Текст
                    СИТОХАТЫ
Саламджери
ШШт
хъыдзытæ
æлхысчъытæ
тъæппытæ
Æ Гасситы Викторы номыл
Ш рауагьдадон-полиграфион куыстуат
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ 2011


82.3(2Рос-Осе) С-55 Ситохаты С. С-55 Æхсидав [Текст]: хъыдзытæ, æлхыс- чъытæ, тъæппытæ (сатирæ æмæ юмор) / Ситохаты С. — Дзæуджыхъæу: Гасситы Викторы номыл рауагьдадон-полиграфион куыстуат, 2011. — 224 ф. Ситохов С. Факел 82.3(2Рос-Осе) ©СитоховС. А.,2011 г. © Алипченкова Т. Ф., 15ВЫ 978-5-91139-197-3 оформление, 2011 г.
*** Зондджын лæг цæры хъуыдыты, Дзуры иннæтæй уый къаддæр. Уый хыгьд уымæн ис йæ дзырдты Фарн дæр æмæ арт дæр. *** Хохы цъупмæ схизын нæу æнцон, Фæлæ схиз - хуыздæр уыдзæни, зон. Фахсыл фæстиат гæнæн нæй, Ууылты æрцæуы арæх зæй. **♦ Фыццаг адæймаг, къахвæндæгты фæззон, Хæлар дын уæд дæ мады ’хсыры хъуыртт. Ды сарæзтай æнусон цардæн ахстон, Нывæрдтай уым зæххон бæллицтæн къуыртт. *** Цæмæй нæ зæххон адæмтæ Кæрæдзиуыл уой баст, Æрхъуыды кодта уый тыххæй Нæ Дунескæнæг уарзт. 3
*** Куы лæууиккой æдзухдæр Кæрæдзи æнцой адæм, Дзырд уын дæттын, фыдæхтæй Тæссаг нæ уаид цардæн. Цæры Къоста нæ зæрдæты рæбынæй Дзæвгар рæстæг, сæдæ азæй фылдæр, Фатеры мызд дзы не ’рцагуырдта ничи. Ыстæй дзы н’ агурæм ныр дæр. *** Мысан акъуырын у сæйрагдæр, Æндæра йæм куыдфæнды хъав. Æнæкъуырдæй, о, цас мысантæ баззад!.. Цæссыгты денджыз арф у, арф. *** Адæймаг куы фæцуда, уæд æм Февнал, ма йæ бауадз риссын, - Зон, зындæр уыдзæн дæуæн Зæххæй уый уæлæмæ исын. *** Хуры ис кæйдæр мады зæрдæ, Уымæн у æнæкæрон йæ хъарм. Нæлгоймæгтæ, скæсут-ма хæрдмæ, - Мауал таут дунейыл хæрам. 4
*** Нæ хъæздыг мадæлон æвзаг нæ Кæрæдзиуыл æвæллайгæ бæтты, О, афтæмæй дзы хи фыдæнæн Лидзынц чидæртæ дæрдты. *** Никæд уыди цард æнæ цин, Хорз кæй у, уый зонæм. Уæууа, афтæмæй кæрæдзи Кæрæттæм ыссонæм. ♦ ** Иу хицау барвæндæй ацыд йæ куыстæй, Цæй-ма ныууадзæм гье уымæй мыггаг. Хабар кæмæй ратахт, уымæн мæ мыздæй Раттин æз иу мин хæрзæггурæггаг. *** О, бын бауа уыцы куыстуат, Мах æй хонæм ЖКХ. Уый у рагæй дæр хуыздæрхъуаг, Уый у рагæй дæр гыхха. Хæринæгтæн цы ад уыди кæддæр! Сæ уь1нд нæ аздахы ныр иннæрдæм. Уæвгæ нæм диссаг ма кæсæд гье уый, - Ад нал ис адæмæй дæр бирæтæм. 5
*** Ис нæм ахуыргæндтæ бирæ, Фæлæ цард хуыздæр нæ кæны. Бæстæ иу цыбыр фæндагыл Дæс, фынддæс хатты фæкæлы. *** Хъаст кæны æдзух Дзыбын: «У мæ чындз лæмæгь, уæзбын!» О, уæдæ цы кæна, цы? Сабаты æрцыд чындзы. Зонд ма ныр кæй хъæуы, кæй? Схицау нын и гуыбын. Æмæ мингæйттæй, уæууæй, Райдыдтам ныгуылын. *♦* Экономист у Берд, фæлтæрдджын, хин, - Сæ куывды дзидза баззади сæхицæн. Куыд æгьдауæй? Нæ йæ скодтой хæрзфых. Сæ куыдз дæр ныр æххормагæй нæ ниудзæн. *** Искæйы куы фены разæй, Сабухы æваст йæ мæт. Асурид æй, о, фæлæ ма Фæсте чи уыдзæни уæд? 6
*** Чи фæзæгьы, дуне сæвзæрди йæхæдæг, Сæр нæй ууыл, ахæм у мæ ныхас. Уæвгæ фенын бæрзæйыл цыдæр къуыпп, Уый вæййы, æвæццæгæн, хæрæг нас. *** Тагьд кæнæм нæ хæдтулгæты... Чи кæдæм, кæдæм, кæдæм... Чи та атындзы мæрдтæм. Ехх, кæд нал цæрдзыстæм мæты? *** Хицауы бынаты ныр æвдæм аз бады, У хæрз къуымых афтæмæй. Исчи ма йæм бадзурæд йæ рады: «Ацу, фефсæрмы у адæмæй!» *** Кадыл мæлгæ уыд ирон кæддæр. Дунейыл-иу айхъуысти йæ «сахъ». Фесæфти ныр уыцы дуг кæмдæр. Афæлдахы ироны арахъхъ. Æз фехъуыстон, хуыты аз та у ацы аз. Сæ сонт хъохъхъ-хъохъхъæн нал уыдзæн кæрон. Тæрсын, тæрсын æз, исчи та куы схуы уа... Хъæудзæни та нæ аразын хуыдон. 7
*** Нæ цæхæрадæттæ фылдæр хатт Æнæкондæй баззайынц махæн. Кæрæдзийы зæрдæтæ уый хыгьд Æнæзивæг уайтагьд ыскъахæм. ИУ ФЫССÆДЖЫ ХЪАСТ Æгуыст та кæд вæййын? Фыссын æз æрвылбон. Хæрзиуджытæ исынц, Кæй æвдæлы, уыдон. Ныффæллайынц адæм кæрæдзи фыдгойæ, - Кæддæры уæздан туг цы фæци? Хорз уаид, æвæдза, мæй иу хатт, дыццæджы, Куынæуал фауиккам кæрæдзи. *** Фæци хæрд бынтондæр йæ цæсгом. Кæнын ыл «дæдæй!». Æнхъæлдта, кæд та йыл æрзаид... Фæлæ ма кæцæй? ЗОНГÆ ЛÆДЖЫ КУЫВДÆЙ СКЪУЫДДЗАГ О, хицау, стæм дæуæн лæгьстиаг. Бамбар нын нæ рис, нæ зард. Хорзæй дæ нæ домæм ницы, ’Рмæст нын ма фехал нæ цард. 8
*** Зæгьыс мын ды сæрыстырæй, хъæрæй: «Кæсдзæни стыр хур ме стихтæй æнусмæ!» Цытæ дзурыс? Æз та дын сæ кæсын Цыппæрæм бон æртæ цырагьы рухсмæ. *** Æвзæр дзыхæй æппындæр кувæн нæй, Цыма уа уымæй а зæххыл æвзæрдæр! Дæ хъуыдытыл фæлтау æрцæуæд зæй, Фæлтау дæ дзыхыл фондз гуыдыры сæвæр. *** Цæрынц дæс азы иу хæдзары Хъапæ, Хехо æмæ Гуыба, Фæлæ кæрæдзийы мыггæгтæ Нæма зонынц нырма. *** Бирæты цæсгæмттæ нал кæнынц сырх. Иу хос сын амонын æз: Дарæнт сырх хæдæттæ, цæсгæмттæ кæд Уыдонæй райсиккой хуыз. *** Хъуыддагæн у йæ бындур Кæддæриддæр - уынаффæ. Æрмæст йæ мидæг хъуамæ Цæхæртæ кала арфæ. 9
*** Нæ ацы гомдуар стыр дунейы Нæ ирон адæм афтæ бирæ не сты, Уæддæр сын хуыздæрты хуыздæртæ Нырма нымад нæ фесты. *** Куынæуал хъуса адæймаг йæ хъустæй, Куынæуал уына адæймаг цæстæй, Цæрын уæд райдайы уый тынгдæр, Йæ зынгтæ ма ’рхуыссой цæмæй. *** «Дæ фæндаг раст», зæгьгæ, Уæрæсейæн, Æвæццæгæн, нæ загьта никæд ничи. Æндæр зылын-мылын фыдвæндагыл Кæдмæ цæудзæн? Фæкæсæд-ма йæм исчи. *** Адæймаг фæхаты ’взæр йæхи рæстæггай, Хойрæгтæй мæгуыр куы вæййы фынг. О, фæлæ ма ноджыдæр ыстыхсы Æнæ цытæй, æнæ намысæй тынг. *** Арахъхъ вæййы хæрз сыгьдæг, Æппындæр ын нæ вæййы ’мбал. Чи дзы бануазы, гье уый та Цъыфæй нал фæзыны, нал. 10
*** Исчи ’нхъæл уыдзæни, сау хъуыдытæн Сты сæ фысым негртæ хæрзаг. Ма рæдийæд, уыцы сау хъуыдытæй Не сты, не сты урсытæ дæр хъуаг. *** Къухы ’ппæт хъуыддæгтæ не ’фтынц, Искæцы ран хъуамæ ’рттива лæг. Исчи-иу æм хъуамæ батæхуды кæна, Кæннодæ йæ цард уыдзæн уынгæг. *** Чи уыди магуса раздæр, Бафтыдта арт уый нæ бартыл. Айфыццаг бацыд æххуырсты Уымæ Фæллойы Хъæбатыр. *** Дæ фыстытæ дын не ’мбарæм, уæд та ма Ныффысс уæ гогызтæн поэмæ. Кæд дæ гье уыдон бамбариккой искæд. Дæ къам дæр ма-иу фелвас семæ. *** Садзынц адæмты ’хсæн какон Ющенко, Саакашвили æмæ ’ндæртæ. Ахæмтæн-иу раджы заман, раджы Хусæй адастой сæ сæртæ. 11
*** Фæнды дæхи хъæбатырæй æвдис, Фæнды уæ пецы сæр ысбад, Уыдзæн æмхуызон хорз уæ ис, Уыдзæн æмхуызон хорз уæ кад. *** Иуæн-нардхай, Иннæмæн - къæрис. Ахæм хицау Махмæ дæр уыдис. ♦ ** Чиновниктæ бæллынц, цæмæй Сæ хицау уа лæмæгь, лæхъир, Уæд сæм нæ кæндзæн никæд загъд, Уæд сæм нæ сисдзæн никæд хъил. *** Йæ даргь хъуыдыйæдтæй нал дæн, нал, мæ сæрæн, Мæ размæ та дзы мæнæ иу фæци. Йæ кæронмæ кæд ныххæццæ уыдзынæн? Ыстыхстæн, аххуырстон такси... *** Фыны уымæй сахъгуырддæр Нал вæййы Ирыстоны. Стæй та хъалæй згæ кардау Бабыры йæ фистоны. 12
Уæртæ та йæ сæр ныхсадта, Никæд тæрсы зивæгæй. Уæууа, афтæмæй йæ зонд та Сауæмбыд у мидæгæй. *** Хъуамæ къæрных милицæйæ лидза, Фæлæ махмæ уавæр у æндæр - Милиционер къæрныхы куы фены, Бафснайы уæд къудзиты йæ сæр. **♦ Царды сæр бадынц цъæх хъуынатæ. Ерыс куыст нал уынын ивылдæй. Скæндзыстæм уый хыгьд нæ пълантæ Дзурынæй æмæ фæливынæй. *** Фыццагау адæм нал уарзынц кæрæдзи, Фæлæ сæ иу дæр зондджындæр нæ фæци. Каст æдзухдæр чъылдымтæй Гæмæт. Чи зоны, уыди йын разæй зын. Стæй куы марди, загьта нын гьеуæд: «Бауадзут мæ цæсгæмттæм кæсын». 13
Нæ йæ уырны, кæй нæ сфæлдыста æрдз. Йæ диссæгтæ йын афтæмæй уыны. Æрцыд йæ куыстæй фарон уалдзæг тард, Æмæ йæ уый дæр ничердæм уырны. Балхæдта фабрик, нырма у æрыгон. «Зæдтæ мыл аудынц!» - загьта. Чи сты, йæ фабричы чи кусы, уыдон? Раздæр кæй фатертæ къахта... *** Дыууæрдæм ызгьорынц бензины фæрцы Хæдтулгæтæ бонæй-æхсæвæй. Гаппотæ, Тепсыртæ та размæ цæуынц Цъæх водкæ, арахъхъ, стæй сырх сæнæй. Йæ цæсгом ын фæцагуырдтон Дыууæ азæй фылдæр. Мæ куыст гье уый уыд алы бон, Нæ йæ ссардтон уæддæр. *** У фыдæбон йе стыр бæркад цардæн. Уд исын дæр тынг зын у, уæууæй! Чи нæ райгуырд, чи нæ ’рцыди ардæм, Уыцы удтæй амондджындæр нæй. 14
*** Гæртæмттæ исын базыдта ирон дæр. Фæци, дам, каст гæртамисджыты скъола. «Фæлварæнтæ», дам, кодтой уым ызнон дæр... Сæ директорæн фехæлæд йæ къона. *** Куы кæниккам нæ цардыл тынгдæр дис, Куы йын кæниккам аргь дæр, Гыццылдæр уаид а зæххыл нæ рис, Нæ цин та уаид даргьдæр. Йæ роман афтæ аивæзта, афтæ, Æмæ йæхиуыл нал хæцыд æппындæр. Цæмæй зыдта, кæцæй æнхъæл уыд автор, Кæй фæуыдзæн йæхæдæг та цыбырдæр. Нал кæнæм ерыс, ныгуылæм. Фесæфт йæ намыс куыстæн. Разæй мах никæйы уынæм, Иууылдæр фæстейы стæм. САБАТЫ ÆМÆ ХУЫЦАУБОНЫ Цæст нæ ахсы нæлгоймæгтæй иу дæр. Сафтид ысты уынгтæ. Иутæ дасынц уыгæрдæны кæрдæг, Иннæтæ та - фынгтæ. 15
Æрмæст ма уæлдæф улæфæм лæвар, Гъе уый ма баззади æвыдæй. Тæрсын æз, ууыл дæр налог Нæ Кудрин ку’ авæра, гье уымæй. Адæймаг куы райхъал уа, куы фена Хурыскаст æнæнизæй, æдæрсгæ, Дунескæнæгмæ уæд хъуамæ сдзура: «Бузныг, абон дæр цæры мæ хъæстæ!» *** Чи æнцъухы, чи, æрвылбон Водкæ, сæн кæнæ арахъхъ, Уый куыннæ бахъæуы дохтыр, Уый куыд хъуамæ лæууа сахъхъ. *** Куывдмæ, чындзхастмæ ку’ араст вæййы, гъеуæд Ысбæрæг кæны, цал бæласы ис сæ уынджы. Расыгæй цæуыл хæцдзæни науæд? Сæвдулдзæн йæ дарæс рыджы. *** Хъæр кæнæм: «Нæ Иры зæхх чысыл ис!» Афтæмæй дзы зайы ’рмæст хæмпæл. Адæмы дзы ничи фендзæн кусгæ. ’Рмæст дзы хъуысы тæрхъусты кæл-кæл. 16
ГÆМСЫРЫ ХЪУЫДЫ Сæгад дæн, æрцæрин Марсы, Фæлæ дзурынц: дон дзы нæй æртах дæр. Афтæ кæд у, о, гьеуæд дзы Ехх, нæ уыдзæни арахъхъ дæр. КÆД ФÆРИССЫ ЗÆРДÆ Бады адæймаг æнцад. Зæрдæ риссы. Куыст - ыстыр. Лæг йæ куысты фестад арт, - Зæрдæ курорты ис ныр. *** Чи фæдисмæ ’рхæццæ вæййы раздæр, Чи та - куывдмæ, цæстытæй сæ ’рцахсæм. Иу ран, уæууа, бакъæй вæййы дарæс, Иннæ ран та - ахсæн. *** Лæгау кæд сарæзта дæ хистæр исты хорз,' Ды мауал араз ахæм ногæй. Гъе уый бæсты æндæр хъуыддагæн сараз хос, Зæгьдзысты адæм: «Уа йæ бонæй!» Майданты, орденты уæзæй Ныггуыбыр ысты бирæтæ нæ адæмæй. . Дæттæм сæ, уарæм сæ уæддæр, Нæ цард хуыздæр нæ кæны афтæмæй. 17
*** Цыдыстæм кæддæрты æмпъызтытæ дарæсы, Чындзхæссынмæ дæр-иу æнæмæнг фæраст ыстæм. Ныр та мах æмпъузæм нæ æгьдæуттæ темантæй. Нæ æфсарм фæцудыдта тынгдæр, зæххардыстæн. Нерон ныхъхъæбыс кодта Ельцины Мæрдты бæстæйы - зындоны. Æгайтма, дам, мæ хуызæн дæ, Цæрдзыстæм иумæ хуыдоны. *** Фæллой дæр у штангист, уæдæ. Йæ тых уый бирæ рæтты ’взары. Уый бирæтæн сæ кад, сæ цыт Уæлæуæз сисы, стæй сыл зары. *** Хъæддаг у мах капитализм. Æппындæр ницæмæй у хъуаг. Æппæт дæр арæзт у, цæмæй Ысуæм нæхæдæг дæр хъæддаг. 18
Куы февзарынц нæ адæм президенттæ, Фæвæййынц цалдæр дихы уæд. Æнæхъæнæй ма баззайынц æрмæстдæр Нæ кандидаттæ, чи ныл тауы мæт. *** Нæ рæстæг сæвзæр, бамбарæн ын нæй. Нæ адæм хъусынц æдылытæм тынгдæр. Ис дипломтæ бирæтæм, фæлæ Æвзæрæй хорз нæ иртасынц æппындæр. Цал азы мыл рацыд, уый Зонын æз, нæ сæ дæн хъал. ’Рмæст нæ зонын, азтæй мыл Цал нæ цæуы, цал. *** Милиционер бахъæр кодта къæрныхмæ: «Мауал ызгьор, æз дæу хъуамæ’рцахсон!» У тæхгæ-тæхын зын хъавæн. «Цъус-ма ’рлæуу, æмæ дæ бахсон!» *** Адæймаг йæхицæй хатгай Фестырдæр вæййы æнæвгьау. Адæмы сæрыл ныфсджынæй Тох куы фæкæны цæргæсау. 19
*** Сисынц нæ фысджытæй иуты хæрдмæ Хицæуттæ, афтæ у, афтæ, зæххардыстæн. Иннæ фысджыты та штангæтау раст Сис^нц уæлæуæз сæ уацмыстæ. *** Сидтытæ уадзын фынджы уæлхъус Базыдта тынг дзæбæх Дзиу. Устытæ уадзын дæр арæхсы, Фондзæй ма баззади иу. *** Ирæттæн ис сæ бæрзæйтыл Пакъуы базтæ æвæрд, Куы нæм æрбафта дардбæстаг, Цæуыл-иу баддзæн уæд? *** Тынгдæр тырнынц къуымыхтæ Уæлæ хицæутты бынæттæм. Ноджы ма сын базилæм Мах сæ ницæйаг фæндæгтæм. *** Раздæр-иу сæр хъуыди, сæр, Хицауы уынаффæйæн. Ныр æнæ дзураг дзыхæй Не сбæздзынæ арфæйæн. 20
*** Хус рæстæг дæ зæххæн Бакæн цæугæдонæй хай, Æмæ хъарм уаты зымæгон Насджынтæ хæрай. *** Макæн æппындæр мæсты Калоты Дотæйау ды дæр. Æмæ фæцæрай дзæбæх Сæдæ ’ртын азæй фылдæр. Куы вæййы адæймаг æцæг, Æцæгæй саразы æцæгдæр. Æцæг вæййы йæ кад, йæ цыт. Æцæгæй акæны мæлгæ дæр. *** Фехъуыстон, Хъылци нæ зоны худын, Уастæн, сайды хай фæуа! Бахуды æрмæстдæр уымæ, Чи йын у пайда. Мæ хъустыл ауад: хорз лæг у Дзымæт, Хæссæм дзы мах бæрзонд нæ сæртæ. Æз та сын загьтон: «Хорз куы уаид, уæд Уæ сыхы нал уаид æвзæртæ». 21
*** Куы баххуыс кæнай искæмæн зæрдæйæ - Сыхагæн, тугхæстæгæн, науæд та æндæрæн, Йæ цæстмæ йын æй макуы бадар царды. Дæу дæр хъæудзæн æххуыс, куынæуал уай дæ сæрæн. *** Алцыдæр нæм хорз цæрынæн ис. Æрдзæй не стæм мах æфхæрд. Æмæ не ’хсæн чи мæлы сыдæй, Уымæн худинаг фæуæд! *** Алы бон кæлыны бæсты Иу хатт сæрыл хъен ыслæуу. Æмæ бамбарай, цæуын дæр Афтæ ’нцон кæй нæу. *** Базары æлхæны алчи Род, хъыбыл, дзидза æнæ стæг... Адæмæн та ис æлхæнæн Æвзæрстыты рæстæг. *** Цауд хицау й’ адæмы Стонгæй куы фæдары катайы, - Уыдоны фæллой йын Алкæд нæ батайы. 22
*** Æрыгонæн йæ судзгæ уарзт Æдзух цæуы зæнæгимæ. Зæронды уарзт куыствæллад у, Уый та цæуы лæдзæгимæ. *** Нæ тæрхоны лæгтæ дæр махæн Исынц æргомæй гæртæмттæ, Уый тыххæй æмæ сын ныронг Никуыма уыди цæсгæмттæ. *** Мæ зæрдæ риссы, сæр кæны гуыв-гуыв. Мæ хъастмæ нал хъусы мæ лымæн дæр. Нæ Къостайыл нын чи фæкалдта цъыф, Къостайы преми саккаг кæнæм уымæн дæр. *** Мæ зонгæ поэт у тæппуд. Критик «Б»-имæ цæры хæларæй. Тæрсгæ кæны, мыййаг ын уый Къандзол куы бахуыйа йæ цармæй. *** Худгæ^йæ рæсугьддæр вæййы адæймаг, Зæрдæйы æрфысым кæны рухс. Уæдæ худæд алчидæр йæ дзыхы дзаг, Æмæ зæрдæ бакуса æнус. 23
*** Винегрет æрлæууын кæнынц зæрдыл Йе ’мдзæвгæтæ, цасфæнды сæ кæс. Иуы ад дæ н’ ахондзæн йæ фæдыл, Сты кæрæдзийы æнгæс. *** Æз дзæгьæлы ’рцыдтæн хуыздæр æнхъæл ардæм — Ам цардæн йæ иу хай дæр нæй. Ысты ам æрмæстдæр тæригьæдджын адæм, Сыгьдæггонд æрцæуой цæмæй. *** Хинæйдзаг лæг нæм æгад уыд, Ничи йын лæвæрдта дон дæр. Ныр «салфеткæтæй» Ирыстон Байдзаг и бынтондæр. *** Рæстæг ногты размæ хоны, Зæрæдты - фæстæрдæм. Афтæ дун-дунейы роны Мах кæнæм дыууæрдæм. *** Цы дзæхст ныл ауади, цы дзæхст! Нæ риуты байдзаг и хæрам. Уынын: Уæрæсе у æргæвст, Фæлæ кæм ис йæ царм? 24
*** Хицау фыны раппæлыд Гæбицæй: «Уый лæг кæй у, ууыл нæй ныхас дæр». Ехх, Гæбиц ныббузныг и йæхицæй Æмæ схуыссыд дыккаг изæр раздæр. *** Нæ поэзимæ иу ракæсæг нæй. Цымигæнæг у, ацу ’мæ йæ бамбар. У нæ критик къорд азы фынæй. Цу-ма, сынтæгæй йæ раппар. ♦ ♦* Тауы дам-думтæ Сандыр, Бафæллад, фæкъул и. Лæгæн фенцондæр и ныр, Балхæдта «Жигули». *** Нал уыдзæн нæ иудзинад æвыд, Нал уыдзæни не ’хсæнад дæр чъиллон. Хъæздгуытæ куы бамбарой цы ’рцыд, Мæгуыртыл куы байуарой сæ исбон. *** - Ме ’взаг баихсыд цæмæндæр, - ДзурьГйе ’фсинæн Гæмæт. - Асдæрын дзы æз æрмæстдæр Хицау Брегайы зæвæт. 25
** * Сосо рухсаг уæд, кæм и! Путин уый кæд бафæзмдзæни, кæд? Бушæй ракуырдта йæхи, Отпусчы куы цыди, уæд. *** Йæ хицауы нын айфыццаг Хæппи гæртамхор рахуыдта. Йæ ус, дам, ын йæ хæлафыл Дыууадæс дзыппы бахуыдта. ЗОНГÆ ФЫССÆГÆН Дзырдтæй хъазынæн цастæ хъæуы зонд! Дзырдуатмæ бирæ ис фæндæгтæ. Ыстыр хъуыды ма иу хатт сис бæрзонд, Æви тæрсыс, куы фефсæрой дæ зæнгтæ. *** Дзуæртты зæрдæ дæр ныл худы; Амæй фæстæмæ тæппуды Нал ис хицауæй æвзарæн. Не сты сахъгуырдтæ зын арæн. *** Ирон æвзаг бабын кæныныл Архайдта иу хицау Иры. Базонут-ма йæ, æмбæлттæ, Чи уыди уыцы гуымиры? 26
Мæхицæй тынг бузныг дæн æз, Рæстдзинадыл кæй дзурын, уымæй. Зын у, æгæрон зын, мæ хæс, Уæддæр нæ лæууын æз æрхуымæй. *** Историмæ фыстхалæнтимæ Цæуынц Уæрæсейы æрмæстдæр. Æркæсын кодтой зондджынты сæхимæ, Зæгьынц сын: «Ма сафут уæ рæстæг». *** Кæмæн æмбæлы ахæстоны бадын, Гъе уыдон ахсынц иннæты сæхæдæг. Æз ахæм цардæн аккаг дзырдтæ н ’арын. Кæны мæ зæрдæ сагьæсты æрхæндæг. Ирон дзырд «бузныг» арæх-иу хъуыст раздæр, Куы баихсыйа, уымæй-иу ын тарстæн. Гæртам ын ныр йæ бартæ исы цасдæр. О, уыцы ’хцатæ!.. Дæлдзæх фæуой уастæн!.. *** Гуымирытæцæгьдынц æрвылбон хъæд. Бæлæсты къæс-къæс бабын кæны хъустæ... Цы ми кæнынц! Куы схъæддаг уой, гьеуæд Кæм цæрдзысты? Рæдувдзысты сæ рустæ. 27
Куы нæ дзы рауад адæймаг хуызæн, Стихтæ фыссын райдыдта уæд тагьд-тагьд. Нызта-иу арæх критиктимæ сæн, Уæддæр поэзи йе стихтæй нæ ратагьд. * * * Хицау хъуамæ тынг хорз зона Разамынд дæттын, Стæй йæ адæмы сæрвæлтау Карз тохы мæлын. *** Адæмы мулкыл Бонджын æрхæцы, Фæлæ æппындæр Фарсыл нæ хæцы. *** Гуыбынты фæдыл цас адæмтæ ацыд! Æрбаздæхт ма дзы иу цалдæр фæстæмæ. Цæуын фæхъæуы зонды фæдыл балцы, Цæмæй дæ феной хиуæттæ хæстæгмæ. *** Ацы дуне иутæн у дзæнæт, Иннæтæн та фестади зындон. Се ’хсæн сисыл бандзыг и мæ мæт. Хъулон цардæн чи скæндзæн кæрон? 28
*** Карз низ дæр «смертник» у. Уый цæры цыртимæ. Амæлы йæхæдæг дæр Рынчынимæ иумæ. *** Хорз кæцæй у искæйы фæливын? Хи фæливын - ноджыдæр фыддæр. Комдзог æз куы рацæуон мæхиуыл, Хойдзынæн уæд алы бон мæ сæр. Акус хицауæй æрмæстдæр Фондз азы, кæнæ фылдæр. Цардæй бухъхъ кæндзæн дæ хъæстæ... Ахæм куыст кæцæй у ’взæр. *** Хæстæг хæстæгмæ нал цæуы, Кæд ма ракæсы уырдыгæй? Уæдæ ма царв, йе хъазы сой Тæдзид æдзух йæ уидыгæй. **♦ Бэерзонд ысты нæ бонджынтæн сæ къæстæ. Уыдзысты-иу æнцон æрцæвæн арвæн. Æвæццæгæн дзы уый тыххæй нæ цæрынц. Гыццыл хæдзæрттæм арвæн у зын хъавæн. 29
*** Æнæ сæрæй хицау ысуæвын Уæрæсейы ’ппындæр нæу зын. Æрмæст зон къæлæтджыныл бадын, Дыууæ комыкъулæй хæрын. *** Мидæгон ызнæгтæй Байдзаг и нæ бæстæ. Фехъусут мæ ныхас: Тохы бон æрхæстæг. Цал хатты бафынæй вæййæм фæлдæхтæй, Уал хатты хуыссæнты амæлæм мах. Кæд репетици фæкæнæм, цæмæй-иу Ингæнмæ ’нцондæрæй бавæрæм къах. *** Ирыстоны сбирæ сты Къинтотæ, Скъæфынц фæйнæрдæм нæ ис. Сахуыр сыл ыстæм æстдæс азы Æмæ сыл нал кæнæм дис. Дыууæ æвзæры фесæфдзысты иу ран, Сæ иуæн хъуамæ уа хуыздæр йæ сæр. Гъе уый тыххæй нæ Уæрæсейы махæн Цæрынц нæ цауддæртæ хуыздæр. 30
*** Æз зонын ахæм адæймаджы, Йæхицæй тынг æппæлын уарзы. Уæдæ цы кæна, нæй дзы ’ппæлæг, Æмæ йæ фарста лыг кæны йæхæдæг. *** Раджы фæгуыбыр мæ зонгæ Состыкк, Раст цыма фервæзт ыссæдз рынæй. Зонын, цæй тыххæй ныггуыбыр и тынг - Хицæутты зæвæттæ сдæрынæй. Махмæ, Ирыстоны, пенсийы чи цæуы, Уый фæдыл газетмæ хорз у ныффыссын. Йе стъолы бынæй, дам, иу бæрнон кусæгæн Раластой иу бон йæ чырын. **♦ Нæма уыди æнæзивæгдæр махæй Кæрæдзийы ныгæнынмæ зæххыл. О, гормæттæ, æрæмбарут кæрæдзи! Æнæуи дæр гыццыл куы стæм, гыццыл! *** Мæгуыр фæцæрынц тæппудтæ æрмæст, Фæтæрсынц фыны дæр мæлæтæй. Ныр дæр сæ ахсы алы ран нæ цæст, - Къæйных сын хъазы пуртийау сæ сæртæй. 31
Хъуамæ пълотник дзауматæ Афтæ дзæбæх араза, Æмæ цæст сæ иуы дæр Ауæй кæнын ма уарза. *** Хъæуы дунейы ногдзинæдтæ ’рвылбон, Кæннодæ цардæн ахуысдзæн йæ зынг. Фæлæ сæ ныхмæ ’рлæууынц арæх уыдон, Бæзджын хъуына кæуыл ысбады тынг. *** Ничи дæтты мах бæстæйы Дзуапп йæ архайдæн, йæ куыстæн, Æмæ ’лгьыстаг, тъагьытъайлаг Уый тыххæй ныйистæм. *** Аныгьуылын алы хатт дæр дисы: Уæууа, уæууа, цард цæмæ ’рхаудта, цæмæ! Зоны ’рмæстдæр афоныл мызд исын, Стæй куысты дæр фены иу фын, йе дыууæ. *** Æфснайд рæтты нæхи хуыздæр фæхатæм, Фæлæ мæн алкæд не ’ндавынц гье уыдон. Æрфæнды мæ, нæ ирон театр махæн Куы уаид тынг чъизи æрвылбон. 32
*** Нæ федтон мигь октябры, ноябры. Фæци ныр фæззæг, нал и тых йæ балцы. Фæззыгон мигь кæм фæдæлдзæх, кæм фæтары? Æвæццæгæн, нæ сæры зонды бацыд. ИУ ФЫССÆДЖЫ КУРДИАТ ХИЦАУМÆ Æрыгон нал дæн, цæсгом иууыл банцъылдтæ. Нытътъæпп ма кæнут иу преми мæныл дæр. Кæд мын мæ уацаутæ, мæ радзырдтæ Кæсиккой адæм тынгдæр. *** Фауы алкæй, зонын, Иу ын нæу хуызæн. Цæйут-ма йæ зонд ын «Новость»-æй ныхсæм. *** Куынуал фæзынынц адæм тарфынты фæлмæй, Хуыснæг уæдмæ, уæдмæ фæхъавы. Уæрæсе дæр кæны æстдæс азы фынæй, Æмæ йæ алчи давы æмæ давы... *** Йæ масты фæдыл ацыди. Дзырдтам ын: «Æрлæуу, æрлæуу!» - нæ нæм байхъуыста ’ппындæр. Йæ бæсты нæм хабар æрбаздæхт: «Бабын!» Хæцын фæхъæуы масты рохтыл тынгдæр. 2 Заказ № 1485 33
*** Карз арахъхъ-иу бадардта йæ сабимæ: «Ацаход, ды дæ лæджы бындзæфхад». Ныр цæры йæ хъæбул сæн, арахъхъимæ... Алыгьд ус йæ цæгатмæ фæндзæм хатт. Указтæ, бадзырдтæ, уынаффæтæ... Кæрон сын нæй. Мæ зонд та мæм фæфæдис. О кусæг лæг, чердæмфæнды сæ афу кæ, Уæддæр сæ мур пайда куы нæ ис. *** Дзурынмæ мæ зонгæ Тынг дæсны у, тынг. Фæлæ батавынмæ Нæй йæ дзырдты зынг. *** Фæлтау куы нæ кæсин цæстæй!.. Куы дæ ауынын, - ацахсы мæ рын. Куы адард вæййыс ды мæнæй, Уæд та фæстæмæ райдайын цæрын. Нæ цард кæуинаг у. Цæй тыххæй? Кæй ысты уырыс тынг сабыр, быхсаг. Кæд бамбардзысты, у гье уый зын зæгьæн, Ныронг нæ зонынц, чи сын у ызнаг. 34
*** Адæймаг амæлы а зæххыл уый тыххæй, Ногæй та искæд æндæр ран куыд райгуыра. Уайдзæн та дугьы дæсæм хатт уисын бæхыл, Цин та кæндзæни, йæ мысан куы акъуыра. *** Æфсармæн ма уынæм æрмæст йæ къæдзил: Фæллойгæнæг нæм нымады дæр нæу. Æрвылбон хъусæм секс, доллæр, банктæ... Ыссарæм тагьддæр фосы дзугæн цæу! МАХМÆ, ИРЫСТОНЫ Иу сыхы кæрæдзимæ нæ дзурынц фондзæй, Иннæ ран та - ’ртæйæ, стæй цыппарæй. Афтæмæй куыд цæрдзыстæм, ирæттæ, А зæххыл æнæ кæрæдзи хъармæй? *** Ис ирæттæм ахæмтæ дзæвгар, Искæмæйты раппæлыны бæсты Баппардзæн йæхи фæлтау Терчы, чи кæлы нæ рæзты. Ис хорз дохтыр махæн нæ сыхы, Нæ дзы кæнынц цæрджытæ хъаст. Куы ницы дæ рисса, гьеуæд дæ Уый адзæбæх кæндзæн æваст. 35
НОГ ХУЫЗЫ ФАУÆГ Хорз лæг у Хадзыбечыр, бæгуыдæр, У йæ бинонтæн сæ дарæг. Гъе фæлæ йæ чидæртæ фæфауынц - У, дам, ницæйаг, цъыфкалæг. *** Фæнды дæ кæд, нæ фæндæгтыл Кæйдæртау арæх ма кæлай, Уæд хъуамæ чингуытæн сæ дзæбæхты Дæ хъарм хъæбысы акæнай. *** Хуыздæр уыдзæн, мæнæй æппындæр Куы ничи раппæла, гьеуæд, Цæйнæфæлтау мæ иу ницæйаг Ысхона адæмы ’хсæн зæд. Хорз у, тынг хорз, царды искæуыл æууæндын, Фæлæ иуы хорзæй хорз нæ вæййы, нæ. Хъуамæ дын дæхиуыл дæр æууæнда исчи, Цалынмæ сæрæгас уай, уæдмæ. *** Кæсæм мах не ’взагмæ кæдæй, Фыдыусы æнæуынон цæстæй. Æгайтма йын цæуынæн нæй къæхтæ, Æндæра махæй алидзид кæугæ. 36
*** Тыхст адæмæн æххуыс кæнын Сæйрагхæсыл нымай, Æмæ нæ Дунескæнæгмæ Ды дæр нымады уай. *** Иутæ рæстдзинад сæрыстырæй Тагьд-тагьд æрбахæссынц цардмæ, Иннæтæ та дзы гуыбыр-гуыбыр Лидзынц лæфлæфгæнгæ дардмæ. ♦ ** Бæстæ нæ уарзын Æцæг лæг нæ зоны, Уый тыххæй æмæ и Арф ран йæ зонды. *** Дзуапп куы дæттиккой сæ куыстæн Хицæуттæ зæрондæй, ногæй, Уæд нæ тырниккой гье уырдæм, 'Хцатæ нал исиккой къоппæй. *** Хиндзинад дæр хауы Сæры зондмæ, сæры, Гъе æрмæст йæ хицау Кадимæ нæ цæры. 37
*** Цыфæнды тынг фесгуых фæстæмæ цæугæйæ, Цыфæнды ыстыр тыхтæ равдис, Дæ уыцы уæлахиз нæ ирон адæммæ Нæ сæвзæрын кæндзæни фаг дис. *** Кæд дæ фæнды фæсхæрд Дæ дæндæгтæ ысхъауын, Дæ удхæссæг гьеуæд Фæллой кæнынæй ма уын. Фыдуынд чызджы нæ куырдта ничи, ничи, Рæсугьдмæ та нæ хастой лæппутæ сæ ныфс. Фæбадтысты сæ дыууæ дæр сæ уæларт. Поэт, поэмæ сыл ныффысс. РАЗДÆР ÆМÆ НЫР Чиныг уадзынæн-иу хъуыд Раздæр хорз стихтæ - лирæ. Абон та дæттын хъæуы Ставд æхцатæ бирæ. *** Алкæмæн дæр намысмæ Ис кæмдæриддæр фæндаг. Гъе æрмæст æм тухæнты Уæд лæгдзинад фаг. 38
Куы ацæуы иутæн сæ хицау мæрдтæм, Сæ цæссыгтæй фехсынц дзыназгæ сæхи. Ис ахæм хицæуттæ дæр, ку’ амæлынц, уæд Фырцинæй фæзæгьæм «гьы-гьи!». КÆМÆН АЛИДЗЫ ЙÆ ХУЫССÆГ? Хъæздыг лæг у æнамонд. Хуыссæг йæхимæ сурæд. Кæннод та дуармæ бадæд, Æхсæвгæсæй дæр кусæд. Мах дæсны стæм халынмæ, æвæдза, Сонт зонды, тæлтæг зонды фæрцы. Ныр куы нæ зониккам аразын æппындæр, Уæд цымæ цы фехаликкам, цы? *** Нал у, нал, нæ адæмæн уæлдай, Айс чердæмфæнды дæ къах. О, уæддæр нæ хæццæ кæнæм, нæ, А дунейыл иу ранмæ дæр мах. *** Хабосыл никуы ’рцыд къæвда, Уæддæр хуылыдзæй хæдзармæ æрцæуы. Кафеты дæр ыстынг вæййы къæвда, Шампайнаджы хъуыр гом кæнын фæхъæуы. 39
Хæдтулгæтæй нæй ацæуæн нæ горæты, Нæ хъæцы цæсгом афтæ зæгьын, афтæ: Мæгуыр цæрæм, æрвитæм бонтæ хистыты. Цæуæм зындонмæ арфæй-арфдæр. *** Кæддæр æвзæрстам депутаттæй Нæ хуыздæрты цытимæ, Ныр та мах ахæмты æвзарæм Æхцатæ ’мæ хуынтимæ. *** Рæстæг у æгьатыр дæр, къæрных дæр, Давы нын нæ цардæй иудадзыг æгæр, Милиционертæ дæс-фынддæсæй Йæ тæккæ цур куы фæлæууынц, уæддæр. *** Цæгьдæм кæрæдзи ’рвылбон тугкалæн хæстыты, Ныууромæм нæ хъаугьатæ лæгдыхæй. Тæрсын, куы скæна ахæм дуг, æмæ нын бирæгь Куы кæса лекцитæ хæлардзинады тыххæй. БОНДЖЫНЫ КУРДИАТ ХИРУРГМÆ «Мæ минасæй баззайы... М’ ахсæныл ма мын А къуыри бафтау æмхасæн». Аппе та нæ бахордта ницы дæс боны, Бампылд, мæгуырæг, йæ ахсæн. 40
*** О ирæттæ, цæй-ма, цæй-ма бауарзут кæрæдзи, Искæд бон кæндзыстут кæннодæ фæсмон. Нал фендзыстут дæс, дыууиссæдз азы фæстæ А зæххыл сыгьдæгыстæг ирон. *** Нæ сивтындздзæн лæгмар асламыл топп, Ыстæй нæ амардзæни искæй. Уый райсы марæггаг миллион. Кæмæй? Цы лæг у хъал йæ исæй. Æмбæлы н’ алкæмæндæр цин кæнын, Кæй ыстæм адæймæгтæ, уый тыххæй. Цæрæн ис кæннодæ хуыты ’хсæн дæр Хæрз къуымыхæй. Нæ Ирæй фæлыгьди Æгасæй, æд бартæй, Ыстæй нæм фæстæмæ Æрбаздæхти мардæй. *** Уæрæсейæгтыл цавæрдæр низ сыстад, Дæ масты дзæкъул у дæуæн дæр афтид. Фæстæмæ дын æппындæр дзурæн нал ис, Кæй ницы дзурыс, уый тыххæй дæр бафид. 41
Йæ ныфсæн нæй кæрон æппындæр. Нымады дæр æм никуы уыд мæлæт. Уæвгæ куы тæрсид уый мæлæтæй, Цыппар усы нæ ракуырдтаид уæд. *** Хоны саби алы ран йæхи æдзухдæр, Й’ азты дæр цæуын нæ уадзы размæ, Афтæмæй куы ’рхауид куыдз йæ сæрæй, 'Рхæццæ уаид зæхмæ иу дæс азмæ. *** Кæд баппæрстай дæ дзыхы Мæгуыры хай ды дæр, Дæу хондзынæн фыдгæнæг, Куы нæ йæ баууилай, уæддæр. *** Раиртæста иу хицау Гæдымитæгæнæджы. Ехх, фæхауд йæ хорз куыстæй. Раджы нæ, æрæджы. Куы фæсайы мæнгард хицау Æгæр арæх йæ адаемы, Æрцæвы йæ нæ зæдты зæд - Сбады ’ндæр йæ бадæны. 42
* * * Уарзт ысфыцы ’хсæвыгон, Уый фаг нæй ныхæстæ. Ус йæ лæгæй байуары Боныгон æрмæстдæр. *** Бирæгь махæй лидзы дард. Куыдз - нæ хæлар, махимæ цæрæд, Чи йын не ’мбары йæ рис, Уый йæ бæсты куыдздонæй рæйæд. *** Царды фурдæн у йæ астæу хорз. О, фæлæ дзы у ныгьуылынæй тæссаг. Былгæрон та... Никæй фæнды уым. Дыууæтæ дæр цардæй сты хъæстаг. *** Æз зонын ахæм куыстуат иу ран, Æстай азæй кæстæр дзы нæй. Кæнынц дзы радыгай тымбыл кафт, Нæ сæ уадзынц фынæй кæнын, фынæй. Уый дын чызг, цæры нæ уынджы. Мидбылхудты хоны куыст. Бахудт иу секунд кæмæдæр Æмæ бацагуырдта мызд. 43
Ацыди йæхицæй иу кæдæмдæр дард. Нал зыны йæхæдæг дæр йæхимæ. Цымæ уый кæмæ ’рцæудзæн хæстæг Сагъæсты хуынимæ? *** Хъусын æз: «Хъаймæт уыдзæни! Рагацау ингæнтæ скъахæм!» Мах дзы ма тæрсын кæнæнт, Нæу æнæзонгæ уый махæн. ♦ ♦* Уынаффæгæнджытæ сæм Бирæ уыдис, Æмæ сыл афæлдæхт Иу бон сæ сис. Цонгыл разади æнгуылдзтæ, Адæймæгтау мæм кæсынц. Куы æрбангом вæййынц иумæ, Куы - ныххæлиутæ вæййынц. ДЫУУÆ БÆЛЦЦОНЫ Иуæн тынг цыргь уыд йæ хъама, Иннæмæн та уыд йæ зонд хæрз цыргь. Нал æрбаздæхт хъамаджын фæстæмæ, Рухсаг уæд, йæ кой ма нæм æрлыгьд. 44
Адæймаг цæмæ бæллы, гье уыдон Иууылдæр куы бафтиккой йæ къухы, Нал уаид йæхи гьеуæд йæхæдæг, Сау мæлæт ын бахæцид йæ хурхыл. *** Не сфæлдисæг иу рæдыд æруагьта - Цæсгæмтты кæнын хъуыди ыстырдæр. Науæд иуæй-иу хицæуттæн Хæрд фæвæййынц, нал хъуысы сæ сым дæр. *** О нæуæг аз, фехъус нын нæ ныхас, Банымадтам уый дæр мах сæйрагыл... Ныййарджытæ сабитæм куыд дзурой Хæдзæртты нæ мадæлон æвзагыл. *** Басыд æнгуылдз, нал æмбары ницуал. Тынг нынкъард дæн. Уый фенгæйæ уайтагьд цæстыл Ауайынц нæ адæм. *** Ирон ахуыргонд, зивæгыл къух ауигъ, Фæраст-1\ла у бæгуы лæгау Японмæ. Йæ сакъадæхтæй иуыл фендзынæ аланты, Уым базондзынæ не ’гьдæуттæ кæронмæ. 45
Розæ дидинæг рæсугьд у тынг, фæлæ йæм Нæй йæ сындзытæй дзæбæх æвналæн. Нæй æгайтма чызджытыл сындзытæ - Чи-иу быхсид æнгуылдзы тæппалæн? *** Æфсæнттæ кæнын хорз кæд уыди, кæд? Уæддæр мах мысæм алцытæ æфсонæн. Æнæ ’фсонæй нæ зæххыл нæй мæлæт. Уæддæр «æцæг» нæхицæй дард ыссонæм. *** Лæг ысвæййы алкоголик Нал хæссæм уый дисæн. Ис алкаш бæстæ дунейыл. Уымæн у Уæрæсе ’вдисæн. *** Се ’ууæнк н' адæмæн цы фæци? Науæд не ’фсарм, йе нæ уаг? Нал сæ уынын Иры зæххыл, Сты кæд пенсийы, мыййаг. *** Лæгæй лæджы тæф арæх цæуа хъуамæ, Уыдзыстæм хайджын уæд йæ цин, йæ рисæй. Æнæныфс лæг æрлæууын кæны зæрдыл, Ныгæд чи нæ у, ахæм мæрдтæй искæй. 46
*** Цы джын ыстæм, уый нал хатын æппындæр, Æнæ кондæй нæ лæууиккой нæ фæндтæ, Куыд тынг агураэм химидæг ызнæгтæ, Куы агуриккам афтæ тынг хæлæрттæ. Куыд фылдæр цæрæм ацы стыр дунейы, Кæны гье уыйбæрц фæндаг та цыбырдæр. Фæдаргьдæр и мæ лæдзæг та, кæсын æм. Мæ коммæ нал кæсы æппындæр. *** Дæ къæхтыл цу сæумæцъæхæй изæрмæ, Хæдтулгæтæм-иу ма бацу хæстæг дæр, Æнæмæнг уæд мæрдты бæстæмæ Ныфтдзынæ иннæтæй фæстæдæр. *♦* Куыд загьтай, афтæмæй дын фыны Хъæбатыры ном радтой уымы цæрæг адæм. Дæ сæр кæм уыд? Ыстыр рæдыд æруагътай. Цæуын дæ нал хъуыд ардæм. Нæ хуыздæрты ’рвыстам кæддæр мах Сыбырмæ, Нæ хæлæгдзинады-иу сæвзæрд хæрам. Ныр уазал ,Сыбырмæ у тынг зынаргь фæндаг, Гъемæ нæ лæгдæрты ’рбамарæм ам. 47
*** Чи ачъырхта банкæй фондз мины æхцатæ, ’Рцахстой йæ, уыдзæни ныр йæ раны. Чи адавта ’хцатæ иуæндæс милуаны, Уый та бады рестораны. *** Кæрæдзи фауынæй дунейы Фæразæй вæййынц ерысы ирæттæ. Кæрæдзи стауынæй та ’рцахсынц Æрвылаз фæстагдæр бынæттæ. *** Фæнды Гогосы, мыггаджы цæмæй Гъе уымæй хуыздæр ма уа. Бынсæфт фæуид сæ хъæстæ уæд, уæууæй! Ысласæд сæм фæлтау йæ хъама. *** Нæ тæрхоны кусджытæй иу дæр Гъенырмæ нæма уыди ахст. О, афтæмæй исынц гæртæмттæ, Æхцатæм тыхджын у сæ уарзт. Цъыф калынц цауд адæм нæ хæрзтыл, Æмбæхсæндон сын ис кæмдæр. Æвзæр лæгыл цъыф бедрайæ дæр бакал, Нæ йыл фæзындзæни уæддæр. 48
*** Йæ къух æдзух тымбыл вæййы. Ызнон та баххæссыди иумæ. Фæлæ цæмæндæр не ’ххæсы Гъе уыцы къух йæхимæ. *** Нæ Уæрæсейы ногдзинад Кæд чи федта? Зæгъæд. Йæ боцъотæ куы сурс вæййынц, Цæст ыл æрхæцы уæд. ♦ ** Æгæр æфсæстæй нал фæкусы ахсæн. Æрхъуыды кодтой уымæн хос - мезим. Нæ уыди хабар бонджынтæн зын ахсæн, Сæ пух зæрдæты раивылди цин. *** Тæссаг монцтæн лæджы зонды Нæма ис ныронг ахæстон. Кæд уыдзæн уый? Мæхæдæг сын Æхсыны тæрхон рахастон. *** Уарзы тынг ирон арахъхъ, Йемæ бардхорд, балымæн. Бафтауы мæ стыр дисы, У иттæг хорз лалымæн. 49
*** Фæнды мæ тынг, нæ хицæуттыл-иу арæх Куы цæуид, куы, ысгуыхтдзинæдтæй зæй. Уадз зилæнт-иу сæ сæртæ искуы иу хатт, Коньякæй дæр, стæй ма ноджыдæр сæнæй. *** Архайын хъæуы, цæмæй-иу Уа нæ дзырдты сой, ыстæй ма цы?.. Уайых фæуой, бирæты дзырдтæй та Ракæлы куы бардæ, куы сылы. *** Мах рæстæджы хицæутты бынæттæм Бахаудзысты раст лæгтæ зынæй. Уымæн æмæ уыцы зынгæ рæттæм Раст фæндæгтæ нæй. *** Кæсæм мах не ’взагмæ фыдусы цæстæй цасдæр. Стырзæрдæ йыл систæм, уæд цæмæн? Къæхтæ йыл нæй, æндæра дард фæлидзид махæй, Кæд нын, мыййаг, кæлæн ысчынд, кæлæн! *** Дыгай, æртыгай нормаетæ советон дуджы Нæ лæгдæртæ æххæст кодтой ныфсджынæй. 50
Уæрæсейы ныр ахæм сахъгуырдтæ фæзынди, - Дæсгай нормæтæ бакусынц чъырхынæй. *** Фæрынчын вæййынц бирæтæ Нæ адæмæй. Цæмæн? Сæ зонгæтæ куы фесгуыхынц, Куы акалынц тæмæн. *** Цæмæн бануазæм карз арахъхъ? Цæмæй æдылы цард кæнæм. Æмæ дзы уæд æдылы та Цæмæн нуазы, цæмæн? *** Хос куы ’ркæрдæм, бассивæм æй, Стæй йæ самайæм рæгьтæ. О, зæронд, дæ зонд дæуæн дæр У ыссивинаг бæргæ. *** Куыдзæй фæстæмæ ма тæфæй Æмбары Дзиф, йæ хъысмæт фауы. Фæраст вæййы гье уырдæм рæвдз, Йæ лæг кæй гобаныл æрхауы. 51
*** Куынæуал кæна адæймаг æфсæрмы, Куынæуал кæна адæймаг тæрсгæ, Цъыф къахæй уый ныллæудзæни йæ бартыл, Æмæ цæрынæн нал кæндзæн бæзгæ. *** Мах уыцы ’лгьыстаг демократи Кæны фыдæх дугмæ æргом. Амырык аразы æппæт дæр, Цæмæй Уæрæсе суа зындон. *** Иумæ ис дæс милуаны, Иннæмæ - цыппар сомы. Ноджы ма йæ хъæздыг лæг Цардæй иуварс ассоны. *** Байдзаг Уæрæсе уынаффæтæй, Нæй йæм уынаффæгæнæг афтæмæй. *** Ныр дæр ма бирæтæ сæ сæрмæ Хæссынц къæхтæ сдæрын, уæууæй! Æз федтон, иу зæвæтмæ ’нхъæлмæ Куыд кастысты ызнон дæсæй. 52
*** Мах тырнæм æдзухдæр цардæн й’ арфмæ. Хорз у уым, æгæрон хорз, бæгуыдæр! О, фæлæ дзы афтæ сæвзæр вæййæм, афтæ, Нал фæбæззæм равдисынмæ ’ппындæр. *** Коллектив сырдта йæхицæй Биппы, Стæй фæиннæрдæм куыддæр. Чи хъавыд йæ хорз бынатмæ Бустæн, Уый уыд ноджыдæр фыддæр. ЦÆМÆН ЦÆРЫНЦ СЫЛГОЙМÆГТÆ ФЫЛДÆР? Худынц сылгоймæгтæ лæгтæй Бирæ фылдæр, уыимæ зыдæй. Лæгтæ дæр-иу худиккой, фæлæ сæ Нал февдæлы водкæ ’нцъухынæй. *** Скусын кæн дæ дзых дзæбæхдæр Либералты руаджы. Æмæ хицауы къæлæтджын Дæу уыдзæн дæс азы. Цæмæй дæ усы базонай дзæбæхдæр, Хъæуы фæцæрын мин азæй фылдæр. Ыстæй дæ бахæрын хъæудзæни Цыппæрдæс тоннæйы цæхх дæр. 53
♦ ** Хуызæн зондæн цы ран нæ кæнынц аргь, Кæм æм сыздæхтой хицауад сæ чъылдым, Уым дзыхтæ сты цытджын, зынаргь, Кремль у кæддæриддæр сæ фысым. *** Æнхъæлмæ кæс цæмæфæнды дæр, Фæуæд мæлдзыг дæр, науæд та уызын... Фæцæрдзынæ фылдæр æнæмæнг, Уыдзæн дын зын, хъæудзæни дæ быхсын. *♦* Цот ныккæнын а дунейыл Зын куыннæ у, зын. У сæйрагдæр, у бæрнондæр Се схъомыл кæнын. Коррупцийыл разади боцъотæ, Уæддæр нын нæ комы сæттын. Нæхи нын æнцонæй куы басæтта, Æз иудадзыг уымæй тæрсын. *** Фæндагыл цæуын хорз куыннæ у! Æрмæст дæ ма ’рхонæд æвзæрмæ. Дæ фæндагыл нын афтæ ацу, Куыд ыл æрбаздæхай фæстæмæ. 54
*** Кæнынц нæ адæм махæн Бонæй-бонмæ ардуанæй дæрзæгдæр. Уыдонмæ кæсгæйæ ’рлæууы Зæрдыл хъуджы ’взаг цæмæндæр. ♦ ** Зындгонд лæг фæтæрсы гье уымæй, Йæ цот æй куы бафтауой цæсты. Фæбæллы къуымых лæг та уымæ, Куыд суаид фырт хорз лæг йæ бæсты. *** Не схорз уыдзæн цард нæ зæххыл. Ардыгæй кæдмæ? Цалынмæ сæхæдæг адæм Не схорз уой, уæдмæ. *** Цæст æрхæцы бонрухсмæ Иры хорз хъæбултыл, Талынджы та фембæлæм Давджытыл, фыдгултыл. *** Йæ дзыппы иу доллæр кæмæн нæй, Йæ фырт ис уымæн Уырысы æфсады. Кæмæн ис банчы доллæртæй миллиардтæ, Йæ фырт та уымæн кафеты фæбады. 55
*** Цъæх бирæгь хæрæджы куы фæхæры, Æрцъынд кæны цæстытæ уæд. Исчи ма фенæд нæ адæмы - Сæ цæстытæ ма уæнт æхгæд. *** Фаугæ чи кæны, гье уыдон Цауд вæййынц сæхæдæг. Цаудыл зондджын лæг кæд худти? Æрдз уыди йæ кæнæг. ИУДЕПУТАТÆН Йæ хæлаф фæсте алæзæрд, Скъуынгæ кæндзæн ацы мæй. Æрмæст йæ зонд нæ баихсыд, Куыд уыди, баззад афтæмæй. *** «Ме ’фсымæртæ, уарзут мын кæрæдзи» - Афтæ нын фæдзæхста стыр Къоста кæддæр. Ахæм амонд мах нырма нæ фæци. Уæууа, фестæм ноджыдæр фыддæр. *** Дунескæнæг нын цы радта, Сты гье уыдон иууылдæр хъæугæ. Уымæн сæм нæ хæссæм фаутæ, Уый тыххæй нæ кæнынц, нæ, фæугæ. 56
*** Кæд дæ фæнды, куы базонис бæлвырд, Куыд цæрынц Иры зæххыл адæм, Уæд бабæрæг кæн уæлмæрдтæ, æмæ... Уыдзынæ хорз æвдисæн цардæн. *** Хæлæгæн æмæ хардзауæн Сæ тыхтæ сты егьау. Бын нæ кæндзысты искæд бон. Æвгьау ыстæм, æвгьау. *** Чи базыдта зæйтæн Се ’ртхъирæн, сæ кæлæн, Уыдонæн нæ хæхты Никæд уыд зын цæрæн. *** - Зæгь-ма, цæмæн дæ хъæуы сæр? - Фæрсы Гæбуккийы Гæппуд. - Куыд цæмæн? Федылы дæ, цы? Уæдæ цæуыл хæссон мæ худ? *** Кæд дæ фæнды, фæцæрай бирæ, Уæд уымæн ис гæнæн, мадзал - Фæнæм-иу лæдзæгæй дæ гуыбын, Куы дын-иу уа амал. 57
*** Хорз куыннæ у, хорз, æвæдза, Къæхтæ дард кæй ысты сæрмæ. Науæд-иу æй лехъа цъыфæй Амæнтиккой бон-изæрмæ. *** Жириновскийы куы фенын, Бафтауы мыл уайтагьд дис. Бауырны мæ уæд æххæстæй, Парламенты клоун дæр кæй ис. ХЪУСЫНГÆНИНАГ Кæй фæнды, й’ ахсæнæн йæ къултæ Кæрæдзиуыл куыд уой æмхæст, Æрцæуæд уый нæ Уæрæсемæ, Уыдзæн йæ монц æххæст. *** Адæймаг вæййы цыбыр йæхæдæг, Фæндæгтæ та - даргь. Гъе фæлæ сыл тухитимæ Ахæссы кæронмæ уаргь. *** Куы бамбæхса исчи искæйы фыдмитæ, Æрцæуæд-иу нымад ызнагыл уый дæр. Кæннод сæ кæстæртæ фæзмдзысты, Æмæ нæм хорз уд нал уыдзæн æппындæр. 58
ИУ ПОЭТЫ ХЪУЫДЫТÆИ Фæцардтæн раст, ныхæстæй н’ арæзтон хъуыддаг. Кæм уыди зын, уыдтæн-иу уым рæбынæй-. Цы нæ вæййы, æвзæр куы амæлон, мыййаг, Тæрсын, тæрсын æз иудадзыг гье уымæй. *** Куы зониккам, дуне цы уыдзæни райсом, Йе та иннæбон, йе ноджы фæстæдæр, Уæд нал уаид диссаг йæ мидис нæ цардæн, Куыдфæндыйы дуг нæм æрцæуид хæстæгдæр. *** Цард нæм уайтагьд айхалынц, Уыимæ æхсызгонæй. Уымæн хос ис, хъуамæ йæ Аразæм æмхуызонæй. *** Зондджын хицау й’ адæммæ бæрзондæй Никуы ’ркаст, тæрсгæ фæкæны фаг, Къаннæг мæм куы фæкæсой æмæ сын Аккаг аргь куы нæ скæнон, мыййаг. * * * Нæй æнтыстмæ гауызыл фæндæгтæ. Чи фæхæрд вæййы чысыл дæр, Банкъарынц уæлахизы дзæбæх ад Уыцы удтæ тынгдæр. 59
♦ ** Æнæсæрфат хъæбатырдзинад Нæ бæззы, у æнæрай. Мæлæтæй тæрс, уæд та хæрз чысыл, Æмæ фылдæр фæцæрай. ♦ ** Адæймаг Уæрæсейы У хæрз æгад, аргь ын нæй. Афтæмæй кæрæдзийы Арæх кæнæм уæй. *** Уынын æй арæх, у йæ дзых гыццыл, Фæлæ йын бафсис нæй æппындæр. Фæлтау йæ дзых куы уыдаид ыстыр, Йæ ахсæн та - гыццылдæр. *** Хорз роман ныффыссынæн Сæр хъæуы хуызæн. Фæлæ ферох и кæмæйдæрты Уыцы фæдзæхсæн. ♦ ** Исты дæ куы срисса искæд, Цин-иу кæн, дæ худ-иу сæхс хæрдмæ. Зондзынæ балвырд, æнæмæнг, Цардæгас кæй дæ. 60
*** Чиныгæн у йе знаг Рагæй дæр мæйдар. Ма дыл хæцæд зивæг, Рухс ма йын ыссар. *** Сталины рæстæджы чи хæлдта царды уаг, Уый-иу Сыбыры ыстæлфыд æваст. Абон та царды хъапп чи чъырхы, уыдонæн Раттынц премитæ, скæнынц сын хъазт. Кæддæры кадджын Мæскуы абон Лыгьд хицæуттæн æмбæхсæндон ысси. Æвзæр нæ цæрынц адæмы фæллойæ, Сæ зонд сын æз ацетонæй ныхсин. *** Хъару ’мæ ныфс куы вæййынц иумæ, Уæд афæлдахынц хох дæр. Куы вæййынц иугæйттæ, уæд та сын Æрхæцы ’ндæр чидæр сæ рохтыл. *** Бинонтæй иутæ æддæмæ фæдавтой... Уыдонмæ кæсгæйæ, арæх ыстыхсæм. Ахæм бинонтыл цард никуы æрхæцдзæн, Мæнае Уæрæсейы хуызæн. 61
Куыд цæры афтæмæй зæххыл? Нæ зоны ницы ’ххæст. Кæй ницы зоны, о, уæд та Куы зонид уый æрмæст. *** Зондджын адæмыл æмбæлын Нæу нæ къуымыхтæн æнцон, Афтæмæй æнæ гье уыдон Нæу цæрын нæ бон. ЦÆУ КУЫ ФÆРЫНЧЫН, УÆД... Арасти цъæх хæрæг дзуджы разæй уырдæм, Сындзытæ кæм задысты дзæбæхдæр. Бафсæста йæхи, гæнæн куыд уыди, афтæ, Ферох дзы сты фыстæ æмæ сæгътæ. *♦* Хуызæн хæринæгтæ йæ фынгыл Вæййы æрмæстдæр фыны фаг. Йæ масты дзæкъул та дæсæм аз Вæййы æдзухдæр дзаг. Фæкæны саби арæх: «Уый циу? Уый циу?» - фæрсгæ. Зæронд лæг та фæкæны Æхсæв уа, бон хъæрзгæ. 62
*** Зондджын хонæм мах нæхи, Ницы зонæм, афтæмæй. Дунейыл ма иу хатт, цæй, Афæлгæсæм авдæнтæй. Сæры хилтæ сцыбыр кæнæм, Ноджы къаба, кофтæ, пълащ, пиджак... Фæлæ искæй цард æрцыбыр кæнын У ыстыр фыдæх, хъыгаг. НЫХАС БОНДЖЫНИМÆ Хъуамæ цинтæ кæнай мæгуыртыл æрвылбон. Искæй низ сæ фæсвæдмæ ныкъкъуыр. Уыдон дæ ысхъæздыг кодтой, уыдон, Науæд уаис уыдонау мæгуыр. *** Зона хъуамæ алчидæр йæхи, Æмæ куса арæхстджынæй йе ’взаг. Чи нæ базоны йæхи бæстон, Уымæн аргь ыскæны йе знаг. *** Кæд тагьд кæныс кæдæмдæр, Мæ хорз зонгæ Гуыба, Уæд цу æнцад - сабыргай, Æмæ дын ма байрæджы уа. 63
*** Зонд дæр хатт фæстæмæ Ацæуы, тыхсæм. Гъе, æрмæст фæстæмæ Нæй цæуæн ныфсæн. Симгæ куы фенын нæ адæмы, Зæрдæ фæхæст вæййы стыр циныл. Гъæй-джиди, афтæ куы хæциккам Иу мады цотау кæрæдзиуыл! *** Махæн не сæфт ис Рагæй дæр хæлæджы. Уый фыдæй вæййæм Иудадзыг уынгæджы. *** Хъуыстам-иу кæддæрты ахæм дзырдтæ арæх: Ахуыр, ерыс, куыст æмæ фæлладуагьд! Абон та нæ хъустæ ахсынц: секс, доллæр, бизнес æмæ банктæ... Ехх, цы рæстæг уыд æмæ куыд атахт?! 64
*** Зынаргь - фæндаггаг, зæрдæ - рыст, ыскъуыны. Нæ паддзахад нæ бацъист кодта къуыммæ. Быхсын, быхсын, уæддæр мæ фыны Фæраст вæййын Мæскуымæ. *♦* Телевизор чи сарæзта, уымæн Ысхæццæ уæд Хъæриуы онг йæ кад! Уым ма фены Дрис йæ иунæг фырты... Зонгæ дæр æй нал бакæны хатт. Ис иу дохтыр махæн нæ сыхы, Нæ дзы кæнынц цæрджытæ хъаст. Куы ницы дæ рисса, гъеуæд дæ Уый адзæбæх кæндзæн æваст. *** Мах ыстæм ыстыр амондджын, Ыстæй æнамонд дæр ыстæм. Цы нæм кæсы нæ царды ’нхъæлмæ, Нæ зонæм уый æмæ тыхсæм. 3 3аказ№ 1485 65
*** Фæнды дæ кæд, нæ фæндæгтыл Кæйдæртау арæх ма кæлай, Уæд хъуамæ чингуытæн сæ дзæбæхты Дæ хъарм хъæбысы акæнай. *** Хорз у, тынг хорз, царды искæуыл æууæндын, Фæлæ иуы хорзæй хорз нæ вæййы, нæ. Хъуамæ дын дæхиуыл дæр æууæнда исчи, Цалынмæ сæрæгас уай, уæдмæ. *** Цыфæнды уæд тыхст цард, цыфæнды, - 0, ма стыхс, ма, дæ уаргь хæссынæй. Æмбарын дæ, зын у дæ хъысмæт, Уæддæр хуыздæр у ингæны хуыссынæй. *** Уынаг у адæмы цæст тынг, Фæнды дæ кæд, уыной дæу дæр, Уæд дæ фæдзæхсын, хъус мæм, хъус, Дæхи уæлæмæ ма иваз æгæр... *** Нæ фысджытæй мæ алкæд иу æфтауы дисы, Йæ хъайтартæ вæййынц æдзух рынчын. Кæнынц сæрдæй, зымæгæй алы бон æхснырсгæ, Куыннæ у доны уæвын зын! 66
*** Фыдгултæ, давджытæ советон дуджы Уыдтой хæрз арæх ахæстон сæ фынты. Ныр та уынынц сæ фынты ресторантæ... Куыд афæлдæхынц быруты рæбынты. Цæмæн нæ хъуыди ахæм демократи! Нæ дзы кæны хуымæтæг лæг цæргæ. Хъæддаг хуытæ дæр æй сæхимæ Хæстæг нæ бауадздзысты, нæ. *** Дæ цоты кой æвзæр дзыхæн Æдзух уыдзæн ыссинаг, Дæхæдæг-иу дæ кæстæртæн Нæ уыдтæ кæд фæзминаг. *** Æрцæуынц адæм а дунемæ иугæйттæй, Цæмæй æххæстдæрæй зыной. Куы схъомыл уой, уæд та-иу цинимæ Нæхимæ хъуамæ иумæты цæрой. Мæ хуыздæр бæллиц ахæм у мæнæн: Йæхæдæг адæймаг уæд рог фæлтау, Йæ зонд та,уæд кæддæриддæр уæззау. Уæд нал æвдæрздзæн сагьæс мæн. 67
*** Пенсионер у, кусы ма уæддæр фæндонæй, Афтæмæй йæ азтæ ныр æстай ысты. Нал æм ис фыццаджы йас хъарутæ, Æмæ уый дæр фены фын куысты. *** Кæй фæнды искæй сæрмæ схизын, Уый й’ амæттаджы раиртасы хъавгæ. Раст мæнæ дзуттытæ Иванты Куыд хорз базыдтой, афтæ. *** Иугæйттæй цæрынц æдзухдæр Хъæды халæттæ æрмæстдæр. Уыцы хиуарзон мæргьтимæ Сты нæ фермертæ æнгæстæ. *** Ацыди фæсарæнтæм Бирæтæ нæ дарджытæй. Мах та ам фæлмæст стæм, Уыцырдыгон давджытæй. *** Куы нæ хæцæм кæрæдзиуыл, Куы нæ уа иу нæ мæт, Æндæр исчи ныл иу сау бон Æрхæцдзæни гьеуæд. 68
*** Цæсты гагуыйы иудадзыг дæр рухс хъæуы, Æмæ кæсы зыдæй. Бæргæ, бæргæ, цытæ сæ фенæм, уыдоны Куы скæниккам фæрнæй. КУРДИАТ ФЫНДЖЫ ХИСТÆРМ/Е Фынджы уæлхъус кæд сидтыты Æрцыбыр кæнын нæу дæ бон, Гъеуæд дын уыдон иу куывды Дæхицæн скæндзысты кæрон. Ис алкæмæ дæр чъизитæ æгæрон, Нæ сæ хъæуы æндæр удмæ æвдисын. Кæннодæ уарзт æрбайхæлы бындзарæй, Нæ кæрæдзийæн нал фæкæнæм уисæн. Чи у цъаммар, сайæгой, Науæд та хъæцон, Уымæн ам, Ирыстоны, У цæрын æнцон. Йæ ус, ыстæй йæ лæппутæй Фæлыгьд Æрыдонмæ Дыба. Арахъхъ æмæ тамакотæ Нæ ныууагьта нырма. 69
Нæ Уæрæсе ныссæмпæрчъи, Кæддæрау нал у схъæл. Кæнынц ын ныр уынаффæтæ Дызæрдыг æмæ ’нхъæл. *** Кодтой-иу арæх хæснæгтæ кæддæр Карчы сынæг-иу уыд алкæмæ ’фснайд. Ничиуал кæны ныртæккæ хæснаг, Уый тыххæй æмæ стæм иууылдæр сайд. *** Æдзух зæрдæзæгьгæ нæ вæййы фæндаг. Бæлццæттæ стæм. Нæ бæллын базмæ. Фæдзæхсын дын, куы-иу цæуай фæстæрдæм, Уæддæр-иу тындз æдзухдæр размæ. *** Æнтыстытæн кæддæр кæрон нæ уыди, Рыстысты-иу æмдзæгьд кæнынæй къухтæ. Ныр уадзынц къухтæ дзыппыты сæ фæллад, Ныр цинтæн никуал вæййы дугьтæ. Æрдз цы сфæлдыста, гье уыдон Иууылдæр ысты бæзгæ, хъæугæ. Уый тыххæй милуангай азты Никуы фæкодтой фæугæ. 70
*** Алы ран дæр хорз бынæттæ Сты хъæугæ, кæнынц сæ уæй. Чиновникты чи бафхæра? Сталин ам, уæлæуыл, нæй. Хицæутты ’хсæн æз нырма Никуы федтон иу зæд дæр. Иутæ хицаудзаст ысты, Иннæтæ та хицæуттæ. *** Зæрдæ у тынг къаннæг асæй, Фæлæ дзы бацæуид райгуырæн бæстæ, Гъе ’рмæст æй бирæ куы уарзай, Зæрдыл куы дарай йæ хæрзтæ. *** Дисыл кæн æдзухдæр дис, Уымæй хуыздæр та цы ис? Дис кæмæ нæ кæсы диссаг, Царды уый нæ кæны ’мбисваг. *** Зындгонд адæммæ арæхдæр Тэехуды кæн, тæхуды, Дæ къæсмæ уæд лыстæг æхца Нæ хæсдзынæ дæ худы. 71
*** Арæх адæймаг йæ зын, йæ тыхстæй Айрох кæны хатт йæхи дæр. Гъе, фæлæ налогæмбырдгæнджытæй Н’ аззайы фæсвæд ран иу дæр. *** Чызгмæ куы бадзырдтай: «О мæ хур, уарзын дæ!» - Гъеуæд æм раздæрау Нал зындтæ, нал зындтæ. *** Адæймаг ма адæймаг вæййы, Цалынмæ зæрдæхудтæй фæтæрсы. Ехх, зæрдæхудт ницуал ’ндавы ныр. У цæфтæ æмæ фæхъæрзы. *♦* Адæмæн сæ фыддæр ызнаг У кæддæриддæр гуыбын. Уый сæ сахуыр кодта давын, Æмæ ноджыдæр кæуын. *** Æрхъуыдыйы тыххæй нæ æрдзæй цы аирвæзт? Дунейыл цауд удтæ дзæгьæлы нæй. Сбарæм мах уыдоныл иннæты, базонæм, Цас хуыздæр ысты, куыд æмæ цæмæй? 72
*** Фæхудæм мах кæуылдæрты æхсызгонæн, Нæхимæ ’ппындæр не здахæм нæ цæст. Уаид тынг хорз, сабаты ’мæ ’ртыццæджы Куы худиккам нæхи митыл æрмæст. *** Пенси цас уа къаддæр, Стæй мызд дæр, мызд дæр, Уый хыгьд марынц уыдон Адæмæй фылдæр. *** Нæ ирон адæм, рох уæ ма уæд, Кæнут уæ кæрæдзийæн аргь. Нæ цард уыдзæни уæд æнæмæнг Нæ Терчы донау даргь. *** Алцыдæр дæм к’ уа æххæстæй, Нал зондзынæ уæд бæллын, Нал дæм кæсдзæн диссаг «кадджын», Арæх дæм цæудзæн мæлын. Иугæр сæры зонды арфыл Мигь куы сбада, уæд Райсомæй изæрмæ арвыл Хур кæсæд æмæ кæсæд. 73
*** Хъæздыг лæгæн цæрын у ’нцон, Мæлын та - зын. Мæгуырæн та цæрын у зын, Æнцондæр та - мæлын. *** Чи у карз нозтмæ æмхиц, Цыхт, консерв куыд хæсса дардæй. Æмæ уый дæр акомдзаг кæны Йе ’нæниздзинадæй. *** Ирон адæм цæриккой бирæ, Цæуиккой сæм æндæр рæттæй уынæг. Фæлæ сæ суанг зæронды бонтæм Цæгьды æгьатырæй хæлæг. *** Цъыф фæкалынц хорз лæгыл нæ «ничитæ», Ноджы ма куы фæбады уæлдæр. Цауд лæгыл цъыф бедрайæ дæр бакал, Чъизи йыл нæ фæзындзæн уæддæр. *** Уе ’хсæны, нæ депутаттæ, Æз мæгуыр лæджы куы ссарин, Уæд фырцинæй парламенты Æз æртæ мæйы фæзарин. 74
*** Нæ кæрæдзи ныззæронд кæнæм мах Æнæхъуаджы хылтæ æмæ хъаугьатæй. Нæ цардвæндаг куы нæ рауайы даргь, - Фæзæгьæм: «Æрдз ныл рацыд гадзрахатæй». *** Сыхаджы сгуыхтыл чи нæ кæны цин, Нæ мæгуыртыл цы лæг нæ кæны мæт, Уый айсæд тар хъæдмæ йæхи Æмæ уым сырдтимæ цæрæд. *** Ысмæллæг и нæ Ирыстон, уæууæй! Фæци нын, оххай, ноджы къаддæр. Нæ хицауадæй афтæ зæгьæн нæй - Кæнынц нын нардæй-нарддæр. Цъыф калынмæ æгæрон тынг ысдæсны, Æмдзæвгæтæ дæр афтæ хорз куы фыссид, Йæ кой гьеуæд нæ Ирыстоны хæхтæй Æхсæвæй-бонæй дун-дунетæм хъуысид. *** Алы ран тъыссы йæ сæр Æмæ, оххай, баихсыд, ныггыццыл. Адæм æй цæмæй уыной, Уый тыххæй ыслæууы рындзыл. 75
*** Свæййынц чидæртæ сæхæдæг Алыхуызон низтæ. Уымæн ысты афтæ бирæ А зæххыл нæ ристæ. *♦* Давы поэттæй стихтæ, Æмæ адæмон ысси, Уымæн фæрсæм арæх афтæ: Чи у, чи? *** Ацы хицау у тæринаг. Уадзæм æй уæд та. Науæд чи ’рлæууа йæ бæсты, Уый фыддæр куы уа. *** Загьта Гистæн Дзиу: «Мæхи фæллойæ схох дæн!» Гист æм дзуры: «Ды æнцайыс махыл. О, уæдæ-ма бакус афæдзмæ милуантæ, Адæм кæм нæй, ахæм сакъадахыл!» *** Иутæн у сæ хъуырмæ цард, Иннæтæн - сæ зæвæттæм. Уымæн æмæ мах нæ кад Фаг бæрзонд нæ сæвæрдтам. 76
Цæуæм, фæлæ кæимæ? Стæй кæдæм? Куы - капитализмæ, Куы - мæрдтæм. *** Ызнаг цыфæнды тыхджын уæд, Дæ лæмæгьдзинад ма схъæр кæн уæддæр. Рæстæг æмбулын уæд дæ мæт, Дæ тыхтæ кæд фæуаиккой фылдæр. **♦ Фидæныл хъæуы мæт кæнын, Фæлæ ма рох кæнæм, ма, Чи цæрдзæни уæд, уый абон Ку’ амæла сыдæй. Уæд та? *** Адæймаг у аргь æвæрæг Алы рæтты, ам дæр... Уæууа, афтæмæй йæхæдæг У фысæй асламдæр. *** Чи аргьæва абон Райсоммæ йæ куыстаг, Уыцы уд фæуыдзæн А зæххыл æлгьыстаг. 77
*♦* Нæ хъуыддагæн нæ бамбары йæ мидис, Ысбæндæн вæййы дзурыныл уæддæр. Йæ тенкайы цы фæнд ис, уый æз зонын. Цæмæй-иу дзурæм: «Сисæм æй уæлдæр!» Зыгьуыммæ фæлдæхт кæрцау фестад Ирыстон дæр. Йæ цæсгом ын нал арæм, нал. Нæ дзырдты къæбицæй фæдæлдзæх æртæ дзырды: «Хуызæн уд», «хæлар» æмæ «’мбал». ИУ КРИТИКÆН Хуыздæрты æфтауы цæсты, Зары цауддæртыл, уæууæй! Афтæ йæм кæдмæ кæсдзыстæм, Байсæм ын йæ ручкæ, цæй! *** Меркелæй цæуы лæджы тæф, Ющенкойæ - усы. Диссаг, иу мæстыгæр ус, дам, Нæлгоймæгты ’рдузы. 78
*** Нæ уарзы никæйы, æлгьыст у. Фæлæ уæддæр бæззы. Йæхи кæй уарзы, уый дæр хорз у Æппыннæйы бæсты. *** Æнæниз лæг ыстырзæрдæ кæд нæ уыд. Куы йыл сагьуыйынц карз низтæ æгæр, Уæд райдайы хъæбыстæ кæнын цардæн, Йæ цæнгтæ кæд лæмæгь вæййынц, уæддæр. *** Фæрсынц кæрæдзи чидæртæ: Цæмæн мæлæм сыдæй? - Сыдæй мæлæм гье уый тыххæй, Ныфсы мур нæм кæй нæй. *** Фæкалдта цъыф йæхиуæттыл, йæ зонгæтыл... Куыд дæсны ’хста!.. Нæ дзы аирвæзт иу дæр. Фæстагмæ схъæр - сæ разы ’рлæууыд зонгуытыл. Гъе уыцы цъыфæй самæста йæхи дæр. КУДРИНÆН Къостайы «Сидзæргæсы» уарзы Æмæ йæ хъуыдыйыл хæцы. Лыстæг дуртæ нын уый дæр аджы Хъæдурты ’фсон фыцы. 79
ЧИНГУЫТЫ ДУКАНИЙЫ Поэт ныууагьта йе стихтæ æрдæгфыхæй. О дуканигæс, бамбар мын мæ марой. Йæ чингуытæ йын æз æлхæнын уый тыххæй, Цæмæй уæ дуканийы ма уой... *** Нæ хуыздæртæ уынгты æнкъардæй лæууынц, Нæ цауддæртæ хицæуттæ систы. Æз хъусын кæцæйдæр: «Тæхуды æмæ Гъе уыдонæн абад сæ хисты». *** Куысты куы вæййы хъуагдзинæдтæ бирæ, Цъыфкалджытæ уæд сулæфынц сæ фаг. Ыстæрсын кæнынц хицауы, æмæ сын Ыскæны уый дæр къæбицмæ фæндаг. *** Ахæм хицау!.. Сырд æрцыд, уыд азымджын... Нард хæйттæ лæвæрдта ’рмæстдæр хиуæттæн. Загъта чидæр: «Уый хъуыди æрцауындзын», Фæлæ ничи ссардта иу бæттæн. *** Куы никæмæн исай йæ къух, Куы ницæмæ дарай æндæры, Кæндзæн дæм мæ уайдзæф уæд дугь, Нывæр-иу æй хъавгæ дæ сæры. 80
*** Нæ сау дугæн кæд фесæфдзæн йæ нос? Нæ цардмæ нын нæ бабæлдзæн куыдз дæр. Цæмæй дæ хоной ницæйæгтæ хорз, Гъе уый тыххæй ды хъуамæ суай æвзæр. *** Кæд уыдысты нырæй æвзæрдæр адæм? Сæ ном ма баззади æрмæст. Нæй аргьгæнæг æппындæр цардæн, Æмæ нæ уымæн бабын кæны хæст. Фаджысы хъæндил та цæргæсыл абон дæр Райдыдта фаутæ æвæрын. Не ’ртæхдзæн уари йæ фаджысы смагмæ, Уымæн æй уæнды æфхæрын. *** Æххуысмæ дæм нæ фæзындзæни никæд. Кæд ыл, мыййаг, тызмæг дæлимон рахатт. Кæм фæхъæуы хъыгдарын, халын, уырдæм Лæфлæфгæнгæ ныххæццæ вæййы уайтагьд. *** Уæрæсе уынаффæтæй байдзаг, Трибунæтæ уымæн æвдисæн. Уæддæр ма стæм давынæй раззаг, Фыццагау гæртæмттæ дæр исæм. 81
*** Рæдыдтытæ ысхъомыл кодтам бирæ, Хъуыдис сæ, уæууа, афтæмæй цæгьдын. Ысбирæ сты æмæ ныр мæнæ иумæ Нæ цардæн фехæлдтой йæ бын. *** Кæд дæ фæнды мæгуыр цæрай, Уæд хъуамæ зивæггæнаг уай. *** Ис ма нæм уæздан, куырыхон лæгтæ цалдæр, Ис сын анымайæн тагьд-тагьд. Музейы сæ слæууын кæнæм тагьддæр! Оххай-гье, цыдæр бардуаг ныл рахатт! **♦ Рухс у мæ зæрдæ, сты ме уæнгтæ тынг рог, Мæ цинтæ æмбæхстæй куыд дарон? Уæлдæф кæй улæфын, гье уый тыххæй ныронг Нæма фидын хъалон. ♦ ** Кувынмæ йæ ничи ’мбылдта сыхы, Алкæмæн дæр амонд зæдтæй домдта. Фæлæ куывд куыд цыдаид йæ тыхы, Хинымæр-иу «тобæ» кодта. 82
Хицау хъуамæ зона Разамынд дæттын, Стæй йæ адæмы сæрвæлтау Карз тохы мæлын. *** Æцæгæлæтты цур-иу фаудта Тынг арæх йæхиуæтты. Фæстагмæ йын йæ мард ыссардтой Сæ хъæуы кæрон бырæтты. *** Нæ йæ уырны, кæй нæ скодта Хуыцау, Йæ диссæгтæ йын афтæмæй уыны. Йæ куыстæй фарон майы мæй фæхауд, Æмæ йæ уый дæр ничердæм уырны. *** Зоны æрмæстдæр Сылгоймаг бæлвырд, Чи сты йæ сабитæ, Чи у сæ фыд. *** Цæуынц, цæуынц Уæрæсемæ фаесарæнтæй Сæхи мæллæг кæнынмæ адæм. Ирысток дæр сæ суæгьд кæндзæн сæ нард фыдтæй. Æрбацæуæнт-ма ардæм. 83
ИУ ЦЪЫФКАЛÆГÆН Де ’взаг уæ сырх зынгтæй Алидзы дард, Афтæмæй бафтауы Бирæтыл арт. *** Доллæртæй нал уынынц иутæ сæ кæрæдзи, Иннæтæ - уæлмæрдтæй. Разагьды лæгтæ куыд кæсынц гье уыдæттæм, Афтæ æнæмæтæй? ХÆДТÆХДЖЫТÆ ЦÆМÆН ХАУЫНЦ АРÆХ? Аххосджын чи сты? Зæгьон сæ уæдæмæ... Путин дæр, Кудрин дæр... Ноджы ма чи? Æргьтæ æгæр тынг ыссæуынц уæлæмæ... Хæдтæхджытæ сыл ыскъуырынц сæхи. ГЪЕ УЫЙ ДЫН РЫНЧЫНФÆРСÆП Рынчынфæрсæг бацыд Гацырмæ Хæмæт. Йæ хъуыды йын загьта: «Мæлæт дæм нæу дард. Къуыри ма куы фæцæрай, цин-иу кæн уæд». Уыцы бон рынчынæн аскъуыд йæ цард. ♦ ** Нæ хуыздæрты ’рвыстам кæддæр мах Сыбырмæ, Нæ хæлæгдзинады-иу сæвзæрд хæрам. Ныр уазал Сыбырмæ у тынг зынаргь фæндаг, Нæ лæгдæрты ’рбамарæм ам. 84
Нал хатæм æвзæрæй хорз Æмæ сау хъуыдытæ ссардтам. Чи калдта Къостайыл цъыф, Уымæн дæр Къостайы преми радтам. Фыста нын пьесæтæ кæдæй нырмæ!.. Дзæвгар ысты, уыдис дзы рухс дæр, талынг дæр. Фæцыдысты сæ сæргæндтæ мæ зæрдæмæ Уæлдай тынгдæр. УАЙДЗÆФ ÆВЗÆР СЫХÆГТÆН Уæ кæрæдзийæн аргь нæ кæнут кæд, Кæд аныгьуылут алы хатт быцæуты, - Фæрсын уæ æз, фæрсæй-фæрстæм ма уæд Цы монцæн цæрут горæтты ’мæ хъæуты? *** Мин тоннæйы карз арахъхъ йæ дзыхыл Ахсæнмæ ныллæгæрста. Æгьгьæд! Уыйбæрц нозт куы ракæлид нæ сыхыл, Бирæты нæ аласид гьеуæд. *** Нæ Иры курдиæттæн сæ рухсмæ цæрæм, О, уаиккой уыдон фылдæр. Фæлæ сын^мах се ’мбис ныххуыдуг кæнæм, Сæ къухтæ куы сдарынц, уæддæр. 85
*** Фæндæгтæ хорз сты, æвæдза. Хъæуы сæ аразын, дзырдæй. Фæлæ сыл чи цæудзæн, зæгьут-ма, Нæ адæм ку’ амæлой сыдæй? *** Хорз стих цæры æдзух Зæрдæйы æхсæрдзæнты. Фенын æз мæ цинты цин Райсомæй йæ сæррæтты. *** Кæрæдзи тынг куы уарзиккам, Уæд сæфид тагьддæр низ. Фæуиккой уæд нæ афтектæ Æмбис къаддæр, æмбис. *** Фæнды дæ кæд, дæ къай, дæ ус Æппындæр мауал уа дæ хай, Гъеуæд дзы раппæл лæгтæн цъус Æмæ æнæ æфсин фæуай. *** Нæ Бетховен куы бакъуырма, Фыста гьеуæд дæр музыкæ, Рæвдз чи уыд хъустæй, уыдонæн. Æз дзы æнустæм бузныг дæн. 86
*** Кæд дæ фæнды, цæмæй мæрдты Цæссыгтæй хи æхсай, Кæуын дæхиуыл уадз гьеуæд, Сæрæгас ма куы уай. *** Хорз лæг йæхицæй нæ феппæлы, науæд ыл Дзыллæтæ иудадзыг худдзысты. Уæвгæ йæхи кой куы кæна æппæт рæтты, Адæм ма гьеуæд цы кусдзысты? *** Æппарынц фæсарæйнаг фысджытæ Цардæй кæддæриддæр къæртт. Махмæ та фыссæг куы амæлы, Раттынц ын пенси гьеуæд. *** КГБ-йы кусджытæн сæ пенси У ыстыр. Цæмæн у ахæм? Уыдон куы бауагьтой халын Не стыр бæстæ махæн. ЦЫ ЗАГЪТА ИУ ОЛИГАРХ Хи фæллойæ цæрын махмæ Диссаг хъуамæ ма кæса. Хъуамæ адæймаг йæ фыдгулы Искæй сойæ абырса. 87
*** Хи ’взæр митыл Брег нæ худы, У, дам, зивæггæнаг рагæй. Фæлæ ’ндæр искæй къуыхцытæ Хицæуттæм нæ хæссы хъуагæй. Сырд нæ фестдзæн адæймаг æппындæр, Фæлæ лæг ысуыдзæн сырд æнцонæй. Мацы йæм дзур, ауадз æй йæхи бар, Ратт ын, ратт, сæрибарад уæлдонæй. *** Нæ дæм æрцæудзæн иу арфæ дæр никæд, Куы ’рцæра демæ фидис науæд какула. Уæдæ уæд афтæ: хъахъхъæн де ’гьдау, де ’фсарм, Цæмæй сæ иу дæр чъизи ранмæ ма ’ркъул уа. *** Ис не ’хсæн ахæмтæ дæр ныр, Æлгъыстæй нал тæрсынц æппындæр. Уый уый тыххæй, æмæ сæ ’лгьыст Тæрсы йæхæдæг тынгдæр. *** Ма сараз æмбалæй «чидæр», Хъус-иу уымæ дæр зыдæй. Гъе æрмæст... Дæхи зонд дæр-иу Ма кæнæд фынæй. 88
*** Адæм куыд цæрынц, гье уый Хицау кæд базондзæн, кæд? Уымæн куыннæ ис гæнæн, Базармæ арæх цæуæд. Цы дзурын хъæуы, уыдæттæ Куы зониккам зын сахат, Уæд нал уаид нæ дзыхджынтæн Сæхи ’вдисынæн фадат. ДОКЛАДГÆНÆГМÆ ÆЛХЫСКЪ НЫХАС Дæрдтыл ныхас кæд уыд пайда? Дæ хъæнтæн райхал, цæй, сæ тыхтон. Æмæ уæд базондзыстæм мах, Цытæ сарæзтат, уыдон. *** Иутæ рæстдзинад сæрыстырæй Тагьд-тагьд æрбахæссынц цардмæ, Иннæтæ та дзы гуыбыр-гуыбыр Лидзынц лæфлæфгæнгæ дардмæ. *** Хорз та куыннæ у бæрзондæй бынмæ кæсын! О, фæлæ разилы хаттæй-хатт сæр. Хицауы уырдыгæй адæм куы рантъухынц, Уырдыджы гьеуæд фæтулы фылдæр. 89
*** Куывдæй йæ лæг куы фæцæуы æрæгмæ, Уæд ын Дедикка никуы скæны маст. Фæзоны ус, йæ «алкаш» лæг сæхимæ Кæй нæ фæцæуы хъæуы уынгты раст. *** Адавм æмæ фосы ’хсæн Исбыру, егьау... Чидæр бахызт фосы ’рдæм, Райхъуысти дзы «уауу!» Куы нæ уой адæм иу зондыл хæст, уæд Н’ ацæудзæни иу ран дæр сæ фæнд. Куы нæ сиу кæной дзыллæтæ сæ тых, Уæд сын ыскалдзæн саби дæр сæ пырх. *** Не ’взагыл ыстырзæрдæ кæнæм, Карз арахъхъыл нæ. Æмæ графинты бырæм Алы бон бынмæ. *** Йæ рентген - хистæрæн йæ кæстæр. Кæс-ма йæм, кæс, дзæбæх. Зындзæн гье уым æппæтдæр ирдæй: Кæм уыди цин, кæм уыд фыдæх... 90
*** - Тæрын нæ комы ахæстонæй, къарцæй, Уæд æй цæмæн æркодтой ахсгæ? - Куы гуырди, куы, уæддæр æй Æддæмæ кодтой ласгæ. *** Къуымых лæг йæхимæ Ыстыр хох фæкæсы, Гъе уый тыххæй æрхæй Уæлæмæ нæ лæсы. Хи хæдзармæ, хи хъуыддæгтæм Хорз хицауы не ’вдæлы. Уый кæркуасæнтæм йæ зæрдæйы Адæмы мæт февгæны. *** Адæмæн фæлæвæрдта йæ зонд, Баззад ма дзы цъус. Махæй ма у зондджындæр уæддæр, Хъус æмæ йæм хъус. *** Фæдавтой паддзахады исбон, Æмæ сæ иу уромæг нæй. Ысрæйынц ма сыл куыйтæ ’рмæстдæр. КæнЪш æз адæмыл «дæдæй!» 91
*** Куыд ис цæрæн куыдфæндыйæ, Куыд цæрынц махмæ афтæ? Гъе уымæн цæуæм алы бон Нæ сагьæстæн сæ арфмæ. *** Æппæлы арæх Берд йæхицæй, Сыгьдæг, дам, у мæнæн мæ зæрдæ. Ысты гье уый хыгьд къухтæ чъизи - Къуырдта кæмæндæрты сæ сæртæ. *** Ног чындз загьта: «Ныр цæуон... Загьд-иу ма кæнут мæ фæстæ. Нæй гæнæн, мæ уарзт ысси Фондз бонваг æрмæстдæр. Уыдис нæм ахæм хицау, уыд, Йæ адæммæ дзы не ’нтысти стæг дæр. Йæ сæры ахæм хъуыды сфыхт: Кæрцæй хæдон - хæстæгдæр. О адæймаг, æрбайхъус-ма! Дæ ном зын хæссæн у, уæууæй! Фæлæ дзы, оххай, афтæмæй Граммы уæз дæр нæй. 92
*** Цы дуг æрцыд! Цы сæфт ыстæм! Цыма кæнæм?! Нæ зонд - дзæгьæл, нæ миддуне ныттар! Куы амбæлай дæ сыхбæсты æвронг лæгыл, Дæ худ-иу уæд хæрдмæ æппар. *** Абон мæ сæрмæ æрбацыди иу хъуыды, Æмæ æз йемæ ысразы дæн: Махмæ ысгуыхт нæмттæ, премитæ Раттынц фæстæрдыгæй разырдæм. Махмæ, ам, йæ куыстæн Ничи дæтты дзуапп. Уымæн бамбыд, уымæн, Бæстæйæн йæ апп. *** Кæсæм куыдфæндыйæ нæ бæстæмæ, Нæ хъæумæ, сыхмæ, стæй нæхимæ дæр. Куы цæрæм дарддæр афтæмæй, Уæд амонд не ’рцæудзæн нæ иумæ дæр. *** Зæрдæтæ ’хсайынц кæмæдæрты алы бон, Цæстыты аныгьуылд вагзал. Рудзынгæй акæсы устыты зæронддæр, Уымæ та ’рцæудзæн йæ адзал. 93
*** Нæ фæндаджы уаг иунæг дæр нæ зоны, Куырмытау ыл уæддæр цæуæм, цæуæм. Куы фенæм хид, гье уæддæр бараст вæййæм доны, Æнæ ныфсæй, æнæ фарнæй цæрæм. *** Æрхау хуызæн лæгæн йæ цуры райгæ, Æгьдау цы у, уый хъуамæ хорз ’мбарай. Фæлæ тæрсын, дæ ахуырæй ды искæд Фыдгулы раз дæр уæрджытыл куы ’рхауай. *** Йæхицæй æппæлы дæс хатты къуыри. Йæ хъæлæс та фехæлди, уæууа, ызнон дæр. О, афтæмæй ныронг нæма зоны, нæ, Æрхытæй, обæуттæй кæцы у бæрзонддæр. *** Бирæ цæмæдæртæм зулмæ дæр акæсæм, Уымэзн куыннæ вæййы царды уæвæн. Фæлæ хæлиудзыхæй цардыл цæст ку’ ахæссæм, Гъеуæд мæ зæрдæ ныккæрзы мæнæн. *** Ацы аз хуыты аз у, нæ хуыммæ Баирвæзæнт - не ’рцæудзæн хылтæ. 94
Фæлæ кувын æз уæддæр гье уымæ - Адæмы ’хсæн ма уæд, ма, хуытæ. Дæ хуыссæг фæлыгьди, дæ цæсгом - æууад, Дæ катай, дæ сагьæс - дæ бынтæ. Дæ сыхаг мæгуыртæн дæ исбонæй ратт, Уæд даргь фынтæ арæх уындзынæ. *** Нæ сатирæ махæн бæзджын у, бæзджын. Ныххудынæн бирæ ’рмæг - алкæм. О Гоголь, цы фæдæ?! Мæрдтæй нæм фæзын! Стæй демæ Крыловы дæр ракæн. *** Фæнды йæ, критик дзы куы феппæлид Къуыри кæнæ та мæй. О, афтæмæй йæ къæбицы, йæ рæбыны Хуызæн æмдзæвгæ нæй. **♦ Хæстæджы фæрцы къуыппыл бады, Йæ цард цæджджинагау фыцы. Кæмæн нæй хион хицауады, Гъе уыдон та цы фæуой, цы? 95
*** Уæрæсе равдисынмæ нал бæззы, Тæрсын, куы ахуысса йæ зынг. Цæрæм мæгуыр, о, афтæмæй Нæ бæстæ у хъæздыг. ЕЛЬЦИНÆН Зылди-иу водкæйæ æдзух йæ сæр, Уыдысты-иу йæ указтæ дæр расыг. Хуыздæр нæ уыдысты, хуыздæр, Йæ ныхмæ тохы ныфс кæмæ нæ разынд. *** Уырыссаг лæг быхсаг у, стæй æууæндаг, Куы йын зæгьай: «Дæуæй хъæздыгдæр нæй», - Ысбухъхъ кæндзæни, асгардзæн йæ дæндаг... Йæ хицау æй кæдмæ сайдзæн, уæууæй!.. *** Йæ боцъотыл фæкæлы бон дæс хатты, Уæддæр нæ дары пенсимæ йæ хъус. Сыхаг лæппу кæсы йæ бынатмæ æнхъæлмæ, Зæгьынц, йæ цæстытæй уал иу ныуурс. *** Адæймагæй саразæн ис хицау, Фæлæ хицау нал ысвæййы лæг. Байтауы ма зондæй ист мыггæгтæ, Фæлæ ’ппындæр нал раттынц тыллæг. 96
Куы вæййы тынг æмтъеры бæстæ, Мырхынæн дзы гьеуæд вæййы мадзал. Сæхæдæг дæр уæд базмæлынц нæ гæстæ, Æрцæуы сæм йæ сау бæхыл адзал. *** Тæхуды, искæд ахæм хабар фехъус, Уæрæсейы фæасламдæр цыдæр. Хæрзæггурæггаг алырдæм тæхиккам, Сыдæй куы мæликкам, уæддæр. *** Хъыдзы кæныныл сахуыр кодтой Путины Нæ чиновниктæ. Цас бафтъæрдтой, цас! Уæддæр тæрсынц, куы сæм бавдиса золочъи, Куы арæсийа искæй сæры фахс. *** Уыди сæ цин ыстыр, рæсугьд, Нæ дунемæ куы ’рцыд. О, иннæтæ та кодтой цин, Куы йын федтой йæ цырт. Хорз хъуыддаг кæд сарæзта нæ зæххыл? Уый хыгьд алкæд иннæты хъыгдары. Уый дæр.дом, куыст у, фæзæгьы. Цауд удты ыскъуыд сасирæй луары. 4 Заказ № 1485 97
БЕСЛÆНЫ ТРАГЕДИЙЫ ФÆСТÆ Сывæллæттæ нал уæндынц цæуын Се скъолатæм горæтты ’мæ хъæуты. Сау рæстæгæй рахауд Ирмæ рын. Ныр цæрæм цыппæрæм аз нæ мæты. *** Хицауæй нæ равзæрстой Гæбилы. Уыд йæ ныхмæ Бодз, Гæбæдз. Дзургæйæ, дам, иу къух дæр нæ тилы, Стæй, дам, халынмæ нæу рæвдз. Поэттæ хъуамæ стыр æртытæ уой, Сæ тæвд, сæ рухсæй адæмæн дæттой. Фæсудзы цауд поэт сындæг, Цы ратты адæмæн? Фæздæг. КÆРОН Ацы дзырд йæ рохтæ Арæх атоны, уæууæй! Афтæмæй йæхицæн Иу кæрон дæр нæй. ЗОНГÆ ЛÆДЖЫ КУЫВДÆЙ СКЪУЫДДЗАГ О хицау, дæуæн ыстæм лæгьстиаг, Бамбар нын нæ рис, нæ зард. Хорзæй дæ нæ домæм ницы, ’Рмæст нын ма фехал нæ цард. 98
*** Зæгьыс мын ды сæрыстырæй, хъæрæй: - Кæсдзæни стыр хур ме стихтæй æнусмæ! - Цытæ дзурыс, æз та дын сæ кæсын Цыппæрæм бон фынддæс цырагьы рухсмæ. ИУ БУХГАЛТЕРÆН Нал æм зыны развæндаг йæ гуыбынæй, Афтæмæй куы фæкæла, уæууæй! Сис, хирург, уæхи колхоз гье уырдыгæй, Науæд махон уым ныцъцъист бынæй. *** Гæмæх сæримæ ис зæххыл цæрæн, Æрæмбæрз æй бæстон дæ худæй. Гæмæх зондимæ нæй дæлдæр цæуæн Беслæн, Хуымæллæг æмæ Брутæй. *** Тарсти нæ хицау нæ хахуыргæнджытæй Æмæ сын сарæзта диссаджы цард. Растрæрдæ кусæг та йе ’взæр хæдзары Стонгæй, æфхæрдæй ныммард. *** Кæм ис сырх сæн, Кæннод коньяк, арахъхъ, Гъе уыМ Ципо Куыд хъуамæ лæууа сахъ. 99
*** Йæ гуыбын кæм вæййы æфсæст, Уый рахоны, оххай, йæ бæстæ. Фæлæ дзы нæ банкъары тавс... Фæкæны дзы арæх æргьæвсгæ. МÆ ЗОНГÆ П-йы НЫХÆСТÆ Хорз хъуыддæгты уаин тынг арæх æз разæй, 0, фæлæ куы фестон бирæтæн ызнаг... Мысдзысты мыл алцы, иу цыбырныхасæй... Хæйрæг нæ кæд ралгьыста, мыййаг. ÆРХЪУЫДЫДЖЫН ПОЭТ Схъомыл фауты, никуы фыста цардыл, Алыгьд-иу нæ поэзийы дугьтæй. Стæй ныффыста бирæ стихтæ ’хцатыл. Адæм ын сæ аскъæфтой йæ къухтæй. *** Ачъырхта Хъасе поэмæ, Фæлæ ничи сбыцæу йемæ. Без та фарон адавта хъыбыл, Ахæстоны ’рхауд бынмæ йæ был. *** Ам мын риссы, уым мын риссы, - Алы бон дзырдта Илас. Усы зæрдæ сæнкъуыст, амард. Лæг ма у ныр дæр æгас. 100
*** Ис ыстонгæн басæттæн (Ма мыл худæнт фендджынтæ). Цæйут æмæ н’ ахсæнтæн Ралыг кæнæм се ’рдджытæ. *** Сауджын, дам, Хуыцауы ’рвыст у ардæм. Хъуамæ хиза дзыллæты зынтæй. Гъе, фæлæ кæд загьта хицауадæн: «Бирæтæ цæмæн мæлынц сыдæй?» ИУ ФЫССÆГÆН Бæрнон бынæттæм арæх хуыдтой дæу. Бæрзæндты-иу фæцæйхастай дæ сæр. Фæлтау куысты куы нæ уыдаис цæу, Фæлæ фысгæ куы кодтаис хуыздæр. *** Гылц нал зоны кæсаг ахсын. Йæ къух æнгуырмæ нал тасы. Уæдæ Зитæ æнæ ’нгуырæй Рихи^жын лæг куыд рацахсы. Уæрæсейы æнæкæрон тыгьдады Кæнынц зæронд сылгоймæгтæ æрмæстдæр. Лæгтæн байсынц водкæ, стæй цъæх арахъхъ Цæрынхъуагæй сæ рæстæг. 101
*** Фæллад нæ зыдтой лектортæ кæддæр, Сæ дзырдтæ нæм тындзыдтой алы афон балцы. О, диссæгтæ, цы ныл æрцыди, цы? Нæ сæрты ’ппындæр зонды мур нæ бацыд. *** Кæуынмæ сдæсны стæм æгæр. Ныффæллайæм чырынтæ уæлмæрдтæм хæсгæйæ. О, афтæмæй нæхæдæг цæгьдæм мах Нæ кæрæдзийы сагьæстæм бырсгæйæ. *** Куы бахауынц тæссаг ранмæ страустæ, Фæцæвынц сæртæ ызмисы æваст. Чысыл нæй мах æхсæн дæр ахæмтæ. Куы сæ ауынын, рафыцы мæ маст. *** Уæдæ цы цард æрцыд, цы цард! Йæ хабæрттæ йын хъусын. Тебо ыссардта ахæм куыст ызнон, Цы ран нæ хъæудзæн кусын. *** Гоппи фæрасыг и, ныддæргь... Касти йæм мæстыйæ дзæргь: - Ныр æз та цы фæуон, и? Лами бакодта йæхи! 102
*** Чындзæхсæвы та Бусты-фырт Литрæй нуазы фæскъуымы, Сæры ма цæуæд, фæлæ дзы Йæ ахсæн та куыннæ скъуыны?! *** Иутæ ысхъауынц сæ дæндæгтæ, Минас та кодтой кæмдæр. Мæгуыр та азылди бырæттыл, Агуырдта дзулы къæбæр. *♦* Урс цъити ныл рацыди мæнгардæй... Агурæм нæ мæрдты ’хсæв дæр, бон дæр. Риссы зæрдæ, уыцы салд цъитийау Ис уæлæнгай ран нæ зонд дæр. *** Никуы сдæрдта цауд хицæуттæн Уый сæ чъизи рантæ. Уымæн не ’рттивынц йæ риуæй Ордентæ, майдантæ. Цæмæ ’рцыдыстæм, хæйрæг ныл кæд рахатт?! Æфсымæрæн дæр нал цæуæм æвдисæн. Æнцад-æнцойæ (уый нын нæу фыццаг хатт) Йæ кæрæтты фæцæйцæуæм фæдисæн. 103
*** Æвзæр дзыхæй æппындæр кувæн нæй, Цыма уа уымæй а зæххыл æвзæрдæр?! Дæ хъуыдытыл фæлтау æрцæуæд зæй, Фæлтау дæ дзыхыл стыр гуыдыртæ сæвæр. *** Нæ хъæуы агурын хуызæн лæджы. Тыхст заман дæм фæзындзæни йæхæдæг. Фæзындзæни дæм цауд лæг дæр æнæмæнг, Куы кæнай куывд, куы аргæвдат уæ уæныджы. *** Иры дзыхъхъы бирæ ис кæлæнтæ. Чи сæ скодта, ацу ’мæ йæ базон. Нал уарзæм кæрæдзийы цæмæндæр. Тынг тæрсын, куы ныл ыскæна саубон. Хæлиу æнгуылдзтæ суазал вæййынц тагьддæр, Ыстæй сæ цæф дæр афтæ тынг нæ риссы. Цæй æмæ сæ стымбыл кæнæм мах дæр, - Æнгомдзинадмæ ’лгьыст дæр арф нæ хизы. *** Куы рахызт авдæнæй Бæбæтт, Адзæхст кодта пенсимæ гьеуæд. Оххай-гье, йæ фыды фыд Гуыба Кусы заводы нырма. 104
Хъæуы Лексойы ахæм ус, Бæрзæймæ чи нæ схиздзæни. Йæ бæрзæйы цæххытæ ис, Æмæ иудадзыг рисдзæни. *** Цы ран нæ дæтты хицау дзуапп Йæ сау митæн, йæ куыстæн, Гъе уымæ сахсæнтимæ мах Рæхджы зындзыстæм. *** Чи уыд уый æнхъæл, Сопчакæн Искæд й’ адæм хицæуттæ ысуой Æмæ ауадзой сæхирдæм Бæстæйæн йæ сой. Амардта йе стихы автор, Лæмæгь æм куы фæкасти, уæд. , Куы кæниккам мах дæр гье афтæ, Уæд критикы нал хæрид мæт. *** Нæ гербы цæргæсыл дыккаг сæр Æрæвæрдта Ельцины ’взæр. (X афтæмæй уымæн йæхиуыл Нæ федтон æз иу хатт дæр сæр. 105
*** Æнæ цæстытæй рухсы тынтæн Æппындæр царды уæвæн нæй. Бæргæ, цытæ сæ уынæм, уыдон Æххæст куы кæниккам фæрнæй. *** Иу хъæуæй та фондз марды Рахастой. Кæуын. Поездтæ кæд райдайдзысты Уæлмæрдтæм цæуын? *** Халын æмæ давынæн У реформæ хорз ахъаз. Нæй гæнæн, фæллойгæнæг, Иучысыл ма бафæраз. НЫХАС ГÆРТАМИСДЖЫТИМÆ Гæртам исын тæссаг низ у, тæссаг. Уæ кæстæртыл куы бахæца, мыййаг... Æз федтон фын, цыма уæ ахстой Æмæ уæ ахæстонмæ ластой. М-йы ХЪАСТ Уæрæсейы нал у фæцæрын мæ бон, Ам иутæм ис цардæн йæ зæрин идон. Кæмæ нæй милуантæ, - æддæссон ысты. Нæ куырой ныр цасдæр сæ хъыгтæ ыссы. 106
*** Куы нæ фæхæцы иуыл иннæ, Куы вæййынц, куы, сæ кæрæдзийы хъуаг, Æндæр исчи æрхæцы гьеуæд Сæ дыууæйыл дæр фаг. *** Кæд разилы нæлгоймаджы сæр фаг? Карз арахъхъ куы бануазы, ыстæй Куы ауыны сылгоймаджы уæраг Юбкæйы бынæй. *** Хойрæгтæй ныххæлар кæнæм мах Мæрдтæн мæрдты бон сæ хай. Депутаттæн дæр фæзæгьæм «рухс». Нæй сæ, нæй, уæлдай. *** Уарзондзинад сысы алкæм, Бахауд кæд, мыййаг, кæлæны. Ус куы раласы йæ дарæс, Лæг та уæд йæ дзауматæ ыскæны. *** Бæстæ туаг адæмæй байдзаг. Адджынтæм кæнынц мæ цинтæ дугь. Уыдон дæр, мыййаг, куы стуаг уой, Уымæй сын тæрсын æдзух. 107
*** Диссæгтæ, кæддæр-иу махæй Лыгьд фыдгæнæг, адæмы æфхæрæг. Оххай, гьеныр та æмбæхсæм Мах гье уыдонæй нæхæдæг. ИЗÆРЫГОН САРАМÆ ХÆСТÆГ Фæндыд мæ ’мбæлтты къухтæ райсын, Фæлæ куыдæй? Фæуыдзынæн хъæстаг. Сæ иуæн уыд йæ къухы графин, Кæмæн та - булкъ, хъæдындз, лаваш, кæсаг. *** Æрлæууын кæны саби зæрдыл Гæрчъыздухæн, куы та - гæркъа. Гъе уый та ныййарджыты ысбæтты Сæ кæрæдзиуыл, бирæ мын цæра. ХИЦАУÆН ФÆЗМИНАГ Араст карк йæ цъиуты разæй, Хъахъхъæны сæ алцæмæй. Иунæг дæр дзы уый аххосæй Нал фæхъуыди ацы мæй. *** Зондджын лæг нæ комы хицауы бынатмæ, Тынгтæрсы, куы фæкæла, куы йыл фæхудой адæм. Худинаг кæмæ нæу иу мур дæр нымады, Хицæуттæн сæ фылдæр ахæмтæ сты, хатæм. 108
*** Бирæ ис йæ хæдзарæн Дуæрттæ хус тулдзы хъæдæй. О, фæлæ йæ зæрдæйæн Иунæг дуар дæр нæй. *** Кæд вæййынц дзыллæтæ æмхуызон? Цымæ сæ чи зоны кæронмæ? Кæмæн йæ къухæй разыны дамбаца, Кæмæн та ис йæ зонды бомбæ. Æрмæстдæр ахæм уавæр махмæ и: Фæцъæх и зæрдæ сау дзул æмæ цайæ. Нæ милицæ, нæ «судьятæ» ’мæ къæрныхтæ Цæрынц кæрæдзийы цæрайæ. *** Рауаид æваст, æнæмæнг.Ъустæй альпинист. Уæд куыдæй? Æнхъæлмæ кæсынц хъустæ. Сæвæр-ма йын хохы цъуппыл водкæйы ’вгтæ дæс, Стæй «закъускæ»: нурытæ, къабуска... *** Цыбырзонд удтæ знæгты хъуаг Нæ вæййынц, нæ, мæ хуртæ. Сæхицæн уыдон саразынц Сæхицæй сау цъаммар фыдгултæ. 109
*** Нæ уадзы, нæ, йæхиуыл уый Къæм абадын æппындæр: Къæм у йæхæдæг дæр, æмæ Ыскъæм уыдзæнис тынгдæр. *** Цауд хицауы бынаты Фенæм ноджы цауддæры. Уымæн бабын паддзахад, Уд нæм бирæ нал цæры. *** Адджын ысты адæмæн Намыс æмæ цыт. О, фæлæ сын бахæрæн Нæй æмæ нæ уыд. У нын хъыг æнæуынон, Бафтауы ныл мæт. Фæлæ уый куы нæ уаид, Цин нæ хатиккам гьеуæд. *** Нæ хуыздæртæн кæд ыскæнæм Иры зæххыл æнусон кад, куыдæй? Куы бафæллайынц дард бæстæты адæм Гъе уыдонæн хъæбыстæ кæнынæй. 110
Ахæм зыдыка нæма уыд зæххыл! Фехъуыстон, ласынц йæ доллæртæ тоннæ. Дысон та фесæфт йæ хуыссæг бынтон - Оххай, фæнымадта йе ’хцатæ бонмæ. ОЛИГАРХ ЦЫ ЗАГЪТА ПЕНСИИСÆГÆН Цытæ мæ домыс? Худы дыл мæ зæрдæ. Нæуæг дарæсыл ауигь къух, Дудар. Цы дарæс сæппæрстай кæддæр уæ цармæ, Æрис сæ æмæ уыдон дар. *** Куы дзы фæразæй вæййы исчи искуы, Вæййы йын уæд цæмæндæр зын. Фæлæ кæй разæй февзæры йæхæдæг, Гъе уыдонмæ та ’рцæуы ’васт кæуын. *** Алчи фæбæллы, куы уаид йæ бæстæ Алы хæзнатæй хъæздыг. Уæууа, рæдийы, ис махмæ æппæтдæр, Афтæмæй дзаг нæу нæ фынг. *** Кæрæдзийы куыд хъыгдарæм, æвæдза! Ызнæгтыл ма сыкъатæ вæййы, цы? О, афтæмæй фæзæгьæм: «Стæм ирæттæ». Цæсгом ныртæккæ алцыдæр хъæцы. 111
*** Кæуын æрмæст хъыгтæ æвдисæн нæу, Фæлæ ма уый у ирвæзынгæнæг дæр. Куы нæ зониккой сабитæ кæуын, Кæниккой цагьды бон дæр æмæ ’хсæв дæр. Сыхагæн хорз зæгьæд дæ зæрдæ, Хъæуккаджы бахудтмæ дæр бæлл. Кæд сын дæ цæст нæ уарзы уыдон, Гъеуæд фынддæс хатты ныммæл! ИУАХУЫРГОНДÆН Сæрыстыр у фынæйæ дæр йæхицæй, Амранимæ байста цыма зынг. Йæ кæстæрты дæр фесгуыхын нæ уадзы, Кæннод æй цæсты бафтаудзысты тынг. *** 0, цас ызнæгты басастам, æвæдза! Нæ сæ фæуиккам, нæ, нымад дæр. Фæлæ йæхиуыл сабийæ гьенырмæ Нæ фæуæлахиз иунæг адæймаг дæр. *** Зарынц а бæстæйыл иутæ Куы фынæйæ, куы цъындæй. О, фæлæ сæ репертуары Иу хъарæг дæр нæй. 112
Чи-иу фæныхылдта къазнайы ’хцатæм, Ууыл-иу Петр ыскодта бæхбадт. Путинæн, уæууа, мырхой олигархтæ Иу афæдзмæ дæр нæ фæуиккой над. *** Конд куы фæуой дзыллæтæ æппæт дæр, Аразын куы ницуал хъæуа ’ппындæр, Разындзæни цардæн уæд йæ кæрон... Цин кæнæм фæлтау æмбисыл тынгдæр. *** Сараз адæмæн галуантæ, Науæд та хуыдон, кæркдон, - Уыциу цæстæй дæм кæсдзысты... Ницуал зæгьын, цæй, цæуон. *** Кæны хъæбыстæ критикæн, Йæ цинтæй рауади цъына. Тæрсгæ кæны, йæ чиныг ын Куы ныддыгьуытт кæна. Кодта ус йæ лæгæй хицæн, Фæлæ лæг кæм разы кодта, кæм? Æмæ ус дæр уæд, мæгуырæг, Иу бон Зфардæг мæрдтæм. 113
Кæддæрты-иу нæ фæндæгтæ цыдысты Нæ дæрддзæф хъæутæй горæттæм, Цæуынц ныр та фæссихæрттæй изæрмæ Нæ уæлмæрдтæм. *** Ахæм сауджын у мæ цæсты кадджын, Мæгуыртыл кæмæн риссы йæ сæр, Чи бадзурид президентмæ афтæ: «Адæмæй цæмæн хæрут фылдæр?!» *** Радзырдта Малахов телеуынынадæй: Алчи уæ кæрдæджытæ хæрæд. Хъуццытæ йæм балæбурдтой фыны: Мах та, дам, цы фæуыдзыстæм уæд?! *** Арфæйæн æмбал нæ уыди раджы. Пайда ысхицау, нал у ныр фæрссаг. Тæрсын, мæрдты бæстæм дæр исчи Пайда ’нхъæлæй куы фæраст уа, мыййаг. *** Нæ Къостайыл иу критик бакалы фаджыстæ, Стæй ма Арсеныл, Дæбейыл... Уæууæй!.. Уæууа, ныгъуылдæй куыд цæрдзыстут а зæххыл? Нæ хуыздæрты сæрыл ысдзурæг куы нæй. 114
*** Тæрсын, нæ Ирыстон куы байдзаг уа Зæвæтсдæрджытæй, мыййаг. Æмæ мæ зæвæттæм дæр иу афон Куы ссарой исчитæ фæндаг. ИУ ПОЭТЫ КАТАЙ Аллейы фæзуат æрцыбыртæ. Баддзысты хъуыры мæ фæндтæ. Тагьддæр куы амæлин, науæд дзы Нал уыдзæн мæрдтæн бынæттæ... Зонд цы у, уый чи нæ зоны ’ппындæр, - Рахоны ыстыр зондджын йæхи. Сразы вæййæм йемæ мах æнцонæй. Айфыццаг та стыр хицау ысси. ГЬЕ УЫЙ ДЫН «СВОБОДА СЛОВА»... Радзырдта Габо æрæджы митинджы: «Нæу мæ мызд цæрынæн фаг». Дыккаг бон ын загьта тагьд-тагьд директор: «Ис дын, ис, уæ хæдзармæ фæндаг». ИУ ГАЗЕТЫ КОЛЛЕКТИВÆН Арæх фыссынц, арæх, иудзинад, дам, хорз у. Амондджын, дам, уый у, уымæй хай кæй фæци. Раст у, раЪт, сæ хъуыды, иудзинадмæ сидынц, Афтæмæй сæхæдæг не ’мбарынц кæрæдзи. 115
Чи фæкæны фæскъуымты фыдгой, Уый дæр хонынц чидæртæ «фæллой». Уый бæсты æргомæй зæгь дæ дзырд, - Арвмæ искæд сæххæсдзæн дæ цырт. ХОСТОЙ СÆ РИУТÆ «Алан дæн æз!» - ысдзырдта Буст, ыстæй Гæбисдæр... Уыдысты расыг. Загьтон сын æз афтæ: «Нæ хоста, нæ, хъайтар алан йæхи риу, Фæлæ-иу знæгты риутæ цавта. Алы бон йæ сæр сдауы, Ахæм, дам, нæй иуыл дæр нæ сыхæй. Афтæмæй нæ зоны ’ппындæр, Зонд цæмæн хъæуы, цæй тыххæй... *** Нæ бакуымдта Хыррытбегæн Дадинæ. «Нæ мæ хъæуыс!» — ныхъхъæр кодта йæ разы. Æмæ йæм усгур барвыста уæд уый дæр Йæ «мерседес»-ы... Æмæ сразы. *** Вæййынц сæ фылдæр хицæуттæн Фыдгуырдтæ, рогсæртæ, уæууæй. Хуыздæр нæ вæййынц уыдон дæр, Хъæлæс сыл чи скæны цъындæй. 116
ЕРЫСТЫ РÆСТÆГ Уырыссаг загьта: «Чи фæуа мæ разæй, Кæндзынæн уымæн арфæтæ æдзух». Ирон та загьта: «Чи фæуа мæ разæй, Ныккæндзынæн æз уыцы гуырды хурх». *** Йæ диссертаци бахъахъхъæдта ’нтыстджынæй, Куыд калын хъæуы хуыздæр лæгтыл фаджыс. Æркалди йыл парахатæй æхцаты зæй, Ысхызти уайтагьд айнæгмæ йæ намыс. *** Бюджеты ’хцатыл фæхыл ысты хицæуттæ, Адæм куы кодтой фынæй. Уыцы ыстыр «тохы» иуæн йæ цонг асаст, Иннæуыл галиу цæст нæй. Ницы уыдта йе стыр фындзæй дарддæр, О, уæддæр нæ риссын кодта сæр. Чи уыдта дæс метрмæ мæлдзыджы, Цард æдзухдæр уыдонæй хуыздæр. *** Цас фылдæр мах базонæм нæ царды, Уыйбæрц нæм кæуын æрцæуы тынгдæр. Уымæн æмæ ацы стыр дунейы Ницы зонæм, ницы, ’ппындæр. 117
*** Ирон адæмæй ард хæриккой Зæххыл цæрджытæ хистæрæй кæстæрмæ. Цæуиккам иннæтæн сæ разæй, Фæлæ хæцæм кæрæдзиуыл фæстæмæ. *** Кæдмæ хъахъхъæнон ме стихтæ, кæдмæ, Нæ мырхой поэт Æ-йæ. Тæхуды, ацæр а зæххыл дзæбæх Дæс минуты фынæйæ. *** Æз цауд лæгыл куы амбæлын, уæд мæм Мæлын æрцæуы, ауынын мæ зындон. Кæй уæ фæнды, цæмæй мæ цард уа даргь, - Ысхорз кæнæнт сæхи гье уыдон. *** Йе стихтæ йын æз фæкæсын Пецы тæккæ цур æрмæстдæр. Кæннодæ ысуазал вæййын, Халас сæвæрынц мæ фæрстæ. *** Æфсарм у хорз, фæлæ æфсæрмæй Чысыл адæм нæ бацыди мæрдтæм. Кæд дæ нæй ныфс дæ хъару ’мæ дæ сæрæй, Гъеуæд кæдæм цæуыс, кæдæм? 118
*** Нæ хицау ныл йæ хъарм донæй æруагьта, Йæ хъæрзын дæр цыди... Æнхъæл уыдыстæм, уый къæвда у, Ыстæй ысбæрæг... Афтæ нын хъуыди. *** Лæппу ’мæ чызг рæсугьд куы уой, Сæ хъысмæт сын куы сиу кæна сæ хуыссæн... Цæмæн сын кæнын абон æз сæ кой? Сæ цот æдзух нæ уыдзысты сæ хуызæн. Бафтыдтой ныл сау налогтæ ризæг. Алухынц нæ пенситæй дзæвгар. Баззади ма иунæг уæлдæф, иунæг, Сулæфæм ма ’рмæстдæр уый лæвар. *** Цасфæнды дæм уæд хъару æмæ æхсар, Гъе фæлæ дæм ныфс куы нæ уа фаг, - Не ссардзынæ амондмæ фæндаг. Цауд лæг дæр дын бакъуырдзæн дæ ных. Минасæй-иу цух уыдзæн дæ дзых. ÆДЗÆСТУАРЗОН АДÆЙМАГМÆ КÆСГÆЙÆ Цæстæй куы нæ уа рæвдз, æххæст, Ыстыхсы химидæг хæрзаг. Йæ кæсæнцæстытæ йæ кæд Фæхъыгдарынц, мыййаг. 119
*** Быцæу кæм нæ кæны парахат, Гъе уым æппындæр цард нæ рæзы. Æмæ гьеуæд быцæу кæнынмæ Цæмæн кæнæм æдзух æрæджы? *** Дæхи зæрдæ дыл мин хаттæй фылдæр Фæхудæд, сæры зонд куыд дуда. Цæйнæфæлтау дыл искæйы зæрдæ Æрмæстдæр иунæг хатт фæхуда. Чи нын фехæлдта нæ цард? - Чи нæ уæнды раст удтæм кæсын. - Чи нæ базыдта зæххыл, Арæзтад цы у, цы джын. *** Не ’рдзон газ куы саразы бæллæхтæ, Стынг вæййы быцæу. Телевизор цас адæм ныццагьта, Уый нымады нæу. *** Рæсугьдтæ тынг бузныг ысты Фыдуындтæй, атындзынц сæ рæзты. Куы нæ уаиккой уыдон, уæд Нæ зониккам, рæсугьд кæй ысты. 120
*** А дунейыл чи цы зоны, Уый æххæст кæнæд, Æмæ дзыллæтæн сæ зонды Баззайа йæ фæд. *** Дзиф йæ къæхтæ асæрфы йæ лæгыл, Уымæй ма цы уа бæллæхдæр! Бацин кæны лæг уæддæр - йæ усæн Сты гыццыл йæ къæхтæ. *** Зæвæттæсдæрджытæ фæлæууынц Æдзухдæр хицæуттæм хæстæг. Цъындатæ ласынмæ дæсны сты, Зæвæттæ сдæрынмæ - цæрдæг. У хинæйдзаг Еналдыхъо, Чысыл ын нæй ызнæгтæ. Йæ куывдмæ та æрбахуыдта, Кæуыл нæ уыд дæндæгтæ. *** Иутæ сафынц карз низтæ æрвылбон. Нæу сæ зонд фæлдæхт, æмтъеры. Иннæтæ та низхæссæг микробтæн Авæрынц сæ «оргæнтæ» фатеры. 121
Чи бацæуы зианджынтæм Урс кæнæ сырх дарæсы, Уыдонæн сæ цæстытæй Ставд цæссыг нæ ралæсы. *** Зарæггæнджытæ ысбирæ сты махмæ дæр. Зарынц æрыгæттæ, зары зæронд дæр. Хъуыддаг ис уый мидæг, æмæ æххормагæй Зарын у бирæ æнцондæр. *** Мидбылхудт фæлмæн у тынг, Ног бæмбæгау раст, Фæлæ æрфгуыты æлхынцъ Райхалы æваст. Бафæрсынц адæм: кæд райдайдзæн Хорз кусын милицæ, кæд? Милицæ хорз кусын райдайдзæн, Къæрныхтæ ку’ амæлой, уæд. *** Цы ис хуыздæр рæстдзинадæй дунейыл! Рæстдзинадæн нæ хуыссы, нæ, йæ зынг. Рæстдзинад тавгæ кæны адæмæн сæ иуты, Ыскалы иннæтæн сæ рыг. 122
♦ ** Тайга куы сыгьди, кодта Ельцин цин, Зюганов, дам, мæ нал сауындздзæн, нал. Кæцæй, дам, ма æрбаласдзæн хъæдтæ? Мæ цин, дам, зæрдæйы ысмал. *** Хистæртæ сæ кæстæртæн Размæ амонынц фæндаг, Уый та мыггаджы хуыздæртæн У фыдгæнæг, у ызнаг. *** Къухдарæнтæй, хъусцæгтæй, бриллианттæй Тынг ивтонг у, нæй йын, нæй, æвзæр лæг. Мах фæвæййæм дидитæм кæсыныл, - Фесæфы нæ цæстыты йæхæдæг. *** Нæ цæрæгойтæ æмæ мæргьтæн Сты æнæниздæр сæ цæуæт. Ныййарджытæй ма сæм исчи Фенынмæ æрцæуæд. *** Фесты дыууæ дихы адæм, Хицау куы амарди, уæд. Хъуысти йæ хъарæг Нуцайæн, Зарыди фалдæр Дзымæт. 123
*** Чи сахуыр лæгьстæ кæныныл, Курæггæгтæй чи сарæзта уаргь, Уый нæ вæййы, нæ, зын тасæн, Авæрынц ыл сау фыдгултæ саргь. *** Ныммыхуыр кодта стихтæ бирæ, Йæ зарджытæ дæр азæлынц, уæдæ. Æрмæст гье уыдонæн сæ фылдæр Йæхи фыст не сты, нæ. *** Зонын хъæуы алцыдæр йæ рæстæгыл, Уæвгæ махмæ хорз вæййы æбæрæгдæр. Дзыллæты ’хсæн чи базоны генийы, Уый вæййы стыр гени йæхæдæг дæр. *** Нæ кадджын уæлмæрд «аллеймæ» Лæууынц сæ рады бирæтæ. Æз фехъуыстон, мæйдар æхсæв Фæфылдæр вæййынц ингæнтæ. *** Цард нæм сыздæхта йæ чъылдым. Уæд фæлтау мæгуыр нæ бæстæ. Уаид нæм къæрныхтæ къаддæр, Æмæ ’ххормаг нал уаид нæ хъæстæ. 124
*** Дыууæ хатты йæ ратардтой йæ куыстæй, Ныууæй кодта дæс фатерæй фылдæр. Фæдзæхсы ныр: куы амæлон, гьеуæд-иу Цытджын аллейы бавæрут мæн дæр. ♦** Нæ тæрхондæттæм нал цæуæм æвдисæнтæй, Тæппуд адæмæй не стæм мах дæр хъуаг. Цы ма хъæуы хуыздæр лæвар нæ къæрныхты? Сæхи мидæг фæцин кæнынц хæрзаг. *** Фæдзурынц арæх иутæ бирæ, Хуымæтæджы нæ ракодтон сæ кой, Цæмæй сæм мачи дзура, мачи, Æмæ æнæмæтæй цæрой. *** Уыди профессор, доктор дæр ма фестад. Фæрсыс: «Кæм фесгуыхт тынгдæр?» Гъе уыцы ном ын радтой уымæн, Кæй ницы зоны ’ппындæр. *** Капиталисттæн нал у хорз сæ хъуыддаг, Китай ныссагьд фыдызнагæн йæ хурхы. Дзырд уын дæттын, рæхджы уыдзæни Нæ дуне коммунистты къухы. 125
*** Алцыдæр ивы нæ дунейы сконды, Чи амард, уыдон та ардæм зындзысты. Чи хæссы абон лæппуйы ном, уыдон Уыцы заманы чызджытæ уыдзысты. Нæй æхцатæй сауæмбыддæр, Хорз лæг сæ нæ райдзæн. Афтæмæй сæ кувæндæтты Мах мысайнæгтæн ныууадзæм. *** Кæс чингуытæ æвæллайгæ, Уый хорз у, хорз. Дзырд дын дæттын, дæ цардæн дзы Ыссардзынæ ды хос. *** Зæрдæйæ зæрдæмæ нæ хъæуы Фæндагæн асфальт кæнæ змис. Нæ арæм гье уæддæр кæрæдзи. Ныхъхъæр кæнон хъуамæ фæдис. *** Дуканиты балхæнынмæ Нал ис белтæ. Уæд цæмæн? Бонджынтæ ныгæнынц се ’хца. Семæ ничи фендзæн мæн. 126
*** Галстук нал балхæдта Швили знон. Ссардта сæрмæ иу хъуыды фæндаг: Саакашвили, дам, æй насджыны æфсон Ку’ ахæра, мыййаг. *** Нымады дæр нал у сексы цуры куыст. Ам дæр тагьд æрцагурдзысты мызд. Хистæр, о, дæ халас сæр ысриссæд! Кæстæртæ дæ ралгьитдзысты искæд. ИУХИЦАУÆН Фенад кодта адæмæн йæхи. Асырдтой йæ, сау хур æм æркаст! Диссаг, диссаг, сивтой йæ уæлдæр, Æмæ исы адæмæй йæ маст. *** Фæнды Гæбæтты, мыггаджы цæмæй Гъе уымæй хуыздæр ма уа. Бынсæфт фæуид сæ хъæстæ уæд, уæууæй! Ысласæд сæм фæлтау йæ хъама. *** Куы свæййы «ничи» иу рæстæджы «исчи», Цыдæр чысыл рухс райсын цардæй. Фæлæ куы свæййы «исчи» искæд «ничи», - Фæкæсын фидæнмæ æнкъардæй. 127
*** Дæхи гуыпп кæнын сахуыр кодтай ды, Цыма дæ раст уæ фыркъа. Цы дын æй сусæг кæнон, цы: Мæныл сæтдзæн дæ сыкъа. МÆ ЗОНГÆЙÆН Æз федтон уынджы иу гыццыл бæлас, Нæ уыди иу хатт дæр æхсæст. Мæ зæрдыл мын æрлæууын кодта дæу. Æнхъæлдæн, нал у хорз дæ лæст. ♦ ** Нæ цæуы пенсимæ. Куы амæла, Гъеуæд æй чи ныгæндзæн, чи? Йæ кæстæртæ æгуыст сты, æдых сты. Ингæн къахын сæ бахъæудзæн къуыри. *** Гылц нын нæу хъæздыг, æгайтма, Цин кæны ныр цасдæр. Хорздзинæдтæм чи нæуал фæбæллы, Амæлы уый раздæр. *** Ельцинæн уыдис советниктæ дыууиссæдз, Сталинæн та - иу дæр нæ. Уымæн æмæ уый зыдта æппæт дæр. Никæй фарста: уый та циу цымæ? 128
УЫДИС АХÆМ ХИЦАУ Йæ куыстæн ницы ’мбæрста ’ппындæр, Уæддæр ын радтой преми, стæй майдан. Цæй тыххæй уæд? Æвæццæгæн, йæ цуры Кæй уыди алыбон цайдан. *** Адæм куы базоной, чи суыдзæн хицау, Ахсын æй хъæудзæн, уыдзæн уый нæ мæт. Науæд куы райдайа архайын, кусын, Нал нын бакомдзæни ахсын гьеуæд. Цæстхъуаг дæн кæд, - чиновниктæн æппындæр Æз нал уынын сæ къухтæ гомæй. Мæ зонд мæм дзуры: «Кæс Уæрæсейы дзыппытæм, Вæййынц гье уым æхсæвæй-бонæй. *** Афтæ у æрмæстдæр махмæ, Иры: Хорз куыстыл куы фæхæст уай, уæд дæ Уырдыгæй нæ арвитдзæни ничи, Цалынмæ нæ амæлай, уæдмæ. *** Йæ хъæнтæ сбирæ сты æгæр, Нæ сæ уыны, нæ сæ хаты. 5 Закаэ N8 1485 129
О, афтæмæй нæма ис, нæ, нырмæ Нæ куырмыты æхсæнады. *** Ысхойынц размæ рæстæджы æрвылбон Æрыгон удтæ фæндæгтыл æнцонæй. Зæрæдтæ та йыл ихсыд къухтæй Хæцынц фæстæмæ ’хсæвæй-бонæй. Адæймаг йæхимæ Бацæуы рæбындæр, Ехх, куынуал фæхъæуы Искæйты æппындæр. *** Хъуагдзинад кæмæ нæй, Чи не ’нкъары мæт, Мард у уый, цæугæ мард, Æмæ рухсаг уæд! *** Бабын кæны æвзаг арæх Бирæты рæстæй. Комарынг йæ ахæстон у, Рухсы цъыртт дзы нæй. 130
*** Райгуырæн бæстæ у адджын, Уый у дæ хæдзар, дæ кæрт. Нæй кæд дæ зонды рæбынæй, Уый у æндæр цыдæр уæд. *** Кæддæр æмпъызтытæ дарæсы Цыдыстæм мах æмпъызтытæ фæндагыл. Ныр та æмпъузæнтæ æвæрæм Фыдæлты ’фсарм æмæ æгьдауыл. Нæу уарзондзинад Терчы дон, Фæстауæрц æй хъæуы. Ыслæууыд ус йæ былгæрон, Йæхинымæр кæуы. *** Хъусынц адæм бонæн диссаг, бонæн, Хатт мыл бафтауынц æрхæндæг. Ныронг ахстой мьютыты гæдытæ, Ахсынц сæ ныр мыстытæ сæхæдæг. *** Куыннæ сты хорз бæрæгбæттæ, куывдтæ дæр... Хæрд æмæ нозт - дæ цин, дæ мæт. Вæййы бæрæгбæттæ мæнæн дæр, Арахъхъ, коньяк куы нæ бануазын, уæд. 131
*** Ногусджынты куывд йæхимæ Ничи исы зæдтæй. Науæд-иу æризæр уаид Сихорафон гьæйттæй. *** Нæ Уæрæсе махæн - домбайы ’нгæс, Йæ сæр æмæ бæрзæй - хъуынджын. Йæ иннæ хай адастой бонджынтæ. Гъе уымæ кæсын мын у зын. *** Хъару æмæ тæргайгæнаг сылгоймаг Æнгæстæ сты, æнгæстæ. Хъару дæр хатгай алидзы кæдæмдæр, Ыстæй фæстагмæ фесæфы йæ хъæстæ. УЫЦИ-УЫЦИ - Кæрæдзимæ уырыссагау Цы адæм дзурынц? Кæм? - Мæнæ нæхи Ирыстоны. Нæхи дзырддаг кæнæм. Ирон лæг размæ тагьд тындзид, фæлæ нын Мæсты у, ноджы у æнæхуд. Йæ иу къахыл хæцы хæлæг фæстæмæ, Йæ иннæ къахыл та - зæрдæхудт. 132
*** Не стæм хызт æнæныфс журналисттæй, Стгæ бæргæ скæнынц сæударæй... Ставд хицæуттæм загьд фæкæнынц фыны, Иннæтæм та - хъалæй. Лæгтыл, устытыл æхсæвыгæтты Сирвæзы сæ уарзты стыр арт хъуызгæ, Фæлæ артхуыссынгæнджытæм Никуы адзурынц æххуысмæ. *** Уарзондзинад нæу æрмæст хъæбыстæн Æмæ ноджы судзаг пъатæн. Уым хъæуы фæллой кæнын дæр гьæйттæй, Уæд уыдзæн фыцинаг артæн. *** Æвзаджы тых кæуылты у, кæуылты! Куы йын базонай разамынд дæттын, Уæд дæ йæ фæдыл амондмæ фæхондзæн, Кæнæ дыл бафтаудзæни рын. *** Цæмæй фыдгулы былтыл Сæмбæла дæ сонт цæф, Уый размæ дæ ныфсы Хохы цъупмæ сæргьæв. 133
Усгуртæ-иу раджы заман кастысты Чызджытæн сæ цæсгæмттæм, сæ пух былтæм. Оххай, гьеныр та ныццæвынц цæстытæ Уæрджытæ’мæ къуыбыртæм. Лæг нозтджынæй ыстæвд вæййы æгæр, Йæ зæрдæ йæм фæдзуры: азар! азар! Йæ хъуыддæгтæ та июлы мæй дæр Ысвæййынц ихы къæрттау уазал. *** Тæхуды, тæхуды, нæ хицæуттæй исчи Куы фæтæргай уаид французаг де Голлау. Æмæ нын йæ куыстæй куы ’рцæуид сæхимæ, Фырцинæй йæ цæссыг куы фемæхсид донау. Хи гуыбын-иу айрох кæн, Адæймаджы уарз, Æмæ алы минасæй Ма уа цух дæ раз. *** Бæрæгбæттæм ис бирæ фарн, Кæниккой удты иу, Куы нæ нæ кæнид карз арахъхъ Æппынæдзух хæлиу. 134
*** Фыдзæрдæтæ ысбирæ сты, Уæрæсе сæ дзыназы. Ис мах æхсæн дæр ахæмтæ, Лæууы сæ иу мæ разы. *** Зондджын адæймаджы къухты Акалдзæн цæхæртæ дон. Уæдæ ГЭС цы у, зæгьут-ма, Чи саразы ’хсæвæй бон?! *** Бирæтæ фæцæуынц адæмæн сæ разæй, Уый дæр хорз у, циндзинад æрхæссы. Гъе фæлæ фæтæджы ном хæссынæн Алы раздзæуæг нæ бæззы. *** Цот цыппарæй ахæстоны сты, Хъомылад уыди ныллæг, уæдæ... Аив ма уæд бафæрсын, фæлæ... Фыд йе мад цæмæн ысты æддæ? Дзыллæты цард чи кæны Иудадзыг цыбырдæр, Ахæм адæмæн нæй хостæ Афтеччы æппындæр. 135
*** Цæмæй бæлвырддæр зонай, чи сты Дæ ног зонгæ хæлæрттæ, Уæд зивæг ма кæн, ацу, фен сын Сæ хистæрты уæлмæрдтæ. *** Хæрзхъæд продукттæ сты зынаргь, Мæгуыртæ ’лхæнынц цауд хæлцтæ асламтæй. Æмæ сæ цард кæны цыбыр. Мæлынц. Зынынц ма нæм сæ къамтæй. *** Хордтой адæм ард кæддæрты. Нал хæрынц ныр ард. Уый хыгьд къæмс кæнæм кæрæдзи, Æмæ акъул вæййы цард. *** Фылдæр-иу уаид хъуыстгонд адæм махмæ, Фæлæ тæрсгæ кæнынц куыддæр - Куы сæм кæсой хæлæджы цæстæй алкæм, Цъыф сыл куы фæкалой æгæр. *** Иутæн ис сæ исбон сæрты, Иннæтæн та - сейфты. Сейфты чи ис, кусæг лæгмæ Уымæй мур дæр не ’фты. 136
*** Цуан кæнæм нæ сырдтыл арæх. Зонæм, циу, цы у мысан. Гъе æрмæст нæ хъуагдзинæдтыл Ничи кæны цуан. *** Зонд бæрзонд у, ууыл у нæ ныхас, Ницы у Памиры хох дæр уый раз. Суанг ма цауд, бынтон цауд лæджы зонд дæр Эльбрусы хохæй у бæрзонддæр. *** Цардæн аргь нæ кæнæм фаг, Рох дæр æй фæкæнæм, рох. Стæй куы фæрынчын вæййæм, Фесты уæд нæ цæсты хох. *** Кремлы кæнынц ыстыр аргь Къинто-олигархтæн. Афтæмæй нæ царды хæрзтæ Уыдон мырхынц махæн. *** Æвæдза, ныр куы ничиуал мæлид. Куы нал кæниккой мæрдджын адæм къордтæ, Кæм ма кæнид иу иннæмæн хъæбыс, Кæм ма дзуриккой адæм анекдоттæ. 137
**♦ Ныссадз дæ рудзгуыты бын уарди, Дæ зивæджы нын макуы уæд мæлæт. Куы ’рцæуа хъæумæ науæд уалдзæг, Цæмæй йæ базондзынæ уæд. *** Цот ысхастой тынг хорз, Хъæу сæ ард дæр хордтой. Стæй сæ наркомантæ, Ехх, сæхи ’рдыгæй фæкодтой. Чи бахордта йе ’ууæнк, Чи бавзæрста мæт, Уый йæ куыдзы йемæ Арæхдæр кæнæд. *** Азтæй зæронд у æвзæр, Бон дæр æмæ ’хсæв дæр. Зондæй зæронд та вæййы Ноджыдæр æвзæрдæр. *** Амонынц нын иутæ раз, Иннæтæ та - фæс. Афтæмæй куыд ис хуызæн Сæххæст кæнæн хæс? 138
*** Ды, хæлæгдзинад, дæ къухтæм Райсыс арæх, сау хъама. Айсдæхи Ирыстонæй, Сагьæстæ ныл ма уара. *♦* Нæ адæм хъуамæ уой сæрыстыр, Кæй ысты адæймæгтæ, уымæй. Кæннодæ гогызты куывды дæр Æрбадæн ис рæбынæй. *** Нæй æвзæр бæстæ дунейыл, Фæлæ ’взæр хицæуттæ ис. Ехх, куыд ныл рацæуынц хинæй, Ууыл кæнын дис. ФÆДЗÆХСТ Куыд хорз уаид, куы-иу кæнис Нæ мæгуыртæн æххуыс. Гъеуæд нæ Дунескæнæгæй Нæ цух кæнид дæ хуыз. *** Бирæ чидæртæ ирæттæй Ницæмæ дарынц Хуыцауы, Æмæ ныл судзаг бæллæхтæ Арæх кæд уымæн æрхауы. 139
*** Нæу нæ зонд хъæбæр, тæнгьæд у, Фæлæ цас фарстатæ ’ркæрды! Суанг ма ’фсæйнаг дæр минутмæ Уый дыууæ дихы фæкæны. *** Сæвзæрди Уæрæсейы Ахæм цардыуаг: Иу нæм у æгæр æфсæст, Иннæ - алцы хъуаг. ФЫДЗОНД Цауддæр удтæм худы, Хуыздæрты æфхæры, Цард уæддæр нæ цуды, Цард уæддæр нæ хæлы. *** Арахъхъ æнцъухгæ сабитæ куы фенынц Сæ хистæрты куывды, чындзхасты кæнæ хисты, Хæрзаг фæзæгьынц: «Баззайæм гыццылтæй, Цæйнæфæлтау ысхуыссæм цъыфы йе та змисты». *** Æфсарм, æвæдза, диссаг у, Йæ хуыз ыскалы рухсмæ. Йæ уд та сисы талынджы. Цæрæн ын нæй æнусмæ. 140
*** Куынæуал вæййы адæммæ Ныфсы цæхæртæ фаг, Ысвæййынц гьеуæд коммæгæс, Ысвæййынц уæд быхсаг. *** Поэттæ не сты иухуызон - Сæ иутæ ’ппарынц цардæй къæртт, Ыслæгтæ вæййынц иннæтæ, Куы амæлынц, гьеуæд. *** Арæх бадти мигь зæххыл, Нал нæм бады ныр йæ фаг. Кæд нæ адæмы сæртæм Бахызти, мыййаг. *** Дунейæн «хæрзбон» зæгьын Зын куыннæ у, зын. О, фæлæ йæ искæд бон Бахъæудзæн зæгьын. *** Поэттæй бирæты сæ рифмæтæ Нæ уадзынц а зæххыл мæлын. Тæрсын, тæрсын нæ поэзи Куы бауа искæд бон хæрзбын. 141
*** Карз нозт адæмæн у се знаг, У æнæхатыр, æвæдза! Раздæр бакъæй кæны ахсæн, Уый фæстæ та - хæдзар. *** Сты йæ ныхæстæ фæлмæн Узбекты бæмбæгау. О, фæлæ дæ хибар ран Амардзæн æнæвгьау. ♦ ** Чи бауадзы бирæ удты маст, Уый дæр у фыдгæнæг, халы цард. Хъуамæ уа йæ дзых æдзухдæр баст, Уæд уыдзæни сыхбæстæ æнцад. ♦ ** Ахæм уд нæма царди зæххыл, Æмæ уа бынтон æргом, бынтон. Дзуриккам нæ сусæгтæ, фæлæ Цард куы феста арвистон, зындон. Æрдзон зынтæн хъæуы æдзух быхсын, Нæхи тыхмитæн махмæ нæй бынат рæбынæй. Быхсын æгæр тынг сахуыр ыстæм мах. Тæрсын, быхсинаг нæм куы ницуал уа, гье уымæй. 142
*** Адæймаг йæ хъæбысы Рахæссы йæ гуыбын. Афтæмæй йæ тынг арæх Бакæны бынты бын. *** Ирон газет «Рæстдзинад»-ы Хъапи фæкасти иу очерк къуыри. О, диссаг, диссаг, афтæмæй Ирон хоны йæхи. *** Нæ бæллæхтæн сæ рахæцæн Ис рагæй дæр нæ хæлæджы. О, исчи ма йын ацы аз Ныффæлдисæд йæ хæрæджы. *** Бирæ сæм ис дидинджытæ, Гъе, фæлæ сыл никуы ’ркодта дон. Афтæмæй, дам, усгур уыди Санибайы знон. *** Куыд зын у, куыд, йæ зæгьын дæр, æвæдза! Мæрдты бæстæмæ чи ныццыди, чи, Гъе уыдонæн сæ 25 проценты Уыдысты расыг, не ’мбæрстой сæхи. 143
♦ ** Стыр хæдзæрттæ... Алкæй цур дæр сара. Хъæуынц куывдтæ, хæрнæгтæ, стæй чындзхастæн. Вæййы дзы змæлд изæрыгон дæр арæх... Кæнынц уым хъомыл фидæны «алкаштæ». *** Сымахмæ дзурын, о уæлæнгай адæм, Цы уыл æрцыд, зæгьут-ма йæ æргом. Уæ сæрмæ кувын нал хæссут цæмæндæр. Ыстæй кæддæрау нал ыстут куыстхъом. НЫХАС МÆГУЫР ЛÆГИМÆ Тынг цыбыр дæ, тынг цыбыр! Скъуыд бæндæн кæд дæ. Иуæрдæм дæр не ’ххæссыс, Иннæрдæм дæр - нæ. **♦ Ахуыргæнæг сывæллæттæй Суры дардмæ цауд митæ. Ахуыргæнæгæн йæхи та Схъомыл кæнынц сабитæ. *** Вæййы сырх розæтæ йæ дзырдты, Сæ уындæй зæрдæ иудадзыг фæрайы. Йæ зонд та дзаг вæййы сындзытæй, Пысыра дæр дзы, чи зоны, æрзайы. 144
*** Фæхудут, адæм, иу къуыри уæхиуыл, Кæд уæ æвдæлы, худут уæд фылдæр дæр. Цы цот ныккæнынц сырдтæ æмæ мæргьтæ, Вæййынц гье уыдон мах цотæй цæрдæгдæр. *** Йæ удхæссæг дзы иудадзыг уыдта, Ыстæй йын йе стихтæ куы бакаст, Уæд фефхæрдта æртæ азы йæхи... Цыппæрæм аз поэты уатмæ бараст. *** Жириновский у Сырдон, ыстæй клоун! Фæливынмæ у агургæ ’мæ ’наргæ. Йæ разамындæй Уырысы мæгуыртæ Цæуынц мæрдты бæстæмæ заргæ. *** Хæссут уæ уæхсчытыл сæртæ... Кæнынц уыл уæз бынмæ, Фæлæ сæ мидæгæй цы ис, Гъе уый нæ зонут, нæ. *** Лæгтæ æрхæссынц хабæрттæ Хæдзæрттæм алы рæттæй. Уæууа, сæ устытæ та сæ Аскъæфынц уынгтæм тæвдæй. 145
Ныфсджын адæм, æгас цæут, æгас! Æгæр ныфсджын нæ хæссы, уæвгæ, цин. Куы ницуал уадза адæймаджы тас, Уæд асæтты йæ бæрзæй кæнæ син. Наци дæр ыстыр бинонты ’нгæс у: Баузæлæм тынг нæ кæрæдзийы уарзтыл. Чи фæзыны мæгуыртæм æххуысмæ, Дунескæнæг уымæн бафтауы йæ азтыл. *** Иутæ ласынц сау уæлмæрдтæм Алы бон кæугæ сæ мæрдтæ, Иннæтæ та банктæм хъуызгæ Скъæфынц доллæрты æргьæмттæ. ЧУБАЙСЫ МÆНГАРД НЫХÆСТÆЙ Æз фехъуыстон, адæмтæ арæх мæлынц. Уый афтæ нæ амоны.’взæр апп и цардæн. Нæ Путин нæ хоны дзæнæтон бæстæм. Фырцинæй дæр амæлынц адæм. *** Адæмæн сæ хæлардзинад балхынцъ, Нал æмбарынц бирæтæ сæхи. Иутæ хуыздæртыл цъыф калынц, Иннæтæ - духи. 146
*** Галуантæ аразæм ныхæстæй... Фæкæсынц не ’взæгтæ нæ коммæ. Тайгайы хъæдтæ та æрвитæм Китаймæ, стæй Японмæ. Хорз у, адæммæ куы хъусай, ’Рмæст дæхи сæр дæр куы ’нкъусай. *** Дæу цæрын фæнды кæд бирæ, Улæф уæлдæф уæд хуыздæр. Кæннодæ дын искæд карз низ Сулæфдзæн дæхи æвзæр. *** Тæхуды, тæхуды, нæ цытджын Ирыстон Куы фервæзид искæд хæлæджы цæстæй! Ыскæнин ыстыр куывд æмæ дзы ыскафин, Мæ «орц-тох»-иу хъуысид мæ Фыдыбæстæй! *** Йæ мидбылхудт мæ зонгæйæн Тыллæг лæвæрдта цъус, Æмæ сæумæцъæхтыл йæ цæгатмæ Фæцагайдта йæ ус. 147
*** Ныййарджытæн сæ бон кæд вæййы Сæ цотæй раппæлын цæхгæр? Æрмæстдæр уæд, æмæ куы вæййынц Сæхицæй къорд хатты хуыздæр. Сылгоймæгтæн дæр устытæ куы уаид, Куыд амонынц ирон уаг æмæ ’гьдау, Уæд уыдон дæр нæ ацы стыр дунейыл Цæриккой цъус ныртæккæйы лæгтау. *** Ныллæууыд та йæ кусынæй нæ куырой. Нæ, дам, зылди йæ дынджыр цалх ызнон дæр. Уæдæ нæ зæххы стыр къори куыд зилы, Куы нæ йæм кæлы дон дæр. *** Кæддæрты кадджын уыд фæллой, Фæндаг нын рухсдæр цардмæ амыдта. Сæйрагдæр махмæ у ныр секс, Нæ фарн нын гобанмæ æрбахуыдта. ИУ ПОЭТÆН Фыссы лæмæгь, гæнæн ын цас и, уыйас, Сæрыстыр у йæ зонгæты æхсæн. Æвзæры фарст: цæмæн у буц йæхицæй? Нæма у никæйы хуызæн. 148
*** Æууæнчы тыххæй чи фæдзуры тынгдæр, Нæ парламентмæ чи бауайы тагьд-тагьд, О, диссæгтæ, гье уыцы депутаттæ Сæхæдæг се ’ууæнк акъæмс кæнынц уайтагьд. *** Уыдис ын тынг адджын Ирыстон, Æгæрон тынг æй уарзта, Æмæ йын иудадзыг йæ исбон Сæхимæ машинæйæ ласта. *** Хъустæ æмæ цæстытæ Райхъал кæнынц зонды. Æмæ уый дæр базмæлы, Йе стыр хæстæ зоны. **♦ Уыци-уыци ирон цæстытæн Кæд вæййы арфæйаг бæрæгбон? Ирон дзырдтæ нæ газеты куы фенынц... Сæ гагуытæ та кафыдысты ’рдæбон. ♦** Алы ран дæр февзæры, Ма уæд Фигаро, мыййаг, Гъе, фæлæ нæ разыны Иу ранæй дæр фаг. 149
Фæраст и хицау Сунжæмæ, Йæ хъуыды та - Джызæлмæ. Гъе афтæ арæх нал фенынц Сæ кæрæдзи хæстæгмæ. Режиссермæ актертæ ’мæ автор Хъуамæ иудадзыг хæрдмæ кæсой. Фæлæ ’дзух нæ рауайы, нæ, афтæ... Спектакльтæй не ’рлæдæрсы сой. *** Кæд дæ дзырдтæ сты лæмæгь, Хъизæмар кæнынц æдыхæй, О, уæд сæ фыдыусау æваст Ды цæмæн расхойыс дзыхæй? *** Куы сбæтты цард нæлгоймæгты ’мæ устыты кæрæдзиуыл, Гъеуæд фæкалынц алы ’хсæв дæр дидинæг. Гуымирытæ та фаутæ, фидистæ ’мæ уайдзæфтæй Ныттыппыр вæййынц бонцъæхтæм сæхимидæг. 150
А зæххыл базонæм алкæм Бирæ цыдæртæ. Цæмæн? Уый тыххæй, æмæ... цæмæй сæ Искæд бон ферох кæнæм. Нæ барадхъахъхъæнджытæн нæй Æнæ фыдгæнджытæ цæрæн. Уæддæр сæ рацахсынц, уæууæй! Нæ сын вæййы гæнæн. *** Схъæздыг вæййынц махмæ Чъындытæ æрмæстдæр. Не ссардзæни гогыз Иу нæмыг сæ фæстæ. *** Кæддæр, дам, лæгтæн уыд сыкъатæ, Сæхи сæ бирæгьтæй хызтой. Ыстæй сæ ралыг кодтой иу бон Æмæ сæ карз арахъхъ нызтой. *** Æнæ сапон, æнæ донæй Цæсгом нæ ныхсдзынæ хуызæн. Æнæ гье уыдон театры Ис удтæ тынг дзæбæх ныхсæн. 151
*** Хъуагдзинадæй цасфæнды дæр лидз, Баййафдзæн дæ искæд, Уый бæсты йæ ныхмæ ’рлæуу, дæ уд Цасфæнды фæриссæд. *** Фысджытæй иуты æвиппайд хæрдмæ Хицæуттæ сисынц, зæххардыстæн. Рох сæ сты иннæтæ. Уыдоны та Сисынц уæлæуæз сæ уацмыстæ. *** Ис дыууæ кæроны мах цардæн, Хъус-ма мæм бæстон, æрлæуу! Афтæмæй сын дунейыл Махæй иу дæр хицау нæу. *** Чи сфыдхуыз и адæмы мæтæй, Ахæм хицауы куы ссарин, Уæд зæрдæрухсæй, хъæрæй Иу фынддæс азы фæзарин. ДЫУУÆ ХЪУЫДЫЙЫ - Курдиатæй нæу хъуаг Уырызмæг. Баззади йæ фыст мæ сæры. - Уый та мын кæцæй ысфыссæг, Районы куы цæры. 152
Дзæбæх сæ федта, семæ дæр фæзарыди, Сæ марынмæ уыд афтæмæй цæттæ. Гъе уый дын гье, бынтон цъаммар нæ разынди - Æххормагæй сæ не ’рвыста мæрдтæм. *** Нæ уынгмæ йæ пъартфелы рахæссы цъыф Æмæ йæ нæ хуыздæртыл бакалы. О, ахæм фыдмимæ куыд тасы йæ къух Уæлдайдæр ныры рæстæг, мах кары. *** Дыууæйæ иу, дыууæйæ иу - Кæнæ у зондджын, науæд та рæсугьд... Нæма у афтæ рæдау æрдз, Æмæ æххæст уа алцæмæй дæр уд. **♦ Цардæй къæртт æппарынц махмæ Алы бон дæр иутæ, иутæ. Иннæтæ мæстæй хæрд фесты Царды чъылдыммæ сæ хъиутæ. *** Кæд уырысæн сæхи фæнды, мыййаг, Цæмæй цæрой дæсгай азтæ æвзæр. Æндæра уынгтæм рацæуиккой, ра, Зæгьиккой-иу: «Кæд цæрдзыстæм хуыздæр?!» 153
♦ ** Цæмæй уæлахиз къухы бафта, Цæмæй дæ бауарза дæ бæстæ, Ис уымæн иунæг хос æрмæстдæр - Фæуадз-иу искæйты дæ фæстæ. *** Иу иннæмæ куыдфæндыйæ кæсы. Фыдæхмæ нæ цыдæр дзигло хоны. Тæрсын, тæрсын, куы агурæм рæхджы Ирон зæххыл ироны. **♦ Махмæ хицау нард ысвæййы, Бæстæ та - къæсхуыр. Уымæн кæнынц кусæг адæм Загьд æмæ хъуыр-хъуыр. ФЫРТ РАЙСТА ДИПЛОМ Сæ хæдзар байдзаг зарджытæ ’мæ арфæтæй, Фæлæ нæ фæхæст циндзинадыл фыд. Куыд уыд йæ фырт, фæстæмæ ’рбаздæхт афтæмæй, Кæм ныккодтаид зонд, гье уый нæ уыд. *** Цæуынц хæдтулгæтæ бензинæй, Мазутæй, газæй, сугтæй дæр, ыстæй... Нæ нæлгоймæгтæн та сæ фылдæр Цæуынц цъæх арахъхъ, водкæ ’мæ сæнæй. 154
♦ ** Фæсырдтам хъиладзагьдæй хицæутты, Сæ къæдзилтæ ма змæлынц ам уæддæр. Ыстыхстысты сæ кæрæдзиуыл лывдзæгау, Фыццаджы цард ма агурынц ныр дæр. *** Кодтой-иу нæ рагфыдæлтæ хъоды 'Гъдау æмæ æфсарм халджытыл раджы. Нал ис абон ахæм удты ’фхæрæг, Æмæ змæнтынц цард нæ разы. *** Фæдавтой поэзийæ чидæртæ. Чи сæ æрцахса? Куыдæй?! Ирыстоны критиктæй иумæ дæр Смудаг куыдз нæй. ♦** Цæстфæлдахджытæй хъуырмæ у нæ бæстæ, Ыскодтой нын нæ хуыздæрты сæ фæстæ. Нæ фæлдахынц æрмæст цæстытæ уыдон, Фæлдахынц нын нæ паддзахад æрвылбон. *** Искæмæн хорздзинад ракæнын, - Уымæй цы уыдзæн хуыздæр? Махмæ та искæйы чи ’фхæры, Уыдон мызд исынц фылдæр. 155
*** Хонæм мах нæхи ныфсджын, уæндон, Уымæн кувæм афтæ цъус Хуыцауæн. Стæй фыдæх куы саразы фыдбон, Мин хатты хæрдмæ ысхауæм. *** Социализм æрбаздæхдзæн фæстæмæ - Ахæм хъуыды не скæнæгмæ равзæрд. Хъыг уыдзæн кæмæндæрты мæ ныхас, Фæлæ нæй гæнæн - фæразæнт. *** Цы паддзахады бабын и «порядок», Уым цардæн рæзты хъомыс нæй. Фæсурын хъæуы чиновниктæн се ’мбис, Кæнæ хæссæнт сæ дзыппытæ лыгæй. *** Афардæг мæ сыхаг Африкæмæ сæрды Маймулитæ федта. Цас уыдысты, цас! Маймулитæ фенын мæн куы ’рфæнда искæд, - Слæудзынæн изæрæй рестораны раз. *** Цæмæн цæгьдынц дзыллæ кæрæдзийы? Кæд фæуыдзæн цымæ сæ тох? Нæ адæм цæрынæн кæй райгуырынц, Уый сæ цæмæн кæны рох? 156
*** Систы нæ фысджытæй цалдæр «придворныйтæ». Банымадтон уал дзы абон æртæ. Сыздæхтой адæммæ, уæууа, сæ чъылдымтæ, Хонынц сæ афтæмæй адæмонтæ. Мард уæлæдарæс нæ фæдомы, Ахсæн дæр нæ вæййы дзаг. Кæд нæ бæстæйы цæрджытæ дæр Сты мæрдтæ, мыййаг. НЫХАС ÆДЫЛЫ ХИЦАУИМÆ Ахуыргонд æдылы, Хъуамæ дын дæ быны Мах ыскæнæм арт, Науæд халыс цард. *** «Стыр Ныхас»-ы газетæн Йæ сæргонд сау дамгьæтæй фыст. Æвæццæгæн сыл зиан æрцыд Кæнæ та искæйы æлгьыст. *** Куы фенын мæ зонгæтæй иуы, - Мæ зæрдæ ныууынæргьы риуы. Фæвæййы мæ уæлдæф цыдæр, Тыхулæфт ма райдайын, уæууа! Ыстæрсын, мæ цард ам куы фæуа. 157
*** Ирон æрмæстдæр кувы ’фсæстæй, Йæ фынгыл хъуамæ уа графин. Дамбаца мæм куы уаид, гьеуæд Æз уыцы графинмæ ныхъхъавин. У йæ рауагьд чингуытæй Библиотекæ дзаг, Фæлæ адæмы зæрдæтæм Не ссардтой фæндаг. Фысджытыл цъыф калы Райсомæй изæрмæ. Зонд кæд бацæудзæни Афтæмæй йæ сæрмæ? *** Йæхи нын хоны тынг зондджын, Фæлæ у афтæмæй æдылы. Цæстæй у хъуаг, æвæццæгæн, Æмæ нæ зондджынты нæ уыны. *** Куы йын фæкæсын йе стихтæ, уæд мыл Æруары мит, вæййы мын зын. Цæмæй та схъаза ме уæнгты мæ туг, Мысосты стихтæ райдайын кæсын. 158
*** Чи цæры Уæрæсейы æвзæр, Сты уæздан, сабыр адæм гье уыдон. Иннæтæ ысты мæнгард, хъæцон, Сайынц дзыллæты æрвылбон. *** Чидæртæ ’мпулынц кæрæдзийы талф-тулфæй, Раст цыма ’фтъæрынц цæхдонимæ настæ. Не ’взарынц хионы, ’рвады, сыхаджы дæр. Зондджынтæн дзигло сæ дзыхтæ ысбаста. *** Нæ ирæттæ а зæххыл бирæ кæй цæриккой, Æвæдза, нæй ууыл ныхас дæр. О, фæлæ ’рвылбон кæрæдзийы фаугæйæ Сихсыйæм, амæлæм раздæр. *** Адæм кæрæдзийæ Хæсджын куы уой, Гъеуæд нæ уыдзæни Се ’хсæн фыдгой. *** Кæрæдзийы æнтыстытыл зæрдæбынæй Куы кæниккам чысыл сабитау цин, Гъеуæд-иу даргьдæр уаиккой мæ зарджытæ, Мæ синты сæртыл-иу хæцин. 159
*** Æфсис кæмæн нæй Дзурынæй æрвылбон, Нæ зонынц хъусын Адæммæ гье уыдон. *** Зондджын адæм кæрæдзиуыл Æнгом хæцынхъом нал ысты, Æмæ сын, оххай, чидæртæ Сæ бæрзæйтыл ысбадтысты. *** Иу уагыл цæрæн нæма уыди дунейы. Бонты фæстæ искуы баззайæн куыд и? Цæугæдон йæхи куыд сыгьдæг кæны ’рвылбон, Æгьдæуттæ дæр рахсынц уый хуызæн сæхи. *** Ирæттæн ис хæлæг кæнын сæ туджы. Фæлтау кæнæнт нæ хуыздæрты фæзмгæ. Уæд уарздзысты сæ дыгай къухтæй кусын, Нæ кæндзысты сæ зæрдæтæй хъæрзгæ. *** Йе ’взаг афтæ даргь у, афтæ, - ’Рбабæтты йæ й’ астæуыл куыд рон. Дзуры сыхаг: «Рæзгæ кæны, уæууа! Сбарстон æй, цыбырдæр уыд ызнон». 160
*** Фæнды мæ тынг, профессортимæ искæд Куы фенин æз профессоры лæугæ. Хæстæг æм райгæ бацæуин æмæ йæ Мæ хъæбысы æз фелвасин хæрдмæ. *** Иу иннæйы мæт нал кæны, Гъе уым ис не сæфт махæн. Куыдфæндыйæ кæрæдзийæн Ингæнтæ ’рвылбон къахæм. *** Хуссар Ирæй нæм æрхæццæ сты уазджытæ... Сбуц та сæ кæндзыстæм, сæфдзæн сæ рис. Курæм сæ, семæ-иу ма уæд цъыфкалджытæ... Уыцы «ничи»-тæй нæхимæ дæр ис. *** Дзырдта сæрыстырæй, мæ зонд, дам, Мæ адæмæн парахатæй дæттын. Ыстæй йæ сыхæй иу чидæр куы сæрра, - Уæд базыдтам, кæй нæ кæны хæрзбын. Фæллой дæр у штангист, уæдæ. Йæ тых уый бирæ рæтты ’взары. Уый бирæтæн сæ кад, сæ цыт Уæлæуæз сисы ’мæ сыл зары. 6 Заказ № 1485 161
Хъæддаг у мах капитализм. Æппындæр ницæмæй у хъуаг. Æппæт дæр арæзт у, цæмæй Ысуæм нæхæдæг дæр хъæддаг. НЫРЫККОН КУЫВД О Дунескæнæг, курæм дæ æххуыс! Цæттæ у рагацау нæ арфæ. Нæ сывæллæттæ рæзæнт тагьд, дзæбæх, Куыд тагьд сырæзынц æргьтæ, афтæ. *** Адæймаг йæхицæй хатгай Фестырдæр вæййы æнæвгьау, Адæмы сæрыл ныфсджынæй Тох куы фæкæны цæргæсау. *** Тынгдæр тырнынц къуымыхтæ Уæлæ хицæутты бынæттæм. Ноджы ма сын базилæм Мах сæ ницæйаг фæндæгтæм. *** У мæнæн мæ зонгæ Селаты Буцци. Арахъхъы боцкъатæй Иуы бын ныцци. 162
**♦ Сарæзтой мыггаджы куывд, фæнд ахæм уыд: «Кæстæртæ сæ хистæртæм уадз разыной». Срасыг ысты. Чи зыдта кæрæдзийы, Уыдон дæр сæ кæрæдзийы нал зыдтой. *** Уæрæсейы телеуынынады журналист Мамон- тов загьта йæ иу телебакасты: тагьд Уæрæсе байдзаг уыдзæни академиктæй. Æлхæнгæ дæр кæнынц уыцы цин - ном. Ратт æхца æмæ дыууæ-æртæ бонмæ суыдзынæ академик. О, Мамонтов, дæумæ дзурын, дæумæ, Адæймаг æнæвдæлон куы уа, уæд та? Раттæнт-иу ын уыцы бон диплом, Изæры цæмæй сæхимæ уа. НЫХАС ПУТИНИМÆ Дæу ракодтой размæ Нæ нефт æмæ газ, Æмæ сын сæ номыл Цыртытæ ныссадз. *** Махмæ дæр ис, Иры, ахæмтæ дзæвгар, Чи кæсы хæлиудзыхæй сæрдыгон. Хус дзыхтæ нæ вæййынц майы мыдæй дзаг, Фæлæ бындзытæй æрвылбон. 163
*** Йе ’мдзæвгæты цас вæййы хæмпæлтæ: Лебæда, пысыра, лывдзæг, мугæ... Адæймаг ыстыхсы: ныр цы кæнон? Стихтæ кæсон æви рувгæ?.. *** Дохтыртæй бираетæ нал цæуынц, уæууа, Уæлмæрдтæм судзæггаг зиантæ хæсгæйæ. Нал вæййынц хорзау, кæй не сдзæбæх кодтой, Уыдоны риссаг цыртытæм кæсгæйæ. *** Сарæх ысты «ничитæ» æгæр, Бафтыдысты къæбицтæ сæ къухы. Мæгуырмæ та баззад сагой, бел... Уайы йæм æдзæсгом мæлæт дугьы. Баззайынц æнæ кондæй нæ зæххытæ. Уыдон уындæй цавддур фесты цæст. Быдырмæ ма чи ацæуы белимæ? Бел æгуыст нæу уæлмæрдты æрмæст. *** Чеппи хъаст кæны, не сфæлдисæг, дам, æр- цæуинаг уыди æндæраз йæ хъæбулты фенын- мæ, фæлæ, дам, йæ ныхас нæ сæххæст кодта. 164
Æгайтма не ’рцыд, науæд дæ куы федтаид... Дæ чуб ныффист, дæ фындзы хъæл цъæррæмыхст. Кæмдæр та уынджы расыгæй ныффæлдæхтæ... Дæ алименттæ фондз азы æнæфыст. ЙÆ БУАР АЛЫ РÆТТЫ ЧИ БАЙГОМ КÆНЫ, УЫЦЫ СЫЛГОЙМÆГТÆН Нæ цæст цæуыл æрхæцы, уымæн Йæ кад фæвæййы иуцасдæр цыбырдæр. Цы нæм нæ фæзыны, мах уырдæм Нæ каст ыскæнæм тынгдæр. *** Рæвдз Парнасы хохмæ схизынц Сахъ поэттæ - хивæндтæ. Иннæты та уырдæм сисынц Вертолеты «чидæртæ». *** Махмæ дæр бирæтæ, мæнæ Ирыстоны, Бадынц кæйдæрты бынæтты. Цæмæн? Иу сæ нæ сыстади æмæ нæма загьта: «Ам æз æппындæр пайдайаг нæ дæн». *** Адæймаг къæхтæбастæй нæ ацæудзæн Искæдæм йæ хъæубæстæй æддæдæр. Уæвгæ, чи уадзы къæхтæ бæттын, Уый цы сараздзæн уæгьдæй дæр? 165
Нæ тæрхоны лæпгæ дæр махæн Адæмæй исынц гæртæмттæ. Уый тыххæй æмæ сын ныронг Никуыма уыди цæсгæмттæ. *** Мæ зонгæ поэт у тæппуд, Критик Б-имæ цæры хæларæй. Тæрсгæ кæны, мыййаг ын уый Къандзол куы бахуыйа йæ цармæй. *** Худгæйæ рæсугьддæр вæййы адæймаг, Зæрдæйы æрфысым кæны рухс. Уæдæ худæд алчидæр йæ дзыхы дзаг. Æмæ зæрдæ бакуса æнус. *** Ницæйагæй базæронд йæхæдæг, Фæлæ фауы хуыздæрты уæддæр. Йе ’взаг нал бæззы, ыстæнæг, Н’ ары куыст, æвæццæгæн, хуыздæр. *** Æз дзæгьæлы ’рцыдтæн хуыздæр æнхъæл ардæм - Ам цардæн йæ иу мур дæр нæй. Ысты ам æрмæстдæр тæригьæдджын адæм, Сыгьдæггонд æрцæуой цæмæй. 166
*** Арахъхъ, арахъхъ... О сау сыкъа!.. Мæлæтау дæ тыхджын. Ирыстон нын куы срасыг уа, Гъе уымæй йын тæрсын. *** Нæ поэзимæ иу ракæсæг нæй. Цымигæнæг у, ацу ’мæ йæ бамбар. У нæ критик къорд азы фынæй. Цу-ма, сынтæгæй йæ раппар. *** Тауы дам-думтæ Сандыр, Бафæллад, фæкъул и. Лæгæн фенцондæр и ныр, Балхæдта «Жигули». *** Нал уыдзæн нæ иудзинад æвыд, Нал уыдзæни не ’хсæнад дæр чъиллон. Хъæздгуытæ куы бамбарой, цы ’рцыд, Мæгуыртыл куы байуарой сæ исбон. Дзых ысси Уæрæсейæн йæ паддзах, Зонды бартæ ист ысты бынтон. Æмæ уый дæр ивазы йæ ком. Дунескæнæг, де ’ргом ма нæм раздах! 167
*** Мæхицæй тынг бузныг дæн æз, Рæстдзинадыл кæй дзурын, уымæй. Зын у, æгæрон зын, мæ хæс, Уæддæр нæ лæууын æз æрхуымæй. *** Историмæ фыстхалæнтимæ Цæуынц Уæрæсейы æрмæстдæр. Æркæсын кодтой зондджынты сæхимæ, Зæгьынц сын: «Ма сафут уæ рæстæг». *** Кæмæн æмбæлы ахæстоны бадын, Гъе уыдон ахсынц иннæты сæхæдæг. Æз ахæм цардæн аккаг дзырдтæ н’ арын. Кæны мæ зæрдæ сагьæсты æрхæндæг. Ирон дзырд «бузныг» арæх хъуысти раздæр, Куы баихсыйа, уымæй-иу ын тарстæн. Гæртам ын ныр йæ бартæ исы цасдæр. О, уыцы ’хцатæ!.. Дæлдзæх фæуой уастæн!.. *** Куы нæ дзы рауад адæймаг хуызæн, Стихтæ фыссын райдыдта уæд тагьд-тагьд. Нызта-иу арæх критиктимæ сæн, Уæддæр поэзи йе стихты нæ ратагьд. 168
УЫЙ КУЫД У? Схаста мад дæс лæппуйы зын фадæтты, Хицауадæй иу æххуыс нæ зыдта. Паддзахад дзы нал æмбæхсы аууæтты - Фырттæй фондзы æфсадмæ фæхуыдта. *** Карз низ дæр «смертник» у, Уый цæры цыртимæ. Амæлы йæхæдæг дæр Рынчынимæ иумæ. *** Хорз лæджы нæ уадзы Цауд хицау йæ фæстæ. Уымæн нæтынц адæм, Уымæн фехæлд бæстæ. Æз фехъуыстон, ирæттæн, дам, Сæ масты дзæкъултæ сты хус. Æфхæр сæ бон сæдæ хатты, Уæддæр дæм ничи ’рдардзæн хъус. Сыдæй кæм мæлынц, уыцы бæсты сæрыл Кæд чи хæцыди знæгты ныхмæ карзæй? Кæд мах дæр уымæн ахæм цардмæ ’ркодтой, Цæмæй нæ НАТО атæра йæ разæй. 169
*** Раздæр-иу нæ уыди дзурæн алцы, Хицауад-иу кодта алкæд бустæ. Ныр нæ фауты ’рвитæм арæх балцы, Гъе æрмæст нæм ничи кæны хъусгæ. *** Чи цæмæ нæ арæхсы, Кусынц бирæтæ гье уым. Цард гье уымæн нал рæзы, Алы ран кæны сым-сым. *** Цæмæн нæ цæрынц адæм бирæ, Цы сын нæ кæны фаг? Нæма ис ныронг сусæгтæм фæндæгтæ, Фыдæхтæм ис фæндаг. Чи сахуыр кæддæры ихсыд цардыл, Чи баззад цъындæй æмæ къуымыхæй, Ногдзинадæй се сæфт уынынц уыдон, Тынг тæрсынц, куы ацыргь уой, гье уымæй. *** Куы спаддзах вæййы иу афон Хицауæн йæ ахсæн, Уæд фæзæгьы прокурор: «Цæй æмæ йæ ’рцахсæм». 170
Кæрæдзиуыл нæ дуджы ныр Адæм нал хæцынц фыццагау. Уый цæуыл дзуры, цæуыл? Фидар лæуу кæнæ та ахау. *** Æгуыст адæм нæм ис дзæвгар, Æлгьыстаг у нæ рæстæг. Æгуыст нæ вæййынц махмæ, ам Ингæнкъахджытæ ’рмæстдæр. *** Рæдыд дæр рæзгæ кæны, рæзгæ, Фæхъæуы йæ ныххурх кæнын æваст. Ныккæндзæн ма кæннодæ цот дæр, Æмæ ысбирæ уыдзæн маст. *** Хурыскаст сæумæдæвдæгæй Уыйас цин нæ хæссид, нæ, лæгæн, Алы бон куы нæ кæнид ныгуылгæ, Талынг-иу куы нæ фестид ингæн. Дадиккайæн фæлæууы уисой афæдз, Æмæ йыл сых æрæвæрынц сæ цæст. Уæвгæ, уый диссаг макæмæ фæкæсæд, Куы мæрза кæрт мæй иунæг хатт æрмæст. 171
*** Сарæзта Тебо йæхицæй гоби, Афтæ йын хуыздæр уыдзæн, хуыздæр. Науæд æй фæхъæуы ’ппæлын мæрдтæй, Ницæйаг куы вæййынц, куы, уæддæр. ♦ ** Уагьта Ельцинæй быныхъæр Водкæйæн йæ хъæстæ. Уыцы «алкаш» та йæхæдæг Бабын кодта бæстæ. *** Уырыссаг у æнцон сайæн, Стæй ма у фæразон. Кæдмæ кæндзæни хъизæмар? Тæхуды, ехх, уый базон. Ис дын кæд ыстыр хицæутты ’хсæн Хо, æфсымæр, науæд та хæстæг, - Фенис-иу дæ фынгыл хорз коньяк йе сæн, Не ’хсындзынæ иу хатт дæр ыстæг. *** Фæцис нæ солист иу сахат Нæ горæты цъæх базары. Цы йыл æрцыд, цы фыдбылыз? Уæдæй фæстæмæ нал зары. 172
*** Цас ысты нæ адæм? Ис дзы, ис, æмбæхст. Алы хицауыл дæр Чидæр у ныхæст. *** Адæймаг йæхæдæг У æргьтæ æвæрæг, Афтæмæй йæхи аргь У нырма æбæрæг. *** Ницæйаг лæг истæйæгтæн Махмæ свæййы арæх хицау. Цард ысфæлдахынц зыгьуыммæ... Ацу æмæ семæ фидау. *** Кæддæр-иу бирæтæ æрхастой Сæхимæ арфæтæй æргьæмттæ. Ныр та сæ бæстыхæйттæм тагьд-тагьд Фæцæйхæссынц гæртæмттæ. *** Чи амырхта банкæй иучысыл æхцатæ, - ’Рцахстой йæ, уыдзæни ныр йæ раны. Чи адавта ’хцатæ иуæндæс милуаны, Уый та бады рестораны. 173
*** Сифтындзæм мах дамгьæты хъуыды, Стæй æруадзæм сæр нæ базмæ. Мæнмæ гæсгæ, сæйрагдæр у, Куыд ахæцдзысты дамгьæтæ размæ. *** Чи ракъахы а дунейыл хæст? Цъаммар лæг, æгьатыр. Рохтыл та уæд чи ’рбахæцы, чи? Зондджын лæг, хъæбатыр. *** Хистæр нæ кодта чындзхасты Сидтытæн, уæууа, цыбырдæр сæ дæргь. Æмæ йæ уый фæстæ чидæртæ федтой... Быруйы рæбын ныддæргь. *** Уæ кæрæдзийы бауарзут, нæ адæм, Иу иннæмæн кæнæд æдзухдæр аргь. Нæ цард уыдзæни уæд рæсугьддæр, Гъеуæд нæ дуг уыдзæни даргь. **♦ Кусгæйæ нæм рахид кæнынц иутæ, Иннæтæ та - куывдты, нард фынгты уæлхъус. Загьта лодыр: «Нæу æнцон æууилын... Ме ’фсæртæ хъарутæ не схардз кодтой цъус». 174
*** О, ацы арахъхъ, баззади æлгьыстæн! Æрвиты нæ æгьатырæй мæрдтæм. Уæддæр æй раскъæрæм æмæ йæ Алкаштæн, къупритæн дæттæм. *** Историйы бакастæн: «Раджы кæддæр Фысты дзуг бахордта Англисы». Мах чиновниктæ сты ноджы фыддæр, Зæрдæ сæ коймæ дæр баризы. *** Кæддæр тырныдтой сахъдæр адæм бæрзæндтæм, Æмæ сæ адæм иууылдæр уыдтой. Ныр та сæхи ныйисынц «бодзтæ» æрхытæм, Цæмæй дзы сау митæ кæной. *** Йæхи æгæр тынг чи уарзы, гье уый Хуымæтæджы нæ кæны афтæ. Фæуарзы къаддæр иннæты, уæдæ, Уæддæр ма ’рдомы арфæ. *** Иу хицаумæ нæй цæссыг æппындæр. Зиантæм йемæ ахæссы цывзы. Цæстытæ дзы аууæрды. Фæзæгьæм: «Срыст йæ зæрдæ, адæмыл тыхсы». 175
*** Нæ ныййарджытæй бирæтæ Сæ цот скодтой талынджы. Кæд уый аххосæй баззайынц Æмбисæхсæвтæм тар уынджы. ♦ ** Хион махæн рагæй дæр Н’ ахады нæ цæсты. Ницæйаг фæрссаг лæджы Сбуц кæнæм йæ бæсты. *** Цыртытæ садзын зын куыннæ у, уæууа! Фæлæ хъæуынц. Куы нæ уаиккой, уæд Кæниккой бирæтæ сæ уæлмæрдты дыууæрдæм - Нæ арид алчи «й’ ахсджиаджы» уæлмæрд. *** Лидзынц сырх зынгтæй Æвзæгтæ дард, Афтæмæй бафтауынц Бирæтыл арт. *** Сагьæс æмæ катайы Уд æвиппайд атайы. Хи сæ ласын хъæуы дард, Уадз æмæ дæм худа цард. 176
*** Дунескæнæг сарæзта Алцыдæр цæрынæн, Адæймаг та аразы Алцыдæр мæлынæн. *** Фæдзырдта йæхи тыххæй фалдæр, Ныр та нын сæ дзуры дæлдæр. Хорз уаид, куы-иу дзурид къаддæр, Кæнгæ та куы кæнид фылдæр. ИУ СÆРДАР Йæ уынаффæтæй рауад рагь, Нæ сыл æххæссы цæст. Сæ мусмæ та нæ тæхы маргь, Мæнæу дзы армыдзаг æрмæст. *** Æргьтæ уæртæ феуæгьд ысты базары Баст куыйтау сæ бæттæнтæй. Уæйгæнæг зæрдæхъæлдзæгæй базары: «Æз цæрын Ирыстоны æнæмæтæй!» *** Мæгуыр адæмæй бонджын лæг Фæласта хибармæ йæхи. Æмæ ысмæгуыр иу заман. Йæ дистæ ахастой къуыри. 177
*** Чингуыты дукани, оххай, цы дыл æрцыд?! Мысыс Советон дуг, нæй йын, нæй, рохгæнæн. Уæууа, куыд тыхджын уыд гьеуæд фыссæджы дзырд: Ис ма ирон дзырдæн искуыдтæ схорзгæнæн. **♦ Дзæнæты бадинаг Къостайæн Йæ тох мæгуырты сæрвæлтау уыди. Ныры фысджытæн та сæ фылдæр Нæ хицæутты цур радавынц сæхи. *** Лæбуры Гылц Дзибусмæ: «Цы ми кæныс?! Цы дæ дарын?! Цæмæн хъуызыс мæ усмæ?! Мæхæдæг æм куы нæ ’вналын!» ♦** Зæронд ус фырттæм бадзырдта: «Нæ лæг мæлын нæ фæразы! Дохтыр Бубуйы ’рбакæнут, Йæ уд фелвасдзæн уый руаджы». *** Зыдыка зыд кæдмæ кæндзæн, кæдмæ? Куыннæ уайынц цыргь сындзытæ йæ уырзты! Рæхджы ыскæндзæн ахæм дуг, æмæ Уæздан адæмæн премитæ дæтдзысты. 178
*** «Уый нæ зæхх у!», «Уый дæр мах у!» - додой, бустæ. Атоны йæ сау рæхыстæ хæст. Афтæмæй йæ быдыр ничи кæны кусгæ, Фенæм ыл ингæнкъахджытæ ’рмæст. *** Хъуысы та фæндыры цагьд... Æмдзæгьд... Хъæлдзæг уæвын тынг фæнды мæн дæр. Гъæй-джиди, дæ сагьæстæ ныццæгьд Æмæ иу мæй цинимæ фæцæр. *** Хохы цъупмæ, дам, ысхызт Поэт Быдзыгойæн йæ кад. Чи дзы ’ппæлы, чи, уæддæр? Йæ хо, йæ чындз, йæ мад. *** Уæрæсе нын фестади хъуг. Дуцынц æй уазджытæ ’рмæстдæр. Фысымтæ та йын дæттынц Холлаг кæцыфæнды рæстæг. *** Никæд загьта хорзæй хорз, Адæмы хуыдта æдзухдæр фос. Скъæтты, дам, хæрдзысты хос. Уыд ызнон йæ ныхыл нос. 179
*** Безы усы бауарзта Гæбус, Суад-иу арæх йе ’рфгуытæм уынæг. Иу æхсæв куы бафынæй и ус, Сæлвыдта йын йе ’рфгуытæ йæ лæг. *** Алы изæр дæр йæ усыл Брега айзæрды сæкæр, Адджындæр, дам, ын уыдзæни, Не ’рдомдзæни зæрдæ ’ндæр. Куы фæрынчын и боцъоджын Арыпхан, Уæд цалдæр лæджы ацарæзтой хъазт. Цæй тыххæй уæд? Куывды кæнæ æндæр ран Æркъуда кæны сидтытæ æваст. ЗИАНДЖЫНТÆМ Нал нæм кæсы къухтæ исын фаг, Ноджы ма кæрæдзиуыл ныттыхсæм. Уæууа, тагьд скæндзыстæм фæндаг Былтæм дæр, зæххыстæн. Искæйы исбон æфтъæрынмæ Цæсгом фæхъæцы, Фæлæ уый алы хатт, алы бон Фарсыл нæ хæцы. 180
*** Устытæ æнкъард ысты цæмæндæр, Нал бахудынц раздæрау сæ фаг. Цин кæнынмæ нал арæхсынц лæгтæ, Исчи сæ кæд бардызта, мыййаг. Ирыстоны бирæ ис къинтотæ, Æфтъæрынц нæ исбон æдасæй. Ныххойдзысты тагьд бон сæ уæрджытæ, Сæ сæртæ сын хусæй куы дасой. *** Гогызтæ, кæрчытæ, бабызтæ Хъæздгуытæм тонынц мæстæй. Уыдон дæр агурынц фаджысты Хоры нæмгуытæ зыдæй. НЫХАС СААКАШВИЛИМÆ Фæхастай дзæгьæлы лæджы ном - Сæрхъæн дæ, ноджыдæр хуырым. Дæуæн ис тар хъæды дæ бынат, Цæр-иу хъæддаг хуытимæ уым. Бæллы, бæллы, мæ мард куы фенид, уымæ, Кæны мын афтæмæй хъæбыстæ. О, диссæгтæ, куыд цæры, куыд, дывæрæй? Цæуы йæхи къахæй æлгьыстмæ. 181
*** Хæринаг, дарæс æмæ ’ндæртыл Фæхæлоф кæнæм, айхъусæм: «дæдæй». Æрмæст æгьдау æмæ æфсармыл Нæ Ирыстоны иу зыдгæнæг нæй. *** Карз арахъхъ мах нуазæм Алы ран æгæрон, Уый та нæ куы кæны Дунейæ æвдæлон. *** Ис ахæмтæ дæр не ’хсæн махæн бирæ, Сæ иу та, мæнæ, ’рлæууыди мæ фарсмæ. Куы базониккой, тагьд цæуын фæстæрдæм, Уæд иу къахдзæф дæр н’ акæниккой размæ. *** Уыд сæ колхозы трактортæ Дыууиссæдзæй фылдæр. Кодта-иу хуым уалдзæджы Й’ адæмæй уæддæр. *** О ныййарæг, у дæумæ мæ ныхас, Ма раппæл дæ зæнæгæй æгæр, Не суой цалынмæ дæхицæй Къорд хатты хуыздæр. 182
**♦ Адæймаг дæр у бæласы ’нгæс, бæласы, Бахъæуы йæ алы аз æхсæдын. Бирæ нæм ис, чи спыхцыл бынтондæр... Чи сты, уыдон уын нæ зæгьын. *♦* Аргь нæй къухтæн, аразæм æппæт дæр. О, фæлæ сæ «куысты» сагьæс дæр ыссарæм. Æрдз нын уыдон уый тыххæй нæ радта, Æмæ сæ нæ кæрæдзийы марæм. *** Хъусын хорз у ’ндæрмæ дæр, Ма дæ рахона къуырма. Гъе æрмæст дæхи зонд дæр Сæры ма бахус уæд, ма. *** Куывдæй сæхимæ хуынд адæмы Бахæццæ кæны нæ ирон бæгæны. Водкæ дæр зоны лæггад кæнын, Уый та сæ милиционермæ ныккæны. *♦* Кæйдæр къæхтæ æхсадта арæх, Ыссардта-иу кæдфæнды дæр рæстæг. Йæхи къæхтæ та-иу изæрæй Куы кодта «дон», «дон» сынтæгмæ хæстæг. 183
*** Дзырдта та: «Æз нæ тæрсын зивæгæй. Мæхи фæллойæ сарæзтон цъæх сæртæ». Уæдæ ма ’рцæрæд сакъадахыл иунæгæй... Нырау нæ уаид рухс йæ зæрдæ. *** Мах нæ зонæм, циу, цы у æрцæуинаг. Рæстæгæн цæуылнæ кæнæм уисæн? Чи æргьæвы райсоммæ йæ кæнинаг, Уый ысвæййы стыр фыдгул йæхицæн. *♦* Чиновниктæн фегад сæ хъæстæ, Гæртамхорты ном сыл ныййичъи. Нæма сæ и ’фхæрæг, фæлæ сæ Фæстæдæр ныууигьдзæни исчи. Хæринæгтæн цы ад уыди кæддæр! Сæ уынд нæ аздахы ныр иннæрдæм. Уæвгæ уæм диссаг ма кæсæд гье уый, Ад нал ис адæмæй дæр бирæтæм. *** Калы цъыф нæ хуыздæртыл. Ралгьыста йæ хæйрæг. Бавналы Къостамæ дæр... Нæй йæ, нæй, æфхæрæг. 184
*** Зымæгон чи нæ дары худ, Мæ зæрдæ уыдоныл фæхудт. Дзырдæуы, уыдон, дам, ысты Сæ сæртæм рагæй дæр мæсты. *** Ирыстоны фесгуых цыфæнды тынг, Фаг цин нæ райсдзынæ адæмæй ды. Уый тыххæй æмæ нæ алкæй дæр Разæй фæнды. *** Адæм куы базоной, чи суыдзæн хицау, Ахсын æй хъæудзæн, уыдзæн уый нæ мæт, Науæд куы райдайа ’мпулын нæ мылык, Нал нын бакомдзæни ахсын гьеуæд. *** Куы фены йæхицæй лæгдæры, Уæд сау хъуыды сæвзæры сæры. Цыхуызы йæ бафтауон цæсты, Уадз мачиуал цæуа йæ рæзты. *** Цæстхъуаг дæн кæд, чиновниктæн æппындæр Æз нал уынын сæ къухтæ гомæй. Мæ зонд мæм дзуры: «Кæс Уæрæсейы дзыппытæм, Вæййынц гье уым æхсæвæй-бонæй. 185
Кæмæн йæ хæдзар у бæрзонд, Кæмæн та у бæрзонд йæ намыс. Фæлтау дæ хæдзар уæд ныллæг... Цы нæй гье уым, кæйдæр зонды йæ ’ссарис. *** Бафснайдта бирæ ’хца дунейы банкты, Хицау куы уыди, куы нæ стыгьта, уæд. Баххуырсдзæн марджыты уыцы æхцатæй, Чи йын æнад кæна йе скафт, йæ хæрд. ЦИПОЙЫ ХЪУЫДЫ Ацы хицау у тæринаг, Уадзæм æй уæд та. Науæд чи ’рлæууа йæ бæсты, Уый фыддæр куы уа. *** «Ныхдзынæн дæ, ды уал мæ аных раздæр», - Ысси мæ цæсты ацы ’мбисонд гал. Хыртт-хыртт кæнынц ирæттæ дæр кæрæдзи... Куыстмæ сæ нал æвдæлы, нал. *** Фыруарзтæй сбухъхъ кæнынц чидæртæ. Уарзтæн йæ хорзмæ æххæс. Адæм дæ се ’ппæт куы бауарзой, Уымæй дæ фыны дæр тæрс. 186
*** Иугæр кæд фесæфттæ адæмы цæсты, Нал разындзынæ цæргæ-цæрæнбонты. Зонын æз хицæуттæй ахæмты, æмæ Бирæ фæцæрдзысты къинтоты зонды. *** Хæлоф кæнæм чылауитыл, кæрдотыл, Калготкæтыл, цæсгом сæрдæнтыл тынгдæр. Уæздандзинадыл фæстаг ыссæдз азы Хæлофгæнæг нæма федтон æппындæр. *** Нал бæззы мæ сыхагæн йæ «Нивæ», Размæ нæ, ныййарц вæййы фæстæрдæм. Уый куы фенын, ауайы мæ цæстыл ’Ргæвст Уæрæсе, чи уыди зын сæттæн. *** Адæм кæрæдзийæн хъуамæ кæной Бахъуыды рæстæг æххуыс. О, фæлæ бирæтæн ауайы ’васт Баххуысы койæ сæ хуыз. *** «Ура» уыд Советон дуджы Иудадзыг хуыссæгхъуаг. Ныр кæны фынæй, йæ бæсты Хъуысы алы рæттæй «рухсаг». 187
*** Чи ма цæуы махмæ тиртæм Топпытæн мысангур? Ныр æмбисбон уынгмæ рауай Æмæ искæй акъуыр. *** Кæрæдзийæн куы кæниккам Цæстуарзон æххуыс фаг, Барастыр нæм адзалимæ Уæд нал арид фæндаг. *** Нæ фадæттæй, нæ гæнæнтæй Кæм и зæххыл хуыздæр? Нæ цард та ныр ыссæдзæм аз Нæма схызт зæвæттæй уæлдæр. *** У адæймаг нæ денджызтæй дæр арфдæр, Йæ былгæрæттæй мæймæ дæр ыскæлы. Йæхимидæг фæдзæгьæл вæййы арæх, Йæ миддунейы сæфгæ дæр фæкæны. *** Зæрдæхудтæй æгæр тæрсы ирон, Æмæ дзы гоби рауади бынтон. 188
*** Æппынфæстаг тыхтæй-амæлттæй Ысси фыссæг, Фæлæ дзы, уæууа, ’ртиссæдз азмæ Нæма рауади лæг. *** Райдыдтой бæмбæджы куыст дæр махмæ. Уый хуымæтæджы нæ уыдзæн, - Хицæуттæ йæ батъыссынц сæ хъусты - Не ’рдиаг сæм нæ хъуысдзæн. МАХМÆ, ИРЫСТОНЫ Ыскæнæм аргь нæ хуыздæрæн... Фæрсæд мæ исчи: кæд? Куы йæ сисынц сæ хъæбысты Æндæр адæмтæ, уæд. *** Дæс иронæй цыппар фæзæгьынц афтæ: «Нæ Дуне сæвзæрд химидæг, йæхæдæг». Æмæ гье уыцы робæтты азарæй Фæцагьды ыстæм, ис ма нæ ныгæнæг. *** Иутæ ’вдисынц адæммæ сæхи ’ Телейæ æд зæнæг, Иннæтæм та фенынмæ цæуынц Дзыллæтæ сæхæдæг. 189
*** Дзырд «уынаффæ»-йы ныффысс «Ф»-тæ минæй дæр фылдæр, Адæмæн куы нæ кæной æххуыс, Цард куы нæ кæна хуыздæр. *** Адæмæй профессор æмæ доктор Хицæн тынг кæнынц, фæлæ цæмæй? Ахуыргæндтæ бафиппайынц раздæр - Æрдз сæ дары талынджы куырмæй. *** Хицау хъуамæ уа цырддзаст, ныфсджын, Хъуамæ знæгтæй хъахъхъæна йæ адæмы. Тохы бон кæй ныфс кæна сым-сым, Хицауæй куыд ис æвзарæн ахæмы? *** Иронæн баз йæ бæрзæйыл Цæмæн вæййы æвæрд? Куы нæм æрбафта ’ндæр исчи, Цæуыл-иу баддзæн уæд? *** Æз фехъуыстон, ирæттæн, дам, Сæ масты дзæкъултæ сты хус. Æфхæр сæ бон сæдæ хатты, Уæддæр дæм ничи ’рдардзæн хъус. 190
*** Раздæр-иу нæ уыди дзурæн алцы, Хицауад-иу кодта алкæд бустæ. Ныр нæ фауты ’рвитæм арæх балцы, Гъе æрмæст нæм ничи кæны хъусгæ. *** Чи цæмæ нæ арæхсы, Кусынц бирæтæ гъе уым. Цард гье уымæн нал рæзы, Алы ран кæны хым-хым. *** Сталины дуджы уыд кадджын фыссæг, Парнасыл дзы цалдæрæй кодтой æндзæвгæ дæр. Уæвгæ йæхæдæг дæр Сосо фыста Диссаджы зондджын æмдзæвгæтæ. ♦** Цæукъайы ’вастæй фысты дзуг Нæ фæцагайдзæн хуыммæ. Æвзæр нæ уаид, хицау-иу Куы бакæсид гье уымæ. *** Йæ рæдыды тыххæй-иу алчи йæ ных Куы бацæвид къорд хатты тынг, Тæрхондæттæ нал уаид бæстæйы уæд, Нæ уаид уый никæмæн хъыг. 191
*♦* Сыхы хистæр Дзог фæкувы афтæ... Дзырдтæ йæм нæ кæсынц, нæ, æвгьау. Загьта та нын: «Цауд æвзæрты бæсты Хорз æвзæртæ уæм фæлтау». *** Ныййарджытæн сæ бæллиц ахæм уыд кæддæр: Цæмæй сæ цот сæхицæй уой хуыздæр, тæмæнтæ калой. Ныртæккæ та сæ бæллиц у æндæр, æндæр, - Цæмæй сæ цот бынтон æвзæртæ ма уой. *** Тох кæнын хъæуы, цæмæй нæм Уа хæлардзинад хуыздæр, Мауал уа зæххы къорийыл Иунæг «исчи» дæр. *** Феххуыс кæны ницæйæгтæн Зондджын лæг кæдмæ, Цалынмæ йæ сау мæйдары Н’ амарынц, уæдмæ. *** Фæрсыс мæ: «Циу Ирыстон?» Дæттын дын дзуапп æваст: Иу иннæйы уæлæмæ Кæм нæ уадзы ыскаст. 192
Саламджерийы мад Ситохаты Верычкæ ног чындзæй 7 Заказ № 1485 193
Ситохаты Саламджери 23-аздзыдæй 194
Саламджери йæ хотæ Розæ æмæ Азæимæ. 1970 аз Саламджерийы хæрæфырттæ фазæттæ Альберт æмæ Роберт, Ритæ 195
Ситохаты Верычкæ йæ фырт Сергей æмæ уый чызг Ритæимæ Ситохаты Андрей 196
Саламджерийы хотæ Розæ æмæ Азæ æмæ йæ хæрæфырттæ Ритæ æмæ Артур 197
Ситохаты Саламджери 198
ИС АХÆМ ПОЭТ Нæ кæсы иннæты æмдзæвгæтæ. Кæсæд, йæ цæстытыл ын чи хæцы? Тæрсы, йæ зæрдæмæ куы фæцæуа, Поэтты стихтæй искæцы. *♦* Иутæ ацæуынц сæ куыстмæ рæвдз, Хъуамæ макæд уой фæстæзад. Иннæтæ та суадзынц уым дзæбæх Сабыргай сæ фæллад. *** Зыдгæнæгæн йæ фæндæгтæ Нæ вæййынц даргь, дзæбæх. Йæхимæ дæр фæлæбуры, Ысхуды йæм фыдæх. Махæн бирæ ис ызнæгтæ, Уыдонæн сæ иу у зивæг. Тынг хъæцон у, знон йæхицæн Скодта хуыссæджы хæдивæг. *** Гуыбыны фæдыл чи ацæуы, уыдон Фæстæмæ се ’ппæт нал раздæхынц, нал. Чи кауы рæбын баззайы хуысгæйæ, Кæмæ æрбахъуызы адзал. 199
*** Æфхæрд ыл-иу ауади арæх, Йæ ныхасæн хицау нæ уыдис. Ысси, дам, ныр бирæтæн хицау. Мæ зонд мæм тæккæ знон фæфæдис. ГÆМ/ЕТЫ НЫХАС ХИЦАУИМÆ Фæндагыл цæуын тынг зынаргь ысси. Мæ пенси мын фæфылдæр кæнут искуыд, Кæннодæ уый мæрдтæмваг дæр куы нæу, - Æрдæгфæндагыл баззайдзынæн искуы. *** Бауарзæм нæ кæрæдзийы тынгдæр, Фаг æрхудæм иу лæгау нæ митыл. Науæд нын æгьатыр сау фыдгултæ Сосавæндаг скæндзысты нæ риутыл... *** Дæ фыдгулы нымай æдзухдæр хохыл. Куы йæ рахонай искæд бон хъæндил, Дзырд дын дæттын, ныддæрæн дæ кæндзæни, Дæ къухтæй асхъиудзæн дæ хъил. *** Сусæггаг нæу, адæмæн сæ иутæ Зондджындæр кæй ысты бирæ. Науæд къуымыхтæн сæ хъæнтæ Чи иртасдзæн дауджытимæ иумæ. 200
*** Ехх, ысзынаргь ысты хостæ! Фестад рын сæ кой. Амоны уый афтæ, афтæ - Адæм арæхдæр мæлой. Ныхæстæ хæссын, дам-думтæ нывæндын Ирыстоны æнцон куыст нæу æппындæр. Уæддæр сæ ничи зæгьдзæн: «Офф, фæллад дæн». Нæ комынц пенсийы цæуын дæр. *** Зæронд цæй тыххæй кæнынц адæм? Цæмæй сæ кæстæртæ уыной, Æмæ сæ бирæ кусинæгтæ Æмгьуыдæй раздæр конд фæуой. Цард нæм афтæ стæнæг, афтæ... Раздæр-иу кæм цыдыстæм бæлæгьты, Стулæм уым ныр фадгуытæ æрмæстдæр. Ноджы ма дзы бахауæм бæллæхты. *** Ирачы бæстæ Бабын кодта Буш. Рæхджы йын исчи Сиваздзæн йæ хъус. 201
*♦* Ахæм хицау дæр нæм ис, Халыны вæййы йæ дзæнæт. Арæзтады та уыны Иудадзыг йæ мæлæт. Адæмæн сæ зонд ысчъизи! Искæд бон æй бахъæудзæн æхсын. Науæд ног, рæсугьд хъуыдытæн Уым уыдзæни зын. *** Уæууа, Ельцин адæмæй куыд хъазыд! Афтæ ма фæхъазы мард мыстæй гæды. Æмæ кæд мæрдтæ ысты нæ адæм... «Рухсаг уæнт» - мæн уый зæгъын фæнды. *** Чи схъæздыг афæдзмæ, науæд дыууæ азмæ, Ахæмтæ махмæ дæр иу цалдæр ис. Дæндæгтæ схъауынмæ ’ппындæр нæ арæхсынц, Сахуыр уыдзысты, нæ сыл кæнын дис. НЫХАС ХЪÆДГÆСИМÆ Стонг бирæгь бабырсы хъæумæ дæр талынджы, Аргæвды ыскъæты род йе хуытæ. Афтæ цæмæй ма уа, уый тыххæй тар хъæдмæ Ласут хæдмæлтæ, хъæугæ холытæ. 202
*** Кæд нал зонæм кæрæдзийæн æххуыс кæнын, Цæмæн ма цæрæм иумæты гьеуæд? О, афтæмæй бæллæх куы ’рцæуы искæуыл, - Ныхъхъæр кæнæм: «Фæдис! Кæд фæзындзыстут, кæд?» *** Цæрын хуызæн нæма зонæм Æмæ кæнæм хæрзбын. Цæрын куы зонид адæймаг, Нæ зонид уæд мæлын. *♦* Фæдзæхсын дын: дæхи Дæхæдæг дæр нымай. Æмæ цæрæнбонты Нæ зæрдæмæ цæуай. *** Инспектор бадзуры: «Шофыр, мæхъалон... Ахуынкъ дын кæндзынæн Науæд дæ талон». *** Бадт æрдæбон фынджы уæлхъус, Хорз куыста, тынг хорз, йæ дзых. Бадти... Ныр та йын йæ хæдзары Бадынц йæхи уæлхъус сых. 203
*** Зивæджы аххосæй цас адæм амарди Стонгæй, æнæ хостæй, зæрдæ ныккæрзы. Гъæйтт-мардзæ, схæцут ма уе уæнгтыл райсомæй, Науæд уын паддзах суыдзæни пъæззы. чызджы хъынцъым Ацæуин чындзы, Гыцци, Уарзт мæм уаид фаг, О, фæлæ мæ фигурæ Ку’ айхæла, мыййаг. Нал дæттынц ныр махмæ гонорар. Нал фыссынц ныр чидæртæ лæвар. Чи ма фыссы уацмыстæ æрвылбон, Сты ыстонгæн тынг фæразон уыдон. *** Йæ кæддæры маст сисид Дзиу Графæй, Сивазид ын тынг йæ хъустæ. О, фæлæ вæййы йæ иу къухы графин, Иннæйы та - литруат къружкæ. *** Æнæсæрæй хицау ысуæвын Уæрæсейы ’ппындæр нæу зын. Æрмæст зон къæлæтджыныл бадын, Дыууæ комыкъулæй хæрын. 204
*** Фестади нæ Уæрæсе бæхы мард, Бирæгьтæ ’мæ рувæстæн у холы. Ахæм уавæр чи сæвзæрын кодта, Уыдоныл цæуылнæ кæнæм хъоды?! *** Гæртæмттæ исынæй Абаци Бахъахъхъæдта фарон диссертаци. Загьта мын ызнон йæ ус Бабаци: «Нæ лæг Сыбыры хай баци». Æрдз ратты алцыдæр цæрынæн, - Чиновниктæ сæ бафтъæрдтой зыдæй. Цы сарæзтой? Кæм фесгуыхтысты?! Гъе уый тыххæй сæ иу бафæрсæг нæй. *** Зылынтæ фидынц алы ран æхцатæ, Цæмæй ысраст кæной сæхи фæстæмæ. Æхцатæ фидынц раст адæм дæр махмæ, Цæмæй ма ацæрой рæстæгмæ. *** Арæх-иу рынчынтæ кодта Ельцин. Уый нæ уыд хъыгаг æппындæр. Хорз куы ’нкъардтаид йæхи, уæд бæстæ Ноджы фехæлдтаид тынгдæр. 205
ЦÆМÆН СКАФЫД ХЪАЗТЫ ЧИНОВНИК Къах айсын нæ зыдта ’ппындæр хъазты, Афтæмæй йæ къахфындзтыл ыскафыд. Уый нæ уыд хуымæтæджы, мыййаг æм Кæд гæртам милуан доллæры ’рбафтыд. Дзугайы-фырты ’фхæрынц арæх адæм: «Фæлывтай ды беслæйнæгты сæ мæрдтæй!» - Мæныл уыд иунæг цæст æрмæстдæр... Цæуылнæ лыгьтæн не ’мбæлтты фыдвæндтæй. Мæгуыр лæгæн йæ бон цæуын дæр нал у, Цæмæн æй хъæуынц уæд асфальтæй конд фæндæгтæ? Хъæуынц фæндæгтæ, чи исы гæртæмттæ, Хæдтулгæтæ кæмæ ис иугæйттæ, дыгæйттæ. Куы баххуыс кæнай искæмæн зæрдæйæ - Сыхагæн, тугхæстæгæн, науæд та æндæрæн, Йæ цæстмæ йын æй макуы бадар царды, Дæу дæр хъæудзæн æххуыс, куынæуал уай дæ сæрæн. 206
Арс уæздандæр у кæмæйдæрты: Фесдæры йæ дзæмбыты кæрæттæ. Адæмæй та чидæртæ сæрдыгон дæр Сдæрынц хицæутты зæвæттæ. *** Алцыдæр нæм хорз цæрынæн ис, Æрдзæй не стæм мах æфхæрд. Æмæ не ’хсæн чи мæлы сыдæй, Уымæн худинаг фæуæд! Алы бон кæлыны бæсты Иу хатт сæрыл хъен ыслæуу. Æмæ бамбарай, цæуын дæр Афтæ ’нцон кæй нæу. *** Ногахст кæсæгты куы раппарынц сурмæ Æмæ куы фæкæнынц удисæн сау кафт, Уайтагьд мæ зæрдыл æрбалæууынц н’ адæм, Чи кæны алы бон катайы рафт-бафт. Бафæллад кæуынæй, - Цæссыг донау калдта. Чи баци мæрдфынæй, Уый дзы ’хцатæ дардта. 207
Сау сагьæстæ зæрдæйы æфснайын, Алы ран дæр хъыг æмæ хæрам. Царды ад нæ банкъардтон, уæд та йын, Оххай, искæд фен йæ къам. *♦* Хæцын хъæуы кæрæдзиуыл Æнгом, куыд уыд кæддæр. Куы-иу рацæуа искæмæй Æнаккаг тæф, уæддæр. *** Æрдз у зонаг, æрдз - нæ дарæг, Хъыг кæрæй-кæронмæ ’мбары. Кæд, мыййаг, æхсæвыгæтты Саутæ уый тыххæй фæдары. ГЪЕ УЫЙ ДЫН ДЕМОКРАТИ Бонджыныл ныффыста Критик фельетон. Иу мæйы фæстæ йыл Баталынг йæ бон. *** Кæддæр Кавказы ахæм адæм цард, - Кæрæдзи ’ппындæр не ’мбæрстой, Æмæ сæ знæгтæ ссæдз азæй фылдæр Сæ цъыф къæхты бын феууæрстой. 208
*** Гадзыбе карз нозтæй йæхи Æдзухдæр иуварс ласы, Æмæ æххормагæй йæ хъуг Ыскъæтæй нæ уасы. *** Ирон лæг-иу йе ’хцаты разæй Нымадта йæ арфæтæ тагьд-тагьд. Ныр уыцы дуг нал зыны ’ввахсæй, Æхцатæй нæм сау сынт æрбатахт. Цы фыссæг нæ дзуры рæстдзинадыл, Цы фыссæг хуызæн ныфс нæ равдыста, - Нæ кæсдзысты адæм йæ уацмыдтæ; Кæсдзысты сæ гогызтæ, бабызтæ. **♦ Хицауæн йæ иу зæвæт куы ныхсай, Худинаг дæ ссардзæни уæддæр. Чи уадзы йæ зæвæттæ ысдæрын, Уый дæр уымæй нæу хуыздæр. *** Æрцæуы арæх таможниктыл зæй. Сæ уынæрмæ фæкæны лæг къуырма. Нæ тæрсынц, нæ, уæддæр, уæууæй! Æхцаты зæйыл ма сахуыр уæнт, ма! 209
*** Фæнды Тотыры к’ уаид чемпион, Куы хонид размæ иннæты йæ фæдыл, Фæлæ йæ, уæууа, иу фæскъæвда бон Ногираг арахъхъ сæвæрдта йæ уæнтыл. *** Дзыллæтæ цæрынц фатеры Ацы зæххыл радыгай. Арæх нæм æрдзуры чидæр: «Хаугæ кæнут ардыгæй!» Хæрд фесты, хæрд, æнæ ’ууылдæй Уæрæсейы. Кæнын сыл дис, куыннæ кæнынц хъынцъым? О, уæвгæ ку’ алидзой сæ Англисмæ, Сынæр ысцæгьддзысты уæд уым. Кæд цыди чызг быгъдæг риуæй, Йæ дзыхы урс чъиу, афтæмæй? Сыхæгты лæг æм бадзырдта: «Хуыздæр уыдзæни, бафтъæр æй!» *** Кæрæдзийы чи уарзы тынг бирæ, уыдон Кæрæдзийы цинæй фæцæрынц фылдæр. Кæрæдзийы чи тоны сыхбæсты ’рвылбон, ’ Гъе уыдоны суры мæрдты ’рдæм цыдæр... 210
*** Ирыстоны дæр ис хуыснæг поэттæ цалдæр. Æдзухдæр у чъырхын, мырхын сæ хæс. Кæд дæ фæнды, уой де стихтæ æнæхъæн, Дæ чингуытæн ыссар уæд тагьддæр гæс. *** Чызджытæ тагьд рæзынц лæппуты сусæгæй, Арæгьæд вæййынц сæ фылдæр цъæхæй. Чи зоны, банкъарынц тагьддæр нæ лæппутæй Царды цыбырдзинад, даргь тых æм нæй. Фæдаргьдæр кæнид не Сфæлдисæг махæн Нæ цин, нæ цард, нæ зониккам æфхæрд, Хылты, быцæуты, тугкалæн хæстыты Кæрæдзийы куы нæ цæгьдиккам, уа^д. *** Уарзондзинад, о, табу йæхицæн! Талынгмæ фæбæллынц удтæ тынгдæр. Нарты фæткъуы ауайы мæ цæстыл - Сцæттæ вæййы ’хсæвыгон гье уый дæр. Ыссардта Дунескæнæг æмæ зæдтæн Сæ нæмттæ нард фынджы уæлхъус, Йæхи та йын сæ кауы цур ыссардта Фынæйæ ’мбисæхсæв йæ ус. 211
*** Куы срасыг вæййы, сæхгæны йæ дзых, Уæддæр ма йе ’взаг базмæлы рæбынæй. Тæрсгæ фæкæны, искæмæн, мыййаг, Зæрдæ куы бавæра æххуыс кæнынæй. *** Хицауæй бакус цыппар азы, Мæнæ, нæхимæ, Уæрæсейы, ам. Ницуал хъуаг уыдзынæ мисхал дæр, Стæй дæм нæ фæуыдзæн мæгуыр хæрам. *** «Дважды» гени хоны уый йæхи. Бадзырдтон æм: «Иу гени дзы аппар!» Не сразы, фæмæт кодта къуыри, Стæй мын загьта: «Уый бæсты мæ амар». *** Стыр лæг аразы йæхицæй, Змæлы, нал æмбары рис. Афтæмæй йæм нæй самандур, Шифер, цемент æмæ змис. *** Гæбисы фыдгой арæх кæнынц адæм. , Уæд уый фæзæгьы: «’Лгьитæнт мæ фылдæр. Уæдæ мæ кой куы ничи кæна ’ппындæр, Уæд уый кæцæй уыдзæн хуыздæр». 212
Уæрæсейы пенситæ рæзынц капекгай, Кæд фæфылдæр уыдзæн сæ бæркад, сæ уæз? Нæ пенсиисджытæ уыдзысты æхцаджын, Куы ма уой уæлæуыл цыппар кæнæ ’хсæз. Æрыгонæн йæ судзгæ уарзт Æдзух цæуы зæнæгимæ. Зæронды уарзт куыствæллад у, Уый та цæуы лæдзæгимæ. *** Ма кæн æппындæр мæсты Калоты Дотæйау ды дæр. Æмæ фæцæрай дзæбæх Сæдæ ’ртын азæй фылдæр. *** Куы вæййы адæймаг æцæг, Æцæгæй саразы æцæгдæр. Æцæг вæййы йæ кад, йæ цыт, Æцæгæй акæны мæлгæ дæр. *** Адджын ысты, тынг адджын Намыс, цыт лæгæн. О, фæлæ сын никæд ис Цъирæн, стæй хæрæн. 213
Фехъуыстон, Хъылци нæ зоны худын. Уастæн, сайды хай фæуа! Бахуды æрмæстдæр уымæ, Чи йын у пайда. *** Уарзондзинад у тыхджын. Йемæ цу хъæбысæй рахæц. Нæу уый Терчы дон уæддæр, Кæн æй, кæн, фæстауæрц. Адæмæн сæ исбон Цасфæнды фæхæр. Иу æвзæр бон дурæй Хойдзынæ дæ сæр. *** Хинæйдзаг лæг уæртæ... Уадз æй, арт ыл ма ’ндзар. Тагьд йæхи ’взæр хинты Ссардзæни йæ адзал. *** Къуымых удæн кæд вæййы сахъ йæ ми?. Ыстыр фыдæх нæ рацæудзæн йæ хъуыдытæй. Хъæуы нæ тынгдæр хъахъхъæнын нæхи Нæ ахуыргонд æдылытæй. 214
Адæмы сæрвæлтау Чи фæкодта тох, Уый нæ кæны дзыллæ Иу минут дæр рох. *** Раджы заман-иу кæрæдзимæ ’фсымæртау Адæм фæраст ысты къордæй. Лидзынц ныртæккæ та дзыллæ кæрæдзийæ, Уарзты ад атахт нæ зондæй. *** Нæ дæ ды дæр æнæ хæс, хъуамæ размæ ракæнай Искæй, демæ уæнт дæ зæнæг дæр. Зон, дæ рис нæ фæуыдзæни дзеегьæлы, Уым уыдзынæ ды дæхæдæг дæр. Æз карз нозт бирæ фелгьыстон, Уæддæр дзы не стæм хъуаг. Тæрсын, тæрсын, нæ Ирыстон Куы срасыг уа, мыййаг. *♦* Хъуамæ зона а зæххыл Алчидæр йæ бон, Кæннод æй æндæр исчи Базондзæн бынтон. 215
*** Амарыны карз закъон куы райрæзид, Уый Уæрæсейы кæй нæ фæнды, Уый тæрсы, тæрсы йæхицæн марынæй, Стæй ма зонгæтæй кæмæндæрты. НОГ АЗЫ АРФÆТÆЙ Зæронд азæн загьтам мах фæндараст. Ног аз нын нæ низтæ ахæссæд нæ цурæй. Ныййарджытæ хæдзæртты иронау Сывæллæттæм арæхдæр куыд дзурой. Къæрныхты хъæуы æфхæрын тынгдæр... Цасфæнды-иу риссæнт, Уæууа, кæннод нын нæхи дæр Ахæсдзысты искæд. *** Сусæг нæу æппындæр махæн - Адæймаг куысты фæллайы. Уый хыгьд фынджы уæлхъус йе ’взаг Царвы хи фæнайы. Цард кæсы кæмæдæрты Куыд резинæ, ивæзаг. Ахæцынц ыл, аскъуыны... Ма кæн афтæ, ме ’мбæстаг. 216
*** Сасинæт нын куыд базæронд! Йæ тыхстæн нæй фæуæн. Уый базæронд и уый тыххæй, Кæй нал ысног уыдзæн. ♦ ** Чидæртæ мæ зонгæтæй сæхи Зондджын адæм хонынц, Афтæмæй цы базыдтой нырмæ, Уыдон дæр нæ зонынц. *** Сылгоймаг у нæлгоймагæн Йæ цæрæнбонтæм уаргь. Уæддæр къафеттау адджын у, Сыгьзæринау зынаргь. ИУ ХИЦАУ/ЕН ХЪУСЫНГÆНИНАГ Кæд дæ куыст нæ цæуы ’ппындæр, Ацу уæд уæхимæ. Науæд адæмы ныфсджындæр Бавналдзæни хъилмæ. *** Адæмы сæраппонд чи батыхст... Мацы ысдзурæд фæлтау. Арфæты бæсты йыл иу «ничи» Авæрдзæн уайминут фау. 217
*** Зыдтон, цыбырзонд кæй у, уый, Æмæ йын кодтон уый зæгьгæ дæр. О, фæлæ арфæйы бæсты Йæ хъуыр-хъуыр райхъуысти цæмæндæр. *** Годи мæт кæнын нал зоны, Нæ тыхст цард æй нæ агайы. Æнкъард у ныр цыппар боны... Гогызы фыд ын нал тайы. **♦ Демократи бæстæтыл фæхатти, Цалдæр раны бафыста йæ хæстæ, Махмæ чи ис, уыцы демократи Хорз у хуыдоны æрмæстдæр. *** Дзыхджынтæй байдзаг и Уæрæсе, Куыстæй у кадджындæр бæр-бæр. Кæмæ нæй дзуринаг æппындæр, - Фæдзуры иннæтæй фылдæр. *** Куы асурай зивæг дæ удæй, Поэзи куы уарзай æгæрон, Мæ ныхæстæ бадар дæ зæрдыл - Нæ дæм цæудзæн чъизи æмгæрон. 218
Зонын ахæмы, æлгьыст дзы Тас нæ уадзы куыд тыхгæнæг, Уый тыххæй æмæ дзы ’ппындæр Нæу æлгьыст æдас йæхæдæг. *** Йæхицæй хуыздæры куы фены, Уæд цæстытæ ахгæны ’васт. Æрæхгæдта та сæ æрдæбон... «Жигули»-йы бынæй ыскаст... *** Зарæггæнджытæй нæ Уæрæсе байдзаг и, Бамбæрстон, хъуыддаг цæй мидæг ис, цæ. Зарæг æфсæстæй зын зарæн уыд айразмæ, Абон ыстонгæй кæны уый нæргæ. *** Рауагьта гени поэзийы графинæй... Радта дæм нуазæн, сæрыстыр уыдзынæ. Уымæн фæстæмæ ыздахæн нæй афтæмæй. Оххай, цæмæй йæ æрыдзаг кæндзынæ. *** Додти йæ куыдзы сардыдта Дзымæтыл - Цæйдæр тыххæй йæм тынг мæсты уыди. Нæ йæм лæбурдта куыдз, гьеуæд ыл Додти йæхæдæг андзæрста йæхи. 219
*** Рауагьдадмæ сарæзта фæндаг, Афтæмæй йæ роман уыд æдзæрæг. Уый бæсты йыл бакуыстаид фаг, Ссардтаид æй редактор йæхæдæг. * ** Лæггад кæнын куыннæ зонынц Гиголайæн йæ зæнæг. Йæ пенси йын æрбадавынц Лæфлæфгæнгæ сæхæдæг. ГОРБАЧЕВЫ АУЫНГÆЙÆ Уæууа, гье уый æнхъæл чи уыди, æмæ Ленины партимæ бацæуа хуы. Бамбæрста уыцы «джир» тынг хорз йæ рæдыд. Уартæ та ’нкъардæй лæууы. *♦* Цæгьдынц кæрæдзи дзыллæтæ. Цæмæн? Ис фарстæн ахæм дзуапп дæттæн: «Цæмæй-иу сæ Мæлæт уына Æмæ сæм хæлæгæй мæла». *♦* Сылгоймаг у рувас, Нæлгоймаг та - арс. Сæ хъаугьа сын арæх Æрбайсафы баз. 220
МАРТЪИЙЫ ХОЛЛÆГТÆ КУЫ СКУЫНÆГ СТЫ, УÆД Фермæйы кусджыты бафарста хицау: «Стуртæй уæм цал амард ацы тыхсты?» Фæлæ сæхæдæг куыд цæрынц, цы курынц, Уымæй сæ н’ афарста, айрох сты. *** Нæ райста арфæ иу хатт дæр Йæ зонгæтæй, йæ адæмæй, Йæ царды кæрон айфыццаг Ыстъæлф нывæрдта афтæмæй. Чи кæны зæрдæбынæй Хорз фæллой йæ фаг, Уый ахсæнмæ физонæг Ссардзæни фæндаг. ♦ ** Хионизм Мæскуыйы Дидинæг æфтауы. Ахæм судзаг уайдзæф Махмæ дæр куы хауы. 221
ДЫУУÆ ЛÆДЖЫ НЫХÆСТÆИ - Хорз зæнæг рауагьтат де ’фсин Дзæнæимæ, Схъомыл сæ кæнут, уæ фынтæй фæхъæудзæн. - Мæнæ цы диссаг и, уый мæ æрбайрох и. Хъомыл кæнын сæ куы хъæудзæн. *** Аргь цы ран нæ кæнынц зондæн, Куысты ’ккой кæм ысбады доклад, Дзыхтæн уым вæййы бæрæгбон. Дзураг дзыхтæн сырæзы сæ кад. Æз, дам, дæн æмгарджын, фæдзурыс æдзух, - Сахатмæ, дам, райсын дæс къухæй фылдæр. Куы исиккой адæм сæхæдæг дæ къух, Уæд уаид дæс хатты хуыздæр. *** Фау та фехстай, сыхагыл ныйичъи. У дæ уд æнæ æфхæрд æрмæстдæр. Уымæн æмæ дæу нæ уыны ничи, Адæмæн æдзух цæуыс сæ фæстæ. ГÆРТАМ Бацагуырдта чиновник æртын мины, Ауæй кодта лæг йæ хъуг. Баззадысты сабитæ æнæ ’хсырæй, Фыркуыдæй кæнынц хуыдуг. 222
*** Ныры лæппутæн у тæнæг сæ уарзт, Кæд, чи зоны, ысчынди сын кæлæн дæр. Чызджы зæрдæмæ не ссарынц фæндаг, Фæлæ æндæр кæдæмдæр. Советон дуджы адæмæн æнæвгьау Æууылдæй дардтой. Зæрдæ-иу нырхæндæг. Ныр та нæ адæм хъæздгуытæй фæстæмæ Ысты æууылд сæхæдæг. Цыфæнды хорз уацмыс ныффысс Цæгат Ирыстоны фæрнæй, Куыдз дæр дыл не срæйдзæни, куыдз, - Вæййынц, æвæццæгæн, фынæй. *** Бæллиццаг адæмимæ алчи Кæны æрвылбон гуыргæ. Куы бафты ницæйæгты къордмæ, Уæд кæны ныгуылгæ. 223
Ситохов Саламгерий Александрович ФАКЕЛ Сатира и юмор Художник Т. Ф. Алипченкова Технический редактор Б. Т. Бесавва Компьютерная верстка Ю. О. Федорова Подписано в печать 06.04.11. Формат бумаги 70x90 1/и Бумага офс № 1 Гарн. шрифта «Ала1 Оззв^ап» Печать офсетная. Усл. пвч. л. 9.03. Учвтно-изд л 6,37 Тираж 500 экэ. Заказ № 1485. Отпечатано в полном соответствии с предоставленными диапозитивами в ОАО «Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гассиева». 362021. г Вла- дикавказ, ул. Тельмана. 16. Тел.: 74-24-23.