/
Текст
Джиоты Хъаэбеджы фырт Лев райгуырд 1937 азы Знауыры районы
Уелиты хъæуы.
Каст фæци Чъребайы Тугъанты Махарбеджы номыл нывгæнæн ахуыр-
гæнæндон. Нæ журналы цъæрттыл сты йæ конд декоративон вазæтæ.
АИВ-ЛИТЕРАТУРОН ÆМ/2
ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН
ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ
ГССР ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ
ХУССАР ИРЫСТОНЫ
ХАЙАДЫ ОРГАН
КÆРДÆДЖЫ МÆЙ ЖУРНАЛ ЦÆУЫ 1927 АЗЫ ТЪÆНДЖЫ МÆЙÆ
НОМЫРЫ ИС
БУКУЫЛТЫ АЛЫКСИ— Дыууæ радзырды . .
ХАДЖЕТЫ ТАИМУРАЗ — Æмдзæвгæтæ ....
КОЦТЫ ЮРИ — Катайы райдиан (радзырд)
ПЛИТЫ ИЛЬЯ — Æмдзæвгæтæ ,
ДЖЫККАЙТЫ БЭЛЛÆ —Зæрдæйы хивæнд митæн басу
сæггæнæн ис? (радзырд)
ТЕДЕТЫ АВГАР —Æмдзæвгæтæ ....
ГАЛУАНТЫ ЛЮДÆ —Æмдзæвгæтæ
ХАЦЫРТЫ УАСО — Æмдзæвгæтæ
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД
Царциаты таурæгътæ . . 40
ДУДАЙТЫ ГЕРСАН — Чындзхæсджыты сæфт (легендæ) 48
ПУБЛИЦИСТИКÆ
ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ — Рацаразт: ныфсытæ æмæ
æцæгдзинад 49
ЖОРЖ ДЮМЕЗИЛЬ — Скъифаг роман . . ... 89
ЮМОР ÆМÆ САТИРÆ
ф|ЩÆГ
3
11
15
26
28
30
34
38
ДЖИОТЫ ПАВЕЛ — Пешкæтæ (юморескæ)
96
Ф ИД ИУ А Г
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
ЛИТЕРАТУРНО ХУДОЖЕСТВЕННЫЙ
И ОБЩЕСТВЕННО-ПОЛИТИЧЕСКИЙ
ЖУРНАЛ
Орган Юго-Осетинского отделения
Союза писателей Грузии
эпзосготзо’ало
сгоаоббб’Зб’зсг-аь^бзл’зсго ад
ь^паб^спо&лоз.гшсгобо^’ЗАО
Ьо^о6сг>з0Сппсп1> 9^д6а$гпог>а
З^з’ЭоЛоЬ ЬоЗЬбдсп счЬдсооЬ
^оБупозостдооЬ пЛ^оБсп
СÆЙРАГ РЕДАКТОР
ÆЛБОРТЫ ХАДЗЫ-УМАР
РЕДАКЦИОН КОЛЛЕГИ
БИЦЪОТЫ ГРИС
ГÆБУЛТЫ МЕЛИТОН
ДЖУСОЙТЫ НАФИ
ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ
МÆРГЪИТЫ КЪОСТА
ПУХАТЫ АЛ ЕКСАНДР (бæркон нымæрдар)
ХАРЕБАТЫ ЛЕОНИД
РЕДАКТОРТÆ:
БАХЪАТЫ НУГЗАР
ГУЫЦМÆЗТЫ АЛЕШ
ХЪОДАЛАТЫ ГЕРСАН
Корректор Болататы Ленæ
Журнал «Фидиуæджы» фæлындзыны хъуыддаджы техникон æмæ полиграфион
къуыхцытæ æмæ згъуыдты тыххæй дзуапп дæтты типографи.
Иу мыхуырон сыфæй къаддæр уацмыс редакци фæстæмæ нæ дæтты
Сдано в набор 20. IV. 1990 г. Подписано к печати 06. VI. 1990 г. Учетно-изд. л. 6,9,
Формат бумаги 70x108716. Печатных листов 8,9. Заказ типографии № 559
ЭТ 00117. Тираж 4996.
Адрес типографии г. Цхинвали, ул. Московская, 5 Тел.: 2-42-25, 2-22-24
Адрес редакции: г. Цхинвали. пр. Ленина, 3. Тел ■ 2-22-65, 2-22-60.
БУКУЫЛТЫАЛЫКСЙ
Дыууæ радзырды
1. РАЗДЗОГ-ДЕМОКРАТ
Сатирикон сисæй
— Фæстæмæ, фæстæмæ иууылдæр!
Балкъонæй уын фехъусын кæндзы-
нæн хабар! — Кæйдæр хурхы уадын-
дзт’æ феуæгъд сты æмæ агъуысты
къултæ ныццараудтой. Къултæ нæма
’рынцадысты сæ дыз-дызæй, афтæ
та ногæй уыцы хъæлæс:
— Мемæ рацæудзысты æрмæст æр-
тæйæ: Сеттыр, Беттыр æмæ Хыбет-
тыр. Кæй ранымадта, уыдонæй иу —
Сеттыр, зæгъгæ, йæ дымст гæлдæр
асины сæрæй раппæрста æмæ бын-
мæ, адæммæ, ныдздзырдта:
— Ног сæрдар уемæ дзурдзæн æр-
тыккаг уæладзыгæй!
Знæт адæм сæ маст не ’мбæхсюй:
— Равзилут-ма йæ æуым æртыккаг
уæладзыгæй!
Ныр та Беттыр радардта йæ «Хо-
хойы дзæкул» асины сæрæй:
— Сабыр, сабыр!
— Ноджы-ма йæм сабырæй кæ-
сæм? Ист у йæ бынатæй, Цæмæй-ма
дзы тæрсæм?!
Хыбеттыр, цыма йæ адæмы сæрыл
æруадзынмæ хъавыд, уыйау фый-
йаджы фæтæнæн армытъæпæн раз-
мæ асхуыста:
— Раздзог афтæ нæ зæгъы! Де-
мократийы дуджы тыхмигæнæн нæй!
— Сæрра ис, куыннæ, йæхигъæдæй
дын йæ хъарм бынат ныууагъта!
Фæстаг мæсты сриуыгъдæн дзуапп
нæ уыд. Уæдмæ дыккаг уæладзы-
джы асины фæзыл ничиуал уыд:
раздзог йе ’ртæ «удылхæцæджимæ»
æртыккаг уæладзыгмæ атындзыдта.
Раздзог — бæрзæндтæ, къæсхуыр-
тæ конд лæппулæг, — дзыхъхъынног,
итувæрд сау костюм, сау галстук,
мйтхъæпæн сарочкæимæ æвзæр нæ
фидауынц, нæ йæ уæлæ. Æниу æрд-
хæрæн æмæ зæрдæисгæ та куыннæ
уаид сылгоймæгты ’хсæн, йæ гæмæх
сæр ын йæ фидыцыл «цъæмæлтæ
куынæ калид, уæд!..» Кæнæ-ма йын
йæ къахайстмæ бакæсут: цыма Гер-
маны хæстæй стыр уæлахиз уый æр-
хаста, ахæм фидар, хиввæрсон къах-
дзæфтæй рацæуы къæлидоры раз-
дзог. Иæ фæдыл — йæ сих хъахъ-
хъæнджытæ, кæнæ сæ йæхæдæг хъа-
згæйæ куыд хоны — йæ «удылхæц-
джытæ» — æртæйæ.
Æваст раздзог дзыхъхълæуд фæко-
дта. Йæ фæстæ йæ «удылхæцджы-
тæм» æрлæууыны фæнд нæма уыд
уым, æнæнхъæлæджы размæ федзæг
сты æмæ, чысыл ма бахъæуа, раздзо-
джы сæ быны ассæндой, фæлæ æртæ
«бæгъатыры» фæцырд сты æмæ, сæ
хъаруйы фæрцы, кæрæдзийыл сæхи
цы бакъуырдтой, æндæр ницы зиан
æруагътой... Гъе ам, сæ цыппар дæр,
цыма сæ фынæйæ фехъал сты, уый-
ау сæ цæстытæй ракастысты: сæ
разы уыд сау, гуыбынджын дуар.
Йæ уæлæ ставд дамгъæтæй фыст:
«Горæххæсткомы сæрдар». Дæлдæр:
«Исæн бонтæ»... Раздзог фæрæвдзи
æмæ дæллаг фыстытæ рарæмыгъта.
— Уæ хъуыддаг нæу! Ныр кæд
кæй райсын хъæуа, уый мæхæдæг
зондзынæн!
Уымæн абон, æцæгдæр, уæлахизы
бон уыди — дуары рахæцæнмæ уы-
цыиу лæбурд фæкодта æмæ, æцæг
уæлахиздзауæн куыд æмбæлы, афтæ
æнæуæлдай митæ мидæмæ балæгæр-
ста, йæ фæдыл — йæ удхъахъхъæн-
джытæ — Сеттыр, Беттыр æмæ Хы-
беттыр.
Æнæхонгæ уазæг та кæд кæмæн
уыд æхцонхæссæг?! Фæлæ ацыхатт
сæрдар ницæуыл бадис кодта: «Га-
бойы фыртæй дæ алцыдæр уырнæд
ацы дуджы», — скарста хинымæры,
сыстад æмæ йæ «уазджыты» размæ
рацыд. Цыма сын се ’нæхъола ба-
бырст фиппайгæ дæр нæ бакодта,
уыйау райдыдта:
—А-а! Мæнæ-ма кæй уынын, мæнæ!..
Цы хур, цы къæвда дæ æрбахаста,
Цыцылбег, дæ хæлæрттимæ? Цæмæй
уын у мæ бон балæггад кæнын?
— Ныууадз, Гаврил Исмелович,
3
З&ронд мелодитæ! Алы ран — раЦа-
рæзт. Демократи. Ног хъуыдыкæ-
нынад. Ды та нырма зæронд зар-
джытæ, скъæрыс. Бюрократы зар-
джытæ! Ныууадз сæ! Нал дæ ахæс-
дзысты!
— Ды та, Цыцылбег ныууадз бæ-
рзонд категоритæм бæлгæйæ, фыр-
уæздан митæ. Цæй «Исмеловичтæ»
мын кæныс, Габрел дын кæдæй
нырмæ нал дæн? Æви иумæ не згъор-
дтам скъоламæ?
— Сафгæ дæр мæ уый фæкодта,
демæ кæй згъордтон... Мардыл мæ
банымадтай,мæ амонд мын мæ къух-
тæй сцъуй ластай, дæхæдæг бæрзонд
къæлæтджыныл рабадтæ. Ды та,
мæнæуый, дæ хъиутæ сау кусæгæй
бахæр, уæлдæр ахуыр дæм нæй
æмæ... Æгъи мын, æгъи, Исмелы
фырт йæ къах кæуыл æркъуырдта;
^>æлæ æнусмæ дæ паддзахиуæг нæ
уыдзæн, фæивта дуг!.. Абон та мах-
ырдыгæй скасти хур! Дæ разы ма дæ-
гъæлтæ стъолыл æрæвæр æмæ дуар
æдде æрбахгæн! — мæстыйæ дзырд-
та раздзог. Уæд дæр ын хъазынæн-
хъæл уыди Габрел:
— Комик уыдтæ, Цыцылбег, æмæ
комикæй баззадтæ! Скъсклайы-ма
куы ахуыр кодтам, уæддæр-иу ды
цы ’рхъуыды кодтай, уымæн æмбал
нæ уыд. Худæгæй-иу нæ цагътай!
— Ме ’взонджы бонты бирæ æды-
лы митæ кæй кодтон, мæ сæрмæ дæр
уымæн схызтыстут. Ныр та раца-
рæзт у æмæ алкæмæн йæ бынат
амоны. Мæн дæр иу хатт лæгæй ра-
цæрын фæнды! Захар Ивановичæй!
(афтæ фыст уыд Цыцылбег паспор-
ты). Нæма мæ бамбæрстай? Дæгъæл-
тæ æрæвæр æмæ кабинет ссæрибар
кæн. Бынат мæн у, гукк!
Мастæн, дам, «гæррæтт» дæр æгъ-
гъæд. Фæлæ Цыцылбег «гæррæттæй»
. дæр ахызти. Хъазынæн дæр фæтк ис.
Стæй йын кæрон дæр вæййы. Иу хуы-
цауы хæрзиуæг уый уыд, æмæ Габрел
йæхиуыл хæцын зыдта. Хæстæгдæр
балæууыд Цыцылбегмæ, хъуыддаг-
гъуызæй йæм дзуры:
— Цæй, хорз! Æгъгъæд фод хъа-
зынæн. Ныр та æцæг хабæрттæм ра-
хизæм. Æнæ хъуыддаг не ’рбауада-
иккат цыппарæй. Стыр зæрдиагæй
уæм байхъусдзынæн. Райдай уал ды,
Цыцылбег. Куыд рагон хæлæрттæ,
афтæ... —Æвæццæгæн, йæ хæлар-
дзинад бафидар кæныны охыл, Га-
брел йæ къух хъуамæ æрæвæрДТайÆ
Цыцылбеджы уæхскыл. Фæлæ йæ
Хыбеттыр ауыдта æмæ, цæмæйзон
цы ахъуыды кодта, — размæ йæ иу
санчъехы йеддæмæ нæ хъуыд — йæ
фыййаг арм ныр та тымбыл дзæккор
фестади æмæ Габрелы сæрмæ фев-
зæрд. Аныр æй æруадза, афтæ йæ-
«удылхæцæджы» цонг ацахста раз-
дзог:
— Сабыр, дæхиуыл фæхæц! Де1
мократи махæй тыхми нæ домы, на-
уæд сафæм нæ хъуыддаг!..-
йе ’рхъуыдыйы тыххæй йæхйцæй
фæбузныг и раздзог. Уæдæ йын йæ
иннæ дыууæ «удылхæцæджы» йæ’
«бæзджын» зондæн куыд саргъ код- .
той, уый базоныны охыл та фыццаг
бакаст Сеттырмæ, стæй та Беттыр:
мæ. Уыдон Хыбеттыры дыууæ габа--
зыл фæхæцыдысты æмæ йæ фæстæ1-
мæ йæ бынаты авæрдтой.
— Афтæ, гъе! — сæрыстырæй за-"
гъта раздзог, ацы «зæронд» сæрда-'
ры цы стыр «фыдбылызæй» фервæ1
зын кодта, уымæй буц уæвгæйæ..
Стæй йыл йæ «удылхæцджытæ»
афтæ æнувыд кæй сты, уымæй дæр
куыннæ уа сæрыстыр? Æниу канд,
уыдоы сты? Иу фысы доны баппар,,,
— æнæхъæн дзуг æнæмæнг йæ фæ-
дыл акæлдзæн. Афтæ у ацы адæмы
хабар дæр: иугæр раздзог загъта, уæд
хабар у, чи ’мбæлы, ахæм. Æмæ та:
йæ фæдыл акæлынц.Мæнæ та ныр>
дæр уæдæ кæй ныхасæй аивылдысты!
балкъоны бынмæ?^ Афтæ йыл бау-
уæндыдысты, æмæ сын, зæгъгæ, за^
гъта уæхи доны бакалут — уыцьп
фосы дзугау, фæстæ нæ фæлæуик-
кой... Æмæ йын куыннæ кад кæнои1
уæдæ?.. Æрвылбон ацы митингты;
адæмы бартыл дзурæг сси, сæ сæрьш
да$р æндæр уæдæ чи рахæцы?! Ныфс*
дæр уымæй æвæрынц, сæ «раздзог»>
дæр æй уымæн рахуыдтой. Уæлдай;
аргъ та йын кæнынц «тохгæнæг»*
сылгоймæгтæ, сæ хъæбулты хурæй[
бафсæдæнт, махмæ рацарæзтæн бын-
дур чи ’рывæрдта... Уыцыиу хъуы-
дыйæ сты баст: «Цытæ дзурут, мах:
æнæ раздзог ницы бакæндзыстæм,.
æмæ нæ «тохæй» дæр ницы рацæу--
дзæн, æнæ уый! Уымæн æмæ уый у
æцæг демократ æмæ ахæмтæй араз^
гæ у абон махæн нæ хъуыддаг. Æмæ’
нæ хъæугæ дæр ахæм раздзоджы
сæр кæны!» «Раздзог-демократ»
æндæр номæй йæм нал дæр дзургæ*-
4
гкодтой. Бирæтæ ма йын йæ зæрдæ
дæр арæвдауынц сæ уæздан, сæ
:зæрдæскъæф мидбылхудтæй. Уый
дæр йæхицæй бабуц вæййы, раздз-
юджы «зондджындзинад» равдйсы:
— Раст дзурут, раст. Абон æнæ
демократи цæрæн нал ис. Фæлæ
раздзог дæр иунæгæй цы бакæндз-
æн? Сæйраг тых сымахмæ ис— ад-
æммæ! — Æмæ та йæ зондджын
’цæстæнгасæй кæйдæрты зæрдæтæ
'Ссудзынц...
Уæдæмæ ахæм «раздзогæн» йæ
дзырдыл дыууæ чи хъуамæ зæгъа?
Мæнæ знон дæр митинджы, горæх-
хæсткомы сæрдары «фарста» куы
"взæрстой, уæд... Уыцыиу хъæлæсæй
нæрыди арв: «Ничи нæ хъæуы нæхи
раздзогæй хуыздæр!» Стæй хъуыд-
даг хъуыддагмæ куы ’рцыд, уæд уы-
цы иугуырæй сæ къухтæ сдардтой.
Ныр æм æнхъæлмæ кæсынц дæлæ
балкъоны раз фæзы, сæ хъæлæба
йæм сыхъуыст æмæ «раздзог-демок-
рат» фæтагъд кодта йæ хъуыды ад-
,-арддæр кæныныл:
— Мæн бынтондæр не ’ндавынц
дæ хабæрттæ. Дæс азы дæргъы би-
рæ хабæрттæ уыд ам, дæумæ. Фаг
дзы сцъырдтай,.. Ныр та мæ рад у.
Знон митинджы алыги хабар. Ныр-
тæккæ адæм сæ хъуыддæгтæ сæхæ-
дæг скъуыддзаг кæнынц... Акæс сæм
мæнæ балкъонæй, бафæрс сæ!
Раздзог-демокоат хуымæтæджы
не смæсты, нæ! Нал фæлæууыд, фе-
гом кодта балкъоны дуар. Бынæй
адæм, æцæгдæр, нал урæдтой сæ
маст:
— Ардæм базар кæнынмæ æрны-
дыстæм, æви цы ми кæнут уым?
— Февналут-ма йæм, Сеттырæй-
Беттырæй цы ми кæнут уым?!
Сæрдар ныккаст балкъонæй. Ад-
æмы бардз фыхти. Чидæр цыдæр
сæхста, фæлæ балкъонмæ не схæц-
цæ ис. Уый бафæзмыдтой æндæртæ
дæр. Æниу нысаныл не ’мбæлдысты
сæ «зыввыттытæ», фæлæ уыйхыгъд
хъустæ къуырма кодтой сæ хъæр
æмæ сæ къуыззиттæй. Арвы бын
сæмтъеры ис алцы дæр...
— Уæхиуыл фæхæцут, æмбæлттæ!
Демократи тыхæй аразгæйæ нæу.
Демократи йæ фæндаг йæхæдæг ам-
оны! Ныртæккæ алцы дæр бæстон
уыдзæн. Æмæ нæхæдæг æрæвнал-
дзыстæм ног уавæрты нæ куыстмæ!
— «Раздзоджы» ныхас æвдадзы хос
уыди, цы уыди — бынæй адæм фæ-
сабыр сты.
Габрел бамбæрста, Цыцылбеджы
марг æйзаг ’кæуылты акарста, уый.
Уæдæ йемæ цæхгæр дзургæйæ нæу-
ныртаеккæ.
— Хорз! — хъуыдыгæнгæ, рай-
дыдта сæрдар. — Æз цæуын. Фæлæ
дæу, Цыцылбег, кæд равзæрстой де-
путатæй? Ацы бынат адæмон депу-
таты бынат у!
— Ныууадз дын куы зæгъын, Ис-
мелы фырт, административон-къам-
андон дзæхстытæ! Демократи, демо-
крати! Бамбарынафон дын нæма у
æви? Адæм сæхæдæг систы сæхицæн
хицау: хъусыс сæм дæлæ?!
— Уæдæ уæ митингæн санкци дæр
уыдаид?! — Йæ фæстаг хотых слас-
та Габрел. — Демократи цы у, уый
æз дæр зонын, фæлæ закъонæн хал-
æн кæй нæй, уый дæр ма зонын! Аб-
он алцы дæр уыдзæни бæрæг!
Габрелы фаестаг хотыхы гæрах
Цыцылбеджы «бæзджын» зонды ин-
нæрдæм ахызт: алцы дæр дзы
уыди, фæлæ дзы санкци нæ уыди
æцæг... «Æниу уый цы давы? Адæм
дæлæ не сты?» — Скарста Цыцыл-
бег. Уыйадыл дзы уадид æрбайрох
сты Габрелы ныхæстæ, балкъонмæ
рауад æмæ дæлæмæ, адæммæ, дзу-
ры:
— Æппæт дæр — нывыл! Æппæт
дæр, куыд сфæнд кодтам, афтæ! Фа-
теры тыххæй мæм номхыгъды йæхи
чи ныффыста, уыдон мæм радыгай
æрбацæуæнт, иннæтæ уал сæрибар
сты! — уыйадыл фæзылд æмæ, йæ
цин тыхæй уромгæйæ, сæрдары къæ-
лæтджыныл æрбадт. Æппæты фыц-
цаг уал ног «сæрдар» аскъуыддзаг
кодта Сеттыр, Беттыр æмæ Хыбет-
тыры хъуыддаг — фæндзгайуатон
фатертæ сын «æрныв кодта». Уый
фæстæ йæм радгай цæуын райдыд-
той иннæтæ — фатерагурджытæ...
Афтæ иу-дыууæ-æртæ сахаты
бæрц акуыстаид Габоты Цыцылбег
горæххаесткомы сæрдарæй. Уалын-
мæ йæм прокуратурæйæ гæххæтт
æрбацыд: Габойы фырты архайд
нымад æрцæуæд æнæзакъононыл,
митингæн санкци кæй нæ уыд, уымæ
гæсгæ. Уыйадыл Габоты Иваны
фырт Захарийæн хъусын кæнæм,
цæмæй ссæрибар ^кæна горæххæёт-
комы сæрдары кабинет. .
Гъеныр, гъе, æцæгæй сæмбæ’лд
Ь
Габрелы фæстаг «гæрах:» раздзог-
ыл: алцы дæр дзы уыд æцæг, фæлæ
дзы санкци нæ уыд. Æмæ йæхимæ
куыннæ рамæсты уыдаид — куыд
дзы байрох ис, куыд æй ауагъта йæ
иу хъусы фæрсты, закъæттæ хорз
куы зоны, уæд?!
«Фæлæ ууыл нæма фæци нæ тох, —
Карушкъи горæтмæ куыд æрæфты-
ди, уый рæстмæ нал хъуыды кæны.
Хуыссы зæронд ус уæлгоммæ. Кæсы
цармæ. Урс-урсид пæлæзы нарæг уац-
цаг æххæссы иу къулæй иннæ къу-
лмæ. Диссаг: куынæ дзы уæладзæн
зыны, куынæ фæйнæг, — ай цыхуы-
зæн цар у? Сæхимæ ма æндзæлмтты
’хсæн зыхъхъыртæй сыджыт дæр
æркæлы... Ам ахæмтæй ницы ис. Уæ-
дæ кæм уа?
Урс уаццаг. Урс къултæ. Урсхуд-
джынтæ. Урсхалатджынтæ. Сылгой-
•мæгтæ, нæлгоймæгтæ... Æндæр ма
исчи ис бæстыл? Мæнæ та йæм ба-
гуыбыр сты дыууæйæ къопхудджын
чызджытæ. Сæ иу ын йæ дæларм
акъахта. Цы дзы ссардта, цæмæйзон,
фæлæ йе ’мбалы хъусы дзуры:
—Цыппор дыууæ... Райсом’æй къад-
дæр уыд йæ тæвд! Цы чындæуа?
Карушкъи копхудджынты катай-
тæн ницы бамбæрста. Уый нæ, фæлæ
сæ уынгæ дæр куынæуал кæны рæст-
мæ. Цæстытæ царæй нæ исы. Былтæ
базмæлынц, хъæлæс — (Ьæсус. Сы-
бар-сыбур. кæны. Æмæ афардæг йæ-
хи фæндагыл, йæ сæнтты Æмæ стыр
хæрзиуæг сæмбæлд Карушкъийыл:
мæнæ йæ разы (Ьевзæрд. кæй цæоа-
йæ иæрьт, уый. Йæ иунæг хур. йæ
дарæг, йæ уромæг. Йæ къæхтыл дæр
ма уæдæ æндæр кæмæн цэ^ы азæ^-
хыл зæронд Карушкъи? Йæ хъæ-
бульт хъæбулæн — Солтанбегæн. æн-
дæр ма кæмæн! Уас йæ низтæ бахæ-
ра йæ зæпонд Æна... Мæнæ та ю/ьтп;
фæлладæй æрбацыд, мæнæ... «Стæ-
ма, дон дьтн ахъарм кæнон, дæ къух-
тæ дзæбæх æрæхс. Фæллайгæ дæр
нæ кæныс бон-изæрмæ уыцы трак-
торимæ архайынæй?»
«Хуым кæнæм, Æна, хуьтм. Хуьтм
та хор у, дæхæдæг куы сЬæзæгъьтс!»
— йæ мидбылты худьт Солтанбег.
«Хуым дæр хорз у, хор дæр куыннæ
ахъуыды кодта Цыцылбег, — райс-
дзыстæм та санкци дæр! Æмæ та
адæм дæр мæнæ не сты? Фæлæ рат-
дзæн Исмелы фырт, ратдзæн йæхи
ныхмæ санкци?!» — Дыгъуырццæг-
гæнгæ, рагуыпп кодта Цыцылбег йæ
фæдыл сæрдары кабинеты дуар...
хъæуы, цард дын фестон... Фæлæ
дæхицæн исты кой куы бакæнис. Кæ-
сыс мæм — мæ зæронд стджытæ нал
фæразын...»
Æна йын «исты кой бакæныныл»
дзуры, — уæд худгæ фæкæны Сол-
танбег. Ныр дæр та уыцы хъæлдзæг
равджы бынæй ратагъд йæ дзуапп:
«Уыдзæн, уыдзæн кой дæр, Æна!
Мæнæ уал нæ хæдзар ногæй раивæм!
Ацы кæлæццагмæ дæм чи цæуы?»
Царды фæндтæ йæм бæргæ ис...
Фæлæ нырмæ сьтвæллон у... Ацы зæ-
ронд хæдзар раивыныл уыди Сол-
танбегæн йæ сЬыд дæр. Фæлæ йьтн
нал бантыст. Æнæнхъæлæджы фыд-
былыз ыл æрбамбæлд. Мады зæрдæ
скъахта...
Цытæ ма нæ бавзæрста Карушкъи.
Йæхи загъдау, иу ма йæ сæрыл куы-
рой нæ разылд, уымæй дарддæр...
Цæстытыл ауайы хæсты уæззау рæ-
стæг. Бон лæджымдых цæвæгæй
карста (Æниу ма цы нæ бафæлвæрд-
та нæлгоймаджы куыстытæй!), æх-
сæв та цъындатææмæ хъарм дарæс-
тæ быдта, — уырдæм, фронтмæ, кæд
дзы йæ сæрыхицаумæ дæр истьт сЬæ-
хæццæ уаид. Фæлæ йæм дзы цы фæ-
хæццæ ис? Уый нæ, фæлæ йæхæдæг
дæр нал сыздæхти хæстæй. Сæ иунæг
хъæбулы бæргæ ракодта адæмы
рæгъмæ Карушкъи, фæлæ йæ уый
дæр фæсайдта... Кæмæн ма лæууы-
даид йæ къæхтыл, кæй ныфсæй? Фæ-
лæ та мæнæ рахъомыл ис йæ хъæбу-
лы хъæбул Солтанбег. Иæ мад мой
кæнын куы ’рымысыд, уæд йæ сы-
вæллоны йемæ хъуамæ ахастаид,
сЬæлæ йæ Карушкъи кой дæр не
суагъта. Æмæ та бæргæ ралæг ис,
бæргæ та слæууыд йæ иунæг ныфс
йæ къахыл, фæлæ...
«Мæгуьтр лæджы дур хæрдмæ су-
ры». Мæнæ та мæ къахыл слæууыд-
тæн куыд загъта, мæнæ ма иу рухс
2. КАРУШКЪИЙЫ МÆЛÆТ
6
цинаг дæр ’риййафдзынæн, зæгъгæ,
мæ зæры бонты, афтæ та йæ бæллиц-
тæй афтид абадт, — нал дæр рухс
цинаг, нал дæр æндæр... Горæтмæ
дæр æй уæдæ ’ндæр цы ахæццæ код-
таид, йæ дарæг, йæ уромæджы фæ-
дыл уæдæ куыннæ ракастаид... Афон-
мæ, Æнайы фæрстæ йын фехæлой,
кæд искуы талынг къуымы бады,
кæд ын уазал у, æххормаг? Кæд ын
æй исчи æфхæры?! Уæдæ йæ «лæгъ-
зытæ» дæр кæм кæндзысты уыцы
милицæйы? Амари, дам, сарæзта...
уæй, маргæ никæй акодта... Нæ сы-
хæгты сывæллон йæ тракторы раз
фæци — ницы йын уыди, — рынчын-
донмæ йæ аскъæфтой...
Нозтджын, дам, кæд уыди? Кæн-
нод йæ зæронд Æна æрбамæла...
Сæумæцъæхæй асхъиудта куыстмæ,
къæбæры хъæстæ дæр нæ уыди. Æмæ
бады ныр уым талынджы? Тагъддæр
æй куыд рауадзат! Нæ сыхæгтимæ
дæр нæхæдæг фидаудзыстæм. Æх-
хæст сын сæ сывæллоны дæр абæрæг
кæндзынæн рынчындоны... Зæгъдзы-
нæн сын: «Солтанбег цæра, йæ ах-
,хос нæ уыд...»
Утæппæт уæззау хъуыдытимæ
æрхæццæ ис Карушкъи горæтмæ.
Шофыр — сæ хъæуккаг лæппу, кæй
у, уыдон йæ хурæй бафсæдæнт, —
Солтанбегимæ æмгæрттæ сты, — æр-
хизын æй кодта машинæйæ, иу бæр-
зонд бæстыхаймæ йын ацамыдта,
кæуылты йæм бауайын хъæуы, уый
дæр ын загъта, уæдæ куыд?
«Нæ уыди, нæ уыди йæ аххос!» —
Зæронд ус сыбар-сыбур кæны. Урс-
халатджын чызджытæй иу иннæмæн
зæгъы:
— Цытæ дзуры йæ тæвдæй, ацу
æмæ йæ бамбар! Уæд та дохтырмæ
фæдзуриккам...
— Нырма чысыл раздæр ацыд ар-
дыгæй, хæдзармæ дæр нæма бахæццæ
уыдаид...
Æмæ та ныхъхъус сты. сæ рын-
чыны мæт сæ бацыд. Ацы ’хсæв уы-
донæн у фæдзæхст...
Зæпонд ус та, мæгуыр...
...Æ. дунескæнæг, кæйонг фæцыд
ацы бæстыхай арвмæ — Хъолайы
мæсыгæй бæрзонддæр! Ныр уым,
мидæгæй хистæрты дæр кæм агурыс?
Æниу æм бацæуæн дæр куынæ ис,
бацæуæн мидæмæ... Мæнæ уæрæх
авгын дуары раз бадынц адæм. Сыл-
гоймæгтæ, нæлгоймæгтæ. Бадынц —
чи бандоныл, чи цæуыл... Цы у сæ
бадты сæр, Хуыцау йæ зонæг! Кæд
мæрдты Барастыры къæсæрмæ баф-
тыди Карушкъи: уым дæр, дам, аф-
тæ фæбадынц. Стæй иуафон байгом
вæййы дуар. Æмæ, дам, Барастыр
алкæмæн бацамоны йæ фæндаг —
кæмæн дзæнæтмæ, кæмæн — зындон-
мæ. «Хуыцау, де уазæг мæ бакæн,
зындонæй мæ бахиз!» — Зæронд ус
йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Кæй-
дæр хъæлæс æрбаздæхта Карушкъи-
йы аргъæутты бæстæйæ:
— Сусаннæ! Уыцы зæронд ус дæ
уæлхъус кæдмæ лæудзæн? Кæд ма-
хæй у, уæд æй дæ цуры æрбадын
кæн!
Сусаннæ — нарстгомау тымбылтæ-
конд сылгоймаг, цавæрдæр хъæццу-
лы йæхи стыхта æмæ, цы уыд, уымæй
егъау къуыбылойы хуызæн зынди.
Иæ ном куы айхъуыста, уæд дызæр-
дыггæнæджы каст скодта зæронд
усмæ æмæ йæ сыхагмæ хæстæгдæр
бабадт. Æвæндонæй сдзырдта:
— Кæд махмæ æрбацыдтæ, уæд
мæнæ мæ цуры...
Уалынмæ иу æрыгон лæппу кæ-
цæйдæр бандон æрбадавта æмæ йæ
Сусаннæйы цур авæрдта:
—Мæнæ дын бандон, мæ мадыхай!
Карушкъи йæхи æруагъта æмæ
йæ сыхагмæ фæрсæджы каст бакод-
та. Уый йæ иннæ сыхаг сылгойма-
джимæ тæккæ зæрдæбын ныхасыл
уыд æмæ йæ зæронд ус нал бахъыг-
дардта йæхи дзурпнæгтæй... «Мæнæ
фыны митæ! — сæры ферттывта.
— Уæдæ адон иууылдæр кæд фыд-
фынтæ не сты, уæд атæппæт адæм
цы ми кæнынц ам, æви сын æндæр
ницы куыст ис сæ хæдзæртты?!»
Ногæй та йæ сыхагмæ бакасти.
— Уæд дын Карушкъи æрбамæла,
ды мын куынæ зæгъай, атæппæт
адæм ам цæмæн бадынц?
Сусаннæ йæм æнæууæнчы цæстæй
бакаст, исдуг йæ зæрды нæ уыд
дзуапп раттын, фæлæ йæ уайдзэёф
йæхигъæдæй рагæпп ласта:
— Æмæ ды цы агурыс ам?
— Солтан, Солтанбеджы фæдыл
рафтыдтæн горæтмæ, йаё нывонд
æрбауон мæ иунæг урбмæгæн! Ра-
кодтой мын æй, мæ саер ын амæла...
Иууыл хистæрмæ, зæгъын бацæуону
кæд мын æй рауаДзид... ’
1
Сусаннæйæн йæ зæрдæ фæтæнæг
ис æмæ бустæ нал кодта зæронд
усæн. Хæстæгдæр æм бабадт. Æр-
гом æм рацыд:
— Мæнæн мæхи лæппу дæр ахст
у. Æндæр уæдæ кæй тыххæй бадын
ам?
Карушкъийæн фырдисæй исдуг йæ
цæстытæ ирдæй аззадысты, стæй:
— Æмæ... Дæ лæппуйы дын ардæм
æрбакæндзысты?
— Ардæм æи не ’рбакæндзысты,
фæлæ хицау ауылты нæ цæудзæн?
Мæхи йæ разы æрбамардзынæн —
ма-ма мын рауадзын кæнæд мæ лæп-
пуйы!..
— Дæ-дæ-дæй, арт сирвæза фыд-
гæнæджы къонайыл! — Карушкъи
батæригъæд кодта йæ сыхагæн.
— Уæдæ-ма æз дæр кæдæм цæуон?
Адон, æвæццгæн, иууылдæр хистæр-
мæ æнхъæлмæ кæсынц?
—Алкæмæн дæр йæхи низ — йæхи
дзуринаг!
«Алкæмæн дæр йæхи низ — йæхи
дзуринаг!»— Сусаннæйы дзырдтæ
’ сфæлхатт кодта Карушкъи. Уый,
æвæдза, низтæй Карушкъийы разæй
мачи раппæлæд-йæхицæй, стæй дзу-
ринæгтæ дæр... Цæргæ-цæрæнбонты
фыдæбоны йеддæмæ никуы ницы
федта йæ удæгасæй... Уыцы уæззау
мæстытæ... Уромгæ та сæ куыд ба-
кодта? Хъæбулы маст уæлдайдæр —
сау сыджытмæ хоны... Лæгмæ фыд-
былыз куы кæса, уæд уый зæгъай,
æндæр цъына фыццаг хатт амадта —
йæ тæккæ цъуппæй куыд расхъиуд-
та... Ныр ма Солтанбегыл лæууыд
йæ зæрдæ, йæ Æна æрбамæла, æмæ
уый та...
«Со-олтанбе-ег цæра, • кæд уый
къæбæ-ры хъæстæ дæр уыди-и!..»
— Зæронд ус та тæвдæй сыбар-сы-
бур кæны. Цармæ кæсы. Уыцы урс
пæлæз цы ’рбаци... Уый/бæсты дзы
цавæрдæр цъæхтæ-буртæ тымбылйег-
тæ гæппытæ кæнынц... Стæй хъулон-
мулон гауыз фестынц. Æвиппайды
уыцы гауызы уæлæ февзæры Каруш-
къи æмæ, кæм бадти, уырдæм æй
фæстæмæ аскъæфы...
Сфæлмæцыд (бадынæй Карушкъи.
Хистæр зынæг нæй. Уалынмæ кæсы,
æмæ адæм æмбырд кæнын райдыдтой
фæзуатмæ. Уый бæрц адæм æрцы-
ди, æмæ сæ зæхх дæр нал урæдта.
Хъæр, хъæлæба... «Цавæр бæсты-
сæфт уа уæдæ, цы ’рцыди?» — Йæ
хъуыдытæ кæронмæ нæма ахæццæ,
сты, уæд та йæ сыхаджы куы афæр-
сид... Фæлæ уалынмæ адæмы бардзы
’хсæн чидæр бæрзонд цæуылдæр
слæууыд æмæ се ’ппæты сæрты акаст.
Карушкъимæ ферттывта йæ гæмæх
сæр. Гæмæх сæр цавæрдæр къобала-
гонд йæ дзыхмæ бахаста æмæ азæ-
лыд йæ хъæлæс:
— Хорз адæм! Æмбæлттæ! Фарн
уæм бадзурæд, — уæхиуыл фæхæцут.
Кæрæдзи бамбарæм! Кæдæй-уæдæй
нын æргом дзырды рæстæг æрцыди.
Алчи хъæрæй райдыдта дзурын йæ
бартыл. Уæдæ мах цы кодтам? Цæй
тыххæй хъуаМæ ма радомæм нæхи-
цæн статус? Цæмæй æхсæнад æнæ-
низ уа, уый тыххæй нæ хуыздæр хос
—плюрализм æмæ демократи! Кæ-
дæй-уæдæй нын фæндаг байгом ис
æмæ дзы базонæм спайда кæнын!
Бакæсут-ма, уæртæ -хицауады раз
чи бады, уыдонмæ: ныр ца’л боны
удхарæй марынц, æмæ сæ иу хъуы-
дыгæнæг нæй! Æз зæгъын: цалынмæ
уæлдæр хицау йæхæдæг рацæуа,
уæдмæ сæ иу дæр йæ къах мачердæм
авæрæд ардыгæа!
Гæмæхсæр калы æмæ калы йæ зон-
ды схъистæ уыцы «къобаламæ». Ка-
рушкъимæ хорз хъуыстысты уыцы
дардæй дæр йæ ныхæстæ, фæлæ сын
уадиссаг ницы æмбæрста. Æрмæст
дзы йæ хъустæ ацахстой: «Цæмæй
ахсæн æнæниз уа, уый тыххæй хуыз-
дæр хос...» Хосы ном дæр загъта, фæ-
лæ йæ Карушкъи^нæ бахъуыды код-
та. Цыдæр æнахуыр ном уыди. Тæ-
худы, уыцы «дзæбæх лæджы» афæрс,
цымæ мын игæры хос не ссарид?
«Дзæбæх лæгмæ» кæцæй баххæссы-
даид — йæ зæронд стджытæ адæмы
бардзы ’хсæнты кæйуонг фæхæсдзæн,
фæлæ йæ сыхаджы афарста:
— Цыма мын игæоы хос не ссарид
уыцы «дзæбæх лæг?» Стæй мæ мæ
зæрдæ дæр тынг хъыгдары, сыджыт
æй ахæра!..
Сусаннæ йæ мидбылты бахудти.
Диссаг сты ацы горæттæгтæ: семæ
дзурынæн дыууæ сæры хъæуы, фæр-
сын дæ æмæ мын дзуапп ратт, æндæр
цы кæлæнтæ ’мбæхсыс дæ хуылфы?
Сусаннæ йын, цыма йæ хъуыды ба-
мбæрста, уыйау æм баздæхт æмæ
йын бынтон æцæгхуызæй загъта:
— Уый цы нæ ссардзæн, уый цм нæ
8
зоны, — нæ раздзог Габойы фырт!—
Фæлæ уыцы уæздан æвзаджы бын
Сусаннæ йе ’цæг хъуыды кæй амбæх-
ста, уый кæцæй рахатыдаид зæронд
ус?
— Йæ мад йæ хурæй бафсæдæд! —
Æргомзæрдæйæ ’загъта Карушкъи.
Фæлæ та нæ бамбæрста, Сусаннæ
йæ фаллаг сыхаг сылгоймаджымæ
цы дзырдтой кæрæдзийæн æмæ цæ-
уыл бахудтысты, уый.
Бады Карушкъи. Ныхасгæнджы-
тæ ивынц кæрæдзи. Уыцыиухуызон
мæстыйæ дзурынц се ’ппæт дæр, сæ
къухтæ тилынц, цавæрдæр «ставд
усы» кой кæнынц, æртхъирæн æм кæ-
нынц... Цы ракодта уый бæрц, —
Хуыцау йæ зонæг... Иудзырдæй, ни-
цы сын æмбары зæронд ус æмæ сæм
хъусгæ дæр нал кæны. Æрмæст...
Уыцы игæры хосæй куыд бафтдзæн
къухы, æрмæст ма ууыл хъуыды кæ-
ны... Æмæ æнхъæлмæ кæсы хистæ-
ры рацыдмæ.
Кæддæр кæд уыд, — ныхасгæн-
джытæ бафæлладысты, æвæццæгæн,
— ничиуал сæ схызт уæлвонг ранмæ
йæ «къобалаимæ». Адæм аивылды-
сты фæзуатæй. Хур ныгуылæнырдæм
акъул. Фæззыгон хур, æнæуый дæр
рæстмæ нал фендавы, изæрырдæм
та бынтон æрбауазал кодта.
— Махæн цæуынафон нæма у? —
Фæрсы Карушкъи йæ сыхаджы.
—Нæ хъуыстай «раздзогмæ», ца-
лынмæ хицау рацæуа, уæдмæ...
— Саубонтæ... — бака’тай кодта
Карушкъи. — Уый кæд уыдзæн, кæд?
Уæдмæ æххормагæй исты кæндзы-
стæм. Мæнæ ам цыдæртæ. Солтан-
бегæн сæ райстон мемæ. Мах дæр
дзы фæйнæ къæбæрæй ацаходæм.
Уый фаг дæр ма дзы аззайдзæн. Куы
мын æй рауадзиккой, уæд, бæргæ...
— уыйадыл зæронд ус, йæ уæрджы-
тыл цы тыхтон уыд, уый халынмæ
фæци.
Сусаннæйæн йæ комыкъулты дон
æруади: ссывтытæ, карчы мард...
Ацы æххормагæй ма адæймагхуыз-
дæр цæмæй ацаходдзæн. Фæлæ...
йæхи ныффидар кодта. Цыма стыр
рæдыд æруагъта зæронд ус, уыйау
æм баздæхт:
— Цытæ дзурыс, ам хæрынтæ ед-
ты койгæнæн нæй!
«Уæд мæ хуыцау амарæд, кæд ацы
горæттæгтæ иууылдæр æрратæ не
сты: чи сæ цавæрдæр «ставд усмæ»
æртхъирæн кæны, чи æххормагæй
йæхи мары... Хицау, дам, нæм кæд
тагъддæр рацæуид... Фæлæут-ма
æмæ, æфсæстæи хицаумæ бадзурæн
нæй, æви цавæр хингæнджытæ бас-
гуыхтысты ам иуууылдæр?.. Æм-
мыст кæуылты аирвæздзæн ардыгæй
адæймаг?»
...«Ауадзут-мæ, ауадзут, хистæрмæ
цæуын, хистæрмæ-æ!» — Зæронд ус
йæ хъæццул феппæрста, æвзонг чы-
згау, фæгæпп ласта æмæ айдагъ хæ-
доны фезгъоры бæгъæмвадæй. Дуа-
ры ’рдæм нæ, фæлæ рудзынджы
’рдæм.
«Ауадзут мæ, ауадзут!..»
Дыууæ чызджы йæ размæ фесты.
Тыхамæлттæй йæ æрсабыр кодтой.
Фæлæ сæхæдæг тыхсынц:
— Уæд та куы фæдзуриккам дох-
тырмæ...
— Бакæсæм-ма йæм, афынæй ис.
...Фынæй ма йæ æндæвта! Ахæм
диссæгты бахауд. Бæрзонд бæстыха-
йы раз та йæ амидæг кодтой йæ сæ-
нттæ... Уазал, уазал, фыдих бахæцыд
бæстыл. Къæс-къæс кæны. Карушкъи
та — гæв-гæв. Цыдæр бызгъуырты
йæ стыхта йæ фарсмæбадæг. Фæлæ
йын уыдон дæр ницыуал æххуыс кæ-
нынц. Цыма рæуджытæ дæр ныссал-
дысты, цыма хуйлфы дымгæзилы...
Иу сыджыты хæринаг та ацы къæх-
тæ фесты, нал сæ æнкъары бынтон-
дæр... Цæстытыл уайы æргъæу пец —
сæхимæ хæдзары. Арты æвзæгтæ
тохынайы арвмæ схъиуынц. Йæ къæ-
хтæ пецы бын адаргъ кодта. Дæттæй,
цы дзæнæтмæ бахауди Карушкъи!
Омæ, цас диссаг у, нæхимæ бауайын
æмæ æртдзых бакæнын? Фæлæ кæ-
дæм цæуыс æмбисæхсæв ацы мæй-
дары? Уымæйдæр — айбæрц фæфы-
дæбон кодтон æмæ уæд та хистæр
фæзынди. Уæд мын уый дæр аирвæз-
дзæн, фенын та йæ æнæмæнг хъæуы!..
Дыккаг æхсæв дæр бафæрæзта
Карушкъи. Бонæй чысыл батæфсти,
йæ зæрдæ та фæфидар. Ноджы ацы
дзурджытæ адæмы ныфс бауагътой:
хицау, зæгъынц, кæмдæриддæр ис,
ныртæккæ йæ ардæм хъæуы! Фæлæ
нæй, хицау зынæг нæй! Уæддæр ба-
ды Карушкъи. Кæдмæ-ма хъæуынц
мæ зæронд стджытæ? Æ, мæ фæрс-
тæ дын фехæлой, Солтанбег, уæдæ
ды куыд фæразыс, ды уыцы талын-
9
джы, уазал æмæ стонгæй? Æз ма
мæнæ ам арвы рухсмæ уæддæр кæ-
сын...
Æртыккаг æхсæв мит æруарыди.
Фæлæ миты урс хъæццул йæхи цæс-
тæй нал федта Карушкъи. Йæ бандо-
ныл куыд бадти, афтæ æрдæгсалдæй
лæууыд. Æхсæвыцъæхæй йæ тагъд
æххуысы машинæйыл авæрдтой...
...Уæ, Хуыцау, мацы мын кæн! Цы-
мæ кæцæй цæуынц атæппæт адæм?
Хъæуы уынгты азмæлæнтæ нал ис.
Стæй дзурджытæ, дзурджытæ — сæ
«къобалатимæ». Уæртæ уый та чи у?
Лæгты дзуар, мæ уд дæ цæуæн зæх-
хыты фæхъхъау — ай мæнæ нæхи
Солтанбег нæу? Рауагътой йæ! «Къо-
бала» дæр ын радтой... Æмæ дзуры,
дзуры... Карушкъи йын йæ ныхæстæ
нæ хъусы. Æмæ йæм йæхæдæг хъæр
кæны:
— Уæд дын Æна амæла, — ды
дæр уыцы «ставдусмæ» æртхъирæн
кæныс? Уый ныууадз, цæмæн дæ
хъæуы ставд ус? Фæлтау мын æуыцы
игæры хосæй чи не ’рбахæсса, уый
йæхи Æнайы табæтыл схæцæд! Цы
йæ хуыдта уыцы «дзæбæх лæг?»
Зæгъ-иу ын мæн тыххæй. Æнæмæнг
дын раддзæн...»
Урсхалатджын чызджытæ афтæ
фæтарстысты зæронд усæн æмæ до-
хтырмæ фæдзырдтой хæдзармæ.
Дохтыр — ацæргæ нæлгоймаг,
куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ
чызджытæ йæ размæ рауадысты.
— Бахатыр кæн. Бæргæ дæ куынæ
батыхсын кодтаиккам, фæлæ ацы
зæронд ус... Афтæ тыхст у æмæ...
Æдзух цæйдæр хосы кой кæны...
Дохтыр чызджытæм хъусыныл не
схæцыд. Комкоммæ бараст рынчын-
мæ. Уайтагъд ын йæ цонджы хъул^
асгæрста. Æдзынæг алæууыд, стæй
чызджыты ’рдæм æнкъардæй ракаст
— Нал æй бахъæудзæн хос. Уазал
йæ куыст бакодта. Æмæ махыл дæр
фæтыхи...
ХАДЖЕТЫ ТАЙМУРАЗ
«Мæ бæсты ничи амæлдзæни»
(поэт Ходы Камалы ныхæхтæй)
Мæ бæсты ничи амæлдзæни — зонын,
Куы радтай ды мæ сæрвæлтау дæ сæр,
Уæддæр, мæ хур, мæ чысыл царды бонтæ
Фæдаргъ кæнынмæ хъавыдтæ æрмæст,
Нæ удрæбынæй иуафон ыскæсы
Тæргай хуызæй цымыдисаджы фарст:
Лæджы уд чи кæмæй фæдары хæсау —
Мæлæт — нæ цардæй, гъе, мæлæтæй — цард?
Æз-иу, нæртонау, ахызтæн сæ рæзты..,
Лæг, бон зонгæйæ, бамбæхсы йæ тас.
Мæлæт-иу кæд æрбахъуызыд æввæхсты,
Уæд цард лæууыд æдзух мæ рахис фарс.
Куы нал уон æз, уæд та мæ иу хъуыддаджы,
Ныфсы лæг Ирæн, гъе уæд мæ фæнды;
Нæ цины бонау, ме ’нусон фæндагыл
Ныййазæлæд црон чызджы фæндыр!
КАР
Мæ царды фынгыл расидтысты фарны рæгъ, —*
Иæ тæмæны ис хурхæтæн, бæгуы...
Мæн та ма кæд йæ фæстæ сайы саргъы бæх, —
Мæ амæттаг у уаз дугъы ысгуы!
Цымæ кæй сайын: бæхы, гъе мæхи?
Мæ цæстыты æрфæлмæн ис кæддæры зынг, —
Кæрддзæмы хъармыл бацайдагъ мæ кард,
Уæддæр ма мын фыдызнæгтæ бæрæг ысты, —
Нæ сыл цæуы æнцон-æвыдæй цард!
Кæй ма сайын: æзнаджы. гъе мæхи?
Мæ сау бецыккыл урс-урсид мит афæлдæхт, —
Иæ къæбæлдзыг хъуын, хъамайау, ысраст,
Уæддæр кæны йæ уарзты ныхас хъал зæрдæ
Рæсугъд чызгæн, къæйных лæппуйау, раст...
Цымæ кæй сайын: уый, æви мæхи?
О, нæ, сæттын! Æндæр ма мын цы мадзал ис,
Фæлæ ма дæн фыддæр зынтæм цæттæ:
Поэзийы æвзонг хъуамæ уон м’ адзалмæ,
Зындоны мæ куы дара дуг, уæддæр...
Ам сайæн нæй — нæ искæй, нæ мæхи!
П
СЫЛГОИМАДЖЫ ХЪАРÆГ
ИÆ УАРЗОНЫ ИНГÆНЫЛ
Арв нæры. Хур нымбæхсти йæ фæстæ, —
Уый дæ табæт уæнгуагъдæй лæууы...
Ды мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр —
Æз мæхиуыл кæуын.
Адæм —бирæ... Цæрæгойтæ... Бæстæ...
Цард — бæллиццаг. Бæргæ...
Фæлæ ды,
Ды
Мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр, —
Уый кæй кæны уырнгæ?!
Нал и царды дæ кой уа, дæ хъæстæ, —
Уый дæм, гъеныр-гъе,
Де знаг уæнды:
Ды мæ удæй фæхъуыдтæ æрмæстдæр, —
Уый кæй зонын фæнды?!
* * *
Фæсмонæй нæу æвзонгады рæумитыл...
Æз ферох кодтон дæу, фæлæ-ма кæс:
Мæ сыгъдæг уарзт, мæ сонт уды фырцинтæй
Нырыонг дæр æфсæрмы кæнын æз!
Æз уарзтон цард. Нæ йæ ахста мæ хъуыды,—
Дыккаг хатт. ыл нæ баппгГрдзынæ саргъ! —
Уыдтæн æзнæт, æнæсæрæн, æдылы, —
Фæлæ мæхицæн гъеуæд кодтон аргъ!
Сæумæ-иу хур куы растади йæ балцмæ,
Фæхаудтæн-иу, — фæгæдзæ кæнæт цъус,
Ныртæккæ йæ æрцахсдзынæн йæ барцæй,
Дæуæн нывонд у уымæн дæр йæ рухс!
Мæ разы ды — уæндон æмæ сæрыстыр —
Кæл-кæлæй худтæ... Чи дæм хæсса фау?!.
Гæдыхъæдау-иу де уæнгтæ рызтысты...
Кæй уарзтай, уый цур... Мадзура, зæдау.
Кæд, чияоны, мæн аххос уыд нæ хицæн,
Æви уыд цард нæ дыууæмæ дæр карз,
Уæддæр нæ дæн ныббаринаг мæхицæн
Мæ сыгъдæг уарзт, мæ нæргæ цинты раз!..
УÆЛМÆРДЫ
«Не рыдайте бездумно над ней...»
Къоста,
Уый нал ис æмæ нал хъæуы кæуын,
Нæ дæр зæрдæтавæн ныхæстæ...
Хуыцæуттæ бирæхты... Фæуæнт! —
Нæ хъары иумæ дæр дæ лæгъстæ.
Æмæ-йу ма ку! Царды хорз
Дæ цæссыгæй ыздахæн нал ис...
Кæс-ма, куыд ныррæсугъд йæ бон, —
Иæ удæгасæй алчи хъал у!
Нæ хъуыды кæны уый: фæци
Кæмæндæр ацы уысм йæ рæстæг:
Иæ тох, йæ уарзт æмæ йæ цин
Фæхæссы ингæны хъæлæсмæ!
КÆМÆНДÆР
Зæдау — уæздан, уындæй бæгуы
Дæ рæсугъд саугуырм кæны хуры.
Æз та... Æвæлмон лæг, мæгуыр,
Сæрыстырæй цыдтæн дæ цурты.
Æмбæрстон æй: æнустæм нæу
Нæ фæндаг иу, уæддæр нæ састæн:
Мæнæн æгъгъæд уыди фынау
Цыбыр уысм амонд æмæ уарзтæн.
Æмæ ысси мæ иунæг куыст, —
Фæндыди мæ, цæмæй æрхуымæй
Дæ зæрдыл бадарай мæ хуыз,
Цы нæ уыдтæн мæ царды, уымæй!
НЫВОНД ХЪУГ
Сæ хъæбулæн ыснывонд кодтой дæу, —
Хызт уа фыдбылыз æмæ низæй.
Дæ хицау у уæздан æмæ равдау, —
Изæрмилтæм дæ цъæх нæууыл фæхнзы.
Зымæг дæ лыстæн — хъарм, дæ разы — цæхх,
Дæ хосы тъыфыл — иухурон, фæтæйнаг.
Цæмæй ма нæ дæ разы, уый-ма зæгъ,
Дæ алывæрсты рухс дуне — дзæнæтау!
Фæлæ уæддæр дæ уд йæ чемыл нæу,
Дæ фарсыл та нæ бахæцы дæ минас:
Сæ хъæбулæн ыснывонд кодтой дæу —
Дæ хъæбулы дын раргæвдынц æрвылаз.
МÆ ФЫДЫ ХÆРНÆДЖЫ ФÆСТÆ
Поэт Габуты Хазбийæн
Цæй-ма фынгыл æрбад,
О мæ риссаг æрдхорд! —
Уый дæ цæссыг тамакойы фæздæджы бамбæхст...
Абон ахицæн цардæй
Мæ фыды зæронд... —
Нæ, бæстон бæрæг нæу, —
Цæй-ма цайданæй рауадз!
Сойдзырæгътæ ыссудз, —
Къуымты айсæфа тар...
Уадз фæлдзæгъдæн кæна ам нæ рох къæсыл урс мит.
13
Кæл гæды ныхас у:
У мæлæтæн йæ бар —
Чи кæд цæуа йæ цардæй,
Кæд ын кæной рухссаг?!.
Гъе, мæлæтæн æцæг у
Иæ рагон æгъдау:
баухъуыр ингæнмæ ахæсса махæн нæ зынтæ...
Æмэё чй уыди царды
Мæлынæн — æвгъау,
Уымæн зымæджы хъызты
Æрæвæрæм фынгтæ?!.
* * *
Æрцæудзæн тагъд мæ цинвæндагæн, зонын,
Йæ кæрон, цард мæнг у, фæлæ уæддæр .
У йемыдзаг рæсугъд хъуыды, фæндтæй, —
Мæ уд адзалæн, дугъонау, нæ комы.
Мæ цард цы уыд? — Фæдисы хъæр, зындон,
Æви фæлитой амондæн — æмдзæрн?
Нæ мæ хъæуы мæрдты бæсты сыгъзæрин,
Ныррухс-иу мын кæн, сфæлддеæг, мæ бон!
Нырма мæн бирæ, бирæ ис хъуыддæгтæ,
Хæссынц æрхæндæг, цинтæ æви тас,
Нæрæмон зæрдæ уыдоныл фæлæууы...
Нæй рæстæгæн фæивгъуыйæн йæ фæткæй:
Æнæмæлæт, кæд мæ æмбарут раст,
Мæн, сусæны цырен артау, нæ хъæуы.
НОГ АЗЫ ХОРЗÆХ
Æз дæ зæрдæйы рухсæй
Кодтон саугуырм... Хæрзбон...
Ныр нызгъæлы мæ рустыл
Судзгæ сау цæссыг, зон!
О, рæсугъд бон у — ног аз,
Урс мит арвæй кæлы:
Мæн кæй нæ дæ, уый зонын,
Зын — æнæ дæу, мæлын...
Ис мæ фынгыл æнæвгъау
Сæн, æртхъирæнтæ, маст...
Уый фын у æви аргъау,
Æви афардæг уарзт?
Нæ, кæм цæуон, кæм бадон,
Уым, зыны уа, куывды, —
Ног цæудзысты сæ рады
Мæнмæ уарзт æмæ ды.
===±==гг==г= КОЦТЫ ЮРИ
Катайы райдиан
Радзырд
Зымæгон бонтæ раджы æрбалæу-
уыдысты, фæлæ нырма сатæг сæл-
гæ* уазалбонтæ не ’рбакодта, мит
нæма рауарыд. Саузым ахаста æмæ
абоны онг, ноябры мæйы фæудмæ,
хæхты цъуппытыл цы мит рауарыд,
уый дардмæ урс-урсидæй зыны.
Хъæды бæлæсты цы иугай бур сыф-
тæртæ аззадысты, уыдон дардмæ,
цырæгътау, зынынц.
Дымгæ лыстæг пыхсыты къалиу-
тыл кафы, уадындзтæй цæгъдæгау,
бур хъæбæр мард сыфтæртæй му-
зыкæ цæгъды. Ноябры бонтæ хицæн
кæнынц сæ ахастæй, сæ уагæй. Нæ
дæр хъарм вæййынц, нæ дæр—уазал.
Зымæджы райдианы, фидиуæгау,
уазал хъуынтъыз бонтæ æнкъард-
дзинад дæттынц адæймагæн.
Горæты уынгтæ — хасты хуызæн:
афтид, змæлæг сæ нæй. Æнкъард-
дзинад, зæрдæ уынгæг кæны. Дис-
саг у, адæмы тыхст зæрдæйыуаг
горæтыл куыд фæзындис.
Батыр, мидхъуыддæгты фæдагу-
рæг, райсомæрдæм æрбацыд йæ хæ-
дзармæ, йæ бинонты фена, йæ уæ-
лæдарæс фæива. Ныр къуырийы
бæрц хæдзары нæ уыд, йæ чысыл
чызджы дæр æрымысыд. Дуары
къуырцц-къуырцмæ йе ’мкъай йæ
размæ рауадис, атыхст ыл, раст
цыма хæсты быдырæй æрыздæхт,
стæй йæ чызгмæ фæсидт. Саби, йæ
фыды ныхас фехъуысгæйæ, раз-
гъордта æмæ йæ фыды æфцæгыл
атыхстис, стæй йæм æдзынæг кæс-
тытæ кæнын райдыдта.
Батыр ныммæллæг, ныффыд-
Хъуын, къуырийы дæргъы йæ хуыз
бынтон фæивта. Йæ сабийыл куы
ацинтæ кодта, уæд хихсæны йæ
цæсгомыл дон скалдта, кæрдзын
ахордта æмæ сынтæгыл бафæлдæхт.
Дыууæ сахаты дæр нæма рацы-
дис, афтæ телефон дзæнгæрæг
ныццагъта. Телефоны дзæнгæрæг
йæхи къултыл хойы, фæлæ йæ Ба-
тыр нæ хъусы, йе ’фсин хæтæл сис-
та.
— Хъусын дæм.
— Дæ райсом хорз уæд! Батыр-
æн зæгъ, «Фæдис!» — загъта рад-
гæс æмæ телефоны «тук-тук» рай-
хъуыст.
Милицийы кусджытыл лексиконы
дзырд «Фæдис» цы нысан кæны,
уый Батыры æфсин Сæлимæт хорз
æмбары. Тагъд-тагъд Батырмæ ба-
цыдис æмæ йæ басхуыста:
— Фæдис, фæдис, куыстæй дæм
сидынц.
Батыр фестъæлфыд, цæстытæ ау-
уæрста æмæ Сæлимæтмæ скаст.
Сæлимæт ын фæтæригъæд -кодта.
Батыр хъæццул иуварс аппæрста,
спортивон хæлаф тагъд-тагъд йæ
уæлæ акодта æмæ хихсæнмæ атын-
дзыта: кæд уазал дон хуыссæг фæ-
сурид. Иæ дарæс конд фæцис æмæ
фынджы фарсмæ æрбадт. Сæлимæт
ын тагъд-тагъд хъайла ацарæзта.
— Ахæр, дæхи бынтон ма ауадз,—
фæлмæн хъæлæсæй йын бауайдзæф
кодта.
— Тыхсгæ ма кæн, мæнæ æрса-
быр уыдзæн рæстæг æмæ та æн-
цад-æнцойæ цæрдзыстæм.
Фæдисы хъæр афæстаг рæстæджы
арæх нал хъуыстис телефоны. Фа-
рон дыууæ хатты сыстад фæдисы
хъæрмæ æмæ уыцы дыууæ хатты
дæр æмбæстагон хъахъхъæнынады
ахуыртимæ баст уыдысты. Ныр æн-
дæр хъуыддаг у. Ацы æнæформал-
тæ, экстремисттæ æмæ сепаратист-
тæ змæнтын куы райдыдтой горæ-
ты цæрджыты æнцой цард, уæдæй
фæстæмæ фæдисы сидтытæ дæр са-
рæх сты. «Ныр аст сахаты æххæст
кæны æмæ цафон фæдис у», — йæ-
хи бустæгæнæджы хъæлæсæй афар-
ста Батыр. Стæй куыд ахуыр уыд,
афтæ цæрдæг февнæлдта йæ кусæн
дарæсмæ, хызыны сæ авæрдта æмæ
атындзыдта.
Куыстмæ, фыдæнæнгæнæгау, так-
сийыл дæр нал æмбæлы, нæ дæр
зонгæ скъæрæгыл, афтæмæй згъор-
15
гйе цыд кæны. Куыстмæ куы ба-
хæццæ, уæд æм йæ хъус ничи æр-
дардта. Йе ’мбæлттæ тыхстгъуыз-
æвдисæг цæсгæмттимæ дыууæрдæм
разгъор-базгъор кæныныц къæли-
доры. Салам ын радтынц æмæ та
сæ алчи йæ хъуыддаджы фæстæ
атындзы. Батыр цымыдисы арты
судзы, йæ уæрджытæ цыма йæ бы-
ны лæмæгъ кæнынц, æмæ ныртæк-
кæ ахаудзæн, афтæ хаты йæхи. Раз-
дæр радгæсмæ хъуамæ бацæуа æмæ
йæхи фæнысан кæна, фæдисмæ афо-
ныл кæй фæзындис. Æвиппайды йæ
чидæр басхуыста.
-*— Батыр куы дæ, хатыр, — тыхст-
хуызæй йæм фæзылд йе ’мкусæг
Хетæг.
— Фæлæу-ма, Хетæг! Цы та æр-
цыдис, цы бындз уыл фæхæцыд? —
афарста йæ Батыр.
— Уæлæмæ схиз, Хитъор дæм æн-
хъæлмæ кæсы, — дзуаппы бæсты
дыккаг уæладзыгмæ ацамыдта Хе-
тæг æмæ дуарæн феддæ ис.
Батыры фæрсты цалдæр æнæ-
зонгæ милицийы кусæджы цæуыл-
дæр быцæугæнгæ, æддæмæ ахыз-
тысты. Батыры зæрдæ сдыгъуырц-
цæг, нæ зыдта, милицийы кусджы-
тæ афтæ тынг цæуыл тыхсынц, уый
æмæ атагъд кодта Хитъормæ. Хи-
тъор радгæсы фарсмæ бадт æмæ
сводкæ цæттæ кодта. «Гæххæтыты
рæмпæг», — цæмæндæр ахъуыды
кодта Батыр. Хитъоры цыргъ
фындзы хъæлыл кæсæнцæстытæ æр-
цауындзæг сты æмæ гæххæттытæм
ныггуыбыр. Радгæс Батыры суыд-
та æмæ йæм йæ амонæн æнгуылдз
батылдта. Хъæрæй та сдзырдта:
— Батыр дæр фæзындис. Мидæ-
мæ æрбахиз æмæ дæ банысан кæнон.
Хитъор æм кæсæнцæстыты сæр-
ты ракаст, йæ сау æрфгуытæ сæхи
хæрдмæ сластой æмæ цыдæр æд-
дæмæ радзырдта.
Батыр ницы фехъуыста æмæ йæ
къух æнæмбаргæ тылд бакодта. Иæ
къуыпп ныхыл цалдæр къæдз-
мæдзы хаххы разынд.
— Кæсыс, куыдз дзы йæхиуон
нал базондзæн, схæццæ сты, сæм-
тъер стæм. Хахнывтæм кæсын, фæ-
лæ нæ хатын, цы аразын мæ хъæ-
уы. Бæлвырд, æндзыг ныл баф-
тыд, — æнкъард хъæлæсæй хъаст
кодта Хитъор.
Батыр бынтондæр нæ бамбæрста
Хитъоры æнкъард хъуыдыты ми-
16
дис. Рагæй кусынц иумæ мйдхъуыД-'
дæгты органты æмæ йæ Батыр
æрхæндæг, тыхстæй никуы федта.
— Ногæй та исты фыдракæнд æр-
цыдис? — афарста йæ Батыр. Ныр
цалдæр боны горæты цы фыдра-
кæндтæ æрцыдис кæрæдзийы фæ-
дыл, уыдоныл фæцахуыр сты æмæ
йæм раздæрау цымыдис нал кæсынц.
Хитъоры ахæм æнкъард, дурзæр-
дæйæ никуы федта. Нæ йæ æвдæл-
дис уæлдай митæм, ацы тыхст рæс-
тæг æй, бæлвырд, бадомдта, ’йæ
цæсгомы цъар уадулты мæкъуы-
сджытыл нынныхæстис, æфсæртæ
Дзабойы цигайау, ныхъхъил сты.
— Батыр, дæуæн дæ бæрны хис-
тæртæ вазыгджын хæс бакодтой
æмæ дæхæдæг зоныс. Абон та æнæ-
формалтæ сызмæлыдысты. Дысон
Уæллаг хъæуы фæндагыл цæуæг
бæлццæттæй дыууæйы æрцахстой,
фыдмитæ сын фæкодтой æмæ сæ
стæй фæндагыл тугмæцгæ аппæр-
стой. Сæ иуæн йæ фыды хорз зон-
дзынæ, Ацæмæзы кæстæр лæппу у.
Йæ нæмджытæй иуы базыдта. Лæп-
пуимæ лæмбынæг аныхас кæн.
,Сбæлвырд хъæуы, чи йæ надта, уы-
цы лæппутæ, æмæ закъон цы домы,
уымæй иу къахдзæф дæр фæстæмæ
нæ алæудзыстæм, — тызмæгæй загъ-
дта Хитъор æмæ йæ дæндæгты
хъыррыст райхъуыст.
Фæстаг рæстæджы, æргом дзырд
æмæ рацарæзты миниуджыты прин-
циптæй пайда -кæнгæйæ, закъоны
амындтытæ гуымир æгъдауæй ха-
лынц, æмæ афтæмæй адæмы, ни-
цыгæнæг адæмы, советон æмæ пар-
тион органты ныхмæ ардауынц.
Кæд адæм зонынц, мидхъуыддæгты
органты кусæг хицауады минæвар
у æмæ хъуамæ хицауады райсгæ
уынаффæтæ æххæст кæна, уæддæр
ын йæ ныхæстæм хъусæг нæй. Алчи
сæ йæхи хъæуы, сыхы, æгъдæуттæ
паддзахадон закъоны æмрæнхъ куы
æвæра æмæ уыдонмæ куы хъуса,
уæд адæм кæрæдзи ныццæгъддзыс-
ты, хицауад дæр нал уыдзæн. Стæй
чи куыд тыхджын у, афтæ хица-
уиуæг куы кæна, уæд цъыссымы
хауæм. Уæд ма Октябры революци
дæр цæмæн арæзтам, адæм цæуыл
фæцагъды сты? Ацы бонты Батыр
цы трагикон митæ федта цæстæй,
уыдон æрбаймысгæйæ, йæ хъуыды-
тæ дзæгъæлтæ кæнынц. Сфæлмæ-
цыд, йæ уд сфæлахс. Уыцы адæмæн
Та, кæцытæ цæрджыты зыгъуыммае
ардауынц, закъон дæр æмæ хицауад
дæр нæй, нæ дæр ын мард ис, нæ
дæр—дзуар. Уыдон зондахаст нæ-
ционалон, шовинистон зондахасты
бындурыл æнцой кæнынц, уый уида-
гæй сæвзæрд æмæ сæ хæсыл ныма-
йынц, абоны ныхмæ тох кæнын.
Рынчындонмæ арæх бауайы, йæ
зæрдæ æрбауынгæг вæййы, асинтыл
куы фæцæйхизы, уæд. Цæмæндæр
аххосджыныл йæхи нымайы, утæп-
пæт. цæфтæ æмæ экстремистты
къухæй над лæппуты куы фены,
уæд.
Сындæг, иугай нымайы æртык-
каг уæладзыгмæ асинты æрлæу-
уæнты. Лифт кусы, фæлæ йыл не
сбадт, къахæй цæуын æм аивдæр
фæкаст. Цалынмæ асинтыл æртык-
каг уæладзыгмæ хиза, уæдмæ ахъуы-
ды кæна, цы аразын æй хъæуы,
ууыл.
5-æм палатæйы схуыссын кодтой,
знон цы цæфты æрбаластой, уы-
доны. Уыдонимæ уыд Цæразонты
Ацæмæзы лæппу Сауи дæр. Пала-
тæйы дуар байгом æмæ хъавгæ йæ
сæр бадардта мидæмæ, рынчынты
райхъал кæнынæй тæрсгæйæ. Ам
дыууæ боны размæ кæимæ ныхас
кодта, уыцы зонгæтæй дæр ис. Куы
йæ федтой, уæд æм цавæрдæр æх-
хуысагур цæстæнгас æрбахстой.
— Мидæмæ, Батыр, æфсæрмы ма
кæн, — къуымгæрон рынчыны уæл-
хъус лæугæйæ, радзырдта дохтыр.
Батыр йе уæхсчытыл урс халат
барæстытæ кодта æмæ дохтырмæ
къæмдзæстыг хуызы бадзырдта:
— Хатыр уæ курын, Цæразонтæй
уæм искæй æрбаластой?
— Рахиз мидæмæ, мæнæ уыйимæ
архайын. Зæгъ-ма мын, кæдмæ
ахæм уавæры уыдзыстæм? — тыз-
мæгæй афарста дохтыр.
— Кæй фæрсыс, органтæ сæхæ-
дæг дæр се ’вварс сты æмæ сын
кæрон та чи хъуамæ скæна?
Къуымы сынтæгыл рабадæгау,
къуыри размæ мæлæтдзаг надæй
Чъехы хъæуæй кæй æрластой, уы-
цы лæппу. Уæд æй чи федта, уы-
дон ыл сæ къухтæ ауыгътой. Нал
фервæздзæн, зæгъгæ. Лæппуйы
фенд ын æхсызгон уыд, ахæм уавæ-
рæй кæй фервæздтис, фæлæ йын йæ
æлхынцъгæнæн ныхæстæй та, раст
цыма йæ игæртæ счелха кодта, аф-
тæ фæцис. Æмбарын æй хъæуы,
лæппу масты цæхæры цъыс-цъыс
кæны. Мæгуырæг, йæ фæндагыл цы-
дис хъæуæй горæтмæ, фæндагыл æй
хотыхджын, цавæрдæр боцъоджын
лæппутæ баурæдтой. Ацы хъæуы
лæппуты йæ, фондз æнгуылдзау
зоны, сыхаг хъæуты фæсивæды дæр
зоны, кæрæдзийыл æмбæлынц куыв-
ты æмæ чындзæхсæвты, стæй дзуа-
рыбонты: гуырдзиаг кæнæ ирон дæ,
уый сæ ничи æвзæрста, ууыл ничи
хъуыды кодта. Ныр лæмбынæг
бакæстытæ кодта æмæ йæ чи ба-
урæдта, уыдонæй никæй базыдта.
Йæ фæндаг дарддæр кодта æнæ-
дзургæйæ, нæ сæм байхъуыста. Не
’мбæрста, цæмæн æй уромынц, уый
аххосаг. Фехъуыста, йæ фæдыл
кæйдæр цъæхснаг хъæлæс кæй æр-
байхъуыст, стæй йын йæ къæбут
ахъаззаг чидæр кæй ныххуырста.
Цæмæн, цæй тыххæй йæ надтой,
уымæн ницы æмбары æвзонг лæп-
пу. Йæ низы историмæ кæсгæйæ,
дис кæны, цæргæ куыд кæны ахæм
цъæлтæ æмæ нады фæстæ. Уыцы
маст йæ зæрдæйы, зулкъау, бабы-
рыд, уым стымбылтæ æмæ стæм
хатт уырдыгæй раппары йæ масты
цæхæры цъыс-цъысгæнæг лыстæг
æвзæгтæ.
— Батыр, сымах тыххæй ныхас
нæ цæуы, уый йæ фырмæстæй дзу-
ры.
— Батыры хуызæттæ куы кусик-
кой нæ органты, уæд нæм фæтк дæр
уаид, — атмосферæ фæлæмæгъдæр
кæныны тыххæй дохтыр хъæрæй
сдзырдта. Фæлæ Батырæн æн-
цондæр нæ уыд, дохтыр йе ’вварс
кæй рахæцыд, уымæй.
— Æмбарын уæ, мах аххос дæр
дзы ис, фæлæ нæ чысыл бауадзут,
нæхи нæ фæхудинаг кæндзыстæм.
Фыдгæнджытæй алчидæр цы бай-
тыдта, уый æркæрддзæнис, — ныл-
лæг, фидар хъæлæсæй загъта æмæ
Цæразонты лæппуйы раз балæууыд.
Сауи йæм скаст, цæмæндæр йæ
мидбылты бахудтис, цæмæн, уы-
мæн Батыр ницы бамбæрста, рын-
чыны бафæрсын та йæм аив нæ
фæкаст. «Гайтма йæ зæрдæ худын
агуры», — йæхимид сдзырдта Батыр.
— Зæронд Уано цы бацис, удæ.
гас ма у? — ныллæг хъæлæсæй йæ
афарста Сауи.
— Уано та чи у? — цымыдисæй
йæ афарста Батыр.
— Сыхаг хъæуы цæры, зæронд
2. Журн. «Фидиуæг» № 5.
17
лæг у. Махмæ арæх æрбацæуы æмæ
йæ уырдыгæй хорз зонын. Мæн куы
федта, уæд мæн тыххæй уыдонмæ
схыл кодта. Уыдон æм нæ бай-
хъуыстой, сæ иу, æнæдаст боцъо-
джын лæппу-лæг, тагъд-тагъд Уа-
номæ базгъордта æмæ йæ къахы
бырынкъæй сриуыгъта. Зæронд лæг,
портийау, хæрдмæ фæхаудта æмæ
зæххыл атылдис. Дарддæр нал фед-
тон, цы йын бакодтой, — хъæрз-
гæйæ дзырдта Сауи. Иæ тыхстдзи-
надмæ кæсын йæ бон нæ бацис
дохтырæн.
— Иæ фæрсчытæй дыууæ саст
у æмæ йын дзурын зын у. Ныууадз
уал æй абон, — лæгъстæгæнæджы
хъæлæсæй йын загъта дохтыр
æмæ Батырыл иуварс рахæцыд.
Батырæн рынчынтимæ аныхас кæ-
ныны тыххæй рæстæг нал баззад.
Иæ зæрдæйы тæгтæ ныддур сты,
йæ риуы, - дойнаг дурау, зæрдæ
ныхъхъæбæр.
Æрхæндæг хъуыдытимæ рахызтис
рынчындонæй, æххæст нæ базыд-
та, Сауийæ цы базонынмæ хъавыд,
уыцы зонæнтæ. Рынчынты уайдзæф-
тæ дæр æй æлхынцъытæ кæнынц,
цы уæззау нывтæ федта абон, уы-
дон ын цавæрдæр тых радтой фыд-
гæнджыты ныхмæ тохы. Цæразон-
ты хъæумæ йæ бацæуын- хъæуы,
Уанойы хъысмæт æй бынтон ба-
тыхсын кодта.
Батыр æмбары, ацы хæццæ рæс-
тæг хæрз цыбыр æмгъуыдмæ кæй
уыдзæн.
Батыр фæстæмæ æрбаздæхт йæ
кусæн бынатмæ, Хитъорæн хъуамæ
радзура, стæй дарддæр æрæвнал-
дзæн, цы аразын æй хъæуы, уый
æххæст кæнынмæ.
Хитъор ныр фæсæрибардæр ис,
постытæм кусджыты арвыста æмæ
сæйраг хæстæ æххæст кæнынмæ
æрæвнæлдта.
— Уано зæгъыс? — Зонын æй,
зонын, фæлæ махмæ ницы бæлвырд
гæнæнтæ ис. Дæуæн уырдæм цæ-
уæн нæй, — Батыры фехъусынкæни-
нагмæ байхъусгæйæ, загъта Хи-
тъор. — Нырма экстремисттæ уыцы
хъæуы сты æмæ дыл куыд сæм-
бæлдзысты, уый бæлвырд нæу.
Бæлвырд уыд, Хитъор уавæр
хуыздæр кæй æнкъардта. Фæлæ
Батыры уыцы ныхæстæ нæ басас-
той. Рынчыны хъæрзгæ ныхæстæ
йын æрæнцой нæ лæвæрдтой. Уы-
цы тыхтæ, закъоны домындзинæт-
ты ныхмæ чи тох кæны, адæмы
монцты бындурыл чи хъазы, уыцы
æдзæсгом, цъаммæрттæ не ’рлæу-
дзысты, сæ ных сын куынæ бакъуы-
рой, уæд. Ничи сæм уæнды, ничи
сæ хъыгдары æмæ уыцы уавæр
фыдгæнджыты ноджы тынгдæр ра-
зæнгард кæны фыдмитæ аразынмæ.
Цал æмæ цал адæймаджы баф-
хæрдтой ницæй тыххæй. Национа-
листон хъуыдытæ сын сæ сæртæ
сдзæгъæл кодтой. Фыдмитæй тæр-
сын кæнынц цæрджыты. Не ’мба-
рынц, ахæм фыдмиты фæрцы адæ-
мæн се ’взæгты сæ дзыхтæй кæй
не стондзысты, фæлæ сæ сæхи ных-
мæ кæй сардаудзысты, тызмæг сæ
кæнынц, сæ кæрæдзийыл ардауынц
æфсымæртау, хотау, хæстæджытæй
чи цардис æнусты дæргъы, уыцы
адæмты. Хихсæннационалон ахас-
тытæ тынг зын рафæлгъауæн сты.
. Батырмæ зын нæ кæсынц, цы зæх-
хыл райгуырд, уым национ хихсæн-
ахастытæ æрбæстон кæнын: тымбыл
къухы фæрцы нæ, фæлæ диалоджы
фæрцы, сабыр ахастыты фæрцы.
— Хъитъор, мæнмæ гæсгæ, ма-
хæй бирæ кæнгæ у, фæлæ цæмæн-
дæр нындзыг стæм æмæ æнхъæл-
мар кæсæм — исчи нын кæд баххуыс
кæндзæн. Уыцы экстремисттæ адæй-
мæгтæ сты, æмæ адæймаджы æвзаг
куыд нæ бамбардзысты, — Батыр
цымыдис æвдисæг хъæлæсæй дзыр-
дта, йæхи нал урæдта.
Хитъор æм кæсгæйæ баззад. Би-
рæ цыдæртæ не ’мбæрста Батыр
мидхъуыдытæй. «Цы йæ фæнды,
экстремистты фæсурынмæ кæд хъа-
вы, уæд ын бар чи нæ дæтты?» —
йæхимид тызмæгæй сриуыгъта,
хъæрæй та загъта:
— Батыр, нæ дæ æмбарын, кæй
цæхæрадонмæ калыс дуртæ? Кæд
дæм ногæй исты хорз фæндон ис,
уæд рæвдздæр у. Уыцы экстремист-
тæн кæд сабырæй бамбарын кæн-
дзынæ сæ рæдыд митæ, уæд дыл
фæстæмæ чи хæцы. Фæлæ æз æн-
хъæлын — ныртæккæ уыдон. дæу
нæ бамбардзысты. Дæ политикæ та
уыдон ницæмæн хъæуы.
Батыр сыстад йæ сæр батылдта,
папкæ райста æмæ фæраст.
— Уанойы хъысмæт базонон, стæй
Цæразонты лæппуйы чи фæнадта,
уый дæр сбæлвырд хъæуы, — къæ-
сæрыл æдзынæг алæууыд æмæ Хи-
18
;Гъбрæй куы нйцы бардзырд рай-
хъуыст, уæд дуары йæхимæ æр-
батъæпп кодта æмæ йæ йæ фæстæ
мæсты риуыгъд акодта. Хитъор
фестъæлфыд, Батыры фæстæ кæс-
гæйæ баззад.
Батырæн машинæ нæ уыд, Цæ-
разонты хъæумæ машинæтæ нал
’цыдысты. Скъæрджытæ тарстысты,
фæндагыл цы хотыхджын пикеттæ
лæууыд, уыдонæй. Иу æмæ дыууæ
скъæрæгæн сæ машинæтæ нæ бай-
стой, скъæрджыты фæнадтой æмæ
сæ фистæгæй фæстæмæ рарвыстой.
Æппæт уыцы фыдракæнджытæй
дзуапп домын хъуыд, фæлæ æх-
сæннацион ахастыты уылæнты ми-
дæг ныгъуылдысты фыдгæнджытæ
æмæ хъæстгæнджытæ дæр. Чи сты
фыдгæнджытæ? Кæмæй æрдомдæуа
дзуапп? — ахæм фарстытæ æвзæр-
дис барадхъахъхъæнæг кусджы-
тæм.
Хитъор бæллыд уавæр фæсабыр
кæнынмæ.
— Мæнæ уавæр фæсабыр уыдзæн
æмæ уый фæстæ фыдгæнджытæй
æрдомдзыстæм дзуапп, — дзырдта-
иу йе ’мкъусджытæн Хитъор.
Уавæр та нæ сабыр кодта, рези-
нæйау ивæзтис æмæ ивæзтис. Ба-
тыр дæр афтæ хъуыды кодтаид, фæ-
лæ рынчындоны Сауи æмæ иннæ-
тæй нады чи фæцис, уыдон фенгæ-
йæ, йæ хъуыдытæ схæццæ сты.
Батыр Цæразонты дæллаг хъæуы
кæрон рахызтис, машинæ уырды-
гæй дарддæр нал ацыдис. Скъæрæг-
мæ æхца балæвæрдта, æмæ уæлæ-
мæ, хъæды къохы рæбын хъæумæ,
йæ ных сарæзта. Уыцы хъæуы цæ-
ры Уано. Уыцы хъæуыл цæуынц го-
рæтмæ Цæразонты хъæуы цæрджы-
тæ. Хъæумæ йæ бирæ нал хъуыд,
уæртæ чысыл арх, уый сæрты хъæ-
дын хидыл бахиздзæн æмæ хъæу-
мæ бахæццæ. Архæй ахызтис, афтæ
бæласы аууонæй рахызтис ныллæг,
фæтæнтæ лæппу — йæ къухы цуан-
гæнæн топп, йæ фæстæ тæрсгæ-
ризгæ рахызт иннæ лæппу, йæ къу-
хы — зыкъуыритæ лæдзæг. Батыр
сæм, чизоны, йæ хъус не ’рдардтаид
æмæ сæ фæрсты ахызтаид, фæлæ
хотых кæмæ уыд, уый цъæхснаг
хъæлæсæй цæхгæр фæхъæр кодта:
— Æрлæуу, хелеби магъла!
Батыр æрлæууыд, фæлæ йæ къух-
тыл не ’схæцыд, афтæмæй бакаст
бардзырд ын чи радта, уымæ.
— Къухтæ, къухтæ сдар,'æнмæ{)4
дын дæ сæры тенка æхсын, — тыхст
хъæлæсæй ныцъцъæхахст кодта хо-
тыхджын.
Батыр йæ къухтыл схæцыд, йæ
папкæ йæ сæрмæ, халагъудау, æр-
кæнгæйæ.
— Чи дæ, кæдæм цæуыс? — но-
гæй та йæ афарста, топп кæй къу-
хы уыд, уый.
Батыр сæм лæмбынæг бакаст.
Кæд ын дзы исчи зонгæ разынди.
Зонгæ йын сæ куы ничи разынд, уæд
хъуыдыты аныгъуылд. Фæсайа сæ
. æмæ йæ кæдæм акæной, уым ын ис-
чи зонгæтæ куы разына, уæд дзы
схынджылæг кæндзысты æмæ сын
уæд нæ фæбардзæн, исты фыдбы-
лыз æрцæудзæн.
— Æз милицийы кусæг дæн. Май-
сурадзе Уано мæ хъæуы. Мæ хæс-
тæг у æмæ уымæ цæуын.
Дыууæ лæппуйы кæрæдзимæ ба-
кæстытæ кодтой, стæй топп кæмæ
уыд, уый бардзырд радта:
— Дæ хотых иуфарс аппар æмæ
фондз къахдзæфы сараз размæ. —
Бæлвырд, кинонывтæм фæкаст æмæ
уыцы ныхæстæ уырдыгæй бахъуы-
ды кодта. Батыр райсом хотых нæ
райста, фæзивæг кодта. Æмæ хорз
уыд, нæ йæ райста, ныр æм хотых
куы разындаид, уæд ын æй ацы
хъуымыздзыхтæ байстаиккой æмæ
йæ худинаг ныхъхъæр уыдаид, кæн-
нод та сæ искæй багæрах кодтаид.
Батыр сæм бахудт, разылд сæм
æмæ сдзырдта:
— Джигиттæ, мæнмæ хæцæнгарз
нæй. Уаномæ уазæгуаты цыдтæн
æмæ нын уыцы рæстæджы ’хотых нæ
къухтæм нæ фæдæттынц, — ныл-
лæг хъæлæсæй бамбарын кодта
Батыр.
Лæппутæ ницы сдзырдтой, топп
кæмæ уыд, уый йе ’мбалæн цæстæй
ацамыдта, ома басгар æм. Лæппу
йæ зыкъуыри лæдзæг йæ сины æр-
тъысгæйæ, фидар къахдзæфтæй
бараст Батырмæ.
Батырмæ мæлæты хъыг не ’ркаст
хъуымыздзых лæппуйы архайд.
— Фæлæу-ма, дæхæдæг мæ фен.
Саби мæ дæларммæ дæр не сых-
хæсдзæн, — топп цы лæппумæ уыд,
уымæ, йæ къухтæ хæрдмæ даргæйæ,
бараст Батыр.
Лæппу æвиппайды фендзыг, уый
æнхъæл нæ уыд, Батыр ын ахæм
æнцæйттæй сразы уыдзæн. Топпыл
19
хæцгæйæ баззад. Цы сараза, Ба-
тыр æм комкоммæ æрбацæуы, фех-
са йæ æмæ йæм, æнæзонгæ къух-
тæ хæрдмæ даргæйæ, коммæгæсæй
æрбацæуы. Батыр æм хæстæг ба-
цыдис. Лæппу йæ топпыл хæрдмæ
схæцыд, йæ уæхскыл æй хъуамæ
æрцауыгъдтаид, фæлæ йын уыцы
уысм Батыр йæ хотых ацахста, стæй
йæ зулмæ нырриуыгъта æмæ лæп-
пуйæн йæ топп Батыры къухты
аззад, йæхæдæг зæххыл атылдис.
— Ардæм-ма æрис уыцы лæ-
дзæг, — иннæ лæппумæ тызмæг
хъæлæсæй бакъахдзæф кодта. Лæ-
дзæджы хицау ныффæлурс, йæ
цæстытæ, калмы цæстытау, ирдæй
баззадысты.
— Цæй, кæмæ дзурын!
Лæппу фестъæлфыд, лæдзæг йæ
синæй фелвæста æмæ йæ Батырмæ
æрбаппæрста.
— Сыст уæлæмæ, — рæвдаугæ ба-
дзырдта, зæххыл цы лæппу хуыссыд,
уымæ,—тагъддæр. Цы хæцæнгарз-
ма уæм ис? — Æвиппайды йæм иу
къахдзæф сарæзта Батыр æмæ йæм
йæ къух бадардта. Хистæр сыста-
дис æмæ йæ тарæй гæххæты тых-
тонæй иу стыр кард сласта æмæ ’
йæ Батырмæ хъуамæ баппæрстаид,
фæлæ йæ Батыры тызмæг хъæлæс
фæурæдта:
— Мæ къухтæм æй æрис. Ныр
цомут уе ’мбæлттæм. Абырджытæ,
адæмæн æрæнцой нæ дæтут, дыр-
гъуырццæг сæ фæкодтат.
— Мах никæмæй ницы исæм,
никæй дæр хъыгдарæм, — ба-
хъуыр-хъуыр кодта хистæр æмæ
Батыры разæй фæраст сты. Батыр
хотых кæй байста, уымæй хорзæй
ницы рамбылдта. Зоны йæ, адон
развæдсгарæгæй рарвыстой æмæ
сæм хæцæнгарз дæр радтой. Се
’мбæлттæ уым хотыхтимæ бадынц
æмæ тас дæр уыдонæй у. ’ Цыдæр
æрхъуыды хъæуы.
— Фæлæуут. Чи стут? Цæмæн
стут ам? — афарста сæ Батыр.
Цуангæнæн топп кæмæ уыд, уый,
бæлвырд, хистæр уыд, йе ’мбалмæ
бакаст æмæ, йæ фындзæйдзурæгау,
сгуым-гуым кодта.
— Мæ ном Гела хуыйны, Тбили-
сы цæрын, мæ ныйарджытæ ацы
хъæуы цæрынц æмæ сæм ме ’мба-
лимæ æрбацыдыстæм баххуыс кæ-
ныны тыххæй.
— Æмæ цы æххуыс цух сты, кæм
фæтыхстысты? — афарста йæ Ба-
тыр цымыдисæй.
— Махмæ, Тбилисмæ, ныхъ-
хъуыстис, зæгъгæ, ирæттæ гуыр-
дзиæгты цæгъдынц, сæ цæрæнуæт-
тæй сæ сурынц æмæ æз дæр...—дард-
дæр йæ хъуыды кæронмæ нал загъ-
та, афтæмæй дæр æмбæрст уыдис,
уый дæр экстремистты сидтмæ кæй
фæзындис, йæ ныййарджытæн «æх-
хуысмæ».
— Æмæ ды та? — иннæ лæппумæ
баздæхт Батыр.
— Æз ;æй ракодтон, м’æ сыхаг
у, тбилисаг, — ныллæг хъæлæсæй
бамбарын кодта Гела.
— Кæд æрбацыдтæ?
- —Дыууæ къуырийы размæ.
— Æмæ цы федтай, цы хатдзæг-
мæ æрцыдтæ?
— Æвзæрæй ницы федтон. Ирæттæ
никæй цæгъдынц ’ æмæ сурынц сæ
хæдзæрттæй. Нæ хъæумæ цы экс-
стремисттæ æрбацыдысты, уыдон
нын нæ хъустыл уæзæг сæвæрдтой.
Мах, дам, ам куынæ уыдаиккам,
уæд, дам, уæ ирæттæ фæцагътаик-
кой.
— Æмæ сыл æууæндут? Кæд уы-
дис раздæр, æмæ ирæттæ гуырдзы-
мæ бырстой æмæ сæ мардтой.
— Никуы, фæлæ...
Гела банцад. Батыр йæ сæр ба-
тылдта, стæй хотыхмæ æркаст.
Хотыхыл згæ схæцыд, æнæркас-
тæй кæмдæр къуымы лæууыд. Бæл-
вырд, зæронд^лæгæн рæстæг нæ
уыд, кастаид æм. Гелайы зæрдыл
æрлæууыд æмæ йæ райста йæ адæ-
мы «бахъахъхъæныны» тыххæй.
— Хæц, ахæм хæцæнгарзы сæр
мах ницæмæн хъæуы. Мæ хæс у, дæ
хотых дын байсон, фæлæ кæд ирæт-
тæй тæрсыс, уæд дæм уæд, уадз
згæ йæ бахæрæд, — загъта Батыр,
хотых лæппумæ баппаргæйæ.
Гела хотых æрцахста æмæ зæх-
мæ ныккаст.
— Кæд нæм нæ фæхъыг дæ, уæд
нæм саккаг кæн.
— Бузныг, уый лæджы ныхас загъ-
тай. Нæ фыдæлтæн сæ карздæр хо-
тых уазæгуарзондзинад уыдис æмæ
йæ мах дæр хъуамæ ма ферох кæ-
нæм, — загъта Батыр æмæ лæп-
нуты фæдыл фæраст хъæуырдæм.
Хъæугæронмæ бахæццæ сты. Ге-
ла æрлæууыд æмæ йе ’мбалимæ цæ-
уылдæр тæрхон кæныныл схæцы-
дысты. Батыр сæм æрлæууыд, бам-
20
бæрста, йæ хъысмæтыл кæй тæр-
хон кæнынц. Æрæджиау Гела Ба-
тырмæ хæстæг балæууыд æмæ йæм
æфсæрмыгæнæджы хъæлæсæй сдзы-
рдта:
— Уæлæ кæройнаг хæдзары ба-
дынц, пикеттæн къухдариуæг чи
кæнынц, уыдон. Куы дæ æрцахсой,
уæд. фыдмитыл нæ бацуарддзысты,
бафхæрдзысты дæ. Никæй ныхас
сæм хъары, никæмæй æфсæрмы кæ-
нынц.
Баты’ры зæрдæ сгуыпп-гуыпп код-
та, Гелайы ныхæстæ йæм бахъард-
той.
Ацы хъæуы «æххуысгæнджытæ»
кæй бады, уый Батыр рагæй зоны,
стæй рынчындонмæ цы фыднад æв-
зонг фæсивæд бахаудта, уыдонæн
дæр сæ фылдæр ацы хъæуы райстой
«фæлтæрддзинад».
— Бирæ сты? — Батыр афарста
дзæвгар ахъуыдыйы фæстæ.
— Лæппу йæ сæр батылдта «о»
зæгъгæ.
— Æмæ уæхи хъæуы цæрджытæ
се ’вварс тынг хæцынц, æви сæ
тæрсгæ кæнынц?
— Тæрсынц сæ. Уанойы дæр уы-
дон фæнадтой, — æнкъардæй бам-
барын кодта Гела.
Батыр æдзынæг алæууыд, хъæуыр-
дæм кæсгæйæ. Кæройнаг хæдзары
фæрссаг æм зыны, æмæ æмбары,
’уырдыгæй йæм сæ хъус кæй да-
рынц. Федтой йæ æмæ йæм æн-
хъæлмæ кæсынц, кæд сæм фæзын-
дзæн. Куынæ сæм бацæуа, уæд æй
фæстейæ расурдзысты æмæ дзы
хъазын райдайдзысты. «Мæ хæс мын
æнæсæххæстгæнгæ нæй», — аскъуыд-
дзаг кодта Батыр йæхимидæг.
— Машинæтæ сæм ис?
— Ис. Кæрты сæ баурæдтой æмæ
сæ куы бахъæуы, уæд сæ пайда
кæнынц, — дзуапп радта Гела.
— Цæуæм, хуыцау мын кæд бах-
хуыс кæнид, — загъта, тыхаразгæ
мидбылхудт аразгæйæ, æмæ лæппу-
ты разæй фæраст.
Кæройнаг хæдзармæ ма фондз
метры куыд хъуыд, афтæ Батыры
размæ ракалдысты хотыхджын
лæппутæ хæдæхсттимæ, цалдæр та—
цуангæнæн толпытимæ. Сæ хуыз,
хъæддаг лæгтау, хъуынджын, чъи-
зи. Фæсмынæйбыд хъулæттæ худт-
тæ — сæ сæртыл. Сæ бакаст дæр
удæццойæн ницы лæвæрдтой.
— Гела, æндæр дзы ничи разынд,
нæхи кæуыл аирхæфсæм.
Гела дзуапп ратыны бæсты хъæ-
рæй сдзырдта:
— Æндæр дзы ничи разынд, фæ-
лæ уый нæхи лæгу. Уæлæ Уанойы
хæстæг у.
Гелайы ныхæстыл нæ баууæнды-
дысты, сæ иу ыл иуварс ахæцыд
æмæ Батыры размæ цалдæр къах-
дзæфы сарæзта.
— Ирон дæ? — комкоммæ, судзин-
тау ныхсæг цæстытимæ, бакаст Ба-
тырмæ.
— Æмæ цы уæлдай у, æз чи дæн,
уымæй? Æз милицийы кусæг дæн,
мæ хæс æххæст кæныны тыххæй æр-
бацыдтæн, — тызмæгæй дзуапп рад-
та Батыр æмæ цалдæр къахдзæ-
фы сарæзта йæ фæндагыл.
— Гъе, Гела. ды нæм хуымæтæ-
джы лæджы куынæ æрбакодтай.
Мах дæр ахæммæ бæллыдыстæм.
Ныр цалдæр боны органты кусджы-
тæ сæ хуыккæмтты бабырыдысты,
æмæ хуымæтæджы адæмы та сæ-
хибар ауагътой. Фæтк сæ ничиуал
хъахъхъæны, — цавæрдæр зæрдæ-
къуырæг фидисгæнæджы хъæлæсæй
дзырдта æнæдаст лæппу æмæ йæ
уæхскыл ауыгъд хæдæхсы йæ фар-
сыл тъæпп-тъæпп кæны. Иæ астæ-
уыл ауыгъд спырхгæнæнтæ хъеллау
кодтой. Бæлвырд сæ тынг фæндыд,
Батыр сæ куы фæтæрсид, уый, фæ-
лæ Батыр йæ хуыз нæ фæивта, аф-
тæмæй араст.
— Дæ бынатæй змæлгæ дæр куы
фæкæнай, уæд дæ ныссыхырна кæн-
дзынæн,—йæ ныхæстæ Батырмæ куы
нæ бахъардтой, уæд хæдæхсы
къæрцц-къæрцц райхъуыст.
Батыр æрлæууыд æмæ æвзонг
хотыхджынтæм бакаст:
— Æрлæууыдтæн, цы уæ фæнды,
мæнмæ хотых нæй — сымах хотых-
джын. Цалдæрæй — иунæджы ных-
мæ, уæ сæрмæ йæ бахæсдзыстут, —
æнæмæты хъæлæс æвдисгæйæ,
сдзырдта Батыр. Дыууæ лæппуйы
йæ фарсмæ балæууыдысты æмæ йæ
сгарынц.
— Гоги, иуварс ралæу, сæхæдæг
æй сгардзысты, — йæ дзыхыдзаг
фæхъæр кодта лæппутæй иу-
мæ Гела. Гогийы Батыр базыдта —
бынæттон цæрæг у. Иухатт хылы
тыххæй ахæстоны дæр абадтис æмæ
йын ныр æнæзонгæ «уазджытæ»
21
цы хæс бакодтой йæ бæрны, уый
æххæст кодта.
—Милицийы кусæг махмæ тыхæв-
зарæнмæ не ’рбацыд, йæ хæс æх-
хæст кæны æмæ махæн бар чи рад-
та йæ ныхмæ æрлæууæм, — цавæр-
дæр тыхстхуызæй æмбарын кодта
лæппу. Гелайы ныхæстæ Батыры
зæрдæмæ фæцыдысты, йæ алварс
хъæубæстæй чи уыд, уыдон сгуыз-
гуыз кодтой. Цалдæрæй хæдзарæй
рахызтысты, æртæмæ дзы чысыл
автоматтæ, иннæтæм — цуангæнæн
топпытæ.
— Цы ’рцыдис, цæуыл базар кæ- .
нут ам? —бæрзонд, бæзæрхыг, æнæ-
даст лæппу-лæг Батыры фенгæйæ,
схъæртæ кодта.
Адæм сæ хъæлæба кæнынæй фен:
цадысты, раст сæ цыма арв æрцав-
та, фæхъус сты, æмæ сæ каст уы-
цы бæрзонд, фидæрттæ лæппу-лæг-
мæ екодтой. Уый адæмы хъуыды
дæр не ’ркодта, фæлæ Батырмæ
хæстæг бацыд, бакæстытæ йæм
кодта æмæ йæ стæй афарста:
— Цы документ дæм ис?
— Æвдисæндар, — . цыбыртæй
дзуапп радта Батыр æмæ йæ риуы
дзыпмæ нывнæлдта.
Æнæдаст лæппу-лæг æм бадард-
та йæ къух, фæлæ йын Батыр аиу-
варс кодта йæ къух æмæ йæм æв-
дисæндар равдыста.
— Ды хорз зоныс, æвдисæндарæн
æцæгæлон къухтæм раттæн нæй,
æркæс æм, кæд истæуыл дызæрдыг
кæныс, уæд, — сындæг, фидар хъæ-
лæсæй загъта Батыр æмæ куы
бамбæрста, æнæзонгæ æвдисæндары
фыстытæ бакаст, уæд æй сындæг-
гай йæ дзыппы нывæрдта.
— Хъайтар, милицийы кусæг дæ,
уый æмбæрстгонд у, фæлæ дæ ам
цы хъуыддаг ис, — йæхи фесхъæл
кæнгæйæ, æнæввæрсон хуыз æвди-
сы, йæ цæстытæ рхъулæттæ кодта.
— Чи дæ? Ды дæр мын дæ до-
кумент равдис, — фидар хъæлæсæй
сдзырдта Батыр.
— Æз чи дæн? Гъы! — æнцад
алæууыд цасдæр, дзабырты бырын-
чъытæм ныккаст, бæлвырд, цымы-
дис æм фæкаст, Батыр дзы кæй нæ
фæтарст æмæ йæ ахæм лыстæг кæй
æрфарста. — Æз чи дæн? Æз Гуыр-
дзыстоны хъæбул, йæ зæхх ын чи
хъахъхъаены, уыдонæй иу.
—Æз мæ зæххыл хицау дæн, фæлæ
ды" та чи дæ? — скарз кодта æнæ-
даст лæппу-лæг йæ ныхас. Сæ алы-
варс адæм сгуым-гуым кодтой.
Æвиппайды æнæдаст лæппу-лæджы
æмбæлттæй иу фæстæты базылдис
æмæ, йæ хистæры цæстæнгас ацахс-
гæйæ, хæдыхсы хъæдæй Батыры
къæбут йæ тых, йæ бонæй нырри-
уыгъта. Батыр размæ фæцудыдта,
йæ худ иуварс атахт.
—Бичъебо!—дзыхыдзаг ныхъхъæр
кодта, Батыримæ чи ныхас кодта,
уый, — уæхиуыл хæцынхъом ут, —
загъта æмæ, чысыл раздæр цы хæ-
дзарæй рацыд, уыцы ’рдæм фæраст.
Гела цæрдæг базгъордта, Батыры
худ фелвæста æмæ йæм æй балæ-
вæрдта. Батыр цастæр ацух-мухтæ
кодта, стæй йæхи баурæдта æмæ,
зæхмæ кæсгæйæ, алæууыд æнæдзур-
гæйæ, стæй йæ Гела куы,басхуыс-
та, уæд æм расыг лæгау, ракаст.
— Дæ худ скæн, æндæра дын дæ
сæр нæмын. куы райдайой, уæд... —
нал фæцис кæронмæ йæ дзырд, аф-
тæ йыл кæцыдæр æнæдаст лæг ахæ-
цыд иуварс.
Батыр, бæлвырд, фæтарст, йæ
’ сæр ын куы аскъуыной, уымæй æмæ
Геламæ бузныджы каст бакодта.
Худ йæ сæрыл æрсагъта æмæ йæ
алварс акæстытæ кодта.
— Мæн Кристо хонынц, æз ам
хистæр нæ дæн, фæлæ зæгъ, цы дæ
хъæуы?
— Ацы уавæры ды дæ хистæр, цы
дæ фæнды, уьигараз. Демæ мæ хи-
цæнæй ныхас фæнды, — загъта Ба-
тыр.
Æнæдаст лæппу йæ амонæн æн-
гуылдз хæрдмæ сдардта.
— Уазæджы мемæ ныхасаг ис, —
загъта хъæлдзæг хуызæй æмæ чьь
сыл раздæр цы хæдзарæй рацыд,
уырдæм фæраст, Батыр дæр — йæ
фæстæ.
Сæ фæстæ цымыдисгæнджытæ
ныххал сты. Гела сæ фæстæ т^рст-
хуызæй кæсы.
Батыры цы зæгъын фæндыдис
экстремисттæн, уыцы хъуыды ра-
гæй уыд йæ сæры. Ныр ын рæстæг
фæцис æмæ сын хъуамæ загътаид
сæ рæдыд миты тыххæй. Кæимæ
дзура, уый кæд хистæр нæу, уæд-
дæр ын бамбарын кæндзæн, раст
кæй нæ дарынц сæхи бынæттон
цæрджыты æхсæн. Йæ хъуыдыты
февзæрд, йæ разæйцæуæг æнæдаст
гуьшир адæймагтæ кæйдæр къухты
тыхы къуыбар кæй сты. Цымæ уы-
22
цы хъуыддаг сæхæдæг нæ хатынц?
Кæд æй æмбарынц, æмæ сæхи æнæ-
мбарæджы бынаты æвæрынц, уæд
уымæн та æндæр нысаниуæг ис.
Цæвиттон, сæ хистæр æрæджы га-
зеты фыста, сæхæдæг ирæттæй кæй
æрцахстой, уыдонæн цы фыдмитæ
фæцарæзтой, уыдон. Ирон лæппу-
тыл, æмпъузæнтау, баныхæстой
тыхмигæнджыты ярликтæ. Иæхи
цæстæй чи нæ федта, ацы æнæдаст
лæппутæ цытæ аразынц, кæй æр-
цахсынц, уыцы лæппутæн, уый зын-
тæй баууæнддзæн ныхæстыл. Иæ
хъусты сгуыз-гуыз кодтой, æрæ-
джы йын рынчындоны фыднад æв-
зонг лæппутæ цы ныхæстæ ракод-
той, уыдон. Дзауæй Цхинвалмæ
бæлццæттæ цыдысты. Сæ машинæ
сын ног хиды цур æрурæдтой. Сæ
машинæтæ сын уадид аскъæрдтой
хъæуы ’рдæм. Сæхи сын хъæуы
кæрон æрдæгарæзт агъуыстмæ бас-
къæрдтой, куыд фысты дзугты ба-
тæрай, афтæ. Уым сæ иугай хатæ-
нæй кодтой æмæ бандæйы уæнгтæй
алчи дæр йæ дæсныдзинад æв-
дыста, зыкъуыри лæдзæгæй цæвын-
мæ куыд арæхсы, уыцы хъуыдда-
джы. Лæдзджытæ ныцъцъæлтæ сты
æмæ сæм уæд хотыхты хæцæнтæй
баздæхтой, стæй сæ кæмæндæр
диссаджы хъуыды фæзынд: дека-
бры уазал æхсæвы дон, цæугæдон
кæй сæлы, йæ фарсмæ та астæумæ
миты хъæпæнтæ кæй ис. Æвиппай-
ды цинæйдзаг хъæлæсæй ныхъхъæр
ласта: «ныннайæм нæ хъыбылты».
«Диссаджы хъуыды!» — сæ ’зæрдæ-
мæ фæцыд иннæтæн дæр. Къуыммæ
сæ баскъæрдтой æмæ сæ иугай хи-
цæн уатмæ кæнынц, уым сын рала-
сын кодтой сæ дарæс, сæ дзабыр-
тæ æмæ сæ астæумæ миты акодтой
’ цæугæдонмæ. Ихын доны сæ ных-
хуыссын кодтой, фондз минуты сæ
фæдардтой, стæй сæ растын кодтой
æмæ сæ миты уæлæ сæ гуыбынты
цъæртыл 20 метры бæрц фæбырын
кодтой. Сæ иу æвзонг тæлтæг лæп-
пу, ихьтн доны хуысгæйæ, хуыдуг
кодта æмæ йæ сæрыл схæцыд,
хъуамæ сдзырдтаид, «хуыцау уын
нæй, фашистытæ дæр афтæ куынæ
кодтой ницыгæнæг адæмæн, уæд сы-
мах...» Лæппуйæн йæ дзурæнтæ фех-
гæдтой, йæ сæрыл сæмбæлд æфсæй-
нагцæфхад цырыхъхъы зæвæт æмæ
лæппу нал сызмæлыд, доны баз-
зад, йæ зонд фæталынг, бауа-
дзыг их доны, уым фесæфта йæ
зонд. Уырдыгæй йæ йе ’мбæлттæ
систой æмæ йæ сæ цæнгтыл схас-
той, сæ дарæс сын кæм раласын
кæнын кодтой, уырдæм. Нал æрцыд
лæппу йе ’муд. Надæфхæрд ирон
лæппутæ дзырдтой, лæппу мæлы,
зæгъгæ, æмæ йæ рынчындонмæ уæд-
дæр фæхæццæ кæнæм. Бандиттæм
лæппуты ныхæстæ нæ бахъардтой,
æнхъæл уыдысты, лæппу æфсон
кæны, тугмæ та кæсгæ дæр нæ кæ-
нынц, ууыл фæцахуыр сты. Сæ иу
æм æргуыбыр кодта, æмæ куы
федта фаст сæры, уæд йе ’мбæлт-
тæн ныллæг хъæлæсæй цыдæртæ
адзырдта æмæ æвиппайды сдзырд-
той, цæмæй лæппуйы дуармæ ахæс-
сой. Уым æй кæмæндæр рарвыстой
горæтмæ, йе ’мбæлттæ та уым баз-
задысты æмæ уыдоныл сæ тыхтæ
æвзæрстой. Уым уыдысты зæронд
лæгтæ, фынддæсаздзыд сывæлттæ,
Уыцы æфхæрæн митæ фаг нæ кæ-
сынц фыдгæнджытæм, сæ лæдз-
джытæй сæ схойынц, кафын сæ кæ-
нынц. Боныцъæхтыл бакодтой æф-
хæрд адæмы агъуыстмæ æмæ сын
сæ уæлæдарæсæй сæ зæрдæмæ цы
фæцыд, уыдон байстой. Стæй сын
сæ дарæс скæнын кодтой æмæ та
сæм ногæй æрæвнæлдтой нæмынмæ.
Ерысы бацыдысты, кæмæн йæ цæф
риссагдæр у æмæ кæмæн уæззау-
дæр къух ис. Иу фыдгæнæг дзы
стыр «оригиналон» метод æрымы-
сыд. Ие ’мбæлтты зæрдæмæ фæцыд.
Кардæй æвзонг лæппуйы сæры-
хъуынтæ ралыг кодта æмæ йæм сæ
радта, бахæр сæ, зæгъгæ.
Уазалы гæвгæнгæнæг лæппу
нæ исы хъуынтæ, нæ сæ ныхъхъуы-
ры. Æвиппайды йæм дыууæ хъæд-
даджы хуызæн лæппуйы февнæлд-
той, хотыхы хъæдæй йыл хæфт-
хæфт ралæууыдысты. Ироны сæры
туг къæдз-мæдзы æрлæстис бынмæ,
астæрдыл туджы æртæхтæ, тæдзы-
нæгау, тæдзынц. Лæппу нал тæлфы,
фæлæ йын йæ фæрстыл хъæбæр
дзабыртæй тъæпп-тъæпп ралæууы-
дысты. Йе ’мбæлттæ йæм къуымгæ-
ронæй кæсынц, сæ дæндæгтæ кæрæ-
дзийыл хойынц, сæ цæстытæй фыр-
мæстæй туг мизы. Йæ тых асаст
сæ иуæн, йæхи нал баурæдта, йæ
дзыхыдзаг сыл ныхъхъæр кодта:
«Лæгмартæ, фашисттæ, цы сарæз-
тат, уый?» Дарддæр дзурын йæ бон
нал бацис. Бандиттæм мæлæты хъыг
23
нæ фæкаст, «хъуымыздзых ирон»
сæ фашист кæй рахуыдта, уый.
Лæппуйы хаудæц фæуагътой, ба-
уадысты се ’фхæрæгмæ. Фæхæцы-
дысты йыл, цалдæр цæфы фæстæ
йын йæ дзыхы ныцнадтой, сæ къу-
хты цы хъуынты тыхтон уыд, уый.
«Хæргæ кæн æмæ дæ хъæлæс зæл-
ланг кæна» — кæл-кæл кæнынц фыд-
гæнджытæ æмæ йæм цымыдисæй
кæсынц, лæппу куыд зынтæй ныхъ-
хъуыры хъуынты. Стæй æндæрмæ
бацыдысты æмæ уымæн дæр бахæ-
рын кодтой йæ сæры хъуынтæй цал-
дæр бындзыджы. Афтæ фараст
лæппуйæн топпы дзыхмæ кæсгæйæ,
бахæрын кодтой сæ сæры хъуын-
тæй. Дыууæйæн та здыйы лыггæг-
тæ аныхъхъуырын кодтой. Дыккаг
бон уацайрæгты баивтой æмæ
фыднад — æфхæрд лæппутæ рын-
чындонмæ бахаудтой. Мæлæт тæс-
саг у, мæлын кæй фæнды. Æвзонг
лæппутæ быхстой фыдмиты, æф-
хæрд. Цыппæрæм бон уыцы лæппу-
тæй иу Батырмæ бацыд хъæрзгæ
æмæ йын радзырдта йæ хабæрттæ.
Батыры цæстытыл ауадысты, æн-
.дæр лæппутæ дæр ын ахæм нывтæ
кæй радзырдтой.
Ныр мæнæ йæхæдæг уыны йæ
разы ахæм адæймаджы, йæ бакас-
тæй зæрдæ барызтис, цæмæндæр
йæ цæстытæ тыбар-тыбур райдыд-
той, йæ хурх—ныссур, хъуамæ йæ
хъуыдытæ æргомæй зæгъа, фæлæ
комарынджы æвзаг не змæлы,
нындзыг.
— Цы зæгъинаг мын дæ? Зон æй,
раздæр дæ фæдзæхсын, æз æххуыр-
сты.дæн, æхца мын дзæвгар фидынц,
гъемæ мæ хъуыддаг, дæхæд зоныс,
хъуамæ æххæст кæнон цæсгомджы-
нæй, — загъта Кристо, йæ къухтæ
тилгæ.
Бæлвырд базыдта, Батыр æй цæ-
мæй афæрсынмæ хъавы, уыцы
хъуыды.
— Цы йын æмбарын кæныс, чи
йæ фæрсы, мах чи стæм, уымæй!—
йæ сæрты цалдæр тызмæг дзырды
æрбасхъиудта Кристомæ. Батыр
бамбæрста, иунæгæй йæ сдзурын
нæ бауадздзысты æмæ рæстæг ныд-
дарг^> кæнынæн та рæстæг нæ уыд.
— Мæн фæнды зæгъын, — фи-
дар тызмæг хъæлæсæй сдзырдта
Батыр. — Æз органты минæвар
дæн, мæнæн фыдмитæ ракæнын уæ
бон -у> фæлæ æндæрты куыд фæнад-
тат, афтæ мæн дæр...—фенцадис, йæ
алыварс акæстытæ кодта æмæ йæ
алыварс куы федта, тызмæг бирæ-
гъы цæстытæ, уæд сдзырдта, —
знон ардыгæй æрдæгмардæй цы лæп-
пуйы нылластой рынчындонмæ, уый
тыххæй фыдгæнæг хъуамæ йæ фыд-
ракæнды тыххæй дзуапп радта за-
къоны раз. Афтæ амоны нæ за-
къон.
— Ха, ха, ха, цы йæ архъуыди, æн_
дæр хуыздæр ницы зæгъдзынæ,
уæд дын уый та нæ дзуапп, — æр-
баихъуыст æм тыхджын хъæлæс
æмæ стæй йæ хъустæ ныггуыз-гуыз
кодтой, бæстæ йыл аталынг. Дард-
дæр цы ’рцыдис уый йын фæстæ:
дæр> радзырдтой.
Батыр йæ цæстыты хаутыл
схæцыд æмæ хæрдмæ скаст. Иæ
сæрмæ мигътæй æмбæрст арвы цъæх
ферттивы. Мигътæ змæлынц йæ
сæрмæ, цъахты дзугтау, зилдух кæ-
нынц. Цæстытæ та бацъынд кодта.
Батыры сæр дыз-дыз кæны, хъус-
тæ нæрынц. Уадулыл цыдæр хъарм
бынмæ лæсы, йæ дзых цæхджын ад
кæны. Уæлейæ йæм чидæр æргуыбыр
кодта. Хæрдмæ йæм скаст. Иæ урс
дæндæгтæ йæм ферттывдтой æмæ
йæм сдзырдта:
— Райхъал дæ?
«Æмæ фынæй кодтон цъыфы, гом
арвы бын» — фæдисау Батыр.
Дзурæджы хъæлæс æм æнæзонгæ
фæкаст. Базмæлыд, цырд æм чи-
дæртæ февнæлдта, схæцыдысты
йыл. Батыр йæ къæхтыл слæууыд,
фæлæ та йæ цæстытæ атарытæ
сты æмæ ницыуал базыдта. Ногæй
та йе ’муд æрцыд, йæ цæстытæ бай-
гом кодта, уæдмæ йæ хъуыдыкæны-
над дæр базмæлыд. Фарст лæ-
вæрдта йæхимæ. «Кæм хуыссы, цы
ран ис?» Базмæлын кодта йæ
уæнгты.
Æнгуылдзтæ фæлмæн хуыссæн-
тыл аныдзæвдысты, йæ зæрдæ йæ
гуыпп-гуыппæй æрæнцад, цъыфы
кæй нæ хуыссы, уыцы цау æй фæ-
фидар кодта. Иæ рахис цонгыл дæр
схæцыд, фæлæ ницы рыстдзинад
банкъардта, æрмæст йæ сæр ныд-
дыз-дыз кодта æмæ цонг дæр хъæц-
цулыл æрхаудта. Цасдæр фæстæ-
дæр та йæ галиу цонгыл схæцыд
æмæ æнгуылдзтæ сæры бастыл æр-
хаста. Хæрдмæ, цыппаркъуымон
цармæ кæсы. Цары астæу бур ди-
динæг — нывгонд.
24 ’
— Æгасæй дæ хуыцау уадзæнт.
Змæлыны фæнд ма скæн, — уæле-
йæ йæм æркаст рæсугъдтæ дæргъ-
æццон цæсгом, сау цæстытæ, сау
къæлæт æрфгуытæ, сырхахуырст
тæнæг былтæ. Нæ йæ зоны, чи у?
Иæ сæры цъуппыл урс цикъæ хæ-
цъилæй худ.
-^- Рынчындоны дæн? — ныллæг
хъæлæсæй афарста Батыр. Иæ хъæ-
лæс нæ райхъуыст, фæлæ йе ском-
коммæ .сылгоймаджы худæндзаст
сæрбатылдæй бамбæрста, йæ хъуы-
ды раст кæй разынд. Хур æм ру-
дзынгæй ферттывта, йæ бæрзæй
хъуамæ фæрссаджы æрдæм азила,
фæлæ йæ чидæр фæурæдта. Иæ сæ-
рыл ын æрхæцыд. Рахис цонг хъæц-
цулы бынæй раласта æмæ йæ сæ-
рыл æнгуылдзтæ тæрсгæ-ризгæйæ
æруагъта, Иæ сæр ныхы онг —
бинтæй тыхт.
— Хæдоны райгуырдтæ, амонд-
джын разындтæ, — йæ хъусы дзу-
рæгау ын загъта сылгоймаг.
Батыр æй хъуамæ афæрса, фæ-
лæ сылгоймаджы цæсгом æрбай-
сæфт æмæ йæ бæсты фæтæнтæ бул-
къдаст тымбылтæ цæсгом йæ цæс-
тыты раз февзæрд. Ставд дзæкъул
фындзæй Батыр базыдта рынчын-
доны зынгæ хирурджы.
— Æнæниз у, Батыр! — раарфæ
йын кодта хирург. Батыр ын дзуапп
бæргæ радта, фæлæ йæ хъæлæс нæ
райхъуыст æмæ йæхимид стыхст,
йæ сурхид акалд.
— Ма тыхс, ма тыхс, хорз ацæу-
дзæн хъуыддаг, æрмæст дæхи ба-
вæр, — ныллæг хъæлæсæй загъта
хирург, стæй ма иучысыл алæууыд
æмæ кæмæндæр бардзырды хъæлæ-
сæй амыдта, рынчынмæ фæрссаг
адæймагæн бауадзæн кæй нæй.
Рæстæг цæуы æмæ Батыр дæр
бонæй-бон фидардæр кæны. Иæ
къæхтыл слæууыд, палатæйы къуым-
ты сындæг къахдзæфтæ кæны. Хи-
тъор æм рынчынфæрсæг бацыд,
сбустæтæ йыл кодта, уæд æм кæй
нæ байхъуыста, уый тыххæй, стæй
йын радзырдта йæ нады хъуыддаг.
Батыры экстремисттæ куы æр-
цахстой æмæ йæ хæдзармæ куы нык-
кодтой, уæд хъæубæсты фæсивæд
уынджы æрæмбырд сты. Гела сын
фехъусын кодта, Батыр чи уыд,
æмæ сæм æххуысмæ кæй цыдис. Ге-
ла хъæубæстæн бамбарын кодта,
йæ хотых ын фæстæмæ куыд радта
æмæ йæ куыд бафæдзæхста.
'Уæдмæ Гогиайы æмбалы хъæлæс
анæрыд. «Милицийы кусæджы ам-
ардтой»! Хъæуы фæсивæд фыццаг
фæтыхстысты, фендзыгау сты, стæй
æмгуылф ныккодтой, миты зæйау,
хъæуы кæронмæ.
Гелаитæ æдзæрæг хæдзармæ куы
бакалдысты, уæд хатæны астæрдыл,
йæ туджьГ мæцгæ, хуыссыдис Ба-
тыр, æнæзмæлгæ. Гела Батыры ахæм
уавæры куы федта, уæд йæ бон дзу-
рын ницыуал бацис, йæ разы йæ
зоныгуылтыл æрлæууыд. Цæрдæг
ын йæ риуыл йæ хъус авæрдта æмæ
йæм байхъуыста. Зæрдæйы тæлфын
куы банкъардта, уæд фæбогъ код-
та:
— Гогиа, тагъддæр, «тагъд æх-
хуысмæ» дзургæ!
— Цавæр «тагъд æххуысмæ»
дзурыс, ныр нæм мæйы бæрц æцæ-
гæлон адæймаг йæ къах дæр куы-
нæ æрбавæрдта, уæд! Шофыртæ
ацы сырдтæй ардæм кæм уæндынц,
дæлæ фæндагæй ардæм сæ куы ничи
уæнды.
Гелайæн цыма бустæтæ кæнынц
сæ хъæуы зæрæдтæ, афтæ бамбæрс-
та æмæ уый дæр Гогиамæ дæгъæл-
тæ баппæрста.
— Гогиа, мæнæ дын дæгъæлтæ
æмæ мæ машинæ ракæн, лæг мæ-
’ лы. — Иæхæдæг Батырмæ æргуы-
быр кодта. Хъæубæсты лæппутæ йæ
фембæрстой æмæ йæм фæцырд сты.
Арæхстгай йæ систой æмæ йæ æд-
дæмæ уынгмæ рахастой. Цалдæр
минуты фæстæ Гогиа машинæ ра-
кодта æмæ Батыры уым бавæрдтой
арæхстгай. Гела йын йæ сæр йæ
хъæбысы бакодта.
плиты илья
ТÆХУДЫ
Гъеныр, тæхуды ’мæ Ирыл
Иу дзæбæх зарæг ыскæн. —
Ног цин цы бафта йæ циныл,
Уый йын куы фестид мæ сæр.
ХОРЫ НÆМЫГ
Хоры нæмыг у нæ царды бындур, —
Хур æмæ зæххы хъæбул.
Уый цур, зæгъ-ма мын, сыгъзæрин цы у,
Уас, дæ мад амæла, дзул!
* * *
Лæгау, дæхи дæхæдæг,
Зæгъгæ, нæ уарзыс, уæд
Афтæ ’нхъæл дæ — æндæртæ
Æркæндзысты дæ мæт?!
КЪÆРНЫХÆН
Фыдгæнæг дæ, къæрных, хуыснæг,
Къæрныхæггаг дæм касти хорз.
Нæ дæ ахста æхсæв хуыссæг,
Ды давтай адæмæн сæ фос.
Ныр ахст дæ, зон, дæ хуыз у цыд,
Æмæ бæргæ фæсмон кæныс,
Фæлæ æруагътай стыр рæдыд,
Æмæ сæргуыбырæй лæууыс.
Мæ фæдыл зилыс ды,
Фæсвæд æфхæрыс мæн.
Æмæ дæ тынг фæнды
Æсмаст кæнай мæнæн.
Дæ фистæджытæ — тутт,
Дæ бæхджынтæ дæр — тутт.
Дæхæдæг фæу «суд» —
У ницæйаг дæ уд.
* * *
Арæх бахъуызы дæ фыстмæ
Искæй уацмысы тæваг.
Цин дын фенон, алы мыггаг
Фысджытæй фæдавтай фаг...
Ма дав искæй фыст æмдзæвгæ!
Ахæм фæллой тайæн нæу.
Науæд та зæгъон æргомдæр:
Гормон, уый куынæ у дæу!
УЫНГМÆРЗÆГ
Сты сæумæрайсом Къутæр-бæлæсты
• Дрис — нæ уынгмæрзæг. Донæй бафсады,
У зæронд, фæлæ
Цырд, уæнгтæрæуæг. Ног асфальтгонд уынг
Авгау ферттивы...
Цыма хосдзау у, Ахæм хорз куыстыл
Цыма уис хæссы, Зарæг чи сивы?
Уыйау уисойæ
Уынгтæ рамæрзы. Мах дæр — сабитæ,
Зæрдыл бадарæм:
Уый нæ уадзы, нæ, Уынгмæ броны мур
Ам рыг абадын. Мауал акалæм!..
гыцци
Цал хатты мын ауызтай мæ авдæн,
О, зынаргъ Гыцци.
Цал хатты дæ хъарм хъæбысы буцæй
Батавтон мæхи. -
Цал хатты дæ риуæй æз адджынæн
Бададтон æхсыр.
Цал æгъуыссаг даргъ æхсæвтæ
Кодтай ды цыбыр...
О, мæ хъомылгæнæг, уыдон иууыл
Чи хынцы уæвгæй?
Мады лæггæдтæ — æгæрон, бирæ, —
Не сты рох мæнæй.
Æмæ ныр, дæ коммæ Гыцци, абон,
Æз куыннæ кæсон?
Мады амынд, мады фæдзæхст, хорзæй
Хъуамæ ’ххæст кæнон!
АМОНДЫ ХУР
Хур ыскасти — амонды хур,
Райгуырæн зæххыл.
Царддæттæг у, цардамонд у,
Атылди бæстыл.
Сабыр дугыл ут æнувыд,
О, сывæллæттæ.
Мады уарзтæй уарзут алкæд
Райгуырæн бæстæ.
Мады хъæбыс у йæ хъæбыс,
Мады риу — йæ риу.
Айрæзут ыл, адынджыр ут, —
У’ амæндтæ сты иу.
27
ДЖЫККАЙТЫ БЭЛЛÆ
Зæрдæйы хивæнд митæн басусæггæнæн ис?
Радзырд
Уыцы ’хсæв уыдыстæм мах цал-
дæр æмгарæй...
Фынджы уæлхъус бадтыстæм æм-
бырдæй æмæ кæрæдзийæн, мидбыл-
худгæ, ’ кодтам фæлмæн, амондæй
æмæ æвзонгадæй йедзаг ныхæстæ...
Музыкæйы зæлтæ нæм сабыргай,
ногчындзытау, цыма æфсæрмы код-
той, куы сæ. баджиздарæм, куы сæ
фæиппæрд кæнæм сæ иумæйаг цин-
æй, зæгъгæ, уыйау уæззаугай сæхи
\лвæстой нæ цурмæ, фæлæ куы ба-
зыдтой, æхсызгон нын у сæ уæздан
зæлты змæлд, уæд тынгдæр, бар-
джындæрæй ныййазæлыдысты æгас
залы...
Цыдæр æнæзонгæ æхцондзинад
хаста зæрдæ, залы æрвгъ.уыз къул-
тыл чъызгæйæ цы алыхуыз цырæгъ-
тæ ссыгъд, уыдонæй...
Ды бадтæ уæд ме ’рбакомком-
мæ — хъæлдзæгæй, мидбылхудгæ
цыдæртæ’дзырдтай дæ фарсмæбад-
æг æвзонг чызгæн. Мæн уынгæ дæр
нæ кодтай... Йæ цæстытæ æнахуыр
æрттывд кодтой, фæлмæн цæстæнга-
сæй дæм каст дæ фарсмæбадæг. Йæ
къæбæлдзыг сæрыхъуынтыл-иу фæс-
тæмæ ахæцыд, йæ уæздан армæй-иу
дзаг агуывзæ систа æмæ-иу дæм æй,
дæ уæндон цæстæнгас дын æнцонæй
æрцахсгæйæ, рæдауæй бадардта.
— Дæ нуазæн бирæ уæд,Иринæ, —
раарфæ-иу кодтай бузныггъуызæй
æмæ-иу æй анызтай. Стæй та-иу уæ
адджын ныхæстæ ногæй райдыдтат.
Æвæццæгæн, тæрсгæ кодтат, уæ
хъарм ныхæстæ куы ауазал уой,
æрдæгыл куы аскъуыйой æмæ уæ
рæсугъд бæллицтæ куыннæуал сæх-
хæст уой, уымæй.
Æз, Иринæ ном фехъусгæйæ, уай-
тагъддæр фенкъард дæн, мæ зæрдæ
æвиппайды, карды цæфау, ныррызт,
цыма ацы тæккæ æрбахызт, цыма
уый размæ ам нæ уыд, уыйау. Цы-
дæр ракæнонхуызæй бакастæн уыцы
ницы аххосджын æвзонг чызгмæ,
фæлæ уайтагъддæр мæ сæр уырдыг-
мæ æруагътон æмæ хъуыдытыл фæ-
дæн...
— Мæнæ диссаг, афтæ рæсугъд
никуыма уыди Иринæ... Иæ уæздац
къæлæт æрфгуыты бын æрвгъуыз
цæстытæ фырамондджынæй тæмæн-
тæ калдтой, æнахуыр æлвæст кодтой
сæхимæ адæймаджы. Йæ растæвæрд
урс-урсид дæндæгтæ цырагъы рухс-
мæ, дзæнхъа дуртау, æрттывтой...
Музыкæйы рог зæлтæ та ногæй
ныннæрыдысты æмæ цыма мæ тарф
фынæйæ фехъал дæн, уыйау фестъ-
æлфыдтæн.
— Цæуыл дарын азым Иринæ-
йы? — домдтон мæХицæй дзуапп. —
Уый бынтондæр аххосджын нæу.
'Æвæццæгæн, рагæй уарзынц сæ кæ-
рæдзийы, æмæ сæ ма хъыгдар, —
загътон фидарæй мæ зæрдæйæн.
Фæлæ ивылд доны цы бауромдзæн-
ис, йæхицæн фæндагагур размæ
бырста...
О, фæлæ нæ ардта уыцы уæрæх
фæндаджы, уыцы рæсугъд царды
æмæ йæ судзгæрыстæй нал æнцад...
Æвиппайды мæ цавæрдæр стыр
тых, йæ уæлныхты фелвæста, цавæр-
дæр ныфсытау цадæггай ме уæнгты
хызт æмæ фæхъæлдзæгдæр дæн.
Цæуылдæр, мæхуыддæг дæр æй нæ
зонын, цæмæн, дзурыныл схæцыд-
тæн мæ фарсмæбадæг урсцъар, бур-
хил лæппуимæ. Бирæ хатт-иу мæ
дзыхыдзаг афтæ ныххудтæн, (уарз-
тæфхæрд зæрдæ цынæ кæны), æмæ-
иу мæм фынгылбадджытæ уыцы
æмхуызонæй фæрсæджы каст æрба-
кодтой, ома уагæры цы загъта
йæ фарсмæбадæг.
Æнæнхъæлæджы дын де ’нкъард
цæстæнгасыл сæмбæлдтæн, диссаг
мæм фæкаст, фæлæ цæстыфæныкъ-
уылдмæ мæхи атыдтон уыцы арфуы-
нæг цæстытæй, æмæ та хъазæн ны-
хас баппæрстон мæ фарсмæбадæг-
мæ.
О, тынг мæ фæндыд уыцы уысм,
раздæрау нæ цæстæнгас .кæрæдзий-
28.
æн æппæт дæр куь! загътайд, куы
рахабар кодтаид нæ зæрдæты сусæг
хъуыдытæ æмæ та нæ сонт зæрдæты
уазал ахаст хъарм къæвда рауардæй
куы фæивтаид, фæлæ чызджы æнæр-
цæф зæрдæ!..
Ды дæхи уæззаугай ауагътай
сырх къæлæтджыныл æмæ цæуыл-
дæр къæхтыбынæй ныуулæфыдтæ.
Хаттæй-хатт-иу дæ былтæм сабыр-
гай ’схастай — дæ армы цы æрдæг-
сыгъд бапъирос уыд, уый æмæ та-иу
фæстæмæ цавæрдæр тарф хъуыдыты
аныгъуылдтæ.
— Цы кæныс? — фæлмæн цæст-
æнгасæй дæ афарста дæ фарсмæба-
дæг Иринæ. Ды йæм æнæбары дæ
мидбылты бахудтæ æмæ та цæмæн-
дæр де ’нахуыр цæстæнгас сарæзтай
мæнмæ...
Уадид цины стъæлфт фæкодта мæ
зæрдæ, базыртæ йыл базад æмæ мæ
фарсмæбадæг бурхил Хасаны цонг-
ыл фæхæцыдтæн, кафджыты ’хсæн
февзæрдыстæм. Фæлæ музыкæйы
уæздан зæлтæ уайтагъддæр фесты
æмæ та хъæлдзæгæй мæ бирæ хъуы-
дытимæ мæхи сындæггай æруагътон
сырх къæлæтджыныл. Æвиппайды
мæ цæсгом афæлурс, мæ цæстæй дæ
агуырдтон, ч фæлæ ды никуыцæй
зындтæ. Мæхимидæг бакатай код-
тон, цы фæуыдаид, уæдæ...
Иринæ мын æвæццæгæн фембæрс-
та мæ катайы сæр æмæ мæм йæ
мæстæйдзаг цæстытæ фæхъоппæг
кодта.
«— Гъы, цыма мæм цы ныкком-
кОммæ, цы? — ахъуыды кодтон æз,
ау, нæ йæ зоны—Аланимæ нæ кæрæ-
дзи æнæкæрон бирæ кæй уарзæм?!»
Ды æрбахызтæ æнкъардæй æмæ
дын цыма музыкæйы рог зæлтæ дæ
зæрдæйыуаг бамбæрстой, уыйау сæ
хъæлдзæг зæлтæ æнкъардмæ раив-
той, æмæ сабыргай ныннæрыдыс-
ты...
Ды тыхулæфтгæнгæ мæ цуры æр-
балæууыдтæ æмæ мын мæстæйдзаг,
æндыгъд хъæлæсыуагæй загътай:
— Æгъгъæд уæд, цыфæнды хъаз-
тæн дæр кæрон ис... Кафынмæ мæ
рахуыдтай. О, куыд ’нахуыр æрт-
тывд кодтой дæ дыууæ сау цæсты...
Æз сæм фæлмæн цæстæнгасæй кас-
тæн æмæ мæ цæстысыгтæ мæ уадул-
тыл хъуызыдысты, фæлæ æз мæхи
иттæг амондджыныл нымадтон... Дæ
сау цæстытæм кæсгæйæ, æз хатыд-
тæн, дæ зæрдæ ирддæр кæй кæны.
Æз бамбæрстон, дæ маст цæдджи-
нагау кæй рахсыст, уыцы бурхил
лæппуимæ мæ афтæ арæх кафгæ
кæй уыдтай, уый тыххæй.
Æниу нæ хылы аххосаг дæр уыцы
æнæаххос, æвзонг лæппу уыд. Æн-
æхъæн æртæ мæйы кæрæдзимæ нæ
дзырдтам æмæ цæй тыххæй:
...Хасанимæ, дам, æгæр æргом дæ,
æгæр барджын ныхæстæ, дам, фæ-
кæнут кæрæдзийæн æмæ афтæ дард-
дæр. Стæй ма ноджы хуыцаубониз-
æр йемæ кинотеатр «Чермен»-ы
разы куы федта, уæд йæхицæн бын-
тон бынат нал ардта. Æцæг иунæг-
æй нæ уыдтæн, ме ’мкурсон чызг дæр
мемæ уыд, фæлæ йæ ды, æвæццæг-
æн, фырмæстæй хъуыды дæр не
’ркодтай.
— Иттæг хорз, — дæ дæндæгтæ
ныхъхъыррыст кæнгæнæ, æрбадз-
ырдтай ме ’рдæм æмæ дæ цæсгом-
ыл цавæрдæр æнахуыр мидбылхудт
андæгъд.
Цынæ хуызы тар хъуыдытæ сæв-
зæрд мæ сæры уыцы уысм æмæ мæ
бынаты сагъдæй баззадтæн. Цас фæ-
лæууыдаин афтæ æдзынæгæй, фæлæ
мын ме ’мбал чызг мæ цонгыл ахæ-
цыд æмæ уæд æз дæр мæ цæстысыг-
тæ нынныхъхъуырдтон æмæ семæ
мидæмæ бахызтæн, фæлæ...
Уæдæй фæстæмæ кæрæдзимæ нал
сдзырдтам. Æмæ та мæнæ ныр дæр
нæ фидауæггæнæг дæр уыцы бурхил
лæппу куы у. Цыдæр худæг мæм фæ-
каст уыцы хъуыды æмæ мæ мидбыл-
ты рæдауæй бахудтæн.
О, куыд тйнг мæ фæндыд, уыцы
уæздан музыкæйы зæлтæм кафгæйæ
дын куы загътаин мæ зæрдæйы æм-
бæхст хъуыдытæ. Ахст цъиуау зæр-
дæ бырста, рагæй фæстæмæ кæмæ
æнхъæлмæ кæсыс, уыцы дыууæ дзы-
рды зæгъынмæ дæр. Куы дын ра-
хабар кодтаин (æниу дын æй иу
æмæ дыууæ хатты нæ загътон), уы_
цы бурхил лæппу мæ сыхаг, мæ
хуыздæр æмгар кæй у, фæлæ ме
’взаг мæ дзыхы мæрдон фынæй ба-
цис æмæ ницæмæуал арæхстæн.
Нæ . маст кæрæдзийæ райсынмæ
бæргæ хъавыдыстæм, фæлæ нын нæ
уарзтмонц зæрдæтæ æххæст уый бар
нæ радтой...
ТЁДЕТЫ АВГАР
ДÆУ ТЫХХÆЙ, ФИДÆН!
Цæмæй нæ сомбон уа рæсугъд, хуыздæр,
Нæртон, парахат, сойбыл æмæ адджын —
Хъæуы мах кусын уый тыххæй фылдæр,
Æрмæст куысты фæрцы уыдзыстæм кадджын!
Нæ амонд у нæхицæй кæнгæ ныр,*
Æмæ нæ хъуамæ ма уа иу уысм рохы.
Ыслæууæм Рацарæзтимæ æмгуыр, —
Ссарæм удæхцон фæллойыл тохы.
Нæ нысан нæм зыны бæрæг, бæлвырд,
Нæ йыл хъæуы мисхалы бæрц дызæрдыг. ,
Фæтæг цы цард саразынмæ бæллыд,
Уый хъуамæ ма ныууадзæм, ма, æрдæгыл...
Кæннод нын худинаг уыдзæн, мæлæт,
Мыд ахæрыны хуызæн нæу зæрдæхудт...
Нæртон хъуыддæгтыл-иу нæ хид кæлæд,
Æмбисбндæн хæссинаг фод нæ цæрдуд.
* * *
Ныры дугæн йæхи миниуæг ис,
Æндонбуар, æндонхъару, цырагъ-уд.
Нæ зæрдæтимæ уый кæны фæдис,
Ендзыг заманæн фелвæста йæ агъуд.
Йæхимæ йын куы февналид ыстæй —..
Хъæддых армæй йæ арф комы нысхуыста...
Кæны йæ арфæйаг хъуыддаг рæстæй,
Тæмæнтæ калдзæни рæхджы — æгъуыстаг...
Кæннод куырмæджы хилæгау нæ цыд
Уыдис. Нæ раз нын алвæндæгтæ ’хгæдтой.
Æрдуйыл ма нæ уды таг хæцыд,
Ысфæлахс ыстæм, раст цыма чъылыхдон.
Фæлæ фыдлæг æмæ фыддуг зæххыл
Æнусон не сты, Ичъынайы калмау.
Нæ онгмард атад уалдзæджы цъæхыл,
Мах ныр стæм æлвæст кард æмæ хъама...
* * *
Æргом дзурыны фадат нын фæцис
Æмæ былдауæн ныхæстæ ныууадзæм.
Кæм æмбæлы, уым хъуамæ уæм фæдис,
Нæхи æмбарæм, хорз сыхаджы уарзæм.
Хæлар цæстæй нæм чи кæсы æрмæст,
Уый у нæ хæрзгæнæг æмæ нæ лымæн.
Хæрзæбон уарзы ахæмæн нæ цæст,
Адджын нæ удтæн басгуыхтйс æлæмау.
Фæлæ нын чи æнад кæны нæ цард,
Нæ уæзæгыл нæ чи хоны ныр уазæг,
Сæхнцæн уыдон не скæндзысты кад,
Цæудзæнис та сыл иу хатты фыдуалдзæг.
Дæдæй, цы гал сæ уæлфадыл лæууы!
Цы æнамонды базыртæ сыл базад?
Мах иудзинад цæстырухсау хъæуы,
Æнæсæртæ та байгом кодтой базар...
* * *
Нæу сабыр дуг, цыдæр æзнæт хæссы.
— «Цы уыдзæн, цы?» — фæрсы мæ иу фæрссаг лæг.
Æз ын зæгъын: — «Нæ дзы хъæуы тæрсын,
Фæлтау æнæмæт у нырмæйау, хъæлдзæг.
Дæ хъуыддаг кæн æнæкъæмдзæстыгæй,
Дæ хæлæрттæн сæ зæрдæхудты ма цу.
Кæуын фидауы хъарм цæстысыгæй,
Къæрццæмдзæгъд та чындзæхсæвæн йæ гакк у».
Æмæ фæхудоæнбыл æнæзонгæ
Мæ дзуапмæ. Цæхгæр фæзылд, фæцæуæг.
Уый ницы кодта афтæмæй зæгъгæ,
Æниу цæттæ нæ разынди быцæумæ.
Йæ хынцфарст æм фæкаст æгæр рæуми,
Æмæ æрæджийау æрхудт йæхиуыл...
Мæхицæн загътон: « —Гъе, уæууай* кæм и
Цæуæн, æнæцудгæ, æрдуйы хидыл!?»
Иры хъæбултæ, не стæм иу хуызон,
Ныссаджилтæ ис алæрдæм нæ фæндаг.
Нæ нын басгуыхт Къостайы амынд зонд:
«Кæрæдзи уарзут», сагъуыд ныл æрхæндæг.
Нæ дзы сарæзтам хатдзæгтæ æмæ
Стæм абоны онг иугай, къордтæ, дихтæ. .
Дзыназы Хуссар Ир Цæгат Ирмæ,
Хъæвс-хъæвс кæнынц нæ удæй удмæ хидтæ.
Гамзатовмæ æуый нæ кæсы раст
Æмæ лæгау цæхгæр йæ ныхас загъта,
Цæмæй æскъуыддзаг æрцæуа ацы фарст
Æнæхъæлæба æмæ загъта-багъта...
Æидзыг дуг нын цы ракодта, уый уыд
Нæ хæхбæсты æдзæрæг уагмæ ’ртæрын.
Нæ дзы баззади быдыр дæр æвыд,
Нæ горæт ныр йæ «дзæмбытæ» ыстъæры...
Мæн мары иу æнамонды фыдуац:
Цæмæн æрцард нæ сыхагæн йæ риуы
Æлгъыстаджы залиаг саухъус калм,
Цæмæн, цæй тыххæй мын мæ уды ’лхъивы?!
31
Кæд ын хуЫцауæй загъд æрцыд мыййаг’,
Кæнæ та йын сфæлдисæг ныббаста?!
Цыфæнды фод — ныртæккæ нæу сæйраг,
Сæираг у ныр мах иу ранмæ цы ’рхаста!!!
Мæ рагфыдæлты хидæй умæл зæхх!
/пæ рагфыдæлты стджытæй урсцагъд зæхх!
— Дæ хъæбул дæн æви нæ? — уый мын зæгъ!
— Дæ хъæбултæ стæм æви...? — уый нын зæгъ!
Нæ рахастам æрдзæй быныбырд мах,
пæ габу кодтам рагæй дæр хуыцауæн„
Фæлæ ныл рæстæг не ’ркъуырдта иæ къах,
Ьæсты фарн бахызта мах ахæм цауæй...
* * *
Барсæджы цалх ныл ратылдис кæддæр,
Цыма нæ баззад? — армыдзаг æрмæстдæр.
Фæлæ нæ бахуыссыд нæ зынг уæддæр,
Нæ мыггаджы нæ батыдта фыдрæстæг.
Æмæ табу хæрзгæнæгæн, табу!
Мæ уд фæхъхъау фæуæд нæ зæды хайæн,
Нæ зæнг нын афтæ чи скодта хъамбул,
Нæ цæхх, нæ къæбæр адджын æмæ тайæн.
Стæм уый фæрцы цæрдхъом æмæ ныфсхаст,
Быхсаг, фæразон æмæ ноджы барон.
Нæ академи — Адæмон ныхас,
Фыдæлтæй дзы сæрфат нæ цардæн арæм.
Аланыстоны хорз æгъдæутты фарн
Кæны нæ тугдадзинты уымæн зилдух,
Цæмæй уа ’видигæ нæ удты хъарм,
Ирыстон макуы, макæд фæуа цинцух.
Нæ хæхбæстæ — нæ зæрдæйы лæууæн,
Дæумæ у не скаст цины уа, зын сахат.
Зæххыл кæд искæй амондмæ бæллæм,
Уæд уый ды дæ — нæ ныфс, нæ удыгага.
Дæ фæдджитæй нæ фæндæгты гуырæн,
Ныссаджилтæ н, раст бæласы хихтау.
Кæм фæнды уæм — нæ уд нывонд дæуæн,
Дæуимæ — иу зондыл лæуд сихтау.
Нæ æнусон æнцойад хъахъхъæныс,
Дæ сыджыт мын — бæмбæджы рог тыхтонау.
Мæрдты дæр нæ ды афтæ тынг хъæуыс,
Куыддæриддæр уæлæуыл, ам, нæ къона!
Зæххыл æмбал дæ æлутонæн нæй,
Æрдхæрæйнаг — дæ дон, дæ цæхх, дæ кæрдзын,
Дæ уæлдæф — ирд, улæфæм æй зыдæй,
Дæ арв — нæ фыдæлты бæстæ æмбæрзы.
Фæхъомыл кодтаиу фæрныг фæдон
Иæ уды хаимæ. Æнхъæл уыдысты:
Уыдзæнис арфæйаг сæ зæры бон...
СæхНмæ афтæ амондджын зындысты.
Фæхастой йæ сæ комдзагæй, мæгуыр,
Нывонд галау æм иудадзыг зылдысты,
Хуыцаумæ кувгæ, ивæзтой сæ хъуыр...
Сæхимæ афтæ амондджын зындысты.
Æвгъау ын ницы кодтой аба-бау,
иæ размæ, ахуырст айкау, тылдысты,
— Æркаста нæм хæлар цæстæй хуыцау! —
Сæхимæ афтæ амондджын зындысты...
Фæлæ куы ницыуал цыдис сæ бон,
Тæккæ куы хъуыдис зæрæдтæм фæкæсын,
«Уæд сæ фæлыгъди се бузны фæдон...
Æнкъард, æрхæндæг бахæцыд сæ къæсыл.
* * *
Зæххыл хæрзгæнæг никуы ссардта хорз,
Зæгъынц, фæлæ йыл ныр куыд ысуон разы?!
Тыдтон хæрзиуæг æмæ скодтон фос,
Дзæбæх ракæнын! Уый кæуылты уаз у!
Цы радтон хорзæй адæмæн, мæнмæ
Ныр уый æртывæрæй фæстæмæ здæхы.
Æмæ сæ хъуыддæгтæ цæуæнт рæстмæ,
Фæрнæй, фæрнæй цæрæнт нæ Иры зæххыл*
Цæхх æмæ сын кæрдзынæй дæн фысым,
Салам зæгъынæн мæ нæ хъæуы фидын.
Нæ раттæг адæм, Иры къуым, æз уын
Æгæссад, Фарн, бир-бирæ амонд сидын*
Уæ хорз кæй фæнды, уыдон фæндиаг
Æфтауæд дидин у’ алы бæллиц, уадз *мае,
Æрфæны фæдау, дарæд рухс уæ^æндаг,
Æмæ уæ хонæд стыр фидæны размæ...
* * *
Циу Рацарæзт?.. Нæу алкæмæн æмбэерст,
Æмæ уым ници диссагæй бынтондæр.
У Рацарæзт нæ царды ног нывæст,
Йæ нысан та: нырмæйæ уæм æвронгдæр.
Кæд аразæм — зæрдæмæдзæугæ уæд,
Нывыл куыд уой нæ куыст æмæ нæ архайд,
Ыстæй канд уыдон нæ, фæлæ æппæт,
Æппæтæн фесафын хъæуы сæ сахъат.
Нырмæ цы уыди, уый æгъгъæд фæуæд,
Нæ дуджы й’ аккаг зарæг хъæуы абон.
Бынтон нæ байрæджы: æгас цæуæд
Нæ фарны Рацарæзт — бæстæйы амонд!
1989
3. Журн. «Фидиуæг» № 5.
ГАЛУАНТЫ ЛЮДÆ
МÆ ХЪÆБУЛТÆ, УÆ ЦÆФТÆ РИССЫНЦ?
РИССЫНЦ!
(Цикл «1989 азы 23 ноябрь»-æй)
Мæ Ирыстон, дæ зæрдæ риссы? Риссы!.
Цы бакæнæм, кæмæй бавæрæм ныфс?
Нæ хъæбултæ, уæ цæфтæ риссынц? Риссынц!
Нæ удты тых нын бакæндзæн æххуыс!
Нæ рынчындонмæ бацыдтæн ныртæккæ*
Цæй рынчындон, уый госпиталь у ныр.
Уый сæрра сты гуырдзиаг экстремисттæ,
Сæ фыдракæнд æнæкæрон^ ыстыр.
Нæ хъæбултæн фаг нал кæнынц бынæттæ,
Кæмæн йæ хъуыр, кæмæн йæ гуыбын цæф.
Сæ къæхтыл, къухтыл тугæйдзаг бæстытæ,
Куыд тæссаг у æнаххос туджы тæф!
Æз палатæйæ палатæмæ хизын, —
Дæлгом-уæлгом нæ лæппутæ хуыссынц,..
Сæ фæсонтæ сты сау-сауид фыднадæй,
Сæ уыргтæ ’мæ сæ фæрсчытæй хъæрзынц.
Куыд фидар дæ, куыннæ атоныс, зæрдæ...
Уæд цæфты ’хсæнæй иу лæппу зæгъы,
Уæддæр, дам, махыл не ’мбæлы рæдийын,
Æмæ мын ноджы ’мбисæндтæ хæссы:
«Мæ мады хай, дæ хорзæхæй, æгъгъæд, у,
Мæ цæфтæй мын дæ цæссыг у зындæр.
Мах фидар ыстæм, слæудзыстæм нæ къæхтыл
Æмæ нæ кафгæ фендзынæ ды дæр».
Цыдтæн, фæлæ мæ развæндаг нæ уыдтон,
Мæ хæдзармæ, мæ удрисгæ дзырдтон:
Кæмæн ысты нæ хъæбултæ уæлдайаг!?
Цы ма кæсы мæ адæмы фырттæм!?
I
Мæ Ирыстон, дæ зæрдæ риссы? Риссы!
Цы бакæнæм, кæмæй бавæрæм ныфс?
Мæ хъæбултæ, уæ цæфтæ риссынц? Риссынц!
Мæ Ирыстон. ды бафæраз, ныббыхс...
,25. XII. 1989
ИРОН КÆЙ ДÆН, ЦÆМÆН МÆ МАРЫНЦ
УЫИ ТЫХХÆЙ?!
Мæ бон нæу дзурын, фæлæ йæ зæгъдзынæн:
Мæ дзурæнтæ — уæззау мастæй æхгæд.
О, цардхалджытæ! Нал æфсæдут тугæй?!
Уæ зонд æрцахсут, фаг уын у, æгъгъæд!
14æ сонт лæппуты федтон &з фыртыхстæи...
«Ныццагътой нæ» — лæнк-лæнкгæнгæ, дзырдтои.
Уым, Присы къуылдым, хотыхджьшæй байдзаг...
Æмæ æххуыс нæ адæмæй куырдтой.
Ирон хуыцау, фæуынгæджы сты адæм,
Куыд бахизæм нæ саг-хъæбулты цард?
Æнæмсæр тохы лæппутæ цы кæной? —
Æвзиды сæм чъылдымæрдыгæй кард.
«Ирон кæй дæн, цæмæн мæ марынц уымæн,
Кæдæм ’лидзон мæ фыдæлты зæххæй,
Æз цардтæн æмæ амæлдзынæн Иры, —
Лæгæй-лæгмæ нæ рамбулæнт тыхæй».
Мæ Ир цæгъды дзæнгæрджытæ йæ удæй,
Хуыссын кæнынц ирон уæзгуыты арт.
Фæдис! Фæдис! Куыннæ мæ хъусы исчи,
Джебогътыл исынц сонт хъæбулты цард!..
,30. XI. 1989.
ИРОН ФÆНДЫР, МА ФÆТÆРС, ÆРЦÆГЪД!
Мæ Ирыстон, ды ме стыр уарзт, мæ рис. дæ,
Дæ цардамондæн ратдзынæн мæ уд.
Мæлынæн мах нæ хъæуы констятуцй,
Уæ гæрæхтæй нын реквием цæгъдут?!
Зæрдæрыст дæн, нæ мæ хауы цæссыг дæр,
Мæ риу фæтоны адæмы мæстæй. ,
Æнæаххосæй аххосджын цы фестæм?
Нæ хъæбултæ цæмæн хуыссынц цæфтæй?
Æрбарвыстат æххуырст лæгмартæ Ирмаб,.
Нæ хæдзæрттæй нæ урс хъæдтæм тæрынЦ*
Нæ фæндæгтæ нын сæхгæдтой мæлæтæй,
Нæ Иры къуымтæй сабитæ кæуынц.
Бæгънæджытæй нæ ихдонмæ скъæрут,
Нæ хъæлæсты нын хотыхтæ тъыссут.
Цæсгомпырхытæй, онгцухтæй нæ уадзут...
Ныр бамбæрстам цы хуызы ныл «тыхсут».
Фæкæлы туг нæ хъæлæсæй уæ надæй,
Зынг арты нæ ысфизонæг кæнут;
Нацисттæ кодтой ахæм митæ ’рмæстдæр —-
Нæ бынсæфтмæ нын, цингæнгæ, бæллут!
Тæппудтæ не стæм, зонут æй фыдæлтæй,
Хъайтартæ стæм дунейы цæсты мах.
Ныууадзут нæ! Нæ фæнды мах уæ марын,
Уæ намысæн цæуылнæ кæнут аргъ?
Мах адæм ыстæм, адæм ыстæм, адæм!
Нæхи зæххыл нын банызтат нæ туг.
Хуыцау уын нæй, Чырыстийæ нæ тæрсут,
Нæ рæстдзинад нын базондзæнис дуг.
35
Ёæ разы с!ут тæригъа&дджын, мæнгæрдтæ:
Ирыстоны — уæ худинаджы фæд.
Мæ рыст адæм фæци уынгæджы, сайраг...
Ирон фæндыр, |ды ма фæтæрс, æрцæгъд!
18. XII. 89
ЙУДАТÆ, ÆРКÆНÆД УЫЛ НÆ БОН!
Ирон адæймаг никуы уыд уæйгæнæг,
йæ комы дардта иу æвзаг æрмæст,
Хуыцау ын радта иу цæсгом сыгъдæгæй,
Уыд кад æмæ лæджыхъæдæй æххæст!
Ирыстон ныр уынгæг бонтæ куы ’взары,
Уæрдæрыстæй куы додой кæны, уæд
Уæйгæнджытæ сæ адæмыл ысрæйдтой,
Æлгъаг гаццатау, калынц ныл сæ сæт.
Куыд æнхъæлут? Ирыстон фесæфт, нал й?
Куыд æнхъæлут? Сылбындар фестæм мах?
Нæ зæгъут раст, сæрæгас у Ирыстон,
Бæрнон хъуыддæгты Ир нæ кæны тагъд.
Уæй нæ кæнут чи ’хцайыл, чи бынатыл,
Фæрсæрдыгæй, абырджытау, кæсут.
Уæ хæдзæртты, зыдгуыбын сырдтау, бадут
Æмæ цæстмæ уæ зæрдæтæй хъæрзут.
Кæйдæо зæвæттæ р яйл ылтат ыстъæрын,
Кæйдæр уæлдæйттæй баййæфтат уæ фаг.
Кæй къабаты бын агурут æмбæхсæн?
Кæй фæрныг къуымтæм сарæзтат фæндаг!
Уæхи ирæттæ мауал хонут, мауал! -
Уæ хъæбултæн уæ фыдракæнд зæгъут.
«Æрдуйы хид» уæ зындоны ныппардзæн,
Уæлæуыл та нæ тæригъæд хæссут.
Нæ уæм ратдзæн ирон сылгоймаг нуазæн,
Æдæрсгæйæ нæ ракафдзыстут «Симд».
Нæ зондзыстут Ирыстонæн йæ рæвдыд,
Нæ уадздзыстут йæ цины куывдты сидт.
Цы уæ ’лгъитон? — Æз уын кæнын тæригъæд,
Иудатæ! Æркæнæт уыл нæ бон.
Уæ ном у ницы, ницæййаг — уæ мыггаг,
Ыстыр хуыцау уын рахæссæд тæрхон.
5. I. 1990
АРД
Мæнау кæмæй риссы Ирыстон,
Мæнау ын чи радта йæ уарзт,
Мæнау ыл чи тайы æрвылбон,
Æз удæй уыдонимæ — баст.
Дзырдхæссæгыл кæндзынæн хъоды,
Тæппудæн карз æлгъыст — йæ хос.
Нæ Ирыл чи разила сайдæй,
Уый царды макуы фенæд хорз!
Уæнт хъодыгонд, арф чи нæ иса
Иæ зæрдæмæ нæ Иры рыст,
Къæлæтджын чи ’лхæна нæ исæй,
Уый уæд нæ уæлмæрдтæй æлгъыст!
Сыхæгтæн гом кæнæм нæ зæрдæ,
Фæдæттæм алкæмæн дæр уаг.
Мах уазæг чи хоны нæ зæххыл,
Уый хъуамæ арвы цæф фæуа.
Иæ мыггаг чи баива абон,
Хъæр чи кæна: «Нæ дæн ирон»,
Гъе, уый у нацийæн йæ марæг,
Ыскæнæм ахæмтæн кæрон!
Бæсты фарныл — ирон æвзагыл,
Былысчъил чи кæна, тæрхон,
Уый басудзæд! нæ Иры азар,
Æппындæр мацы суæд йæ бон.
Кæд æз мæ ардбахæрд ныссæттон,
Мæ Ирæн не ’мбарон йæ рыст,
Уавд ма уон а-зæххыл хæдзайраг,
Фæуон æлгъыст, фæуон æлгъыст!
ХАЦЫРТЫ УАСО,
хæст æмæ фæллойы ветеран, ахуыргæнæг.
КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ
Къостайы зарæгæн зæххыл
Тъымытъыматæм нæй мæлæн,
Тæхы уый уадæмдзу бæхыл,
Æмæ йын никуы ис кæлæн.
Зæххыл нæй ахæм бæрзонд хох,
Кæй сæрты н’ акастн Къоста.
Бынтон дзы ницы фæци рох,
Æппæт дæр афоныл хыгъта!
Къоста Ирыстонæн ысси
Иæ сæууон хурыскаст, йæ цин.
Куы зонин, уæд бæргæ фысоин
Æз уый тыххæй æмæ фыссин!..
Къоста, дæ кæстæр дæн æз дæр,
Мæ уд дæ сыджытæн нывонд!
Бæрзæндты дæ хæссын мæ сæр, —
Дæ хуым рæстмæ кæй фæци конд!..
Хъыджы уа, цины бан, уаэддæр
Ирон лæгæй нæ кæныс рох, —
Уыдыстæм мастæлгъæд кæддæр,
Ныр та нæ зардæй ризы хох!
Тæхудиаг куыд нæ стæм мах,
Кæмæн и хур-поэт Къоста!
Цæмæй Иры фæрныг гæнах
Æсхæсса рæз, — сыгъди, куыста...
Ныззар, фыдæлты къуым, ныззар,
Ныззар зæрдæбынæй, хъæрæй,
Æдзухдæр циндзинад æвзар, —
Нæ хурæн аныгуылæн нæй!!!
Æрттив, мæ Ирыстон, æрттив,
Къоста — дæ сæууон хур, дæ цин.
Дæ хъыгтæ циндзинæдтæй ив.
Дæ фыдгул царæфтыд фæци!!!
1988 азы 13 октярбь
ДУРФЕСТÆГ САЛДАТ
Ленингоры районы Цъолды хъæуы фæсивæдæй Стыр Фыды-
бæстæйон хæсты Райгуырæн бæстæйы тыххæй йæ сæр нывоть
дæн чи ’рхаста, уыдонæн цырт гом кæныны цытæн.
Дæ райгуырæн къуымы уындмæ,
Салдат, дæ былы цъæрттæ хордтай.
Уæдæ йæ зæрдиаг хуындмæ, .
Цæмæн, цæмæн фæстиат кодтай?
Æви дæ не ’вдæлди, нырмæ
Мæнгард фыдгултимæ хæцыдтæ,
Æмæ, гъе, уый тыххæй хъæмæ
Дæ къах нæ хаста дæу, нæ цыдтæ?
Ныр нæм æрæджиау, уынæм,
Фæзындтæ цавддурæй, фæзындтæ.
Бæргæ ма цинтæ дыл кæнæм,
Фæлæ нæ дзурыс нын ды дæ зынтæ...
Æмæ кæнæм æнкъард... Æн,иу
Кæд кодта дурфестæг ныхæстæ...
Уæддæр нæм — хурæргом дæ риу:
Æгадæй не ’рыздæхтæ хæстæй...
Æмæ, дæ хорзæхæй, æууæнд:
Дæ тугкалд дзæгъæлы нæ фæци.
Дæ фæрцы ’фсирхъæлæс — нæ фæнд,
Нæ риуты — ныфс æмæ тæмæн цин!..
1988 азы 8-æм май,
Адæмои сфæлдыстад
ЦАРЦИАТЫ ТАУ РÆГЪТÆ^
ДЫККАГ БАЛЦ
ЦАРЦИАТÆ МЫСЫРМÆ КУЫД ЦЫДЫСТЫ
Царциатæн Хуро сæ хæрæфырт
уыдис æмæ сын зæгъы:
— Бæргæ хорз у мадырвадæлти-
мæ цæрын, фæлæ мæхимæ æгад кæ-
сын уымæй, бар мын раттут, авд
хохы фæстæ æрцæрон.
Царциатæ уæлдай ницыуал загъ-
той æмæ Хуро авд хохы фæстæ
æрцарди, йæ мадырвадæлты ныф-
сæй, иунæгæй. Цæрæн бынат хорз
скодта.
Царциатæ уыйонг систы, æмæ
сæ зæрæдтæн чызг устытæ хастой,
сæхи зæронд æмæ абадгæ чызджы-
ты та гуымиртæ æмæ уæйгуытæм
чындзы æрвыстой, тыххæй сæ ку-
рын кодтой • гуымиртæ æмæ уæй-
гуыты лæппу фæсивæдæн. Чи сын^
нæ коммæ касти, уый -та фыдудæй’
мардтой. Гуымиритæ æмæ уæйгуы-
тæ хуыцаумæ куывтой:
— Хуыцау, кæд нæ истæмæн
скодтай, уæд дæ курæг стæм: Цар-
циатæ, цы не ’мбæлы, уыцы митæ
кюпыпц’. ся* зæрседтæи чызг усты-
тæ хæссынц, сæ абадгæ чызджыты
та не ’взонг лæппутæн курын кæ-
нынц. Хуыцау, рарынчын кæн Цар-
циаты æмæ сæ нæ маст уæддæр
сис, тæсчъы хæссинаг куыд фæуой,
сæ уæллæх сæ мæлæт цы ’рцæуа,
кæд ма æнæмастæй ацæриккам.
Сæ куывд хуыцауыл сæмбæлди
æмæ Царциатæ рарынчын сты усæй,
лæгæй, сывæллонæй. Низ сьтл сыс-
тади, æддæмæ хизын нал фæрæз-
той сæ хуыссæнтæй, мизын сæ кæ-
мæ цыди, уый йæ быны мызта æмæ
йæ мицъырайы æвдылди; æддæмæ
кæсын сæ кæмæ цьтди, уый та йæ
фаджьтсы йæхи æзмæста. Сихор сæ
чи хордта, уый дæлгом кодта, дон
сæ чи нуæзта, уый та уæлгом код-
та. Æстгæ сæ чи кодта, уьтй зæхмæ
хауди. Чи сæ амардаид, уьтй быр-
гæйæ ныгæдтой. Афтæ тынг рахат-
ти хуыцау Царциатыл, сæ уæттæй
сæ уæлæмæ стын дæр нал уагъта.,
Хъæрзыдтой æмæ фыдæбон кодтой.
Къуыри æртæ боны чысыл сæрæн-
дæр кодтой, цыппар боны та рын-
.чын хастой. Гуымиртæ æмæ сьтл
уæйгуытæ худтысты, сæ фæллой
сын æввонгæй хордтой. Бæргæ мæс-
ты кодтой Царциатæ, фæлæ быхс-
той.
Иубон гуымиритæ æмæ уæйгуы-
тæ Маммимæ бацыдысты æмæ йын
зæгъынц:
— Царциаты æвæстаг фæкæн
æмæ нæ иумæйаг мад уыдзынæ,
куы фæсæрон уой, уæд.
— Сæ фæстаг æвæстагмæ цæуы,
— зæгъы Мамми, — уыдон хуыцау
хъуамæ амара. Ныр дæр уæртæ мæ-
лынц. Бæргæ ма сын ис сæ фервæ-
зынæн иу хос; Мысыры зæххæй сы-
джыт куы ’рхæссиккой, сæ бæстыл
æй куы байзæриккой, уæд сæ къæх-
тыл слæууиккой, фæлæ уырдæм нæ
фæцæудзысты. Куы цæуой, уæддæр
сæ тыхджынтæ фæндагыл фæцагъ-
ды уыдзысты, се ’дыхтæ та мæрд-
тæм сæхи къахæй цæудзысты.
Æрыхъуыста Царциаты хабар
сæ хæрæфырт Хуро æмæ хъуыды
кодта, цы сын феххуыс уа, ууыл.
Царциатæ фидиуæг фервыстой:
Чи нын баххуыс кæна, уымæн
лæвар кæнæм нымæт, нæ фыдæлты
цирхъ æмæ арбаг1 бæх.
Ничи йæ ныфс бахаста. Хабар
æрыхъуыста Хуро дæр. Фидиуæг
хъæргæнæджы фæрсы:
— Æппын ницы зоныс Царциа-
ты фервæзынæн?
— Фехъуыстон иу хабар, — зæ-
гъы фидиуæг-хъæргæнæг, — Мысы-
ры зæххæй сьтн сыджыт куы ’рхас-
* Дарддæр. Райдиан кæс: «Фид.» №№ 1989—1—5; 7—12; 1990—1—5.
40
тæуид æмæ йæ сæ бæстыл куы
байзæриккой, уæд фервæзиккой.
Хуро ацы дзырдтæ куы фехъуыс-
та, уæд иубон йæ бæхыл сбадти
æмæ Царциатæм рарасти. Царциа-
тæй дуармæ чи бадти, уыдонмæ Ху-
ро тыччыйыйас æрбазынди. Иæ бæ-
хы къæхты бынæй зæхх къуыбæрт-
тæй хæрдмæ хауди, Царциатыл æм-
бæлдысты, Царциатæ зæгъынц:
— Ай цы диссаг у, искуы ма
хурбоны сыджыт уаргæ фендæуы-
Дй? .
.1— Уый нæм æххуысгæнæг æрба-
цæуы, — зæгъы иу хистæр, — нæ
хуыцау нæ бынтон сæфт нæ кæны,
фæтæригъæд нын кодта. Йе "’рба-
цыдмæ йын фынг æрæвæрут, ма
йæм фыд сдзурут, ма — хорз, стæй
йæ бафæрсдзыстæм.
Царциатæй ма сæрæндæртæй чи
уыди, уыдон фынг ацæттæ кодтой
æмæ сæм барæг ныр далысыйасæй
æрбазынди. Дымгæ сæ систа æмæ
зæгъынц:
— Ай цавæр дымгæ уыдзæн? Нал
нæ ныууадза?
— Уый не ’ххуысгæнæг æрбацæ-
уы, — зæгъы æндæр хистæр, —
йё ’рбацыдмæ рæгъытæ уадзут фын-
гыл, ма дæр æм фыд сдзурут, ма
дæр — хорз, уый фæстæ йæ бафæрс-
дзыстæм.
Царциатæ сæ фынгыл рæгъытæ
уадзынц, далысыйас барæг ныр
галыйасæй æрбазынди. Царциаты
хъустæ къуырма кодтой, зæгъынц:
— Ай цавæр гуып-гуыпп уыдзæ-
ни? Куы бакъуырма стæм.
— Æххуысгæнæг нæм ссæуы, —
зæгъы ноджы иу хистæр, — йæ бæ-
хы цæфхæдты гуыпп-гуыпп у. Ма
йæм фыд сдзурут, ма — хорз, стæй
йæ бафæрсдзыстæм.
Царциатæ барæджы æрбацыдмæ
сæхи хъæлдзæгæй дардтой. Хуро æр-
бахæццæ, кæсы Царциатæм æмæ сæ
уæттæй нал стынц, сæ доны хуыпп
сæ быны уадзынц æмæ сын цад кæ-
иы. Сæ фаджысы сæвдылдысты æмæ
сыл дзæкъæн2 æндæгъд кæны. Сæ
тæригъæдæй зæхх скъуыйы.
Царциатæ Хуройы нал базыдтой.
Хуро сæм дзуры:.
— Фарн уæ куывды уа, фæлæ цы
Д’иссаг митæ кæнут: уæ иутæ хъæл-
Дзæгдæр, иннæтæ — мæллæгдæр.(
Чи уæ—фыдгъуыз, чи та—мæрд-
гъуыз, цæмæн афтæ у?
— Уæ, фæрнæйдзаг уай, ацы хорз
уазæг, — зæгъынц Царциатæ, — æр-
фысым нæм кæн, алцыдæр базон-
дзынæ.
Хуро йæ бæхæй æрхызти, каумихыл
æй æрбаста, хистæрты дæлварс æр-
бадти æмæ хъусы. Царциатæ сæ
кæрæдзи мидæг сусу-бусутæ кæ-
нынц, дзурынц: «Амæ, цыма, Цар-
циатæй цыдæр ис, куы йæ базоник-
кам». Хуройыл цинтæ кæнынц. Ху-
ро дæр хъуыды кæны æмæ зæгъы
йæхвдæн: «Æвæццæгæн мæ нал зо-
нынц, сæ хæрæфырт дæн, уый. Цæй,
бакæсон уал сæм».
Царциатæй иу хистæр сыстади
æмæ зæгъы:
•— Мах ацы куывд Царциаты но-
мыл кæнæм. Чи нын баххуыс кæна,
уый мæ къухæй айсæд нуазæн æмæ
йын лæвар—нымæт, уазал боны йæ
хъарм кæндзæн, тæвд боны та — уа-
зал.
Хуро йæ цæст ахаста, фæлæ нуа-
зæн ничи иста. Уæд сыстади Хуро,
райста нуазæн æмæ зæгъы:
— Дæ нуазæн бирæ, æз æй исын,
æз баххуыс кæндзынæн Царциатæн.
Мæнæн дæр дæрддаг не стут.
Хуро нуазæн анызта. Уырдыглæу-
уæг дыккаг нуазæн авæры хистæр
кувæгмæ æмæ та уый ногæй зæгъы:
— Мах, Царциатæ, сæфæм рæс-
гæй. Чи нын баххуыс кæна, уый ай-
сæд нуазæн æмæ лæварæн та нæ фы-
дæлты цирхъ. Тæвд боны знаджы
цæстытæ куырм кæны, уазал боны
та сæ цæгъдгæ кæны.
Ничи йæ ныфс бахаста. Хуро но-
гæй сыстади æмæ зæгъы:
— Дæ нуазæн бирæ, цытджын
хистæр, дæ лæвар дæр афтæ, фæлæ
кæсын æмæ ам Царциатæн мæны
йеддæмæ ничи баххуыс кæндзæни,
афтæ дæрддаг уын нæ дæн.
Уыцы нуазæн дæр анызта Хуро.
Уырдыглæууæг ратты æртыккаг
хатт нуазæн æмæ та уыцы хистæр
ракуывта:
— Царциатæн чи баххуыс кæна,
уымæн лæвар арббаг бæх æд саргъ,
æд идон. Тæвд боны уадау цæудзæ-
ни, уазал боны цырд уайдзæни. Иæ
ныфс чи хæссы, уый айсæд нуазæн.
Хуро та йæ цæст адардта, фæлæ
ничи дзуры. Уæд сыстади Хуро, нуа-
зæн райста æмæ зæгъы: _^
— Фæрнæй уæле бад хистæр. Цар-
циатæн мæны йеддæмæ ничи бах-
41
хуыс кæндзæни, æз исын нуазæн, уæ
тугæй хайджын дæн.
Уыцы нуазæн дæр анызта Хуро.
Уæд æй кувæг хистæр фæрсы:
— Аипп ма уæд, уазæг, фæлæ ха-
тыр бакæн, дæхи нын базонгæ кæн.
Хуро зæгъы:
— Æз дæу хорз хъуыды кæнын,
фæлæ мæ ды нал зоныс. Хъуыды
кæнын уе ’гасы дæр. Цæргæ дæр уе
’хсæн кодтон. Æз дæн уæ хæрæ-
фырт Хуро, мæ мад Нагъуы уыд.и,
мæ фыд Лока, цæргæ та авд хохы
фæстæ кодтон.
— О, уæдæ æцæг нæ хæрæфырт
куы дæ, нæ туг не стæг, — зæгъы ку-
вæг хистæр, — мах сæфты къахыл
лæуд стæм æмæ æххуыс агурæг
стæм. |
— Æххуыс уын æз бакæндзы-
нæн, — зæгъы Хуро. — Мемæ мын
фондззæдæ3 æмбалы раттут, Ахуыйы
хъултæ дæр мæ хъæуынц, цирхъ
дæр, нымæт дæр æмæ арбаг бæх.
Мæхи бæх уырдæм нæ афæраздзæ-
ни. Сымах хъæуы Мысыры зæххæй
сыджыт, цæмæй йæ байзæрат уæ
цæрæн уæзæгыл, уæд фервæздзыс-
тут.
Царциатæ зæгъынц:.
— Иугæр цæуыс, уæд нын æртæ
хъуыддаджы раздæр бакæн: не
’гъдау афтæ амоны, хъуамæ бæлц-
цоны кафгæ фервитай. Дæттæм дын
фондззæдæ æмбалы æмæ семæ ра-
каф. Дæ тых дын уæд базондзыс-
тæм.
Хуро фондззæдæ æмбалимæ сим-
дыл ныххæцыди, кафынæй сыл фæ-
уæлахиз ис. Куы уæнгтæй рог симд
кодта æмæ къæхтæй сабыр, куы уæнг-
тæй сабыр æмæ къæхтæй рог кафт.
Царшиатæ зæгъынц:
— Хорз кафыс, фæлæ ма заргæ
куыд кæныс, уый куы фечиккам.
Хуро йæ фондззæдæ æмбалимæ
зардыл схæцыди. Уыдон куы база-
рынц, уæд сæ Хуройы бахъырныд
æрнымæг кæны. Кæд Хуро базары,
уæд та уыдон бахъырныд æрнымæг
вæййы. Цаоциатæ та зæгъынц:
— Зардæй дæр тынг арæхсыс,
бæлæ ма льтн ’ æххæст дæ хъазын
дæо куы фениккам.
Хуройы æмбæлттæ фæйнæ дуры
хæрдмæ фехстой иу æхстæн. Хуро
сæм фæцырди, ахсын сæ байдыдта
æмæ сæ Царциаты хистæртæм æп-
пæрста, сæ хъæбыстæ сын дуртæй
айдзаг кодта. Хистæртæ зæгъынц:
— Уымæй дæр æмбулыс.
Радтой Хуройæн, Мысырмæ цæ-
уынæн арбаг бæх Иоры, Ахуыйы
хъултæ, нымæт, цирхъ æмæ фондз-
зæдæ æмбалы, фæфæндараст сæ
кодтой Царциатæ. Мамми хабар
базыдта æмæ сæ фæстæ адзырдта:
— Размæ цæут, фæлæ, фæстæмæ
цæугæйæ, фьгдæбойнаг фæут.
Царциатæ Маммимæ тызмæгæй
бакастысты, æмæ йæхи айста.
Бирæ фæцыдысты Хуро æмæ йе
’мбæлттæ. Иу ран сыл бæгънæг лæг
амбæлди, дзуры сæм:
— Уемæ мæ ауадзут æмбалæн,
исты хорз уын фæуыдзынæн.
— Цы хорз нын фæуыдзынæ, —
зæгъынц Царциатæ, — уæд уал дæ-
хиуыл дарæс скæнис.
•—Дарæс ницы у, лæджы минц-
уæгæй фарстæуы.
— Афтæ бæгънæгæй д’æ немæ цæу-
гæ чи фена, уымæн цы миниуæг
зæгъдзынæ? Кæнæ нæ разæй ацу,
кæнæ нæ фæстæ, немæ ма рацу.
Бæгънæг лæг Царциаты фæстæ
цæуынтæ систа. Иу ран сыл æрта^
лынг ис. Царциатæ æрдæгкалд
агъуысты æрæнцадысты, бæгънæ^
лæг та иу идæдз усмæ æрфысым
кодта. Идæдз усæн йæ сывæллæттæ
куыдтой. Ус сын стджытæ арты фых-
та. Бæгънæг лæг æй фæрсы.
— Хорз ус, сывæллæттæн цæуьць
нæ исты раттыс, мæ мæт ма кæн,
мæнæн мемæ ис фæндаггæгтæ.
Идæдз ус зæгъы:
— Нæ, дæ рынтæ бахæрон, мæ
уазæг, хæринаг сын куы уаид, уæд
сын аджы стджытæ нæ фыцин сæ
хæод байрохы тыххæй.
Бæгънæг лæг >йæ фæндаггæгтæ
систа æмæ сæ сывæллæттыл байуæр-
ста, уыдон афсæстысты æмæ афы-
нæй сты, Бæгънæг лæг усы сЬæрсы:
— Цæуæг дæм арæх вæййы?
— Чи мæм цы ми кæны, кæй хъæ-
уы мæгуыр адæймаг, мæнæ ды фыц-
цаг хатт дæ.
Бæгънæг лæг тæлынджы ауади,
хъæуыл азылди, тæккæ хъæздыгдæр
хæдзарæй хуыскъ хъуг ракодта,
идæдз усмæ йæ баласта, аргæвста
йæ æмæ зæгъы:
— Дæуæй ничи ницы æнхъæл уы-
дзæни, ацы хъуг дæ сывæллæттæн
бахæрын кæн.
Райсомы бæгънæг лæг хæрзбон
42
загъта идæдз усæн æмæ Царциаты
фæстæ арасти. Бирæ та фæцыдысты
æмæ сыл æндæр ран æрталынг ис.
Царциатæ иу стыр агъуысты æрулæ-
фыдысты, бæгънæг лæг та молодзан-
ты, агъуыстмæ бацыди. Кæсы бæгъ-
нæг лæг: молодзанты хæдзары астæу
æвæрд 1ис марды чырын, йæ мидæг
рæсугъд чызг мардæй хуыссы. Иæ
дарæс дæр—рæсугъд. Иу лæппу йæ
цуры намаз4 кæны, стæй чызгмæ ба-
хизы- æмæ мардæн æнæуаг митæ
кæны. Бæгънæг лæг æм нæ фæлæу-
уыди æмæ йæ амардта, марды доны
баппæрста. Райсомы куы ’рбабон,
уæд та сæ фæндагыл цæуынц дард-
дæр. Бæгънæг лæг Царциаты фæстæ
цыди. Бирæ та фæцыдысты, ахæццæ
сты иу цæугæдонмæ, Хъуамæ Хуро
йæ бæхæн дон бадара, баласта дон-
мæ Иоры, фæлæ Иор нæ нуазы
дон. Дис кæнынц се ’пцæт дæр, сæ
иуы бæх дæр дон нæ нуазы Иоры
тыххæй, кæсынц Иормæ. Иор Хуро-
мæ дзуры:
— Донæн фале фæуæм, кæннод
доныл хид нæй æмæ куыд ахиздзы-
нæ.
— Дон уал баназ, хуыздæр уыдзæ-
ни, — зæгъы Хуро.
— Дон баназдзынæн, фæлæ дын
мæ дон банызт пайда нæ ратдзæн,
Мысыры зæхмæ дæу къахæй цæуын
бахъæудзæни.
Бæх Иор куыддæр донмæ æргуы-
быр кодта æмæ дзы анызта, афтæ
тъæппытæ фæхаудта æмæ пæугæдо-
ныл цæхгæрмæ æрхаудта. Дон ныц-
цауæзта. Бæгънæг лæг доны былмæ
бауади, йæ размæ доны фаллаг фар-
сæй бæласæн йæхи ратасын кодта,
хидæвæрд йæхи акодта. Бæгънæг
лæг Царциатæм дзуры:
— Бæласыл хæцут æмæ доны ахи-
зут, кæннод сæфут, ай Бехтоны5 бæ-
стæ V, хетаг6 адæм дзы цæры, адон
изел7 хуыцаумæкувджытæ сты.
Царциатæ фондззæдæй, бæласыл
хæцгæйæ, ахызтысты доныл, бæла-
сыл та Хуро æмæ бæгънæг лæг ацы-
дысты фаллаг фарсмæ. Хуро ма йæ
бæхы мардмæ ныккасти æмæ зæгъы:
— Ацы дон абонæй фæстæмæ хæс-
сæд мæ бæхы ном, Иорьт ном, æмæ
хуыйнæд Иордан8.
Бæлас йæхи фæстæмæ систа æмæ
йæ фыццаг бынаты абадт. Царциа-
тæ сæ пысултæ ныллæмæрстой, дис
кодтой бæгънæг лæгыл, зæгъгæ, ма-
хæй хъауджыдæр цы хорздзинад
сарæзта. Фæкастысты æмæ цæугæ-
дон лæджы мæрдтæ ласы, фæлæ се
’ппæт дæр уыдысты æнæ сæртæ. Ца-
ды цæндтæ кодтой æмæ цад мæрд-
тæй нал зынди. Царциатæ зæгъынц:
— Ацы цад цавæр цад ссис?
Уæдæй фæстæмæ уыцы цад мæр-
дон9 цад хуыйны. Дойны уыдис Цар-
циатæн, фæлæ дзы нал банызтой
æмæ сæ цыд дарддæр кодтой. Боны-
фæстагмæ ныххæццæ сты Мысыры10
бæстæм. Царциатæ хъуамæ намаз
скæной сæ фæндагæн, стæй хъуамæ
бакувой сæ хуыцауæн, фæлæ сæм
хуыцау мæсты кæй уыдис, уый тых-
хæй сын намазгæнæн дуар нæ код-
та. Царциатæ ныззоныгуыл к’одтой,
æгас бон фæлæгъстæ кодтой, дыккаг
бон дæр афтæ, æртыккаг бон
дæр, уæддæр дуар йæхи нæ бакод-
та. Уæд Царциатæ сæ хъуырантæ
систой, лæгъстæ кæнынц, цæмæй
дуар бакæна, ницы сын дауадис. Сæ
бон ницыуал уыдн. Бæгънæг лæг сæм
кæсы, стæй уый бацыди намазгæн^н
хæдзары дуармæ. Уый уыди стыр
мæзджыт, йæ разы бæгънæг лæг йæ
зонгуытыл æрлæууыди, йæхи йьтл
бафæдзæхста æмæ дуар йæхæдæг йæ-
хи бакодта. Царциатæ бæгънæг лæ-
джы фæрцы бацыдысты мæзджыты
хуылфмæ. Федтой дзы мидæгæй æр-
тæ марды: мæрдтæй иу фæсдуар,
дыууæ та рæбынæй æвæрд. Астæ-
уæй рæсугъд марды чырын æмæ дзы
иу чызг мардæй хуыссы. Рахисæр-
дыгæй дуарæн мард сæгуыт. Бирæ
сыл фæдис кодтой Царциатæ, бирæ
фæкастысты мæзджытмæ, стæй ра-
цыдысты. Фондзæссæдз бæхуаргъы
сыджыт сæвæрдтой бæхтыл æмæ ра-
цæуынц. Уæд хох ныннæрыди æмæ
сæ фæндаг æрбахгæдта. Хохы сæр иу
ус æрдæг мард, æрдæг æгас, рæст-
æгæй-рæстæгмæ йæ къух иу хъил
скæны хæрдмæ æмæ фæзæгъы:
— Хъаймæт, хуыцау!
Царциатæм хабар дисау фæкас-
ти, тæрсгæ дæр фæкодтой æмæ зæ-
гъыни бæгънæг лæгæн:
— Мах де уазæг, айонг дæ фæр-
цы æоцыдыстæм, хорзы дæр нын
бирæ бацыдтæ, фæлæ ма цæмæй нæ
зæххьтл сæмбæлæм, уьтй нын сараз.
— Кæд мæ уемæ æмбалæн ауадз-
дзыстут, — зæгъы бæгънæг лæг, —
уæд уæ кæньтн, кæннод уæхæдæг
агурут фæндаг.
— Ой, куьтд загътай афтæ, нырмæ
43
нæ фæстæ кæй цыдтæ, уымæй дæ
курæм хатыр, ныр нæ разæй цу.
Бæгънæг лæг сразы ис æмæ сæ æн-
дæр фæндагыл акодта йæ фæстæ,
ныр сæ разæй цыдис Царциатæн.
Хуро фæрсы бæгънæг лæджы:
— Зæгъ-ма нын, намазгæнæны
федтам æртæ лæджы: щ дзы фæс-
дуар æвæрд уыди, дыууæ та рæбы-
нæй, цæмæн афтæ уыдысты?
Бæгънæг лæг зæгъы:
— Уый уымæн афтæ уыдысты,
æмæ ацы æртæ лæджы къухæй амад
у намазгæнæн. Кæй-иу самадтой,
уый-иу æхсæвы зæххы бын абырыди.
Афтæ фæтухæн кодтой æртæ азы.
Фæстаг аз сæ иу лæгтæй нал баком-
мæ кæсти æмæ йæ мард фæсдуар
уымæн ис, иннæты мæрдтæ та рæ-
бынæй сты.
— Уæдæ дзы рахис фарсы ’рды-
гæй сæгуыт та цæмæн ис? .
— Уый та уымæн, æмæ иу цуанон
сæгуыты баййæфта, йæ лæппынæн
дзидзи куы дардта, уыцы афон. Сæ-
гуыт цуанонмæ дзырдта: «Ма мæ
амар, мæ лæппынæн уал дзидзи ба-
дарон, кæннод сыдæй амæлдзæн».
Нæ йын фæтæригъæд кодта цуанон,
амардта сæгуыты, йæ лæппын тæри-
гъæддагæй баззади, уый тыххæй ж
ам сæгуыт. Тæригъæды цæуын нæ
хъæуы, афтæ фæзæгъынц:
"Тдапигъæддаджы чи хъыгдары,
Уътй æдзæсгом у
Æмæ алкæддæр мæстæй мары».
— Æз дæу бынтон хуымæтæджы
лæг æнхъæлдтон, — зæгъы Хуро, —
афтæмæй та махæй фылдæр зонæг
дæ. Зæгъ-ма нын бæлас дын доны
сæрты йæхи хидæвæрд цæмæн акод-
та?
— Уымæн æмæ, — зæгъы бæгънæг
лæг, — сымах агъуысты æхсæвиуат
куы кодтат, уæд æз та иу илæдз ус-
мæ æрфысым кодтон. Иæ сывæл-
лæттæн хæринаг нæ уыди, аджьт сын
стджытæ фыхта, кæд се стонг æрбай-
рох уаид, Æз сын мæ фæндаггæг-
тæ систон æмæ сын сæ бахæрын код-
тон. Ноджы сын иу хъæздыг хæдза-
рæй хъуг æрбакодтон, аргæвстон
сын æй, удыбæстæ сын скодтон æмæ
мын уый тыххæй бæлас хид феста-
ди.Æз рæстаг лæг дæн, уымæн фæ-
дзурынц афтæ:
«Цæрыс рæстагæй, нæ дæ æнæуаг,
Æмæ хъуыды кæн:
Фæлитойæн у цыбыр йæ фæндаг».
44
Хуро та бæгънæг лæджы фæрсы:
— Уæдæ мах фондззæдæйæ лæгъ-
стæ куы кодтам, цæмæй нын намаз-
гæнæндоны дуар бакодтаид, фæлæ
дзы ницы рауади. Дæуæн æй уæд
цæмæн бакодта?
— Гъе, Царциатæ, — зæгъы бæгъ-
нæг лæг, сымах тæригъæдгæнаг
не стут, азартыл лæуд етут. Дыккаг
хатт æндæр агъуысты куы æрæнца-
дыстут, уæд æз та молодзанты мæз-
джыты мард чызджы уæлæ баййæф-
тон иу лæппуйы æвзæр митæгæнгæ.
Уыцы лæппуйы æз амардтон æмæ
йæ доны баппæрстон. Нæ федтат,
доны сæрты хизын уæ уый нæ уагъ^
та. Уый * уыдис æлгъыст адæмæй,
æвзæр митæгæнæг, азымджын. Мæн- -
мæ йын ницы бархъомыс ис, сымах
та мард чызгæн ницы баххуыс код-
тат. Азымджын лæгмæ хуыцау дæр
фæхъызы, уымæн фæзæгъынц афтæ:
«Хуыцауы азым — мæлæты тæрхон,
Хуыцау фæхъызыд —
Дæ артыл уадздзæн йæхи армæй дон».
Хуоо та зæгъы:
— Уæдæ ма дæ ноджы фæрсын:
иу къæдзæхы сæр иу ус хохы цъуп-
пыл лæууыди æмæ «хъаймæт ^уы-
цау» хъæр кодта, уый та цы амоны?
— Уый та арвы дуар гомæй фед-
та æмæ загъта: «Хуыцау, æнæмæлгæ
нард мын ратт», йæ фæндон ын хуы-
пау сæххæст кодта. Фæлæ фæлмæ-
нын райдыдта царды æмæ бæллы
хъаймæтмæ, хуыцауæй йæ агурьт,
цæмæй зæххыл цæрæг мауал уа æмæ
уьтй дæр йæ фьтдæбонæй фервæза.
Царциатыл та хуыцау рахатти æмæ
гьтн ахæм тæрхон рахаста фæстаь
мæ:
«Фауæд Царциатæ бынсæфты уысмæн,
Фæлæ сæ диссаг
Фæстаг фæлтæрæн фырдисæн
уыдзæни»
Хупо ноджы фæрсы:
.— Уæдæ молодзанты намазгæ-
нæндоны астæу цы иннæ мард чьтзг
уыди, уьтй та цы кодта?
— Уьтй та, — зæгъьт бæгънæг
лæг, — йæ мадът лæггад хорзæй ба-
бьтста. Йæ мад базæронди æмæ йыл
зокъотæ разади. Иæ чызг æй хор-
зæй фæхаста æртæ азьт, стæй амар-
дис. Уый у фидæньт цардамонæг:
сылгоймаг хъуамæ уарза йæ мады,
укмæн æмæ йæхæдæг дæр сомбон
мад уыдзæни, сылгоймаг царды тых-
джындæр у нæлгоймагæй, гъе, уы-
мæн фæдзурынц афтæ:
«Лæг вæййы лауыз, ус та —
фæлдахæг,
Сылы куы фæнда —
Хуыцауы хъугмæ фæцæудзæн давæг».
Хуро та ногæй фæрсы:
— Бирæ диссæгтæ нын фæдзырд-
тай, бирæ цыдæртæ дæ фæрцы оа-
зыдтам, фæлæ-ма зæгъ: Дарæс дыл
цæуылнæ ис? Бæгънæг цæмæн дæ?
— Афонмæ дæр мæ уымæй- раз-
дæр бафарстаис, — зæгъы бæгънæг
лæг, — ацы фæндагыл кæд истытæ
базыдтат, уæддæр уый диссаг нæу.
Зæххыл кæндзæни хъаймæт æмæ
бæгънæгдзинад сытынг уыдзæни.
Хъаймæты боны ма чи аивæрза, уы-
дон кæндзысты æнæсæрæн, Царциа-
тау, рынчын адæм. Фæлæ сæ фæс-
тагмæ уæддæр исчи зайдзæни, бы-
ныскъуыд нæ фæуыдзысты æмæ
уыдонæй бæгънæгдзинад ферох уы-
дзæни, уæд мæныл дæр дарæс уы-
дзæни.
Царциатæ уæд ныхъхъус сты, сæ
сомбоныл хъуыдытæ кодтой. Нал
фарстой бæгънæг лæджы, ницæмæй-
уал. Сæ фæндагыл цæуынц æмæ сыл
иу ран æризæри. Бæгънæг лæг дзу-
ры:
— Иу ран ма æрæхсæвиуат кæ-
нут, æртæ дихы фæут, цы нæ ис.
Фыдбылыз куы фæзына, уæд ма уæ
исчи уæддæр аирвæза. Уæ рацыд уын
Мамми зоны æмæ уæ фыдæлгъыст
ракодта, йæ хинæй уæ байсафдзæн.
Кæд уæ (исчи фæрынчын уа, уæд ын
иннæтæ баххуыс кæндзысты.
Царциатæ æртæ дихы фесты: иу-
тæ хиды фаллаг фарс æрæнцадыс-
ты, иннæтæ хиды ардыккаг фарс, иу
хай та хиды тæккæ цур. Æхсæвы
сæм залиаг калм æрбабырыди. Цар-
диаты бæхтæ йæ базыдтой æмæ ным-
мыр-мыр кодтой. Царциатæ фехъал
сты. Калм акасти, кæцыты сæ бахæ-
ра, ууыл фæци. Бæгънæг лæг йæхи
фæлидзæг кодта, йемæ нымæт ас-
къæфта, залиаг калм уымæ йæхи
аппæрста, фæлæ йæ фæстейæ Хуро
цирхъæй къуыхтæ систа, йæ дымæг
фæлыги, йæ фæрстæй йæ туг калди,
йæхи кæдз-мæдзытæ райдыдта, уæд-
Дæр æй Хуро амардта. Уæдæй баз-
зади калмæн къæдзмæдзытæй лæ-
сын. Царциатæ тынг фæбузныг стУ
бæгънæг лæгæй, хъуамæ рацæуой
дарддæр, фæлæ сæ рынчыны афон
æрцыди æмæ срынчын сты. Зæгъынц
Царциатæ:
«Хуыцау, куывгам дын æдзухнæ
сæрæй,
Æлгъыстаг фæу,
Дæ ном дын тонæд фæстагмæ
’взæрæн».
Хуро æмæ бæгънæг лæг азылдыс-
1Ы, сырдты ахсын райдыдтой, Цар-
циатæм сæ -кодтой, уыдон-иу сырдты
æхсыр ададтой. Фæсæрæнтæ сты
Царциатæ æмæ рараст сты сæ фæн-
дагыл. Æндæр ран сыл ногæй æри-
зæри, бæгънæг лæг та зæгъы:
— Ам дæр исты фыдбылыз уы-
дзæни, æртæ дихæй та æрæхсæви-
уат кæнæм.
Царциатæ æртæ дихы фесты æмæ
афынæй сты. Æмбисæхсæвы сæм
кæфхъуындар æрбабырыди, бæхтæ
йæ базыдтой, ныммыр-мыр кодтой.
Царциатæ фехъал сты. Кæфхъуын-
дар акасти, кæцытыл йæхи ныццæ-
ва, ууыл хъуыды кодта. Бæгънæг
лæг та йæхи фæлидзæг кодта, ны-
мæт йемæ аскъæфта, афтæмæй.
Кæфхъуындар æй сурынтæ систа,
уый йæ нымæтæй сайдта, фæстыйæ
йæ Хуро цирхъæй къуыхтæ кодта,
йæ дымæг ын ныуугæрдтæ кодта
æмæ йæ амардта. Уæдæй фæстæмæ
кæфхъуындары дымæг угæрдтæй
баззади. Тынг та фæбузныг сты
бæгънæг лæгæй Царциатæ. Хъуамæ
рацæуой, фæлæ та срынчын сты.
Хуро æмæ бæгънæг лæг та сырдтæ
ахсын райдыдтой, Царциатæм сæ
кодтой æмæ сæ уыдон дадтой, сырд-
тæ-иу, хъилтæгæнгæ, фæстæмæ аз-
дæхтысты.
Цæуынц та дæрддæр сæ фæнда-
гыл. Æрхæццæ сты æндæр ранмæ,
иу доны былмæ. Бæгънæг лæг зæ-
гъы:
— Æртæ дихы та аут, адон Мам-
мийы митæ сты, исты фыдбылыз та
фæзындзæни.
Царциатæ æртæ дихæй æрулæфы-
дысты, афынæй сты. Иу Деуи фæ-
зынди, бæхтæ ныммыр-мыр кодтой
æмæ фехъал сты. Деуи Хуро æмæ
бæгънæг лæджы фæрсы:
— Дон цæмæн змæнтут?
Хуро зæгъы: ^
45
— Дон уырдыгмæ цæуы, хæрдæр-
дæм æй чердæм змæнтæм?
— Ацы дон мæнæй цæуы, фенут
ма йæ уæдæ.
Хуро æмæ бæгънæг лæг æркасты-
сты, æмæ разынди туг. Хуро йæ
фæрсы:
[— Чи дæ? Дæхи цæуыл марыс?
— Хæстæгдæр мæм æрбацæут, —
зæгъы Деуи, — зæгъон уын мæ ха-
бар.
Хуро æмæ бæгънæг лæг Деуимæ
хæстæг бацыдысты, уынынц: Деуи
йæ ныхмæ арц сарæзта, куы æрцæй-
фынæй кæны, уæд йæ ных арцыл
æрцæвы æмæдзы куыройдоны фаг
туг акæлы. Деуи зæгъы:
— Æз дæн Деуи, фæлæ сымах та
чи стут?
— Мах стæм Царциатæ.
— Ау, æмæ ма Царциатæй змæ-
лæг ис?
— Ис. Нæ уыныс, адон Мысыры
бæстæй цæуынц, — зæгъы Хуро„ ’—
æвдадзы хос хæссынц сæ бæстæм.
Уæд та Царциатæ ногæй фæрын-
чын сты, сæ къæхтыл нал лæууыдыс-
ты, зæххыл. æрхаудтой. Деуи Хуро-
мæ дзуры:
— Дыууæйæ ма лæуут уæ къæх-
тыл, фæкæсут ацы бынбауинæгтæм,
мæ тугæй сын бадарут, фæфидар
уыдзысты, цæмæн мæ туг дзæгъæлы
сæфа. Хорз ракæнын удыбæстæ у,
нæ фехъуыстай:
«Лæгæн куы кæнай ды удыбæстæ,
Арфæгонд кæныс,
Дæ хорздзинад дын мысдзæн дæ фæстæ».
Хуро æмæ бæгънæг лæг Деуийы
туг сæ æрмтты хастой Царциатæм,
дардтой сын æй æмæ фæсæрæн сты.
Уæд Деуи зæхх йæ зæвæтæй æрри-
уыгъта æмæ уæрмæй аззади. Цар-
циаты фондзæссæдзæй æд бæхтæ
уырдæм ныргъæвта æмæ зæгъы:
— Фыддæрадæн миуын нæ кæнын,
фæлæ æз хæсты куы бацæуон, уæд
уæ нæ дымгæ искуыдæм фæхæсдзæ-
ни, ныр мæ тугæй хъæстæ стут æмæ
мæхи стут.
Деуи Хуро æмæ бæгънæг лæгæн
зæгъы: \
— Мæ хъусы-ма ныхъхъæр кæнут.
Уыдон дыууæйæ Деуийы хъусы
ныхъхъæр кодтой æмæ Деуи зæгъы:
’ — Уый ницы у, цирхъæй мæ цæ-
вут.
46
Хуро йæ цйрхъæй цæвынтæ систа;
фæлæ та уый зæгъы:
— Уый дæр ницы у, фæлæ уæ ку-
рын: мæ ныхыл дойнаг дуртимæ
арт скæнут.
Хуро æмæ бæгънæг лæг Деуийы
ныхыл дойнаг дуртимæ арт скодтой*
уæд сæм Деуи дзуры:
— Гъе, уымæй райхъал уыдзынæн.
Ныр мæм хъусут: мæ тæриъæды ма
бацæут, мæнæн уыди уарзон чызг
æмæ йæ Мысыры мæликк раскъæф-
та. Иæ фæндаг ауылты у, æртæ боны
йæ разы бадын æмæ мæ хуыссæгчы-
сыл фæсайон, арц дæр мæ ныхмæ
уымæн дардтон, фæлæ туг куыд кæ-
лы, афтæ тых та сæтгæ фæкæны. Æз -
чысыл афынæй кæндзынæн, мæ тых-
тæ та æрбамбырд кæндзынæн. Мæ- .
ликк куы рацæйцæуа, уæд-иу мæ
ныхыл арт скæнут дойнаг дуртимæ.
Уæд фехъал уыдзынæн æмæ хæла-
рæй баззайдзынæн уемæ. Кæд амæ-
лон Хуро, уæд та дын дæттын къух-
дарæн, уыцы чызгмæ йæ равдисдзьь
нæ æмæ дæуæй смой кæндзæни æмæ-
иу хæларæй цæрут, йæ ном Амазана.
Хуро йæ фæрсы:
— Куыд базондзынæн дæ чыз-
джы раскъæфт?
— Кæд мæ чызг кæугæ цæуа, уæд
дойнаг дуртæм кæс, цæппузыртæй
сæ цæссыгтæ згъæлдзысты. Кæд
худгæ цæуа, уæд дуртæ сæхимидæг
зилдзысты. Кæд мæстджынæй цæуа,
уæд дуртæ хæрдмæ хаудзысты. Кæд
цингæнгæ цæуа, уæд дуртæ æнæз-
мæлдæй лæудзысты.
Хуро райста къухдарæн æмæ Де-
уи афынæй ис. Хъахъхъæнынц æй
Хуро æмæ бæгънæг лæг. Уалынмæ
Мысыры мæликк æрбацæуы, Хуро
æмæ бæгънæг лæг Деуийы ныхыл
арт скодтой дойнаг дуртимæ. Дур-
тæ фæстытæ кодтой æмæ сæ цæс-
сыгтæ, цæппузыртау, хаудтой. Деуи
фехъал ис, зæгъы:
— Бузныг, мæ тыхæй цасдæр мæ-
химæ æрцыдис.
Хуро æмæ бæгънæг лæджы фæс- ’
фæд авæрдта Деуи, йæхæдæг иу
гæпп акодта Мысыры мæликмæ. Хæ-
цынтæ систой, кæрæдзи уачъитæ
нылхъывтой æмæ мардæй æрхаудтой
зæхмæ. Хуро къухдарæн систа æм&
йæ чызгмæ дæтты:
— Деуи дæ мæнæн фæдзæхста,
мæнæ дæ къухдарæн.
Чызг къухдарæн райста, дзуры
Хуромæ:
— Дæ цæрæнбонты искуы йскæ-
мæн удыбæстæ скодтай?
■— Скодтон,)—зæгъы ’ Хуро,;—,
акæс-ма, адон Царциатæ сты, сæф-
тысты æмæ сын удыбæсты тыххæй
Мысырмæ фæцыдтæн, ныр сæ фæс-
тæмæ кæнын сæ бæстæм.
- — Уæдæ уæд мæнæн дæр удыбæс-
тæ скæн. Деуийы марды мын баны-
гæн.
Царциатæ фондзссæдзæй фев-
нæлдтой, зæппадз самадтой æмæ
Деуийы уым бавæрдтой. Мысыры
мæличчы йын йæ сæрмæ цыртæн
ныссагътой. Чызг та дзуры:
— Ныр мæ уырны, удыбæстæгæнæг
кæй дæ уый. Акæн мæ дæхицæн.
Хуро дæр ныццин кодта æмæ ра-
раст сты се ’ппæт дæр. Иу стыр ка-
лак хъæумæ ныххæццæ сты, уымы
адæм уыдысты^ахæм æртæ хатты
сæ чи амбылдтаид, уымæн æртæ
хатты лæвæрдтæ кодтой. Кæд сæхæ-
дæг рамбылдтаиккой, уæд та æрты-
вæр истой æмбæлæггаг. Калак хъæ-
уы адæм Царциатыл сæмбæлдысты
зæрдиагæй, хорз сæ суазæг кодтой,
стæй зæгъынц:
— Хъæлдзæг фынгыл кафт дæр
вæййы, уæ кафæджы ма ракафын
кæнут.
Хуро рахызти кафынмæ æмæ йæм
иу зæронд ус дзуры:
— А бæстæн исты бавæййыс?
— Ницы, —I зæгъ’ы [ Хуро,'"— æз
Царциаты хæрæфырт дæн æмæ сын
æвдадзы хос хæссын Мысырæй.
— О дæ фæхъау фæуон, куы рам-
булай, уæд дæ фæрсдзысты: «Кæй
номыл кафыс, зарыс, хъазыс?» Ды-
иу зæгъ: «Уе ’ппæты номыл». Кæн-
нод дæм фæхæрам уыдзысты. Æз уæ
цыды хабар зыдтон æмæ уын уæ
размæ бæгънæг лæджы арвыстон.
Уый мæ лæппу у, уый дæр Царциа-
ты хæрæфырт у, фæлæ Маммийы
æлгъыст фæцис. Ныр кæд рамбулай,
уæд уый бæгънæг нал уыдзæни, да-
рæсы мидæг дæм зындзæни.
Кафынтæ систой калак хъæуы
адæм æмæ Хуро. Хуро сæ æмбулын
райдыдта, бæгънæг лæгыл астæуæй
уæлæмæ дарæс февзæрди. Куы сæ
рамбылдта Хуро, уæд æй калак
хъæуы адæм фæрсынц:
— Кæй номыл кафыс?
— Уе ’ппæты номыл, — зæгъы Ху-
ро.
— О-о-о, уæдæ ды æцæг цæринаг
гуырд дæ, фæлæ ма дЬш дæ зард куы
фехъусиккам. ;
Калак хъæуы фæсивæдимæ Хуро
зарыныл схæцыди æмæ та сæ Ау-
ро æмбулын райдыдта. Бæгънæг
лæгыл дæр та астæуæй дæлæмæ да-
рæс февзæрди. Калак хъæуы адæм
Ауройы фæрсынц:
— Кæй номыл зарыс?
— Уе ’ппæты номыл, — зæ|гьы
Хуро.
—О-о-о, уæдæ ды æцæг лæгæн
бæзгæ куы дæ, фæлæ ма дын æххæст
дæ хъазт куы фениккам.
Калак хъæу сæ хъултæ рахастой,
сыууылдтой сæ æмæ сæ æртæ æхси-
нæджы апæр-пæр ластой. Зæгъынц
Хуройæн:
— Æуыдон нын æрцахс.
Хуро дæр йæ хъултæ сыууылд’-
та æмæ сæ æртæ уарийы агæпп лас-
той, асырдтой æхсинджыты, рацах-
стой сæ æмæ сæ Хуромæ радтой.
Калак хъæуы адæм ногæй сæ
хъултæ сыууылдтой, æртæ тæр-
хъусы сæ агæпп ласта æмæ лидзын-
мæ фесты. Хуромæ дзурынц:
— Æуыдоны нын æрцахс.
Хуро сыууылдта йæ хъултæ æмæ
сæ æртæ егары агæпп ласта, асырд-
той тæрхъусты, рацахстой сæ æмæ
сæ Хуромæ æрхастой.
Калак хъæуы адæм æртыккаг
хатт сыууылдтой сæ хъултæ æмæ сæ
æртæ кæсаджы агæпп ластой, цады
смидæг сты. Адæм дзурынц Хуромæ:
— Æуыдоны нын æрцахс.
Хуро дæр та йæ хъултæ сыууылд-
та, æртæ кæфы сæ агæпп ластой, ца-
ды смидæг сты, кæсæгты рацахстой
æмæ сæ Хуромæ æрхастой. Фембæл-
дысты калак хъæуы адæм. Бæгънæг
лæгæн дæр та йæ къæхтыл дзабыртæ
февзæрди. Уæд бæгънæг лæг дарæсы
мидæг Царциатæм рацыди. Уыдон
æй исдуг нал базыдтой, стæй кæрæ-
дзийыл фæцинтæ кодтой. Бæгънæг
лæг сын лæвæрттæ. ракæны. Калак
хъæуы адæм зæгъынц:
— Ох-хай, хорз адæм, æртæ хат-
ты нæ рамбылдтат. Чындз куы кæ-
нут, уæд æй афтид армæй куыд кæ-
нут, нымæт ын уæддæр хъæуы.
:Калак хъæуы адæм хорз лæвæрт-
тæ сцæттæ кодтой, æмæ сæ чызджы
номыл чындзы нымæт сарæзтой,
стæй сæ рафæндараст кодтой. Цар-
циатæ рацыдысты, бирæ бонтæ ра-
47
цыди æмæ æрлæццæ сты сæ бæстæм.
Мысыры бæстæй æрхæсгæ сыджыт
байзæрстой сæ уæзæгыл æиæ Цар-
ци’атæ сæ хуыссæнуæттæй рабадты-
сты, цин кодтой сæ бæлццæттыл.
Сæ æхсæйнаг цæджджинаг бауæ-
ларт кодтой æмæ сæ хæрæфырт Ху-
роиы номыл стыр куывд скодтои,
стæй йæ чындзæхсæвмæ фæзылд-
той æмæ æнæхъæн къуыри сæ зард,
сæ кафтæй нæ банцадысты. Къуы-
рийы фæстæ Хуро йæ чызгимæ йæ-
хи хæдзармæ æд лæвæрдтæ фæцы-
дис.
Радзырдта йæ брытъатыхъæуккаг Сланты Иликъо 70 аздзыд, 1940 азы.
1 Арбаг бæх — ома араббаг бæх.
2 Дзæкъæн — фаджыс нытътъæпæн кæнынц, стæй йæ хурмæ бахус кæнынц æр-
тагæн.
3 Фондззæдæ — ома фондзсæдæ.
4 Намаз кæнын — ома ламаз кæнын.
5 Бехтоны бæстæ — Сириаг зæхх.
6 Хетаг адæм — чизоны, хеттаг адæм сты.
7 Изел хуыцау — æнæзæгъгæ хуыцау, чизоны, Изед хуынди.
8 Иордан — Иорданы цæугæдон, таурæгъгæнæгмæ гæсгæ, уыцы дон равзæрди
мысыраг бæх Иоры номæй, уым кæй амарди бæх, уый тыххæй.
9 Мæрдон цад — ис Иорданы паддзахады !Мертвое море» йæ хонынц.
10 Мысыры бæстæ — Египет.
ДУДАЙТЫ ГЕРСАН
ЧЫНДЗХÆСДЖЫТЫ СÆФТ
Легендæ
Надарвазы цад чинæ зоны, Чы-
сангомы ахæм лæг зын ссарæн у.
Уый ис Гурæй 12 километры æддæ-
дæр, Тбилисы соссæвæндагæн хус-
сарæрдыгæй фарс, бæрзонд лæгъз
кæрдæджджын æфцæджы сæр. Цады
фæрсты цæуы уæрдонвæндаг.
Раджы кæддæр ацы фæндагыл
чындзхæсджытæн сæ къамбецтæ
тынг стæвд сты æмæ цадæрдæм æнца-
дысты. Къамбецтæскъæрæг ма сæ
уромыныл фæлвæрдта, фæлæ йæм
уыйбæрц тых кæцæй уыд. Æмæ къа-
мбецтæ æд уæрдон доны аленк код-
той. Чындзхæсджытæ ацы хъуыд-
дагмæ цæттæ нæ уыдысты æмæ сæ
уæрдонæй рагæпп кæнын дæр ничи-
уал фæцарæхст. Къамбецтæч цады
фæйнæрдæм, чындзхæсджыты æнамо-
ндæн, сæ бæттæнтæй феуæгъд’ сты,
æмæ чындзхæсджытæ цады фæдæл-
дон сты, æвирхъау сæфт фæкодтой.
Чындзхæсджытæ æрæгмæ куы цы-
дысты, уæд дыккыг бон адæм афæ-
дис кодтой. Къамбецты ссардтой.
фæлæ чындзхæсджытæн сæ кой, сæ
хъæр дæр никæцæйуал разынд, цы-
ма сæ зæхх аныхъхъуырдта.
Æрæгвæззæг ралæууыд. Уазал
кæнын райдыдта. Хохбæрзæндтыл
зымæг йæ урс кæрц æрæмбæрзта.
Фиййæуттæ хохæй сæ фос скъæрын
байдыдтой хъæутæм, ныллæгдæр бы-
нæдтæм.
Иуахæмы фыййæуттæ Хъелы ца-
ды федтой æд æфсондз уæрдон. Дон
æй йæ сæрыл рахæс-бахæс кодта.
Уайтагъд хабар айхъуыст æнæхъæн-
Чысангомыл. Уыцы бонæй фæстæмæ
адæм Надарвазы цад хонынц æнæ-
бын цад.
Ацы таурæгъмæ гæсгæ, Надарваз
æмæ Хъелы цадæн цы иудзинад ис,
уый абон дæр итæг цымыдис æвзæ-
рын кæны адæммæ, фæлæ йын бæс-
тон-бæрæгæй ницы зонынц.
ПублицистикёЬ
Рацарæзт: ныфсытæ
Дзæвгар азты дæргъы, партийы
XX съезды комытæф куы банымæг,
уæдæй ’ фæстæмæ, Секъайы загъ-
дау, «рæстæг уыцыиугъуызон сау-
тар, мылазон хаста». Уыдис дзы
оптимистон лозунгтæ, цытджын æм-
бырдтæ, дæргъвæтин къухæмдзæгъ-
дтытæ, уæлахизы рапорттæ... Уы-
донæй нын уырнын кодтой, зæгъ-
гæ, алцыдæр у хорз, алæмæттаг,
арфæйаг. Æмæ нæ уырныдта,—кæд
дæ нæ фæнды, уæд дæ ма уырнæд!
Ныхмæ исты зæгъдзынæ, цæуылдæр
разы нæ уыдзынæ, — дæ цард дын
фестдзæн зындон, хъоды дыл ба-
кæндзысты канд хицæуттæ нæ,
фæлæ ма дæ фарсмæ чи кусы æмæ
чи цæры, уыдон дæр (хицæуттыл
дзы æнувыд чи у, официалон фæтк
æмæ стереотиптæ чи хъахъхъæны,
идеологон догмæтæй къахæй-къу-
хмæ йæхи чи сбаста, уыдон). Ахæм
уыд адæмы фылдæрæн — бирæ
рæстæджы дæргъы сæ афтæ кæй
сахуыр кодтой, уымæ гæсгæ — сæ
психологи, сæ зондахаст. Ахæм
æхсæнадон, æмбæстагон (кæд ын
æмбæстагон схонæн ис, уæд) уага-
хастæн арæх бар-æнæбары ком лæ-
вæрдтой, царды æцæгдзинад чи
уыдта, чи йæ æнкъардта æмæ йæ
чи дзырдта, уыдон дæр. Адæммæ
рухсы цъыртт никæцæйуал калд,
кодтой уæнгмард æмæ зæрдæсаст.
Дзæвгар азты фæстæ нын нæ
зæрдæты гæзæмæ ныфс бауагъта
1§85 азы уалдзæг, партийы апрелы
пленум. Гæзæмæ уымæн зæгъын,
æмæ алцæуыл дæр не ’ууæнк фе-
сæфтам, ницыуал нæ уырныдта:
а-да-гъа, исты аива, исты нæм
хуыздæр фæуа. Командон-бюрокра-
тон системæ нæм каст æнустæм
æнæхæлгæ, æнæцудгæ, каст нæм
тыхджындæр цыфæнды уæйыгæй
Дæр, адæмæй дæр æмæ хуыцауæй
Дæр. Фæлæ нæ уæддæр ныфс ба-
уагъта.
Рацарæзт уыд царды объективон
4. Журн. «Фидиуæг» № 5.
ДЗУЦЦАТЫ ХАДЗЫ-МУРАТ
æмæ æцæгдзинад
домæн. Рацарæзты идейæ æвзæрд
дæлейæ, адæмы ’хсæн, æвзæрд иуаёй-
иу интеллигенттæм. Фæлæ-иу йæ
кой куы скодтой, уæд-иу сын уæле-
йæ, командон-бюрократон системæ-
йы стыр æмæ чысыл бодзтæ сæ сæр
æркъуырдтой. Уыцы идейæ хъуамæ
загътаид æмæ йæ рæгъмæ рахас-
таид бодзтæн сæ хистæр, ома сæй-
раг разамонæг, кæд уымæн дæр
тæссаг уыдаид, уæддæр, — уый
тыххæй хъуыд лæджыхъæд,
хъæбатырдзинад. Æмæ йæ парти-
йы ног разамонæг загъта апрелы
пленумы, загъта йæ бæлвырд æмæ
ирдæй.
Ног идеятæ равзæрынц иугай кæ-
нæ цалдæргай адæймæгтæм. Адæм
коллективонæй нæ хъуыды кæнынц,
иууыл иумæ. Фæлæ иугай кæнæ
цалдæргай адæймæгты хъуыдытæ
фæстагмæ свæййынц коллективон,
иумæйаг хъуыдытæ. Партийы раза-
монæг æмæ йæ фарсхæцджыты
хъуыдытæ, фыццаджыдæр æмæ сæй-
раджыдæр царды æцæгдзинадæй
тынг тыхсæг адæймæгты ныфс чи
бауагъта, уыцы хъуыдытæ зынæй
кодтой иумæйаг, æппæтадæмон
хъуыдытæ. Уæлдай «хъæбæр» сæм
лæууыдысты бынæттон партион, со-
ветон æмæ хæдзарадон бодзтæ, сæ-
химæ сæ æмгæрон нæ уагътой, кæд
сыл дзургæ кодтой—бафæлвар ма,
пленумы уынаффæтыл дæ доклад
кæнæ дæ раныхасы мацы зæгъ! —
уæддæр сæ сæ зæрдæмæ нæ истой.
Мæнæ сыл, зæгъгæ, адзурдзыстæм,
амæйразмæ-иу радон къампанитыл
куыд дзырдтам, афтæ, ома сыл куыд
дзæнгæда цагътам, афтæ, æмæ цард
йæ кæнон кæндзæн, нырмæ куыд
цардыстæм, афтæ цæрдзыстæм.
Уыцы хабар ныл катæйттæ æф-
тыдта. Иухатт обкомы бæрнон
кусæджы куы бафарстон, цæмæн
афтæ кæнæм, зæгъгæ, уæд мын
дзуапп радта: «Махмæ рацарæзт
49
йæ уыдзæн. Мах нæхи хъуыддаг кæн-
дзыстæм!» Æмæ йæ кодтой — æнæ-
гуырысхойæ, æнæкъæмдзæстыгæй.
Хуссар Ирыстоны фысджыты ха-
йады бæрнон нымæрдарæй мæ куы
сæвзæрстой, уæд мæ хонын бай-
дыдтой — бынат сæм нымад кæй
уыд, уымæ гæсгæ — алыхуызон
пленумтæ, сесситæ æмæ æмбырд-
тæм. Бадыс æмæ хъусыс ныхасгæн-
джытæм — иу джиппы уагъд ра-
ныхæстæ, цæстæвæрæн цифрæтæ,
ахъаззаг æнтыстытæ, æмæ кæро-
нæй — зæрдæвæрæн «ардбахæрд»,
нывæзтытæ уæлдæйттæй кæй сæх-
хæст кæндзысты, уый тыххæй. Уæл-
дæйттæй æххæст нæ, фæлæ уæл-
дæйттæ кæй фыстой æмæ кæй æв-
дыстой, уый кой дзы ничи кодта.
Уæд та иу хъуаг, иу критикон фип-
паинаг! Уæлейæбадæг бодзтæн та-
бу кæн, хъыпп-сыпп сæм ма уæнд,-
—фылдæр-фылдæр сæ чызгæйæ,
лæгъстæйæ исты ракур. Уæлейæба-
дæг сæйраг бодзы сценари æмæ ре-
жиссурæмæ гæсгæ архайæг мари-
онеткæты театр!
Рацарæзт æмæ партийы кадрон
политикæйы тыххæй Центрон Ко-
митеты 1987 азы январы Пленумы
уынаффæты фæдыл хъуамæ уыцы
аз 11 апрёлы ауагъд æрцыдаид об-
ластон пленум. Загътой мын, хъуа-
мæ, дамдзы, радзурай, æмæ цы
хъуамæ, куыд хъуамæ радзурон,
уый мын сæхæдæг загътой. Бафæ-
дзæхстой мæ, пленумы размæ сæм
æй фыстæй бахæссон, феной йæ —
бодзы сценарийæн æмбæлон хъуа-
мæ уа, марионеткæты театр ма фе-
хæла. Æз дæр, бирæтау, кæддæрты
æмæ кæмдæрты марионеткæ уыд-
тæн, фæлæ мæ ныр нал фæндыд,
æмæ ма марионеткæ уыдаин. Æмæ
сæм æй нæ бахастон, сæфсон сын
кодтон, зæгъын, фыст мын нæу.
Æнхъæлдтон, æнæ развæлгъау
цензурæйæ мæ нæ рауадздзысты
трибунæмæ, фæлæ мæ цæмæдæр
гæсгæ рауагътой, æвæццæгæн, сæ
зæрдæ дардтой, зæгъгæ, мах ын
куыд загътам, афтæ радзурдзæн.
РАНЫХАС
Дыууæ азы бæрц рацыд (1985
азы) апрелы Пленумæй, азæй фыл-
дæр — XXVII съездæй. Махмæ,
Хуссар Ирыстоны, фæзынд æмæ
нæм ис дзырд «рацарæзт», фæлæ
наем архайд «рацарæзт» нæма йб.
Нæма нæм ис æмæ фæрсæм: цымæ
нæм кæд æрцæудзæн, кæд нæм æр-
хæццæ уыдзæн?
Фæлæ мах не ’мбарæм: йæхигъæ-
дæй нæм не ’рцæудзæн, исчи нæм
æй не ’рхæсдзæн. Рацарæзт у ахæм
æхсанадон, революцион феномен,
æмæ йæ алы ран дæр хъуамæ скæ-
ной адæм сæхæдæг, махмæ, Хуссар
Ирыстоны дæр, — мах нæхæдæг.
Цæуылнæ йæ кæнæм, цæуылнæ
йæм бавналæм?
Æвæццæгæн, нæ халæм нæ рагон
цайдагъ, нæ ахуыр, зæгъгæ, дзырд
иу у, хъуыддаг та — æндæр, дзырд
æмæ хъуыддаджы ’хсæн нæй иу-
дзинад, ома дзургæ кæндзыстæм
абонау* æмæ цæргæ, кусгæ, хъуыды
та кæндзыстæм знонау. Æмæ ныр-
ма дæр цæрæм, знон куыд цардыс-
тæм, афтæ, чизоны, ноджы æвзæр-
дæр, ницы нæм ивы, æмæ нæм исты
аива, ууыл æууæндгæ дæр нæ кæ-
нæм.
. Мах - не ’ууæндæм, — уый у, не
’хсæнады цы дзæвгар деформацитæ,
зылынтæ æмæ зыгъуыммæтæ, гуыл-
мызтæ æмæ фыдбылызтæ уыд æмæ
ис, уыдонæн сæ иууыл уæззаудæр
фæстиуæг. Махмæ сæвзæрд æмæ*
нæ зонд, нæ уды ныффидар, арф уи-
дæгтæ.дзы ауагъта ахæм уырнынад,
зæгъгæ, разамонджытæ сæ уæлвонг
бынæттæм схизынц адæмы тыххæй
нæ, социализмы тыххæй нæ, фæлæ
сæхи эгоистон/ цæрæгойон, хииса-
дон интересты тыххæй. Хизгæ дæр
сæм скæнынц зонгæ кæнæ гæртамы
фæрцы, кæнæ та ноджы æлгъагдæр
амалы фæрцы. Зæгъгæ, алыгъуызон
ныллæг æмæ бæрзонд трибунæтæй
чи хъуысы, прессæ, радио æмæ теле-
уынынад, литературæ æмæ аивад
кæй дзурынц, уыцы дзырдтæ сты
мæнг, мысæггаг, алфæмблай æцæг-
дзинадæй иппæрд, сты адæмы сайы-
нæн, æрмæст сæ фысджытæ æмæ сæ
дзурджыты хипайдайæн, æхца баку-
сынæн. Зæгъгæ, рæстдзинад нæй
æмæ нæдæр уыдзæн.
Цæмæй уыцы æнæууæнк адæммæ
мауал уа, уый тыххæй хъæуы рæст-,
дзинад, рæстдзинад æмæ ноджыдæр
рæстдзинад. Рæстдзинад нæ дзыр-
ды дæр æмæ нæ хъуыддаджы дæр.
Парти нæм сиды, цæмæй нæ цард-
мæ, нæхимæ акæсæм гом цæстытæй,
фенæм алцыдæр, зæгъæм æмæ йæ
равдисæм, æцæгæй куыд у, афтæ-
50
мæй. Мæнмæ гæсгæ, æхсæнадон
прогресс кæнгæ у нæ дæр зонадон-
техникон уæлахизтæй, нæ дæр
хæдзарадон-экономикон уæлахиз-
тæй _ кæд сæ ахадындзинад
ахъаззаг у, уайдæр, — æхсæнадон
прогресс сæйраджыдæр у рæстдзи-
надæй кæнгæ. Рæстдзинад кæм нæ
уа, раст кæм нæ цæрой æмæ раст
кæм нæ дзурой, уым прогресс нæ
уыдзæн, уымæн æмæ уым адæймаг
кæны хæлгæ, сæфгæ, уым адæм кæ-.
нынц, свæййынц бардз.
Январы Пленум бацамыдта, зæгъ-
гæ, мах хъуамæ рæстдзинадæн уы-
нæм йæ иу фарс нæ, фæлæ йе
’ппæт фæрстæ дæр, уынæм æй æнæ-
хъæнæй, æххæстæй. Уымæ гæсгæ
нæм цы æнтыстытæ уыд æмæ ис,
уыдон хъуамæ хынцæм, ма сæ баау-
уон кæнæм, фæлæ æрмæст уыдон
куы хынцæм, уæд комкоммæ дæр
уыдзыстæм рацарæзты ныхмæ.
Хъыгагæн, нæ разамонæг кадртæй
бирæтæ сты ахæм æрдæг рæстдзина-
ды фарс. Уыдонæн зын у зноны
рæдыдтытæ æмæ хъуæгтæн сæ кой
дæр. Уыдон фæнды, рохуаты хай
куы уаиккой не ’ппæт негативон
фæзындтытæ дæр. Æвæццæгæн,
уымæн, æмæ уæд æнцад-æнцойæ æр-
витиккой сæ бонтæ æмæ фæстæмæ
знонмæ, ивгъуыдмæ æнцонæй раз-
дæхиккой.
Ахæм философи æмæ психологи
ис нæ мыхуыры бæрнон кусджытæм
дæр, уæлдайдæр газет «Советон
Ирыстон»-ы кусджытæм. А-фæстаг
дыууæ азы центрон газеттæ ахæм
рæстдзинад дзурынц нæ царды тых-
хæй, æмæ дзы сæрыхъуын арц сба-
ды. Фæлæ нæ газетмæ ницыма ба-
хъардта, хъæддых ныллæууыд æмæ
— ивгъуыды тыххай уа, абоны тых-
хæй уа — рæстдзинад йæхимæ нæ
уадзы æмгæрон. Афтæ у радио дæр
— куы йæм хъусай, уæд нæ облас-
ты куыстуæттæ, колхозтæ æмæ сов-
хозты æнтыстыты йеддæмæ ницы ис.
Уыдон — газет æмæ радио — сты
нæ областы партион комитеты цæс-
гом, æвдисынц ын йæ ахаст раца-
рæзтмæ. Ахæм цæсгомæн, ахæм
ахастæн дарддæр быхсæн нал ис.
Знонау, абон дæр ницæмæй ма
аивта фысджыты хайад, нæдæр йæ
орган журнал «Фидиуæг». Ныллæг
нæм сты аивадон сфæлдыстадæн йæ
аргъгæнæн критеритæ. Мах ничер-
Дыгæй æндавынц, нæ областы цар-
ды цы судзаг æмæ дудаг проблемæ-
тæ ис, уыдон. Кæд нæ æндавынц,
уæд та сæм нæ ныфс нæ хæссæм,
тæрсæм, исты ныл куы ’рцæуа, уы-
мæй. Тæрсæм, нырма дæр тæрсæм
рæстдзинадæй, йæ зæгъынæй æмæ
йæ равдисынæй. Мидбынаты цоп-
пай, æндзыгдзинад, пъæззы — нæ
бон сæ нæма у фервæзын, æмæ сæ
фервæзæм, ууыл иттæг нæма ба-
цархайдтам. Нырма дæр фыссæм
æмæ мыхуыр кæнæм бирæ æгъуыз,
ницæйаг уацмыстæ, нæй сæ аивадон
рæстдзинад. Фысджыты хайад, æп-
пæт фысджытæ дæр сæхи куынæ
рацаразой, уæд не сæххæст кæн-
дзысты сæ ахсджиаг хæс — ницы
фæахъаз уыдзысты рацарæзтæн,
ног æхсæнадон зондахаст сфæлдис-
ынæн, адæймагон фактор сактивон
кæнынæн.
Областы разамонæг кадртæй би-
рæтæ разы не сты нæ литературæ-
йæ, ницæуыл æй нымайынц, æмæ
йыл батыхсой, уый уæлдай сæрниз
хонынц сæхицæн. Мах никæмæй
домæм, æмæ нæ уарза, хорз цæс-
тæй нæм кæса. Фæлæ Ленин дзырд-
та, зæгъгæ, литературон хъуыддаг
у иумиагпартион, иумæйагадæмон
хъуыддаджы хай, æмæ иугæр аф-
тæ у, уæд разамонæг кадртæн сæ
комкоммæ хæс у, цæмæй сæ хъус
дарой фысджытæм, æмæ канд уы-
донмæ нæ, — нæ культурæйы кус-
джытæн се ’ппæтмæ дæр, хуыздæр
сын кæной сæ цард æмæ сæ куыс-
ты уавæртæ. Уыдон, уыцы уавæртæ
та, æвæццæгæн, мах хуызæн æвзæр
никуы сты — канд республикæйы
нæ, фæлæ ма æгас бæстæйы дæр.
Январы Пленум бацамыдта, зæгъ-
гæ, национ æмæ интернацион æма-
хастытæ сты удæгас, диалектикон
змæлд æмæ сын ис сæхи ныхмæ-
вæрдтæ. Уыцы ныхмæвæрдтæ алы
адæмтæм сты алыхуызон. Махмæ,
ирон адæммæ, аргъ нæ цæуы нæ
национ æнкъарæнтæн, нæ истори,
нæ культурæ æмæ не ’взагæн, æн-
дæра куыд ис уый гæнæн, æмæ куы
фæзыны хицæн æнæраст, ныллæг-
гæнæг, æнæввæрсон хъуыдытæ нæ
адæмы тыххæй — кинонывы уа, чи-
ныджы æви æндæр искуы уа, —уæд
æй нæхицæн æфхæрдмæ цæуылнæ
исæм. Æви нын уæлдай ницыуал
у æмæ алцæуыл дæр разы стæм?
Хорз æмæ æвзæр, кад æмæ æгад
- кæрæдзийæ нал иртасæм?
51
Мæ зонадон-иртасæн йнстйтут ра-
уагъта «Хуссар Ирыстоны автоно-
мон областы историйы очерктæ»
æмæ сæ куы бакæсай, уæд уый гæ-
нæн нæй, æмæ дæхимæ кæсай, дæ-
хи æнкъарай, райгуырæн бæстæ кæ-
мæн ис, истори кæмæн ис, национ
сæрыстырдзинад кæмæ ис, ахæм
нормалон адæймаг.
Сымах æй зонут, цас адæймагмæ
нымæгдæр уа йæ нзцион хиæмба-
рынад, цас æм æнæзынгæдæр
уа йæ национ «æз» кæнæ йæм бын-
тондæр куынæ зына, уæд ын ис фыл-
дæр кад æмæ фылдæр аргъ, хуыз-(
дæр гæнæнтæ карьерæ скæнынæн,
æхсæнадон аренæмæ рацæуынæн.
Уыцы хабармæ тынг къæрцхъус сты
фæсивæд æмæ уыдон дæр чысылæй~
фæстæмæ сæхи цæттæ кæнынц сæ
нацийæ баиртæсынмæ. Баиртæсынц
дзы æмæ дзы баиртасынц, фæстагмæ
разамынд кæмæн фæкæнынц, уыцы
адæмы дæр. Бирæ рæтты, зæгъæм,
Ленингор æмæ Знауыры районты,
бирæтæ ирæттæ кæй сты, ирон адæм
æмæ ирон культурæ цы сты, уый
зонгæ дæр над кæнынц. Махæй фе-
рох, зæгъгæ, интернацион нæу æнæ-
национ, зæгъгæ, интернацион æнкъа-
рæнтæн сæ уромæг сты национ æн-
къарæнтæ, зæгъгæ, интернациона-
лизм нæу национ нигилизм, æмæ
никуыдæр уыдзæн.
XXVII съезды дзырдæуыд, зæгъ-
гæ, мах хъуамæ суæгъд, ссæрибар
кæнæм адæймаджы хуыздæр миниу-
джытæ аразынæн, фæлдисынæн.
Уый амоны, зæгъгæ, хъуамæ йын
куынæг кæнæм йе ’взæр миниуджы-
тæ, йæ халæг æмæ йæ сафæг
миниуджытæ. Хъуамæ цæра æмæ
куса рæстдзинады закъæттæм гæс-
гæ, намысы закъæттæм гæсгæ.
Абон у мæрдты бон. Нæ цытджын
революционертæ, мидхæсты хъæ-
батыртæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæс-
ты салдæттæ сæ ингæнты авддæл-
дзæх ныххаудзысты, рацарæзт куы-
нæ фæуæлахиз уа, уæд, уымæн æмæ
сæ хъуыддагæй ницы рауайдзæн,
дзæгъæлы фæуыдзæн, социализм
не ’рцæудзæн йæхимæ — ленинон
социализммæ.
Залы реакцийæ бамбæрстон —
лæмбынæг мæм байхъуыстой, ин-
нæтæм хъусгæ дæр нæ кодтой, сæ
ком ивæзтой, кæрæдзиимæ ныхас
кодтой. Æниу дзы уыд ахæмтæ дæр,
52
Маестыйæ чи хъæр кодта, йæ к’&ух-
тæ чи тылдта. Уыдон бодзы раз
сæхи æвдыстой хорзæй, марионет-
кæтæн куыд æмбæлы, афтæ, —
хъуамæ сæ йæ зæрдæ рухс кодтаид!
Кæд бирæтæн æхсызгон уыд мæ
раныхас, уæддæр мæ сæхи хызтой.
Æз урс халонау уыдтæн се ’хсæн.
Пленумæй цалдæр боны фæстæ мыл
мæ зонгæ фембæлд æмæ мын загъ-
та: «Хъуамæ дæм бацыдаин,- дæ
къух дын райстаин, фæлæ нæ ба-
уæндыдтæн, исчи мæ куы фена æмæ
йæ бодзы хъусты куы . бацæгъда.
Дæхæдæг зоныс, цы уавæр нæм ис».
Иу райкомы нымæрдар мæ кæмдæр
йæ дæлбартæн хъаст кодта, æф-.
хæрдта мæ, уый, дам, цы. хуызæн
радзырдта, ахæм бæрнон бынаты,
дам, кус æмæ, дам, ахæм æбæрнон
ныхæстæ кæн!
Фæлæ нæ зæрдæйы цы ныфс ба-
цыд, уый ахуыссын - нæ куымдта.
Мах рагæй дзырдтам, зæгъгæ, Цæ-
гат æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн,
иу адæмы дыууæ хайы ’хсæн
хъуамæ уа бастдзинад, иумæ рæ-
зын кæнæм не ’взаг, нæ культурæ, ’
не скъола, нæ зонад, æмткæй нæ
национ хæдуаг æмæ хиæмбарынад.
Уыцы бастдзинад тыхджын уыд
20—30-æм азты нæ фысджытæ æмæ
нæ ахуыргæндты ’хсæн, фæлæ фæс-
тагмæ цæгаты уырыссаг алфавит,
хуссары та — гуырдзиаг алфавит
куы райстой, уæд кæрæдзийæ тынг
адард стæм, иу æвзаг дæр нæм нал
уыд, фæлæ, цæгатаг æмæ хуссай-
раг æвзæгтæ, иу литературæ дæр
нал, фæлæ цæгатаг æмæ хуссай-
раг литературæтæ æмæ а. д. Алы ма-
дзæлттæ дæр арæзт цыд, цæмæй иу
адæмы дыууæ хайы кæрæдзийæн
уой æцæгæлон, кæрæдзийыл æнæу-
уæнк æмæ æнæввæрсон кæной. Уый
кæмæндæр уыд пайда, махæн та—
зиан. Кæд фæстæдæр, æрæджиау
иу алфавит райстам, ирон æвзаг
æмæ литературæ амоныны иу прог-
раммæ сарæзтам, стæй ма æндæр
хъуыддæгтæй дæр кæрæдзимæ бан-
гомдæр стæм, уæддæр нын нæма
ис фаг бастдзинад. Уымæ гæсгæ
1987 азы сæрды цалдæр фыссæгæй
ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ, ба-
дзырдтам уымы фысджытимæ, цæ-
мæй æрвылаз дæр Къостайы рай-
гуырæн бон цæуæм Нармæ, уым
æмбæлæм, иумæ йæ бæрæг кæнæм.
Бадзырдтам, æмæ фæстæмæ
куы æрыздæхтыстæм, уæд мæм
смидæг æдасдзинады коми-
теты кусæг, рафæрс-бафæрс
мæ байдыдта, алцыдæр ын
радзырдтон, фæлæ мæ разыйæ нæ
баззад. Уæд æй ницæмæ ’рдардтон,
кæд мын хъыг уыд, уæддæр, фæлæ
Нармæ нæхи куы срæвдз кодтам, а-
ныр анкъуысæм куыд загътам, аф-
тæ мæм обкомæй фæдзырдтой:
* —.Читæ цæуы Нармæ?!
— Кæй фæнды, уыдон. Фысджы-
тæй, стæй иннæ адæмæй дæр...
— Æмæ сын чи загъта?!
— Фехъуыстой йæ æмæ...
— Æмæ нæ, фæлæ д’едтæ иу æр-
тæ лæппуйæ ацæут, иннæтæн цæ-
уæн нæй!
— Уæд цæуылнæ?
—Цæуылнæ, цæ, æмæ дæ ферох
37-æм аз?!. Ферох дæ сты хордзен-
тæ?! Уыдон тыххæй сæртæ куыд
къуырдтой?!.
Æз мæхимидæг срызтæн...
Фæлæ сæм нæ байхъуыстам.
Ацыдыстæм æмæ ныл фæндагыл
æмбæлдысты милицийы кусджытæ,
урæдтой нæ, цыдæр «зæндтæ» нын
амыдтой, афтæмæй, дам, уын уадзæн
нæй æмæ, дам, мах дæр хъуамæ уе-
мæ ацæуæм. Тынг бафæстиат код-
там, афоныл нæ ныххæццæ стæм.
Сæ цæрæнбонтæ бирæ нæ цæгаттаг
æмбæлттæн, банхъæлмæ кастысты
нæ ныццыдмæ. Уæд дзы бирæ адæм
нæ уыд дыууæрдыгæй дæр, фæлæ
уæддæр нæ фембæлдæй бабуц стæм.
Уыцы фембæлдæй цы рауад, уы-
мæн æвдисæн — Къостайы 130 азьт
бон. Иу ранмæ, иу бæрæгбонмæ
уыйбæрц адæм æрцæугæ æз никуы-
ма (Ьедтон!
Ай-гъай, нæ зæрдæйы цы ныфс
бацыд. уый хъуамæ ма ахуыссы- -
даид. Партийы Центрон Комитеты
1988 азы февралы Пленум иумиаг-
ахуырады тыххæй цы загъта, уый
1988 азы 15 апрелы бонысЬæткмæ
куы рахаста обкомы пленум, уæд
дзы, æвæццæгæн, нæ уыд (Ьысджьт-
тæн фæсвæд ныууадзæн, æмæ мын
ныхасы бар радтой.
РАНЫХАС
Скъолайы тыххæй хъуыдьт кæн-
гæйæ, мах хъуыды кæнæм адæмьт
тьтххæй. Скъола у адæмьт Аидæн.
Фидæнимæ та бæттæм адæймагон
идеал. Скъолайæн хъуамæ йæ ми-
дæг рухс кæна уыцьт идеал. Афтæ-
мæй скъола хъуамæ цæуид абоны
боны разæй, кæй зæгъын æй хъæ-
уы, хицæн æмæ дзы иртæст уа,
уый фæстиуæгæн нæ, уымæн æмæ
ахуыр кæны канд скъола нæ, фæ-
лæ, сæйраджыдæр, цард, ахуыр кæ-
ны алфæмблай дуне. Фæлæ афтæ
рауад, æмæ адæймагон идеал згæ
бахордта, деформацитæ баййæфта,
сси абстрактон, æнæзæххон иллю-
зи. Хуымæтæджы йыл нæ сæттынц
бирæ скъоладзаутæ, зæгъгæ, нæ сæ
фæнды ахуыр кæнын, хорз кæнæ
тынг хорз, уымæн æмæ пайда нæу.
Уыдон уынынц, зæгъгæ, сæ ный-
йарджытæ, кæддæры фæзминаг
скъоладзаутæ, кусынц намысджы-
нæй, сЬæлæ ницьт фæразынц цæры-
нæн. Сæ фарсмæ та цæрынц сæ
ныййарджыты кæддæры æмкъласон-
тæ, æвзæр ахуыр кодтой, фæлæ сын
ис фенддаг хæдзæрттæ, фатертæ,
дачæтæ, машинæтæ, дарьтнц фæстаг
модæйон дарæс, æлхæнынц диплом-
тæ дæр, бынæттæ дæр, сæ уд цæ-
мæ бахъаза — алцыдæр. Адæйма-
гæн йæ куьтст, йæ зонынад, йæ
курдиат æмæ йæ дæсныйадмæ гæс-
гæ кæм нæ аргъ кæнынц, уым, ай-
гъай, нæй гæнæн, æмæ ахуырьтл дæ-
хи хъарай, дæ уд æм дæдтай, уы-
мæн æмæ ахуыр дæр у куыст, адæй-
магæй бирæ тыхтæ æмæ бирæ фы-
дæбæттæ домæг. Дзырд дæр ыл
нæй, скъола не суыдзæн æцæг скъо-
ла, æмткæй æхсæнад социалистон
куьт нæ суа, уæд.
О, скъола у адæмы фидæн. Ма-
хæн, ирæттæн, фидæн кæддæрид-
^лæр уьтд сагъæссаг æмæ катайаг.
Суанг ма 1913 азьт Сталин Иосиф
мах схуыдта «фæлдзæуæн» адæм,
«примитивон культурæ» кæмæ ис,
æндæп адæмтæ, ома «уæлдæр куль-
турæйы» адæмтæ, кæй ассимиляпи
кæньтнц, ахæм адæм. Æндæр дзьтод-
тæй. «стьтп фæтæгæн» мах уыдыс-
тæм «дьтккагсорт» кæнæ «ньтллæг-
сорт напи», уьтдыстæм ын хомæг,
æомæг æндæр нациты рæзтæн æмэё
ппогрессæн, ома йьтн уыдыстæм
æнæ фидæн адæм.
Æцæг. Октябрь æмæ Советон
хицауадьт (Ьæстæ, дзæвгап объек-
тивон æмæ субъективон ныхдуотæм
к?р кæсгæйæ, нæ пард æмæ нæ зонд-
ахастмæ бахьтзт ноггæнæн æмæ æн-
дидзæн комытæф, энтузиазм æмæ
оптимизмы здмытæф; МаХ цаёдæр-
бæрцæй нæхи банкъардтам адæмæй
— ирон æвзагыл нæм куыстой скъо-
латæ, бирæвæрсыгæй разынд ирæт-
ты национ потенциал.
Фæлæ рæстæг цыд æмæ сталин-
изм сындздидин куы рафтыдта, уæд
барæй цырд æмæ цырын кодтой ас-
симиляцион процесс, ома, дам, æх-
хæст цæуы историйы закъонбæрцон
æнæмæнгхъæуынад. Йæ фыдæлты
уæзæгæй’ лидзинаг чи фæци, уы-
дон æнæхай кодтой се скъола, се
’взаг æмæ сæ культурæйæ. Кæддæ-
ры ирон скъолатæ та систы æнæ-
ирон скъолатæ, æниу сæ абон дæр
хонгæ цæмæдæр гæсгæ кæнынц «на-
цион скъолатæ», цыран ирон æвзаг
æмæ литературæ ахуыр кæнынц æр-
мæст куыд предмет, афтæ. Уымæй
дæр æй куыд ахуыр кæнынц! Уæл-
дай уаргъау, ома дзы цас тагъддæр
фервæзой, уыйас хуыздæр уыдзæн
ирон адæмæн. Дæхиуыл дæ къух
сис, дæ национ «æз» дæхицæй аппар
— уый нын бæттынц хæрзиуæг æмæ
амондау.
Бирæ’ ирæттæ кæсынц куыдфæн-
дыйы цæстæй, æлгъгæнгæ се ’взаг-
мæ, сæ национ хæзнатæм, сæ наци-
он номмæ. Уыдон сæ паспорттæм
гæсгæ сты ирæттæ," фæлæ æцæгæй
не сты ирæттæ. Уый у национ ни-
гилизм, мæнæ, цыма, хиассимиля-
ци, — æндæр адæмтæ дæ ассимиля-
ци куы скæной, уæд уымæй хуыз-
даер нæу. Сæ иу дæр æмæ се ’ннæ
дæо кæнынц нацийы сæфтмæ, на-
цийы мæлæтмæ.
Мах нæхицæн бауырнын кодтам,
зæгъгæ, æнæнацион — уый у интео-
наЦионализм, национ та — æнæ-
мæнг у национализм. Мах нæ хын-
цæм, зæгъгæ, национ æмæ интерна-
ционæн. патриотизм æмæ интерна-
ццонализмæн ис тугхæстæг иудзи-
над. Мах сын бар-æнæбары халæм
сæ диалектикæ. сæ гармони. уый
та сайы гуылмьтздзинадмæ. .Иоонау
ма дзур æмæ ма фысс — уый нæм
кæсы кадау. Хъуыддаг æрцыд уьт-
мæ, æмæ ирон æвзаг, литературæ,
истори иртасынц, иронау фыссын
чи нæ зоны, ахæм адæймæгтæ. иротт
прессæйæн нæм нæй фаг цæттæ
кадотæ, иоон литеоатуоæмæ ттал
цæ^ынц æоыгон ног тыхтæ.
Рацаоæзт махæй æодомдта, пæ-
мæй цæхгæр аивæм нæ ахаст нæ
малæлон æвзагмæ. гъе стæх" æмт-
кæй нæ адæмы хъысмæтмæ. Национ
54 ;
фарстыты фæдыл цы дискусси ра-
парахат, уым иуæй-иутæ дзурынц,
зæгъгæ, цæдисон республикæты на-
цион æвзæгтæ хъуамæ конституци-
он æгъдауæй суой паддзахадон æв-
зæгтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый
тæссаг хабар у, уымæн æмæ наци-
он нигилисттæн, алыхуызон асси-
милятортæн ратдзæн бæллиццаг
фадат чысыл адæмты æвзæгтæ’ца-
гъары бынаты дарынæн, сæ «дык-
кагсортдзинад» сын сфидар кæны-
нæн. Ленин фæдзæхста, зæгъгæ,
паддзахадон æвзаг нацитæй сæ иу-
тæн кæны тыхми, се ’ннæтæн ,та
дæттьг привилегитæ. Мæнмæ гæсгæ,
альт национ æвзаг дæр хъуамæ уа-
ид паддзахадон, ома хъуамæ пад-
дзахад йæ фарс хæцид. Национ æв-
зæгтæ æмбар куы уой, æмхуызон
сын куы аргъ кæнæм, алы нацийæн
дæр бæрзонд куы ’вæрæм йæ
истори æмæ йæ культурæ, уæд сиф-
тонг кæндзыстæм адæмты хæлар-
дзинад, зæрдæ дзы рухс кæндзæн
æмæ райдзæн. Уымæй кæнгæ у со-
ветон патриотизм, нæ интернацио-
нализм. Махæй алчи дæр хъуамæ’
сæрыстыр æмæ буц уа не ’ппæт æв-
зæгтæй дæр, не ’ппæт культурæтæй
дæр, буц уа се ’мгуыстадæй, се
’мæндæвдадæй, се ’мхъæздыгкæны-
надæй, буц уа, махмæ кæй нæй
«уæлдæр» республикæ, «уæлдæр»
адæм æмæ «уæлдæр» æвзаг, уымæй.
Нæй сразыуæвæн уыдонимæ, асЬ-
тæ чи бæлвырд кæны, зæгъгæ, ный-
йарджытæ^сæ сывæллæттæн бар-
вæндæй куынæ ’взарой ахуыры æв-
заг, уæт; уымæй хæлд цæуы демок-
рати. Демократи — уый канд бар
нæу, фæлæ ма хæс дæр, — ницахæм
уæрæх демокоати нæ уæгъд кæны
адæймаджы йæ адæмы раз æмæ
адæймагады раз бæрндзинадæй.
Æвзаг адæймагæн у райгуырæн
бæстæ æмæ мады хуызæн., Цымæ
уыдонæн æвзарæн ис фæндонмæ
гæсгæ, адæнкъарынадмæ гæсгæ? Уы-
дон адæймагæн сфыццаг кодта’
хъысмæт, радта йьтн сæ æнустæм,
уыдонæн баивæн нæй æмæ сæ
хъуамæ райсай æнæ хъыпп-сыппæн,
æнæ хъуыр-хъуырæй, иннæ адæмтæм
плебейау хæлæг нæ кæнгæйæ, уы-
дон стьт дæ исад, дæхæдæг сæ исад
куыд дæ, афтæ. Æнæ уый адæйма-
гæн гæнæн нæй, æмæ уа æцæг адæй-
маг, уа патриот, уа интернациона-
лист. Куыд ис гæнæн, æмæ сывæл-
лоны суæгъд кæнай национ, исто-
рион æмæ культурон мысæнадæй?
Кæд ныййарджытæ сты национ ни-
гилисттæ, меркантилон-пайдайон
прагматиктæ, уæд хъуамæ сæ сы-
вæллæттæ дæр ахæмтæ уой? Куыд
ис уæгъдгæнæн сывæллæттæн наци-
он уидæгтæ æмæ гуырæнтæй, уд-
видауц æмæ удварнæй?
Мах.хуызæн бирæнацион, бирæ-
взагон паддзахады практиконæй
гæнæн нæй, æмæ зонай алы æвзаг
дæр, дзурай йыл йæ адæмимæ. Нæ
бæстæйы æппæт адæмтæн дæр æх-
сæннацион иудзинады фæрæз сси
уырыссаг æвзаг. Æмæ кæд исты
ныртæккæ конституционæй, закъо-
нæй сфидаргæнинаг у, уæд — на-
цион-уырыссаг дыууæвзагондзинад,"
æнæмæнг ахуыр кæнын хъæуы ма-
дæлон æмæ уырыссаг æвзæгтæ, ин-
нæ æвзæгтæ та хæдбарæй ахуыр
кæнæд, кæй фæнды æмæ фадат кæ-
мæн ис, уыдон. Уадз ахуыр сæ кæ-
нæд, — мах никæй раз лæууæм,
никæй фæндæгтæ ’хгæнæм, фæлæ,
ноджыдæр ма йæ зæгъон, алчи дæр
хъуамæ зона — алчи дæр! — ма-
дæлон æмæ уырыссаг æвзæгтæ.
Уыдон — национ æмæ уьтыссаг
æвзæгтæ — хъуамæ уой æмбартæ,
конкуренци ма кæной æмæ кæрæ-
дзийы ныхмæ ма лæууой.
Уый конкретонæй куыд хъуамæ
уа, уый мын ныртæккæ зын зæгъæн
у, фæлæ сывæллæттæ, рæвдауæндæт-
тæм куы бацæуой. уæдæй фæстæ-
мæ хъуамæ дзурой дыууæ ’взагыл,
æнкъарой мадæлон æмæ уырыссаг
дзырды хæдхуыз æмæ рæсугъддзи-
над. Скъолайы, æвæццæгæн, цахæм-
дæр предметтæ ахуыр кæной иро-
нау, цахæмдæр предметтæ та —
уырыссагау. Афтæ хъуамæ уа 8—9
кълæсты онг. Дзырд дæр ыл нæй,
уый тыххæй хъæуы ахуыргæнджы-
тæ, ахуыргæнæн чингуытæ. Уыцы
фæндагыл нæм æнхъæлмæ кæсынц
зынтæ, ныхдуртæ, фæлæ нын æн-
дæр фæндаг нæй, кæд нæ фæнды,
æмæ не ’взаг бавæрæм, уæд, кæд нæ
фæчды, æмæ адæм уæм, уæд.
Скъолаты сьтвæллæттæ хъуамæ
зхуыр кæной Ирыстоны истори.
Фæлæ уый хъуамæ уа æнæг истори,
ма уа, «ивгъуыдыл кæй афæлда-
^ьщц, ахæм политикæ», ивгъуыды
фæлтæрддзинадæй йæхи чи ’мбæх-
сы, ахæм чъизи æмæ, æдзæсгом по-
литикæ, ма уа, ивгъуыдæй абоныл
кæй рафæлдахынц, алкæд зонадо-
нæй, алывæрсыг æмæ æххæстæй кæй
нæ раиртасынц, ахæм истори. Уый^
ахæм истори, у æфхæрд рæстдзина-
дæн, адæймаг æмæ адæмы джелбет-
тæн.
Скъола æмæ фидæныл хъуыды
кæнгæйæ, махæн нæ зонд, нæ уд
æмæ нæ архайды хъуамæ уа æмæ
дзы уæлахиз кæна адæймагон идеал.
Фидæн кæддæриддæр тæрхон кæны
ивгъуыдæн. Гъе æмæ абон — уый
райсом суыдзæн ивгъуыд — бакæ-
нæм афтæ, цæмæй къæмдзæстыг
æмæ азымджын ма уæм нæ саби-
тæ æмæ сæ сабиты тæрхоны раз.
Пленумы мæ фæстæ чи ныхас
кодта, уыдонæй мæ фарс иу дæр
нæ рахæцыд, кæд дзы зæрдæйæ би-
рæтæ мæ фарс уыдысты, уæддæр.
Уыйхыгъд дзы мæ ныхмæ загътой
цалдæрæй. Мæ фарсмæбадæг сыл-
гоймаг мæм хъæрæй æрбадзырдта,
иннæтæ дæр æй куыд фехъуыстаик-
кой æмæ куыд бамбæрстаиккой, аф-
тæ, зæгъгæ, хъусут, æз дæр йæ ных-
мæдзурджыты фарс дæн, хуыздæр
аккаг нæу: «Бынтон дæ зæххимæ
сæмвæз кодтой!» Бодзтæн табу куы-
нæ кæнай, дымыстæр сын куынæ
уай, сæ ныхмæ чи дзуры, уымæ
уайтæккæ де ’ппæрццаг ахаст куы-
нæ равдисай, уæд дæ сæ хорзæх
нæ уыдзæн. Обкомы фыццаг ны-
мæрдар мын мæ раныхас куы фауд-
та, карзæй куы бæлвырд кодта,
ирон адæмæн, дам, тынг хорз у сæ
фидæн, уæд мæ фæстæбадджытæй
чидæр — уый дæр хъæрæй, фæлæ
æндæр нысанæн, цыма мæ фарсмæ-
бадæг сылгоймаджы фыддæрадæн—
загъта: «Ды ирон куы уаис, уæд
афтæ нæ дзурис!»
Пленумæй дыууæ боны фæстæ-
дæр байдыдтой апрелы цаутæ. Бы-
нæттон хицауады бодзтæ «пылыстæг
мæсгуытæй» уæлейæ бынмæ касты-
сты адæммæ. Хицауад —.йæхицæн,
адæм — сæхицæн. Хицауад — бар-
джын, адæм — æбар. Хицауадæн
— хорз (цардæй райгонд). адæмæн
— æвзæр (цардæй æнæрай). Ахæм
уавæрæн быхсæн нал уыд æмæ адæм
сыстадысты йæ ныхмæ. Уымæй
размæ-иу куыд кодтой, афтæ йыр
дæр хипæуттæ сæхимæ ницы азым
хатыдтой, аххосджынты агуырДтой
адæмы ’хсæн: чидæртæ, дам, ся*
сæзмæстой, сардыдтой, æмаб, Даму
55
уыдон куы ’рцахсæм, уæд цæрдзыс-
тæм, нырмæ куыд цардыстæм, аф-
тæ. Адæм, дам, сты фос, бардз,
æмæ, дам, сыл мах чердæм ахъæр
кæнæм, уыцырдæм ацæудзысты,
уыцырдæм скæндзысты се ’ргом.
Фæлæ сын дзы ницы рауад, кæд
сæм мидæфсæдты къордтæ дæр æр-
батардтой, уæддæр. Адæм сæхæ-
дæг, сæхи зонд æмæ сæхи фæндонæй
сыстадысты хицауады ныхмæ. Ра-
гæй йæм æхсыст сусæгæй сæ маст
æмæ йæ ныр сыргом кодтой. Æфсон
сын фæци тиф — сахаргæрон цæр-
джытæй дзы цалдæр фæрынчын.
Фæлæ æцæгæй адæм сыстадысты,
сæ социалон, экономикон, политикон
æмæ национ интерестæ æфхæрд кæй
æййæфтой, уый тыххæй. Чердæм-
фæнды дæр æй нæ барай, уæддæр
уыд революцион сыстад. Хуымæтæ-
джы нæ хъуыстысты адæмы дзы-
хæй, Цомахъ фыццаг уырыссаг ре-
волюцийы азты кæй ныффыста, уы-
цы рæнхъытæ:
Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй,
Адæм куы бамбарой се ’фхæрд, сæ м^арæг,
Зон, уæд кæй сыстдзысты иубон
хъыгдардæй,
Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ
зарæг.
Кæд конкретонæй домдтой, зæгъ-
гæ, ист æрцæуæд обкомы фыццаг
нымæрдар, уæддæр се ’нæууæнк
равдыстой æмткæй областы раза-
мынадмæ. 20-æм апрелы, сыстад йæ
тæмæнмæ куы схызт, уæд респуб-
ликæйы хицауады минæвæрттæ
ауагътой æмбырд областы активæн.
Хъуамæ дзы радзырдтаин, мæ ра-
ныхас фысгæ дæр ныккодтон, сЬæлæ
мæм куыстмæ æрбацыдысты Цент-
рон Комитеты культурæйы хайады
гæс æмæ Фысджыты цæдисы ны-
мæрдар — дыууæ сахаты бæрц ны-
хас кодтам областы фæдисон уа-
вæры тыххæй. Уæдмæ активы æм-
бырд фæци. Уым чи уыд, уыдон
мын дзырдтой, æмбырдуадзæг ЦК-
йы нымæрдар, дам, бафарста, мæ-
нæй уый, дам, кæм ис?
РАНЫХАС
Сахары сæвзæрд уæззау уавæр.
Сывзæрд уымæн, æмæ областы пар-
’гйон кокйтет не сифтонг кодта ра-
56
царæзт, йæ куыст нæ ранывæста
революцион ноггæнæн идейæтæ
æмæ принциптæм гæсгæ, фæллой-
гæнджыты нæ бакодта демократи-
заци æмæ æргомдзинады процесмæ.
Сымах, æвæццæгæн, бакастыстут
абоны газеттæ, Хуссар Ирыстоны
автономийы фæдыл æрмæджытæ.
Уый тыххæй фыссынц, дæс-дыууын
азы размæ йыл куыд фыстой, аф-
тæ. Алцыдæр у хорз, алцыдæр у
лæгъз. Иæ кæнон каены, не ’ппæ-
тæн дæр нæ зæрдæ кæмæй фæцъæх,
уыцы лакировкæ. Уыцыиурæстæг
дзы нæй иу дзырд дæр, фæстаг
бонты махмæ цы цæуы, уый тых-
хæй. Ау, уый æргомдзинад у? Аф-
тæмæй мах адæмы ноджы тынгдæр
нæ ныхмæ кæнæм.
Сахары цаутæ — уыдон сты адæ-
мы æрдзон протест,- æрдзон сыстад
мидцоппайы ныхмæ. Уыцы мид-
цоппайы аххосджын стæм не ’ппæт
дæр, куыстадон коллективтæн, адæ-
мы хицæн къордтæн разамынадмæ
исты бар чи дары, уыдон. Гъе, æмæ
алчи дæр махæй хъуамæ бамбара
йæ аххос, æмæ йæхæдæг хъуамæ
алыг кæна — уа ма разамонæг æви
мауал уа. Хъуамæ сæ бынæттæ ныу-
уадзой, комкоммæ кæнæ фæрссагæй
аххосджын чи у, уыдон, фыцца-
джыдæр æмæ сæйраджыдæр абоны
цаутæ комкоммæ кæй аххосæй рав-
зæодысты, уыдон.
Ацы сдхат алцыдæр саразын
хъæуы уый тыххæй, цæмæй адæм
æрсабыр уой, сæ масты фæйлауæн-
тæ тугкалдмæ ма ’ркæной. Ууыл
хъуамæ ахъуыды кæна Гуырдзыс-
тоны Компартийы Центрон Ко-
митет, соммæ мацы аргъæва, бай-
хъуса адæмы хъæлæс æмæ домæн-
мæ. Æндæр дзырдтæй, хъуамæ
æвæстиатæй æрæмбырд уа обкомы
пленум æмæ ивд æрцæуа разамы-
над. Уый мæ субъективон фæндон
нæу, уый у объективон æнæмæнг-
хъæуынад. Ам дзырд нæ цæуы сæр-
магонд симпатитæ æмæ антипатиты
тыххæй, — дзырд цæуы ууыл, цæ-
мæй нæ фæсивæды бахизæм траге-
дийæ. Мах нæ фæсивæд мардæй нæ
хъæуынц, мах хъæуынц удæгасæй,
æмæ нæ кусын дæр бахъæудзæш —
кусын ног уаг æмæ ног фæткмæ
гæсгæ — удæгас фæсивæдимæ, ку-
сын алыхуызон негативон фæзынд-
тæ, зылынтæ æмæ зыгъуыммæтаб
скуынæг кæнынæн, алыхуызон чъи-
зийæ нæхи æмæ нæ цард ссыгъдæг
кæнынæн.
Æз уæм сидын куырыхон зонд
æмæ æрвонг уынаффæмæ. Ноджы-
дæр ма йæ зæгъын — трагеди ма
’руадзæм!
Адæмы сыстад бынтон дзæгъæлы
нæ фæци. Обкомы фыццаг нымæр-
дар Санахъоты Феликс ист æрцыд
йæ бынатæй. Уым æвæрд æрцыд Че-
хойты Анатоли. Æвæрд æрцыд
«уæлейæ», нырмæ сæ куыд æвæрд-
той, афтæ. Æнæнхъæлæджы нын
уыд не ’ппæтæн дæр, уымæн æмæ
никæй бафарстой, никæимæ баныхас
кодтой. Сарæхсдзæн — не сарæхс-
дзæн, сбæздзæн — не сбæздзæн,
уымæн ничи ницы зыдта. Фæлæ дзы
уæддæр ныфс æвæрдтам: йæ раз-
мæ дзы чи уыд, уый цæй тыххæй
систой, йæ бынаты йын цæй æмæ
кæй руаджы æрбадт, уыдон ын куыд
нæ уыдзысты зонд-зонæн, куыд нæ
сæ бахынцдзæн, куыд нæ дзы скæн-
дзæн хатдзæгтæ? Нæ, бар-æнæбары
дæр хъуамæ хуыздæр уа, адæм æмæ
рацарæзты хъæр æмбара, уымæ гæс-
гæ уа йæ ныхас дæр æмæ йæ ми
дæр.
Хъыгагæн, областы ницы ивта
æмæ дзы, а-да-гъа, исты аивтаид.
Кæмдæрты цыдæртæ баййæфтой кос-
метикон цалцæг, разамынад æм-
бæлд адæмимæ, кæддæрау сын ныф-
сытæ æвæрдта, фæлæ уыцы ныф-
сытæй æцæг никæцы кодта. Мæнæ,
зæгъгæ, демократон амалтæ æмæ
методтæй кусæм адæмимæ, æцæгæй
та хъазыд демократийæ. Мæнæн
дзырдтой: йе ’рдхæрдтимæ, дам, ис-
куы минас куы фæкæнынц, уæд,
дам, алкæддæр лæугæйæ ракувынц
æмæ баназынц Сталины тыххæй.
Мах дзы ныфс æвæрдтам, фæлæ
’ сталинон командон-администрати-
зон системæ йæ уд, йæ дзæцц кæ-
мæн уа, уымæй цы ныфс æвæрæн
ис?! Уый зыдта, адæмы æвæрд нæу,
* зыдта, «уæллæгты» æвæрд у, æмæ
куыста, архайдта адæммæ гæсгæ нæ,
фæлæ «уæллæгтæм» гæсгæ. Чи йæ
æрæвæрдта, уый йæ исгæ дæр скæн-
дзæн. Уый гуырысхо нæ кодта,
зæгъгæ, йæ размæ йæ бынаты чи
уьтд, уымæн йе сисын кæд адæм æр-
домдтой, уæддæр æй адæм нæ сис-
той, — систой йæ, чи йæ æрæвæрд-
та, уыдон, «уæллæгтæ». Ахæм ме-
Ханизм кæм уа, уым бодз кæддæр-
иддæр уыдзæн адæмы ныхмæ æмæ
адæм уыдзысты йæ ныхмæ.
. Уый демократийæ куы хъазыд,
ома йæхи демократæй куы ’вдыста,
уæд æнхъæлдтон, зæгъгæ, гæнæн
уыдзæн йемæ алцæй тыххæй дæр
æргомæй дзурынæн, быцæу кæнын-
æн æмæ афтæмæй иунæг раст хъуы-
дымæ æрцæуынæн æмæ йæ уæлвæд
иунæг раст хъуыддаг бакæнынæн,
ома адæмы интерестæн дзуапп чи
дæтта æмæ сын пайда чи ’рхæсса,
ахæм хъуыдыйыл ныллæууынæн
æмæ ахæм хъуыддагыл сархайынæн.
Цалдæр хатты дзургæ дæр скодтон
— æмæ цы? — арвмæ-иу схауд
æмæ-иу зæхмæ æрхауд. Искæй
хъуыды нæ быхста. Кæд ын раздæ-
ры бодзау «о» кодтаис, уæд хорз,
кæннод — додой дæ къона. Хъæр-
æртхъирæн-иу байдыдта: «Æз
бардзырд ратдзынæн!», «Æз бар нæ
ратдзынæн!..» Бар кæм нæ дæттынц
æмæ бардзырдтæ кæм дæттынц,
уым сæрибар полемикæйæн, демок-
ратон диалогæн уæвæн нæй.
Æз 1987 азы апрелы пленумы цы
загътон ирон национ сæрыкад дæл-
дзиныггæнæг иугай фактты тыххæй,
уыдон ныр иугæйттæй баисты мин-
гæйттæ. Тбилисаг газеттæ, радио,
телеуынынад ныл рауагътой цъы-
фы лæсæнтæ, фидисы уылæнтæ,
амæй-ай фыддæр дам-думтæ, ха-
хуыртæ, æфхæрдтытæ... Ирон адæм
сæм знæт кодтой, сæхицæн æнцой
нал ардтой. Областон разамынад
та сæ ницæмæ дардта, растдæр
зæгъгæйæ, йæхи афтæ дардта,
цыма хорзæй дарддæр æппындæр
никуы ницы ис. Кæд-иу сæм хъаст
кодтой, ай нын цы ми кæнынц,
зæгъгæ, уæд дзуапп лæвæрдтой,
уыдон, дам, хицæн адæймæгты
хъуыдытæ сты, сæ разамынад æмæ
æмткæй сæ интеллигенцийæ, дам,
ахæм хъуыдытæ никæмæ ис. Стæй,
дам, ныртæккæ плюрализмы заман
у, ома хъуыдытæ æмæ хъуыддæгты
бирæхуызондзинады заман. Ау,
уæдæ, — дисгæнгæ фарстой адæм,
— кæд хицæн адæймæгты хъуыды-
тæ сты, уæд сын сæ ных цæуылнæ
исчи бакъуыры, афтæ сын цæ-
уылнæ исчи зæгъьт, ай цытæ дзурут
ирон адæмæй!? Фæлæ дзы ахæм
«ныхкъуырæг» ничи разынд. Æвæц-
цæгæн, уый плюрализм нæ уыд,
фæлæ æидæр цьтдæр, тæссаг цыдæр.
Цыфæнды дæр куьтнæ уа, уæддæр
57
афтæ хъуыды кодтой иугæйттæ нæ,
— æппынкъаддæр нацийы фылдæр
хай. Обкомы разамынады нæ фæн-
дыд, цæмæй уыдтаид рæстдзинад
канд нæхимæ нæ, фæлæ ма æдде-
йæ дæр, уыдтаид æй æмæ йæ дзырд-
. таид. Нæ йæ фæндыд, уымæн æмæ
йæ уырньщта, зæгъгæ, æрдæгрæст-
дзинадæй (æцæгæй та мæнгдзина-
дæй) ирон адæмы хъуыддæгтæ хорз
бакæндзыстæм. Уый ма зонай,
æрмæст алывæрсыг, æххæст рæст-
дзинадæй ис хъуыддæгтæгæнæн.
Æрмæст æххæст рæстдзинадæй!
Тбилисаг газеттæ, радио, теле-
уынынад дзырддаг æмæ дызæрдыг-
гаг кодтой нæ автономи, нæ исто-
ри, не ’взаг, нæ культурæ, не скъо-
ла, дызæрдыггаг нын кодтой нæ
адæмы ивгъуыд, абон æмæ фидæн,
нæ адæмы хъысмæт. Уый тыххæй
зæгъынæн мын фадат фæци, 1988
азы 26 ноябрьг сахарон партион кон-
ференци куы уыд, уæд.
РАНЫХАС
9
Мæн зæгъын фæнды, абон нæ
адæмы иууыл тынгдæр цы тыхсын
кæны, уый тыххæй. Хъусæм, кæсæм,
катæйттæ æмæ нæ зæрдæдзурæнты
чи æппары, ахæм хабæрттæ. Сæ
мидис цыбыртæй — æхгæд æрцæуæд
Хуссар Ирыстоны автономи, ирæт-
тæ тард æрцæуæнт республикæйы
арæнтæй, уымæн æмæ цæрынц кæй-
дæр зæххыл, æмæ а. д. Дзæгъæлы
нын дзурынц, уый, дам, у хицæн
экстремистты хъуыды, цыбырзонд
æмæ сæлхæр адæймæгты хъуыды.
Хъыгагæн, бирæ вазыгджындæр у
хъуыддаг, уымæн æмæ плюрализм,
демократизаци æмæ æргомады ду-
джы ахæм хъуыдытæн сæ фарсмæ
мах нæ уынæм æндæр хъуыдытæ—
сæ ныхмæлæууæг, сæ ныхмæдзурæг
хъуыдытæ. Мах сæ нæ уынæм канд
республикон прессæйы нæ, фæлæ ма
нæхи областон прессæйы дæр. Аф-
тæ цæуы, цыма æргомад ис иутæн,
тыхджьтнтæн, иннæтæн, æдыхтæн,—
нæй. Областон прессæ æппæт
амæлттæй дæр архайы. цæмæй
адæмæн информаци ма дæтта, чи
сыл цы дзуры, уый тыххæй, цæмæй
ма фысса, адæмы цы тыхсын кæны,
уый тыххæй, фæлæ мыхуыр кæны
рæдзæ-мæдзæгæнæн, хуыссæгахсæн
æрмæджытæ, брежневаг мидцоппа-
йы мæгуыраудæр азты куыд кодта,
афтæ.
Ирæттæ Хуссар Ирыстонæй тард
æрцæуæд — уый ног нæу. Уый уыд
1920 азы, меньшевикон æфсад нын
нæ хъæутæ фæнык æмæ æртхутæг
куы фестын кодтой, адæм сæ рай-
гуырæн уæзгуытæ куы ныууагътой
æмæ Цæгат Ирыстонмæ куы алыгъ-
дысты, уæд. Махæн бирæ рæстæджы
дæргъы бар нæ лæвæрдтой, цæмæй
йæ нæ зæрдыл дарæм,- мæрдырох
ныл бафта, мысæнадæй баиртæ-
сæм, суæм манкурттæ. Хæрзæрæджы
дæр газет «Советон Ирыстон»^ фыс-
та, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Сове-
тон хицауад расидыны бон — 8-æм
июны уынг ивд æрцæуæд Хетæг-
каты Къостайы номæй. Ныр Къос-
та удæгас куы уаид, уæд уый фыц-
цаг рацæуид йæ ны’хмæ, уымæн
æмæ 8-æм июнь у, стыр поэты ре-
волюцион идеал кæд сæххæст, уы-
цы бонтæй иу. Мæнмæ гæсгæ, мах
бакæниккам раст, адæмон фæрæз-
тæй Ручъы æфцæгыл куы самаик-
кам цыртдзæвæн меньшевикон ге-
ноциды амæттæгтæн.
Цы йæ ’мбæхсæм, историон зо-
над (æмæ канд уый нæ) куы уаид
ивгъуыдыл фæлдæхт политикæ нæ,
фæлæ æцæг объективон зонад,
уæд ам, Хуссар Ирыстоны террито-
рийыл, ирайнаг æвзагон знæмтæ
кæй цардысты незаманæй фæстæ-
мæ, ууыл дызæрдыг ничи кæнид.
Куыд ис гæнæн, æмæ серьезонæй
бæлвырдчындæуа, зæгъгæ, ацы тер-
риторийыл адæймагæнгæс фыццаг
уæвæгой (маймули) уыд иунæг-иу
адæмы фыдæл (гуырдзыйы фыдæл).
Нæхи ирон ахуыргæндты кой куы
кæнæм, уæд уыдон дæр — къæпхæн-
тæ æмæ нæмтты сæраппонд, карье-
рæйы сæраппонд — хæцынц уыцы
«концепцийы» фарс — хуссайраг
ирæттæ бадынц кæйдæр уæрдоныл
æмæ хъуамæ кæной кæйдæр зарæг;
Æз та мæ мæгуыр зондæй афтæ
хъуыды кæнын. алы адæм дæр ба-
дынц сæхи уæрдоныл æмæ хъуамæ
кæной сæхи зарæг. Иунæг сæхицæн
нæ, сæ сæрмагонд эгоистон хиуарзт
æмæ амбииитæн- нæ, фæлæ æппæт
адæмтæн дæо æхцон æмæ æхсызгон
чи уа, ахæм зарæг.
А, нæ уæрдон рагон ма уæд, ацы
зæххыл цæрæм 5—6 æнусы бæрц
(афтæ зæгъынц гуырдзыйæн сæхи
ахуыргæндтæ), афтæ куы уа, уæд-
58
дæр дзы нæ фыдæлтæй цалдæр фæл-
тæры баныгæдтам. Ау, уæд нæ зæхх
куыд нæу, нæ райгуырæн бæстæ
куыд нæу? Ох, куыд нын хъæстæ
кæнынц нæ цард иугæндзон фидис-
тæ, зæгъгæ, стут «æрцæуæггæгтæ»,
«квартиранттæ», «уазджытæ», ома,
стут дыккагсорт кæнæ ныллæгсорт
уæвæгойтæ! Æмæ уый искуы нæ, —
Советон Цæдисы, мах нæ иумæйаг
хæдзар кæй хонæм, уым.
Уырны мæ, махæн æввонгæй, фыр-
хæларзæрдæйæ никуы ничи ницы
лæвæрдта. Куыд ис æхгæнæн нæ ав-
тономийæн, революционер æмæ
фыссæг Хъуылаты Созырыхъойы
загъдау, ирон адæмы «тугæй æлхæд»
автономийæн!
Нæ зонын, ныр нын цал азы уыр-
нын кæнынц нæ ныллæгсортдзинад.
Уырнын нын æй кæнынц уымæй,
æмæ область йæ социалон-экономи-
кон рæзтæй бирæ фæстæдæр зайы
республикæйы иннæ регионтæй
(фæндæгтæ, арæзтад, базарад æмæ
а. д.). Уырнын нын æй кæнынц
уымæй, æмæ кæд национ нигилист
нæ дæ æмæ дæхи нæ тоныс дæ уи-
дæгтæй, уæд дын æцæг адæймаг хо-
нæн нæй, æмæ а. д. Ныртæккæ уы-
цы уырнынкæнынад схызт йæ тæ-
мæнмæ. Махæн бар нæ дæттынц,
цæмæй сылгоймаджы уарзæм æмæ
бирæ кæнæм — æнæгуырдзиаг би-
нонтæ дыууæ сывæллонæй фылдæо
куы рауадзой. уæд хъуамæ тард æр-
цæуой республикæйæ. Æппæт пад-
дзахадон скъолатæ дæр хъуамæ уой
гуырдзиаг, хъуыддагкæнынад хъуа-
мæ цæуа гуырдзиагау. Æндæр
дзырдтæй, мах не ’ппæт дæр хъуа-
мæ ассимиляцигонд æрцæуæм,
гуырдзиæгтæ суæм, кæннод нын ам
цæрыны бар нæ уыдзæн, уьтмæн
æмæ Гуырдзыстоны республикæйы
’хъуамæ цæрой æрмæст гуырдзиæг-
тæ.
Кæд æмæ амæй фæстæмæ дæо
абтæ цæуа хъуыддаг, уæд цымæ нæ
(Ьæзындзæн ахæм тас, æмæ — æн-
дæр гæнæн нын кæй нал уьтдзæн,
^ымæ гæсгæ — оакуоæм. иæмæй нæ
баиу кæной Цæгат Ирыстонмæ кæ-
нæ уæм комкоммæ нæдисоч хицауа-
ды дæлбао? Зонут æй, уьтй дæо ног
нæу. 20—30 азты иу æмæ дыууæ
хатты не ’вæодæуьтл уьтцы Ааост.
Уьтй тьтххæй иоон адæмьт хуыздæо
хъæбултæ агæпп кодтой национа-
листтæй æмæ æгъатырæй репресси-
гонд æрцыдысты сталинон-берион
гильотинæйæ.
Мæ бон нæу, æмæ сразы уон,
«ССРЦ-йы Конституцийы (Бынду-
рон Закъоны) ивдтытæ æмæ баф-
тауинæгты тыххæй» Закъоны про-
екты фæдыл республикæйы Уæлдæр
Советы Президиум æмæ сесси цы
уынаффæ рахастой, уьтимæ, ном-
хуындæй æмæ сæрмагондæй 108-æм
æмæ 119-æм уацты ныхмæ кæй
дзурынц, уыимæ (республикæты
’хсæн арæнтæ ивы ССРЦ-йы адæ-
мон депутатты съезд, хицæн бынæт-
ты хæстон кæнæ сæрмагонд уавæр
сиды ССРЦ-йы.Уæлдæр Советы
Президиум). Æз афтæ нымайын,
æмæ уыцы уацтæ æвдисынц «иууон
бинонты æнкъарынад», æххæстæй
дзуапп дæттынц нæ бæстæйы адæм-
ты интерестæн. Иумиаг хæдзары
цæргæйæ, алы советон адæмы хъыс-
мæт дæр хъуамæ скъуыддзаг кæ-
ной иу кæнæ цалдæргай адæмтæ
нæ, фæлæ нæ бæстæйы æппæт адæм-
тæ дæр иумæ.
■ Мах арæх дзурæм: дæхи куьт нæ
уарзай, уæд искæй дæр нæ бауарз-
дзынæ. Æз зæгъин æндæргъуызон:
дæхи нæ уарздзынæ, искæй куы нæ
уарзай, уæд. Нæй хи адæмьт инте-
рестæн хъахъхъæнæн, уыпыиурæс-
тæг иннæ адæмты интеоестæ куы нæ
хъахъхъæнай, уæд. Чъавчъавадзе
Илья фæдзæхста, зæгъгæ, æндæо
адæмьт æнамондыл амайæн нæй хй
адæмы амонд.
Мах стæм, рацарæзт цыдæрид-
дæр цæсты æфтауы, уый ньтхмæ.
Къоста дзырдта «хъæддæгты сæри-
бары» тыххæй æмæ йьтн йæ ньтхмæ
æвæрдта «æцæг сæрибар», намыс-
джьтн, æгъдауджын, рæстаг, ’адæй-
магон адæймæгты сæрибао.
О, демократи хъæуьт, фæлæ ха-
льтнæн нæ, — аразынæн. Уый нæ
сæйраджыдæо хъæуьт нæ иууыл
зынаргъдæр хæзна — æмбар сове-
тон адæмтьт хæлаодзинад æмæ иу-
дзинад арфдæр æмæ фидардæр кæ-
ньтнæн.
Адæймагыл сау бон, уьтнгæг бон
куы скæна, уæд хъуамæ агура гæ-
нæнтæ йæхи (Ьервæзын кæнынæн.
Æз мæ тыхстæй загътон, зæгъгæ,
нæ сæрæн куы ницыуал фæрæз зо-
нæм, уæд хъуамæ рякурæм. цæмæй
баиууæм Цæгат Иоьтстонмæ кæ-
нæ уæм комкоммæ цæдисон центры
59
дæлбар. Исты мадзал хъуамæ сса-
рай æмæ йæ æрæвæрай, дæу ныцъ-
цъист кæнынмæ чи хъавы, уый
ныхмæ.
Æз зыдтон æмæ зонын, нæ бæс-
тæйы паддзахадон-административон
арæзтад райдианæй не ’рцыд нывыл
конд. Адæмты пирамидæйау кæрæ-
дзийы сæртыл сæвæрдта, цыппар
æви фондз категорийыл сæ ныддих
кодта. Пирамидæйы къæпхæнтæ-
асинтæ: . уæлейæ нымайгæйæ, фыц-
цаг — цæдисон республикæтæ, дык-
каг — автономон республикæтæ,
æртыккаг — автономон облæсттæ,
дарддæр цæуынц автономон округ-
тæ, æмæ æппæты дæлейæ — наци-
он-паддзахадон баиугæнд бынтон-
дæр кæмæн нæй, уыцы адæмтæ. Уый
уыд æмбардзинад нæ, фæлæ æбар-
дзинад.
Мах бамбæрстам, зæгъгæ, уыцы
пирамидæ хъуамæ фехæла, ныккæ-
ла,- уымæн æмæ йын дарддæр бых-
сæн йал ис. Фæлæ уы-
цы пирамидæ фехалынæн йæ
хуыздæр хос не сты рахицæн-
бахицæнтæ, раиу-баиутæ, уымæн йæ
хуыздæр хос — хъуамæ алы адæ-
мæн дæр сбæрзонд уа сæ хæдбар,
суверенон статус, ’æппæт адæмтæ
дæр суой иумæйаг советон фед^ра-
цийы æмсæр субъекттæ, ома суой
цæдисон республикæтæ.
Афтæ куынæ бакæнæм, уæд де-
мократон. барадон паддзахад нæ
сараздзыстæм. Сахарон партион
конференцийы дæр æндæр ницы
зæгъинаг æмæ ницы зæгъæг уыд-
тæн, фæлæ мын мæ оаныхас ра-
хуыдтой националистон, экстремис-
тон, сепаратистон. Мах зонæм, нæ
бæстæйы цалдæр цæдисон респуб-
ликæйы, уыпы нымæцьт Гуырдзыс-
тоны республикæ дæр, дзурьтнп æмæ
домынц, цæмæй ахипæн уой Сове-
тон Цæдисæй. Ау, ^ьтдон куынæ хо-
нæм ахæм нæмттæй. уæд махæй на-
цитьт æмбардзинадыл чи дзурьт,
уыдон цæмæн хонæм? Æви ам дæо
пиоамидæйон принципмæ гæсгæ ар-
хайæм: уыдонæн бар ис. уьтмæн
æмæ стьт цæдисон республикæтæ,
дæуæн бар нæй, уьтмæн æмæ дæ
автономон область! Дæ бынат зон!
Адæмтьт æмбардзинадыл дьтн дзу-
рьтны бар нæй, кæд ыл дзурай,
уæд... Фæлæ уый тыххæй фæстæдæр
зæгъдзынæн.
Ныр уал — хъуьтддаг дарддæр
куыд цыд, уый тыххæй. 1988 азы 10
декабры областон партион конфе-
ренцийы обкомы фыццаг нымæр-
дар цы доклад скодта, уый мыхуы-
ры куы рацыд, уæд областы Адæ-
мон фронт («Адæмон ныхас») 1989
азы 27-æм январы пединституты за-
лы ауагъта æмбырд, æрбахуыдтой
йæм фыццаг нымæрдары дæр. Загъ-
той мын, цæмæй дзы æз дæр раны-
хас кодтаин.
РАНЫХАС
Фæстаг рæстæджы цы уынæм? Иу
кæнæ иннæ проблемæйы тыххæй —
социалон уа æви æхсæнадон, эконо-
микон уа æви экологон, национ уа
æви æндæр «он» — обком æмæ иннæ
уæлдæр органтæ куыд хъуыды кæн-
ынц, афтæ чи нæ хъуыды кæны,
«уæллæгты» цæстæнгасыл разы чи
нæу, уыдон иууылдæр хонынц наци-
оналисттæ æмæ экст’ремисттæ, де-
магогтæ æмæ дилетанттæ.
Ахæм уавæрæн нормалон схонæн
нæй. Ахæм уавæр ахъаз нæ кæны
рацарæзтæн, хъуыдыты плюрализт
мæн, æцæг демократи æмæ æцæг
æргомад рапарахат кæнынæн..
* Хуссар Ирыстоны партион орга-
низацийы фæстаг конференцийы
обкомы фыццаг нымæрдæр дзырд-
та: «Не секрет, что у нас появились
факты националистических прояв-
лений как среди молодежи, так и
взрослых. К сожалению, они не на-
ходят должного отпора... Нам всем
надо учесть события, развернувши-
еся вокруг Нагорного Карабаха,
проявить максимальную принципи-
альность, а если нужно, то принять
и самые жесткие меры в отношении
тех, кто посягает на вековые узы
дружбы осетин и грузин, других на-
родностей, населяющих нашу мно-
гонациональную республику».
Ацы дзырдтæ мæ катæйтты нып-
пæрстой. Нæ адæмы ивгъуыдмæ куы
акæсай, уæд дзы æнцонæй фендзы-
нæ: национализм-иу ныл, æлгъаг
гаккау, æрцауыгътой, иууыл зын-
дæр æмæ-иу ныл иууыл тыхстдæр
замантæ куы скодта, «уæм æви ма
уæм?» фарст-иу нæ размæ цæхгæр
куы слæууыд, уæд.
Æрымысут 30-æм азтæ. Револю-
ци æмæ мидхæсты хæстонтæ, æхсæ-
надон архайджытæ, фысджытæ,
60
ахукргæндтæ — адонæй алкæмæ
дæр (иуæй-иуты йеддæмæ) федтой
«факты националистических прояв-
лений», алчи дæр дзы уыд «кто по-
сягает на вековые узы дружбы осе-
тин и грузин», æмæ дзы алкæй ных-
мæ дæр райстой «самые жесткие
меры» — æрцахстой сæ, ахастой сæ,
фехстой сæ, сугъты цагъд сæ фæ-
кодтой. >
Æрымысут 50-æм азтæ. 37-æм
азы æнахуыр ирвæзт чи фæкодта,
стæй нæм сыгъд быдыры ногæй чи
фæзынд, уыцы иугай зынгæ адæй-
мæгтæм бавнæлдтой куынæг кæн-
ынмæ. Хуымæтæг нæ, — буржуазон
национализм бæрæг кодтой Абайты
Вассомæ, Плиты Грисмæ... Æмæ
канд удæгæстæм нæ, — нæ литера-
турæйы классиктæм дæр. Уыдонмæ
йæ бæрæг кодтой 30-æм азты дæр,
фæлæ сæм уый фаг нæ фæкаст æмæ
йæ ныр уæдæй фæкарздæр кодтой.
Бæрæг æй кодтой Мамсыраты Тем-
ырболат æмæ Гæдиаты Секъамæ,
Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Гæ-
диаты Цомахъмæ... Æцæг, Къос-
тайы кой нал кодтой, — 30-æм азты
сын уыд «националистты фæтæг»,
фæлæ йын 1939 азы юбилей куы
скодтам, Фадеев Алыксандр æй ду-
нейы стырдæр фысджыты æмрæнхъ
куы æрæвæрдта, уæдæй фæстæмæ
йæм сæ ныфс нал хастой. Уæлдай
диссаг уый у, ирон националисттæ
сын кæй уыдысты иннæ адæмты ми-
нæвæрттæ дæр. Зæгъæм, Скитский
Барис, ирон адæмы истори кæй ир-
тæста, уый тыххæй. Диссаг у, сæ
номхыгъдмæ куыд нæ бахаудтой
Шегрен Андре, Миллер Всеволод,
Ковалевский Максим æмæ æндæр
номдзыд ахуыргæндтæ, ирон исто-
ри, ирон фольклор æмæ ирон æв-
заджы тыххæй чи фыста, уыдон!
Кæнæ ма удæгæстæй — Дюмезиль
Жорж, Бейли Гарольд æмæ æндæр-
тæ! Табу хуыцауæн, ацы хатт реп-
рессигæнæг гильотинæ тыхджын не
скуыста, уымæн æмæ... Сталин мæ-
лынмæ фæци! Зæгъгæ, нæ амард,
уæд та цытæ бавзæрстаиккам! Хуы-
мæтæджы нæ нæрыд лозунг: «Сы-
гъд æрцæуæд зынг æфсæйнагæй
хуссарирон национализм!»
Æрымысут ноджыдæр 1973 аз.
СЦКП-йы ЦК райста уынаффæ Тби-
лисы сахаркомы тыххæй. Уым,
æндæр фарстытимæ иумæ, дзырд
Цыдис интернацион хъомылад рæст-
мæ кæй нæу, уый тыххæй дæр. Рес-
публикæйы ЦК, æвæццæгæн, ’сæхи-
мæ агуырдта национализм/ фæлæ
йæ уым куынæ ссардта, уæд йе
’ргом скодта Хуссар Ирыстонмæ,
нæхицæй сын фæци хæрзгæнджытæ,
ирон литературæ национализмæй
хъæстæ у, зæгъгæ, сæм чи фыста,
ахæм хъæстгæнджытæ-нымудзджы-
тæ. Ацы хатт националисттæ ра-
зындысты Гафез, Бестауты Гиуæр-
ги, Джусойты Нафи æмæ æз. Дзæ-
вгар хъыцъыддæттæ нын фæдард-
той, уæлдайдæр Гафезæн, стæй
Бестауты Гиуæргийæн дæр. Дзæв-
гар маст æмæ удхар бавзæрстой, —
хаугæ дæр æмæ тайгæ дæр уымæн
тагъд акодтой.
Цы æртæ заманы уын æрымысын
кодтон, уыдонæй абоны заман фыл-
дæр йедтæмæ къаддæр критикон
нæу. Æртæ заманы дæр алцыдæр
арæзтæуыд, цæмæй ирон национ
хиæмбарынад ма сытынг уа, адæмы
хуызæн ма уæм, ма зынæм æмæ
сьшдæдтай-сындæатай фæстаг^мæ
бынтондæр мауал зынæм. Уымæ
гæсгæ мах националисттæ чи хо-
ны, — националисттæ не стæм, аф-
тæмæй, — уыдон сты не’взæрмйа-
бæлджытæ — уæлдай нæу, нæхицæй
уой æви æндæр искæмæй.
Национализм кæнгæ у национ
уæлбикъондзинад, иу адæмæй ин-
нæ адæмы хуыздæрдзинад, къуын-
дæг эгоистон интерестæ, национ
герметизм æмæ национ хиизоляци-
йы алыхуызон теоритæ æмæ докт-
ринæтæй.
Цы ис уыдонæй махмæ?
Мах нæ равзæрдæй нæхи нæ хо-
нæм «хуыцауы ратгæ» адæм, иннæ
адæмты хъауджыдæр уæларвæй не
’рхаудтам, уæлби^къон не стæм. Нæ-
ш уæлдæр никæмæй æвæрæм, ни-
кæуыл кæнæм былысчъил, æнæввæр-
сон. Уый нæ, фæлæ нæ социалон,
экономикон æмæ национ уавæрæй
стæм бынтон дæлейау, лæууæм пад-
дзахадондзинады асины дæллаг
къæпхæнтæй кæуылдæр.
Мах нæхи иннæ адæмтæй хуыз-
дæр æмæ уæлдæр куы ховдгккам кæ-
нæ куы ’нхъæликкам, уæд нæм нæ
уаид нигилизм, нæхиуыл æлгъ нæ
кæниккам, нæ национ уидæгтæй нæ-
хи не скъуыниккам. Уæд тынг æм-
хиц нæ уаиккам ассимиляцимæ
— мах дзы куыд æнцонæй, куыд
тагъд «смидæг» вæййæм, афтæ иу
61
Мцй дæр — нæ! Уый — не ’намонд,
нæ фыдбылыз. Ау, национ хиæмба-
рынад гæзæмæ рæдзæ-мæдзæ кæмæ
кæны, уыдонмæ цахæм национа-
лизм хъуамæ уа?!
Мах не ’гъдау, нæ истори, не
’взаг, нæ литературæ, нæ аивад Чы-
рыстийы цъуппыл не ’вæрæм, искæ-
мæн сæ тыхæй нæ хъарæм, искæй
дзы дæлдзиныг нæ кæнæм, нæхи
нын иугæндзон дæлдзиныг куыд
кæнынц, афтæ. Искæй национ хæз-
натæн фидис нæ кæнæм, нæхи на-
цион хæзнатæн нын куыд фидис
кæнынц, афтæ. Мах нæ сæрмæ иро-
нау дзурын дæр нæ хæссæм. Дзу-
рæм, фыссæм, ахуыр кæнæм уырыс-
сагау æмæ гуырдзиагау.
Мах стæм тæрттæгом алы адæм-
мæ дæр, дунемæ. Куы йæ загътон,
нæхи искæмæй не ’мбæхсæм, нæ ау-
уон кæнæм^ — цæуæм алырдае/м;
æмæ алы адæмты ’хсæн тайæм. Гер-
метизм æмæ хиизоляцийæн нæм йæ
кой дæр нæй. Мах, цыма, нæхи сæр-
магонд адæм не стæм, фæлæ стæм
æндæр адæмты адæм.
Мах никæмæй ниды домæм. Ни-
кæй фыдгой кæнæм. Никæй æфхæ-
рæм. Никæмæ лæбурæм. Фæлæ нæм
исчи куы лæбура, куы нæ ’фхæра,
уæд цин æмæ райгæ кæнæм, бузньп
сæ уæм? Куыд цæуы, уый зонут? Чи-
дæр дын дæ хурхыл хæцы, æмæ йын
ды куы зæгъай: «Ма мыл хæц, су-
адз мæ», уæд хъусыс хъæр: «Дæ
къах дæр ма атил, хъыпп-сыпп дæр
ма скæн, кæннод уыдзынæ_национа-
лист!»
Махмæ нæй территорион фарст.
Мæхи куы базыдтон, уæдæй мын
бæлвырд кæнынц: ай дæ зæхх нæу,
æрцæуæггаг дæ, уазæг дæ, æмæ мах
цы фæнды, уый дын кæндзыстæм,
мах куыд фæнды, афтæ куынæ кæ-
най, уæд дæхи айс ардыгæй! Мах-
мæ æвзидынц, æртхъирæн нæм кæ-
нынц экстремистон, ома иууыл кæ-
ройнагдæр амæлттæй. Æмæ уыдон
нæ, — экстремисттæ мах стæм! Ни-
кæй хъыгдарæм, никæй сурæм. Æр-
мæст цы домæм? Ныууадзæд нæ нæ
адыл, нæ мæгуырыл. Нæ фыдæлтæ
нын цы зæхх ныууагътой, кæм цæ-
рæм, кæм кусæм, кæм гуырæм, кæм
мæлæм, уый нæ зæхх у, уæдæ кæй
хъуамæ уа!
0, хъуамæ нæ зæрдыл дарæм,
хынцæм Уæлхох Хъарабахы уавæр.
Уымæ гæсгæ мах фæнды æмæ арха-
62
йæм, цæмæй Уæлхох ХъарабахУ
уавæр чи равзæрын кодта, уыцы ах-
хосæгтæ иуварсгонд æрцæуой. Нæ
бæстæйы цы чысыл автономитæ ис,
уыдон се ’ппæт дæр уыдзысты Уæл-
хох Хъарабахтæ, цалынмæ Советон
федераци æцæг федераци суа, уæд-
мæ.
Цæмæн хъæуы национализм, йæ
адæмы минæвæртты уыцы но.мæй
чи хоны, уыдон? Уьгй сын у хотых
сæ нысантæ къухы бафтынæн. Уы-
дон зыдтой æмæ зонынц, зæгъгæ,
национализм кæмæ сбæлвырд кæ-
най, уый уайтагъд хицауады цæсты
бафтдзæн, гæнæн ис, æрцахсой йæ,
гъе йæ ахæссой кæнæ йæ амарой,
гæнæн ,ис, йæ бынатæй æппæрст æр-
цæуа, æхсæнад ыл хъоды бакæна.
Иу адæм иннæ адæмы дæлбар куы
уой — мах та стæм кæйдæр дæлбар,
— уæд дæ цардамонд кæнгæ у уæл-
дæр адæмы разамынадæй, хъуамæ
сын сæ зæрдæ æлхæнай, сæ зæрдæ-
мæ цæуай, разы æмæ дæ райгонд
уой, иугæндзон сын æвдисай де ’ну-
выддзинад. Уымæ гæсгæ дæ адæмы *
хон цационалисттæ, экстрем|исттæ,|
сепаратисттæ — ахæмтæй сæм бын-
тондæр ницы ис, фæлæ йæ хъуамæ
æрымысай, хъуамæ йæ «ссарай»,
æмæ уæд тас нæу дæ карьерæйæн,
дæ «лæггад» дын уæлдæр разамы-
над нæ ферох кæндзæн, кæд искуы
дæ бынатæй расхъиуай, уæддæр дæ
нæ фесафдзысты, сæхимæ дæ акæн-
дзысты æмæ дæ сифтонг кæндзысты
алцæмæй дæр — хæдзарæй, куы-
стæй, цытæй. Национализм сын у
канд карьерæгæнæн хотых нæ, фæ-
лæ масшсæн хотых дæр. Дæу хуы-
зæн чи нæу, æндæрхуызон чи хъуы-
ды кæны, кæмæ хæлæг кæныс, дæ
цæст кæй курдиат, кæй зонд, кæй
дæсныйад, кæй лæджыхъæдмæ
хауы, фыдæх зæрдæ кæмæ дарыс,
уыдон бабын кæнынæн.
Ахæм хотыхæй чи пайда кæны,
уыдон сæ адæмы фарс сты æви сæ
ныхмæ? Ай-гъай, сæ ныхмæ. Уымæ
гæсгæ уыдон хъуамæ сæ адæмæн
разамынад ма кæной.
Ирон’ æрымысæггаг национализ/-
мæн «аккаг ныхкъуырд» («долж-
ный отпор») кæй лæвæрдта, уымæй
обкомы фыццаг нымæрдар, айтъай,
æлхæдта республикæйы разамына-
ды зæрдæ — уыдон цы фæндыд æм^
сæ ЦЫ хъуыд, уый сын сæхицæй
дæр раздæр бахымпырдта æмæ сæм
æй стыр хæрзиуæгйу бахуын код-
та. Уымæ гæсгæ дзы æппæлыдысты,
зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны обкомы
куыст у иннæ национ решонты
партион комитеттæн фæзминаг. Уы-
мæй разæнгард кодта йæхи —хъуа-
мæ афтæ кæна! — æмæ, республи-
кæйы нæ ныхмæ чи дзырдта æмæ чй
фыста, уыдон дæр, бар-æнæбары
сын уырнын кодта, зæгъгæ, раст
стут æмæ хъуамæ афтæ кæнат!
Афтæ’ кæнынмæ йе ’ргом уыд, 1989
азы 12 майы фæтк æмæ дисципли-
нæ сфидар кæныны тыххæй обком
цы пленум ауагъта, уымæн дæр.
РАНЫХАС
Знон областон газетты мыхуыр
æрцыд адæмон депутатты областон
Советы сессийы ныстуан Гуырдзыс-
тоны Компартийы Центрон Коми-
тетмæ, Сæйраг Советы Президиум-
мæ æмæ газет «Литературули Са-
картвело»-йы редакцимæ. Æз мæ-
хæдæг сессийы нæ уыдтæн (депу-
тат дæн, хъуамæ дзы уыдаин) æмæ
уый дæр ууыл дзурæг у, æмæ, æцæг-
дæр, махмæ нырма нывыл кæй нæу
фæтк æмæ дисциплинæ. Уый тых-
хæй æз мæхицæй, ай-гъай, разы
æмæ райгонд нæ дæн. Фæлæ ма —
æмæ уый сæйраг у — разы æмæ
райгонд нæ дæн, сесси æмхъæлæсæй
цы ныстуан райста, уымæй дæр,
цырац карзæй æфхæрд цæуы Цо-
циты Аланы фыстæг Абхазмæ.
Абон, демократизаци æмæ æргом-
дзинад куы рапарахат, уæд алы
адæм дæр сæхиуыл ныссагъæс код-
той, фæнды сæ æмæ архайынц, цæ-
мæй сæхицæн сæрфад скæной, сæ
экономикон, социалон, культурон,
национ рæзтæн аккаг мадзæлттæ
æмæ фæрæзтæ ссарой. Уый арфæйаг
хабар у. Алкæй разы дæр лæууы
фарст: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ
фæстаг?» Чизоны, уыцы фарстæн
ДЬ1 дзуаппытæ, цы уынаффæтæ скæ-
нынц, уыдонæн алцæмæй æвæрццаг
схонæн нæй. Фæлæ уым тæссагæй
ницы ис. Воныфæстагмæ, сæрйбар
быцæутæ æмæ дискусситы руаджы
алы адæм дæр æрцæудзысты —
хъуамæ æрцæуой — зондджын,
куырыхон уынаффæтæм. Боныфæс-
тагмæ, иу адæм иннæ адæмы хъыс-
мæт хъуамæ ма скъуыддзаг кæной,
алы адæм дæр æй хъуамæ скъуыд-
дзаг кæной сæхæдæг, кæй зæгъын
æй хъæуы, иннæ адæмты цæстуар-
зон æххуысæй, иннæ адæмтимæ иу-
мæ.
Махæй алкæмæн дæр ис бар,
æмæ зæгъа йæ хъуыды иу кæнæ
иннæ фарсты тыххæй. Фæлæ мах-
мæ нæма ис — кæд не ’ппæтмæ дæр
нæ, уæддæр нæ фылдæрмæ—хъуыды
зæгъыны культурæ. Уыцы культурæ
фаг нæ разынд Цоцийы фыртмæ
дæр. Фæлæ уымæй иумæйагнацион
проблемæ скæн, сæрмагондæй йыл
областон сессийы дзур — цымæ уый
æгæр цыдæр нæу? Фыстæг ныммы-
хуыр,кодта Гудауты районон газет
«Бзыбь», уырдыгæй йæ рамыхуыр
кодта газет «Литературули Сакар-
твело», радон номыры, дам, ын
комментари скæндзæн фыссæг Пан-
джикъидзе Гурам. Мæнмæ гæсгæ,
хъуамæ йæ ныммыхуыр кодтаид
нæхи областон газет «Советон Ирыс-
тон» æмæ йын комментари дæр рад-
таид. Адæм æй бакастаиккой æмæ
загътаиккой, сæ иумæйаг фæнд сын
æвдисы æви нæ, разы йыл сты æви
нæ. Алцыдæр уыдаид бæрæг æмæ
ууыл фæуыдаид хъуыддаг. Кæннод
цы рауад? Сессийы ныстуан адæм
кæсынц æмæ нæ зонынц фыстæгæн
йæхи, йæ мидис. Дис кæнынц: уа-
гæр цы у, цавæр æнахуыр фыдра-
кæнд у, æнæхъæн сессийæн æфхæ-
ринаг чи фæци. Уымæй дæр æму-
дæй, æмхъæлæсæй.
Мах зонæм, цы у иухуызон хъуы-
дыкæнынад (уырыссагау — едино-
мыслие). Дæсгай азты дæргъы дзы
зæрдæцъæх уыдыстæм. Дæсгай аз-
ты дæргъы цъист кодтам æндæр-
гъуызон хъуыдыкæнынад (уырысса-
гау —инакомыслие), Сталины за-
маны дæр, Брежневы заманы дæр.
Ныр дæр дам-думтæ цæуы: фыстæ-
джы автор, дам, йæ хъуыды кæй
загъта, уый тыххæй йæ хъуамæ æр-
63
Цахсой, кæна^ йæ æндæр фыдæвза-
рæнты баппарой. Мах зонæм, æм-
хъæлæсæй куыд домдтой мæлæт
«адæмы знæгтæн», æмхъæлæ-
сæй куыд æрвыстам æн-
дæргъыузон хъуыдыгæнджыты ахæс-
тæттæм æмæ фæсарæнтæм.
Афтæ уæм нæ кæсы, æмæ мах
фæстæмæ здæхæм уыцы «æмуд»,
«æмзонд»,. «æмхъæлæсон» заман-
тæм?
Тасæй æндзыг уыдыстæм, тасæй
рызтыстæм æмæ руадыстæм. Исчи
дын цы дзура, уый кæн. Дæхæдæг
тæрс. Дæхицæн хъуыды кæ-
ныны бар нæй. Афтæ уыд,
фæлæ афтæ ма хъуамæуал
уа. Парти архайы, домы, цæ-
мæй адæймаг ссæрибар уа, сраст
кæна йæхи — йæ астæу, йæ зонд,
йæ уд, искæй æмæ истæй раз къæдз
æмæ гуыбыр мауал уа цагъайрагау.
Афтæ а’лы адæм дæр. Хъуамæ уой
æцæг сæрибар æмæ сæрыстыр
адæмтæ. Уый цæй сæрибар у: иу
адæмы минæвæрттæн ис æргомдзи-
нады бар, иннæ адæмы минæвæрт-
тæн — нæ. Мах тыххæй фыссынц
алцы дæр, алы хъылма дæр, махæн
нæхи тыххæй зæгъын æмæ фыссы-
ны бар нæй. Сесси йæ ныстуан ар-
выста газет «Литературули Сакарт-
вело»-мæ, ныр цалдæр мæйы дæр-
гъычи фыссы, зæгъгæ, хуссайраг
ирæттæн сæ автономи байсæм, зæ-
нæг кæнын сæ ма уадзæм, сæ ал-
фавит та сын аивæм, се скъолатæ
ирон ма уæд æмæ а. д., ахæмтæ чи
фыссы, уыцы газетмæ, æмæ йын
стыр азымджынау йæ къæхты раз
нæ сæр æрæвæрдтам. Мах, æвæццæ-
гæн, раст уæд бакодтаиккам, æмæ
мах тыххæй ахæмтæ чи фыссы, уы-
дон ныхмæ нæ сессийы ныстуан
куы райстаиккам.
Абон уæлдай катайаг у чысыл
адæмты хъысмæт. Чысыл адæм чы-
сыл адæмы ныхмæ куы рацæуой,
уæд уымæй — бар-æнæбары — цæ-
уынц сæхи ныхмæ. Мах раст уæд
бакодтаиккам, æмæ чысыл адæмты
иумæйаг риссæгтæ, сæ бартæ æмæ
сæ хæсты тыххæй нæ сессийы сæр-
магондæй куы ’рдзырдтаиккам æмæ
нæ фæндæттæ национ фарсты фæ-
дыл партийы Центрон Комитеты
радон Пленуммæ куы бавдыстаик-
кам.
Бæргæ, ам цы дзурын, уыдон
зæгъыны сæр мæ куынæ хъæуид,
64
фæлæ сыл æнæдзургæ нæй, уымæй
æмæ рацæудзæн рæстæг — фондз
уа, æви дæс азы, — æмæ сыл уæд
дзурдзысты мæнæй бæлвырддæр
æмæ цæхгæрдæр.
Æз иу адæмы ныхмæ дæр нæ дæн.
Уымæн, æмæ зонын, адæм æмæ
адæймаджы цард хæлардзинад æмæ
уарзондзинады хуызæн ницы кæны
рæсугъд, бæрзонд æмæ хъæздыг.
Алы адæммæ дæр, хъыгагæн, ис æв-
зæртæ, фæлæ адæмтæй æвзæртæ нæй.
Алы адæм дæр сты хорз æмæ дзы
æвзæр зæрдæ дарæн никæмæ ис.
Мах никæмæн ницы кæнæм, фæн-
ды нæ/ цæмæй алы адæмимæ дæр
цæрæм æмæ кусæм хæларæй, уар-.
зонæй. Фæлæ дæм куы .хъыззы-
хъыззы кæной, æнаккаг дæ куы кæ-
ной, дæлæмæ дыл куы хæцой, дæ
национ æнкъарæнтæй дын хынджы-
лæг куы кæной, уæд бар-æнæбары
хъуамæ исты зæгъай, хъуамæ дæхи
бахъахъхъæнай.
Уæхæдæг æй зонут, 26 майы ны-
сан цæудзæн Гуырдзыстоны бур-
жуазон-демократон республикæйы
бæрæгбон. Мæнæн, тыхми мын куы ’
кæной, мæ хурхмæ мын марæн
кæрдтæ куы хæссой, уæддæр мæ бон
нæу, æмæ йыл район, цин ыл кæнон.
Уæд мын, меныневиктæ сæ тырыса-
ты бын кæй ныццагътой, уыцы æна-
хъом сабитæ, сывæрджын сылгой-
мæгтæ, æнæбон зæрæдтæ — сæдæ-
гай-мингай адæймæгтæ — цы
хъуамæ зæгъой? Ай, дам, æцæг
фыдвæд, фыдвæстаг куы фестæм.
Цы мын хъуамæ зæгъой нæ рево-
люционертæ, нæ салдат-хæстонтæ?
Ай, дам, дзæгъæлы куы фæци нæ
тугкалд, дзæгъæлы, дам, куы тох
кодтам Октябры сæрвæлтау, фа-
шизмы ныхмæ.
Мах хъуамæ аргъ кæнæм социа-
листон хæзнатæн — идейон, хæрз-
æгъдауон, гуманистон, патриотон
æмæ интернационалистон хæзнатæн.
Кæддæр мæ иу æмдзæвгæйы фыс-
тон:
Æз фыццаджыдæр
дæн советон,.
Стæй та —
ирон.
Мах стæм иу стыр бæстæ — Со-
ветон Цæдисы æмбæстæгтæ, æмæ
советон барæнæй куы бариккам нæ
митæ, нæ фæндтæ, нæ бæллицтæ,
уæд советон адæмты ’хсæн нæ уайд
ницахæм мæгуырау ахастытæ.
Пленумы цы загътон, уыдонæй
иууыл мæстагдæр уыд 26-æм майы
фарст. Адæмы мысæнад бынтон нæ
банымæг — нырма удæгас сты,
1920 азы меньшевикон хицауады
фыдмитæ йæхи цæстæй чи федта,
йæхиуыл сæ чи бавзæрста, уыдонæй
бйрæтæ. Уæд ма сабитæ уыдысты,
кæнæ æвзонг лæппутæ æмæ чыз-
джытæ, — ахæм карæнæй адæймаг
цы фены, уымæн рохгæнæн нæй.
Уæды цаутæ чи нæ зыдта, уыдон
дæр сæ базыдтой, уæлдайдæр фæ-
сивæд. Адæмы мысæнад сцырын,
спиллон калдта.
26-æм майы хæдразмæ обкомы
уыд æмбырд, бæрæгбон цы хуызæн
хъуамæ уа, уый тыххæй. Дзырдтой
дзы нæ ахуыргæндтæ, Гуырдзысто-
ны демократон республикæйы рав-
зæрд, дам, у стыр прогрессивон
хъуыддаг, æмæ, дам, ахæм хъуыддаг
хъуамæ уæрæх банысан кæнæм.
Хъуыстон сæм æмæ мæ зæрдæ йæ-
хи къултыл хоста, уымæн æмæ зыд-
тон, уыцы бæрæгбон хорзмæ не
’ркæндзæн, бæллæхтæ расайдзæн.
Æз радзырдтон нæ ахуыргæндты
ныхмæ. Уыцы бæрæгбонæн махмæ
уадзæн нæй. Уадзæн ын нæй, уы-
мæн æмæ хæдбар демократон рес-
публикæйы уæвынад махмæ баст
уыд æвирхъау сырдон акцитимæ.
Уадзæн ын нæй, уымæн æмæ йын
уыдзæн мæгуырау фæстиуджытæ,
фыдцæф ныккæндзæн дыууæ адæмы
æмахастытæн, се ’хсæн сын байтау-
дзæн фыдæхы тауинæгтæ. Мæ зæр-
дыл æрлæууыдысты поэты ныхæс-
тæ: «Æппæт прогресстæ дæр сты
реакцион, адæймаг уыдонæй куы
хæла, уæд». Уыцы бæрæгбон куы
скæнæм, уæд фехалдзыстæм дыууæ
адæмы ’хсæн национ сабырдзинад.
Ахæм тас уыд бирæтæм, фæлæ
се ’ппæтмæ нæ. Ленингор æмæ
Знауыры разамонджытæ оптимисто-
нæй фехъусын кодтой, мах, дам, æй
ауадздзыстæм æмæ, дам, алцыдæр
уыдзæн тынг хорз. Уыдонæй уартæ
кæддæр цы загътон, уый мæнг нæ
уыд, —* антиирон тенденцитæ сæм
карзæй-карздæр кодтой.
26-æм майы вакзалгæрон фæзуат-
мæ, Ленины цырты цурмæ, æрæм-
бырд стæм. Сылгоймæгтæй бирæтæ
скодтой саутæ. Уым дзырдтам, 20-æм
5. Журн. «Фидиуæг» № 5.
азы йын демократой республйкаб
цытæ фæкодта, уыдон тыххæй. Уыр-
дыгæй араст стæм сахары уæлмæрд-
тæм, æмæ не ’мбырд адарддæр код-
там æртындæс коммунары цырты
цур. Уыдон мард æрцыдысты де-
мократон республикæйы лæгсырд-
ты къухæй. Бакастыстæм, 20-æм азы
тыххæй Беджызаты Чермен æмæ
Хъуылаты Созырыхъо цы уацмыстæ
ныффыстой — тугхъулон æмæ маст-
æвдылд уацмыстæ, уыдонæй скъуыд-
дзæгтæ. Бакастыстæм Ирыстоны
сайраг æмæ хъизæмайраг хъысмæ^
ты тыххæй æмдзæвгæтæ. Бæрæгбон
скодтам, фæлæ цины нæ, — хъыджы
бæрæгбон. Уым бадзырдтам, цæмæй
нæхи бацæттæ кæнæм 8-æм июнмæ
— Хуссар Ирыстоны Советон хи-
цауады фæуæлахизы бонмæ.
Мах цæмæй тарстыстæм, уый æр-
цыд. Бынæттон гуырдзиаг цæрджы-
тæ меньшевикон тырысатæ рахастой
уынгтæм, сæ хæдзæрттыл сæ æрца-
уыгътой. Уый нæ фæсивæдæн уыд
æхсæрфарсы ныдздзæхстау, æрхæн-
дæг хисты бон — цины зарæджы
цæлхъау. Се ’хсæн рауад хъаугъатæ,
хылтæ... Дыууæ адæмæн се ’хсæн
«сау гæды» алыгъд, се ’махас-
тытæ саудар адардтой, сис-
ты кæрæдзийы ныхмæ. Бæрæгбон-
уадзджытæ дзырдтой, дедтæ,
дам, семæ фаг «агитацион-æмба-
рынгæнæн куыст» нæ бакодтам,
дедтæ, дам, ын йæ прогресси-
вондзинад нæ бамбæрстой... Куыд
нæ йын æй бамбæрстой?! Чизоны,
иуæй-иу адæймæгтæн сæ удыл куы
нытту кæнай, уæд æй нæ бамбарой,
фæлæ æгас адæмæн сæ удыл куы
нытту кæнай, уæд æй куыд хъуамæ
ма бамбарой?! Кæд афтæ æрцæуа
— цы нæ вæййы! — æмæ йæ нæ
бамбарой, уæд та йæ хъуамæ бам-
барой.
Куыд бадзырдтам, афтæ бакод-
там. 8-æм июны театралон фæзуа-
ты ауагътам бирæминон бæрæгбонон
митинг.
РАНЫХАС
8-æм июнь — Хуссар Ирыстоны
бæрæгбон. О, бæрæгбон, фæлæ нæ
зонæм, цин кæнæм æви хъыг, заргæ
кæнæм æви кæугæ, сæрбæрзонд уæм
æви сæрныллæг. Нæ зонæм, æмæ
уым диссагæй ницы ис.
Со
Йрон адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ,
нæхæдæг нæхи тых æмæ нæхи хъа-
руйæ байсдзыстæм сæрибар, ра-
сиддзыстæм Советон хицауад æмæ
нæ хъысмæтæн нæхæдæг хицæуттæ
уыдзыстæм, нæ цард араздзыстæм,
кæйдæр куыд фæнды æмæ кæмæн-
дæр хорз куыд у, афтæ нæ, фæлæ
нæхи куыд фæнды æмæ нæхицæн
хорз куыд у, афтæ. Æнхъæлдтой,
фæлæ Гуырдзыстоны хæдбар пад-
дзахад — демократон республикæ—
ирон адæмæн сæ фæндон æмæ сæ
архайды хæдбардзинад нæ ныб-
барста: уайтагъд сæм æрбатардта
йе ’фсад æмæ сыл уыдон туджы
зæйтæ рауагътой. Нæ мæгуыр хъæу-
тыл нын пиллон арт æндзæрстой,
сабитæ æмæ зæрæдты æнæбын
къардиутæм æппæрстой, сывæрджын’
сылгоймæгтæн сæ гуыбынтæ кард~
æмæ джебогъæй лæгæрстой. Сæ
хъæддаг æмæ сæ сырдон митæй
зæхх хъæрзыдта, арв ниудта.
Æмæ кæд фæстæдæр меньшеви-
кон хицауад дæрæнгонд баййæфта,
кæд лигъдæттæ Цæгат Ирыстонæй
æрыздæхтысты се стъæлд, сæ мæр-
дон уæзгуытæм, кæд сæ къухы баф-
тыд, сæ тугæй кæй балхæдтой, уы-
цы автономи, кæд’ сын загътой,
зæгъгæ, амæйфæстæмæ нал ис ир@н
фарст, ирæттæ сты ’барджын хи-
цæуттæ сæ хъысмæтæн, кæд сын
афтæ загътой, æмæ кæд цалдæр азы
дæргъы æцæгæй, цыма, афтæ дæр
уыдаид, уæддæр се ’нхъæлцау йæ
адыл нæ рауад. Сталинон бюрокра-
тон-командон системæ нæ радта фа-
дат нæ экономикæ, нæ культурæ
æмæ не ’взагæн парахатæй бай-
рæзынæн, социалон æмæ национ
рæстдзинад ныббиноныг кæнынæн,
нæ буар æмæ нæ уды мидгæнæнтæ,
мидæвæрæнтæ æххæстæй . рæгъмæ,
рухсмæ рахæссынæн. Æндæр дзырд-
тæй, махæн бамбарын кодтой, зæгъ-
гæ, хъуамæ цæрат, уæхи куыд фæн-
ды, афтæ нæ, фæлæ кæйдæр куыд
фæнды, афтæ, уæ бар уæхи нæу
æмæ æнцад лæуут, хъыпп-сыпп дæр
ма уæндут.
Зæгъæн ис, 8-æм июны фарн —
революцион-ленинон фарн — ирон
адæммæ ^бамынæг, уæлдайдæр
1937 азы, цыма æрæджиау меныпе-
викты маст истой, уыйау, ирон Ок-
тябр’ы раздзæуджытæ — Санахъо-
ты Серо, Дзаттиаты Алыксандр,
Гаглойты Серги, Козаты Разден,
Плиты Арон, Беджызаты Чермен,
Хъуылаты Созырыхъо, Гæдиаты
Никъала, Гаглойты Рутен, Тыбыл-
ты Алыксандр æмæ бирæ, бирæ æн-
дæрты куы ’рцахстой æмæ куы
амардтой, уæд. Фæстагмæ йæ бын-
тон рохуаты бар бакодтой, йæ
кой дæр ын нал уагътой. Дзæвгар
историкгæндтæ æмæ фыссæггæндтæ
архайдтой æмæ ныр дæр архайынц,
цæмæй йæ ахадындзинад дæлдзи-
ныг æрцæуа, цæмæй æгæрыстæмæй
нæ сахары 8-æм июны номыл уынг
дæр мауал уа.
Хуымæтæджы мыййаг нæ. 1920
аз — хъайтарон æмæ трагикон аз—
ирдæй равдыста, зæгъгæ, махæн,
ирон адæмæн, нæ бон у, æмæ нæ ис-
тори нæхæдæг аразæм, нæхæдæг æй
фæлдисæм. Мах 1920 аз куы ферох
кæнæм, уæд уый амондзæн, зæгъ-
гæ, мах, ирон адæм, истори фæлди-
сæг не стæм æмæ хъуамæ историйæ
æппæрст æрцæуæм. Историон мы-
сæнадæй чи баиртæса’, уыцы адæ-
мæн нæй абон, нæй сын фидæн.
Ахæм адæм кодтой æмæ кæнынц
махæй, фæлæ мах хъуамæ ахæм
адæм ма суæм.
Историмæ фæстæмæ здæхæн нæй,
исторййæн фæлхаттгæнæн нæй, ис-
тори хъуамæ цæуа размæ, уым
хорзæй цы ис, уый баззайа, æвзæ-
рæй дзы цы ис, уый мауал уа. Мах
историйæн исæм йæ зынг, фæлæ
йын нæ исæм йе ’ртхутæг. 1918—
1920 азтæ, 8-æм июнь — уыдон сты
ирон историйы зынг. Уæд Хуссар
Ирыстон тох кодта Гуырдзыстоны
демократон республикæйы ныхмæ.
тох кодта Октябры идейæты сæр-
вæлтау, Советон хицауад æмæ со-
циализмы сæрвæлтау. Æртæ хатты
растад, æртæ хатты расидт Советон
хицауад æмæ йæ æртæ хатты дæр
ныххурх кодта Гуырдзыстоны де-
мократон республикæ. Æмæ ныр
уыцы «республикæйæн» мах куы
нысан кæнæм йæ равзæрæн бон,
уæд махæн, ирон адæмæн, уыдзæн
хæрзæгъдау нæ, фæлæ фыдæгъдау,
уæд мах уыдзыстæм хæрзвæстаг нæ,
фæлæ фыдвæстаг, уæд мах нал æф-
сæрмы кæндзыстæм нæ мæрдтæй,
нæ дзуæрттæй, нæ историйæ, нæ-
хицæй, уæд мах адæм нал уыдзыс-
тæм. Уымæ гæсгæ 26-æм май Хус-
сар Ирыстонæн бæрæгбон макуы
уа, хъуамæ ма уа.
Загътон ма йæ, ирон адæм сæ ту-
66
гæй балхæдтой сæ автоноМй, аехсар-
джын æмæ хъынцъыймаг тугæй.
дбон мах хуызæн чысыл адæмтæн
цы автономитæ ис, уыдон — кæм
фылдæр, кæм къаддæр бæрцæй —
автономитæ æрмæст номæй хуый-
нынц, æцæгæй та сты колониты
-хуызæн. Адæмтæ равæрд æрцыдысты
сортгай: иутæ — стырдæр адæмтæ
__ уæлдæр, иннæтæ — чысылдæр
адæмтæ — дæлдæр. Уæлдæрты дæл-
бар сты дæлдæртæ. Уæлдæртæ —
цагъардартæ, дæлдæртæ — цагъар-
тæ. Æмæ уыцы цагъардзинад конс-
титуцион æгъдауæй у фидаргонд.
Афтæмæй адæмтæн — ома æмбар,
æмсæр куы нæ уой, уæд — се ’хсæн
æцæг хæлардзинад уа, уый гæнæн
нæй. Цагъардар æмæ цагъар —
æнæбафидаугæ атниподтæ — никуы
уыдзысты хæлæрттæ, æфсымæртæ.
Абон бирæ дзурæм тыхджын
центр æмæ тыхджын республикæты
тыххæй. Уый мæгуырау нæу, фæлæ
мæгуырау уый у, аемæ чысыл адæм-
ты автономиты тыххæй рæстмæдш-
цыма дзурæм. Тыхджын хъуамæ уой
канд цæдисон республикæтæ нæ, —
тыхджын хъуамæ уой æппæт авто-
"пмон иуæгтæ дæр, уыцы нымæцы
автономон облæсттæ дæр. Уыдон та
тыхджын уæд уыдзысты, кæд æмæ
цæдисон республикæты дæлбар нæ
уой, кæд æмæ се ’ппæтæн дæр æм-
хуызон, комкоммæ разамынд кæна
центр. Афтæ куынæ уа, уæд махæн,
чысыл адæмтæн, цагъардзинадæй
фервæзæн нæй. Цагъардзинад кæм
уа, уыцы бæстæ та сæрибар, амонд-
джын бæстæ никуы уыдзæн.
8-æм июнь нын ныффæдзæхста,
цæмæй нын æнгом иудзинад уа Со-
ветон Уæрæсеимæ. Уыцы иудзинад
халынц, абон нын нæ автономи ха-
лынмæ æмæ исынмæ чи хъавы, уы-
дон. Ленингоры уынаффæ рахастой,
цæмæй сæ район ахицæн уа Хус-
сар Ирыстоны автономон областæй.
Æвæццæгæн, рæхджы ахæм уынаф-
фæ рахæсдзысты Знауыры дæр. Аф-
тæмæй нæ автономи — ирон адæ-
мы тугæй æлхæд автономи — хъуа-
мæ ныххæлæттаг уа, сындæггай-
сындæггай амæла. Мах уый бар куы
раттæм, уæд дунейæн æлгъыстаг
æмæ фидиссаг фæуыдзыстæм. Мах
хъуамæ нæ автономи бавæрæм,
æцæг автономи дзы скæнæм. Мах
никуыдæм цæуинаг стæм Советон
Цаедисæй.
Абон республикæйы массон Йй-
формацийы фæрæзтæй хъусæм алы-
хуызон ардауæн, тæрсæн, æртхъи-
рæн, провокацион ныхæстæ, национа-
листон æмæ шовинистон маргта-
уæнтæ, сæ нысан — исты фыдбы-
лызтæ æрцæуа дыууæ адæмы ’хсæн,
фæлхатт æрцæуа истори, æмæ аф-
тæмæй базиан чындæуа рацарæзтæн,
адæмты цæсты йæ бафтыдæуа.
Ахæм тæссаг уавæрты мах нæхи
куыд хъуамæ дарæм?
Мах бахъахъхъæнæг нæй. Мах
цыфæнды раст куы уæм, уæддæр
раст нæ уыдзыстæм. Мах цыфæн-
ды сыгъдæг куы уæм, уæддæр сыгъ-
дæг нæ уыдзыстæм. Мах цыфæн-
ды тæригъæд куы уæм, уæддæр тæ-
ригъæд нæ уыдзыстæм. Алцы дæр
уыдзæн нæхи аххос, æппæт азым
дæр рахаудзæн махмæ. Уымæ гæс-
гæ — курæг уæ дæн — цыфæнды
дæр нæ не змæнтой, цыфæнды дæр
нæ кæрæдзийыл не ’ндзарой æмæ
нæ ардауой, цыфæндь^ провокацитæ
дæр нын нæ кæной, — хъуамæ сын
ком ма радтæм, кæд нын тынг зын
у, уæддæр нæхи уромæм, нæхиуыл
хæцæм, хæрззонд æмæ хæрзæгъда*
уæй, фæтк æмæ закъонæй мачердæм
фæцудæм.
Хорз у, кæй хъал кæнæм, не
’ргом кæй здахæм активон полити-
кон цардмæ, политикон хъуыды
æмæ архайдмæ. Æрмæст хъуамæ
нæ зæрдыл дарæм: хъуамæ уæм по-
литикантæ нæ, фæлæ политиктæ —
уæзбын æмæ уæздан политиктæ.
Зарæггаг æмæ кадæггаг Кодзыр-
ты хъæбатыр Таймураз тыхгæнæг
æлдæрттæн сæ сæрджынты куы ра*
фæлдæхта, йæхæдæг дæр мæлæт-
дзаг цæф куы фæци, æмæ уыцы ха*
бар йæ мадæн куы фехъусын код-
та, уæд ын загъта: «Цин дæр ыл ма
бакæн, хъыг дæр ыл ма бакæн». Аф-
тæ мах дæр, 8-æм июны бæрæгбон
куы ’рвитæм, уæд: цин дæр ыл ма
бакæнæм, хъыг дæр ыл ма бакæ-
нæм.
Фæлæ уæддæр — " *|,
Уадз арфæйаг, æвидиг^е,. æгъуыс-
таг уæд 8-æм июны фарн! ,
Уадз цæрæд, æнустæм æгас цæуæд
Советон Хуссар Ирыстон!
Адæмæн сæ историон мысæнадæн,
сæ национ хæдхуыздзинадæн, сæ
хæдбардзинадæн куынæ аргъ кæ-
най, уæд сын кæныс тыхми. Махæн
67
26-æм майы бæрæгбон кæй ауадзын
кодтой, уымæн æндæрхуызон бам-
барæн нæй. Тыхмийæ цы хъуамæ
Оакодтаиккой æмæ — боныфæстаг-
мæ — цы хъуамæ бакæной? Ныб-
бæттой нын сæ бархъомыс: æнцон
уын уа æви зын, уæддæр уын мах
цы зæгъæм, мах куыд срæнды,- аф-
тæ кæнут, мах уын цы уынаффæтæ
хæссæм, уыдон коммæгæсæй æх-
хæст кæнут. Кæд афтæ нæ кæнат,
уæд уыл бынæттон гуырдзиаг æмæ
æмткæй республикæйы гуырдзиаг
цæрджыты сардаудзыстæм, сфыдæх
уæм сæ кæндзыстæм, кæрæдзийæн
уæ знæгтæ скæндзыстæм, æмæ уыл
кæд исты бæллæхтæ сæмбæла, уæд
уын уыдон иууылдæр уæхи аххос
фæкæндзыстæм, уæхи рагъыл уын
сæ сæвæрдзыстæм (тыхджыны раз
æдых — кæддæриддæр аххосджын!).
Уæд мах ахæм политикон, экономи-
кон æмæ психологон уавæр сараз-
дзыстæм, æмæ гуырдзыйы цур, æмт-
кæй нæ республикæйы уын цæрæн
куыд нал уа, уæхæдæг стинаг æмæ
лидзинаг куыд фæуат. Гъе, уыцы уа.
вæр арæзтой æмæ йæ араздзысты
дарддæр. Уыцы уавæр канд сабыра-
дон нæу,—хæстон суæвынмæ г^дзæ
нæ фæкодта æмæ нæ фæкæндзæн.
Ахæм тыхмийы раз æнæсдзырд
æмæ æнæархайд куы уæм, уæд уый
худинаг æмæ мæлæт у махæн, нæ
адæмæн. Уæд мах хъуамæ адæм ма
уæм.
1989 азы 7-æм июлы уыд пленум,
СЦКП-йы аграрон политикæ облас-
тон партион организаци куыд æх-
хæст кæны, уый тыххæй. Уым ра-
куырдтон ныхасы бар.
РАНЫХАС
Чизоны, бафæрсат: дæу та цы
хъуыддаг ис хъæууон хæдзарадмæ?
Ис мæ хъуыддаг — канд уый тых-
хæй нæ, æмæ хъæууон хæдзарад у
нæ дарæг, махæй алкæмæн дæр йæ
дарæг, фæлæ, сæйраджыдæр, уый
тыххæй, æмæ хъæууон хæдзарадимæ
сæрысуангæй, бындуронæй баст у
ирон адæмы хъысмæт . Хъæууон
хæдзарады экономикон уавæрæй
кæнгæ сты канд нæ социалон уа-
вæр нæ, фæлæ ма нæ культурон, нæ
демографон уавæр дæр, уымæй кæн-
- гæ у æмткæй нæ фидæн, нæ фæстаг.
Фаг у зæгъынæн уый дæр, æмæ
хъæуæй рацæугæ сты ирон аивад
&мæ зонады номдзыд минæваёрттæ
иууылдæр — Мамсыраты Темырбо-
латæй суанг нæ абоны фысджытæ’
æмæ ахуыргæндтæм. Хъæу у не
’взаг æвæрæг, нæ адæмон сфæлдыс-
тад æвæрæг, нæ национ æгъдæуттæ
æвæрæг, нæ хæрзæгъдауы хæзнатæ
æвæрæг.
Абон нæ хъæуты уавæр у мæгуы-
рау, æмæ^ хъыгагæн, нæ ивы хуыз-
дæрæрдæм æмæ рæхджы ивгæ дæр
нæ акæндзæн. Уый адыл æмæ уый ах-
хосæй миграцион процесс лæмæгъ-
дæр нæ, — кæны тыхджындæр.
Доклады дзырдæуы, зæгъгæ, адæм
лидзъшц хæххон хъæутæй. Фæлæ
дзы нæ дзырдæуы, зæгъгæ, адæм
лидзынц быдырон хъæутæй дæр.
Уæлдайдæр фæсивæд, лидзынц уы-
мæн, æмæ сын зæхх нæ дæттынц
кусынæн æмæ цæрæн хæдзæрттæ
аразынæн.
Доклады дзырдæуы, зæгъгæ, би-
нонты хæдзарæдтæ сты тынг пай-
да куыд сæхицæн, афтæ иумæйаг
хойрагон къæбицæн дæр. Фæлæ,
дам, бинонты хæдзарæдтæ сбирæ
кæнæм, уый фадат, дам, нын нæй,
нæбон, дам, нæу, æмæ, дам, зæхх
дæттæм, кæй хъæуы, чи йæ куры,
уыдонæн. Æмæ, дам, уымæ гæсгæ
курæг стæм Гуырдзыстоны Минист-
рты Советæй, цæмæй, дам, зæххы
фæдыл облæххæсткомы куырдиæт-
тæм уазал зæрдæ ма дара.
Æз мæхæдæг æххæсткомы уæнг
дæн æмæ йæ зонын: искæмæн зæх-
хы цыфæнды чысыл гæппæл дæр
куы дæтта, уæд æнæмæнг хъуамæ
бар ракура Министрты Советæй.
Уым сæ кæд бафæнды, уæд бар рад-
тынц, кæд сæ нæ бафæнды, уæд —
нæ. Цахæм критери сæм ис, уый бæ-
рæг нæу махæн. Бæрæг у иу хабар
— сæрныллæг, лæгъстиаг æмæ дæл-
дзиныгæй сæм курæг цæуæм. Цы-
мæ сæ цæмæн стæм курæг, кæд ав-
тономи стæм, уæд? Мæнмæ гæсгæ,
цæмæй сæм алыхатт-алыхатт курæг
ма цæуæм, уый тыххæй сæ иухатт
цæхгæр ракурæм, цæмæй нæ суæгъд
кæной сæ диктатæй, сæ хынджы-
лæгæй, цæмæй, боныфæстагмæ, нæ
зæххыл нæ бар цæуа, æмæ нæм раст
æмæ хорз куыд кæсы, афтæ йын
кæнæм.
Доклады дзырдæуы, зæгъгæ, зæх-
кусæг хъуамæ суа зæххы хицау,
барджын хицау. Ау, зæхкусæг нæм
куыд суыдзæн зæххæн хицау, кæд
68
нæ область йæ зæххæн, йæ террито-
рийæн хицау нæу, уæд?
Ныртæккæ — прессæйæ сæ зонæм
республикæйы барадиртасджытæ
цæттæ кæнынц зæххы тыххæй ног
закъæттæ. Уыдонмæ гæсгæ куыд
хъуамæ уа? Гуырдзиаг дæ, уæд дын
зæхх дæтдзысты, кæм дæ хъæуы,
уым, цас дæ хъæуы, уый-
а~с, .æгæрæстæмæй р.еспубликæ-
йьт’ æдде куы цæрай, уæд дæр. Кæд
нæ дæ, уæд — дæ фырттæ куы
слæгтæ уой, бинонтæ куы скæной,
уæд дæм цы зæхх ис, уый сыл ныд-
дихтæ кæн. Кæд дзы алкæмæн хæ-
дзар æрæвæрæн нæ уа, уæд бирæ-
уæладзыгон хæдзар сараз, ома
фондз фырты куы уой, уæд —фондз-
уæладзыгон, дæс куы уой, уæд та—
дæсуæладзыгон. Кæй зæгъын æй
хъæуы, ахæм уæладзгуытæ ничи
араздзæн, æмæ фæсивæд бар-æнæ-
бары стдзысты сæ фыдыуæзгуытæй
æмæ цардагур лидздзысты æндæр
рæттæм. Афтæмæй нæ наци цæу-
дзæн куынæгмæ, ассимиляцимæ,
сæфтмæ. Уый цы уыдзæн?, Уыдзæн
экономикон, растдæр зæгъгæйæ, на-
цион дискриминаци, геноцид.
Ахæм æбардзинад, æцæгæй та
цагъардзинады ныхмæ, нæ пленум
хъуамæ йæ ныхас зæгъа. Ахæм уа-
вæрæн дарддæр быхсæн нæй. Кæд
автономи стæм, уæд æрмæст номæй
нæ — хъуамæ нын уа экономикон.
политикон, культурон æмæ национ
хæдбардзинад.
Уьтцы хæдбардзинад, суверенитет
нын куы уаид, уæд нæм ныртæккæ
цы бирæ риссаг, дудаг проблемæтæ
ис. уыдонæн сæ фылдæр нæ уаик-
кой. Автономийы æнæг, реалон бар-
тæ нæм куьтнæ уа, уæд рæстмæ ни-
куьт ацæудзысты нæ хъуыддæгтæ—
нæ^царды иунæг къабазы дæр. Æнæ
уый нæ алыг кæндзыстæм, тынг нæ
’ чи тьтхсын кæньт, уыцьт (Ьарст —
кадптæ равæрьтньт фарст. кæнæ абон
ам бирæ кæуьтл дзуоæм, уыцы фарст
— не ’дасдзинадьт фарст.
Уьтмæ гæсгæ, курæг дæн, иумæ
хъуьтдьт, сагъæс кæнæм, нæ автоно-
ми нахæм хъуамæ уэ, ууыл. Кæд
искæй дæлбар уа. уæд æрмæст и\г-
мæйаг центрьт лæлбар. пæдисон рес-
публикæтæ куьтд сты, афтæ.
Чизоны, исчи бафæрса: мæнæй
уый йæ раныхæстæ фысгæ цæмæн
кодта? Æвæццæгæн, мæ фырхъалæй
нæ. Кæмфæндыдæр нæ дзурай, —
æнæмæнг дын дзы оппонент разын-
дзæн, йæхирдыгонау, йæхицæн пай-
да куыд уа, афтæ дын дæ хъуыды
зыгъуыммæ рафæлдахдзæн, исты
фыдгæнд дыл æрымысдзæн. Дæ ны-
хасы дын, фехъусын æй цы фæнда,
уый фехъусдзæн, цæмæй дæ адæмы
цæсты бафтауа, «зæххы æмвæз» дæ
скæна. Фæлæ фыст куы уа дæ ра-
ныхас. уæд ын æй дыккаг хатт, æр-
тыккаг хатт текстæй бакæсдзынæ
æмæ йде дæхæдæг фæгæды кæндзы-
нæ. Пленумы мæ обкомы фьтццаг
нымæрдар схуыдта «дам-думтæ мы-
сæг», «дам-думтæ тауæг». Уый куы
ныхъхъæр кодта: «Æз бардзырд
дæттын барадхъахъхъæнæг орган-
тæн,- цæмæй ахæм дам-думгæнджы-
ты ахсой!», уæд у’ыцы органты кус-
джытæ сæ бынæтты сæхи сивæзтой.
Фæлæ йын йæ «бардзырд» ницæмæ
æрдардтон — мæ раныхас фыст у
æмæ дзы цьт ис, уымæй уæлдай дзы
«фенæн» æмæ «фехъусæн» ницæмæн
уыдзæн.
Областы разамынадæн дам-дум-
гæнджытæ уыдысты, мах ныхмæ
республикæйы информацион фæрæз-
ты идеологон агрессийæн раст аргъ
чи кодта, сæвзæргæ ситуацийы тых-
хæй раст чи дзырдта, уыдон. Разамы-
над нæцудыдта йæ позицийæ—цы-
фæнды дæр ныл цъыф нæ калой,
уæддæр æй нæ цæсгомæй ма сæр-
фæм, худæм сæм æмæ сæ райгонд
уæм. Афтæмæй арфæй-арфдæр код-
та конфликт, иуæй, разамынад æмæ
адæмьт ’хсæн, иннæмæй — дыууæ
адæмьт ’хсæн. Æндæр дзырдтæй,
разамынады позици ницæмæй хицæн
кодта, мах скуынæг кæнынмæ йæ
гæрзтæ чи рабаста, уыдон позици-
йæ.
1989 азы 4 сентябры сахары ста-
дионьт уыд бирæминон митинг.
РАНЫХАС
Рауад афтæ, æмæ рацарæзт-ре-
волюци махæн, ирон адæмæн, нэе
зæрдьтл æрлæууын кодта Октябрь
æмæ мидхæсты заман, сног нын коД-
та нæ хъайтарон æмæ трагйКой
зарæг: «Ой, кæнæ сæрибарГ Каёнгё
мæлæт!» Уый уымæн, æмæ уæд нæ
адæм сæ хъысмæт кæройМæ, социа-
листон принциптæм гæсгæ, æххæст-
æй æмæ нывыл нæ алыг кодтой.
Кæд нын иугæндзон уырнын код-
той, зæгъгæ, хорз цæрут, дидинæг
æфтаут, бынтондæр уæм ницы су-
дзаг æмæ дудаг проблемæтæ ис,
уæддæр æй хатыдтам, афтæ кæй
нæу, æмæ ныр рацарæзты фæрцы
нæ цæстытæй дзæбæх куы ракастыс-
тæм, уæд нæ зæрдæ йæ бындзарæй
ныккæрзыдта: ай цæмæ ’рхаудтам,
ай цы хуызæн систæм, цы æмæ куыд
бауыДзыстæм?
Ныллæууыд вазыгджын æмæ бæр-
нон уынаффæты рæстæг. Цы кæнын
хъæуы, цæмæй нæхи бавæрæм, ма
фесæфæм, ма бабын уæм, уый тых-
хæй? Цæмæй нæм æвзæрæй цы уыд,
уымæй нæхи схицæн кæнæм’, æмæ
нæм хорзæй цы уыд, уый адарддæр
кæнæм?
Ай-гъай, уыдис нæм бирæ рæдыд-
тытæ, негативон фæзындтæ, поли-
тикон, социалон æмæ национ æнæ-
оастдзинæдтæ. Фæлæ куыд ис
рæдыд схонæн, мах Октябрь æмæ
Советон хицауады.сæрвæлтау йæй
тох кодтам, уымæн, мах меныпеви-
кон демократон республикæимæ кæй
нæ фидыдтам æмæ йæ ныхмæ кæй
хæцыдыстæм, уымæн, мах нæхицæн
автономи нæ тугæй кæй балхæдтам,
уымæн, мах ам кæй цæрæм рагæй
фæстæмæ, мах æндæр фыдьтбæстæ
кæй нæ хъуыды кæнæм, кæй нæ зо-
нæм, уымæн, мах не ’взаг, нæ куль-
турæ, нæ напион хæдхуыз æмæ
хæдбындурдзинад кæй хъахъхъæ-
нæм. уымæн?
Афтæ чи зæгъы, уыдонимæ,
хъыгагæн, стьт нæ иуæй-иу ахуьтр-
гæндтæ дæр. Зæгъæм. Гуьтпдзысто-
ньт демократон республикæйьт актьт,
дам, ис бæллиццаг пункттæ чьтсьтл
адæмтьт барты тьтххæй. æмæ, дям,
уыдон-фарс хъуамæ рахæцæм. Ау,
куьтд хæцæм сæ фарс, кæд æмæ уьт-
цьт пункттæ се ’цæг мидис сбæлвырд
кодтой, 1920 азьт меньшевикон æсЬ-
сад Хуссар Ирьтстон куьт басьтгъ-
той, сабитæ, зæоæдтæ, ницьтгæнæг
адæмæй 5 минæй фьтлдæр куьт ньтц-
цагътрй, уæд? А(Ьтæ чи зæгъьт, уьт-
дон дæуынц фæстæмæ, хонынц нæ
фаестæмæ, истори та цæуьт æмæ
ху/ащæ, цæуа размæ.
Йстори сьтн цьт V? Æомæст ирæт-
тæ ам кæд нæ цардыстьт (кæд, уьтй
бæрæг на^у), уьщьт замаи, сæ эгоис-
тон, ёепаратйстон, шовинйстон ин-
терестæн аргументтæ кæм арьтнц,
уыцы замантæ æмæ уыцы замантьт
факттæ (сæ раст дæр æмæ сæ зыльтн
дæр сьтн бæрæг кæнынц сæхæдæг,
дьт сын æй æндæрхуызон куьт ’мба-
рьтн кæнай, уæд дæ уайтæккæ, æлгъ-
гæнгæ, рахондзысты æнæкомпе-
тентон, ницызонæг). «Хуссар Ирыс-
тон» — уый сæ лексиконы уæвгæ
дæр нæй, хонынц æй Самачабло,
Шида Картли. Нæ автономийæ.нын
зæгьынц: «эгре цъодебули», «так
называемая», «афтæ хуыйнæг», ома
хуыйны, фæлæ нæу автономи æмæ
хъуамæ ма уа. Уый, дам, у, чи нæ
хъуыд æмæ чи нæ хъæуы, ахæм
æбæрæг цыдæр, æнæзæгъинаг.
А-фæстаг бонтьт карзæй æоæвæрд-
той домæн ’ — хъуамæ Знауыры
район ма хуьтйна Айдарты Знауыры
номæй, хъуамæ, дам, ьтн раздахæм
йæ историон ном. Ирон революци-
онертæ, дам, стьт абьтрджыты къорд-
тьт раздзогтæ. Ау, цьтмæ Знауыр
истррион ном нæу? Октябрь махмæ,
йæ агъоммæ цьттæ уьтд, уьтдонæй
къаддæр истори нæу, чизоньт, се
’гасæй дæр бæрзонддæр истори у,
æмæ уьтй цьт ном радта Ирыстоньт
районтæй сæ иуæн, уьтй цæмæн
хъуамæ уа дзьтрддаг æмæ ивинаг?
Исторй афтæ куьт ’мбарай, исто-
ри дьтн ивгæ, диалектикон, рæзгæ
процесс куьт нæ уа, уьтцьт про-
цесс æрмæст дæхи нацийьт позици-
тæй куьт иотасай, иннæ нацитьт ис-
тори куьт ницæуьтл ньтмайай, куьт
ницæмæ йæ дарай. историйæ иунæг
дæхи пайдайæн лæггадгæнæг куьт
скæнай. уæд уый бао-æнæбары сайьт
æхсæннацион конфликттæм, æхсæн-
напион хæрам æмæ фьтдæхмæ.
Мацæмæ сæ дарæм — ууьтл амад
V Гуырдзиаг æвзаджьт паддзахадон
программæ. Иугæр сын автономитæ
стьт «абтæ хуьтйнæг», уæд дзьт нæи
абхазаг æмæ иоон æвзæгтьт кой,
(Ьæлæ дзьт бæлвырд у, зæгъгæ, прог-
оаммæ хъуамæ æнæмæнг архайа,
куса. æххæст цæуа оеспубликæйьт
альт къуымы дæо. Программæйæн
гуырдзиаг ахуыргæндтæ пы ком-
ментаоитæ скодтой, уьтм амьтндæ-
уьт, зæгъгæ, Хуссао хИрыстоньт.
т-уьтрдзиаг, æвзаджы фарсмæ гæнæн
ис, æмæ пайдачындæуа ирон æвза-
гæй дæр. Уьтй V комкоммæ тьтхми,
дискриминаци. Уый абон уа, сом уа’
хъуамæ æркæна ассимиляттимæ,
хъуамæ нæм нæхи хуызæнæй ма-
%
цыуал уа, нал дæр нын æвзаг уа,
нал ДæР культурæ, æппындæр ма-
цыуал. Уымæ гæсгæ йын мах йæ
ныхмæ хъуамæ æрæвæрæм нæхи
программæ.
. Ленин уыд паддзахадон хицæн
æвзæгты ныхмæ, уымæн æмæ пад-
дзахадон æвзаг æвæрд цæуы иннæ
æвзæгтæй уæлдæр, лæвæрд ын цæ-
уы ’привилегитæ. Æндæр дзырдтæй,
æвзæгтæ нæ уыдзысты æмбар.
æмсæр, æмæ бар-æнæбары сæ кæ-
рæдзийæн кæндзысты æнæуынон.
Кæд æнæ паддзахадон æвзæгтæ гæ-
нæн нæй, уæд хъуамæ нæ бæстæйы
алы æвзаг дæр уа паддзахадон æв-
заг, ома йын паддзахад закъонæй
хъахъхъæна йæ бартæ, йе ’хсæна-
дон æмæ социалон функцитæ, хъуа-
мæ алывæрсыгæй — хæдзары дæр,
скъолайы дæр, уагдæтты дæр,
куыстуæтты дæр — æвдиса, æргом
кæна йæ аразæг, йæ фæлдисæг
хъарутæ. Уымæ гæсгæ махмæ, Хус-
сар Ирыстоны автономон областы,
паддзахадон æвзаг хъуамæ уа ирон
æвзаг.
Уый афтæ нæ амондзæн, æмæ мах
фæстæмæ ацæудзыстæм. Нæ. За-
къонæй нæм хъуамæ фидаргонд æр-
цæуа ирон-уырыссаг дыууæвзагон-
дзинад. Уый нын схай кодта исто-
ри, уый нын у нæ царды ахсджиаг,
арфæйаг традици. Уый нын у Хе-
тæгкаты Къостайы фæдзæхст. Ирон-
уырыссаг дыууæвзагон принцип
нæм куыд æмбæлы, афтæ уагъд куы
цæуа, адæмон ахуырад уыцы прин-
ципмæ гæсгæ куы сæвæрæм, уæд
нæ сывæллæттæ хорз зондзысты
дыууæ æвзаджы дæр. Ирон æвзаг
хорз куы зоной, уæд уыдзысты ирæт-
тæ, æцæг ирæттæ, уыдзæн сын сæ-
хи «æз», сæхи ном æмæ сæхи сæр-
ыстырдзинад, фæлдисдзысты наци-
он культурæ æмæ зонады хæзнатæ
æмæ дзы хъæздыг кæндзысты иу-
мæйагадæймагон хæзнадон. Уырыс-
саг æвзаг хорз куы зоной, уæд сын
фадат уыдзæн адæймагадьт зонд
æмæ уды уæлахизтæ æрхион кæньт-
нæн, нæ бæстæйьт адæмты минæ-
вæрттимæ ныхас кæньтнæн, семæ
ахуьтр кæньтнæн, цæрынæн æмæ ку-
сьтнæн. Ахæм дьтууæвзагондзинад
сьтн ахъаз кæндзæн патриотизм æмæ
интернационализмьт иудзинадæн,
уьтмæн æмæ махæн национ нæу
æнæ интернацион æмæ интернацион
та — æнæ национ. Сьтгъдæг интер-
национализм нæй, ие æрмæст наци-
он æмæ интернационы иудзинад
уыцы иудзинадæй гуырынц, хъомыл
кæнынц æцæг адæймæгтæ.
Ацы дыууæвзагон принцип куы-
нæ бахъахъхъæнæм, уæд фæиппæрд
уыдзыстæм, бынтондæр ахаудзыс-
тæм ирон адæмы сæйраг хай —
цæгаттаг хайæ æмæ уый уыдзæн нæ
иууыл ахъаззагдæр трагеди. Уый
нæ адæмы, нæ иу адæмы специфи-
кон проблемæ у æмæ нын рохгæн-
гæ нæу.
Ахæм дыууæвзагон принцип
хъахъхъæнгæйæ, мах тыхæй никæ-
мæн хъарæм не ’взаг æмæ никæй
æвзаг кæнæм дæлдзиныг. Уадз нæ
областы цæрæд, хъуысæд, ахуьтр
цæуæд алы æвзаг дæр — барвæн-
дæй, бархийæ.
Фæстæмæ нæ, размæ цæуынмæ нын
не ’ргом здахьт национ политикæйы
тыххæй Коммунистон партийы плат-
формæйы проект. Хъуамæ национ
автономиты хæдбардзинад рауæрæх
уа, хъуамæ альт адæм дæр сæ хъыс-
мæтæн йæ хицау уой. Уый хорз у.
фæлæ фаг нæу. Фаг уымæн нæу,
æмæ Сахаров Андрей, стæй ма ин-
нæ рæстдзинадагурæг æмæ рæст-
дзинады сæрвæлтау тохгæнæг адæй-
мæгтæ цы чысьтл империтæ — цæ-
дисон республикæтæ — фауьтнц,
уыдон ныр куыд сты, афтæмæй куьт
баззайой, уæд аиуварсгонд не
’рцæудзысты нациты ’хсæн хъаугъа-
тьт аххосæгтæ, уæд чысьтл адæмты
автономитæ нырмæйа^ уыдзыстьт
колониты хуьтзæн. Хъуамæ, дам^,
чьтсыл автономитæ байдзаг уой
реалон мидисæй, фæлæ куьтд хъуа-
мæ байдзаг уой. кæд æмæ се статус
нæ аива, уæд? Ое статус та уæц
аивдзæн, кæд æмæ цæдисон респуб-
ликæтьт дæлбар нал уой, кæд æмæ
суой федерацийы субъекттæ, кæд
æмæ — уадз цæдисон республикæ-
тæ дæр ма суæд! — сæ географион
территорийьтл суой федерацийьт æм-
бар, æмсæр уæнгтæ.
Цыфæндьтдæр куынæ уа; уæддæр
бацархайьтн хъæуьт, цæмæй нæ ав-
тономи ньтры хуьтзæн ^мауал уа.
Æвæстиатæй хъуамæ райст æрцæ-
уа автоиомон областьт констйтуцй.
Уым хъуамæ фидаргонд æрц&уои
нæ областы суверенон бартæ, цьт
гæнæн ис, уьтмæй уæрæх æмæ альт-
вæрсыгæй. Дзырд дæр ьтл нæи, уьти
ньтхмæ уьтдзыстьт республйкæиы
П
разамынад æмæ цæрджыты егъау
хайы амбицитæ, чизоны, нæхи об-
ласты разамынадæй дæр бирæтæ.
Фæлæ сын уый уыдзæн фæлварæн,
экзамен — æцæг марксисттæ, æцæг
гуманисттæ сты æви нæ, æцæг сæм
культурæ ис æви нæ, æцæг рацарæз-
ты фарс хæцынц æви нæ, уый сбæ-
рæг кæнынæн.
Партийы платформæйы проект,
мæнмæ гæсгæ, дзæгъæлы хæцы цæ-
дисоц ре’спубликæты æмбæстагон
статусы фарс. Уæд хъуамæ махæй
алкæмæн дæр уа йæ хъæу, йæ са-
хар, йæ областы æмбæстагон ста-
тус. Кæд нæ, уæд цæдисон респуб-
ликæтæн дæр ма уæд. Уыцы статус
бар-æнæбары æфхæрдзæн чысыл
адæмты национ æнкъарæнтæ. Мах
не ’ппæт дæр Советон Цæдисы æ’м-
бæстæгтæ куы уæм, уæд уымæй цæ-
дисон республикæтæ æдыхдæр уы-
дзысты æви?... Æви исчи афтæ æн-
хъæл у, цæдисон республикæ —чы-
сы.д импери — цас тыхджындæр уа,
уыйас чысыл адæмтæн æнцондæр
уыдзæн? Æвзæрдæр йеддæмæ
хуыздæр — никæд!
Истори нын радта фæстаг шанс.
Кæнæ хъуамæ баззайæм æмæ суæм
адæм, кæнæ хъуамæ фесæфæм, ба-
тайæм æмæ нæ кой мауал уа. Мах
хъуамæ нæ хъысмæт скъуыддзаг
кæнæм цивилизацион методтæй, по-
литикон æмæ парламентон метод-
тæй, сырдон æмæ хъæддаг нæ, фæлæ
адæймагуарзон, гуманистон метод-
тæй. Адæм сæрибар нæ уыдзысты,
æндæр адæмы куы ’фхæрой, сæ сæ-
рибар сын куы исой, уæд. Адæм
амондджын нæ уыдзысты, æндæр
адæмы æнамондыл сæ амонд куы
аразой, уæд. Адæм адæм нæ уы-
дзысты, æрмæст сын сæхи маст куы
уа æмæ сын искæй маст куынæ уа,
уæд.
Æрымысæм зондджын рæнхъьь
тæ:
Чужого горя не бывает.
Кто это подтвердить боится,
Йли, наверно, убивает
Или готовится в убийцы.
Мах нæхи искæй марынмæ нæ
цæттæ кæнæм, — уымæй нæ хуыцау
бахизæд! — фæлæ хъуамæ кæддæр-
иддæр цæттæ уæм нæ адæмы сæри-
бар æмæ амонд бахъахъхъæнынмæ.
Цæттæ уæм фæстæмæ нæ, фæлæ
размæ цæуынмæ.
Ирон æвзаг уæззау уавæры кæй
ис, уый тыххæй 1988 азы 15-æмап-
релы пленумы куы загътон, уæд
сывзæрд хъуыды, зæгъгæ, ирон æв-
заджы тыххæй сæрмагонд къамис
сырæзæд обкомы цур. Æмæ фæс-
тæдæр сырæзт. Куыд ын фæуæрæх-
дæр кæнæм йæ функцитæ, куыд ын
раттæм цæрын æмæ рæзыны фадат,
куыд ын схæцæм йæ кадыл уæлæ-
мæ, цахæм бынат ахса иннæ æвзæ1-
ты фарсмæ — адон æмæ æндæр
фарстытыл ныхас кодтам. Уæлдай
тынгдæр нæ æндæвта, скъолаты йæ
куыд ахуыр кæной, уыцы фарст.
Иутæм дзы уыд радикалон фæндон
— хъуамæ æппæт предметтæ дæр
уой иронау, уырыссаг æвзаг æмæ ли-
тературæ та ахуыр кæной куыд
предмет, афтæ. Иннæтæм уыд кон-
сервативон фæндон — нырмæ куыд
уыд, афтæ йæ ныууадзæм, мацы
аивæм, æрмæст ирон æвзаг æмæ
литературæ ахуыр кæнынмæ фыл-
дæр нæ хъус æрдарæм (ома йæ
йæхи арæнты фæхуыздæр кæнæм).
Æртыккаг фæндон. схонæм æй «ас-
тæуккаг» фæндон (æз уыдтæн æмæ
дæн йæ фарс) — райдиан кълæсты
ахуыр цæуæд иронау, уырыссаг дзы
уæд куыд предмет, афтæ, стæй 5-æм
къласæй 8—9 кълæстæм предметтæй
иутæ (зæгъæм, истори, географи)
ахуыр кæнæд иронау, иннæтæ уы-
рыссагау, фæстаг кълæсты пред-
меттæ иууылдæр — уырыссагау.
Афтæмæй ахуырдзаутæ дыууæ æв-
заджы дæр зондзысты хорз, уыдзæн
сын яхуыргæнæн, цæрæн æмæ ку-
сæн Ирыстоны дæр æмæ Советон
Цæдисы кæмфæнды дæр. Дыууæ
æвзаджы ахæм гармони сын фадат
ратдзæн сæ мидгæнæнтæ алыварсы-
гæй раргом кæнынæн, нырыккон
культурон, цивилизацион удгоймæг-
тæ суæвынæн.
Къамис цы программæ бакуыста
— Ирон æвзаджы рæзты паддза-
хадон программæ. — уым (сæйра-
джыдæр, скъолаты тыххæй дзьт
дзырд кæм цæуы, уым) фæуæлахиз
консервативон фæндон (æндæр гæ-
нæн дзы нæ уыд, уымæн æмæ йæ
Фарсхæцджытæ уыдысты фылдæр).
Æгæрæстæмæй райдиан кълæстæ
иронау ахуыр кæной, уый тыххæй
дæр, дам, æппæтадæмон референ-
дум хъуамæ ауадзæм. Рагацау сæ
ныфс уыд, зæгъгæ, адæмы куы фæр-
сæм, уæд не сразы уыдзысты, уы-
мæн æмæ сын разамонæг «рухс-
тауджытæ» дæсгай азты дæргъы
уырнын кодтой æмæ сын ныр дæр
уырнын кæнынц, зæгъгæ, ирон æв-
заг у фæстæзады миниуæг, сæ фæн-
дæгтæ сын æхгæны уæлдæр ахуыр-
мæ, культурæ æмæ зонадмæ, сæ сы-
вæллæттæй сын скæндзæн талынг,
хъæддаг, фидиссаг адæймæгтæ.
Дæсгай азты дæргъы сын цы уыр-
нын кодтой æмæ сæ цы бауырныд-
та, уымæй та сæ æнцонæй ничи
схицæн кæндзæн. Æз мæхæдæг
цалдæр скъолайы ныййарджыты
æмбырдты уыдтæн. Ирон скъолайы
дыууæвзагон структурæйы тыххæй
сын мæ фæндон куы дзырдтон, уæд
разы уыдысты мемæ, сæ зæрдæмæ
цыд, мæ ныхмæ дзы ничи лæууыд,
фæлæ-иу фæстагмæ сæ фылдæр
загътой: раст дæ, фæлæ, нырмæ
куыд уыд, афтæмæй йæ ныууадзæм.
Æз æй хатыдтон, директортæй æмæ
ахуыргæнджытæй фæдзæхст уыдыс-
ты æмæ сæ нæ «хъыг» кодтой. Æз
директортæ æмæ ахуыргæнджыты
æмбæрстон: скъола куы аива, дыу-
уæвзагон куы суа, уæд дзы бирæтæ
ног хуызы хъуамæ рацаразой сæхи
дæр æмæ сæ куыст дæр, уый та,
ай-гъай, æнцон нæу, хуыздæр сын у,
нырмæ куыд уыдысты, афтæ уой!
Фæлæ дæ удæнцой, дæ эгоис-
тон интерестæ дæ адæмы интерестæй
уæлдæр æвæр, дæ интересты тых-
хæй адæмы интерестыл дур ныф-
фæлдах, — гъе уый не ’мбæрстон.
Кæд ирон æвзаджы программæйы
консервативон фæндон фæуæлахиз,
уæддæр ын æмткæй райсæн уыд.
Фæлæ йын æрæджиау йæ фыццаг
пунктмæ бафтыдæуыд, зæгъгæ, Хус-
&ар Ирыстоны паддзахадон æвзæг-
тæ хъуамæ уой æртæ —ирон, гуыр-
дзиаг æмæ уырыссаг. Уый къамисы
уæнгтæ се ’ппæт дæр нæ зыдтой,
уыцы нымæцы æз дæр, æмæ йæ аф-
тæмæй 1989 азы 4 сентябры сфи-
дар кодтой обком æмæ облæххæст-
ком, йæ уæлвæд газеты мыхуыр æр-
ц’ыд æмæ йæм рæхджы хъуамæ æр-
кастаид адæмон депутатты областон
сесси.
Зынбамбарæн нæ уыд, иугæр нæм
æртæ æвзаджы куы уой паддзаха-
дон æвзæгтæ, уæд ирон æвзаджы
уавæр нырмæ куыд уыд, афтæ уы-
дзæн, æмæ канд афтæ нæ, — ноджы
фыддæр фæуыдзæн. Къамисы кон-
сервативон фылдæр хай уыцы баф-
тауæн фыццаг пунктмæ кæй ба-
хаста, уымæй хахгонд цыдысты
программæйы æппæт пункттæ дæр.
Адæм æй бамбæрстой. Уымæн
сын «фæахъаз» сты, республикæйы
министрадтæ æмæ æндæр рæттæй
Гуырдзиаг æвзаджы паддзахадон
программæйы домæн сыххæст кæ-
ныны сæраппонд ардæм цы гæх-
хæттытæ æрвыстой, уыдон — хъуа-
мæ, дам, уæм хъуыддагкæнынад цæ-
уа гуырдзиагау. Уырыссагау сæм
гæххæтт чи æрвыста, уымæн æй
фæстæмæ здæхтой, кæнæ цы куырд-
та, уый йын нæ лæвæрдтой: ацу,
гуырдзиагау, дам, æй ныффысс æмæ,
дам, дæхион ахæсс! Уыдис ма дзы
æндæр «ахъазгæнæг домæнтæ» дæр.
Адæм митингтæ уагътой. Куыст
баурæдтой. Сахар схъомпал, æмбу
кодта. Сызмæлыдысты хъæутæ дæр.
Сæ домæн — Хуссар Ирыстоны
паддзахадон æвзаг хъуамæ уа ирон
æвзаг! 1989 азы 26-æм сентябры
адæмон депутатты областон сесси
куы уыд, уæд æрæмбырд сты обл-
æххæсткомы хæдзары размæ, æн-
хъæлмæ кастысты, сесси цы уынаф-
фæ рахæсдзæн, уымæ.
РАНЫХАС
Абон нæ дзуринаг — Ирон æвза-
джы рæзты программæ. Уайтагъд
æй зæгъдзынæн: программæ æмткæй
мæгуырау нæу, фыццаг пункт дзы
куынæ уаид, уæд. Уым дзырдæуы,
зæгъгæ, паддзахадон æвзæгтæ нæм
сты æртæ: ирон, гуырдзиаг æмæ уы-
рыссаг.
Уый цы амоны? Амоны, зæгъгæ,
программæ практиконæй не сæххæст
уыдзæн, гæххæттыл баззайдзæн, ам-
æйразмæ-иу ирон æвзаджы рæзты
тыххæй цы алыхуызон уынаффæтæ
рэйстæуыд, уыдонау.
Цæй, æмæ алцы дæр йæ номæй
зæгъæм. Дзæвгар объективон æмæ
субъективон аххосæгтæм гæсгæ ир-
он æвзаг уæззау уавæры ныххауд.
Анцадысты йыл æхсæнадон æмæ
социалон арæнтæй æддæмæ, сæфы
æвæгæсæг, тæригъæддаг æмæ гæв-
зыккæй.
Диссаг куыннæ у, Не скъолатæ
хуыйнынц «уырыссаг æвзагыл ах-
уыр кæм цæуы, ахæм национ скъола-
73
тæ». Гъе афтæ — канд скъолайы
нæ, фæлæ алы ран дæр — ирон ивд
цæуы уырыссаг æмæ гуырдзиагæй.
Ирон сывæллæттæ дунеимæ зонгæ
кæнынц уырыссагау æмæ гуырдзи-
агау, æрвылбон дæр телевизорæй
хъусынц уырыссаг æмæ гуырдзиаг
ныхас, чысылæй фæстæмæ сæ бау-
ырны, зæгъгæ, уыцы æвзæгты фарс-
мæ сæ мадæлон æвзаг у æнæхъæу-
æг, æнæаив, æнæэстетикон. Уымæ
гæсгæ æнæнхъæлæджы нæу, фæстаг
азты ирон литературæмæ кæй. не
’рбацыд иунæг курдиатджын про-
заик дæр æмæ поэт дæр. Национ
культурæ рæзы национ æвзагыл,
уымæн æмæ национ æвзаг хæссы
æмæ æвæры адæмы историон, куль-
турон æмæ аивадон гентæ, уыцы
гентæй гуырынц генитæ æмæ уыдон
сæ хæдуаг, се ’вæлхаттæй хъæздыг
кæнынц национ æмæ иумæйагадæй-
магон, интернацион культурæ.
Цас нæм ис махмæ разамонджы-
тæ æмæ рæнхъонтæ, юристтæ, аху-
ыргæнджытæ, дохтыртэё, кусджытæ,
зæхкусджытæ æмæ а. д., — ирон
прессæмæ фыссынц уацтæ, æгæрыс-
тæмæй ирон æвзаджы тыххæй дæр,
фыссынц уырыссагау æмæ гуырдзи-
агау, æмæ сæ редакциты кусджытæ
тæлмац кæнынц ирон æвзагмæ! Куыд
хъуамæ хонай дæхи ирон, кæд
æмæ нæ кæсыс, нæ фыссыс, нæ дзу-
рыс иронау, æмæ йыл кæд фыссыс
æмæ йыл кæсыс, уæд та куыд хъуа-
мæ уай ирон æвзаджы ныхмæ, скъо-
латы иронау ахуыр кæныны ныхмæ,
адæмон ахуырады бирæ кусджы-
тæ — æмæ канд уыдон нæ — сус-
æг-æргомæй куыд кæнынц, афтæ?
Мæ фæлтæр ныр ацæуинаг у, æмæ
нæ хъуыды кæны, зæгъгæ, искуы ис-
кæцы гæххæтт иронау рацыд облас-
ты партион æмæ советон хицæуттæй,
исчи сæ иронау доклад скодта, лек-
ци бакаст ирон адæмы раз. Æз мæ-
хæдæг, ме ’намондæн, обкомы пле-
нумты дыууæ-æртæ хатты радзырд-
тон иронау, æмæ мын сæ мæхицæн
раивын кодтой уырыссаг æвзагмæ
суагъæмæ бахæссынæн, уымæн æмæ’
æнæхъæн аппараты уыцы куыст ба-
кæнын йæ бон никæмæн у.
Æниу цы кæнын партион æмæ со-
ветон разамонджыты кой, кæд æмæ
нæ ахуыргæндтæй дæр бирæтæн —
историктæ æмæ экономисттæн, æгæ-
рыстæмæй æвзагзонджытæн дæр —
дыууæ-æртæ хъуыдыйады иронау
рæстмæ ныффыссын сæ бон нæу.
Раст мæ бамбарут, æз аххосджын
нæ кæнын, мæ мæстаг номхыгъды
кæй ранымадтон æмæ кæй нæ ра-
нымадтон, уыдон, æниу сæ куы ах-
хосджын кæнон, уæд уый дæр рæ-
дыд нæ уыдзæн. Уыдонæй чысылæй
фæстæмæ арæзтой, стæй сæхæдæг
дæр сæхицæй арæзтой интернацио-
налисттæ, æмæ не ’мбæрстой, зæгъ-
гæ, дæ мадæлон æвзаг æмæ дæ
культурæйыл дæ къух куы’ сисай,
сæ бæсты сын уырыссаг кæнæ гу-
ырдзиаг æвзаг æмæ культурæ куы
- хион кæнай, уæд уый интернациона-
лизм нæ уыдзæн, не ’мбæр’стой,
зæгъгæ, интернационализм нæу на-
цион нигилизм.
Цæмæн сын кæны мыдад бирæ
ирæттæн национ нигилизм? Уыдон
фанатиконæй уырны, зæгъгæ, æнæ
уый нæ уыдзысты нырыккон адæй-
мæгтæ, не скæндзысты службæйон,
зонадон æмæ æндæр карьерæ. Ме
’мсис поэттæй иу йе скъоладзау
чысыл лæппумæ багуыбыр æмæ йын
, тызмæгæй «зонд» амыдта: «Цæуыл-
нæ дæ фæнды гуырдзиаг къордмæ,
цæмæн цæуыс ирон къордмæ?! Ирон
никæй хъæуы, никуы хъæуы! Гуыр-
дзиагау куынæ зонай, уæд не суы-
дзынæ разамонæг, обкомы кæнæ
райкомы нымæрдар. Уæд æвзæрæй
баззайдзынæ!»
Кæд тынг мæстаг у, уæддæр ирон
æвзаг ирæттæй бирæтæн (чизоны,
сæ фылдæрæн) сси цыдæр фæстæзад
æмæ æнæфсармы синоним, æгуыдзæг
комплексы синоним. Уыдонæн сæ
фæсокæрхæджы дæр нæй, зæгъгæ,
æгуыдзæг комплекс ис сæхимæ, ис
сæм уымæн, æмæ иппæрд сты сæ уи-
дæгтæй, сæ адæмæй.Ахæм адæймæг-
тæ сты æнæмыггаг, æнæудварн, æнæ-
хæрзæгъдау. Уый у — чердæмфæн-
дыдæр æй нæ барай — национ дег-
радаци, национ быныскъуыд.
Национ нигилизм у комкоммæ фæ-
ндаг ассимиляцимæ, суырыссаг æмæ
сгуырдзиаг уæвынмæ. Зындгонд сты
Ленины дзырдтæ: «Обрусевшие ино-
родцы всегда пересаливают по ча-
сти истинно русского настроения».
Афтæ сты сгуырдзиагуæвæг æндæр
адæмты минæвæрттæ дæр, уæлдай-
дæр ирæттæ. Уыдонæн æлгъаг æмæ
фыдæхаг сты ирон æвзаг, ирон куль-
турæ, ирон æгъдæуттæ æмæ тради-
цитæ. Ахæм ирæттæ, растдæр зæгъ-
гæйæ, æнæирæттæ, куы уаиккам,
74
уый нын сæ цæст уарзы нæ бирæ
«хорзмæбæлджытæн». Дзæгъæл хуы-
мæтæджы нæ парахат кæнынц æп-
( пæт хуызты дæр сæлхæр, сæнтдзæф
идейæтæ — «бы’ндурон нацийы при-
оритет», «этникон сыгъдæгдзинад»,
архайынц æппæт амалттæй дæр, цæ-
мæй республикæйы чи цæры,
уыцы адæмты баиу кæной «иумæй-
агнацион арæзтады процессмæ», ома
уыцы адæмтæ аразой сæхион кæ,
фæлæ искæйон, аппарой сæхион æмæ
райсой искæйон, баиртæсой сæ на-
цион хæдбындур æмæ уникалондзи-
надæй, сæхи хуыз&н мауал уой.
Ахæм тырнынад — национ иухуы-
зондзинадмæ тырнынад — кæддæ-
риддæр уыд реакцион.
Афтæмæй махмæ, Ирыстоны, уы-
рыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ
хъæддыхæй, фидарæй хъахъхъæ-
нынц канд закъон нæ (иу дзы —
иумиагпаддзахадон æвзаг, иннæ —
республикæйы паддзахадон æвзаг),
канд сæхи адæмтæ нæ, фæлæ ма нæ-
хи ирон адæм дæр. Иууыл каддæр
кæнæ нæм бынтондæр кæй нæ хъа-
хъхъæнынц канд æндæр адæмтæ нæ,
фæлæ ма — æмæ уый у иууыл мæ-
стагдæр хъуыддаг — нæ йæ хъахъ-
хъæнынц нæхи адæм дæр.
Æрмæст иу фæндон — фервæзын
кæнæм не ’взаг, мæлын æй ма бауа-
дзæм — истори æмæ нын адæймагад
куыд хъуамæ ныббарой скъифтæ,
сарматтæ æмæ аланты æвзаджы
сæфт! — æрмæст уыцы фæндон нæ
феккуырсын кодта, цæмæй йын рат-
тæм паддзахадон статусдыккаг æмæ
дзы æртыккаг паддзахадон æвзаг
куыд нæ уа, афтæ. Паддзахадон
статус æвзагæн фадат дæтты, цæ-
мæй рауæрæх уой йе ’хсæнадон æмæ
культурон функцитæ, лыг æрцæуой
материалон-техникон, кадрон, пе-
дагогон æмæ æндæр æнæмæнгхъæ-
уæг фарстытæ. Уыдæттæй хъуаг не
сты нæ дæр уырыссаг, нæ дæр гуы-
рдзиаг æвзаг. Кæдæм ма сын уæ-
рæхдæр кæндзысты сæ функпитæ,
кæд æмæ областы территорийыл
уыцы функцитæн сæ 90 проценты
бæрц сæ къухмæ æрбайстой, уæд!
Ирон æвзаджы паддзахадон статус
нæ кæны æмæ не ’ркæндзæн ницахæм
дискриминацимæ. Уый мах хъæуы
æрмæст уымæн, цæмæй йын йæ кад
сбæрзонд кæнæм, фыццаджыдæр,
нæхи адæмы цæсты æмæ се ’хсæн,
цæмæй йын аргъ кæнын байдайой.
хъæуæг æмæ пайда кæй у, ууыл бау-
уæндой. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ
нæ бæстæйы алы адæм дæр сæ цæ-
рæн территорийыл се ’взаг хъуамæ
скæниккой паддзахадон.
Паддзахадон статус хъуамæ не
’взагæн фæахъаз уа, нæ областы
уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзагæн
цы функцитæ ис, уыдонæн уæд та се
’мвæз слæууынæн. Мах æй тыхæй
никæмæн хъарæм, фæлæ мах фæн-
ды, цæмæй нын нæхицæн дæр тыхæй
мацы хъарой. Мах стæм цыфæнды-
хуызон тыххъард æмæ тыхмийы ны-
хмæ дæр. Тыххъард —уый кæддæ-
риддæр у æфхæрæг æмæ ныллæг-
гæнæг, æмæ фыццаджыдæр, тых-
хъард чи кæны, уымæн йæхи æф-
хæрæг æмæ ныллæггæнæг. Не ’взаг
юридиконæй æнæмæнгхъæуæг нæ
уыдзæн нæ областы æппæт æмбæс-
тæгтæн дæр. Уадз уæд æнæ-
мæнгхъæуæг ирæттæн, уымæй дæр,
æцæг ирæттæ уæвын кæй фæн-
ды, æрмæст уыдонæн. Кæд дзы
ахæмтæ, зæгъæм, 10—15 азы фæс-
тæ разына 70 проценты бæрц, уæд
не ’взаджы паддзахадон статус
дзæгъæлы нæ фæуыдзæн. Зæрдæ-
аивæй нымайгæйæ, уал азы бæрц
бахъæудзæн ирон хъуыддагадмæ
рахизынæн дæр. Абон нæ адæм уы-
мæ нырма цæттæ не сты, фæлæ йæм
цæттæ кæнын хъæуы абон. Хъуыд-
дагад . гуырдзиагау баззайдзæн
гуырдзийæгтæн, уырыссагау — уы-
рыссæгтæн, стæй иннæ нациты ми-
нæвæрттæн дæр. Республикæйы ор-
гантæ, уагдæттæ æмæ æндæртимæ
рафысс-бафысс кæндзыстæм, стæй
областы дæр æмæ республикæйы
дæр алыхуызон нациты минæвæрт-
тимæ дзурдзыстæм уырыссагау.
Уыцы фæтк хъуамæ æххæст цæуа
æнæкъуылымпыйæ.
Историйы бархъомысæй рауад
афтæ. æмæ нын уырыссаг æвзаг фа-
дат лæвæрдта, иуæй, дунейон, уы-
рыссаг æмæ бирæнацион советон зо-
над æмæ культурæйы хæзнатæ æр-
хион кæнынæн, иннæмæй — нæ
бæстæйы алы къуымы дæр æмæ фæ-
сарæнты дæр ахуыр кæнынæн, цæ-
рынæн, кусынæн, æфсæддон служ-
бæ хæссынæн. Ирон-уырыссаг дыу-
уæвзагондзинад нын ныффæдзæхста
Хетæгкаты Къоста. Уый бындурыл
хъуамæ самайæм нæ адæмон ахуы-
рад. Уыцы хæс ныл æвæры Цæгат
75
Ирыстонимæ не ’взаг, нæ культурæ,
нæ зонад, нæ литературæ æмæ нæ
аивады иумæйагдзинад дæр. Не
’взаг æмæ нæ культурæйы ориентир-
тæ хъуамæ уой æмхуызон, хъуамæ
сæ хъахъхъæнæм æмæ сæ фидар
кæнæм. Кæрæдзийæ дардæй-дард-
дæр ма кæнæм, фæлæ кæрæдзимæ
кæнæм æввахсæй-æввахсдæр.
Кæд æмæ мах æртæ æвзаджы
скæнæм паддзахадон æвзæгтæ, уæд
æз ирон æвзагæн хорзæй цы раны-
вæзтон, уыдонæй ницы рауайдзæн,
уымæн æмæ абон, иуырдыгæй, уы-
рыссаг æмæ гуырдзиаг, иннæрды-
гæй—ирон æвзаг цы уавæры сты,
уый куы баззайа, æртæ паддзахадон
æвзаджы нæм куы уа уыцыиурæстæг,
уæд ирон æвзаджы паддзахадон-
дзинад уыдзæн фикци, адæмы са-
йæн. Уымæ гæсгæ нæм æртæ пад-
дзахадон æвзаджы уа, ууыл хъуа-
мæ ма ныйиттæг уа республикон
разамынад, уæлдайдæр ыл ма ный-
иттæг уа бынæттон разамынад.
Ныфс мæ ис, йæ удæй ’ арт нæ
цæгъддзæн, йæ’ бицъынæг нæ тон-
дзæн, цæмæй республикон разамы-
над, стæй цæдисон центрæн дæр
сбæлвырд кæна йæ иузæрдиондзи-
над, йæ прогрессивондзинад, йæ
интернационализм, æмæ ирон æвзаг
падзахадон уа, уый фарс чи хæцы,
йæ адæмы фидæн кæй æндавы, уы-
доныл та национализмы дамгъæ
нæ бацæвдзæн. Уыцы хъуыддæгтæ
нæм уыдысты нырмæ, стæй иу æмæ
дыууæ хатты мыййаг нæ. Цæвит-
тонтæ нæ хæсдзынæн, зындгонд
сты не ’ппæтæн дæр. Уымæй кæр-
зыдтой нæ адæм, кæрзыдтой дзы
уырыссаг æмæ гуырдзиаг адæмтæ
дæр, уымæн æмæ бынæттон раза-
мынад йæ быцъынæг æгæр кæй
тыдта, уый ньтн нæ адæмты ’хсæн
æвзæрын кодта æнæууæнк, хæрам,
алыхуызон фауинаг равгтæ. Хор-
зы бæсты тыдтам фыд.
Æртæ æвзаджы паддзахадон æв-
зæгтæ куы скæнæм, дыууæйæн дзы
— уырыссаг æмæ гуырдзиагæн —
сæ тыхтæ æмæ сæ гæнæнтæ фыл-
дæр æмæ хуыздæр куы сты, уæд,
æмæ сæ афтæмæй ерыс, быцæу æмæ
конкуренцийыл куы бафтауæм, —
цымæ уый зондджын уынаффæ уы-
дзæн? Кæсут, зæгъгæ, ирон æвзагæн
радтам паддзахадон статус уырыс-
саг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæн сæ
фарсмæ, æмæ дзы иутæ кæй уæлахиз
кæнынц, ирон æвзаг та састы бы-
наты кæй зайы, уый мур дæр мах
аххос нæу. Æндæр дзырдтæй, ныр
куыд у, уымæй ноджы тынгдæр
компрометацигонд æрцæудзæн. Уый
йæхирдыгонау у гадзрахат, мæн-
гарддзинад. Алы адæмæн дæр пад-
дзахадон хъуамæ уа иу æвзаг —
национ-паддзахадон баиугæнды тер-
риторийыл сæйраг нацйон миниуæг.
Æмткæй, мæ хъуыды у бæлвырд:
æртæ паддзахадон æвзаджы куы
райсæм, уæд уый амоны, æмæ ал-
цыдæр баззайдзæн нырмæйау, ома
æфхæрд, цъист æмæ ассимиляци-
гонд цæудзæн ирон æвзаг æмæ ирон
этнос.
Паддзахадон нæм иу æвзаг кæй
хъуамæ уа — ирон æвзаг, уый тых-
хæй сессийы сæрдармæ радтон гæх-
хæт, æмæ фæндон бахастон,- цæмæй
хъæлæс кæнынмæ куы ’рцæуæм,
уæд депутаттæй равзарæм нымай-
джытæ, фыццаг уал хъæлæсмæ
æвæрд æрцæуа программæйы фыц-
цаг пункт мæ редакцийæ, стæй та—
программæ æнæхъæнæй. Фæлæ
куыддæр хъæлæсмæ æрцыдыстæм,
афтæ сессийы сæрдар æвиппайды
разгъæлста:
— Чи у программæйы фарс? Уæ
къухтæ сдарут! Ауадзут сæ!
— Чи у йæ ныхмæ? Ничи!
— Чи не скодта хъæлæс? Ахæм-
тæ нæй!
— Ист æрцыд!
Ацы процедурæ æрцыд цæсты-
фæныкъуылдмæ. Æз ма фестадтæн,
йæ ныхмæ сдзырдтон, фæлæ мæм
рахъæр кодта: «Фестæм!» — æмæ
расидт улæфт. Хъæлæс чи скодта,
чи нæ скодта, чердæм скодта, цас-
æй скодтой — ничи йын ницы бам-
бæрста. Сессийы сценарий уыд лæм-
бынæг, лыстæггай хъуыдыгонд, ки-
но, — цæй кино — цирк! — рауад
сæхи фæндиаг. Сценаримæ гæсгæ
равзæрстой æмæ рауагътой ныхас-
гæнджыты дæр: иу радзырдта ирон
æвзаджы паддзахадондзинады фарс,
уæд иу кæнæ дыууæ та — йæ ных-
мæ, кæронырдæм ма дзырдтой æр-
мæст ныхмæлæуджытæ. Ирон æвзаг
паддзахадон уа, уый фарс рахæцы-
дыоты Æлборты Хадзы-Умар,
Джыккайты Æхсар, Гассеты Амы-
ран, Хъотайты Григол (цасдæр бæр-
цæй), йæ ныхмæ-рацыдысты Зæ-
гъойты Гиуæрги, Джусойты Нафи,
76
Гаглойты Юри, Мæргъиты Владй-
мир, Гатыгкоты Петр æмæ Чехой-
ты Анатоли. Бирæ диссæгтæ фæ-
дзырдтой, фæлæ мæм дзы иу бынтон
диссаг фæкаст: гуырдзиаг æвзаг,
дам, гуырдзы сæхæдæг сæхимæ пад-
дзахадон куынæ скодтаиккой, уæд-
дæр, дам, æй мах нæхимæ ’хъуамæ
скодтаиккам!
.Сессийы уынаффæ адæмы мастыл
«цæхх байзæрста». Сарæзтой
куыстуромæн комитеттæ, уагътой
митингтæ. Уыдон домдтой, цæмæй
ногæй æрæмбырд уа областон сес-
си æмæ алыг кæна канд æвзаджы
фарст нæ, — алыг кæна областы
статусы фарст, ССРЦ-йы адæмон
депутатты Уæлдæр Советы сæрма-
гонд къамис ракурыны фарст.
Домдтой ма ноджыдæр, цæмæй об-
комы фыццаг нымæрдар æмæ обл-
æххæсткомы сæрдар сæ бынæттæй
ацæуой.
Сессийæн æнæуадзгæ нæ уыд,
æмæ нысан æрцыд 1989 азы 4 но-
ябрмæ. Фæлæ мæм уыцы бон сæу-
мæйæ хæдзармæ фæдзырдтой:
«Тагъд ардæм, облæххæсткоммæ!
Тбилисмæ цæуæм, ЦК-мæ!» Цы у,
цавæр фæдис — ничи йын ницы
æмбæрста. Ныццыдыстæм Центрон
Комитетмæ, уым нæ фæдардтой
2—3 сахатмæ, нæхимæ сесси кæд
хъуамæ байдыдтаид, уæдмæ. Стæй
ауагътой бюро. Бирæ фæныхас код-
там æвзаджы тыххæй, областы ста-
тусы тыххæй, æхсæнадон-политикон
ситуацийы тыххæй. Ирон æвзаг
нæм иунæг паддзахадон æвзаг уа,
уымæн ЦК-йы фыццаг нымæрдар
уыд йæ ныхмæ. Зæрдæтæ нын
æвæрдта, зæгъгæ, автономи ничи
сæхгæндзæн, нæ национ интерестæ
нын ничи фæкъахыр кæндзæн. Тынг
хъыг мын уыд æмæ мæм æнæууæнк
сæвзæрын кодта йæ ныхас, зæгъгæ,
гуырдзиаг прессæ ирæтты тыххæй
’æвзæр кæй фыссы, уый у ирæттæн
сæхи аххос.
Бюро куы райхæлд, уынгмæ куы
рахызтыстæм, уæд чидæр нысса-
гъæс кодта: «Нæхимæ куы бацæ-
уæм, уæд адæмæн цы зæгъдзыстæм?
Цæимæ здæхæм? — æмæ йæхæдæг
дзуапп радта: — Ницæимæ».
Нæхимæ нæм хорзæй ницы æн-
хъæлмæ каст. Цас уайдзæфтæ ныл
æмбæлд! Депутатты æрæмбырд код-
тат, сæ рæстæг сын фесæфтат, фæ-
сайдтат сæ. Кæдæм цыдыстут? Цæ-
мæ? Цы нын æрбахастат? Адæмы
мæт уæ ис æви?.. Ам иу разамонæг
дæр куы нал баззад, — уæд та об-
ластыл исчи арт бафтыдта...
Уавæр карзæй-карздæр кодта.
Къуайсайы кусджытæ ныххызтысты
шахтмæ æмæ уым бадтысты æххор-
ма^æй. Цалдæр къордæй æххормаг-
гæнджытæ бадтысты сахары дæр
— театралон фæзуаты, стæй обком
æмæ облæххæсткомы хæдзæртты
раз. Æрвылбон дæр митингтæ, ми-
тингтæ...
Сесси нысан æрцыд (дыккаг
хатт!) 1989 азы 10 ноябрмæ. А ныр
байдайа, афтæ нæм, æххæсткомы
уæнгтæм, фæдзырдтой обкоммæ.
Уым уыдысты Министрты Советы
сæрдары хæдивæг, ЦК-йы хайады
гæс, паддзахадон æдасдзинады ко-
митет, мидхъуыддæгты министрад
æмæ республикæйы прокуратурæйы
минæвæрттæ. Уыдон нын дзырдтой,
зæгъгæ, сессийæн уадзæн нæй, уы-
мæн æмæ — уыдис сæм формалон
(растдæр зæгъгæйæ, формалистон)
аргументтæ — хъуамæ, дам, æй
фехъусын кодтаиккат цалдæр боны
раздæр, куыстадон коллективты, дам,
ын йæ боныфæткыл бауынаффæ
кодтаиккой, сæ фæндон, дам, загъ-
таиккой æмæ а. д. Æххæсткомы
уæнгтæ ныссуйтæ, ныггæлиртæ сты,
бæлвырд хъуыды сæм нæ уыд, æмæ
сын цы дзырдтой, уымæн — кæд сæ
нæ фæндыд, уæддæр — «о» кодтой.
Командон-бюрократон стереотип йæ
кæнон нæ уагъта.. Иугæр «уæллæг-
тæ» зæгъынц, зæгъгæ, афтæ бакæ-
нын хъæуы, уæд хъуамæ афтæ ба-
кæнæм.
Æз мæ ныхас загътон. Сесси, дам,
ауадзат, уый, дам, уæхи фæндон
нæу, — уый, дам, у иугай хæццæ-
гæнджытæ æмæ змæнтджыты фæн-
дон. Нæ, уыдон фæндон нæу, —
уый у адæмы фæндон. Сессийы цы
фарстытæ æвæрæм, уыдоныл ныхас
кодтой мæйгæйтты мингæйттæ
куыстадон коллективты æмæ æп-
пæтиумæйаг дзыллæйон æмбырдты
дæр, облæххæсткоммæ æрбарвыстой
сæ уынаффæтæ, сæ суагъæтæ, сæ
резолюцитæ, сæ ныстуантæ. Сесси
уагъд цæуы хицæн адæймæгты фæн-
донæй нæ, фæлæ царды æцæгдзи-
нады фæндонæй. Уыцы æцæгдзинад
нын амоны, зæгъгæ, сессийæн æнæ-
ауадзгæ нæй.
Амæйразмæ йæ 4-æм ноябры нæ
77
ауагътам, обком æмæ æххæсткомы
уæнгтæм, сахарон, районон коми-
тетты нымæрдартæм, æххæсткомты
сæрдæрттæм Центрон Комитет кæй
фæдзырдта, уый тыххæй. Ныр дæр
та афтæ — республикæйы разамы-
нады минæвæрттæ нæм æрбацы-
дысты, ныр дæр та нын нæ разы
цæлхдур æрæвæрдтой. Адæм æй
куыд æмбарынц? Барæй кæнынц
афтæ, цæмæй уавæр фæкарздæр уа
æмæ æркæна æнагъæддаг фæстиу-
джытæм. Уымæн авантюризм, про-
вокаци, хынджылæг йеддæмæ ницы
ис схонæн. Æмæ кæд æххæст-
комы уæнгтæн сæ фылдæрæн
тыхæй райсын кодтой уынаффæ
сесси ма ауадзыны тыххæй, уæд-
дæр æй ауагътам, — ахæм’ уыд
се ’цæг фæндон. Уый уыд æвди-
сæн, уæддæр зæрдæйæ командон-
бюрократон системæйы ныхмæ кæй
сты, уымæн. Уый радон сесси нæ уыд,
нæ дæр æнæрадон, — уый уыд уæл-
радон сесои, цард ацы сахат хъæд-
дыхæй кæй æрдомдта æмæ æнæауа-
дзгæ кæмæн нæй, ахæм сесси. Зæгъ-
гæ, уыцы бон сесов нæ ауагътам,
уæд сахары цытæ æрцыдаид,*уыдон
нын истори никуы ныббарстаид,
кæуинаггаг æмæ йын фидиссагæй
баззадаиккам. Уый нын уыдаид ху-
динаг æмæ мæлæт. Уый уыд иууыл
растдæр æмæ, бирæ азты дæргъы
фыццаг хатт (хуыцау ма зæгъæд,
æмæ фæстаг хатт!) ирон адæм сæ
рæстдзинад кæм равдыстой, ахæм
сесои!
О.бдæххæсткомы хæдзарыл æр-
хъула кодтой мидæфсæдты хæйт-
тæ — æд уартытæ, æд цæвæнгæрз-
тæ, æд хотыхтæ. Мидæмæ никæй уа-
гътой, æгæрыстæмæй депутатты
дæр. Бирæтæ дзы сессимæ баир-
вæзтысты фæстæты«сау дуæрттæй».
Æз мæхæдæг дæр ууылты бацыд-
тæн. Сесоимæ не ’рбацыдысты пар-
тион разамонджытæ æмæ æххæст-
комы уæнгтæй иуæй-иутæ, сесси
ауадзыны ныхмæ чи уыд, уыдон
(зæгъæм, обкомы дыккаг нымæр-
дар, областы агросæудæджерады
хистæр, облæххæсткомы сæрдар
æмæ æндæртæ), кæд- депутаттæ уы-
дысты æмæ сессийы æнæмæнг хъуа-
мæ уыдаиккой, уæддæр. Уыдон
дæр, «уæллæгты» фæзмгæйæ, хын-
джылæг кодтой, депутаттæй сæ чи
равзæрста, бодзтæ сæ чи скодта,
уыцы адæмæй. Æз куы загътон
78
«уæлл^егтæн». — респуб,ликæйы мй-
нæвæрттæн, зæгъгæ, бацæут сессийы
адæммæ, депутаттæм, æмæ сын зæ-
гъут, зæгъгæ, сессийæн уадзæн нæй,
æмæ кæд уемæ сразы уой, уæд ма-
хæй иу дæр уæлдай ницы зæгъдзæн,
— уый сын куы загътон, уæд алы-
хуызон æфсæнттæ скодтой, æрмæст
нæхиуæттæй цалдæры (областы про-
курор æмæ æххæсткомы уæнгтæй
дыууæйы) барвыстой, уыдон сесси-
йы адæмæн «уæллæгты» фæндон
загътой æмæ сæ хъиладзагъдæй
ратардтой. Æз абон дæр дис кæнын,
кæд «уæллæгтæ» раст уыдысты,
уæд, сæхæдæг сæ рæстдзинад адæмы
рæгъмæ цæуылнæ рахастой æмæ сæ
ууыл цæуылнæ баууæндын кодтой!
Æвæццæгæн, уымæн, æмæ сæм рæст-
дзинад нæ уыд æмæ зыдтой, зæгъгæ,
мæнгдзинадыл адæмæн (æгæрыстæ-
мæй ирон æдæмæн дæр — коло’нион
адæмæн дæр!) æууæндæн нæй. Зыд-
той, зæгъгæ, нæхи къухæй, ирæтты
къухæй, хъуамæ бакæной сæ тых-
ми, фæлæ сын дзы ницы рауад.
Сесоийы мæнæн бабæрн кодтой,
цæмæй радзырдтаин, ирон æвзаг
нæм паддзахадон уа æви ма уа, уый
тыххæй. 26-æм сентябры сессийы
цы загътон, уымæ уæлдай бафта-
уинаг ницы уыдтæн, æрмæст хъуа-
цæ хæрзцыбырæй бæлвырддæр’
загътаин, махмæ ирон æвзаджы
паддзахадондзинад иннæ æвзæгтæн
æмæ иннæ адæмтæн зиан кæй нæу,
уый тыххæй.
РАНЫХАС
Зындгонд уын куыд у, афтæмæй
ацы аз 26-æм сентябры адæмон де-
путатты областон сесоийы æрæвæрд-
там фарст ирон æвзаджы паддза-
хадон статусы тыххæй. Уыцы фарст
æрæвæргæйæ, мах нæ зæрдыл дард-
там (æмæ ныр дæр дарæм), зæгъ-
гæ, алы адæмæн дæр ис бар наци-
он хæдбæрæгкæнынæн, адæмы æв-
загæн паддзахадон статус уа æви
ма уа, уый у канд цæдисон респуб-
ликæты нæ, фæлæ ма иннæ паддза-
хадон-национ баиугæндты компе-
тенци дæр — ахæм баиугæнд та у
Хуссар Ирыстоны автономон об-
ласть дæр, социалистон æхсæнады
æмбар æмæ сæрибар сты алы æв-
заг дæр, алы этнос дæр.
Мах куыд æмбарæм не ’взаджы
паддзахадондзинад? Уый йын нæ
дæтты цахæмдæр сæрмагонд бартæ
æмæ привилегитæ. Нæ æмæ нæ. Æн-
дæр дзырдтæй, уый хъуамæ æнæ-
мæнг исинаг уа ирæттæн, уыдон æй
хъуамæ уарзой, аргъ кæной сæ адæ-
мы æвзагæн, сæ фыдæлты бир-бирæ
фæлтæрты æвзагæн, бавæрой сæ
национ хæдбындур æмæ уникъалон-
дзинад, фæлдисой йыл нацон лите-
ратурæ, культурæ, æмæ афтæмæй
хъæздыг ’кæной иумæйагадæймагон
бирæ хуызтæ æмæ бирæ хъæлæстæ,
æххæст кæной сæ национ æмæ сæ
интернацион мисси. Ирон æвзаджы
паддзахадондзинад нæ хауы гуыр-
дзиæгтæ, уырыссæгтæ æмæ æндæр-
тæм. Кæд сæ искæй хæдбарæй фæн-
ды, æмæ йæ ахуыр кæна, —ахуыр æй
кæнæд. Уый йæ бар у, фæлæ йæ хæс
нæу. Мах æнæ дæлæ-уæлæ хъусын
кæнæм, ирон æвзаг чи нæ зона, уы-
мæн æй йæ цæстмæ нæ дардзыстæм,
азымаг æй нæ кæндзыстæм, нæ йæ
хъыгдардзæн куыстмæ райсынæн,
йæ хъуыды зæгъынæн, æхсæ-
надон-политикон акциты хайад
исынæн æмæ а. д. Ирæттæ,
табу хуыцауæн, иннæ æвзæгтыл уæ-
лæхох, æнæввæрсон никуы кодтой,
кæд истæуыл уæлæхох, æнæввæрсон
кодтой, уæд фыццаджыдæр сæхи
æвзагыл. Абон, национ хиæмбарынад
рæмудзæгау куы скодта, уæд мах
нæхймидæг фесхъиудтам, фæсæццæ
стæАм, нæхи æндæргъуызон федтам.
О, мах не систæм,нæ бон нæ баци,
æмæ суыдаиккам дзæвгар объек-
тивон æмæ субъективон аххосæгты
фæстиуæгæн æцæг -ирæттæ, фæлæ
ахæм ирæттæ хъуамæ суой, хъуамæ
уой нæ фæстагæттæ. Кæннод уыдон
мах æлгъитдзысты, абон мах нæ
фыдæлты куыд æлгъитæм, афтæ,
национ уидæгтæй сæхи атоныныл,
тагъд æмæ æнæмæнг æрцæумаг
ассимиляцийыл кæй сразы сты,
уый,тыххæй. Уый мах æркодта тра~
гедимæ, гъе æмæ абон, мах чи нæ
æмбары æмæ нын нæ мæт йæ зæр-
дæмæ чи нæ исы, уыдон бар-нæбары
сты уыцы трагедиаразджытæй. Ни-
цы бындур ис уымæн, æмæ ирон
æвзаджы паддзахадондзинад искæ-
мæ æвзæрын кæна хъыг, изгард, хæ-
рам. Кæд у’ыдон искæмæ сты, уæд
æм сæ равзæрынчынд барæй, фыд-
дæрадæн, хилайда æмæ антидемок-
ратон цыбæлты сæраппонд. Махæн
æгæрыстæмæй нæ бон у, æмæ фыл-
дæр зæгъæм: кæд искæй ирæттæй
нæ фæнды, æмæ уа ирон, уæд ма
уæд, уадз йæхи фæндон æмæ йæхи
адæнкъарынадмæ гæсгæ равзар,æд-
йæхицæн кæцыфæнды æвзаг дæр,
кæцыфæнды нацийæ дæр йæхи_схо-
нæд, йæхи йыл ныффыссæд. Мах
стæм цыфæндыхуызон тыхмийы
ныхмæ дæр, уымæн æмæ тыхми у
адæймаджы дæлдзиныггæнæг, æф-
хæрæг, худинаггæнæг. Мах æрмæст
уый фæнды, цæмæй бирæ ирæттæн,
национ нигилисттæ кæй хонæм, уы-
донæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,
зæгъгæ, алы адæймагмæ дæр хъуа*
мæ уа бæрндзинад, цард ын чи радта,
уыцы ныййарæг адæмы раз, се ’взаг
æмæ сæ культурæйы фидæны раз.
Куыд уынут, афтæмæй ирон æв-
заджы паддзахадондзинад нæ ка-
йы никæй интерестæй, нæ хæссы ни-
цахæм дискриминаци. Кæд искæ-
мæй кайæм, уæд ирæттæн сæхицæй,
уымæн æмæ уыдон хъуамæ арф ба-
мбарой, зæгъгæ, се ’взаг у хъæуæг,
пайдайаг, хъуамæ йæ ахуыр кæной
æмæ йыл ахуыр кæной, хъуамæ сын
суа хадзарон æмæ æхсæнадон пра-
ктикæйы æвзаг, хъуамæ сйн суа
хъуыддаггæнæн æвзаг. Паддзаха-
дондзинад ирон æвзаджы хъæуы
æрмæстдæр уымæн, цæмæй хма фе-
сæфа, рæза æмæ алывæрсыгæй куса
областы ирон цæрджыты ’хсæн.
Хъуыддагкæнынад ныртæккæ
ирон цæрджыты ’хсæн цæуы,
сæйраджыдæр, уырыссаг æвзагыл,
кæмдæрты гуырдзиаг æвзагыл
дæр. Мах ныртæккæ цæттæ не
стæм ирон хъуыддагкæнынадмæ
рахизынмæ, уымæн хъæуы рæс-
тæг, уымæй дæр цъус нæ, фæлæ
йæ ныридæгæн хъуамæ биноныг кæ-
нæм ирæтты ’хсæн. Уым хъуамæ
тадзгæ-баргæйæ бакусæм. Куыста-
дон коллективтæ, уагдæттæ æмæ
æндæртæ бирæнацион кæй сты, уый
хынцгæйæ, растыл банымайæн уы-
дзæн алыхуызон, уыцы нымæцы
хæццæ варианттæн: ирон-гуырдзи-
аг-уырыссаг, ирон-гуырдзиаг, ирон-
уырыссаг æмæ а. д. Кæм цахæм
хъуыддагкæнынад уа, уый хъуамæ
бæрæг кæной бынæттон советтæ куы-
стадон коллективтимæ иумæ, сæ на-
цион конд, се ’взагон гæнæнтæ, сæ
фæндон куыд уа, уымæ гæсгæ.
Республикон, цæдисон æмæ обла-
стæн æддейæ æндæр органтимæ
хъуыддагкæнынад цахæм хъуамæ
уа, ууыл куы дзурæм, уæд уый хъуа-
79
Ълæ Цæуа æрмæст иу æвзагыл— уы-
рыссаг æвзагыл, ома æхсæннацион
иумæйаг æвзагыл, Советон Цæдисы
иумæйагпаддзахадон æвзагыл.
Амæйразмæ сессийы уынаффæ,
ома нæм æртæ æвзаджы уæд паддза-
хадон æвзæгтæ, уæлæрвтæм систой
газет æмæ радиойы автортæ (зæ-
гъæм, Зæгъойты Гиуæрги, Уанеты
Владимир, Мæргъиты Владимир
æмæ æндæртæ), фæлæ адæмы ба-
куырм кæнын сæ бон нæ баци, —
куырмгæнæн рæстæджытæ аивгъуы-
дтой, кæд нæма аивгъуыдтой, уæд
та хъуамæ аивгъуыйой. Абон мах
хъуамæ райсæм куырм нæ, фæлæ
уынаг уынаффæ — Хуссар Ирысто-
ны автономон областы паддзахадон
æвзаг хъуамæ уа ирон æвзаг. Уый
у куыстурæдгæнджытæ æмæ æххор-
маггæнджытæ, куыстадон коллекти-
втæ, сфæлдыстадон æмæ зонадон
интеллигенци, парти, хæст æмæ куы-
сты ветерантæ, Адæмон фронт æмæ
уæрæх дзыллæйады хъуыды æмæ
фæндон.
Куыддæр сесси йæ уынаффæтæ ра-
хаста, аф’тæ сыл республикæйы Уæл-
дæр Советы Президиум дыккаг æви
æртыккаг бон йæхи ’ ныздыхта æмæ
сæ «акъуымбил» кодта, схуыдта сæ
антиконституцион æмæ антибарадон.
Фæлæ дзы цы ис ахæмæй? Коксти-
туци нæ зæгъы, зæгъгæ, облæххæст-
комы сæрдары куыст адæм куы ба-
фауой, уæд сын йæ сисыны бар нæй.
Конституци нæ зæгъы, зæгъгæ, ис-
кæцы автономон баиугæнд йæ мадæ-
лон æвзаг паддзахадон куы кæна,
уæд ын уый бар нæй. Бар цæмæн ис,
уый антиконституцион нæу, æмæ йæ
кæд Конституци комкоммæ зæгъгæ
нæ кæны, уæд уый та амоны, зæгъ-
гæ, Конституци дзуапп нал дæтты
абоны домæнтæн æмæ уыдонмæ гæ-
сгæ, ’абоны реалондзинæдтæм гæс-
гæ, хъуамæ ногæй арæзт æрцæуа.
Уымæ цæуы æмæ æнæмæнг уымæ
æрцæудзæн хъуыддаг. Мах нæ сес-
сийы уынаффæтæй сбæлвырд код-
там, зæгъгæ, абон царды домæнтæ
не сты зноны домæнты хуызæн,
абон сталинизм æмæ брежневизмы
ныхмæ куы тох кæнæм, æцæг соци-
ализм — гуманон, демократон, рæс-
таг социализм — куы аразæм, уæд
ын аразæн нæй сталинон-брежневон
конституцион-барадон догмæтæм
гæсгæ, феодалон-казармæйон соци-
алйзмы. закъæттæм гæсгæ. Абоны
цардмæ гæсгæ, йе змæлд æмæ йæ
нысантæм гæсгæ хъуамæ уой йæ
закъæттæ дæр, кæннод рацарæзт не
суыдзæн реалондзинад.
Мах сессийы цы уынаффæтæ райс-
там, уыдон нæ агайынц æппындæр
никæй интерестæ, нæ хизынц уæвæг
реалондзинæдтæй æддæмæ. Мах æв-
заджы тыххæй раст уынаффæ кæй
райстам, уый нын уырнын кæны па-
ртийы XXVIII съездмæ СЦКП-йы
ЦК-йы платформæ: «КПСС — за
безусловное право всех народов на
свободное пользование родным язьь
кОхМ, объявление его государствен-
ным в пределах национально-госу-
дарственной автономии». Ахæм хъуы-
ды ис, ССРЦ-йы Уæлдæр Советы
æвзæгты тыххæй закъон чи цæттæ
кæны, уыцы Комитетмæ дæр. Мах
автономон областæй автономон ре-
спубликæ скæныны тыххæй раст
уынаффæ кæй райстам, уый нын ды-
зæрдыггаг нæ кæны ССРЦ-йы Пре-
зиденты ныхас ,зæгъгæ, «президен-
тон хицаудзинадæн уæлдай сагъæс-,
саг хъуамæ суой цæдисон республи-
кæты суверенитет, сæ экономикон
æмæ политикон хæдбардзинад ныф-
фидар кæныны мадзæлттæ, автоно-
мон республикæтæ, æндæр национ-
территорион баиугæндты статус
фæуæлдæр кæнын». Конкретонæй
уыцы статус куыд уæлдæр кæндзæн,
уымæн æвдисæн ССРЦ-йы Уæлдæр
Советы уæнгтæй бирæты домæн —
хъуамæ автономитæн уа цæдисон
республикæты бартæ, боныфæстаг-
мæ, хъуамæ цæдисон республикæтæ
суой.
Мах иу æмæ дыууæ хатты мыййаг
нæ дзырдтам, зæгъгæ, «Гуырдзысто-
ны ССР-йы Конституцийы (Бынду-
рон Закъоны) ивдтытæ æмæ бафта-
уинæгты тыххæй» проекты, автоно-
мон областы арæнтæ ивын æмæ рай-
онтæ дих кæнын æрмæст республи-
кæйы Уæлдæр Советы бар кæй у,
уый раст нæу. Уый сын фадатдæтты
областы хъысмæт хивастæй лыг кæ-
нынæн, суанг йæ сæхгæнынæн дæр.
Ахæм конституцион бар — сталинон-
брежневон империон бар — комком-
мæ у, национ политикæйы фæдыл
СЦКП-йы платформæйы цы уагæ-
вæрд ис, уый ныхмæ, зæгъгæ, автог
номон область кæнæ зылды арæн-
тæн ивæн нæй, сæхæдæг ыл разы
куынæ уой, уæд.
80
Мах дзырдтам, зæгъгæ, нæ обла-
сты зæхх, хæзнатæ, дæттæ æмæ а. д.
хъуамæ уой областы исад, ам чи цæ-
ры, уыдон исад. Мах ма дзырдтам
æндæр барты тыххæй дæр. Фæлæ
кæд раст уыдыстæм, — уый сбæрæг
кодтой фæстæдæр ССРЦ-йы ^Уæл-
дæр Совет зæхх æмæ исады тыххæй
цы закъæттæ рахаста, уыдон, — уæд-
дæр нын нæ рæстдзинад мурмæ дæр
не ’рдардтой —, Конституцийы ивд.
тытæ æмæ бафтауинæгты проект
сæхи куыд фæндыд, сæхицæн пайда
куыд уыд, афтæмæй йæ 1989 азы 17
ноябры сфидар кодта Уæлдæр Сове-
ты сесси. Уый нæ, фæлæ ма уыцы
сессийы равзæрстой къамис Хуссар
Ирыстоны автономийы статусы
тыххæй, ома йын йе статус фæуæл-
дæр кæнынæн нæ,—йæ сæхгæнынæн.
ССРЦ-йы Уæлдæр Совет исады
тыххæй закъон куы иста, ома зæхх
æмæ æндæртæ сты, уым чи цæры,
уыцы адæмы исад, уæд цæдисон па-
рламенты уæнг Адвадзе Валериан
дзырдта, зæгъгæ, æз мæхи æвзæр не
’нкъарын, уымæн æмæ республикæ-
йы Конституцимæ гæсгæ зæхх æмæ
æндæртæ сты æрмæст республикæ-
йы исад. Ома ССРЦ-йы Уæлдæр
Совет цыфæндыхуызон закъæттæ
дæр хæссæд. — уыдон мах республи-
кæмæ ницы бар дарынц, мах, дам,
нæхи куыд фæнды, афтæ кæндзыс-
тæм (газет «Заря Востока», 1990
азы 18 февраль).
Мах хъуыды æмæ фæндон, чысыл
адæмы хъуыды æмæ фæндон, респуб-
ликæйæн не сты нæ дæр хъуыды, нæ
дæр фæндон. Уыдон иугæндзон ’си-
дынц диалогмæ, фæлæ дын дæ ны-
хас дæ оппонент куынæ хъуса, куы-
нæ йæ хынца, развæлгъау æй йæ’хи-
цæн райсинагыл куынæ нымайа,,
уæд уый диалог нæу. Уымæн форма-
лонæй ис схонæн демократи, æцæ-
гæй та демократийк «рекламон да-
рæсы» уынæм тыхы диктатурæ, кæнæ
тыхджыны диктатурæ. Уый диалог
нæу, фæлæ монолог. Æвæццæгæн,
канд махыл не ’фтауы тас, респуб-
ликæ кæй у диалогы нæ, фæлæ мо-
нологы республикæ, плюрализмы нæ,
бирæхуызон хъуыдытæ æмæ архайд-
тыты нæ, фæлæ иу хъуыды æмæ иу
архайды республикæ. Гуырдзиаг
прессæ, радио æмæ телеуынынад
махæй цыдæриддæр дзырдтой, —
монолог. 26-æм майы бæрæгбон
нæм кæй ауагътой, — монолог. Ав-
тономийы ст&тус, мад&лон æвзаг
æмæ æндæрты тыххæй нын 4 ноябры
ЦК’йы цы загътой, — монолог. Фæ-
стæдæр, 10 ноябры нын ногæй нæ
сесси ауадзыны бар кæй нæ лæвæрд-
той, —монолог. Цахæмфæнды фарст
дæр нæ райсай, алкæмдæр—монолог.
Уыцы диктатурæ, уыцы монолог
цы у, уый нын æгæрдæр ма фенын
æмæ бавзарын кодтой, 23-æм нояб:
рæй фæстæмæ нæм цы цаутæ æрцыд,
уыдон. Уымæй размæ республикæйы
национ-сæрибаргæнæн '(æщæгæй —•
националистон, шовинистон, мень-
шевикон) змæлды бодзтæ Ленингор,
Еред æмæ æндæр рæтты ауагътой
«цæттæгæнæн» митингтæ, цы-
ран хъыхъхъагæй дзырдтой, зæгъ-
гæ, сæхгæнæм автономон область,
Ручъы тъунел, кæд ирæттæ йæ ком-
мæ нæ кæсой, уæд сæ фæсæфцæг
фæкæнæм. Дзырдтой, зæгъгæ, рæх-
джы сæм æрбацæудзыстæм сæдæ
минæй æмæ сын сæ бон базонын
кæндзыстæм.
Адæм фарстой: омæ хицауад нал
ис, закъон нал ис? Ау, афтæ æнæ-
хицау, æнæсæрбос баззадыстæм?!
«Макæ» сын цæуылнæ зæгъынц
Центрон Комитет. Уæлдæр Сове-
ты Президиум, Министрты Совет?!
Уыйкæцæй зыдтой^ æмæ национ-
сæрибаргæнæн змæлды бодзтæ æмæ
республйкæйы разамынады бодзтæн
сæ сагъæс æмæ сæ архайд афтæ
тынг ауадысты кæрæдзийы мидæг,
æмæ сын фæивддзаггæнæн нæй.
Се ’рбацæуæн бон снысан кодтой
23-æм ноябрмæ. Цы уыдзæн? Куыд
уыдзæн? Уыцы тасы фарст адæмæн
се ’нцой фесæфта. 20-æм ноябры
нæм цалдæр адæймагæй фæдзырд-
той обкоммæ, ацæут, дам, Тбилисмæ,
^бадзурут национ-сæрибаргæнæн
змæлды бодзтимæ, кæд, дам, не
’рбацæуиккой. Æз мæхи бакъултæ
кодтон, зæгъын, æнæхъуаджы цæ-
уæм, ницы дзы рауайдзæн. Фæлæ
мыл иннæтæ сбустæ кодтой, куыд,
дам, ис уый гæнæн, æмæ ма ацæ-
уай. Уыдон æнхъæлдтой, зæгъгæ,
куы ацæуæм, уæд бæстæ фæиннæр-
дæм кæндзыстæм. Мæнг ныфсытæ,
мæнг æууæнкæй куыд нæ уæгъд кæ-
нæм! V
Фембæлдыстæм. Канд бодзтимæ
нæ, — æрбахуыдтой сæ дæлбарты
дæр. Уым уыдис цалдæр лæппуйы
ардыгæй дæр, нæ сахарæй. Уыдон
•ирæтты тыххæй ахæм дзыхæй дзырд-
6. Журн. «Фидиуæг» № 5.
81
той, æмæ мæ хъустыл не ’ууæндыд-
тæн. Хуыдтой сæ бынæттон гуыр-
дзиаг цæрджыты æфхæрджытæ,
фыдгултæ, æнæуынонтæ. Æз бам-
Оæрстон: адон сæм хæссынц инфор-
маци, алывыдтæ сын дзурынц ирæт-
тæй, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ
æрбацæуой æмæ сæ «ферфæзын»
кæной. Афтæ фæнды бодзтæн сæхи
дæр — æмæ хъуамæ кæрæдзийы
æххуысæй сæ сау ми бакæной.
Гуырдзиæгтæ областы æфхæрд
уой, уый кæй хъуамæ бауырна! Зæх-
хыты хуыздæртыл уыдон цæрынц,
иууыл хъæздыгдæр— уыдон хъæу-
тæ, бæрнон бынæтты дæр ирæттæй
кæд фылдæр сты, уый йеддæмæ
къаддæр — нæ. Тæхуды, исчи сæ
куы банымаид, кæддæра ирон æмæ
гуырдзиаг цæрджыты нымæцмæ гæс-
гæ бынæттæ куыд дих цæуынц се
’хсæн. Æцæг, сæ фылдæр æрцæуæг-
гаг гуырдзиæгтæ сты, æмæ уыдон кой
куы кæниккой,уæд сæ бамбариккам.
Фæлæ уыдон кой нæ, — ирæтты кой,
цæмæй сын се ’ккой сæвæрой, æп-
пæт экономикон æмæ культурон
сферæйы нæм цы зыгъуыммæтæ, цы
деформацитæ, цы дудгæбæттæ ис,
уыдон, республикæйы разамынады.
аххосæй æмæ фыдаудæнæй мах нæ
хъуырмæ кæмæй стæм, уыцы судзаг
æмæ дудаг проблемæтæ, сæвæрой
нын сæ не ’ккой, нæхимæ дæр æмæ
ныл æддейæ дæр гуырдзыйы сар-
дауой æмæ нæ афтæмæй скуынæг
кæной. Ахæм «логикæ» сын сæ
къух аразы сæ сау ми бакæнынæн.
Уадз мæнг уæд, фæлæ дзы уыдон
скодтой рæстдзинад æмæ ма исчи
йæ ныхмæ исты зæгъæд! Уадз ирæт-
тæн сæхицæй æфхæрддæр мачи
уæд, фæлæ сын сæхи схуыдтой æф-
хæрджытæ æмæ ма сыл исчи ма
баууæндæд!
Æз Гамсахурдиа Звиад æмæ
Бакрадзе Акъакъийæн, сæ дæлбар-
тæн загътон: ирæтты тыххæй инфор-
маци исын хъæуы фыццаг къухтæй,
ома æрбацæут, фенут уавæр уæхæ-
дæг æмæ стæй хатдзæгтæ кæнут.
Исын æй хъæуы фыццаг къухтæй, —
дыккаг къухтæй нæ. Дыккаг къух-
тæ арæх вæййынц чъизи> æмæ уæд
информаци дæр кæны чъизийы
тæф. Уым цы фехъуыстон, уый чъи-
зи, æлгъаг информаци уыд ирæтты
тыххæй.
Мæ размæ чи радзырдта, уыдон
сæ куырдтой, цæмæй ма ’рбацæуой,
82
кæд цæуой, уæд та бирæйæ нае, —
цалдæрæй, бынæттон цæрджытимæ
митинг ауадзынæн. Æз бафарстон:
куы ’рбацæуат æмæ исты фыдбы-
лыз куы ’рцæуа, уæд дзуапп чи1 дæт-
дзæн?
— Чи. байдайа, уый дæтдзæн
дзуапп! — загъта Звиад.
— Æмæ чи байдайа, уый куыд
базондзыстут?
— Мæнæн ахæм лæппутæ ис, æмæ
уыдон цæстæй ницы аирвæздзæн.
Æз ма бафарстон: исты куы ’рцæ-
уа, уæд æй ирæтты ’фсон нæ фæкæн-
дзыстут? Уыдон чысыл адæм сты
æмæ стыр адæмы раз раст куыд
хъуамæ уой? Звиад дзуапп нæ рад-
та, фæлæ йæ фарсмæбадæг хын-
джылæгæй, дæлгоммæ ныхасæй аф-
тæ бакодта: мах та уыдзыстæм зы-
лынджын, иннæ рæтты нæ куыд
зылынджын кæнынц, афтæ! Ома
мах, гуырдзы, уыдзыстæм раст,
ирæттæ та — зылын.
Æз уæддæр загътон, зæгъгæ,
хуыздæр уыдзæн, ’куынæ ’рбацæ-
уат, уæд. Звиад æнцад бадт, æн- *
хъæлдтон, гуырысхо йæм сæвзæрд,
чивоны, аива йæ фæндон, фæлæ йæ
дæлбартæй иу рагæпп кодта: уый
гæнæн, дам, нæй, республикæйы
алы къуымтæм дæр, дам, фехъусын
кодтам æмæ, дам, хъуамæ рæхджы
ам уой! Звиад дæр уæлдай ницыуал
загъта.
Фембæлд а-ныр фæуа, афтæ æр-
бацыд Натадзе Нодар. Куы базыд-
та, чи стæм, цæмæ æрцыдыстæм,
уæд загъта:
— Мæ хъуыды мæнæн бæрæг у!
Мæ зæххыл цæрут, — æмæ йыл цæ-
рут, бар уын дæттын! Фæлæ ахицæ-
ны тыххæй референдум куы уа,
уæд ирон адæймаг гæххæтт хъуамæ
иуварс ма аппара, фæлæ бæлвырд
ныффысса, зæгъгæ, дæн ахицæны
фарс, уыдзынæн гуырдзыимæ.! Аф-
тæ куы нæ уа, уæд...
Уæд цы, уый рæстмæ нæ бамбæр-
стон, фæлæ мын æй цы ’мбарын
хъуыд — автономи, тъунел сæхгæн-
дзыстæм, нæ зæххæй уæ фæтæр-
дзыстæм æмæ а. д. — æрвылбон
дæр кæй хъусæм æмæ нæм диссаг
чинæуал кæсы, уыцы иугæндзон,
(Иударон, иухъуыдыйон, иухуызон,
домæнтæ.
Цæй фембæлд æмæ цæй цыдæр!
Цæй диалог! Æрмæст монолог, хуы-
мæтæг арифметикæйон архайд —
Дыууæ ^атты дыууæ цыппар куыд
у, ахæм монолог. Ме ’мбæлццæттæй
мыл нæхимæ чи сбустæ кодта, уы-
донæй мын иу афтæ: «Раст уыдтæ.
Бынтон æнæхъуаджы æрцыдыс-
тæм!»
Адæм зыдтой, зæгъгæ, ничи сæ -
бахъахъхъæндзæн æмæ хъуамæ
сæхæдæг сæхи бахъахъхъæной.
Куыддæр сыл айхъуыст, зæгъгæ, æр-
бацæуынц, афт’æ агуылф кодтой
. сахары , æрбахизæнмæ, Згъудер^1
къуылдымы. рæбынмæ, æртын —
цыппор лæппуйы дæларм-дæларм
æрлæууыдысты æм’æ сын сæ фæн-
даг æрæхгæдтой. Сæ размæ рацы-
дысты —развæлгъау дзырд уыдысты
семæ — сахар æмæ æввахс хъæуты
гуырдзиаг цæрджытæ. Иуæрдыгæй
фæйлыдтой меныневшюн тырыса
тæ, хъуыстысты хъæртæ: «Сама-
чабло—Гуырдзыстон!», «Æгас цæ.
уæд Гуырдзыстон!», Гуырдзыстоны
тыххæй зарджытæ, сыгъдыоты цы-
рæгътæ... Иннæрдыгæй фæйлыдтой
Советон Цæдисы паддзахадон тыры-
сатæ, алайнаг тырысатæ, фæлгæсыд
Ленины ныв, хъуыстысты ирон
хъайтарон зарджытæ...
Бирæ раныхас-баныхас цыд дыу-
уæты ’хсæн. Махонтæн уырнын код-
той, зæгъгæ, æрбацыдыстæм сабыра-
дон м-итинг уадзынмæ, немæ æрба-
кодтам сылгоймæгтæ æмæ сывæл-
лæттæ дæр, фæлæ уыдон кæд уы
дысты сидзæрдæтты сывæллæттæ,
’ома кæд исты фыдбылыз æрцæуа,
уæд æнæхицау сывæллæттыл æрцæ-
уæд, — сæхи сывæллæттæ миййаг
куынæ сты, ницы сæ фæрисдзæн, фæ-
лæ уыйхыгъд ирæтты равдисдзыс-
ты сывæллонмартæй, варвартæй,
хъæддæгтæй, сæхæдæг та сæхи рав-
дисдзысты гуманисттæй, сыгъдæг,'
уæздан æмæ чырыстон адæмæй. Ал-
цыдæр сын хъуыдыгонд уыд,— сыл-
гоймæгтæ æмæ сын сывæллæттæ уы-
дысты «уарт» сæ сау ми бакæнынæн
æмæ бамбæрзынæн. Сабырадон ми-
тингмæ чи цæуы, уыдон хотых-
джын нæ вæййынц, стæй сæ митинг
куынæ ауадзынц, уæд фæстæмæ аз-
дæхынц сабырæй. Уыдон та сæ
«уарт» — сылгоймæгтæ æмæ сывæл-
лæтты — дыккаг бон фæстæмæ ар-
выстой, фæлæ сæхæдæг баззадысты
ам. Цæмæ æрбацыдысты — сабы-
радон митингмæ æви хæцын-мæ, уый
рабæрæг дыкаг бон.
Бынæттон гуырдзиаг цæрджытимæ
иумæ сæвæрдтой хотыхджын пикет-
тæ канд сахармæ æрбахизæн фæн-
дæгтыл нæ, фæлæ ма гуырдзиаг
хъæуты дæр. Еред, Чъех, Курта,
Ачабет, Тамарашен, Аунеу, Нул
æмæ æндæр хъæуты цурты ацæуæн
- ьал уыд. Æддийæ дæр æмæ мидæ-
гæй дæр лæбурдтой ирон хъæутæм,
областмæ продукттæ ласын нал уа-
гътой. Автобустæ, æндæр транспорт
урæдтой, ирæттæм джигул кодтой,
сывæллон уа, зæронд уа, æвзонг
уа—иууылдæр сæ æхсæнадоЦ
агъуыстытæм тардтой æмæ сæ
цалдæргай бонты дæргъы уым уа-
залы, æххормагæй, дуарæхгæдæй
дардтой. Æхстой сæ, надтой сæ,
ихдоны-иу сæ бæгънæгæй ныххизын
кодтой... Ницахæм фашизм сæ цуры
йæхицæй нæ раппæлыдаид!
Пикетты чи лæууыд, уыдонæй
бирæтыл уыд милицæйы дарæс.
Æмæ ууыл ничи дис кодта, уымæн
æмæ республикæйы милицийы кус-
джытимæ иумæ æмхуызон архайд-
той: ирон дæ, уæд дын æххуысгæ-
нæг нæй, — æбуалгъ методтæй хъу-
амæ æфхæрд баййафай. Ирон ми-
лнцæйы аиуварс кодтой, уымæн дæр,
иннæ ирæттау, йæ кусджыты над-
той, ахстой сæ æмæ сæ кæдæмдæрты
æрвыстой.
Цы ирон хъæутæм лæбурдтой,
уырдыгæй бирæтæ сыстадысты, уа-
гътой сæ хæдзæрдтæ, сæ фос, лыгъ-
дысты сахармæ æмæ Цæгат Ирыс-
тонмæ. Лыгъдысты адæм канд хъæу-
тæй нæ,.фæлæ ма сахарæй дæр.
Лигъдæтты нымæц, дам, схызт 2
минмæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыд
бирæ фылдæр.
Адæм хуыссæджы цъынд нал
уыдтой. Гæнæн сын нал уыд, æмæ
уыдон дæр сæвæрдтой пикеттæ —
сæхи бахъахъхъæнынæн, сæхимæ
лæбурджыты ма æрбауадзынæн...
Æхсæвæй-бонæй уынгты æртытæ
пиллон калдтой, адæм дзыгуыртæ-
дзыгуыртæй лæууыдысты сæ алы-
варс. Æртæ мæйы бæрц цы ныффæ-
рæзтой, цы дудгæбæттæ федтой
æмæ бавзæрстой! Уыдон, зæгъгæ,
лыстæггаи ранымай, уæд сæ иу
егъау чиныг рауаид.
Уыцы бонты мæм Цæгат Ирысто-
ны Фысджыты цæдисæй ме ’мбал
телефонæй фæдзырдта. Цы фыдми-
тæ нын кодтой, уыдонæй мæ бафар-
ста:
— Æцæг сты уыдон?
83
— Æцæг... ,_^
— Æмæ нын худинаг нæу?!
О, худинаг, æмæ цахæм! Раз-
дæр-иу ахæм хабæрттæ куы уыд,
уæд-иу адæм худинаджы бæсты мæ-
лæт равзæрстой. О, худинагæй адæ-
мы зæрдæтæ дæнгæл кодтой, фæлæ
уæддæр сæхи урæдтой, худинагæн
быхстой, уымæн æмæ хæцгæ нæ код-
той, æрмæст сæхи хъахъхъæдтой,
афтæ куынæ кодтаиккой, уæд тугæй
бæстæ сырх адардтаид. Уый уыд
тæппуддзинад нæ, фæлæ хъæба-
тырдзинад. Уымæй хъуамæ къæм-
дзæстыг нæ, фæлæ уæм сæрыстыр,
уымæн æмæ мах рæстæджы æнæци-
вилизацион, фашистон, варварон
методтæй чи архайы, чи тох кæны,
уый хъæбатыр нæ, — уый адæймаг
нæу- Уый у æгъдау нæ, фæлæ æнæ-
гъдаудзинад. Адæймагдзинад нæ,
фæлæ æнæадæймагдзинад.
Махмæ æртæ мæйы бæрц цы æр-
цыд, уый уыд агресси, оккупаци,
блокадæ. Чысыл адæмы ныхмæ æр-
бабырстой стыр адæм, гæрзифтонг
адæм, цæмæй сæ ныцъцъист, ныд-
дæрæн кæной буарæй дæр æмæ удæй
дæр. Сæхæдæг дæр æй не ’мбæхс-
той: мах, дам, фæндыд, цæмæй, дам,
ирæттæц сæ зæрдыл æрлæууын код-
таиккам 20-æм аз. Уыдон фæндыд,
цæмæй сфæлхатт кодтаиккой, уæд
Советон хицауад нæхимæ кæй ра-
сидтыстæм, уый тыххæй нын мень-
шевиктæ æнустæм зæрдылдарынæн
кæй ныууагътой, уыцы æвирхъау
геноцид.
Сæйраг аххос куынæ бамбарай,
куынæ йæ сбæрæг кæнай, уæд хи-
цæн адæймæгты аххосæн раст аргъ-
гæнæн нæй. Æртæ мæйы бæрц мах-
мæ цы цаутæ уыд, уым хицæн адæй-
мæгтæй йæхи чи> куыд дардта, цы
æнæбарадон хъуыддаг бакодта, уы-
дон тыххæй цæуы фæдысгарæн
куыст. Æмæ цы? Аххосджынтæн сын
сæ фылдæр сты ирæттæ. Уый афтæ
кæй уыдзæн, уый мах рагæй зыдтам.
Ирон адæм хъуамæ уой аххосджын
— афтæ амоны тыхы диктатурæ, ты-
хы монолрг.
Фыд æвзæрын кæны фыд. Тыхми-
йæ æвзæры тыхми Кæй зæгъын æй
хъæуы, махмæ куы ’рбабырстой,
адæмæн фыдмитæ куы кодтой, уæд,
сæхи хъахъхъæнгæйæ, ирæттæ дæр
искæй цавтаиккой, искæй надтамк-
кой, алкæд нæ барстаиккой... Уый
сæхи аххос нæ уыд, — чи нæм æрба-
бырста, нæ адыл н& Чк н& уагътй,
уыдон аххос. -Исчи дæм куы ’рба-
бырса дæ хæдзармæ, дæ къуымтæ
дын куы ныппырх кæна, дæ бинон-
тæй дын куы хынджылæг кæна, куы
сæ мара, уæд йæ ныхмæ куы ’рлæу-
уай, куы йæ ныццæвай, кæнæ йæ
куы амарай, уæд чи» у аххосджын —
ды æви уый? Уый, æнæмæнг уый, —
кæд зæххыл рæстдзинад ис, уæд!
Уымæ гæсгæ фæдысгарæг органтæ
сæйраг аххос куынæ сбæрæг кæной,
аххосджынты куы агурой æмæ куы
уидзой, кæмæ æрбабырстой æмæ
йæхи чи хъахъхъæдта, уыдон æх-
сæн, уæд бар-æнæбары адарддæр
кæндзысты, сæ логикон кæронмæ
ахæццæ кæндзысты, чи нæм æрба-
бырста, уыдон сау фæндтæ æмæ сау
митæ. Уый, ай-гъай, рæстдзинад нæ
уыдзæн.
Аххосджын сты, фыд чи байтыд-
та, хæст чи байдыдта, уыдон.
Гуырдзиаг прессæ, радио æмæ те-
леуынынад ныл цъыф калдтой.
Дзырдтам сын, куырдтам сæ: ма
ныл æй калут. Уыдон та — нæ, кал-
дзыстæм уыл æй! Тыхми.
26-æм майы бæрæгбон нæм уа-
дзын кодтой. Дзырдтам сын, куырд-
там сæ: ма нæм æй ауадзут. Уыдон
та — нæ, ауадздзыстæм æй! Тыхми.
23-æм ноябры нæм цыдысты «са-
бырадон» митинг уадзынмæ. Дзырд-
там сын, куырдтам сæ: ма йæ ауа-
дзут. Уыдон та — нæ, ауадздзыстæм
æй! Тыхми.
Æмæ 24-æм ноябры гуырдзиаг
хъæуты сæвæрдтой пикеттæ. Идео-
логон тыхми сси физикон тыхми.
Уыцы тыхми, физикон тыхми, æр-
тæ мæйы фæстæ банцад, — хуьщау
зæгъæд, æмæ рæстæгмæ цы нæ уа!
Уыцы тыхми областы экономикæ-
йæн, хицæн æмбæстæгты мулкæн
бакодта ахъаззаг зиæнттæ. Фæлæ
уый сæйраг нæу. Уыдис ахъаззаг-
дæр зиæнттæ — уды зиæнттæ. Кæд
нæм хæцæнгарзæй цæфтæ бирæ ис,
уæддæр нæм уыдонæй бирæ фылдæр
ис мæтæй цæфтæ, мастæй цæфтæ.
Цал дзы амард æмæ ма дзы цал
амæлдзæн! Чи нæм æрбабырста, уьг
дон сты сæ марджытæ, æмæ сыл уый
тыххæй барадхъахъхъæнджытæ тæ-
рхон не скæндзысты, фæлæ сын æй
хуыцау æмæ адæм хъуамæ скæной.
Амæйразмæ мæ зонгæйыл амбæлд-
тæн:
— Куыд стут?
84
— Куыд ма уæм, зæхмæ кæсгæйæ
цæуæм.
Уый дæр амард, кæд нырма мæ-
линаг нæ уыд, уæддæр.
Физикон тыхми банцад—афтæ
уал æй зæгъæм, фæлæ не ’нцайы, не
скъуыйы идеологон, моралон, пси-
хологон тыхми. Тас у, демографон
ситуаци тынг куы аива, уымæй. Би-
рæтæн сæ зæрдæ фæхауд, тыхсынц
сæ «ныллæгсортдзинадæй» æмæ ли-
дзынц Цæгат Ирыстонмæ. Уромæг
сæ нæй. Уымæй нæхи не ’взæрмæ-
бæлджыты фæндиаг кæнæм, нæхи
сæфтмæ тæрæм. Æнæ уый дæр об-
ласты адæмы нымæц афæдзæй-афæ-
дзмæ кодта къаддæр — фыццаджы-
дæр æмæ сæйраджыдæр ирæтты ха-
рдзæй. Ирæттæ- кодтой къаддæр,
гуырдзиæгтæ — фылдæр. Ирæтд-ы
миграци цæмæй тыхджын уыдаид,
уый тыххæй сын барæй, зонгæ-зо-
нын арæзт цыдис «æппæт фадæттæ
дæр» — экономиконæй, социалонæй,
культуронæй, «æппæт фадæттæ дæр»,
цæмæй сæ цардæй, сæ уавæрæй ты-
хстаиккой. 20-æм аз 20-æм азы нæ
фæци. Уый æрмæст йæ «хæрв» аив-
та — хæцæнгарзæй сын цы нæ бан-
тыст,уый арæзтой политикон метод-
тæй.
Ныр уыцы политикæ бынтондæр
сси æргом, гуымир æмæ æнæхсæст.
Импейраг принцип «Дих æмæ хица-
уиуæг кæн!» ирдæй равдыста Цикъ-
лаури Мамукъæ (газет «Литерату-
рули Сакартвело», 1990 азы 16 ма-
ртъи). Ирæттæн, дам, ам зæхх нæй,
уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы гуыр-
дзы æрцæуæнт ардæм, амы ирæттæ
та ацæуæнт уырдæм. Абон, дам, аф-
тæ куынæ бакæнæм, уæд, дам, бай-
рæджы уыдзæн. Абон, 70 азы цæуыл
архайдтой, уый æнæмæнг хъуамæ
сæххæст уа. Æрхаста сæ фыдæлты
ныхас: «Цы бæх дæ нæ раппара, уый
у хорз». Ирæттæ йын сты бæх, сæ-
хæдæг та — барæг. Иугæр бæх йæ
барæджы æппары, уæд у æвзæр бæх.
Ирæттæ сты æвзæр бæх, æмæ хъуа-
мæ ам ма ’цæрой. Авторы «фæлгон-
цон логикæ» бæрæг у: кæнæ хъуамæ
уой хорз бæх (уой коммæгæс цагъ.
артæ) кæнæ хъуамæ ацæуой. Æр-
тыккаг вариант дзы нæй. Бæх куы
уай, уæд «дыккагсорт» кæнæ «ныл-
лæгсорт» дæ, уæдæ æндæр цы дæ!
Ирæттæм ахæм ахаст ног нæу, нæ ,
дæр 20-æм азы равзæрд. Уый нын
амоны Цикълаури Мамукъæ йæхæ-
дæг. Иæ империаг уацы кæрон æр-
хаста Хъазбеги Алыксандры уацмыс
«Хевисбери Гоча»-йæ скъуыддзаг —
йæ «рæстдзинад» бафидар кæнынæн.
Æз ирæтты тыххæй Хъазбегийы
«концепцийыл» лыстæггай нæ дзур-
дзынæн .— ууыл хъуамæ афонмæ
дæр ныффыстаиккам, ирон адæмæн
чи цы у, уый хъуамæ зоной, — фæлæ
йын йæ уацмыстыл уæлæнгай дæр
дæ цæст куы рахæссай, уæд... «Фый-
йауы мысинæгтæ»: гуырдзиаг фыс-
гæстæ сæ фос хъахъхъæнынц бирæ-
гътæй æмæ ирæттæй (хуымæтæджы
нæ цæуынц иу рæнхъыл æвæрд),
арахъхъ æрхæссынц, зæгъгæ, фæхы-
нцæм уæ, æцæгæй та хъуамæ фыр
ракурой, байсой, кæнæ йæ адавой.
Ирæттæ — сайæгой, къæрных, æнæ-
фсарм, цыфæнды æвзæрдзинад дæр
хæссынц сæ сæрмæ. «Элгуджа»:
ирон лæг Махамед цавæрдæр мæ-
хъæлонæй балхæдта черкесаг чызг
æмæ йæ ауæй кодта хиуаг Чопика-
швили Гагийæн. Гуылæвзаг, гæды-
дзураг, æнæууæнк, адæймаджы хуы-
зæн нæу — нæ дæр йе ’гъдауæй,
нæ дæр йæ миддунейæ. «Фыдымар-
æг»: ирон лæг Туга — нымудзæг,
«цæттæ у иу капеккыл йе ’фсымæры
ауæй кæнынмæ». Гуырдзиаг хъæба-
тыр абырджытæ Хуымæллæджы ба-
хсæвиуат кодтой сæ зонгæ иронмæ.
Сæ бæхтæ сын сæхимæ ныууагъта,
сæумæйæ ацыдысты Дзæуджыхъæ-
умæ, уæлдæр хицаумæ сæ банымы-
гъта. Ирæтт|æ( — уæй’гæнджьгтæ, га-
дзрахатæйцæуджытæ. «Хевиобери
Гоча»: Арагуийы æлдар Ерыстау
Нугзаримæ ирæттæ æрбабырстой
Хиумæ, «се ’взагыл хæцын нæ зыд-
той. æмæ къуымбилы иу къуыбылой-
ыл цыфæнды сусæг дæр уæй код-
той». Нугзарæн Хиуы æфсæдтæм
фæндаг бацамыдтой дыууæ ироны,
кæддæр Хиумæ чи æрлыгъд æмæ
уым чи æрцард, ахæмтæ. Хиуæг-
тимæ хæсты ирæттæ сты тæппуд- ,
тæ, хиуæгты ныхмæ иу уысм дæр
фæлæууын сæ бон нæу. Ирæттæй
æвзæрдæр ницы ис æмæ ничи ис.
Дыууæ ироны тыххæй Гоча заГъта:
«Хиу сæ сæхимæ райстой, сарæз-
той сын хæдзæрттæ, рахицæн
сын кодтой хуымтæ, схуыдтой сæ
се ’фсымæртæ æмæ сын радтой
æнцад-æнцой цард. Цæмæй нын æй
бафыстой?.. Не знæгтæн нын фæндаг
бацамыдтой махмæ, баххуыс сын ко-
дтой, цæмæй нæм æнæнхъæлæджы
85
æрбабырсой æмæ гадзрахатæй мард
æрцæуой, се ’намонды бон сæм йæ
къух чи радта, уыдон!» (Цикълаури
Мамукъæйæн ахæмтæ сты хуссай-
раг ирон адæм дæр æмæ Хъазбегийы
сценарий хъуамæ фæлхатт æрцæуа,
сæххæст уа махмæ дæр). Дыууæ
иронæн мæлæты тæрхон куы рахас-
той, уæд «сæ зонгуытыл æрхаудтой
æмæ, æрдиаггæнгæ, хатыр куырд-
той», «фыдгæнджытæй, иу йæ зон-
гуытыл бабырыд Гочамæ», фæтæ-
ригъæд, дам, мын кæн, фервæзын
мæ кæн æмæ уыдзынæн дæ цъа-
гъар. Гоча куы ницы дзырдта,
уæд — ирон адæмыл мæлæты са-
хат дæр æууæнк нæй, мæнгард
сты! — иронæн «йæ къухы ферт-
тывта хъама», хъуамæ дзы Го-
чайы амардтаид, фæлæ йыл бардз
бакалдысты, дыууæ ироны дæр ама-
рдтой. Гоча «æлгъгæнгæ каст, дур-
тæймард уæйгæнджытæ дæргъæй
кæм хуыссыдысты, уыцы бынатмæ».
О, Хъазбеги ирæттæй скодта æл-
гъаг, ныллæг, фидиссаг адæмы фæ-
лгонц, суринаг æмæ цæгъдикаг адæ-
мы фæлгонц. Уыцы фæлгонц арæз-
той Хъазбегийы размæ дæр (зæ-
гъæм, Багратион Вахушти æмæ æн-
дæртæ), ирон адæмы æхсар æмæ
кады заман, «особа»-йы заман куы
фæци, уæд. Арæзтой йæ Хъазбегийы
фæстæ дæр (зæгъæм, Джавахишви-
ли Михалы роман «Джахъойы хи-
зантæ» æмæ æндæртæ). Аразынц æй
абон дæр. Чаркъвиани Джансугъ
дзуры, зæгъгæ, балæвар дын кодтой
зæхх æмæ йыл цæр, искуыдæм уыцы
зæххæн хæссæн нæй. «Фæлæ ууыл чи
ахъуыды кодта? — фæрсы æмæ дзу-
апп дæтты: — Ничи. О, фæлæ дæм
хъуыды куынæ уа, уæд адæймаг нæ
дæ... Уæдæ, мах ис хъуыддаг цæрæ-
гойтимæ» (газет «Цъигнис самхъа-
ро», 1989 азы 27 декабрь). «Цæрæ-
гойтæ» йæм фаг нæ фæкаст æмæ
мах, ирæтты, æндæр ран схуыдта
«тугдзых цыппæркъахыг сырдтæ»,
райгуырæн бæстæ кæмæн нæй, та-
лынджы чи ис, ахæм сырдтæ (га-
зет «Тбилиси», 1990 азы 5 январь).
Ирон адæмы ахæм фæлгонц чьт-
сылæй фæстæмæ сæ зæрдæмæ ай-
сынц гуырдзиаг фæсивæд æмæ сьт
цæрæнбонтæм сбæрæг кæны махмæ
сæ ахаст, цæуы сæм фæлтæрæй-
фæлтæрмæ. Мæ зæрдыл ма лæу-
уы, 1964 азы Хуссар Ирыстоны уыд
Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы
президиумы æмбырд. Уым Бес-
тауты Гиуæрги загъта, зæгъгæ,
Хъазбеги Алыксандры уацмыстæ
гуырдзиаг скъолаты ма ахуыр
кæнæд, уымæн æмæ дыууæ адæ-
мы ’хсæн «хъомыл кæнынц» хæрам.
Гуырдзиаг фысджытæ йæ цыма
хъусгæ дæр нæ фæкодтой, афтæ сæ-
хи равдыстой.
Ирæттимæ æмарæн чи у, уыцы
адæмтæ Хъазбегийæн (æмæ канд
Хъазбегийæн нæ) не сты ирæтты
хуызæн. Уый фыста, зæгъгæ, хъуамæ
чиныгкæсджыты базонгæ кæна «Гу-
ырдзыстоны иу хай чи у, уыцы ад
æм æмæ йын хæлар сыхæгтæ чи сты,
фидæны дæр нын æнгом бастдзи-
нæдтæ кæимæ хъуамæ уа, уыцы ад-
æмты æгъдæуттæ æмæ зæрдæпы
кондимæ». Уыцы адæмтæ йын уы-
дысты цæцæн, мæхъæл æмæ æндæр-
тæ. Фæлæ ирæттæ нæ! Цалдæр ад-
æймагæй республикæйы национ-сæ-
рибаргæнæн змæлды бодзтимæ куы
фембæлдыстæм, уæд Гамсахурдиа
Звиад дзырдта, зæгъгæ, махæн
мæхъæлимæ ис тынг æнгом баст-
дзинæдтæ, мах сын цы зæгъæм, уый
бакæндзысты æнæ дæлæ-уæлæйæ.
Уымæй нæм, цыма, æртхъирæн код-
та, ома уæ цæгатаг ирæттæй ныфс
ма уæд, бахъуаджы сахат сæ мацы
æнхъæл ут, уыдонæн сæхи сæр уын-
гæджы уыдзæн, мæхъæлимæ сыи
зæххы фæдыл хъаугъатæ ис, æмæ
сын мах мæхъæлы сæ ныхмæ растын
кæндзыстæм.
Абон бирæтæ фæдзурынц, цас
хæрам, дам, сæм уыд, æмæ, дам, æй
куыд æмбæхстой! Æмбæхсгæ йæ
тынг нæ кодтой, фæлæ йын тарст-
ысты йæ раргом кæнынæй, аргъуц
кодтой командон-администратизон
системæйæ. Махæй нæ, — мах сын
аргъуцы аккаг никуы уыдыстæм.
Алыхатт гаджидаутæ уагътам хæ-
лардзинады тыххæп. Уый хæлар’-
дзинад куы уыдаид, уæд нын дуне-
йы хъизæмæрттæ нæ сæрыл пе ’рт-
ыхсын кодтаиккой. Цы зæрдæ нæм
дардтой, уый нæм равдыстой. Мах,
ирæттæ, иæхи хуызæн æыхъæлæм
алкæй дæр, æгæр рæуæууæик адæм
стæм, арф æмæ алывæрсыг уынын
æмæ фæлгъауын нæ бон нæу, Секъа
нæ хуыдта «сонтзæрдæ» адæм. Ил-
люзитæй цæрæм, æцæг хæлардзи-
надæй мæнг хæлардзинад пæ хицæн
кæнæм. Идеалисттæ стæм, — хъуамæ
реалисттæ уæм.
86
Тбилисы 1989 азы 9 апрелы цау-
ты хæдфæстæ Шеварднадзе Эдуард
фембæлд университеты ахуыргæн-
джытæ æмæ студенттимæ (мæхæдæг
æм кастæн* æмæ хъуыстон телевизо-
рæй). Уым ын загътой сæ домæн —
Хуссар Ирыстоны автономон обл-
асть æхгæд æрцæуæд! Дзуапп сын
радта: «Уый æнцон нæу». Уыцы
дзуаппæн бамбарæн уыд афтæ: ома
зын у, фæлæ уæ куы бафæнда, куы
йыл сархайат, уæд уæ къухы бафт-
дзæн. Æмæ йыл сархайдтой: Пад-
дзахадон университет, Зонæдты ак-
адеми’, Фысджыты цæдис, Кинема-
тографистты цæдис æмæ æндæр ор-
ганизацитæ автономи сæхгæныны
тыххæй сæ домæнтæ æрæвæрдтой
республикæйы Уæлдæр Советы Пре-
зидиумы раз. Бынæттон гуырдзиаг
цæрджыты ластой æмæ ласынц
Тбилисмæ бадгæ Демонстрацитæ
æмæ æххормагады акцитæ уадзын-
мæ. Уыдонмæ канд- автономи сæх-
гæныны фарст нæй, — домынц ма,
цæмæй æхгæд æрцæуа Ручъы тъу-
нел, Зонæдты академийæ æмæ Фыс-
джыты цæдисæй ист æрцæуа Джу-
сойты Нафи, ССРЦ-йы адæмон де-
путатты дыккаг съезды, Хуссар
Ирыстоны цы сау митæ цæуы, уыдон
ныхмæ цæдисон хицауад цы мадз-
æлттæ исы, уымæй мидхъуыддæгты
министры кæй бафарста,, уый тых-
хæй. Ома гуырдзыйы фарс æмæ ир-
он адæмы ныхмæ кæй нæ радз-
ырдта, уый тыххæй. Уыцы фарсты-
тыл бауынаффæ кæнынмæ нæм
1990 азы 7-æм февралы фæсидтысты
Фысджыты цæдйсы - президиумы
æмбырдмæ. Мах нæ ацыдыстæм.
Куыд ацыдаиккам?. Рацæут, уæ ав-
тономи æмæ уын уæ тъунел хъуамæ
сæхгæнæм, хъуамæ уæ *аргæвдæм, —
цыма уа уымæй æнæфсармдæр,
æнæгъдаудæр, æнæджелбеттæр хъуы-
ддаг! Мæнæ, зæгъгæ, цæрæгойтæ,
фосы мыггаг кæй стут, уый ма уын
ноджыдæр иухатт сбæлвырд кæн-
æм! . .
Уыдон ма домынц, цæмæй Нафи-
имæ иумæ Зонæдты академийæ ист
æрцæуа Джиоты Отар дæр. Цæмæн?
Ирæтты ныхмæ кæй нæ дзуры, На-
фийы ныхмæ кæй нæ сысты, уый
тыххæй. Йæхи, дам, барæй ныхъ-
хъус кодта. Æцæг, Отары сæрыл ра-
дзырдтой гуырдзиаг ахуыргæндтæ
Амагълобели Нодар, Хидашели
Шалва, Чъавчъавадзе Никъо æмæ
æндæртæ (газет «Тбилиси», 1990
азы 13 февраль). Уыдон æмткæй
раст дзурынц адæймаджы барты
тыххæй, барадон æхсæнады цæрыны
цайдагъты тыххæй. Фæлæ сæм
конкретонæй Отары бахъахъхъæн-
ынæн, йæ сæрыл рахæцынæн цахæм
аргументтæ ис? Отар, дам, кæд на-
цийæ ирон у, уæддæр каст фæци
гуырдзиаг скъола„ йе ’мкъай у гу-
ырдзиаг, йæ куыстыты фылдæр хай
ныффыста æмæ ныммыхуыр кодта
гуырдзиагау, иртасы гуырдзиаг фи-
лософты бынтæ, хъомыл кæны гуыр-
дзиаг æвзонг философты кадртæ.
Æмæ бар-æнæбары сæвзæры фарст:
гуырдзиаг скъола каст чи нæ фæуа,
йе ’мкъай гуырдзиаг кæмæн нæ уа,
гуырдзиагау чи нæ фысса æмæ а.
д., уыдонæн бахъахъхъæнæн нæй?
Уыдон та куыд кæной? Иунæг
дзуапп ын ис раттæн: уыдон не сты
хъахъхъæнинаг, уыдонæн Гуырдз-
ыстоны цæрæн æмæ кусæн нæй.
Автономи сæхгæныны фарст бы-
нæттон гуырдзиæгтæ куы ’вæрой,
уæд уый «ахадæн» куыд нæ у, фæлæ
сæм бамбалкæнын хъæуы ирæттæн
сæхи, областы æддейæ чи цæры,
уыдон. Сахарты куыстуæхгы, ор-
ганизациты, стæй хъæуты дæр ирæт-
тæм цыдысты æмæ цæуынц, сæ ра-
зы сын æрæвæрынц автономи сæх-
гæныны тыххæй ныстуан æмæ сын
зæгъынц: «Чи йыл у разы, чи йыл
æрфысса йæ къух, уый кусæд, иннæ
куыстæй ацæуæд!» Се ’ппæт нæ.
фæлæ сыл фыстой сæ къухтæ — йæ
куыст ныууадзын, йæ цард феха-
лын алкæмæн йæ бон нæу. Чизоны,
Цикълаури Мамукъæ растдæр
æмæ хуыздæр бакæнид, Дзæуджы-
хъæуы гуырдзыйы ардæм куы ’ркæ-
нид æмæ ирæтты та уырдæм куы
фæсурид, уæд нæ, фæлæ областæн
æддейæ цæрæг ирæтты ардæм куы
’рбарвитид æмæ амы гуырдзыйы та
уыдон бынатмæ куы астын кæнид,
уæд. Бæгуыдæр, уырдыгæй ардæм
не ’рбацæудзысты æмæ мадæр хъуа-
мæ æрбацæуой ирон адæмыл ха-
хуыргæнджытæ Хетагури Мзиа,
Тасойты Гиа æмæ Дудараты Бари-
сы хуызæттæ — кæд сын ирон мыг-
гæгтæ ис, уæддæр не сты ирæттæ.
Тыхы диктатурæ, тыхы монолог.
Бирæтæ рацарæзт, демократизаци
афтæ бамбæрстой: сæхи хъуамæ ма
рацаразой, æвзæрæй сæм цы ис,
ууыл сæ къух ма сисой, фæлæ ин-
87
нæрдæм, рагæй фæстæмæ сæм æвзæ-
рæй цы уыд, уый сног кæной, нырмæ
куыд уыд, уымæй йæ фæтыхджын-
дæр кæной, царды хорзæй цы уыд,
уый аппарой, æндæр дзырдтæй: ис-
тори сын уа размæдзæуæн процесс
нæ, фæлæ фæстæмæдзæуæн процесс.
Иухатт сахары бирæминон ми-
тинг куы уыд, уæд иу хъæууон зæ-
ронд лæг — æвæццæгæн, йæ чысы-
лæй фæстæмæ бирæ адæм æрмæст
мардмæ æрцæугæ кæй уыдта, уымæ
гæсгæ — бафарста: «Уагæр кæй ны-
гæнынц?!» Æз мæ мидбылты ба-
худтæн: æмбырд у, мæрддзыгой нæу.
Мæхинымæр заГътон: ныгæнЪнйх’
сæ цагъардзинад, се ’взæрдзинад,
сæ «ныллæгсортдзинад», сæ полити-
кон, экономикон, культурон, наци-
он фæстæзаддзинад. Ахæм митинг-
тæ демократийæн сты арфæйаг. Фæ-
лæ И’С æндæр митингтæ дæр, бирæ,
тынг бирæ митингтæ: ныгæнынц
хорз æмæ фидауц, рæстдзинад æмæ
гуманизм, чысыл адæмты хæдбын-
дур æмæ хæдбардзинад, сæрибар
æмæ сæрьтстырдзинад, сæ абон æмæ
сæ фидæн. Ныгæнынц сæ рацарæзты
номæй, цыма рацарæзтьг сæрвæлтау,
фæлæ уый у рацарæзты ныхмæ, ны-
гæнынц дзы рацарæзт- Уыдон коман-
дон-административон системæ хъуа-
мæ сфидар кæной сæхимæ, æмæ канд
фидар нæ, — хъуамæ йæ раздæрæй
фæтыхджындæр кæной. Сæхимæ,
ома хицæн æхсæнадон къордтæм,
нæдистæм, змæлдтытæм, хицæн
адæмтæм. Раздæр уыд иу адæйма-
джы культ, — ныр та хъуамæ уа иу
къорд, иу змæлд, иу адæмы культ.
Раздæр уыд иу адæймаджы дикта-
турæ,—ныр та хъуамæ уа иу къорд,
иу змæлд, иу адæмы диктатурæ.
Раздæр уыд иу адæймаджы моно-
лог, — ныр та хъуамæ уа иу къорд,
иу цæдис, иу змæлд æмæ иу адæмы
монолог. Уый сталинизм у, æрмæст
кæй зыдтам, уыцы сталинизмæй
быддæр æмæ тæссагдæр сталинизм.
Сталинизм иууон нымæцæй раивта
бирæон нымæцмæ, ома сси массон
сталинизм.
Тыхы диктатурæ, тыхы монолог.
Дæ хæдбардзинадыл куы дзурай,
дæ адæймагон бартæ куы домай,
ирон адæмы куы’нæ ’фхæрай, цæрæ-
гойтæ сæ куы нæ хонай, автономи
æмæ тъунел сæхгæныныл разы куы-
нæ уай, де ’взаг, дæ истори, лæ куль-
турæ куьт хъахъхъæнай, уæд — мæ-
гуыр дæ бон! — гæрзифтонгæй уæм
•бабьтрсдзыстæм, ’ скæнлзыстæм^ уьтт^
хæстон агресои, оккупаци, блокадæ,
кæнæ уæ ныццæгъддзыстæм, кæнæ
уæ фæсурдзыстæм!
Фæлæ æнæдзургæ нæй, адæм уой
æви ма уой. уыцы фарст лыг куьт
цæуы, уæд. Æнæдзургæ, æнæархай-
гæ, æнæтохгæнгæ нæй раиарæзт,
демократи æмæ æогомдзинад, гу-
манизм æмæ оæстдзинады сæрвæл-
тяу. Цæуьтн хъæуы фæстæмæ нæ,
фæлæ размæ!
Мартътт 1091
ЖОРЖ ДЮМЕЗИЛЬ
Скъифаг роман
УИ-ÆМ СÆР
СОСЛАЩ-СОЗЫРЫХЪО ÆМÆ ХУР
Сослан-Созырыхъо у æппæть!г уар-
зондæр хъайтар куыд черкестæм,
афтæ абхаз æмæ црæттæм дæр. Уый
у æнæмæлæт, цæры зæххыл, Батыра-
дзимæ абаргæйæ, хайджындæр у
зæххон адæймаджы миниуджытæй.
Чизоны, Геродот Аполлон кæй ра-
хуыдта, уыцы скифаг хуры бардуа-
джы эпикон фæдон у.
Кæд æмæ Батырадз йе сконд æмæ
йæ архайдæй скифаг Аресы æнгæстæ -
у, уæд Нарты эпосы иннæ хъайтар,
Цæгат Кавказы æппæты популярон-
дæр чи у, ирæттæ Сослан кæй хо-
нынц, черкестæ — Созырыхъо, уый
кой Геродотмæ нæй. Æцæг у, Арес
æмæ Гераклæй дарддæр, Геродот
бердзейнаг æвзагмæ цы хуыцæутты
нæмттæ раивта, — Аполлон, Афроди-
та, Посейдон æмæ афт. д., — уыдон
тыххæй нын лыстæггай ницы дзуры.
Фæлæ^уæддæр Сосланы иувæрсты
ахизæн нæй: мæ хъуыдымæ гæсгæ,
скифтæн уый æнæзонгæ нæ уыдаид,
Æз ма «Нарты кадджыты» фыс-
тон, Батрадз æмæ Сослан зæронд
хуыцæутты æнгæстæ кæй не сты -^-
уаз адæймаджы хуызтæ нæ райстой.
Мæнæ Сослан-Созырыхъойы иу&иаг,
æууæлтæ.
Æвæджиау у Сосланы райгуырд.
Уæрæх цæугæдоны былыл Сатана
æхсадта гæрзтæ, доны иннæ фарс та
æвзонг фыййау хызта йæ хъомрæ-
гъау. Фидауцджын у Сатана, хурмæ
йæ урс буар тæмæнтæ калдта. Фый-
йау Сатанайы федта, йæ туг афтæ
сцырын, æмæ йæм доны алæгæрста.
Фæлæ Сатана кæлæнгæнæджы ми-
ниуджытæй цух нæ уыд — доны уы-
лæнтæ йæхимæ раздæхта æмæ йæ
дон амбæхста. Уæд фыййау хъы-
лындзæй йæхи дурыл æруагъта.
Сатана адæттæ федта. Дур йæ зæр-
дыл бадардта æмæ нымадта
бонтæ. Иæ афон куы æрхæццæ,
уæд Сатана Куырдалæгоны дон-
былмæ æркодта æмæ йын загъта, цæ-
мæй дур ацъæл кодтаид. Куырдалæ-
гон иу цæфæн ацъæл кодта дур, æмæ
дуры хуылфæй райстой ноггуырд
сывæллоны. Сатана йæ рахуыдта
Сослан, ома — дурæй гуырд.
Сатана сывæллоны хæдзармæ ра-
хаста æмæ йæ хъомыл кодта. Стæй
сфæнд кодтой, цæмæй йæ байсæрдой.
Иу арф ададжы йæ нывæрдтой, уы-
рдæм ыл æвзалы ныккалдтой, ада-
джы кæрон сывæрдтой сæдæ куынцы
æмæ йыл сæдæ куынцæй дымынтæ
систой. Æвзалытæ куы сзынг сты,
уæд Сатана бафарста Куырдалæго-
ны:
— Сывæллонмæ ма бакæс. Нæма
худы?
Куырдалæгон Сосланмæ бакаст,
фæлæ саби æнцад хуыссыд, йæ цæ-
сгом нæ бахудызмæл. Сатана загъта,
цæмæй куынцытæ тынгдæр скусой.
Дзæвгар рæстæг рацыд æмæ та Куы-
рдалæгон лæппумæ бакаст: саби ба-
сырхуадул æмæ мидбылхудт хъазыд
йæ цæсгомыл.
Уæдл сæдæ лалымы бирæгъы æх-
сыр ауагътой бæлæгъы. Куырдалæ-
гон тæвд цæхæрæй фелвæста сырх-
зынг Сосланы æмæ йæ æхсыры нып-
пæрста. Æхсыр æгасæй дæр урс
мигъвæлм фестад. Афтæ байсæрстой
Сосланы, йæ буар æгасæйдæр сыгъ-
дæг æндон фестад. Фæлæ ма йын
æнæсæрстæй аззадысты йæ уæрджы-
тæ æмæ къахæй куы ауад, уæд зы-
лынвад рахаста. Хъулон уарзтæй
уарзта Сатана йе ’нæныййаргæ фыр-
ты. Сослан рæзти нарты фæсивæди-
мæ. Уыдис ын иу знаг — фыдбылыз.
джын Сырдон. Сослан бирæ хъæ-
батырдзинæдтæ сарызта, стæй амард,
Сырдон ыл гадзрахатæй рацыди,
афтæмæй.
Сосланы æууæлтæ бæрæг-бæрцæй
разынынц йе ’сгуыхтдзинæдты. Фыц-
цаджы дæр уал зæгъын хъæуы уый,
89
æмæ Хуры сиахс кæй уыд. Хуры
æууæлтæй хайджын кæй уыд, уый
бæрæг бæлвырддæр разынд йæ цар-
ды фæстаг заманы. Всеволод Мил-
лер 1885 азы загъта, Сосланы рай-
гуырдæн митрарон ахаст кæй ис.
Митра1 хур нæу, фæлæ йын уыи-
мæ иудзинад кæй ис, уый дæр дæ-
уццаг нæу. Уый дæр, ирон бæгъа-
тыр Сосланау, райгуырд айнæгæй,
стыр хъомысджын цæугæдонмæ æв-
вахс. Миллер зæгъы, зæгъгæ, уыцы
дон у кавказаг Аракс.
1Х-ÆМ СÆР
ТАПАТИ, ТАБИТИ, АЦЫРУХС
«Махабхарат»-ы сæйраг архай.
джытæн мыггагон.ном чи радта, уы-
дон фыдæлтæн сæ фæстаг у Куру.
Иæ ном нын дæуццаг нæу. Уый у
паддзæхты фыццаг, Ахеменидты ди-
настийы бындурæрывæрæг. Куру æр-
мæст индиаг фæлгонц нæу, фæлæ
ма у ирайнаг дæр. Ацы ирайнаг Ку-
руйыл йæ сабибонтæй фæстæмæ ис
таурæгътæ. Куруйы эпикон харак-
тер хорз разынд Геродоты историон
куыстыты. Фæлæ индиаг Куру æцæг
историон фæлгонцу? Чизоны. Фæлæ
нын æрмæджытæ уый тыххæй ницы
зæгъынц, уæддæр мæн равдисын
фæнды, Куруйы мад æмæ фыды чы-
ндзæхсæв цæмæйдæрты кæй у, Кав-
казы ма скифтæн цы фæстаг бай-
зæддаг • базз.ад -т- ирæттæ) —« уыдон
традициты хуызæн.
Гандхарва Читраратха йемæ ны-
хасгæнæджы рахуыдта Арджуну
Тапатиа, ома — Тапаты фырт. Ардж-
унмæ уый диссаг фæкаст, амæн
æмæ зыдта, Кунтийы фырт кæй у.
Уæдæ Тапати та чи у? Ацы ног ном
та кæцæй февзæрд? Гандхарва æп-
пæт дæр лæмбынæг амоны.
Тапати уыди, арв рухсæй йемы-
дзаг чи бакæны, уый чызг. Уд æмæ
буары мшшуджытæй æххæст уæвгæ,
бæстон зилы йæхимæ. Уый афтæ рæ-
сугъд у æмæ йе ’мсæр нæ дæр хуыцæ-
уттæм ис, нæ дæр дауджытæм. Иæ
фыд Хур дзы иттæг райгонд у, фæлæ
тыхсы, йе ’мсæр мойаг ын кæй нæ
ары, уый тыххæй. Хорз уыд, æмæ
разынд ахæм адæймаг —- Ваятт’ае^
Самварана, (зæгъгæ — хурæн табу^
гæнæг, Хур йе ’ргом кæмæ раздæхта.
Самварана уымæй спайда кодта.
Иухатт Самварана хъæды афтæ
бирæ фæцыуан кодта, æмæ йæ бæх ’
йæ быны йæ уд систа. Уый йæ мард
бæхы ныууагъта, дарддæр цуан код- г
та æмæ æвиппайды æруыдта чыз-
джыты рæсугъддæры. Чызг дæр иу-
нæг уыд æмæ лæппу дæр. Лæппумæ
чызг хурæнгæс рæсугъд фæкаст. Сам-
варанайæн иу уысммæ йæ цæстытыл
ауадысты йæ зонгæ сылгоймæгтæ
æмæ уыдон се ’ппæт дæр йæ цæсты-
сындз фестадысты. Тапатийы уарз-
ты ахæсты бахаугæ, чызгæн загъта
цалдæр стауæн ныхасы, фæлæ уый
ницы загъта, арвырттывдау æрбай-
сæфт.
Самварана æррайау фæстæмæ
хъæдмæ æрцыд. Чизоны-ма, ома,
иухатт фенон Тапатийы. Фæлæ фы-
дæнхъæл фæци æмæ æдыхæй зæххыл
æрхаудта. Уыцы рæстæджы та но-
гæй йæ уæлхъус февзæрд сонт рæ-
сугъд чызг, бахудти йæм æмæ йык
загъта:
— Сыст уæлæмæ, знæгты знаг æмæ
арфæйаг у. Æнæхъæн дуне дын ар-
фæ кæны, о, æппæты хуыздæр пад-
дзах.
Самварана йæ цæстытæ бай
гом кодта æмæ та йын цалдæр ста-
уæн ныхас загъта.
Æвзонг чызг æнæрхъуыды нæ уыд
æмæ йын бамбарын кодта, ома мæ
ды кæй бауарзтай, уымæй мын мæ
зæрдæ не ’ртасын кодтай. Моймæ-
дзыд нæ уыд æмæ йæм йæ фыд иугæн-
дзон йæ хъус дардта. Æмæ фыццаг
хъуамæ йæ фыды бафарстаид, ыæ-
мæй йын моймæ фæцæуыны тыххæй
бар радтаид. Паддзахæн загъта, йæ
ном Тапати кæй хуыйны. Стæй но-
гæй æрбатары, паддзах та баззад
иунæгæй, йæ хъару басаст. Æвæц-
цæгæн амардаид, йæ министртæ йæ
куынæ ссардтаиккой, уæд. Паддзах
йæ зæрдæсасты тыххæй ницы загъ-
та, фæлæ Тапатийы кæй бауарзта,
уый уæдмæ йæ дзуарылæг зыдта.
Самваранайы тæккæ цæстыразæй
Хурмæ сфардæг минæвар, цæмæй
1 Митра — рагонирайнаг æмæ ведийаг мифологийы у хур,рухс, сыгъдæгдзинад æмæ
рæстдзинады бардуаг.
90
æгъдау куыд амоны, афтæ бадзу-
рой чындзæхсæвы тыххæй. Хур уæд-
мæ йæ сиахсаджы тыххæй бæлвыр-
дæй бирæ цыдæртæ зыдта æмæ сæ ны-
хас нæ ныддаргъ. Хур æй бафарста:
— Цы дæ хъæуы? Æз дын дæ алы
ныстуан дæр сæххæст кæндзынæн.
— Æз дæ курæг дæн, цæмæй дæ
чызг Тапатийы радтай нæ паддзах
Самваранайæн.
Самварана ракуырдта Тапатийы.
Йæ. премьер министры рарвыста,
цæмæй уал уый йæ бæсты паддзахи-
уæг кодтаид. йæхæдæг йæ къаимæ
баззад хæхты æмæ йæуарзты мон-
дæгтæ уагъта.
Фæлæ йæ бæстæм кæй не ’ры-
здæхт, уый бирæ бæллæхтæ расай-
дта. Хуыцау Индра дон нал лæвæр-
дта, бирæ адæм æмæ цæрæгойтæ
ныццагъдысты, адæм хæдзæрттæй
лыгъдысты, кæрæдзийæн салам нал
лæвæрдтой, кæрæдзийæн нал æх-
хуыс кодтой.
.Уæд Вашишта иттæг тынг стыхст.
Паддзахы æмæ йæ усы хæхты ссард-
та, æркодта сæ дæлвæзмæ. Куыддæр
уыдон горæтмæ сæ къах бавæрдтой,
афтæ та алцыдæр йæ гаччы сбадт.
Индра дон радта, хорæрцыд тугыл
аскъуыд, цæрæгойтæ æмæ зайæгой-
тæ нал мардысты. Самварана æмæ
Тапати сæ паддзахады иннæ цæр-
джытимæ радысты æмæ куывдтæ
кодтой.
Ам уæ хъус уæлдай тынгдæр æр-
дарут ахæм хабармæ: паддзах Хуры
чызджы куы ракуырдта, уæд дзы
байрох сты йæ паддзахад æмæ пад-.
дзахы хæстæ. Гъе уый у йæ иунæг
рæдыд. Хуыцæутты хуыцау Индра
йæ бафхæрдта уый тыххæй, æмæ .
уый адыл йе ’хсæнад раууатмæ æр-
цыд. Самварана Хуры чызджы кæй
ракуырдта, Индра ууыл не ’смæсты,
фæлæ уый йæ паддзахады хæстæ
кæй ферох кодта, уый тьтххæй; æмæ
куыддæр йæ хæстæ æххæст кæнынмæ
æрыздæхт, афтæ та цард йæ гаччы
сбадт.
Ныр та зæгъдзынæн уый, æмæ ин-
диаг эпос «Махабхарата»-йæ цы
эпизод систон æмæ уæлдæр кæй ра-
дзырдтон, уый тынг æнгæс у ирон
«Нарты эпос»-ы иу эпизодймæ.
Уый ссадвæдыл æрхæсдзынæн Сос-
ланы царды хабæрттæй иу цау (Со-
слан мæрдтыбæсты).
...Иуахæмы Сослан бадти ныхасы.
Кæсы æмæ Уырызмæг цуанæй сæр-
гуыбыр æмæ уæнтæхъилæй æрыз-
дæхт.
— Цы фыд дыл æрцыд, Уырыз-
мæг? — бафарста йæ Сослан.
Уырызмæг афтæ:
— Ацы царды бирæ фæцардтæн,
бирæ диссæгтæ дзы федтон, фæлæ
абон цы федтон, уый — никуы-ма.
Цуан кодтон пыхсджыны. Кæсын,
æмæ цыма хур ссыгъд пыхсджыны
астæу. Бакастæн, æмæ æрдузы фед-
тон иу хъуазы. Йæ хъуын сыгъдæг
сыгъзæрин. Æхстбæрцмæ йæм ба-
хъуызыдтæн, ныхъхъавыдтæн, æмæ
аныр мæ фат суадзон, афтæ мæ фæт-
тæ фæйнæрдæмыты ныппырх сты, иу
дæр дзы нал аззад сагъæдахъы. Мæ
цирхъ фелвæстон, фæлæ цирхъ дæр
мæ къухæй фæиртæст æмæ хуыцау
йæ зонæг — цы фæци. Хъуаз уайтæк-
кæ лидзынмæ фæци. Фæстейæ йæ
асырдтон, фæлæ цыма уый зæххы
скъуыды аирвæзт.
Уыцы æхсæв нал бафынæй Сос-
лан. Райсом, бон нæма фæхицæн,
афтæ йæ нымæт йе ’уæхсджытыл
æрбаппæрста, райста æрдын æмæ
сагъæдахъ, йæ цирхъ йæ уæлæ æр-
баста æмæ, Уырызмæг сыгъзæрин
хъуаз кæм федта, уыцы пыхсджын-
мæ фæраст. Куыддæр хур скаст æмæ
йæ тынтæ пыхсджыныл сæмбæлды-
сты, афтæ Сослан кæсы, æмæ хъуаз
хизгæ уыйæрдæм æрбацæуы. йæ
сыгъзæрин хъуыныл хуры тынтæ тæ-
мæнтæ калдтой æмæ судзинтау ны-
хстысты Сосланы цæстыты.
— Ацы сырд мæ къухы куы баф-
тид, уæд нартæм мæнæй кадджын-
дæр нал уаид, — загъта йæхинымæр
Сослан.
Халæй-халмæ хъуызгæ, Сослан
æхстбæрцмæ баввахс хъуазмæ. Фат
фелвæста, æмæ йæ фехсынмæ куыд
хъавыд, афтæ йæ фат фæтары. Фæ-
лæбурдта Сослан йæ сагъæдахъмæ,
(Ьæлæ уым иу фат дæр нал аззад.
Хъуаз йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ
фæкодта.
«Æвæццæгæн мæ худинаджы бон
æрцыд» — ахъуыды кодта Сослан
æмæ йæ цирхъ фелвасгæ, иу гæппæн
хъуазы цур февзæрд. Фæлæ хъуаз
уæдмæ фесхъиудта æмæ Сау хохы
æрдæм йæхи айста.
«Нæ мын аивæрздзынæ» — загъ-
та Сослан æмæ йæ фæстейæ сурынтæ
систа. Хъуаз сау хохмæ сфардæг
æмæ иу арф лæгæты æрбайсæфт.
91
Кæцæй зыдта Сослан, хъуазы хуы-
зы Хуры чызг Ацырухс кæй бацыд
æмæ йæ авд уæиджы кæй хъахъхъæ-
дтой. Хъуазы фæдыл Сослан лæгæ-
ты уади æмæ æвиппайды йæ размæ
æруыдта авд æттæгуæлæ мæсыг. Бы-
наг уæладзыджы дуар уыд гом. Ба-
хызт æмæ бахауд уазæгдонмæ. Æр-
бадти бандоныл. Йæ сæрмæ къулыл
ауыгъд уыд бæрзбызычъийæ арызт
фæндыр. Æриста йæ къулæй, афтæ
диссаджы хорз дзы æрцагъта, æмæ
йæ цагъдмæ сырдтæ æмæ мæргътæ
тымбылтæ кодтой. Иæ фæндыры
цагъдмæ мæсыджы къултæ сæхи
бауыгътой, бахъырныдтой йын хæх-
тæ. Уæд кæцæйдæр уазæгдонмæ æр-
бауадысты дыууæ гыццыл лæппуйы.
Сослан йæ цæгъдын нæ ныууагъта,
афтæмæй сын дзуры:
— Æз Нарты Сослан дæн æмæ
гъе хæцгæ куы нæ кæнон, гъе хæр-
гæ, уæд мæ бон нæу.
Алыгъдысты лæппутæ. Суадысты
æвдæм уæладзыгмæ. Уым та авд
уæйыджы цардысты. Лæппутæ сын
загътой:
— Æнахуыр уазæг нæм æрбахауд-
та. Дæлæ уазæгдоны бады æмæ фæ-
ндырæй цæгъды. Мах æм куы ба-
цыдыстæм, уæд нын афтæ: «Æз
Нарты Сослан дæн æмæ гъе хæцгæ
куынæ кæнон, гъе хæргæ, уæд мæ
бон нæу.»
Æмæ уæд уæйгуытæ загътой лæп-
путæн.
— Уайгæут Сосланмæ æмæ йын
зæгъут: «Кæд дæ цæл хъæуы, уæд
дæм нæ мады арвитæм, кæд дæ хæст
хъæуы, уæд дæм нæ фыды арвитæм».
— Цæмæн мæ бахъуыдис минас —
загьта сын Сослан^ -4 Кæд .(хæцын-
хъом сты, уæд — хæцгæ.
Гыццыл лæппутæ уæйгуытæн Со-
сланы ныхæстæ куы рафæзмыдтой,
уæд уæйгуытæ бынмæ æрхызтысты
æмæ Сау дурыл цыргъ кæнын рай-
дыдтой, сæ мады гуыбынæй семæ цы
кæрдтæ райгуырд, уыдон.
Кæрты уыди кусартгæнæн фынг..
Уыцы фынгмæ радавтой уæйгуытæ
Сосланы, уым æй радæргъ кодтой
æмæ йæ сæ кæрдтæй цæвгæ, хъæр
кодтой.
— Æ, куыдзы фырт, уæдæ нын нæ
хъуазы ды нæ уадзыс хизын!
Знæтæй йæ цавтой сæ кæрдтæй,
фæлæ йын йе ’ндон буар цъæррæ-
мыхст дæр нæ фæкодтой. Уæйгуытæ
куы федтой, сæ кæрдтæ цъула цы
кæнынц, æндæр ын кæй ницы хъом
сты, уый, уæд æй суагътой æмæ йын
загътой:
—Бафæрсæм уал нæ хъаны, Хуры
чызг Ацырухсы, уый нын зæгъдзæ-
ни, цы аразын хъæуы, уый.
Бацыдысты уæйгуытæ Хуры чызг-
мæ æмæ йын загътой:
о —Æнахуыр уазæг нæм æрбахауд.
Иæхи Нарты Сослан хоны. Хъуамæ
йæ акусарт кодтаиккам, фæлæ дзы
нæ кæрдтæ æрду дæр нæ хъауынц.
Хуры чызг Сосланы ном куы фе-
хъуыста, уæд сын афтæ:
— Кæд уый Сослан у, уæд æз уы-
мæн нывгонд дæн хуыцауæй.
— Æмæ цы æгъдауæй базонæм,
æцæгæйдæр Сослан кæй у, уый?
— Сосланæн йæ фæсонтыл хур
æмæ мæйы нывтæ æфтыд и.
Рацыдысты уæйгуытæ уазæгдон-
мæ, Сосланы рабæгънæг кодтой æмæ
йын йæ фæсонтыл федтой хур æмæ
мæйы нывтæ. Ацырухс уый куы ба-
зыдта, уæд загъта йе ’схæссæг уæй-
гуытæн:
— Ацыт æм æмæ йæм уæхи лæгъз
дарут. Æркурут дзы мæ сæры аккаг
ирæд. Нартæ рæдау адæм сты. Стыр
ирæд дзы райсут.
Уæйгуытæ та бацыдысты Сослан-
мæ. Иæ уæхск ын рæвдаугæ æрхос.
той, ома, нæ сиахс дæ, æмæ йæм се
’взаг фелвæстой. Уый фæстæ йæ
ахуыдтой галуанмæ, æрбадтысты
бандоныл æмæ ирæды кой æркод-
той.
— Хъуамæ нын бафидай ахæм
ирæд, — загътой уæйгуытæ Сосла-
нæн. — Фурды былыл нын хъуамæ
саразай æфсæн галуан, галуанæн йæ
цыппар къуымы дæр — Аза бæласы
сыфтæ. Хъуамæ ма нын æрыскъæ-
рай æртæ сæдæ сырдтæ, иу сæдæ
дзы сæгтæ куыд уой, иу сæдæ — дзæ-
бидыртæ, иу сæдæ та алыгъуызон
сырдтæ.
Ирæдæн дзы цы домынц, уый куы
фехъуыста Сослан, уæд зæгъгæ ни-
цы кодта, фæлæ куыннæ æрынкъард
уыдаид? Сыстад, хæрзбон загъта
уæйгуытæн æмæ сæргуыбыр, уæнг-
тæхъилæй раздæхт сæхимæ. Æрыз-
дæхт сæхимæ æмæ Сатанайæн афтæ
зæгъы:
— Авд уæйыджы æвджид ис Хуры
чызг Ацырухс. Мæ къай бауа, ууыл
сразы, фæлæ мæ стыр ирæд æрдомд-
той уæйгуытæ. Хъуамæ сын фурды
былыл саразон æфсæн галуан, йæ
92
ЦЫппар фнсыны дæр Аза бæласы
сыфтæ куыд уа, стæй ма сын ноджы
хъуамæ æртæрон æртæ сæдæ сырды.
Иу сæдæ дзы хъуамæ сæгтæ уа, иу
сæдæ — дзæбидыртæ, иу сæдæ та —
алыгъуызон сырдтæ. Ахæм ирæд ба-
фидын мæ бон нæу, фæлæ мын æнæ
Ацырухс дæр фæцæрæн нæй.
— Æрбад-ма мæ цуры, — загъта
Сатана, — æмæ байхъус, цы дын
зæгъон, уымæ. Стыр ирæд дæ æр-
-домдтой, фæлæ дын æз куыд зæгъон,
афтæ куы бакæнай, уæд йæ бафи-
дын дæ бон бауыдзæн. Æфсæн га-
луан саразын æнцон у. Мæ къухда-
рæн мын аххæс, фурды былмæ ацу,
æмæ дзы уым куыддæриддæр зил-
лак хахх æркæнай, афтæ уыцы зил-
лаччы ’æфсæн- галуан фестдзæни.
Æртæ сæдæ сырды дæр æрыскъæ-
рын зын нæу. Æз дын Æфсатийæ
уадындз ракурдзынæн. Æцæг зын
хабар у Аза бæласы сыфтæ самал
кæнын — уыдон уæлион зæххыл ’не
сты. Уый мæрдтыбæсты зайы. Уы-
дон дын æрмæстдæр Мæрдты Бара-
стыр ратдзæни. Дæ мард ус Бедуха
Барастырмæ куы бахатид, уæд, чи-
зоны, уыдон дæр дæ къухты бафтик-
кой.
— Уæдæ хорзæй баззай, Æна, —
уайтагъд загъта Сослан, — æз цæ-
уын мæрдтыбæстæм.
Сатанайы дзырды бон дæр нал
фæци, афтæ Сослан йæ хъандзал
сæфтæг бæхыл абадт æмæ афардæг...
Сослан фæндагыл бирæ зындзи-
нæдтæ бавзæрста, фæлæ мæнæ тау-
рæгъы кæрон: Сослан сæххæст код-
та, цы дзы æрдомдтой, уый, æмæ
ракуырдта Ацырухсы.
«Амондджын æмæ райгондæй ца-
рди Сослан Хуры чызг рæсугъд Ацы- ^
рухсимæ. Бонтæ æмæ сыл азтæ куыд’
ивгъуыдтой, уый нæ хатыдысты. Со-
слан-иу арæх цыди Зилахары бы-
дырмæ — уым-иу Нартæ сæ хъару
æвзæрстой. Афтæмæй йыл ивгъуыд-
та рæстæг».
Фæлæ Сосланы царды сæйраг кæ-
рон æрхæстæг. Иæ мæлæты тыххæй
цы таурæгъ ис, уый хуыйны «Сос-
ланы мæлæт». Иуахæмы та цуаны
куы уыд Сослан, уæд амбæлд уæлар-
вон чызгыл — ууыл дæр цæрæгойы
хуызы, уый раздæры цауæн йæ ры-
джы дæр нæ зыны.
«Иухатт та Сослан йæ дыууадæс
æмбалимæ уыд цуаны. Зилахары
быдыры мусонг æрцарæзтой, райсо-
мæй сихормæ цуан кодтой, сихоры
фæстæ-иу æрыздæхтысты мусонгмæ
æмæ сæ фæллад уагътой. Изæры
та-ну ногæй ацыдысты цуаны. Иу-
хатт сихорыл æрцыдысты æмæ сæ
’фæллад уагътой. Тæвдæй улæфæн-
тæ нæ уыд, иууылдæр бафæллады-
сты, æрмæст ма Сослан нæ уыд фæл-
ладгъуыз. Иæ фат æмæ йе ’рдын
райста, афтæмæй иу комы фæраст.
Комы дымæджы бахæццæ иу цадмæ.
Уæд Сослан йæхинымæр ахъуыды
кодта: «Айхуызæн æнтæфы дон ны-
уазынмæ исты сырд æнæмæнг æр-
цæудзæни».
Цады был йæхи æраууон кодта
æмæ æнхъæлмæ кæсы. Цадмæ йæ
хъус даргæ, дзæвгар абадти. Æвип-
пайды йæ цæстынгас андæгъд —
хъæдæй рахызт иу æвзонг хъуаз
æмæ донмæ йæ ных сарызта. Тынг
рæсугъ уыди ацы сырд, рог æмæ
æлвæст. Сæууон стъалы тæмæнтæ
калдта йæ хъуырыл. Сослан фат æр-
дыныл авæрдта æмæ йæ гъаныр фе-
хса, афтæ хъуаз чызг фестад æмæ
йын афтæ зæгъы:
— Алыбон æгас цу, Сослан.
— Хорз амондæй æххæст у, дзæ-
бæх чызг, — загъта йын Сослан.
— Арвæй цал хатты æрцыдтæн
ардæм, цæмæй дыл искуы амбæл-
даин, Сослан. Цал азы дæм æнхъæл-
мæ кастæн, æмæ дыл æппынфæстаг
фембæлдтæн. Де ’мкъай мæ бакæн,
Сослан.
— Алы æнæхæдзары куы курон,
уæд мын нарты сыхы бынат дæр
нал сфаг уыдзæн.
— Макæ, Сослан, фæфæсмон
кæндзынæ дæ ныхæстыл, — загъта
йын чызг.
— Хæтæнты бирæ фæцыдтæн
æмæ зонын: хуытæ цъыфдзасты ху-
ыссын бирæ уарзынц. Гъемæ уыдон
се ’ппæты Сослан йæ хæдзармæ куы
кодтаид, уæд йе ’рттивгæ æндон
афонмæ сау æфсæйнаг фестадаид.
Уыцы къæйных ныхæстæ фехъус-
гæ, чызг йæ къухтыл хæрдмæ схæ-
цыд æмæ йын базыртæ фестадысты.
Сослан æй хъуамæ ацахстаид, фæ-
лæ уый уæлдæфы стахт æмæ ма
йæм æрдзырдта:
— Нарты Сослан, æз Балсæджы
чызг дæн, фендзынæ, цы сар дæ
баййафа, уый.
Атахти Балсæджы чызг йæ фыды
93
Хæдзармæ аемæ йæ фыдæн радз-
ырдта, Сослан æй куыд фæхъыг
кодта, уый. Смæсты ис Балсæг æмæ
йæ цалхæн загъта:
— Ацу, амар Сосланы!
Балсæджы цалх, зæхмæ чи æр-
хызт, хъуыды æмæ дзыхы ныхасæй
хайджын чи у, уый зæрдыл лæууын
кæны Сыгъдæг Иуаны ритуал: æр-
æджы дæр ма Европæйы арæзтой
уымы ритуал. Уыцы цалх Сосланы
къæхтæ ахауын кодта. Уæдæ афтæ,
дыууæ цæрæгойыл амбæлгæ — стæй
æрвон чызджытæ чи фестадыс-
ты — уыдонæй сæ иу Сосланæн
бавзарын кодта уарзты ад, иннæ та
йын мæлæты хос басгуыхт.
Хуры чызг Ацырухсы ном линг-
вистты æмæ фольклориртасджыты
цæстæнгас йæхимæ раджы æркæс-
ын кодта. Уый иттæг рагон у, миф-
ологон традициты баззайæццæгты
æвдисæн. Номы дыккаг хай у
«рухс», йæ фыццаг хай «ацы»-
йыл та æмбæлæм дины лексикæйы,
ирон мифологийы та — æпщеты
стырдæр гениты нæмттимæ. Уæдæ
Ацырухс æмном у ахæм ныхæстæн:
«уаз рухс», «хуыцауысконд рухс».
Чизоны Ацырухс муртаккаг рæс-
тæджыты баззайæццаг у æмæ дуа-
джы номыл дзурæг у. Фæлæ цавæр
дуаг уыдаид уый? Цæмæй уымæн
сдзуапп кæнæм, уый тыххæй зонын
хъæуы, ирон адæмон сфæлдыстады
Хурæн цавæр бынат ис. Уый адæмы
хъуыддæгты фæзыны рухсы фæрцы,
адæм æй зонынц бинонты хистæр-
æй. Дины цæстæнгасæй куы кæсæм,
уæд артдзæст ирæттæм вазыгджын
хабар у. Вазыгджын æмæ бирæ
цæуылдæрты дзурæг у ирон къо-
найы рæхыс. Уыцы рæхысæн ис
сæрмагонд дуаг нæлгоймаджы ном-
имæ — Сафа. Всеволод Миллер
зæгъы, зæгъгæ, Сафа у рæхысы
бардуаг. Къонайы рæхыстæ сын уый
уары. Х1Х-æм æнусы-ма ныййар-
джытæ сæ сывæллæтты куы фынæй
кодтой, уæд сæ Сафайæ фæдзæхст-
ой. Уыдон-иу сæ иу къухæй рæхысыл
хæцыдысты, иннæмæй та сывæл-
лæтты сæртæ даудтой. Уый та афтæ
амоны, ома-иу сын се ’фцджытыл
æрцауыгътой Сафайы арфæйы аму-
лет. Каремы æртыккаг бон-иу куыр-
дадзмæ ахастой æфсæйнаджы чыс-
ыл |гæппæлтæ æмæ-иу ’сæ куырд
сзынг кодта. Уый фæстæ-иу куы
94
æруазал сты, уæд сæ, заёлдаджы
гæппæл, бæмбæг æмæ сырдонцъиуы
фаджысимæ æвæрдтой чыссæты.
Уыцы чыссæ-иу бафтыдтой сывæл-
лоны хъуырыл. Рæхысмæ, дам, чъи-
зи къухæй куы бавналай, уæд сы-
вæллæттæ буархæрæг низтæй рын-
чын кæнынц. Адæм рæхысыл хæц-
гæ, табу кодтой Сафайæн. Чындз-
æхсæвы рæстæджы-иу, лæппу йæ
фыды хæдзарæй цалынмæ нæ ацыд
уæдмæ хъуамæ ныххæцыдаид. йæ
усаджы къухыл, æртæ зылды æр-
кодтаиккой къонайы алыварс æмæ’
хæрзбоны нысанæн рæхысыл сæ
къухтæ авæрдтаиккой. Каисты хæ-
дзарьГдæр уыцы æгъдау арæзтой
Сафайы номæй.
Уæдæ афт’æ, артдзæсты æфсæн-
дзауматæ иууылдæр баст сты Сафа-
йы номимæ, уыцы спецификæ нын
амоны йæ ахаст куырддæм, уыцы
ахастæн та ис мификон æмæ ритуа-
лон характер.
Рæхыс æмæ æфсæйнæгты кой куы
нæ кæнæм, уæд артдзæст фыццаджы -
фыццагдæр у арт æмæ цыфæнды
арт та баст у Хуры номимæ. «Арт»
рацыд иумиаг ирайнаг уидаг «ат-
ра»-йæ. Термин «артдзæст»-ы та-
буйаг нысаниуæг сыгъдæг ирон у —
Æрт-хурон, (дыгуронау — æртхор-
он). Æртхурон нысан кæны «Хуры
бинонты арт», растдæр зæгъгæйæ
та — «Хуры лæппу арт». Ромæг-
тæ-иу фæд-фæдыл бирæ хуыцæут-
тæм куы куывтой, стæй-иу æппæты
фæстæ Авестайы ном куыд ракод-
той, афтæ ирæттæ дæр фæстагмæ
сæ куывды ссарынц сæ Артдзæсты
ном. Ракувынц фæндаггæгтæн, сæ
уæзгуытæн, адæмы цæрæнбон, сæ
ис сæ бонæн, стæй куывдтытæ бал-
хынцъ кæнынц Артдзæсты номæй.
1876-æм азы Гатиты Б. дзырдгай
ныффыста ахæм куывд: «О Хур —
æтхурон, ды Хуыцаумæ æввахс дæ
æмæ дæ курæг стæм, цæмæй нын
схай кæна бæркад æмæ йæ арфæ.»
Дзырд «Хуратхурон» Гатийы фырт
раивта афтæ, цыма уый нысан кæны
«арт», «Хуры æмбал», æцæгæй та
йæ фæрсын хъæуы «Хурæртхурон
(Гатийы фырт «А» æмæ «Æ»-йы
хицæндзинад нæ бамбæрста)». Ацы
термины дыууæ хатты ис Хуры ном:
Хур-Арт æмæ Хуры фырт.
В. Миллер зæгъы, зæгъгæ, ацы
ном у термин «Æртхуроны» вари-
анТт&й иу, аемаё, дам, уæд зæххон
арты уынын хъæуы уæларвон арты
æууæлтæ; уый, дам, дæуццаг уымæн
нæу, æмæ Æртхурон у буары низты
бардуаг — адæмы <уырнындзинад-
мæ гæсгæ, уыдон та комкоммæ дæр
баст сты Хуры зынгимæ. Æппæт
уыдæттæм гæсгæ, гæнæн ис æмæ
Зæхмæ æрхизæг æмæ зæххон адæй-
магæй смойгæнæг тæмæнтæкалæг
Хуры чызгæн кæддæр комкоммæ
цыдæр бастдзинад уыд, ныртæккæ
дæр ма ирон хæдзары .æфсинæн цы
бартæ ис, уыимæ. Ирæттæ афтæ
фæзæгъынц: «Ус хъуамæ уа хæдза-
рæн йæ гыццыл хур, йæ зæды хай,
бæстæ чи тавы йæ алфæмбылайы».
Нæ хъуыдытæн фæстиуджытæ
аразгæйæ,- зæгъæн ис — Ацырухс,
Хуры чызг, зæххон бæгъатыры би-
нойнаг, баст у табуимæ æмæ рахызт
легендæмæ. Уый у фæстаг «Вес-
та» — бердзейнагау æй афтæ хоны
Геродот. Уый уыдис ’ Пантеоны
сæргълæууæг. Геродот дæр афтæ
нымайы, ома Веста уыди скифты
успаддзах.
Сæйраг скифаг хуыцæутты ном-
хыгъды Геродот æрхаста Вестайы
ном дæр, скифагау Табити хуыйны.
Уый тынг æввахс у индийаг Тапат-
имæ (Хуры чызг). Санскритаг мив-
дисæг «Тапати»-йы (тавын) ирон
^эквивалент у «тавын» (тæвд). Ге-
родот нæ дзуры, зæгъгæ, Табиты
Хуры кæнæ æндæр искæцы хуыцауы
чызг у, йе искæй бинойнаг у. Нæ
дæр бердзейнаг эквиваленттæ хæс-
сы. Геродоты чиныджы Табитийæн
нæй мифологон ра’взæрд. Гъо, фæ-
лæ уæддæр зæгъæн ис, паддзæхты
династийы Табити мифологон роль
кæй хъаЗы. ПаддзаЗс йданфйре
зæгъы, зæгъгæ, æз ме ’лдарыл ны-
майын æрмæстдæр Зевсы, мæ фыд-
æлы, æмæ скифаг успаддзах Вес-
тайы. Æвæццæгæн, Веста — Табити
у Хуры чызг Ацырухсы æмсих.
Ахæмтæ сты, ирайнаг æмæ инди-
йаг мифологиимæ æнгом баст чи у,
уыцы ирон æмæ скифаг таурæгътæ.
Хуры чызг Ацырухс смой кодта
Сосланæй, Тапати та — Самварана-
йæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, индийаг
æмæ ирон эпосы æхсæн стыр хиц-
æндзинæдтæ ис. Индийаг истори би-
рæ элегиондæр у. Ис ын генеалоги-
он характер, ома таурæгъы нысан
дыууæ цардæмбалы амондыл нæу,
фæлæ сæ фырт куыд райгуырд, уый
тыххæй. Йæ райгуырды фæстæ сæ
ныййарджытæ нал разынынц, сæ
дарддæры царды хабæрттæй ни-
цыуал базонæм. Ирон историйы та
сæйраг хъайтар уыд æмæ сæйраг
хъайтарæй баззад Сослан. Ацырух-
сæй йын сывæллæттæ уыд? Чизоны,
фæлæ уый тыххæй эпосы ницы
дзырдæуы. Дарддæр, индийаг исто-
рийы æмкъæйтты царды æнамонд
хабары кой нæй, ирон историйы та
афтæ нæу. Хуры чызгимæ йæ тæху-
диаджы фембæлды фæстæ, Сослан
йе ’намондæн амбæлы Балсæджы
чызгыл æмæ йæ уый- бабын кæны.
Ацы хицæндзинæдтæн, кæй зæгъын
æй хъæуы, афтæ бамбарæн ис, æмæ
Сослан æмæ Самваранайы хабæрт-
тæ æмхуызон ситуациты кæй не
’рцыдысты. Кæд æмæ Сослан нарты
кадджыты иттæг егъау бынат ахсы,
уæд Самварана та индийаг эпосы у
эпизодон фигурæ.
Юмор æмæ сзтирæ
ДЖИОТЫ ПАВЕЛ
Пешкæтæ
Юморескæ
Шахмæтты урс фигурæтæ фысы-
мæн стъолыл æвæрдæй баззадысты
æмæ фæхъæлæба сты. Уым диссаг-
æй ницы ис, ныртæккæ ахæм рæс-
тæг у. Бирæтæ дзурынц сæ бартыл.
— Æз мæ ном хъуамæ фæивон, —
сдзырдта пешкæ, — кæннод мæнæй
æдыхдæр чи у, уыдон дæр æдзух
иешкæ-пешкæ фæкæнынц. Ды, дам,
не ’ппæтæй хуымæтæгдæр фигурæ
дæ.
— Æмæ афтæ нæу? — йæ сæр ра-
зилгæйæ, бамыр-мыр кодта бæх.
— Афтæ фæуæд, фæлæ хатт хъаз-
ты хъысмæт пешкæтæ аскъуыддзаг
кæнынц.
— Уæд мын дæ гыццыл сæр æрба-
хухулæг уæд,- — йæ даргъ фындзы
бынæй æрбасым-сым кодта Пыл.
Уыцы иу къахдзæф зоныс размæ æмæ
ууыл дæ дзул лæвæрд фæвæййы.
Æз кæцыфæнды дæрддзæгмæ дæр
цæуын размæ-фæстæмæ. Кæй бай-
йафын, уымæн мын додой йæ къона
фæкæны, нæ мын аивæрзы. «Пыл»
мæ æнæхъуаджы нæ хонынц. Фигу-
рæтæй ма кæмæн ис ахæм кад?
Паддзах (Карол) дæрддзæф лæу-
уыд, стæй æнæуый дæр фæуæзхъус
æмæ сын сæ ныхæстæй ницы бам-
бæрста.
— Æвæдза, мæ хуызæн фигурæ
нæй. Алырдæм дæр цæуын æмæ ма-
рын! — райхъуыст ферзы хъæлæс.
— Уæдæ сымах фесгуыхтыстут,
æз та нымады нал дæн, — смæсты
Ладья. — Чи уæ цæуы мæнау раз-
мæ-фæстæмæ, галиуырдæм-рахисæ-
рдæм. Кæмфæнды дæр тых кæнын
мæ ныхмæлæуджытыл.
— Уагæр афтæ мæнау цæуын зо-
никкат, — йæ сæр батылдта бæх.
— Уæдæ, уæдæ, сиргæ нæ рацæй-
уайыс. Уыцы «Г» хуызæнæй, фæн-
даг дын ис æмæ... Иуæрдæм дæр «Г»
æмæ иннæрдæм дæр «Г», — загъта
Пешкæ.
Бæх цæхгæр фæзылд, хъуамæ Пе-
шкæйы ахордтаид, фæлæ уæдмæ йæ
раздæры бынатæй иу къахдзæф
акодта.
— Цы, уый зоныс, — нал фæллæу-
уыд Пешкæ, — кæд афтæ æхсар-
джын дæ, уæд ма фысымæн зæгъ
æмæ хъазты рæстæджы куы рæдийа,
уæд йæ коммæ мауал кæсæм, кæн-
нод састы баййафæм? Æмæ ныл нæ
ныхмæлæуджытæ мауал худой.
—Разы дæн. Зæгъæм нæ хъуыды
хицауæн, — йæ раздæры бынатмæ
æрæздæхгæйæ, загъта Бæх.
— Зæгъ, зæгъ хицауæн, — сдзырд-
той иннæтæ дæр. Æрмæст фигурæ-
тæй сæ иу ницы сдзырдта. Хъуын-
тъызгондæй ракаст. Кæддæр ын
Пешкæ бауайдзæф кодта æмæ йæм
фыд-зæрдæ хæссы.
Уæдмæ фæзынд хицау, Шахмæтты
фигурæты цур фæбадт, стæй фæй-
нæг фæфæлдæхта æмæ къоппы сæ
дзыгъал-мыгъул ссыд.
— Цæмæннæ исты загътай хица-
уæн? — фæрсы Пешкæ Бæхы, йæхæ-
дæг, тыхулæфтгæнгæйæ, йæ бынæй
сбырыди.
—■ Цы йын зæгъон, — смыр-мыр
кодта Бæх. — куы мæм фæмæсты
уа, уæд мæ мæ бынатæй азыввытт
ласдзæн. Мæ хуызæн фигурæтæ
йæм бирæ 1йс æмæ дзы æндæр æрæ-
вæрдзæн.
— Гъе æмæ уын уый куы зæгъын,
сымах иууылдæр пешкæтæ стут,
уæд уæ нæ бауырны. Хицауы кæ-
дæм бафæнда, уырдæм уæ бассон-
дзæн. Пылтæ æмæ уæ бæхтæ хо-
нæнт. Æцæгæй та хицауы къухы
пешкæтæ стут.