Текст
                    ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
ÆЗ
УЫЦЫ
ХСÆВ
ЧЫСЫЛ
САБИ
УЫДТÆН
(Мадæлты поэмæ)
Рауагъдад «Ирыстон»
Цхинвал 1978


Мæ фыдымад Дзыцца, мæнæн та — Джидджи, æмæ канд мæ- пæн нæ, — не стыр фыд Солæйы байзæддагæн иууылдæр, стырæй чысылмæ. Дæ номыл ныффыстоп ацы по^мæ. . Зонып æй, уый дæ бирæ хæрзты аккаг не скомдзæн, дæ уд рисæй, зычæй цы бавзæр- ста, æппæт уыдон нæ бахынц- дзæн, фæлæ дæ кæсдæры, дæ уды æрхъисы фæпдыд дæ рухс номмæ, цыма намысы кувæндон- мæ, дзылыйы хай бахæссын. Кæд ын бантыст, уæд табу, кæд нæ, уæд та йе ’гуыдзæгыл хъæцдзæн æмæ йæхимидæг сусæг рисæй рисдзæн. Автор
* * * У хъуыст: лæг царды, ’ндонау, сæрын зоны. Фæлæ ныййарæг... нæ туг æмæ ыстæг, — æхсоны къæртт у уый, нæ рын æмæ нæ сонæй йæхимидæг цъæхарт уадзæг, мæстæг. Æнæуый афтæ сабыр æнгас дары... Хъандзал æндон æруадз æхсоныл, — зынгыстъæлфæнтæй срухс кæндзæн мæйдары. 3
Мæнæ, гъе, æрбамбырдысты нæ армыдзаг бинонтæ зымæгон тыхст боны фæстæ нæ сабыр хæдзары — хъæугæрон, хибар... ДЗЫЦЦА - мæ фыды мад, нæ зæронд пецы фарсмæ бады, йæ урс дадалитæ йæ кæрдæны бынæй рухс фæлгъуыз дарынц. Йæ къухы цъындайы къæбæлтæ кæрæдзи дзыккутæ бындзыггай тонынц. 4
НАНА — мæ мад, изæрсарæй талынг къуымты йæ миты фæдыл, фынæндæргау, зилдух кæны, йæ къабайы рог уддзæф ныдзæвы мæ уадултыл. БУБУ — ме ’фсымæр, нæ хæдзары фæдисон, куырыхон лæгау, фынджы уæлхъус бады, цыдæртæ чиныджы ’взагæй дзымандытæ кæны. ÆЗ — хæдзары хъазæнхъул, нæ мæм хауы азым, æнæмæт дæн, æвæлмон. Æхсæв хъарм фынтæ фенын Нанайы хъæбысы, 5
бон кæрты амайын мæсгуытæ митæй, хорз — кæд сæм нæ ныккæсы бонрæфты хур, науæд сæ уый, сыгъзæрин тыхгæнæг, йæ зынг фæттæй басæтты ’ввонгæй. гино, дæлæ пецы бын Гино хуыссы, йæ цæстытæ — цъынд, нæ цæуы мыстыты фæдыл цуаны, нæдæр ын у стонг, нæдæр ын у уазал, йæ хъуыр-хъуырæй зарджытæ здухы... Æмæ ма ноджы, куыд мæ рох кодта — ДЕУЫР!.. Куы хъусын йæ рæйын, уæд алидзы талынджы тас, æнæуый æхсæв æддæмæ нæ уæндын. 6
Кæй ном ма мæ ферох зæгъын? Мæ хъуыдыйы ’вæрæнтæ сгарын, æвзарын, фæлæ дзы ницæуыл хæст кæны арм... II Мæ фыд... 0, фыд дæр мын уыдаид... Уæлæ Хъæлцийæн куы ис... Иууыл уымæй æппæлынц нæ хъæу: уый, дам, иу æхстæн немыцаг фрицтæй рамардта фараст, ноджы йæ кард уыд æрдаг, — лæгдзæгъдæнтæ кодта. Æмæ йын уый тыххæй дунейы хорзæхтæ радтой. Раст сæ йæ риуыл дыууæ рæнхъæй сауыгъта, æрттивынц, судзынц, тыбар-тыбургæнгæ. Хъæлци схизы йæ хъæбысмæ æмæ сæ хъазы, 7
дзыгъал-мыгъул кæнынц. Тæхудиаг кæм нæу Хъæлци!.. О, афтæ æнцонæй нæ дæттынц миййаг уыцы æрттивджытæ: Хъæлцийы фыд уыдоныл радта йæ къах æмæ йын ныр иу къахы йедтæмæ нал ис. Ш Мæ фыд!.. О нæ, нæ мæ фæци рох, мæнæй ницы у рох æппындæр: а-сæрды цал айчы ’рæфтыдта зæрватыкк й’ ахстоны, цал лæппыны дзы атахт хуссары хъарммæ, гъе, цал къахдзæфы ис нæхицæй уæлæ скъолайы кæртмæ. (Уым кусы ахуыргæнæгæй мæ мад)~ 8
Сæумæрайсом йæ фæдыл ызгъорын, — мæлæты скъолайы лæипу нæ дæн! Йæ рæзты хатæнмæ — гæпп, уадидæгæн партæйыл бадæг фæвæййын, ыстæй ма мæ расур ды, марадз!.. Мæ тъизынмæ хъусын кæй бон у! Æниу кæмæй дæн, кæ, къаддæр! Æнæкъæрццæй зонын: «Кæй фырт дæ? — Толайы...» Стæй «Гино», «Дзывылдар...», мæнæй ницы у рох æппындæр. Мæ цæстытæ — ирд, арвы хъæбысау, æнæкъæм, тæмæн. Фæцæйтæхы маргъ — йæ базырты тъæбæртт мæ цæстыты баззайы змæлгæ. Мæ зæрдæ, доны æрттывдау — рæсуг, æнæвнæлд. 9
Чысылдæр дзы исты ныххауæД, уæд байдайы уылæнтæ-уылæнтæ... Мæ фыд... уæдæ уый куыд ферох кодтаин, ау? Цæуылнæ йæ дарын мæ зæрдыл? Фынуынæгау, йе ’нгæстæ ауайынц цæстыл... Æз архайын, бæлвырд æрымысон ын йæ хуыз, фæлæ нæй, уый не ’фты мæ къухы, — цыхуызæн уыдис йæ цæсгом, куыд уыдис йæ хъæлæс, йæ къахайст, йæ ми... Зæгъынц, ныр цалдæр азы фæцыд, æмæ нæма сыздæхт хæстæй. IV Хæдзары судзы арт. Пецы фæрстæ сырх-сырхид зынг дарынц. 10
Фæздæг трубæты гуыр-гуыргæнгæ згъоры уæлхæдзармæ, уæлхæдзарæй — къæдз-мæдзытæгæнгæ, арвмæ. Уым, æндонуазал æрдынцарыл, ихы цæппузыртау, цъæх-цъæхид ыстъалытæ тары уылæнты ризынц... Деуыр, бецау, тыргъы хосы бындзыгыл хуыссы æмæ йæ цъæхснаг хъыс-хъыс хæдзармæ уайы мæ хъустыл. Ихæн у Деуырæн... Мидæмæ йæ нæ уадзынц, — куыдзæн, дам, уазалы хуыздæр у. Æниу мæ уырны? Гъе, фæлæ чи у мæ ныхæстæм хъусæг! Æз дæр пецы сырх-сырхид фарс хус æндзарæнæй хафын, æмæ зынджы стъæлфæнтæ схъиуынц. Хæцы мæм мæ мад... 11
Мæхи та баппæрстон Дзыццайыл, йæ хъыбысы арфдæр ныгъуылын. V Дзыцца — мæ цæугæ фидары ныфс, нæ сыхы лæппутæ мæ æмризæджы ризынц йæ тæсæй, фæныхилын дæр мæм дзы ничи ма суæндыд нырма. Куы сæм фæдзагъултæ кæны тызмæг, уæд арвы талынгты тмбæхсынц. Ныр та мæ не ’ркодта, цыма хъуыды дæр, æдзынæг тары кæдæмдæр нымдзаст... Æрмæст йæ дæрзæг армы тъæпæн иу-цалдæр сæрфты æркодта мæ русыл æмæ æгуыппæг сабырдзинады, йæхицæн дзурæгау, раст йæ къæхты бынæй ыссыд: — Нæ мæ тавы арт... Цæмæй зыдтон, 12
цавæр сагъæс æвдæрзы йæ зæрдæ, цы уыдис йæ дзырдты æмбæхст? Фæлæ мæ къух æруагътон йæ зæнгтыл æмæ уыдысты зынджы хуызæн тæвд. — Дзыцца, цытæ дзурыс, цытæ, дæ уæрджытæ фыртæвдæй куы судзынц. — Судзынц, судзынц, Дзыццайы къона, фæлæ мæ зæрдæ мидæгæй уазал у, нæ тæфсы... Стæй кæуындзæг йæ хъуыры фæбадт, æмæ йын дарддæр йæ сагъæсты фæндаг ныхгæдта. Йæ кæрдæны къабаз ысхаста йæ цæсгоммæ æмæ стъæлфыд йæ буар цыма йыл бахæцыд ризæг. Æз йæ хъæбысы уыцы ныгъуылдæй лæууын, æмæ джихæй 13
æхсæвы сабырмæ хъусын. Цы зыдтон, — æцæгæй уыд сабыр æви æгæр тынг æнкъуысти бæстæ, æгæр тынг нæрыди цæрддуне уынгæг зæрдæты дзынæзтæй нæ алфæмблай æхсæвы æгæрондзинады æмæ мидæгæй, пецы цур, къаннæг хæдзары. VI Æхсæвтæ... Æхсæвтæ... Æнæнымæц, æнæфæугæ дзагъырдзаст æхсæвтæ... Кæд уыдзæни, кæд æрцæудзæн сæ кæрон? Æниу сын райдайæн уыди? Кæй зæрдыл ма æрлæудзæн... Цæуынц, æнæаскъуыйгæ, кæм хæхты цыргъытыл сæ сау фæрстæ хафгæ, Ц
кæм цъæх астымты астæумæ хъамыл ыссæндгæ, фурдты, океанты лæгæрдынц. Цæуынц не замантæй ацырдæм уылæнтæ-уылæнтæгæнгæ, мæйдалынг æхсæвтæ, уæззау æхсæвтæ. Дзыцца бады, Уыцы æнæивгæ нæ къæсæры ихсыд къуыдырыл бады æмæ мæйтæ, афæдзтæ, æнустæ фæд-фæдыл нымайы... Хæдзарæй чысыл æддæдæр фæндаджы рагъ хæмпæл кæрдæг банорста йæ быны. Дзæгъæлдзуйы синæгтæ æрбахилынц къæйтыл, быруйы дуртыл ысхызтысты, еуанг къæсæрмæ æрбахæццæ кæнынц, хъазуатæй фæбырсынц хæдзармæ. 15
Тагъд ысбырдзысты къултыл цъæх-цъæхид æфсад æмæ уым, уæлейæ, æрсадздзысты мæрдырохы тырысатæ. Фæлм-мигъы къуыбылæйттæ æмыр-æгуыппæджы зилынц Дзыццайы цæстытыл. Æнусон рæстæг бацахст йæ сæрмæ. Бæзджын кæны боны рухс. Къæвдайы уарынау ыл калцæг арвы æртхутæг уырдыгмæ ызгъæлы. Ацыд йæ зынгхуыст хъæбулты кæсдæр, иу æнæном бон ацыд ыстæры æмæ уæдæй нырмæ нæ зыны хæдзармæ. 16
(Ах, кæдæй, кæдæй нырмæ нæ зыны йæ хъæбул Дзыццайæн!) Фæлæ бады Дзыцца, Дзыцца æнуеон у, Мæхи Дзыцца... Æз æнхъæлын, — уый цард, зæххыл ма змæлæг куы нæ уыд, уæд дæр. Цыд куыроймæ, хуыцаубонты тындзыдта горæтмæ. Йæ къахайст — рог, йæ дзырд та — уæззау. Хъынцъым кодта, куыдта, æмæ худт, цыма йæ зæрдæ мастæй никуы ницы бавзæрста æппын, йæ кæуын — сусæг, йæ худын та... Куыд-иу худти кæл-кæлæй! 2 Æлборты X.
Дзыцца æнусон у, Дзыццайæн нæй фæуæнг æнæ Дзыцца цы хъуамæ кæна дунеГ Нæ сыхы чи цæръг, нæ хъæубæстæ æгасæй, кæй зонын æз, кæй федтон иунæг хатт мæ царды, — йæхи æмцахъхъæнтæ дæр, кæсдæртау, Дзыццамæ бадзурынц æфсæрмгъуызæш Дзыцца! Дзыцца кæм и? Дзыцца та рацæуæд. Æнæ Дзыцца æхсæнгуывд нæй, æнæ Дзыцца мæрддзыгой нæй, — куы нæ бакæуа уый, иронвæндаг куы нæ акæна разæй, — мæрдадзы адæм сæ зæрдæбын цæссыгтæ кæй хъарæгмæ фæкалдзысты Æнæвгъау? 18
VII Æхсæв йæ дардыл гарз йедзаг кæны тарæй. Кæд фæуыдзæн йедзаг! Æрбахъардта хæдзары къултæй мидæмæ, къуымтæм, алцы ахуры. Атыхст Дзыццайы кæрдæныл. Куыд ыл узæлы! Йæхицæй у уый... Уый йын раджы схай кодта, — йе ’взонджы бонты, æмæ йын ныффæдзæхста: дар æй, ма йæ сис... Ау, дæ хъæбулты нæ уарзтай! Ау, дæ цардæмбал дæ ферох миййаг?! Зæрдæджын дæ, хъæбæр, чызгай! Æниу, ды сæ дзæгъæлы буц кодтай дæхи. Цы хорз дын фесты? Дæуæн ма баззади сæ ном, афтид ном, — 19
сæ хъæстæ та мæн у. Мæ бон у, тауыс бахæссон сæ рухс цæсгоммæ, — тæрс! Тæрс!.. Ныхгæн дæ зæрдæйы дыуæрттæ! Нæ, нæ. Ис ферохгæнæн алцæмæн, куы цæрай, — зæронд хъæдгæмттæ байгас кæнын зонынц, уæлдайдæр та нæуджыты цур, — нæуæг рисмæ ныхъхъус вæййы сæ судзаг... Фæлæ Дзыццайæн уый, уæ хорзæхæй, уæд та æмæ-иу ма дзурут, æз курын. Æз зонын, уый цыхуызæн у: Дзыццайæн рисдзæни йæ зæрдæ, туг сæдæ хъæдгомæй æнхъиздзæн, уæддæр быхсдзæн. Уый зоны цард, кæйдæр ныхæстæй йын 20
нæ фехъуыста йæ митæ. Фæлæ ма йæ куы фæдзæхсут, уæд та фылдæр кæнынц... Æниу æнцад вæййы уæ фарсмæ æмæ æнхъæлут... Фæлтау... уæ хорзæхæй... ...Уæдæй фæстæмæ талынг куы ахизы нæ къæсæрæй сæурайсом, нæ хъæууынгтæй куы фæлидзы, уæддæр Дзыццайы сæрæй не скомы. Уый уым æрбадт, йæ урс дадалитыл ныддæлгом, æмæ йæм хуры рухс нæ уадзы. Дзыццайæ хуры ’хсæн лæууы мæйдары сау мылазон къабаз. VIII Нæ фæтæген цырагъ нæ дæргъæццон ыстъолыл йæхимидæг цъыс-цъысгæнгæ, 21
уыраугæ, судзы. Зын ын у, бафæллад, бæгуы, зымæгон даргъ æхсæвты йæ уыцы иударон бегарасыгъд кæнынæй, бафæллад хъæбысæй Таримæ хæцынæй. Уæддæр йæ бон цы у, гъе, уымæй хъуамæ судза цъындабийæг æхсæвбадæджы устытæн. Хъуамæ сура Тар, йæ судзин-фæттæй йын йæ сау зæрдæ рæмпъуза. Йæ авг кæм фæуынгæг, хъуырдзæвæнау, раст уым ыл сынт-милæй аныдзæвд мылазон, — уый Тары къух æрбаххæссыди рухсмæ, æмæ йыл ’рæвæрдта йæ дамгъæ: 22
«Æз дæн, æз, ма фестъæлф...» «Ды чи дæ?» «Æз — æнцой, дæуæн тæригъæдгæнæг — æрулæф... бафæлладтæ...» «Ам цы агурыс?» «Мæн зонынц ам. Æз — а-хæдзары бинонты уæнг, барджын». «Дæ ном?» «О, цæй ном! Нæ вæййы алыхатт мидисхæссæг ном...» «Æмæ цы у дæ мидис?» «Зæхх æмæ арвы ныхмæ тых, — куыд ннкуы бамбарой кæрæдзи! — Сæ тæккæ уарзыныл куыд вæййынц, афтæ æз се ’хсæн бацæуын æмæ сæ аскъуынын кæрæдзийæ. Дæлдзкныгмæ нысхойын зæххы, арв рахæссы йæ цырагъ-мæй æмæ агуры йæ сæфт амонды. Цæуылнæ разилы йæ сæр!..» 23
«Цыдæр дæлгоммæдзырд нывæндыс æмæ дæ не ’мбарын бæлвырд... Цæй, чи дæ?..» «Æз афтæ бирæ уарзын дæу, æмæ мын дæуæй фæхицæнуæвæн нæй.» «О-о, æз та æнхъæлдтон, цыма дæу хъуаг ницæмæй дæн мур дæр...» «Дæ ныхæстæм тъæпп ахауид æндæр, фæлæ æз мæхиуыл хæцын зонын, æз ме ’взаг дæр æркъæпп ласын дæндагæй, нынныхъхъуырын мæ маст!..» «Кæннод?..» «Кæннод... Быцæумæ нын куы асайа миййаг... Дæ уд зындоны цадмæ ’ппарыс... Æз ма та дын тæригъæд кодтон!» «Æгæр тынг дæ нæ бацыди мæ мæт?..» «Уæдæ хорз! Къæйных кæм разындтæ, уым зон, гъе, уый дæр ма æххæст: дæ ныфсы мæсыг ме ’рдонгты хъазуатæй ныр байдыдта йæ бындзарæй æнкъуысын. Рæхджы сæ ардæм дæр хъæуы, 24
дæ дыдзы уд — æрдуйынхидыл ауыгъд.» «Налат æвзагæй суасыдтæ, уынын, мæрдон уддзæф мыл æрбакалди дæ хъуырæй. Æргом-ма зæгъ: цæй, чи дæ!» «Æз — Тар!» «Ды — Тар?!.» Ныццæхæр калдта рухс: «Цыфыддæр холыхор! Мæрдты къæй! Мæ цурæй бадæлзæхх у тагъддæр!» «О ма кæ, ма... цы спыхс дæ!.. дæ цæхæр — иуварс... Æз — де уазæг...» Йæ къух ныббыцæу кодта рухсмæ, йæхæдæг ахылди фæстæмæ. Ысныхæст къулыл, стæй, хыр-хыргæнгæ, æрбырыди уырдыгмæ. Æрныгъуылд фисыны тымбылтæй. Цæмæй та, куы фæуа амал ног, 25
уæд раста. Ныр ис, йæ къух цæуыл фæхæст уа, уый, - мылазон — рухсыл. Тыфылтæ калы цырагъ, йæ цæхæртæ ысхъиуынц, æмбæлынц тары дамгъæйыл, фæлæ кæм сæтты! Баруад, бачерчи, нындæгъди рухс тыныл, фыдвидыцы ыстъæлфау. IX Нана нæма фæци йæ митыл зылд. Сæумæраджы йæ фестын хъæуы: фыццаг уал хордонмæ — цæугæ. (Нæ колхозæн у хордонгæс дæр уый. Сæрд та — хъазуатон бригадир, нæ цæуы быдыртæй хæдзармæ). Цы кæна, фæсивæдæй нал баззад ам иу дæр. Сæ уæзæгæй тæргай лыгъдысты цымæ, — 26
фæстæмæ дæр сæ ничиуал фæкаст. Нæма фæсырх уыдзæн ыскæсæн, — лæудзысты хъæуы адæм уым, — цæй адæм ма — устытæ, зæрæдтæ, æнахъом сабитæ, — хуыссæг сæ цæстытæй нæма фæлыгъд. Сæ куыстмыздмæ сын хоры муртæ, лобиа, хъæдур куынæ ауадзы афоныл, — кæнынц фæстиат боны куыстмæ. Стæй та ыскъоламæ уайгæ. Уым сабитæ æрæмбырдысты, æнхъæлмæ дæм кæсынц. Куыд сын кæиы тæригъæд! Фæллад æмæ фæлмæцыд сæ цæстæнгасыл — фыст, æнафоны хæдзардарæг, лæггъуызтæ. Алчи сæ æрхæссы йемæ 21
йæ хъæбысы æндзарæнтæ. Æниу цы схъарм кæндзæн быдыргъы! Хæцъилтæй йын æвдуз йæ гом къултæ, йæ цæрттæ. Фæлæ тыхст лæг æрхъуыдыджын кæм нæу: ыстæвд кæн æндзарæнтæ пецыл, æмæ сæ, партæйыл куы бадай, уæд арæхстгай дæ быны бакæн. Æрмæст дæ ма ферох уæд: хъахъхъæн де ’рбадæнтæ, науæд де ’мбисонд ныхъхъæри. X Йæ къухтæ ризынц адæргæй, цæмæ нæ февналы — æрхауы, йæ чындздзон тæбæгътæй уал иу лыстæг згъæлæн баци пъолыл. Хæцы йæхимæ: «Ау, цы ’рцыд! 23
Дæ бон дæхи уромын ма уæд!» Кæд ма уыд афтæ, æмæ уый дзæгъæл кæна, йæ хъуыдытæ ныссаджилтæ уой. Ма кæ, ма!.. Фæцыд та къусты хъæр, сæ фæдыл уидгуытæ ныггæр-гæр ластой. «Уæу, мæ къухтæ, сыджыт уыл ныккæлæд, æндæр ма уын цы зæгъон!» «Уадз сæ, — дзуры йæм Дзыцца, — райсом та ныл бон куы кæны, чындз, ныр баулæф...» «Бæргæ...» зæгъы йæ мид-зæрды, — «бæргæ...» æниу куы аззайы йæхи ’вджид, — дуне йыл гуыр-гуыр кæны, ызмæлгæйæ та иртæст дæ куыддæр, дæ зæрдæйы дæлдзырæттæ нæ къахыс. 29
Сæрфы йæ къустæ арæхстгай, кæрæдзимидæг сæ æвæры. Хъæдын къустæ, сæттынæй сын нæу тас, фæнды дæ, къæдзæхæй сæ атул, фæлæ уæддæр... Канайæн сæ йæ фыд æрхаста хъулон-мулон хордзенты, цы уалдзæг ацыд, уæд. Рæсугъд къустæ, зырнæйзылд, иууыл тæгæры лæгъзæй конд. Ис се ’хсæн се ’ппæтæй рæсугъддæр, — мæ къус у уый, къаннæг. Æхсæв дæр æй мæ нывæрзæн фæдарын. Сылы кæнæ дзы ’хсыр куы фæцымын адджынæн, уæд Гинойæн йæ комы дæттæ згъорынц, цъынддзæстæй асдæры йæ былтæ. 30
XI «Кæм дæ, мæ цæугæ хох, мæ боныл?! Кæм дæ, мæ лæугæ мæсыг, кæм?!—» Хæцыди исдугмæ йæхиуыл, фæрæзта цæстысыг ныхъхъуырын, фæлæ, кæрдзыны хусау, хъуыры ныффидар сагъæс æмæ ныр уырдыгмæ нал комы, нæдæр хæрдмæ фæразы схауын... «Ныр цал бон, цал æхсæвы ’нæ дæу мæ удыл уазал къæвдатæ цæуынц!—» Лæдæрсы сусæг цæстысыг æмæ йын йæ уадултæ æлхысчъытæ кæны. «Кæм дæ?—» Уый дзуры зæрдæ, былтæ та ныммырысты, 31
ныххуыд, æрмæст сæхимидæг цъæх пиллон уадзынц æмæ сыл цæсты сыг фыцы. «Кæм дæ?! Тæргай мæм истæуыл фæдæ æви цы уромы дæ фыстæджы хъæмæ? Мæ ныфс, мæ амонды ыстъалы, кæм судзыс а-уазал æхсæв? Кæдæм дæм фехъуысдзæн мæ хъæр? Куы фæцыдтæ, уæдæй фæстæмæ, диссаг, куыд нæ дæ уынын фыны та æхсæв? Æдзух мæ сагъæсты сæр куы дæ мæ сыстынæй мæ бафынæймæ, уæд цы ’рцыдис, иуцъус дуг мæ цурмæ уæд та æмæ фынæгъдауæй фæзын. Дæ цæсгоммæ дын бакæсон: 32
миййаг æнкъард дæ, гъе фæллад, фыдхуыз?.. Мæ удлæууæн, уæд та дæ зынæн куы уаид дихгæнæн, уæд дзы ыстырдæр хай мæн фæуид барæвзæрстæй. Ды, æвыд у ды, мæ царды ныфс, мæ сабитæн сæ фыд!.. Куыд дæ мысынц! Уæлдайдæр хисдæр. Уый æхсæв нæ бафынæй уыдзæнис, куынæ та ракæна дæ кой: кæд æрцæудзæн Баба? Цы мын æрхæсдзæн йемæ? Нæма зоны, нæма хаты бæлвырд, — циу хæст. Кæй дзы фæвæййынц уонгцухтæ, цæнкуылтæ, 3 Æлборты X.
кæй дзы сæфынц... мæ боныл... Цытæ дзурын... Нæ, нæ... Цы уыдис, уый хъуамæ макуыуал æрцæуа. Ды сидзæрæй ысхъомыл дæ, идæдзы сау кæрдæны бын фæцыд дæ мад. Æмæ та ног?.. Нæ, нæ... Цытæ дзурын уый! Ме ’взаг, бахус, бастъæлд у мæ комы, сыбыртты бон дæр дæ куыд никуыуал фæуа, — цытæ ысдзурын у дæ хъару?!» Æнхъæл дæн, бафæллад Нана... Æрсæлæф ме ’фсымæр дæр уæртæ, ивазын байдыдта йæ ком. Кæдæппын йе ’фсæртæ æрæвæрид «кæрæдзийыл — сæ тæхынæй æрбадиккой дыдын бындзытæ къуымты...
Дзыцца бийы. Кæрæдзи сурынц къæбæлтæ — чызджытæ, — мусы чъилтыл, — урс къабаджын таурæгъты быцентæ1. Чызджы а-ныр баййафа-иу йе ’мбал, афтæ та фæтъæбæртт ласы уый, — цæст нæ хæцы тагъд къæхты ызгъордыл. У Дзыцца сæ аудæг, сæ армдар, сты йæ бархъомысæн коммæгæс. Цыдæр сыбар-сыбур кæнынц йæ былтæ, цыма кæлæнтæ кæны чызджыты. Нымайы: «иу... дыууæ... æртæ...» Æхсæрдæсмæ нымайы. Æхсæрдæс цæджы ахизын хъæуы алкæй дæр æвзонг чызджытæй. 1 Быцентæ — къаннæг адæм Нарты эпосы 35
«Иу... Дыууæ...» Ызмæлынц былтæ. Цæстытæ ныруадысты тыхкастæй. Нал комынц æрныкъулын дæр, нал... Гино, мæхи Гино, фынæй кæныс æви? Цы уæлдай ис дæуæн та æхсæвæй, бонæй? Миййаг дæ куыстæн сæфынæй нæу тас. Æниу, цæмæй сын базоныс сæ рад? Ох, зивæг кæныс... Уадз, уадз, ма бакæн дæ цæстытæ... Гъе, афтæ... Аргъæуттæ нывæнд, дæу хъыгдарын нæ фæнды мæн. Дæуæн дæ бар цы бæстыл цæуы, уырдæм мæ къах дæр æз нæ бавæрдзынæн, ма тæрс. Нывæнд дæ бæллицтæ. 35
Уым фæндæгтæ сты тинтычъийæ астæрд, уым хæристæ — тæккæ стырдæр бæлæстæ. Сæ быны ахстæтты дзыгъуырбазыр уæрццытæ æдзæмæй бадынц. Рæувад мыстытæ рацæйцæуынц хуымы, сæ разæй мадæл мыст, йæ фæдыл — æнæхъæн дзуг лæппынтæ. Мад сæм адзуры: «Мæ хуртæ, ма хъыгдарут Гинойæн йæ рæуфын, Гино — стыр паддзах, улæфы. Уадзут æй, фæлтау йæ алыварс æркафут, рог дымгæ уæ гæккытæй куыд сыста. Гинойæн — сатæг уæлдæф, æнцойад — Гинойæн... гъе, афтæ...» 37
XIII Пецы дзыхæй хус æндзарæны пæртт-пæртт гæзæмæ рухс къулыл йæ тыбыртæ цæгъды. Уый суджы уд кæны йæ мæлæты хæдразмæ фæстаг уысмы зынудисæны кафт, — куыд ныффысса йæ удвæдисы хæлбурцъ-æлхынцъытæ фæлурс чъырыны къулыл, уазал къулыл цæхæрзæрдæйы кафт. Фæллад фæтæгены цырагъ йæ рагон сагъæсты кæмдæр æнусты талынджы фæцæуы, йæ рухс къоппа ма дардæй фæрухс-фæмынæггæнгæ æрттивы. 38
XIV Æрмæстдæр уым, кæрдзындонæй къулы астæу. фисыны, нæ фынæй кæны Тар. Рагон, æнусон Тар, æрыгон Тар нынныгъуылд уым... Куы ’рсабыр вæййы хæдзар, уæд уый — йæ уд, йæ дзæцц, уæд райдайы йæ хъæлдзæг рæстæг Тарæн... Æз ын йæ цæстытыл мæхи ыскъуырын. Нæ мæ фæнды, кæсон сæм, уый, фæлæ мæ уыдон сæхимæ сусæгдзинадæй æлвасынц, æнахуыр сау æрттывдæй судзынц. Фæлдурæджджын сырды мыггаг йæ цармы мидæг бамбæхст. Кæсын æм, — уæд хуыссы тымбылтæй, 39
цыма йæ не ’ндавы æппындæр ничи. Куы та, цавæрдæр бызгъуырты тыхт у цыма, — сæ быны базмæлы, ыстæлфы, йæ сым-сым хъуысы, — кæртæй къамбецы улæфын. Хатт расты, рабады, йæхи нысхъæл кæны нæрæмон сфинкс. Сындæггай, сыуанг царыонг, æнæхъæн фисын бамбæрзы йæхицæй, стæй та уæд æрныгъуылы фæстæмæ. Хуыссы, кæнынц тъæбæртт-тъæбæртт йæ цæстыты уæлтъыфæлттæ. О, уым цыдæр, æнæмæнгæй, æнахуыр цыдæр бамбæхст уым. 40
Æз ын йæ дзабыртæ дæр феДтон айфыццаг, мит куынæма уарыд, уæд, хъæуы фале — Хæйрæджыты комы. Хъæлциимæ нæ уæрыччыты фæдыл бафтыдыстæм уырдæм. Кæсын: уырдуртыл — бирæ алыгъуызон дзаумæттæ-бызгъуырта*. Мæнмæ дзы диссагдæр цы фæкаст, уый — хъуынджын цырыхъхъытæ. Уæды онг никуы федтон ахæмтæ мæ дуджы. Æз сын мæ сæгъахсæн сæ хъусты атъыстон æмæ сæ рахæссын нæхимæ, цыма зынаргъ хæзна кæмдæр. — Кæдæм сæ хæссыс, Маммийы сты уыдон! Цæхгæр мыл сæмбæлдис Дзыцца нæ кæрты рахизæны.
Уайтагъд, куыд нæ сæ феппæрстаин уым! — Мæхæдæг лидзынмæ фæдæн. Мамми, Мамми! Уый Мамми у, — нæ къуымы чи хуыссы ныгъуылдæй, æмæ дзы хъахъхъæнут уæхи!.. Ох, уæд та куы никуы кæнид талынг! XVI Æмæ цас тох кæны йæ мидсагъæсты Таримæ Дзыцца! Æндæр цæмæн фæзæгъы уæдæ: æрхæндæг у мæ зæрдæ, нæ мæ тавы арт... Дзыцца, Дзыцца!.. Бондзирдзурты куы раст кодта йæ хъæбулы (мæ фыды) хæстмæ, уæд систа сау кæрдæн йæ сæрæй 42
æмæ йæ къæсæрæй ныззыввытт ласта уатмæ: дæлзæхх фæу! Фыццаг хатт, уал азы фæстæ, æркодта урс кæрдæн йæ сæрыл... XVII Фæлæ уый, Тар, йæ фæдыл ахъуызыд уæддæр. Цæуы йæ фæд-фæд, куы та йæ хæд фæрсты, фыдхъузонау, фæцом кæны йæхи æмæ йын сусæгæй йæ зæрдæмæ лæбуры. Куы та-иу абады йæ дыууæ ’рфыджы астæу, йæ цæстытыл ын сау, сынты базыртæ ’мбæрзы, лæсы йæ сæрты, мигъау, къуыбылойау тыхсы йæ рæзты... Йæ уды джитæнтæй цы фæуыдаид, уымæн ницыуал æмбæрста æмæ 43
фæндаггæрон кæлдымыл æрхауД. Хæрз æвæлмон йæ цуры стымбылтæ и уый дæр, кæрдæджытæ ссæндгæ. Йæ хæмхудтæ мæцъæл бутъройыл дауы..» Лæууы йæ иннæ фарс йæ хæствæдисон фырт. Уый мады цæстытæм кæсы, ныййарæджы фæлмас цæстытæм. Бæргæ, фæнды йæ, — исты йын куы зæгъид, исты дзырд куы ссарид ахæм, цæуыл фæлæууа мады зæрдæ, стæй йæ рахиз цонг куы ахауид рæбыныл... XVIII Дыууæ базыры уыд Дзыццайæн. Уыд галиу базыр цæф æмæ дзы, 44
рагон сау хъæдгомы, туг æрхæмтæй бадт. Уыд рахиз фидар æмæ æнæниз, тæхынхъом тымыгъты, хъызтыты, фæлæ йæ галиу атæхын нæ уагъта, галиу базыр æй дуртыл цавта... XIX — Мæ хъæбул, цу! Уæд де ’мбал лæгты дзуар!.. Дæ фыд нæ уыд тæппуд, — ды дæр йæ туг дæ, йе стæг... Дæ зæрдæ ма ’хсайæд фæстæмæ... Фæстаг хъæбыс... Фæстаг ныхас... Фæстаг? Цæмæн фæстаг? Кæмæн цы кодтам а-сæрдыгон райсом?!. 4*
Æмбæхсы мад йæ цæссыгтæ, йæ зæрдæйы хъæрахст нынныхъхъуыры, куыд нæ дзы сирвæза хъыпп-сыпп дæр. Фæлæ зæрдæ риуы фæйнæг хойы, хойы, тæссаг у, — ратондзæн æддæмæ. Уæд та ма, уæд, цы хуызы бамбæхсдзæн йæ катай? Ныммыр у риу, ныддур у зæрдæ! Цæмæн хъæуы, — мæн тæвд зынджытыл судзай, цæмæн хъæуы, — мæ уæнгтæ мын кæнай тасмачъийæ фæлмæндæр? Кæд мæн еныр удвидар хъæуы, — æхсонау, чи ’ппара ыстъæлфæн. Ныммыр у риу, ныддур у зæрдæ!.. *6
XX Куыддæриддæр кæрæдзийы æфцджытæй фæхицæн ысты мад æмæ йæ хъæбул, афтæ кæрддзæмдих аци Тар. Дыууæ сихæй иу атындзыдта, лæппуйы фæдджийыл йæхи бæтгæ, иннæ раздæхт, йæ буар зæххыл ласгæ, зæронд æрчъиаджы бызгъуырау, Дзыццаимæ фæстæмæ. XXI Куыддæр ныддонзоныг, кæм ма йæ хæссынц уæрджытæ. Цыма уæззау уаргъы бын, — йæ уæхсчытæ æркъæдз, æртасыдысты зæхмæ. Йæ цæнгтæ йæ фæрстыл быдыргъы хаст кæны. 47
Цы сын сарæзтаид, цы сæ фæкодтаид хъуамæ, — æмæ йæ армы тъæпæнтæй йæ уадултæ нылхъывта. Бæлвырд нæ хатыдис æрмæст уыдон армы тъæпæнтæ сты, æви æндæр цыдæр. Чи зоны, уазал дуры къæрттытæ. Йæ зæрдæйы уидæгтæ мæнæ фæсфæд какон сындзытыл хафы, æмæ скъуыдтæ, рæдывстытæ кæнынц. Сæ туг цæуы, цæуы, æмæ дæлæ кæрдæджытæ, хуыртыл кæлы. Кæс-ма, куыд судзынц мады зæрдæйы тугтæ кæрдæджыты сыфтыл, сындзыты цъуппытыл. Сырх пиллонæй тыбар-тыбур кæнынц.... 48
Фыццаг сæ дзæбæх иртæстой йæ цæстытæ, дис дæр ма кодта се ’нахуыр сыгъдыл. Стæй куыдфæстагмæ сæфтой сæ хуыз, сæ бæрджытæ, фæйнæрдæм цыдысты, æнхъæвзтой — растдæр къæвдабоны култæ. Æмæ иуафон дуне хуылыдз рудзынг фестад иууыл,— тугæрхæм къæвда йыл рацыд. Каесгæ ма кодта, фæлæ дзы ницæмæнуал уыд бæрæгæй æвзарæн... XXII Иудзæвгар ма, æмæ йæ йæ рохст къахдзæфтæ æрбахæццæ кодтой Худисæны къуылдыммæ, Ардæм дзæбæх зыны 4. Æлборты X- 49
уæлæ хохрындз — Бæсты Мад. Чысыл раздæр ауылты куы цыд йæ хъæбулимæ, уæддæр йæ цæстæнгас уыйæрдæм уыд здæхт, йæ мидхъуыдыты уыимæ дзырдта. Æддæмæ та уыд сабыр, уæлдай тыхстхуызæй равдыстаид йæхи, уый йæм аив нæ каст. Ныр баззад йæхи æвджид, йæхи æмæ Бæсты Мады æвджид, æндæр — ничи дунетыл, никуы ничи.... Æрмæстдæр ныгъуыли хæрдмæ, хуры размæ, фæтындзы, дзæнгæрджытæ цæгъдгæ. Хур та йæ фидиуджытæ æрвиты фæйнæрдæм аныр-ауæд ыскæсдзæн æмæ къуылдымтæ? ^о
дæлвæзтæ хуры денджызы сисдзысты ленчытæ... Куыд æхсызгонæй, куыд цингæнгæ сæмбæлди ныгъуыли уæлиау, уым, арвы æмбæрзæндæн, хуры тынтыл! Фырдисæй, фырцинæй йæ базыртæ цæгъды æмæ сæ хуры дон фæйнæрдæм фæлхъазæнтæ кæны... «О, Бæсты Мад!..— Æваст сирвæзт йе стад былтæй. — Дæ фæдзæхст уæд мæ хъæбул! ды — не ’ппæты рафæлдисæг, ды — нæ мад...» Уый уыд йæ рахиз фарс... Дзыцца æрлæууыд æмæ йæм аздæхта йе ’ргом... 51
Йæ сæрмæ, бæрзонд, тæккæ арвы æрдынцарыл, рагон тулдзы къабæзтыл, сусæг сыбар-сыбур кæнынц сыфтæртæ... Ныллæг, йæ быны, иуфондз къахдзæфы æддæдæр, лæууы Дзыцца. Уый дæр — тулдзы сих, тулдзы фæрскæй конд, фæлæ — æнæкъабаз, лæууы, цыма фæсихдзагъд нартхоры зæнг... О, Бæсты Мад!.. Уый ис ныр йæ акомкоммæ. Йæ риуты ’хсæнæй хурдзалх, зынджытæ ’ппаргæ, стулы... Сыбар-сыбур кæнынц тулдзы сыфтæртæ, змæлынц Дзыццайы былтæ... 52
0, Бæсты Мад!.. Цæуы Леуахи æнæуынæрæй, цæуы уырдыгмæ æмæ йын ласы йæ дзыккутæ, Бæсты Мады дзыккутæ. Уыдон исдуг дон-дон уайынц, стæй æваст, цыма байсæфынц, æмæ та фæстæмæ сæ фыццаджы ран февзæрынц... Уæлæ, гъе, йæ цæнгтæ байтыгъта, æмæ хъæбыс кæны хæхтæн, дæттæн, кæмттæн, хъæбыс кæны арвæн... О, Бæсты Мад!.. Змæлынц Дзыццайы былтæ... Мады риутæ — дыууæ хохбæрзæнды, се ’хсæн судзы хур. 53
Ды — мадты Мад, мах — де ’ртæхтæ, де схъистæ, дæ фарн нæ фарн у, хъизæмаргæнæг уд!.. Ды — æппæтхъом, хъизæмарæй дæр удыбæстæ скодтай... Ды нын радтай, хуры тынтæ кæм хъазынц райсомæй изæрмæ, уыцы цъæх-цъæхид арв нæ сæрмæ. Ды нын радтай, уæлхох-дæлхох кæм кæной æхцонвæллад нæ цæнгтæ, уыцы сау зæхх фæллойæн. Ды нын радтай æппæт: нæ сабитæн — къонаты арт, нæ зæрдæтæн — уарзт. Нæ уæнгты нын бауагътай туг, хæлар туг, æнæрцæф туг. Уый у дæ хъæстæ, дæ уды хъæстæ нæ хуылфы. Уадз судзæд нæ зæрдæты, 54
куыддæриддæр сыгъдис дæ риуы, дæ уæнгты... О, Бæсты Мад! Сафтид ысты нæ хъæутæ, — лæджы мыггаг нæм нал ис... Ды бахиз фыдгул, фыдбылызæй дæ цоты, сæргой фæкæн ызнаджы!.. О, Бæсты Мады!.. БÆСТЫ МАДЫ ЛЕГЕНДÆ Мæ зæрдыл нал лæууы бæлвырд, — уый фехъуыстон кæддæр кæмæйдæр, æви мæхи зонды, мæхи зæрдæйы сæвзæргæ гуырдз у, — мæ цæстытæ куы байгом ысты дунемæ, куы федтон дæу, куы базыдтон дæ хъысмæт,
мæ фыдызæхх, мæ мад... Нæ зонын... Фæлæ йæ дарын зæрдыл: цыма уыди, цыма æцæгæйдæр æрцыд, нæ дзы и сайд, цæстытыл бакæнгæ, æцæгдзинадау, раст. Нæ къæсæрæй куы равæрай дæ къах, куы сраст кæнай дæ астæу, — дæ разы сыстдзæн йе ’гъуыстаджы хуыз, æмбæрзы скæсæн арв æгасæй... Уый уыд æмкъай, уый мад уыди, дыууæ хъæбул — хуры ныййарæг... Йæ цардæмбал — хæххон нæзы бæласы фидыц, уыд паддзахмæ хæстæг,
хæстон лæг. Йæ хæрзтæй хайджын уыд, æргъæвд йæ хъомысæй бæрзондмæ. Фæлæ йæ баййæфта йæ азар... Фыдзонд, хæрамзæрдæ уыд паддзах. Æрцагъта йын йæ къабæзтæ, йæ гуыр ын акъуырдта йæ бацæвидтыл1 раст, стæй фæсидт йæ аргъонахъты2 балмæ... Йæхæдæг бæрзонд ран бадт йæ уды мондагæн æмæ, ахæм фендтагмæ кæсгæ, нæуæг тынд балы гагатæ йæ коммæ къæртайæ æппæрста... Фыдзонд, хæрамзæрдæ уыд паддзах. Ныр ын йæ уидæгтæ дæр къахдзæн, кæмдæриддæр ысты, 1 Бацæвидтæ — уæраджы фæкъæдзгæнæнтæ. 2 Аргъонахъ — тыхджын цуанон куыдзы мыггаг 57
кæд искуы зæххы скъуыды аивæрзт сæ хъæстæ, йе къæдзæхы ысчъилы сæ уæлæ ’гайнæг дургæрцытæ скодтой, уæддæр... Æмæ лидзы мад, йæ уд ыскъуыны размæ. Йæ дыууæ сабийы бæргæ нылхъывта риумæ фидар. Дæрзæг дуртыл йæ дæлфæдтæ чъылбызгай задысты, цыргъ дуртæ йæм дзырдтой — æрлæу! йæ цæнгтæм ын лæбурдтой фæйнæрдыгæй хъæд-хихтæ ’мæ сындзытæ, хъæд-хихтæ ’мæ сындзытæ йæм дзырдтой — æрлæу! Йæ ныхмæ сыстад дымгæ, дзæгъæлхæтæг 58
уыд фарсласæг ызнагæн, æлвæста йын йæ дзыккутæ фæстæмæ, — æрлæу! Фæлæ нæ уыд фыдгулæй лидзæг мадæн æруромæн. Фæцис ызнаджы ’рдонгтæн уддзæф хъузон æмæ сæ ардыдта: кæдæм, кæцырдæм фескъæфы ныййарæг йæ дыууæ дзидзидай хъæбулы. Æмæ згъоры знаг. Сæ фæд-фæд бафтыди фыдзæрдæ: гъе удгасæй, гъе мардæй куыд хæццæ кæной тагъддæр йæ дыууæ ’нахъом сабиимæ мады! — уыд паддзахæй лæвæрд. 5'}
Куы баззайой цæргæйæ уæлæуыл йе ’нæуынон балхоны æрхъистæ, — кæндзæн фыдфынты хай æхсæв, гæды бæласау, риздзæн хъалæй... Æнæнцой фесты йæ хуыздæр барджытæ фынддæсæй, Æмæ лидзы мад... Ныр бирæ нал уыд паддзахæн йæ арæнтæм бæргæ, фæлæ ныффæлладысты уæрджытæ, ныссури ком, риу бандзыг, бастад, улæфынæн нал фаг кодта уæлдæф. Фыдгултæ та згъорынц, згъорынц! Сæ бæхты цæфхæдтæй ыстъæлфы зæхх... Згъорынц, згъорынц! Сæ хуыррытт аныдзæвы хъустыл... Згъорынц, згъорынц! со
Куы аскъуыид, куы афæдид ныр зæхх, кæнæ куы рафæлдæхид къæдзæх,— цæйнæфæлтау фыдгулты къухы бафта! Кæм афснайа йæ сабиты уæд та? Кæм амбæхса йæ зæрдæйы кæрдихты? Куыд æгæрон у дуне, фæлæ уынгæджы бон — къуындæг... Æмæ æваст æрхауд йæ мидбынат ныййарæг, цыма нынкъуысти бæстæ, фæталынг арв, æмæ куы срухси ногæй, уæд федта дуне Царциаты диссаг: цыран æрхауди мад, цыран йæ фарсмæ сабитæ ыскуыдтой, уым фестад хъизæмайраг уд æгайнæг хох, бæрзонд хох фестад сабиты ныййарæг. 61
Фыдгул йæ фындз ыскъуырдта хохыл æмæ асхъиудта фæстæмæ. Йæ иннæ фарс дыууæ æнахъом фаззоны йæ дæлбазыр æрныуæрста мад-хох, сæрнывонд мад, Бæсты Мад... Уой хызт цæмæй фыдрын æмæ фыдгулæй, сæ тых сын ма сæтта фыдцæст æмæ фыдхъомыс. Уой хæхтæ уарт, уа Леуахи уæззау цирхъ. Хæссой тыхгæнæгæн мæрд-адзал. Цæмæй уа бæр сæ цот, йæ фидæнæй уа райгæ сæ байзæддаджы байзæддаг дæр дыууæ ’фсымæр, идæдз мады дыууæ хъæбулæн. Хуыссы нæ мад. Йæ цæсгом арвы къуырфмæ скодта. 62
Æгасæй дæр нæ бæстæ æрæнцади йæ цæнгтыл. Йæ риутæ-- дыууæ хохбæрзæнды, æрвылрайсом, фæйнæрдæм талынг сургæ, ыскæсы ’се хсæнæй, цæхæртæкалгæ, хур. XXIV Тыргъы къахуынæр... Фæсабыр куыдз... Æвæццæгæн, у хион чидæр... Рудзынгмæ нымдзаст дæн, — стæй Дзыцца æмæ Нана даер цырд кæсынц... (Уыдон та цы ныффæразынц рудзынгмæ кæсынæй!) Ме ’фсымæр рæдзæ-мæдзæ кæны уæртæ стъолы цур, стæм дзырдтæ ма схъуыррытт кæны хатгай. Кæйдæр æндæрг 63
нæ фæсрудзынг... — Гано æрбацыди, Гано! Гано æрбацыд, Дзыцца! — Æз рагæпп ластон тæрхæгæй, уайтагъд мæ мидбынат ыскафыдтæн: — Уыдзæн та аргъæуттæ! Рувæстæ ’мæ бирæгътæ, уæйгуытæ ’мæ дзиглотæ! Гъери-гъа!.. Æз кафын къахфындзтыл. — Цæй, цы ’рцыд, дæ сæрыл мæ æрхæссай! Фыццаг хатт не ’рбацыди Гано! Æрвылизæр йæхи куы тавы махмæ. Ныр афæдзы бæрц иунæг у, зыбыты иунæг у Гано. Йæ хъæбулы цы бон фервыста хæстмæ, уæдæй фæстæмæ нал у, нал, хæдзарон. Афтид къулты 64
цæуыл фæлæууа зæрдæ... Йæхи æрбаппары Дзыццамæ, ирхæфсы сабитыл йæхи. — Хорз, хорз, Дзыцца! Ныр уын лæхстиаг нал дæн. Кæд уæ фæнды, ныртæккæ дæр — хуысгæ. Æз хъусдзынæн йæ аргъæуттæм Ганойæн... Уæдмæ æрбайгом дуар. Уазал дымгæ уайтагъд хæдзары рæбинаг къулыл сæмбæлд, къæхтыл ахафта йæхи. Ныкъæс-къæс кодта пец, цыма йыл уазал доны къус æрбакалдæуыд, уыйау. Гино фестад, тæрхæджы бын амбæхст... Фæлæ кæм ис Гано? Цæуылнæ зыны афонмæ, куы байдзаг ысты ихуазалæй къуымтæ?.. 5. Æлборты X. 65
XXV Цы фæци рæстæг та, æнæферхæцгæ, дугъон рæстæг цы фæци? Кæуылты цæуы лæдæрсгæ? Æви ныллæууыд, бацахст, мах дæр йæ мидæг, ахсæны кæрдихтау, афтæмæй? Куыд цæуы æмæ куыд ивы? æви у иугъуызон, иугъæдон: уыди хуызджын, ныр фестад урс-урсид, Дзыццайы сæры хилау. Æмæ у афтæ æнæкæрон нæ гом дуары уысм! Æмæ сты афтæ урс-урсид нæ цæстытæ æнхъæлмæгастæй, æнæзмæлгæ, цахст рæстæгæй урс-урсид! 0$
XXVI Мидæгæй — бинонтæ, ацы стыр дунейы иу хай: цахст дуне цыппар къулы астæу. Æддейæ — æгæрондзинад, рæстæг æмæ тыгъдады æгæрондзинад фæйнæрдæм фæцыд æмæ не ’ххæссы йæ кæрæттæ æмæ йе ’рфытыл нæ — цæст, нæ — хъуыды. Уый у иннæ хай, — æбæрæгдзинæдты талынг, зонгæ, æнæзонгæ ристы хуртуан. Се ’хсæн — нæ гом дуары цыппæрдигъон фæлгæт, дыууæ дунейч кæрæдзийыл æндадзæг. Фæлæ нæ пецы армыдзаг æртдзых, цыфæнды арауæд йæ иæхæр, кæм батавдзæн ихтæй астæрд дуне; 67
нæ фæтæген цырагъæн ныуæрст тыгъдæдты талынг ысрухс кæнын куыд бауыдзæн йæ хъомыс... Æмæ дзы дымы æддейæ мидæмæ, дымы ихфæзгъæрты уазал. Кæнынц джихтæ, æддейæ мидæмæ кæсгæ, стъалытæ, сæ цæстытæ æнæаххос ныкъулгæ. Нæ гом дуары цыппæрдигъон фæлгæт — нæ дунейы цыппар фисыныл амад. Æмæ дзы хъуысы уынгæг удты хъæрзын, нæмыгдзæф, тугæрхæмтæ зарæг... §3
XXVII Æваст кæрæдзимидæг ауад дуне æмæ дзы раиртасæн ницæмæнуал уыд мур дæр. Схæццæ сты йæ хуызтæ, фæйнæрдæм атыдтой йæ лæсгæртæ æмæ знæт, змæсты ’вджид бакодта йæхи. Дзыцца архайы, куыд уыд, цы уыд, æппæт кæрæдзи фæдыл равæра, фæлæ бæгуы... Кæцæй æнхъæл уыд уый та, уæлих, уæлмит, сылгоймаг... фæсхох, фæсденджызаг... æмбисæхсæв нæ хъæуы цур... æд сывæллон... Бирæгътæ тыхæй куы бырсынц хъæумæ... Мæ арт бауазал!.. Мах та хъарм уаты нæхицæн еэ
пецы фарсмæ бадæм. Лæджы зæрдæ тъæпп хауид хъуамæ æмæ йын ма дæттид æнцой... Цытæ цæуы, цытæ, нæ дунейыл, цытæ ’взарæм, мæ боныл!.. Ысдзæгъæл адæм, ысхæтæнхуаг... Дæдæй, цы кæндзыстæм!.. XXVIII Уæртæ йæ акомкоммæ сынтæджы æрфынæй мад, йæ сывæллон — йæ фарсмæ. Фынæйæ дæр нæу утæхсæнæй ирвæзт: Хъæрзы, ыстъæлфынц йæ уæнгтæ. Дзыцца йын дзæбæх уыны йæ цæсгом, сабыр рухсмæ бæрæгдæр разынди æнхъырдтæй, фæллад, утæхсæны нывтæ йыл кæсы Дзыцца. Зындгонд, фæлвæрд ысты йæхицæн æмæ сын æнæфыстæй, 70
фысг чиныджы сыфтау, æнцонæй иртасы сæ мидис. Йæ цæстытæй нæ цух кæны, — куыд æрбалæууыд къæсæрыл, йæ мидбынат æрхауынæввонг. Æргъæвст, ыстад... Йæ сывæллон — бызгъуырты тыхт, уыдис ма удмидæг, æви... Бæрæг нæ уыд... XXIX Белорусы иу къаннæг уæзæг... Хъæубæстæ... Ныллæг хæдзæрттæ, тымбылхъæд къултæ, алфæмблай сæрвæттæ... Дон, чысыл дон — хъæугæрон, хъазтæ, бабызтæ... Сабитæ дыууæрдæм згъорынц... Ныр нал уыдзæн, æвæццæгæн, йæ ныв дæр... Æвæццæгæн, 71
йæ арв æрызгъæлди уырдыгмæ æмæ йыл нал ыстулы хур дæр. Æхсæв дзы нал фæхъазыиц мæйтæ æмæ стъалытæ. Æрмæст дзы сау цъиутæ тæхынц, тæхынц дзы сау цъиутæ дыууæрдæм, æмæ сæ базырты æндæрг мылазон фестад зæххæн. Уым хъæугæрон — чысыл хъæдын хæдзар, йæ цыппар фисыны цырен пиллонæй судзынц. Судзынц æмæ нæ хуыссынц... Йæ разы холлагдок, сарай, — судзынц, зæхх дæр судзы... Судзынц ма пыр дæр, ивæрзы цæстытыл сæ пиллон, фæлæ нæ хъары буармæ. Нæ хъары. Судзынц... 72
Йæ сабийы ма раскъæфта куыддæр æмæ згъоры, згъоры. Кæдæм, кæцырдæм?.. Згъоры... Æмæ тæхынц йæ сæрты сау сынтытæ, тæхынц, сæ сау мæрдон æндæрг ыссæнды бæстæ. Тыхамæлттæй ма баирвæзти хъæдмæ æмæ ахауд пыхсыты дæлгоммæ, йæ буарæй йæ хъæбулы æмбæрзгæ... Уым баззадысты дард йæ зæронд хицау æмæ ’фсин, нæ сæ бахъуыд ингæн — нынныгæдта сæ бомбæ. Йæ сæры хицау — хæсты, бæрæг дзы нæй... Ныппырхысты фæйнæрдæм, цыма мæйдар æхсæвы мæргъгы фæхаста уадтымыгъ. Кæмыты цард, кæмыты цыд... П
Азтæ, дугтæ рацыд цыма, ныллæзæрд уыйау уддомæг дæлкъæйтыл... XXX Куыд урс-урсид у бæстæ ам та! Кæдæмфæнды фæкæсай — урс-урсид. Нæ дзы зыны хæрд — уырдыг, тæссар, æрмæстдæр надвæндаг гæзæмæты æвзары цæст. Æгуыппæг алфæмблай æмæ æдзæрæг... Уæд та — цырагъы стъæлф, куыдзы рæйд искуыцæй... Ныссалдысты йæ къæхтæ, ныргъæвстысты йæ къухтæ. Йæ сывæллон дæр нал ызмæлы хъæбысы, — фынæй кæны, гъе баргъæвст, бастад, 1ъе та... 74
Ыскæуын æй фæнды, фæлæ дзы цæстысыг нæ хауь*. Куы ныккæсид йæ сабимæ, куы йæм ныхъхъусид, фæлæ нал тасынц йæ цæнгтæ, хус къæцæлтæ фестадысты æнгуылдзтæ... Дзæгъæлтæ кæны сæр. Æнахуыр нывтæ цæстыты раз сыстынц: цыма нæу мит — бæмбæгыл уайы рог. Æцæгæлон ран нæй, — сæхимæ тындзы куыстæй, æнхъæлмæ йæм кæсынц йæ лæг, йæ сывæллон, йæ хицау, йе ’фсин: кæм бафæстиат уыйбæрц. Зæгъдзæнис сын: уыд хъазтизæр фæскуыст, уыд фæсивæдæй йедзаг бæстæ. Бæрæгбон куы у абон, уæлахизы бæрæгбон! Ау, нæ йæ зонут? 75
Сымах цæмæн бадут ам иунæгæй? Цæуылнæ кафут æмæ зарут?.. Цомут! Цомут! Мæ фæдыл — тагъддæр... Уынгты цинæй азмæлæнтæ нал ис, сымах та ма æнкъард, ныгъуылдæй бадут къуымы. Уæд цæмæн? Цомут! Йæхæдæг фездæхт къæсæрæй фæстæмæ, Фезгъоры тыргъы. Афтæ йæм каст, цыма йæ дымгæ йæ рог базыртыл систа, фæхæссы йæ узгæ-æнкъусгæ. Афтæмæй та уæрджытæ бынтондæр бандзыг, бастъæлдысты æмæ ницыуал æнкъарынц. 76
Сæры магъз æхсыр^ъуыз фæлмы фæцæуы, ивгъуыйы, цыма къаппа-къуппайы фæлмæн фист дон фæласы йæ сæрты. XXXI Дзыцца æваст нæ фæцарæхст, — йæ мидбынаты дурдзавдæй лæууыд, цыма йæ бандонмæ бæтгæ бачынди, уыйау. Æз дæр, цæй кафын ма мæ ’ндæвта, — Дзыццайы уæхскыл сныхæстон мæхи. Деуыр нæ къæсæрыл дыууæрдæм систа, хъыс-хъыс кæны, куы мидæмæ дзыназы, цыма йын бамбæрста йæ рис, йæ зын æнахуыр уазæгæн, йæ къæхты алыварс тыхсы æмæ æххуысмæ сиды. Нана фæцырд, фæгæпп ласта иæ бандонæй уайтагъд, — 77
нæ йæ бауагъта къæсæрыл æрхауын, йæ дæларм бацыди... Ыскуыдта сывæллон, кæуы... Йæ хъæбулы кæуын у уый... Цыдæр æхсызгонæн йæ сæры магъзы ферттывта, стæй æрнымæг, ахуыссыд æмæ йæм нал хъуыст ницыуал, йæ хъæбулы цъæхахст дæр... Йæхи æрæмбæрста нæ фаллаг уаты ус. Йæ цæнгтæ йын уыгътой, æууæрстой сæ Дзыцца æмæ Нана. Кæм ма куымдтой ысраст кæнын, — лæууыдысты къæдзæй, цыма сæ еныр дæр йæ хъæбулыл хæцы, йæ риумæ йæ нылхъывта фидар. Æууæрстой йын йæ уадултæ, йæ хъуыртæ, йæ уæрджытæ... Арахъхъы тылд хæцъилæй йæ сæрфтой. Æрæджиау дзы сæхъуысти: — Кæм дæн? Стæй та байсысти йæ хъæлæс, 78
Кæм ис мæ хъæбул?.. Мæ хъæбулы мын... Ризы, дæндæгтæ кæрæдзийыл ысхойы... Фæстагмæ стæвд, цæхæртæ калы цæсгом... Сæнгтæ цæгъды... Хуыздæр уавæры нал уыди йæ хур дæр, йæ чысыл хур, йæ мæт æмæ йæ рис. Нæ йæ бахызта. нæ, йæ буц мады хъæбыс фыдæхсæв уазалы æздæрзтæй... Кæуы.. Цæй куыд, — фæсус хъыллист дзы сæхъуысы æрмæстдæр. Ныцъцъæхысты йæ былтæ... Зындоны ’хсæв... Фыдбоны ’хсæв... Лæджы зæрдæйы тугæрхæм кæрдихтæ йæ сау зынджытыл физонæг кæны, уæддæр ма ноджы йæ удхæрттæн сæ кæрон дæр нæ зыны... 79
XXXII Кæд ныр фæхъус уаид сæ рын, æви сын фæллад бабаста сæ уæнгтæ? Гъе хъарм æхсыр, нæ сау сæгъы фæдджытæй, кæй ацыдис сæ хъуыры, — æвдадз сын фестад уый, æмæ сæ раздæхта фæстæмæ, цардмæ? Вæййы, æрцæуы диссаг... фынæй кæнынц... Фæлæ Дзыццайæн йæ фын фæлыгъди дардмæ æмæ йæм нал æрыздæхдзæн... Рæхджы кæд арв дæр дзир-дзуртæ кæнид, æви æппындæр нал бон кæны ахсæв. Æрцахстой хуры хурхортæ кæмдæр æмæ йæ нал уадзынц æддæмæ. 80
Ныссабыр уат, улæфы хæдзар... Нæ, нæ, цæй улæфт зæгъын, — сайы, сайы! Куы ныхъхъусай лыстæг, — йæ систы дуртæ дæр сæхимид æмыр, тæппал рисæй дзыназынц. Уый ахсæв мадæлты йæ хуылфы хæссы, рыст, удхайраг зæрдæйау, æмæ сæ дудгæ риссæгтæй йæхæдæг рынчын у адæргæй. XXXIII Тыхджын у æхсæв. Цæстытæ — æхгæд, æфсæртæ — æмыр, зæрдæтæ та, зæрдæтæ... Æмæ сæм къултæ дæр æдзынæгæй кæсынц, кæсынц сæм джихæй къултæ. 6. Æлборты X.
Æмæ сабитæ хуыссынц. Сындзастæрд дунейы, зынгарыд дунейы дард иу кæрон хуыссынц. (Уьшы цъæх нæуу та ма кæм баззади æнæвнæлд!) Кæфхъуындары хъæлæсæй, зæй-лæсæны хъуырæй, арты дзыхæй мады арм бæрзонд ысхаста сабиты æмæ хуыссынц, улæфынц мады армы тъæпæны. XXXIV Æнахуыр уавæры уыд Фыццаг бонты Дзыцца: Æхсæв æрсабыр бæстæ, уæд-иу цынæ диссæгтæ ферттывта йæ зонды, цынæ нывтæ-иу ауади йæ цæстытыл. ^2
Æмæ-иу райсом суадоны был дондзау устыты ызнæтæй фарста: «Сымах хъуыстат æви нæ дысон сармадзанты нæрын уæлæ æфцæгæй? Арты æвзæгтæ рудзгуытыл куыд сыгъдысты, уыдтат?» Йæ хъустыл-иу æрцыд уынгæг хъæлæс, цыма чидæр æххуысмæ сиды: «Миййаг кæд мæ хъæбул у уый... Кæд мын йæ цонг ахауд, кæнæ та йæ къах... Дæлæ хъæуы бын фæндаггæрон æрхауд, æмæ нал фæразы сыстын»... Æддæмæ-иу рауад, кæрты-иу арауай-бауай кодта, — иуæрдæм айхъуыстаид, иннæрдæм, фæлæ никуы æмæ ницы. Æмæ та-иу æнкъардæй баздæхт фæстæмæ. 83
Хуыссæг нал цыди хæстæг, фæлæ мæт æмæ зæрдæхсайд, раст сынтыты бардзау, фæйнæрдыгæй æмбырдтæ кодтой Дзыццайы сæры магъзыл æмæ йæ сæ хъæбæр бырынчъытæй, сæ цыргъ ныхтæй рæдывтой. Куыдфæстагмæ æбуалгъ нывтæ сæ хуыз сæфтой, зæрдæ æмæ зонд чысылгай сæ кæрæдзи æмбæрстой. Æмæ Дзыцца дæр Йæ уд æрцахста цъусгай. XXXI Ныр дард Белорусæй ардæм, судзгæ фæндæгтæ æмæ сæлгæ дæттыл хæст йæ уæлныхты кæй æрхаста, уыцы мады фæлмæст цæсгоммæ 81
æгъуыссæг цæстытæй кæсгæ, Дзыццайæн йæхицæн дæр цардæгас байдыдтой фæд-фæдыл йæ дудгæ бонтæ, йæ зынтæ. Кæрæдзийыл сæ куы абары, уæд разынынц афтæ æнгæстæ, цыма нæй се ’хсæн азтæ, нæй дæрддзæг, нæдæр ысты фæйкæ хъысмæты. Дзыцца ма дис дæр фæкæны се ’нгæсдзинадыл. Фæзæгъы йæхинымæр: æвæццæгæн рагæй-æрæгмæ иу у нæ хъысмæт, ну у суанг Бæсты Мадæй. Уас, фæрнджын фæуа!.. XXXVI Дзыццамæ афтæ фæкæсы, цыма ацы ’хсæв суанг уæдæй цæуы, 85
уæд баталынг æмæ нæма ысбон. Йæ уæнгтæ афтæ ныууæззау ысты, цыма сыл дуртæ баст и. Цæстытæй ферох хуры рухс æмæ тары хъæбысы пыгъуылынц. Уыцы тары йæ цæстыты раз судзы сæ хæдзар, судзы, уæд куыддæриддæр сыгъд, афтæ. Иу каст ма йæм фæкодта Джеры къуылдымæй. Далæ кæронæй уый сæ хъæдын хæдзары арты ’взæгтæ æвдæрзынц. Иу хатт ма ацахстой йæ хъустæ йæ къулты къæс-кьæс, цæхæр арты йæ хъуариты къæрцц-къæрцц. Уый уыд мæлæг хæдзары хъæрзын, арты хъæбысы удисæг хæдзары фæстаг утæхсæк. 85
Уый уыд йæ хæдзар, йæ сабиты ахстон. Дзыцца адæргæй йæ армы тъæпæнты ныттыхта йæ цæсгом, стæй фæзылд æмæ лигъдæтты фæдыл ызгъоры, йæ сабиты размæ ыссонгæ, цыма сын уыцы арты бахауынæй тарст, уыйау... Йæ сæры хицау дысои дæр ма Чъребайы цур хъазуаты лæууыд. Армыдзаг лæппутæй кæмттæм знаджы акъахдзæф нæ уагътой. Бонрæфты сыл раст ыскæсæны сырххъулон арвæй туджы зæйтæ рацыд æмæ судзгæ малы ахуыссыд сæ зынг. Дæлæ йæ фæдыл цы балбирæгътæ ыстындзы, Фæйнæрдæм лæбургæ, скъæфгæ æмæ стигъгæ, уыдонæн сæ цæстытæй 87
бæстыл пиллон арт ирвæзы æмæ судзы, цъыбыртты сыгъд кæны. Ардæм куы схæццæ уой, ардыгæй куы акæсой фæстæмæ, æхсæвы тары алы ран губакгай судзгæ æртытæ куы феной, — дидинджытæ сæ фæхондзысты, ципæй сыл мæлдзысты. Уыдонæн лæджы фыд хæрынæн бæззы, уыдонæн сæ къæхты бын дойнаг дуртæ дæр мæлæты азарæй хъæрзынц. XXXVII О, уæдæй цæуы ахсæв æмæ нæма фæхæццæ бонмæ. Нæ, Дзыццайæ нæ ферох, кæд фæталынг, уый. Никуы йæ ферох уыдзæн. 58
XXXVIII Бафæллад Дзыцца. Талынджы хъæбысæй раскъæфы йæ хъæбулты, фæлæ кæдæм, кæцæрдæм сæ ыскъæфа... Талынг æрбакъуындæг, æрбалвæста алфæмблай æмæ ’хгæны хъуыр, улæфæнтæ ’лхънвы... Иу емынæйæ — ирвæзт, уый аззад дард фæсхох. Иннæ фегуырд мæнæ. Кæцæрдыгæй? Дзыцца йын фыццаг хатт хъусы йæ ном дæр — халерæ. Салыгæрдæны уæлмæрдтæ акалдысты сæ былтæй. Сæ зæронд лæгтæ, катайгæнгæ, фæкæнынц: — Ныр нæхиуæттæ куы райдайой мæлын, уæд ма уыдон та кæдæм фæхæсдзыстæм... 89
Иу æхсæв, æрмæстдæр иунæг æхсæв, йæ зæрдæйы уидæгтæй æрæскъуыди æртæ: дыууæ лæппуйы æмæ йæ иунæг цъæх чызгæй хæрзы афтид абадт... Æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд, цæмæ ма каст æнхъæлмæ!.. Йæхи къухæй сæ ысхаста уæлмæрдтæм, йæхи къухæй сын ыскъахта ингæн дæр... Уый ахæм æхсæв уыд, æмæ Дзыццайæн сæдæгай æхсæвтæ баныхæстысты кæрæдзийыл. Сæ тары мылазонæй сахуырст æгасæй, сахуырст. ХХХУ1Х Цæмæй ма йæ ныхсдзæн? Цæмæй ма ыссæудзæн? 90
Æмæ загъта, — цæуон, Æмæ тындзы Дзыцца, тары йæ хъуырмæ лæгæрды, йæ иунæг бындары, йæ саби-хъæбулы йе ’ртты бæрзонд хæсгæ,— куыд нæ йын фæхуыдуг уа тары. Хъуамæ йæ ахæсса бонмæ, хъуамæ йын боны рухс фенын кæна. Уæлæмæ, уæлæмæ, æфцæгмæ... Дæлейæ байдзаг тар, хуыдуггæнæг тар, алцы йæ быны ныуæрды. Тагъддæр, тагъддæр... Уæдта куы атæхид, куы сфардæг уаид хæрдмæ, кæддæр æй куы хастой йæ уæнгтæ. Йæ къабæзтæй тары лакъон куы ’рæхсид, куы ’рсæрфид. Йæ базыртæ ысцагъта. Æмæ æваст бамбæрста, — иу базыры йеттæмæ йын нал ис.
Йæ риу дуртæм æрхаста æмæ туг кæлы йæ цæфтæй, йæ зæрдæйы хъæдгæмттæй æнхъизы туг. Ныр ын бæгуы фæзын цæуын. Йæ алы къахдзæф дæр æй кæны, мæлæтæй царды ’хсæн цы ’рдуйын хид ис, ууыл. фæцудыдта, — уæд æрæскъуыд, царды уидагыл ма цы чысыл тагæй хæцы, уый. Йæ уды фæстаг уынæр ахуысдзæн сæрсæфæны дæлкъæйыл. Фæлæ уый нæу йæ койаг,— йæ уд цыфæнды дæр кæнæд! — æрмæст йæ хъæбул, йæ иунæг бындар... Цагъды уæзæгыл ма иунæг хал уаддымгæмæ ризы... Нырма нæ бамбæрста, нæ банкъардта кæрæй-кæронмæ — куыд æрцыд, уый, цы хуызы? Афтæ æваст,
афтæ æнæнхъæлæджы куыд ысафтид дуне! Уырзæй ысгары алфæмблай æмæ йы уырзтæ ницæуыл ныдзæвынц. Æмæ цуды адæргæй. цуды саудалынджы, фæлæ нæй æрлæууæн, нæй, ам нал ис иу уысм дæр æрлæууæн... Ш Уый уыд, уæдонг кæй никуы ма федта, кæуыл нæ баууæндыдаид ныхæстæй, ахæм æнæрцæугæ диссаг... Дзыцца йæ сабийы къухыл хæцы æмæ дурдзæсгомимæ зилы йæ афтид уæзæгыл. Никуы ницы — цæуыл ысныдзæва цæст. Æрмæстдæр фароны сыгъдæттæ — фæнык æмæ æвзалы фæйнæрдыгæй рæдзæгъдтæ. Рагуалдзæджы къæвдатæ сæ афтæ ныххостой, 93
афтæ ныддæвдæг сты, æмæ къæхты бын, растдæр авджы сæстытау, ызгъæлынц, къыбар-къыбур кæнынц. Дзыцца иу ран æвзалытæ æмæ фæнычы къæрид йæ къахæй асчъил кодта æмæ йæ быны цы къæйдур разынд, уый раз йæ зонгуытыл йæхи æруагъта. Йæ ризгæ æнгуылдзтæй йын йæ ихсыд, сыгъдарыд цæсгом сæрфы. Бирæ йæ фæлæгъзытæ кодта, цыдæртæ сусу-бусугæнгæ, цæстытæ байдзаг ысты донæй, стæй йыл ысхæцыд, ысхъил æй кодта, бавæрдта йæм быцæу. Слæууыд, сраст кодта йæ астæу: мæнæ, гъе, нæ къæсæры дур, ам уыд нæ хæдзар... Бон-изæрмæ йын йæ сыгъдæттæ фæхафта, ныссæрфта йæ, стæй дзы арт ыскодта. 94
Йæ фарсмæ æрбадтысты, мад æмæ саби. Каецæйдæр урсдæллагхъуыр зæрватыкк фæзынд: æдзæрæг бæсты — иунæг царды æрхъис. фæзынд æмæ Дзыццайы сæрмæ ратæх-батæх, зилдух кæнын систа, йæ цъыбар-цъыбур куы кæцæй райхъуысы, куы та кæцæй. Дзыцца йæм ыскаст: — ай нæ зæрватыкк куы у! Æй, дæ хъæбулты хурæй æфсæст уай! — Йæ бынатæй фестад. — — Цæй ма, кæцæй фæдæ? — дзуры йæм,— Куыдтæ цæрыс ды та? Мæхи дзиба, мæ урсдæллагхъуыр! Уый уæддæр тæхы, зилдух кæны, цъыбар-цъыбургæнгæ. 95
— Дæ хæдзар агурыс ды дæр? Нæ йæ арыс, и? Æз дæр æй бирæ фæцагуырдтон — нал æй ыссардтон, нал ис, цы нал ис, уый нал ис, мæхи д^иба! Гъы, зарыс... Цæуыл зарыс, дæ хорзæхæй? Æниу, чи зоны, дæ фæхъхъау æрбауон, хъарæг кæныс... Цы дын æмбарын... Зæгъ ма, кæм ысты дæуæн та дæ хъæбултæ, дæ папитæ? Цæмæн дæ афтæ иунæг? Цæуылнæ сæ æркодтай демæ? Æви... Мæнæн ма дзы иунæг иу баззад, иунæг иу, куыд уыныс, афтæ... Æнхъæл дæн, уæддæр дæуæй æз разындтæн хъæздыгдæр. 96
О, мæхи дзиба, о!.. Рауай, дæ рынтæ, мæ цурмæ! Мæн мæ уæрджытæ нал уромынц, хъуамæ æрбадон... Фæлæ зæрватыкк зилдух кæны уæддæр Дзыццайы сæрмæ, цыдæртæ ныхаскæнгæ йæхи æвзагыл, суанг изæрдалынггæм тахг. Стæй чысыл фалдæр фæткъуыйы зынгарыд, хуыскъ ионгыл ысбадт æмæ цадæггай æхсæвы милтимæ сæмхæццæ. Мæйрухс куы скаст, уæд æй аивтæй ахъахъхъæдта Дзыцца: зæрватыкк бадт йæ фыццаг бынаты, йæхимидæг цæуылдæр мæстыгæр дыбал-дыбулгæнгæ, цыма кæмæдæр æртхъирæнтæ кодта, æлгъыста кæйдæр. 7 Æлборты X 97
Æмæ уæд йæхинымæр загъта: ныр ыстæм æртæйæ... Х1Л1 Уь!1" уыд йæ фыццагдæр, йæ карздæр æнкъарæн Салыгæрдæкы уæлмæрдмæ фæд-фæдыл иунæг сау æхсæв йæ хъæбулты схæссынæй фæстæмæ æмæ йын нæй йæ зæрдæйы рæбынæй сæфтæн, йæ цæстыты разæй нæ хицæн кæны. Цæуæнт рæстæджытæ, дугтæ сæ гутоны ’фсæн дарæнт Дзыццайы æрхæм зæрдæйы дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ — уый баззайдзæн æнæсаст, æнæвиæлд зæрæстонæй. Фадат фæвæййы, æмæ та, æрвылуалдзæг быдыры кæрдæг «уыд ысног уа, афтæ сног вæййы уый дæр... 53
Х1ЛН Бон дзир-дзирдзуртæ куыд æр?ахъуызыдысты уатмæ, уый исдуг кæ фæхатыд Дзыцца. Фæлæ цырагъы рухс фæлурс кæнын райдыдта æмæ ма дзы æрæджиау баззад иунæг фæлурс ыстъæлф къулыл... Куыдфæстагмæ рухсы тæгтæ цьйхцырæг ныллæууыдысты рудзгуытæй æмæ тары æрхъистæ таппызартьг хай кодтой къуымтæй, сæ сæрыл сæ худтæ судзгæ скъæфтой, афтæмæй схъиудтой æддæмæ, фæлæ сыл уым дæр хуыздæр бон нæ уыд æмæ тæккæ уынджы сæлдæгыл сæ тыбыртæ цагътой. Х1ЛН Райсомæй мæныл хуыссæг фæтых æмæ куы райхъал дæн, уæд бинонтæ иууылдæр 99
лæууыдысты къахыл, Мæнæн æхсызгондæр кæнинаг цы уыд. уын — кæрдзындонæй къулы астæу Тар. Бауадтæн æм, алæма, иы фæци, загътон, æркастæн, — никуы æглæ ницы, афтид, хæрз афтид. Æрмæст дзы иунæг хытъынджын хæлуарæг йæхицæн ахстон ысбыдта æмæ нæ тынтыл ауыгъдæй лæууыд. Мæнæ диссаг! Нæ Тар хæлуарæг фестад! Фæсдуарæй цъылыны ихсыд къуыдыр раскъæфтон æмæ дзы хæлуарæджы стыр гуыбынæн — хæфт. Уыцы уысм мæм афтæ фæкаст, иыма ме рагъæй ахауд уæззау уаргь æмæ арф, раст мæ къæхты бынæй æхсызгон ысулæфыдтæн. 100
Дзьщца æмæ Нана фалдæр уазджытæм зилынц. Саби хъæццулы бынæй йæ къухтæ ысуæгъд кодта æмæ сæ хуры зæлдаг тынтимæ хъазы. Цыдæртæ дыгъал-дыгъул кæны. Мад ма лæмæгъ у, æдых, йæ хъæлæс гæзæмæты хъуысы. — Фервæзтысты, фæци сæ зын, бауырнæд дæ, чындз!.. Уый дзуры Дзыцца. Фырцинæй къуымты рауай-бауай систа— — Хæринаг сын, аходæн исты. — Уайтагъд райхъуыст къусты хъæлæба. Пецы арт, гуыр-гуырон арт, къæс-къæс кæны. Хæдзары къултæ сæ хуыз æвдисын райдыдтой, хуры тæрхъустæ сыл гæппытæ кæнынц. Дысоны тыхст æмæ катайæн, 101
сæ фæд дæр — нал, цыма æппындæр нæ уыдысты. Х1ЛУ Стылди хур —• цæхæр тымбылæг, уæлæ скæсæн хохы сæрæй равдыста йæ сыгъзæрин цæсгом. Бæсты Мады риуыл æрхизы уырдыгмæ, рухсгæнгæ, худгæ æрцæуы. Фæйкæрдæм фидиуджытæ хъуытазхъуыр, зæрин бæхтыл къуылдымтыл кафгæ ызгъорынц. Алæрдыгæй бæстæ худы, — урс-урсид, ирд. Адæм рацыдысты сæ хæдзæрттæй, алчи йæ кæрты ызмæлы, уынджы миттæ мæрзы. Уасджытæ уасынц кауы сæртæй, куыйтæ рæйынц... Хур цæуы, 1С2
хур лæгæрды размæ, даргъ, сардзенгай санчъехтæй мæнæ æрбацæуы хъæумæ. О, æгас цæуай, уас, сырх зæрин уазæг! Ды не ’нусон цырагъдар, мах чи сласы мæйдар æхсæвы сау талынг ныккæндæй, нæ хæдзæрттæй нын чи фæсуры Тар! Алы къæс, алы хæдзары дæр байгом ысты къæс-къæсгæнгæ, салд, уæззау дуæрттæ... Мидæмæ, мидæмæ, буц уазæг! Бубу тыргъы хъазы. Асины бынæй райста лæдзæг æмæ дзы хъуарийы ихтæ цæгъды,— Сасари æхсаргæрдтæ. Дысон сæ тары æрбаста нæ хæдзар 103
æдасæн йæ астæуыл. Нана рахаста цырагъы авг кæртмæ, цыма сау цъиу ныппæррæстæзвонг — йе ’ртты, арæхстгай йыл хæцы. Цырагъы авг... Йæ хуылфы йын гæххæтты гæбаз нæмы, стæй йæ ыздухы йæхимидæг, сæрфы йæ... Сæнт ирдæй тæмæнтæ куыд ыскала, афтæ йæ сæрфы. Авджы милтæ— Тары æрхъистæ салд митмæ згъæлынц, кæлынц. Къæхты бын урс-урсид митыл — Тары æрхъистæ лæзæрынц. 1974—78 аз.
Хаджи-Умар Несторович Алборты В ТУ НОЧЬ Я МАЛЕНЬКИМ МАЛЬЧИКОМ БЫЛ ПОЭМА МАТЕРЕЙ (На осетинском языке) эз оа еиээь за^зоа ьоэо зоэбзо Редактор Л. П. Харебов Худож. редактор А. Д. Ванеев Техн. редактор В. А. Тедеева Корректор 3. В. Бежанова Сдано в набор 28. VI. 1978 г. Подписано в пе- чать 23. X. 1978 г. Формат бумаги 84x108764- Бумага № 1. Учет.-изд. л. 3,13. Усл.-печат. л. 2,73. ЭТ 00220. Зак. тип. № 1678. Тираж 500 экз. Цена 55 коп. Издательство «Ирыстон», Цхинвали, Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое про- изводственное объединение Госкомиздата ГССР, Цхинвали, Московская, 5.