Текст
                    ÆЛБОРТЫ ХАДЖУМАР
ХУРЫ
ХЪÆБУЛТÆ
(ÆМДЗÆВГÆТÆ)
Рауагъдад «Ирыстон»
Цхинвал — 1971


Дзатъæлы сты, дзæгъæлы сты æппæт дæр: рæсугъд сæнттæ, æлвыст дзырдтæ, нæрæмоп кад, к\ы нæ кæной дæ бир-бирæ фæлла^иттæ хуымгæиæджы фæллад кæрдзыиы ад. _ ©_
*• * * Уадз, мæ зæрдæйы алчи йæ мондæгтæ мара, тæвд бон дзы басæтта хуымгæрдæг йæ дойны, зымæгон æм хъæддзау батава йæ къухтæ, фæллад фæндаггои йæ сатæджы суадза нæ фæлляд. Уын ’ пæу афтид, цурон ныхас. Уый у мæ зæрдæпы бæллиц — мæ зæрдæйы алчи йæ моидæгтæ мара. Цæвиттои, дойны лæгæи уып куы пæ басæтта хус быдыры йæ дойньг, уазал, зымæгон йæ чысыл æртдзыхмæ куы иæ тава хъæддзау рæстæгæй-рæстæгмæ йæ къухтæ æмæ фæндаггæттæ, быдырæй хохмæ цæугæнæ, \ым куы пæ ысуадзон сæ фæллад, уæд цы уыдзæн? Æдзæрат кæидзæнис. Уалдзæг мæргътæ кæдæм нæ фæтæхынц, æмæ галтæ нзæрмнлты сойджын кæрдæгæн сæхи кæм ис ’фсадыиц, уьмш быдырлу.
УРС ÆХСÆВТÆ Æхсæв хъуамæ æхсæв уа: талынг æмæ бон та — бон: рухс, Фæлæ алцы æгъдауыл кæм вæййы! Æхсæв зоны рухс æмæ бон — талынг... Цы ис, уымæп бар ис цæрынæи, æрдзæгъдау ма хъуамæ хæла. Æхсæв æмæ бои — рæстæджы рагъыл дыууæ хордзены. Сæ иу нæй, зæгъгæ, — се ’ннæ æрхаудзæн, Ма ’рцæуæд уый, æмæ сæ искуы кæрæдзийæ баивæм: уа талынг нæ бон, не ’хсæй — дзагъыр, æгъуыссæг. _©_ ’У
* * * Куыд оирæ у æнм*елмæ кæсым адæймаджы бои! Ныббары иу заман хоры нæмыг мæры æмæ йæм кæсы уæдæй фæстæмæ æихъæлммч Уый нырма ныхы сæрьт йас йедтæмæ нæ вæййы — гæнæн ис æмæ нæ ахæра исты: цæвиттон, маргъ, гъе, уыры, фæлæ йæм лæг æихъæлмæ кæсы æмæ уымæй цæры... Хоры нæмыг бады. Кæд æн æрфæнддзачт Зæххы бынæГт рухсмæ цъæх-цъæхид æвзарæГг ыскæсын?.. Уый фæстæ бонæй æхсæвм<т, æхсæвæй бопмæ — рæзыи, уылынгæй — уылынгмæ, уыдиспæй — уыдисимæ. Лат та æмгъуыдтæ кæны, къуыритæ пымайы... Æмæ куы фæуа мыййаг æнæфтиаг хорът пæмыг?
Фæвæййы, бæгуыдæр, фæвæййы. Уый куы нæ уаид афтæ, уæд цы базæропд кæнид лæджы! 7
* * * Мæ дуне, ме скæнæг мæ дуры гуыбынæй нæ рауагъта цардмæ* мæ дуне, ме скæнæг мæ дурæГг дæр нæ радта. Æииу мæ куы радтаид, мардзæ! Æз, дурау, фидар уыдаин! Цыдаиккой мыл ихын къæвдатæ, арв мæ хостаид, цавтаид мыл йæ судзгæ фæттæ, Зæхх мæ йæ къæдзæхтæн сæрсæфæнтæм æхстаид — ннцы мæ рыстаид, æнæмæт уыдаии. Фæлæ райгуырдтæн адæймаджы туг æмæ стæгæй иугæр, мæхиау риссаг чи уьтди, уæд рахастон уд. Уд та — зг’ххы къорийыл сагъд, мæ хъизæмарæн чысыл истæмæн дæр чи кæны дудгæ.. Уæддæр амондджын дæн уьшæй. кæи фæдæи афтæ.
* # * Арын дзы вьетнаймаг сабиты ном, æфхæрынц сæ америкæйаг салдæттæ Нæ зонын, цæмæь- фæлæ мæм иухатт мæ фыссæны уынæр урс-урсид гæххæттæй сæхъуыст, фстззыгон тар мигъы хæтæгхуаг хърихъуппы утæхсæн хъæлæсау, Ныр, уæдæй фæстæмæ, куы фæфыссын æнафон, æнцад æхсæв нсты, уæд та ацахсы хъус фæлмæхгæд быдыры сæрмæ иунæг хърихъуппьт цъæхахст æмæ фестъæлфыи, цыма кæмдæр чидæр хуыдуг кæны доиы, цыма кæмдæр чидæр пиллоп артьт судзы, цыма кæмдæр чидæр кæрдты фындзтыл мæцы йæ туджы æмæ удаистæй хъæр кæпы. Æз фестын сæрæн къæхты бынмæ нудадзыг хъустæ, пудадзыг цæстытæ, — кæцæрдыгæй мæ курыиц æххуыс, фæлæ нæ уынын æмæ иæ хъусьтн ницьт. - Æмыр у бæстæ, й
цыма æиæхъæнæй дæр зæххы скъуыды афардæг дупе. Æрмæст дæр афтид къултæ æмæ æгуыппæг хæдзары æдзыиæг дзæнгæрджыты дзæнг-дзæнг, æмæ арфæй, цыма хæдзары бын иыккæндæи, къуырма дзæбуджы дзæхст-дзæхст, — хъусын, риуы къултæ куыд хойы зæрдæ. Ныггуыбыр та кæнын мæ фынгмæ, æркъул вæййы гæххæтмæ сæр æмæ аныр, афтæ та ногæй... Ныххæцын мæ хъустыл, ныхгæнын мæ цæстытæ, фæлæ йæ зæрдæ хъусы, зæрдæ уыны... Уый кæйдæр тыхст уд æххуысмæ сиды. _©_ 10
ИНТЕРНАЦИОНЛЛ Ризы, бапкъуысы зал, зарынц интернациопал. Кæмдæр кувынц, курынц, кæмдæр хæлæрттæ дзурыиц, хæрынц ард æмгæрттæ. Бомбæтæ хауынц, калы зæхх цæхæртæ. сæфынц арты хортæ, сæфынц не ’дзард бонтæ... Мад йæ сабийы судзгæ буар систа йе ’ртты, цыма у уарт. Фенут! Уый уып — ард! Уый — нæ сабиты туджы мал! Не ’фхæрды зарæг Интернационал! _©_ П
ЗÆХХ Æз дæ лæггæдтæ æмбарьш, зæхх, дæ хæрзтæн бафидæн нæй. Саби мады хьæбысæй æрхизы, Фыццаг къахдзæфтæ дæ риуыл кæны. Ды йын радтыс йе ’вæлтæрд къæхтæи дæ хъарм æмæ ныфс æдæрсгæ цæуынæн, йа* зæрдæйæн — уарзт, йæ цæстытæн — тыгъдæдты сæрибар. Æз æмоарын дæ ристæ, зæхх. Сæ иууыл стырдæр де ууæнчы аккаг кæй нæ фæвæййы дæ цæуæт... Сæ рæзтæ æхсæдæгау, дзурынц: æрцыдис рæдыд Æвæццæгæн, Адам æмæ Евайæ са% фæдыл у æфтыд! Кæй сын радтыс, зæхх, Тыхджын сæ цьт хъаруйæ скæныс, уымæй дывыдон æртытæ æидзарынц дæ цъæх-цъæхид буарыл. 12
Нæ ныууазал сты нырма дæр крематдритæ... Уыдон дзурынц: æбуалгъ рæдыд уыдис уып. Сонгмийы æрцыди трагеди . Уыдон дзурынц: — æруагътам рæдыд. (Нæ, дам, рæдийы æрмæсг, чи нæ ис, иунæг уыцы хуыцау). Нæ, нæ, фæрæдыдис уый дачр, кæд уæ ахæмæй сфæлдыста, уæд. _©_ 13
ХЪÆУ — ХÆХТЫ ХЪÆБЫСЫ Хæхтыл — залты мнт, хæхты хъæбысы — хъæу... Алфæмблай урс-урсид, рухс, нæ дарынц хæхтæ дæр аууоп, нæ зыны сæ бæрзæнд, сæ къул. Æрмæстдæр хæдзæртты дзыгуыр æмæ сæ сæрмæ бæзджын цъæх фæздæджы уаццæгтæ — цахст лæууынц æвдисæн, урс-урсид гоби-гуымирыты астæу рæстæджы тагыл кæй ие скъуыйы цард. Адæм сæ зымæджы митыл — нфтыгъд. Зилыиц фосмæ, кæрты миттæ мæрзынц. Урс зымæггъуыз зæропд лат тавы артмæ йæ хырыз стджытæ. — Епыр ну уазæг! — бæргæ фæлгъауы, фæлæ кæм ис, кæд уæларвæй бæндæнтыл æрхиза. Куыйтæ рæйыиц æгæрон урс бæсты æгомыг æгуынпæгдзннадыл. Сабитæ дзоиыгътыл хъазынц, аразыиц митын мæсгуытæ, Лæгтæ фæцыдысты райсом, И
ласыиц æфцæгæй хъæумæ мæкъуылтæ. Хæхты рæзгæ фæдои, æдæрсгæ, йæ партæйæ сыстад: «Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы...» Рудзынджы авгыл æмдзæвгæйы мыртæ, хъарм хуры тынтау, ныдзæвынц... Хъæу хæхты хъæбысы нæ цардбæсты рохтыл хæцьт, цыма урс-урсид деиджызы улæнты астæу и\иæг бæлццон нау тымыгъты арæныл хъазуаты лæууы. _©_ 15
ХУРЫ ХЪÆБУЛТÆ! Адам æмæ Ева нæ радтон сымах. Уæхицæн сæ кой дæр æфхæрдыл нымадтат. Куыд схастаиккат уæ сæрмæ ахæм «чъизидзинад»: райгуыр лæг æмæ усæй. Хуыцау уæм нымады нæ уыд (æдых лæджы сæнттæ)', йе * скæнгæ зæдтæй, гæлæбутау, кодтат хынджылæг. Хуры хъæбултæ! Хур уæ самадта материйы фæрскæн æмæ кодтат табу уе сфæлдисæджы рухсæн. Рухс — уæ бакаст: хуры тынтæй, цъæх — уæ цæстытæ: арвы цъæхæн, зæхх^-уæ къона, уæ арт, арв — уæ цар. Хуры хæтæнтæ — уæ царды фæндæгтæ. Цыдыстут сыл шлуылæнмæ, цæгатмæ, ыскæсæимæ, хуссары хъарммæ. Арвау, сæрибар æмæ уæрæх — 1 Хуры хъæбултæ — афтæ хуыдтой сæхи ирои адæ мы фыдæлтæ. 16
æлхъывта уæ зæххы’ къуындæг. Систат цирхъ, бæстыл дзы рауагътат туджы зæйтæ. Уæхи тугæй дæр йæ дойны кæм саст! Фæлæ зæхх уыд тымбыл, — зæххæн нæ уыдис ивæзæн. Сымах цыдыстут хуры фæдыл, хур та тулы æмæ тулы æмæ йын зæххыл нæй никуы æрлæууæн. 17
ПУБЛИЦИСТОН ÆМДЗÆВГÆ Мæ мидæг сты, мæ туг æмæ ме стæджы хæссын ме ’мтуг æмæ ме ’мыстæг адæмы уд æмæ хъæстæ, æцæг хъæбул куыд фæхæссы йæ мад æмæ йæ фыды туг æмæ стæг, афтæ.. Хæсджын дæн, æмæ уымæн. Хæсджын дæн адæймаг уæвынæй æмæ, уæлдайдæр та, зæххы къорийыл маснæ ацы армыдзаг сыджыт, мæнæ ацы галдзармыйас гæпиæлæй, мæхицæн фыдызæхх кæй хонын, хæсджын дæя уымæй. Чи зоны исчи загъта: цы хъауджы? Зæхх кæмдæриддæр зæхх у, цы уæлдай хорзы дын бацыд фыдызæхх? Бафæлварут-ма, ■ æмæ кæсаджы донæй раппарут хуыскъмæ, — уайтагъд йæ тыбыртæ бацæгъддзæн. Бафæлварут-ма æмæ цæргæсæн йæ арвы цъæх тыгъдæдтæ байсут, —- дуне йыл æрбауынгæг уыдзæи, кæрддзæмы æвæрд кардау. Ацы армыдзаг сыджыт, ацы галдзармыйас гæппæл мыи радтои мæ номæн лæджы ном, Мæ цæстытæн — хуры рухс, арвы цъæх, 18
Мæ зæрдæйæн — уарзт. Ам цы дæттæ цæуы æмæ цы бæлæстæ зайы, уыдон мæ райхъал кодтой сæ уынæрæй цардмæ. Дунейы хъæр дæр мæм уыдонæн фехъуыст. Æз — хуымæтæджы ирои лæппу, бои мыи кусынæн у, æхсæв мæ царды хъуыдытæ. нывæидынæн.,. Ныххæцын гутоны къухтыл, ныппарын хоры нæмыг мæры. Сæрд мæ цæвæджы комæй цъæх астымтæ дасыи, зымæг мæ армыдзыхъхъы цæхх дарын мæ хæдзардар галтæи æмæ уалдзæгæй æвæрын мæхицæн зæрдæтæ. Уæддæр мæ нæ иомдзыд æнусы бирæ цыдæртæ æндавы. Æндавы мæ,— цы цæуы нæ зæххыл æмæ нæ зæххæн æддейæ цы цæуы, суанг уæлæрвтæм, стъалытæм.. Дзыллæты даутæ мæ удыл ивылыиц, æмæ ныр, фырытау, куы гуымсытæ кæнынц кæрæдзи, куы ныццух-мух кæны нæ зæхх, цыма арæдувдзæн ныртæккæ нæ гигант хъандзæлттæ æмæ искуы космосы’скъуыды афард&т уыдзæи æмбопны, Д9
уæд, мæ уарзон фыдызæхх, сæнæфсиры хъуырыл æргпшаг цупалау, хохы цоигыл тыбар-тыбургæиæг, дæ катай, æиаххос, æназым цæссыгау, мæ зæрдæйы къултыл æркæлы. Ды — мæ ныфс, мæ цæрæнбоиы ныфс! Æнæ дæу æнæнгуылдз къухдарæн дæн æз — афтид5 æвидыц æмæ уазал. Демæ фидауын æрмæстдæр, дæуæй у мæ фидыц, дæуæй у мæ дадзины цæф, мæ къæмисæнты æхсидгæ тæпп-тæип, Фæлæ ис иу хорз мæхимæ дæр ахæм: æз дæн адæймаг æмæ æнæ мæн дуне фестæд фидыцы дыргъдои — никæмæ хъарынц йæ рæсугъддзииæдтæ, ничи сыл бакæндзæн цин... , Æз — дæ табугæиæг æмæ дæ дыргъдоигæс, æз — дæ ивгъуыд, дæ абон æмæ дæ сом. Æз дæ барты удуæлдай сæрхъызой. Де ’ппæт фæндæгтыл фæцыдтæн æмæ æрцыдтæп суанг Донанæ Идылмæ. Дæ ристæ мæ фæндаджы зынæн фæхастон, дæ цинтæ мæ сомбоны ныфсæц, Лиахарсис — мæ фыдам. 30
Лæ фыстыты кодта мæ кой. Уый мыц фæцыдис бердзеитæм иæртон рухс, чиныджы ахуыр хæссынмæ. Атей мæ стæры йæ хуыздæр хæстоиыл нымадта. Скилур мæ уарзта йæ хъæбул Палакау. Мах уыимæ иумæ хъæбатыр паддзахад скодтам а\мæ Диофантæн фæхостам йæ мукъу. Æнустæ мыл растдæр, лæсæнтау цыдысты, сæ быны мæ кодтой, сæ сæрты мæ хастой, фæлæ мæ дæ риуæй: стоньш нæ бацис сæ хъару. Æнхъæл ыи куыд никуы уыдысты, мæ хъæстæ та афтæ куы иу ран, куы иннæ ранæй-иу, хæххон суадонау, абузгæ стыдта æмæ фыдгулты фыдæнæн хуыздæр бонты ’мгъуыдмæ фæразгæ ныббыхста,. Æз — хуымæтæджы ирон лæппу, цы давы, къаннæг кæй у мæ уæзæджы зиллакк, къаннæг вæййы цæргæсæн дæр йæ ахстон, иæ базыртæ та дардыл фæхæссы, дардыл пæпйынц йæ тæхæн хæтæнтæ... 21
0, уæддæр арвы фæлмæхгæд кæрæттæй дæр раздæхы цæргæс йæ уарзон бæрзæндтæм. Уадз, уæд-иу къуындæг дæр йæ бадæн — цъæх айнæг, Уадз, ма йыл уæд къахæи æдæрсгæ æрлæууæн дæр, — ам ыссары йæ удæнцой, ног та ам ысвæййы æхсарджын йæ зæрдæ... Ацьг армыдзаг сыджыт, ацы галдзармыйас гæппæлæй, мæхицæн фыды зæхх кæй хонын, нæй фæцæуæн мæнæн дæр. Кæд цæуон, уæд æрмæстдæр йæхимæ — æнусмæ, мыггагмæ. Мæ уд, уидаггай, ацæудзæн йæ хуылфы, нылвасдзæн æй, нылхъивдзæн æй, мисхал дæр дзы куыд иæ фæкайа, афтæ. Ысуадздзæн таутæ хæрдмæ, йæ сыфтæртыл уыиæр. кæндзысты дугтæ. Уырны мæ уый, æз уыцы æууæнкæй цæрып, кæннод, æвæдза, цы уаид мæ цард та! _©_ 22
МÆ ФЫЦЦЛГ ЧИНЫГÆН Мæ чииыг, мæ зæрдæ, спстон дæ мæ риуæй æмæ дæ радтон хæлæрттæи. Мæ чысыл, мæ фыццаг хъæбул, цард æнахуыр хивæнд æмæ æгъатыр у, рæстдзинадау, тæригъæдтæ иæ зоньт. Иаг уаргъ дыл æвæрдзæи, фæлтæрд æмæ къахвидар хайуанау. Мæ чиныг, мæ зæрдæ, хоры нæмыджы хуызæи зæрдæ, дæу æз байтыдтои æгъуыссæг æхсæвты æмæ дæ æркарстоп мæ зæрдæдзурæпты, - мæ хибар. бæллицты. Дæ хойраг — иæ хурджын хуссайраг тыллæг. мæ хиды æртæхтæй æхсад у. Мæ чииыг, мæ зæрдæ, систои дæ мæ рнуæн æмæ дæ радтон хæлæрттæи. _©-.,
САБИ Чысыл æй æрæргъæвьш зæхмæ, чысыл æй иæхи бар ысуадзын. — æмæ та бандайы хæрдмæ йæхи ивазын... Куы худгæ, куы кæугæ, лæгъзтæмхасæп, йæхи мæ хъæбысмæ æппары... О мæ саби! Цы дын зæгъон ныр? Ды нæ зоиыс нырма, зæхх куыд хорз у, — цæуыи ыл куы зоиай, уæд. _©_ 24
* * * Ма-иу æмбæхсут уæ цæстытæ, ма. Афтæ ма æнхъæлут, æмæ уæ цæстыты хъарм рухс нæу уазал бон хурæй зынаргъдæр. Афтæ ма æнхъæлут, дидинæгджын уалдзæг куы вæййы уæ цæстыты, уæд не ’рцыд тæрккъæвда кæмдæр, их нæ иыццагъта ныфсы æвзартæ. Ма æнхъæлут афтæ, ма æнхъа^лут Сымах уæ дæсгай, сæдæгап, мингай цæстытæп куы ныккæсат уарзгæ, рæвдаугæ, дыууæ æнкъард, ныгъуылд цæстмæ,— цард та сæм раздахдзæн йе ’ргом, ног та суадздзысты тау ныфсы æвзартæ. Ма-иу æмбæхсут уæ цæстытæ, ма, адæм.
ЗÆХМÆ КУЫРДИАТ Дæуæн равзæрдтæн, зæхх., æмæ дæ курын: радт мын де ’взаг, мæ рагон, мæ мадæлои æвзаг, кæддæр мæ чи байрох æмæ кæй нал дарыи мæ зæрдил... Радт мын сыджыты æвзаг, кæрдæджыты æвзаг, цæмæй сын æмбарон сæ хæлар, сæ уарзон ныхас. Радт мыи бæлæсты æвзаг, мæргъты æвзаг, цæмæн куы дзурой, уæд лыстæгган сæ рæвдыд иыхасмæ хъусын фæразон. Радт мыи сырдты ’взаг æмбарын{>1 куырдиат. Рардт мын, цыдæриддæр зæххыл ис, цæры, се /взагыл сæ хъыгтæ æмæ сæ цинтæ æмбарыпы хæрзиуæг. _0_
ÆХСÆВЫ АВТОБУСЬ! Æхсæв нæ гагъд кæны æддеиæ никуыдæм — мах кæнæм тагъд. Æхсæвæй дидзæм, цæзиттон, нæ хæдчæртты бон у ныртæккæ. цæвиттон, нæ машипæ атондзæн æхсæвы рæхыстæ æмæ нæ ахæсдзæн, æгас дунейы хъауджы, сæуæхсидмæ æмгъуыдæй раздæр. Уæддæр тыидзæм. нæ туджы бацыдис тындзын æмæ ныи æндæр амал нæй... Цыма рæстæджы арæнтыл, нæ цыбыр царды фæлгæттыл, фæпиæрдæм ахæцынмæ хъавæм, цыма пæ фæпдаг барст нæу... Тæхы машииæ, цæхæрдзæст бындзау, æхсæвы тæитæ, гуыв-гуывгæигæ, ’гæрды.. Мæ цæстытæ сау кæттагæмбæрзт рудзынгыл бастадысты... Тарæй мæм ферттивынц мæ зонгæ цæсгæмттх, цыма сæ машинæйыл нæ фæцис бьшзт æмæ нæ сурынц фæстейæ, кæрæдзи къуырттыгæгæнгæ, гæпдугъæй. _©_
ФÆЛЛАД Уæлæ хæхты хъæбысы иунæг мигъы бындзыг рæдзæ-мæдзæ кæны — уый у мæ хъуыды. Уæлæ хæхты сæрмæ арвы цъæх-цъæхид æмбисбоны тарфы ныгъуылы -— уый у мæ цæстыты рухс. Къæйыл бастади дон, ныффæсус йæ хъæлæс — уый у мæ улæфт. _©_ 28
ХУ1> Нæртон дæ, бæрзонд дæ, ныфсджыи дæ, — мæгуыр дæ хæдонджын у, сидзæртæ — сугджьш Æхсызгон мын уый у, æппæтæп тыхджындæр, — ды мæ удæи, лæджы зæрдæнау, кæи судзыс. ©- &
ИРЫСТОНЫ ХÆХТÆ Куыд уæлæмæ — бæрзонддæр, кæнынц æхцондæр, урсдæр, Сæ фендæй мæ уд, мæ зоид дæр — сыгъдæгдæр æма* рухсдæр. —©— 30
* * * Куы ныффæллайой бонгуысты мæ къухтæ, куы судзой мæ армы тъæпæнтæ, æркалут-иу сыл дон, æркалут-иу сыл еуæд дон, — мæ фæллад къухты тæвд дæр уадз æмæ иæ зæххыл хъармæн бафтæд. ~ ©_ 31
Хохы райгуырдтæи арвы хъæбысы. Уарзын хæхты цард, сæ тызмæг æгъдæуттæ. Уарзын дымгæты хъазт — сæ уæлных куыд сисынц хæтæнхуаг мигъгы. Уарзын цæргæсты уаст æрæгвæззæг къæдзæхты тигътыл. Хохы " райгуырдтæн — арвы хъæбысы. Арыи удæнцой хъæддаг къæвдаты, хъусын ало-лай зæйты æнкъуысты. _©_ 32
* •{• * Хæдзарæй цæуын уæрæх уынджы, — мæ фæдыл кæсынц хæхтæ. Хæдзармæ здæхын уæрæх уынджы, — кæсынц мæм комкоммæ хæхтæ, æз дæр сæм кæсын æмæ мын фаг у амондæн уый... Иу хатт ацæудзынæн, мæ фæдыл акæсдзысты хæхтæ, — налдæр уыдон, налдæр æз кæрæдзийы цæсгæмттæ пикуыуал фендзыстæм, никуыуал. _©_
* * * Мæнæн æрвыл фæззæг дæр райдайы æхсыргурты æртæхтæй. Цыма цæгатæн уазалы къæрттытæ æрхæссынц сæ кæмтты нæ хæдзары сæрмæ сæ хъæлæстæ афтæ ныцъæх вæййынц телтыл, æмæ сын сæхи дæр фенхъæлын цъæх цъиутæ, афтæмæй та кæд сты буртæ, æхсæры къалнутыл фæстаджы сыфтæртау Сæ пакъуы кæрцыты бадынц ныгъуылдæй, цыма къуыппытыл муртаг гуымиртæ, æмæ ризынц. Стæн куы атæхыиц, уæд сæ фæстæ, суанг уалдзæджы æрцыдмæ, нал баицайыиц телтæ сæ дыз-дыз, гæв-гæвæй.
* ф * Цал азы дарьпг ацы дæндæгтæ? Æртын? Фоидз æмæ ссæдз. (Фондзаздзыдæй бандыдтон ивыи мæ дæндæгтæ), Ыыр сæ тæккæ хъапмагдæр фесæфг. Уырны уæ? Фесæфт... мæ дзыхæй. Раст мæ дæллаг æфсæрьг галиу ссыры цурæй. Æмæ сæм куыд дардтон мæ хъус!.. Уый æрбадæлзæх ис уæддæр... (Чн зоны, дам, æй аныхъуырдтай сихор кæнгæйæ?) Цы пæ фехъусдзæнис лæг! Ныр ма куыд уыдзынæн? Уазал дымгæ дзы къуыззитт кæны, Чи ма мын ратдзæн дæндаг? Ахæм дæндаг? Урс-урсид. Цон гыццимæ Мæхи гыцци... Уый мьш куы радта яцы дзæнхъацъар дæндæгтæ,,, 35
— 0 дæ сæрыл хаст фæуон, Мæ хъæбул! фесты... фесты... Гыццийæн нал ис Иунæг дæндаг дæр. -©— 36
ЗÆРОНД ГУТОНЫ САГЪÆС Æхцопæн мыеыи уалдзыгон бонтæ Хуссары хуымы. Хъарм сыджыты тæф, х\ыскъæлтæ æмæ хуычъыты ад æрлæууы мæ зæрдыл. Гутондары фидар цæигтæ мысын. (Цымæ ныр та цы куыст фæкæны Цыппар цæды галты Фæллад æнтъыхт, галтæрджыты «гъæ, Къобор!» мысын... Ме ’фсæн хæдзары къæсæрыл — сагъд, цъыф къæхтæ хафынæн. Мæ лæсгæртæ æгæнон сабнтæн бахъуыдысты «бирæгъмарæн» лæдзгуыта>н.
•»• * * Уæлыгæс лæппутæи нæ ахуыр уыд ахæм æмæ-иу, зæххыл уæлгоммæ хуысгæ, , хъæр кодтам æврæгътæм: — Галы комы — цæххы къæртт, уый куыд тагъд атад, сымах дæр атайут афтæ! Æмæ диссаг! Тадысты, æнæзынгæ, цадæггай... Уарынæн -—хызт, фæлæ та изæры, куы-иу æрцæйтардтам хъæумæ нæ «рæгъау» — æн, джиди! Мгстисæгау, ныл цыд уарыны бæсты раст æнгузы стæвдæи их. _©_ 38
* * * Миты тъыфыл зæхмæ иæхицæй æппæлгæ цыд. — Иу хуыцау хорз, æмæ арвæп рабалц дæи афоныл, æндæра федтаид хур, æз ын йæ зынг цæст к\ыд ныссæлын кодтаин, уый. Ныр мын додой йæ къона кæидзæн зæххæн, ацы мæетæн мæ уырдæм куы хъæуы! Кæрдæг, дам, мæзæрде, рухсмæ ысуæндыд кæсыи, къуыбыр, дам, райхъал æмæ дуæрттæ тоны æддæмæ. Атт! Ам лæппу ма уæд... Уый загъта, цы, Г.æлпсы къалиуыл ацауыидзæг. Бæргæ ма йæ быцъыпат тыдта, фæлæ адæргæп фестад цæссыг æмæ йæ сырдтоп цъну анызта.
* * * Æртæхтæ... Уарыпы æртæхтæ... Цас сæм кастпс ыстад зæхх æихъæлмæ!.. Нал ис саппытыл кæрдæг, бæлæстыл сыфтæр... Æгомгæрц къалиутыл, стонг мæлдзгуытау, дыууæрдæм ызгъорынц. _©— 40
ЦЪÆХ Уалдзæджы паддзахады æппæты тынгдæр кæцы хуыз ахады? Гъай-гъайдæр, зæгъдзыстут: цъæх. Æнæ уый чи ныккодчаид урс-урсид хуызæн растдæр йе ’хсæрфарс дзæхст! Цъæх — æппæт хуызты зарæджы хъæргæнæг, фæлæ куы нæ уоп хъырнджытæ, куы нæ уон ныллæг, ноджы ныллæгдæр хъæлæстæ, уæд цæмæй кæндзæн зарæг фæрнджындæр, уæд куыд зæгъдзыстæм: зарæг фæрæстмæ... Иунæг цъæх, æкæ бонвæрон, æнæ æрфæныфæд, æпæ тæрæзтæ арвау — афтид, — куы нæ уой ныллæг, Кæцыфæнды дæр дзы цæст йæхимæ ыздахы, уромы. Æмæ ма ноджы: куы иæ уа сау, уый та, ау, йæхæдæг æппæт уромæг, æппæтдарæг — зæхх! Уæддæр куы фæрсæм: уалдзæджы паддзахады æппæты тынгдæр кæцы хуыз ахады? Кæцы у æхсызгондæр? Зæгъдзыстут æпæ дызæрдыгæй; цъæх. 41
УИДГУЫТÆ АРАЗÆГ Ии лучше исего на свеге он все-таки делал ложки. Ояр Вациетис Йæ арæзт уидгуытæ иæ уыдысты галтæ æмæ идæдз устытæн нæ ластой суг... Иæхæдæг æнæ суг, уыдон арæзта сугæй, сывылдзы лыггæгтæй. Чи йын сæ ’рласта-иу хъæдæй, уыдонæн арфæтæ æмæ уидгуытæ кодта лæвар. Фылдæр та устытæн, сидзæргæс устытæн... Бон-нзæрмæ къуыдыры цур бадт. (Уыд риссаг æнгæсдзинад лæг æмæ къуыдыры ’хсæи: нæ цæнгтæ ма æрхаста æмæ йæ гуыр арф лыгтæ æмæ хъæдгæмттæй, йæ къæхтæ хæсты быдыры ныууагъта...) Сывылдзы лыггæгтæ йæ цуры: чи гобытъи амад, чн уидыгæнгæс. 42
Хоцъи нæ къухы. Уидыгмæ дзы лæмбынгп иывнялы, æркъахы йæ, къахы, стæй йыл йæ уырзтæ рæвдаугæ æрхæссы: дæрзæг ма уа искуы? Цæстыты ’хсызгон стъæлфæнтæ судзынц. Афтæмæй баззад мæ цæстыты, афтæмæй лæууы мæ зæрдыл. Æмæ кæй зæрдыл нæ лæудзæн, нæ хъæубæстæй, ахæм та чи ис! Иæ дудгæбонтæй-иу ныфсæрмы æцæгæлои цæстыты ’нгасæй. Зæрдæрыст устытæ та, йæ цуры лæугæйæ, сæ мидсагъæсты дзырдтой: мæныл ма афтæмæй дæр куы сæмбæлдаид мæ мой!.. Чи та: мæ хъæбулы ма æнæкъах æмæ æнæкьухæй дæр куы федтапд удæгасæй мæ цæст!.. Цы дзуапп сыи радтаид хъуамæ сæ сусæг сагъæстæн? Иæ тæригъæдгæнаг зæрдæйыл ын рохстдзинад бафтыдта хæст... Чъызгæ-иу сдзырдта: — Мæиæ уын уидгуытæ... Æнæнизы гæрзтæ уын фестæит!.. 43
Ыздæхтысты ’нкъардæй еæ хæдзæрттæм устытæ. Уым сæ лæвар уидгуытыл кодтой сабитæ цин æмæ сæ афтидæй (цалынмæ искуы пысырадзæхтон уа), уæлдæф хордтой: — Гыцци, уæ гыцци, æз дзы афтæ хæрдзынæн хъæрмхуыпп... Лæг та бадт, æгас бон йæ къуыдыры цурæй æнæсыстгæ, æмæ арæзта, стонг хъæуæи арæзта уидгуытæ... Уый раджы уыд. Бирæ цыдæртæ нæ байрох, нæ тындзгæ царды фæндагыл кæй ныууагътам, кæй ма рахастам немæ. Нал у уидгуытæ аразæг дæр гас, сæмвæз йæ уæлмæрд, скæрдæг, снæудзарм. Фæлæ уидгуытæ, бон æмæ æхсæв дæр кæмæй-иу хордтам стоиг, иикæд мæ ферох уыдзысты уыцы уидгуытæ, ликæд... 44
ЗÆРОНД ЛÆДЖЫ БАЛЛАДÆ Зæрондæи уыд азтæ... Зæроидæн иæ фыццаг азтæ —- иуыл нæрæмон æмæ хъæбатыр. Мин фараст сæдæ цыппæрдæсæм... Мин фараст сæдæ æвддæсæм... Мин фараст сæдæ дыууынæм... Зæрондæн уыд фырт... Зæроидæн уыд хъæбул... Зæрондæн уыд уд æмæ дзæцц.. иу хатт сæм постхæссæг æрцыд, н\ хатт, иунæг хатт æрмæстдæр, æмæ лæппу ацыди йæ фæдыл... ...Алкæмæн дæр вæййы къуырисæр, дыццæг, æртыццæг... уымæн та бонтæ, иу боны хуызæн, æнæном æмæ къуыпдæг, сасиры чъилау, æмдымбыл, Зæрондæн басгуыхт кæсæн æмæ йæм каст, æмæ дзы уыдта йæ хъæбулы, æдзухдæр йæ хъæбулы, кæрагй-кæронмæ }\æ хъæбулы. 45
Стæй, иу хатт, æрхауди кæсæн, зæххыл йæ зæлланг фæцыд æмæ лыстæг згъæлæнтæп бамыр. Зæрондæи баззад афтид фæлгæт, лрвы кæрæттæм — афтид. —©— 46
КЪАМБЕЦ Абон къамбецмæ бахудт йæ хицауы уазал лæгуарзон. Абон къамбецы рагъыл уисы дзæхстытæ нæ дудынц. Йе стыр цæстыты æнæбын æнцойы фестъæлфы, ссудзы йæ фæллад мыггаджы фыдæлтыккон сагъяес Йæ уæззау æфсæрты сабыр сынæрцæгъдыи хъуысы, цыма сæрдыгон изæрмилты Лсуахийы улæнты фæйлауыи. Амондджын къамбец йæ дæллагхъуыр дары йæ лæппыны æмæ йæ алфæмбылай базары змæлдмæ æнцад, æвæлмон цæстытæй фæлгæсы. Амондджын къамбец йæ сау хур, йæ иунæг хъæбулы, урс цæххы къæрттау стæры.., Адæм æиæвдæлон, знæт мæлдзгуыты губаккау, къамбецы хъоппæг цæстыты æмæзмæлд кæныцц. 47
Цæмæй зоны, æмæ чидæр ын ныр йæ хъæбулы хъуырыл йæ бæидæны цасм æфтаудзæи. Цæмæй зоны, æмæ чидæр ын иыр йæ сау хур, йæ адджын хъæбулы Кæдæмдæр йæ цурæй фæласдзæн. Цыдæр æбæрæг мæты азарæй зæрдæ, ахæсты цъиуау, риуы къултыл ныххопьг йæхи. Ныттилы сæр, лдымсынц фыпдзы хуыичъытæ, цæстытæ судзынц æртытау, цæстытæ соит фарст кæнынц: — Кæдæм мын кæнут мæ хъæбулы? Кæдæм мын кæиут мæ сау хуры? Æваст, цыма аскъуыдис арвы æндон цар, лыстæг згъæлæн ныццис — иыззæй кодта къамбецы зæрдæ тæгæлтæгæнæг хъæлæс. Хъæлæс анхъæвзы адæмы сæрты, базары лæсгæртæ атоны, сахары нарæг 48
цæхгæр-мæхгæр уынгты ныццæвы. Ноджы дарддæр, бæрзонддæр, ризы. Æрмæст ма иу хатт æрцыдис йæ хъустыл йæ сау хур, нæ иуиæг хъæбулы мады агурæг хъæлæс, æрмæст ма иу хатт, фæстаг хатт... Æрхæпдæг къамбец... Куыд ныууæззау сты дæ къæхтал, æнæфсондзæй дæр куы иæ уал фæразыс цæуын.., Фæкастæ та... Æнхъæлыс, уый дæ хъæбулы къахдзæфты уыиæр ссæуы дæ фæдыл... _©_ 4- 49
ТÆРС КЪУЫДЫР Тæрс къуыдыр уынджьт йæ хъысмæты мæстæй мæтмæрдтæ кæны: Уæйгæнæг нæ уыдтæп, æвзаг дæр нæ хастои, тар хъæды астæу мæ къабæзтæ арвмæ рæстагæй ивæзтон. Уас, макуы ракæлой мæ цæргæ æмгæрттæ! Уады ныхмæ дæр хæцынхъом уыдыстæм миты уæзæн дæр фæрæзтам æмдыхæй.. Мæнмæ æрбахаста хъæддзау йæ фæрæт, рухс мын ысуагъта мæ тæккæ бындзарæй. Бæргæ мæ æрхауын нæ уагътой æмгæрттæ, мæ цæнгтыл мын фидар хæцыдысты уыдон. Фæлæ мын мæ цæнгтæ дæр ракодта хъæддзау. Мæ дуне мыл разылд, нытталынг мыл хур дæр. Нæ баикъардтон рисæн 50
зæххы хъæбæр дæр. Æрмæст ма уый хатын: чъылбысгай мæ буар цыргъ дуртыл куыд задис, - сыфцæй мæ куы ластой. Стæй ма мæ ноджы дыккаг хатт фыдудæн куыд æргæвстой хырхæй... Мæ рæхснæг гуырæй мын фæйнæджытæ ’рфастой. (Уырындыхъ сынтæгыл йæ фæрныг хæдзары улæфы ныр хъæддзау йæ адджын усимæ). Мæн ам, бецау, уыиджы фыддæрæн ныппæрстой: на? сыи бабæззыдтæн, нæ исты æрмæгæн, нæ ’ндзарынæн пецы. Мæ хъæбæр зыкъуыртыл чн халы йæ фæрæт!.. Сæрдыгон мыл къæвда йæ цæссыг лæмары, ыскæны мыл зымæг йæ нхуазал хæдои. Мæ ристæ уромин, фæразип мæ зынтæн, кæй кæпдзыиæн бутъро, пьтббыхсьщ, гъе, уьтй дæр.
Фæлæ ма мын ноджы æрвылбон дæр фæрæт мæ уарзон æмгæртты — мæ туг æмæ ме стæг,- мæ риуыл æргæвды... —©_ 52
ДЗЕРЛССÆЙЫ ÆМДЗÆВГÆТÆ * Ф * Мæ риуы, æхгæд дуæртты, нх\ куы ’рзадаид бæласы цонгыл мæ зæрдæ! Æз æй нæ хъахъхъæдтаии, никуы, Æхсар æмæ Æхсæртатау, фат æмæ ’рдынæй. Дзерассæ — бæсты рæсугъд, пакъуындзæйы хуызы æртæхæт æмæ фенæт, дыргъæфсои, мæ зæрдæ цы ад кæиы: Кад æвдадзы хос разына уарзтæп, кæд нæ, уадз, бахус уæд æмæ æрхауæд. —©— 53
ф * * Ды дæр базæропл уыдзьшæ? Нæ мæ уырны уыи. Дæ къухтæ базæронд уыдзысты? Дæ къæхтæ базæронд уыдзысты? Нæ мæ уырны уын. Нал мæ расыг кæндзысты дæ цæстытæ, дæ былтæ, дæ дзыккуты тæф? Нæ мæ уырны уый. 0, ме нæрцæф, мæ фидауц мæсыг! Ау, дæуыл рæстæг куыд асæрфдзæнис йæ арм дæр. куыд дæм бахæсдзæинс йæ ныфс? —0— 54
* * * Цæрддзу лæгау, дæ къæхты раз æрхаудтæн æмæ сæргуыбырæй мæ зонгуытыл лæууып. Фæнды мæ скувон, кæи уарзын дунетæй фылдæр, мæ уыцы иунæг зæдыхайы удмæ, фæлæ бæгуы... Æмыр былтæ нæ фæразыиц мæ зæрдæйы лæгъзтиаг. Хæрзцыбыр къух дзуары лæг дæн æз, О бузныг! Дæ къæхтæ мын — дыууæ уаз цырагъы. Сæ æхцон рухс мæ удыл будау тайы... Æз кувып... Æз дæн хъæзныг... —0— 55
ЗЛРÆДЖЫ МОТИВЫЛ Ды ацыдтæ æмæ дæ фæстæ сафтид сты уынгтæ. Ды ацыдтæ æмæ иунæгдзинад банкъардтон æз тынгдæр. Цыма сыфтæртæ дæр бамыр сты бæлæстыл, нал хъуыстысты зараг цъиуты хъæлæстæ. Ды ацыдтæ... Ысхицæн дæи æз хъазынæй, зарынæй... Дæ фæстæ арв дæр нал æнцад Пæ уарынæй. _.©_ 56
ТÆИГЛЯЫ ЗЛРÆГ Оххай, чызгай, курын дæ, афтæ уарзæгой ма у, Сты мæ пъатæ сындзытæ, — де ’взонг буар æвгъау у. Сты мæ уадултæ дуры къæрттытæ, сты мæ цæстытæ ’нæзынг æртытæ. Курын дæ, афтæ уарзæгой ма у, — де ’взонг буар æвгъау у. Цæй, фæлтау мæм-иу ракæс тызмæгæй, цæй, фæлтау мæ-иу уарзгæйæ асхой, бафхæр мæ, ралгъит мæ, сæфт, фыдбойнаг мæ рахон. Ма мæ ысбуц кæи. Æз дур дæн, ызгъæр дæн. Ма мын фæлмæн кæн, рæсугъд чызг, мæ зæрдæ.
УЛЛДЗÆГ .Ргомгæрц бæлæсты ныф1. тъæнджы мæйы хъызты. Хуыскъ къадаты иыфс уæззау фæзгъæрты бын. Хъуынтъыз стуртæ æмæ уазалдзыдæй æхснырсаг фысты ныфс æхгæд скъæтты. Æргъæфст цъиуты салд хъæлæсты ныфс уазал зыгуымдæтты, къæс-къæсгæнаг дæлбазырты. Уалдзæг, нæ цæстыты цъæх-цъæхид ныфс, зымæг куы ныуурс вæййынц урс-урсид быдыртæм кæсыиæй. —©— 58
ИЗÆР Рæгътыл дыдзы хур хъазы, хæдзæрттæ — сырхытæ-тæлмытæ. Хур ахуыссыд, арв ныууазал... Ивæзыиц тарæй талмытæ. —©— 59
ФÆЗЗÆГ (Этюд) Фæззæг. Дымгæтæ, къæвдаты рæстæг, Хур — цъус, æлгъии лæджы цæстырухсау, лæдæрсы. Мигътæ — цæпдтæ, уад сæ арвы зыхъхъырты æвдузы. Дымгæ, æргъæвст мыдыбындзау, æппынæдзух гуыв-гуыв кæны æмæ зыгуымдоны фарсмæ хъæмпытæ змæнты. Абои, райсомæй, арв, кæуынæввонг, æрныгъуылд, йæ цæссыгтæ æркалдта, фæлæ æмыр уыд йæ хæкъуырцц. Тæрсы, зымæг æм фæсхохæй, аныр-ауæд, фидиуджытæ ’рвиты — додой мыи дæ къона, зæгъьт, тагъд мæ уырдæм хъæуы! Уып базыдтон цъиутæ — ныууагътон сæ ахстæттæ, сæ бынæттæ æмæ тæхыиц. Кæцæйдæр фæзындысты фæдисгъуыз æхсыргуртæ. Уайтагъд сæ хъæрахст быдыртыл айхъуыст, Къуыбыртыл, фæдисгæнæгау, атылд. Уыдон кæмдæр рамбæлдысты сæ фыдгулыл а»мæ йын зонынц йæ ахаст,— нæ сып иыббардяачг, сæхи куы нал бафснайой, уæд. Кæрдæг мæтмæрдта1 кæньг, иыффæлурс æмæ ма æнæбары дзон-дзоп кæиы, доп дæр ныффæсус, дурты ’хсамг ахъуызьтд. Сыфтæр бæласы цъуппстн расхъиудта. 60
Йе ’мбæлттæ йæ фæрсынц: — Нæ фæрстæ дын фехæлой, не ’фсымæр, цы фьтдбылыз дыл сæмбæлд? Се ’рттæ йæм бадардтой — ницы. Бæласы бын зæххыл æрхауд. Иу цалдæр хатты ма йæ мидбынаты фестъæлфьгд, стæй ныссабыр, кæрдæг ын йæ быны айтыгъта йæ фæлмæн гобан. Сыфтæртæ, о æиамонд сыфтæртæ! Ныр уыцы фаттæй сæхæдæг дæр зæрдæдзæф кæнынц æмæ бæласы цæнгтыл систой гæр-гæр кæиыи. Зæхх хæлбурцъ æмæ \нæр ссис... Бæлас — лæугæ стæгдар, йæ бæгънæг къабæзтæ уигъы. Зымæгæн йе ’фсад рæгътыл æрбацæуынц, сæ тырысатæ фæилауынц, урс-урсид тырысатæ дардмæ фæилауьшц —©— 61
КРАН Кран — æндон лæг не ’фсæн буар æруагъта зæхмæ, æрхуыссыд, ныддæргъ, йæ цæнгтæ, фæллад базыртау, ныттыгъта фæГшæрдæм. Æхцон сæнтты хъæбысы æрæицой йæ уд, æндон уд. Æмæ лæутæ та куыд кодта! 0, куыд лæууыд! Йэе сæрæй уæлæрвтыл ныдзæвдис, йæ цæнгтæй арвы кæрæттæм æххæссыд. Уый ахæм хъомысджын уыд, ахæм аудæг, æмæ йæ къухты быи хæдзæрттæ, тæосгæ-ризгæ нæ, уæндонæй рæзтысты. фæлладис? Фæлладнс, гъап-гъаидæр, æнцон ын кæм уыдис цæттæ къултæ исын, цæттæ цæрттæ ’вæрын? 62
Фæлæ куыста, йæ зыитæн фæлладæн быхста, лæууыд... Уымæ дæсгай, сæдæгай бинонтæ кастысты ’нхъæлмæ. Чысыл сабитæ сæ фынты уыдтон райдзаст хæдзæрттæ, паркет астæрдтæ. Иу ранмæ бавналай — хъарм дон дзы ракæлдзæн, иннæ ранмæ — фæкъæртт уыдзæн уазал. Хъарм ваннæйы ныттæрæст кæн, сис дзы тъыбар-тъыбур. Дардмæ цæуын дæ пæ хъæуы... Хъарм фынтæ феиуг æнæмæтæй, сабитæ! Краныл нæ хæцы хуыссæг. Иу цонгæн сисы уæззау змæст, иннæмæй — агуыри дурты рæдзагъд. Æмæ фæкæс-ма, йæ дæлæрттæм схæццæ сты хæдзæрттæ. Кæд сæ æрфæндыди йе ’нцæйтты слæууын мыййаг? Нæ, нæ! Кран йæ иамысы бæрзæидмæ схæццæ, ныр ын фидауы нæ гæрзтæ æруадзын, йæ уæнгтæ зæххы фæлмæпмæ æрхачссыи. Тачхуды! Ахæм хъьтсмæт мæнæп Дггр радт, — 03
уæд — цæттæ, канд улæфынмæ нæ, амæлынмæ дæр кæддæрид. —©— 64
ФÆСБЛ ПДИ АНЫ 1ЮЭМÆ ...Хъаз, худ, дæ къ.гл-къæлæн кæнæит ма- хъустæ къуырма. Æз дæ цæстытæм куы кæсон, æз дæ былты сонт стъæлфтмæ куы кæсон, æз дгс чызгои цæсгомы æиаипп æнкъарæиты хъазгмæ куы кæсон, æз дæ риуы улгофтмæ, — мæ уды. æррагæнæг хинма4, — куы кæсон,- о, мæ фæззæджы уалдзыгон бои, мо ’нæрцæф монцты фæсбайднаны цырагъ, æрцæудзысты та мæм мæ нвгъуыды амондджын дуггæ, раст фа^ззыгон нæ хъæутæм цъа^хбазыр æхсыргурты- зардау* Ма ныссабыр у, ма пыссабыр у ну уысм дæр, ма... Кæс, фæлурс кæрдæг абон йæ фæстаджы уысмтæ нымадта, иыр йæ хæдбыиæп, раст нæ уидæгтæн пог цъæх-цъæхид æазартæ ысуагъта. Кæс, мæ зæрдæны ме гъуыстаг уарзты рæбинаг цæджындзыл, рох клвæидонау, æрдæгсыгъд цырæгъгæ куыд байдыдтой судзъш» арф мæ цæстыты
^ыдоньт ииллон, фæдисы æртытау, куыд кæны фæйлауæн, — уый — ыссудзыимæ хъавып æхцо![ арты зыигæй... Ма ныссабыр у, ма ныссабыр у иу уысм дæр, ма< Ныр куыд ис уалдзæгæй фæззæджы бур паддзахадмæ фæцæуæн, афтæ-иу фæззæджы кьæсæрæй уалдзæджы цъæхмæ здæхæн куы уаид, — ног фæтæхин мæ базырджын азтæм, фæднсы тæркуадæй, пог æрцæрин мæ бæллицты галуаиы ’пæнцон дымгæджыи дæлбазыр. Уæд цы уыдис мæ уды, мæ уонджы, мæ зонды тæппуд лæджы ’фсæрмæй, сабийы ’мбаргæ, æнæхъуаджы хиуылхæцоны æгъдауæй, — се ’ппæты уыц’иу ысхуыстæй сæрсæфæнмæ фæкалин æмæ иунæг ’ - ’ ’ уарзты рæсугъд идеалы сæрвæлтау æз мæ зæрдæ æиусмæ "судзгæ фæхæссин пьшондæн. Ды фыццаг хатт мæ уалдзыгон фынтæи куы фæзыпдтæ сай-майты, хъазгæ ’мæ худгак,
уæд æрцыдис цыДæр, мæ бон нæу йæ зæгъын, мæ алфæмблай дунейы æмæ мæ зæрдæ, мæ уды дæр. Саби уыдтæн æмæ саби дæр нал уыдтæн, æз — лæппу-лæг фæлæ лæппу-лæгтæй ничи уыд ахæм, мæ хуызæн: зæххыл цыдтæн, фа-лæ уæларвон тых цардис мæ уды, Уый мыл æнæзынгæ базыртæ сагъта æмæ куы тахтæн, }æд, æнæ зæхх, цыма æнæбуар уд уыдтæн> зæххыл цæугæйæ, уæлæрвтæм ман скъæфта мæ бæллиц.- Æз цыдтæн дæ зæрдæмæ балцы, æввахсдæр фæндæгтæ сгаргæ. Æнцойдзинад нæ, афтæ ма талынг - фæндагыл æбæрæг йæхимæ фæсайы фæндаггоны, уый та, дыгъуырццæг^ фæиды йæ бæлвырд: хæлар у, гъе, исчи фыдæхзæрдæ, науæд дæлимоны сих, хъæддаг сырд. чи зоны, къутæр, гуыбыр лæгау, талынджы бады йæхицæи,
•хъуыды дæр йæ нæй. Тæссаг у, æви æдас — хъуамæ йын зона иæ сусæг. Æмæ уæд, мæнæн чи кодта гъеуæдмæ æпæхуыцау уды æвзарæн: уый разьшд æндæр... Цыма райгурдтæн уыцы уысм ногæй ма\\индч'. иогæй мæ алфæмблай дуненæи — бæлæстæн, дуртæн, кæрдæджытæи, бæрзонд æмæ ныллæг хæдзæрттæ пал уыдысты мæнæн дурты рæдзæгъдтæ, хæхтæ — æгомыг къæдзæхтæ. Дуне судæгас, стæлфыд, сдзырдта, алчи хивзагæй, хпрдыгои, фæлæ иу уыдпс сс ’взæт уæддæр, ну æнкъарæи сæ кодта лымæн, иу бæллнццæи сыгъдысты, сыгъдæг, удуæлдан уарзты бæллиццæГг. сусæг æрдзы ссмæ батадтæи, спу дæн... Систой мæ æвратътæ, кæрдæджы къусджы æртæхау, дун-дупепы хъæлæба кæм кæны улæнтæ, кам ахизы буары пæ сопт равг, нæ хъæстæ,— яемæ бæрзонд, фыццаг стъалы куы ссыгъдис мæ сæрмæ, уæд мæ, цы амондæп — пæ зыдтотг, фæстæмæ ва
æрæппæрстой мæ раигуырæи уæзæгмæ, кæм федтон дæу фыццаг, мæ сопт бæллнц, мæ хъалы дзагъырдзаст, æдзыиæг, мæ фыны удæнцон æхсæв... 1\æм бацыдтæи мæ рухсдæр сагъæстæн сæ хуызы фыдызæхх, уарзт æнæ сæрнывонд дæуæй кæм банкъардтон фыцыаг... Æмæ фæпырх цæхæрбонты гуылф-гуылфгæнгæ ивылд фурд, хърихъуппыты знæт æмæ катайаг халау. Хæццæ мын байдыдта мæпты рад, афæдзты стæр, дугты уæззау фыдудгæнæг иугъæдон цыд. Ды, æрмæстдæр ды, — Мæнæн ме ’нусон дуг, ме зион, мæ абон æмæ мæ сом. Цыма лæууыс æппæт рæстæджыты æмæ бæстæш астæу. Лрв — дæ сæрмæ, дæ къæхты бын — арв. Тахынц æрттивæгтæ д’алфæмбылап куы хæццæ-мæццæ, хуыдымы знллаккау, куы фæд-фæдыл, цæхæркалгæ, тъæпджы судзгæ-уыраугæ тымыгъау. Лдард дæ, къухтæ дæм ивазын, фæлæ дæм ле ’ххæссынц, Палдæр мæ удхаираг хъæлæсы мыртæ, иалдæр мæ сусæг, 60
мæ мид-зæрдæйы лæгъзтæтæ... Не ’хсæи мин версты, афæдзтæ, дугтæ мах кæрæдзийæ иртасынц. Афтæ лæууын æмæ гуыбырсæрæй зæхмæ, дыма мæ цæсгоммæ, æпкт^ардæй кæсын, йе ’нцъылдты тары хъысмæты чиныгмæ хъусын: ды Азау уыдтæ, Фидары хохрæбын дурцæндты хъæбысæй арвы цъæх-цъæхид ыстъалытæм кастæ. Алцы дæр фесæфтай уыцы ’хсæв^ зæрдæ йæ сонт фæндон атардта: ды мæп тыххæй ныууагътаи дæ уарзон ныййарæджы, ниугæ, дзыназгæ, ды мæн тыххæй ныууагътай дæ хъарм уат, дæ сæнттæ, дæ бæллицтæ зилгæ дымгæйы хай бакодтан æмæ сæ ахаста, тигътыл сæ хоста, былтæн сæ ’ппæрста, топпы нæрынмæ, цæф сæгуытау, цудтытæгæнгæ згъордтон. Дæу фæндыдис, дæ хъуыдыты иудадзыг мемæ куы уыдаис, 70
Мемæ куы цардаис уыцы тыхст заман, фæлæ пыффæлладис хъуыды, ныддурис, куыдфæнды дæр ма фæлвар, къæртт дæр дзы нал хаудис, цъула дæр нал кодта. Дæу фæидыдис, уæд та æмæ фыиы уарзоны хъæрмæ, зæрватыккау, атæх. Фæлæ дæ цæстытæй хуыссæг фæлыгъдис, æмгæрæтты нал цыд. Дуртæ дæ айстой, Фидары хохрæбьш дуртæ сæхимæ æмбарæй, æмуæнгæй. Ау, уып та куыд æрцыдис! Нырæн дæ ма æндава пскæй зын, искæй рис, мадæр дæхи рис, цин кæиын ма зонан, искæи рæвдауыи дæр? Мачидæр хъара нс ’взонг нывонд уд дæ уарзондзинадæн, мачидæр мыса дæ цæстыты талынджы судзгæ цырæгътæ? Фсрох уой иууылдæр, амæ дæ дзыккуты хъарм тач|) дæр 71
уазал дымгæтæ фæхæссоГ:, æмæ дæ риуы дæр ахуысса, бастъæла царды зынг? Уазал дзæнхъа цырт, Венерæ Милосагау, дурцæндты хъæбысы хъуамæ æрцæрай? Хъуамæ дæ чызгон монц макуыуал рафтауа дидииæг æмæ ахуысса де ’взонг буары арт? фæлæ зæрдæ кæд ма каст хъысмæтæн йæ коммæ, кæд ын кодта уисæн! Алцыдæр фесæфдзæн, алцыдæр раивдзæн хорзмæ, æпæуи цы у уæдæ цард дæр! Æмæ та æрцыдтæ. Ды æнæмæнг æрцæудзынæ сом дæр, æрцæудзынæ искуы дæр, уып мæ уырны. Дæуæи фесæфæн нæй, фениксау, æртхутæгæи сыстдзыиæ, — мæ уарзт дæ судæгас кæндзæн мæрдты дæр, дæ уарзт та мын никæд бои ратдзæн мæлæт. Æрцыдтæ. Кæд дæ сих у мыййаг, æви мæ цæстытыл уаны дæ фæлгопц, мæнæн чи кæпы а бæстæ адджын æмæ цæрипаг кæн пыфсæй дæн æз. Дæ мидбылты та мæм фæхудтæ, 72
æмæ та байдзаг ис цины хъæлæбайæ дуне. Хъаз, худ, дæ къæл-къæлæй кæнæнт мæ хъустæ къуырма. Æз дæ цæстытæм куы кæсон, æз дæ былты сонт стъæ^фтмæ куы кæсон, æз дæ чызгон цæсгомы æнаипп æнкъарæнты хъазтмæ куы кæсои, æз дæ риуы улæфтмæ, — мæ уды æррагæнæг хинмæ, — куы кæсон, о, мæ фæззæджы уалдзыгон бон, ме ’нæрцæф монцты фæсбайдианы цырагъ, — æрцæудзысты та мæм мæ ивгъуыды амондджын дугтæ, раст фæззыгон нæ хъæутæм цъæхбазыр æхсыргурты зардау. Ма ныссабыр у, ма ныссабыр у иу уысм дæр, ма. 1909. —0—
С Æ П Р Æ Г Т Æ *** Дзæгъæлы сты *** Уадз, мæ зæрдæйы алчи йæ мондæгтæ мара Урс æхсæвтæ .... *** Куыд бирæ у æнхъæлмæ кæсын *** Мæ дуне, ме скæнæг мæ . \ *** Нæ зоиын, цæмæн Интернационал Зæхх . ...» Хъæу — хæхты хьæбысы Хуры хъæбултæ .... Публицистон æмдзæвгæ Мæ фыццаг чиныгæн Саби . .... *** Ма-иу æмбæхсут уæ цæстытæ, ма Зæхмæ куырдиат . . , Æхсæвы автобусы Фæллад Хур ...... Ирыстоны хæхтæ Куы ныффæлланой Хохы райгуырдтæн *** Хæдзарæй цæуын уæрæх уынджы *** Мæнæн æрвыл фæззæг дæр райдайы *** Цал азы дарыи ацы дæндæгтæ Зæронд гутоны сагъæс *** Уæлыгæс лæппутæй *** *** 74
*М * Миты тъыфыл зæхмæ Æртæхтæ Цъæх « Уидгуытæ аразæг Зæронд лæджы балладæ Кьамбец Тæрс къуыдыр Дзерассæйы æмдзæвгæтæ («... Мæ «Ды дæр базæронд уыдзынæ» «Цæрддзу лæгау» Зарæджы мотивыл Тæргайы зарæг Уалдзæг Изæр Фæззæг Кран Фæсбайдианы поэмæ риуы: ») -0-
АЛБОРТЫ ХАДЖУМАР НЕСТОРОВИЧ ДЕТИ СОЛНЦА (Стихи на осетинском языке) Издательство «Ирыстон» б^бспбшо ьо&’оэбб боьаспбоь <ю 8Ъ0Ь ’БЗОСГОЬО (его^Ьо&о ^ь^б о^о) ^аЗсоЭ^дЗс^о&о „обоЬоэобо" Редактор И. К. Пливв Техн. редактор В. А. Тедеева Корректор Д. С Кумаритова Сдано в набор 6. X. 1971 г. Подписано к печати 15. 1.1972 г. Формат бумаги 60х90732. Бумага № 1. Усл.-печ. листов 2,5. Уч.-изд. листов 2,5. Тираж 500 экз. Зэказ № 1681. ЭТ00204. Цена 28 коп. Издательство «Ирыетон», г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Цхинвальская типография № 10. Главполиграфпрома, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.