъæутæм æмæ мæгуыр рæстаг адæмæн сæ удтæ скъуыдтой. Чеселтмæ дæр фидар уыд Санахъоты Тебо, кæм фендæуыд, ахæм стæвдтæ конд лæг. Адæмæн нал уыд æрæнцой бонцъæхæй изæрмæ. Сæ рæстаг хъаст никæмæ хъардта. Иубон Хандзер бадт къанцлары, Къæбысты Чермен та уыд хъæуысоветы нымæрдар. Районæй арæх дзырдтой, силос æвæрыны хъуыддаг куыд цæуы, уый тыххæй. Дзауы пар- *24
тийы райкомы секретарь та уыд Павлик. Ацы хатт дæр та сæм дзуры, зæгъгæ, уæ уæрмытæ байдзаг сты æви нæ. Ны- хас кодта Черменимæ. Уый йын алцыдæр бамбарын кодта, фæлæ ма фæстаг хатт бафтыдта йæ ныхасмæ: - Æрмæст нын дзы иу уæрм нæ едзаг кæны, калæм дзы; калæм æмæ нæ едзаг кæны... - Уагæр æмæ цавæр уæрм у афтæ егъау æй цæмæн арæзтат? - Тынг егъау дæр нæу, фæлæ нæ едзаг кæны! - Æвæццæгæн, мæгуырау кусут æмæ... - Мæнæ Тебойæ зæгъын,- ныххудт Чермен. Телефоны иннæ кæронæй дæр райхъуыст Павликы худын. Тебойæ фырæфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта. СТЫР СÆР Хъасбол сабыр, æгъдауджын лæг уыд. Хæлæрттæ уыды- сты Хазбиимæ. Иухатт Хазби сфæнд кодта Хъасболæй ахъ- азын. - Зæгъæм, Хъасбол, дæ сæр дын Тхелы хуссары Котойы дзыхъхъæй рауагътам, уæд ма дзы Тхелы доны былмæ цæййас ныххæццæ уаид? Хъасболæн егъау сæр уыд. Уый иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй йæм сабыргай бадзырдта: - Уæддæр ма дзы дæ сæры ййас ныххæццæ уыдзæн! ХИЛДАСÆНЫ Хазби æмæ Хъасбол хилдасджытæм бацыдысты. Хаз- бийы сæр тагъддæр алвыдтой. Дуармæ рахызт æмæ æн- хъæлмæ каст Хъасболмæ. Уый æрæджиау рахызт. Хаз- би йын сбуцтæ кодта, зæгъг, куыд æрæгмæ фæуд кодтай. Хъасбол æрæджиау тыхлæмарæгау сæппæрста: - Мæ сæрæн цалынмæ иннæ фарс æлвыдта хилдасæг,
уæдмæ, фыццаг кæм сæлвыдта, уый рахъуынджын æмæ йæ ногæй æлвынын райдыдта. ЕРАСТЪОЙЫ ЦÆССЫГТÆ Ерастъойæн йе ’рвадæлтæй иу ацæргæ сылгоймаг фæ- зиан. Йе ’вæрыны бон æрæмбырд сты комбæсты адæм. Стыр æгты фыдызгъæл фыхт, æхсидгæ дон хæрдмæ пурти- ау хауд. Фыдæзгъæл фыцджытæ, æрдæг фых дзидза æгтæй истой, лыстæг æй кодтой æмæ йæ тæвдæй æрдæгæу-уыл- дтытæй ныхъуырдтой. Искæй марды мæт чи фæкæны. Уæздан Ерастъо дæр ацы хатт уыдон бафæзмыдта, фæлæ, мæгуыр, тæвд фыдæзгъæл хъуыры фæбадт. Къуылых лæ- гæн йæ цæсты сыгтæ акалдысты, стыхст. Габе йæм фæ- комкоммæ æмæ йæм уайдзæфгæнæгау сдзырдта: - Ой, Ерастъо, цавæр æфхæрд кæнутуæхи, мах иууылдæр уырдæм хъæуы, хорз ацарди,- уый фенхъæлдта, зæгъгæ, зианыл кæуы. Ацы ныхæстæ кæныны рæстæджы Ерастъо фыдызгъæлы кæрдих нынныхъуырдта æмæ йæ цæсты сыгтæ сæрфгæ сдзырда: - Хорз ус уыд, хорз, махмæ уый хуызæн сылгоймаг нал æрхаудзæн. МАРД РАЙГАС Цыбыртæй иу зæронд лæг амард. Мард иучысыл куы рахастой, уæд æй зæххыл æрæвæрдтой, зæгъгæ, æрулæфа æндæр ма æрулæфæд не знæгтæ дæр. Йæ чындзытæй иу Гæбайы тарст хуызæй афарста: - Цæмæ йæ æрæвæрдтой? - Цæвиттон йæ чындзыты æхсойаг уыд. - Фæстæмæ йæ хæдзармæ хæссынц. - Цæмæн? - Райгас... - Æй саубон мæ куыд баййæфта! - чындз йæ уæрджытыл балæууыд.
——а\лл^к^е^©о©^^^ ХИЛДАСÆГМÆ Залыкъа Чъребайы хилдасæгмæ бацыд. Æрбадт бандо- ныл. Хилдасæг ын йæ сæрмæ куы иуæрдыгæй бакæсы куы иннæрдыгæй фарс. - Дæ сæр æн иу фарс æрдыгæй йæ хъуынтæ даргъдæр цæмæн сты? - фæрсы йæ. - Уыцы фарс арæхдæр хуылыдз кодтон æмæ уымæн, - дзуапп ын ратта Залыкъа. ИКТОР ЙÆУСЫ НАЛ БАЗЫДТА Чеселгомы Багъаты хъæуы уыд чындзæхсæв. Фæсивæд иучысыл абадыны фæстæ фестадысты, алыхаттау æмæ хъазт сцырын. Чегъре, кæнæ та йæ хуыдтой радгæс, йæ къухы рон, уæлæнгай цæф дзы кæй æркæны, уый кафтмæ рахизы. Рахизын кодта Икторы дæр, Цыбыртæй уыд. Кафы иу сылгоймаджимæ. Къуылых нозтджын уыд æмæ гæп- пытæ кодта... æвдыста, мæгуыр, йæ хъару Кафт куы фæцис, уæд иуæрдыгæй æрлæууыд æмæ йæ фарсмæ чи уыд, уый афарста: - Уыцы рæсугъд, хæрзвидыцджын сылгоймаг та чи уыд? Кæй афæрста, уый йæ мидбыл бахудт - Цом æмæ дын æй æввахсмæ фенын кæнон. Иктор фæцæуыныл. Лæг ын æй ацамыдта, зæгъгæ, уæр- тæ лæууы. Иктор лæугæйæ аззад, йе ’фсин Къæбысонмæ йын куы ацамыдта, уæд, стæй йæ амонæгмæ дзуры лæгъз хъæлæсæй: - Макæмæн æй зæгъ, æндæра айхъуысдзæн, мæнæуи фæ- расыг æмæ йæ усы нал базыдта, стæй мæ не скъуыйнæгтæ æттæмæ ракæсын дæр нал уадзысты. ФÆРЫСТИ ДЫН, ПОРА Къопа галæн цæфхад сагъта. Пора та галлы сæфтæгыл хæцыд. Зæгæл цæвгæ-цæвын гал сæзмæлыд, æмæ Къопа
ОШЛ^К^^Э^З^сИИЛЛ! — дзæбугæй Порайы хистæр æнгуылдз фæцæф кодта. Къухы ныхы бынæй туг акалд. Къопа уый куы ауыдта, уæд Порйы афарста: - Фæрысти дын? - Нæ, - мæстæйдзагæй загъта Пора. - Уæдæ йæ туг цæмæн рацыд? - Дæ фенынмæ бæллыдис æмæ рахъардта ныхы бынты! ЛЫСТÆГ МÆКЪУЫЛ Чеселты колхозы Чеселты хъæу иурæстæджы хосгæр- дæнты иумæ куыстой. Залыкъа мæкъуыл амадта, иннæтæ та йæм бынæй уæлæмæ лæвæрдтой тъыфылтæ. Мæкъуыл амад фæцис, Залыкъа æрхызт, халамарзæнæй йын йæ фæрстæ æрсæрфта, Къопа йæм æввахс бацыд, бакæстытæ йæм кодта, стæй Залыкъамæ хин худтгæнгæйæ дзуры: - Залыкъа... - Цы та зæгъдзынæ? - Дæ мæкъуылæн йæ синтæ Дзерассæйы синты хуы- зæттæ рауадысты [Залыкъайы бинойнаг афтæ хуындис), ома лыстæг. Залыкъайы æфсин къæхсхуыр уыдис. Залы- къа иудзæвгар ницы сдзырдта, стæй æрæджиау хъæрзгæ- гондæй сдзырдта: - Бæргæ, иууыл сын Раисайы синты хуызæттæ куы уа- ид, фæлæ кæм ис (уый та Къопайы бинойнаг уыдис). АРС КЪÆЦÆЛТÆ АМАЙГÆ ФÆЦÆУЫ Иурæстæджы Дзауы партийы райкомы бæхтæ хызтысты Чеселты æфцæгыл. Иу æхсæв ставд их ныууарыд. Бахæн та йе ’гъдау афтæ у æмæ къæвда чердыгæй уара - иннæрдæм саразы йæ цыды сæр, кæд æмæ тынг стыхса, уæд. Их бæхты раскъæрдта дæлæмæ æмæ былæй акалдысты. Æхсæрдæс бæхæй ма аирвæзт æрмæстдæр иу, иннæтæ амарды- сты. Сырдтæ сæм сахуыр сты æмæ адæм хосы ’куыстмæ райсомæй раджы иугæйттæй цæуын нал уæндыдысты. Цы-
——^лл/^оч^^Ооб^^ою-алл, дысты къордгæйттæй чи æд оæрæт, чи æд хъама. Тæссаг уыд сырдæй. Иухат Къопа фæиппæрд йе ’мбæлттæй. Хо- лытæ кæм уыдысты, уырдæм куы фæцæйхæццæ кодта, уæд йæ кард систа æмæ сабыр, лæмбынæг ныхъхъусгæйæ цыд йæ лæдзæг амайгæ. Холыты цурмæ куы бахæццæ, уæд ыл сыбар-сыбур ссыд, фæкаст æмæ арвы рухсмæ суыдта: арс бæхы мард дæлæмæ фæласы. Лæг ныцъæххаст кодта æмæ фæстæмæ лыгъд ратта. Иудзæвгар куы рауад, уæд ыл Гæба æмæ Федыр хæрх æмбæлд фесты. - Цы уыд, Къопа, кæдæм лидзыс?! - лæппутæн æй цы æмбарын хъуыд, Къопа цæмæй фæтарст, уый. - Уæртæ уым арс къæцæлтæ амайгæ фæцæуы, - загъта йæ фыртыхстæй. - Кæд, миййаг, ды фæцæйцыдтæ къæцæлтæ амайгæ? - лæппутæ йыл ныххудтысты. - 0, о, æз фæцæйцыдтæн къæцæлтæ... МАРДЫ ГАЛУАН Хъотайты Павликæн йæ фыд Джеджджел фæзиан æмæ йын Чеселтмæ балласта галуан. Къопа йæ куы федта машинæйы гуыффæйы, уæд Павликмæ йæ сæр бакъултæ кодта: - Куыд рæсугъд арæзт у, мæнæн дæр ма дзы иу æр- балас. Машинæйы уæлæ йæ нæ базыдта, марды галуан у, уый. ТБИЛИСАГ РЕВИЗОР Туризмы советмæ Тбилисæй æрбацыд ревизор. Фæлæ бухгалтерон документы ницы ссардта. Уæд туристон дзау- мæттæ бæрæг кæнын райдыдта. Дзаумæтты номхыгъды йæ цæст скъуырдта фыст «карабинтæ»-йыл. Кæй бæрны уыдысты, уый сæнт фарст акодта: - Кæм сты? - Туристтæм.
- Æмæ дæм бары гæххæтт уыдис? - Кæцæй? - Милицийæ. Бæрныуæвæг уайтагд ацахста, ревизор кæй нæ зоны, ам карабинтæ цы сты, уый. - Нæ мын лæвæрдта бар æмæ сæ мæхи зондæй ауагъ- тон. Уый телефоны хæтæл февæста æмæ милицимæ фæ- дзырдта...Милиции схæццæ сты. - Цæй карабинтæ ратай, æрра сдæ? - Бæрныуæвæг æм дзы иу дæтты. Милиционер фæхудт. - Адон, ацы цæггæндтæ дæр туристтыты æвзагыл карабинтæ хуыйнынц,- æмбарын ны кæны милиционер. - Раст нæ зæгъыс, ды дæр фыдгæнæджы æвварс дæ, стæй сымах ирæттæ кæрæдзййы сæрыл хæцынмæ рæвдз стут... Æз уæддæр акт сараздзынæн... - Ницы дын дзы рауад,- милиционер базарæгау кодта, - æхца дзы нæ байсдзынæ... УАЗДЖЫТÆ НÆМ ÆРЦÆУЫ Иу райсом раджы Чъребайы уынгтæ сыгъдæг кæнын райдыдтой уæхскуæзæй. Хъуыст фиййæгты хыррытт-хыр- рытт. Фæлмæст адæм сæзмæлыдысты, зæгъгæ та хæст рай- дыдта, цæй уынæр у. Дыууæ лæджы сæм æдзынæг кæсгæ баззадысты, дис сæм фæкаст мæрздджыты змæлд. - Цы хабар у? - иу дзы иннæйы фæрсы, - исчи та нæм æрцæуы æви та исты бæрæгбон æрæмысыдысты? - Нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, дыууæйæ иу уыдзæн. - Цы хорз уаид, уазджытæ нæм арæхдæр куы цæуид, уæд нæ уынгтæ сыгъдæгдæр уаиккой. ГОМ ДУАР Адæм лидзынц, цæрын нал фæразынц æмæ сæм иучы- сыл хъус æрдарын хъæуы. Уый æппæт гуманитарон æххуыс
æнæмæнг нæу æмæ цалдæр лæджы хъуыры аирвæзой, - домы иу дохтыр президентæй. -Кæйфæнды,уыйлидзæт,фæндаггому,-куыдфæндыйы дзуапп ратта хицау. - Æмæ ма уæд кæмæн дæ президент? - Никæй кой уæ кæнын æмæ уæ мæ кой мачи кæнæт! КЪУЫМЫХЦЫ Хицау Хъорнисы æмбырд уадзы. Фæстаг хатт йæ ныхас æрæнцад хъалонтыл, зæгъгæ, сæ фидын хъæуы. - Æмæ сæ цæмæй бафидæм, мызд куы нæ исæм? - фæрсы йæ сæ иу. - Фæйнæ къуымыхцы дæлæ базармæ ныддавут æмæ сæ æрбауæй кæнут, - уæздангомау дзуры президент. - Дæ рын бахæрæм, æмæ цæуыл ныууайæм базармæ, транспорт куы нæ ис? - Уæ фыдæлтæ машинæтыл цыдысты, къахæй ныу- уайутббазармæ æмæ сæ фидгæ дæр уым бакæндзыстут го- рæты. ХИЦАУ ЧЕСЕЛТЫ Хицау иу Чеселтмæ бафтыд. Цыбырты Пора сын хъы- был аргæвста. Уæдæ чъиритæ, сау бæгæны. Цыма уыдаид хуыздæр... уæдæ уæлдæф, суар... Нозтæй хорз стуту сты. Цæуынвæнд куы скодтой уæд сын Пора æфсæрмгæнгæйæ ской кодта, зæгъгæ мæ хæдзары сæр тæдзы æмæ мын æм- бæрзæн дурæй куы аххуыс кæнис. - Уый æнцон у, Пора. Дæлæ Хъорсеуы колхозы скъæты сæр нæ абырджыты иу къорд халынц, уырдæм ныццу æмæ дæ цас фæнды, уый бæр раласдзынæ... 0, фæлæ еду хъыбы- лы сæр ма нын æххæст немæ авæр, дæлæ суадоны цур куы абадæм, уæд...
1ллл<><лел©чз^2^><>лл/ь—— * * * Раст къæцæл æмæ ма зылын къæцæл доны ныппар. Зы- лын къæцæл дон нæ аласдзæн, цæуылдæр фæхæцдзæни, фæлæ раст къæцæл ницæуыл фæхæцдзæн æмæ йæ дон аласдзæн. ЦХИНВАЛМÆ ЙÆ ХÆССЫНЦ? Нæ областы гæстæ Тбилисы уыдысты. Иуран фæндагтæ æрæхгæдæуыд. Æрлæууыдысты нæ гæстæ дæр. Кæсынц: мардхæсджытæ марды чырын бæрзонд систой æмæ афтæ- мæй цæуынц. Иу сылгоймаг кæуынæй йæхи мары: «Кæдæм дæ хæссынц, кæдæм, куы нæ дзы рухс ис, куы нæ дзы дон, куы нæ рæстмæ хæринаг...» Нæ гæстæй иу иннæйы бас- хуыста: - Æмæ йæ Цхинвалмæ цæмæн хæссынц? дзыхъхъ Нæ областы гæстæ æмбырды фæстæ кæмдæр анызтой, къуылых расыг фесты. Цæугæ-цæуын машинæйы афынæй сты. Иуран машинæ дзыхъхъы фесхъиудта. Фехъал сты сæ дыууæ дæр æмæ сæ иу шофыры фæрсы: - Куыд тагъд æрбахæццæ стæм? - Нæма дард стæм... - Æмæ уæдæ уыцы дзыхъхъ кæм уыдис? ÆРТÆ ИНСТИТУТЫ „ Къуыдаргоммæ нæ хицауады иу къорд бахаудтой сæ ку- ысты фæдыл. Фæхуыдтой сæ. Уæдæ куыд? Уайтагъд ку- сарт. Нæртон æфсин Зассеон хæбизджынтæ ракодта... Цæл райдыдтой... Уазджытæй иу Знауыр хуынд. Æгæр сын куц лæггад кодтой, уæд Знауыр сæфсæрмы ис. Сыстад, нуазæн дæтты æфсинмæ, йæ уæлæ йын туман æрæвæрдта,
афтæмæй. Ирон лæг ирон уæздан æгъдау бирæ уарзы. Æф- син сæфсæрмы, зæгъгæ, дын мæ къæбæр уæй кæнын. Уæд уазджытæй иу фестад æмæ æфсинмæ дзуры: - Зассеон, чи у уый зоныс? Уый æртæ институт каст фæцис! Æфсин иучысыл æнæдзургæйæ алæууыдис, стæй са- быргай сдзырдта: - Дæ нывонд мæ сæр æрбауа, æмæ кæд иу институты ни- цы базыдта, уæд ма иннæ дыууæмæ цæмæн цыдтæ? ЗАЛЫКЪАЙЫ ЧЪЕРЧЪИТÆ (хус дыргътæ) Залыкъа араст Дзауæй Чеселтмæ. Йæ фæндаг акодта Му- гутыл. Уым цардысты йæ лымæнтæ. Йæ чындзы мад ыл ку- ыд нæ бацин кодта. Йæ разы йын чъерчъитæ авæрдта. Уый Дзауы комæн æгъдауу.Уазæгæн фыццаг дыргътæ бахæрын кæнынц, стæй та хæринаг... Залыкъа чъерчъитæ йæхи æр- дæм æрбаввахс кодта. Губианæн арфæтыл схæцыд: - Чъерчъи цард кæн, чъерчъи цард, Губиан. Уæдмæ фæзынд се сиахс Гæба, Залыкъайы фырт, зæххы кæлæн æмæ хъуынахор. Йæ фыды раз хус дыргътæ куы ау- ыдта, уæд, рамæсты «мæнмæ сæ исчи куы ссæуы, уæд сын кусарт акæнын, уыдон та...» Арахъы кæрдзыны къæбæртæ стылдта æмæ сæ дуармæ рахаста, кæрчытæм «фæдзиба- дзиба» кодта, акалдта сын арахъæйдзаг къæбæртæ, кæр- чытæ сæ рауыгътой, кæрчытæ фæлдæхтытæ райдыд- той. Губиан сæ куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис, зæгъгъ сыл кæрччигъуылой æвиппайды кæм фæзынд. Гæба сæм цæстмæ æвнæлдтытæ кодта, стæй сфæрæзта, цыма уæззау масты мидæг уыд: - Æргæвдгæ, Губиан. - Æмæ низæйдзаг цæмæн бæззы? - Æвиппайды æрбарынчын сты æмæ сын ницы у - иу цалдæр дзы куы æрбаргæвста, уæд иннæты Гæба æр- гæвдын нал бауагъта, зæгъгæ, адон иннæты сæрбæсты фæцаеудзысты. - 6, о, дæ нывонд мæ сæр...
—-ч/\лл<к^чел©^—— ЗАЛЫКЪА - ХЪÆРГÆНÆГ Цыбырты Лекса амард æмæ Залыкъайы арвыстой бы- дираг хиуæттæм хъæргæнæг. Залыкъа фæстæмæ æрба- хæццæ марды ныгæнæн бон нозтджынæй. Мардæн скад кæныны тыххæй мардмæ бацыд йæ сæр хойгæ: «уæуу нæ дарæг, уæуу нæ фидыцджын, уæ нæ зондамонæг, ку- ыд ма уыдзыстæм дæ фæстæ æнæ дæу... Дыууæ боны дын дæхиуæттыл фæзылдтæн æмæ дæ куыдзы хъуыды дæр куы ничи æркодта! Цы дын кæнон, цы, мæ бон!» ЕРАСТЪОЙЫ ХЪАРÆГ Ерастойæн йæ фыд Лекса амард. Залыкъа йæ нал уад- зы, зæгъгæ, разæй кæугæ бацу æз æмæ Сандро та дæ фæс- тæ йеудодойгæнгæ. Ерастъо лæдзæгыл дуармæ йæ худ æрæвæрдта, дыууæ къухæй сæр цъыкк райдыдта. Алы зæрдæмæхъарæг ныхæстæ æвзаджы цъуппыл бадтысты. Фæлæ йæ фæстæ хъарæггæнджыты хъæлæс куы нæ райхъ- уыст, уæд фæстæмæ аивæй ракаст, куы никæй дзы суыд- та, уæд бамбæрста, кæй та дзы ахъазыд Залыкъа. Ерастъо тынгдæр ныхъхъарæг кодта, йæ сæр нынкъуыста, ныххо- ста йæ æмæ ма загъта: - Æ мæн чи фæсайдта, уый дæуау фæуа!... БИТАЙÆН НУАЗÆН Чилæхсаты Грис æгъдауджын лæг уыдис. Иу хатт хос кæрдыны зиу кодта. Хосдзæуттæ сихорыл фæйнæ куы анызтой, уæд кæрæдзи кæрдгæ-кæрдын расур-басур бай- дыдтой. Кæм-иу сивыргарет ракодтой кæм цъиугарст. Фысым-иу бахъуыр-хъуыр кодта. Зæгъгæ быныл кæрдут. Хосдзæуттæ та-иу ын дзуапп лæвæрдтой «уый Битайы у». Грис мæсты кодта, фæлæ цы. Изæры фынгыл æрбадтысты, чысыл куы абадтысты, уæд Грис сыстад æмæ Битамæ нуазæн дæтты.
- Мæ нуазæн дын, абон сихорæй фæстæмæ дæу йедтæмæ хос ничи карста. Бита рæвдз фестад. Иннæтæ ныххудты- сты. ЗАЛЫКЪА ÆМÆ БАГАЛ Залыкъа æмæ Чилæхсаты Къоста нартхор рувынмæ уы- дысты Æрыдоны. Уым куыстой иу бонджын лæгæн. Сæ ку- ыст фесты, сæ мызд райстой æмæ фæстæмæ здæхтысты Чеселтмæ. Салугæрдæнмæ схæццæ сты. Ам иуран адæм нымбырд сты. Уыд дзы хъæбысхæст. Богал, къæдзæхы йй- ас лæг, алкæй дæр абырста. Йæхи уигъгæ, зиллачы зилы, сидæгау кæны, зæгъгæ ма кæй фæнды мемæ хæцын. Фæлæ ма йæм чи уæндыд. Уæд Къоста, хин æмæ, йæ кæлæн лæг хуыдтой, фæлæ æхсарджын, дзуры Залыкъамæ: - Ахиз, рахæц йемæ, кæд дæ амара, уæд дын дæ мард ме ’ккой Зикъарайы æфцæгыл нæхимæ ныххæсдзынæн, кæд æй абырсай, уæд та дæ кад уæлæуыл баззайдзæн. Залыкъа сау тыхæй арæзт нæ уыд. Уыд мæллæг, къæсхуыртæ арæзт, фæлæ йæ фезмæлд - цæрдæг, ныфсхаст, ердойы хуынкъæй дæр сгæпп ластаид. Фыццаг нæ разы кодта, фæлæ рæуæг лæджы Къоста саминди кодта, йæ сæр ын сзилы кодта, ба- уырнын ын кодта, богалæй тыхджындæр кæй у, уый. Аф- тæмæй та дзы уый хынджылæг кодта. Залыкъа фестад. Ба- раст богалмæ. Уый йæм æлгъаджы каст бакодта, зæгъгæ, ай мæм йæ ныфс чи æрбахаста. Уадындзтæ суасыдысты. Богал æм йæ къух бадардта, фæлæ йын æй Залыкъа исыны бæсты арм уæлгоммæ фæзылдта. Цонджы хъулы цур армы тъæпæнмæ æввахс ын йæн нуары йæ даргъ ных нытъыста, йæ бон цас уыд, уый ййас æй нылхъывта, нуар фæрыст, кæй зæгъынæй хъæуы, армы тъæпæн фæкъæдз æмæ лæг фесхъи- удта. Залыкъа йæм бакаст æмæ æлгъаджы худт бакодта. - Афтæмæй дæхицæй æппæлыс?! - йæ шинел феппæрста æмæ йæ Къостамæ баппæрста, - æууыл ма мын фæхæц! Йæхæдæг богалмæ, цæнгтæ счъилгæнгæ, фæцæйцыд. Бо- гал джихæй лæугæйæ аззад, стæй йæм Залыкъа куы бав- вахс, уæд фæзылд æмæ зиллакæй ахызт.
1ЛЛЛ<К^З^©<3^ — ЭТО НЕ ФАКТ Залыкъа хæсты рæстæджы уыд партизантимæ. Хæстæй чи æмбæхст уыдон ахстой. Хъахъхъæдтой æфцгуыты рахи- зæнты. Æмбæхст хæстæй Къæбысты Шакро дæр. Кæмдæр ыл Зал ыкъа хæрхæмбæлд фæцис. Хъуамæ йæ æрцахстаид. Шакро фæмæсты, зæгъгæ, дæхæдæг цæмæннæ цæуыс æмæ Залыкъ- айы ныццавта. Л æг ныццух-мухтæ кодта. Лæг иудзæвгар æнæ дзургæйæ алæууыд, стæй æрæджиау сдзырдта: - Это не факт. Шакро уæд дыккаг хатт къух дардыл фæхаста æмæ та йæ дыккаг цæф ныккодта. - Уый та дын фаг, - Залыкъайы ныхас æндæрæрдæм бамбæрста. РАЙКОМЫ МÆЛЛÆГ ГÆДЫ Хуыгаты Ладикъо стыр хæсты фæстæ уыд Часавалы колхозы сæрдар. Йæ фосæн фаг холлаг нæ уыд æмæ дзы бирæ мард. Иæ фарст ын Дзауы партийы райкомы бюро- йы æрæвæрдтой. Æфхæрынц æй. Дзауы дзыхъхъ - бюро- йы уæнгтæ, йæхи бæрзонддæр куыд чи æнхъæлы, афтæ фæгæпп кæны æмæ æнауæрдонæй Ладикъойы царм ла- сынц. Бакæс сæм - кæм ма ис уыдонæй æнувыддæр адæм Дзауы районы. Ладикъо бадт пецы фарсмæ, йæхи тавы æмæ сæм хъусы. Уæдæ цы акодтаид. Часавалæй Дзаумæ бæхыл фæцыд. Кæсы пецы бынмæ, йæ фарсыл дзы хуыс- сы иу урс хъулон гæды. Йæ къæхтæ адæргъ кодта, йæ къу- ди. Гæды ахæм мæллæг уыд æмæ йæ фæрстæ кæрæдзийыл ныдзæвдысты, йæ уачъи ма кæрæдзийыл гæзæмæты хæ- цыд. Кæсы йæм колхозы сæрдар, цыма йæ алыварс цы ны- хас цæуы, уый йæм æппындæр нæ хауы. - Цы зæгъыс, Ладикъо?! - тымбыл къухæй стъол æр- цæвгæйæ, фæрсы фыццаг лæг. Уый сыстад, гæдыйы йæ къахæй батъæпп кодта. Гæды фестъæлфыд, фестад, иуран слæууыд, йæхи скъæдзтæ кодта, мæгуырæг, стæй араст ду- ары æрдæм йæ къæхтæ дзуар æвæрдтытæ исгæйæ.
— ^ЛЛ/^^^Овб^^о-ол/Ъ - Цы хъуамæ зæгъон. Хъæуы хосдзау адæм хæстæй нал æрæздæхтысты, адæм дзы... куыстхъом адæм дзы нæй æмæ æз иунæг 400 стуры кæм схастаин, хæст хæст у уæхицæй йæ нæ зонут, сымахæн дæлæ уыцы гæды, - къухæй амоны гæдымæ - схæссын уæ бон куы нæ у æмæ цалдæр куы стут, фырмæллæгæй йæ фæрстæ куы фæхуынчъытæ кæнынц... Фыццаг лæг ыл ныббогъ кодта, стъол тымбыл къухæй фæ- цæф кодтаæмæ... -Æрцахсутæй!
СÆРГÆНДТÆ Редакторæй 3 Фæдис, хæлы нæ хæдзар (уацау) 5 Радзырдтæ Телевизор 104 Цуаны 109 Кæрæдзи бамбæрстой 112 Хион 115 Кæйдæр æхцатæ 117 Змæст доны райдиан 120 Тæбынгтæ æмæ цæфхæдтæ 123 Фыдфьгн 126 Гæххæтт кусы 129 Гарнитур æлхæнæг 132 Сæрдарæй тæссагдæр 139 Фæсмоньг митæ 142 Ыозт сдзьгрдта 147 Хъуыддаджьг лæг 148 Автоинспектор 169 Даринæгтæ 172 Совхозьг директорьг ус 180 Уым 188 Кооператор 194 Абггтурггент 206 Доклад 224 Мьгстæвæрæн 232 Рассьггæнаг бæх 254 Мæ зонд - ме сафæг 257 Иæхгг базьгдта 278 Фатер 281 Уацаутæ Хæхтьг бæркад 289 Зьгд æмæ кæрæф 328 Цыбыр радзыртæ 369
Зарбег Трбуевич (Петрович) Джабиев ПРОСНИТЕСЬ, РАЗРУШАЕТСЯ НАШ ДОМ Книга издана по решению издательской комиссии Госкомитета информации, связи и массовых коммуникаций РЮО Редактор А.Б. Остаев Техн. редактор ВА. Тедеева Кйрректор Р.Ф. Дзагоева Художник ИА. Джуссоев Верстка Т.В.Цховребова Подписана в печать 20.01.2012. Формат 84x108/32. Бумага офсетная. Печать офсетная. Уч.-изд. л. 18. Усл. печ. л. 20,79. Тираж 300 экз. Заказ типогр. №370. Дом печати. 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 7. Полиграфическое производственное объединение РЮО. 100001, г. Цхинвал, ул. Московская, 5.