Текст
                    ЧИНГИЗ АЙТМАТОВ
РÆСУГЪД
ПОВЕСТЬ
Уырыссаг æвзагæй Дзасохты
Музаферы тæлмац
ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР» ОРДЖОНИКИДЗЕ * 1976


С(Кирг) А38 Айтматов Ч. А38 Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд. Повесть. Уырыссаг æвзагæй Дзасохты М. тæлмац. Орджоникидзе, «Ир», 1976. 128 ф. Айтматов Ч. Тополек мой в красиой косыпке. 733—99 28-76 С(Кирг) М131(03)—76 © Перевод на осетинский язык, издательство «Ир», 1976 г
РАЗНЫХАСЫ БÆСТЫ Газеты хъуыддæгты фæдыл Тянь-Шанмæ арæх æф- тыдтæн. Иу уалдзæг, облæсты сæйраг горæт Нарыны куы уыдтæн, уæд мæм æнæнхъæлæджы редакцимæ цыдæр æх- сызгон хъуыддаджы тыххæй фæсидтысты. Автостанцæмæ бæргæ батагъд кодтон, фæлæ автобус нал баййæфтон: мæ тæккæ хæдразмæ аивгъуыдта. Мæхинымæр сагъæстыл фæдæн: иннæ автобусмæ мæ фондз сахаты бæрц æнхъæл- мæ кæсын хъуыд. Мæ сæрæн хуыздæр хос куы ницы ссард- тон, уæд горæтгæронмæ мæ ных сарæзтон, кæд стыр со- са фæндагыл машинæйыл сæмбæлин, зæгъгæ. Тæккæ фæ- зилæны бензоколонкæйы цур иу уæзласæн машинæ лæу- гæ баййæфтон. Шофыр дзы бензин конд фæци æмæ ма бачы къæбæл здыхта. Кабинæйы рудзынгыл цы бæрæг- гæнæн уыд, уымæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд бацин код- тон: Рыбачьейы автобазæйы машинæ разынд. Уырдыгæй та Фрунземæ дард нал у. — Тагъд араст уыдзынæ? Дæ хорзæхæй, Рыбачьемæ мæ бахæццæ кæн,— æрхатыдтон шофырмæ. 3
Уый мæм йе ’уаехсчы сæрты зулмæ ракаст, стæй, йæ астæу сраст кæнгæйæ, загъта: — Мæ бон нæу, агай1. — Фрунземæ мæм тынг æхсызгон хъуыддаджы фæ- дыл сидынц. Хуыцауæй курæгау дæ курын!.. Шофыр мæм уыцы тыхстхуызæй æрбакаст: — Æмбарын дæ, агай, фæлæ мæм ма фæхæра’м у. Абон æппындæр никæй ласын. Мæхинымæр дисы бацыдтæн, йæ кабинæйы куы ни- чи бады, уæд æм иу адæймаджы сæвæрын цас дисеаг кæсы, зæгъгæ. — Æз журналист дæн. Тынг тагъд кæнын. Цасфæн- ды дæр дын бафиддзынæн... — Хъуыддаг æхцайыл нæу, агай! — цæхгæр мын мæ ныхас фескъуыдта шофыр æмæ машинæйы цалх йæ къа- хæй (мæсты цæф ньжкодта.— Фæлтау дæ æндæр хатт лæ- вар аласдзынæн. Ныртæккæ та... Мæ бон нæу. Ма мæм фæхæрам у. Рæхджы не ’ннæ машинæты ардæм хъæуы æмæ.дзы кæцыфæндыйы дæр сбаддзынæ, мæнæн та ха- тырæй фæуæд... Æвæццæгæн æм фæндагыл исчи æнхъæлмæ кæсы,— скарстон мæхиньгмæр. — Уæд та ,мæ гуыффæйы сæвæр... — Æмæ цы уæлдай у?.. Иу хатт ма дæ хатыр курын, агай. Шофыр йæ сахатмæ æркаст æмæ батагъд кодта. Ноджы тынгдæр дисы бацыдтæн, ме 'уæхсчытæ баз- мæлын кодтон æмæ колонкæйы кусæг ацæргæ уырыссаг зæронд усмæ фæрсæгау бакастæн. Уый нæм æрдæбонса- рæй дæр йæ чысыл рудзыпггондæй æдзæмæй йæ цæст дардта æмæ йæм ныр куы фæкомкоммæ дæн, уæд мын йæ сæрæй ацамыдта, ныууадз æй йæ адыл, зæгъгæ. Диссаг. 1 А г а й (дзырдæй-дзырдмæ тæлмац кæнгæйæ—хистæр æфсы» мæр) — киргизæгтæ хнстæрмæ фырбуцæн афтæ фæдзурынц. 4.
Шофыр «кабинæмæ схызт, бапъироз йæ дзыхы фæцав- та, фæлæ йæ судзгæ не ’скодта. Моторы уынæр рай- хъуыст. Нырма æрыгон уыд. Иу-дæс æмæ йыл ссæдз азы цыдаид, гуыбыргомау, бæрзонд. Мæ зæрдыл хорз ба- дардтон йæ нуарджын стыр къухтæ, йæ цæстыты фæл- лад уæлтъыфæлттæ. Машинæ йæ бынатæй фезмæлыны агъоммæ лæппу йæ армытъæпæнæй йæ цæсгом æрсæрф- та, арф ныуулæфыд æмæ сагъæсхуызæй размæ, комы цы фæндаг аныгъуылд, уырдæм акаст. Машинæ ацыд. Бензинæвгæнæг сылгоймаг йæ хæдзаргондæй рацыд, Зæрдæтæ æвæрынмæ мын фæци: — Ма тыхс, ныртæккæ ды дæр ацæудзынæ. Æз ницы сдзырдтон. — Тыхсы, мæгуырæг... Иæ хабæрттæ дардыл дзури- наг сты... .Кæддæр ам царди, базæйы... Сылгоймаджы ныхæстæм мын кæронмæ байхъусыны фадат нал фæци. «Победæ» мæм æрурæдта. Уæзласæн машинæйы æрæджиаубаййæфтам, Долоны æфцæгмæ ^ма :нæ чысыл хъуыди, афтæ. Мæлæты тагъд æй скъæрдта. Тяньшайнаг шофыртæн сæ ном хъуыст- гонд у Кæд сæ фæндаг зынцæуæн къæдзæхтыл вæййы, уæддæр сæ машинæтыл цæст нæ хæцы. Ацы лæппу та уыдонæй дæр диссагдæр -фæци. Суанг фæзилæнты дæр нæ сабырдæр кодта, афтæмæй, фæндаджы сæрмæ цы къæдзæхтæ æрзæбул, уыдоны бынты скъæрдта, фæхæрд- гæнæны-иу ссыххуытт ласта, уырдыджы-иу аныгъуылд æмæ та-иу ногæй разæй февзæрд. Иæ кæттаг æмбæрзæц дымгæмæ йæ гæндзæхтæ цагъта. «Победæ» та уæддæр «Победæ» у æмæ йæ æййафын раидьгдтам. Æрæджиау йæ разæй фестæм. Æз фæстæмæ ракастæн. Дисы бацыдтæн, афтæ тагъд цæмæн скъæрд- та, ууыл. Уалынмæ ихæмхæццæ къæвда ныккалдта. Æф- цæгыл афтæ арæх вæййы. Къæвдайы окъуыдтæ æндæхты æмæ ихы нæмгуыты æхсæн /фæстаг машинæйы рудзын- 5
джы авджы мидæгæй ауыдтон фæлурс хъуынтъыз цæс- гом. Дæндæгты астæу йæ бапъироз фидар æлхъывд. Ма- шинæ здахгæйæ йæ къухтæ рулыл уыцы æнцонæй цъыгъ- гъуытт кодтой. Кабинæйы дæр æмæ гуыффæйы дæр ни- чи бадт. Нарынæй æрбаздæхыны хæдфæстæ мæ куысты фæ- дыл арвыстой Киргизийы хуссармæ, Ошы облæстмæ. Журналистæн æппынæдзух дæр рæстæг чысыл вæййы. Ацы хатт дæр та мæ .къухтæм æмхасæнтæ кодтоп. Ваг- залмæ æрбахæццæ дæн, поезды арастмæ ма хæрзчысыл рæстæг куы баззад, уæд. Афтæ тагъд кодтон, æмæ купе- мæ куы бахызтæн, уæд ме ’мбæлццоны æваст нæ бафип- пайдтон. Уый, æвæццæгæн, хъуыдыты аныгъуылд æмæ •рудзынгæй æддæмæ каст. Суанг ма мæм поезды арасты фæстæ дæр йе ’ргом пæ раздæхта. Радиойæ лæвæрдтой концерт. Хъомузæй цагътой зындгонд киргизаг мелоди. Уыцы зæрдæскъæф зæлтæм хъусгæйæ-иу мæ цæстытыл æдзухдæр уади быдираг изæр... Барæг иунæгæй фæцæуы изæрмилты тыгъд бы- дыры. Фæндаг даргъ у, быдыр та — уæрæх. Ахæм заман бæлццон йæхинымæр хъуыдыты ацæуы. Суанг ма сабыр- гай дæр базары. Йæ зæрдæйы сагъæстыл, йæ бæллиц- гыл. Лæг иунæгæй куы баззайы, йæ алфамбылай сабыр куы вæййы, йæ бæхы цæфхæдты хъæр йедтæмæ йæм куы ницы уыпæр фæхъуысы, уæд æм иу æмæ дыууæ хъуыдыйы æрцæуы, миййаг... Хъисфæндыры тæнтæ зарыдысты ныл- лæг хъæлæсæй, мæнæ зæронд донвæды æрттиваг дурты æхсæнты дон куыд хъаза, уыйхуызæн. Хъомуз зарыди, тагъд хур обæутты фæстæ куыд æрныгъуылдзæн, æрв- хуызцъæх сатæг æнæуынæрæй йæхи зæхмæ куыд æрис- дзæн, фæндаггæрон окъæлдзой æмæ хæмыцырихийы ры- гæйдзаг базыртæ сындæггай куыд базмæлдзысты, ууыл. Бьщыр хъусдзæн барæгмæ, хъырндзæн ын йæ диссаджы зарæгæн... Раджы, чи зоны, ауылты æцæгæйдæр фæцæйцыди ахæм барæг... Æвæццæгæн, уæд дæр ньгртæккæйы хуы- 6
зæн зæрæхсид æрвгæроны æрцæйхуыссыд, куыдфæстæмæ йæ базыртæ фæлурс бурбын кæнын райдыдтой, афтæ- ’мæй. Хæхты уæхсчытыл цы миты хъæпæнтæ уыд, уыдон раздæр зына-нæзына фæсьшх уыданккой, стæй дзы цы- ма хъаргæ акодта, уыйхуызæн ахорæн сындæггап æр- бапсæфтаид... Рудзыпджы æдде згъордтон дыргъдæттæ, сæнæфсир- дæттæ. тарбынцъæх бæрзонд нартхоры хуымтæ. Ног карст кæрдæджы бричкæ æфсæнвæндагмæ фæцæйхæццæ кодта.Шлагбаумы цур æрлæууыд. Брпчкæйы бадти гыц- цыл лæппу. Иæ уæлæ, хурмæ йæ хуыз кæмæн сивта, ахæм майкæ. Иæ фадгуытæ — уæраджы сæртæй уæлдæр тылд. Поездмæ уыцы цымыдисæй каст. Фырдиссагæй ма уыр- дыг дæр слæууыд. -Кæмадæр йæ къух фæтылдта. Зарæджы мыртæ тæхгæ поезды змæлдимæ мæлæты дзæбæх бадтысты. Бæхы цæфхæдты бæсты хъуысти ва- гоны цæлхыты иугæндзон уынæр. Мæ сыхаг бадти чысыл стъолгонды уæлхъус, йæ къух йæ роцъомæ саразгæйæ. Афтæ !мæм каст, цыма йæхинымæр уый дæр уыцы барæ- джы зарæгæн хъырныдта. Сагъæсты бын аныгъуылд æви йæ бæллицты фæдыл адзæгъæл, уый æдде бакæс- гæйæ зын рахатæн уыд, фæлæ мæм цæмæдæр гæсгæ аф- тæ фæкаст, цыма йын йæ зæрдæ цыдæр маст æууилы. Сагъæстæ йыл афтæ æртæфстысты, æмæ ма суанг ме ’рбацыд дæр нæ бафиппайдта. Р1æ цæсгом фенын мæ тыпг фæндыди. Цыма йыл бæлзырд кæмдæр сæмбæлд- тæн. Цымæ кæм? Йæ «къухтæ дæр мын цыдæр зонгæ сты: хурсыгъд, даргъ домбай æнгуылдзтимæ. Æрæджиау æй æрхъуыды кодтон: айфыццаг мæ йæ машинæйы чи нæ сæвæрдта, уыцы шофыр. Дзæвгар мын фенцондæр. Чиныг рафæлдæхтон. Кæддæры хабæрттæ ма йын йæ зæрдыл цæмæн лæууын кодтаин. Хъуамæ йæ æз рох дæр фæуыдаин. Иу æмæ дыууæ фæидаггоныл сæмбæлы шофыр? Алчидæр нæ йæхи хъуыдыты аныгъуылд, афтæмæй ма иуцасдæр фæцыдыстæм. Талынг кæнын райдыдта.Ме 7
^мбæлццонмæ тамако дымын æрцыд. Йæ дзыппæй бапъй- розтæ^систа. Спич’кæ ссудзыны размæ уæззау ныуулæ- фыд. Йæ сæрыл схæцыд, уыцы цымыдисхуызæй мæм æр- бакаст æмæ æваст фæсырх. Базыдта мæ. — Салам, агай! — загъта уый æмæ къæмдзæстыг худт бакодта. Æз æм мæ къух радтон. — Дардмæ цæуыс? — О... дардмæ! — сдзырдта лæппу æмæ тамакойы фæздæг сабыргай сулæфыд, иучысыл фæхъус, стæй ма <йæ ныхаомæ афтыдта: — Памирмæ. — Памирмæ? Уæдæ нæ фæндаг -иу у. Æз та Ошмæ цæуын. Æвæццæгæн, баулæфынмæ? Æви æндæр ран ку- сын райдыдтай? — Афтæ куыддæр у... Нæ дымыс? Дыууæйæ дæр тамако ссыгътам æмæ ныхъхъус стæм. Стæй, мæнмæ гæсгæ, цæуыл дзырдтаиккам, уый дæр нын нал уыд. Ме ’мбæлццон ногæй хъуыдыты аныгъуылд. Иæ сæр ныллæг æруагъта. Поезд æй узæгау кодта. Фыццаг хатт æй куы федтон, уæдæй нырмæ дыма йæ хуыз тынг аивта, афтæ мæм фæкаст. Фæкъæсхуырдæр, йæ цæсгом — фæлахс, йæ ныхыл æртæ хаххы уыцы уæззауæй æрæнца- дысты. Дыууæ сау æрфыджы кæравдзимæ хæстæг-хæстæг æрбацыдысты. Æвтшпайды ме ’мбæлццон æнæбары ба- худт æмæ бафарста: — Айфыццаг мæм, æвæццæгæн, тынг фæхæрам дæ? — ’Кæд уыди уый, куынæуал æй хъуыды кæнын? — уыцы хабар æрымысын мæ нæ фæндыди. Уымæн æмæ зыд- тон, æхсызгон ын нæ уыдаид, уый. Фæлæ йын йæ цæс- гоммæ куы фæкомкоммæ дæн, уæд бамбæрстон, тынг ыл кæй фæсмон кæны, æмæ ма мын уыйфæстæ цы æнæба- сæтгæ уыди: —А-а... Уый ма мæнæй рох дæр фæци. Мур дæр ын нæу. Хъуыды дæр æй ма кæн. Афтæ дæр рауайы. Нæ фæлæ ма дæ зæрдыл куыд хорз лæууы? — Чи зоны, æндæр хабар м.æ ферох уыдаид, фæлæ уыцы бон... 8
— Æмæ цы ’рцыди? Исты фыдбылызы бахаудтæ? — Мæгъа, куыд дын æй зæгъон, нæ зонын...—сдзырд- та лæппу æмæ исдуг ныхъхъус, цыма йæхинымæр дзуап- пæн хуыздæр дзырдтæ агуырдта, уыйау, стæй йæхи тых- хæй схудын кодта.— Ныртæккæ дæ арвы кæронмæ дæр аласин, фæлæ йæ дæхæдæг уыныс: æз дæр дæ хуызæн бæлццон дæн. — Хуыцауы хатыр бакæн, æмæ мын уый тыххæй иу ныхас дæр мауал зæгъ. Бæх иу фадыл мин хатты ацæуы. Чи зоны, æмæ та искуы фембæлæм... — Уæд дæ мæ машинæмæ тыххæй дæр бæргæ ба- ласин. — Бафидыдтам? — ныхас хъазынырдæм аздæхтон æз. — Хуыцауæй дын ард хæрын, кæй дæ аласдзынæн, уый тыххæй,— дзуапп радта уый æмæ фæхъæлдзæгдæр. — Уæддæр мæ айфыццаг цæуыннæ аластай? — Цæуыннæ, зæгъьгс? — сдзырдта ме ’мбæлццон æмæ æваст фенкъард. Дзæвгар рæстæг йæ дзыхæй ныхас нал схауд. Иæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта, йæ бапъирозæй зæрдæйы фаг дзæбæх сулæфыд æмæ иуцъусдуг фæздæ- джы аууонæй нал зынд. Æрæджиау ма йæ бæргæ фем- бæрстон, дзæгъæлы йæ кæй бафарстон, уый æмæ æвип- пайды фегуыппæг дæн. Мæ рæдыд ма куыд сраст код- таин, уьгмæн ницыуал зыдтон. Уый йæ тамако æртхутæг- доны къулыл ахуыссын кодта æмæ тыххæйласæгау сдзырдта: — Нæ мæ ’вдæлд... Уыцы рæстæг мæм мæ фырт æн- хъæлмæ каст... — Мæ фырт, зæгъыс? — цымыдисæй йæ афарстон æз. — О» мæ фырт... Хъуыддаг цæй мидæг и, уый зоныс? Куыд æй бамбарынчындæуа...—фырадæргæй та ног бапъироз ссыгъта, комкоммæ мæм æрбакаст, стæй йæ царды хабæрттæ дзурын райдыдта. Гъе афтæ фехъуыстон шофыры ныхас. Рæстæг бирæ уыд — поезд Ошмæ дыууæ боны бæрц цæуы. Æз æм лæмбынæг хъуыстон. Адæймаг йæхи тых- 9
хæй йæхæдæг куы дзура, уæд уый хорз у. Ивгъуыд ныв- тæ та йын сног вæййынц, хатгай йæ ныхас æрдæгыл фес- къуыны æмæ хъуыдыты аныгъуылы. Æз шофыры, стæй цы адæй’мæгти-мæ сæмбæлд, уыдоны царды хабæрттæй иуæй-иутæ раздæр базыдтон. Зонгæ та сæ бакодтон га- зеты хъуыддæгты фæдыл балцы уæвгæйæ, фæлæ уæд- дæр мæхиуыл ныххæцыдтæн æмæ йæ ницæмæй бакъуы- лымпы кодтон. Ранæй-рæтты йын йæ ныхас фæбæлвырд- дæр кæнып мæ бон уыд, фæлæ мæхинымæр скарстон: уыйфæстæ йын зæгъдзынæн мæ хъуыдытæ. Фæстагмæ уый дæр мæ зæрдæмæ нал фæцыд. Æмæ цыма раст ба- кодтоп, афтæ мæм кæсы. Мæ повесты архайджытæи-ма сæхимæ байхъусут. ШОФЫРЫ РАНЫХАС ...Хъуыддæгтæ бынтон æнæнхъæлæджы рауадысты. Æфсадæй уæд сыздæхтæн. Моторджын хайы службæ кодтон. Уыйразмæ та дæс къласы «аст фæдæн æмæ уæд дæр шофырæй куыстон. Сидзæрæй схъомыл дæн. Сывæл- лæтты хæдзары цардтæн. Ме ’рдхорд Алыбег Джантурин æфсадæй мæнæй афæдз раздæр сыздæхт. Рыбачьейы ав- тобазæйы куыста. Гъемæ йæм æз дæр куы ’рцæуин. Алы- бегимæ æппынæдзух дæр Тяиь-Шань кæнæ Памирмæ бафтынмæ бæллыдыстæм. Тыпг хорз цæстæй мæм рака- стысты. Æмдзæрæпы мыи быпат радтой. Суанг ма мæ, зæгъæн ис, æмæ ног ЗИЛ-ыл дæр сбадын кодтой. Иу цъæррæмыхст дæр ыл нæма уыд... Æмæ мæ машинæ куыд уарзтон, уый та!.. Мæпæ адæймаджы куыд уарзай, афтæ. Ауæрстоп ыл. Ноджы пæ мотор хуымæтæджы тых- джын уыд. Раст зæгъын хъæуы, йæ хъару цас уыд, уый- бæрц уæзæгтæ йыл арæх не ’вæрдтон. Уымæн æмæ, Тянь- Шаны фæндаг куыд у, уый дæхæдæг зоныс. Дунейы )0
тæккæ бæрзонддæртæй иу, кæмттæ, рæгътæ æмæ æфц- джытæ. Хохы дон, цасдæриддæр дæ хъæуы, уыйбæрц ссардзынæ, фæлæ йæ уæддæр адæймаг æдзухдæр йемæ ласы. Кæд æй, миййаг, æрхъуыды кодтай, машинæйы гуыффæйы рахизварс донæй дзаг резинæ къæрта цæт- тæйæ лæууы. Æвзæр фæндагыл ’мотор уайтагъддæр стæвд вæййы. Афтæмæй ма машинæйыл уыйас бирæ амад дæр куы уаид. Æз дæр-иу раздæр мæхинымæр ди- сы бацыдтæн, цæмæй фылдæр уæзæгтæ ласон, ууыл мæ сæр хостон, фæлæ мæ бон ницы æрхъуыды кæнын баци. Цыфæндыйæ дæр хæхтимæ тох кæнын зын у. Мæ куыстæй разы уыдтæн. Кæм цардтæн, уый дæр мæ зæрдæмæ цыди. Автобазæ уыди Иссык-Кулы тæккæ был- гæрон. Æндæр бæстæйæ-иу нæм туристтæ куы ’рбацыд, уæд-иу сæ цады былгæронæй дзæвгар рæстæг сæ къах нал хаста. Æз та-иу мæхинымæр сæрыстырæй хъуыды кодтон: Иссык-Куль цы диссаг у! Ахæм рæсугъд цад дунены никуы ссардзынæ... Фыццаг бонты иу хъуыддаг мæ зæрдæмæ нæ цыд. Раст зæгъгæйæ, рæстæг дæр тынг æнæвдæлон уыд. Уал- дзæг йæ тæккæ тæмæны бацыд. Колхозтæ сентябры Пле- нумы фæстæ кусынмæ уæлдай зæрдиагдæрæй бавнæлд- той, фæлæ сын тсхникæ нæ фаг кодта. Нæ автобазæйы машинæты иу хай ныы-иу уыдонæн феххуыс кæнынмæ арвыстой. Уæлдай арæхдæр та-иу æрвыстой, æрæджы ку- сын чи райдыдта, уыдоны. Мæныл дæр кæм ауæрстаик- кой. Куыддæр-иу рейсыл фæцахуыр дæи, афтæ та-иу мæ хъæумæ аппæрстой. Хъуыддаг ахсджиаг æмæ хъæугæ кæй у, уый бæргæ зыдтон, фæлæ мæм мæ машинæ цъыф- дзæстыты скъæрын тæригъæд каст. Раст мын-иу цыма уыцы хъæууон гуыргъахъхъ фæндæгтыл машипæ нæ, фæ- лæ мæхи цæуын кодтой, уыйхуызæн. Ахæм фæндæгтæ дæ фыны дæр никуы фендзынæ. Иузаман та мæ колхозы хъомдонæн шифер ласынмæ арвыстой. Уыцы хъæу хохрæбын уыд. Цæуын та йæм бы- дырыл хъуыд. Фæндаг сур кæнын райдыдта æмæ мæ ма- 11
шинæ размæ æнцонæй лæгæрста. Хъæумæ бынтои куы бав-г вахс дæн, уæд æнæнхъæлæджы иу арыхъхъы ныссагъд- тæн. Фæндаг уыцы ран цæлхытæ афтæ арф ныкъкъах- той, æмæ дзы теуа куы аныгъуылдаид, уæд дæр æй ни- чиуал ссардтаид. Æз машинæ размæ-фæстæмæ кæнын, фæлæ йын иуырдæм дæр нал æнтыст. Ноджы ма йын мæ фыртыхстæй йæ руль иуырдæм афтæ тынг фæзылдтон, æмæ дзы кæмдæр цыдæр къæрцц фæцыд. Машинæйы бынмæ мын æнæныххизгæ нал уыд. Уæлгоммæ хуыссын. Уыцы цъыфы мæ хид къоппæй кæлы. Мæхинымæр фæн- даг æлгъитын. Уалынмæ мæ хъустыл æрцыд къæхты уы- нæр. Бынæй мæм зынынц æрмæстдæр резинæ цырыхъ- хъытæ. Цырыхъхъытæ мæ акомкоммæ æрлæууыдысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Мæ маст мæ риуы рафыхт — циркмæ кæсæгау мæм цы кæсы? — Никуы ницы федтай æви цы? — схъæр ыл кодтон машинæйы бынæй. Иæ къабайы фæдджи йын ауыдтон, дæрдвæд, фаджысæйдзæгтæ. Æвæццæгæн, хъæумæ чи цæуы, ахæм зæронд ус мæ машинæйы срæвдзмæ æнхъæл- мæ кæсы. — Дзæгъæлы ма лæуу, зæронд ус,— сдзырдтон æм æз.— Мæн нырма ам бирæ æрдауын бахъæудзæн. Уьгй ’мын дзуашп радта: — Æз зæранд ус нæ дæн. Цыдæр ,æфсæрмыхуызæй загъта уыцы ныхæстæ, стæй цыма худæгау дæр бакодта. — Уæдæ?—дисхуызæй йæ афарстон >æз. — Чызг. — Чызг? — йæ цырыхъхъытæм зулмæ бакæсгæйæ, загътон æз æмæ йæ къахæгау афарстон:—Æмæ рæ- сугъд дæ? Цырыхъхъытæ сæ мидбынат базмæлыдысты, стæй иуварсырдæм азылдысты. Бæрæг уыд, цæуынмæ кæй хъа- выДысты, уый. Æз тагъдгомау машинæйы бынæй ра- хылдтæн. Кæсын, æмæ, æцæгæйдæр, диссаджы нарæгас- тæу чызг тызм-æг æлхынцъ æрфгуытимæ, сырх сæрбæт- 12
тæн ыл. Йе ’уæхсчытыл, стыр ын чи уыд, æвæццæгæн, иæ фыды, ахæм пинджак. Æнæдзургæйæ мæм кæсы. Мæнæй рох дæр ма фæци, цъыф æмæ æлыгæйдзæгтæй зæххыл кæй бадын, уый. — Ницы дын у! Рæсугъд дæ,— бахудтæн æз. Æмæ æцæгæйдæр тынг хæрзконд уыд.— Æрмæст ма туфлитæ хъуаг дæ,— зæххæй стгæйæ, хъазгæйæ, загътон æз. Чызг цæхгæр фæзылд. æмæ, фæстæмæ дæр иал ра- каст, афтæмæй фæндагыл тагъдгомау араст. Цы йыл æрбамбæлд? Хæрам мæм фæуыдаид? Мæхи- цæн бынат нал ардтон. Иурæстæг æй асурыныл дæр ацархайдтон, фæлæ фæстæмæ раздæхтæн. Тагъд-тагъд мæ дзаумæттæ амбырд кодтон æмæ кабинæмæ батæр- рæтт ластон. Машинæ та сдыууæрдæм: раз-мæ, фæстæ- мæ, размæ, фæстæмæ... Мæ сæры уыдис æрмæстдæр иу хъуыды: тагъддæр æй байнафон. Мотор йæ уды быцъы- нæг тыдта, машинæ æмризæджы рызти, куы-иу иуырдæм фæцудыдта, куы — иннæрдæм, фæлæ, марадз зæгъай, ’кæд размæ иу ’къахдзæф дæр ацыди. Чызг та дардæй- дарддæр ■ кодта. Кæмæ дзурыс, зæгъгæ, мæ исчи куы бафарстаид, уæд ын дзуапп нæ раттаин, фæлæ уæддæр машинæйы уынæрыл фæуæлахиз уæвынмæ тырнгæйæ, мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодтон: — Ауадз мæ! Ауадз мæ дын зæгъып, хъусыс? Мæ тых-мæ бонæй а’кселератор нылхъывтон æм-æ дын машинæ сабыргай куы араст уаид. Мæ цинæн ма кæрон кæм уыд. Лæгъзмæ куы рахызтæн, уæд къухмæрзæнæй мæ цæсгомы хид асæрфтон, мæ дзьжкутæ афастон. Чыз- джы цур фæурæдтон. — Табуафси,— сдзырдтон æз, кабинæмæ мæ къухæп ацамонгæйæ. Чызг йæ цыд фæсындæгдæр кодта, фæлæ уæддæр нæ лæууы. Мæ æрдæбоны ныфсæй ницуал аззад: æвиппайды æрбадæлзæхх. Ногæй та йæ баййæфтон. Ацы хатт дзы хатыр ракуырдтон æмæ йæм лæгъстæгæнæгау сдзырд- тон: 13
— Цæй, ма мæм мæсты кæн! Æз афтæ æн&уй загъ- тон... Сбад! Чызг мын ницы дзуапп радта. Æз йæ разæй фæдæн. Машинæ фæндагыл цæхгæрмæ æрæвæрдтон. Кабинæйæ æргæпп ластон, рахизварсырдæм бауадтæн» дуар байтыгътон æмæ мæ къух йæ хæцæныл ауыгъдæй баззад. Чызг тарстхуызæй мæ цурмæ æрбахæц- цæ. Цыма мын йæ цæстæнгасæй афтæ зæгъынмæ хъа- выд: иу ран мæ нал ныууадздзынæ? Æз æнæдзургæйæ æнхъæлмæ кастæн. Тæригъæд мын фæкодта æви æндæр истæй тыххæй уыд — нæ зонын, фæлæ, йæ сæр батил- гæпæ, æнæныхасæй кабинæйы сбадти: Араст стæм. Ныхас цæмæй райдайон, уый нæ зыдтон. Чызджыти- •мæ дзурын мын амонын бæргæ нæ хъуыд, иу æмæ дыу- уæ хатты куынæ базонгæ дæи семæ, æцæг мыл ацы ран цыдæр пъæззы ныббадт. Цымæ цæмæы? Руль здухын, чызгмæ аивæй бакæсын. Йæ фæсонтыл æркалдысты сау- сауид аив быд дзыккутæ. йæ пинджак йе ’уæхскæй æр- хауынмæ хъавы, фæлæ йыл йæ рæмбыныкъæдзæй æнгом хæцы. Цæмæй мæныл ма андзæва, уый тыххæй чысыл æддæдæр абадт. Кæд йæ цæстытæ тызмæгхуыз дары, уæддæр бæрæг у, хæларзæрдæ кæй у. Иæ ных æрбан- цъылдтæ кæныныл архайы, фæлæ йын дзы ницы уайы. Æппынфæстаг мæм йæхæдæг дæр хъавгæ æрбакаст. Нæ цæстæнгастæ баиу сты. Йæ мидбылты бахудт. Æз фæ- ныфсджындæр дæн æмæ сдзырдтон: — Машинæйы цур цæмæ ’рлæууыдтæ? — Феххуыс кæнынмæ дын хъавыдтæн,— дзуапп рад- та чызг. — Фсххуыс кæнынмæ? — ныххудтæн æз.— Æцæгæй дæр мын феххуыс кодтан. Ды куынæ уыдаис, уæд суанг ’изæрмæ уым баззадаин... Æдзухдæр ацы фæндагыл фæ- цæуыс? —- О. Æз фермæйы кусын. — Уый хорз у! — сцин кодтон æз, фæлæ уайтагъд 14
мæ ныхас æндæрырдæм аздæхтон.— Фæндаг хорз у! — Уыцы рæстæг машинæ цыдæр къуыппытыл бауад æмæ хæрдмæ фесхъиудтам. Ноджы не ’уæхсчытæ кæрæдзи- уыл андзæвдысты æмæ мæхинымæр ныккæрзыдтон. Фыр- æфсæрмæй асырх дæн, мæ цæстытæ цы фæкодтаин, уый нал зыдтон. Уымæн та худæджы хос фæци. Æрæджиау æз дæр мæхи нал баурæдтон æмæ ныххудтæн. — Афтæмæй та мæ колхозмæ цæуын нæ фæндыд,— сдзырдтон худгæ-худын æз.— Фæидагыл ахæм æххуысгæ- нæгыл сæмбæлдзынæн, уый куы зыдтаин, уæд ма дис- петчеримæ сбыцæу уыдаин... Гъер дæу зондæй бафæрс, Ила-’с...— мæхи æфхæрынмæ фæдæн.— Уый мæн афтæ хонынц,— бамбарын кодтон æз. — Мæн та Асель... Хъæумæ æрбаввахс стæм. Фæндаг фæлæгъздæр. Дым- гæ машииæйы рудзынгæй мидæмæ лæбурдта. Аселы сæрбæттæн фæцæйхаста, йæ дзыккутæ спыхцыл сты. Æнæдзургæйæ цыдыстæм, фæл-æ дыууæйæ дæр афтæ хъуыды кодтам, цыма ныл стыр хорздзипад æрцыд. Дис- саг у, æвæдза. Сахаты размæ дæр ма зонгæ нæма уыды- стæм. Ныр мæнæ фæрсæй-фæрстæм бадæм, нæ рæмбы- пыкъæдзтæ зына-нæзыпа кæрæдзиуыл æмбæлынц, афтæмæй, æмæ мæ хъуыдытæ ’ баст сты æрмæстдæр ме ’мбæлццонимæ... Асельмæ цавæр фæндтæ уыд, уымæн ни- цы зыдтон, фæлæ йæ цæстытæ худтысты... Афтæ цу æмæ цу, цæмæй дзы æппындæр макуыуал фæхицæн уай. Фæлæ уæдмæ машинæ хъæуы уынгты сивгъуыдта. Асель æвип- пайды тарстхуызæй сдзырдта: — Бауром, æз ахизон! Æз фæурæдтон. — Ам цæрыс? — Нæ,— цæмæдæр гæсгæ стыхст,— фæлæ уæддæр ам хизын,— сдзырдта сагъæсхуызæй. — Цæмæн? Æз дæ уæ тæккæ хæдзары дуармæ ба- ласдзынæн,— сдзурын æй нал бауагътоц æз æмæ дард- дæр ацыдтæн. 15
— Ам æрлæуу,— лæгъстæгæнæгау сдзырдта Асель.— Бузныг! — Табуафси!—Æвæндонхуызæй сдзырдтон æз æмæ хъазгæмхасæн афар’стон:—Мæ машинæ ма райсом дæр уым куы ныссæдза, уæд ма мын феххуыс кæндзынæ? Чызгæн дзуапп раттыны фадат нал фæци. Кулдуар фегом æмæ уынгмæ тыхстхуызæй рауад ацæргæ сылгой- маг. — Асель! — фæдзырдта йæм ус.— Кæм дæ абондæр- гъы, хуыцауы фыдæх дæ уа! Тагъд дæ дзаумæттæ ивгæ, усгуртæ æрбацыдысты! — бафтыдта ма йæ ныхасмæ сылгоймаг ныллæгдæр хъæлæсыуагæй, йæ дзых йæ ар- мытъæпæнæй амбæрзгæйæ. Асель фефсæрмы. Иæ пинджак йе ’уæхскæй æрцæй- хауд, йæ фæсонтыл æй ацахста æмæ йæ мады фæстæ араст. Тæккæ кулдуары цур ма фæстæмæ ракаст, фæлæ уайтæккæ кулдуар йæ фæдыл ахгæдта. Æз нырма ныр фæхъуыды ’кодтон бæхдоны цалдæр саргъы бæхы. Сæ хид калд. Дардæй кæй æрцыдысты, уый бæрæг уыд. Æз рулы сæрмæ м<æхи сивæзтон æмæ æлыгæй сæрст быруйы сæрты бакастæн. Кæрты бæрæгастæу сылгоймæгтæ аджы уæлхъус цыдæртæ архайдтой. Дынджыр æрхуы цайфы- цæны тæф калд. Дыууæ лæджы мæигагъуысты дæлба- зыр фыс кусарт кодтой. Иууылдæр зæрдиагæй архайд- той, цæмæй мииæвæрттæ хъæстагæй мацæмæй баззайой, ууыл. Ме 'уæнгтæ куыннæ æрызгъæлдаиккой. Æндæр гæ- нæн мын нал уыд æмæ мæ машинæ æвдæлон кæнынмæ ацыдтæн. Хурныгуылды агъоммæ базæмæ æрбаздæхтæн. Мæ машинæ ныхсадтон æмæ йæ гаражы сæвæрдтон. Цæмæ- дæр гæсгæ мæхинымæр тыхстæн. Абоны цаутæ мæ зæр- дæмæ афтæ тынг цæмæн айстон, уый мæхæдæг дæр нæ- ма æмбæрстон. Фæстæмæ здæхгæйæ мæхиуыл уайдзæф- г<п?й ралæууыдтæн: «Цы дæ хъæуы? Æви бынтондæр дæ сæры зонд фæцыд? Цы дын бавæййы? Дæ уарзон у æви дæ хо? Æнæнхъæлæджы йыл фæндагыл амбæлдтæ, сæ 16
хæдзары дуармæ йæ баластай. Дæумæ та афтæ фæкаст, цыма йын дæ зæрдæйы уаг райхæлдтай. Чи зоны, уымæ дæ кой уæвгæ дæр нæй. Æхсызгон æй хъæуыс! Уымæн йæ мойаг цæттæ у, ды та йын мур дæр ничи дæ. Дæ хуы- зæн шофыртæ фæндагыл цал æмæ цал ис, уый зоныс?.. Æплындæр æм инцы бар дарыс Кæйдæр лæппу йæ ми- нæвæрттæ æрæрвыста, хъуыддаг цæттæйыл нымайæн ис, тагъд чындзæхсæв сараздзысты, ды та ма дзы кæцырды- гæй дæхи тъыссыс? Ныууадз дæ митæ! Уый бæсты дæ машинæйыл сбад æм,æ размæ скъæрыныл архай. Уый дын иу æмæ дыууæ!..» Бæллæх уый уыди, æмæ мæм мæ ныхæстæй иу дæр нæ бахъардта. Ницы хуызы мын æнтысы Аселы ферох кæнын. Машинæйы цур мын ницуал куыст уыд. Æмдзæрæн- мæ мæ ацæуыи хъуыд. Уым хъæлдзæг у, сырх къуымы дæхи аирхæфсынæн замманай фадæттæ, фæлæ мæ уыр- дæм дæр мæ къах нæ хаста. Цæмæдæр гæсгæ мæм иу- нæгæй аззайын хуыздæр каст. Æз дæр машинæйы цал- хы уæлбазыр мæ къухтæй мæхицæн нывæрзæн ацарæзтон æмæ уæлгоммæ æрхуыссьгдтæн. Чысыл фалдæр Джантай йæ машинæимæ цыдæртæ архайдта. Уый дæр ’мах шо- фыртæй уыд. Иурæстæджы мæнырдæм ракаст æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ сдзырдта: — Цæуыл ныджджих дæ? — Æхцайыл сагъæс мæ уæлæмæ окæсын нал уадзы,— уыцы мæстыхуызæй йын дзуапп раттон æз. Ме ’сæфт дзы уыдтон. Йæхицæй чъындыдæр адæймаг зын осарæн уыд. Хин, хæлæггæнаг. Иннæты хуызæн æм- дзæрæны дæр нæ цард. Иу уомæ фатер баххуырста. Ра- курынæй, дам, ын зæрдæ æвæрдта. Уæвгæ хæдзары тых- хæй ахæм цæуылфæнды дæр сразы уыдзæи. Æз иуварс азылдтæн. Машинææхсæны цур нæ лæп- путæ æрæмбырд сты. Иу дзы кабипæйы сæрмæ схызт ^смæ даргъ хæтæлæй шофыртыл дон фæрсыгъта, Сæ ху- дьгп хъустæ арыдта. Доны уадздзаг афтæ тынг цавта, Мæ сырхсæрбæттæнджыи рæсугъд 17
æмæ-иу кæуыл сæмбæлд, уый-иу фæцудыдта. Лæппуйы кабинæйы еæрæй æрисынмæ хъавыдысты, фæлæ уый худгæйæ йæ мидбынат кафыд æмæ-иу дон кæмæн йæ фæсоытæм фæцарæзта, кæмæн йæ сæрмæ. Иузаман доны цыхцырæг хæрдмæ фæцыд, æмæ дзы изæры хуры тынтæ арвæрдын ацарæзтой. Кæсын æмæ лæппуты æхсæн лæууы Кадича, нæ диспетчер. Уый, чи алидза, ахæм нæу. Йæхицæн аргъ кæнын зыдта. Дзæгъæл хуымæтæ- джы дын йæхимæ сдзурын дæр никæй бауагътаид. Иæ цæстæнгасæй дæр бæрæг уыд, хæстæг цæуæн æм кæй нæй, уый. Ныр дæр ницæмæй фæтарст, уымæн æмæ зыдта, дон ба’калынмæ йæм йæ ныфс кæй ничи бахæсдзæн, уый. Чызг йæ бынаты æнцад лæууыд æмæ йæ мидбылты худ- гæйæ, йæ сæр фаста. Доны æрттиваг лыстæг æртæхтæ йыл хаудысты, фæлæ шофыртæм уый æгъгъæд нæ каст æмæ лæппуйы ардыдтой, цæмæй йæм доны цыхцырæг иууылдæр сараза: — Йæ гуыффæмæ йын æй фæцараз! — Дзæбæх-ма йæ æрудай! — Дæхимæ кæс, Кадича! Лæппумæ уыцы ныхæстæ нæ бахъардтой æмæ доны уадздзагæй Кадичайы алыварс хъазыд. Æз уымæй куы уыдаин, уæд чызджы сæрæй къахмæ донласт фестын кодтаин, æмæ мын иу ныхас дæр нæ загътаид. Фæхуд- таид æмæ ууыл ахицæн уыдаид. Рагæй нырмæ дæр Ка- дичамæ иу миниуæг фиопайдтон: мæнмæ æндæр цæстæй каст. Суанг ма й,æ ныхас дæр мæпимæ лæгъздæр уыд. Йæхи абуцтæ кæныныл дæр-иу архайдта. Хъазгæйæ-иу ын йæ сæр мæ армытъæпæнæй куы ’рфастон, уæд ын-иу хуымæтæджы æхсызгон уыд. Арæх-иу фæбыцæу стæм, загъдмæ дæр нын-иу ахызт. Цыфæнды рæдыд уæвгæйæ дæр-иу мæ фæндыл ’кæй сразы, уый мæ зæрдæмæ тынг цыд. Искуы-иу хатт-иу æй киномæ дæр ахуыдтон. Сæ хæдзармæ-иу æй бахæццæ кодтон. Æмдзæрæнмæ цæу- гæйæ мæ фæндаг уыдон рæзты уыд. Диспетчеры кусæн- уаты-иу æм æнæфæрсгæйæ смидæг дæн. Иннæтæй ахæм 18
бартæ никæмæн уыд. Табуафси, цы дæ хъæуьь уый ру- дзынгæй æрбадзур. Фæлæ ныртæккæ ууыл нæ уыдтæн. Уадз æмæ сæхн нстæуыл ирхæфсой. Кадича йæ дзыккутимæ архайд фæци. — Æгъгъæд фæуæд, алцæмæн дæр афои ис! — бар- джын хъæлæсæй загъта Кадича. — Хъусын, æмбал диспетчер! — сдзырдта кабинæйы сæр лæууæг лæппу æмæ йæ фондз æнгуылдзы йæ къæ- мисæнм,æ фæцарæзта. Уыцы рæстæг æм иннæ лæппутæ фæцырд сты æмæ йæ зæхмæ æристой. Бæстæ худт æмæ хъæрæй байдзаг. Кадича та гаражмæ æрбацæйцыд. Джантайы маши- нæйы раз æрлæууыд. Кæйдæр цыма агуырдта. Мæн нæ- ма бафиппайдта. Джантай йæм йæ машинæйы бынæн ракаст æмæ йын йæ зæрдæ алхæдта: — Æгас цу, бæсты рæсугъд! — А-а... Джантай куы дæ... йæ къæхтæм ын мæлæты цымыдисæй каст. Кадича йæм рамæсты æмæ йыл йе ’уæхск акъуырдта. — Ды мæм нЫ’Ккаетæ æви мæ фыццаг хатт уыныс? — æмæ йын йæ дзабыры фындзæй йæ роцъо хъавгæйæ ба- къуырдта. Æндæр исчи йæм фæхæрам уыдаид, Джантаймæ та хъаргæ дæр нæ бакодта. Нæ, фæлæ ма ноджы фæхъæл- дзæпдæр, цыма йын йæ роцъойæн абачындæуыд, уыйау æмæ та фæстæмæ йæ машинæйы бынмæ бабырыд. Уалынмæ Кадича мæн дæр ауыдта: — Замманай бынат ссардтай фæллад уадзынæн, Илас. — Бумбули гобанæй фæлмæндæр! Хæстæгдæр мæм æрбацыд æмæ сабыргай сдзырд- та: — Диспетчеры уатмæ-ма æрбауай. — Хорз. Кадича ацыд. Æз сыстадтæн æмæ цæуынмæ рахъа- 19
выдтæн. Уыцы рæстæг та Джантай йæ машинæйы бы- нæй ракаст. — Бæззы! — сдзырдта уый æмæ йæ цæст æрны- къуылдта. — Дæуæн дзы ницы пайда ис!—дзуапп авæрынмæ йын фæрæвдз дæп æз. Æнхъæлдтон, смæсты уыдзæн æмæ нын загъдмæ асай- дзæн, зæгъгæ. Æз хылтæй ме ’сæфт уынын, фæлæ Джан- тайы фæиæмыныл нæ бацауæрстаин. Мæ риуы уыйбæрц маст æрæмбырд, æмæ мæхицæн бынат нал ардтон. Фæлæ мæм Джантай нæ фæхæрам. — Ахæрынæй анхъæлмæ кæсын хуыздæр у,— ба- хъуыр-хъуыр кодта лæппу.— Цы уыд, уый федтам, цы уы- дзæн, уый дæр та фендзыстæм... Диспетчеры уаты ничи уыд. Ап диссаг нæу? Уæдæ цы фæуыдаид? Фæстæмæ фæзылдтæн æмæ Кадичайы мæ риуæй скъуырдтон. Уып лæууыди дуары ’нцой. Р1æ цæ- стытæ æрттывдтытæ калдтой. Йæ хъарм комытæфæй мæ цæсгом ссыгъд. Æз æм æрбахъæбыс кæиынæввонг хæ- стæг бацыдтæн, фæлæ æппынфæстаг мæхиуыл фæхæцыд- тæн. Уыцы мииут мæ цæстыты раз февзæрд Асель æмæ (мæм афтæ фæкаст, цыма йыл гадзрахатæй цæуын. — Цæмæ мæм дзырдтай? — бафарстон æй æз нæвæн- донхуызæй. Кадпча æнæдзургæнæ лæууыд æмæ мæм комкоммæ каст. — Дæумæ дзурын! — ногæй бафарстон æз. Æрæгмæ мын кæй ницы дзуапп лæвæрдта, уый тыххæй йæм ра- мæсты дæн. — Цыдæр гуымиры дæабон,—сдзырдтауый тæргай- хуызæй.— Æви дæ искæй судзгæ цæстытæ бацарыдтой?.. Æз, цы одзырдтаин, уый нал зыдтон. Цымæ мæ цæ- мæн æфхæры? Стæй йæ кæцæй базыдта? Уыцы рæстæг рудзынг æрбайгом. Джантайы сæр дзы æрбазынд. Иæ цæсгомыл мидбылты худт хъазыд. — Табуафси, æмбал диспетчер!— цыма цыдæр су- 20
сæгдзипад зоны, уыйау йæхи даргæйæ сдзырдта æмæ ру’- дзынгæй цавæрдæр гæххæтт азрбалæвæрдта. Чызг æм тызмæгæй бакаст. Мæнæн та мæстджынæп загъта: — Дæ бæсты путевкæ чи райсдзæн? Æви саргъыбæ- хыл хонæгмæ æнхъæлмæ кæсыс? Кадича мæ йæ къухæй иуварс ассыдта æмæ йе ’стъол- мæ бацыд. — Айс! — æрбадардта мæм путевкæ. Æз æй райстон. Ногæй та мæ цæуын хъуыд уыцы колхоэмæ. Мæ зæрдæ æрбауазал: цы ма дзы кусын, Асе- лы... Стæй дзы мæн йедтæмæ ничи ис? Иударои .мæ цы сарæзтой? Мæ маст сфыхт. — Ногæй та колхозмæ? Ногæй та агуыридуртæ æмæ фаджыс ласынмæ? Нал ацæудзынæн! — æмæ йын йæ пу- тевкæ фæстæмæ йе ’стъолмæ баппæрстон.— Æгъгъæд фæуæд, цъыф фаг фезмæстон, ныр та йæ иннæтæ бафæл- варæнт!.. — Цæуыл арауыс? Æнæхъæн къуыри дын уырдæм цæугæ у! Стæй-ма куы бахъæуа, уæд ма йæм ноджыдæр бафтаудзысты,— рамæсты Кадича. Æз ын сабырæй, фæлæ йæ ныхмæ сдзурæн кæмæн нæй, ахæм хъæлæсы уагæй загътон: — Нал ацæудзынæн! Æмæ та, уый размæ бирæ хæттыты куьтд уыд, афтæ Кадича æнæнхъæлæджы фæсаст: — Цæй, хорз. Æз хицауадимæ аныхас кæндзынæн. Стъолæй путевкæ райста. «Нæ ацæудзынæн,—мæхинымæр сагъæстыл фæдæн,— æмæ Аселы æппындæр никуыуал фендзынæн». Мæ ка- тай ноджы фæфылдæр. Цæрæнбонты мæхи фæомонæй кæй хæрдзынæн, уый мæ фидарæй уырнын райдыдта. Цы Уа, уый уæд — цæуын! — Æри йæ фæстæмæ! — æмæ йын лутевкæ йæ къух- тæй раскъæфтон. 21
Джаптай нылпыррыкк ласта: — Мæ зæронд мадымадæн-иу дæ салæмттæ раттын ма ферох уæд! Æз сæм ницы сдзырдтон. Уæвгæ та йын йæ хæмхуд- тæ ныххафын хъуыд!.. Мæ фæдыл дуар ныггуыпп код- тон æмæ æмдзæрæнмæ ацыдтæн. Иннæ бон фæндагмæ кæсынæй мæ цæстытæ ныуурс сты. Кæм и? Рæхснæг гæдыбæласау мæм йæ аив гуы- рьгконд равдисдзæн æви нæ? Мæ сырхсæрбæттæнджын гæдыбæлас. Быдираг гæдыбæлас! Резинæ цырыхъхъы- тæ æмæ йыл пæ фыды пипджак кæй нс, уымæн мур дæр нæу. Уыдоны дæр тынг фидауы. Мæхи цæстытæп йæ нæ федтон æви цы? Мæ зæрдæйыл сæмбæлди, мæ уды бацыди. Цæуын, фæндагмæ кæсын, фæлæ Асель зынæг нæй. Хъæумæ пыххæццæ дæп. Мæпæ сæ хæдзар. Сæ дуармæ мæ цыд фæсындæгдæр. Чи зоны, æмæ сæхимæ ис? Фæ-' лæ йæм куыд бадзырдæуа? Цы зæгъдзыпæн? Ехх, æвæц- цæгæи ыл никуал сæмбæлдзыпæп. Мæ хъысмæты афтæ фыст æрцыд. Дарддæр ацыдтæн, машинæнæн æпæвдæ- лонгæнгæ цы хос уыд. Æвдæлонгæнæны дæр Асель мæ сæрæй пæ фæхнцæн. Иу хъуыддагыл мæ зæрдæ дард- тон: чи зопы, æмæ йæ фæстæмæ цæугæйæ фенон. Нæ та йыл сæмбæлдтæн. Æз дæр фермæмæ фсздæхтæн. Фер- мæ хъæуæй дард у, стыр фæндагæй фæсвæд. Иу чызджы дзы афарстон. Абоп, дам, кусынмæ нæ рацыд. «Æвæц- цæгæн, барæй нæ рацыд,— мæ сæры февзæрд тæссаг хъуыды,— цæмæй фæндагыл мемæ мауал баиу уа, уый тыххæй». Уæнтæхъплæй базæмæ раздæхтæн. Дыккаг бон дæр та мæ фæндаг уыд хъæумæ. Цæуын, фæлæ ма йыл фембæлдзынæн, ууыл мæ зæрдæ нал да- рын. Уæвгæ йæ хъæугæ та цæмæн кæнын? Куырд чыз- джы размæ ма цæлхдуртæ цæмæп æвæрын? Цæмæдæр гæсгæ мæ уæддæр нæ уырны, афтæ фæхицæн уыдзыстæм, 22
уый. Хъæуты ма абоиы онг дæр бирæ хæттыты чыз- джы æвæндонæй моймæ раттынц. Уый тыххæй газетты иу æмæ дыууæ хатты нæ бакастæн. Газеты сæ рауадзыпц, æмæ цы? Æвзопг адæймагæн йæ æнусмæ цард фенад вæййы æмæ ма уыйфæстæ аххосджынты фæстæ цæхх кæн. Цы ма дзы раздахдзынæ? Ахæм хъуыдытæ мæ сæры гуырыди... Уыцы уалдзæг бæстæ дидинæг фестад. Хохрæбынты тюльпантæй азмæлæп нæ уыд. Сывæллонæй фæстæмæ дæр уыцы дидинджытæ бирæ уарзын. Нæ фæлæ уыдо- нæй дæ хъæбысы дзаг æртон æмæ сæ Аселæн балæвар кæн... Бæргæ, фæлæ йæ кæм ссарон?.. Кæсын, æмæ мæ цæстытыл нал æууæндын — Асель! Мæ машинæ кæм ныссагъд, уыцы тæккæ ран фæндаггæ- рон дурыл бады. Раст цьгма кæмæдæр æнхъæлмæ кæсы! Æз тынпдæр аскъазрдтон. Машинæйы хъæр айхъусгæйæ, уыцы тарстхуызæй фестад, стыхст. Йæ сæрбæттæн фел- вæста æмæ пæ йæ къухты æхсæы нылхъывта. Ацы хатт иæ уæлæ уыд хорз къаба, туфлитæ. Ахæм дард фæнда- гыл бæрзонд зæвæтджынты фæцыд. Фырадæргæй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон. Тыххæйты ма мæ боп сдзу- рып баци: — Дæ бон хорз, Асель! — Дæ бон хорз!—дзуапп мын радта сындæггай. Æз ын кабинæмæ схизынмæ феххуыс кæнынмæ хъа- выдтæн, фæлæ уый иуварс азылд æмæ сындæггай фæн- даггæрæтты араст. Мемæ бадын æй нæ фæнды. Æз ма- шинæ скусын кодтон, дуар байтыгътон æмæ йæ фарсмæ сабыргай цыдтæн. Уын — фæндаджы былты, æз та —ма- шинæйы. Ничи пæ ницы дзырдта, стæй ныы дзурннаг дæр ницы уыд. Æрæджиау мæ бафарста: — Знон фермæйы уыдтæ? — Уыдтæи, æмæ цы? — Ницы. Афтæ дæ æнæуи фæрсын. Уырдæм цæуын нæ хъæуы. — Дæ фенын мæ фæндыд. 23
Ницуал дзуапп мын радта. Мæ хъуыдытæ уыцы æнæхайыры чындзæхсæвимæ уыдысты. Бæлвырддæр ын исты куы базонин, æмæ гъа! Ме ’взаг мæ коммæ нæ кæсы. Тæрсын. Йæ дзуаппæй йын тæрсын. Асель мæм æрбакаст. — Уый æцæг у? Асель йæ сæр разыйы тылд бакодта. Руль мæ къухы сдыууæрдæм. — Чындзæхсæв кæд уыдзæн? — Тагъд,— дзуапп радта сабыргай. Æз, чысыл ма бахъæуа» машинæ ма фæцагайон, фæ- лæ мæ къах рæдыдæй æн’хæр ран андзæвыд æмæ моторы дзыгъал-мыгъул ссыд. Асель, мæгуыр, иуварс йæхи ап- пæрста. Хатыр дæр ма дзы нæ ракуырдтон. Уæвгæ ма мæ уыдæттæ æндæвтой. — Уæдæ никуыуал фембæлдзыстæм? — Нæ зонын. Куынæуал фембæлæм, уæд — хуыздæр. — Æз... æз дæ уæддæр... фæнда дæ нæ фæнда, агур- дзынæн! Æмæ та нæ ничиуал ницы дзырдта. Чн зоны, æмæ дыууæйæ дæр уыцы иу хъуыдытæ уыди нæ сæры, фæлæ не ’хсæ’н бæрзонд сис самадæуыд æмæ нын уый бар нæ лæвæрдта: мæнæн — Аселымæ хæстæгдæр бацæуынæн, уымæн та — мæ машинæйы сбадынæн. — Асель! —тарстхуызæй загътон æз.— Дæхи мыл ма атигъ кæн. Æз уæ æппындæр ницæмæй бахъыгдардзьь нæн. Афтæ уæм дардæй кæсдзынæн. Дзырд мын дæт- тыс? — Нæ зонын, æвæццæгæн... — Ныр та дæ курын, æмæ сбад. — Нæ. Ацу. Хъæу хæстæг у. Уыйфæстæ дæр ма Аселимæ бирæ хæттыты фембæл- дыстæм. Цыма-пу алкæддæр æнæнхъæлæджы баиу стæм, уыйхуызæн. Асель-иу æдзухдæр фæндаггэзрæтты фистæ- гæн цыд, æз та йæ фарсмæ — машинæйы. Афтæ хорз 24
бæргæ нæ уыд, фæлæ цы сарæзтаин. Йæ мойагæй йæ нæ фарстон. Нæ мæ фæндыд. Стæй мæм ’аив дæр нæ каст. Иæ ныхæстæм гæегæ нæ хорз нæ зыдта. Иæ ма- дæн цыдæр дард хæстæг æййæфта. Царди дард ран, хо- хы, хъæды хæдзарады. Дыууæ бинонтæ рагæй пырмæ дæр хæларæй цардысты. Сæ хæстæгдзинад фæлтæрæй- фæлтæрмæ хастон. Кæрæдзийæ бирæ чызджытæ фæ- ’куыр’дтой. Аселы ныййарджытæ сæ чызджы æцæгæлон мыггагæн раттыныл ницы хуызы ср-азы уыдаиккой. Æз та нымады дæр никуы уыдтæн. Чи дæн? Æрцæуæггаг, æнæхæстæг шофыргонд. Стæй сæм, æргом дзургæйæ, уы- цы хъуыддаджы фæдыл сым дæр нæ бауæндыдаин. Уыцы бонты Асель уыд бынтон мадзура. Æдзухдæр æй цыдæр сагъæс æвдæрзта. Мæн ницæмæй ныфс уыд. Иæ хъьгсмæт алыг. Йемæ фембæлдтытæ дæр ма мын цы пайда æрхастаик ой. Фæлæ уыцы хъуыддаг мах са- битау кæрæдзийæ æмбæхстам. Æмбæлгæ та кодтам уы- мæн, æмæ æнæ кæрæдзи нæ бон нæ уыд. Нæ дыууæмæ дæр афтæ каст, цыма æнæ кæрæдзи цæрын нæ фæра- зæм. Афтæмæй фондз боны аивгъуыдта. Уыцы райсом æз уыдтæн автобазæйы. Мæхи цæттæ кадтон фæндагмæ. Уалынмæ дын мæм диспетчермæ куы фæдзуриккой. — Мæ хæрзæггурæггаг дæумæ!—одæ размæ хъæл- дзæгæй рауад Кадича.— Доланы фæндагмæ дæ ивынц. Æз цавддурау фæдæн. Фæстаг бонты мæм афтæ каст, цыма мæ цæрæнбонты дæр кусынмæ колхозмæ æрвпт- дзысты. Долоны сæрты та-иу иу рейс цалдæр боны аха- ста. Хуыцау йæ зонæг, Аселы феныны фадат ма мын кæд фæуыдаид. Зæгъгæ дæр ын мацы кæн, афтæмæй æваст æрбайсæф? —■ Куыд кæсын, афтæмæй дын æхсызгон нæ уыд? — бафиппайдта Кадича. — Æмæ уæд колхоз та? — батыхстæн æз.— Куыст кæронмæ куы нæма ахæццæ. Кадичайæн фырдисæй йе ’уæхсчытæ базмæлыдысты: 26
— Дæхи <куы фæндыди! Баидоныл мæхн æруагътон. Бадын, фæлæ дарддæр цы кæнон, уымæн ницы зонып. Джантай æрбатахт. Куыд рабæрæг, афтæмæн кол- хозмæ мæ бæсты уый æрвыстой. Джантай, æвæццæгæн, не сразы уьгдзæн, уымæн æмæ дзы æхца къаддæр бакус- дзæн. Фæлæ уый, путевкæ уыцы хъæлдзæгæй рапсгæйæ, сдзырдта: — Ды мæ арвы кæронмæ куы ’рвитай, уæддæр ацæу- дзынæн. Кæрог хæрынæн фæбæззыд, æрбаласон-иу дын? Уалынмæ мæн ауыдта: — Хатыр курын. Æнхъæлдæн æмæ уæ бахъыгдард- тон! — Фесæф ардыгæй!—фæхъæр ыл ластон æз, мæ сæр уæлæмæ не ’сдаргæйæ. — Цæй, цы ма бадыс, Илас? — ме ’уæхскмæ мын æр- бавнæлдта Кадича. — Мæп колхозмæ ацæуын хъæуы, арвит мæ, Кадп- ча! — бахатыдтон æм æз. — Сæнттæ цæгъдыс, æви? Мæ бон нæу, наряд мæм нæй! — сдзырдта Кадича æмæ <мæм тарстхуызæй æрба- каст.— Мæлæты хорз дæм нæ фæкаст. Æз ын ницы дзуапп радтон. Уатæй æнæуынæрæй ра- хызтæн æмæ гаражмæ араст дæн. Джантай йæ маши- нæйы мæ тæккæ рæзты асыффытт ласта. Иæ цæст мæм æрныкъуылдта. Чысыл ма бахъæуа, ма мæ скъуыра. Æз барæн сындæггай цыдæртæ архайдтон, фæлæ мын фæстагмæ æндæр гæнæн нал уыд, æмæ, уæзæгтæ кæм уыдысты, уыцы станцæмæ ацыдтæн. Адæм дзы бирæ нæ >ыд, фæлæ мæ уæддæр æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Ме ’мбæлттæ мæм дзырдтон, тамако уал бадым, зæгъ- гæ, фæлæ æз кабинæйæ дæр нæ рахызтæн. Мæ цæстытæ- пу æрæхгæдтои æмæ та-иу мæ разы Асель февзæрд... Фæндагыл (мæм дзæгъæлы æнхъæлмæ кæсы. Иу бон мæм фенхъæлмæ кæсдзæн, дыууæ, æртæ... Куыд ахъуыды кæндзæн? Цы мæ схондзæн? 26
Уæдмæ мæ рад дæр æрбацæпхæццæ кодта. Мæ хæд- размæ цы машинæ уыд, уым æвгæнын райдыдтой. Иу мипут ма, æмæ æз дæр мæ машинæ уæзисæн краны бын- мæ батæрдзынæн. «Хатырæй мын фæуæд, Асель,— сдзырдтон мæхинымæр.—Ныббар мып, мæ быдирагрæхс- нæг гæдыбæлас! — Уыцы уысм мæ сæры февзæрд æн- дæр хъуыды: — Цон æмæ йын зæгъон. Фæстæмæ фез- дæхдзынæн. Рейсмæ мын иу-цалдæр сахаты байрæджы уыдзæн æмæ йын мур дæр нæу. Уыйфæстæ автобазæйы хицауæн зæгъдзынæн. Чи зоны, æмæ мæ бамбара. Кæд пæ, уæд та мæм загъд кæндзæи. Æппынфæстаг мæ ба- фхæрæд. Мæ бон нæу! Цæуын!» Мотор скуыста. Сыдз-мыдзы рацæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæм иниæ уæзласæнтæ афтæ хæстæг æрбацылы- сты æмæ дзы фезмæлæн нал уыд. Уæдмæ дзаг машинæ дæр аивгъуыдта, æмæ мын размæ æнæцæугæ нал уыд. — Ей, Илас, фынæй бадæ? — ныхъхъæр мæм кодта уæзисæныл кусæг. Краи æд уæзæгтæ машинæйы сæрмæ æрбазылд. Хъуыд- дæгтæ фехæлдысты! Тагъдласинаг уæзæгтимæ ахæм цыдтытæ гæнæн нæй. Уый раздæр мæ зонд куыннæ ’рцахста? Уæзæгтимæ цы гæххæттытæ вæййы, уыдон мæм æрбахæссынц. Æз фæстаг рудзынгæй ракастæн: контейнер мæ гуыффæмæ узгæ-узгæ æрæввахс. Æз мæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр ластон: — Уæхи хъахъхъæнут! |Контейнеры тæккæ бынæй æррайау фæцагайдтон. Фæсте хъæртæ, æхситт æмæ æлгъыстытæ райхъуыст... Мæ машинæ згъордта скъладты, фæйнæджытæ æмæ æвзалыйы обæутты рæзты. Цыма мæ рулыл хуийгæ: бачынди, уыйхуызæн ыл ныххуыссыдтæн. Зæхх сызмæ- лыд. Æз æд машинæ хæрдты хаугæ тахтæн. Уæвгæ ууыд мах дыууæйæ дæр ахуыр уыдыстæм. Джантайы уайтагъддæр баийæфтон. Кабинæйæ фæл- хæрстау йæ сæр радардта: базыдта мæ. Уыны йæ, тагъд кæньгн, уый, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд мын фæндаг 27
дæтты. Гæнæн мын нал уыд, æмæ æз дæр фæндаджьг иувæрсты тыгъд быдырмæ рахызтæн, кæд афтæмæй йае раза:й фæуин, зæгъгæ. Джантай дæр уыцырдæм фæзылд- та, æмæ мæ ацæуын нæ уадзы. Афтæмæй скъæрæм. Уый— фæндагыл, æз — нæууыл. Рултыл ныххуыссыды- стæм, æлгъитæм, фыдызнæгтау кæрæдзимæ кæсæм. — Кæдæм цæуыс? Цæмæн? — дзуры мæм. Æз æм мæ тымбылкъухæй бавзыстон. Хъæумæ æрба- хæццæ дæн. Мæ лæф-лæф ссыд. Тыххæй ма ме ’муд æр- цыдтæн. Сæ кæрты дæр æмæ уынджы дæр иу цъиуыз- мæлæг нæ разынд. Æрмæстдæр кæрты дард къуымы бæх- доны лæууыди иу саргъыбæх. Цы чындæуа? Банхъæлмæ кæсынвæнд скодтон. Машинæ куы ауына, уæд, миййаг, кæд уынгмæ рацæуид. Мæ моторимæ архайын, мæхæдæг та аивæй кæртмæ мæ цæст дарын. Бирæ æнхъæлмæ кæ- сын мæ нæ бахъуыд: кулдуар байгом æмæ дзы рахыз- тысты йæ мад æмæ иу зæронд лæг, саузачъеджын, стæвдтæарæзт, йæ уæлæ дыууæ бæмбæджджын халаты. Мидæггаг—нлюш, æддаг та — вельвет. Иæ къухы — ехс. Йæ цæсгом — сырх-сырхид. Æвæццæгæн, цай цымд нырма ныр фæци. Аселы мад æгъдæнцойыл фæхæцыд æмæ зæрондæн бæхмæ схизынæн феххуыс кодта. — -Бузныгæй уæ баззадыстæм!—загъта ус.— Мах дæр нæхи дзыхъхъы лæудæй нæ равдисдзыстæм. Нæ чызгæн ницы бахæлæг кæндзыстæм. Табу хуыцауæн, цыбыркъух не стæм. — Æппындæр мацæуыл тыхс, байбиче1,— дзуапп рад- та зæронд лæг уæлбæхæй æмæ саргъыл бæстондæр æр- бадт.— Æрыгæтты цæрæнбон хуыцау бирæ окæнæд. Мул- чы тыххæй та дзурын дæр ницæмæн хъæуы: исты йæ, миййаг, искæй сывæллæттæн куынæ дæттæм. Стæй хæс- тæгдзинады дæр фыццаг хатт куынæ бацыдыстæм. Цæй, дзæбæх у, байбиче. Куыд бадзырдтам, афтæ: майрæм- боны! 1 Б а й б п ч е — кпргнзæгтæ сылгоймагмæ фырбуцæн афтæ фæ- дзурьшц. 28
— Афтæ, афтæ, майрæмбоны. Хуыцауы кувæи бон. Фæндараст фæу. Уæхимæ-иу саламтæ ратт. «Цавæр майрæмбоны кой кæнынц,— .мæхинымæр хъуыдыты адзæгъæл дæн.— Абон та цы бон у? Æртыц- цæг... Ау, майрæмбоны йæ ахæсдзысты? Цьгмæ ацы зæ- ронд æгъдæуттæ махæн, æрыгæттæн нæ цард кæдмæ хал- дзысты?» Зæронд йæ бæх фæцагайдта æмæ хæхтырдæм атын- дзыдта. Аселы мад, цалынмæ барæг иудзæвгар ауад, уæдмæ банхъæлмæ каст, стæй мæнырдæм раздæхт æмæ мæм уыцы æцæгæлон цæстæй æрбакаст. — Ды та ардæм цы фæцахуыр дæ, лæппу? — сдзырд- та уый.— Ам дын ривæддон у? Ницы дæ хъуыддаг ис ам! Дæ фæндаг дар! Цæугæ дын зæгъын! Хъусыс, дæу- мæ дзурьгн. Æвæццæгæн мæ йæ зæрдыл бадардта. — Мæ машинæ асаст,— фыдæнæнгæнæгау сдзырдтон æз æмæ барæй мæ астæумæ капоты аныгъуылдтæн. Æп- пындæр мын ацæуæн никуыдæм ис, цалынмæ йæ фенон, уæдмæ. Ус ма цыдæртæ сдзырдта, стæй мидæмæ бацыд. Æз мæ архайын фæуагътон, кабинæмæ схизæньгл æрбадтæн æмæ тамако сдымдтон. Кæцæйдæр иу гыццыл чызг æр- батахт. Йæ иу къахыл гæпгæнгæ машинæйы алыварс сдыууæрдæм. Иучысыл мæм Аселы хуызæн фæкаст. Йæ хо ма уæд? — Асель ацыд! — сдзырдта уый йæ гæпп-гæпп кæ- нын нæ ныууадзгæйæ. — Кæдæм? — рацахстон æй æз.— Кæдæм ацыд? — Æмæ йын æз цы зонын? Суадз мæ!—Æмæ мæ къухæй йæхи атыдта, тæхгæ-тæхын ма мæм йе ’взаг дæр фелвæста. Капот æрæхгæдтон æмæ кабинæмæ схызтæн. Кæдæм цыдæуа, кæм æй агуырдæуа? Фæстæмæ здæхын афон дæр мын у. Фæндагыл сындæггай окъæрын. Быдырмæ рахызтæп. Арыхъхъы цур æрлæууыдтæн. Цы чындæуа, 29^
мæ сæрæн ницы хос зонын. Кабинæйæ рахызтæн. Зæххыл æрхуыссыдтæн. Сагъæсæй зæрдæ тоны. Аселы дæр не ’ссардтон, рейс дæр фæсыкк... Мæхинымæр хъуыдыты ацыдтæн. Уынгæ дæр æмæ хъусгæ дæр ницуал кæнын. Афтæмæй цас фæхуыссыдаин, хуыцау йæ зонæг, фæлæ иурæстæджы мæ сæр фелвæстон. Кæсын, æмæ машинæйы инпæ фарсæй разындысты чызджы дыууæ къахы туфли- ты. Уый у! Уайтæккæ дæр æй базыдтон. Афтæ æхсызгон мын уыдис, æмæ мæм мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп раГь хъуыст. Мæ зонгуытыл æрлæууыдтæн, фæлæ мæ бон сыс- тын нæу. Хъуыддаг та æрцыд, æппæты фыццаг хатт кæм фембæлдыстæм, уыцы ран. — Дзæгъæлы ма лæуу» зæронд ус,— сдзырдтон туф- литæм кæсгæйæ. — Æз зæронд ус нæ дæн,— мæ хъазæн ныхас фæ- цыд Аселы зæрдæмæ. — Уæдæ чи дæ? — Чызг. — Чызг? Рæсугъд? — Ракæс æмæ мæ фендзынæ! Мах дыууæйæ дæр схудтыстæм. Æз цырд фæгæпл ластон æмæ йæм фæцагайдтон. Уый дæр мæ размæ ра- цæйтахт. Кæрæдзийы комкоммæ æрлæууыдыстæм. — Дунейы чызджыты тæккæ рæсугъддæр! — сдзырд- тон æз. Асель рæхснæг гæдыбæласау лæууыдн йæ цы- бырдыс къабайы, йæ дæларм дыууæ чиыыджы.— Ам дæн, уый цæмæй базыдтай? — Библиотекæйы уыдтæн. Кæсын, æмæ фæндагыл дæ машинæйы фæд! — Æцæгæй?! — Раст мын цыма, уарзын дæ, зæгъгæ, загъта, йæ ныхæстæ мæм уымæй тынгдæр бахъардтой. Иæ зæрдыл лæууыдтæн. Иугæр кæд мæ машинæйы фæд- тæ агуырдта, уæд ын æз дæр зынаргъ дæн. — Æмæ ардæм ратахтæн. Цæмæдæр гæсгæ мæм аф- тæ фæкаст, цыма мæм æнхъæлмæ кæсыс!.. Æз ын йæ къухыл фæхæцыдтæн: 30
— Сбад, Асель, атезгъо каенæМ. Уьгй æнæ иу ныхасæй сразы. Бынтондæр фендæрхуы- зон. Стæй мæхæдæг дæр мæхи хуызæн нал уыдтæн. Мæ сагъæс æмæ мæт æрбайсæфтысты. Æрмæстдæр ма дыу- уæйæ баззадыстæм, нæ рæсугъд амонд, арв æмæ зæххи- мæ. Æз кабинæйы дуар байтыгътон. Аселæн схизынæи феххуыс кодтон, стæй мæхæдæг дæр сбадтæн. Араст стæм. Афтæ æнæуи, фæндагыл. Кæдæм æмæ цæмæн, уьгмæн ницы зыдтам. Уæвгæ уый афтæ ахсджи- аг нæ уыд. Фæрсæй-фæрстæм кæй бадтыстæм, нæ цæст- æнгас-иу кæй баиу, нæ къухтæ-иу кæрæдзиуыл кæй æп- дзæвдысты, уый дæр нын фаг уыд. Асель мын мæ сал- датаг худ (æфсады фæстæ ма йæ иу-дыууæ азы бæрц фæдардтон) мæ сæрыл иуырдæм фæзылдта. — Афтæмæй дыл рæсугъддæр фидауы! — сдзырдта уый æмæ ме ’уæхскмæ йæхи æрбалхъывта... Машинæ фæндагыл маргъау тахт. Дуне иууылдæр сызмæлыд. Хæхтæ, быдыртæ, бæлæстæ нæ размæ тахты- сты... Дымтæ нын нæ цæсгæмттæ хоста. Мах тындзыд- там размæ. Арвæй хур касти. Дыууæйæ дæр худтыстæм. Уæлдæф хаста скъæлдзой æмæ тюльпанты тæф. Нæ риу- ты дзаг улæфыдыстæм... Быдираг цъиусур хæлддзаг зæроид куибезæй1 стахт, йæ базыртæ фæйнæрдæм фæхаста æмæ цыма махимæ дугъы йæ тыхтæ фæлвæрдта, уыйхуызæн фæндаджы сæр- ты ныллæг аленк кодта. Дыууæ ба æджы фыртарстæй сæхи фæйнæрдæм ап- пæрстой. Стæй æрра хъæртæгæнгæ нæ фæдыл фæцагайд- той. — Е-ей, æрлæуу! Бауром! — бæхты цъыччытæгæпгæ дзырдтой уыдон. Чи уыдысты, уый æз нæ зыдтон, чи зоны, æмæ сæ Асель зыдта. Уалынмæ рыджы къуыбы- лæйтты аныгъуылдысты. Разæй цавæрдæр бричкæ фæндаггæронмæ азылд. Цы 1 К у н б е з —цыртдзæвæн. 31
чызг æмæ дзы лæппу бадти, уыдон мах ауынгæйæ феста- дысты æмæ нæм кæрæдзийы уæхсчытыл хæцгæйæ сæ къухтæ тылдтой. — Бузныг! — ныхъхъæр сæм кодтон æз кабинæйæ. Быдыр фæци, сосамæ рахызтыстæм. Цæлхыты бынæй асфальты сындæг уыиæр райхъуыст. Хъуамæ цадмæ дард мауал уа. Æз фæндагæй цæхгæр фæзылдтон æмæ зæрæстоны къутæртæ æмæ пыхсыты рæзты мæ машинæ комкоммæ былгæронмæ сарæзтон. Къардиуы цур тæккæ цады был æрурæдтон. Урс-æрвхуызцъæх уылæнтæ, цыма кæрæдзийы къух- тыл хæцыдысты, уыйхуызæн радыгай бурбын былгæрон- мæ тахтысты. Хур фæцæйныгуылд æмæ дард уылæнтæ сырхбын дардтой. Кæмдæр фаллаг фарсæй зындысты урссæр хæхты цъуппытæ. Фæныкхуыз мигътæ нæ сæрмæ æмбырд кæнын райдыдтой. — Кæс-ма, Асель! Доныхъазтæ! Иссык-Кулы сæрмæ доныхъазтæ фæзыны æрмæст- дæр фæззæг æмæ зымæг. Уалдзæг искуы-иу хатт йедтæ- мæ не ’рбатæхынц. Уыдон хуссайраг доныхъазтæ фæхо- нынц, цæгатмæ тæхæг доныхъазтæ. Уый, дам, а1монды нысан у. Доныхъазтæ изæрон цады сæрмæ зилдух систой. Мæргътæ-иу куы хæрдмæ фæцыдысты, куы та-иу бынмæ сæхи рауагътой, сæ базыртæ ныттынг кæнгæйæ. Доны сæр-иу абадтысты, сæ базыртæ-иу сцагътой, сæ алыварс- иу сыр-сыргæнаг урс-урсид зпллæччытæ фæйнæрдæм дард фæцыдысты, стæй та-иу фæстæмæ стахтысты. Уыйфæстæ рæхысы цæгтау кæрæдзийы фæстæ ных- хал сты. Суанг ма сæ базырты змæлд дæр баиу, афтæ- мæй цады змисджын былгæронмæ æхсæвиуат кæнынмæ атахтысты. Мах кабинæны бадтыстæм æмæ сæ фæдыл æнæдзур- гæйæ кастыстæм. Æрæджиау, цыма ныхасгонд уыды- стæм, уыйхуызæн æз сдзырдтон: — Уа-артæ, уыныс, былгæрон цы хæдзары сæртæ зы- 32
нынц, уый мах автобазæ у. Ай та,— æз мæ къух каби- нæйыл ахастон,— нæ хæдзар! — æмæ ныххудтæн. Æндæр æй кæдæм аластаин, уый нæ уыди. Асель мын мæ цæстытæм æрбакаст, мæ риумæ йæхп нылхъывта, хъæбыс мæ кæны, афтæмæй кæуы æмæ худы: — Мæ зынаргъ, мæ уарзон! Мæн æппындæр хæдзар ннцæмæн хъæуы. Æрмæстдæр мæ мæ мад æмæ мæ фыд куы бамбариккой, искуы уæддæр. Фæхæрам мæм уыдзы- сты, цæрæнбонты, зоныы æй... Фæлæ æз цы аххооджын дæн?.. Мæлæты тагъд æрталынг. Мигътæ арв æрбахгæдтой. Донмæ сæхи быноз æруагътой. Цад ныссабыр, фæтар- дæр. Хæхтæм цыма электросварщик схызт, уыйхуызæн-иу куы иу ран ферттывта, куы — инпæ ран. Тæрккъæв- дайы райдайынмæ бирæ нал уыд. Доныхъазтæ былгæ- ронмæ сæхи хуымæтæджы нæ байстой. Рагацау бамбæр- стой: æвзæр рæстæг сæ хæхты сæрмæ æрцахстаид. Арв ныннæрыд. Къæвда ныккалдта. Уынæргæнаг, æгæнон. Цадсхъуыр-хъуыр кодта, рафыхт, æмæ уылæитæ сæхи былгæроныл цæвын райдыдтой. Уый уыдис уал- дзыгон фыццаг арвнæрд. Стæй нæ фыццаг æхсæв дæр. Кабинæйы фæрстæ æмæ рудзгуытыл фæдисонау згъорд- той доны цыхцырджытæ. Арвæрттывды цæхæртæ-иу сау цады гом хъæбысы аныхстысты. Мах кæрæдзимæ пæхи нылхъывтам æ.мæ сусæгæй ныхас кодтам. Асель ризын райдыдта, уый æнкъарын: кæнæ — тæссæй, кæнæ — ихæ- нæй. Æз ыл мæ пинджа|к æрбанпæретон, <мæ хъæбысмæ йæ ноджы тыпгдæр нылхъывтон. Уымæй мæхи’мæ мæ- лæты тыхджын æмæ дынджыр фæкастæн. Ни-куы мæ бауырныдтаид, мæ бон уыйбæрц буц уæвын у, уый. Ис- кæй хъахъхъæнын, искæуыл узæлын афтæ хорз у, уый нæ зыдтон. Йæ хъусы йыи бадзырдтон: «Æз дæу æфхæ- рын нюкуы никæмæн бауадздзынæн, мæ сырхсæрбæттæн- джын гæдыбæлас, мæ зæрдæйы уидаг!..» Тæрккъæвда куыд æваст райдыдта, афтæ æваст феп- 3 Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд 33
цад. Фæлæ ма цады уæлцъарыл знæт уылæнтæ кæрæ- дзийы сырдтой, хаудысты ма къæвдайы иугай æртæх- тæ дæр. Æз гыццыл радиоприемшж райстои. Уыцы рæстæджы мæм уымæй зынаргъдæр дзаума нæ уыд. Фæзылдтон æй. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы: горæты театрæй лæвæрдтой балет «Чолпоп». Хæхтæ æмæ къæдзæхты фæ- сте кабинæмæ æрбаивылд музыкæ, балеты кæй æвды- стой, уыцы уарзондзипадæн йæхи хуызæн буц æмæ тых- джын музыкæ. Зал нæрыди, хъуыст къухæмдзæгъд, адæм хъæрæй дзырдтой спектаклы архайджыты наамттæ, чи зоны, кафджыты къæхты бынадæ дидинджытæ дæр æп- пæрстой, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, махмæ Иосььк-Кулы знæт былгæрон кабинæйы цы диссаджы зæрдæскъæф æнкъа- рæнтæ сæвзæрд, ахæм æнкъарæнтæ театрдзаутæй иумæ дæр нæ райгуырд. Уыцы балеты мах тыххæй дзырдæ- уыд, нæ уарзондзинадыл. Мах нæ зæрдæмæ хæстæг ис- там, йæ амондагурæг чи ацыд, уыцы чызг Чолпоны хъыс- мæт. Мæхи Чолпон, мæ сæууон стъалы уыдис мемæ. Æм- бисæхсæв ме 'уæхскыл бафынæй, мæнмæ та дз,æвгар рæстæг хуыссæг æмгæрон не ’рцьгд. Сындæггай йын мæ армытъæпæнæй йæ цæсгом сæрфтон æмæ Иссьж-Куль быиозæй куыд улæфы, уымæ хъуыстон.., Райсомæй автобазæмæ æрбацыдыстæм. Дзæбæх мæм дзы æрлæвæрдтоп. Фæлæ хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд мын ныххатыр кодтой. Æрæджпау дæр ма сыл-иу худæг б^ахæцыд, æвгæнæн краны бынæй куыд адымдтон, уый- иу куьг ’рымысыдысты, уæд. Мæи Долоны сæрты ренсы цæуын хъуыд. Аселы дæр мемæ аластон, фæндагыл æй >ме ’рдхорд Джантурин Алыбегмæ иыууадздзынæн, зæгъгæ. Алыбег йæ биион- тимæ базæйы цард. Нарынмæ хæстæг. Уыи та арæнæй афтæ дард нæу. Сæ рæзты цæугæнæ-иу сæм алы хатт дæр бауадтæн. Алыбеджы бинойнаг диссаджы хорз сыл- гоГимаг уьгд. Æз ын тынг аргъ кодтон. Мах араст стæм. Фæндаггæрон дуканийы Аселæн цы- 34
дæр дзаумæттæ балхæдтам. Сæ хæдзарæй тæнæг къа- байы куыд рацыд, афтæмæй уыд. Ноджы ма балхæдтам стыр, æрттиваг, хуызджын кæлмæрзæн. Æмæ нæ фæстæ- дæр тынг æхсызгон бахъуыд. Фæндагыл фембæлдыстæм ацæргæ шофыр Ур^мат-’акейыл. Кæрæдзимæ ма дард уы- дыстæм, афтæ мын йæ къухæй ацамыдта, æрлæуу, зæгъ- гæ. Æз æрурæдтон. Дыууæйæ дæр кабипæтæй рахызты- стæм, кæрæдзийæн салам радтам: — Салам алейкум, Урмат-аке! — Алеикум сал!ам, Илас! Де ’уæхскыл цы бæлон абадт, уый фæрнджын уæд,— раарфæ мын кодта æгъ- даумæ гæсгæ.— Амондджын ут, авд лæпгтуйы æмæ уын иу цъæх чызг куыд райгуыра. — Бузныг! Ды та иæ цæмæй базыдтай, Урмат-а>ке? — афарстон æй уыцы цымыдисхуызæй æз. — Е-е, мæ хъæбул, хорз хабар дардмæ хъуысы. Фæн- дагыл æй адæм казрæ’дзийы дзыхæй куы исынц... — Кæс-ма, дæ хорзæхæн! — ноджы тынгдæр ныддис кодтон æз. Фæндаггæрон лæууæм, дзурæм, фæлæ Урмат-аке ма- шинæмæ хæстæгдæр æрбацæуынмæ нæ хъавы, Асельмæ суанг аивæй бакæсын дæр й»æ зæрды пæн. Хуьщау хорз» æмæ Асель хъуыддаг фембæрста æмæ йæ кæлмæрзæн йæ сæрыл æркодта, стæй дзы йæ цæсгом дæр æрæмбæрзта... Уый бафиппайгæйæ, Урмат-акейы цæсгомыл æхсызгон мидбылты худт фæзынд. — Уый æндæр хъуыддаг у! — загъта Урмат-аке.— Бузныг, мæ хъæбул, де ’гъдауæй. Ды абонæй фæстæмæ нæ чыидз дæ, æгас автобазæйы чьшдз. Хæц, Илас, ай дын, чындзы иын кæй феиын кодтай, уый тыххæй,— æмæ мæм ^æхца æрбалæвæрдта. Нæ райсып сæ мæ бон нæ баци, уымæн зэмæ мæм фæхæр^а.м уыдапд. Кæрæдзийæн хæрзбоп загътам. Ассль пæ кæлмæр- зæн йæ сæрæй нал систа. Раст цыма æцæг киргизаг хæ- дзары æгъдау лæвæрдта, уый хуызæн-иу зонгæ шофыр- тнмæ фембæлгæйæ, кабннæйы йæ кæлмæрзæнæй йæ цæс- 36
гом æфсæрмыгæпгæ æрæмбæрзта. Иунæгæй-иу куы баз- задыстæм, уæд-иу худынмæ фестæм. Кæлмæрзæны мæм Асель ноджы рæсугъддæр фæ- каст. — Нæ буц æфсин, комкоммæ ма мæм æрбакæс æмæ мын аба кæн! —дзурын æм æз. — Худинаг у, исчи нæ фендзæн! —дзуапп радта уый æмæ мын сусæгæй мæ русæп аба кодта. Автобазæпы шофыртæй-иу ныл чи амбæлд, уыдон-иу арфæтыл фестьь бирæтæ та нын фæндагыл дидинджыты бæстытæ дæр æртыдтой, лæвæрттæ балхæнын кæй къу- хы бафтыд, ахæмтæ дæр дзы разынд. Фыццагдæр уый кæй зæрды æрæфтыд, ,нæ зонын. Æвæццæгæн æй нæ уы- рыссаг лæппутæй исчи æрымысыд. Хъæуты чындзæхсæ- вы рæстæг уыдонмæ машинæтæ дидинджытæй сфæлын- дынц. Æмæ мах машинæйыл дæр сырх, æрвхуызцъæх, кæрдæгхуызцъæх лентытæ, дари сæрбæттæнтæ, дидин- джыты бæстытæ куы сæрттивиккой. Машинæ цæхæртæ калдта æмæ-иу æй, æвæццæгæн, суанг дæсгай километр- тæм дæр базыдтой. Аселимæ амондджын уыдыстæм. Мæ хæлæрттæй мæ сæр хуымæтæджы бæрзæндты хастон. Æмбал, дам, зындзинады рæстæг рабæрæг вæййы. Мæн- мæ гæсгæ, æмбалы амондджын бон дæр раиртасдзынæ. Нæ фæйдагыл мæ хуыздæр æрдхорд Джантурин Алы- бегыл дæр сæмбæлдыстæм. Уый мæнæй дыууæ азы хис- тæр уыд. Бæзæрхыг, дынджырсæрджын. Хорз лæппу у> æмбаргæ, шофыры куыстмæ дæр тынг дæсны. Базæйы йын иууылдæр стыр аргъ кодтой. Профкоммæ йæ рав- ■зæрстой. М’æхинымæр хъуыдытыл фæдæн, уый та мæм цы цæстæй ракæсдзæн, зæгъгæ. Алыбег æнæдзургæйæ нæ машинæмæ æрбакаст, пæ сæр батылдта. Асельмæ бацыд, йæ къух ыи райста, арфæ йын ра- кодта. — Æри-ма дæ фæидаггон гæххæтт! — æрдомдта мæ уый. Æз æм æй æнæдзургæйæ радтон. Алыбег йæ дзып- 36
пæй хæдфысгæ ручкæ систа æмæ путевкæйыл ставд дам- гъæтæй цæхгæрмæ ныффыета: «Чындзæхсæвы рейс, № 167!» Сæдæ æхоай авд — путевкæйы номыр. — Цы кусыс? — фæуыргъуыиау дæн æз.— Уый до- мумент у! — Уадз æмæ фæстагæттæн афтæмæй баззайа! — загъ- та уьгй.— Дæумæ гæсгæ бухгалтерийы адæм нæ бады? Ныр та мæм дæ къух æри! — йæ хъæбысы мæ æрбатыхта æмæ мын ныбба кодта. Мах ныххудтыстæм. Машинæтæм цæуынм’æ рахъавыдыстæм, фæлæ ма мæ Алыбег фæурæдта: — Цæргæ та кæ/м .кæндзыстут? Æз мæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрстон. — Мæнæ дын нæ хæдзар! — ацамыдтон м>ашинæмæ. ф— Кабинæйы? Уæ сывæллæтты дæр уьш хъо’мыл кæндзыстут?.. Цы, уый зоныс? Базæйы мах фатеры æр- цæрут. Æз хицауадимæ бадз^урдзынæн, æмæ мах нæхи хæдзармæ рацæудзыстæм. — Æ-мæ дын арæзт куы нæма фæци? — Алыбег хæ- дзар арæзта Рыбачьейы, автабазæйæ чысыл дарддæр. Уæгъд рæстæг ын-иу æз дæр аххуыс .кодтон. — Нищы хъыгдары. Чысыл цыдæртæ ма дзы аззад. Уььмæй хуыздæрмæ нырма ма-ма æнхъæлмæ кæс. Фате- ры хабар куыд у, уый дæхæдæг зоныс. — Цæй, бузныг. Мах уымæй фылдæр хъæугæ дæр нæ кæны. Æз уæм Аселы рæстæгмæ ныууадзынмæ хъа- выдтæн, ды та мын уæ фатер æнæхъæнæй дæр дæттыс... — Цыбыр ныхасæй, нæхимæ ацæут. Фæстæмæ здæх- гæйæ-иу мæм банхъæлмæ кæс. Уæд нæ устытимæ бæл- вырд уынаффæ рахæсдзыстæм! — æ)мæ Асельмæ йæ цæст æрныкъуылдта. — Ардыгæй фæстæмæ — æрмæстдæр нæ устытимæ. — Амондджыи фæуæд уæ чындзæхсæвы балц! — радзырдта .ма нæ фæдыл Алыбег. Мачи дзы уа! Уый æцæгæй дæр нæ чындзæхсæвы балц уыд! Стæй цавæр! 37
Мах цпн кодтам, нæ хъуыддæгтæ иууылдæр хорз кæй цæуынц, ууыл. Æршæст мын иу фембæлд изгарды хос фæци. Иу фæзилæны нæ тæккæ раз-мæ фегуырд Джантайы машинæ. Иунæг нæ уыди, кабинæйы йæ фарсмæ бадти Кадича. Джантай мæм йæ къух фæтылдта. Æз æваст фæурæдтон. Дыууæ машинæйы дæр фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты. Джантай рудзынгæй йæ сæр радардта: — Дæ машинæ хъулон-,мулон куы афæлдæхт! Раст цыма чындзæхсæвы дæ! — Уымæй шщы мæнг зæгъыс! — дзуапп радтон æз. — Æцæгæй? — æнæууæнкхуызæй мæм йæ къух æр- бадардта æмæ Кадичамæ бакаст.— Мах та дæу агу- рæм! — тыххæй-фыдæй ма схауд йæ дзыхæй. Кадича хорзау нал фæци, куыд бадти, афтæ йæ бы- наты æндзыгæй баззад, ныффæлурс. — Дæ бон хорз, Кадича! — салам ын радтон. Уый мын æнæдзургæйæ, йæ сæры батылдæй арфæ ракодта. — Уæдæ дæ фарсмæ уьгй дæ усаг бады? — Джантай- мæ пырода ныр бахъардтой одæ ныхæстæ. — Усаг нæ, фæлæ ус,— сраст æй кодтон æз æмæ Асе- лы уæхсчытыл мæ къух æруагътон. — Æгъгъа-уæдæ! — Джантаны цæстытæ фырдисæй рацæйбырыдысты. Цин кæна æви хъыг, уый йæхæдæг дæр дзæбæх нæма зыдта.— Цæй, арфæ дын кæнын, сыгъ- дæг зæрдæйæ дын арфæ кæнын... — Бузныг! — Хорз сарæхстæ! Æнæ ираддæй ус æртеу-теу кодтай! — Фаджьгс! — рямæсты йаэм дæн æз.— Дæ фæндаг дар! Ахæм ма дзы цъаммар уыдзæн! Æз ма йæ ноджы тынтдæр бафхæрынмæ хъавыдтæн æмæ мæ сæр каби- нæйæ радардтон. Кæсын æ’мæ Джантай машинæйы цур лаэууы. Иæ æхсæрварс æууæрды, хъæр кæны, йæ тыод- былкъухæй Кадичамæ æвзиды. Чьгзг та фæндагæй иу- варс ныццавта, быдырмæ йæ ных сарæзта. Тахти, тахти, 38
Стæй йе ’мбæрцæгæй размæ бахауд. Йæ къухтæй йæ сæ- рыл ныххæцыд. Се ’хсæн цы рауад, уьшæн ницы зонын, фæлæ ,мæм Кадича тынг тæригъæд фæкаст, цыма йæ ра- зы истæмæй аххооджып уыдтæн, уыйхуызæн. Аселæн ныцы загътон. Къуырийы фæстæ мах уæзæгты базæйы æрцардыстæм. Нæ хæдзар чысыл уыд: сенæ æмæ дыууæ уатгопды. Ахæм хæдзæрттæ дзы цалдæр уыд. Цардысты дзы шофыртæ æд биноитæ, стæй бензинæвгæнæпы кусджытæ. Р1æ раы хорз уыд, фæндагмæ хæстæг. Ноджы йæм Нарыы дæр дард нæу. Цыфæндыйæ дæр облæсты сæйраг горæт. Киномæ дæ фæнды — табуафси, дуканимæ дæр — афгæ. Рынчындон дæр дзы ис. Нæ ног цæрæыбынат ма нæ зæр- дæмæ цæмæй цыд: базæ фæндагæи йæ раст æмбисыл цыд. Нæ рейсытæн сæ фылдæр цыдысты Рыбачьейæ Атбаши- мæ Долоны сæрты. Фæндагыл дæхи хæдзары дæ фæллад суадзын дæ бон уыд, суанг ма бахсæвиуат кæнын дæр. Æз, зæгъæн ис, æмæ алы бон дæр Аселы уыдтон. Фæн- дагыл-иу куы бафæстиат дæн, уæддæр-иу æнæмæнг нæ- хнмæ æрбацыдтæн. Фæсахсæвæрты-иу кæд фæзынд- тæн, ахæм рæстæджытæ дæр-иу мыл скодта. Асель мæм æдзухдæр æнхъæлмæ каст, тыхсти, ме ’рбацыдмæ-иу бад- ти. Сындæггай цыдæр дзаумайы муртæ дæр æлхæдта>м. Иуныхасæй, нæ цард сабыргай бæстон кодта. Хъуамæ Асель дæр кусын райдыдтапд. Йæхи афтæ фæндыд: хъæ- уы схъомыл, фæллойуарзаг уыд. Фæлæ уалынмæ æнæн- хъæлæджы нæ зæрдæ барухс: Асель йæхи уагыл нал уыд. ...Аселæн сывæллон куы раыгуырд, уыцы бон æз Ат- башийæ æрбацæйздæхтæн. Тагъд кодтон, тыхстæн. Асель хуыссыди Нарыны арæндоны. Æрбахæццæ дæн — лæппу! Асельмæ мæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бауагътой. Ма- шинæйы сбадтæн æмæ йæ комы аскъæрдтон. Зьгмæгон уыд уый. Мæ алыварс — æрмæстдæр мит æмæ къæдзæх- тæ. Уыцы нывтæ кæрæдзийы ивгæ цыдысты: урс миты хъæпæнтæ æмæ тар къæдзæхтæ, тар къæдзæхтæ æмæ урс 39
миты хъæпæнтæ... Долоны æфцæджы тæккæ цъуп- мæ схæццæ дæн. Мæлæты бæрзонд уыд. Мигътæ зæххыл лæсыдысты, хæхтæ бынæй обæутты йæстæ дæр нал зындысты. Кабинæйæ рагæпп ластон, мæ рæуджыты дзаг сулæфыдтæн æмæ мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр код- тон: — Е-ей, хæхтæ! Мæнæн фырт райгуырд! Цыма хæхтæ фенкъуысыдысты, афтæ мæм фæкаст. Мæ ныхæстæ комæй коммæ азæлдысты æмæ сын кæрон нал уыд. Нæ фырты схуыдтам Сæмæт. Æз ын радтон ахæм ном. Нæ ныхæстæ иууылдæр нæ лæппуимæ баст уыды- сты: Сæмæт, нæхи Сæмæт бахудти, Сæмæтыл дæндæгтæ разад. Иуныхасæй, æрыгон ныййарджыты хæдзары куыд вæййы, афтæ. Цардыстæм хæларæй, кæрæдзийы уарзтам. Фыдбы- лызы та фæстæдæр бахаудтæн... Бæллæхкæцæй фæзынд, уый ныртæккæзын равзарæн у. Хъуыддæгтæ сæмхæццæ сты, æддæг-мидæг ауадысты. Ныртæккæ бирæ цыдæртæ бамбæрстон, фæлæ ма дзы цы лайда ис. Уыцы лæгимæ æнæнхъæлæджы фембæлдыстæм фæн- дагыл æмæ уайтагъд фæхицæн стæм. Цæмæй зыдтам, уый нын фæстаг фембæлд кæй нæ уыдзæн. Æрæгвæззæджы рейсы фæцæйцыдтæн. Мæлæты æв- зæр рæстæг дæр скодта. Къæада уарыд æви мит, уый равзарæн нæ уыд. Хæхты фæхстыл бæзджын мигъ æрбадт. Фæндагыл кæрæй-кæронмæ мæ рудзынгсæрфæн- тæ сæ кусынæй нæ банцадысты, уымæн æмæ æпæ уыдон æвгтæ хидæй нал зындаиккой. Хæхты дзæвгар бауадаин. Долоны æфцæгмæ мæ бирæ пал хъуыд. Ех, Долон, Долон, Тянь-Шаны хæхтæн сæ уæйыгдæр! Бирæ цыдæртæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кæныс! Нæ фæндагæн йæ тæккæ зын- дæр æмæ тæссагдæр хай. Фæндаг калмау хæрдмæ здыхс- 40
гæ хилы. Арвмæ бырыс* æврæгътæ цæлхыты бын цъист кæныс. Куы фæстæмæ ахауыс, куы та рулæй дæхи ато- нын нал фæфæразыс. Æфцæгыл рæстæг æрра теуайæ уæлдай нæу, сæрд у æви зымæг, уымæн ницы раиртас- дзынæ. Куы их ныккалы, куы къæвда, куы та митмæ асайы. Ноджы ма дымгæ куы рлцæуы, уæд тьшыгъы ницуал ауындзынæ. Ахæм Долон у нæ Долон!.. Уæвгæ йыл мах, тяньшайнæгтæ, сахуыр стæм æмæ ма уыцы фæндагыл суанг æхсæвыгон дæр фæцæуæм. Зындзинæд- тæ æмæ мæм тæссаг хабæрттæ ныртæккæ хъарынц, фæ- лæ кусгæ-кусын уыдоныл хъуыды кæнынæн рæстæг нæ в-æййы. Долонмæ хæстæг комы иу уæзласæн баййæфтон. Абоны онг мæ нæма ферох— ГАЗ-51. Æ-ггйафгæ нæ, фæ- лæ уый мæ бацыдмæ дæр уым лæууыди. Дыууæ адæй- маджы моторимæ цьгдæртæ архайдтой. Иу дзы сындæг- гай фæндаджы астæумæ рацыд æмæ йæ къух сдардта. Æз фæурæдтон. Лæг мæм æрбацыд. Иæ уæлæ — хуы- льгдз уæлæфтау. Йæ гопп йæ фæсонтыл æппæрст. Иу- дыууиосæдз азмæ æввахс ыл цыдаид — бур рихи. Сал- датау йæ сæрьгхъуынтæ — цыбыр æлвыд. Иæ цæсгом — хъуьгнтъыз. Æвæлмас цæстæнгас. — Æфсьпмæр, Долоны фæндаджы хайадмæ-ма мæ багшар,— дзуры мæм,— нæ мотор нал кусы æмæ йæм трактор æрбатæрон. — Сбад, аласдзынæн дæ, фæлæ йын кæд нæхи бон исты бауыдзæн, уæд та,— загътон æз æмæ кабинæйæ ра- кызтæн. — Цы йын сараздзынæ, уынæр дæр дзы куынæуал хъуысы, уæд? — гом капот æрæппаргæйæ, æнкъардæй сдзырдта шофыр. Ныцъцъæхи, мæгуыр, уазалæй, ризы. Ацы дыгон нæу, уый бæрæг у, йæ алфамбылаймæ тарст- хуызæй дзæгъæлы нæ кæсы. Фрупзейæ цыдæр уæзæгтæ ластой. Ныр ын цы бачындæуа? Сонт хъуыды мæм фе- взæрд. Раздæр уал æфцæгмæ скастæн. Арв — асæст, хъуынтъыз, мигътæ ныллæджыты цыдысты. Фæлæ уæд- 41
дæр мæхинымæр фидарæй скарстон. Мæ фæнд мæнæ-мæ- нæ хæрзтæй нæ уыд, фæлæ мæм уыцы рæстæг тæссаг иыб- бырсты бацæуыны хуызæн фæкаст. — Дæ уромæнтæ хорз кусынц? — фæрсын шофыры. — Уæдæ?.. Æнæ уромæнтæй цæуын æви цы? Аххос- джын мотор у, зæгъгæ, дып куы загътон... — Рæхыс дæм ис? — Рæхыс мэем бæргæ ис! — Рахæос æй æмæ дæ машинæ мæ фæдыл бæтгæ. Дыууæнæ дæр мæм æнæууæпкæй кæсынц. Иу дæр дзы йæ бынатæй не ’змæлы. — Дæ зонд фæцыд? — сабыргай сдзырдта шофыр. Æз ахæм лæджы мыггаг дæн. Хорз у æви æвзæр, уый нæ зонын, фæлæ иугæр мæ зонд исты скарста, уæд ын æнæ сæххæстгæнгæ ницы хуызы ис. — Хъус-ма, æфсымæр, рæвдздæр бæтгæ. Хуыцауæй дьгн ард хæрын, аласдзынæп дæ! — бауырдыг дæн шо- фыр^мæ. Шофыр мыл йæ къух ауыгъта. — Ныууадз дæ митæ! Ам сыфцæй ласæн пæй, уый нæ зоныс? Кой дæр мын æй ма кæн. Тъшг æм рамæсты дæн, раст мын цыма ме стыр кур- диатæн «нæ» загъта, уыйхуызæн. — Сау хæрæг куы дæ ай,— дзурын æм æз,— тæппуд! Фæндæгты мастермæ фæдзырдтон. Куыд рабæрæг, афтæмæй иннæ лæг фæндæгты мастер разынд. Æз æй фæстæдæр базыдтон. Фæндæгты мастер мæм æрбакаст æмæ шофырæн загъта: — Дæ рæхыс-ма рахæсс. Уый фæуыргъуыйау: — Дзуапп ды дæтдзынæ, Байтемыр-акс. — Дзуапп иумæ дæтдзыстæм! — радта йын цыбыр дзуапп. Уый йын мæ зæрдæмæ фæцыд. Ахæм адæймагæн лæг уайтæккæ дæр аргъ кæнын райдайы. Араст стæм. Дыууæ машинæйы кæрæдзимæ рæхыс- 42
тæй бастæй. Раздæр хорз цыдыстæм. Фæлæ Долонмæ фæндаг æппынæдзух дæр хæрдмæ цæуы. Мотор ныхъ- хъæрзыдта, нынниудта, хъустæ ницуал хъуыстой. Ннцы дын дзы рауайдзæн, зæгъын, нæ мæ афæливдзынæ, дæ тыхтæ дын иу ранмæ æрлæмардзынæн. Раздæр куыд ба- фиппайдтон, афтæмæй фæндаг цыфæнды зынцæуæн куы уыдаид, уæддæр машииæйы æппæт хъарутæй ахæцыи ни- куы бахъуыд, уымæн æмæ-иу ыл уæзæгтæ сæвæрдтой. цас æмбæлд, уымæн æрмæст йæ æвдай проценты. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы сахат æз ууыл нæ хъуыды код- тон. Цавæрдæр хъæддаг тых мæ размæ схуыста. Æнæ- !мæнг хъуамæ мæ фæнд мæ къухы бафтыдаид: маишнæ йæ бынатмæ бал’астаин. Фæлæ уыцы хъуыддаг афтæ æн- цон нæ разынд. Машинæйыл дыз-дыз бахæцыд, йæ уды быцъынæг схауынмæ хъавы. Лæхъир мит йæ рудзгуытыл ыыхæсы, сыгъдæггæнæнтæ ма йæ тыххæй хафын фæра- зынц. Кæцæйдæр мигътæ æрбалæсыдысты, цæлхыты бын- ты фæндагыл цæхгæрмæ фæбырынц. Фæзилæнтæй иуæй иннæ æмдзæхгæрдæр æмæ тæссагдæр. Æргом дзургæйæ, -мæхиньшæр мæхимæ хæцыныл фæдæн, ацы хъуыддагыл цæмæ сбæндæн дæн, адæмы дæр ма фыдбылызы баппар- дзынæн, зæгъгæ. М-ашинæ дæр мæн хуызæн тынг не стыхст. Мæ дзаумæттæ иууылдæр раппæрстон: худ, цъында хæдон, пинджак. Æрмæст тæнæг хæдоны ма баз- задтæн, афтæмæй мæ хид къоппæй ,калд. Æмæ уый ницы хоныс: машинæ сыфцæй лас, стæй уæзæгтæ та? Хуыцау хорз, æмæ Байтемыр машинæмæ схизæныл слæууыд æмæ нын фæндаг амыдта. Мæнæн ныхасæй, уымæн та —,къу- хæй. Фæндаг ноджы февзæрдæр. Мæхинымæр катайы ■бацыдтæн, миййаг, зæгъын, Байтемыр куы фæтæрса æмæ агæпп ласа, зæгъгæ, фæлæ уый æнцад лæууыд. Стæхын- æввонг цæргæсау, кабипæйыл ныззæгæл. Йæ цæсгом уыди сабыр, дурæй конды хуызæн. Доны æртæхтæ йæ рустæ æмæ йæ рихитыл дæлæмæ уадысты æмæ мæнæн дæр фенцондæр. Иу æмхæрд схизæпы ма нæ суайын хъуыд æмæ уып- 43
фæстæ фæуæлахиз стæм. Уыцы за-ман Байтемыр рудзын- тæй æрбадзырдта: — Дæхимæ кæс, нæ комко’ммæ машинæ æрбацæуы! Рахизырдæмдæр здах. Æз рахизырдæм азылдтон. Бæрзондæй æрцæйцыд ма- шинæ, Джантайы машинæ! Ныр мæм дзы, зæгъын, тех- никæйы æдасдзинады инженер ратдзæн. Джантай йæ дзыхыл хæцын ницы хуызы бафæраздзæн. Хæстæгæй- хæстæгдæр кæны. Иæ къухтæ рульмæ сбыцæу кæнгæйæ, уырдыджы æрцæуы, йæ æрфгуыты бынæй кæсы. Кæрæ- дзи’мæ хæстæг-хæстæг æрбацыдыстæм. йæ маншнæмæ къухæй баххæссæн дæр уыд. Мæ тæккæ цурмæ куы æр- бахæццæ, уæд мæм рудзынгæй р-акаст æмæ йæ сæр ба- тылдта. <«Кæд дæ де ’взаг хæры,— ахъуыды кодтон м’æхины- м^æр,— уæд цыфæнды дæр дзур. Ницæмæй дæ тæр- сын». Фæстаг баэрзæндмæ схæццæ стæм. Бынæй уыд цæх- гæр фæуырдыггæнæн, стæй лæгъз фæидаг æмæ фæндаг- гæсты бæстыхаймæ фæзилæн. Æз дæр уыцырдæм азылд- тæн. Цыфæндыйæ дæр æй æрбаластам! Мотор ахуыссын кодтон. Мæ хъустæй ницыуал хъусын. Афтæ мæм кæсьь цыма æз нæ, фæлæ æрдз багомыг. Иунæг сыбыртт дæр никæцæй хъуысы. Кабинæйæ рахылдтæн æмæ машинæ- мæ схизæныл æрбадтæн. Хуыдуг кæнын, бастадтæн, но- джы æфцæджы зындæр улæфæн у. Байтемыр мæм æрба- тахт, мæ цъында хæдон мын ме ’уæнтыл æрбаппæрста, .мæ худ мын мæ сæрыл арф æркодта. Иннæ машинæйæ шофыр цудгæ æрбацыд. Ныффæлурс, йæ дзыхæй ныхас нæ хауд. Мæ комкоммæ дзуццæджы æрбадт æмæ мæм оигаретты къопп æрбадардта. Æз дзы иу тамако систон. Мæ къухы зыр-зыр цыд. Æртæиæ дæр сдымдт,а,м æмæ не ’муд æрцыдыстæм. Мæ туджы та уыцы хъæддаг тых схъазыд. — Афтæ, гъе! — хъæрæй сдзырдтон æз.— Федтан! — шофыры уæхок афтæ тынг æрцавтон æмæ бар-æнæбары 44
зæххыл æрбадт. Стæй æртæйæ дæр фестадыстæм æм& кæрæдзийы фæсонтæ æмæ уæхсчытæ хойыныл фестæм. Нæхæдæг худæм, хъæлдзæгæй цыдæр æнæхъола хъæр- тæ кæнæм. Æрæджиау æрсабыр ст м. Ногæн та тамако одымд- там. Æз мæ дарæс скодтон. Мæ сахатмæ æркастæн. Куы >1ын байрæджы уа, уымæй фæтарстæп æмæ сдзырд- тон: — Цæй, мæнæн афон у! Байтемыры æрфгуытæ æрбалхынцъ сты: — Нæ, афтæмæй дын ауадзæн нæй, мидæмæ нæм цом. Мæнæн иу минут дæр рæстæг нал уьгд. — Бузныг! — арфæ йын ракодтон æз.— Нæ мæ ’вдæ- лы. Нæхимæ ма бауайын мæ зæрды ис, мæ бинойнаг мæм æнхъæлмæ кæсы. — Уæд та фæлæууио? Фæйнæ сыкъайы баназик- кам! — лæгъстæмæ фæци мæ ног хæлар-шофыр. — Ныууадз æй!—йæ ныхас ын айста Байтемыр.—Йæ ус æм æнхъæлмæ кæсы. (Дæ ном-ма ныи уæддæр зæгъ. — Илас. — Мауал лæуу, Р1лас. Бузныг дьгн фæуæд, феххуыс нын кодтай. Байтемыр машинæмæ схизæныл лæугæйæ мемæ фæи- дагмæ фæцыд. Æнæдзургæйæ мын мæ къух нылхъывта æмæ рагæпп ласта. Хохмæ фæхæрдгæнæны æз кабинæйæ ракастæн. Бай- темыр м-а фæндагыл лæууыди: йæ худ йæ къухты æууæр- ста æмæ йæ сæр ныллæг æруадзгæйæ, цыдæр сагъæсты аныгъуылд. Уый дын мæ хабæрттæ. Аселæн бæлвырдæй ницы радзырдтон. Æрмæстдæр ьгн загътон, фæндагыл адæмæн феххуыс кæпын хъуыд æмæ уый тыххæй кæй бафæстиат дæн. Мæ усæй мæм æмбæхст ницы уыд, фæлæ мæм уыцы хабæрттæ радзу- рынмæ ныфс нæ разынд. Æнæуи дæр мыл чысыл куынæ мæт кодта, миййаг. Стæй дарддæр >ахæм æ^рра митæ кæ- 46
нынвæнд дæр м<æ зæрды нал уыд. Долонимæ пу хатт мæ хъару бафæлвæрдтон æмæ æгъгъæд фæуæд. Дыккаг бон ма ’мæ рох дæр æрбауыдаид, фæстæмæ цæугæйæ куынæ фæрынчын уыдаин, уæд. Уазал ,мæ бацыди. Тыххæйты ма нæхимæ æрбахæццæ дæн æмæ цалдæр боны пал сыс- тадтæн. Цы мыл æрцыд, уымæн ницы зоныи. Сæнттæ цагътои. Æнæоцухæй мæ цæстытыл уадп, цыма Долоны æфцæгыл машпнæ ’сыфцæй ластон. Тымытъ мыи мæ цæс- гом хоста. Улæфт’мын-иу нал фагкодта. Руль <цыма бæм- бæгæй конд уыд, уыйхуызæн-иу мæ къухты æхсæн фæта- сыд. Æфцæг афтæ ныддаргъ, æмæ йæ кæрон дæр æмæ йæ райдайæи дæр шикæцæнуал зынд. Машинæйы радиа- тор -арВ’Мæ схæццæ. Хæрдмæ фæлæсы, нæты, былæй-иу фæцæйхауд... Æвæццæгæн, уый мæ ннзы æфцæг уыд. Æртыккаг бон ыл фæтых дæн, фæсæрæндæр дæн. Уый- фæстæ ма дыууæ боны ахуыосыдтæн æмæ мæ иицуал рыст. Сыстынм-æ хъавыдтæн, фæлæ '.мæ Асель сдзурын дæр нæ бауагъта. Æз æм «æсынтыл фæдæн: нæ дыууæйæ рынчын чи уыд, уый нал æмбæрстон. Бынтондæр фендæр- хуызон, бафæлмæцыд, йæ цæсты бынтæ сдъæх сты, скъæсхуыр, бафу йыл кæн, æмæ ахаудаид. Ноджы ма сы- вæллон йæ хъæбысы. Нæ, скарстон æз» (афтæмæй хъуыд- даг хорз нæу. Æрра митæ ныууадзын хъæуы. Хъуамæ баулæфа. Мæ хуыссæны рабадтæн æмæ доæ дзаумæттæ кæнынмæ бавнæлдтон. — Асель,— сдзырдтон æм æз ныллæг хъæлæсæй: лæп- пу фынæй уыд.— Сæмæты сыхæгтыл бафæдзæхс æмæ нæхæдæг киномæ цом. Уый мæ сынтæгмæ æрбатахт, базыл мæ уæлгоммæ афæлдæхта æмæ мæ цьгма фыццаг хатт уыны, уыйхуы- зæн мæм ныккаст. Йæ цæссыгтæ уромыныл архайдта, фæ- лæ йын нæ бантыст: йæ цæстыхаутыл ферттывтой, стæп йæ былтæ дæр æнахуыр зыр-зыр бакодтой. Асель мæ рнуы йæ сæр анорста æмæ скуыдта. — Цы «æньгс, Асель? Ы? — тарстхуызæй йæ афар- стон æз. 46
— Афтæ æнæуи, кæй сдзæбæх дæ, уый мын æхсыз- гон у. — Мæхицæн дæр æхсызгон у, фæлæ цæуыл тыхсыс? Рынчын саг дæр кæны. Иучысыл ахуыссыдтæн æмæ уым диссагæй цы ис? Дæ цуры кæй уыдтæн, уый та цæй аргъ у?! Кæннод Сæмæтимæ кæй фæхъазыдтæн, уый та?!— Нæ фырт йæ тæккæ дзæбæхæй уыд: йæ цыппæртыл бы- рын фа&цахуыр. цæуыныл дæр фæлвæрдта.— Кæд дæ йæ зонын фæнды, уæд ма æз иу хатт афтæ фæрынчын уа- ин,— ныхас хъазынырдæм аздæхтон æз. — Ныууадз-ма, цæй! Мæи нæ фæнды!—фæхъæр мыл кодта Асель. Нæ лæппу фехъал. Уьщы хъармæй нæ фыны хъæбы- оæй раскъæфта. Æртæйæ дын махмæ бакæсын. Хуыосæ- ныл нæхи ауагътам æмæ хынджылæг окъæрæм, худæм, хъаз.æм. Сæмæт арсы лæппыиы хуызæн йæ цыппæртыл куы пуырдæм <алæгæрды, иуы — иннæрдæм, йæ быны пæ ассæнды. — 'Каесыс, куыд хорз у, уымæ! — дзурын Асельмæ.— Ды та (кæуынмæ фæдæ. Мæнæ тагъд хъæумæ дæ ный- йарджытæм ацæудзыстæм æмæ ма немæ ма бальшæн уæнт. Сæмæты куы фепой, уæд оæ сæ мæстытæ иууыл- да^р æрбайрох уыдзысты. Æцæгæй дæр нæм хъæумæ ацæуыны фæнд уыд. Хъуа- мæ зæрæдтимæ бафидыдтаиккам. Ныхас дæр ыл нæй, йæ ныййарджытæ йæм тынг фæхæрам сты. Сæ хъæук- кæгтæй Нарынмæ чи цыд, уыдопæй иуæн бафæдзæхстой, нæ чызгæн, дам, никуы ныххатыр кæндзыстæм, куыд цæры, уый зоныпы сæр дæр, дам, нæ ницæмæн хъæуы. Фæлæ мах нæ зæрдæ дардтам, зæрæдтæм куы æрцæуæм æмæ сæ хатыр куы ракурæм, уæд кæп балымæн уыдзы- стæм. Уый тыххæй та раздæр отпуск райсын хъуыд, цæмæй фæндагмæ нæхи срæвдз кодтаиккам. Æппæт хæстæджы- тæп дæр лæвæрттæ балхæныпмæ хъавыдтæп. Афтид къу- хæй ацæуып мæ нæ фæндыд. 47
Уæдмæ зымæг ралæууыд. Тяньшайнаг зымæг хъызт у, тымыгъджын, мит арф æруары, зæйтæ ракæлынц. Шо- фырты сагъæстыл бафты, фæндæгтыл кусджытæн та но- джы зындæр вæййы. Уæлдай тынгдæр сæ хъус фæдарынц зæйтæм, уымæн æмæфæндæгтæ арæх фехалынц. Зæй ра- цæуынæй æппæты тæссагдæр кæм у, уым рагацау миты рæдзæгъдтæ срæмудзыиц æмæ фæндаг асыгъдæг кæ- нынц. Уыцы зымæг æицаддæр уыд. Æви йæм æз мæ хъус пе ’рдардтон, уæддæр нæ зонын. Шофырæн йæ иннæ сагъæстæ дæр фаг сты. Ноджы ма нын æнæнхъæлæджы нæ хæслæвæрдтыл бафтыдтой, Растдæр зæгъгæйæ та, мах, шофыртæ, нæхæдæг ныфс баваердтам пълан фыл- дæрæй сæххæст (кæнынæй. Æппæты фыццаг уыцы ныхас мæнæй рацыд. Ууыл æз ныртæккæ дæр нæ фæомон кæ- нын, фæлæ мæ фыдбылызтæ иууылдæр ардыгæй райдыд- топ. Хъуыддаг уыди афтæ. Иупзæр базæ1мæ æрбацæиздæхтæн. Асель мын /мемæ Дж^антурин Алыбеджы усæн цыдæр тыхтон рарвыста. Сæ хæдзары цурмæ «мæ машинæ баздæхтон. Машинæйы уы- на^рмæ Алыбеджы ус мæ размæ рауад. Гъе æмæ уьшæй базыдтон, Атбашийы ГЭС-æй, дам, базæм,æ тел æрба- цыд заводæн кусæигæрзтæ тагъддæр рарвитыны тых- хæй. — Алыбег та кæм и? — афарстон æй æз. — Куыд «æм и? Æвдæлонгæнæн стапцæйы -адæм иу- уылдæр уым сты. Эшелонтæ, дам, æрбахæццæ сты. Æз дæр уырдæм фæрæвдз дæн. Хъуыддæгтæ бæл- вырддæр базонынмæ. Æрбахæццæ дæн. Æвдæлонгæнæн станцæ комы уыди, цадмæ рацæуæн фæндаджы цур. Æф- сæнвæндаджы кæройнаг стаицæ. Алырдыгæй мынæг рухс кæлы, хаттæй-хатт комæй дымгæ радымы, телы- хъæдтыл цырæгътæ бауигъы, миты рыгтæ йæ разæй ахæссы. Вагæттæ æвзаргæнæ, паровозтæ сдыууæрдæм стьь Кæройнаг фæндаджы сæрмæ уæзисæн краны фат платформæйæ псы тасмачънйæ тæлм æвæрд асыччытæ. Уыдон, Атбашнйы ГЭС-ы арæзтадмæ тагъд арвитын кæй 4В
хъæуы, ахæм уæзæгтæ сты. Уым тынг стыр арæзтад уыд. Мах æм ныронг дæр кусæнгæрзтæ ластам. Машинæйæ дзы базмæлæн нал уыд, фæлæ æвгæнын нæма райдыдтой, Цыма цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты. Бадтысты кабинæты, машинæтæм схизæнтыл. Иуæй-иутæ та сæхи дымгæйæ асыччыты фæстæ бамбæхстой. Мæ са- ламæн мын адæмы мыггаг дзуапп ничи радта. Иууылдæр н1ыхъхъус сты, тамако дымынц, Алыбег иуварсырдыгæй лæууьгд æмæ æз дæр уымæ мæхи байстон. — Цы ’рцыди? Тел райстой? — 0. Станцæ æмгъуыдæй раздæр скусын кæнынмæ хъавынц. — Æмæ цы? — Хъуыддаг махæй аразгæ у... Кæсыс, цæйбæрц уæ- зæгтæ æрбаластой, уымæ? Ноджыдæр .ма æрбаласдзы- сты. Уыдон ласт кæд фæуыдзыстæм? Адæм та махмæ кæ- сынц, сæ зæрдæ ныл дарынц!.. Алы бон дæр сын зы- н-аргъ у!.. — Мæнырдæм цы фæдæ? Æз дзы цы аххосджын дæн? — Уый та дын цавæр ныхас у? Æви ды æндæр пад- дзахадæй дæ? Кæнæ хъуыддаг не ’мбарыс? — Хуыцауæй дын ард хæрын, дæ сæры зонд фæ- цыд! —загътон дисхуызæй æз æмæ мæхи иуварс айстон. Уыцы рæстæг æрбацыд автобазæйы хицау Аманжо- лов, æнæдзургæйæ, шофыртæй кæмæдæр йæ тамако ссыгъта. Не ’ппæтыл дæр йæ цæст ахаста. — Афтæ, æмбæлттæ,— сдзырдта уый,— миннстрадмæ тилифонæй сдзурдзынæн ,æмæ нын, чи зоны, æххуысгæн- джытæ æрæрвнтой. Фæлæ ууыл зæрдæдарæи нæй. Цы чындæуа, уымæн мæхæдæг дæр ницыма зонын. — Раст зæгъыс, æ,мбал Амапжолов,— райхъуыст кæйдæр хъæлæс,— ахæм уæзæгтæ аласып æнцон хъуыд- даг нæу. Иу машинæйы дзы дыууæ-æртæ асыккæй фыл- дæр нæ бацæудзæи. Æхсæв-бонмæ сæ. куы ласæм, уæддæр нын уалдзæгæй раздæр иæ фæуыдзысты. — Уый дзы и, уый! — дзуапп радта Аманжолов.— 4 Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд 49
Аласын та сæ æнаамæнг хъæуы. Ныр уал уæ хæдзæрт- тæм ацæут æмæ æмхуызонæй дæр ахъуыды кæнут.—Иæ- хæдæг «газиччы» абадт æмæ ацыд. Махонтæй иу дæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Талынг къуымæй райхъуы- стысты кæйдæр ныхæстæ: — Цæуыннæ? Иу кусартæй дыууæ цармы нæ астигъ- дзынæ. Ууыл раздæр ахъуыды кæнын хъуыди! — йæ бына- тæй сыстад, йæ æрдæгдымд тамако ахуыссын кодтаæмæ йæ машинæмæ араст. Чидæр йæ фарс рахæцыд. Махмæ, дам, адзухдæр аф- тæ вæййы: къуырццæвæнмæ куы бацæуынц, уæд та шо- фыртыл сæ тъæпп фæцæуы, фервæзын нæ .кæнут, сæфæм, зæгъгæ. Иннæтæ дын уый айхъуыстой, цы — фæлæбурд- той йæм: — Уый ахсджиаг хъуыддаг у, Исмаил, ды та æвзæр сылгоймагау даæнгæда цæгъдыс! Æз сæм ниды дзурынмæ хъавыдтæи. Фæлæ æваст мæ зæрдыл æрб’алæууьид, айфыццаг æфцæгыл машинæ сыф- цæйкуы ластон, уыцыхабар æмæта уайтагъд ратæвддæн: — Бир.æ хъуыды йыл ницæмæн хъæуы! — астæумæ рагæпп ластон æз.—Машинæтыл гуыффæтæ бабæттынæп хуыздæр хос ын нæй. Иу дæр дзы йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Иуæй-нутæ мæм суанг се ’ргом дæр нæ раздæхтой. Ахæм ныхас сæрхъæн йедтæмæ никæмæй сирвæзтаид. Джантай сындæггай ныхситт кодта: — Кæсут? — Æз æп йæ хъæлæсæй базыдтон. Лæууын, мæ алыварсмæ афæлгæсын. Хабар сын ра- дзурынмæ хъавын. Фæлæ цавæрдæр дынджыр лæппу асыккæп æрхызт, йе ’рмкъухтæ феппæрста æмæ сæ йæ сыхагмæ авæрдта. Мæ цуры æрлæууыд. Мæ тæрттыл мын фæхæцыд æмæ мæ йæхимæ байвазгæйæ одзырдта: — Æрбаулæф-ма! -— Ха-а! — баулæфыдтæн ын йæ цæсгоммæ. — Æвронг у! — иыддис кодта дæргъуицъ æмæ мцч •мæ тæрттæ суагъта, 50
— Уæд та зопдхъуаг у! — бадзырдта йæм йс ’мбал æмæ дыууæйæ дæр сæ машинæты сбадтысты æмæ ацы- дысты. Иннæтæ дæр æиæдзургæйæ сыстадысты æмæ цæуынмæ рахъавыдысты. Ахæм хынджылæггаг ран ни- куыма бахаудтæн. Фырæфсæрмæй ма суанг мæ худ дæр ныссырх. — Фæлæуут-ма, кæдæм цæут! — шофырты æхсæн сдыууæрдæм дæн.— Æз уын æцæгæй зæгъын. Гуыффæтæ хъæуы. Зæронд шофыртæй мæм иумæстджынæй æрбацыд: — Æз ам шофырæй кусын куы райдъгдтон, уад ма ды æнæхæлафæй цыдтæ. Тянь-Шань дын кафæн фæз нæу. Тæригъæд дын кæнын, фæлæ адæмы ,мауал худæ- гæй 1мар... Адæм мæныл худгæйæ сæ машинæтыл апырх сты. Æз дæр æппæт станцæйыл мæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодтон: — Сымах шофыртæ не ’стут, фæлæ сылгоймæгтæ æмæ уæ -сæрыл сæрбæттæнт.æ б^абæттут! Дзæгъæлы смæсты дæн. Мæ ныхæстæ мæхи ныхмæ рауадысты. Иууылдæр æрлæууыдысты æмæ æмхуызонæй дæр мæ- нырдæм æрбацæйцыдысты. — Цы дæ зæрды ис? Æви искæй бын кæнын дæумæ кæсы? — Ногдзинæдтæм тыриæг! Преми йæ бахъуыд! — пæ фарс фæхæцыд Джантай. Чи цы дзырдта, уымæн ницыуал æмбæрстон. Асыччы- тæм мæ нылхъывтой. Куы мæ ныффæрак кæной, уымæй фæтарстæн æмæ зæххæй иу фæйнæджы гæбаз фелвæс- тон. — Ныртæккæ ма фæпырх ут!—райхъуыст кæйда\о хъæлæс æмæ сæ фæйнæрдæм акалдта. Уый Алыбег уыд. — Сыбыртт дæр уæ макæйуал дзыхæй ссæуæд! — загъта та хъæрæй Алыбег.— Ды та, Илас, бæлвырддæр дзур! Стæй рæвдздæр! 61
— Æмæ ма цы дзурон?— дзуапп радтон тыхулæфт- гæнгæйæ æз.— Цæппæр мыл нал ныууагътой. Æз æфцæ- гыл сыфцæй машинæ фæндаггæсты бæстыхаймæ ластон. Сыфцæй, мæ машипæ йедзаг уыди, афтæмæй. Æндæр мæм ницы зæгъинаг ис. Лæппутæ мæ пыхæстыл пæ баууæндыдысты, фæлæ дзургæ ницы окодтой. — Æмæ йæ баластай? — бафарста æрæджиау дызæр- дыггæнгæпæ чидæр. — О. Долоны сæрты базæмæ, — Уый дын, гъе! —райхъуыст кæйдæр хъæлæс. — Рæйын æм цæуы,—йæ пыхмæ фæлæууыд дыккаг хъæлæс. — Рæйг-æ куитæ фæкæнынц. Джантай мæ йæхæдæг федта. Эй, Джантай, кæм дæ? Зæгъ-ма сын æй! Куыд фембæлдыстæм, уый ма дæ зæрдыл лæууы?.. Фæлæ Джаптай дзуапп нæ радта. Цыма зæххы окъуыды ныххауд, уыйхуызæн æрбайсæфт. Уæвгæ, уæд- дæр уымæ никæй æвдæлд. Быцæу райдыдта. Иуæй-иутæ дзы мæ фарс фосты. Фæлæ сын-пу æнæууæнк æваст сæ зоид иннæрдæм фæфæлдæхта. — Гъер бирæ дзæнгæда цæуыл цæгъдæм! — хъуын- тъызæй райдыдта уый.— Кæмæндæр цыдæр иу хатт бан- тыст æмæ уым диссагæй цы ис? Ахæм хабæрттæиу æмæ дыууæ вæййы? Мах сывæллæттæ не стæм. Ацы фæндагыл гуыффæтæ ласын нæ уадзынц. Стæй дын .амæй фæстæмæ дæр уый бар ничи ратдзæн. Техникæйы æдасдзипады ин- женерæп ма йæ радзур, .кæддæра дын цы зæгъид. Сымах бæсты йæ тæрхондоны раз æрлæууын нæ бафæнддзæн... Уæд «ма ууыл бирæ дзурын цæмæп хъæуы! — Ныууадз, дæ хорзæхæй! — йæ ныхмæ фæлæууыд æндæр.— Гуыффæтæ ласын жуыннæ бауадздзысты? Мæ- нæ Иван Степаны фырт æртынæм -азы тонн æмæ æрдæг чи ласы, ахæм машипæйыл æппæты фыццаг хатт æфцæ- гыл куы ахызт. Уый дæр нæ уагътой. Хицауады æвас- тæй ацыд. Табуафси, мæнæ йæхæдæг цардæгас... 62
— Уыднс ’ахæм хабар,— загъта Йван- Степаны фырт,—фæлæ, æргом дзургæйæ, æз-ацы хъуыддагыл ды- зæрдыг кæнын, уымæн æмæ Долоны æфцæгыл зымæг нæ, фæлæ сæрд да^р гуыффæимæникуы ничи ацыд... Ныр та зымæг у... Алыбег æрдæбонсарæй æиæдзургæйæ хъуыста, фæлæ ныр ныхас йæхимæ айста. — Дарддæр нал быцæу кæндзыстæм. ^Кæд æфцæгыл гуыффæимæ никуьша ничи ахызт, уæддæр ыл ахъуыды кæнын æмбæлы. Æрмæст, Илас, дæ хуызæн нæ: рæвдз- дæр гуыффæтæ бæтгæ æмæ тæхгæ, уымæй ницы рауай- дзæн. Рагацау алцæуыл дæр бæстон ахъуыды ’кæнын хъæуы. Афтид ныхæстæй дæ бон ницы равдиеын бауы- дзæн. Бафæлварæм уал æй. — Æз уын æй равдисдзынæн! —дзуалп радтон æз.— Цалынмæ сымах гуызавæты уацары уат, уæдмæ уыы мæ р-æстдзинад равдисдзынæн! Уæд уæ бауырндзæн! Алчидæр хицæн зондыл хæст у. Хъуа^мæ лæгæы йæ- хыуыл нæ ’бар дæуа, фæлæ алы хатт афтæ нæ вæййы. Æз машинæйыл сбадтæн. ^Æрмæст руль дæр нал æы- къардтон æмæ фæндаг дæр. Мæ масты дзæкъул ыыддымст. Цас фылдæр рæстæг цыд, уыйбæрц мæхимæ æгадæй- æгаддæр кастæн. Нæ, цыфæыды куы фæуа, уæддæр сæ æз мæ ныхæстыл баууæыдын кæндзынæн. Адæймагыл не ’ууæндын, худын æмæ йыл былысчъилтæ кæньгн цы у, уый уын æз равдисдзынæн, фæлæуут. Алыбег дæр уыдо- нæй бирæ дарддæр нæ ацыд. Мæ зæрдæ йыл тынг фæ- худт: ахъуыды, дам, хъæуы, бацæттæ кæнын, бафæлва- рьгн! Уый зондджын у> хъавгæйæ архайы! Мæн уыдон мур дæр ницæмæн хъæуынц! Кæддæра уе ’ппæтæн дæр уæ фындзтæ нæ амæрзин! Машинæ гаражы сæвæрдтоп, фæлæ ма йемæ бирæ фæцархайдтон. Мастæй мæ дыууæ хъуомæ уыдтæн. Мæ зæрды уыдис æрмæстдæр иу хъуыды: гуыффæимæ æф- цæгыл ахизын. Дуне иннæрдæм <куы афæлдæхтаид, уæд- 63
дæр уыцы хъуыддагæн ныууадзæн ннцыхуызы уыд. Фæ- лæ гуыффæ кæм ссароп? Уыцы хъуыдытимæ кæрты къуьшты зылдтæн. Бана- фон. Цырагъ ма сыгъд æрмæстдæр диспетчеры уаты. Æз æрлæууыдтæи: днспетчер! Диспетчеры боп алцыдæр у! Абон, æнхъæлдæн, Кадичайы рад у. Уый поджы хуыз- дæр. «Нæ» мын не ефæраздзæн. Хъуамæ мæ ныхмæ ма ’рлæууа. Æппынфæстаг, фыдгæнæджы фæндаг, миййаг, куынæ равзæрстон. Баххуыс мын кæидзæн, æппæтæн дæр пайда чи фæуыдзæн, ахæм хъуыддаджы. Дпспетчеры уаты цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ сæры феззæрд æнæнхъæлæджы хъуыды: ацы къæсæрæй рагæй пал бахызтæн. Мæ хъуыддæгтæ ипнæтау æз дæр ру- дзынгæй арæзтоп. Цæмæдæр гæсгæ фæуыргъуыйау дæн. Дуар байгом, Кадича лæууыд къæсæргæрон. — Тынг æхсызгон мæ хъæуыс, Кадича. Цы хорз у, (кæй (ма дæ æрбаййæфтон, уый. — Æз цæуынмæ куы хъавыдтæн. — Цом, уæхимæ дæ бахæццæ кæндзыиæн. Кадпчайы æрфгуытæ хæрдмæ фæцыдысты, æнæууæнк каст мæм æрбакодта æмæ ныххудт: — Цом. Мах рацыдыстæм. Уыпджы уыди талынг. Цадæп хъуысти уылæнты уынæр, дымдта уазал дымгæ. Кадича мып мæ цоигыл фæхæцыд, дымгæйæ æмбæхсгæйæ мæм йæхи æрбалхъывта. — Уазал дып у? — бафарстон æй æз. — Дæуимæ мæм пæ бахъардзæн,— мæ хъазæн ныхас -мын бамбæрста Кадича. Чысыл раздæр дæр ма фыртыхстæн цы фæуыдаин, уый нæ зыдтон, фæлæ -мын ныр цæ-мæдæр гæсгæ фен- цопдæр. — Райсом цафон кусыс, Кадича? — Фæссихор. Цы кæныс? — Ахсджиаг хъуыддаджы тыххæн мæ демæ аныхас кæныи фæнды. Дæуæп аразгæ у... 54
Раздæр мæ сдзырд дæр нæ уагъта. Æз мæ тых-мæ бонæй архайдтоп. Цæхгæрмæуынджы цырагъ кæм сыгъд, уым æрлæууыдыстæм. — Ныууадз дæ мптæ, Илас,— одзырдта уыцы тыхст- хуызæй Кадича æмæ мын мæ цæстытæм ныккаст.— Ба- рæй дæхи фыдбылызы æппарыс! Кæд цыфæнды дзырдта, уæддæр æн бамбæрстон, мæ фæндыл кæй сразы уыдзæп. Æз ып йæ къухыл фæхæ- цыдтæп: — Мæныл не ’ууæндыс? Æппындæр мацæмæй тæрс. Бафидыдтам? Кадича арф ныуулæфыд: — Цы бакæнон, дæ ныхмæ ’рлæууын мæ боп нæу! — æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта... Æз ын фырцинæй æрбахъæбыс кодтон. — Лæг дæ, æмæ — дæхæдæг, Кадича! Цæй, хæрзæх- сæв. Рапсом фембæлдзыстæм! — Йæ ,къух ын фидар нылхъывтон.— Гæххæттытæ иууылдæр изæрмæ рæвдз куыд уой, ууыл бацархап, бамбæрстай? — Фæсте дæ исчи суры, ’кæдæм тæхыс? — сдзырдта уый, мæ къух йæ къухы даргæйæ. Стæй æнæнхъæлæджы фæзылд.— Цу, уæдæ... Ахсæв æмдзæрæпы уыдзынæ? — 0, Кадича! — Хæрзæхсæв! Дыккаг бон уыдис машинæты техникон цæттæдзинад- мæ кæсæн бон. Автобазæйы адæм тыхстысты: лæгæн нæ уд йæ хъуырмæ куы схæццæ вæййы, ацы инспектортæн дæр уæд æнæфæзыигæ нæй. Уыимæ чысыл иицæпы тых- хæй дæр акт аразынмæ фæвæййынц. Адæймаг сæ сфæл- /мæцы, хурхæй йæ амарынц. Фæлæ уыдонмæ цы хъары! Мæ машинæмæ ницæмæй мæ зæрдæ æхсайдта. Уæд- дæр сæм хæстæг нæ цыдтæн. Цыма йæм зилинæгтæ ис, уый- хуызæп мæхи дардтоп. Цалынмæ Кадича кусынмæ рапы- даид, уæдмæ мæ мæхи истæуыл ирхæфсып хъуыд. Мемæ дзурынвæпд никæмæ уыд, зноны хабæрттæ мын мæ цæст- мæничи бадардта.Æз мæхæдæгдæр зыдтон, адаемы мæн- 05
мæ кæй не ’вдæлд: алчидæр архайдта инслектортæй фервæзыныл æмæ тагъддæр машинæтысбадыныл, уымæн æмæ æнæуи дæр, æнхъæлмæ кæсгæйæ, бирæ рæстæг фесæфтой. Мæнæн та мæ маст мæ риуы æмдымбылæй лæууыди. Мæнмæ рад æрхауд фæссихор. Инспектортæ ацыды- сты. Иу змæлæг никæцæйуал зынд. Бæстæ ныссабыр. Кæрты (мидæгоз лæууыдысты гуыффæтæ. Хæстæг балцы- ты-иу дзы иуæй-иу хатт быдырон фæндæгтыл дæр пайда кодтой. Иу дзы мæхицæн равзæрстои. Уæвгæ иннæтæй æидæрхуызон нæ уыд. Хуымæтæджы гуыффæ, цыппар цалхимæ. Афтæмæй мын уыйфæстæ цæйбæрц ма- сты хос фæци. Уæд нæма зыдтон, цы фыдбылызтæ мæм æихъæлмæ кæсы, уый æмæ æнцад-æнцойæ мæхицæн æм- дзæрæнмæ цыдтæн. Мæхи хъуамæ хорз федтаин, стæй зæрдæйы фæндиаг мæ фæллад суагътаин, уымæн та фы- пæйæ хуыздæр хос нæ уыд. Фæлæ мæм, марадз-зæгъай, кæд хуыссæг хæстæг æрцыд. Мæ сынтæджы фæрафт-бафт кодтон. Талынггæрæтты автобазæмæ æрбацыдтæн. Кадича йæ «уысты уыди. Алцыдæр рæвдзæй æрбай- йæфтон. Мæ гæххæттытæ райстон æмæ гаражмæ атын- дзыдтон. Ныр ма уæ мæ бар бауадз! Машинæ разылд- тон æмæ йæ гуыффæмæ батардтон. Мотор сабыргай кусгæйæ ныууагътон, рахызтæн, мæ алыварс ахъахъхъæд- тон. Никуы æмæ ничи. Хъустæ ахстой æрмæст цалцæг- гæнæн æрмадзы станокты хъæр æмæ цады уылæнты уы- нæр. Арв цыма сыгъдæг уыд, афтæ зынд, фæлæ йыл иунæг стъалы дæр нæма ссыгъд. Мæ тæккæ цур мæ ма- шинæйы сабыр уынæр хатын, стæй хъусып мæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп. Тамако ссудзынмæ хъавыдтæн, фæлæ мæ бапъироз иуварс фехстон, уый фæстæ бадымдзынæн, зæгъгæ. Æрбацæуæны мæ дуаргæс баурæдта: — Фæлæуу-ма, кæдæм цæуыс? — Уæзæгтæ æвгæныпмæ,— загътон æз сабыргай,— Мæнæ дын гæххæтт. Бар лæвæрд мьгн ис. §6
Зæроид лæг гæххæтмæ кæсы, фæлæ йын цырагъь1 рухсмæ ницы æвзары. — Ма мæ фæстиат кæн!—нал æм фæлæууыдтæн æз. —Куыст мæнмæ не ’нхъæлмæ кæсы. Уæзæгтæ сæвæрдтон æнæкъуылымпыйæ. Уæгъд бы- нат мын дзы нæ баззад. Дыууæ асыччы — мæхи гуыф- фæйы, дыууæ та —сыфцæй ласгæ гуыффæйы. Ничп мæм ницы сдзырдта. Æз ма мæхинымæр дисы дæр бацыдтæн. Стыр фæндагмæ куы рахызтæн, æрмæстдæр уæд сдымд- тон. Бæстондæр æрбадтæн, цырæгътæ ссыгътон æмæ фæ- цагайдтон. Æхсæвы тар цырæгъты рухсæй фæйнæрдæм лыгъди. Фæндагыл цъиуызмæлæг нæ уыд æмæ мæ куыд фæндыд, афтæ скъæрдтон. Машинæйыл цыма уæлдай уаргъ нæ уыд, уыйхуызæн рогæн згъордта. Раст зæгъ- гæйæ-иу мæ иуæн-иу хатт фæзилæны тæссармæ фæцæй- хаста æмæ мын-иу уæд здахынмæ дзæвгар фæзындæр, фæлæ уый — æнахуырæй; мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон, фæцалх уыдзынæн, зæгъгæ. «Сар мын дæ сæр «æны, До- лон! Сар мьгн дæ сæр кæны, Атбаши!» — ныхъхъæр код- тон æз æмæ рулыл ныггуы’быр дæн, цьгма бæхæн уайгæ- уайын йæ рохтыл хæцыдтæн, уыйау. Цалынмæ фæндаг лæгъз уыд, уæдмæ тагъддæр цæуыныл архайдтон. Æм- бисæхсæвмæ хъуамæ Долоны фæхæрдгæнæнмæ бахæццæ уыдлин. Рагацау куыд скъæрынмæ хъавыдтæн, уымæй ма ноджы тагъддæр дæр акъæрдтон. Æрмæст хæхтæм куы бахæццæ дæн, уæд мæ сындæгдæр цæуын бахъуыд. Ома мотор лæмæгъ уыд, уый тыххæй нæ. Фæхæрдгæнæнтæ мæ уыйбæрц нæ къуылымпы кодтой. Фылдæр рæстæг уыр- дыпмæ цæугæйæ сæфтон. Гуыффæ-иу бынмæ цæугæйæ сдыууæрдæм, дзыгъал-мыгъулгæнгæ-иу йæхи машииæйыл рауагъта æмæ-иу æй фæрсырдæм фæцæйхаста. Раздæр хъæддых лæууыдтæн, цыма йæ нæ хатын, уыйхуызæн мæ- хи дардтон. Фæлæ куыдфæстæмæ тынгæй-тынгдæр код- та æмæ мæнæн дæр мæ маст фыцын райдыдта. Фæндагыл цал фæхæрдгæнæны æмæ уырдыджы ис, уыдон нымад 57,
чи фæуыдзæн! Æз уæддæр маахи ньгффидар кодтоы. Æп- пындæр ницæмæй тарстæн, фæлæ куыдфæстæмæ тыхтæ ихси’йын райдыдтой. Хъæддыхдæр фæлæуу. мæнæй уып— зæрдæтæ æвæрдтон мæхицæн. Æфцæг’-мæ схизæны мæ фæллад суадздзынæн. Долоны сæрты та æнæахпзгæ назй. Фæззæджы машипæ мæ фæдыл сыфцæп куы ла- стон, уæдимæ абаргæйæ мын ныр зындæр цæмæн уыд, уымæн пицы ’мбæрстон. Æфцæгмæ бирæ нал баззад. Комы-иу машинæйы цы- рæгътæ хохрæдзæгъдтыл ферттывтой, фæндаджы сæр- мæ-иу разындысты митæмбæрзт къæдаæхтæ. Мит ставд тъыфылтæй уарын райдыдта. Æз раздæр афтæ фен- хъæлдтон, уæле сæ рындзæй дымгæ рамарзта, зæгъгæ, фæлæ рудзынджы авгыл афтæ тыпг пыхæстысты æмæ-ма мып уыйфæстæ цы базопын хъуыд, æцæгæй дæр мит уа- рын кæй райдыдта, уый. Мит уыдпс допæмхæццæ. «Гъер ма дæу хъуяг уыдтæн!» — бахъуыр-хъуыр кодтон мæхи- нымæр æз. Рудзынгсæрфæнтæ скуыстой. Æфцæджы фыццаг фæхæрдгæнæнтæ райдыдтой. Мо- торы зопгæ зарæг райхъуыст. Уæззау фæидагыл ын æдзухдæр ахæм хъæлæс вæййы: иугæндзон тæригъæддаг. Уæдмæ фæуæле стæм. Ныр та нæ дзæвгар рæстæг уыр- дыгмæ цæуын бахъæудзæн. Руль мæ къухты сдыууæр- дæ-м. Æнæфæстæмæфæкæсгæйæ дæр æмбарын, сыфцæй ласгæ гуыффæ куыд скатан, уып. Куы машинæныл йæ- хи ныццæвы, куы та мæ тæссармæ фæцæйхæссы. Ноджы 1мын пæ æнахуыр уынæр мæ тых сæтты. Мæ фæсонтæ сриссынц, ме ’уæхсчытæ сдудынц. Цæлхытæ уромæнты «оммæ нал кæсынц, ногуард митыл нывыл пæ хæцыиц. Машипæ фæрсырæм фæбыры, æнæхъæнæй дæр змæлы, руль мып мæ къухтæй скъæфы, афтæмæй фæндагыл ныц- цæхгæрмæ, йæ цæлхытæ ривадæй зилынц. Æз æй пннæр- дæм фæзылдтон æмæ æрлæууыдтæн. Дарддæр мæ бон цæуын нал у, мæ хъарутæ фесты. Цырæгътæ æмæ мотор ахуыссып кодтон. Мæ къухтæ ницуал æмбарынц, цыма мæхицæй не ’сты. Кабииæйы мæхи фæстæуæз ауагътон 58
æмæ мæм мæ хæр-хæрæмхæццæ улæфт райхъуыст. Аф- тæ ’иуцалдæр минуты абадтæн, ме ’муд æрцыдтæн, тама- ко сдымдтон. Ныр — талынг. Цæсты къух атъысс, уæд æй нæ федтаис. Æрмæстдæр кабинæйы зыхъхъыртæй æр- байхъуысы дымгæйы æхситт. Дарддæр цы уыдзæн, ууыл ахъуыды кæнынæй тæрсыи, уымæн æмæ фæндаг разæй «оджы æззæрдæр у. Мотор дæр хурхæй амардзынæн, стæй мæхи дæр. Фæндаг — æмхæрд, къæдз-мæдзытæ. Уæвгæ мын бирæ рахъуыды-бахъуыдыйæп рæстæг нæй. Мит тынгæй-тынгдæр уары. Мотор окусын кодтон. Машинæ уынæргъгæ йæ бына- тæй фезмæлыд. Фыртыхстæй мæ дæндæгтæ нылхъывтон, суанг ма-иу мæулæфт дæр ныуурæдтон, афтæмæй иу фæ- зилæнæй иннæмæ цыдтæн. Æрæджиау къæдз-мæдзытæ фæсте аззадьгсты. Ныр та мæ æмуырдыг цæуын хъæуы. Фæндаггæсты бæстыхаймæ фæзилæны онг лæгъз у. Уый- фæстæ ма дзы иу фæхæрдгæнæн ис æмæ уæд æфцæг фæ- сте аззад. Тыххæй-фыдæй дæлæмæ æрхæццæ дæн. Æм- раст фæндаг уыд иу-цыппар километры æмæ, мæ бон цас уыд, машинæ уыйбæрц тынг аскъæрдтон, уæлбылмæ æнцондæрæй куыд схизон, афтæ. Фæцæуы, фæцæуы, но- джыдæр 1ма... Машинæ лæгъзыл цы стырыпдз, уый йын бирæйы фаг не ’сси. Иæ цыд æрмынæг. Мæхи бадæныл фæстæмæ алпаэрстон æмæ рулыл иыззæгæл дæн. Мигъты скъуыдтæй мæм разындысты стъалытæ. Машинæ нæ бы- натæй нал эмæлы. Цæлхытæ уæгъд зылд кæнын райдыд- той, иуварсырдæм мæ фæхæссынц. Акселератор йæ тæк- кæ къубалмæ нылхъывтон. — Цæй, иугыццыл-ма! Бирæ дæ нал хъæуы! Хъæд- дых фæлæуу! — ныхъхъæр кодтон æнахуыр хъæлæсæй. Мотор раздæр ивазгæ хъæрзыд, уыйфæстæ йыл зыр- зыр бахæцыд, стæй цалдæр хатты ферхæцыд, æмæ ахуыссыд. Машинæ сабыргай сыдз-мыдзы ратылд. Уро- мæнтæ дæр ын нал æххуыс кодтой. Гуыффæны уæз æй фæстæмæ ласта æмæ ласта. Æрæджиау къæдзæхыл йæхи сцавта æмæ дзыхълæуд фæкодта. Бæстæ ныссабыр. Æз 09
дуар рассыдтон æмæ кабинæйæракастæн. Мæхæдæг дæр уымæй тарстæн. Æнæбайрайгæ дæ счындæуа! Гуыффæ фæндаггæрон къанаугонды ныххауд. Ныр ын раласæн ницыуалхуызы ис. Мæ маст мæ хъуырмæ схæццæ, афтæ- мæй мотор скусын кодтон æмæ размæ аггуырсыныл ацархайдтон. Цæлхытæ цъилау ныззылдысты, машинæ йæ бынатæй ацæуыныл афæлвæрдта, фæлæ йын нæ бан- тыст. Æз фæндагмæ æргæпп ластон, гуыффæмæ бауад- тæн. Иæ цæлхытæ арф аныгъуылдысты. Ныр цы чын- дæуа? Æппындæр ницуал æмбæрстон, афтæмæй цæхæр- тæ .калгæ гуыффæмæ фæзылдтæн æмæ йæ архайын мæ къухæй фесхойыныл, сынæгæй дæр æй сцæвын. Стæй та йæ бынмæ бахызтæн, сырдау ныббогъ !кодтон> мæ сæры тугдадзинтæ дæр ,ма фæцæйтыдтой, афтæмæй йыл ме ’уæхскæй мæ тых-мæ бонæй схæцыдтæн, кæд æй фæндаг- мæ ратулин, зæгъгæ, фæлæкæцæй. Æдых, æиæхъаруйæ дæлгоммæ цъыф зæххыл æрхаудтæн аэмæ фырмæстæй ныккуыдтон. Уыйфæ’стæ сыстадтæн. Цудгæ-цудгæ ^маши- нæмæ бацьгдтæн æмæ кабинæмæ схизæныл æрбадтæн. Дардæй мæм æрбайхъуыст моторьг уынæр. Дыууæ цырагъы уырдыджы лæгъз фæндагыл æрцæйцыдысты. Уыцы шофыр чи уыд, æмбисæхсæв æй хъысмæт кæдæм æмæ цæмæн сырдта, уымæн ницы зыдтон, фæлæ дзы æз фæтарстæн, цæмæндæр мæм афтæ фæкаст, цыма уыцы рухсытæ мæ фæдыл зилынц æмæ мæ æнæмæнг æрцахс- дзысты. Хуыснæгау гуыффæйыл (мæхи ныццавтон, м-аши- •нæйæ йæ феуæгъд кодтон, кабинæйы смидæг дæн æмæ фæндагыл хæрдмæ фæцагапдтон. Гуыффæ уым ныууагъ- тон. Цыдæр æнахуыр тас мæ фæдыл бафтыд. Афтæ мæм каст, цыма гуыффæ мæ фæстæ цæуы æмæ мæ ныртæккæ æрбаййафдзæн. Мæ .машинæйы тахтыл нæст нæ хæцыд. Фæндæгтæ хорз нæ зыдтон, зæгъгæ,—былæй мын æнæас- хъиугæ ницы хуызы уьгд. Сæумæдæвдæгæй базæйы балæууыдтæн. Æррайау дуар ныххостон. Дуар байгом. Асельмæ кæсгæ дæр нæ 60
бакодтон, афтæмæй мидæмæ бахызтæн. Къахæй сæрмæ цъыфæй нал зындтæн. Мæ тыхулæфт хъуыст. Цыдæр хуылыдзыл æрбадтæн. Уыдон ногæхсад дзаумæттæ уы- дысты бандопыл. Бапъирозтæм мæ дзыпмæ нывнæлдтон, æнæнхъæлæджы мæ машинæйы дæгъæлтæ систон. Иу- варс сæ фехстон, мæ сæр риуыл æрхауд æмæ уыцы тых- саст æмæ чъизийæ цавддурау æндзыгæй баззадтæн. Асель стъолы уæлхъуе бæгъæввадæй лæууьгди. Цы йын загъ- таин? Дæгъæлтæ систа æмæ сæ стъолыл æрæвæрдта. — Дæхи æхсыс? Хъарм дон дзы ис,— сабыргай загъ- та Асель. Æз сындæггай мæ сæр хæрдмæ оистон. Асель 1мæ уæл- хъус айдагъ хæдоны лæууынæй б.аргъæвст, йæ чысыл къухтæ йæ риуыл сæвæрдта. Йæ тарст щæстытæ мæм сагъæсхуызæй кастысты. Зын сын уыд, ахæм уавæры мæ кæй уыдтой, уый. — Æфнæгыл мæ гуыффæ нынныхст,— сдзырдтон æз æцæгæлон фæл^маст хъæлæсæй. — Цавæр гуыффæ? — Нæ мæ бамбæрста. — Æфоæйнаг, кæрдæгхуыацъæх» йæ но,мыртæ 02-38! Цавæрфæнды дæр уæд, цы уæлдай у! —ныхъхъæр код- тон æз.— Ащавтон æй, æмбарыс! Адавтон! Асель сынтæджы кæрон æрбадт. — Цæмæн? — Цы цæмæн? — кæй мæ не ’мбары, уый мын мæ мастыл цæхх кодта.— Æфцæгыл гуыффæимæ ахизынмæ хъавыдтæн! Бамбæрстай? Мæ лæгдзинад æвдыстон... Æмæ йæ равды’стон!.. Æз мæ цæсгом мæ армытъæпæнтæй амбæхстон. Иу- цасдæр рæстæг дыууæйæ дæр хъусæй лæууыдыстæм. Уа- льшмæ Асель тагъдгомау фестад æмæ йæ дзаумæттæ кæ- нынмæ фæци. — Æнцад цы сбадтæ? — тызмæгæй сдзырдта уый. — Уæдæ? — бахъуыр-хъуыр кодтон æз. — Автобазæмæ аздæх. — Куыд? Æнæ гуыффæйæ? 61
— Хабар сын радзурдзынæ. — Ницы хуызы! — срæцыгътон æз æмæ уаты сдыу- уæрдæм дæн.— Цы цæсгомæй баласдзынæн гуыффæ? «Бахатыр мын кæнут, фæрæдыдтæн!» Мæ зонгуытыл æр- хауон, лæгъстæмæ сын фæуон? Уый нæ уыдзæн! Цы сæ фæнды, уый кæнæнт. Æппыпдæр мæм никæцæй зыны! Мæ хъæр’мæ сынтæджы сывæллон райхъал. Скуыдта. Асель æй йæ хъæбыомæ систа. Йæ куыд ноджы фæтынг- дæр. — Ды тæппуд дæ! — оабыргай, фæлæ хъæддыхæй загъта Ассль. — Цы загътай? — цы фæдæн, уымæн ницуал бамбæр- стон, афтæмæй йæм балæбурдтон. Мæ тымбылкъухæй йæм февзыстон, фæлæ йæ ныццæвынмæ ’мæ ныфс нæ бахастон. Йæ тарст цæстæнгао мæ баурæдта. Йæ цæсты гагуыты ауыдтон мæ тасæфтауæг, зылын цæсгом. Иув1арс æй знæт ассыдтон æмæ æддæмæ фæцæуæг дæн. Къæсæрæй ахызтæн æмæ дуар мæ фæстæ уыцы мæсты гуьшп ньгккодтон. Уынджы бынтон æрбарухс. Боны рухомæ мæм мæ дысоны хабæрттæ ноджы ирддæрæй разындысты. Иунæг хъуыды уал м’æ сæр ахста: м>ашинæйы цы уæзæгтæ уыд, уыдон уæддæр аласын хъæуы бынатмæ. Дарддæр цы уы- дзæн, уымæн ницыма зыдтои. Фæстæ^мæ цæугæйæ н’æхимæ нæ баздæхтæн. Аселимæ кæй фæхыл дæн, уый тыххæй нæ. Æппындæр мæ цуры куы ничи уыдаид, уьгй мæ фæндыд. Иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæнæн ахæм заман иупæгæй æнцоыдæр вæййы. Тыхстæй мæ куы ничи уыпа, уæд мæм хуыздæр кæсы. Кæй хъæуы дæ мæт, дæ сагъæс? Бафæраз, цалынмæ дæ маст байсыса, уæдмæ. Фæндагыл æрцæуæг адæмы хæдзары бахсæвиуат кодтон. Диссаджы фын федтон. Цыма æфцæгыл гуыффæ агуырдтон. Фыдфын. Йæ фæдтæ йын уынын, фæлæ йын йæхи соарын мæ бон нæу. Тыхсын, адæмы фæрсын, цы фæци, чи йæ ’аладта, зæгъгæ,,, 62
Фæстæмæ куы здæхт&н, уæд æцæгæй дæр гуыффæ йæ æнæхайыры бынаты нал разынд. Уыйфæстæ пæ базыд- тон: Алыбег æй автобазæмæ æрбаласта. Иæ фæстæ æз дæр æрбацыдтæн. Мæлæты сау ныд- тæн ацы фæстаг бонты. Кабинæйыл сагъд кæоæнмæ ба- кастæн æмæ мæхп нал базыдтон. Автобазæ уыди раздæры хуызæп. Кæд дзы исчи йæхи æцæгæлон хуыдта, уæд уый æз. Мæ машинæ уыцы æнæ- уынæрæй кулдуармæ батардтоп, кæртмæ дæр афтæ хъуы- зæгау бацыдтæн. Гаражæн йæ тæккæ рæбинаг къуымы æрураедтон. Кабинæйæ дæр æваст нæ рахызтæн. Мæ алы- варс ахъахъхъæдтон. Адæм сæ куьгст ныууагътой æмæ мæнмæ ныккастысты. Ахæм зонд мæм æрцыд, дæ маши- нæ фæстæмæ раздах æмæ йæ аокъæр, кæдæмдæриддæр дæ фæнды, уырдæ’м. Фæлæ м-а мын цы гæнæп уыд, æмæ æз дæр кабинæйæ рахызтæн. М«æ хъарутæ амбырд код- тон æмæ кæрты астæуты диспетчеры уатмæ ар^аст дæн. Цьша ницы ’рцыд, мæхи уыйхуызæп дарыныл ^архайдтоп, фæлæ хъуыддаг æцæгæй афтæ иæ рауад. Зыдтон æн, иу- уылдæр мæм кæй ныккастысты, сæ тызмæг цæстæнгас сын æнæуынгæйæ дæр хатьгдтон. Ничи мæм дзы ницы сдзырдта, салам дæр мын ничи радта. Уæвгæ уыдоны бынаты æз дæр, æвæццæгæн, мæхи афтæ дардтаин. Къæсæргæрон мæ къая окъуырдтон. Уыцы сахат æр- баимысыдтæн Кадичайы æмæ мæ зæрдæ срæхуыота. Уьш дæр ма фыдбылызы баппæрстон. Тыргъты къулыл стыр даадгъæтæй фыстæй ауыдтон молния-гæххæтт «Худииаг». Йæ бынмæ йын спывчын- дæуыд гуыффæ. Хæхты фæндаггæрон цæхгæрмæ лæу- уьгд... Æз иннæрдæм азылдтæн. Мæ цæсгом мьга цыма исчи ныццавта, уыйхуызæн сыгъди. Диопетчеры уатмæ бацыд- тæн. Кадича кæимæдæр тилифонæй дзырдта. Мæн куы ауыдта» уæд хæтæл æрæвæрдта. — Ай-с æй!—стъолмæ баппæрстон уыцы æнæхайы- рьг путевкæ. 63
Кадича мæм тæригъæддаг каст æрбакодта. Загъд, за- мана куы сиса, йæ кæуындзæг куы фæкъæртт уа, уымæй йын фæтарстæн æмæ м æхиным æр скуьгвтон: «Æндæр хатмæ йæ аргъæв, ныртæ’ккæ нæ хъæуы, курьн дæ, дæ- хиуыл фæхæц!» Æмæ мæ бамбæрста. Иу ныхас дæр йæ дзыхæй нал схауд. — Хъæлæба дзы уыдп? — сындæггай йæ бафар- стон æз. Кадича «уыди», зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Хъуыды дæр æй ма кæн! — сдзырдтон æз æнæба- рыгомау зæрдæ авæрьшы тыххæй. — Траосæйæ дæ систой»—загъта уый. — Систой? Бынтондæр? — зулаив мидбылты бахуд- тæн. — Бынтондæр сæ зæрды уыд, цалцæггæнджытæм дæ арвитынмæ хъавыдысты, фæлæ лæппутæ дæ фарс рахæ- цыдысты... Хицаумæ бауай, дзырдта дæм. — Нæ сæм бацæудзынæ’н! Æнæ (мæн бауынаффæ кæ- нæнт. Фæсмон мæм не ’рцæудзæн... Æз уатæй рахызтæн. Уæнтæхъилæй тыргъты араст дæн. Чидæр мæ комкоммæ æрбацæнцыд. Æз йæ иувæр- сты ахизынмæ хъавыдтæн, фæлæ мын Алыбег мæ фæндаг æрæхгæдта. — Фæлæуу-ма, фæлæуу! — къуыммæ мæ батардта Алыбег. Мæ цæстытæм мын комкоммæ ныккаст æмæ мæстджын хъæлæоæй сдзырдта: — Цæй, куыд у,хъæба- тыр? Куыдзы хъæвдын кæй дæ, уый равдыстай? — Хуыздæр цæмæй уа, ууыл архайдтон,— бахъуыр- хъуыр кодтон æз. — Сайыс! Фесгуыхынмæ хъавыдтæ! Иунæгæй! Æр- мæстдæр дæхи гуылы бын æндзæрстай. Ныр дæу тыххæй замманай хъуыддаг бабын. Кæй ма бауырндзæн, æфцæ- гыл гуыффæимæ ахиз-æн ис, уый? Хуырым! Æндæр искæй, чи зоны, æмæ уыцы ныхæстæ сагъæ- стыл бафтыдтаиккой, фæлæ мæнæн уæлдай нал уыд: ни- цы мæм дзы бахъардта, мæ сагъæс уыд, цæсты кæй баф- 64
тыдтæн, аормæст ууыл. Дæхи гуылы бын, дам, æндзæр- стай, адмæ, дам» бæллыдтæ, фесгуыхынмæ, дам, хъа- выдтæ. Уый раст нæ уыд! — Иуварс! — аосыдтош Алыбеджы.— Æ-нæ дæу дæр мастæй >мæ дыууæ хъусмæ дæн- Кæртмæ рахызтæн. Уазал, буары нпнæрдæм хъараг дымгæ мптфæлдзæгъдæн кодта. Адæм мæ иувæрсты цы- дысты, иууылдæр мæм тигъмæ кастысты. Цы хъуамæ са- рæзтаин? Мæ тымбыл’къухтæ мæ дзыппы фæцавтон æм-æ уынгмæ «мæ ных сарæзтон- Цъыфдзæстытæ ныссалдысты æмæ сæртæг их къ’æхты бын цъæл кодта. Тавотæйдзаг банкæйыл фæцæйкалдтæн. Мæ тых-мæ бонæй йæ къахæй ныкъкъуырдтон æмæ .кулдоуарыл атахт- Æз дæр йæ фæ- дыл ацыдтæн. Бон-аауизæр|Мæ уынгты æнæоæрфат лекка фæкодтон- Наулæууæнмæ дæр бацыдтæн. Цъиуызмæлæг дæр дзы нæ уыд. Иссык-Кулы дымдта уад. Знæт уылæнтæ былгæ- роны сыфцæйласгæ науты хостой- Уыйфæстæ хæрæндоны февзæрдтæн. Мæ разы фынгыл уыдис арахъхъы авг æмæ тæбæгъы цыдæр ахуыйæн. Фыццаг агуывзæйы фæстæ фæкъуырмагонд дæн æмæ 1м(æ'къæхты бынмæ гуьимыдза каст кодтон. — Дæ фындз цы ’руагътай, сахъгуырд?—мæ тæккæ цурæй райхъуыст кæйдæр хъæлæс- Æнæбарыгомау мæ сæрыл схæцыдтæн. Кадича. — Иунæгæй дæ хъуыры нæ цæуы? — бахудт йэе мид- былты æмæ мæ фарсмæ æрбадт.— Уæд иумæ баназæм! Кадича дыууæ пуазæны рауагъта- Иу дзы мæ цуры æрæвæрдта. — Райс! — одзырдта уый <æмæ мæм йæ цæст æрны- къуылдта, цыма ардæм нæ зæрдæйы дзæбæхæп абадып æмæ бануазыны тыххæй æр-бацыдыстæм, уыйау. — Æрцардтæ? — бафарстон æй æз мæстыхуызæй. — Уæдæ мæхи дæр цæуыл амарон? — Дæуимæ мын æппындæр ницæмæй тас у, Илас! Æз дын хъæддыхдæр æнхъæл уыдтæн. Сæфт, дыууæ сæфты! — сабыргай ба- 5 Мæ сырхсæрбæттæнджын рæсугъд 65
худт, хæстæпдæр мæм æрбабадт, йæ нуазæн мæ агуыв- зæйыл æрбанъуырцц кодта æмæ мæм йæ сау-сауид рæв- даугæ цæстытæй ньжкаст. Нæ нуазæитæ апызтам. Æз сдымдтоп. Цыма мын иу- чысыл фенцондæр, абон фыццаг хатт мæ мидбылты ба- худтæн! — Лæг дæ, æмæ лæджы мнтæ кæныс! — загътон æз æмæ йын йæ >къух нылхъывтон. Уыйфæстæ уынгмæ рацыдыстæм. Æрталынг. Цадæй дымдта, æмæ бæлæстæ æмæ цырæгътæ змæлыдысты. Зæхх мæ быны зылди. Кадича мæ дæларм бацыд æмæ мæ хауын нæ уагъта. Ме ’ф^цæггот дæр ма мын сфæлдæх- та, суазалæй мын тарст. — Дæ разы аххосджын дæп, Кадича! — сдзырдтон æз. Иуæй дзы азьшджын уыдтæн, иннæмæй та — буз- ныг-— Фæлæ дæ æфхæрын никæмæн бауадэдзынæн... Мæ- хæдæг дзуапп ратдзынæн... — Уый тыххæй мауал дзур, мæ ахсджиаг! —сдзырд- та Кадича.— Æнæнцой адæймаг дæ- Æдзухдæр абухыс. размæ лæгæрдыс, .мæнæн та маст у. Æз мæхæдæг дæр ахæм уыдтæн. Цард зын аййафæи у. Цæуыл дзы хæст кæныс, уый æгъгъæдыл нымай... Дæ хуыцауы хайы ма къах!.. — Цазмæн афтæ зæгъыс? — йæ ныхмæ фæлæууыдтæн æз, уыйфæстæ ахъуыды кодтон æмæ загътоп: — Чи зо- ны, æмæ ды раст дæ... Кадича кæм цард, уьщы хæдзары дуар’мæ æрлæууы- дыстæм. Рагæп дæр иунæлæй цардис. Цæмæдæр гæсгæ йæ лæгæй ахицæн. — Æрбахæццæ дæн,— загъта Кадича. Æз барæй сындæг кодтон, нæхимæ (нæ цыдтæн. Цы- ма нæ кæрæдзпуыл цыдæр баста, афтæ мæм каст. Стæй мæ ацы хуызæнæй æмдзæрæнмæ цæуыи дæр пæ фæндыд. !Рæстдзпнад хорз у, фæлæ, иуæй-пу хатт æгæр карз вæй- ■йы æмæ адæимагмæ йæ иувæрсты ацæуын хуыздæр фæ- кæсы. 66
— Дæхимæ хъусыныл цы фæдæ, мæ удлæууæн? — бафарста мæ Кадича.— Бафæлладтæ? Æви дæ дард цæ- уын кæй хъæуы, ууыл тыхсыс? — Мур дæр мын нæу, исты хуызы ныххæццæ уы- дзынæн. Хæрзæхсæв. Кадича мын мæ къух райста. — Мæн-нн-æ куыд басыд! Фæлæуу-ма, æз дын æй ахъарм кæнон! — сдзырдта Кадича æмæ мын -мæ къух йæ палтойы роны атъыста æмæ йæ йæ риумæ иылхъыв- та. Æз мæ къух фæстæмæ райсын нæ бауæндыдтæн, уы- цы узæлды кыхмæ æрлæууын мæ бон нæ баци. Мæ къу- хы бын зæрдæйы гуыпп-гуыпп цыди, цыма рагæй ныр- мæ цæмæ ’нхъæлмæ каст, уый домдта- Æз афтæ расыг нæ уыдтæн, æмæ мæхи мауал æмбарон. Арæхстгай мæ къух фæстæмæ райстоп. — Фæцæуыс? — сдзырдта Кадпча. — 0. — Уæдæ хæрзæхсæв! — Кадича арф ньгуулæфыд æмæ тагъдгамау ацыд. Талынджы дуары гуыпп райхъуыст. Æз дæр араст даш, фæлæ цалдæр къахдзæфы фæстæ æр- лæууыдтæн. Куыд рауад, уымæн мæхæдæг дæр ницы зо- нын, фæлæ уайтагвд фæстæмæ дуары цур февзæрдтæн. ’Кадича мæм æнхъæлмæ каст- Мс ’фцæгыл ацауындзæг, къæбыстæ æмæ мын пъатæ кæньшмæ фæци. — Æрбаздæхтæ! — сдзырдта сабыргай уый, стæй мын мæ къухыл фæхæцыд æмæ мæ сæхимæ бахуыдта. Æхсæвы райхъал дæн. Кæм дæн, уый бынтон æрæ- джиау.æрлæууыд мæ зæрдыл. Сæр тъæппытæ хауд. Мах хуыссыдыстæм фæрсæй-фæрстæм. Кадичайы æрдæг- бæгънæг тæвд буар æнкъардтон. Йæ комулæфт ме ’уæх- окыл æндзæвьид. Æз сыстынмæ рахъавыдтæп, цæмæй æвæстиатæй ацыдаин. Базмæлыдтæн. Кадича йæ цæсты- тæй дæр нæ ра.каст, афтæмæй мæ йæ хъæбысы æрба- кодта. — Ма ацу!—сдзырдта лæгъстæгæнæгау. Уыйфæстæ йæ сæр схъил кодта æмæ мын талыиджы мæ цæстытæм 67
ныккаст æмæ сындæггай къуызгæйæ сдзырдта: — Нырæй фæстæмæ æнæ дæу мæ бон цæрын нал бауыдзæн... Ды мæн дæ! Ды æдзухдæр мæш уыдтæ!.. Уымæй дарддæр мæ ницуал зонын фæнды. Æрмæстдæр мæ уарз> æндæр дæ пицы домын!.. Цы фæидагыл иыллæууыдтæн, уымæй мын фæстæмæ здæхæн нал ис... Никæмæнуал дæ ратдзы- нæн! — Кадича нынкуыдта, йæ цæссыгтæ мæ цæсгомыл æрызгъæлдысты. Æз нал ацыдтæн. Боньщъæхтыл та нæ хуыссæг йæ ’быны æрнорста. Куы райхъал стæм, уæд бынтон æрба- рухс. Æз тагъд-тагъд мæ дзаумæттæ.акодтон. Мæ зæрдæ мын цыдæр æнахуыр уазал æобалвæста- Мæ кæрц ме ’уæхсчытыл æрдæгæппæрст уыд, цæугæ-цæуын дзы мæ къухтæ атъыстоя æмæ рæвдзгомау уынгмæ рахызтæн. Мæ тæккæ комкоммæ иу лæг æрбацæйцыд. Иæ сæрыл рувасдзармæй пæлæхоар хъусджын худ. Мæ цæстытæ нæмгуытæ куы фестадаиккой, уæд æй бæргæ багæрах ла- стаин. Джантай ардæм хæстæг цард æмæ йæ куыстмæ рацæйцыд. Иуцасдæр дыууæйæ дæр фæуыргъуыйау стæм. Æз ,æй цыма нæ федтон, уыйхуызæн цæхгæр фæзылдтæн æмæ базæйырдæм фæцагайдтон. Джантай барæй мæ фæ- дыл схуыфыд. Мæ чъылдыммæ митыл йæ къахдзæфты хъыс-хъыс цыди- Афтæ автобазæйы онг мæ фæстæ гу- рæй-гурмæ фæцыд. Гаражмæ дæр нал баздæхтæн, афтæмæй комкоммæ къантормæ ацыдтæн. Сæйраг инженермæ та иннæ хæт- тыты хуызæы уыди æмбырд. Адæмы хъæлæба дзы хъуы- сти. Тæхуды, ныр уым фест. Фыццагау рудзынджы цур искуы æрбад, дæ иу къах иннæуыл сæвæр, тамако сдым æмæ, шофыртæ куыд быцæу кæнынц, уымæ дæ зæрдæйы дзæбæхæн хъус. Искуы ахæм хъуыддагмæ бæлдзынæн, уый æнхъæл та кæд уыдтæн. Мидæмæ бацæуынмæ мæ ныфс нæ хастон. Ома тæрсгæ истæмæй кодтон? Æппын- дæр нæ! Мæ маст фыццагау мæ риуы фыхтп æмæ мæ хивæнддзинадыл ардыдта. Ноджы ма йыл, дысон Кади- чаимæ цы æхсæв арвыстон, уый дæр бафтыди... Стæй, 68
куыд рабæрæг, афтæмæй адæмæй æфцæджы хабæрттæ нæма ферох сты. Уыцы минут ныхас цыди мæн тыххæй. Уатæй райхъуыст кæйдæр хъæлæс: — Тæрхондонмæ йæ раттын хъæуы, уый дын иу æмæ дыууæ! Кæдмæ йын дыги-дыги кæндзьгстут? Ничи йæм хъусы, йæ цæсгом ма цытæ хъæцы, уымæ? Мæ фæнд, дам, раст уыд. Гуыффæ дæр æфцæгыл уымæн ныу- уагъта?.. Æндæр хъæлæс ныхас йæхимæ айста: — Тынг раст зæгъыс! Мах ахæм зондджынтæ бирæ федтам. Преми йæ æрхъуыди. Автобазæйы хардзæй. Æмае йæ фарсы тæнæгæй дзæбæх ,куы фæци! Быцæу ноджы фæтынгдæр. Æз иуварс ацыдтæн: дуа- ры зыхъхъырæй кæдмæ хъуыстаин, стæй аив дæр нæ уыд. Мæ чъылдьим1мæ хъæлæба фæтынгдæр. Æз мæ цыдыл бафтыдтон. Лæппуты ныхас хъæрдæрæй райхъуыст. Алыбег цæу- гæ-цæуын кæмæндæр зæрдиагæй дзырщта: — Гуыффæтæн уромæнтæ нæхи базæйы дæр сараз- дзыстæм, бирæ йын куынæ хъæуы, миййаг... Уый Илас шеу, дæ хорзæхæй? Ил^ас, фæлæуу-ма! — фæдзырдта мæ^м. Æз не ’рлæууыдтæн. Гаражмæ мæ ных сарæзтон. Алыбег мæ баййæфта æмæ мын ме ’уæхскыл фæхæцыд. — Хæйрæджы мыггаг дæ, уæллæй! Баууæндыдтæн дыл. Æфцæджы сæрты гуыффæимæ ацæуæ^и ис. Дæхи цæттæ дар, Илас! Дыууæйæ иумæ цæуæм! Фæлварæн рснсы! Гуыффæимæ! Тынг æм рамæсты дæн. Мæ зæрдæ мын балхæнынмæ хъавыд. Ие ’рдхорды къуырццæвæнæй ракæныныл ар- хайы, йæ фæдыл æй сыфцæй аласдзæн. Æз ып йæ къух ме 'уæхскæй асхуыстон. — Фесæф мæ цурæй, дæ гуыффæтæ дæр демæ, афтæ- мæн!.. — Цæуыл цæхæртæ калыс? у\ххосджын дæхæдæг 69
куы дæ... О, хæдæгай, мæрдырох мыл куыд бахæцыд... Ширяев Володя дын ницы дзьгрдта? — Нæ йæ фадтон. Æ’мæ мын цы хъуа.мæ дзырдтаид? — Куыд цы? Кæм фесæфтæ? Асель фæндаджы был- мæ рацыд æмæ нæхиуæтты фæрсы. Дæумæ йæ зæрдæ æхоайы. Ды та!.. Мæ зæнгтæ мæ быны фæдыдагъ сты. Мæхимæ ахæм æгад æркастæн, æмæ зæххы скъуыды куы ныххаудаин, уый дæр мæ фæндыди. Альгбег та ма мын мæ дыс айваз- айваз кæны æмæ мын гуыффæтæн цыдæр аразæнты тых- хæй дзуры. Джантай чысыл дарддæр лæууыд æмæ нæм хъуыста- — Иуварс ацу! — мæ къух атыдтон æз.— Цы мæм пыккомкоммæ стут, уый бæрæг уын нæй? Æгъгъæд фæ- уæд! Иу гуыффæ дæр мæ нал хъæуы! Стæй уæ иуимæ дæр никæдæм ацæудзынæп!.. Бамбæрстай?! Альюег ныхъхъуынтъыз, йæ русы фыдтæ баз’мæлы- дьгсты. — Халон, дам, зиу ракодта, йæхæдæг уæлкъуыпп сбадти. Раст нæ зæгъын? — Куыддæрщщæр дæ фæнды, афтæ й-æ æмбар. Машинæмæ бацькдтæн. Мæ къухты зыр-зыр нал æн- цайы. Сæрря/мæ мæ бирæ нал хъæуы- Цæмæдæр гæсгæ машинæйы бын дзыхъхъы мæ сæр фæцавтон. С’атæджы мыи чысыл фенцондæр. — Хъус-ма, Илас! — мæ тæккæ чъылдыммæ рай- хъуыст кæйдæр ныллæг хъæлæс. Æз мæ сæр схъил кодтон, чи у, зæгъгæ. Джантай йæ дынджыр пæлæхоар худы мæ цуры дзуццæджы æрбадт æмæ мæм йæ хинæйдзаг цæстытæй ныккаст. — Тынг раст ын загътай, Илас! — Кæмæн? — Алыбегæн. Йæхицæй мын дзы активист чи нæ ацараздзæн! Цыма йын йæ дзыхыл цъутта сæвæрдæуыд, уыйхуызæн æваст дзæбæх куы фæхъус. Новатор! — Гъер дæу та цы гуыбынниз тилы? 70
— Цы гуыбынниз, цы! Ды йæ дæхæдæг дæр бамбæр- стай, шофырты гуыффæтæ дыууæ сау капеккæн дæр кæй ницæмæн хъæуынц. Цы сæ зæрды ис, уый хорз зонæм: фæндагыл къаддæр рæстæг уæвгæйæ, хæслæвæрдтыл бафтдзæн, кнлометр ацæуæггаг та нын къаддæр фидын райдайдзысты æмæ нын дзы па.йда та цы ис? Иу бон нæ раппæлдзысты, уыйфæстæ та? Махæп дыл иуы зæрдæ дæр нæ фæхудти. Дарддæр дæр сын мацы ком ратт... — «Мах» кæй хо’ныс? — хиуыл хæцгæйæ бафарстоп æз.—«Мах» — уый ды дæ? — Канд иунæг æз нæ,— йæ цæстытæ стыбар-тыбур кодтой Джантайæн. — Сайыс, сыстбæрзæй! Дæ фыдæнæн уæддæр цæу- дзыиæы гуыффæимæ. Мæхи дæр амардзынæн, уæддæр .мæ фæпд сæххæот уыдзæн. Ныр та мæ цурæй фесæф! ’Ныр’Мй мæ дæумæ нæма æвдæлы! — Са'быр,сабыр. æгæртæ дæхимæ ма ис! — фæстæмæ фæлæбурдта Джантай-—Дæ хъуыддæгтæ зонын æнхъæл шикæмæн дæ!.. Дæхицæй зæд аразынмæ ма хъав... Уæв- гæ уал фыдуаг митæ кæш, цалыпмæ фадат ис, уæдмæ... — Æ-æ, мæнæ!..— ныхъхъæрзыдтон æз æмæ йын тым- бъшкъухæй йе ’фсæрæн иу радтон. Уый дзыхъхъы сæрмæ куыд бадт, афтæ уæлгоммæ афæлдæхт. Æз уæлæмæ стахтæн æмæ йыл мæхи ныццæ- вынмæ хъавыдтæн, фæлæ уæдмæ Джантай фестад, иу- варс агæпп ласта æмæ йæ хъæлæсыдзаг пыццарыдта: — Æнаикаг! Фыдгæнæг! Ноджы ма хыл дæр къахыс? Хосгæнæг дьш уыдзæн! Иæ къухтæ хъилæй дары! Дæ маст мæныл калыс?! Алырдыгæй адæм æрбакалдысты. Алыбег дæр æрба* тахти. — Цы ’рцыди? Цæмæн æй пæмыс? — Рæстдзинады тыххæй,— фæцырд Джантай.— Ком- коммæ йын рæстдзинад кæй загътон» уый тыххæй!... Йæ- хæдæг гуыффæ асæрфта, кæмдæр æй æфцæгыл <афæл- дæхта, бæстæцъыфæй сызмæста, ныр ып йæ рæдыд сраст 71
/кæнынмæ куы хъавынц, уæд æвзидынмæ фæци! Уыцы хъуыддаг йæхи къухы кæй нæ бафтыд, ууыл цæхæртæ калы!.. Алыбег мæпмæ фæци. Ныффæлурс, фырмæстæй йыл къæзæнæг бахæцыд: — Цъаммар! — æмæ м.æ асхуыста.— Дæ маст исыс? Ницы кæны! Æнæ дæу дæр æфцæджы сæрты ахиздзы- стæм. Æнæ дæ хуызæн хъæбатыртæй!.. Æз ныхъхъус дæн. Иу ныхас сдзурын дæр мæ бон нал уыд. Джантайы хахуыртæй цавддурау фæдæн. Ме ’мбæлттæ мæм тарæрфыгæй кастысты. Лидзгæ, лидзын хъæуы ардыгæй... Стæй цас тагъд- дæр, уыйас хуыздæр. Машинæмæ багæпп ластон...—дард- дæр, дарддæр автобазæйæ. Фæндагыл баньгзтон. Фæндаггæрон дуканимæ бауад- тæн. Нæ мæ<м бахъардта. Ноджыдæр ма иу ран æрлæу- уыдтæн. Æнæхъæн агуывзæ дзы ныххуыфыдтæн. Уыйфæ- стæ хидæй, машинæйæ, фæндагæй чи кæцы уыд, уый нал æвзæрстон. Кæрæдзийы сæрты хауын райдыдтой. Фæ- хъæлдзæгдæр дæн, мур дæр ын нæу! «Сæфт, дыууæ сæф- ты,—дзурын мæхицæн.—’Дæ быны—машинæ. Цы ма дæ хъæуы! Кадича... Иннæтæй цæмæй æвзæрдæр у? Æры- гон, рæсугъд. Уарзы дæ. Æрхъæцмæ дæр дыл нæ хъæцы. Дæу тыххæй йæхи мæлæтмæ дæр ратдзæн... Уæддæр дын бæсты ницы цæуы, æдылы къоппа!» Нæхимæ æрбацыдтæн изæрæй. Дуары цур лæууын. Куы иуырдæм ныццудын, куы — иннæрдæм. Ме ’уæхскыл мæ кæрц æрзæбул. Иуæй-иу хатт мæ рахиз дыс суадзын, цæмæй мын машинæ скъæрын æнцондæр уа, уый тых- хæй. Чысылæй фæстæмæ афтæ сахуыр дæн, суанг мл [дуртæ куы æхстон, уæдæй нырмæ. Асель мыл йæхи æрбаппæрста. — Илас, цы кæныс? — Уыйфæстæ пæ, æнхъæлдæн, бамбæрста, цы кодтои, уый.— Цæй, ам цы лæууыс? Ба- фæлл’адтæ? Ихæн дын у? Дæ дзаумæттæ ласгæ! Феххуыс кæнынмæ мын хъавыд, фæлæ йæ æз æнæ- 72
дзургæйæ ассыдтон. Мæ худинаг гуымиры миты бын фæкæнынмæ хъавыдтæн. Цудтытæгæнгæ мидæмæ ба- цыдтæн. Цыдæр афæлдæхтон æмæ уæззаугай мæхи бан- доныл æруагътон. — Исты фыдбылыз, миййаг, æрцыд, Илас? — Асель мæ расыг цæстытæм уыцы тыхстхуызæй ныккаст. — Æмæ йæ нæ зоныс? — Æз мæ сæр ныллæг æр- уагътон — афтæ хуыздæр уыд. Комкоммæ кæсын æм нæ фæрæзтон. Æз бадтæн æмæ æнхъæлмæ кастæн, Асель уайдзæфтæм фæуыдзæи, хъысмæтæй хъаст кæндзæн, æл- гъитдзæн æй, зæгъгæ. Алцæмæ дæр цæттæ уыдтæн, мæ аххос зыдтоп æмæ алцæпмæ дæр сразы уыдаин. Фæлæ Асель ныхъхъус, цыма уаты уæвгæ дæр нæ уыд, уыйау. Æз æм аивæй бакастæн. Асель лæууыди рудзынджы цур. Йæ чъылдьим — мæпырдæм. Кæд ын йæ цæогом нæ уыч- тон, уæддæр æй базыдтон, кæугæ кæй кæны. Фыртæ- ригъæдæй мæ зæрдæ ныррызт. — Цы дын зæгъынмæ хъавыи, уый зопыс, Асель? — райдыдтан къуызгæйæ æз.— Æз дын зæгъынмæ хъа- вын...— ’ээмæ ныхъхъус дæн. Мæ митыл басæттыны фаг ныфс мæм нæ р-азынд. Ахæм цæф ныккæнын ын мæ бон пæ уыд. Тæрпгъæд мæм фæкаст, фæлæ дзæгъæлы...— Махæн, æвæццæгæн, дæ цæгатмæ ацæуын тагъд нæ бан- тысдзæн,— ныхас æндæрырдæм аздæхтон æз.— Фæстæ- дæрмæ йæ аргъæвæм. Ныртæккæ фадат нæй... — Аргъæвæм, цæуыл тагъд кæнæм...— сдзырдта Асель, йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ мæ цурмæ æрбацыд.— Ныртæккæ ууыл ма хъуыды кæн, Илас. Уырдæм дæр ацæудзыстæм. Фæлтау уал дæхи кой бакæн. Бынтондæр аивтай. Дæхи хуызæн нал дæ, Илас... — Цæй, хорз! — йæ ныхас ын фескъуыдтоп æз. Мæ- химæ та смæсты дæн, тæппуддзинад кæй равдыстон, уьы тыххæй.— Бафæлладтæн, хуыссын мæм цæуы. Дыккаг бон фæстæмæ здæхгæйæ фæсæфцæг сæмбæлд- тæп Алыбегыл. Йæ машинæйыл гуыффæ баст. Долоны сæрты ахызт 73
Мæн ауынгæйæ Алыбег тæхгæ-тæхын кабинæйæ йæ сæр радардта æмæ мæм йæ къух фæтылдта. Мæ цыд фæсындæгдæр. Алыбег фæндаджы астæу лæууыди хъæл- дзæгæй, цинæфсæстæй. — Салам, Илас! Рахиз, фæйнæ бадымæм,— дзуры мæм. Æз мæ цыд ноджы фæсабырдæр кодтон. Алыбеджы кабинæйы шофыры бынаты бадти æрыгон лæппу, дык- каг скъæрæг. Машинæйы цæлхытыл уыдис рæхыстæ. Гуыффæйыл — æлхъывд уæлдæфæй уромæнтæ. Уый -ез уайтæккæ дæр бафиппайдтон. Фæлæ уæддæр не ’рлæу- уыдтæн. Дæуæн бантыст? Гъемæ тынг хорз! Мæн та иу ран ньгууадз! — Æрлæуу, æрлæуу! — мæ фæдыл ратахт Алыбег.— Ныхасæн мæ хъæуыс, Илас, бауром-’ма. Гъер дæу цы схуындæуа?! Цæй, уæдæ!.. Æз тынгæй-тынлдæр окъæрдтон. Мæ фæдыл цыфæи- ды дзур, уæддæр дæ нал фехъусдзынæп. Иумæйагæй нын ницыуал ис. Æз дзы раджы бахаудтæн. Раст иæ бакодтон, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хуыздæр æрдхор- дæй æнæх-ай фæдæн. Ноджы ма мæ цуры иу мисхал зы- лып уæддæр куы уыдаид. Уый ныртæккæ бамбæрстон. Фæлæ мын уыцы рæстæджы цæмæдæр гæсгæ хъыг уыд. Мæнæн бирæ тухитимæ дæр мæ къухы чи нæ бафтыд, уыцы хъуыддаг Алыбегæн æнцонæй кæй бантыст, уый мыы хъыг уыд. Алыбег кæддæриддæр хæд-зонд æмæ æмбаргæ лæппу уыд. Уый мæ хуызæн æфцæгыл ахизыныл ни.куы оразы уыдаид. Тынг раст хатдзæгмæ æрцьгд, йемæ, чи йæ раи- ва, ахæм æмбал кæй ахуыдта, уымæй- Кæрæдзийы ивгæ цыдысты æмæ сын афтæмæй æнцондæр уьгд æфцæджы сæрты хизын. Ахæм фæндагыл фæуæлахизуæвæн ис мо- тор, адæймаджы ныфс æмæ хъаруйы фæрцы. Ноджы ма Алыбег æмæ йе \мбал фæн|дагыл рæстæг дыууæ хатты къаддæр бахардз кодтой. Æппæт уыдæттæ баиымадта, стæй машинæйы уромæнтæ компрессорæй гуыфф’æмæ ба- 74
царæзта. Цæлхытæ хуымæтæджы рæхыстæй сбæттын дæр дзы нæ ферох. Цыбыр ныхасæй, æфцæджы сæрты ахизыимæ алцæмæй дæр цæттæ уыд, мæн хуызæн æм афтид армæй нæ бацыд. Алыбеджы фæстæ æфцæджы сæрты гуыффæимæ цæ- уын райдыдтой иннæтæ дæр. Алы хъуыддаджы дæр сæй- рагдæр райдайæн у. Уалынмæ машинæты пымæц дæр фæфылдæр, иннæ автобазæтæй нын æрбарвыстой- Дæс боны дæргъы æхсæвæй-бонæй Тяиь-Шаиы фæндаг уы- нæргъыдта машинæты уæззау цæлхыты бын. Зын куын- нæ уыди, фæлæ нæ лæппутæ электростанцæйы курдиат афоныл саэххæст кодтой, йæ куыст нпцæмæй бакъуылым- пы. Æз дæр куыстон... Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд æм.æ афтæ æнца- дæй уьгмæн дзурын. Фæлæ уыцы бонты фæцудыдтоп. Саргъыбæхыл бадын чи нæ базоны æмæ йæ æфсургъ æр- дæгфæндагыл кæй аппары, уый хуызæн... О, æмæ дын уый дзцрдтон. Алыбегимæ куы фембæлдтæн, уыйфæстæ автобазæ- 1М<æ æрбахæццæ дæн фæсахсæвæр. Æмдзæрæнмæ араст дæн, фæлæ та фæндагыл хæрæндонмæ базылдтæн. Уыцы бонты мæм афтæ тынг нуазыи цыд, æмæ диссаг. Фæндыд мæ, цæмæй-иу æппыидæр мацыуал æмбæрстаин, мæ мæ- стытæ-иу мæ иууылдæр ферох уыдаиккой æмæ-иу афтæ- мæй схуыссыдаип. Бирæ банызтон, фæлæ мæ сæрмæ æп- пындæр нæ бацыд. Хæрæндонæй рацыдтæн поджы мæстджындæрæй. Æмбисæхсæв горæты уынгты араст дæн, æмæ мæ мæ къæхтæ сæхæдæг Былгæроны уынджы Кадичамæ бахастой. Афтæ алы изæр дæр. Дьгвыдон арты бахаудтæн. Бо- нæй куысты, машинæйыл, изæрæй та — Кадичамæ. Уыи- мæ æнцондæр уыд, сабырдæр. Цыма мæхицæй дæр, адæ- мæй дæр æмæ рæстдзинадæп бамбæхстæп. Афтæ мæм каст, цыма мæ Кадича йедтæмæ ничи æмбары, ничи уарзы. Нæхимæ та-иу бирæ лæууыи нæ фæрæзтон, уай- тагъд-ну федде дæн. Асель, мæ зæрдæйы уидаг, Асель! 76
Йæ æууæнк, йæ уды сытъдæгдзинадæй мæ æддæмæ кæй сырдта, уый куы зыдтаид. Мæнæн æй мæ бон сайын нæ уыд. Æз æмбæрстон, йæ аккаг кæй нæ дæн, стæй мæн тыххæй цыдæриддæр кæны, уыдон дæр мын æвгъау кæп сты. Цалдæр хатты нæхимæ нозтджынæй æрбацыдтæн- Æмæ мын æфхæрæн ныхас дæр никуы загъта. Цæмæн, уый абоны онг дæр нæма бамбæрстон. Кæд мын тæри- гъæд .кодта, сдзурын мæм ,нæ уæндьцд, æви мæм æнхъæл- мæ каст, мæхиуыл кæд æрхуддзынæн, зæгъгæ. Цыфæн- дыйæ дæр æууæндыди, мæ митыл мæм фæсмон кæй æр- цæудзæн, æмæ та фыццаджы хуызæн кæй суыдзынæн, ууыл. Уый бæсты-иу фæлтау загъд-замана куы самадта- вд æмæ имæ æппæт хъуыддæгтæ радзурын куы ’рдомдта- ид. Асель куысты хабæрттæ йедтæмæ ницы зыдта, æндæр мæ, æвæццæгæн, искуы бæлвырддæр бафарстаид. Нæ, Асель æппындæр ницы зыдта. Æз та йып тæригъæд код- тон, мæ ныхас иу райсомæй иннæ райсоммæ, иу хаттæй иннæ хатмæ æргъæвтон. Æмæ мæ къухы æппындæр нал бафтыд. Зæгъын та йæ æнæмæнг хъуыд. Йæхи тых- хæй, иæ уарзоидзинады тыххæй, пæ бинопты тыххæй... Фæстаг хатт ма мыл Асель сæмбæлд хъæлдзæгæй, зæрдæрухсæй. Иæ рустæ — сырх-сырхид, йæ цæстытæ æрттывтой. Мæ кæрц æмæ цырыхъхъытæ дæр нæма ра- ивтон, афтæ мæ йæ фæдыл комкоммæ уатмæ ахуыдта. — (Кæс-ма, Илас! Сæмæт йæ къахыл ауад! — Æцæг? Кæм и? — Дæлæ стъолы бын! — Æ<мæ йæ цыппæртыл ^куы быры. — Ныртæккæ йæ фендзынæ. Цæй-ма, мæ гæбул, гак- кыл слæуу æмæ дæ папæ дæр фена! Цæй-ма, Сæмæт! Рауай, рауай, рауай! Сæмæт йæ мады ныхас цыдæр æгъдауæй бамбæрста, стъолы бын худгæ йæ цыопæртыл рабырыд æмæ сынтæ- гыл хæцгæ слæууыд. Йæхи ныхъхъааддых кодта, афтæ- мæй йæ фæлмæн къæхтыл иучысыл алæууыд, стæй йе ’мбæрцæгæй размæ бахауд. Æз æм батахтæн, мæ хъæбы- 76
6ы йæ фелвæстон æмæ йæ мæ риумæ нылхъывтоп- Мæ цæсгомыл æмбæлд сывæллоны сыгъдæг комулæфт. Уый мын Аселау уыди уарзон æмæ адджын. — Дæ хъæбысы йæ ныцъцъист кæндзыпæ, Илас, арæхстгай йæм æвнал.— Æмæ йæ йæхимæ айста.— Исты ма зæгъдзынæ? Дæ дзаумæттæ ралас. Тагъд бынтопдæр адынджыр уыдзæн æмæ уæд мамæ дæр кусын райдай- дзæн. Хъуыддæгтæ иууылдæр адуду уыдзысты, æццæй, нæ, гæбул? Ды та!—Асель мæм худæнбылæй бæргæ æрбакаст, фæлæ йæ цæсгом цыдæр æнкъард уыд. Æз бандоиыл мæхи æруагътоп. Асель мын цыма уыцы дыу- уæ дзырды фæстаг бонты цыдæриддæр ныхæстæ зæгъып- мæ хъавыд, уыдоны хъуыды нывæрдта, афтæ мæм фæкаст. Уыцы дыууæ дзырды уыди курднат дæр, уайдзæф дæр, æу- уæнк дæр. Æз ын хъуамæ хабæрттæ иууылдæр радз’ырд- таин, кæнæ та нæхицæй æвæстиатæй ацыдаин. Радзуры- ны бæсты ацæуын хуыздæр уыд. Асель тынг амондджын у, гуырысхо дæр ницæуыл кæны. Бандонæй сыстадтæн. — Æз цæуон. — Кæдæм цæуыс? — фестъæлфыд Асель.—Абон дæр та пæхи!мæ нæ уыдзынæ? Цай уæддæр бацым. — Нæ <мæ ’вдæлы. Цæуын мæ хъæуы,— бахъуыр- хъуыр кодтон æз.— Дæхæдæг æй куы зоныс, куыст ныр- тæккæ — къуб’алмæ. Нæ, нæ, мæ куысты тыххæй нæ цыдтæн нæхицæй. Рейсмæ мæ райсом цæуын хъуыд- Кабинæйы мæхи бадæныл уæззаугай æруагътон æм-æ рынчынау ныхъхъæрзыдтон. Дæгъæлы бынат иал æмæ нал ардтон. Уыйфæстæ фæндагмæ рахызтæн æмæ ца- лыимæ нæ хæдзары рудзынджы рухс нæ фæаууоп, уæд- мæ машинæ скъæрдтон. Цырæгътæ ахуыссын кодтон. Хъуамæ ме ’хсæв ам арвыстаин. Бапъирозтæ систон. Къоппьнма æрмæстдæр иу спичкæ разынд. Иу тæпп фæ- кодта æмæ ахуыссыд. Æз спичкæты къопп бапъирозти- мæ иумæ рудзыигæй фехстон, бадæныл æрхуыссыдтæн æмæ мæ кæрцæй мæхи æрæмбæрзтон. 77
Мæп уазал æмæ тар хæхты сæрмæ уыцы хъуынтъы- зæй каст. Комæй къуыззитгæнгæ тахт æнкъард дымгæ æмæ кабинæйы гом дуарæй хъазыд. Мæхимæ уæды хуы- зæн иунæг никуыма фæкастæн. Фæхнцæн дæн адæмæп, мæ бинонтæй, ме ’мбæлттæй. Афтæмæй дарддæр цæрæн нал уыд. Æз мæхнцæн дзырд радтоп, куыддæр автоба- зæмæ æрбаздæхон, афтæ Кадпчайæ хатыр ракурдзыиæн æмæ йын зæгъдзынæн, цæмæй не ’хсæн цыдæриддæр уыд, уыдон ферох кæна. Уый уыдзæн æппæгæй растдæр. Фæлæ цардмæ æндæр уынаффæтæ уыд. Уый æнхъæл лицы хуызы уыдтæн. Æртыккаг бон райсомæй базæмæ æрбацыдтæн. Нæхимæ ничи уыд. Дуар гомæй æрбай- йæфтон. Раздæр æнхъæлдтон, Асель донмæ кæнæ сугтæм ауади, зæгъгæ. Мæ алыварс ахъахъхъæдтон. Уат цыдæр -æнæфснайд уыд. Пецæн мæ-м йæ уазал тæф ракалд. Сæ- (мæты гыццыл сынтæгмæ бауадтæн. Уый дæр —-афтид. — Асель! — сдзырдтон æз удаистæй. «Асель!» — сын- дæггай райхъуыст уаты къуымтæй азæлд. Æз адæрпæй дуарыл мæхи ныццавтон. — Асель! Дзуапдæттæг мын нæ фæци. Иæ сыхæгтыл азылдтæн, бензинæвгæнæнмæ дæр ныууадтæн, фæлæ мын бæлвырд ничи ницы загъта. Знон, да^м, æнæхъæн бон ам нæ уыд, нæ сывæллоны, дам, йæ зонгæтæм ныууагъта, Изæрæй æрбацыд. «Ацыди, æвæццæгæн, хъуыддæгтæ иууылдæр базыдта!» — мæ хъуыдыпæ мæхæдæг фестъæлфыдтæн. Уы’цы æнамонд боны хуызæн тагъд Тянь-Шаны хæх- тыл машинæ никуыма скъæрдтон. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цьгма йæ фæзилæны, комы кæнæ фæндагыл æндæр иокуы баййафдзыпæн. Цæргæсау-иу мæ разæй цæуæг машинæйы баййæфтон, йæ цуры-иу мæ цыд фæ- сабырдæр, йæ кабинæмæ-иу ын бакастæн, гуыффæйыл-иу мæ цæст ахастон æмæ та-иу дарддæр аскъæрдтон. Шо- фьгрты цæсгæмттыл бæрæг уыд, тынг мæ кæй æлгъи- тынц. Афтæ æнæрлæугæйæ æртæ сахаты бæрц фæцыд- тæн. Уалынмæ мæ радиаторы дон рафыхт. Кабинæйæ ра- 78
гæпп ластон æмæ радиаторыл мит калын райдыдтои, уыйфæстæ дон æрбахастон. Радиаторæн йæ тæф йæ сæр- мæ фæздæгау сбадт. Машинæ дугъы æруайæг бæхау тых- улæфт кодта. Куыддæр фæстæмæ сбадынмæ хъавыд- тæн, афтæ дын кæсып, æмæ Алыбег йæ сыфцæйласгæ гуыффæпмæ мæ комкоммæ.æрбацæуы. Мæлæты æхсызгон мьш уыди. Кæд кæрæдзимæ нæ дзырдтам, суанг ма са- лам дæр иæ лæвæрдтам, уæддæр Асель уыдопмæ куы уа, уæд мын æй зæгъдзæн. Æз фæндагмæ ратахтæн, мæ къух сдардтон: — Æрлæуу, бауром, Алыбег! Бауром! Машинæ скъæрдта йе ’ххуысгæнæг, Алыбегмæ фæр- сæгау бакаст. Уый æлхынцъæрфыгæй иуварс азылд. Ма- шглнæ мæ иувæрсты аивгъ/уыдта. Р1æ дымгæ мыл мит- рыг æрбакалдта- Мæ къух хæрдмæ хъилæй фæндаджы йстæу лæугæйæ баззадтæш. Уьшфæстæ мæ цæсгом æр- сæрфтон. Йæ маст мæ райста. Фæлæ мæн уыдæттæм не ’вдæлд. Асель уыдонмæ дæр пæй. Уый поджы æвзæрдæр уыд. Куыд æй бамбæрстон, афтæмæй хъæумæ ацыд, йæ цæгатмæ йедтæмæ* гсавдæм хъуамæ ацæуа- Цымæ йæ ныййарджыты хæдз>ары къæсæрæй куыд бахызт? Цы сын загъта? Цы цæстæй йæм ракастысты, фæстæмæ сæм æга- дæй куы раздæхт, уæд? Иунæгæй, йæ сывæллон йæ хъæ- бысы! Уыцы минут мын хъæумæ æнæцæугæ лæ уьгд. Тагъд-тагъд мæ машинæ равдæлон кодтон, мæхæдæг диспетчермæ мæ гæххæттытæ аскъæфтон. Тæккæ бахи- зæиы Джантайыл мæхи скъуырдтоп — йæ цъаммар, æнæуынон мидбылхудт та йæ рязæн фæци! Æз диспетчеры рудзынгæй мæ сæр куы «бадардтон æмæ стъолмæ путевкæ куы баппæрстон, уазд мæм Кади- ча æнахуыр каст æрбакодта. Йæ цæстæнгасыл ын цыдæр мæт бафиппайдтои, стæй цыма мæ цуры цыдæр къæмдзæстыг уыд» афтæ мæм фæ- каст. — Рæвдздазр мыи айс м(æ гæххæттытæ! — загътон æз. 79
— Мæлæты удайст дæ. Исты хабар пс? — Нæхимæ йæ нал баййæфтон. Асель ацыд! — Цытæ дзурыс? — Кадпча сыстад, афæлурс, йæ был- тæ æхсынгæйæ, сдзырдта: — Ныххатыр мын кæн, ныхха- тыр мын кæн, Илас! Уый æз уыдтæн, æз... — Цы? Æргомдæр дзур, дзур, цыдæриддæр уыд, уый! — æмæ дуарыл мæхи ныццавтон. — Куыд рауад, уымæн мæхæдæг дæр пицы бамбæр- стон. Æцæгæй дын зæгъын, Илас. Знон мын мæ рудзынг дуаргæс æрбахоста, æдде, дам, иу чызджы дæ фенын фæнды. Æз Аселы уайтагъддæр базыдтон. Æнæдзур- гæйæ мæм æрбакаст æмæ бафарста: «Уый æцæг у?» Æз... æз иицуал ахъуыды кодтон, афтæм.æй сдзырдтон: «О, æцæг у. Алцыдæр æцæг у- Мемæ вæййы!» Уайтагъд фæс- тæмæ фæзылд. Æз стъолыл æрхаудтæн æмæ ньиккуыд- тсн, сæрхъæнау дзырдтои æмæ дзырдтон: «Мæн у! Мæн!» Уыйфæстæ пæ нал федтоп... Бахатыр мын кæн! — Фæлæуу-ма, цæмæй пæ базыдта? — Уый Джантайы дзых у. Уый мæм æртхъирæн код- та сардауыпæй- Уыцы цъаммары дæхæдæг нæ зоныс! Ацу йæм, Илас, æмæ йæ ссар. Æз уæ никуал бахъыг- дардзынæн, искуы мæ сæр фесафдзынæн... Машипæ скъæрдтон зымæгон бьгдыртыл. Зæхх уыди салд, цъенгæ дæвдæг. Ды<мгæ-.иу миты хъæпæнтыл йæхи рауагъта, арыхъхъытæй-иу гæрзæхсæнтæ рамарзта æмæ- иу сæ йæ разæй айста. Дардæй зындысты самандур бы- рутæ æмæ быгъдæг дыргъдæттæ. Изæрæй хъæумæ æрбацыдтæн. Мæ зонгæ хæдзары дуармæ æрлæууыдтæн. Цæмæй мын фенцондæр уа, уый тыххæй тагъд-тагъд сдымдтон, стæй мæ тамако ахуыс- сын кодтон æмæ машинæйы дутгæнæн нылхъывтои. Асе- лы бæеты мæм пæ мад куы рацæуид, йæ бæмбæджджын йе ’уæхсчытыл æппæрст. Æз машпнæмæ схизæныл слæу- уыдтæи æмæ сабыргай сдзырдтон: — Дæ бон хорз, пæ мады хай! — А-а, уый ды куы дæ, ды! —тызмæгæй мын дзуапп 80
радта ус.—«Нæ мады хай» сдзурын та ма мæм дæ цæс- гом куыд бахъæцыд? Фссæф мæ цурæй, куыд никуыуал дæ фенон, афтæ! Дзæгъæлхæтæг! Æнæхæдзар! Мæ буц хъæбулы мын асайдта, нæхæдæг ма мæм уыйфæстæ æр- басхъæл! Æдзæсгом! Нæ цард нын фенад кодтай!.. Зæронд ус мын мæ дзых схæлиу кæныны бар дæр нæ лæвæрдта. Дарддæр мæ ныхмæ дзырдта æмæ дзырдта. Æмæ мын цы нæ æфхæрæн ныхас загъта! Сыхæгтæ йæ хъæрмæ æмбырд кæнын райдыдтой. — Дæ гуырыконд ардыгæй айс, цалынмæ адæммæ нæ фæдзырдтон, уæдмæ. Мæ цæсты кæронæй дæр дæ куыд никуыуал фенон, афтæ! Мах тæригъæдæй дыл хуыцау йæ уæззау бæллæх сæвæрæд!—Æмæ мæм йæ бæ-мбæдж- джын зæхмæ æрæппаргæйæ гурæй-гурмæ æрбацæйцыд. Мæнæи æндæр гæпæн пал уыд æмæ машинæмæ схыз- тæн. Æцæгæй дæр мæ мæ гуыры конд а-йсын хъуыд, иу- гæр мæм кæд Асель ныхасмæ дæр нал цыд, уæд. Мæ машинæйыл сыхы гыццыл лæппутæ дуртæ æмæ лæдз- джытæ æхсын райдыдтой... Уыцы æхсæв Иссык-Кулы былгæрæтты бпрæ фæра- цу-б;ацу кодтон. Цад мæйы рухсмæ уынæргъыдта. Ис- сык-Куль, Иосык-Куль, æдзухдæр цæджджипагау куы фыцыс! Уæд уыцы æхсæв дæ фыцынæй цæмæн банцадтæ æмæ ихы къæртт цæмæн фестадтæ?! Уæды хуызæп тар- æрфыг æмæ хъуынтъызæй дæ никуыма федтон. Æз бад- тæн дæлгоммæ фæлдæхт бæлæгъыл- Уылæнтæ былгæрон- мæ знæтæй лæбурдтой, мæ цырыхъхъытыл-иу атыхстысты æмæ та-иу, уæззау сулæфгæйæ, фæстæмæ лпдзæг фесты... ...Чидæр мæм æрбацыд, арæхстгаи мын ме ’уæхскыл йæ къух æрæвæрдта: Кадпча. Цалдæр боны фæстæ Фрупземæ ацыдыстæм æмæ ку- сын райдыдтам Анархайы фосхизæнтæ сгарæг экспеди- цийы. Æз шофырæн, Кадича та — сау кусæгæй. Афтæ райдыдта нæ ног цард. 6 Мя сцрхсæрбæттæиджын рæсугъд 81
Экспедициимæ Анархайæн йæ тæккæ рæбинагдæр къуымы балæууыдыстæм. Балхашмæ нæ бирæ нал хъуыд. Иугæр ивгъуыд царды уаргъ де ’ккойæ æппарыс, уæд — æнусмæ. Фыццаг рæстæг мæ сагъæстæ куысты бын фесты. Ку- синаг та бирæ уыд. Æртæ азы æмæ æрдæгмæ Анарха- йæп йæ кæцы къуымы н,æ балæууыдыстæм, ахæм нал баз- зад. Цъайтæ къахтам, фæндæгтæ æмæ базæтæ арæзтам. Иупыхасæй, пыртæккæ уый фыццаджы хуызæн æдзæрæг Анархай нал у. Уæд-иу дзы бон-сихорафон дæр адæйма^ фæдзæгъæл уыдаид æмæ-иу æнæхъæн мæйы дæргъы окъæлдзойæ æмбæрзт обауджын быдырты фæрацу-бацу кодтаид. Ныртæккæ та у фосдарджыты бæстæ, культурон центртæ æмæ æлпæт фадæттæ дæр кæм ис, ахæм хæ- дзæрттимæ- Мæнæу дзы тауынц, суанг ма дзы хос дæр æржæрдынц. Аиархайы ныр дæр куыст бирæ ис, уæлдай- дæр шофыртæн. Фæлæ æз фæстæмæ раздæхтæн. Ома æдзæрæг бьгнæтты æгæр зын уыдис, уый тыххæй нæ. Уьгдон рæстæгмæйы хъуыддæгтæ уыдысты. Мах Кади- чаимæ шщæмæй тарстыстæм, стæй раст зæгъгæйæ, æв- зæр дæр нæ цардыстæм. кæрæдзийæн аргъ кодтам. Фæ- лæ иу хъуыддаг аргъ кæнын у, ипнæ хъуыддаг та — уар- зын. Иу куы уарза, иннæ куынæ уарза, уæд уый, мæнмæ гæсгæ, аоцæг цард нæу- Кæнæ адæймагæн йæ конд афтæ у, кæнæ та удыхъæдæй æз ахæм дæн, фæлæ æдзухдæр цыдæр хъуаг уыдтæн. Куыст дээр мын не ’ххуыс кодта, уарзон сылгоймаджы хæлардзинад æмæ узæлд дæр — афтæ. Æз рагæй дæр мæхиньшæр мæхимæ хæцыдтæн, æгæр рæузонд кæй разыпдтæн, Аселы фæстæмæ разда- хыныл ма пу хатт уæддæр цæуыннæ бацархайдтон, зæгъ- гæ. Мæ фырт æмæ Аселы уæлдай арæхдæр фæстаг æх- сæз мæйы мысыдтæн. Æхсæв мæм хуыссæг хæстæг нал цыд. Мæ цæстытыл уади Сæмæт — йæ мидбылты-иу худт, йæ лæмæгъ къæхтыл-иу мæнгæфсон лæуд кодта. Йæ сыгъдæг æмæ зынаргъ комытæф мæ никуыуал фарох уы- дзысты. Цæрæнбонты мæ туджы ахъардтой. Тянь-Шаны 8?
Хæхтæ, мæхн цъæх Иссык-Куль, мæ фыццаг æмæ фæстаг уарзондзинадыл кэвм сæмбæлдтæн, уыцы быдыртæ мæ •сæхимæ ластой. Кадича уыцы хабæрттæ иууылдæр зыдта, фæлæ мæм никуы н’ицы азы-м æрхаста. Мах æппынфæстаг бамбæр- стам, иумæ цæрын нæ бон кæй нæу, уып. Уыцы аз уалдзæг Аиархайы мæлæты раджы ралæу- уыд. Уайтæккæ дæр мит атадн, обæуттæ асыгъдæг сты æмæ цъæх-цъæхид адардтой. Быдыр райхъал, хуры хъар- мвай фæцардхуыз, уымæл йæхимæ æлвæста. Æхоæвыгæт- ты уæлдæф фæсыгъдæгдæр, арвыл стъалытæ бирæгæйт- тæй зынын райдыдтой- Мах хуыссыдыстæм нофтцъирæны цур цатыры. Иуы дæр нæ хуьиссæг нæ ахста. Быдыр уыди сабыр. Уалын- джы кæцæйдæр мæ хъустыл ауад паровозы уасын. Хъус- гæ та йæ куыд фæкодтон, уый дисоаг уыд. Махæй æф- сæнвæндагмæ райсомæй сихормæ цæуын хъуыд. Æви мæ мæ хъустæ фæоайдтой, уæддæр нæ зонын. Базыртæ мыл базад Цæуыны фæнд мын мæ зæрдæ срæхуыста. Æмæ загътон: — Кадича, дарддæр афтæ цæрын мæ бон нал у. — Ацу, ацу, Илас. Мах хъуамæ фæхицæн уæм,— дзуапп радта уый. Æ<мæ фæхицæн стæм. Кадича ацыди Цæгат Казах- станмæ зæрæстон зæххытæм. Амондджын куы уаид, уый мæ тынг фæнды. Кади- чяйæн, чи зоны, йæ фæсонæросæджы дæр нæй, афтæмæп йæ кæд, миййаг, агурæг ис, уæд мæ фæнды, кæрæдзины жуы ссариккой æмæ æппынфæстаг уæддæр амондджы- нæй куы цæрид. Йæ фыццаг лæгимæ йæ цард нæ ацыд, мæнимæ дæр — афтæ- Чи зоны, æз йемæ цæргæйæ баз- задаин, æцæг уарзондзинад цы у, кæрæдзийы уарзьш дæйбæрц бирæ мары, уый куынæ зыдтаин, уæд. Уый ахæм хъуыддаг у, æмæ йæ ныхæстæй нæ радзурдзынæ. Æз Кадичайы станцæ.мæ аластон, поезды пæ сæвæрд- тон. В’атоны фаромæ фæтахтæн, цалынмæ нæ адард, уæд- 83
мæ. «Фæндараст фæу, Кадпча, æвзæрæй мæ макуы æры- мыс!..»—сдзырдтон ма сабыргай фæстаг хатт йæ фæдыл. Хърихъуппытæ Анархайы сæрты тахтысты хуссармæ, æз та цыдтæн цæгатмæ, Тяиь-Шапмæ... Куыддæр æрхæццæ дæн, афтæ æвæстиатæй ацыдтæн хъæумæ. Фæндагыл иу уæзласæл машинæ æрурæдтон æмæ гуыффæйы сбадтæн. Хъуыды кæнын мæ пицæуыл фæндыд. Л1æ зæрдæйы æмхæццæйæ гуырыдысты тас æмæ цин. Мах цыдыстæм быдыртыл, Аселимæ-иу кæм æмбæл- дыстæм, уыцы фæндагыл. Фæлæ уый кæддæры уæрдон- вæндаджы хуызæш нал уыд. Кæрæй-кæронмæ пыл хуыр ныккодтой, бетон хидтæ дзы сарæзтой, фæндагамонæн нъгсантæ дзы сæвæрдтой. Кæддæр мæ машинæ кæм ныс- сагъд, уыцы арыхъхъ дæр пал базыдтон. Асель цы дурыл бадт, уый дæр нал ссардтон. Хъæугæронмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд каби- нæ æрхостон. — Цы кæиыс? — пæ сæр радаргæнæ мæм сдзырдта шофыр. — Бауром, æз ам хпзын. — Тыгъд быдыры? Ныртæккæ бахæццæ уыдзыстæм. — Бузиыг. Ардыгæй мæ дард цæуын нал хъæуы,— æмæ зæхмæ æргæпп кодтон.— Фистæгæй бауайдзынæн,— сдзырдтон æз æмæ йæм æхца бадардтон. — Ныууадз! Нæхиуæттæй нæ фæисын. — Айс, цæй, мæ ныхыл фыст нæу, кæцытæй дæн, уый. — Дæ митæм гæсгæ йæ базыдтон. — Цæй уæдæ, дæ салам бирæ. Дзæбæхæй цæр! Машинæ ацыд. Æз фæндагыл сагъдауæй баззадтæн. Дьшгæмæ м,æ чъылдым сарæзтон æмæ мæ тамако ссыгъ- тон. Мæ сигарет мæ дзыхмæ куы сцæйхастон, уæд ме ’нгуылдзтæ сæ зыр-зырæй нал æнцадысты. Иу-цалдæр хатты дзы сулæфыдтæн, стæй йæ мæ къахы бын аууæр- стон æмæ араст дæн. «Æрхæццæ дæн!»—сдзырдтон са- быргай мæхицæн. Мæ зæрдæйы дзæхст-дзæхст хъустыл 84
æмбæлди, цьгма мын исчй мæ сæр дзæбугæй хоста, уыйау. Хъæу зышгæ йæ хуыз аивта. Фæуæрæхдæр, фæзынди дзы шиферæй æмбæрзт бирæ ног хæдзæрттæ. Телтæ уынгты сæхи айвæзтой. Колхозы правленийы цур телы- хъаодыл дзырдта радио. Сывæлл’æттæ скъола-мæ уады- сты. Хистæртæ иумæ бакъорд сты æмæ сæ ахуыргæнæ- гимæ цæуылдæр зæрдиаг иыхасгæнгæ фæцæйцыдысты. Чи зоны, æмæ мæныл кæддæр дуртæ æмæ лæдзджытæ чи ’хста, уыдонæй дæр дзы исчитæ уыди... Рæстæг цæуы æмæ цæуы, бауромæн ын нæй. Æз мæ цыдыл бафтыдтон- Мæнæ мæ зонгæ хæдзар. Йæ кæрты хæрис бæлæстæ, йæ алыварс самандур быру. Хæстулæфтгæнгæ æрлæууыдтæн. Фыртæооæй мæ оур хид акалд, афтæмæй хъуызæгау кулдуармæ фæцæуыи. Бахос- тон. Мæ размæ гыццыл чызг рауад. Йæ пъартфел йæ 1къухы. Кæддæр мæм йе ’взаг чи фелвæста, уый ныр скъоламæ цæуын райдыдта. Чызгæн уроктæм æрæджы кодта- Дызæрдыггæнгæ мæм æрбакаст æмæ загъта: — Нæхимæ ничи ис! — Æнпындæр? — О. Нана уазæгуаты ацыд хъæды хæдзарадмæ. Ба- ба та трактортæи дон аласта. — Асель та кæм п?—тæрсгæ-ризгæйæ афарстон æз æмæ мæ ком ахус. — Асель?—ныддис кодта чызг.— Асель раджы куы ацыд... — Æлмæ уæдæй нъгрмæ иу хатт дæр нæма æрцыд? — Алы аз дæр джездеимæ1 æрцæуынц. Нана афтæ зæгъы, хорз адæймаг, дам, у!.. Æндæр æй ниц.æмæйуал бафарстон. Чызг скъоламæ атахт, æз та файстæмæ раздæхтæн. Уыцы хабармæ афтæ фæуыргъуыйау дæн, æмæ мын уæлдай нал уыд, моймæ кæ.м<æ æмæ кæдæм ацыд, уый- 1 Д ж е з д е — хистæр хойы лæг. 85
Цæмæп мæ хъæуы пæ зонын? Асель æидæр искæмæ чып- дзы ацæудзæп, уыцы хъуыды цæмæдæр гæсгæ мæ сæры никуы сæвзæрд. Уымæп та æнæуæвгæ нæ уыд. Уал азы мæнмæ куыннæ бадтаид æмæ, кæд фæзыпдзыпæп, уы- мæ куыннæ ’ихъæлмæ кастаид. Æз машинæмæ дæр нал фæлæууыдтæн æмæ фæнда- гыл фистæгæй араст дæн. Цы фæпдагыл цыдтæи, уый йæ хуыз аивта. Хуыр ыл ньжкалдтой, уыйфæстæ йæ дзæбæх ныннедтай. Æрмæст- дæр ма быдыр баззад йæхи хуызæнæй. Хуымгæнд дард- мæ дæр тар дардта, ранæй-рæтты дзы зыагдысты хур- сыгъд æмæ къæадайы хост хъæмпыхæлттæ- Быдыр хæх- тæй арвгæропмæ айтынг фæтæи, æмвæз уадздзагæй æмæ- иу дард кæмдæр Иссьж-Кулы былгæрæтты æрбансæфт. Зæхх уыцы быгъдæгæй лæууыд. Мпты фæстæ бьыгтондæр æруымæл. Кæцæйдæр тракторты хъæр цыди. Уалдзыгæнд фæлдахын рапдыдтой. Æхсæвыгон раяюны центрмæ бахæццæ дæн. Райсо- мæй скарстоп: автобазæмæ цæуын хъæуы. Зæрдæдарæн ницæуылуал уыд. Алцæмæй дæр мæ боп базыдтоп. Фæ- лæ цæрыи æмæ кусып хъæуы. Дарддæр та цы уыдзæн, хуыцау йæ зонæг... Тяшь-Шаиы фæндаг æмбу кодта. Машинæтæ кæрæ- дзийы фæдыл цыдысты æнæсыскъуийгæйæ. Нæхиуæт- тæй, ома автобазæйы шофыртæй иокæуыл куы фембæл- даин, уымæ бæллыдтæн. Æрæджиау мæ къух сдардтон. Машинæ тагъд цыди æмæ йын мæ цуры æруромын нæ бантыст. Иудзæвгар ма ауадн, стæй æрлæууыд. Æз мæ чумæданмæ фæлæбурдтон, шофыр кабпнæйæ рахызт. Кæсын, æмæ æфсады иумæ кæимæ уыдыстæм, уый—Эр- мек, шофырыл дæр æй æз ахуыр кодтон. Уæд ма хæрз- æрыгоп лæппу уыд. Эрмск æпæдзургæйæ лæууыди æмæ йæ мидбылты худт. — Нал мæ базыдтай? — Сержапт... Илас! Илас Алыбаев! — æрæджиау мæ æрхъуыды кодта уый. 86
— Уый бæргæ дæн! — бахудтæн æз æмæ сагъæстыл фæдæн. Хæрзаг тыиг аивта мæ хуыз, кæд ма мæ адæм ты-ххæйты базоныии, уæд. Цæуæм, алы хабæрттæ мысæм, æфсады кой дæр нæм рауад. Мæ царды хабæрттæй мæ куы афæрса, уымæй тарстæп. Фæлæ сын Эрмск, æвæццæгæн, ппцы зыдта æмæ мын феицондæр. — Кæд ссыдтæ? — Дыууæ азы цæуы, кусыи куы райдыдтон, уæдæй нырмæ. — Джа’нтурин Алыбег та кæм ис? — Нæ зонын. Æз æй ам не ’рбаийæфтан. Памиры кæмдæр, дам, автобазæйы сæйраг механпкæй кусы... «Лæг дæ, Алыбег! Саг лæг!» — бацнн кодтон мæхи- нымæр. Йæ бæллиц сæххæст. Æфсады ма куы уыди. уæддæр фæоаууспмæ азтомобилты фæндæгты техникумы ахуыр кодта, фæсаууонмæ институт фæуыпмæ дæр хъавыд. — Хицау ма Аманжолов у? — Нæ, æндæр ис йæ бæсты, Аманжоловы мпппстрад- мæ стырдæр быиатмæ аивтой. — Куыд дæм кæсы, кусынмæ мæ рансдзысты? — Цæуыпнæ, райсдзысты дæ, кæн зæгъын æй хъæуы. Дæоны шофыр дæ. Суанг ма æфсады дæр хуыздæртнмæ пымад куы уыдтæ. — Кæддæр цыдæртæ уыди,— бахъуыр-хъуыр кодтон æз-—Джантайы пæ зоныс? — Ахæм нæм пæ кусы. Йæ кон дæр ын никуы фе- хъуыстоп. «Чысыл ивддзинæдтæ не ’рцыд автобазæйы...» — окар- стои мæхипымæр, стæй йæ бафарстоп: — Сыфцæйласгæ гуыффæтимæ æфцæджы сæрты цæут? — Æнцонæй,— хуымæтæг дзуапп радта Эрмек.— Ца- вæр уæзæгтæ ласай, уымæй дæр бирæ аразгæ у. Куы бахъæуы, уæд ма дыл æгæр дæр бавгæндзысты æмæ йын цы ’нæласгæ ис. Мащннæтæ пыртæккæ домбай сты. 87
Уыцы гуыффæты тыххæй цы бæллæхтæ бавзæрстон, уый Эрмек цæмæй зыдта. Иуныхаоæй, фæстæмæ мæ уарзон автобазæмæ æрба- здæхтæн. Эрмек тæ сæхимæ бахуыдта, хорз мæ федта, нæ фембæлды тыххæп мын нуазын дæр кодта, фæлæ æз нæ ба.куьимдтон, раджы йæ ныууагътон. Автобазæйы дæр мæм хорз цæстæй ракастысты. Ме ’мбæлттæй ма дзы чи куыста, уыдонæй се ’ппæтæй дæр бузпыгæй баззадтæи, дзæгъæл рафæрс-бафæрс мæ кæй нæ кодтой, уый тыххæй. Стæй мæ фæрсын дæр цæмæн хъуыд. Уыдтой мæ. Дæрдтыл фæзылдтæп æмæ та фæстæ- мæ æрыздæхтæн. Куыстон. Æыæзæрдæхудтæй. Æмæ ма мын уыйфæстæ мæ хъæдгом цæмæн агайдтаиккой.,Æ'з мæ- хæдæг дæр архайдтон ивгъуыд хабæрттæ ферох кæны- иыл, æппындæр сæ куыд никуыуал æрымысоп, афтæ. Кæддæр мæ бинонтммæ кæм цардтæн, уыцы базæйы рæз- ты-иу куы фæцæйцыдтæн, уæд-иу мын фæрсырдæм фæ- кæсыны фадат куыннæ фæуа, машинæ-иу афтæ тагъд а’окъазрдтон- Суанг м-а-иу колонкæйы цур бензин ныккæ- иыиы тыххæй дæр никуы æрлæууыдтæн. Ф.æлæ уæддæр пæ аирвæзтæн. Мæхи асайыи нæ бафæрæзтон. Дзæвгар рæстæг ф.ээкуыстон, адæмимæ фæцахуыр дæн, мæ машинæйы хъару бирæ ауайæнты бавзæрстон. Цыбырдзырдæй, мæ хъуыддаг зыдтои... Уыцы бон æнæмæтæй æрбацæйцыдтæн- Ницы сагъæс мæ уыд. Мæ зæрдæйы дзæбæхæн машинæ скъæрдтон. Алырдæм фæлгæсыдтæн. Уалдзæг ралæууыд æмæ быдыр- ты уындæй за^рдæ ради. Дæрддзæфгомау иуæй-иу рæтты цатыртæ æрцарæзтой: фосдарджытæ уалдзыгоп хизæп- уæттæм рацыдысты. Цатырты сæрмæ фыццаг фæздæджы уадздзæгтæ фæзынди. Дымгæ-иу йемæ æрбахаста бæхты æнæнцой мыр-мыр. Фосы дзугтæ хызтысты фæпдагмæхæс- тæг. Мæ зæрдыл æрлæууыд мæ сабидуг, æрæнкъард дæн... Æ’мæ æваст цадмæ фæзилæны фестъæлфыдтæн — доныхъазтæ! Мæ цæрæнбонты Иссык-Кулы дыккаг хатт уалдзæ- 88
джы федтои доныхъазтæ. Цъæх-цъæхид Иссык-Кулы сæр- мæ зылдысты урс мæргътæ. Цæмæн, уый мæхæдæг дæр нæ зонын, фæлæ та кæддæры хуызæн мæ машинæ фæн- дагæй цæхгæр фæзылдтои æмæ зæрæстоны комкоммæ цадмæ аокъæрдтон. Иссыл-Куль, Иссык-Куль — ме ’рдæгконд зарæг! До- ны сæрмæ уæлбыл Аселимæ куы ’рлæууыдыстæм, уыцы бон та цæмæн æрлæууыд мæ зæрдыл? Кæддæрау та ур’обарц цъæх уьшентæ цымя .кæр’æдзийы къухтыл ных- хæцыдысты, уыйхуызæн бур былгæронмæ фæд-фаедыл тахтысты. Хур фæсхох æрцæйныгуылд æмæ фæстаг тын- тæй дард уылæнтæ сырхбын дардтой. Доныхъазтæ цин- æмхæццæ сагъæсæфтауæг зарджытимæ уæлдæфы зыл- дысты. Сæхи-иу бæрзонд систой, сæ базыртæй æхситгæн- гæниу сæхи цадмæ рауагътой æмæ-иу доны фъщгæ з,ил- лæччытæ фæйнæрдæм фæцыдысты. О, æппæт дæр уыди кæддæры хуызæн. Æрмæст Асель мемæ нæ уыди. Цы- мæ «æм дæ ныртæюкæ, мæ сырхсæрбæттæнджын гæды- бæлас, мæ зæрдæйы уидаг? Æз былгæрон бирæ фæлæууыдтæн. Уыйфæстæ ав- тобазæм,æ раздæхтæн. Æмæ та мæхиуыл фæхæцын нал бафæрæзтон... Хæрæндопмæ та бацыдтæн мæ сагъæстæ нозты баоудзынмæ. Уырдыгæи æнафон раздæхтæн. Арв уыди сау-сауид. Мигътæй æрб’ахгæдта. Комæй дымдта тыхджын дымгæ. Хуыр цæсгомыл цавта. Цад абухта, хъæрзыдта. Тыххæйты ма æмдзæрæнмæ бахæццæ дæп. Æд дзаумæттæ хуыссæны бафæлдæхтæн. Райсомæй мæ сæр тъæппытæ хауд. Фæснозт мæм фезмæлын дæр нæ цыд. Æдде у-арыд митæмхæццæ къæв- да. Иу-æртæ сахаты ма фæхуыссыдтæн, куыстмæ цæ- уын мæ нæ фæндыд. Фыццаг хатт мыл ахæм хабар æр- ц’ыд. Уымæй рязмæ мæ куыстыл афтæ никуы сыстыр- зæрдæ дæн- Фæлæ фæстагмæ мæхицæй фефсæрмы дæн æмæ ацыдтæн. Маилинæ уыцы уæнгмардæй цыд, уæвгæ уый нæ, фæ- лæ æз уыдтæн уæнгмард. Ноджы рæстæг дæр хъуын- 89
тъыз. Мæ комкоммæ-иу чп ’рбацæйцыд, уыцы маШи- нæтæ уыдысты митæй æмбæрзт: æвæццæгæн, æфцæгыл æруарыд. Цыфæнды дæр уæд! Мæ фыдæнæп тымыгъ ( дæр сыстæд, иицæыæй дзы тæрсып, сæфт — дыууæ’ сæфты! Мæ чемы нæ уьгдтæн. Кæсæпмæ-ну мæхимæ куы окастæп, уæд-пу мæ з-æрдæ бамæгуыр: æпæдаст, цæс- гом рæсыд, æнцъылдтæ, цыма фæсдпнон уыдтæп, уыйау. Иакуы мæ иу комдзаг окæпын хъуыд, райсомæй нырмæ хойраджы хъæстæ нæ уыдтæш, фæлæ мæм хæрьгн дæр нæ цыд, æцæг нуазгæ акодтаин. Иу хатт дæхиуыл фæ- хæцын куынæ бафæразай, уæд уыйфæстæ фæзын вæй- йы- Ацахадæпы цур æрлæууыдтæн. Фыццаг агуывзæйы фæстæ мæ ныфсыл бафтыд, дз-æвгар мын фенцондæр. Уыйфæстæ ма фæндагыл кæмдæр иу сьжъа банызтон, стæн ма йæ1м уьгйфæстæ дæр бафтыдтон. Машинæ тагъд- дæр згъорыи раадыдта. Рудзынгсæрфæнтæ мæ цæсты- ты акомком;мæ сдыууæрдæм сты. Æргуыбыр кодтон, мæ снгарет мæ дæндæггы æхсæн æууилын. Мæ ныхмæ цы машпиæтæ цæуы, уыдон ауыиып, мæ рудзгуытыл мын цъыф дсп куыд æрбагсалынц, уый дæр базонын, æндæр шщ’уал æмбарып. Æнафон уыд æмæ маншнæ ноджы тынгдæр бацагайдтон. Хæхты мыл æрæхсæв. Мæйдар æхсæв. Цæсты къух фæтъыосæн нæ уыд, ахæм талынг æхсæв. Мæ нозт мыл æртæфст. Фæллайын райдыдтон. Мæ цæстыты размæ-иу оау зиллæччытæ февзæрд. Ка- бинæны æнуд уыд æмæ мæ зæрдæ хæццæ кæпын райдыд- та. Цæрæнбоиты афтæ расыг никуыма уыдтæн. Мæ цæс- гомы хид калд. Афтæ мæм каст, цыма машпнæйы иæ цыдтæн, фæлæ мæ разæй цы дыууæ цырагъы рухсы уыд, уыдопыл тахтæп. Уыцы рухсытпмæ-иу уырдыджы бын- мæ ныххаудтæн, тынтнмæ-иу зыр-зыргæнгæ хохы фах- сыл балæууыдтæн, куы та-иу рухсыты фæстæ фæпдаггæ- рæтты æрзылдтæн. Минутæй минутмæ дæр-иу мæ тых фæкъаддæр, фæлæ уæддæр машинæ иæ урæдтон, уы- мæн æмæ зыдтон, куыддазр -мæ къухтæ рулæй фæхпцæн 90
уоп, афтæ пæ фæстæмæ æрцахсын мæ бон нал бауы- дзæн. Кæуылты цыдтæн, уый дæр бæлвырд иал зонын — кæмдæр æфцæгыл. Уастæн дын цы загъдæуа, Долон, кæд дæуимæ хъæбысæй хæцæн нæп, уæд! Уæлдайдæр æх- сæвыгсн, расыг шофырæн. Машкнæ тыххæйты цавæрдæр хæрдыл схызт, стæй фæуырдыг кодта- Сæрбпхъуырæйттæгæнгæ талынджы омидæг дæн. Мæ къухтæ мæ коммæ нал кастысты. Ма- шинæ фæндагыл уырдыгмæ тынгæй-тынгдæр тахт. Стæй райхъуыст æмыр гуыпп, хъыррыст, цырæгътæ ахуыссы- дысты, æппындæр ннцыуал ауыдтон. Мæ зонд ма ацах- ста: цæуылдæр сцавтон машинæ! Афтæмæй цас фæхуыссыдаин, хуыцау йæ зопæг, фæ- лæ мæм иузаман дард кæцæйдæр дзурæгау æрбайхъуыст кæйдæр хъæлæс: «Дæ рухс-ма ардæм æрбадар!» Кæй- дæр къухтæ мьгп мæ сæр, уæхочытæ æмæ риу сгарынц: «Æгас у, æр’мæст расыг»,— сдзырдта та æрдæбоны хъæ- лæс. Иипæ йын дзуапп радта: «Фæндаг асыгъдæг кæпып хъæуы». — Æфсымæр, чысыл-ма фалдæр бабад æмæ маши- нæ ардыгæй атæрæм, — æмæ мын аивæп ме ’уæхск ба- схуыстæуыд. Æз ныхъхъæрзыдтон, тыххæй-фыдæй мæ сæрыл схæ- цыдтæн. Мæ ныхы туг цæсгомыл дæлæмæ калд. Мæ ри- уы мæ цыдæр хъыгдардта. Мæ бои рабадын нæ уыд. Спичкæ ссыгъта. Æрбакасти мæм. Стæй ма ноджыдæр иу спичкæ ссыгъта æмæ та мæм æрбакаст, цыма йæ цæ- стытыл нæ баууæндыд, уыйхуызæн... — Ай цытæ бакуыстап, мæ лымæн? Куыд рауади уый? — хъыггæнгæйæ мæм сдзырдта талынджы. — Машинæ... тынг ныцъцъæл? — бафарстон æз, туг ату кæнгæйæ... — Уыйас нæ. Фæндагыл ныццæхгæрмæ æрмæст. — Уæдæ ныртæккæ ацæудзынæн, ауадзут мæ,— м(æ зыр-зыргæиаг къухтæ мæ каммæ нал кастысты, афтæ- 91
мæй машинæ скусын кæныныл æмæ стартер нылхъивы- ныл афæлвæрдтон. — Фæлæуу!—йæ къухтæй мыл фæхæцыд.— Хын- джылæгæн æгъгъæд у. Рахиз-ма. Ахсæв уал дæ фæллад суадз, рансом бæрæг уыдзæн... Кабинæйæ мæ райстой. — Машинæ фæндагæй иуварс атæр, Кемель, æмæ йæм уьим æркæсдзыстæм! Мæ къух мын йе 'уæхсчы сæрты байста æмæ мæ та- лынджы иуварс кæдæмдæр аласта. Дзæвгар фæцыды- стæм, цалынмæ цавæрдæр хæдзары дуармæ не ’рлæууы- дыстæм, уæдмæ. Хæдзармæ дæр уыи æххуысæй бацыд- тæн. Æддаг уаты сыгъди фæтæгены цырагъ. Бандоныл мæ сбадын кодта æмæ мын мæ кæр.ц ласынмæ фæци. Æз дæр æм бакастæн. Базыдтон æй. Уьгй уыди фæндæг- ты мастер Байтемыр, кæддæр æфцæгыл машинæ сыфцæй кæимæ фæластам, уый. Худинаг мæм æркает, фæлæ мын æхсызгон дæр уыд, хатыр ракурыпмæ дзы хъавыдтæн, стæй йын раарфæ кæнын дæр мæ зæрды уыд, фæлæ уы- цы рæстæг сугты гæр-гæр зæххыл фæцыд æмæ уыдон уынæрмæ фæстæмæ фæкастæн. Фæкастæп æмæ мын цы- ма исчи ме ’уæхсчытыл уæззау уаргъ баппæрста, уыйау оабыргай мæ бадæнæй тыхамæлттæй сыстадтæн. Къæ- еæргæрон пьгрх сугты уæлхъус лæууыди Асель. Цыдæр æнахуыр æмраст лæууыд æмæ мæм цавддурау каст. — Цы у уый? — базмæлыдысты йæ былтæ. Æз чысыл ма бахъæуа ада ныхъхъæр кæпон: «Ассль!», фæлæ мæ йæхимæ хæстæг бацæуыи чи нæ уагъта, уыцы æцæгæлоп цæстæнгас иу пыхас сдзурын дæр нæ бауагъта, худинаджы арты ссыгъдтæн æмæ мæ сæр æруагътон. Уаты иуцъуодуг афтæ сабыр уыди, æмæ мæхинымæр фыртæссæй барызтæн. Байтемыр куынæ уыдаид, уæд хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдаид, уый нæ зонын. Цыма æппыпдæр ннцы æрцыд, уыйхуызæн мæ фæстæмæ мæ бынаты æрбадын кодта. — Тæссагæй дзы ницы ис, Асель,— сабыргай загъ- 92
та уый.— Шофыр иучысыл фæцъæррæмыхст, баулæф- дзæн... Уый бæ’сты нын йод ,куы раттис. — йод? — йæ хъæлæс фæфæлмæндæр, батыхст.— Иод нæ сыхæгтæ ахастой... Æртæккæ йæ æрбадавдзы- нæн! —æмæ уайтагъд федде. Æз æнæзмæлгæйæ бадтæн, мæ был мæ дæндæгтæй æхсыдтон. Мæ нозт цыдæр фæци, цæстыфæныкъуылдмæ дзы сæры ницуал аззад. Æрмæст мæ туджы дзæхст- дзæхст къæмисæнтæй æддæмæ лæбурдта. — Раздæр æй ныхсын хъæуы,— загъта Байтемыр, мæ ныхы цъæррæмыхстмæ кæсгæйæ. Бедра йемæ рай- ста æмæ æддæмæ рацыд. Иннæ уаты дуарæй бæгъæвва- дæй айдагъ хæдоны ракаст, иу-фсндз азы кæуыл цыда- ид, ахæм л’æппу. Иæ дынджыр цæстытæй мæм цы,мы- дисæй касти. Æз æй уайтагъддæр базыдтон. Куыдæй, уымæн ницы зонын, фæлæ йæ мæ зæрдæ базьгдта. — Сæмæт!—ныллæг хъæлæсæй йæм бадзырдтон æз æмæ мæ хъæбулмæ мæхи байвæзтон. Уыцы заман Байтемыр къæсæргæрон фæзынд, æмæ дзы цæмæдæр гæогæ фæтарстæн. Мæ фыр.тмæ йæ номæй кæй сдзырд- тон, уый, æнхъæлдæн, фехъуыста. Цыма мæ давгæйæ æрцахстæуыд, афтæ мæм фæкаст. Цæмæй мæ уавæрæй фервæзон, уый тыххæй æз, мæ къух мæ ныхы цæфыл авæргæйæ, æнæнхъæлæджы бафарстон: — Уый дæ фырт у? — Цымæ йæ цæмæн бафарстои? Абоны онг дæр æй .мæхицæн нæма нькббарстон. — 0!—фвдарæй загъта Байтемыр. Бедра зæххыл æрæвæрдта, Сæмæты та йæ хъæбысмæ фелвæста.— Мæ фырт у, кæй зæгъын æй хъæуы, мæхи хъæбул, æццæй нæ, Сæмæт? — сдзырдта уый, сывæллонæн пъа кæн- гæйæ, азмæ йып йæ рнхитæй йæ рус æмæ йæ бæрзæй хъыдзы кæнгæйæ. Йæ хъæлæс æмæ йæ фезмæлдтыты иу «æнгæ ми дæр нæ уыди.— Цæуыннæ бафынæй кæныс? Æ, мæ гыццыл байраг, хъуамæ иу хъуьгддаг дæр æнæ- базонгæпæ ма ныууадзай, тæхгæ марадз хуыосæнмæ! — Æмæ мамæ кæми? — бафарста Сæмæт. 93
— Ныртæккæ æрбацæудзæи. Уæртæ. Ауай, ауай, мæ хъæбул. Асель æрбатахт, æнæдзургæйæ ныл йæ цæстæпгас æрбаппæрста. Байтемырмæ йод радта æмæ лæппуйы хуыссынмæ ахуыдта. Байтемыр хисæрфæн ныххуылыдз кодта æмæ мын дзы мæ цæсгомы туг ныссæрфта. — Фæразынæй хуы.здæр хос ын нæй! — сдзырдта хъазгæйæ æмæ ма мæ цъæррæмыхстытæ йодæй судз- гæйæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ахæм хъуыддаджы тых- хæ"1 дæ ноджы тыпгдæр басудзын хъæуьь фæлæ дын уазæджы хатыр фæуæд... Гъер хорз у, байгас уы-дзæн. Ассль, цай нын куы рахæссис. — Ныртæикæ. Байтемыр мын нымæтыл бæмбæджджын хъæццул байтыдта, баз ыл æрæзæрдта. — Мæиæ ам æрбад, иучысыл баулæф, — загъта уый. — Ницы кæны, бузныг! — Сбад, сбад, цыма уæхимæ дæ, афтæ дæм кæсæд,— æрхатыд та мæм Байтемыр. Раст цым’а мæ фыны уыдтæн, афтæ мæм каст. Мæ зæрдæ мын чидæр мæ риуы фидар нылхъывта æмæ йæ сыэмæлын нал уагъта. Дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, сагъæсты ацыдтæн. Фæлтау .куынæ райгуырдаин. Асель рацыд, цæмæй махырдæм ма ракæса, ууыл архайдта, афтæмæй цайфыцæнимæ кæртмæ ахызт. — Æз дын ныртæккæ феххуыс кæндзынæн, Асель,— йæ фæдыл адзырдта Байтемыр. Уый дæр тагъд-тагъд уынгмæ йæ фæстæ фæцæйцыд, фæлæ та Сæмæт мидæг- гаг уатæй рауад. Уый хуыссыны мæт нæ уьгд. — Уæддæр нæй, Сæмæт! — сдзырдта йæм фæлмæн- хуызæй Байтемыр æмæ йæ сæр батылдта. — Ды, кинойы цы лæг хъазыд, уый нæ дæ? — æцæ- гæй мæ бафарста мæ фырт æмæ мæм хæстæгдæр æр- бацыд. 94
Хъуыддаг цæй мида&г ис, уый уайтагъддæр фембæр- стон, Байтамырыл та худæг бахæцыд. — Æ, мæнæ æдылы чи у, уый! — худти Байтемыр, сывæллоны цур дзуццæджы æрбадгæйæ.— Худæгæй мæ амардтай. Айфыццаг æрзæткъахæнмæ кшюмæ ацыды- стæм»— мæнырдæм раздæхгæйæ дарддæр дзырдта Бай- темыр. — Ацы азмæц дæр немæ... — О, æз кинойæ рацыдтæн!—дзуапп радтоп Сæмæ- тæн. — Раст нæ зæгъыс! — фæхъуынтъыз Сæмæт. — Цæуылнæ? — Уæдæ, цы æхсаргардæй хæцыдтæ, уый кæм ис? — Нæхимæ йæ пыууагътон... — Равдисдзьшæ мæм æй? Райсом мæм æй равдис- дзыпæ? — Равдисдзынæн. Ардæм-’ма рауап. Дæ ном цы хуи- иы, Сæмæт хуины дæ ном? — Сæ^мæт. Дæ ,ном та? — Мæ но!М...— æз ныхъхъус дæн.— Мæ ном та — Илас,— тыххæйты сфæрæзтон æз. — Сæмæт, цæугæ æмæ схуысс, æнафон у!—ныхас йæхимæ айста Байтемыр. — Папæ, иугыццыл ма фæлæууон? — лæгъстæхуы- зæй загъта Сæмæт. — Цæй, хорз! — сразы Байтемыр.— Мах ныртæккæ цай æрбахæсдзыстæм. Сæмæт мæм æрбауад. Æз ып йæ къух фæлмæн æр- еæрфтон. Мæ хуызæн тынг уыди. Цæрмæстыгъд мæ ба- кодта. Суанг ма йæ къухтæ дæр мæ къухты æнгæс уы- дысты, худгæ дæр мæ хуызæн кодта. — Куы сдынджыр уай, уæд цы уыдзынæ? — бафар- стои æй æз, цæмæй мын мæ фыртимæ исты хуызы ны- хас бацайдагъ уыдаид, уый тыххæй. — Шофыр. —■ Машинæйы цæуын уарзыс? 96
— Тынг бирæ... Æрмæст мæ никуы ничи сæвæры, мæ къух сæм куы сдарын, уæддæр... — Æз дæ райсом аласдзынæн. Фæнды дæ? — Фæнды. Æз дын хъултæ ратдзынæн! — æмæ пн- нæ уатмæ батахт. Рудзынгæп маам хорз зынди цайфыцæн. Йæ хæтæ- лæй арты æвзæгтæ æддæмæ лæбурдтой. Асель æмæ Баптсмыр цæуылдæр дзырдтой. Сæмæт архары1 цармæй конд хызыны хъултæ раха- ста. — Дæхицæн дзы равзар! — йæ диссаджы рæсугъд ахуырст хъултæ мæ цуры æркалгæйæ, одзырдта Сæмæт. Æз дзы иу хъул мæхицæп зæрдылдарынæн сисынмæ хъавыдтæи, фæлæ нæ бауæндыдтæн. Дуар байгом æмæ Байтемыр тæфкалгæ цайфыцæнимæ æрбахызт. Йæ фæс- тæ фæзыид Асель дæр æмæ цайгæрдæг фыцыныл ба- лæууыд, Байтемыр та ньгмæтыл тымбыл пыллæг фынг æрæвæрдта, йæ уæлæ йын æмбæрзæн æрытыдта. Мах Сæмæтимæ хъултæ иу рапмæ æрæмбырд кодтам æмæ сæ фæстæмæ хызыны ныккалдтам. — Дæ хæзнатæ æвдыстай? Нæ фæлæ цы хиппæлой дæ,— сдзырдта Байтемыр Сæмæтмæ æмæ йын хъазгæйæ йæ хъус спвæзта. Минуты фæстæ иууылдæр цайфыцæны уæлхъус бад- тыстæм. Æз æмæ Асель нæхи афтæ дардтам, цыма кæ- рæдзийы æппындæр никуы зыдтам. Дыууæйæ дæр са- быр уæвыныл архандтам æмæ фылдæр рæстæг, æвæц- цæгæн, хъусæй дæр уымæн лæууыдыстæм. Сæмæт бад- ти Байтемыры хъæбысы æмæ йæм йæхи ыоджы хæстæг- |дæр ивæзта, пæ сæр разшл-базилыл сси. — Æллæх, алы хатт дæр мæ дæ рихитæй ныххыр- хыс, папæ! — афтæмæй пын йæ рустæ пæ рихитыл йæ- хæдæг хафта. Дæ фырты фарсмæ бад æмæ пæ дæ фырт схонын ма 1 А р х а р — хъæддаг фыс. 96
уæпд. Уый мын тынг зыи уыд. Ноджы ма æндæр адæй- маджы дæхн цур йæ фыд хонæд. Асель дæ фарсмæ ба- дæд æмæ дын æм комкоммæ бакæсыны бар м<а уæд. Уы- мæй ма уæззаудæр бæллæх цы уыдзæн! Цымæ ам куыд февзæрд? Бауарзта азмæ афтæмæй ацыдаид чындзы? Цы йыи хъуамæ базыдтаип, кæд æмæ йæхи нæзонæг окодта! Цыма йын бынтон æцæгæлон, æнæзонгæ адæй- маг уыдтæи! Ау, ахæм цæстысындз ын фестадтæн? Бай- темыр та? Чи дæн, уый æцæгæй нæ зоны? Сæмæтимæ кæрæдзийы халдих кæй стæм, уый дæр нæ рахатыдта? Иухатт æфцæгыл куы фембæлдыстæм, уый кой та цæ- уьшнæ окодта? Æви дзы æцæгæй ферох? Куы схуьюсыдыстæм, уæд мын ноджы фæзыпдæр. Уат мын бакодтоп ньшæтыл. Æз къулырдæм азылд- тæн. Асель ма цырагъы мæнг рухсмæ тæбæгътæ æфс- найдта. — Асель!—фаллаг уаты гом дуарæй йæм ныллæг хъæлæсæй фæдзырдта Байтемыр. — Иæ дзаумæттæ-ма йын ахс. Мæ чырынтæ хæдон тугæй нал зынд. Асель æй рай- ста æмæ йæ æхсын ра.йдыдта, фæлæ уынæрмæ гæсгæ бамбæрстон, Байтемырмæ кæй бацыд. — Радиаторы дон рауагътат? — сабыргай бафарста Асель.— Куы ныссæла... — Рауагъта.м, Кемель æй рауагъта! — Сабырæй йып дзуапп радта Байтемыр дæр.— Машинæйæп ницы уыд... Райсом æм фæкæсдзыстæм... Мæнæй ма рох дæр фæци: радиатортæ æмæ мæ мо- тортæ нал æндæвтой. Асель хæдон æхсад фæци æмæ йæ псцы сæрмæ ауындз- гæйæ арф ныуулæфыд. Цырагъ ахуыссын кодта æмæ ацыди. Бынтондæр нытталышг. Æз зонын, иуы дæр пæ хуыс- сæг нæ ахста. Алчидæр нæ йæ хъуыдытимæ иунæгæй баззад. Байтомыр мæ фыртимæ хуыссыди иу сынтæгыл. Сæмæт-иу йæ фыны базмæлыд æмæ та-иу æй Байтемыр 7 Мæ сырхсæрбæттæпджыи рæсугъд 97
æрæмбæрзта, цыдæр фæлмæн ныхæстæ-иу ын загъта. Асель-иу искуы-иу хатт сындæггай арф ныуулæфыд. Афтæ мæм каст, цьима йын талынджы дæр йæ уымæл æртти- ваг цæстытæ уыдтон. Уыдон, æвæццæгæн, цæстысыгтæй сæ тæмкæ дзаг уыдысты. Цымæ цæуыл æмæ кæуыл уы- ди йæ сагъæс? Ныр ыи æртæ баистæм... Чи зоны, æмæ уымæ дæр мæ хуызæн хъуыдытæ уыд, йæ зæрдыл æр- лæууыдысты, пæ дьгууæйы æхсæн хррзæй дæр æмæ æв- зæрæй дæр цы уыд, уыцы хабæрттæ. Нæ, ныр æз Асель- мæ ницуал бар дардтон, йæхимæ дæр, йæ хъуыдытæм дæр. Асель фæстаг азты фендæрхуызон, фендæрхуызон сты йæ цæстытæ. Раздæрау æууæнкæйдзаг, сыгъдæг æмæ хуымæтæг нал уыдысты. Фæтызмæодæр сты. Фæлæ мын уæддæр Асель фыццаджы хуызæнæй баззад, баззад мæ зæрдæйы уидагæй. Йæ алы фезмæлд, йæ алы ми дæр мын цыдæр уарзон æмæ адджьгн уыдысты. Æмæ мæ уый иоджы стырдæр сагъæс æмæ мæтыл æфтыдта. Фырка- тайæ базы кæрон мæ дæндæгтæй фидар нылхъывтон, афтæмæй суанг боны орухсмæ мæ цæстытæ æддæгуæлæ ше ’рæвæрдтоп. Рудзыигæй зындн мæй. Йæ рæзты мнгътæ дугъы уа- дысты. Сæумæрайсом Асель æмæ Байтемыр сæ хæдзары хъуыддæгты фæдыл кæртмæ куы рацыдысты, уæд æз дæр сыстадтæн. Цæуын мæ хъуыд. Сындæггай Сæ^æт- мæ бахъуызыдтæн, ньгбба йын кодтон æмæ тагъд-тагъд рацыдтæн. Асель кæрты дурты уæлæ стыр аджы дон тæвдмæ сæвæрдта. Байтемыр суг саста. Уыйфæстæ дыууæйæ машинæмæ араст стæм. Тамако дымгæ, æнæдзургæйæ цыдыстæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй дысон мæ машинæ скъуырд- тон, фæндаггæрон цы æфсæнбетон ныллæг цæджындз- тæ сагъд вæййы, уыдоныл. Дыууæ дзы бынтондæр схаудысты æмæ машинæйы раз лæууыдысты. Мæ цы- рæгътæп иу ныццæхх, йæ ных æмæ йæ базыр мидæмæ 98
батасыдысты, цалхы сæмæн фæхъыгдард. Уыдон мæцъис æмæ дзæбуджы фæрцы -куыддæртæй бацъапп кодтам, фæлæ уыйфæстæ хурхæй амардыстæм. Мотор ныосалд. Картер схъарм кæиыны тьгххæй нæ фæскъау æндзарын бахъуыд. Уыйфæстæ машинæйы дæгъæл разæй дыууæйæ здухын райдыдтам. Не 'уæх'счытæ кæрæдзиуыл æндзæ- выдысты, нæ армытъæпæнтæ иу æфсæйнаг хæцæныл сыгъдысты, кæрæдзийы цæсгæмттæм улæфыдыстæм, иу хъуыддагыл куыстам æмæ иæм, чи зоны, ну хъуыдытæ уыдис. Мотор окусынæн ницуал хос уыд. Фæллайын рай- дыдтам. Уалынмæ Асель дыууæ бедрайы тæвд дон ра- хаста. Æнæдзургæйæ сæ мæ цуры æрæвæрдта, иуварс ацыд. Æз дон радиаторы ауагътон. Байтемыримæ ма йæ иу хатт æрзылдтам, стæй та дыккаг хатт æмæ æп- пынфæетаг мотор окуыста. Æз кабинæйы сбадтæн. Мо- тор хорз нæ куыста, ферхæцыд-иу. Байтемыр капоты бын аныгъуылд цырæгътæ уынынмæ. Уыцы рæстæг тых- улæфтгæнгæ æрбатахт Сæмæт, йæ палтойы цæплæртæ æнæвæрд. Машинæйы алыварс силлæг, бадын æй фæн- дыд. Асель æй рацахста. Йæ къухыл ын хæцыд, афтæ- мæй кабинæйы раз æрлæууыд. Ахæм уайдзæфтæйдзаг цæстытæй мæм æрбакаст, уыйбæрц маст æмæ дзы тæ- ригъæддзинад уыдис, æмæ уыцы минут цæуылфæнды- дæр оразы уьгдаин, цæмæй сæ разы мæхи сраст кодта- ин æмæ та фæстæмæ мæхи бауыдаиккой, уый тыххæй. Æз гом дуарæй æргуыбыр кодтон æмæ йæм сабыргай сдзырдтон: — Асель, нæ хъæбулы дæр райс æмæ сбад! Алас- ■дзынæн дæ, иухатты хуызæн, æрмæст ныр — æнусмæ! Сбад! — ныллæгъстæ йын кодтон æз. Асель ницы сдзырдта. Йæ цæссыгтæйдзаг цæстытæ иуварс азылдта æмæ йæ сæр фæрсырдæм батылдта. — Абадæм, мамæ! — йæ къухыл ын ахæцыд Сæмæт. Асель æнæфæстæмæ кæсгæйæ фæцæйцыд, йæ сæр тыллæг æруагъта. Сæ,мæт та йæ фæстæмæ ласта, ма- ’Шинаййы цурæй йæ нæ фæндыд, 99
— Цæттæ у! — æрбадзырдта мæм Байтемыр, капот æрæхгæдта æмæ мæм, цы кусæнгарзæй архайдта, уый æрбалæвæрдта. Æмæ мæ фæндаг адардтон. Ногæй та руль мæ къу- хы, погæй та фæндæгтæ æмæ хæхтæ. Машинæйæн та цы уæлдай уыд — р.азмæ мæ окъæфта æмæ окъæфта... Гъе афтæ ссардтон Аоель æмæ мæ фырты æфцæгыл, афтæ фембæлдыстæм æмæ фæхицæн стæм. Цалынмæ фалæмæ цыдтæи æмæ фæстæмæ здæхтæи, уæдмæ хъуы- ды кодтон, фæлæ мæ зонд ницы æрцахста. Æрхæндæ-г хъуыдытæй бафæлладтæи... Ныр мьш ам лæууæн нал уыд; мæ сæр мæ искуы бафснайъш хъуыд. Уый фидарæй окарстон мæхииымæр. Ах’æм хъуыды- тимæ фæстазмæ раздæхтæн. Фæндаггæсты бæстыхайы рæзты куы ’рбацæйцыдтæн, уæд Сæмæты ауыдтон. Уый иуварс» йæхицæй хистæр чызг æмæ лæппуимæ хъазыди ташкаргаыæй — дуртæй хæдзæрттæ æмæ уæтæртæ арæз- той. Чи зоны æмæ-иу сæ уымæй размæ дæр федтон. Алы бон дæр дæ фырты рæзты цу æмæ йæ м>а зон. Æз машинæ æрурæдтон. — Сæмæт,— фæдзырдтон æм æз. Иæ фенынмæ мæ былыцъæрттæ хордтон. Сывæллæттæ мæм иууылдæр •ныййарц сты. — Махласынмæ æрбацыдтæ?—æрбатахт мæм Сæмæт. — О, иучысыл уæ аласдзынæн! — загътон æз. Сывæллæттæ æмхуызонæй дæр кабинæйы бадынмæ фесты. — Ай нæ зонгæ лæг у! — раппæлыд Сæмæт йæ хæ- лæрттæн. Æз оæ дардмæ дæр нæ аластон, фæлæ мын уыцы хъуыддаг цæйбæрц амонд æмæ цин æрхаста! Сабнтæй мын сæхицæй æхсызгондæр уыд. Уыйфæстæ сæ ра- ргъæвтон. — Ныр тæхгæут уæхимæ! Сывæллæттæ фæтъæбæртт ластой. Æз мæ фырты фæурæдтон; 100
— Фæлæуу-ма, Сæмæт, цыдæр дыи зæгъон! — зæххæй йæ фелвæстон, мæ сæрмæ йæ бæрзонд сæппæрстон, йæ цæсгоммæ йын бирæ фæкастæн, стæй йæ мæ риумæ нылхъывтон, ныбба йын кодтон æмæ йæ зæхмæ æр- уагътон. — Æмæ æхсаргард та кæми, нæ мын æрбаластай? — йæ зæрдыл æрлæууыд Сæмæтæн. — Мæнæ мæ куыд ферох, мæ хъæбул, иннæ хатт дын ээрбаласдзынæн!—зæрдæ йын бавæрдтон æз. — Нал дæ ферох уыдзæн? Мах та уыцы ран хъаз- дзыстæм. — Хорз, ныр тæхгæ тагвддæр! Автобазæйы пълотникты æрмадзы æртæ хъазæн æх- саргарды самвдтон æмæ сæ мемæ раластон. Сывæллæттæ мæм æцæгæй дæр æнхъæлмæ касты- сты. Ногæй та сæ машинæйы аластон. Афтæ райдыдта нæ хæлардзинад мæ фырт æмæ йе ’м.бæлттимæ. Уай- тагъд мыл фæцахуыр сты. Кæрæдзийы сæрты хаугæ-иу 1мæм дардæй ратахтысты: — М^ашинæ, нæхи машинæ æрбацæуы! Ногæй та фæцардхуыз дæн. Адæймаджы хуызæн та сдæн. Кусынмæ фæцæйцæугæйæ-иу мæ зæрдæ ради: цы- дæр бæллиццаг æн^къарæнтæ-иу мæ риуы гуырыди, уы- мæн æмæ зыдтон, фæн!дагыл мæм мæ фырт кæй æнхъæл- мæ кæсы. Иемæ-иу мын кабинæйы дыууæ мишуты аба- ды-н дæр амонды фаг уыд. Ныр ме ’ппæт хъуыдытæ æмæ сагъæстæ дæр баст уыдысты мæ фырты цурмæ афоныл бахæццæ уæвынимæ. Алы хатт дæр-иу рæстæг афтæ равзæрстсн, æмæ-иу æфцæгмæ банæй бахæццæ дæн. Рæстæг хорз уыд. Уалдзыгон хъарм банты сывæл- лæттæ иууылдæр уынджы хъазыдысты æмæниу сæ арæх фæидаггæрон баййæфтон. Æз мæхи афтæ амондджын хуыдтон, æмæ цыма цæргæ дæр æмæ кусгæ дæр уый тыххæй кодтоп. Фæлæ-иу мын хаттæй-хатт мæ зæрдæ цыдæр тас фæрæхуыста. Чи зоны, фæндаджы хайады зыдтой, æз сывæллæтты ралас-балас кæй фæкæнын, 101
уый. Зыдтой, нæ зыдтой, уæддæр сæ бон уыд мæ фырты фæндаджы былмæ нал уадзын, цæмæй мемæ мауал æмбæла, уый тыххæй. Æз уымæй тынг тарстæн æмæ мæхиньгмæр Асель æмæ Байтемырæй куырдтон, цæмæй афтæ ма бакæной, кæннод уыцы цыбыр фембæлдтытæй дæр æнæхай фæуыдзынæн. Фæлæ иухатт хъуыддаг æцæ- гæй дæр афтæ рауад... Фыццæгæм Маймæ бирæ нал уыд. Мæ хъæбулы зæр- дæ хъуамæ истæмæй балхæдтаин. Балхæдтон ын иф- тындзгæ машинæ, уæзласæн. Уыцы бон автобазæйы афæстиат дæн æмæ фæстæдæр рацыдтæн. Тынг тагъд кодтон. Чи зоны, æмæ уый тыххæй’ бахаудтæы цавæр- дæр дызæрдыг хъуыдыты ахæсты, тыхстæн, мæ зæрдæ рысти. Фæндаггæсты бæстыхаймæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ тыхтон систон æмæ йæ мæ фарамæ æрæвæрд- тон, мæ цæстытыл уади, Сæмæтæн куыд æхсызгон уы- дзæн, уый. Уьгмæй йæм хуыздæр хъазæнтæ дæр уыд, фæлæ мæ лæвар хуымæтæджы лæвар нæу: шофыр суæ- вынм’æ чи бæллы, уыцы гыццыл лæппуйæн æй радта йæ зонгæ шофыр. Фæлæ Сæмæт ацы хатт фæндагыл нæ разынд. Сывæллæттæ мæм æрбатахтысты æнæ мæ хъæ- бул. Æз кабинæйæ рахызтæн. — Сæмæт та кæм и? — Сæхимæ, фæрынчын,— дзуапп радта лæппу. — Фæрынчын? — Æгонгæй, нæ фæрынчын! — хъуыддæгтæ æппæт- дæр зындгонд кæмæн сты, ахæм хъæлæсыуагæй бамба- рын -кодта чызг.— Йæ мад æй нæ уадзы ардæм! — Цæуыннæ? — Нæ зонын. Ма, дам, цу. Цæмæй тарстæн, уый мыл æрцыд. Ме ’ппæт цинты кæрон ралæууыд. — Гъа, ахæсс ынæй,—лæппумæ тыхтон радтон, фæлæ мæм фæомон æрцыд.— Уæвгæ нæ хъæуы.— Фæстæмæ йæ райстан æмæ æнкшрдæй машинæмæ араст дæн. 102
— Йæ машинæйы нæ цæуыннæ аласта? — бафарста лæппу йæ хойы. — Рынчын у,— хъуынтъызæй дзуапп радта уый. Базыдта йæ. Рынчынæй фæфыддæр дæн. Æнæхъæн фæндагыл мæ сæрæй иу хъуыды нæ хицæн кодта: ау, Асель мæ афтæ йе ’сæфт федта? Æз цыфæнды ницæй- йаг кæд дæп, уæддæр мын иучысыл тæригъæд уæд та куыннæ фæкодта? Нæ, нæ мæ уырны... Асельмæ ахæм зонд не ’рцыдаид. Уым æндæр цыдæр ис. Цымæ цы уыдаид? Цæмæй йæ зонын? Мæ фырт, æцæгæйдæр, иу- чысыл фæрынчын, зæгъгæ, мæхи уыцы хъуыдыйыл æу- уæндын кодтон. Цæуыннæ мæ хъуамæ уырныдтаиккой уьщы гыццыл лæппуйы ныхæстæ. Фæстагмæ мæм йæ ныхæстæ афтæ æцæг фæкастысты, æмæ мæ фырт мæ цæстытыл уади тыхст рынчынæй — фыртæвдæй сæнттæ цæгъдып райдыдта. Уæд та йын исты æххуыс хъæуы. Йе хое ссарыныл тыхсынц, йе та йæ рынчындонмæ аласын хъæуы. Æфцæгыл цæрын горæты проспекты цæрып нæу! Мæ мидхъуырдухæнæй сфæлмæцыдтæн, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Фæстæмæ цæугæйæ мæ машинæйы тахтыл цæст нæ хæцыд. Цы æххуыс ын фæуыдзынæи, уымæн дæр ницы зыдтон, афтæмæп размæ тындзыдтан, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр мæ фырты фенан... Кæй йæ фендзынæн, ууыл æууæндыдтæн, мæ зæрдæ йæ зыд- та. Æмæ раст цыма фыдæнæн уыд, уыйхуызæн мæ бен- зин фæци, базæйы цур мæ бензоколонкæйы цур æрлæу- уын бахъуыд... Ме ',мбæлццан Ил’ас ныхъхъус. Йæ тæвд цæсгом йæ армытъæпæнæй æрсæрфта, арф ныуулæфыд, рудзыпджы авгыл тæккæ кæронмæ схæцыд æмæ та— ныр цалæймаг хатт — сдымдта. Рæстæг фæсæмбисæхсæвæй раджы фæфалдæр. По- езды, æвæццæгæн, мах йедтæмæ ничиуал бадт, иууылдæр схуыссыдысты. Цæлхытæ рельсытимæ сæ æнæфæугæ фæндаггон зарæг кодтой. Рудзынгæй зынди сæрдыган æхсæв, баныцъæхтæ кæуыл фæбæрæг сты, ахæм сæрды- 103
гон æхоæв. Станцæты рухсытæ-:иу ферттывтой. Паро- воз тæхгæ-тæхгæ уасыд. — Уыцы рæстæг мæм ды æрбацыдтæ, фæлæ дæ æз мæ машинæйы нæ еæвæрдтон. Ныр æй бамбæрстаи, цæуыннæ, уый? — уазал худт ба-кодта мæ сыхаг.— Ды бензоколонкæйы цур баззадтæ, уыйфæстæ «Победæ»-йы мæ разæй фестут. Æ’з ма уæ ауыдтон... Тахтæи мæ са- гъæстимæ. Æмæ дын хуыцау ахæм хорз ракæна: Сæмæт мæм æнхъæлмæ каст фæидагыл. Машннæ ауыдта æмæ цæхгæрмæ ныццавта. — Шофыр! Шофыр!.. Рынчын нæу мæ хъæбул! Цæй цин ныккодтон, æвæ- дза! Мæнæй амондджындæр зæххыл <нал уыд. Æз æрурæдтон, кабинæиæ рагæпп ластон æмæ мæ фырты размæ атахтæн. — Цы кодтай? Рынчын уыдтæ? — Нæ, мам,æ мæ нæ уагъта. Афтæ зæгъы, уыцы (машинæйы, дам, м>а бад. Æз дæр кæуын райдьгдтон,— рахъаст мын кодта Сæмæт. —’ Уæдæ ныр куыд рацыдтæ? — Папæ йын афтæ зæгъы, уадз æмæ, дам, кæд лæ- джы фæнды, уæд æй ралас-балас кæна. — Афтæ уыди? — Æз шофыр уьгдзынæн, зæгъгæ, йын загътон... — Ды æцæгæй дæр шофыр уыдзынæ, стæй бæгуы шофыр! Цы дын æрбаластан, уый зоныс? — Æз хъазæн м>ашинæ аистон.— Ифтындзгæ уæзласæн. Гыццыл шо- фыртæн уьгмæй хуыздæр машинæ нæй! Лæпну йæ мидбылты бахудт, йæ цæсгом ныррухс. — Æз æппынæдзух демæ .цæудзынæн машииæйы, нæ? — лæгъстæгæнæгау мæм æрбакастысты йæ цæс- тытæ. — Æнæмæнг афтæ!—зæрдæ йын бавæрдтои æз.— Кæщ дæ фæнды, уæд Фыццæгæм Майы мемæ горæтмæ цом, нæ машинæ тырысатæй сфæлынддзыстæм, стæй дæ фæстæмæ æрласдзынæн. 104
Афтæ йын цæмæн загътон, уымæн ныртæккæ дæр ницы зонын. Цы бар æм дардтон, уæлдайдæр та мæ ны- хæстыл мæхæдæг цæмæн баууæндыдтæн? Ноджы йын афтæ дæр загътан: — Дæ зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд мемæ цæргæйæ баззайдзьгнæ!— зæрдиагæй загътон мæ фыртæн.— Æз æмæ ды кабинæйы цæрдзыстæм. Æз дæ алы ранмæ дæр мемæ ласдзынæн æмæ дæ нжуыдæмуал ауадздзынæн, нал фæхицæн уыдзыстæм. Фæнды дæ? — Фæнды!—’æваст оразы Сæмæт.— Машинæйы цæрдзыстæм! Ныртæккæ ацæуæм, цæй! Иуæй-иу хатт стыр адæймаг дæр сывæллон фесты. Мах кабинæйы сбадтыстæм. Æз дызæрдыггæнгæ маши- нæ скусын кодтон, стартер нылхъывтон. Сæмæтæн та æхсызгон у, февиал-февнал мæм кæны, хъазы, бадæныл йæхи хæрдмæ сæппары. Машинæ араст. Сæмæты цин иоджы фæфылдæр, худы, цыдæртæ мын дзуры, рульмæ, прибортæм йæ къухæй амоны. Æз дæр ма схъæлдзæг дæн. Фæлæ æваст мæхи æрæмбæрстон, фыркатайæ мæ хид акалд. Цы кусып? Æруромынмæ хъавын, фæлæ мæ Сæмæт æрлæууын нæ бауагъта. — Тагъддæр, тагъддæр-м>а йæ аскъæр!—домы уый. Æ^мæ куыннæ бакастаин уыцы сыеæллоны амондджын цæстыты коммæ. Машинæйы цыд фæтагъддæр. Уалын- мæ нæ тæккæ размæ фæци зæхкъахæн, сосæ арæзтой. Зæхкъахæн разылд æмæ нæ хом^коммæ æрбацæйцыд, йæ фæдыл та — Байтемыр. Уый фæзилæны белимæ цыдæр- тæ архайдта. Æз цы кодтаин, уый нал зыдтон, æрлæу- уынмæ хъавыдтæн, фæлæ ферæджы: лæппуйы æгæр дард раластон. Ныллæгдæр æргуыбыр кодтан æмæ ма- шинæ тагъддæр аокъæ^рдтон. Байтемыр мæ нæ федта. Уыййæкуыст нæ ныууагъта, стæй махырдæм дæрнæ ра- каст: фæндагыл машинæтæй фылдæр цы цæуы. Фæлæ йæ Сæмæт ауыдта: — Уартæ папæ! Цæй, папæйы дæр сæвæрæм! Фæ- лæуу, æз папæм’æ дæр фæдзурон! 105
Ннцы йæм дзырдтон. Æрлæууæи мын нал уыд — цы йын загътаин? Сæмæт æв-аст фæстæмæ фæзылд, фæ- тарст, ныхъхъæр кодта, ныккуыдта: — Æз папæмæ цæуын! Бауром, æз папæмæ цæуын! Бауром, нал мæ фæнды! Ма-мæ! Æз уромæныл ныххæцыдтæи. Машинæ къæдзæхы фæстæмæ баздæхтон. Мæ фырты сабыр кæнынмæ фæ- дæн: — Ма ку, Сæмæт, нæ хъæуы, ма ку! Ныртæккæ дæ фæстæмæ аласдзынæн. Æрмæстдæр дæ «æуын ныууадз. Фæлæ тарст лæппу æппындæр ницæмæуал хъуыста. — Нæ, нæ мæ фæнды! Æз папæмæ цæуын! Дуар байгом кæп! — æмæ йæ къахæй дуар ныххоста.— Бай- гом æй кæн, æз папæмæ цæуын! Байгом кæн дуар! Ахæм бæллæхы ма бахаугæ уыдзæн! — Ма ку! — лæгъстæ йын кæнын.— Ныртæккæ дуар бакæпдзынæн, æрмæст фæсабыр у! Æз дæ мæхæдæг ахсшдзыиæн папæмæ. Цæп, рахиз, цом! Сæмæт зæхмæ æргæпп ласта æмæ кæугæ-кæуып фæс- тæмæ ныййарц. Æз æй фæурæдтон: — Фæлæуу-ма! Дæ цæосььгтæ асæрф. Мяуал ку. Ку- рын дæ, мæ гыццыл хъæбул, мауал ку! Дæ машинæ дæ куы ферох. Кæс-ма.— Æз хъазæн фелвæстон, мæ ризгæ къухтæй йæ сифтыгътон.— Кæс-ма, ныртæккæ дæм куыд атæхдзæн, рацахс æй! — машинæ фæндагыл ный- йарц, дурыл йæхи скъуырдта, фæфæлдæхт æмæ сæр- бихъуырæйттæгæнгæ иуварс атахт. — Нæ мæ хъæуы! — йæ цæссыгтæ ноджы тынгдæр нъиикалгæйæ, одзырдта Сæмæт æмæ фæстæмæ дæр нал ра’каст, афтæмæй азгъордта. Мæ хъуыр мын цыдæр ахгæдта. Скæуынмæ мæ би- рæ нал хъуыд. Фæсте йæ асырдтон: — Фæлæу-ма, цæй, ма ку, Сæмæт! Фæлæуу-ма, æз дæ...æздæ... Зоныс!..— фæлæ ме ’взаг «дæ фыд дæн» зæгъынмæ нæ батасыд. Сæмæт фæстæмæ дæр иал ракаст, афтæмæй фæзи- 106
Лæпы фæаууон. Æз ма йæ фæдыл къæдзæхы опг фæ- цыдтæн, стæй æрлæууыдтæн. Мæ фырты’ фæстæ ма би- рæ фæкастæн. Æз федтон, Сэамæт Байтомырмæ куыд батахт æмæ (йыл дардæн йæхи куыд баппæрста, уый. Байтемыр дзуццæджы æр’бадт, ныхъхъæбыс æй кодта, йæхимæ йæ ф-идар нылхъывта. Лæппу дæр ын йæ бæрзæйыл æрба- тыхст, -мæпырдæм тарстхуызæй кæсгæйæ. Уыйфæстæ йын Байтемыр йæ къухыл ныххæцыд, йæ бел йе 'уæхокЬ1Л баппæрста æмæ дыууæйæ — стыр æмæ 1гыццыл лæг — фæндагыл араст сты. Æз сæм къæдзæхы аууонæй бирæ фæкастæн, стæй фæстæмæ аздæхтæп. Хъазæн машинæйы цур æрлæууыд- тæн. Уый фæндаггæрон уæлгоммæ фæлдæхтæй баззад... Мæцæссыгтæ фемæхстысты. «Афтæ, гъе, мæ лымæн!»— загътоп æз стыр машинæйæн æмæ нын йæ капот мæ къухæй фæлмæн æрсæрфтон. Машинæйы хъарм мыл æр- бакалд. Суанг ,ма мæм уый дæр цыдæр уарзон фæкаст, мæ фыртимæ мæ фæстаг фембæлдæн æвдисæн кæй уыд, уый тыххæй. Илас -сыстади, тыргътæм рацæйцыд. — Сыгъдæг уæлдæфмæ мæхи айсон,— сдзырдта ма къæсæргæронæй. Æз купейы баззадтæн. Сæуæхсиды рухс арвгæрæт- ты фæбæрæг. Тилифоныхъæдтæ æндæргтау кæрæдзи фæдыл тахтысты, цырагъы сæр ницæмæпуал хъуыд. Æз тæрхæгыл хуыссыдтæн æмæ мæхинымæр хъуы- ды кодтон, мæнæн зындгонд чп уыд æмæ Илас кæй нæ зыдта, уыцы хабæрттæ йын радзурон æви пæ, ууыл. Фæ- лæ уый нал æмæ нал зынд. Æмæ йын æз дæр ницуал радзырдтон. Фæндæгты мастер Байтемыримæ æз базонгæ дæн, Асель æмæ йæ фырт æфцæгыл кæй цæрыиц, Илас уый куы базыдта, уыцы рæстæг. ГГамиры æнхъæЛ’Мæ кастысты Киргизийы фæндæгты 107
кусджыты делегацимæ. Уый фæдыл мын ТаджикистанЫ республикон газет бахæс кодта киргизаг хæххон фæн- дæгтыл кусджыты тыххæй очерк ныффыосын. Делегаттимæ уыдис Хъулаты Байтемыр дæр, фæн- дæгты хуыздæр мастертæй иу. Æз æрцыдтæн Долокмæ Байтемырмæ. Фембæлдыстæм æнæнхъæлæджы, стæй мæн куыд фæндыд, афтæ. Тæккæ æфцæгыл нын нæ автобус æр- урæдта, йæ къухы чысыл тырыса кæмæн уыд, ахæм ку- сæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй чысыл раздæр зæй рацыд æмæ цалцæггæнджытæ фæндаг сыгъдæг кадтой. Æз ав- тобусæй рахызтæн æмæ зæй кæм æркалд, уырдæм хæ- стæгдæр бацыдтæн. Хæлд фæндаг дьгууæрдыгæй дæр æрæхгæдтой. Бульдозер зæхх уырдыгмæ калдта. Рази- лынмæ кæм нæ арæхсти, уым та кусджытæ белтимæ ар- хайдтой. Йæ уæлæ кæттаг уæлæфтау, йæ къæхтыл та — керз цырыхъхъытæ, афтæмæй бульдозеры æмцыд код- та æмæ трактористæн къухæй амыдта: — Галиуырдæмдæр! Ноджыдæр-ма иу хатт æрбацу! Афтæ! Æрлæуу! Фæстæмæ!.. Фæндаг срæвдз. Ацæуæн дзы фæцис. Шофьгртæ дыу- уæрдыгæй дæр. хъæлæба систой, æгæр бирæ сæ кæй уромынц, уый тыххæй, фæлæ сæ уæлæфтауджын хъуы- ды дæр нæ кодта, сабырган трактористæн амыдта, кæ- цырдыгæй йæ æрбацæуын хъæуьг, уый. «Байтемыр у, æвæццæгæн. Йæ куыст афтæ хорз æндæр чи зон- дзæн!» — окарстон мæхинымæр æз. Æмæ нæ фæрæдыд- тæн. Æцæгæй дæр Хъулаты Байтемыр разынд. Æппьш- æрæджиау фæндаг байгом, машинæтæ базмæлыдысты. — Дæ автобус куьг аивгъуыдта? — загъта мьгн Бай- темыр. — Æз дæумæ æрцыдтæн! БайтемырмÆ мæ ныхæстæ диссаг нæ фæкастысты. Мæ къух мын райста. — Уазæг — хуыцауы уазæг! — Хъуьгддаджы фæдьгл дæм æрбацыдтæн, Баке,— йæ 108
ном ы-н буцдæрæй сдзырдтап æз.— Нæ фæндæгтыл кус- джыты хуыздæртæ Таджодкистанмæ кæй цæуынц, уый зоныс? — Фехъуьгстон æй. — Гъемæ мæ уæ ацæуыны размæ демæ аныхас кæ- нын фæнды. Мæ цыды сæр ын куыд æргомдæрæй дзырдтон, афтæ Байтемыры цæогом тарæй-тардæр кодта, йæ дæрзæг ри- хитæ даудта. — Кæй æрцыдтæ, уып хорз у,— загъта Байтемыр,— фæлæ æз Памирмæ нæ ацæудзынæи, стæй мæн тыххæй фысоын дæр нæ хъæуы. — Цæуыннæ, цæ? Куыстæй дæ нс ’вдæлы? Æви хæ- дзары истæмæй тыхст дæ? — Мæ куыст мын дæхæдæг уыныс. Нæхимæ та... алы хæдзары куыд у, махмæ дæр афтæ... Фæлæ уæддæр æз Па-мирмæ нæ ацæудзынæн. Æз ын дзырдтон. Байтемыры хуызæн хорз кусджытæ делегацийы æнæмæнг кæй хъæуынц, иуныхасæй, бирæ фæцархайдтон, цæмæй сразы уа, ууыл. Байтемыр мæм хъуыста йæ фыруæзданæй, фæлæ мын разы не оои. Æз смæсты дæн, æппæты фыццаг мæхимæ. Йемæ дзу- рын нæ базыдтон, æндæруылты йæм бацæуын хъуыд. Ныр хъуамæ фæстæмæ афтидкъухæй аздæхтаин, редакцийы хæс нæ сæххæст кодтон. — Цы бачындæуа, Баке, бахатыр кæн, æз цæуын. Ныртæикæ м^ашинæ фæзындзæн æмæ уым абаддзынæн... Байтемыр мæм йæ зондджьш сабырæнгæс цæстытæй лæмбынæг æрбакаст æмæ йæ рихиты бын бахудгæйæ, сдзырдта: — Горæтаг киргизтæй не ’гъдæуттæ рох кæнын рай- дыдтой. Мæнæн ис хæдзар, бинонтæ, уазджыты цæмæн сбуц кæнон, уый. Кæд мæнмæ æрцыдтæ, уæд райсом мæ хæдзарæй ацæудзынæ. Фæндагæй аздæхын та аив нæу. Цом, æз дæ мæ ус æмæ мæ фыртмæ бахæццæ кæндзы- нæн. Ма мæм фæхæрам у, цалынмæ рухс у, уæдмæ ма мæн 109
фæндæгтыл азилын хъæуы. Тагъд фездæхдзыпæп. Маё куыст ахæм у... — Цæй æмæ æз дæр демæ ацæуон.— загътон æз. Байтемыр мын мæ горæтаг дарæсмæ æрбакаст, йæ цæстытæ хнн цъынд æркæнгæйæ. — Цыма дын мемæ зилын аив нæу, афтæ мæм кæсы. Зып фæндæгтыл нæ дæрдтыл æрзилын бахъæудзæн. --• Мур дæр мын нæу! Æмæ араст стæм. Алы хид, алы фæзилæн, алы къар- диу æмæ-иу алы къæдзæхы цур дæр æрлæууьпдыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас нын бацайдагъ. Абоны онг дæр æй нæ зонын, Байтемыры зæрдæ цæмæй балхæдтон, уый, фæлæ мын йæ царды, йæ бинонты хабæрттæ кæрæй- кæронмæ фæдзырдта. ФÆНДÆГТЫ МАСТЕРЫ РАНЫХАС Памирмæ мæ цæуылнæ фæнды, уьшæй мæ ф.арстай. Æз мæхæдæг памираг киргиз дæн, фæлæ ардæм, Тянь- Шаимæ æрбафтыдтæн. Па.миры фæндаджы арæзтадмæ бахаудтæн хæрзæрыгошæй. Фæошмцæдисы сидтмæ гæсгæ адыдтæн. Зæрдиагæй куыстам, арт уагътам, арт, уæл- дайдæр та фæюпвæд. Æ|мæ куыниæ, зыпвадат Памирмæ фæндаг арæзтам. Раззæгты æмрэанхъ р.ацыдтæи, премитæ истон, хæрзиуджытæ. Уæвгæ, уыдан хъуыддагмæ ницы бар дарынц. Уым, арæзтады, базонгæ дæн иу чызгимæ. Бауарзтон æн, тынг æй бауарзтон. Диссаджы рæсугъд æмæ зонд- джын чызг. Арæзтадмæ хъæуæй æрбацыд. Уæды за-М’ан уый киргизаг чызгæн æнцон хъуыддаг нæ уыд. Суанг ма абон дæр æнцон куынæ у сылгоймаджы фæндаг. Дæхæ- дæг æй зоныс, зæроид æгъдæуттæ ма нæ ныр дæр иуæй- иу хатт сызмæлын куынæ фæуадзынц. Афæдзы бæрц ра- 110
цыд. Фæндаджы арæзтад кæронмæ æрхæццæ. Бацæттæ кæнын хъуыд, чи йаэм зылдаид, ахæм адæм. Саразын иу хъуыддаг у, уый фæстæ йæм цæстдарын та — иннæ. Махмæ уыдис иу æрыгон инженер — Хусаинов, ныртæк- кæ дæр фæндагар-азджыты æхсæн нымад лæг у. Хæ- лæрттæ уыдыстæм. Курсытæм ацæуыны хабар дæр мын мæ хъусы уый бацагъта. Æнхъæлдтон, Гульбарайы нал æрæййафдзынæн, фæстæмæ йæ хъæумæ куы аласой, уы- мæй тарстæн, фæлæ дзæгъæлы: æнхъæлмæ мæм касти. Ракуырдтон æй æмæ уым, фæндаггæсты бæстыхайы, цæр- гæйæ баззадыстæм. Хорз цардыстæм, хæларæй. Хæхты æфцæгыл чи кусы, уыдонæн хæлар æмæ æмуд бинонтæ куы уа, уæд уæлдай ахсджиагдæр у. Уый фæстæдæр мæ- хиуыл бавзæрстон. Мæ ,куыст цæрæнбонтæм кæй бауарз- тон, ууыл мæ ус дæр чысыл нæ бацархайдта. Чызг нын райгуырди, уыйфæстæ та дьиккаг дæр. Уæдмæ хæст рай- дыдта. Памиры фæндаг ивылд донау фестад. Адæм цыдысты хохæй æфсадмæ. Мæ рад дæр ралæууыд. Райсомæй иууылдæр иæхи- цæй рацыдыстæм. Кæстæр чызджы мæ хъæбысы хастон, хистæр та мæ флрсмæ цыд, фидар мыл хæцыд, афтæмæй. Мæ Гульбара, мæгуыр Гульбара! Иæхи урæдта, хъæд- дых лæууыди, мæ фæндаггон хызын мыц хаста, фæлæ кæд йæхи цыфæнды сабыр дардта, уæддæр æй æз æм- бæрстон, æдзæрæг хæхты, дыууæ æнахъом сабиимæ базза- йын цы у, уый. Æз сæ хъæумæ мæ ныййарджытæм арви- тыпмæ хъавыдтæн, фæлæ Гульбарайы нæ бафæидыд. Ни- цы, дам, нын уыдзæн, бафæр.аодзыстæм, æнхъæлмæ дæм кæсдзыстæм, стæй, дам, фæндагмæ дæр цæстдарын хъæ- уы... Фæстат хатт ма сооайы был лæууыдыстæм, æз мæ ус æмæ сывæллæттæм кæсыпæй пал æфсæстæы, -æппын- фæстаг сын хæрзбон загътон. Гульбараимæ ма уæд хæрз æрыгæттæ уыдыстæм, цæрынмæ уæд бавпæлдаам. Оаперты батальонмæ бахаудтæн. Цæйбæрц фæпдæг- тæ, бахизæнтæ æмæ хидтæ сарæзтам хæстон зæххыл! Ны- 111
мæц дæр сын нæй! Доны, Вислæйы æмæ Дунайы сæрты бахызтыстæм. Их доны-иу уазалæй марда-ис, фæздæг æмæ-иу арты сыгъдаис, наэмгуытæ-иу дæ алыварс хауда- иккой, хид-иу бомбæ хæрдмæ фæхастаид, адæм-иу мар- даиккой, тых дæм-иу нал уыдаид æмæ-иу дæхинымæр бæллькдаис, уæдæ мæ тагъддæр куы амариккой, зæгъгæ. Фæлæ-иу адæймаджы зæрдыл хиуæттæ куы ’рбалæууы- дысты, хохы йæм æнхъæлмæ кæсынц, уый-иу куы ’рбай- мысыд, уæд-иу йæ хъаруйыл ног хъару бафтыд. Æндæр фæпдтæ-иу æм сæвзæрд. «Нæ,— хъуыды кодтон,— ар- дæм Памирæй уый тыххæй не ’рцыдтæн æмæ хиды бын амæлон». Хиды фæйнæджытæ-иу дæндæгты æххуысæйкæ- рæдзимæ телæй фидар кодтон, фæлæ уæддæр нæ сас- тæн... Æмæ мæлын н-æ бакуымдтои, чысыл ма бахъæуа, Берлинмæ ма ныххæццæ уон. Мæ ус мæм арæх фыста. Ноджы пост нæ тæккæ рæз- ты ластой. Хабæрттæ мæм-иу лæмбынæг фыста, фæпда- джы кой дæр дзы-иу нæ ферох — ,мæ фæстæ мастеры бы- н<аты уьгй баззад. Зыдтон, зын ын кæй у, уый, фæндаг ма æндæр искуы куы уыдаид, фæлæ Памиры. Цæмæдæр гæсгæ мæм цыплор фæндзæм азы уалдзæ- гæй фæстæмæ хабар нал хæццæ кодта. Мæхицæн зæрдæтæ æвæрдтон: хæсты алцыдæр æрцæуы. Æмæ мæм иуахæмы полчъы штабмæ куы фæдзуриккой. Афтæ æмæ, дам, аф- тæ, старшина, фæхæцыдтæ, бузныг дæ стæм, хæрзиуджы- тæ райстай. Уæхимæ цæугæ, ныр, дам, уым æхсызгондæр хъæуыс. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодтон. Нæ- химæ ма тел дæр ныццавтон. Æмгъуыдæй мæ раздæр цæ- мæп уадзынц, ууыл фырцииæй хъуыды дæр нæ акод- тон... Нæхимæ схæццæ дæн. Æфсæддон комиссарадмæ дæр нæ баздæхтæн, баййафдзынæн æй, зæгъгæ. Хъæмæ! Тагъддæр ма пæхимæ куы бахæццæ уаин. Уæзласæн машинæ мæ æрбаййæфта æмæ Памирмæ фæн- дагда фæхæрдмæ кодтам. Р1æ цыд мæм æгæр сындæг фæкаст, æфсæддон ма- Щ
шинæтыл нæ сахуыр дæн, æмæ шофырмæ кабинæмæ хъæр кæнын: — Æфсымæр, тынгдæр-ма йæ бацатай, дæ хъинцгæ- нагыл цы ауæрдыс! Æви нæхимæ цæуын, уый нæ зоныс? Æмæ мæнæ фæхæццæ кæнын. Фæзилæиы фæстæ — мæ куоæн бынат. Нал фæлæууыдтæн. Тæхгæ-тæхын маши- нæйæ рагæпп ластон, дзаумæтты хызын ме ’ккой баппæр- стои æмæ згъоргæ. Тæхын, тæхын, фæзилæп фæсте аз- зад.æмæ... мæ бон ницуал равзарын у. Цыма дзы алцы- дæр йæ бынаты лæууы: хæхтæ дæр сæ фыццаг бынаты сты, фæндаг дæр, фæлæ хæдзар нæ уынын. Цъиуызмæ- лæг никæцæй зыны. Æрмæстдæр ма дуры рæдзæгъдтæ мæ цæст æрцахста. Нæ хæдзар иучысыл фæсвæдгомау лæууыд, хохы тæмкæ рæбын. Хохмæ куы окастæн, уæд сагъдауæй аззадтæн. Æмуырдыджы миты зæй раивылд. Иæ фæндагыл цыдæриддæр уыди, уый бынсæрфт нык- вддта, ницуал дзы ныууагъта, фахсыл зæхх рахафта æмæ йæ уьш дæлæмæ фæхаста. Мæ бинойнаг йæ фæстаг ппс- мойы фыста, арф мит æруарыд, уыйфæстæ та, æваст къæвдатæ фемæхстысты, зæгъгæ. Рагацау зæйуат срæ- мудзын хъуыд, цæмæй дæлæмæ ракалдаид, уый тыххæй, фæлæ дын сылгоймаг цы бакодтанд... Афтæ сæмбæлдтæн мæ бинонтимæ! Мæлæты цæсты- тæм мин хатты комкоммæ кастæн, зындонæй æгасæй раз- дæхтæн, уыдон та ам хæрзбын баисты... Мæ мидбыпат лæууын, мæ бон фезмæлын нæу. Ныхъхъæр кæнын мæ фæнды, мæ хъæлæсыдзаг ныццарауынмæ хъавын, хæхтæ куьгд нынкъуысой, афтæ. фæлæ мæ бон нæу. Цавддурау фæдæн, цыма мæ зæрдæ йæ кусынæй банцад. Æрмæст- дæр мæ дзаумæтты хызын ме ’уæхскæй куыд æрбырыд æм’æ -мæ къæхты бынмæ куыд æрхауд, уый хъусын. Уы- цы ран æй пыууагътон, нал æй оистоп. Мæ чызджытæ æ^мæ мæ бинойнагæн лæвæрттæ ластоп, фæндагыл мæ дзаумæтты хæррæгътæй цыдæртæ къæртт сæкæрыл ба- ивтон... Бирæ фæлæууыдтæн мæ быиаты, цыма исты дкс- саг æрцæуынмæ æнхъæлмæ кастæн, уынхуызæн. Стæй ра- 8 Мæ сырхсæрбæттæмджыи рæсугъд 113
зылдтæн æмæ фæстæодæ араст дæн. Иу хатт ма æрлæу- уыдтæн, акастæн: хæхтæ сдыууæрдæм сты, хъеллау кæ- нынц, æддæгчмидæг ауайынц. рацæй мыл кæлынц. Мæ хъæлæсыдз-аг ныхъхъæр .кодтон æмæ лидзæг фæдæн. Ли- дзын хъæуы ардыгæй, ацы æлгъыст бынатæй! Æмæ скуыдтон... Куыд æмæ кæдæм цыдтæн, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ æртьиккаг бон станцæйы февзæрдтæн. Адæмы æх- сæн хъеллау кодтон. Иу цавæрдæр афицер мæм мæ но- мæй фæдзырдта. Кæсын æмæ дын—Хусаинов, сæхимæ цыд хæстæй. Æз ын мæ судзгæ фыдтæ фæдзырдтон. — Уæдæ ныр кæдæм цæуыс? — дзуры мæм. Æз æй М’æхæдæг дæр нæ зыдтон. — Нæ,— дзуры та мэ&м Хусаинов,— (афтæ хорз нæу. Бафæразьш хъæуы. Æдзæллаг хъеллауы ахæсты дæ иу- нæгæй нæ ныууадздзынæн. Тянь-Шанмæ уал фæндаг аразынмæ цом, стæй уыйфæстæ бæрæг уыдзæн... Гъе афтæ æрбафтыдтæн ардæм. Фыццаг азты хидтæ арæзтон. Рæстæг цыди, æрбынатон афон мын уыд. Уæд- мæ Хусаииов министрады кусын райдыдта. Арæх-иу мæм æрбауад, дæ фыццаг куыстмæ, дам, бацу, фæндаджы хайады мастерæй. Æз мæ ныфс иæ хастон. Тарстæн. Арæзтады иунæг нæ уьгдтæн, адæмим’æ мын æецондæр уыд. Ног куысты та куыд уыдзæн, хуыцау йæ зонæг, мæт æмæ сагъæсы бын фæуынæй тарстæп. Мæ чемы нæ- м«а ’рцыдтæн. Ивгъуыд бонтæ мын æнцоп нæ лæвæрд- той. Цыма мæ цард фæцис æмæ мæм разæй ницуал æн- хъæлмæ кæсы, уыйау. Ус ракурыны хъуыды мæм æмгæ- рон дæр нæ цьгд. Мæхи Гульбара æмæ мæ буц хъæбул- ты æгæр бирæ уарзтон. Афтæ мæм каст, цыма мын сæ никуы ничи раивдзæн. Æрмæстдæр иокæимæ цæрыны тыххæй ус ракурын та м(æм хорз нæ каст. Фæлтау иунæ- гæй цæрдзынæн. Æрæджиау уæддæр сфæ>нд кодтон хайадмæ масте- рæй бацæуын: бафæлварон, кæд нæ сарæхсон, уæд мæхи искуыдæм айсдзыиæн. Куыст мыи ам, тæккæ æфцæгыл 114
радтой. Куыд тарс’Гæп^ афтæ нæ рауад, сындæггай фæ- цахуыр дæн. Фæидаг зынвадæтты кæй цыди, уый дæр мæ, чи зоны, мæхимæ æрыхъусын нæ бауагъта. Куыд дарддæр мæ зæрдæйы рис дæр къаддæр кодта, фыцца- гау мæхимæ афтæ тынг нал хъуыстон, Æрмæст-иу хат- гай фыны нæ кæрты февз’æрдтæн: цавддурау лæугæйæ- иу мæ дзаумæтты хызын ме 'уæхскæй æрцæйбырыд... Ахæм бонты-иу сæумæраджы куыстмæ ацыдтæн æмæ-иу изæрдалыштæй раздæр фæсгавмæнал æрбаздæхтæн. Аф- тæ иунæгæй цардтæн. Раст зæгъгæйæ ма-иу иокуы-иу хатт мæ зæрдæйы арфы цыдæр хъуыды базмæлыд. «Цы иæ вæййы, чи зоны æмæ ма амонд мæ къæсæрæй дæр æрбакæоа». Æ/М’æ мæм æцæгæй дæр æрщыди. Æрцыди мæм зын æмæ хъизæмайраг амонд, æппындæр æм æнхъæлмæ куы- нæуал кастæн, уæд. Иуаам’ан, цыппар аз^мæ ’ввахс ыл цæудзæн, афтæ мæ сыхагæн йæ м^ад фа^рынчын. Йæхи ничердæм æвдæлди: куыст, бинонтæ, сывæллæттæ, зæронд ус та бонæй-бон æв- зæрдæрмæ цыди. Гъемæ йæ æз дохтыртæм аласып сфæнд кодтон. Уьщы рæстæг хайадмæ фæндæгты управленийы машинæ цьидæртæ æрласта. Уыцы машинæйы горæтмæ ацыдыстæм. Дохтыртæ йæ рыичындоны бауромынмæ хъа- выдысты, фæлæ сæ зæронд ус сдзурын дæр нæ бауагъта, мæхи хæдзары, дам, хъуамæ амæлон. Ам мæ куы ныууа- дзай, уæд, дам, мæ тæригъæд дæ фæдыл æфтыд уыдзæн. Æмæ ма йæ куыд ньгууагътаии. Банафон ныл ис. Уæ- зæгты базæйæ а’хызтаиккам, афтæ дын шофыр машинæ æваст куы фæуромид. Хъусын, кæйдæр куыд фæрсы: — Кæдæм цæуыс? Сылгоймаджы хъæлæс ын цыдæр дзуапп радта, стæй мæ хъустыл ауад къахдзæфты уынæр. — Сбад! — загъта шофыр.— Цæмæ ма кæсыс? Машинæйы цурмæ æрбацыд æрыгон сылгоймаг, йæ хъæбысы сывæллон, йæ къухы цыдæр тыхтон. Æз ык гуыффæмæ схизынмæ феххуыс кодтон, цæмæй йæ дымгæ 115
ма хойа, уый тыххæй пын кабинæйы цур мæ бынат рад- тон, мæхæдæг мæхи къуыммæ байстон. Араст стæм. Хуымæтæджы уазал уыди! Уымæл дым- гæ буары иннæрдæм хызтн. Ноджы ма сывæллоп дæр кæуын райдыдта. Мад æй йæ хъæбысы бæргæ узта, фæ- лæ уый нал æмæ пал æнцад. Ахæм ма дзы сагъуийгæ уы- дзæн! Кабинæйы, чи зоны, æмæ йæ кæуынæй фенцадаид, фæлæ уым та æрдæгмард зæропд ус бадти. Æз фыр- адæргæй сылгоймаджы уæхскмæ бавнæлдтоп: — Æри-ма йæ мæнмæ, кæд, миййаг, фæсабыр уаид, ды та дæхи тынгдæр ныггуыбыр кæн, дымгæ дæ афтæ тынг нæ хойдзæн. Æз сывæллоны мæ кæрцы бьш бамбæхстон, мæхимæ йæ нылхъывтон. Уый уайтагъд фæсабыр, йæ сым-сым райхъуыст. Удыгагайы хуызæн сывæллон. Афтæ йыл иу- дæс мæйы бæрц цыдаид. Æз æй мæ галиу дæларм ба- кодтон. Æмæ дын мæ зæрдæ куы срæхойид, базырсаст маргъау куы базмæлид. Æнкъард æмæ хъæлдзæг хъуы- дыты ахæсты бахаудтæн. «Ау, афтæ æнамонд дæн, æмæ мыи хъæбул макуыуал уа?» — ахуыдтой мæ хъуыдытæ сæ фæдыл. Саби та нæхицæн æпцад-аэнцойæ мæ хъæбы- сы хуыссыд. — Лæппу у? — бафарстон æз. Сылгоймаг «о», зæгъгæ, йæсæр батылдта. Ихæнæй ба- сыди, мæгуырæг, тæнæг палтойы. Æз зымæгон дæр мæ кæрцы æдде уæлæфтау фæхæссын, мах куысты æнæаф- тæгæнгæ нæй. Мæ иу къухæй сывæллоныл хæцын, ме ’ннæ та сылгоймагмæ бадардтон. — Ахæц-:ма мы;н мæ дысыл. Кæннод дæ афтæмæй уа- зал бацæудзæн. — Нæ хъæуы, нæ хъæуы, дæхи ма тыхсыи кæн,— загъта сылгоГшаг. — Алас, алас! — бадомдтон æз.— Дымгæйæ дзы дæ- хи бамбæрз. Уæлæфтауы йæхи æрбатыхта. Æз ын иæ фæдджитæ йæ къæхты бынмæ баппæрстои. 116
— Стæфстæ? — Ницуал мын у. — Уæхиуыл цæмæн банафон кодтат? — Афтæ рауад хъуыддаг,— сабыргай дзуапп рздта сылгойм;аг. Уæдмæ каммæ бахæццæ стæм. Ам уыдис æрзæткъах- джыты поселок. Иууылдæр схуыссыдысты, рудзгуытæй рухс иал калд. Куитæ машинæйы фæстæ рæйгæ тахты- сты. Диссаг мæм фæкаст, кæдæм цæуы, уый. Æз цæмæ- дæр гæсгæ афтæ æнхъæлдтон, æрзæткъахæнмæ цæуы, зæгъгæ, уымæн æмæ дарддæр æфцæг æмæ мах хайад йед- тæмæ ницуал уыд. — Æвæццæгæн, æрбахæццæ стут? — загътон ын æз æмæ кабинæйы сæр æрхостон.— Æфцæгмæ бирæ нал баз- зад, машинæ та дарддæр нæ цæуы. — Ам та цы ис? — бафарста мæ. — Æрзæткъахæн. Ау, ардæм нæ цыдыстут? — Æз... æз ардæм цыдтæн,— дызæрдыггæнгæйæ сдзырдта сылгоймаг. Фæлæ уыйфæстæ цырд фестад, мæ уæлæфтау мын æрбалæвæрдта æмæ йæ сывæллоны ай- ста. Уый та ногæй тыизын райдыдта. Цыдæр бæллæх ыл æрцыд, уый бæрæг у. Ацы уазал æхсæв æй иунæгæй куыд ныууадзон? — Сым.ах кæдæм ацæуат, уый уын нæй! —комкоммæ йыы загътон æз.— Æвзæрмæ йæ ма бамбар. Æри-ма сы- вæллон ардæм!—Æз æй тыххæйисæгау ра.кодтон.— Ме- мæ сразы у. Ахсæв махмæ хайады баззайдзынæ, райсом та дæ бар дæхи. Афтæ! Фæцæуæм! — бадзырдтон шо- фырмæ. Машинæ араст. Сылгоимаг йæ армытъæпæнтæй йæ цæогом бамбæрзта æмæ æнæдзургæйæ бадт. Нæ зонын, хъуамæ кæугæ дæр кодта. — Мацæмæй тæрс!—дзурын æм æз.— Ницы æвзæр- дзинад дын сараздзынæн...Æз фæндæгты мастер Кулов Байтемыр дæн. Мацæмæй мыл дызæрдыг кæн. Нæхимæ сæ æрбахуыдтон. Кæрты мæнгагъуысты иу 117
афтид уат уыд, æмæ уым хъæдын сынтæгыл схуыссыд- тæн. Хуыссæг мæ æрæгмæ æрцахста. Хъуыдыты апы- гъуылдтæп. Сагъæстæ мыл сæ уæз æруагътой. Рафæрс-ба- фæр-с кæнын мæм апв нæ каст, стæй ахæм хабæрттæп ме сæфт уынын, фæлæ йæ уæддæр цæмæйдæрты бафарстон, кæд æп, мийпаг, исты æххуыс хъæуы, зæгъгæ. Л1æ фæр- стытæн лæвæрдта къуда дзуаппытæ, нæвæндонæй. Фæ- лæ мæ цыдæр кæй æмбæхсы, уый æз уæддæр æ’мбæрстон. Адæймаджы маст куы бацæуы, уæд йæ алы ныхасы дæр дæс ныхасы хъуыды вæййы. Йæ лæджы ныууагъта. Æвæц- цæгæн, æфхæрд чи ныббара, ахæм нæу, сагъæс æй кæй æр- гæвды, уый бæрæг у, фæлæ йæхи хъæддых дарыныл ар- хайы. Уым диссагæй ницы ис. Кæй куыд фæнды, хъуамæ афтæ кæна. Йæхæдæг æй хуыздæр зоны. Фæлæ йын уæд- дæр фæтæригъæд кодтон, бынтон æрыгоп сылгоймаг уыд. Чызджы хуызæп, гуырвидауц. Фæлмæн адæймаг, æвæц- цæгæн, хæларзæрдæ у. Цымæ дзы йæ лæг уагæры цавæр маст бауагъта? Хуымæтæджы куыд сыстадаид æмæ йæ хæдзар куыд ны’ууагътаид? Цайй, уый сæхи хъуыддаг у. Райсом æй иставæр машинæйы сбадын кæндзынæн æм-æ фæндар^ст фæуæд. Уыцы бон тынг бафæлладтæн, æрфы- нæй дæн æмæ мæ цæстытыл уади, цыма кæдæмдæр ма- шинæйы цыдтæн, мæ кæрцы сывæллон тыхт. Стæфсти, мæ зæрдæйы быимæ иæхи нылхъывта. Сæумæцъæхæн сыстадтаан. Фæндæгтыл зилынмæ ацыдтæн, ф-æлæ фæстæмæ тагъд фездæхтæн: мæ уазджы- тæм мæ зæрдæ ’хсайдта. Куыннæ райхъал уой, афтæ арæхстгай пецы бандзæрстон, цайфыцæн сæвæрдтоп. Дзæгъæлы æнæуынæрæй архайдтон: сылгоймаг ме ’рба- цыдмæ сыстад æмæ йæхи рæвдзытæ кодта. Фæбузныг мæ. Арфæтыл фæци. Æнæ цай бацымгæ сæ нæ ауагътон. Чысыл ма сæ баурæдтон. Ме ’нафоны æм-бæладон чысыл сывæллон 3-амм.а'най лæппу разынд. Иемæ ахъазын йæ- хæдæг бирæйы аргъ уыд. Цай цымгæйæ йын йæ мады ба’фарстон: — Кæдæм цæут? 118
Уый иучысыл сагъæстыл фæци, стæй загъта: — Рыбачьемæ. — Дæ хæстæджытæ уьим сты? — Нæ. Мæ ныййарджытæ хъæуы цæрыпц, Тосоры фале. — Уырдæм зындæр цæуæн у. Иу машпнæйæ дæ ин- нæмæ рахиз-бахиз бахъæудзæн. — Æз æнæуи дæр уырдæм нæ цæуын. Махæн хъæу- мæ цæуæн нæй,—загъта æнкъардхуызæй йæ фыртæн.— Нæхæдæг стæм аххосджын. Æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй чындзы йæ ный- йарджыты æвастæй ’ацыд. Æмæ хъуыддаг фæстæдæр æцæгæйдæр афтæ рауад. Цæуынæввонг уыдис, фæлæ йæ æз нæма уагътои, æд- де сывæллоиимæ дымгæмæ лæууыны бæсты уал хæдза- ры абад, зæгъгæ, машипæ та йын æз дæр æрурæдтаип. Фæндагмæ уыцы æнкъардæй цыдтæн. Сæ фæстæ та иунæгæй кæй баззайдзынæн, уый мæ сагъæстыл æфтыдта. Раздæр машинæ зыиæг нæ уыдн. Уыйфæстæ та-пу сæм мæ къу-х не сдардтон, ауагътоп-иу сæ. Мæхæдæг фæ- тарстæп. Цæуыннæ сдарын мæ къух? Уыцы ран рапдыд- та мæ мидхъуырдухæн. Машинæтæ мæ рæзты цыдысты, æз та мæ бынаты æнæзмæлгæйæ лæууыдтæн, иннæ ма- шинæ бауромдзынæн, зæгъгæ, фæлæ та-иу мæ къух хæрд- мæ сисын мæ бон нал баци. Мæхицæй фефсæрмы дæн. Уый мæм æнхъæлмæ кæсы, йæ зæрдæ мыл дары, æз та? Мæхицæн фенад дæн, фæлæ мæ-м машинæ бауромыны хъару нæ уыд. Фæндагыл размæ-фæстæмæ цæуьгн. Мæ- хи цæмæйдæрты ораст кæныныл архайын, æфсæнттæ агу- рын. Куы-иу мæм кабинæ уазал фæкаст — йæ рудзгуы- тæ саст, куы-иу шофыр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд — æгæр тагъд скъæрдта, кæд, мпййаг, нозтджын уыд. Машинæйы кабинæйы-иу адæм куы бадт, уæд-иу сывæллопау сцин кодтон. Æрмæст ныртæмкæ ма ма ацæуæит, æрмæсгдæр м-а иучысыл фæлæууæнт, фондз мииуты ма уæддæр аба- дæнт нæ хæдзары. «Стæп кæдæм цæуы? — ахъуыды код- 11?
тон æз.— Хъæумæ йын цæуæн нæй, йæхæдæг загъта. Ры- бачьемæ? Æмæ сывæллонимæ йæ сæр кæм фæцæвдзæн? Зымæджы сабийыл исты фыдбылыз æрцæудзæн. Уый бæсты фæлтау ам баззайæит. Иучысыл ацæрдзæн, стæй уæд йæхи æрæмбардзæн. Чи зоны æмæ фæстæмæ йæ лæгмæ раздæха. Кæнæ та йæ лæг йæхæдæг ссардзæн...» Ацы хъизæмæрттæ мæ цæмæн хъуыдысты! Фæлтау фæндагмæ иумæ куы рацыдаиккам, уæд æй афонмæ ма- шинæйы сæвæрдтаин! Иу-æртæ сахаты бæрц дыууæрдæм фæкодтон. Мæхимæ смæсты дæи. Нæ, уый бæсты йæ ра- хонон æмæ йæхи цур машинæ æруромон. Æндæр дзы ницы рауайдзæн. Фæстæмæ нæхимæ раздæхтæн. Къæ- оæргæрон ыл амбæлдтæн, æнхъæлмæ кæсынæй бафæл- лад æмæ р^ацæйцыд. Мæхвдæй фафсæрмы дæн, аххос- джын чысыл лæппуйау æм баисастæн. — Æгæр дæ фæлæууын кодтон?—'м«æ къухы ма уы- цы ныхæстæ сдзурын бафтыд.— Машинæтæ нæй. Нæй, зæгъгæ, зæрдæзæгъгæ не ’сты. Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн... Мацы ахъуьгды ,кæн... Хуыцауы хатырæй, иучысыл рæстæг ма фæстæмæ баздæх.Тынг зæрдиагæйдæ курып! Уый мæм цымыдисæй уыцы æнкъардхуызæй æрба- каст. Æнæдзургæйæ хæдзармæ баздæхт. — Тæригъæд мын кæныс? — бафарста мæ. — Нæ, уьгй тыххæй нæ. Цы дын зæгъон, уьгй зоныс? Тæрсгæ уынкæнын. Зын уын уыдзæн. Куыд цæрдзыстут? — Кусыныл ахуыр дæн. Кусдзынæн. — Кæм? — Искуы ныллæудзынæн. Фæлæ фæстæмæ нал аз- дæхдзынæн, стæй хъæумæ дæр нæ ацæудзынæн. Кусдзы- нæн æмæ цæрдзынæн. Æз ныхъхъус дæн. Цы йын загътаин? Уый ныртæккæ ницæуыл хъуыды кодта. Иæ маст æмæ сæрыстырдзинад æй размæ тардтой. Æцæг кæдæм, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. «Кусдзынæнæмæцæрдзынæн»зæгъынæнцон у. Фæлæ дзы ахæцын бахъæудзæн. Уæлдайдæр фыццаг рæстæг. Уæвгæ тыххæй нæу. Йæхи фæнд сæйраг у. 120
Лæппу мæм йæхи æрбайвæзта. Æз æй мæ хъæбысмæ райстон. Ныбба йын кодтон, мæхæдæг та хъуыдыты аныгъуылдтæн: «Ех, мæ уды къæртт, ныртæккæ фæхп- цæн уыдзыстæм. Мæхи хъæбулау дæ бæргæ бауарзтон...» — Цæй, цомут, уæдæ,— сабыргай загътон æз. Сыстадыстæм. Сывæллоны мæ хъæбысы фæцæйхастон. Къæсæргæрон æрлæууыдтæн. — Куыст махмæ дæр ссардзынæ,— сдзырдтон æз.— Ам дæр кусдзынæ æмæ цæрдзынæ. Иучысыл фатер дæр нæм «с. Æцæгæй зæгъын, ам баззай. Тагъд ма кæн. Ацæуьшмæ дын æрæджы нæ бауыдзæн. Ахъуыды кæн... Раздæр мæ фæнд йæ зæрдæмæ нæ цыд, фæлæ фæстаг- мæ сразы. Афтæ Асель йæ фырт Сæмæтимæ маямæ фæндаджы хайады баззад. Кæрты мæнгагъуысты уазал уыд æмæ æз мæхи фæнд атардтон: уырдæм ацыдтæн, Асель та йæ фырти- мæ мæ хæдзары æрцард. Мæиæн уым æвзæр нæ уыд. Уæдæй фæстæмæ мæ цард фендæрхуызон. Æдде ба- кæсгæйæ, афтæ зынд, цыма ницы æрцыд. Фыццагау уыд- тæн иунæг. Фæлæ та мæхимæ адæймаг кæсын райдыд- тон, бирæ рæстæг иунæгæй фæуыны фæстæ та мæ уд стæфсти, мæ зæрдæйы хъарм мæ туджы хъарын райдыд- та. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй размæ дæр адæмы æхсæн уьгдтæн, семæ хæларæй цардтæн, куыстон, иу- мæйаг хъуыддаг арæзтам, бахъуаджы сахат-иу кæрæ- дзийы фаромæ æрбалæууыдыстæм, фæлæ царды иу ахæм фæзилæп ис, æмæ йын баивæн пицæмæй вæййы... Сывæллоныл фæцахуыр дæн. Куыстмæ цæугæйæ-ну æй хъарм батыхтон æмæ-иу æй мемæ ахастон. Мæ уæгъд рæстæг иууылдæр уыимæ æрвыстон. Ныронг æнæ уы- мæй куыд цардтæн, ууыл-иу мæхинымæр дисы бацыд- тæн. Мæ сыхæгтæ хорз адæм сты, Асель æмæ Сæмæтмæ дæр хорз цæстæй кастысты. Сывæллоны та чи нæ уар- зы? Асель та зæрдæхæлар æмæ æргом адæймаг у æмæ уаптæккæ дæр адæмимæ фæлымæн. Сывæллоны мæ 121
Зæрдæмæ уæлдай хæст&гдæр та АселЫ тыххæй айстон. Цы йæ ’мбæхсон, мæхицæй бамбæхсын дæр æй мæ бон куынæ баци, уæд. Аселы бауарзтон. Бауарзтон æй æвип- пайды, æнусмæ, сыгъдæг зæрдæйæ. Иунæгæй цы азтæ фæцардтæн, мæ мæт æмæ мæ хъизæмæрттæ, цæмæйдæ- риддæр æнæхай фæдæн, уыдон иууылдæр уыцы уарзон- дзинадмæ аивылдысты. Фæлæ йын уый мæ бон зæгъын нæ уыд. Йæ моймæ æнхъæлмæ каст. Бирæ йæм фе- нхъæлмæ каст, кæд æй æддæмæ не ’вдыста, уæддæр. Мах- иу фæндагыл куы куыстам, уæд-иу арæх бафиппайдтои, алы машинæмæ дæр куыд цымыдисæй каст, уый. Хат- гаи та-иу йæ фырты йемæ рахуыдта æмæ-иу фæндаджы был цалдæргай сахæттæ фæбадти. Фæлæ уый никæцæй зынди. Чи уыд æмæ цавæр уыд, уый æз нæ зыдтон, фæрс- гæ дæр æй никуы бакодтон, стæй мын йæхæдæг дæр ни- куы пицы загъта. Рæстæг сабыргай цыди. Сæмæт рæзьгди. Æмæ хуы- мæтæджы зæрдæмæдзæугæ сывæллон уыд! Исчи йæ сардыдта, æви йæхи хъуыдыйы æрцыд, нæ ^онын, фæ- лæ мæ йæ фыд хонын райдыдта. Куыддæр-иу мæ ауыдта, афтæ-иу, ме ’фцæгыл атыхсгæйæ, сдзырдта: «Ата! Ата!» Асель-иу æм хъуыдыты аныгъуылгæйæ ныккаст æмæ-И|у йæ мидбылты бахудт. Мæн та-иу ахæм рæстæг маст æмæ цин иумæ сæ быны скодтой. Иæ фыд уæвыи мæ бæр- гæ фæнды, фæлæ цы бачындæуа... Уыцы аз сæрды цалцæг кодтам нæ фæндаг. Маши- нæтæ цыдысты нæ рæзты. Æвиппайды Асель иу шофыр- мæ ныхъхъæр кодта: — Джантап, фæлæуу-ма! Машинæ æваст фæурæдта. Асель шофырмæ батахт. Цæуылдæр адзырдтой. Цæуыл, уымæн ницы базыдтон, фæлæ Аоель æваст ныхъхъæр кодта: — Сайыс! Нæ дыл æууæндын! Цæугæ ардыгæй! Ныр- тæшæ цæугæ ардыгæй! Машинæ дарддæр йæ фæндаг дардта. Асель та хæ- дзармæ атындзыдта. Кæугæ цыма кодта. 122
Кусын мæм нал цыди. Уыцы шофыр чн уыдаид? Уа- гæры йын цы загъта? Алыхуызон дызæрдыг хъуыдытæ æмæ сагъæсы бын фæдæн. Нал фæлæууыдтæн æмæ нæ- химæ ацыдтæн. Асель æддæмæ ыæ зынди. Изæры йæм мæхæдæг бацыдтæн. — Сæмæт та кæми? Æнæ уый мын æнкъард у! — Ам ис, ам,— æрхуымæй дзуапп радта Асель. — Ата!—йæхи мыл æрбаппæрста Сæмæт. Æз æй мæ хъæбысмæ систон, йемæ хъазын, Асель та ныхъхъус æмæ æнкъардæй бады. — Цы ’рцыд, Асель? — бафарстон æй æз. Асель арф ныуулæфыд. — Цæугæ кæныи ардыгæй, Баке,— дзуапп радта уый.—Ам мын æвзæр у, уый тыххæй нæ. Æз дæуæй тынг бузныг дæн. Фæлæ мын уæддæр æнæцæугæ нæй. Кæ- дæм, уымæн мæхæдæг дæр ницы зонын... Куыд æм байхъуыстон, афтæмæй ацæуын æцæгæй офæнд кодта. Мæнæн рæстдзинад зæгъып йедтæмæ ни- цуал баззад: — Цы гæнæн ис, Асель, дæу бауромыны бартæ мæм нæй. Мæнæн дæр ам цæргæйæ нал у. Мæ хæдзарæй мæ сыстыи бахъæудзæн. Иу хатт ма мыл ахæм хабар æр- цыди. Уæд дæр афтид бынатæ-й фæлыгъдтæн. Цæй, цы дын æй дзурон, Асель, дæхæдæг æй зоныс. Ды куы ацæ- уай, уæд та мыл, иухатт Памиры куыд уьгд, ахæм цæф æруайдзæн. Ахъуыды кæн, Асель... Дæ лæг дæм куы фæ- зына æмæ дæ дæ зæрдæ дæ фæд-дæ фæд фæстæмæ куы ахона, уæд дæ ницæмæй бахъыгдардзынæп, -кæддæрид- дæр сæрибар дæ, Асель. Уыцы ныхæсты фæстæ Сæмæты мæ хъæбысмæ систон æмæ фæндагыл араст дæн. Бирæ фæрату-бацу кодтам. Мæ гыццыл сæныкк ницы ’мбæрста. Асельмæ цæуынвæнд нæма уыд. Фæлæ цымæ цы хъуыдымæ ’рцыд, цы скарста? Æнхъæлмæ кæсынæй ба- хус дæн, мæ цæсгом ссау. Иуахæмы та, æмбисбон уькдаид^ афтæ нæ кæртмæ æр- 123
бахызтæп. Кæсын, æмæ Сæмæт æйтт-мардзæ, зæгъгæ, цæуыныл архайы. Асель ын йæ къухыл хæцы, ахауынæй иын тæрсы, æз мæ мидбынат лæугæйæ баззадтæн. — Баке, кæс-ма, дæ фырт цæуын райдыдта! — хъæл- дзæгæй йæ мидбылты бахудт Аоель. Куыд загъта, куыд? Мæ фырт? Æз мæ бел иуварс аппæрстон, дзуццæджы æрбадтæн æмæ сывæллонмæ, ар- дæм рауай, зæгъгæ, мæ къух фæтылдтон. — Га-аа-ккæй! Рауай, рауай, рауай, мæ карк! Сæмæты къухтæ ныппака сты. — Ата!—дзæлæпп-дзæлæпгæнгæ мæм æрбатæхы. Æз ыл фæхæцыдтæн, мæ сæрмæ йæ бæрзонд сæппæр- стон, рацахстон æй æмæ йæ мæ риумæ нылхъывтон. — Асель! — загътон æз.— Цæй æмæ райсом сывæл- лæттæн «сахсæн лы>г кæныны» бæрæгбон саразæм. Сау æмæ урс къуьимйилæй синаг æрцæттæ кæн. —■ Хорз, Бже,— æмæ лыххудти. Æз бæхыл абадтæн æмæ -ме ’рдхорд фосдарджытæм фæцагайдтон. Бæхы æхсыр æмæ ногæргæвст дзидза æр- баластон. Сæмæты зæххыл æрæвæрдтон, пæ къæхтæ йын еи- пагæй бабастон. Иæ фаром-æ йын сæвæрдтон хæсгард æмæ кæрты иннæ кæрон сывæллæттæм фæдзырдтон: — Раздæр чи ’рбахæццæ уа æмæ сахсæн чи алыг кæна, уымæн тæккæ хуыздæр лæвар, иннæтæн дæр, чи куыд раздæр æрбатæха, афтæ. Ратæхут, сабитæ! — мæ къухæп æхсаргардау уæлдæф æрцъыкк кодтон. Сывæллæттæ цыма бæхтыл дугъы уадысты, уыйхуы- зæн хъæрахстгæнгæ фæнагайдтой. Сахсæн лыггонд куы ’рцыд, уæд Сæмæтæн загътоп: — Згъоргæ, мæ хъæбул, ныр! Уемæ йæ ахонут, лæп- путæ! Сывæллæттæ Сæмæты къухыл ныххæцыдысты. Æз сæ фæдыл адзырдтон: — Хорз адæм! Мæ æвзистбарц баГфаг фæтæхы! Уадз æмæ дзы нæртон дугъон рауана! 1 24
Сæмæт сывæллæтты фæдыл фæцæйтахт, фæстæмæ фæкаст, фæдзырдта мæм: «Ата!» — æмæ фæкалд. Мах æм Аселимæ дыууæйæ базгъордтам. Сывæллоны зæх- хæй куы систон, уæд мын Асель фыццаг хатт загъта: — Мæ уйы æнцой! ...Афтæ нæ цард баиу кодтам. Уыцы зымæг нæ хъæбулимæ ацыдыстæм хъæумæ Асе- лы ныййарджытæм. Дзæвгар рæстæг сæ маст не ’есы- ди. Аселимæ нæ алцæй тыххæй дæр дзуапп дæттын бахъуыд. Æз сын хабæрттæ, куыддæриддæр уыдысты, афтæ иууылдæр æргомæй радзырдтон. Æмæ Аселæн ныххатыр кодтой, ныххатыр ын кодтой Сæмæты тыххæй, нæ фидæны тыххæй. Рæстæг æнæзынгæйæ цыди. Сæмæтæн ныр йæ фæн- дзæм аз у. Аселимæ æмудæй цæрæм, æрмæст нæм иу адæимаджы тыххæй ныхас никуы рауайы, никуы йæ æрьимысæм, дьгууæйæ дæр архайæм йæ иувæрсты ацæ- уыныл,цыма æнæдзургæйæ пыхасгонд стæм, уыйхуызæн. Цыма уыцы адæймаг уæвгæ дæр нæй, нæхи афтæдарæм. Фæлæ цард алы хатт зæрдæйы фæндиаг нæ вæййы! ...Фæндагыл фыдбылыз æрцыд. Æхоæвыгон. Мах æм мæ сыхагимæ — ме ’ххуысгæнæг у — бауадыстæм, цы ’рцыди, зæгъгæ. Кæсæм, æмæ уæзласæн машинæ фæндаг- гæрон чысыл цæджындзтыл йæхи сцавта. Шофыр ,иу- уылдæр цæфтæ, йæхи ма тыххæйты æмбары, расыг. Базыдтон æй, æрмæст мæ йæ ном ферох. Иухатт нæ фыдбылызæй фервæзын кодта, æфцæгыл нын нæ маши- нæ сыфцæй фæласта. Уый та æнцон хъуыддаг нæ уыди. Долоны сæрты ахизынæн стыр хъару хъæуы. Уымæй размæ йæм йæ ныфс никуы ничи бахаста. Фæлæ уый фидар лæппу разынд, нæ бынатмæ нæ æрбахæр-хæр ла- ста. Уæд мæ зæрдæмæ тынг фэацыд. Уый хæдфæстæ ма чидæр æфцæджы тæккæ рæбынмæ гуыффæимæ æрба- хæццæ. Æфцæгыл ахизынмæ йæ бирæ нал хъуыд, фæлæ йæ, æвæццæгæн, цыдæр бахъыгдардта. Гуыффæ фæндаг- гæроц къанауы ныссагъд, Шофыр æй уым ныууагъта, 125
йæхæцæг ацьгд. Уæд дæр ма йыл ахъуыды кодтан. кæд нæ, зæгъын, сыфцæй чи фæлаета,уыцы лæппу уыд. Хъыг мын уыд, уыцы хъæбатыр гуырдæн йæ фæндæй кæй ни- цы рауад, уый. Фæлæ уыйфæстæ машинæтæ æфцæгыл гуыффæтимæ цæуыи райдыдтой. Лæппутæ сарæхстысты. Æргом æй зæгъдзынæн, раздæр æй нæ базыдтон, Асель кæмæй ацьгд, уьщы адæймаг кæй уыд. Куы йæ зыдтаин, уæддæр афтæ бакодтаин. Тыххæй-фыдæй йæ нæхимæ æрбахуыдтон æмæ хъуыддæгтæ иууылдæр ра- бæрæг сты. Уыцы сахат Асель хæдзармæ сугтæ æрба- цæйхаста. Куы йæ ауыдта, уæд йæ сугтæ йæ хъæбысæй æркалдысты. Фæлæ нæхи ницы зонæг скодтам, цыма фыццаг хатт фембæлдыстæм, нæхп афтæ дардтам. Уæл- дайдæр æз хъуамæ бафæрæзтаин мæхиуыл хæцын. Æнæрхъуыды ныхаюæй дыууæ адæймаджы зæрдæйы хъæдгом куыд нæ фæцагайдтаин, кæд, миййаг, кæрæ- дзи бамбаринаг уыдысты, уæд сæ куыд ницы бахъыг- дардтаин, афтæ. Ацы ран мæ бон ницы уыд. Хъуыддæг- тæ сæхæдæг лыг кодтой. Сæ дыууæйы æхсæн уыди сæ ивгъуыд цард, сæ дыууæйы æхсæн уыд сæ фырт. Уый сынтæгыл хуыссыди мæ фаромæ, мæ хъæбысы йæ ныл- хъывтон, рæвдыдтон æй. Уыцы ’хсæв нæ иу дæр хуыссæджы цъыртт нæ фед- та. Алкæмæ дæр йæхи сагъæстæ уыд. Аселы бон у йæ фыртимæ ацæуын. Сæ бар сæхи у. Сæ зæрдæ æмæ сæ зонд куыд зæгъынц, афтæ бакæнæнт. Æз та... Цæй, ууыл цы дзурæм, ныхас мæныл нæ цæуы. Уый мæнæй аразгæ нæу, æз сæ хъуамæ мацæмæй ба- хъыгдарон... Ныртæккæ дæр ацы фæндагыл дыууæрдæм кæны. Цымæ ацал-ауал азы кæм уыди, цы куыста? Уæвгæ уый афтæ диосаг нæу. Сæхи хъуыддаг у... Ьайтемыримæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Æризæр. Уалдзыгон зæрæхсид Тянь-Шаны æрттиваг цъититы сæр- мæ арвыл анхъæвзта, Мацшнæтæ фæндагыл згъордтой. 126
— Ахæм хабæрттæ, гъе,— загъта Байтемыр æикъард- хуызæй, иучысыл æнæдзургæйæ алæууьгны фæстæ.—Мæ- нæн ныртæккæ нæ хæдзарæп цæуæн никæдæм ис. Асель цæуынвæнд куы скæна, уæд ын йæ фыртæн фæстаг фæн- дараст зæгъдзынæн. Мæхи хъæбулæй мыы зынаргъдæр сси. Уыдонæй байсын та йæ мæ бон нæу... Æмæ уый тыххæй никуыдæм цæуын. Уæлдайдæр та Памирмæ. Уыдон дын газеты фыссыны тыххæй нæ дзурын. Афтæ дын сæ æнæуи дзурын... ФÆСНЫХАСЫ БÆСТЫ Иласимæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам Ошы. Уый Памирмæ ацыд, æз та мæ хъуыддæгты фæдыл. — Куы ныццæуон, уæд Алыбеджы бацагурдзынæн. Ногæй цæрын райдайдзынæн! — йæ фæндтæ мын дзырд- та Илас.—Бынтон сæфтыл мæ ма банымай. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ ус ракурдзынæн, уыдзæн мыи хæдзар, бинонтæ, цот—иуныхасæй, æз дæр адæмы хуызæн цæр- дзынæн. Æмбæлттæ дæр та мып фæзындзæн. Æрмæст- дæр мын иу хъуыддагæй хай пæ уыдзæн, æпусы бонтæм дзы бавдæлон дæн... Адзалы бонмæ, мæ фæстаг улæфты онг дæр Асель мæ зæрдыл лæудзæп, не ’хсæн цыдæрид- дæр хорзæй уьгд, уый мæ никуы ферох уыдзæн. Илас хъуыдыты аныгъуылд, йæ сæр ныллæг æр- уагъта. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Фæстаг бон æз цады былмæ, нæ кæддæры къар- диумæ ацыдтæн.Хæрзбоп, Иссык-Куль, ме ’рдæгкопд за- рæг! Дæ цъæх-цъæхид уылæнтæ æмæ бур был-гæрæтти- мæ дæ мемæ ахæссин, фæлæ мæ бон нæу, мæ уарзон адæймаджьг уарзондзинад ахæссьш мæ бон куыннæ у, афтæ. Хæрзбон, Асель! Хæрзбон, мæ зæрдæйы уидаг, мæ сырхсæрбæттæнджын гæдыбæлас! Амондджын у! 127
Чингиз Айтматов ТОПОЛЕК МОЙ В КРАСНОЙ КОСЫНКЕ Повесть на осетинском языке Перевод с русского М. Дзасохова Редактор В. Г. М а л и е в Художник У. К. К а н у к о в Художественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор А. В. Я д ы к и н а Корректор К. М. Кодзаева Наборщик Н. К и д и н а Печатник В. И. Журавлев Сдано в набор 18-Х1-75 г. Подписано к печати 25-11-76 г. Формат бумаги 70ХШг1з2* Печ. л. 4,0. Усл.-п. л. 5,60. Учетно-изд. листов 5,81. Тнраж 1000 экз. Заказ № 2793 Изд. № 99. Цена 19 коп. Бум. тип. № 1, Издательство ,При Управлеиия по делам изчательств, полиграфни н книжной торговли Совета Мшшстров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книж- ная тниография Управлення по делам издательетв, полнграфии и книжной торговлн Совета Министров СО АССР, г. Орджоникидзе, ул. Тельмана, 16.