/
Текст
Отсканировано в июле 2025 года
специально для эл. библиотеки
паблика «Бæрзæфцæг»
(«Крестовый перевал»).
Скангонд æрцыд 2025 азы июлы
сæрмагондæй паблик «Бæрзæфцæг»-ы
чиныгдонæн.
ВКОНТАКТЕ пИр://ук.сот/Ьаггатсад
ТЕЛЕГРАМ пИр5://т..те/Ьаггатсад1
Æагсийм Никьала
2)жиойгьг Таглинсе
Эзос/зьааса&ы Зсеиасе
и^гоя севзаужы
чинш
5-аш кълассен
Сфидар æй кодта Республикæ
Цæгат Ирыстон — Аланийы Иу-
мæйаг æмæ профессионалон ахуы-
рады министрад
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ «ИР» 2002
81. 2 Осет-9
Д-41
Джиоты Г., Дзодзыккаты 3.
Д—41 Ирон æвзаджы чиныг 5-æм къласæн. Дзæуджы-
хъæу: Ир, 2002—166 ф.
Джиоева Г. X., Дзодзикова З.Б.
Учебник осетинского языка для 5-го класса.
81.2 Осет-9
© Джиоева Г.Х., Дзодзикова З.Б., 2002
д 4306020200 - 31
М131 (03) - 02
18ВК 5-7534-0727-7
2
Нысæнттæ бæрæг кæнынц:
Ц] — æнæмæнг бахъуыды кæнинаг теоретикон
æрмæг.
I | — теоретикон æрмæг фæлхат кæнынæн кæнæ
æрмæстдæр æмбарынæн.
У — фæлтæрæнтæ, бакусинæгтæ уæлæмхасæн куыс-
тæн.
П — таблицæ.
НР — фæлтæрæнтæ ныхасы рæзтæн.
Дзырды сæрмæ:
* — йæ нысаниуæг амынд цæуы чиныджы кæрон;
1 — йæ растфыссынад бацамонын;
2 — фонетикон анализ скæнын;
3 — дзырды хæйттæ рахицæн кæнын;
1 — хъуыдыйад йæ уæнгтæм гæсгæ равзарын.
3
ÆВЗАГ - АДÆМÆН СÆ КÆРÆДЗИЙЫ
ÆМБАРЫНЫ СÆЙРАГ ФÆРÆЗ
1 фæлтæрæн. Бакæсут аргъау. Хи ныхæстæй йæ радзурут. Æвзаг адæй-
маджы царды цавæр бынат ахсы, уый тыххæй уæ хъуыдытæ зæгъут.
Раджыма-раджы цардысты æртæ æфсымæры. Иу
хатт цуаны ацыдысты æмæ, сæхи зæххы арæнтæй куыд
ахызтысты, уый зонгæ дæр нæ бакодтой. Афтæмæй
бахаудысты кæлæнгæнæгмæ. Уый сын загъта: «Мæ
сырдты мын кæй фæцагътат, уый тыххæй æнæ фыд-
былызæй нæ баззайдзыстут». Æфсымæртæй алкæмæн
дæр бар радта равзарын, цы фыдбылыз æм æнхъæлмæ
кæсы, уый, ома цæстæй, хъусæй кæнæ 'взагæй фæцух
уæвын.
Арвыстой сæ алырдæмыты. Хъуамæ сæ хæдзæр ба-
цагурой. Хæдзармæ фыццаг æрбахæццæ куырм æмæ
æвиппайды йæ цæстытæй ракаст. Бирæ фæстæдæр йæ
хæдзарыл сæмбæлд къуырма æмæ хъусын райдыдта.
Фæлæ, чи багомыг, æмбаргæ æмæ дзургæ чи нал код-
та, уыцы æфсымæр хæдзармæ нал æрыздæхт.
Æвзаг у адæмæн сæ кæрæдзийы æмбарыны
сæйраг фæрæз. Æвзаджы фæрцы адæм кæрæдзийæн
хъусын кæнынц сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, сæ
зонындзинæдтæ.
2 фæлтæрæн. Диктант чиныгмæ гæсгæ. Куыд фысгæ у, уый тыххæй
бакæсут чиныджы 158 фарсыл.
Хъæздыг истори ис ирон адæмæн. Уый дзурæг у, нæ
фыдæлтæ — скифтæ-сæрмæттæ - алантæ —бирæкъабаз-
джын кæй уыдысты, ууыл. Уыдон цардысты Дон—Днеп-
4
ры бæстæйы, Сау денджызы цæгат былгæрæтты, Хъы-
рымы, Цæгат Кавказы.
Нæ рагон фыдæлтæ кодтой зæххы куыст æмæ дард-
той фос. Уыдис сæм фыссынад дæр. Æнгом ахаст-
дзинæдтæ сын уыдис грекъæгтимæ, славяйнаг адæмтимæ.
3 фæлтæрæн. Бакæсут Абайты Васойы ныхæстæ. Рафыссут сæ уæ
тетрæдтæм. Зæгъут, цы бахъахъхъæдтой ирон адæм сæ ивгъуыд замантæй?
Дзырд æвзаг-æк цавæр нысаниуджытæ ис? Семæ дзырдбæстытæ ныф-
фыссут.
Вæййы афтæ: кæддæр æгæрон быдыртæ чи ахста,
уыцы зайæгхал ма аззайы чысыл зæххы гæппæлыл.
Ахæм у, зæгъæм, быныл чи баззадис, Пицундæйы уыцы
нæзыты къох. Ирæттæ дæр афтæ скифты быныл базза-
дысты Кавказы хæхты. Цы бахъахъхъæдтой уæдæ сæ
ивгъуыд замантæй? Дыууæ æвæджиауы хæзнайы: се
'взаг æмæ эпос. Зынгæ немыцаг филолог Якоб Гримм
(царди XIX æнусы) фыста: «Не 'взаг у нæ истори дæр».
Ирмæ ивгъуыд заманты фыссынад нæ уыд, историон
хроникæтæ нæ арæзтой. Фæлæ сын æппæт бартæ дæр ис
сæхицæй афтæ зæгъынæн: не 'взаг æмæ нæ эпос сты нæ
истори.
Абайты Васо.
НР. 4 фæлтæрæн. I. Бакæсут скъуыддзаг. Нарты дзыллæ цавæр хорз-
дзинæдтæй хайджын уыдысты, уыдон ранымайут. Бæрæггонд дзырдбæс-
тыты нысаниуæг бамбарын кæнут. Зæгъут сæ уырыссагау.
Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадтысты сæ
къæлæтджын бадæнтыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыл-
лæйы сæрыл.
— Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын уæд нæ
уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл,
алчи сæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл. Нарт Нарт уæд
уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзина-
ды йеддæмæ куы ницы ирвæзти. Нæ дзыллæ дзыллæ уæд
уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы^хастой.
Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр.
—Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дар-
дыл уæд хъуысти Нартæн, сæ гуыбыныл хæцын куы
5
фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, æнæгъдау фыр
нозтæй се 'фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се 'хсар куы нæ
састой.
Афтæ дзырдта дыккаг хистæр.
— Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ кæстæр хистæры
куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуы-
стой, сылгоймаджы тыххæй йæ цæсгом куы ничи сæфта.
Уый радзьфдта æртыккаг хистæр.
Нарты кадджытæй.
П. У. Æмбисæндтæ рафыссут уæ тетрæдтæм æмæ сæ уæ зæрдыл бада-
рут.Уыдонмæ гæсгæ радзурут хистæр æмæ кæстæры тыххæй.
1. Хистæр — зондамонæг, кæстæр æгъдаухæссæг.
2. Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.
3. Кæстæрæн хистæры разæй дзурыны фæтк нæй. 4. Хистæ-
ры разæй цæуын аипп уыд.* 5. Кæстæрæн йæ хæс —
хистæрмæ хъусын. 6. Кæстæр хистæры фæзмаг вæййы.
НР. 5 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Цæуыл дзы цæуы ныхас? Ма-
дæлон æвзаг адæймаджы царды цавæр бынат ахсы, уый тыххæй зæгъут
уæ хъуыдытæ.
МÆ ИС, МÆ БОН.
Ныууагътой мын мæ фыдæлтæ æвзаг —
Мæ ис, мæ бон, мæ царды рухс, хæзна.
Æмæ йыл никуы сивдзынæн мæ зæрдæ.
Мæ зæрдæйæн йæ уадындзтæ — йæ зæлтæ.
Цы уыдзæн сом, тъымы-тъыматы фæстæ,
Мæнæн мæ сагъæс абон ууыл нæу.
Æз цин кæнын, мæ мæйрухсдзаст уæлвæзтæ,*
Нæ цъитисæр къæдзæхтæ 'мæ нæ хъæу
Ирон зæлтæй сæуæхсидыл* æмбæлынц,
Ирон зæлтæй зæрæхсидыл* узæлынц.
Мæ авдæн уæд мæ мадæлон æвзаг —
Мæ ис, мæ бон, мæ дард балцы фæндаг.
Джиоты Хазби.
У. Хæдзары æмдзæвгæ зæрдывæрдæй* сахуыр кæнут.
6
РАЙДИАН КЪЛÆСТЫ ÆРМÆГ
ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН КÆНЫН
§ 1. Дзырды хæйттæ.
6 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйад. Алы дзырд дæр фæхицæнтæ кæнут
уæнгтыл. Фыццаг рафыссут иууæнгон дзырдтæ, стæй дыууæуæнгонтæ æмæ
а. д. Зæгъут, цы у уæнг?
Уæд, сæрды, мах уыдыстæм Куырттаты комы, Лæцы.
7 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут сæ, бирæстъæлфыты
бæсты хъæугæ дамгъæтæ сæвæрут. Æххæстгонд дзырдтæ цавæр ныхасы
хæйттæ сты?
1.Улæфыдтæ... сæрды æз денджызгæрон. Æмбæлттимæ
хъазгæ æрвыст ... мæ бон. (Пух. А.) 2. Æз мæ чиныг ме
'мбал хон... (Айл. И). 3. Бимбол фæцæу... скъоламæ
хъæды астæуты. (Джус. Н). 4. Марсы цæрæг æмæ Гæззи
ацыд ... цæхæрадоны æддаг кæронмæ. Уым цады
былгæрон лæууы ... хъаз, мидбынаты йæ къæхтæй
ракаф ..., змис размæнт... (Цæр. А.)
У. П Бæрæггонд дзырд атасындзæг кæнут.
8 фæлтæрæн. Къæлæтты мидæг цы дзырдтæ ис, уыдонæй хъуыдыйад
саразут æмæ бакæсут текст. Дыккаг хъуыдыйад рафыссут, дзырдты
кæрæттæ хицæн кæнгæйæ.
Дзырды кæрон: 1-1
Ралæууыд ног ахуыры аз. (Скъоладзаутæ, цин
кæнын, уайын, се, скъола, алкæмæн, дæр, сæ, йæ,
бæллиц, уæвын, йæ, партæ, æрбадын, æмæ, урок, бай-
хъусын). Фæндзæм къласы ахуыргæнинæгтæ се 'ппæт
дæр цыма æмдзырд бакодтой, уыйау иу рæстæджы
бамбырд сты сæ къласы, æмæ алчидæр йæ бынаты
æрбадтис...
Тъехты Амыран.
7
9 фæлæтжрæн. 8-æм фæлтæрæнæй цы хъуыдыйад рафыстат, уым сса-
рут æмуидаг дзырдтæ. Рахицæн кæнут уидаг. Цы хонæм уидаг?
Дзырды уидаг:
0 10 фæлтæрæн. Дзырд скъола атасындзæг кæнут иууон æмæ бирæон
нымæцты.
Ныффыссут ын йе 'муидаг дзырдтæ.
Разæфтуан:
Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ къорды дзырдтæ?
Фæсæфтуан:
НР. 11 фæлтæрæн. 8-æм фæлтæрæны текстæн кæрон æрхъуыды кæнут.
Номдартæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.
X у ы з æ г: скъоладзауЩв[
НЕ. 12 фæлтæрæн. Бакæсут текст. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд
æмæ йæ хи ныхæстæй радзурут. Сымахæй афтæ ничи дзуры?
Хæстæгдзинад æвдисæг дзырдтæ уæхи дæнцæгтæй баххæст кæнут æмæ
сæ ныффыссут.
Йæхи æвзаг дæр ферох кодта Тузар. Арæх сагъæс код-
та, йæ чысыл лæппу æмæ чызг горæты хъомылгæнгæйæ
иронау кæй нæ дзурынц, ууыл. Сывæллæтты рæвдауæн-
доны—уырыссагау, скъолайы — уырыссагау, хæдзары
сæм иронау сдзур, æмæ дын сæ дзуапп:
— Что?
— Нæ, сæрды каникулты рæстæг сæ хъуамæ Нанамæ
фæкæнон. Уый уырыссагау нæ зоны æмæ сæ æцæг ирон
æвзагыл æнæмæнг фæцалх кæндзæн! — сфæнд кодта Ту-
зар.
Æрхæццæ ис каникулты рæстæг. Дыууæ сабийы æртæ
мæйы æмгъуыдмæ хъæуы фыдымады æвджид бакодтой.
Мад æмæ фыд горæтмæ æрбаздæхтысты æмæ сæ куыс-
ты, царды кой кæнынц. Мæй дæр нæма рацыд, афтæ сæ
зæрдæ нал фæлæууыд æмæ хъæуы сæ цоты бæрæггæнæг
бамидæг сты.
Ныййарджытæ сæ кулдуары цурмæ куы бахæццæ сты,
уæд айхъуыстой зæронд Нанайы лæгъстæ ныхас:
— Сосо, лестницæйыл ма хиз, рахаудзынæ. Стæй та:
8
— Зæли, къранты халоднæй вада цæуы, дæхи дзы ма
хуылыдз кæн, фæпростуд уыдзынæ.
Тузар хорзау нал фæци, йæ сæр ныттылдта æмæ йæ
усæн афтæ:
— Ай нæ хæйрæджытæ Нанайæн йæхи æвзаг дæр ма
куы ферох кæнын кодтой!
Цгъойты Хазби.
§ 2. Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад.
13 фæлтæрæн. Хæдзары цы фысгæ куыст бацæттæ кодтат, уым ссарут
дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ дзырдтæ. Зæгъут сæ уæхинымæры. Куыд
хъуысынц? Фыссын та сæ куыд хъæуы?
14 фæлтæрæн. Æркæсут таблицæмæ. Зæгъут, дæргъвæтин кæд вæййынц
æмхъæлæсонтæ?
Ирон
æрдзмæ
гæсгæ,
лæппу
бæллын
сæррæтт
хыррытт
æвзаджы æмхъæлæсонтæ вæййынц дæргъвæтин:
дыууæ æмхуызон
æмхъæлæсоны
дзырдты алы
хæйтты куы
фембæлынц,
фæсЕихор
æммарзт кæнын
номЬдæ!
дарддæр
дыууæ
æмхуызон
æмхъæлæсоны
вазыгджын
дзырды мидæг
фыццаг дзырды
кæрон æмæ
дыккаг дзырды
райдиан куы
фембæлынц,
цъæххос
царддæттæг
ног дзырдтæ,
дзырды
формæтæ
аразгæйæ.
лæг—лæггаг
цæуын—ныц-
цæуын.
15 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Ссарут дзы дæргъвæтин
æмхъæлæсонтимæ мырфæзмæн дзырдтæ. Баххæст сæ кæнут уæхи
дæнцæгтæй. Цавæр архæйдтытæ фæзмынц?
ЧЫСЫЛ ХЪÆДДЗАУ3.
— Байрай, хъæд! Æз дæн хъæддзау!
-Ау? .. Ау?..
— Ис мæм мæнæ цыргъ фæрæт!
— Æтт!.. Æтт!..
— Сугæн дæттыс бутъыро?
—О!.. О!..
—Аласон уæд та бæлас?
— Лас!.. Лас!..
—Уæрдоны æви сыфцæй?
— Цæй!.. Цæй!..
—Хъæдгæстæй3 мын тæссаг нæу?
—Нæу!.. Нæу!..
—Бирæгътæй3 мын тæссаг у?
—У!.. У!..
—Гъæтт, мæ куыдз, кæн размæ гæпп!
—Хæпп! Хæпп!
—Æз дæн бирæгъмар Бечи!
—Чи?.. Чи?..
—Кæд æнæ царм н'аздæха!
—Ха!.. Ха!..
Цæрукъаты Владимир.
16 фæлтæрæп. Бакæсут текст. Уæ тетрæдты иуæрдыгæй рафыссут
бæрæггонд дзырдтæ, тексты бын цы дзырдтæ ис, уыдон та — иннæр-
дыгæй. Цавæр ныхасы хæйттæ сты? Цы хицæндзинад ис сæ растфыссы-
нады?
Уалынмæ, цымæ æгæрон* хохы фарс æрызгъæлд,
уыйау арв ныгуылæнырдыгæй ныггыбар-гыбур кодта,
цахæмдæр саунымæтджын3 уæйыг хæхты сырх æфсæн
рæхысæй* афтæ нырриуыгъта æмæ сыл кæрæй-кæронмæ
зынгтæлм абадт.
Ирæ фæхæццæ кæны хъæдгæронмæ. Уый у фыдæлтæй
фæстæмæ ивар хъæд*. Йæ сæвн* бирæ нæу, фæлæ
дæргъмæ æххæссы, суанг хидхъæд æвæрд цы фыдуаг
доныл ис, уырдæм. Чызг ныр кæны згъорæгау. Бахæццæ
хъæдмæ. Афтæ йæм фæкаст, цыма стыр талынг скъæты
смидæг.
Æвиппайды бæлæсты сыфтæртæ ныссыбар-сыбур код-
той. Арвы дуар фегом æмæ къæртайæ калæгау ныккалд-
та. Бæстæ гыбар-гыбур æмæ зынгæрттывд сси...
Дзугаты Георги.
ны + æвналын = нывналын
ны +æрвитын = нырвитын
ны + æхсын = ныхсын
ю
17 фæлтæрæн. Ацы номдартæм фæсæфтуантæ - он, - ад, аг æфтаут,са-
разут сæ миногонтæ. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыди дзырдты?
Хох, хъæд, зæхх, лæг, дзул, хъыг, чындз, балц, куы-
рæт, тас.
НР. У. 18 фæлтæрæн. Бакæсут текст,. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд
æмæ йæ изложенийы хуызы ныффыссут уæ тетрæдты. Дæргъвæтин
æмхъæлæсонтæ цы дзырдты ис, уыдоны бын бахахх кæнут.
Цы ис рæсугъддæр сæрдыгон хъæдæй?! Цъæх-цъæхид
къæбæлдзыг бæлæстæ сæ сæртæй уæларвмæ кувынц.
Алырдыгæй хъуысы цъиуты цъыбар-цъыбур, сæ зары-
ны диссаджы зæлтæ. Æхсызгон сатæг уæлдæф узæлы
адæймаджы цæсгомыл.
Фæлæ хъæд хорз хъахъхъæд куы нæ цæуа, уæд искæд-
бон нæ зæхх сгæмæх уыдзæн, байсысдзысты мæсчъы*
дæттæ.
Знаггадхæссæг1 хилджытæй кæнæ зынгирвæзтæй куы
фесæфой нæ хъæды бæлæстæ, уæд нал уыдзысты цъиу-
тæ, гагадыргътæ, зокъотæ, сыгъдæг уæлдæф. Æмæ
цæмæй нæ зæхх хъæдджын, цъиуджын, гагадыргъ-
джын2, зокъоджын уа, уый тыххæй йæ цæстыгагуыйау
хъахъхъæнын хъæуы.
Тынг тас у хъæдæн зынгирвæзтæй. Адæймаг æнæрхъуы-
дыйæ хъæды спичкæ аппæрста, арт нæ ахуыссын кодта
æмæ зынг хъæды тезгъогæнгæ ацыд. Рауад дзы зын-
гирвæзт. Рохзæрдæ цуанон хъæды æхсæвиуаты рæстæг
скодта арт. Йæ ахуыссын кæнын^æй ферох, афтæмæй
араст хъæды тары. Арт сцырын. Йæ алыварсы кæрдæг
басыгъд, басыгъдысты къутæртæ, басыгъдысты хъæды
тъæпæнтæ.
Цæмæй нæ хъæдыл ахæм бæллæх ма 'рцæуа, уый
тыххæй алы адæймаг дæр хъуамæ зона, æрдзы хъæбысы
хи куыд дарын хъæуы, уый. Зона, арт доны фарсмæ,
хуылыдз рæтты аразын кæй хъæуы, æрдузы, бæлæстæй
5-8 метры дарддæр. Арт бакæныны размæ зæххæн йæ
нæудзарм æмбæлы сисын. Стæй арт донæй, сыджытæй,
змисæй ахуыссын кæныны фæстæ нæудзарм фæстæмæ
артдзæсты зиллаккыл æрæвæрын хъæуы.
Калоты Петр.
11
У. Бæрæггонд дзырдтæ, хъуыдыйæдтæ уырыссагау зæгъут.
19 фæлтæрæн. Таблицæмæ гæсгæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнут, би-
рæон нымæц аразгæйæ суффикс -т цавæр æмхъæлæсонты фæстæ кæны
дывæр, уый. Уæхи дæнцæгтæй йæ баххæст кæнут.
Иууон нымæцы
æмхъæлæсонтæ
р, л, м, н, й, у-
йыл фæуæг
дзырдтæ
Æмгав —
Æмбал —
Ком—
Бæлон—
Къай—
Аргъау—
Бирæон нымæцы
суффикс
-т
-т
-т
-т
-т
-т
-т
Дзырды бирæон
нымæц
æмгæрттæ
æмбæлттæ
кæмттæ
бæлæттæ
къæйттæ
аргъæуттæ
НР. 20 фæлтæрæн. 16-æм фæлтæрæны тексты чызг бахауд зын уавæ-
ры. Цымæ йын цы феххуыс уаид фервæзынæн? Скæнут ын кæрон. Рат-
тут ын сæргонд. Дæргъвæтин æмхъæлæсонты бын бахæххытæ кæнут.
У. Æрхъуыды кæнут номдартæ хъæд-ы темæйыл, бахæссут сæ уæ те-
матикон дзырдуæттæм, иу-цалдæры дзы равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.
§ 3. Номдарты тасындзæг.
21 фæлтæрæн. Хъæд-ы темæйыл цы номдартæ ныффыстат, уыдон ба-
кæсут. Цы нысан кæнынц? Цавæр фæрстытæ домынц? Цы хонæм номдар?
НР. 22 фæлтæрæн.Хъуыдыйæдтæ рафыссут ахæм уагыл — дзырд
фыд:
а) ныййарджытæй иуы ном кæм уа; æ) æвзæрдзинад, фыдбылыз кæм
нысан кæна; б) дзидза кæм бæрæг кæна.
1. Æлдар фыд лæг у, лæгдзарм тæнæг у: мæлын кæй
фæнды.
2. Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, нæ зонын мæ мады
рæвдыд...
3. Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ царæй фæныкмæ
тæдзынц...
Къоста.
НР. 23 фæлтæрæн. Æмбисæндтæ уæ тетрæдтæм рафыссут. Бæрæггонд
номдартÆ хъæугæ хауæнты сæвæрут.
1. Мад... зæрдæ сабийæн —хур, фыды зæрдæ — мæй.
2. Мады зæрдæ — риссаг, фыд... зæрдæ — мæтгæнаг.
12
3. Мад... йæ сабиты 'взæрдæр — йæ сомыгæнæн. 4. Мад
æмæ фыды хылзæнæг... — фыдæхсæв. б.Мад ... сидзæр
æцæг сидзæр, фыдæй сидзæр æрдæг сидзæр. 6. Фыд ...
фырт хуыздæр ыстæм кæны. 7. Дæ фыд ... цы фæуай,
дæ фырттæ дын уый фæуыдзысты. 8. Фыдæлт... фарн
мæрдтæм нæ цæуы. 9. Фыды фарн — цот... хъахъхъæ-
нинаг.
НР. 24 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Дзырд æгъдау-ы ныса-
ниуджытæ, æххуысæн цы æрмæг лæвæрд ис, уым ссарут. Семæ хъуьь
дыйæдтæ ныффыссут. Номдарты хауæнтæ фæбæрæг кæнут.
1. Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.
2. Ирон æгъдæуттæ зонын хъæуы.
З.Æгъдау кæмæ ис, ахæм адæймаджы хонынц —
уæздан.
4. Де 'гъдау дæхимæ уæд.
Æрмæг æххуысæн: обычай; адатп; норма
поведения; порядок.
НР. 25 фæлтæрæн. Бакæсут радзырд. Цæмæй скъоладзау Габойы æмби-
сонд сымахæй макæуыл æрцæуа, уый тыххæй, цы номдар атасындзæг
кодтат, уымæ гæсгæ радзурут, цал хауæны ис ирон æвзаджы. Бахъуыды
кæнут хауæнтæ æмæ сæ фæрстытæ.
СКЪОЛАДЗАУ ГАБО.
— Зæгъ-ма, ирон æвзаджы цал хауæны ис?
Габо фæйнæрдæм акаст. Иуæрдыгæй йæм фараст
æнгуылдзы æвдыстой, иннæрдыгæй — дæс. Цу æмæ йæ
равзар, чи сæ растдæр у ... Æмæ цæмæй ма фæрæдийа,
уый тыххæй сæ кæрæдзимæ бафтыдта:
— Ирон æвзаджы ис нудæс хауæны.
— Афтæ кæм бакастæ?
Габо та йæ сæр аныхта. Æрæджиау бамбæрста, чи йæм
амыдта, уыдонæй иутæм раздæр азты уагъд чингуытæ
уыди, иннæтæм та ногтæ, æмæ фæцырд:
— Фыццаг рауагъд чингуыты ис дæс, иннæты — фа-
раст.
— А, цалдæргай чингуытæ кæсын райдыдтай? Уæд
дын æрмæст уый тыххæй дæр «æртæ» сæвæрæн ис.
Габо сулæфыд.
Туккатпы Барис.
13
НР. 26 фæлтæрæн. Бакæсут ацы скъуыддзаг. Хи ныхæстæй йæ радзу-
рут. Бæрæггонд дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты? ПЗ Атасындзæг сæ
кæнут.
Рагæй-æрæгмæ Цæгат Кавказы æмæ Сау денджызы
цæгатварс быдырты æмæ хъæдты цардис-уыдис
сæрджынсаг (уырыссагау æй хонынц «лось»). Бæрзонд
æмæ ставдкъах, стыр сæрджынсаг. Сæрджынсаг дæр æй
уымæн рахуыдтой. Зыдтой йæ нæ фыдæлтæ — алантæ,
зыдтой йæ нæ рагфыдæлтæ — скифтæ дæр. Æмæ йын
скифаг зæрингуырдтæ* арæзтой йæ фæлгонц карды
зæринфæлыст* фистоныл*, уарты* къуыдырыл, бæхы
идоныл æмæ рæсугъд нывæст гауызыл. Фæстагмæ ны-
ваивад афтæ тынг райрæзт скифтæм, æмæ сæрджын-
саджы фæлгонц алдымбыд* орнаментмæ рахызт, бирæ
нывты йын æвиппайды базонæн дæр нал ис...
Чеджемты Геор.
27 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Ссарут дзы номдартæ. Фæрстытæм
гæсгæ сбæрæг кæнут, кæцы хауæнты сты, уый.
Рафыссут фыццаг хъуыдыйад. Номдарты бын бахæххытæ кæнут.
Дымгæ сау мигъты фæтæры,
Арв ныннæрыди кæмдæр.
Мæнæ сау денджыз уынæргъы,
Хæхтыл азæлы йæ хъæр...
Хойы стыр уылæнтæ дурыл,
Раст цæф домбайау хъырны...
Уылæн уылæны фæсуры,
Уылæн айнæгмæ тырны.
Денджыз абухы, дзыназы,
Скъуыры айнæгыл йæ сæр.
Фæлæ сау айнæг йæ разы
У æнæцудгæ, хъæбæр.
Плиты Зауыр.
НР. У. Дзырдтæ уынæргъы, азæлы, айнæг, абухы, дзыназы-йы ныса-
ниуджытæ бамбарын кæнут сæ мидисмæ гæсгæ хæстæг дзырдты руаджы.
Ныффыссут сæ дзырдбæстытимæ. Зæгъут сæ уырыссагау.
28 фæлтæрæн. Номдартæ атасындзæг кæнут иууон æмæ бирæон
нымæцты. Бæрæггонд дзырдтæ уæ тетрæдты ныффыссут бирæон нымæ-
14
цы номон, дæттынон, æддагбынатон æмæ хуызæнон хауæнты. Номдарты
бирæон нымæцы растфыссынады хицæндзинæдтæ уæ зæрдыл æрлæууын
кæнут.
Къанау, дымгæ, мигъ, денджыз, бæлон, ком.
НР. У. 29 фæлтæрæн. Бакæсут текст. Уæхи ныхæстæй йæ радзурут.
Рафыссут дыууæ фæстаг абзацы. Гуырынон, дæттынон, иртæстон æмæ
арæзтон хауæнты æвæрд номдарты бын бахахх кæнут.
ЗÆХХЫ ТЫРЫСАТÆ.
Зæххы уæлдай æфсарм ис, уымæн æмæ уый ныййарæг у.
Стæй хуымæтæджы ныййарæг дæр нæу. Уый у, йæхæдæг
ныййарæг чи у, уыдоны ныййарæг.Дунейы мидæг цы-
дæриддæр ис, уыдон иууылдæр зæххимæ, æппынæдзухдæр
туг кæм цæуы, ахæм дадзинтæй баст сты.
Зæхх æппæты хъæлдзæгдæр, стæй æппæты стырдæр
вæййы уалдзæджы æмæ уæлдайдæр та — сæрды. Уæд
базмæлынц зайæгойтæ, мæргътæ æмæ сырдтæ цот
кæнын райдайынц.Зæххы цы мыггæгтæ ныххауы,
уыдон сæхи хурмæ ивазын райдайынц æмæ æвиппай-
ды хæрдмæ сгæпп ласынц. Рухсæй фæхъæстæ уæвы-
ны фæстæ, сæхи ноджы уæлдæр ивазын райдайынц
æмæ зæххæй фæбæрзонддæр вæййынц. Уæвгæ,
уыдонæн сæхи бон ницы бауид ... Мад йæ сывæлло-
ны йæ къухтыл куыд сисы, афтæ сæ зæхх дæр
хуры рухсмæ сдары. Дуне куы фенынц, стæй сын
сæхи дæр куы базонынц, уæд та сæ фæстæмæ
æрæргъæвы.
Æрæгвæззæгæй уалдзæгмæ зæххы йæ хъæбулты
сагъæс вæййы. Уыдон фæцæттæ кæны балцвæндагмæ.
Хур йæ фæлмæн цæстæй куы ракæсы, уæд та зæххы
сæрмæ сæрттивынц æнахуыр бирæ тырысатæ. Иутæ дзы
фæхуыйнынц талатæ, иннæтæ — кæрдæджытæ, аннæтæ
— дидинджытæ. Уыдон сты Зæххы тырысатæ, иу азæй
иннæмæ ногæй ивд чи æрцæуы, ахæм тырысатæ.
Зæххæн ис æнусон тырысатæ дæр. Уыдон сты хæхтæ.
Æппæты фыццаг куы фæзындысты, уæд Зæхмæ афтæ
рæсугъд фæкастысты, æмæ сæ йæ цæст æндæртæй
аивын нал бауарзта. Уæдæй нырмæ лæууынц уыцы
15
иухуызонæй. Зæххæн йæ зæрдæмæ тынг хæстæг кæй
сты, уымæ гæсгæ сын бар радта, цæмæй сæхиуыл дæр
тырысатæ уа. Уыцы тырысатæ та сты — цъиутæ æмæ
æхсæрдзæнтæ, сагтæ æмæ дзæбидыртæ...
Дзасохты Музафер.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ уырыссагау зæгъут.
НР. 30 фæлтæрæн. 27-æм фæлтæрæны æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр
кæнут. Лæмбынæг ын æркæсут йæ дзырдтæм. Уæ дзырдуæтты «Æрдз»-ы
темæ баххæст кæнут æмдзæвгæйы дзырдуатæй. Сыстут райсомæй раджы.
Рацæут дуармæ. Хуры скасты агъоммæ уæ цæст ахæссут æрдзыл, «бай-
хъусут» æм. Цы федтат, цы фехъуыстат, уыдоныл ныффыссут хъуы-
дыйæдтæ. Номдарты хауæнтæ сæ фæбæрæг кæнут.
§ 4. Мивдисджыты ивынад.
31 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Сæрд ивыны архай-
дæвдисæг дзырдтæ ссарут. Бамбарын сын кæнут сæ нысаниуæг. Цавæр
фæрстытæ домынц? Цавæр ныхасы хæйттæ сты?
Сæрд рæстæй æмæ хæларæй
Арвыста йæ рад нæ бæсты.
Æмæ аивгъуыдта, ацыд.
Хур дзæвгар-дзæвгар куы ахатт,
Æмæ бонæй бон мынæгдæр
Райдыдта кæнын йæ зынг цæст, —
Нал тавы, куыд тавта, афтæ;
Сабыргай ма хилы арвыл,
Раст фæллад бæлццоны хуызæн.
Уазал дымгæ уайы тигъыл,
Мигъты комрæбынтæм3 суры,
Сур цъæх мигътæ хъæутæм уайынц,
Уый æрбырсы фæззæг, фæззæг!
Мигъ йæ бæх у, уад — йæ улæфт.
Алчи дзы йæхи æфснайы...
Нигер.
НР. У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
Предметы архайд æмæ уавæр æвдисæг дзырд у
мивдисæг. Мивдисæг дзуапп дæтты ахæм
фæрстытæн: цы ми кæны? цы кæны? цы архайы?
16
32 фæлтæрæн. Æмдзæвгæ аив бакæсут. Ссарут дзы мивдисджытæ.
Архайд цавæр афон æмæ цæсгæмтты цæуы?
ИУБОН.
Хъæуæй быдырмæ
Адæм ивылынц1,
Æмæ айхъуысы1
Дард сæ цины хъæр.
Мæнæу, зад мæнæу,
Дымгæ банкъуысы,
Æфсир хъал зæнгтыл
Акъул, азæбул.
Кочысаты Мухарбег.
I | Бæрæггонд дзырд ивгъуыд æмæ суинаг афонты аивут цæсгæмттæ
æмæ нымæцтæм гæсгæ (аифтындзæг æй кæнут).
33 фæлтæрæн. Мивдисджыты аифтындзæг кæнут нырыккон, ивгъуыд
æмæ суинаг афонты.
Зарын, кафын, æфснайын, цæуын.
У. Дзырд хæцын-æн йæ алы нысаниуæгимæ дæр ныффыссут хъуы-
дыйад.
НР. 34 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Мивдисджытæ, цы дзырд-
тимæ баст сты, уыдонимæ рафыссут. Сæ ныхмæ цыбырæй фæбæрæг кæнут,
кæцы афонты, нымæцты æмæ цæсгæмтты æвæрд сты, уый.
X у ы з æ г: Иухатт фыдзæрдæ кæсаглас бахъуызыд
цъыфдзастмæ.
Кæсаглас бахъуызыд — ивгъ. а., иу. н., 3 цæсг.
1. Иухатт фыдзæрдæ кæсаглас бахъуызыд цъыф-
дзастмæ. (Айл. Ч.) 2. Уынгæг комæй хъусын æз Терчы
хъæлæс — уый йе 'нусон зарæг нæ ивы. (Цыр. М.) 3. Хуры
тынты рухс зæлдаджы аныгъуылди бæстæ. (Коч. М.)
4. Дзыллæйы хъаруйæ къæдзæх ныннæрдзæн1, хæхтæ
нырриздзысты1 дзыллæты барæй. (Гæд. Ц.) 5. Ивы нæ
бæсты конд, ивы, ног лæг уæлæрвтæм схызт. (Дарч. Д.)
6. Цард размæ цæуы стыр санчъехтæй. (Б. Хъ.)
Уартæ къахыртæи
Хур æрбакасти
Æмæ байзæрста
Зæххыл рухс тынтæ.
Дымгæ, рог дымгæ,
Хæхтæй радымдта.
Хоры адджын тæф
Хъары зæрдæйы3.
2 Пром æвмдАЫ чммьм. 5 къл
17
НР. 35 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Цавæр аргъауæй ист у? Ра-
фыссут æй. Бирæстъæлфыты фæстæ ныффыссут, фыййау-лæппу чызджы
рæсугъддзинад куыд сныв кодта, уый. Мивдисджыты бын бахахх кæнут.
Фыййау федта уый агъоммæ бон йæ хистæр æфсымæ-
ры конд чызджы ныв.
— Уæдæ ма амæй аивдæр чызджы ныв куыд
уыдзæн,—загъта* фыййау,—тæхуды, ацы чызджы ны-
выл амæй-ай рæсугъддæр дидинæгхуыз къаба скæн,
аннæмæй хæдон, стæй йæ фæлыст, ноджы йын,
рæсугъддæр æмæ аивдæр цы ахорæнтæ ис дунейыл,
уыдонæй йæ цæсгом сахор. Æмæ байдыдта кусын чыз-
джы нывыл...
Куы æризæр, уæд та йæ фосы къорд атардта сæ
хæдзармæ. Райсомæй фыййау кæстæр æфсымæр ацыди.
Уый дæр та Хуыцау хъæдбынмæ бафтыдта. Фæкомкоммæ
бæласыл чызджы нывмæ æмæ сагъдауæй аззад— афтæ
рæсугъд, афтæ аив уыди уыцы ныв.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
ФÆРСТЫТÆ ÆРМÆГ ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН
КÆНЫНÆН.
1. Цы ахадындзинад ис адæймаджы царды æвзагæн,
уыимæ мадæлон æвзагæн?
2. Ранымайут дзырды хæйттæ. Цы у дзырдæн йæ
еæйрагдæр хай?
3. Цы зонут уидаджы дæргъвæтин æмхъæлæсонты
растфыссынады тыххæй?
4. Цавæр ныхасы хæйттæ ис ирон æвзаджы? Уырыс-
саг æвзаджы та?
5. Ирон æвзаджы цал хауæны ис? Ранымайут сæ сæ
фæрстытимæ. Цал хауæны ис уырыссаг æвзаджы та?
6. Номдарты бирæон нымæцы конды хицæндзинæд-
ты тыххæй радзурут.
7. Цы зонут мивдисджыты ифтындзæджы тыххæй?
18
СИНТАКСИС
ÆМÆ ПУНКТУАЦИ
§ 5. Синтаксисы тыххæй æмбарынад.
36 фæлтæрæн. Фæлтæрæны текстæн саразут пълан фарстон хъуы-
дыйæдтæй.
Дзырд синтаксис у грекъаг дзырд сюнтаксис-æй.
Нысан кæны аразынад, кæнынад.
Синтаксис у грамматикæйы хай. Ахуыр кæны æмæ
æвзары, хъуыдыйады мидæг дзырдты æхсæн цы ахаст-
дзинæдтæ æмæ бастдзинæдтæ ис, уыдон, уыимæ хъуы-
дыйæдтæн сæ конд, сæ хуызтæ.
§ 6. Дзырдбаст.
37 фæлтæрæн. а. Æркæсут нывтæм. Зæгъут, бæлвырддæр дзы цавæр
фыстытæ бæрæг кæнынц предмет æмæ архайд.
æ. Фыццаг æртæ нывы бын цы фыст ис, уыдон ныффыссут иу рæнхъыл,
иннæ нывты бын цы фыстытæ ис, уыдон та— иннæ рæнхъыл. Ссарут
дзырдбæстытæ. Цы хицæндзинад ис дзырд æмæ дзырдбасты æхсæн?
19
Цы? Цы хуызæн? Цавæр?
дидинæг сырх дидинæг уарди дидинæг.
Кæдæм? Куыд? Цы ми кæны?
цæуы скъоламæ цæуы фистæгæй цæуы.
б. Зæгъут-ма, цалгай хæйттæй арæзт сты дзырдбæстытæ? Фыццаг
дзырдбасты раттут фарст иу хайæ (дзырдæй) иннæмæ. Цы хайæ (дзырдæй)
радтат фарст иннæмæ, уый бын бахахх кæнут. Йæ сæрмæ йын сæвæрут
мæнæ ахæм нысан — X. Иннæ дзырдбæстытæ дæр афтæ равзарут.
Фарст цы дзырдæй лæвæрд цæуы дзырдбасты,
уьщ хуыйны сæйраг дзырд.
цы хуызæн?
3 æ г ъ æ м: сырх дидинæг.
Дзырд дидинæг у сæйраг дзырд.
в. Фарст цы дзырдмæ хауы, уымæ сæйраг дзырдæй саразут ахæм ны-
сан: I ^ æмæ йын йæ сæрмæ ныффыссут йæ фарст.
Фарст цы дзырдмæ хауы дзырдбасты, уый
хуыйны дæлбар дзырд. 3 æ г ъ æ м:
кæдæм?
I 0>
цæуы скъоламæ. Дзырд скъоламæ у дæлбар дзырд.
г. Иннæ дзырдбæстыты дæр рахицæн кæнут дæлбар дзырдтæ.
20
38 фæлтæрæн. Ацы дзырдты къæйттæй саразут дзырдбæстытæ. Цæмæй
хицæн кæнынц дзырдтæ дзырдбасты æмæ дзырдты къайы?
Къоста, æмдзæвгæ; чиныг, хорз; дукани, цæуын; мад,
æххуыс кæнын; бæлас, бæрзонд; хорз, ахуыр кæнын;
радзырд, кæсын.
Кусут æмæ хатдзæгтæ кæнут ахæм уагыл:
а. Рафыссут фыццаг дыууæ дзырды (Къоста, æмдзæвгæ). Зæгъут,
кæрæдзиуыл исты хуызы баст сты æви, кæрæдзимæ чи ницы бар дары,
ахæм иугай дзырдтæ сты?
æ. Сæ ныхмæ сын ныффыссут, цы дзырдбаст сарæзтат, уый. Дзырдба-
сты мидæг дыууæ дзырды кæрæдзиимæ куыд баст æрцыдысты ныр?
Дзырдтæ дзырдбасты мидæг баст цæуынц, куыд
сæ мидисмæ гæсгæ, афтæ грамматикон æгъдауæй
I дæр.
39 фæлтæрæн. Рафыссут дзырдбæстытæ. Фæрстыты руаджы сæйраг
æмæ дæлбар дзырдтæ фæбæрæг кæнут. Сæйраг дзырдты сæрмæ цыбырæй
ныффыссут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.
цавæр?
X у ы з æ г: бæрзонд бæлас
Бæрзонд бæлас, æхсызгон хабар, сывæллоны хъазæн,
фарæстæм кълас, ахуыр кæнын университеты, фыссын æнæ
рæдыдæй, фембæлын æхсызгонæй, заводы кусджытæ, скъо-
ладзауы дзуапп.
НР. 40 фæлтæрæн. Адæймаджы буары хæйттæ æвдисæг дзырдтимæ
дзырдбæстытæ ныффыссут. Куыд баст сты дзырдтæ дзырдбасты мидæг?
НР. 41 фæлтæрæн. Дзырд цæсгом кæм ис, ахæм дзырдбæстытæ дыууæ
къордæй рафыссут: а) адæймаджы сæры раззаг хай кæм æвдыст цæуы;
æ) æфсарм æвдисæг дзырдтимæ. Фыццаг къорды дзырдбæстыты дзырдтæ
кæрæдзиимæ куыд баст цæуынц?
Фæлурс цæсгом; йæ цæсгом бахордта; хурсыгъд
цæсгом; цæсгом ын нæй; дæргъæлвæст цæсгом;
æнцъылдтæ цæсгом; цæсгомджын адæймаг; йæ цæсгом
суагъта.
У. Бæрæггонд дзырдтæ зæгъут уырыссагау.
Дзырдбасты мидæг сæйраг дзырд арæхдæр загъд
вæййы номдарæй, мивдисæгæй. 3 æ г ъ æ м: уазал
бон, хорз ахуыр кæны. |
21
НР. 42 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут, æгъдауджыи (æнæгъдау) лæппу
ма ноджыдæр куыд схонæн ис, уый бæрæггæнæг дзырдбæстытæ. Сæйраг
дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты?
НР. 43 фæлтæрæн. Æгъдауджыи (æиæгъдау) лæппу йæхи куыд дары,
уый тыххæй хъуыдыйæдтæ ныффыссут. Цавæр дзырдбæстытæй арæзт сты?
НР. У. 44 фæлтæрæн. Дзырдтæ лæппу æмæ чызг-имæ дзырбæстытæ
ныффыссут, æддебакаст æмæ удыхъæд бæрæггæнæг дзырдтæ сæм æфтау-
гæйæ.
Спайда кæнут ацы дзырдтæй:рæсугъд,
хæрзконд, бурдзалыг, æфсæрмдзаст, уæздан, цырд,
хæрзæгъдау, бæрзонд, ныллæг, хиуылхæцгæ, саулагъз,
бурдзалыг, сауцæст, цъæхдзæст, кусаг...
Фæбæрæг кæнут, сæйраг дзырдтæ цавæр ныхасы хæйттæй загъд сты,
уый.
45 фæлтæрæн. Ацы дзырдты нысаниуджытæ бамбарын кæнут дæлбар
дзырдты руаджы.
Ком, къах, сæр, хъус.
цавæр?
X у ы з æ г: æвзаг, ирон æвзаг,
цæй?
$ 1
калмы æвзаг.
§ 7. Дзырдбаст æвзарыны фæтк.
1. Раттут фарст, сбæрæг кæнут сæйраг æмæ дæлбар
дзырдтæ.
2. Сæйраг дзырд цавæр ныхасы хайæ загъд у?
3. Дæлбар дзырд цавæр ныхасы хайæ загъд у?
X у ы з æ г:
Урссæр хæх тæ.
Дзургæйæ. Фысгæйæ.
Дзырдбаст урссæр хæхтæ— цавæр?
йæ сæйраг дзырд у хæхтæ. г I
Урссæр —дæлбар дзырд. Урссæр хæхтæ —
Сæйраг дзырд загъд æрцыд мин. +номд.
номдарæй, дæлбар дзырд та
— миногонæй.
22
46 фæлтæрæн. Равзарут дзырдбæстытæ.
Æрдзы нывтæ, цъæх арв, сур зæхх, бæрзонд хæхтæ,
æрхауы æваст, ферттивы сыгъзæринау.
§ 8. Хъуыдыйад.
НР. 47 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Сæргонд ын скæнут æмæ йæ
рафыссут уæ тетрæдтæм. Цавæр хъуыдыйæдтæй арæзт у? Цæмæй хицæн
кæны хъуыдыйад дзырд, дзырдбастæй?
Байдыдта кафын Сослан дæр. Уый дæр фыццаг
зæххыл æркафыд. Дисы бацыдысты æгас Нарт, афтæ
хорз скафыд. Стæй уыцы кафгæйæ схызтис фынгмæ.
Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт: фынджы был-
тыл-иу цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр,
иунæг къус нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй. Стæй йæм
утæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ арæзтæй
бадардтой. Сослан уыдоныл кафын райдыдта, раст-иу
сыл куыройы цалхау æрзылдис. «Мæнæ хæйрæг», —
загътой, чи йæм кастис, уыдон.
Нарты кадджытæй.
У. Скъуыддзаг хæдзары зæрдывæрдæй сахуыр кæнут.
Хъуыдыйады загъд æрцæуы æххæст хъуыды.
48 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйад. Уæ тетрæдты йæ ныффыссут, дзырд-
ты кæрæттæ хицæнгæнгæйæ. Зæгъут, куыд баст сты дзырдтæ хъуыдыйа-
ды мидæг?
Ауагъта хæлуарæг йæ тын иу бæласы цонгæй иннæ
бæласы цонгмæ. (Гæд. Ц.)
Хъуыдыйады дзырдтæ кæрæдзийыл баст сты
грамматикон æгъдауæй.
49 фæлтæрæн. Кæрæдзийæн бакæсут, цы хъуыдыйæдтæ ныффыстат,
уыдон. Зæгъут, кæд цæуы хъæлæс уæлæмæ, кæд дæлæмæ (ома, хъуыды-
йады райдайæны æви йæ кæрон)? Уæдæ ма грамматикон æгъдауæй
фæстæмæ куыд баст сты хъуыдыйады мидæг дзырдтæ?
Хъуыдыйады ма дзырдтæ кæрæдзийыл баст
вæййынц хъæлæсы уагæй дæр.
23
50 фæлтæрæн. Бакæсут 47, 48, 49 фæлтæрæнты бынмæ раиртæстытæ.
Скæнут хатдзæг, цы хуыйны хъуыдыйад, уый тыххæй.
Дзырд кæнæ грамматикон æгъдауæй æмæ
хъæлæсы уагæй баст дзырдты къорд æххæст хъуы-
ды куы февдисынц, уæд хуыйнынц хъуыдыйад.
Дзургæйæ хъуыдыйады æххæстдзинад æвдыст
æрцæуы хъæлæсы уагæй, фысгæйæ та — æрхæцæн
нысæнттæ: стъæлф, фарсты нысан æмæ хъæры
нысанæй.
51 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Цæуыл дзы цæуы ныхас. Алы
хъуыдыйад дæр ма хицæнæй бакæсут. Зæгъут, се 'ххæстдзинад дзургæйæ
æмæ фысгæйæ цæмæй æвдыст цæуы.
Фарн у рагон ирон дзырд. Йæ бындуры ис Хуыцауыл,
арвыл, хурыл æууæндындзинад. Нысан кæны, Хуы-
цау, арв, хур адæймагæн цы хорздзинæдтæ ратты,
цæмæй амондджын уа, уыдон. Уыдонмæ хауынц —
бæркад, æнæниздзинад, сабырдзинад, кæрæдзийы уар-
зынад æмæ æмбарынад æмæ а. д. Иу дзырдæй, цы-
дæриддæр хорздзинадæй ис зæххыл, уыдон иумæ ара-
зынц вазыгджын æмбарынад — фарн. Уыцы æмбары-
над ис æрмæст ирон адæммæ.
Ирон æвзаджы тынг арæх пайда цæуы ацы дзырдæй,
уæлдай арæхдæр та арфæты — «Фарн уæм бацæуæд»,
«Фæрнæйдзаг у», «Фарн уæ ныхасы», æмæ а. д. Ацы
дзырды бындурыл сæвзæрдысты æндæр дзырдтæ —
фæрныг (хæдзар) — фарн кæм ис, ахæм, фæрнджын,
фарнхæссæг æмæ а. д.
Абайты Васо.
НР. У. Хæдзары хистæрты æххуысæй ныффыссут, дзырд фарн се
сконды кæмæн ис, ахæм æмбисæндтæ, арфæтæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут.
52 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйад, æркæсут ын йæ схемæмæ æмæ
зæгъут, сæйрат æмæ зæгъинаг цæмæн хонæм хъуыдыйады бындур?
Райсомы æртæхтæ хъазынц æрттивгæ халсарты
хъæбысты алыхуызон цырæгътау1. (Гæд. Ц.)
24
æртæхтæ х ъ а з ы н ц
æрттивгæ халсарты алыхуызон
53 фæлтæрæн. Нарты кадджытæй ист хъуыдыйæдтæ рафыссут, ра-
хицæн сын кæнут сæ грамматикон бындуртæ (сæйрæттæ æмæ
зæгъинæгтæ).
1. Нартæ æрвон зынгæй равзæрдысты. 2. Æхсæвы
Сатана царыл фестын кодта мæй æмæ стъалыты хуызтæ.
3. Нартæн сæ нæлгоймæгтæ гуыппырсартæ æмæ æндон-
риутæ уыдысты. 4. Нарты фæсивæдæй арвыл цъиу атæ-
хын нæ уæндыди. 5. Тæрккъæвдайы фæстæ арвыл
фæзынд авд хуызæй конд рон — Арвæрдын. 6. Ирон
адæм ма йæ хонынц Сосланы æрдын, Батразы рон дæр.
7. Нартæн сæ тых, сæ арæхстдзинад3 æвдисæн сæ кафæн
фæз Зилахары быдыр уыд. 8. Аласа уыд чысыл, фæлæ
тыхджын бæх.
НР. 54 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм.
Къæлæтты мидæг ныффыссут дзырд цæуын-ы синонимтæ. Уырыссагау
та куыд сты?
1. Бонтæ цæуынц.
2. Поезд цæуы тагъд.
3. Ныййарджыты ныхмæ цæуын хорз нæу.
4. Хъæдгомæй туг цæуы.
5. Фыстæг горæтæй æрцыд.
6. Фынæй кæнын мæм нæ цæуы.
7. Терк гуылфгæнгæйæ цæуы.
8. Хæрын мæм цæуы.
9. Фæндаг хъæдыл цæуы.
10. Къабайы чъизи сапонæй цæуы.
11. Дыууæ метры хъуымацæй къаба цæуы.
12. Мæ дзабыр мæ къахыл нал цæуы.
13. Уынгæй кæйдæр хъæр цæуы.
25
Пайда кæнут ацы дзырдтæй: ныхмæ
дзурын; згъорын; хъарын; райсын; фæндын; нæ фæндын;
уайын; æвæрд уæвын; сыгъдæг кæнын; рауайын; аккаг
нал уæвын; хъуысын.
55 фæлтæрæн. Ацы дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ кæрæдзийыл
абарут. Кæцы цæджындзы хъуыдыйæдтæ сты грамматикон æгъдауæй
баст?
Кæрæдзиимæ хъуыдымæ гæсгæ баст хъуыдыйæдтæн æрхъуыды кæнут
сæргонд æмæ сæ рафыссут уæтетрæдтæм.
Æхсæртæггатæ уыдысты
æртæ æфсымæры æмæ сын
уыдис иунæг хо. Хуры
чызг хурмæ ссыдис æмæ
йæм бахъаст кодта, абон
мæ нарты Сослан баф-
хæрдта, зæгъгæ.
Дзылæу бакасти æмæ
федта дыууæ сæрджын-
саджы. Уыдон сæ сытæй
кæрæдзийы гуымс код-
той æмæ сæ сыты къуы-
рццæй ком арыдта,бæстæ
æрвнæрæгау кодта. Дзы-
лæу сæм кæсынтыл фæци.
Сагтæ сæ хæцын нæ
уагътой, фыддæрæй-фыд-
дæр кодтой. Сæ сæфтджы-
ты бын дуртæ пырх код-
той æмæ сæ рыг арвыл
æмбæлди.
Нарты кадджытæй.
НР. 56 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ равæрут ахæм уагыл, цæмæй уæм
рауайа Л. Толстойы чысыл радзырд «Бæлæстæсадзæг зæронд лæг». Сбæрæг
кæнут радзырды темæ.
Иу зæронд лæг дыргъдоны сагъта фæткъуы бæлæстæ.
Зæронд лæг сын дзуапп радта: «Æз дзы куы нæ
фæхъæстæ уон, уæддæр дзы исчи бахæрдзæн, мæнæн та
уыдон бузныг зæгъдзысты». Чи йæ федта уыцы куысты
уæлхъус, уыдон ын загътой: «Цæмæн садзыс уыцы
бæлæстæ? Цалынмæ уыдоныл фæткъуытæ æрзайа,
уæдмæ рацæудзæн бирæ рæстæг æмæ ды нал фæхъæстæ
уыдзынæ уыцы дыргътæй».
26
НР. 57 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ныффыссут цалдæр æмхæст хъуы-
дыйады (текст). Сæргонд ын æрхъуыды кæнут.
НР. У. 58 фæлтæрæн. Ирон æвзагмæ ратæлмац кæнут Къостайы «Дзæби-
дырдзуан»-æй Тедойы хæдзар æвдисæг скъуыддзаг. Цал хъуыдыйадæй
арæзт у? Куыд баст сты дзырдтæ хъуыдыйæдты мидæг?
Сакля Тедо имела два отделения. В первом, за плет-
нем, помещались козы, а во втором — сами хозяева.
Неболыпая дыра в южной стене жилого отделения за-
меняла окно. Посреди земельного пола был разведен
огонь. Дым выходил в отверстие в потолке. Над ог-
нем висел котел. Молодая женщина делала из темно-
го теста лепешки и запекала их в горячей золе. По
другую сторону очага сидел старик и развлекал груд-
ного ребенка.
§ 9. Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ æмæ
интонацимæ гæсгæ.
59 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Се 'хсæн ссарут: а) истæуыл
кæм цæуы ныхас; æ) фарст кæм ис; б) исты архайд бакæнынмæ разæн-
гард кæм цæуы.
1. Цымæ цы дзуры уый ныхасы зæронд лæг? (Нигер).
27
2. Раджы хохы цъуппæй касти иу æрра фыййау.
Мигъ æнгом йæ быны бадти урс цагъд2 къуымбилау.
(Къоста).
3. Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæхи цур ба-
фау...(Къоста).
4. Цавæр нæртон миниуджытæ ис Андиаты Сос-
ланмæ?
5. Хъусыс, лæппу, ма байрæджы кæн скъоламæ.
6. Фест райсомæй лæгау, ныхс сапонæй дæхи. (Къос-
та).
Хъуыдыйæдтæ сæ загъды нысанмæ гæсгæ
вæййынц таурæгъон, фарстон æмæ разæн-
гардгæнæн.
Истæуыл кæм фæцæуы ныхас, ахæм хъуыды-
йад хуыйны таурæгъон.
3 æ г ъ æ м: Доны был æрбадтысты даргъкъу-
бал хърихъуппытæ. (Чедж. Г.)
Фарст кæм вæййы, ахæм хъуыдыйад хуыйны
фарстон. 3 æ г ъ æ м: Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм
цæмæ хъуызыс? (Къоста).
Исты архайд бакæнынмæ разæнгарддзинад кæм
вæййы, ахæм хъуыдыйад хуыйны ра
зæнгардгæнæн. 3 æ г ъ æ м: Хистæртæм хъус,
лæппу!
60 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ бакæсут хъæугæ интонацитимæ.
Схемæтæм гæсгæ зæгъут, цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрд цæуы таурæ-
гъон, фарстон æмæ разæнгардгæнæн хъуыдыйæдты кæрон.
Æнæкæрон бирæ /уарзын æз /мæ райгуырæн бæстæ.//
, , / -гыц-
-р^цыл паузæ.
Цæмæн у афтæ адджын Фыдыбæстæ?//
?
хъæлæс уæ-
лæмæ цæуы.
Мадау уарзут / уæ райгуырæн зæхх. // — хъæлæс дæ-
//
\ лæмæ цæуы.
— стыр паузæ.
28
61 фæлтæрæн. Уæлдæр лæвæрд хъуыдыйæдтæ бакæсут:
фыццаг — цины æнкъарæнтимæ;
дыккаг — дис æмæ цингæнгæйæ;
æртыккаг — цины æнкъарæнтимæ.
Тыхджын æнкъарæнтæ (цин, маст, тас, дис, æмæ
а. д.) цы таурæгъон, фарстон æмæ разæнгардгæнæн
хъуыдыйæдты вæййы, уыдон загъд æрцæуынц
хъæрон (бæрзонддæр) хъæлæсы уагæй æмæ фæхуый-
нынц хъæрон хъуыдыйæдтæ.
3 æ г ъ æ м: Додой фæкæнат, мæ райгуырæн
хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенищ фæлтау!
(Къоста). \
62 фæлтæрæн. 60-æм фæлтæрæны схемæтæм гæсгæ зæгъут, таурæ-
гъон, фарстон æмæ разæнгардгæнæн хъуыдыйæдтæ исты æнкъарæнтимæ
загъд куы вæййынц, уæд сæ кæрон цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрд
æрцæуы?
Хъæрон хъуыдыйады кæрон æвæрын хъæуы
хъæры нысан(!) 3 æ г ъ æ м:
Кæд мæнгæй зæгъын, — мæ цуры
Цавд дур фест ды дæр! (Къоста.)
Фарстон хъуыдыйад хъæрон интонацийæ загъд
куы вæййы, уæд йæ фæстæ æвæрд цæуынц фар-
сты нысан æмæ хъæры нысан иумæ (?!). 3 æ -
г ъ æ м:
— Ау, æмæ цы диссаг у, цы?
Кæд къуырма лæг у?! (Къоста).
63 фæлтæрæн. Рафыссут æмбисæндтæ, цухгонд бынæттæ хъæугæ
дамгъæтæй æххæст кæнгæйæ. Æмбисæндтæ зæгъут фыццаг таурæгъон,
стæй та фарстон æмæ хъæрон интонацитимæ.
1. Райгуырæн бæстæ а...джын у. 2. Фыдыбæстæ
ны...арæг мадау а...джын у. 3.«Лæгæн дунейыл а...
джындæр цы ба...ад? — «Мад, хæдзар, райгуырæн
бæстæ». 4. Хи хуы...омы мыст дæр хъæбатыр у. 5. Дард
бæл...он йæ райгуырæн бæстæм куы 'рыфты, уæд ног
райгуырæгау вæййы.
29
64 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-йæ скъуыддзаг. Загъ-
ды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ дзы цавæр хъуыдыйæдтæ ис?
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр, ныййарæг2 зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Кочысаты Мухарбег.
У. Уæ дзырдуæтты ныффыссут дзырд Фыдыбæстæ-йы синонимтæ (ми-
дисмæ гæсгæ хæстæг дзырдтæ). Уый тыххæй лæмбынæг æркæсут, уый
размæ цы хъуыдыйæдтæ æвзæрстат, уыдонмæ дæр.
65 фæлтæрæн. Бакæсут радзырд. Уæ зæрдæмæ фæцыд Бидыры ахаст
йæ ныййарæг мадмæ? Сымах æхсæн ахæм тæргайгæнаг нæй? Радзыр-
ды хъуыдыйæдтæ цавæртæ сты сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ
гæсгæ?
ТÆРГАЙГÆНАГ3.
Дысон дæр та æххормагæй1 ныххуыссыд1 чысыл Бидыр.
Æмæ цы бахордтаид, уый йын нæ уыдис, æнхъæлут? Йæ
мад Нуца ма йын æгæр дæр сцъупп кодта йæ къус касæй.
Бидыр та уæддæр йæ былтæ æрæппæрста.
— Цы та кæныс, мæ къона?—рæвдаугæ хъæлæсæй йæ
бафарста Нуца.
— Тæвд кас у!— тызмæг дзуапп радта Бидыр æмæ касы
къус йæхицæй иуварс ассыдта.
— Ныртæккæ йæ ауазал кæндзынæн, мæ хъæбул, —загъ-
та Нуца æмæ касы къус гом рудзынджы дæлвæйнæгыл
авæрдта.
— Нæ мæ хъæуы!— сонт хъæр фæкодта Бидыр æмæ йæ
мадмæ зулмæ бакаст.
— Цæуылнæ дæ хъæуы?— бадис кодта Нуца.
— Тæнæг кас у! Царв ыл цъус ныккодтай! — фæхъæр
кодта Бидыр æмæ йæ уатмæ фæцæуæг.
Нуца йæм ацы хатт нал бацыд æмæ йын «рацу, бахæр»
нал загъта.
зо
Бидыр иу дзæвгар феыхъæлмæ каст йæ мадмæ. Фыр
мæстæй йæ скæуынмæ бирæ нал бахъуыд...
Гуыцмæзты Михал.
ПР. 66 фæлтæрæн. «Фыдыбæстæ ныййорæг мадау адджын у»-йы
темæ-йыл аныхас кæнут. Æппæты фыццаг радзурут, алы адæймагæн
дæр йæ мад зынаргъ цæмæн у, уый тыххæй. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут,
уæ мадæлтæ куыд аудынц бинонтыл, хæдзары цы фæкусынц, уыдæттæ.
Уый фæстæ бацархайут бамбарын кæнын — цæмæн фæбарæм Фыдыбæстæ
ный-йарæг мадимæ, цы иудзинад ис се 'хсæн. Уæ ныхасы пайда кæнут
хъуыдыйады алы хуызтæй дæр.
НР. 67 фæлтæрæн. 66-фæлтæрæны лæвæрд темæйыл хæдзары ныф-
фыссут гыццыл радзырд. Сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ дзы
цавæр хъуыдыйæдтæй спайда кодтат?
§ 10. Хъуыдыйады уæнгтæ. Сæйраг уæнгтæ.
68 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйад æмæ йæ ныффыссут уæ тетрæдты.
Цал дзырдæй арæзт у?
Æмæ зарыд булæмæргъ нæ донбыл...(Нигер).
Фæрстыты руаджы сбæрæг кæнут, цал хъуыдыйады уæнджы дзы ис.
Хъуыдыйады мидæг исты фæрстытæн дзуапп
цы дзырдтæ кæнæ дзырдты къордтæ фæдæттынц,
уыдон хонæм хъуыдыйады уæнгтæ.
Хъуыдыйады уæнгтæ дих кæнынц дыууæ къор-
дыл: сæйраг æмæ фæрссаг. |
69 фæлтæрæн. Бакæсут. Бацæттæ йæ кæнут диктант фыссынмæ.
Сæйраг уæнгтæм хауынц сæйрат æмæ зæгъинаг.
Уыдон сты хъуыдыйады бындур, уымæн æмæ йын æвди-
сынц йæ сæйрагдæр мидис æмæ æнæ фæрссаг уæнгтæй1
дæр сæхæдæг вæййынц хъуыдыйад.
70 фæлтæрæн. Алы хъуыдыйадæн дæр ссарут йæ сæйраг уæнгтæ (йæ
бындур). Фæрстыты руаджы сбæрæг кæнут, сæйрат цавæр ныхасы хайæ
загъд æрцæуы æмæ кæцы хауæны æвæрд вæййы, уый.
Хъызт зымæг фæци. Хур арвæй зæхмæ йæ тынтæ
æмрастдæр æрвитын байдыдта.
Æрцыди уалдзæг. Уый райхъал кодта æрдзы. Хуры
хъарммæ бæлæстæ сыфтæр ракалдтой. Сæрвæттæ æмæ
уыгæрдæнты кæрдæг цъæх-цъæхид адардта. Мæргъты
хъæлдзæг зардæй адæймаджы зæрдæ рухс кодта.
Берозты Аслæнбег.
31
Хъуыдыйады мидæг ныхас кæуыл кæнæ цæуыл
фæцæуы æмæ фæрстытæ чи? кæнæ цы? цы сæйраг
уæнг фæдомы, уый хуыйны сæйрат. 3 æ г ъ æ м:
(Чи?) Джерихан уыдис сидзæр лæппу. (Мамс. Д.)
Сæйрат арæхдæр загъд æрцæуы номдар æмæ
номивæгæй номон хауæны. 3 æ г ъ æ м: (Чи?)
Алан скъоламæ фараст сахатпмæ цæуы. (Чи?) Уый
фесгпы авд сахатыл.
71 фæлтæрæн. 70-æм фæлтæрæны бæрæггонд хъуыдыйæдты сæйрæттæй
раттут фæрстытæ зæгъинæгтæм. Цавæр фæрстытæ домы зæгъинаг? Цы
нысан кæны?
72 фæлтæрæн. Дзырдтæм раттут фæрстытæ. Цавæр ныхасы хæйттæ
сты? Бафтаут сæм æххуысгæнæг мивдисджытæ: у, дæ, дæн, стæм,
стут, сты. Семæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ. Цавæр хъуыдыйады
уæнгтæ сты?
Бæрзонд, хæрзæгъдау, скъоладзау, рæсугъд, бæлас.
Сæйрæттимæ баст сæйраг уæнг, фæрстытæ цы
ми кæны предмет? цы кæны? цы у? цавæр у? чи
домы, уый хуыйны зæгъинаг. Зæгъинаг загъд
æрцæуы мивдисæгæй, стæй æххуысгæнæг мивдис-
джытæ дæн, дæ, у, стæм9 стут, сты-йæ номдар
æмæ миногонимæ бастæй. 3 æ г ъ æ м: Дзæби-
дыртæ сæ хизæн бынæттæ (цы ми кæнынц?) ивынц
рæстæгмæ гæсгæ.
Дзæбидыртæ (цавæртæ стыТ) сты къæрцхъус?
цырддзаст.
НР. 73 фæлтæрæн. Рафыссут радзырдæй скъуыддзаг. Сæйрæтты бын
иугай хæххытæ бакæнут, зæгъинæгты бын — дыгай. Æрхъуыды йын кæнут
кæрон.
Хасан бирæ уарзы фос. Уый даргъ лæдзæгимæ сæ
разæй араст вæййы. Здыхт сыкъа нæл сæгътæ та йæ
фæстæ фæцæйцæуынц. Лæппуйы зæрдæ æхсызгондзи-
надæй байдзаг вæййы... Хасан æнæзивæг æмæ сæрæн
32
у. Уый тыххæй йæ фыййæуттæ дæр бирæ уарзынц.
Ие 'рбацыдмæ æнхъæлмæ фæкæсынц.
Тъехты Амыран.
НР. 74 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ. Сæйрæттæ
æмæ зæгъинæгты сæрмæ цыбырæй фæнысан кæнут, цавæр ныхасы
хæйттæй загъд сты, уый.
§ 11. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. Æххæстгæнæн.
75 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд.
Бæрæггонд хъуыдыйæдтæ рафыссут, рахицæн сын кæнут сæ граммати-
кон бындуртæ.
Райсомæй Петя райхъал хъæлдзæгæй. Уыдис авд
сахаты. Сынтæджы йе уæнгтæ айвæзта2 æмæ фæгæпп
ласта.
Лæппу райсомы гимнастикæ скодта. Стæй йæхи
æхсынмæ азгъордта2. Ахсадта йæ дæндæгтæ*, йæ цæсгом.
Йæ буар уымæл хисæрфæнæй асæрфта, йæ дзаумæттæ1
акодта æмæ аходæн хæрыныл æрбадт. Уыди æстæм са-
хат æрдæг.
Аходæны фæстæ Петя скъоламæ атындзыдта. Урок-
ты фæстæ никуыдæм баздæхт, сæхимæ æрцыд æмæ си-
хор скодта...
Махъоты Замирæ.
1 Ироп а.'1М4/(укы чмны., 5 к-ьл оо
76 фæлтæрæн. Таблицæтæм гæсгæ скæнут хатдзæг, сæйраг уæнгтæй
фæстæмæ ма хъуыдыйæдты цавæр уæнгтæ ис, уый тыххæй. Раттут сæм
фæрстытæ. Цавæр уæнгтæ æмбарын кæнынц?
цы ми бакодта?
^райхъал
/
1. Петя ^ /
кæд? / куыд?
/
райсомæй хъæлдзæгæй.
цы ми бакодта?
Лæппу скодта
цы? I
гимнастикæ
I
цавæр?
райсомы.
Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты:
æххæстгæнæн, бæрæггæнæн, фадатон дзырдтæ.
Уыдон æмбарын кæнынц, куыд сæйраг уæнгты,
афтæ фæрссаг уæнгты дæр.
77 фæлтæрæн. Бæрæггонд дзырдтæ сты фæрссаг уæнгтæ. Рафыссут сæ,
цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ хуызæгмæ гæсгæ. Дæлбар дзырдтæ цавæр
фæрстытæ домынц? Цы нысан кæнынц? Цавæр ныхасы хæйттæ сты?
Г.Х. X.
X у ы з æ г: адæймаджы (кæй?) бон.
1.Адæймаджы бон бирæ у.(Æмб.) 2. Иубон сывæллæттæ
хъæдæй хастой саунæмыг рæгъæдæй. (Пл. X.) 3. Уалдзæ-
джы зарджытæн, уалдзæджы кадджытæн ралæууыддуг.
(Гул. А.) 4. Адæмæй бамбæхсæн ницы ис. (Æмб.) 5. Тым-
был æрдузы кæрон ставд зылынзæнг тæрс бæласыл йæхи
бауагъта, йæ ныхы хид асæрфтахæцъилæй æмæ... джихæй
аззад. (Мæрз. С.) 6. Æрхудти йæхиуыл: «Лæппуйæн кæ-
уын не 'мбæлы, кæннод стыр не суыдзæн. (Кос. С.)
34
НР. 78 фæлтæрæн. Бакæсут æмбисæндтæ. Уæ зæрдыл сæ бадарут.
Бæрæггонд дзырдтæ сты æххæстгæнæнтæ. Цавæр фæрстытæ домынц? Цы
нысан кæнынц?
1. (Кæй?) Хорзы алчидæр уарзы. 2. Хорз фыййау
(кæй?) йæ (цы?) фос дзæгъæл нæ уадзы. 3. Хорз цуа-
нон иунæг æхсæвиуаты тыххæй дæр (цы?) халагъуд
аразы. 4. Хорз уараг (кæмæн?) йæхицæн (цы?) хай
нæ кæны. 5. (Кæй?) Хорзы кой дардмæ хъуысы. 6. Хорз
(кæмæн?) лæгæн йæ зæнæг йæхимæ гæсгæ. 7. Хорз
(кæй?) йæ (цы?) фарн мæрдтæм нæ хæссы. 8. (Кæуыл?)
Æвзæрыл гакк нæ вæййы. 9. (Кæмæ?) Æвзæрмæ йæ уд
зынаргъ кæсы. 10 Æвзæр (кæй?) йæ (цæмæй?) аууонæй
дæр тæрсы.
У. Хорз æмæ æвзæры тыххæй ма цавæр æмбисæндтæ зонут?
Æххæстгæнæн у ахæм фæрссаг уæнг, кæцы
бæрæг кæны предмет æмæ домы фæрстытæ: кæй?
цы? кæмæн? цæмæн? кæмæй? цæмæй? кæуыл? цæ-
уыл? кæм? цæм? кæимæ? цæимæ? 3 æ г ъ æ м:
Гиго рахæцыди (кæй?) Пелойы (цæуыл?) къу-
хыл. (Коц. А.)
Æххæстгæнæн загъд æрцæуы номдарæй, но-
мивæгæй. 3 æ г ъ æ ы:^Æз авæрын (кæмæн?) цъиу-
тæн (кæй) сæ (цы?) хæринаг9 (цы?) дон».
номдГ номив. номд. номд.
(Тох. И.)
79 фæлтæрæв. Ацы мивдисджытимæ фæрстыты руаджы ныффыссут
дзырдбæстытæ. Кæцы хауæнты æвæрд сты дæлбар дзырдтæ?
Фыссын (цы? цæмæй? цæуыл?), цин кæнын (кæимæ?
цæуыл?), æххуыс кæнын (кæмæн?), бафæрсын (кæй?
цæмæй?), бацæуын (кæмæ? цæмæ?), райсын (кæмæй?
цы?).
80 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг.Ссарут дзы
æххæстгæнæнтæ. Сбæрæг кæнут, кæцы хауæнты сты æмæ цавæр ныхасы
хæйттæй загъд сты?
35
СÆРД.
Хур судзы... Уырыдзы Чи халсарæй кæмтты
Хæрынæн бæззы... Æргъæмттæ бæтты...
Чи хъæдæй рæгъæдæй Хуыскъæлæй, æхсæрæй
Сырх мæнæргъ хæссы, Кæм цæуынц рæтты!
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!
Къоста.
НР. У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
НР. 81 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ныффыссут цалдæр хъуыдыйады
кæнæ чысыл радзырд. Пайда кæнут æххæстгæнæнтæй.
36
НР. 82 фæлтæрæн. Ныффыссут уæ боны фæткы тыххæй. Хъуыдыйæд-
ты хицæн кæнут сæйраг уæнгтæ. Æххæстгæнæнтæ фæбæрæг кæнут пунк-
тирон хаххæй.
83 фæлтæрæн. Цы уацмыс ахуыр кæнут литературæйæ, уырдыгæй
рафыссут, æххæстгæнæнтæ кæм уа, ахæм 4-5 хъуыдыйады.
§ 12. Бæрæггæнæн.
84 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг радзырдæй. Кърандасæй рахицæн
кæнут сæйраг уæнгтæ. Бæрæггонд фæрссаг уæнгтæм, цы дзырдтимæ баст
сты, уыдонæй раттут фæрстытæ. Цы нысан кæнынц? Цавæр ныхасы
хæйттæ сты?
Фæззæг хъæуы алфамблай вæййы ноджы æнкъард-
дзастдæр. Æнæуд кæрдæг фæлурс кæнын байдайы.
Цъæх мигъ æрхæццæ вæййы хъæумæ, цъититæй ра-
улæфы уазал дымгæ, райдайы къæвдайæн, мит-
уардæн сæ фæлтæр... Фæлæ ма найгæнæн мæйы
фæстæ искуы стæм хатт фæзынынц райдзаст хур
бонтæ, уазал райсом æмæ диссаджы хъарм изæртимæ.
Ныгъуылгæйæ хуры тынтæ сыгъзæрин арт суадзынц
рæсугъд хæхты сæртыл.
Къоста.
Предметы æууæл (хуыз, ас, хъæд, кæй у æмæ
æндæр ах.) цы фæрссаг уæнг фæбæрæг кæны, уый
хуыйны бæрæггæнæн.
Бæрæггæнæн баст вæййы номдаримæ æмæ дзуапп
фæдæтты фæрстытæн: цавæр? цыхуызæн? кæцы?
кæй? цæй? цалæм? Загъд æрцæуы миногонæй, но-
мивæгæй, номдарæщ нымæцонæй. 3 æ г ъ æ м:
(Цы хуызæн?) Ц^ъæхарвы (цавæр?) раидзаст бы-
дыртæй (цавæр?) сыгъзæринмæй кæсы.(Коч. М.)
85 фæлтæрæв Номдартæ баххæст кæнут бæрæггæнæнтæй. Бæрæг-
гæнæнты бын уылæн хæххытæ бакæнут.
Хур, райсом, фæззæг, бæлæстæ, сыфтæртæ,
кæрдæг,æхсæрæг, цæугæдон, гагадыргъ, суадон, фæт-
къуытæ.
У. Бæрæггонд дзырдимæ ныффыссут хъуыдыйад.
37
НР. 86 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæ дзырд хур-ы бæрæггæнæнтæ кæм
уой, ахæм хъуыдыйæдтæ ныффыссут.
Райсом, сихор, изæр, уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг,
хуссар, цæгат, скæсæн, ныгуылæн, хох, быдыр, дыдзы,
зæрин, сыгъзæрин.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау куыд сты?
НР. 87 фæлтæрæн. Дзырд хур ацы дзырдтæн бæрæггæнæн кæм уа,
ахæм хъуыдыйæдтæ ныффыссут.
Бæстæ, фæзтæ, кæмттæ, рæгътæ.
У. НР. 88 фæлтæрæн. Дзырд раст-ы нысаниуджытæ бакæсут. Семæ
хъуыдыйæдтæ ныффыссут æмæ сæ равзарут.
1. Прямой, ровно идущий в каком-нибудь направле-
нии, без изгибов (прямая линия).
2. Правильный, верный, достоверный (правильный
ответ).
3. Справедливый, правый, правдивый, честный (пра-
вильный человек).
У. НР. 89 фæлтæрæн. Дзырд раст-ы нысаниуджытæм гæсгæ бамба-
рын кæнут дзырд зылын-ы нысаниуджытæ.
У. НР. 90 фæлтæрæн. Рафыссут æмбисæндтæ уæ тетрæдтæм. Бахъуы-
ды сæ кæнут. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ сæ равзарут.
1. Расты фæндаг нæ сæфы. 2. Раст къæцæлы дон
фурдмæ ласы, зылын къæцæл баззайы. 3. Рæстдзинад
цардæн йæ бындур у. 4. Лæгау лæг алцæмæй дæр раст
зæгъдзæн. 5. Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис, рæстдзи-
надмæ — иу. 6. Зылыны зылын хон, растæй раст дзур.
7. Раст лæг мæнг ныхæстыл не сразы уыдзæн.
У. НР. 91 фæлтæрæн. Ацы скъуыддзаг хæдзары ирон æвзагмæ ратæл-
мац кæнут. Сатанайы фæлгонц бæрæггæнæг дзырдтæ цавæр ныхасы
хæйттæй загъд сты, уый фæбæрæг кæнут.
Огромным почетом пользуется среди Нартов Сатана
— мудрая мать народа. Без ее совета Нарты не начина-
ют зажных дел. Без ее помощи не могут обойтись са-
мые прославленные герои. Взглянув в свое «небесное
зеркало», Сатана видит все, что происходит на свете.
Она прекрасная хозяйка. В голодный год Сатана щедро
38
открывает Нартам свои кладовые и спасает народ от
смерти.
Бзарты Руслан.
НР. 92 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд
æмæ йæ бацæттæ кæнут изложени фыссынмæ.
Бæрæггæнæнты сæрмæ цыбырæй нысан кæнут, цавæр ныхасы хæйттæй
загъд цæуынц, уый.
Туацъы нæмыг (уырыссагау — клюква) у, æппынæ-
дзух дæр цъæх чи у, ахæм къудзи*. Йе 'ндаххуыз хъæд
бынтондæр нæ зыны кæрдæджы 'хсæнæй. Зын базонæн
сты йæ гыццыл сыфтæ дæр, иуæрдыгæй кæрдæгхуыз
æрттиваг, иннæрдыгæй та — урс, дæлæмæ уагъд. Æмæ
цъæх кæрдæджы 'хсæн куы фæзынынц ирд сырх
нæмгуытæ, уæд афтæ зыны, цыма æппындæр ницы бар
дарынц се 'ндахы хуызæн лыстæг хъæдмæ. Афтæ сæ
цыма æнæбары чидæр апырх кодта.
Рагæй-æрæгмæ туацъы нæмыг хонынц хосгæнæг га-
гадыргъ. Уый æрхауын кæны тæвд, бирæ дзы ис вита-
минтæ дæр. Адæм æй хонынц фыццаг æмæ фæстаг гага,
уымæн æмæ йæ фыццаг райдайынц æмбырд кæнын,
фæстагмæ дæр уый баззайы.
Калоты Петр.
НР. 93 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ саразут чысыл радзырд. Æрхъуыды
йын кæнут сæргонд. Спайда кæнут бæрæггæнæнтæй.
39
§ 13. Фадатон дзырдтæ.
94 фæлтæрæн Дзырдтæн ссарут сæ антонимтæ (мидисмæ гæсгæ
ныхмæвæрд дзырдтæ). Семæ ныффыссут дзырдбæстытæ. Дзырдты баст-
дзинад сбæрæг кæнут хуызæгмæ гæсгæ.
X у ы з æ г:
фæрсдз. кæцæй?
хъуысы дардæй
Дæлæуæз, тагъд, дардæй, абон.
Архайдæн йæ бынатп, йæ афон, йæ хуыз, йе 'фсон,
йæ нысан цы фæрссаг уæнгтæ амонынц, уыдон
хуыйнынц фадатпон дзырдтæ.
Фадатон дзырдтæ домынц фæрстытæ: кæм.
кæдæм? кæцæй? кæд? кæдмæ? куыд? куыдæй?
цæмæн? цæй тыххæй? 3 æ г ъ æ м: Фест (кæд?)
райсомæй (куыд?)лæгау.„ (Къоста.)
Фадатон дзырдтæ загъд æрцæуынц
фæрсдзырдтæй, номдартæй, миногонтæй.
95 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Цæуыл дзы цæуы
ныхас?
Бæрæггонд дзырдтæм зæгъинæгтæй раттут фæрстытæ. Архайдæн цы
амонынц? Цавæр ныхасы хæйттæй загъд сты?
РАЙСОМ.
Уарыд хæхтыл дысон-бонмæ,
Мигъ ныббадти комрæбын.
Абон хур æрбакаст коммæ,
Арвыл хъазы хуры тын.
Абон дунемæ бæрзондæй
Цъити ирд цæстæй кæсы;
Абон хуры рухс уæлвонгæй*
Комы нарджытæм бырсы.
Хуры рухсмæ доны 'ртæхтæ
40
Худгæ 'рттивынц1 сыфтæртыл,
Мæнæ райсомы цырæгътæ,
Чи сæ ссыгъта бæлæстыл?
Гæдиаты Цомахъ.
У. Хæдзары æмдзæвгæ сахуыр кæнут зæрдывæрдæй.
X у ы з æ г: Уарыд (кæм?) хæхтыя^_
уарыд (кæд?) дысон-бонмæ.
НР. 96 фæлтæрæн. Бакæсут æмбисонд. Уæ зæрдæмæ фæцыд чын-
дзы дзуапп? Сымахмæ гæсгæ та адæймаджы царды сæйрагдæр цы у?
Фæрстыты руаджы сбæрæг кæнут, бæрæггонд дзырдтæ цы амонынц æмæ
цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый.
АМОНД.
Иу бинонтæ цард, уыди сæм зæронд дæр, фæлæ сæм
æгъдау фидар нæ уыд.
Æхсæвы мит рауарыд. Райсомæй зæронд лæг сыстад
æмæ кæсы: митыл фæд.
— Ай та цæй фæд у, мæн йеддæмæ куы ничима
сыстад?
Ацыд фæдыл æмæхъæдмæ ссыди. Лæг дистæ кæны:
— Ай цы хабар у!
Уæд æм къутæрæй чидæр радзырдта:
— Уый мæ фæд у, уæ хæдзары амонд дæн æмæ уæ
цы хъæуы, цы курыс, уый мын зæгъ.
Зæронд лæг афтæ:
— Æз нæхимæ афæрсон.
Сæхимæ фæрсæг ауади æмæ фæрсы бинонты:
— Нæ амонд нæ фæрсы, цы уæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ
цы ракурон?
Лæппутæ загътой: «Хор, зæхх».
Уæд кæстæр чындз дуарæй æрбалæууыд æмæ загъта:
—Æгъдау, уарзондзинад.
Зæронд лæг бацин кодта:
— Гъе, уый хорз загъта: æгъдау, уарзондзинад.
Зæронд лæг аздæхт хъæдмæ, сæ амондмæ, æмæуæдæй
фæстæмæ дзæбæхæй цардысты.
У. Дзырдтæ æгъдау æмæ амонд-ы æмуидаг дзырдтæ ныффыссут.
41
97 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Ссарут сæ фадатон дзырдтæ
æмæ зæгъут, цавæр фæрстытæн дæттынц дзуапп æмæ цы амонынц.
НР. У. Бæрæггонд дзырдты мидис бамбарын кæнут хæстæг дзырдты
(синонимты) руаджы. Зæгъут сæ уырыссагау.
1. Уæлæуæз, иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты
æхсæн иунæгæй рæзы иу хæххон дидинæг. Йæ дзæбæх
фæлурс цæсгомæй1, йæ рæсугъд хъал цæстытæй кæсы,
фæлгæсы коммæ дæлæмæ. (Гæд. Ц.) 2. Раджы хохы
цъуппæй касти иу æрра фыййау1. Мигъ æнгом йæ
быны бадти урс цагъд къуымбилау. (Къоста.) 3. Фыр-
къа æмæ цæукъа æнувыд хъуыстой сæ хицауы
ныхæстæм. Фыркъа йæ бурбын цæстытæ æрцъынд-
æрцъындгæнгæйæ, йæ уæззау дымæг тилгæйæ хъуы-
ды кодта... (Коц. А.) 4. Борæ уыдис цуаны Талмы-
хъæды. Ницæуыл сæмбæлди æмæ рæгътыл фæстæмæ
раздæхти. Хæхты тигъыл æфцджытæм æрхызти.
Æфцджытæй уæлвæзтæм, стæй къуылдымтæ æмæ
дæлбылтæм æрцыди. Хъæды кæрон æрлæууыд, суа-
донмæ ныккаст æмæ ауыдта иу æхсинæг стæхгæ.
(Нарты к.)
98 фæлтæрæн. Къостайы æмдзæвгæтæй ист хъуыдыйæдтæ баххæст
кæнут, цы фадатон дзырдтæ дзы уыдис, уыдонæй.
1. Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды (кæм?). 2. (Кæдæм?)
схæццæ хъарæг: «Дудгæ фæбада (кæм?) нæ дарæг,
мах чи фæсайдта!..» 3. (Кæд?) уæйыгмæ лæскъдзæрæн
иу мæгуыр лæг цард. 4. Фест (кæд?) лæгау, ныхс са-
понæй дæхи, цæттæ дæ хызын дар, (куыд?) (кæдæм?)
уай!
99 фæлтæрæн. Литературæйæ цы уацмыстæ ахуьтр кæнут, уырдыгæй
рафыссут фадатон дзырдтимæ цыппар хуымæтæг хъуыдыйады.
У. Саразут сын схемæтæ.
§ 14. Цыбыр æмæ даргъ хуымæтæг хъуыдыйæдтæ.
НР. 10С фæлтæ] Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Цавæр темæйыл фыст
сты? Ссарут сæйраг уæнгтæ. Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ дыууæ
цæджындзы хъуыдыйæдтæ?
42
1. Фæззæг æмпъузы. 1. Фæззæг æмпъузы
сыгъзæрин æндæхтæй бы-
дыры фарс. (Сотт. Р.)
2. Бæлæстæ лæууынц, 2. Сидзæрты хуызæнæй
кæуынц. бæлæстæ лæууынц, сусæ-
гæй, æдзæмæй* сыфтæр-
тыл кæуынц... (Пух. А.)
3. Мигъ ныббадти1. 3. Мигъ ныббадти1 ком-
рæбын. (Гæд. Ц.)
4. Мигъты рæдзæгъд 4. Хохы сæрмæ сдын-
сдынджыр. джыр тар мигъты рæ-
дзæгъд! (Пух. А.)
Æрмæст сæйраг уæштæй арæзт хъуыдыйад хуый-
ны хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад: 3 æ г ъ æ м:
Ралæууыд фæззæг.
Сæйраг уæнгтæй фæстæмæ ма фæрссаг уæнгтæ
дæр кæм вæййы, уый та хуыйны хуымæтæг даргъ
хъуыдыйад. 3 æ г ъ æ м: Ног та ралæууыд сыгъ-
зæрин фæззæг.
НР. 101 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Ссарут хуымæтæг цыбыр
æмæ хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ. Текст бацæттæ кæнут изложени фыс-
сынмæ.
Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Хъæды
бæлæсты сыфтæртæ алыхуызон сæрттывтой: иутæ хъай-
лайы хуызæн бур-бурид, иннæтæ — сырхбын цъæх,
аннæтæ фæлурс бур. Æмæ дзы цы хуызæттæ2 нæ уыдис.
Æрмæст ма фыццагау цъæх-цъæхид дардта æнусон нæзы-
ты къох хъæды астæуæй.
Арв ма уыди сыгъдæг. Хур касти дардæй æмæ фæззы-
гон тавд кодта быдыртæ, хæхтæ.
Мамсыраты Дæбе.
НР. 102 (^æлтæрæн. Бакæсут æмбисæндтæ.Фыццаг рафыссут хуымæтæг
цыбыр, стæй та — хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ. Фæстæгты хъуыдыйа-
ды уæнгтæм гæсгæ равзарут.
43
1. Фæззæг дзаджджын у. 2. Фæззæг æппæтæй æххæст
у. 3. Фæззæг — æфснайæг. 4. Фæззæг царды къæбиц у.
5. Фæззæджы зарæгмæ куыст дæр фæхъырны. 6. Фæззæгæй
зæрдæ буц у. 7. Фæззæджы бæркад афæдз хæссы. 8. Фæззæг
хорзæн — зæрдæрухс, æвзæрæн — мæлæтхæссæн.
НР. 103 фæлтæрæн. Бакæсут радзырд. Æрхъуыды йын кæнут сæргонд.
Йæ мидисмæ гæсгæ 3-4 хуымæтæг цыбыр хъуыдыйады ныффыссут.
Фæззæг уæлдай æнæнцой вæййынц, хуссармæ чи
фæтæхы, уыцы мæргътæ. Уыдонæн даргъ æмæ зын у
сæ фæндаг. Цы рæдыдтытæ, цы бæллæхтæ сыл нæ
сæмбæлы фæндагыл! Æмæ бынатæй чи атæхы, уыдон
се 'ппæт нæ сæмбæлынц хъарм бæстыл, фæндагыл дзы
бирæ фесæфы...
Раст зæгъын хъæуы, зын тæхæн у уæрццытæн.
Фæззæгмæ тынг нард свæййынц, фыдæй сæхгæнынц.
Нардæн та уæлдæфы йæ нæрдтæ зын хæссæн сты.
Уымæ гæсгæ уæрццытæ спæррæст кæнынц, иучысыл
атæхынц æмæ та фæстæмæ æрбадынц. Сæ фæллад суа-
дзынц. Стæй фистæгæй дзæвгар фæцæуынц æмæ та
спæррæст кæнынц.
Æнцон тæхæн у дзывылдартæ æмæ зæрватыччытæн.
Уыдон рог цъиутæ сты, афтæмæй сын тыхджын ба-
зыртæ ис. Дзывылдартæ нæмыгау уæлдæфы цъыввытт-
цъыввытт, зæгъгæ, атæхынц æмæ сæ цæст уынгæ дæр
нал акæны. Зæрватыччытæ стыр балтæй уæлдæфы зил-
дух байдайынц, хъазынц сæ зæрдæйы дзæбæхæн,
афтæмæй тæхынц хъарм бæстæтæм.
Мамсыраты Дæбе.
§ 15. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
104 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Радзурут, алыхуызон цæрæгойтæ
фæззæг сæхи куыд дарынц, уый тыххæй.
Хъуыдыйæдты уыцы иу фарстæн дзуапп дæттæг дзырдтæ ссарут. Цавæр
фæрстытæ домынц? Фæрстытæ цы дзырдтæй лæвæрд цæуы, уыдоны бын
бахахх кæнут. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут хъуыдыйады æмхуызон уæнг-
ты раиртæст.
44
Фæззæг æнæнцой вæййынц алы цæрæгойтæ.
Æхсæрджытæ, мыстытæ æмæ иннæ æхсынæг сырдтæ
сæхицæн зымæгмæ байдайынц æмбырд кæнын æхсæртæ,
æхсынæнтæ æмæ бæртæ фæкæнынц*. Æрсытæ, рувæстæ
æмæ иннæ лæгæты цæрджытæ фæхæссынц сæ хуын-
чъытæм фæлмæн хос, фæсал*. Иудзырдæй, сырдтæй дæр
алчи йæхи фæцæттæ кæны зымæгмæ.
Мамсыраты Дæбе.
105 фæлтæрæн. 103-æм фæлтæрæны текст уæ кæрæдзийæн бакæсут.
Уæ хъус æрдарут, æмхуызон уæнгтæ цавæр интонацийæ загъд æрцæ-
уынц, уымæ.
106 фæлтæрæн. Схемæтæм æркæсут. Рафыссут сæ уæ тæтрæдтæм.
Зæгъут, æмхуызон цавæр хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц?
1. Æхсæрджытæ,^
мыстытæ - байдайынц æмбырд кæнын
æмæ
иннæ æхсынæг сырдтæ
-байдайынц æмбырд кæнын
æхсæртæ, æхсынæнтæ.
2. Æрсытæ^^
рувæстæ ^^^^, фæхæссынц
иннæ лæгæты цæрджытæ
фæхæссынц
фæлмæн хос, фæсал.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц
уыцы иу фарстæн æмæ хауынц уыцы иу хъуы-
дыйады уæнгмæ.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ загъд æрцæ-
уынц нымайыны хъæлæсы уагæй.
Хъуыдыйады мидæг куыд сæйраг, афтæ фæрссаг
уæнгтæ дæр вæййынц æмхуызон уæнгтæ.
45
107 фæлтæрæн. Æмхуызон уæнгтæй пайдагæнгæйæ раттут дзуапп
фæрстытæн. Цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты æмхуызон уæнгтæ?
1. Цавæр цъиутæ тæхынц хъарм бæстæм?
2. Зымæгиуатгæнæг цъиутæ та цавæртæ сты?
3. Цавæр бæлæстæ зайы хъæды?
4. Сыфтæрджын бæлæстæм цавæртæ хауынц?
108 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм.
Зæгъут, æмхуызон уæнгтæ кæм баст æрцыдысты æрмæстдæр хъæлæсы
уагæй, стæй хъæлæсы уаг æмæ бæттæгты руаджы. Бæттæгты бын сырх
кърандасæй бахахх кæнут. Уæ хъус æрдарут хъуыдыйады мидæг интона-
цимæ.
Туацъы нæмыг, мæцкъуы, саунæмыг сты зайæгойтæ.
Туацъы нæмыг, мæцкъуы æмæ саунæмыг сты зайæ-
гойтæ.
Туацъы нæмыг дæр, мæцкъуы дæр, саунæмыг дæр
сты зайæгойтæ.
Хур кæсы, фæлæ нæ тавы.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ
баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр хъæлæсы уагæй,
кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæ æмæ, фæлæ,
дæр-æй.
109 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Æркæсут сын сæ схемæтæм.
Куыд баст цæуынц æмхуызон уæнгтæ? Цавæр æрхæцæн нысæнттæ сæ
хъæуы æвæрын, уый тыххæй схемæтæм гæсгæ скæнут хатдзæгтæ.
Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынаты* цæрынц дзæби-
дыр, сычъи, арс, домбай...
ее. ее. ее. ее
Дысон-бонмæ арв æмæ зæхх кæрæдзийы фæхостой.
(ХЪУПП. М.) -уь
чА/ æмæ
Заз дæр, нæзы дæр, наз дæр кæддæриддæр вæййынц
цъæх.
46
æ
©6, ©6, ©6
Мах куыстам сабыргай, фæлæ бæстон.
чЛ/, фæлæ \*Л./.
110 фæлтæрæн. Цы уацмыс ахуыр кæнут (кæнæ та раздæр кæй цыды-
стут), уырдыгæй рафыссут фæйнæ цыппар хъуыдыйады æмхуызон уæнг-
тимæ. Æмхуызон уæнгтæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты? Кæрæдзийæ
куыд хицæн цæуынц?
111 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Цæуыл дзы цæуы ныхас? Æрдз
бахъахъхъæныны тыххæй сымах та цавæр куыст кæнут? Ссарут хъуыды-
йады æмхуызон уæнгтæ. Бамбарын кæнут æрхæцæн нысæнтты æвæрынад.
Скъоладзаутæ садзынц бæлæстæ, дидинджытæ,
æмбырд кæнынц хосгæнæн кæрдæджытæ. Уыдон ахуыр-
гæндты разамындæй аразынц фæлварæнтæ быдырты
æмæ фосдарæн фермæты. Æвзонг æрдзуарзджытæ
сыгъдæг кæнынц суадæттæ æмæ чысыл цæугæдæттæ,
хъахъхъæнынц, стæм чи у, ахæм цæрæгойтæ æмæ за-
йæгойтæ, ахуыр кæнынц æмæ хъахъхъæнынц цъиуты.
Калоты Петр.
НР. У. 112 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Скæнут ын сæргонд æмæ
йæ изложенийы хуызы ныффыссут. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзы
ссарут. Куыд баст цæуынц кæрæдзиимæ?
Ирон адæм æууæндыдысты сæхи дзуæрттæ æмæ дау-
джытыл. Куывтой сæм, æххуысагур сæм сидтысты.
Зæхкусæг æууæндыди, хорыбардуаг Уацилла- йын йæ
хуымтæ кæй бахъахъхъæндзæн, ууыл. Фыййæуттæ
æххуысагур сидтысты сырдты бардуаг Тутырмæ. Фосы
бардуаг Фæлвæра хъуамæ фосы дзугтæ фæфылдæр код-
таид. Цуанæтты рæствæндаг Æфсатийæ кæнгæ уыд.
Хæстмæ кæнæ дард балцы цæугæйæ куывтой Уастыр-
джимæ.
Уастырджи уыд ирон адæмы уарзондæр бардуаг.
Нæлгоймæгты, хæстон адæм æмæ бæлццæтты бардуаг,
раст æмæ æфсармджын адæмы сæрыл хæцæг,
къæрныхтæ æмæ лæгмарты знаг. Адæм Уастырджийы
47
ныв кæнынц урс бæхыл бадæг рæсугъд нæлгоймагæй.
Ирон адæммæ гæсгæ Уастырджи арæх зæронд лæджы
хуызы æрцæуы зæхмæ. Адæм кæрæдзимæ цы цæстæй
кæсынц, уый бæрæг кæны. Бафхæры, искæй маст æмæ
хъуæгтæм уазал цæстæй чи кæсы, уыдоны.
Бзарты Руслан.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
У. НР. 113 фæлтæрæн. Текст ирон æвзагмæ ратæлмац кæнут. Æмхуы-
зон уæнгты бын бахахх кæнут.
Мальчики и девочки собрались на субботник. При-
несли лопаты, грабли. Ребята подметали школьный двор,
собирали мусор и выносили со двора. В школьном дво-
ре, на улице, в классах дружно работали и пели песни.
Веселые, радостные песни были слышны до конца суб-
ботника. После субботника классный руководитель по-
благодарил ребят.
Субботник — зиу.
§ 16. Сидæн.
114 фæлтæрæн. Æмдзæвгæ аив бакæсут. Цæмæ сиды поэт? Куыд хуый-
нынц ахæм дзырдтæ? Зæгъут, Ирыстон цавæр хъæбулты аккаг у?
МÆХИ ДÆ, О, МÆХИ, ИРЫСТОН!
Мæ сонты бонтæй нырмæ систон
Дæуыл мæ зарджытæ, Ирыстон.
Дæ судзгæ зæрдæмæ ныхъхъуыстон,
Ирыстон, о, мæхи, Ирыстон!
Дæ фарн, дæ цæрайæ æз цардтæн.
Ирыстон, о, мæхи, Ирыстон!
Мæхи дæ, о, мæхи, Ирыстон!
Джиоты Хазби.
115 фæлтæрæн. Фыццаг рафыссут хуымæтæг (иу дзырдæй арæзт)
сидæнтимæ хъуыдыйæдтæ, уый фæстæ та даргъ (цалдæр дзырдæй арæзт)
сидæнтæ кæм уа, ахæм хъуыдыйæдтæ. Цавæр ныхасы хæйттæй загъд
вæййынц хуымæтæг сидæнтæ?
48
1. Фæлæ уæддæр, Ныййарæг зæхх, дæуæн æмбал кæм
и! (Кочыс. М.)
2. Æмбæлттæ, размæ тындзут! (Гæд. Ц.)
3. Мæ чысыл ирыстойнаг хæлæрттæ! Куыст цардæн
фæрæз у, æмæ йыл адæймаг хъуамæ æнувыд уа. (Куч. Ю.)
4. Тав нæ, хур, худ нæм, хур, мах ыстæм амондгур.
(Нигер.)
5. 0 мæ фæндыр, уарзын дæ æз, уарзын. (Гæд. Ц.)
Сидæн загъд æрцæуы номдарæй номон хауæны.
3 æ г ъ æ м:
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ. (Къоста.)
Арæх сидæнæн вæййы иу кæнæ фылдæр
бæрæггæнæны æмæ свæййы даргъ.
3 æ г ъ æ м : Нæ хæхбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!.. (Къоста.)
116 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Æркæсут сын сæ схемæтæм
æмæ зæгъут: сидæн кæцы ран фæлæууы хъуыдыйады мидæг, куыд хицæн
цæуынц сидæнтæ дзургæйæ æмæ фысгæйæ?
1. Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæлас-
тон мæ сау зæрдæ дард. (Къоста.)
ГсГ|
2. Фæллойгæнæг адæм, мæ уарзон, мæ райгуырæн бæстæ,
уæ намысджын тохæн дæттын æз мæ зард. (Г. А.)
[~с71
3. Рацæут, Нарт, мæнæ уæ Уырызмæг æмæ Сатана
хонынц. (Нарты к.)
[7с7[
4. Цы кодтай, цæмæй фæтарстæ, нана?
|Тс?1
4Ирон æвзаджы чиньи, 5 къл 49
Сидæн æвæрд вæййы хъуыдыйадæн йæ райда-
йæны дæр, йæ астæуы дæр, йæ кæроны дæр.
Фысгæйæ сидæн хъуыдыйады иннæ дзырдтæй
хицæнгонд æрцæуы къæдзыгæй.
Хъуыдыйады райдайæны æвæрд сидæн хъæрон
хъæлæсы уагæй загъд куы вæййы, уæд йæ фæстæ
æвæрд æрцæуы хъæры нысан! 3 æ г ъ æ м:
Лæппутæ! Ардæм рацæут.
117 фæлтæрæн. Æмдзæвгæйы скъуыддзаг бакæсут. Загъды нысан
æмæ дзы интонацимæ гæсгæ цавæр хъуыдыйæдтæ ис? Ссарут
сидæнтæ. Бамбарын кæнут, хъуыдыйады иннæ дзырдтæй куыд хицæн
кæнынц.
КАТАЙ.
Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!
Цы номæй дæм бадзурон, уый-ма мын зæгъ?..
Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,
Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?
Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,
Дæ фидар, фæлтæрд* риуæй хъусын хъæрзын...
Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлдзæхæй, уæлдзæхæй,
Кæмдæриддæр дæ, — тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..
Къоста.
118 фæлтæрæи. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Сидæнты сæрмæ бафыссутс.
Æрхæцæн нысæнтты æвæрынад бамбарын кæнут.
1. Уæ бонтæ хорз, нæ байзæддаг, нæ цæуæт! (Нигер.)
2. Мæгуырæй мын ма тæрс, мæ фыды зæронд. (Къоста.)
3. Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз. (Нигер.)
4. Уарзон Фыдыбæстæ, фарнимæ рæз. 5. Цæйут, æфсы-
мæртау, раттæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры
лæппутæ!.. (Къоста.)
НР. 119 фæлтæрæн. Сидæнтæй пайдагæнгæйæ ныффыссут фыстæг.
50
§ 17. Хуымæтæг хъуыдыйад æвзарыны фæтк.
1. Хъуыдыйады хуыз йæ загъды нысанмæ гæсгæ.
2. Йæ бындур (сæйраг уæнгтæ).
3. Хъуыдыйады хуыз йæ арæзтмæ гæсгæ (фæрссаг
уæнгтæ дзы ис æви нæй, уымæ гæсгæ).
4. Фæрссаг уæнгтæ.
5. Сидæнтæ (кæд дзы ис.)
ДЗУРГÆ ÆВЗÆРСТЫ ХУЫЗÆГ.
Хур арвы астæумæ ссыдис æмæ фæрссагæй бауагъта
йæ сыгъзæрин тынтæ. (Фæрн. Къ.)
Ацы хъуыдыйад у таурæгъон, йæ бындур — хур
(сæйрат), ссыд, бауагъта (зæгъинæгтæ). Хъуыдыйад у
хуымæтæг даргъ, уымæн æмæ дзы ис фæрссаг уæнгтæ.
Ссыдис (кæдæм?) арвы астæумæ — фадатон дзырд.
Бауагъта (цы?) тынтæ — æххæстгæнæн. Бауагъта
(кæцæй?) фæрссагæй — фадатон дзырд. Тынтæ (цавæр?)
сыгъзæрин — бæрæггæнæн. Тынтæ (кæй?) йæ —
бæрæггæнæн.
ФЫСГÆ ÆВЗÆРСТЫ ХУЫЗÆГ.
Хур/арвы астæумæ ссыдис/æмæ /фæрссагæй бауагъ-
та йæ сыгъзæрин тынтæ.
НР. 120 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Æрхъуыды йын кæнут
сæргонд. Радзурут Агуындæйы рæсугъды тыххæй. Фыццаг æртæ хъуы-
дыйады равзарут дзургæ æвзæрсты хуызæгмæ гæсгæ.
Ацæмæз сфæнд кодта фæцæуын Сау хохмæ. Сау
хохы сæр цардис Сайнæг æлдар. Уыдис ын дисса-
джы рæсугъд чызг Агуындæ. Агуындæ-рæсугъдæн
йæ цыллæ хъуымбыл дзыкку хæццæ кодта раст йæ
фадхъултæм. Нарæгастæу æмæ гуырвидауц. Йæ сау
цæстыты каст уыд фæскъæвда хур бон; йæ ми
кæнынмæ бавнæлд — цæрдæг, раст бирæгъы
фæлæбурдау; денджызы хъазау — йæ рацыд. Рай-
сом раджы-иу тасгæ-уасгæ куы рацæйцыдис дон
51
хæссынмæ, уæд-иу, цыма мæи иæ гогонæи касти,
сæнтхур та — йæ цæсгомæй.
Нарты кадджытæй.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
121 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Сæргонд ын скæнут æмæ йæ ра-
фыссут уæ тетрæдтæм. Хъуыдыйæдтæ равзарут æвзарыны фæткмæ гæсгæ.
Бæстæ зынг фестад. Хур арвы астæу хæтын систа.
Зæхх йæ риу уæлгоммæ фæзылдта. Бæстæ кæрдæгæй
цъæх сгæлладау сæрттывта1. Алы цæрæг удгоймаг рай-
гас. Мæргътæ1 зарыдысты. Дзæбидыртæ хохы
фидæрттæм ссыдысты, хъал цæстæнгас лæвæрдтой.
Бæлæстæ сыфтæртæй сæхи сфæлыстой.
Гæдиаты Секъа.
§ 18. Вазыгджын хъуыдыйад.
122 фæлтæрæн. Фыццаг бакæсут, галиуæрдыгæй, стæй та рахизæр-
дыгæй цы хъуыдыйæдтæ ис, уыдон. Схемæтæм гæсгæ зæгъут, цалгай грам-
матикон бындуртæ сын ис? Бацамонут хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуы-
дыйæдтæ.
Хæхты цъуппытæ
цъæх-цъæхид адардтой.
Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæбур вæййы дон,
Æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон. (Къоста).
Дзæнгæрæг ныццагъта.
Урок райдыдта.
Щ, Ш, Ш> [Ц
Дзæнгæрæг ныццагъта,
фæлæ урок нæма райдыдта.
ПП, фæлæ \2_
Дыууæ кæнæ фылдæр хуымæтæг хъуыдыйадæй
арæзт хъуыдыйад хуыйны вазыгджын. 3 æ г ъ æ м:
Хъæд улæфы йæ боны куысты фæстæ, кæнынц
лæугæйæ бæлæстæ фынæй. (Пл. X.)
123 фæлтæрæн. Кæрæдзийæн 122 фæлтæрæны хъуыдыйæдтæ бакæсут.
Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ хицæнæй кæсгæйæ уæ хъус æрдарут хъæлæсы
уагмæ. Стæй та уыцы хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджын хъуыдыйады
52
мидæг кæсгæйæ рахатут, кæд цæуы хъæлæс бæрзонддæр, кæд та
ныллæгдæр.
Вазыгджын хъуыдыйады мидæг хуымæтæг хъуы-
дыйæдтæ баст сты хъæлæсы уагæй, алкæцыйы
фæстæ дæр дзы ис паузæ, фæлæ интонаци цæуы
уæлæмæ, æрныллæг вæййы æрмæст вазыгджын
хъуыдыйады фæуды.
Вазыгджын хъуыдыйæдтæ цы хуымæтæг хъуы-
дыйæдтæй арæзт сты, уыдон хицæнæй куы
фæзæгъæм, уæд сæ алкæмæн дæр ис фæуды инто-
наци, ома фæстаг дзырд дзургæйæ хъæлæс
æрныллæгдæр вæййы.
124 фæлтæрæн. Æмдзæвгæ аив бакæсут. Ссарут дзы вазыгджын хъуы-
дыйад. Цал хуымæтæг хъуыдыйадæй конд у?
УАЛДЗÆГ ÆРЦЫД.
Дидинæг адардтой рæгътæ1,
'Хсæрдзæнтæ кæмтты1 нæрынц.
Зарынц фæйнæрдыгæй мæргътæ1,
Зарынæй ерыс кæнынц.
Згъорынц гуылфгуылфгæнгæ дæттæ,
'Мбал ма сæ цинæн кæм и,
Дари* зæлдагæй нæ хъæдтæ1
Сфæлыстой, бакæс, сæхи.
Хъазынц нæртон хурмæ цæдтæ,
Айдæнау калынц тæмæн.
Цъæх фæзтæ1, къуылдымтæ, хъæдтæ1,
Ласынц сæхимæ та мæн.
Хъороты Хъазцбег.
125 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдтæ сты вазыгджын. Лæмбынæг сæм
æркæсут (се схемæтимæ). Цалгай хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт сты?
Куыд хицæн цæуынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ? Цæмæй хицæн
кæны фыццаг хъуыдыйад иннæтæй?
1. Дзæнгæрæг ныццагъта, урок райдыдта.
Щ> Ш-
53
2. Дзæнгæрæг ныццагъта, æмæ урок райдыдта.
гп æмæ [3?
3. Дзæнгæрæг ныццагъта, фæлæ урок нæма райдыдта.
ГП , фæлæ
4. Дзæнгæрæг ныццагъта, цæмæи урок раидаиа.
ПП ,цæмæй
5. Урок райдыдта, уымæн æмæ дзæнгæрæг ныццагъта.
ГП 9 уымæн æмæ[2"
Вазыгджын хъуыдыйады мидæг хуымæтæг хъуы-
дыйæдтæ баст цæуынц хъæлæсы уагæй æмæ
бæттæгтæ æмæ, фæлæт цæмæй, уымæн æмæ-йæ
æмæ а. д.
Фысгæйæ вазыгджын хъуыдыйад аразæг хуы-
мæтæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ хицæнгонд
цæуынц къæдзыгтæй.
НР. 126 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Æрхъуыды йын кæнут
сæргонд. Ацæмæзы цагъдмæ дуне йæхи куыд дары, уый тыххæй радзу-
рут. Вазыгджын хъуыдыйæдтæ ссарут. Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм. Цал-
гай хуымæтæг хъуыдыйæдтæй арæзт сты? Куыд баст цæуынц хуымæтæг
хъуыдыйæдтæ вазыгджын хъуыдыйады мидæг?
Ацæмæзы уадындзы зардмæ хæхтæ хъырнын райдыд-
той, уый фæстæ та дын куы скафиккой Сау хох æмæ
Урс хох, æмæ Сау хох лæбырдтытæ фæци, Урс хох урс
змис фестади.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз ноджы рæсугъддæр ба-
зары, æмæ æнæхъæн дунетæ æрыхъал вæййынц: æну-
сон цъититæ тайын куы байдайынц; уынгæг кæмтты
хæххон уайаг дæттæ хæлхæлгæнгæ уæрæх быдыртæм
згъорынтæ куы сисынц.
Уалдзыгон хур йæ рæсугъд цæстæй æгас дунемæ
хъæлдзæгæй уæд куы ракæсы; сыгъдæг уæлдæфмæ алы
адæймаг дæр йæ уæнгтæ уæд айвазы. Æмæ йæ фæтæн
риуь* дзаг уæд куы сулæфы.
Ацæйы фырт чысыл Ацæмæз йæ уадындз аст æвзагæй
сифтындзы æмæ ноджы рæсугъддæр ныззары, æмæ Сау
54
хохы айнæг дуары йас куы фегом вæййы. Агуындæ-
рæсугъд Ацæйы фырт чысыл Ацæмæзы зарджытæм
куынæуал фæлæууы, йæ куыст куы фæуадзы, айнæджы
тигъæй куы ракæсы.
Нарты кадджытæй.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
127 фæлтæрæн. Рафыссут вазыгджын хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм.
Скæнут сын схемæтæ.
X у ы з æ г: Æмбаргæ фыййау йæ фосы рæгъау ны-
мадæй дары, фæлæ Хъуыбады йæ фос-
нымады фынддæс нæ ары.
[X], фæлæ[2].
1. Æмбаргæ фыййау йæ фосы рæгъау нымадæй дары,
фæлæ Хъуыбады йæ фоснымады фынддæс нæ ары. (Къос-
та.) 2. Стонг æмæ кæуынæй лæг куы сфæлмæцы, тарф у
уæд йæ фынæй... (Къоста). 3. Колхозон хъæу æрыхъал
раджы, æмæ йæ уынæр дардмæ хъуысы. (Цыр. М.)
4. Цырагъы рухс змæлы, æмæ йæ аууæттæ хæдзары ду-
рын къулыл дзедзылой кæнынц. (Цæг. М.) 5. Уæд базмæ-
лыди сау зæхх, бæлæстæ цы уыдысты, иу ахæм ма сы-
рæзтысты, сæлфынæг дымгæ узæгау кодта, арвы дуар
фегом, æмæ хæдзилгæ асин февзæрд сæ разы. (Нарты
к.) 6. Бонырдæм Бонвæрнон ирддæрæй разынди,
мæйрухс ма урс хæхты цъуппытыл хъазыди. (Дзуг. Г.)
128 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Рафыссут æй, æрхæцæн нысæнттæ
æвæргæйæ. Бæттæгты бын бахахх кæнут.
Хуры цæст йæ фæлмæн тынтæй рæвдауы бæстæ цард
фæйнæрдæм абузы. Быдыртæ цъæх-цъæхид адардтой
цæст сæм кæсынæй не 'фсæды. Алыхуызон дидинджытæ
цæстыл хъазынц сæ адджын æмæ æхсызгон тæф
рæвдауы фындзы хуынчъытæ.
Епхиты Тæтæри.
У. 129 фæлтæрæн. Ацы схемæтæм гæсгæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.
ЕЬ-В-Ш-
55
НР. 130 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ныффыссут, бæттæгтæ æмæ, фæлæ,
уымæн æмæ кæм уа, ахæм æртæ вазыгджын хъуыдыйады.
§ 19. Вазыгджын хъуыдыйад æвзарыны фæтк.
1. Хъуыдыйад цавæр у йæ загъды нысанмæ
гæсгæ?
2. Цал хуымæтæг хъуыдыйадæй арæзт у (сæ бын-
дуртæ), куыд баст сты кæрæдзиимæ?
X у ы з æ г.
Хур аныгуылди, фæлæ ма йæ тынтæ хъазыдысты рай-
дзаст арвыл. (Гæд. Ц.)
ДЗУРГÆ ÆВЗÆРСТ.
Ацы хъуыдыйад у таурæгъон, вазыгджын. Арæзт у
дыууæ хуымæтæг хъуыдыйадæй. Фыццаджы бындур —
хур аныгуылди, дыккаджы бындур — тынтæ хъазыдыс-
ты. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ баст цæуынц бæттæгфæлæ-
йы руаджы.
56
ФЫСГÆ ÆВЗÆРСТ. 0
1 X
ЗЕур аныгуылдиТфæлæ ма йæ тынтæ хъазыдысты ^ай^
дзаст арвьш. "
131 фæлтæрæн. Нарты кадджытæй рафыссут, кæнæ йæ мидисмæ гæсгæ
саразут дыууæ вазыгджын хъуыдыйады æмæ сæ равзарут.
§ 20. Комкоммæ ныхас.
132 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Бæрæггонд дзырдтæ кæй
ныхæстæ сты? Кæцы хъуыдыйады æрцыдысты комкоммæ загъд?
Шота Руставели загъта: «Чи нæ агуры хæлæрттæ,
уый йæхицæн у знаг».
Шота Руставели загъта, зæгъгæ, хæлæрттæ чи нæ
агуры, уый йæхицæн у знаг.
Искæй ныхас æнæ аивгæйæ, йæ дзурæг æй куыд-
дæриддæр загъта, афтæ загъд куы æрцæуа, уæд
уый хонæм комкоммæ ныхас.
Комкоммæ ныхас кæй у, уый цы дзырдтæ æвди-
сынц, уыдон та хонæм авторы дзырдтæ, кæнæ
авторы ныхас.
Авторы дзырдтæ: Комкоммæ ныхас:
Шота Руставели «Чи нæ агуры хæ-
загъта: лæрттæ, уый йæхи-
цæн у знаг».
133 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Уæ хъус æрдарут хъæлæсы
уагмæ. Зæгъут:
а. Кæм кæнæм паузæ?
æ. Кæцы хай загъд цæуы тыхджындæр кæнæ тагъддæр?
1. Симон зæгъы: «Æз хъочах уыдтæн мæ лæппуйы
бонты...».
2. «Кæмæн дзурыс уый, Симон, кæмæн?» — мæсты-
хуызæй загъта Тедо. (Коц. А.)
134 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Æркæсут сын сæ схемæтæм.
Комкоммæ ныхас кæцы ран æвæрд ис — авторы ныхасæн йæ разæй æви
йæ фæстæ? Æрхæцæн нысæнттæ куыд æвæрд цæуынц?
57
1. Хосе Марти* загъта: «Ахуыр
кæнын кæй нæ фæнды, уымæй ни-
куы рауайдзæн æцæг адæймаг».
I 1 : \\\\\\\\Ч".
2. « Æвæндонæй чи ахуыр кæны,
ахæм ахуырдзау — æнæбазыр
маргъ», — дзырдта Саади.*
3. «Рухсмæ æнæзивæг цомут
æнгомæй!..» — сидтис Къоста.
<<К\\\\\\Ч|!>> -I 1 .
4. «Хæдзармæ лæвæрд уын цы
уыд?» — афарста ахуыргæнæг.
<<1\\\\\\\\1?>>-1 I,
Комкоммæ ныхас фыссын хъæуы стыр
дамгъæйæ æмæ йæ сæвæрын хъæуы дыкъæдзыгты
(« »)•
Авторы ныхæсты фæстæ комкоммæ ныхасы
разæй æвæрд цæуы дыстъæлф (: ).
Комкоммæ ныхас авторы ныхасы разæй куы
фæлæууы, уæд йæ фæстæ æвæрын хъæуы кæнæ
къæдзыг, кæнæ хъæры нысан, кæнæ фарсты ны-
сан, хъуыдыйад загъды нысан æмæ интонацимæ
гæсгæ цавæр у, уый хынцгæйæ æмæ сæ алкæ-
цыйы фæстæ та — тире.
Авторы ныхæстæ комкоммæ ныхасы фæстæ фыст
вæййынц гыццыл дамгъæйæ.
I | —стыр
дамгъæиæ цы ав-
торы ныхæстæ рай-
дайынц, уыдон.
^^ - ком-
коммæ ныхас.
I I —гыццыл
дамгъæйæ цы ав-
торы ныхæстæ
райдайынц,
уыдон.
58
135 фæлтæрæн. Комкоммæ ныхасимæ саразут фæйнæ дыууæ хъуы-
дыйады.
136 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг, æрхъуыды кæнут сæргонд æмæ
йæ рафыссут, цухгонд бынæттæ æххæстгæнгæйæ. Кæмкоммæ ныхас цы
хъуыдыйæдты ис, уыдоны бын бахахх кæнут.
Иу бон ахуыргæнæг за...та: «Абон цæуæм доны былмæ
æмæ дзы фендзыстæм зæххы алы...уызон фæлтæртæ*».
Мах къах...æндагыл ны...ыдыстæм донбылмæ, æмæ
нæ размæ фæци къардиу*. Уайтагъд бафиппайдтам уыцы
къардиуы алы...уызон тæлмытау зæххы фæлтæртæ.
Фæлтæртæн сæ бæзн* иухуызон нæ уыди.
«Бакæсут æ...æты уæллаг фæлтæрмæ», — за...та ахуы-
ргæнæг.
Уæллаг фæлтæр уыди иннæтæй тардæр. Мах хъавгæ
сбырыдыстæм къардиуыл æмæ уыцы фæлтæры бæзн
сбарстам.
«Цæмæй конд у уыцы фæлтæр?» — бафарста ахуы-
ргæнæг.
«Уый зæхх у», — загъта Митя.
Махъоты Замирæ.
§ 21. Диалог.
137 фæлтæрæн. Бакæсут æмбисонд. Цалæй дзы ныхас кæнынц? Ныр
та фыццаг бакæсут рувасы, уый фæстæ та йæ лæппыны ныхæстæ. Цавæр
æрхæцæн нысæнттæ ис алы ныхасы райдианы дæр? Бæрæггонд хъуы-
дыйæдтæ цавæртæ сты сæ загъды нысан æмæ арæзтмæ гæсгæ? Цавæр
æрхæцæн нысæнттæ сæ ис?
РУВАС ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН.
Хосхæрæн рагъыл иу рувас хъазыд йæ лæппынимæ.
Æвиппайды рувас йæ фæстæгтыл абадт æмæ йæ раз-
заг къæхтæ хæрдмæ ивазы.
— Уый куыд бадыс, уый? —дзуры йæм лæппын.
— Куыд бадын цы хоныс? Дæлæ Арыхъы рагъыл*
арт судзы, æмæ йæм мæхи тавын.
Лæппынæн æваст йæ хъыллист фæцыд, æмæ йæ
къæхтæ мæлæгау атил-атил кæны.
59
— Цы кæныс, мæ хъæбул, цæмæн тилыс дæ
къæхтæ?
— Куыннæ тилон мæ къæхтæ — уыцы артæй мæм
стъæлфæн* æрбахауд æмæ мын басыгъта мæ къæхтæ.
— Ды та мæнæй гæдыдæр — быдырæй хохмæ зын-
джы стъæлфæн кæй судзы.
Мæнг нæ фæзæгъынц: «Сæгъ цы уа, сæныкк дæруый».
Барахъты Гино.
Диалог у дыууæ адæймаджы кæнæ цæрæгойы
(аргъæутты, æмбисæндты) ныхас.
Диалоджы мидæг алкæй ныхас дæр фыст цæуы
ног рæнхъыл, йæ разæй вæййы тире.
Авторы ныхæстæ цы репликæты мидæг ис, уыдо-
ны æрхæцæн нысæнттæ æвæрд цæуынц, комкоммæ
ныхасы куыд сты, афтæ, æрмæст комкоммæ ны-
хас дыкъæдзыгты æвæрын нæ хъæуы.
НР. 138 фæлтæрæн. Бакæсут диалогтæ. Хæдзары уæ хъус æрдарут уæ
гыццыл æфсымæртæ æмæ хоты ныхæстæм. Цымыдисаг уæм цы диалогтæ
фæкæсой, уыдон фыссут хицæн тетрæдты. Сæ худæгдæрты сын æрвитут
журнал «Ногдзау»-мæ.
ТОРТ БАХÆРÆМ.
Фынгыл егъау торт куы æрæвæрдтой, уæд гыццыл
Бæппи æвиппайды афтæ:
—Мамæ, ахæм æмбисонд нæ зоныс, абон бакæнæн
кæмæн ис, уый райсоммæ ма 'ргъæв? Уый хорз æмби-
сонд у?
— Уæдæ, уæдæ, мæ къона, тынг хорз.
— Уæдæ уæд торт иууылдæр абон бахæрæм.
Цыппараздзыд Таму бирæ фæхъуыста, йæ кæстæр
æфсымæр авдæны хуысгæйæ йæхицæн цыдæртæ куыд
дыгъал-дыгъул кодта, уымæ, стæй тыхстхуызæй бауад
йæ мадмæ:
— Гыцци, Æхсар ме 'фсымæр нæу?
60
—Æхсар дæ гыццыл æфсымæр у, — мидбылхудгæ
загъта мад.
— Уæдæ иронау цæуылнæ дзуры?
* * *
Чысыл Зæлинæ гæххæттыл цыдæртæ ныххæххытæ
кодта æмæ дзуры йæ мадмæ:
— Гыцци, мæ кукламæ фыстæг ныффыстон.
Мад гæххæтмæ æркаст æмæ бахудти:
—Æмæ дамгъæтæ фыссын куы нæма зоныс.
—Æмæ цы уæлдай у? Уæддæр мæ кукла кæсын нæ
зоны.
Ж-л «Ногдзау»-æй.
НР. 139 фæлтæрæн. Бакæсут диалог. Æрхæцæн нысæнтты æвæрынад
бамбарын кæнут. Сæтти æмæ Бæттийæ фæстæмæ ма ирон адæммæ цавæр
цыргъзонд лæгтæ зонут?
ДЫУУÆ УАЗÆДЖЫ.
Сæтти æмæ Бæтти уыдысты уазæгуаты, æмæ сын
хæрды фæстæ къусты бас æрæвæрдтой.
Сæтти тæвд бас ахуыпп кодта, бас æй басыгъта, æмæ
йæ цæстытæ цармæ ныццавта. Уæд æй Бæтти фæрсы:
—Цы дыл æрцыди, Сæтти?
Уый йæм дзуры:
— Мæ хæрæджы уæззау рынчынæй ныууагътон, æмæ
йæм мæ зæрдæ æхсайы.
Бæтти дæр басæй хорз ахуыпп кодта, бас æй басыгъ-
та, æмæ уый дæр йæ цæстытæ царыл авæрдта. Уæд æй
Сæтти фæрсы:
— Ды та цы кодтай?
— Дæ хæрæджы уасын мæм æрыхъуыстис, æмæ уымæ
хъусын.
У. Хæдзары уазæг æмæ фысымы тыххæй æмбисæндтæ ныффыссут.
У. НР. 140 фæлтæрæн. Хæдзары хистæрты æххуысæй ныффыссут ди-
алог ирон адæмы цыргъзонддæр лæгтæй иуы тыххæй. Æрхæцæн нысæнттæ
раст æвæрут.
61
НР. 141 фæлтæрæп. Нывмæ гæсгæ саразут чысыл диалог.
НР. 142 фæлтæрæн. Ныффыссут диалог «Библиотекæйы», чингуытæ
дæттæг æмæ чингуытæ кæсæджы æхсæн.
НР. 143 фæлтæрæн. Саразут диалог ахæм темæйыл: «Дуканийы». Спай-
да кæнут дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй: табуафси, бахатыр кæн, буз-
ныг, цас кæны? хорз дуканигæс, цæсгомджын адæймаг, æхцатæ феса-
фын, гæххæтты батухын.
НР. 144 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут диалогтæ ахæм темæтыл: «Ирон
театры», «Къостайы музейы».
ФÆРСТЫТÆ СИНТАКСИС ÆМÆ
ПУНКТУАЦИЙÆ
ÆРМÆГ ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН КÆНЫНÆН.
1. Цы ахуыр кæны синтаксис?
2. Цы у дзырдбаст? Цæмæй хицæн кæны дзырдæй?
3. Цы у хъуыдыйад? Цæмæй хицæн кæны дзырд-
бастæй?
4. Сæ загъды нысанмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ цавæртæ
сты? Цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрд вæййы сæ кæрон?
62
5. Цавæр хъуыдыйæдтæ хонæм хъæрон?
6. Цавæр уæнгтæ сты хъуыдыйады мидæг сæйраг
æмæ фæрссаг?
7. Цы хонæм хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад? Хуы-
мæтæг даргъ хъуыдыйад та?
8. Кæд вæййынц сæйрæттæ æмхуызон уæнгтæ?
9. Кæд вæййынц зæгъинæгтæ æмхуызон уæнгтæ?
10. Куыд вæййынц баст кæрæдзийыл æмхуызон
уæнгтæ?
11. Фысгæйæ куыд хицæнгонд цæуынц кæрæдзийæ
æмхуызон уæнгтæ?
12. Цы у сидæн? Цавæр ныхасы хайæ æрцæуы
загъд? Куыд æй хицæн кæнæм фысгæйæ, дзургæйæ?
13. Цавæр хъуыдыйад хуыйны вазыгджын? Куыд
баст вæййынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ вазыгджын
хъуыдыйады? Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ сæ
кæрæдзийæ куыд хицæнгонд цæуынц?
14. Цы у комкоммæ ныхас? Цы сты авторы
дзырдтæ?
15. Цавæр æрхæцæн нысæнттæй хицæнгонд цæуы
комкоммæ ныхас фысгæйæ?
16. Цы у диалог? Радзурут диалоджы мидæг
æрхæцæн нысæнтты тыххæй.
63
ФОНЕТИКÆ, ГРАФИКÆ,
РАСТФЫССЫНАД.
§ 22. Цы ахуыр кæны фонетикæ? Цы у графикæ?
145 фæлтæрæн Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Бахъуыды сæ кæнут. Уæ дзырд-
уæттæм рафыссут бæрæггонд дзырдтæ, ныффыссут семæ дзырдбæстытæ.
1. Фонетикæ у æвзаджы зæлты (мырты) ахуырад. Уый
иртасы мыртæн сæ равзæрд, сæ классификаци, сæ ивд-
дзинæдтæ1.
2. Фысгæйæ иу кæнæ иннæ æвзаджы мыртæ бæлвырд
нысæнттæй (дамгъæтæй) бæрæггонд куы фæцæуынц, уæд
уый хуыйны графикæ.
§ 23. Ныхасы мырты равзæрд.
146 фæлтæрæн. Бакæсут ныхас. Цал хъуыдыйадæй конд у? Хъуы-
дыйæдты цалгай дзырдтæ æмбæлы? Ссарут дзы иу æмæ цалдæр мырæй
арæзт дзырдтæ.
64
Дзæуджыхъæу у нæ республикæйы сæйраг горæт.
Рæсугъд æмæ райдзаст сты йæ уынгтæ.1 Кусаг æмæ
уазæгуарзаг3 та — йæ адæм.
Нæ ныхас конд у хъуыдыйæдтæй, хъуыдыйæдтæ
— дзырдтæй, дзырдтæ та — мыртæй.
147 фæлтæрæн. Зæгъут дзырд рæсугъд æнæхъæнæй, стæй та йæ алы
мыр дæр хицæнæй. Уæ хъус æрдарут, ныхасы мырты равзæрды цавæр
дзурæн оргæнтæ архайынц, уымæ.
Мыртæ равзæрынц уæлдæфы руаджы дзурæн
оргæнты æххуысæй.
148 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ранымайут дзурæн оргæнтæ. Йæ ми-
дисмæ гæсгæ саразут хъуыдыйад æмхуызон уæнгтимæ. Ныффыссут æй
уæ тетрæдты æмæ йæ равзарут синтаксисон æгъдауæй.
ДЗУРÆН БУАРЫ ХÆЙТТЖ
1 — рæуджытæ, 2 — улæфæн хурх, 3 — хурх (хурх-
уадындзтимæ), 4 — дзых, 5 — æвзаг, 6 — былтæ,
7 — дæндæгтæ, 8 — фындз.
НР. У. Дзурæн буары хæйтты нæмттæ уырыссагау зæгъут.
5 Ирон амплджм чиньп, 5 къ I
65
НР. 149 фæлтæрæн. Бакæсут. Куыд сæвзæрынц хъæлæс, сыбыртт?
Текстæн саразут пълан æмæ йæ ныффыссут изложенийы хуызы.
Дзургæйæ уæлдæф рæуджытæй улæфæн хурхыл ра-
цæуы хурхмæ. Æнгомгонд хурхыуадындзтыл сæмбæлы
æмæ сæ ратоны. Хурхыуадындзтæ ныззыр-зыр кæнынц
æмæ раттынц зæл, хонæм æй хъæлæс. Уыцы хъæлæсы
руаджы сæвзæрынц мыртæ [а, æ, е, и, ...].
Лæмæгъ куы уой хурхыуадындзтæ, уæд се 'хсæн
вæййы зыхъхъыр. Уыцы зыхъхъырыл уæлдæф ра-
цæуы хурхæй дзыхмæ, фембæлы къуылымпыдзинæд-
тыл. Уыдоныл уæлдæф йæхи рахафы, ратоны се 'хсæнты
æмæ афтæмæй сæвзæры зæл — сыбыртт. Сыбыртты
руаджы сæвзæрынц мыртæ [к, п, т, ц ...].
150 фæлтæрæн. Зæгъут дзырдтæ хъæлæс, сыбыртт. Уæлдæф цавæр
мыртæ дзургæйæ рацæуы дзыхыл уæгъдибарæй, къуылымпыдзинæдтæ
та йæ ныхмæ кæцы мыртæ дзургæйæ фæвæййы?
151 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут, м æмæ н кæм уа,
фæйнæ ахæм дæс дзырды. Фыццаг уæ фындзыхуынчъытæ сæхгæнут æмæ
сæ зæгъут, стæй та сæ суæгъд кæнут, афтæмæй.
§ 24. Хъæлæсон мыртæ.
152 фæлтæрæн. Ирон æвзаджы цы хъæлæсон мыртæ ис, уыдон зæгъут
уæхинымæры. Радзурут, куыд равзæрдысты.
[а, æ, е, и, о, у, ы] [ ] —ахæм нысаны
мидæг æвæрд вæййынц
мыртæ.
[а, æ, е, и, о, у, ы] — сты ирон æвзаджы хъæлæсон
мыртæ.
153 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ æмæ сæ рафыссут. Дзургæ-дзурын
тыхджындæр цы хъæлæсонтæ хъуысынц, уыдоны дамгъон нысæнтты бын
иугай хæххытæ бакæнут, лæмæгъдæр чи хъуысы, уыдон бын та — дыгай
хæххытæ.
Лымæндзинад, хъæбатыр, уæззау, уазал, хъæлæсон,
æмхъæлæсон.
66
Хъæлæсонтæ [а, е, и, о, у] сты тыхджын, [æ, ы]
та — лæмæгъ.
154 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ. Цавæр хъæлæсонæй райдайынц?
Уæ хъус æрдарут, дзырды райдайæны уыцы хъæлæсон куыд хъуысы,
фыст та куыд цæуы. Семæ ныффыссут дзырдбæстытæ.
Ерыс, ефс*, ердо*, егар*, емылыкк*, ерæдзыпп*, еб-
луагъæ*.
Дзырды райдайæны хъæлæсон е загъд цæуы
йæ разæй й-имæ, фæлæ йæ фысгæ кæнæм е.
Фиппаинаг: æрмæст дзырдтæ: йе, йемæ, йеддæмæ
-йы е-йы разæй фыссæм й.
155 фæлтæрæн. Ирон-уырыссаг дзырдуатæй рафыссут о- йæ райдайæг
дзырдтæ. Сæ ныхмæ хуызæгмæ гæсгæ фæбæрæг кæнут, хъуысгæ куыд
кæнынц, уый.
X у ы з æ г:
Онг — [уонг]
Хъæлæсон о дзырды райдайæны загъд фæцæуы
у-имæ, фæлæ йæ фыссæм о.
156 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Стъæлфыты бæсты хъæугæ
хъæлæсонтæ сæвæрут. Æрхæцæн нысæнтты æвæрынад бамбарын кæнут.
1. Адæмы фæзмгæйæ иу хатт мæ ...рæдзыпп ахас-
тон тулдзджынмæ мемæ. (Къоста). 2. Кавказæгтæ нæ
хæрæндоны бадынц, бæркадкъухæй сæ кæрæдзимæ
сидынц, ...благъуæйæ хæлар уазджытæм хатынц.
(Мырт. Б.) 3. Зынæй дзы ницы уыд: æргуыбыр кæн,
джитъриты сыфтыл фæйнæрдæм ахæц, сæ ...гъау-
дæртæ сын тон æмæ сæ чыргъæдмæ æппар. (Дзаб. X.)
4. ...бауы фæстæйæ разынди трактор æмæ быдыры
сабырдзинад халгæйæ нартхоры хуымтыл къанауы
'рдæм араст. (Сæб. Р.)
НР. У. Бæрæггонд дзырд уырыссагау куыд у?
157 фæлтæрæн. Пъланмæ гæсгæ хъæлæсон дамгъæты тыххæй ра-
дзурут.
67
1. Цал æмæ цавæртæ сты ирон æвзаджы хъæлæсон
мыртæ?
2. Цавæртæ сты тыхджын æмæ лæмæгъ хъæлæсонтæ?
3. Цы хицæндзинад ис, о æмæ е -йæ цы дзырдтæ рай-
дайынц, уыдоны растфыссынад æмæ растдзурынады?
§ 25. Æмхъæлæсон мыртæ.
158 фæлтæрæн. Ранымайут ирон æвзаджы æмхъæлæсон мыртæ. Уырыс-
саг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты ма цавæр æмхъæлæсонтæ æмбæлынц? Семæ
æрхъуыды кæнут дзырдтæ.
159 фæлтæрæн. Бакæсут, фыццаг галиу, стæй та рахиз цæджындзы
дзырдтæ. Кæм дзы у у хъæлæсон? Рафыссут дзырдтæ, æмхъæлæсонты
бын бахахх кæнут.
узын уызын
хур хуыр
хурх хуырх
кусын куыст
Ирон æвзаджы ис ахæм æмхъæлæсон мыртæ:
[б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, й, к, къ, л, м, н, п, пъ, р, с,
т, тъ, у, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ, ш, щ].
Литературон æвзаджы [ж, ш, щ] æмбæлынц
æрмæстдæр уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты.
160 фæлтæрæн.. Таблицæмæ гæсгæ уæ зæрдыл æрлæууын кæнут зы-
лангон æмæ æзылангон мыртæ. Æмкъай æмæ сæ æнæкъай кæцытæ сты?
Зылангон [6] [в] [г] [гъ] [д] [дж] [дз] [ж] [з] [л, м,
н, р, й, у]
Æзылангон [п] [ф] [к] [х] [т] [ч] [ц] [ш] [с] [къ, пъ,
тъ, цъ, чъ, щ]
Зылангон мыртæ сæвзæрынц хъæлæс æмæ сы-
бырттæй, æзылангонтæ та — æрмæст сыбырттæй.
68
Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсон мыртæй
иутæ сты æмкъæйттæ:
[б, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, 1
п, ф, к, х, т, ч, ц, ш, с.]
Зылангонтæ [л, м, н, р, й, у] - йæн нæй æмкъай
æзылангонтæ.
Æзылангонтæ [къ, пъ, тъ, цъ? чъ, æ\ - йæн нæй
æмкъай зылангонтæ.
161 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут, æрмæст зылангон
æмхъæлæсонтæ кæм ис, ахæм дзырдтæ. Бахахх кæнут æмкъай
æмхъæлæсонты бын.
1. Ирон адæмон нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы
нывтæ тынг цæуынц адæмы зæрдæмæ. 2. Цъæйы комы
чи вæййы, уымæ афтæ фæкæсы, цыма аргъæутты
бæстæмæ бахауд. 3. Мады зæрдæ тæрсаг у. (Æмб.) 4. Мад
æмæ фыды фæллой ничи бафиддзæн. (Æмб.) 5. Фыды
фарн — цотæн хъахъхъæнинаг. (Æмб.)
У. Бæрæггонд дзырдтæ кæцы хауæнты æвæрд сты?
НР. 162 фæлтæрæн. Бакæсут тагъддзуринаг. Сахуыр æй кæнут
зæрдывæрдæй. Хæдзары йæ бацамонут уæ кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæн.
Фыццаг хъæлæсонтæ банымайут, стæй та — æмхъæлæсонтæ æмæ уый
бындурыл скæнут хатдзæг, нæ ныхасы цавæр мыртæ ис фылдæр, уый
тыххæй.
Дыдта быдта,
Цы быдта?
Кау бийын
Нæ зыдта.
Уæд ын Гыцци афтæ зæгъы:
«Кæд нæ зоныс
Кау бийын, —
Ауз уæртæ
Сабийы».
Чеджемты Геор.
163 фæлтæрæн. Дзырдты райдианы зылангон æмæ æзылангон
69
æмхъæлæсонтæ баивут се 'мкъай æмхъæлæсонтæй. Семæ ныффыссут
дзырдбæстытæ.
X у ы з æ г: ком — гом
ком*— кæс —
тас — был—
гомæй— дзур —
§ 26. Дамгъуат.
164 фæлтæрæн. Бакæсут дамгъæты цæджындзтæ. Цæмæй хицæн
кæнынц фыццаг къорды дамгъæтæ дыккаг къорды дамгъæтæй?
Г, Д, А, Б, Ц, А, Æ, Б, В, Г, ГЪ, Д, ДЖ, ДЗ,
К, М, Н, П, 0, Т, Е, Ё, Ж, 3, И, Й, К, КЪ, Л, М, Н,
ч, гъ, хъ, тъ, о, п, пъ, р, с, т, тъ, у, ф, х,
чъ, ю, е. хъ, ц, цъ, ч, чъ, ы, ш, щ, ъ,
ь, э, ю, я.
Дамгъæтæ бæлвырд фæткыл æвæрдæй хонæм
дамгъуат кæнæ абеты рæнхъæвæрд (алфавит).
165 фæлтæрæн.Дамгъуаты алы дамгъæ дæр раст бакæсут. Цал дамгъæ-
йы ис ирон дамгъуаты? Банымайут сæ.
АÆБВГГЪ ДДЖДЗЕЁЖ
а æ бы вы гы гъы ды джы дзы е йо жы
ЗИЙККЪЛМНОП ПЪ Р
зы и кы къ лы мы ны о пы пъы ры
С ТТЪУФХХЪЦЦЪЧЧЪШ
сы ты тъы у фы хы хъы цы цъы чычъы шы
щ ъ ы ь э ю я
щы хъæ- ы фæл- э ю я
бæ- мæ-
ры ны
ны- ны-
сан сан
166 фæлтæрæн. Таблицæ байдзаг кæнут хъæугæ дамгъæтæй.
70
ГХъæлæ-
сонтæ
Æмхъæлæ-
сонтæ
Мыр чи
нысан кæны.
ахæм
дамгъæтæ
Дыууæ
хаиæ
арæзт
дам-
гъæтæ
Хъæлæсон 1
дæр æмæ
æмхъæлæ-
сон дæр цы
дамгъæ ны-
сан кæны,
уый. |
Ирон дамгъуаты ис 43 дамгъæйы, уыдонæй:
9 æдзухдæр вæййынц хъæлæсонтæ (а, æ, е, и, о,
ы, э, ю, я); 30 æдзухдæр вæййынц æмхъæлæсонтæ
(6, в, г, гъ, д, дж, дз, ж, з, й, к, къ, л, м, н, п, пъ, р, с,
т, тъ, ф, х, хъ, ц, цъ, ч, чъ, ш, щ); дамгъæ у нысан
кæны хъæлæсон дæр æмæ æмхъæлæсон дæр; дыу-
уæ, мыр чи нæ нысан кæны, ахæм дамгьæйы (ь, ъ).
НР. 167 фæлтæрæн. Бакæсут текст. Цавæр сæргонд ын æрхъуыды
кæндзыстут? Саразут ын пълан æмæ йæ уымæ гæсгæ радзурут.
Æвзагæн ис дыууæ формæйы: дзургæ æмæ фысгæ
ныхас. Фыццаг адæм дзурын райдыдтой, фыссынад та
фæзындис фæстæдæр.
Цы дзырдтæ дзурæм, уыдон арæзт стымыртæй, уыцы
мыртæ фысгæйæ нысангонд цæуынц дамгъæтæй.
Дамгъæтæ сты мыртæн сæнысæнттæ. Уыдон дих кæнынц
стыртыл æмæ чысылтыл. Алы хъуыдыйад дæр райдайы
стыр дамгъæйæ.
Дамгъæтæ кæрæдзийы фæдыл æвæрдæй сты дамгъуат.
Алы адæймаг дæр хъуамæ хорз зона уый, уымæн æмæ
дамгъуаты уагыл æвæрд вæййынц дзырдтæ дзырдуæт-
ты, уыцы уагыл арæзт вæййынц алыхуызон ном-
хыгъдтæ1.
168 фæлтæрæн.Ацы дзырдты цалгай мыртæ æмæ дамгъæтæ ис? Цы
нысан кæны ъ?
Дымгæ, номхыгъд, хъуыдыйад, сыкъа, хъуымац,
хъама, хъæндил, хъæздыг, дамгъуат, съезд.
169 фæлтæрæн. Æркæсут, йæ кæрон фæлмæны нысан (ь) кæмæн ис,
ахæм æрбайсгæ дзырды ивынадмæ. Фæлмæны нысан æппæрст цы дам-
гъæты разæй æрцæуы, уыдоны бын иу хахх бакæнут (кърандасæй).
Лагерь, лагеры, лагерæн, лагерьмæ, лагерьтæ, ла-
герьты.
71
170 фæлтæрæн. Æркæсут, ирон орфографион дзырдуаты мидæг а -йæ
цы дзырдтæ райдайынц, уыдонмæ. Кæрæдзийы фæдыл куыд æвæрд сты?
У. 171 фæлтæрæн. Дзуапп раттут ахæм хинæйдзаг фæрстытæн:
1. Абеты рæнхъæвæрдмæ гæсгæ æхсæв раздæр вæййы
æви бон?
2. Бæхджынæй барæгæй йæ бынатмæ раздæр чи
бахæццæ уыдзæн?
3. Бабайæ дадайæ чи хистæр у?
4. Чи раздæр цæуы: чызг æви лæппу?
172 фæлтæрæн. Нымæцты цы хъуыдыйад æмбæхст ис, уый чи тагъддæр
бакæсдзæн? Ныффыссут æй уæ тетрæдты æмæ йæ равзарут хъуыдыйады
уæнгтæм гæсгæ.
2, 4, 13, 1, 8, 39, 7, 2, Нымæцтæ бæрæг кæ-
25, 20, 39, 1, 3, 1, 15, 26, нынц дамгъæты номыртæ
39, 4, 1, 25, 21, 28, 22, дамгъуаты.Бæрæггонд
1,7, 9, 1, 30, 1, 7, 21, 20, нымæцты æмбæхст
2,19, 2, 17, 21, 25, 26, дамгъæтæ фыссын хъæуы
1,15, 39, 22, 24, 10, 19, стырæй.
14, 26, 39,18, 1, 28, 24,
10, 1, 26.
У. 173 фæлтæрæн. Хъуыдыйады цы мыггæгтæ ис, уыдон равæрут дам-
гъуаты фæткыл.
Ирон æвзаг зонадон æгъдауæй раиртасыныл тынг бирæ
бакуыстой Всеволод Миллер, Андрей Шегрен, Абайты
Васо, Туаты Оля, Багаты Никъала, Хъуылаты Гала,
Исаты Мæхæмæт, Гагкайты Хъазан, Кодзырты Тамарæ,
Цагъаты Настя æмæ æндæртæ.
§ 27. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ
æмхъæлæсонты къордтæ. Сæ растфыссынад.
174 фæлтæрæн. Ныффыссут дæс дзырды æмхъæлæсонты къордтæ, ома
дыууæ кæнæ фылдæр æмхъæлæсоны кæм фембæлынц, ахæмтæ, стæй
дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ. Кæрæдзийæн сæ зæгъут. Хъус æрдарут,
куыд хъуысынц, уымæ.
Ирон æвзаг нæ быхсы дзырды райдайæны дæр,
арæх астæуы дæр, дыууæ кæнæ фылдæр
æмхъæлæсоны баиу, стæй дæргъвæтин æмхъæлæсон
72
мыртæ. Ахæм æмхъæлæсон мырты къордæн сæ
разæй кæнæ се 'хсæн, дæргъвæтин æмхъæлæсонтæн
та сæ разæй æнцондæр зæгъыны тыххæй æвæрд
æрцæуы хъæлæсон мыр. 3 æ г ъ æ м: æмхæццæ,
æртыццæг, æнгуз, æрбадын æмæ а. д.
175 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдты къордтæ. Зæгъут, цавæр хъæлæсон
хъуысы дзырдты райдайæны з, с æмæ сс-йы разæй? Кърандасæй сæ
фæбæрæг кæнут. Фыст та куыд цæуынц?
— ссарын — ссудзын
— сриуыгъын — змæнтын
— ссæуын — знон
— срæхойын — знаггад
Дзырд æмхъæлæсонтæ з, с, сс-йæ куы райдайы,
уæд сæ разæй фæхъуысы лæмæгъ хъæлæсон ы,
фæлæ йæ фыссын нæ хъæуы.
Фиппаинаг:
Уыцы хъæлæсон фыст цæуы æрмæстдæр поэти-
кон уацмысты ритм бахъахъхъæныны тыххæй.
3 æ г ъ æ м : Къостамæ:
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй...
Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй...
176 фæлтæрæн. Æмбисæндтæ рафыссут уæ тетрæдтæм. Сбæрæг сын
кæнут сæ темæ. Бæрæггонд дзырдты райдайæны æмхъæлæсонты къордты
бын бахахх кæнут. Цавæр хъæлæсон ис сæ разæй?
1. Æмгар æмгары къулы хуынкъæй фелвæста. 2. Æмвæнд
адæмæн хох дæр нæ лæууы. 3. Æнгом бинонтæ цард
арынц, æнгом цуанонтæ саг марынц.
Дзырды райдайæны æмхъæлæсонты къорды фыц-
цаг з æмæ с нæ, фæлæ æндæр æмхъæлæсон кæнæ
дæргъвæтин æмхъæлæсон куы вæййы, уæд сæ разæй
фæхъуысы æ æмæ фыст дæр цæуы. 3 æ г ъ æ м:
æнгуыр, æмбæлын æмæ а. д.
73
177 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ. Зæгъут, бæрæггонд хъæлæсон кæцы
ран æвæрд у?
Егар*, ердо*, емылыкк*, ерæдзыпп*, еблуагъæ*,
ерыс*, ефс*.
НР. У. Бæрæггонд дзырдтимæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ. Зæгъут сæ
уырыссагау.
Æмхъæлæсонты къордæн дзырды райдайæны сæ
разæй æвæрæн куы нæ вæййы хъæлæсонæн, уæд
æвæрд æрцæуы се 'хсæн.
3 æ г ъ æ м: сымах, быру æмæ а. д.
178 фæлтæрæн. Дзырдтæ ныффыссут бирæон нымæцы. Бахахх кæнут,
фæсæфтуаны разæй цы хъæлæсон сæвæрдтат, уый бын.
Фыст, цалх, къæрцц, гуыпп, фæрск*, цырыхъхъ,
дзыхъхъ, хахх.
Æмхъæлæсонты къордæй кæнæ дæргъвæтин
æмхъæлæсонтæй цы дзырдтæ фæвæййынц, уыдо-
ны бирæон нымæцы æвæргæйæ фæсæфтуан /п-йы
разæй арæх æвæрд æрцæуы хъæлæсон ы.
3 æ г ъ æ м: фыст — фыстытæ, цæст —
цæстытæ æмæ а. д.
НР. 179 фæлтæрæн. Бакæсут скъоладзауы сочиненийæ скъуыддзаг.
Цавæр сæргонд ын ратдзыстут? Бæрæггонд дзырдтæн бамбарын кæнут сæ
растфыссынад.
...Адæмон æмбисонд афтæ зæгъы: «Æмбалы базын-
дæуы зындзинæдты3».
Куыддæр фæсивæд æмæ скъоладзаутæ базыдтой, Таш-
кенты стыр зæххæнкъуыст æрцыд, уый, афтæ
уырыссæгтæ, украинæгтæ, башкирæгтæ, ирæттæ æмæ
иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ араст сты æххуыс
кæнынмæ Узбекистанæн. Иумæйаг тыхты руаджы тагъд
рæстæгмæ горæты сарæзтой æнæхъæн уынгтæ, æнæ
хæдзарæй чи баззад, уыдон цыбыр æмгъуыдмæ балыгъ-
дысты бирæуæладзыгон галуантæм...
180 фæлтæрæн Рафыссут дзырдтæ. Бирæстъæлфыты бæсты æвæрут
хъæугæ дамгъæтæ.
74
...взарын, ...взалы, ...мбæхсын, ...лхуый, ...лхынцъ,
...мбисонд, ...ййафын, ...мвæнд, ...взонг, ...гънæг,
...ндзæвын, ...нкъуысын, ...лхъивын, ...ппарын, ...мпы-
лын.
НР. 181 фæлтæрæн. Хæлардзинады тыххæй райсут исты æмбисонд
æмæ уый бындурыл ныффыссут 4—5 хъуыдыйады кæнæ гыццыл радзырд.
Спайда кæнут дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты къордты
растфыссынадæй.
§ 28. Хъæлæсонты фембæлд дзырдты кæрон æмæ
райдайæны. Сæ растфыссынад.
182 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Сыхаг дзырдты бæрæггонд
хъæлæсонтæ тыхджын сты æви лæмæгъ? Ныхасгæнгæйæ уыдонæй кæцытæ
хауынц?
1. Хур нæма æрхызти æврæгътæй, афтæ станцæмæ
æрбалæууыд3 иу дилижанс. (Гæд. Ц.) 2. Дæ сæрмæ æгад
хъуыддаг ма æрхæсс. (Æмб.) 3. Иу зæхкусæгмæ уыди
бур цæукъа æмæ сау фыркъа. (Коц. А.) 4. Иу къорд
æфсæддоны1 æрбафистæг кодтой сæхи æмæ тохъ-
хъылмæ фесты æргæвдынмæ.(Аргъ.)
Хъуыдыйады кæрæдзийы фæдыл æвæрд
дзырдтæй фыццаг хъæлæсонæй куы фæвæййы, дык-
каг та лæмæгъ хъæлæсон æ-йæ куы райдайы, уæд
дзургæйæ лæмæгъ хъæлæсон ахауы, фысгæ та йæ
кæнæм*
Фиппаинаг: хаугæ цы лæмæгъ
хъæлæсон акæны, уый бынаты æмдзæвгæты мидæг
æвæрд æрцæуы апострофы нысан (*).
3 æ г ъ æ м: Цом-ма, уæртæ Ручъы 'фцæгыл
Хуссар Ирмæ 'рхизæм, Рагуалдзæгыл, буц уал-
дзæгыл Цинтæ кæнын сисæм! (Дж. X.)
183 фæлтæрæн.Номивджытææз, ды, уый, мах, сымах, уыдонсæвæрут
гуырынон хауæны æмæ сæ ныффыссут цæджындзæй.
Хуызæгмæ гæсгæ сæм бафтаут лæмæгъ хъæлæсонтæй райдайæг
дзырдтæ: æмгар, æмдзæвгæ, æмбал, æмбонд, æмбæстаг, æфсымæр.
X у ы з æ г:
мæ + æмгар = ме 'мгар
75
Зæгъут: дыууæ лæмæгъ хъæлæсоны дзырды кæрон æмæ дзырды рай-
дайæны цавæр хъæлæсон раттынц? Уыцы хъæлæсон фыст кæм æрцæуы?
Цавæр нысан æвæрд æрцæуы дыккаг дзырды райдайæны та хъæлæсо-
ны бæсты?
Номивджытæ мæ, дæ, йæ, нæ, уæ, сæ (цæсгомон
номивджытæ гуырынон хауæны) кæнæ
æппæрццæг нæ-йы фæстæ цы дзырд уа, уый куы
райдайы лæмæгъ хъæлæсонтæ æ кæнæ ы-йæ, уæд
дыууæ хъæлæсоны æрцæуынц æлвæст æмæ рат-
тынц иу хъæлæсон е. Уыцы е фыссын хъæуы
фыццаг дзырды кæрон, дыккаг дзырды райда-
йæны хъæлæсоны бынаты та æвæрын хъæуы апос-
трофы нысан ('). 3 æ г ъ æ м: ме 'мгар.
184 фæлтæрæн. Рафыссут æмбисæндтæ. Ныффыссут сæ уæ тетрæдты
æмæ сæ оахъуыды кæнут. Дыууæ хъæлæсоны æлвæст кæм æрцыдысты,
æмæ хъæлæсон чи радта, уыцы дзырдты бын бахахх кæнут.
X у ы з æ г: Хæсты цæхæрæн йæ фæнык не 'мбийы.
1. Хæсты цæхæрæн йæ фæнык не 'мбийы. 2. Бæндæн
иу дагъæй не 'ххæссыд, æмæ йæ дыдагъ чынди. 3. Би-
нонтæн се 'нгомдзинад се 'фсиныл баст у. 4. Рувасæн
йæ къæдзил йе 'вдисæн. 5. Адæймаг йе 'гъдауæй фи-
дауы4. 6. Зады нæмыг не 'ппары, афтæмæй бæгæны
'хсиды. 7. Дæ иу къухæй ратт æмæ де 'ннæйæ райс.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
§ 29. Уæ æмæ æуæ-йы æлвæстад. Сæ растфыссынад
æмæ растдзурынад.
185 фæлтæрæн. Бакæсут текст. Радзурут æй хи ныхæстæй.
Ранæй-рæтты дзырды райдайæны, стæй астæуы дæр
уæ-йы бæсты дзурынц о. Зæгъæм, ахæм дзырдты уæ-
рыкк, уæрдон, уæд, уæныг æмæ æндæр ахæмты бæсты
дзурынц орыкк, ордон, од, оныг. Фæлæ ахæм дзырд-
ты райдайæны æмæ астæуы хъæуы кæддæриддæр дзу-
рын æмæ фыссын уæ: уæрыкк, уæрдон, уæд, уæныг
æмæ а. д.
76
186 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ рафыссут уæ тетрæдтæм, стъæлфыты
бæсты æвæрут хъæугæ дамгъæтæ.
X у ы з æ г: Уæрдон куы афæлдæхы, фæндаг уæд
саразынц.
1. У ...рдон куы афæлдæхы, фæндаг у...д саразынц.
(Æмб.) 2. Уæллаг комы сæрмæ — Æргайнаты хох.
Æрсытæ изæрмæ уым кафынц, æрцтох! (Бер. А.) 3. У...л-
дай хæрд бирæгъæн дæр нæ тайы. (Æмб. ) 4. У...лæуæз,
иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты æхсæн, иунæгæй
рæзы иу хæххон дидинæг. (Гæд. Ц.) 5. У...рм чи къа-
хы, уый дзы тагъддæр ныххауы. (Æмб.) 6. У...ззау
дурыл рог дзырдтæй схæцæн нæй. (Æмб.) 7. Æвзæрæн
йæ гакк йæ у...лæ. (Æмб.) 8. Бæркадджын у...лвæзты
дæ цæрæн у...гъдибар зымæгæй, сæрдæй...(Бек. А.)
187 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ. Зæгъут, цы раттыæуæ, æлвæст куы
æрцæуы, уæд ?
нæуæг — ног
рæуæг — рог
цæуæт —цот
рæуæд — род
Дзырдты
æуæ
æрцæуы æлвæст æмæ ратты о.
Фысгæ кæнæм дыууæ хуызы дæр.
Ф и п п
а и
хъæуы дзырдтæ
æддæуæз.
н а г: æрмæст æуæ-ямæ фыссын
уæлæуæз, дæлæуæз,
фæстæуæз,
188 фæлтæрæн. Дзырдтæ уæлæуæз, дæлæуæз, фæстæуæз, æддæуæз-
имæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ. Бахъуыды сын кæнут сæ растфыссынад.
Мивдисджыты
фыссын дæр æмæ
Фиппаина
æмæ уыдонæй
аразгæ дзырдты
дзурын дæр хъæуы æуæ.
г: о — фыссæн
цомут (цæуæм, цæуæмут-æй).
ис дзырдты:
цом,
189 фæлтæрæн. Æмдзæвгæ аив бакæсут. Паузæты бынæттæ бацамо-
нут. Ссарут дзы уæ æмæ æуæ-имæ дзырдтæ. Бамбарын сын кæнут сæ
растфыссынад.
77
РОД ÆМÆ УÆРЫКК.
Ноггуырд род кæны хъылдымтæ*,
Урсхъулæттæ2 у йæ ных.
Уæрыкк æм кæсы æндыгъдæй*
Æмæ йын кæны дых-дых.
Урс хъуг балæууыд йæ астæу,
Уый йæ роды 'вварс хæцы4.
Бауигъы йæ сытæ уасгæ:
«Ма кæ!» — уæрыкмæ хæцы.
Асаты Реуаз.
190 фæлтæрæн. Бакæсут ацы хъуыдыйæдтæ. Рафыссут, о-йы бæсты
æуæ цы дзырдты ис зæгъæн, уыдон се 'мбаст дзырдтимæ.
X у ы з æ г: сабыр род - сабыр рæуæд.
1. Сабыр род дыууæ мады дæйы. (Æмб.) 2. Ног та
ралæууыд, ралæууыд уалдзæг. Стæхдзæн арвмæ бæрзонд-
бæрзонд хур. (Дж. X.) 3. Цæй, фæсивæд, размæ цомут!
Царды рухс ныр фенæм мах. (Бар. Г.) 4. Скæнæм нæ
тырыса дзыллæйы номæй, рухсмæ æнæзивæг цомут
æнгомæй. (Къоста).
§ 30. Уæнг.
191 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг æмæ уымæ гæсгæ
ранымайут зымæджы миниуджытæ. Бæрæггонд дзырдмæ æрхъуыды кæнут
синонимтæ æмæ антонимтæ.
Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.
Къоста.
192 фæлтæрæн. Зæгъут дзырд зымæг. Цал хайæ рацыди рæуджытæй
уæлдæф ацы дзырд дзургæйæ? Хъæлæсонтæ дзы цал ис? Дзырды уæнгтæ
цал ис, уый цæмæй бæрæггæнгæ у?
Дзырд цал раулæфтæн фæзæгъæм æмæ дзы цал
хъæлæсоны уа, уал уæнгæй арæзт вæййы.
78
НР. 193 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Ссарут дзы иууæнгон, дыу-
уæуæнгон, æртæуæнгон æмæ цыппаруæнгон дзырдтæ. Ныффыссут сæ.
Куыд сбæрæг кодтат, цалгай уæнгтæ сæ ис, уый?
ЦЪЫНДÆДЖЫ НЫМАД.
Иу, дыууæ, æртæ, цыппар!..
Хъæд ыстыр у, хъæд у тар —
Фугæ, мугæ, цъуй, хæрис!
Зонын, уе 'мбæхсæн кæм ис.
Фондз, æхсæз, йæ фæстæ авд!
Хорз æмбарын æз уæ хъавд.
Арс мын ацамондзæн фæд,
Фестдзынæн æз дугъон уæд.
Уыг фæныкъулдзæн йæ цæст,
Дзылы скæндзæни пæррæст.
Аст, ыстæй уæд фараст, дæс,
Нал кæсын æнхъæлмæ æз.
Ракастæн! — нымад фæдæн.
Тагъд уæ ивдзæн исчи мæн.
Хæуытаты Къоста.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
НР. 194 фæлтæрæн. Уæ тематикон дзырдуæттæй рафыссут фæйнæ дæс
дзырды, дыууæ æмхъæлæсоны иумæ кæм æмбæлой, ахæмтæ. Адих сæ
кæнут уæнгтыл (уæнгæй уæнджы æхсæн æвæрут ахæм нысан (-). Зæгъут,
дыууæ æмхъæлæсоны дæр иу уæнгмæ хауынц?
Дзырды мидæг дыууæ æмхъæлæсоны иумæ куы
вæййы, уæд уыдонæй иу ахæссын фæхъæуы раз-
заг уæнгмæ, иннæ та фæстагмæ.
3 æ г ъ æ м: хæх-ты, æф-цæ-гæщ ком-мæ.
НР. 195 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæ. Сахуыр æй кæнут
зæрдывæрдæй. Ьамбарын кæнут хæхты 'ккой, ыссад-ы растфыссынад
æмæ æмдзæвгæйы æрхæцæн нысæнтты æвæрынад.
Ссарут, æмдзæвгæйы дыууæ хъæлæсоны æхсæн иу æмхъæлæсон кæм
ис, ахæм дзырдтæ. Уæнгтыл дихгæнгæйæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.
Цавæр уæнгмæ хауы æмхъæлæсон?
79
ЧИ ЦЫ КУСЫ?
Арв та йæ арф кæфой Чызджытæ1, лæппутæ
Дымгæмæ дары, Дзоныгъдугъ уадзынц,
Быдырты, хæхты 'ккой Фæлæ та тæппудтæ
Урс ыссад луары. Кукатæй* бадынц.
Уырымты Петя.
Хъæлæсонты
вæййы,
уæнгмæ.
3 æ г
уæд :
ъ æ м:
æхсæн æрмæст иу æмхъæлæсон
/ыи ахæссын
кæ-фой, да-|Ш,
фæхъæуы
куы
дыккаг
бы-дырты æмæ
а. д.
НР. 196 фæлтæрæн. Дзырдты къордæй саразут хъуыдыйæдтæ. Ныф-
фыссут сæ уæнгтыл дихгæнгæйæ. Цы хъуыдыйæдтæ уæм рауад, уыдон
уыдзысты, Ног азы бæрæгбонмæ куыд цæттæ кæнут, уый тыххæй гыц-
цыл радзырды райдайæн. Ныффыссут æй дарддæр. Бирæуæнгон дзырдты
бын бахахх кæнут, сæ сæрмæ фæбæрæг кæнут, цал уæнгæй арæзт сты,
уый нымæц.
1. Æрцæуын, та, Ног аз.
2. Бæрæгбон, сæхи, цæттæ кæнын, скъоладзаутæ, дæр.
§ 31. Дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны
æгъдæуттæ.
НР. 197 фæлтæрæн. Бæкæсут скъуыддзаг. Сæргонд ын æрхъуыды
кæнут.
Радзурут æй хи ныхæстæй.
Зæхх... Цы нæ федтай, цы нæ бавзæрстай. Арф фæдтæ,
судзгæ хъæдгæмттæ, тугахст æрхæмттæ*. Чи сæ баны-
майдзæн, чи сæ равзардзæн? Цард дæр дæуæй рантыст,
ном дæр ын ды радтай. Цал хиды æртахы баурæдтай,
цал цæссыджы1 аныхъуырдтай. Æвæццæгæн, цæхджын
дæр уымæн дæ, не схæссæг, нæ дарæг зæхх!..
Цæгæраты Максим.
80
Бахъуыды кæнут!
1. Дзырдбаст судзгæ
хъæдгæмттæ ныффыс-
сут, уæнгтыл дихгæн-
гæйæ.
2. Ссарут тексты иууæн-
гон дзырдтæ æмæ сæ уæ
тетрæдты ныффыссут.
Уæхæдæг дæр æрхъуыды
кæнут.
3. Дзырд аныхъуырд-
тай цал уæнгæй конд у?
Цавæр уæнг дзы у иу
дамгъæйæ конд? Куыд
хаст цæуы иу рæнхъæй
иннæмæ?
4. Афæлдахут чиныг,
æркæсут, дзырдтæ куыд
хаст цæуынц, уымæ. Ис-
куы дыууæ хайæ арæзт
дамгъæтæ (къ, пъ, дж...)
кæрæдзийæ хицæнгонд
æрцыдысты?
5. Рафыссут, дывæр-
гонд æмхъæлæсонтимæ
цы дзырдтæ ис, уыдон.
Адих сæ кæнут,иу
рæнхъæй сæ иннæмæ
куыд ахæсдзыстут, ахæм
хæйттыл. Уæ хъус æрда-
рут, дывæргонд æмхъæ-
лæсонтæ куыд хаст цæ-
уынц, уымæ.
1. Дзырд иу рæнхъæй
иннæмæ хаст цæуы уæнг-
гай.
3 æ г ъ æ м: судз-гæ.
2. Иууæнгон дзырдтæн
нæй дихгæнæн, нæй сын
иу рæнхъæй иннæмæ
хæссæн.
3 æ г ъ æ м: зæхх, арф
æмæ а. д.
3. Иу дамгъæйæ арæзт
уæнгæн иннæ уæнгтæй
нæй ахицæнгæнæн, нæй
йын раззаг рæнхъыл ныу-
уадзæн кæнæ йæ иннæ
рæнхъмæ ахæссæн.
3 æ г ъ æ м: аныхъуыр-
дтай.
4. Иугай мыртæ ны-
сангæнæг дыууæ хайæ
арæзт дамгъæты нæй
кæрæдзийæ хицæнгæнæн.
3 æ г ъ æ м: цæх-джын,
ба-ны-май-дзæн.
5. Дзырды дывæргонд
дамгъæтæй иу хъуамæ баз-
зайа иу уæнджы, иннæ та
хаст æрцæуа иннæ
уæнгмæ.
3 æ г ъ æ м: æвæц-цæ-
гæн, цæс-сы-джы.
6 Ирон «кизаджы чиньп 5 къл
81
6. Æрхъуыды кæнут 6. Дывæргонд æмхъæ-
æртæ дзырды, дывæргонд лæсонты уадзын хъæуы
æмхъæлæсонимæ ма æндæр иуæрдыгæй, семæ ма
æмхъæлæсон кæм уа. Адих æндæр æмхъæлæсон куы
сæ кæнут, иу рæнхъæй Уа> УæД-
иннæмæ сæ куыд ахæсдзыс- 3 æ г ъ æ м: æр-хæм-ттæ.
тут, ахæм хæйттыл.
НР. 198 фæлтæрæн. Радзырд бацæттæ кæнут изложени фыссынмæ.
Рæнхъы æххæстæй цы дзырдтæ нæ цæуой, уыдон дих кæнут, дзырд
иу рæнхъæй иннæмæ хæссынæн цы æгъдæуттæ базыдтат, уыдонмæ
гæсгæ.
ЦÆМÆН УАРЗЫН ÆЗ МÆ ФЫДЫБÆСТÆ?
Цæмæн уарзын æз мæ Фыдыбæстæ? Цæмæн? Рæсугъд
у Ирыстон. Бæрзондæй фæлгæсынц рухс цæстæй æну-
сон цъититæ. Ныгъуылынц хæхты цъуппытæ кæмдæр
арвы цъæхы. Фидарæй лæууынц фæрсæй-фæрстæм ра-
гон къæдзæхтæ. Сæ астæу арф ацыдысты кæмттæ.
Æрттивынц ранæй-ран къултæ зæлдаг кæрдæгæй, хъæды
къохтæй, зилы сыл фæлмæн фæзылдæй æврагъы уддзæф.
Далæ комы нарæгæй хъуысы уæлæмæ доны хъæлæба*,
цыма хъал кæны йæ хæххон хъæутæ, къулты дæлбазыр
сидзæртау чи бабукъ.
Рæсугъд у Ирыстон... Зæрдæ йæм фехсайы, зæрдæ
йæм фæласы йæхи.
Гæдиаты Цомахъ.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
199 фæлтæрæн. Урочы цы базыдтат, уый радзурут фæрстытæм гæсгæ.
1. Дзырдты иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ
цал сты? Ранымайут сæ. Æрхæссут дæнцæгтæ.
2. Сæйрагдæр дзы цавæр у сымахмæ гæсгæ?
§ 32. Цавд.
НР. 200 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг æмæ уымæ гæсгæ дзæбидыр-
ты тыххæй радзурут. Фыццаг дыууæ хъуыдыйады дзырдтæ уæ тетрæдтæм
уæнгтыл дихгæнгæйæ рафыссут. Зæрдыл æрлæууын кæнут тыхджын æмæ
лæмæгъ хъæлæсонтæ.
82
Мæнæ æрцыд урссæр цъититæй хæхбæсты фидауц.
Схызт комы сæрмæ стыр дурмæ, фæйнæрдæм афæлгæ-
сыд æмæ саумæцъæхæй кæмтты ныййазæлыд сырдты
рæсугъддæры хъæлæс. Цъиахтæ æмæ зымтæ дæр фен-
цадысты сæ цъыбар-цъыбурæй. Уалынмæ айнæджы
сæрæй æрбайхъуыст æндæр дзæбидыры хъæлæс дæр.
Фæззæджы афтæ кæрæдзийы агурын райдайынц дзæби-
дыртæ. Уый фæстæ сын айнæджы тæккæ тигъыл бацай-
дагъ вæййы стыр тох. Тыхджындæр свæййы дзуджы раз-
дзог æмæ уалдзæгмæ фæхизынц иумæ. Цæуæн кæд фыры
сыкъаты хуызæн ставд сыкъатæ ис, уæддæр нымад у сæгъы
мыггагыл. Дзæбидыр цæры кæрдæгæй, хæдзары фосы
хуызæн уарзы цæхх æмæ сыфтæр дæр. Мадæл дзабидырæн
ис чысыл сыкъатæ, фысы сыкъаты хуызæн.
Хъуппеты Мысост.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
201 фæлтæрæн. Бакæсут дарддæр дзæбидырты тыххæй. Фыццаг хъуы-
дыйады дзырдты кæрæдзийы бынмæ ныффыссут. Уæхинымæры сæ зæгъут.
Тыхджындæр хъæлæсы уагæй цы уæнгтæ загъд æрцыдысты, уыдоны бын
бахахх кæнут.
Фæззыгон дзæбидыртæ сæхи хæстæгдæр æрисынц
хъæдмæ, лæгæттæ арæхдæр кæм вæййы, ахæм ранмæ.
Зæйæ тас сын кæм нæ вæййы, ахæм бынæттæ бацагу-
рынц. Хæрынц бæлæсты цъæрттæ æмæ къалиутæ,
рæгътæй дымгæ мит кæм ахæссы, уым фæсæлттыл зи-
лынц, æвзæр тымыгъты та бамбæхсынц лæгæтты.
Дзæбидырæн зымæг тынг зын цæрæн у æмæ йæ хъæуы
хъахъхъæнын.
Хъуппеты Мысост.
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
Дзырды уæнгтæй иу тыхджындæр загъд куы
фæцæуы, уæд уый хуыйны цавд.
202 фæлтæрæн. 201-æм фæлтæрæнæй цы дзырдтæ ныффыстат, уыдо-
ны, хуызæгмæ гæсгæ, фæбæрæг кæнут цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ.
X у ы з æ г: фæззыгон -/- цавдон уæнг: (')
урссæр /- æнæцавдон: ( — )
83
Схемæты ныхмæ ныффыссут, цавдон уæнг кæцы у, уый нымæц æмæ
йæ бындурыл скæнут хатдзæг, ирон æвзаджы хицæн дзырдты цавд цавæр
уæнгтыл хауы кæддæриддæр, уый тыххæй.
Ирон æвзаджы хицæн дзырдты цавд
кæддæриддæр фæхауы кæнæ фыццаг уæнгыл, кæнæ
дыккагыл.
203 фæлтæрæн. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут тыхджын æмæ лæмæгъ
хъæлæсонтæ. Бацамонут сæ дзырдты мидæг.
204 фæлтæрæн. Бакæсут, дæлдæр цы раиртæст ис, уый, æмæ уымæ
гæсгæ дзырдты æрæвæрут цавды нысæнттæ. Кæд вæййынц цавдон фыц-
цаг, стæй дыккаг уæнгтæ?
Ныхас, куыдфæстæмæ, æндæр, иухуызон, цæвиттон,
ифтындзын, бынат, фæтæрсын, хъуыддаг, ныддавын.
Цавд фыццаг уæнгыл фæхауы, тыхджын
хъæлæсон дзы куы уа, уæд. 3 æ г ъ æ м: м^-дæн.
Лæмæгъ хъæлæсон куы уа фыццаг уæн-
джы, уæд та арæхдæр цавдон вæййы дыккаг.
3 æ г ъ æ м: рæв-дыд.
Фиппаинаг: фыццаг дыууæ уæнджы дæр
тыхджын хъæлæсонтæ куы вæййы, уæд стæм хатт
цавдон вæййы дыккаг уæнг дæр.
3 æ г ъ æ м: нана, баба, ирбн æмæ а. д.
205 фæлтæрæн. Ныффыссут уæ тетрæдты уæ къласы ахуырдзауты
нæмттæ. Цавды нысæнттæ æрæвæрут.
206 фæлтæрæн. Уæ къласы ахуырдзауты мыггæгтæ алфавиты уагыл
ныффыссут. Цавды нысæнттæ æрæвæрут.
НР. 207 фæлтæрæн. Бæкæсут скъуыддзаг. Сæргонд ын æрхъуыды
кæнут. Радзурут æй хи ныхæстæй. Цавд фыццаг уæнгыл цы дзырдты
мидæг ис, уыдон рафыссут уæ тетрæдтæм.
Джимара кæцы ран ис, уый зонут? Дæргъæвсы
комы. Уымæй фалдæр хъæу нал ис. Комы тæккæ
рæбын æрæнцад урс-урсид цъититы æмбуар. Хур бон
дзы рухсæн ныккæнæн нал вæййы. Канд цъититæ
нæ ферттивынц. Цæхæр калынц æхсæрдзæнтæ,
84
къæдзæхты уæхсчытæ. Астæудоны уылæнтæ,
æртæхæвæрд къуылдымтæ... Кæд дæ дзæбидыр кæнæ
сæгуыт фенын фæнда, уæд демæ бинокль райс, æмæ йæ
хохы цъуппытыл ахæсс. Хъуамæ сыл сæмбæлай, уымæн
æмæ та сбирæ сты. Стæй бынæттон цæрджытæй дæр афтæ
тынг нал тæрсынц. Цуан кæнын сыл куынæуал уадзынц,
уæдæй фæстæмæ хъæумæ хæстæгæй-хæстæгдæр цæуын
райдыдтой.
Дзасохты Музафер.
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
208 фæлтæрæн. Лæмбынæг бакæсут скъуыддзаг. Æркæсут, фыццаг
дыууæ хъуыдыйады цавды нысæнттæ куыд æвæрд сты, уымæ. Зæгъут,
хъуыдыйады мидæг цавд алы дзырдыл дæр хауы, æви иу- цалдæр дзыр-
ды кæрæдзиимæ баст æрцæуынц иу цавды руаджы.
Хур/йныгуылди. // Талынг^кæнын/байдыдта.//
ЦæукъаравзæрстОæхицæн/æхсæвиуаты^ьгаат/æмæ/
æрхуыссыди. /ДКуыддæр/рæдзæ-мæдзаГТсæнын бай-
дыдта,/&фтæ йæ фьшдзыхуьшчъытьы ауад / цавæрдаер!ета-
хуыру/ныр6и^æивЬм^Авзæрста.9/^хæ^ смагГ// Хи
бахъахъхъæныны æмбудындзинад æй фæгæпп кæнын
кодта йæ къæхтыл. Алфамблай уыди æдзæм, æрмæст
æхсæвы ирдгæ æнкъуыста бæлæсты сыфтæртæ, æмæ
уымæй хъуысти сындæг æмæ æнæскъуынгæ сыф-сыф.
Коцойты Арсен.
Хъуыдыйады мидæг арæх цавд алы дзырдыл
нæ хауы, фæлæ дыууæ кæнæ фылдæр кæрæдзии-
мæ æнгом баст дзырдæн вæййы иу цавд. Цавд
фæхауы уыцы дзырдтæн сæ райдайæнæй фыццаг,
кæнæ дыккаг уæнгыл.
209 фæлтæрæн. 208-æм фæлтæрæны текст рафыссут, иумæйаг цавд
цы дзырдты къордтæн ис, уыдоны бын бахахх кæнут. Цавды нысæнттæ
сæ æрæвæрут.
210 фæлтæрæн. Литературæйæ цы уацмыс ахуыр кæнут, уырдыгæй
рафыссут æртæ хъуыдыйады. Цы дзырдтæй арæзт сты хъуыдыйæдтæ,
уыдон фæкъордтæ кæнут цавды æгъдæуттæм гæсгæ. Иу хъуыдыйады
æрæвæрут цавды нысæнттæ.
85
§ 33. Дзырды фонетикон æвзæрсты фæтк.
1. Дзырд цал уæнгæй конд у? Цавдон уæнг.
2. Хъæлæсон мыртæ: цавдон æмæ æнæцавдон. Цавæр
дамгъæтæй бæрæггонд æрцыдысты?
3. Æмхъæлæсон мыртæ: зылангон, æзылангон. Цавæр
дамгъæтæй бæрæггонд æрцыдысты?
4. Мыртæ æмæ дамгъæты нымæц.
X у ы з æ г:
дзургæ æвзæрстæн: фысгæ æвзæрстæн:
зымæг зы-мæг
Дзырд зымæг конд у дыу- з — [з] — зылангон
уæ уæнгæй, цавд хауы дык- ы — [ы]
каг уæнгыл: зымæг. м _ [м] _ зылангон
Хъæлæсон мыртæ: фыццаг æ _ г^т
— æнæцавдон [ы], хъуысгæ г _ [г] _ зылангон
дæр лæмæгъ кæны,^нысан- 5 дамгъæйь1) 5 мыры
гонд цæуы дамгъæ ы-иæ', дык-
каг — цавдон [æ], нысангонд
цæуы дамгъæ æ-йæ.
Æмхъæлæсон мыртæ:
[з] — зылангон, нысангонд цæуы дамгъæ «зы»-йæ;
[м] — зылангон, нысангонд цæуы дамгъæ «мы»-йæ;
[г] — зылангон, нысангонд цæуы дамгъæ «гы»-йæ;
Дзырд зымæг арæзт у 5 мырæй æмæ 5 дамгъæйæ.
ФÆРСТЫТÆ ФОНЕТИКОН ÆРМÆГ ЗÆРДЫЛ
ÆРЛÆУУЫН КÆНЫНÆН
1. Куыд равзæрынц хъæлæсонтæ æмæ æмхъæ-
лæсонтæ? Цы хицæндзинæдтæ ис сæ равзæрды?
2. Ранымайут хъæлæсонтæ. Цавæртæ сты тыхджын
æмæ лæмæгъ?
3. Зылангон æмæ æзылангон мыртæ цæмæй хицæн
кæнынц?
4. Ранымайут æмкъай æмхъæлæсонтæ.
86
5. Цал æмæ цавæртæ сты æнæкъай зылангонтæ, æзы-
лангонтæ?
6. Цы у дамгъуат? Цал дамгъæйы ис ирон дамгъуа-
ты? Цæмæн хъæуы зонын дамгъуат?
7. Цавæртæ сты, иугай мыртæ нысангонд кæмæй
цæуы, ахæм дыгай хæйттæй арæзт дамгъæтæ?
8. Хъæлæсон у ранæй-рæтты куыд дзурынц дзырды
райдайæны? Куыд æй хъæуы литературон æвзаджы
дзурын æмæ фыссын?
9. Куыд дзурынц ранæй-рæтты уы æмхъæлæсонтæ г,
к, х, хъ, къ, гъ-йы фæстæ æмæ йæ куыд хъæуы дзурын
æмæ фыссын?
10. Радзурут уæ æмæ æуæ-йы æлвæстад æмæ раст-
фыссынады тыххæй.
11. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсон-
ты къорды растфыссынады тыххæй радзурут.
12. Дзырдбæстыты мидæг фыццаг дзырды кæрон æмæ
йæ фæстæ лæууæг дзырды райдайæны хъæлæсонты фем-
бæлды цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æмæ сæ куыд фыс-
сын хъæуы?
13. Цы у уæнг? Æрхъуыды кæнут иууæнгон æмæ би-
рæуæнгон дзырдтæ.
14. Цал æмæ цавæртæ сты дзырд иу рæнхъæй иннæмæ
хæссыны æгъдæуттæ?
15. Цы у цавд? Цавды сæйрагдæр æгъдæуттæ цавæртæ
сты?
87
ЛЕКСЙКÆ
§ 34. Дзырды лексикон нысаниуæг.
211 фæлтæрæн. Бакæсут парагрæфы текст æмæ йын скæнут пълан
фарстон хъуыдыйæдтæй. Радзурут тексты мидис уыцы пъланмæ гæсгæ.
Нæ ныхас арæзт вæййы хъуыдыйæдтæй, уыдон та
— дзырдтæй.
Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ.
Дзырд цы фæбæрæг кæны, уый та у йæ лексикон
нысаниуæг.
Зæгъæм: дзырд мисхал-ы лексикон нысаниуæг у хæрз
чысыл; стæр-ы нысаниуæг та — хæстон балц.
Дзырдтæн сæ лексикон нысаниуджытæ лæвæрд
фæцæуынц алыхуызон дзырдуæтты.
212 фæлтлрæй. Сбæрæгкæнут, «Уырыссаг-ирон дзырдуат» куыдæмба-
рын кæны, ахæм дзырдты лексикон нысаниуджытæ: вразумить, загра-
88
ничный, поведение, уговор, приказ, узор, синица, скачка, увлечение,
шелковица, ширина, подворотня, поденщик.
Дзырдты нысаниуджытæ хи æвзаджы фæрцы
цы дзырдуаты фембарын кæнынц, уый хуыйны
æмбарынгæнæн дзырдуат. Ирон æвзаджы æмба-
рынгæнæн дзырдуат мыхуыры нæма рацыди.
213 фæлтæрæн. «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-æйрафыссут ахæм дзырд-
ты нысаниуджытæ: фæстинон, мидхъуыддæгты, кæлæх, æндæдзын, уæ-
лæфтау, хъæдабæ.
Дзырдтимæ æрхъуыды кæнут æмæныффыссут хъуыдыйæдтæ.
214 фæлтæрæн. Зæгъут, куыд ис схонæн:
а) хъыгдард чи фæхæссы, ахæм адæймаджы;
æ) уидаджы размæ цы дзырды хай вæййы, уый;
б) æвзаджы дзырдтæ иумæ райсгæйæ;
в) стуртæ ифтындзæн дзаумæттæй иу;
г) хуыйæн машинæйы хай;
гъ) рæстæджы скъуыддзаг;
д) сылгоймаджы рон;
дж) мыдыбындзыты гуппар.
Спайда кæнут ахæм дзырдтæй: æфсондз,
низæфхæрд, разæфтуан, цъæгъæдз, æвзæн, камари, уысм,
лексикæ.
215 фæлтæрæн. Бæфæлварут ацы дзырдты лексикон нысаниуджытæ
бамбарын кæнын.
Хосгæрдæг, æрзæткъахæг, амалджын, хурджын, стыр,
чысыл, фосдарæн, фæдылдзу, æгоммæгæс.
216 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, хъуыдыйæдты мидæг дзырд ахсын-æн
иу нысаниуæг ис æви бирæ нысаниуджытæ. Дзырды лексикон нысаниу-
джытæ равдисут уырыссаг дзырдтæй.
1. Лæппутæ кæсаг ахсынц. 2. Хæлуарæг бындзыты
ахсы йæ тынты руаджы. 3. Ацы бынат ахсын ме
'мбалæн. 4. Æхсыр хъармæй хуыздæр ахсы.
217 фæлтæрæн. Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ уырыссаг æвзагмæ.
Зæгъут, дзырд æгъдау-æн цавæр лексикон нысаниуджытæ рабæрæг ис?
1. Нæ рагфыдæлтæм уыдис бæхфæлдисыны æгъдау.
2. Уыцы чындзæхсæвы æгъдау нæ уыди. 3. Фысымтæ'
89
нын диссаджы æгъдау скодтой. 4. Растфыссынады
æгъдау домы фылдæр миногонты фæсæфтуантæ-аг æмæ
-он-ы разæй дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ фыссын.
§ 35. Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ.
^
I_
218 фæлтæрæн. Æркæсут нывтæм æмæ зæгъут, цы предметтæ дзы
æвдыст цæуынц, уыдонæн иу ном цæмæн ис?
Дзырд къах-æн иу лексикон нысаниуæг ис æви цалдæр?
Дзырд æхсæз-æн та цал нысаниуæджы ис?
Дзырдтæ вæййынц иунысанон æмæ бирæны-
санон. Иу нысаниуæг кæмæн вæййы, уыцы
дзырд фæхуыйны иунысанон (æхсæз, разæфтуан
æ. а. д.).
Цалдæр нысаниуæджы кæмæн вæййы, уый
та фæхуыйны бирæнысанон дзырд (къах, был
æ. а. д.).
219 фæлтæрæн. Раргом кæнут дзырдты нысаниуджытæ дзырдбæсты-
ты фæрцы.
X у ы з æ г: фарс — фарсыл æрхуыссын; фæткъуы-
йы фарс, чиныджы фарс.
Фарс, сæр, цъар, цæст, къона, сыгъзæрин, адджын.
220 фæлтæрæн. «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-мæ гæсгæ сбæрæг кæнут,
дзырды цалдæр нысаниуæджы кæрæдзийæ куыд хицæнгонд цæуынц, уый
(ома къæдзыгты æмæ æндæр фæрæзты фæрцы).
Рафыссут ацы дзырдты нысаниуджытæ.
Æвзыгъд, мигъ, сабыр, дарын, уайын.
221 фæлтæрæн. Рафыссут скъуыддзаг. Бæрæггонд дзырдтæн бацамо-
нут сæ иннæ нысаниуджытæ дæр, семæ дзырдбæстытæ аразгæйæ.
90
Бон ныронг ирд уыди, фæлæ сæ бирæ нал хъуыди,
æфцæгмæ* цы рагъыл базилын хъуыд, уырдæм, афтæ
хурныгуылæнырдыгæй æрбазындысты мигътæ...
Рагъмæ куы схæццæ сты, уæд сын тымыгъ дымгæ
уыциу цæф ныккодта сæ цæсгом.
Дзесты Куыдзæг.
222 фæлтæрæн. Рафыссут хицæн къордтæй бирæнысанон æмæ иуны-
санон дзырдтæ. Спайда кæнут «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-æй.
Дон, дæсны, нау, миногон, халамæрзæн, дæндаг, улæ-
фын, хъæлæсон, дукани, кæсын, сæттын, ссæндын, ба-
рын, тауын, цæгъдын, бадзурын, аразын.
223 фæлтæрæн. Дзырдтæ кæнын æмæ уæвын-ы нысаниуджытæ равди-
сут хъуыдыйæдты мидæг. Спайда кæнут, «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы
ацы дзырдтæ цы нысаниуджытæ бæрæг кæнынц, уыдонæй.
224 фæлтæрæн. Зæгъут, ацы дзырдтæ иунысанон сты æви бирæныса-
нон: æртæ, цыппар, авд, аст, дыууын, сæдæ, æз, ды, мах, сымах, сыфтæр,
цыппаркъуымон, тасындзæг, номдар, сæкæрниз, æндыснæг.
225 фæлтæрæн. Зæгъут, цавæр нысаниуджытæ ис мивдисæг ахуыр
кæнын-æн.
§ 36. Комкоммæ нысаниуæг æмæ ахæсгæ нысани-
уæг.
226 фæлтæрæн. Бæкæсут хъуыдыйæдтæ. Уæхи ныхæстæй бамбарын
кæнут дзырд сыф-æн йæ нысаниуджытæ.
Зæгъут, кæцы хъуыдыйады ис йæ сæйрагдæр нысаниуæг?
Бæлæсты сыфтæ фæбур сты.
Чиныджы сыфтæ тонæн нæй.
Дзырды нысаниуджытæй иу вæййы комкоммæ,
иннæ (кæнæ иннæтæ) та ахæсгæ. Дзырдæн йæ
сæйраг нысаниуæг вæййы йæ комкоммæ нысани-
уæг.
Ахæсгæ нысаниуæг та сæвзæры комкоммæ ны-
саниуæджы бындурыл, иу предметы, архайды
ном æндæр предметæн, архайдæн дæттыны
фæрцы.
Фылдæр хатт иу дзырдæй хуынд æрцæуынц,
91
æддаг бакастæй æнгæс чи вæййы кæнæ бастдзинад I
кæй æхсæн вæййы, ахæм предметтæ.
3 æ г ъ æ м: къах амоны буары хай дæр æмæ
стъолы хай дæр, уымæн æмæ уыцы хæйттæ сты
æнгæс; фынг амоны хæдзары дзаума æмæ йæ уæлæ
æвæрд нозт æмæ хæрд дæр.
227 фæлтæрæн. Ацы дзырдты алыхуызон нысаниуджытæ бацамонут
хъуыдыйæдты фæрцы.
Рувас, гæды, арс, бирæгъ.
228 фæлтæрæн. Бацамонут дзырдтæ сыгъзæрин æмæ адджып-ы ком-
коммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ.
1. Сыгъзæрин фæззæг, сыгъзæрин æрзæт, сыгъзæрин
адæймаг.
2. Адджын ныхас, адджын цард, адджын цай.
НР. У. Бæрæггонд дзырд уырыссагау зæгъут.
229 фæлтæрæн.Рафыссут фæлтæрæн уæ тетрæдтæм. Ссарут дзы ахæсгæ
нысаниуæгджын дзырдтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут, цавæр хъуы-
дыйады уæнгтæ сты, уымæ гæсгæ. Хуызæгæн райсут 1-аг хъуыдыйады
дзырд æвзæгтæ.
1. Арты æвзæгтæ ныллæгæй-нæллæгдæр кодтой.
2. Мæнæн дæр, уарзон Терк, æхсиды мæ уæнгты царды
цин гуылфæй, мæнмæ дæр царды уылæн сиды йæхимæ
хъæлдзæгæй, фæрнæй. (Коч. М.) 3. Комы уазал сау æхсæв
æрхуыссыд, уæлæ арвæй мигътæм рахауд мæй. (Кал. X.)
4. Æфсин агæн йæ сæр æнгом æрæхгæдта. 5. Терк
хъазы 'мæ ниуы. (А. П.) 6. Науы фæд уайтагъддæр ата-
ди денджызы сыгъдæг доны.
230 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæй саудæрæй фыст бирæныса-
ниуæгджын дзырдтæ, сæ фарсмæ æмбарын кæнут се'ппæт нысаниуджытæ,
афтæмæй.
1. Хур арвы астæумæ ссыд, æмæ йæсыгъзæрин тынтæ
бæрзонд бæлæсты æхсæнты зæххыл æрæнцадысты.
(Хъайт. С.)
2. Рагон уæззау скъæппыты чингуыты хъæбæр
цъæрттæн сæ сыгъзæрин тæлмытæ æрттивынц. (Мæрз. С.)
3. Дымгæмиты хъæпæн æрбахæссы, сугты 'хсæнæй сто-
ны арты цыргъ æвзæгтæ. (Цæг. М.) 4. Кæрты цы стыр
92
æнгуз бæлас уыд, уый сыфты æхсæнты мæй згъæлста
йе 'взист тынтæ, æмæ хæрзмарзт кæрт урсхъулон адард-
та. (Епх. Т.)
НБ. У. Бæрæггонд дзырдбæстытæ уырыссагау куыд сты?
231 фæлтæрæн. Зæгъут, уæ къласы цы предметтæ ис, уыдоны нæмттæн
далгай нысаниуджытæ ис? Цавæртæ сты уыцы нысаниуджытæй ахæсгæ?
232 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, бæрæггонд дзырдтæ сæ комкоммæ ны-
саниуджыты сты æви ахæсгæ нысаниуджыты?
1. Арт ноджы тынгдæр ныггуыпц ласта, йæ даргъ
бур æвзæгтæ сау пиллон калгæ уæлиаугомау сирвæзты-
сты, боцкъайы сæгдзыдных æмæ бедрайы хуылыдзфарс
асдæрдтой. (Бас. М.) 2. Топпы гæрахæй сырд хъæды
куыд фестъæлфы, афтæ Чабæханæн фестъæлфыд йæ
зæрдæ. (Тлатты X.) 3. Хур кæсы, арвыл ис стæм урс
мигъы къуымбилтæ.
§ 37. Омонимтæ.
233 фæлтæрæн. Æркæсут нывтæм æмæ зæгъут, цы сæм ис иумæйагæй?
Æмхуызон чи фæхъуысы, фæлæ бынтон алыхуы-
зон нысаниуджытæ кæмæн вæййы, ахæм дзырдтæ
хуыйнынц омонимтæ. Омоним у грекъаг дзырд:
«æмхуызон», онима «ном». Омонимтæ вæййынц иу
ныхасы хайы дæр æмæ алыхуызон ныхасы хайы
дзырдтæ дæр. 3 æ г ъ æ м, омонимтæ тас —
93
I хæдзары дзаума æмæ тас — тарст-ы нысаниуæ- I
джы сты номдартæ; худ — дзаума æмæ худын-ы
формæ та сты номдар æмæ мивдисæг.
234 фæлтæрæн. Бæкæсут Цæгæрæты Гигойы фыст рæнхъытæ æмæ
дзы ссарут омонимтæ. Цавæр ныхасы хайæ загъд сты?
Æгадæй чи цæра нæ хъæуы,
Мах ахæм хæлæрттæ нæ хъæуы.
Фæндаг куы алæгъз кæна къахæн,
Уæд ыл æнцон цæуæн у къахæн.
Зилы, зилы дымгæ комы,
Фæлæ быдырмæ нæ комы.
Бирæ уарзын æз æрыскъæф.
Ехх æмæ та дзы æрыскъæф.
Кæд нæ аскъуыди дæ хал,
Гъе уæд æй сындæггай хал.
235 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæн ссарут сæ омонимтæ. Омонимтимæ
æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.
X у ы з æ г: Хуссары ныхмæ ис цæгат. Фæрæты
цæгат асасти.
Цæгат, кæсаг; хæрæг, кæрдæг, уын, фыд, хид, бар,
нæуу, кæлæн, уæд.
Омонимты иртасын хъæуы бирæнысанон
дзырдтæй. Иу дзырды нысаниуджытæ цæмæйдæр
вæййынц æввахс, се 'хсæн вæййы бастдзинад, омо-
нимтæн та иумæйагæй ницы вæййы. Дзырдуæтты
омонимтæ фæлæууынц кæрæдзийы бынмæ, бирæ-
нысанон дзырды нисаниуджытæ та лæвæрд фæцæ-
уынц дзырды комкоммæ.
236 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм. Базонут, бæрæг
дзырдтæ омонимтæ сты æви бирæнысанон дзырдтæ.
1. Гъæйтт, размæ, цардбæллон æмгæрттæ, гъæйтт,
размæ, уе 'ндон систæ райсут. (Кал. X.) Рагон мæсгуы-
ты систæ — рагон цауты æвдисæнтæ. («М. д.») 2. Æгас
94
комы дæр ахæм хизæнтæ никуы уыди. (Бицъ. Г.) Бæх размæ
нал комы. 3. Зæлдаг кæлмæрзæн та дзы мæ уæлæ куы
'ркæнон æз дæр. (Бар. Г.) Хосдзаутæ сæ кæлмæрзæнтæй
асæрф-асæрф кодтой сæ ныхты хид. 4. О нæ хæхтæ, нæ
фæзтæ, куыд ма цæрæм уæ фæстæ. (Мамс. Т.)
237 фæлтæрæн. «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-æй рафыссут æртыгай
дæнцæгтæ омонимтимæ æмæ бирæнысанон дзырдтимæ.
238 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, къæйтты мидæг омонимтæ лæвæрд
цæуынц æви дзырдты хицæн нысаниуджытæ.
Ныхсын — (дзаума) æмæ ныхсын — (сæдзын); тын —
(хуры тын) æмæ тын — (хъуымац); хауæн — (формæ)
æмæ хауæн — (схъиуæн); уад — (дымгæ) æмæ уад —
(цыди); фæсур кæнын — (фæуæлгоммæ кæнын) æмæ
фæсур кæнын — (фæхус кæнын); хæлын — (кæрц) æмæ
хæлын (æвзæр кæнын).
239 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, дзырд лыстæг æппæт хъуыдыйæдты дæр
бирæнысаниуæгджынæй баззад æви цавæрдæр хъуыдыйады хицæн дзырд у?
1. Хъæуы нæм æрмæст лыстæг фос ис. 2. Хæрина-
джы тæфмæ лыстæг бындзытæ æрæмбырд сты. 3. Ку-
сарт кæнгæйæ лыстæг тъæнгтæ аппæрстой.
240 фæлтæрæн. Бацамонут ацы дзырдты омонимон нысаниуджытæ.
X у ы з æ г: цæвæг. 1. Хос кæрдæн дзаума. 2. Цæв-
гæ чи кæны, ахæм.
Барæн, хæрæг, зылд, тухæн, бырон, сæрæн, хъомыл,
фыр, кæлæн, уад, хæрд, каст, сур, сæрæн.
§ 38. Синонимтæ.
241 фæлтæрæн. Ацы дзырдты къорды ссарут, сæ нысаниуæг æввахс
кæмæн у, ахæмтæ, æмæ семæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ. Ныффыс-
сут сæ уæ тетрæдты.
Къæсхуыр, аив, мæллæг, цырд, кусын, дзæбæх,
фæллой кæнын, рæвдз, мæт кæнын, фæраст уæвын,
сагъæс кæнын, ацæуын.
Иухуызон нысаниуæгджын дзырдтæ хуыйнынц
синонимтæ. Синонимты нысаниуджытæ хæрз
æмхуызон нæ вæййынц, фæлæ февдисынц иу хъуы-
I дыйы фæлгъуызтæ.
95
I 3 æ г ъ æ м: зæронд, хæлддзаг, дæрдджыщ рагон I
æ. а. д.
Синонимтæ ма февдисынц дзурæджы ахаст пред-
метмæ.
3 æ г ъ æ м: дзырд дзæмбы — къух-ы бæсты,
лæсын — цæуын-ы бæсты æ. а. д.
242 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæн ссарут сæ синонимтæ.
X у ы з æ г: фыдхуыз — къæсхуыр, мæллæг.
Фыдхуыз, хæрзхуыз, сагъæс кæнын, кусын, зынæр-
вæссон, æнæнхъæлæджы, хъæздыг.
243 фæлтæрæн. Зæгъут, цавæр мивдисджытæй ис сбæрæг кæнæн цæу-
гæдоны цыд, маргъы стахт, хуры скаст? Цавæр миногонтæй ис сбæрæг
кæнæн, тагъд чи архайы, ахæм адæймаджы кæнæ, йæхимæ чи нæ зилы,
ахæмы?
244 фæлтæрæн. Синонимтæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон рафыссут.
1. Стонг æмæ кæуынæй лæг куы сфæлмæцы, тарф* у
уæд йæ фынæй... (Къоста). 2. Кæмдæрты æнæсæронæй,
æдыхæй, æцæгæлонæй мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонæй.
(Къоста). 3. Уæлдæф сабыр, æнæзмæлгæ уыд, æмæ дзырд
дзæбæх хъуыст. (Л. Т.) 4. Сæрдыгон фæлмæн дымгæ
рахъазы хæхты цъуппытыл. (Гæд. Ц.) 5. Тыхстысты
мæгуыр хæххон адæм лакъон* донæй1. (Мамс. Д.) 6. Хъæл-
дзæг уыди Хъусойы цард. Над, æфхæрд ыл нæ цыди
бинонтæй. (Коц. А.) 7. Ерыстау æлдар æгас Хъуды
комы адæмы йæхицæн хъалондар, цагъар скодта.
(Гæд. С.)
245 фæлтæрæн. Ссарут ацы дзырдтæн сæ синонимтæ æмæ сæ ныффыс-
сут уæ тетрæдты.
Нуазын, схуыссын, кæуын, дзураг, æнæзонд, дзык-
кутæ, сæр, гуыбын.
X у ы з æ г: нуазын—æнцъухын.
246 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг æмæ йын скæнут сæргонд.
Бæрæггонд дзырдтæ рафыссут, сæ фарсмæ сын сæ синонимтæ амонгæйæ.
X у ы з æ г: æнцад, æнæзмæлгæйæ.
Æз бадтæн æнцад æмæ æдзынæг кастæн дидинæгмæ.
Мæ цæстытæ йæ ныхъуырдтой, фæлæ уæддæр йæ зæнгыл
96
тæмæнтæ калдта дидинæг. Сæууон æртæх ма йæ сыф-
ты хъусты рафæлив-бафæлив кодта йæхи4. Уддзæф-
иу куы аныдзæвди дидинæгыл, уæд-иу сабыргай,
æмбаргæ лæгау, иуæрдæм акъул кодта йæ диссаджы
сæр. Батыбар-тыбур-иу кодтой сæууон æртæхтæ æмæ
та-иу дидинæджы хъусы сæхи амбæхстой. Уддзæф-иу
мæ былтыл асæрфта йæхи. Æхсызгон, хæрз æхсызгон
аромат-иу сæмбæлди мæ фындзыхуынчъытыл æмæ-
иу арф-арфид афардæг ис мæ буары.
Нигер.
Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты уыцы синонимтæ.
247 фæдтæрæн. Лæмбынæг æркæсут нывмæ. Радзурут ын йæ мидис,
синонимтæй пайдагæнгæйæ.
248 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Бæрæггонд дзырдтæ баивут си-
нонимтæй æмæ синонимты къордтæ ныффыссут уæ тетрæдты.
X у ы з æ г: бафсæста, хорз федта.
Тæрхъус кæмдæр йæхи къæбускайæ бафсæста æмæ
хъазгæ быдыры фезгъоры. Цæргæс æй ауыдта, йæхи йыл
7 Ирон æшаджы чиныг 5 къл
97
раскъæрдта. Тæрхъус йæ ных хъæдмæ сарæзта, цы йæ
бон у, уымæй. Фæлæ тæрсы, куынæуал бахæццæ уа.
Иухатт фæсайдта цæргæсы — агæпп кодта фæрсырдæм
æмæ фервæзти. Цæргæс æй фæивгъуыдта. Тæрхъус ли-
дзы дарддæр. Иу дуры рæбын ауыдта цавæрдæр хуык-
ком æмæ дзы фæмидæг. Кæсы, æмæ хуыккомы иу къуы-
мы бабукъ сты бирæгъы лæппынтæ æмæ хъыс-хъыс
кæнынц. Тæрхъусæн йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп
кодта.
Дзесты Куыдзæг.
§ 39. Антонимтæ.
249 фæлтæрæн. Æркæсут 247-æм фæлтæрæны нывмæ. Ныхмæвæрд
æмбарынæдтæ дзы цавæр предметтæ, миниуджытæ æмæ архæйдтытæ æвди-
сынц?
Сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд цы дзырдтæн
вæййынц, уыдон хуыйнынц антонимтæ*. Зæгъæм:
бон — æхсæв, бæрзонд — ныллæг.
250 фæлтæрæн. Ссарут чиныджы кæрон дзырд антоним-ы нысаниуæг.
Зæгъут, кæцы æвзагæй ист у.
251 фæлтæрæн. Ссарут ацы дзырдтæн сæ антонимтæ æмæ сæ рафыссут
къæйттæй уæ тетрæдтæм.
Раджы, тар, ныллæг, сау, пайда, кусын, зылын,
æрæгмæ, чъынды, æввахс, дæрзæг, æфхæрын, мидæгæй,
райдиан, уæлæсых, тæнзæрдæ*.
252 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм. Зæгъут, анто-
нимтæ цавæр ныхасы хæйттæ сты æмæ цы æвдисынц: хуыз, ас, уавæр,
афон, бынат æви æндæр исты?
1. Мæ хъарæг — мæ зарæг. Мæ фыдбон — мæ цард.
Уæ зарæг — мæ марæг, фæлидзын дзы дард. (Нигер).
2. Цы хорз мыл æрцæудзæн, цы фыд мæм кæсдзæн.
(Цæр. А.) 3. Адæмы аразгæ дæр уарзондзинад кæны,
сафгæ дæр. (Гæд. С.) 4. Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр,
тызмæгæй йæ кæрцы мидæг ныхасы бады зæронд Хъуы-
бады — нæ фæндырдзæгъдæг... (Къоста). 5. Æвзæрæн
бын ма ныууадз, хорзæн бын ма скæн. (Æмб.)
98
6. Хæларзæрдæ æмгар уыдис Ефим кæстæртæн, йæхи
æмгæрттæи æмæ йæ хистæртæн дæр. (Дзат. Т.)
253 фæлтæрæн. Миногонтæн ссарут сæ антонимтæ æмæ сæ уæ тетрæд-
ты ныффыссут уыдонимæ.
Ног къаба, ног заман, ног æмбал, ног æгъдæуттæ.
Хорз бон, хорз хъуыддаг, хорз зæрдæ.
254 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæн зæгъут сæ антонимтæ. Семæ дзырдбæс-
тытæ ныффыссут.
X у ы з æ г: æгъатыр лæг — хæларзæрдæ лæг.
Æгъатыр, æфснайд, ныфсджын, кондджын,
æгоммæгæс, цырд, æнæзивæг, лæгъз, къæдз-мæдз,
дæргъмæ,. фæтæн, фæлурс, æмбаргæ, хъыгдзинад, рай-
гуырын, сбадын, æппæлын, зылын, уырдыг, æртæфсын.
НР. У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
255 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ рафыссут уæ тетрæдтæм. Ссарут дзы
антонимтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты, уый.
X у ы з æ г: хохы — быдыры (номдартæ).
1. Цалынмæ хохы дур тула, быдыры цалх зила, ца-
лынмæ боныгон хуры цæст æрттива, æхсæвыгон мæйы
цæст, уæдмæ ирон адæм фысдзысты Хъæбатыры кадæг.
(Къадз. С.) 2. Бон фæдаргъдæр. Æхсæвæн йæ дымджытæ
ахаудтой. (Сечъ. Л.) 3. Адæмы зондахастмæ гæсгæ
хæрзгæнæг йæ мæлæты фæстæ бахауы дзæнæтмæ,
æвзæргæнæг та — зындонмæ. (Ад. сфæлд.) 4. Хорз лæг
адæмы у, æвзæр та — йæхи. (Æмб.) 5. Раст ногбон То-
мианæн лæппу райгуырд, Хъаныхъонæн та — чызг.
(Гæд. С.)
256 фæлтæрæн. Ссарут бæрæггонд дзырдтæн сæ антонимтæ.
X у ы з æ г: стыр дон — чысыл дон.
Стыр дон, уæнгрогæй кусын, æхгæд дуар, хæраг адæй-
маг, рохгæнаг адæймаг, къæйных чызг, фæлмæн ны-
хас, рог адæймаг, арф цæугæдон, оцани бæх, фæрæты
ком, æнгомуафт хъуымац, ирд райсом, тæнæг чиныг,
дидинæг бампылди.
99
ДЗЫРДАРÆЗТ
§ 40. Дзырды хæйттæ.
257 фæлтæрæн. Нывмæ гæсгæ ранымайут дзырды хæйттæ. Цалдæр
дзырды ныффыссут æмæ сбæрæг кæнут сæ хæйттæ.
258 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут, цавæр грамматикон формæтæ аразынц
дзырдты кæрæттæ.
Уæззау хъуыддаг рог дзырдтæй нæ рæзы.
Дзырдæн йæ ивгæ хай хуыйны к
Дзырды вæййы
кæрон рабæрæг
«афтид»
вæииы,
æ р
кæрон дæр.
дзырды
формæтæ абаргæйæ. Ахæм кæрон
номдартæн номон
г ъ æ м: чызг, хур.
хауæны
о н.
«Афтид»
алыхуызон
ис,
зæгъæм,
иууон нымæцы. 3 æ-
Н. чиныг П
Г. чиныдж-ы
Д. чиныг-æн
И. чиныг-æй
А. чиныг-мæ
Æ. б. чиныг-ыл
Ц. чиныг-имæ
X. чиныг-ау
259 фæлтæрæв Дзырдтæн фæхицæн кæнут сæ кæрæттæ, æмæ ма дзы цы
хæйттæ баззади, уыдон бакæсут. Зæгъут, дардцæр ма сын адихгæнæн ис?
Бæрзондцæр, æдасдзинадæн, цæхджынтæ, фæлтæрæнæй,
æнарæхстдзинады.
Дзырдæн йæ кæрон куы аппарæм, уæд ма дзы
цы хай баззайы, уый хуыйны бындур. Зæ-
г ъ æ м: хохаг æн.
260 фæлтæрæн. Фæхицæн кæнут дзырдтæн сæ бындуртæ. Зæгъут,
бындуртæ ма дарддæр адихгæнæн ис дзырды хæйттыл æви нæ?
Хурæн, рудзынгæй, арвæн, бæлас, мæнмæ, хæхтæ,
дзурыс, кæсы, бадтис, цыппарыл, хорзæн.
Дзырдты бындуртæ вæййынц аразгæ æмæ æнæа-
разгæ. Æндæр бындурæй чи равзæры, уый хуый-
ны аразгæ бындур. Зæгъæм, хъæддаг
равзæрдис бындур хъæд-æй. Уымæ гæсгæ у аразгæ.
Бындур кард та у æнæаразгæ, уымæн æмæ дзы
æндæр бындур рахицæнгæнæн нал ис.
261 фæлтæрæн. Рафыссут скъуыддзаг уæ тетрæдтæм. Зæгъут, бæрæггонд
дзырдтæн сæ бындуртæ аразгæ сты æви æнæаразгæ.
Уалдзæг йæ цъæх бæхыл æрцыди Науыры æгæрон
обауджын хизæндæттæм. Бæстæ райхъал ис, базмæлыд
хуры хъарммæ. Сауцъиутæ, сырддонцъиутæ сæ чысыл
дзыхты хæссынц хосы хæлттæ, уæтæры дæлбазырты
бийынц ахстæттæ.
Уырымты Петя.
Уыцы иу уидагæй арæзт дзырдтæ хонæм х æ с -
тæг дзырдтæ.
Дзырдтæн кæрдыщ кæрдæг, кæрдинаг ис иу уидаг
кæрд, æмæ уымæ гæсгæ уыдон сты х æ с т æ г
д з ы р д т æ .
101
262 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ. Ссарут сæ уидæгтæ.
Картофджын, картофын, хохаг, хæххон, бонджын,
æнæбон, боныг, хъаруджын, æнæхъару, хæдзарон, уæл-
хæдзар, хæдзарджын, хæдзарад, хæдзардзин,
æнæхæдзар.
У. Дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
§ 41. Хъæлæсонты кæрæдзи ивынад.
263 фæлтæрæн. Æркæсут таблицæмæ. Ранымайут, кæрæдзи цы
хъæлæсонтæ аивынц, уыдон. Зæгъут уæхи дæнцæгтæ.
Дæнцæгтæ
1 1. Карк — кæркгæс, аст—
æстдæс, æмбарын — æмбæрст,
æвзарын — æвзæрст.
2. Кæсын — каст, мæрзын —
марзт, кæрдын — карст.
3. Æхсидын — æхсыст,
æлвисын — æлвыст, æнхъизын
— æнхъызт.
4. Сурын — сырд, тулын —
тылд, агурын — агуырд.
5. Тонын — тынд, амонын —
амынд, хонын — хуынд.
6. Тауын — тыд, стауын —
стыд, фæлгъауын — фæлгъуыд.
7. Цæуын — цыд, кæуын —
КУЫД.
Хъæлæсонты 1
кæрæдзи
ивынад.
а/æ
æ/а
и/ы
у/ы, уы
о/ы, уы
ау/ы, уы
æу/ы, уы
264 фæлтæрæн. Ныффыссут ацы дзырдтæ бирæон нымæцы, ивд цы
хъæлæсонтæ æрцыдысты, уыдон бын бахахх кæнут.
Æфсад, бæрзонд, къах, саргъ, маргъ, лæвар, æмбонд,
æфсондз, уыгард, давон, хæсгард, æхсаргард, кæрон,
æфстау, æмбисонд, холлаг, рон, ком.
102
265 фæлтæрæн. Рафыссут дзырдтæ. Сæ фарсмæ сын бацамонут, цы
мивдисджытæй арæзт сты, уыдон. Бæрæггонд дзырдтимæ æрхъуыды кæнут
дзырдбæстытæ.
Рывд, хызт, тыхт, æвзæрст, æнкъуыст, тард, конд,
цагъд, рыст, рæмыгъд, агуырд, иртæст.
266 фæлтæрæн. Ацы мивдисджытæй саразут æндæр ныхасы хæйттæ.
Халын, сафын, хæссын, тæхын, æвзидын, æмбийын,
æмпъузын, курын, ахорын, рæвдауын, аргъауын.
X у ы з æ г: халын — хæлд.
§ 42. Разæфтуантæ æмæ сæ нысаниуджытæ.
267 фæлтæрæн. Зæгъут, цы у разæфтуан? Цавæр разæфтуантæ зонут?
Семæ ныффыссут дзырдтæ.
268 фæлтæрæн. Мивдисæг цæуын-мæ разæфтуантæ: ба-, ра-, æр-, æрба-,
ны-, с- бафтаут. Зæгъут, дзырдæн цавæр нысаниуджытæ дæттынц ацы
разæфтуантæ.
269 фæлтæрæн. Дзырдтæм бафтаут разæфтуантæ. Зæгъут, цавæр ны-
саниуджытæ ис разæфтуантæн.
X у ы з æ г: æ + куыст — æгуыст, разæфтуан æ-
дзырдæн дæтты истæмæй цух уæвыны нысаниуæг.
Куыст, бар, хъару, маст, хатыр, ивд, конд.
Мивдисджыты уидæгтæм æфтыд æрцæуыяц раз-
æфтуантæ а-, æр-, æрба, ба-, ны-,ра-, с-, фæ-, æндæр
ныхасы хæйтты уидæгтæм та — æ-, æнæ-, æд-, æм-,
фæс- æ. а. д.
270 фæлтæрæн. Мивдисджытимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмæ
сæ ныффыссут уæ тетрæдты.
I. Ныккæсын, ракæсын, æрбакæсын, æркæсын,
скæсын, фæкæсын.
II. Сдзурын, ныдздзурын, бадзурын, радзурын,
æрбадзурын, æрдзурын, адзурын.
103
271 фæлтæрæн. Рафыссут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг. Разæфтуантæ цы
дзырдты ис, уыдон бын бахахх кæнут. Зæгъут, уыцы разæфтуантæ цавæр
ныхасы хæйттæ сарæзтой.
МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ.
Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —
Лæджы æмбæрц æруары мит;
Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;
Их доныл саразы йæ хид.
Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы...
Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!
Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы,—
Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд.
Къоста.
НР. У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
272 фæлтæрæн. Рафыссут бæрæггонд дзырдтæ. Сæ разæфтуантæ сын
рахицæн кæнут.
Фæззыгон цъæх мигъ сыстад быдырæй. Ногæй раирд
и арв. Гæзæмæ æрæндæвтой сæууон хуры тынтæ. Дысо-
ны халас атади бæлæсты сыфтæртыл» Фæззыгæндты
ногдзыд æвзартæ та сæхи сивæзтой хуры хъарммæ.
Фæндаггæрæтты фæбур и кæрдæг. Æрбампылдысты бы-
дираг дидинджыты рæсугъд сыфтæ æмæ уыцы æууад-
хуызæй лæууынц сæ хус зæнгтыл. Æрбадымдзысты ма
иу хатт уазал дымгæтæ, æмæ бынтондæр æрызгъæлдзы-
сты зæхмæ.
Цырыхаты Михал.
НР. 273 фæлтæрæн. Ныффыссут чысыл сочинени кæнæ фыстæг уе
'мбæлттæй искæмæ, цы чиныг бакастыстут, уый мидисы тыххæй.
§ 43. Хъæлæсонты рахауд æмæ æлвæстад разæфт-
уанты фæстæ.
274 фæлтæрæн. Хъæлæсон æ -йæ райдайгæ дзырдтæм бафтаут разæф-
туан а- æмæ сæ ныффыссут. Уæ хъус æрдарут, разæфтуан æмæ уидæгты
æхсæн цавæр ивддзинæдтæ цæуы, уыдонмæ.
X у ы з æ г: а+æхгæнын — ахгæнын.
104
Æрвитын, æвæрын, æфсæрын\ æвналын, æвдисын,
æндзæвын.
Разæфтуантæ а ,
ба ,
æфтыд куы æрцæуынц,
дзырдтæ раидаиынц,
дайæны æ ахауы. 3
бавналын.
ра ,
æрба ,
хъæлæсон
уыдонмæ,
æ г
ъ æ
ны , æнæ
æйæ цы
уæд дзырдты раи
м: ба+æвналын
275 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут хъæлæсон а-йæ райдайгæ дзырдтæ.
Бафтаут сæм разæфтуан æнæ-. Зæгъут, цы ивддзинад цæуы дзырдты.
Хъæлæсон а-йæ райдайгæ дзырдтæм разæфтуан
æнæ- æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуанæй ахауы
кæройнаг хъæлæсон æ. Зæгъæм: æнæ+амонд —
æнамонд.
276 фæлтæрæн. Бафтаут дзырдтæм разæфтуантæ с-, ба-, ра-, æрба-, ны-,
æнæ-.
Æвдыст, амонд, арæхст, æвзæрст, æфснайд, æхсидын,
æвдисын, æфсадын, æфхæрын, тухын, уасын.
X у ы з æ г: ра + æвдыст — равдыст.
277 фæлтæрæн. Рафыссут, хъæлæсонтæ цы дзырдтæй ахаудтой, уыдон.
Сæ кæцы хæйттæи ахаудтой?
X у ы з æ г: рамбырд кæн (уидаг æмбырд-æи ахаудта
лæмæгъ хъæлæсон æ.)
1. Рауай-ма, рауай, нæ фыййау, нæ фæстæ, иумæ нæ
рамбырд кæн — арфæйы дзырд. (Къоста). 2. Гете фыс-
та, зæгъгæ, поэты бамбарынæн хъæуы поэты бæстæм
фæцæуын. («М. д.») 3. Уалдзæджы æрцыд дидинæгæй
тагъддæр ничи банкъары. (Дзас. М.) 4. Къоста, Ирыс-
тоны хуыздæр æмæ æууæнкджындæр хъæбул, йæ зар-
джыты равдыста йæ адæмы хъизæмар цард. («М. д.»)
5. Æнæлдар хъæуы — рувас æлдар. (Æмб.) 6. Уыцы ад-
æймаг тынг æнаипп у. 7. Цалдæр боны фæд-фæдыл æна-
хуыр хъарм бонтæ скодта, æмæ митæн йæ фæздæг скал-
ди. (Бог. У.)
278 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæм бафтаут разæфтуан фæ- . Зæгъут:
а) цавæр мырон ивддзинæдтæ цæуы дзырдты, разæфтуан сæм æфтаугæйæ:
æ) цавæр мыртæй хъуамæ райдайой дзырдтæ, цæмæй разæфтуан фæ- йы
æ раива е-йæ.
Æвдисын, згъорын, æййафын, æууæндын, ссын,
ссæндын, згъалын, симын, зилын, уидзын, исын,
уайын.
Хъæлæсон æ йæ райдайгæ дзырдтæм разæфт-
уан фæ^ æфтыд куы æрцæуы, уæд разæфтуаны
æмæ уидаджы райдайæн хъæлæсонтæ æлвæст
æрцæуынц æмæ раттынц е. 3 æ г ъ æ м: фæ +
æмбæхсын — фембæхсын.
279 фæлтæрæн. Рафыссут фæлтæрæн. Цавæр мыртæ æвæрд æрцыдыс-
ты разæфтуанты фæстæ? Бахахх кæнут уыцы мыртæ.
Бацамонын, ацаразын, фæцамонын, ацаходын, фæца-
майын, ацардауын, ныццамайын, ныййазæлын, ный-
йарæг, ныццауазын, ныйивын, ныйисын, сыздахын,
æрызгъорын, æрыскъæфын.
280 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдтæй рафыссут, разæфтуанты аххосæй
мырон ивддзинæдтæ цы дзырдты æрцыди, уыдон.
X у ы з æ г: ныхсадта (разæфтуан ны-йы фæстæ уида-
джы райдайæн хъæлæсон æ ахауди).
1. Æрцыд салдат йæ дард балцæй. Райсомы^æртæх
ын ныхсадта йæ уæззау цырыхъхъытæ. Йæ зы-
ланггæнæг зарджытимæ йыл сæмбæлд хъæуы сæр
суадон... Ныддæлгом ыл, йæхицæн дзы бафсис
æнхъæл нал уыди. Афтæ адджын у, уый фыццаг хатт
бамбæрста. Хæхтæй дымдта райсомы уддзæф. Ныт-
тыхсти лæппуйыл... Бæстыл дидинæгæй цыдæ-
риддæр уыди, уыдон тæфæй йæ ферхæцын кодта.
(Цæг. М.)
2. Дуне афтæ сабыр уыди, æмæ, зæрватыкк2 йæ ба-
зырæй хæдзары тигъ куы фæцагайдтаид, уæд æй ай-
хъуыстаид. Лæппу йе уæнгтæ æхсызгон ивæзтытæ акод-
та, æрзæххон æмæ, æцæгæлон хæдзары кæй æрыхъал,
уый уайтагъддæр бамбæрста. (Бицъ. Г.)
106
§ 44. Æмхъæлæсонты кæрæдзи ивынад дзырдтæ
аразгæйæ.
281 фæлтæрæн. Æркæсут таблицæмæ. Ранымайут, кæрæдзи цы
æмхъæлæсонтæ раивынц, уыдон.
Дæнцæгтæ
æмвæз — æм + фæз
æгад — æ + кад
уæлдзарм — уæл + царм
æдæрсгæ — æ + тæрсгæ
уадзын —уагъд
æ. а. д.
Æмхъæлæсонты
кæрæдзи
ивынад
Ф — в 1
к — г
Ц — ДЗ
т — Д
дз — гъ
282 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ уæлдæр лæвæрд таб-
лицæйы дæнцæгтимæ æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.
283 фæлтæрæн. Рафыссут дзырдтæ, цы хæйттæй конд сты, уый
бæрæггæнгæйæ. Зæгъут, цы бафиппайдтат уидæгты райдайæны.
X у ы з æ г: æмдзæрæн — æм+цæрæн.
Æмдзæрæн, æмгуыстдзинад, æмгар, æмдых,
уæлвæйнæг, уæлвæндаг, дæлвæз, дæлгом, фæсдзæуин,
фæсвæд, развæндаг, раздзог.
Дзырды райдайæны разæфтуан æйы фæстæ æзы-
лангон æмхъæлæсон ивд æрцæуы йе 'мкъай зы-
лангон æмхъæлæсонæй.
Арæх ахæм фæзынд вæййы разæфтуантæ уæл,
æм-, фæс, дæл-, раз ы фæстæ дæр.
3 æ г ъ æ м: æ+фæд — æвæд, æм+цу — æмдзу æ.
а. д.
284 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм. Бирæстъæл-
фыты бæсты æвæрут хъæугæ дамгъæтæ.
1. Тæмискъæй æхсæз километры фалдæр уæл...æндагæй
зынынц Бызы хъæуы хæдзæрттæ. /Хоз. Ф./ 2. Æ...уыст лæг
аслам у, кусæг — зынаргь. /Æмб./ 3. Уалдзæг фæлыста йæ
раз...æндаджы ног дидинджытæй. /Гæд. С/ 4. Туалты æмæ
Уæлладжьфы кæмтты адæм рагæй-æрæгмæ уыдысты хæлар,
107
æм...ых. /Хоз. Ф./ 5. Ног цъæххъулон дарæсæй сæхи
сфæлыстой Иры быдыртæ, уæл...æзтæ, хъæдтæ. /Бар. Г. /
6. Дæхци йæ дзаумæттæ акодта æмæ араст и хъæу-
гæрон, фæс.æдты быдырмæ. /Гæд. Ц./ 7. Нæзы
æмæ бæрз бæлæстæ æрбатыгуыр сты сæ дæл...æдджи.
/Мæрз. С/
285 фæлтæрæн. Зæгъут, цавæр дзырдтæм æфтыд æрцыдысты разæф-
туантæ дæл-, æ-У æм-.
Дæлвæд, дæлгоммæ, æгомыг, æгъатыр, æгæвдæс,
æвæндон, æгæрон, æгад, æмгар, æмгуыстдзинад,
æмдзæхдон, æмдзæгъд.
286 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæй саразут ног дзырдтæ, разæфтуантæ æм-,
æ-, уæл-ы фæрцы.
Фæнд, тымбыл, фæндаг, кæрон, цагъд, кад, цард, фæз,
фарс, фæд, коммæ, царм.
§ 45. Фæсæфтуантæ.
287 фæлтæрæн. Аппарут, дзырдтæн сæ уидæгты фæстæ цы хæйттæ ис,
уыдон. Зæгъут, сæ нысаниуджытæ аивтой æви нæ.
Хъæддаг, лыггаг, хъæууон, ирон, бадæг, сæрæндзи-
над, митын, хъæдын, хицауад, аивад, кæсæндон, тæрхон-
дон.
Уидаджы фæстæ цы хай вæййы ног дзырд са-
разыны тыххæй, уый хуыйны фæсæфтуан (суф-
фикс). Зæгъæм: змис+джын — змисджын.
288 фæлтæрæн. Ацы уидæгтæй саразут дзырдтæ фæсæфтуанты фæрцы.
X у ы з æ г: кад+джын — кадджын.
цин
хъару
цæгат
цæхæра
хор
хæлар
-аг
-дон
-джын
-дзинад
каф
ив
рæз
æхс
хау
æмбæхс
-ад
- Д
-æн
-инаг
108
289 фæлтæрæн. Бæрæггонд дзырдтæ рафыссут уæ тетрæдтæм, сæ
фæсæфтуантæ сын сбæрæг кæнут, афтæмæй.
Ирыстоны бæрзонд хæхтæ ацы бонæй тызмæгдæрæй
никуы разындысты. Немыцæгтæ, стонг бирæгътау,
лæбурдтой Нарты байзæддаджы райгуырæн зæхмæ. Хъо-
мысджын* уадау хæххон адæм сыстадысты райгуырæн
зæхх знæгтæй фервæзын кæнынмæ. (Гал. Н.)
Уырыссаг æвзаг! Мæнг зæгъин, мæ мадæлон æвзаг
æй куы схонин, уæд, мад лæгæн иу вæййы, хорз уа,
æвзæр, æндæрæй йын баивæн нæй. Нæ йæ хонын дык-
каг мад дæр... Нæу мæ мад, фæлæ хъæбулы уарзондзи-
над ис мæ зæрдæйы. (Джус. Н.)
290 фæлтæрæн. Алы дзырды ныхмæ дæр ныффыссут, фæсæфтуантæ
сын цы нысаниуджытæ дæттынц, уыдон.
X у ы з æ г: картофджын — картофы ссæст йæ мидæг
кæмæн ис, ахæм чъири.
Картофджын, цæхджын, горæтаг, хъæуккаг, кафаг,
дзураг, къабайаг, хæдойнаг, кусæг, абадæг, лæууæг,
ирон, хъæууон, бадæн, кусæн.
291 фæлтæрæн. Дзырдтæм бафтаут фæсæфтуантæ - джын, -дзинад,
-аг. Зæгъут, цæмæй хицæн кæны афтæмæй сæ растфыссынад, дзургæ сæ
куыд кæнæм, уымæй.
X у ы з æ г: зонд+джын — зондджын (дзургæ та йæ
кæнæм зонджджын.)
292 фæлтæрæн. Фæсæфтуантæ -дон, -ад, -д, -æн, -инаг -ы фæрцы сара-
зут фондз дзырды æмæ семæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.
293 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут ацы дзырдтимæ фæйнæ хъуыды-
йады æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты. Фæсæфтуанты бын бахахх кæнут.
Зæгъут, цавæр дзырдты ма ис ссарæн ацы фæсæфтуантæ.
Æгъдауджын, мыдадз, фыркъа, Гуырдзыстон, зараг,
кусаг, ссинаг, паддзахад, фыссæн, фæуд.
§ 46. Æмхъæлæсон мырты æмхуызонад, дзырдтæм
разæфтуантæ æмæ фæсæфтуантæ æфтаугæйæ.
294 фæлтæрæн. Бакæсут дзырдтæ. Уæ хъус æрдарут, бæрæггонд
æмхъæлæсонтæ дзургæ куыд кæнæм, уымæ.
109
1. Æрласын, æрлæууын, донмæ, бонмæ, хæцдзыстæм,
баддзыстæм, лæдзджытæ.
2. Дыргътæ, хъазтæ, уыгътон, марзтон.
295 фæлтæрæн. Бакæсут раиртæст. Зæгъут, цы у æмхъæлæсонты æм-
хуызонад (ассимиляци) æмæ йын цавæр дыууæ хуызы ис? Æрхъуыды
кæнут уæхи дæнцæгтæ.
Ныхасы мидæг арæх сыхаг æмхъæлæсонтæй
иу иннæйы скæны йæхи хуызæн. Уыцы фæзынд
хуыйны æмхъæлæсонты æмхуызонад (ассимиля-
ци).
Æмхъæлæсонты æмхуызонад вæййы дыууæ
хуызы: 1. Æххæст æмхуызонад — иу æмхъæ-
лæсон мыр иннæйы бынтондæр йæхи хуызæн
куы скæны.
3 æ г ъ æ м: адджын — аджджын — мыр дж
сыхаг д-йы йæхи хуызæн скодта. Фыссæм æй ад-
джыну уымæн æмæ йæ бындуры ис д — ад.
2. Æнæххæст æмхуызонад у, æзылангон мыр
зылангоны йæхи хуызæн куы скæны, уый.
3 æ г ъ æ м: марзгп — марстп — æзылангон тп
йæ размæ лæууæг æмхъæлæсоны æзылангон скод-
та, фæлæ йæ фыссæм марзтп, уымæн æмæ дзырды
бындуры ис з -мæрзын.
296 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæ ныффыссут бирæон нымæцы. Зæгъут,
дзургæ та сæ куыд кæнæм?
Баз, хъаз, фæз, фæд, хъæд, кард, худ, фат, уат, таг,
саг, хъуыдыйад, царв, уæларв, уаргъ, саргъ, къæдз,
мыдадз.
297 фæлтæрæн. Саразут мивдисджытæй суинаг афоны формæтæ æмæ
сæ уæ тетрæдты ныффыссут. Æмхуызон цы мыртæ хъуысынц, уыдон
бын бахахх кæнут.
X у ы з æ г: бадын — баддзынæн.
Бадын, хъусын, кæсын, бæззын, кæрдын, дæттын,
сæттын.
298 фæлтæрæн. Скъуыддзагæй рафыссут дзырдтæ æххæст æмæ
æнæххæст æмхуызонадимæ.
110
Фæтарст Джерихан. Ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд
Алимырзæмæ, фæлæ уыцы рæстæг урсгвардионтæ
хæрдмæ згъорын райдыдтой. Йæхи фæныфсджын код-
та Джерихан. Февнæлдта пулеметмæ æмæ ауагъта пу-
леметы нæмгуытæ урсгвардионтыл.
Разæй чи згъордта, уыдон æркалдысты. Иннæтæ дæр
зæххыл сæхи фæтъæпæн кодтой. Уæдмæ дыккаг леит
дæр авæрдта Джерихан пулеметы. Куыддæр та урс-
гвардионтæ фестадысты, афтæ сыл æй ауагъта. Æрыз-
гъæлдысты та раззæгтæ æмæ фæстæмæ сæхи акалдтой.
Мамсыраты Дæбе.
§ 47. Аразæг бындур.
299 фæлтæрæн. Скъуыддзагæй рафыссут дзырдтæ æххæст æмæ
æнæххæст æмхуызонадимæ.
Ног дзырд кæмæй сырæзы, уыцы бындур хуый-
ны аразæг бындур. Аразæг бындур вæййы кæнæ
уидаджы хуызы, кæнæ ма дзы уидагæй уæлдай
вæййы разæфтуан йе та фæсæфтуан. 3 æ г ъ æ м,
дзырд æрбадт-ы аразæг бындур у æрбад, уый та
арæзт æрцыд бындур бад æй разæфтуан æр-ы
фæрцы.
300 фæлтæрæн. Дзырдтæн сæ фарсмæ бацамонут сæ аразæг бындуртæ,
стæй, дзырдтæ цы разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты фæрцы арæзт æрцы-
дысты, уыдон.
X у ы з æ г: æфсæддон — æфсад (æфсад+фæсæфтуан
-он.)
Æфсæддон, хъæбатырдзинад, хъæууон, дæлвæз,
æвæндонæй, æгуыдзæгдзинад, æнæниздзинад,
сæмбæлæг.
301 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæй алкæцыйæ дæр саразут цалдæргай ног
дзырдтæ. Семæ хъуыдыйæдтæ ныффыссут.
Куыст, бар, фæнд, кад, зæхх.
302 фæлтæрæн. Хæдзары ирон чингуытæй рафыссут 6-8 хъуыдыйады.
Миногонты фæстæ фыссут сæ аразæг бындуртæ.
111
303 фæлтæрæн. Дзырдтæй спайда кæнут аразæг бындурты хуызы,
ацы разæфтуантæй сæм искæцы æфтаугæйæ: æм-У æ-, æнæ-, уæл-.
Тых, фæлтæрд, цу, змæлд, хатыр, кар, фæз, цæстуар-
зон, цæхх, бæхæй, хæдзар, фенд, амонд.
X у ы з æ г: тых—æмдых.
304 фæлтæрæн. Аразæг бындуртæй разæфтуантæ кæнæ фæсæфтуанты
фæрцы саразут æндæр дзырдтæ. Ныффыссут сæ хъуыдыйæдты мидæг.
X у ы з æ г: зонд — зондджын, кæнæ æнæзонд.
Зонд, дзырд, хъæлæсон, худ, хъæр, къæйных, куыст.
112
НЫХАСЫ ХÆЙТТÆ
§ 48. Иумæйаг æмбарынад ныхасы хæйтты тыххæй.
305 фæлтæрæв. Зæгъут: а) цал ныхасы хайы ис ирон æвзаджы?
æ) цавæр 2 къордыл дих кæнынц уыдон?
306 фæлтæрæн. Равзарут хъуыдыйад ныхасы хæйттæм гæсгæ. Зæгъут,
цæй фæрцы раиртæстат сæ кæрæдзийæ хицæн ныхасы хæйттæ. Базонут,
кæцытæ дзы сты хъуыдыйады уæнгтæ?
Фæззæг лидзы зымæджы разæй, æвæндонæй лидзы
фæстæмæ, уалдзæг цы фæндæгтыл æрбацыд, уыдоныл.
(Дзес. К.)
Ныхасы хæйттæ вæййынц сæрмагонд æмæ æххуыс-
гæнæг. Номдар, миногон, нымæцон, номивæг, мив-
дисæг æмæ фæрсдзырд хуыйнынц сæрмагонд ны-
N Ирон лмладжы чмныг 5 къл
113
хасы хæйттæ. Уыдон вæййынц хъуыдыйады искæ-
цы уæнг, фæдомынц фæрстытæ.
Фæрстытæ чи нæ фæдомы æмæ хъуыдыйады
уæнгтæ цы дзырдтæ нæ вæййынц, уыдон та хуый-
нынц æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ.
307 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг радзырдæй. Раффыссут æй уæ
тетрæдтæм. Фæрстыты руаджы сбæрæг кæнут, бæрæггонд дзырдтæ сæрма-
гонд ныхасы хæйттæ сты æви æххуысгæнæг.
X у ы з æ г: (цы ми кæны?) Згъоры уæдæй нырмæ
суадон.
Згъоры уæдæй нырмæ суадон. Комы нарæджы,
тæккæ фæндаджы былыл, йæ цыд фæсабырдæр
кæны, йæхимæ æрбахоны фæллад бæлццæтты1. Рæда-
уæй сын сæ дойны басæтты æмæ та згъоры дарддæр.
Куыд дæлæмæ йæм æрбафтынц æндæр къабузтæ.
Фæарфдæр вæййы æмæ урс фынк калгæ, абухгæ
абырсы дæлæмæ æмæ адæмæн йæ уылæнтыл ахæссы
царды хос.
Гаглойты Владимир.
308 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæй алкæцыимæ дæр æрхъуыды кæнут дыгай
хъуыдыйæдтæ: иуы миногон куыд уа, иннæйы та — фæрсдзырд.
Бæрзонд, ныллæг, тагъд, сабыр, æваст, цырд, фидар,
раст.
X у ы з æ г: Бæлæстæ бæрзонд сырæзыдысты.
(Бæрзонд — фæрсдзырд^.
Сæ цуры зайы бæрзонд гæдыбæлас.
(Бæрзонд — миногон).
Дзырд цавæр ныхасы хай у, уый арæх
сбæлвырдгæнæн вæййы æрмæстдæр йемæ баст
дзырдты фæрцы, уымæн æмæ уыцы иу дзырд
арæх вæййы куы номдар, куы миногон, — куы та
фæрсдзырд. 3 æ г ъ æ м: бæрзонд чызг (миногон),
стахти бæрзонд (фæрсдзырд).
309 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут, ацы дзырдтæ алыхуызон ныха-
сы хæйттæ кæм уой, ахæм хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут уæ тет-
рæдты.
114
Рынчын, сыгъзæрин, фæткъуы, хуынчъытæ,
æфсæйнаг, уырдыг, хур, къæвда, джиппæйфыст.
X у ы з æ г: Рынчынæн йæ низ — йæ кой. Уый рын-
чын адæймаг у.
310 фæлтæрæн. Ссарут хъуыдыйæдты, фæрстытæ цы дзырдтæ нæ до-
мынц, ахæмтæ, æмæ сæ рафыссут. Зæгъут, уыдон цавæр æндæр дзырд-
тимæ сты æнгомдæр баст? Скъуыддзагæн скæнут сæргонд.
X у ы з æ г: Дзырд нæма баст у мивдисæг уырныдта-
имæ.
Горæты фæллойгæнæг адæм фыццаг хатт рацыдысты
сæрибарæй горæты уынгтæм, нæма сæ уырныдта, ссæ-
рибар сты, уый. Ницæимæ абарæн уыдис уыцы циндзи-
надæн. Йæ тыхджын уылæн æнхъæвзта уынгæй уынгмæ.
Сæ цæсгæмттыл хъазыдис æнæкæрон амонд. Йæ цин-
дзинад алчи йæхирдыгонау æвдыста. Зæрæдтæ калдтой
цины цæссыгтæ æмæ æфсæддонтæм хъæр кодтой хъæбу-
лы номæй. Сылгоймæгтæ згъордтой сæ ирвæзынгæн-
джыты размæ æмæ сын кодтой зæрдиаг хъæбыстæ.
Сывæллæттæй хъомылдæр чи уыд, уыдон сæ къухтæ
тилгæ скъæрдтой æфсæддонты колоннæты фæдыл. Гыц-
цылтæ та, кæд, цытæ цæуы, уый бамбарынхъом нæма
уыдысты, уæддæр сæ рыст чысыл зæрдæтæй æнкъард-
той, стыр хорз сыл кæй æрцыди, уый. Зæрондæй, ногæй
абон уыдысты иухуызон æвзонг. Абон сын уыдис
уалдзæг. Бæстæ цъæх дарæсæй чи сфæлынды, уыцы
уалдзæг нæ, фæлæ адæймаджы царды уалдзæг, абон се
'ппæтæн дæр уыдис Сæ дыккаг райгуырæн бон. Знаг сын
цы хур баталынг кодта, уый та абон сæхи баци, знаджы
дзæмбытæй сын æй скъахтой æмæ сын æй уæлахизы
тырысатыл æрбахастой советон æфсæддонтæ.
Хъайттаты Сергей.
115
Н О М Д А Р
§ 49. Номдары нысаниуæг æмæ грамматикон æу-
уæлтæ.
311 фæлтæрæн. Ранымайут, уæ алфамблай цы предметтæ ис, уыдоны
нæмттæ. Зæгъут, цавæр фæрстытæ домынц æмæ цавæр ныхасы хай сты.
312 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Ссарут дзы номдартæ æмæ
зæгъут, кæцы хауæнты æмæ нымæцты æвæрд сты.
Къæвдайы æртæхтæ тигътæй, къуылдымтæй,
фæхсытæй лæдæрсынц фæзтæм, кæмттæм. Уым баиу
вæййынц, сæвзæры сæ цæугæдон. Уый фезгъоры
дарддæр. Æрбафтынц æм æндæр дæттæ дæр æмæ дзы
рауайы фурд. (Гафез).
У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
Номдар хуыйны, предметтæ цы ныхасы хай
фæбæрæг кæны, уый. Номдар домы фæрстытæ чи?
цы? Уый ивы хауæнтæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.
Хъуыдыйады мидæг номдартæ вæййынц, куыд
сæйраг, афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр. 3 æ г ъ æ м:
(Цы?) Хъæд ныссабыр. (Цæмæй?) Хъæдæй аразынц
дуæрттæ.
Фиппаинаг.
Предметтæ сты адæймæгтæ, мæргътæ, фос, дзау-
мæттæ, зайæгойтæ, æрдз, æхсæнадон æмæ æнд.
фæзындтæ.
313 фæлтæрæн. Зæгъут, цавæр предметтæ бæрæг кæнынц ацы ном-
дартæ?
116
Дидинæг, кæрдæг, сыфтæр, къæвда, хур, æхсæв,
зымæг, чиныг, пъартфел, хъуырбæттæн, рувас, зыгъа-
рæг, къамбец, бæх, æхсыр, дзул, царв, сыгъзæрин,
æвзист, æфсæйнаг.
314 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Бæрæггонд номдартæ цæй
нæмттæ сты?
1. Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх, дæуæн æмбал кæм
и, дæуæй зæрдæйæн адджындæр, зæгъ-ма мын, чи у,
чи? (Коч. М.) 2. Хæстæгдæр-ма æрбалæуу цардмæ æмæ
дзы истæмæн ысбæзз. (Коч. М.) 3. Акæс, Терк та,
хъазгæ, Згъоры дардæй-дарддæр. (Коч. М.)4. Худгæ
дæр акæнæм, Зарæм дзæбæх, мах цардæй адджындæр
нæй. (Дарч. Д.) 5. Дзылыцъиу, йæ ахстон цы пыхсы ис,
уымæй дарддæр никуыдæм тæхы. (Чедж. Æ.) 6. Дæ
сæрмæ рæгътыл уæлдæф сыгъдæгдæр куы нæ у, хъæды
къохы цъиутæ рæсугъддæр куы нæ зарынц, дæ сыхæг-
тимæ æмхуызон арвы бын куы стут, уæд ды афтæ амонд-
джын кæцæй фæдæ? Ныхъхъус, ницы дзуры Нары зæхх.
(Цæг. М.)
Номдартæй иутæ фæнысан кæнынц иухуызон
предметты къордтæ. Ахæм дзырдтæ хуыйнынц
æмбырдон номдартæ.
3 æ г ъ æ м: æфсад, дзыллæ, æ. а. д.
315 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Ссарут æмбырдон номдартæ.
Цы нысан кæнынц?
1. Стур дæр ма йæхи рæгъау нæ нымайы кæйдæр
хъомыл. /Къоста/. 2. Адæм куыстмæ бавнæлдтой: хор,
хосы куыст кæнынц, хуым кæрдынц, уыгæстæ ама-
йынц. /Гæд. С/ 3. Сау фосы дзугтæ бæрзонд æнæбындз
хæхты митгæрæтты нырривæд кодтой, сынæр цæгъдынц.
/Гæд. С/ 4. Адæмы цæст уынаг у. /Æмб./ 5. Мæ Иры
фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй фæластон мæ сау зæрдæ
дард. /Къоста/. 6. Бирæгъты балау фæйнæрдыгæй
мигътæ, сау-сауид мигътæ лæбурынц дзыгуыртæй. /Ни-
гер/.
НР У. Бæрæггонд дзырдтæ уырыссагау зæгъут.
117
316 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Рафыссут æй уæ тетрæдтæм. Ба-
хахх кæнут номдарты бын æмæ зæгъут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты.
X у ы з æ г: арвыл у бынаты фадат.
Арвыл мигъы къæм нæ зынди. Хур дзæвгар суади,
фæлæ ма уæддæр цыппæрæм къласы ахуыргæнинаг
Зауыр, бæзæрхыг æмæ нарстцæсгомджын лæппу,
æнæмæтæй хуыссыди йæ сыгъдæг æмæ фæлмæн хуыс-
сæны. Уый раджы райхъал йæ фынæйæ, фæлæсыстынмæ
зивæг кодта. «Фæссихорæй цæуын скъоламæ æмæ цы
тагъд кæнон», — хъуыды кодта йæхинымæры,
фæрссагæй уатмæ цы урсбазыр гæлæбу 'рбатахти, уый
царгæрæтты куыд зилахар кодта, уымæ кæсгæйæ. Æваст
байгом хæринаггæнæн уаты дуар, æмæ Зауыры фын-
дзыл ауади хъарм хæринаджы тæф. Лæппуйæн йæ зивæг
æрбайсæфтис4.
Бекъойты Елиоз.
НР. Бæрæггонд дзырдтæн ссарут сæ антонимтæ. Зæгъут сæ уырысса-
гау.
317 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Рафыссут æй уæ тетрæдтæм.
Æххæстгæнæнты бын бахахх кæнут æмæ сын сæ сæрмæ цыбырæй фæны-
сан кæнут сæ хауæнтæ.
Райсомы хур ахаста йæ цæст цъититыл, рæгътыл,
стæй æврагъæй æрæппæрста комрæбынмæ йæ тын, нык-
касти бæлæстæм, лыстæгдæр зайæгойтæм, æхсæлыйы*
дзæмбытæм.
Райсомы æртæхтæ хъазынц æрттивгæ халсарты
хъæбысты алыхуызон цырæгътау2. Кæс хæлуарæджы
тынмæ дæр. Рухс уæлфæды, раст донфыцæны сæрмæ,
ферттывта зынджы стъæлфæнау, уый дæр уæлдæр,
уæлдæр. Ауагъта хæлуарæг йæ тын иу бæласы цонгæй
иннæ бæласы цонгмæ доны фаллаг фарсмæ, айтыгъта
дардыл йæ хыз.
Гæдиаты Цомахъ.
У. НР. Абарут сæрдыгон æмæ зымæгон ирд райсомтæ.
31$ фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдтæм. Сæйрæтты
бын иугай хæххытæ бакæнут, сидæнты бын — дыгай хæххытæ.
1. Хъæддых лæуу, æфсымæр, хъæддых лæуу,
æмбæстон! Нæ Райгуырæн бæстæй нæй къахдзæф дæттæн.
118
(Хуытъ. Ц.) 2. Хъус, цæвæг, æз зарын, ды бынозты каф.
(Хъамб. М.) 3. Дæумæ дзурын, мæ бæлас, мæ цард æмæ
мæ дарæг! Фехъус, мæ хур, мæ ныхас; радзурон дын мæ
зарæг. (Гæд. С.) 4. Æмæ нал зонын æнцой — згъоры
гутон ауæдзыл. 0, æгас цæуай, фæллой, ды — йæ фи-
дауц уалдзæгæн. (Цæр. А.) 5. Халон халоны цæст нæ
къахы. (Æмб.) 6. Тагъд дон фурды не 'ййафы. (Æмб.)
У. Бæрæггонд дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау куыд сты?
319 фæлтæрæн. Ныффыссут хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдты. Бæрæггонд
номдартæ цавæр ныхасы хæйттæй арæзт сты, уый номдарты фарсмæ
къæлæтты цыбырæй ныффыссут.
X у ы з æ г: боныцъæхмæ (номд. бон+мик. цъæх)
I. Афтæ мæм каст, цыма райсом сæумæцъæхæй
сабыргай дуар байгом уыдзæн, æмæ баба æрбахиздзæн
къæсæрæй, æрлæудзæн та мæ хуыссæны уæлхъус. Æз
афтæ тынг æнхъæлмæ кастæн боныцъæхмæ, мæ мæгуыр
мады зæрдæрысты уæззау цæссыгтæ чи бахус кæндзæн,
уыцы хурыскастмæ.
Малиты Васо.
II. Мин-мин алымыггаг кæрдæджы: хъæдурхос,
кæркусæг, лыстгæрдæг, къусбын, цъиудзæхæра,
æртæсыфон...
Цæрукъаты Володя.
§ 50. Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ.
Сæрмагонд номдарты растфыссынад.
320 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдты ныффыссут. Бахахх кæнут
номдарты бын. Зæгъут, иумæйаг сты æви сæрмагонд.
Бирæ нæмттæй æппындæр чи нæ бæззыд, уыдон куы
аппæрстой номæвæрджытæ, уæд ма дзы баззадысты
Æхсарбег, Батыр, Чермен, Бола, Къоста, Таймураз æмæ
Ос-Бæгъатыр.
Мамсыраты Дæбе.
Номдартæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд.
Иумæйаг номдартæ сты бирæ иумыггаг предмет-
ты нæмттæ: къаба, дур, хох.
119
Сæрмагонд номдартæ сты, хицæн предметтыл се
'ммыггаг предметтæй сæ хицæн кæныны тыххæй цы
нæмттæ ис, уыдон. Сæрмагонд номдартæ фыссын
хъæуы стыр дамгъæйæ. 3 æ г ъ æ м: æмдзæвгæ
«Азар», Фатимæ, Сослан, Терк, Æрыдон.
НР. 321 фæлтæрæн. Бакæсут радзырдæй скъуыддзаг. Æрхъуыды йын
кæнут сæргонд æмæ йæ уæхи ныхæстæй радзурут. Хицæн къордтæй ра-
фыссут сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.
X у ы з æ г: сæрмагонд номдартæ Щæгапг Кавказы...),
иумæйаг номдартæ (фидæнмæ...)
Сæ рухс фидæнмæ сæрыстырæй цæуынц нæ хæстæгдæр
сыхæгтæ — Цæгат Кавказы республикæты фæллойгæн-
джытæ дæр. Бонæй-бонмæ рæзынц, дидинæг æфтауынц
сæ адæмты культурæ, сæ аивад, сæ литературæ.
Фыдæлтæй нын баззади хорз æгъдау: дæ цин цæмæй
æцæг цин уа, уый тыххæй йæм æрбахон дæ хорз сыха-
джы. Дæ цин сыхаджы цинимæ куы баиу уа, уæд дæ
дæрддаг сыхагмæ тагъддæр фехъуысдзæн.
Сыхаг та... Уымæн аргъ нæй. Уый ныфс у, амонд у.
Кæуылты фæцыдысты, кæуылты æрзылдысты не 'фсы-
мæрдзинады æнæкæрон арæнтæ! Хуссарæй — Цæгатмæ,
Хурыскæсæнæй — Хурныгуылæнмæ... Хæхты сæрты,
тыгъд быдырты.
Цæгæраты Максим.
У. Хæдзары хистæрты æххуысæй (кæнæ æмбисæндты æмбырд-
гондмæ гæсгæ) ныффыссут сыхаджы тыххæй æмбисæндтæ. Бахъуы-
ды сæ кæнут.
322 фæлтæрæн. Зæгъут, цæй нæмттæ сты ацы сæрмагонд номдартæ:
Цæра, Дæргъæвс, Цымыти, Хъæриу, Нузал, Гæлиат,
Джимара, Уацилла, Гуысыра, Даргъ-Къох, Æрæф, Дзыв-
гъис, Сечер, Къæмынтæ, Арбиатæ.
X у ы з æ г: Цæра — нæлгоймаджы ном.
323 фæлтæрæн. Ранымайут, цы хъæуы кæнæ районы цæрут, уым цы
бынæтты нæмттæ ис, уыдон (уынгты, фæзты, куыстуæтты, кинотеатрты
æ. а. д.)
X у ы з æ г: Сæрибары фæз.
120
324 фæлтæреен. Зæгъут, кæм райгуырдысты уæ ныййарджытæ, уыдо-
ны ныййарджытæ (республикæ, район, хъæу кæнæ горæты ном).
X у ы з æ г: Мæ фыд райгуырди Цæгат Ирыстоны,
Æрыдоны районЫу Хъæдгæроны.
325 фæлтæрæн. Рафыссут вазыгджын, ома цалдæр дзырдæй конд сæрма-
гонд нæмттæ. Зæгъут, цавæр дамгъæтæй фыст цæуынц ахæм нæмтты
хæйттæ.
Кæй зæрдыл нæ лæууы Алагиры цæрджытæй зонд-
дзаст, хæрзæгъдау, сабыр ирон чызг Баситы Чабæхан?
Уый каст фæцис литёратурон факультет Цæгат Ирыс-
тоны педагогон институты æмæ куыста ахуыргæнæгæй
Алагиры.
Джимиты Георги.
Вазыгджын сæрмагонд нæмттæй иутæн се 'ппæт
хæйттæ дæр фыссын хъæуы стыр дамгъæйæ (Цæгат
Ирыстон, Астæуккаг Кавказ æмæ а. д.), иннæтæн
та сæ кæцыдæр хай кæнæ хæйттæ фыст вæййынц
чысыл дамгъæйæ (Стъараполы край. Фыццæгæм
май æмæ а. д.)
326 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут сæрмагонд номдартæ,
цæй нæмттæ сты, уымæ гæсгæ сæ къордтыл дих кæнгæйæ. Вазыгджын
сæрмагонд нæмтты бын бахахх кæнут.
X у ы з æ г: бынæтты нæмттæ — Бехъан...; адæймæг-
ты нæмттæ — Таму...
I. Сымахæй исчи искуы Бехъаны уыди? Нæ дзы
уыдыстут? Уæдæ дзы Таму æмæ Зæринæ къорд хæттыты
уыдысты.
Уыдон бирæ уарзынц Бехъан, уымæн æмæ уым
тынг рæсугъд у. Уый ис Æрыдонæй Даргъ-Къохы
астæу, лæгъз быдыры. Ис дзы хъæд, хуымзæхх,
уыгæрдæн. Бехъаны хъæды зайы бирæ æхсæртæ,
хъæддаг кæрдотæ æмæ фæткъуытæ, мугæтæ, сырх-
сырхид мыртгæтæ æмæ цымтæ. Кæннод йæ хъæды
æрдузты æрыскъæфтæ та цас вæййы! Йæ фæзтæ,
уыгæрдæнтæ рæсугъд гауызты хуызæн сты алыхуы-
зон дидинджытæй.
121
Науæд сæрдыгон уыцы хъæдмæ куы бацæуай, уæд
дзы цы нæ маргъы мыггаг фендзынæ, суанг зынгхуыз
хъæддаг карчы онг, ахæм нæй. Æмæ алыхуызон цъиу-
тæ алы хъæлæстæй зарын куы райдайынц, уæд сæм хъус
æмæ хъус!
Уæд Бехъаны суадон та! Уымæй стырдæр суадон Ирыс-
тоны нæй. Зымæг дæр сæлгæ нæ кæны. Цад дæр дзы ис,
хъамылджын цад.
Саламты Алихан.
II. Урс денджыз, Азовы денджыз æмæ Хъаспы
денджыз, стæй цæугæдæттæ Волгæ, Урал, Дон, Камæ,
Обь, Енисей — хъæздыг сты кæсагæй.
327 фæлтæрæн. Раттут æххæст дзуæппытæ фæрстытæн æмæ сæ уæ
тетрæдты ныффыссут. Сæрмагонд нæмтты бын бахахх кæнут.
1. Цавæр æмдзæвгæтæ зонут æмæ кæй фыст сты?
2. Цавæр горæттæ ис Цæгат Ирыстоны? 3. Уæ хъæуы
(горæты) ном куыд у? 4. Уæ хъæуы (горæты) цы цæугæ-
дон ис, уый ном куыд хуыйны? 5. Куыд у уе скъолайы
къулыгазеты ном? 6. Цал сты зæххы къорийы хæйттæ
æмæ куыд сты сæ нæмттæ? 7. Чи уыдис фыццаг кос-
мосмæ атæхæг æмæ Зæххы къорийы алыварс æрзилæг
тæхæг-космонавт?
328 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Сæрмагонд нæмттæн бамба-
рын кæнут сæ растфыссынад.
X у ы з æ г: «Мах дуг» у журналы ном, исæм æй
дыкъæдзыгты.
1. Мах иууылдæр рафыстам журнал «Мах дуг». 2. Нывтæ
«Дон хæссынмæ» æмæ «Дурсæтджытæ» сты Хетæгка-
ты Къостайы конд. 3. «Хъæрмæдон» нуазынц
иууылдæр — æнæниз адæм дæр æмæ рынчынтæ дæр.
4. «Октябрь» ис Сæрибардзинады фæзы.
Куыстуæтты, газетты, чингуыты, уацмысты æмæ
æндæрты нæмттæ фыссын хъæуы дыкъæдзыгты:
журнал «Мах дуг», æмдзæвгæ «Чи дæ?»
329 фæлтæрæн. Ирон газетты, журналты, æртæ æмдзæвгæйы, дыууæ
радзырды нæмттæ ныффыссут.
122
1. Газетты нæмттæ:
2. Журналты нæмттæ:
3. Æмдзæвгæты нæмттæ:
4. Радзырдты нæмттæ:
§ 51. Номдарты нымæц.
Фылдæр номдартæн ис иууон æмæ бирæон
нымæц.
Иууон нымæцы номдар фæнысан кæны бирæ
иухуызон предметтæй иуы ном: чиныг, сыф, лæппу.
Бирæон нымæцы та номдар фæнысан кæны
цалдæр иухуызон предметы: чингуытæ, сыфтæ,
лæппутæ.
Иуæй-иу номдартæ фембæлынц æрмæстдæр иууон
нымæцы, кæнæ та æрмæст бирæон нымæцы. 3 æ-
г ъ æ м: намыс (иууон нымæцы), изæрмилтæ
(бирæон нымæцы). .
330 фæлтæрæн. Рафыссут дзырдты къордтæ æмæ алы къорды ныхмæ
дæр ныффыссут, цæй нæмттæ сты, уый.
1. Сомих, балхъар, уырыс, тæтæр, кæсæг.
2. Алагир, Бурон, Терк, Памир, Дзæуджыхъæу.
3. Уырызмæг, Сатана, Дзерассæ, Сослан.
4. Гыбар-гыбур, къæс-къæс, дзыгъал-мыгъул.
5. Фæсивæд, зæнæг, цот.
Зæгъут, ставддæрæй фыст номдартæн бирæон нымæц ис æви нæй?
Æрхъуыды кæнут ацы дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.
331 фæлтæрæн. Зæгъут, ацы дзырдтæн иууон нымæц ис æви нæй.
Каникултæ, æхсæнтæ, хуылфыдзаумæттæ,
кæсæнцæстытæ, Фисынмæдзæуджытæ* (стъалыты дзы-
гуыр), Къæмынтæ, Дымтæ (хъæуты нæмттæ), Слантæ,
Созæтæ, Фидаратæ.
Ирон адæмы мыггæгтæм иууон нымæцы гуы-
рынон хауæны æфтыд æрцæуы дзырд фырту адæй-
маджы æрмæст йæ мыггагæй хонгæйæ: Абайы-
фырт, Томайы-фырт, Хъайтмазы фырт.
123
332 фæлтæрæн. Ацы скъуыддзагæй рафыссут фыццаг иууон нымæцы
æвæрд номдартæ, стæй та бирæон нымæцы æвæрд номдартæ номон хауæ-
ны.
Раиртасут, иууон нымæцы æвæрд номдартæй кæцытæ не 'мбæлынц
арæх бирæон нымæцы.
X у ы з æ г: номдар мит арæхдæр вæййы иууон ны-
мæцы.
Мит ныууарыд. Дæттæ цъенгæ их фестадысты. Мæй
арвы астæуæй йæ уазал рухс калы. Ирдгæ уæнгты
иннæрдæм хизы. Дымгæ ныффуттытæ кæны бæлæсты
къалиутыл. Хъæддзаутæй иу дæр фæсте нал баззад.
Афонмæ сæ уæрдæттæ равдæлон кодтой æмæ сæ хъарм
хæдзæртты бадынц.
Æдде та ихæн у. Сырдтæ сæ хуыцчъыты арф абыры-
дысты, фæлæ сæм уырдæм дæр уазал хъары. Миты
фæлдзæгъдæн сæ ракæсын нал уадзы.
Дзасохты Музафер.
НР. Бæрæггонд хъуыдыйæдтæ æмæ дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
§ 52. Номдарты тасындзæг.
333 фæлтæрæн. Цæмæ гæсгæ ивынц номдартæ? Куыд хуыйны номдар-
ты ивынад? Цавæртæ сты хауæнтæ?
Зæгъут, цæмæн бахъуыд дзырд хур алыхуызон хауæнты райсын?
Хур скасти. Хуры тынтæ батавтой цæрæгойты. Хæхтæ
дарынц сæ фæрстæ хурмæ.
Номдартæ æндæр дзырдтимæ арæхдæр баст
æрцæуынц хауæнты фæрцы.
Номдарты ивынад хауæнтæм гæсгæ хуыйны та
сындзæг.
Алы хауæнмæ дæр сæвæрæн вæййы бæлвырд
фæрстытæ.
334 фæлтæрæн.Атасындзæг кæнут ацы дзырдтæ дыууæ нымæцы дæр
æмæ сын сæ кæрæттæ рахицæн кæнут.
Пурти, хос, зæрдæ, аргъау, сой, цонг.
У. Сбæрæг кæнут дзырд цонджы нысаниуджытæ.
124
Хауæнтæн сæ фæрстытæ, сæ кæрæттæ сты ахæмтæ:
Хауæнты нæмттæ
æххæстæщ цыбырæй
Номон Н.
Гуырынон Г.
Дæттынон Д.
Иртæстон Ир.
Арæзтон Ар.
Æддагбына- Æ-б.
тон
Цæдисон Ц.
Хуызæнон X.
Фæрстытæ
чи? цы?
кæй? цæй?
кæм? цæм?
кæмæн?
цæмæн?
кæмæй?
цæмæй
кæцæй?
кæмæ? цæмæ?
кæдæм?
кæуыл?
цæуыл?
кæимæ?
цæимæ?
кæйау?
цæйау?
куыд?
Кæрæттæ
иууон бирæон
ным. ным.
— -т-æ
-ы, йы -т-ы
æн, йæн -т-æн
æщ -йæ -т-æй
мæ -т-æм
ыл, йыл -т-ыл
имæ -т-имæ
ау, -йау -т-ау
Фæрстытæй фыццæгтæ лæвæрд цæуынц, адæй-
мæгты нæмттæ цы номдартæ вæййынц,
уыдонмæ; дыккæгтæ та лæвæрд цæуынц, адæй-
магæй фæстæмæ, æндæр цæрæгойты æмæ æнæуд
предметты цы номдартæ фæнысан кæнынц,
уыдонмæ.
Фæрстытæ кæцæй? кæдæм? кæм? лæвæрд цæ-
уынц, бынат цы номдартæ фæнысан кæнынц,
уыдонмæ; æрхæццæ кæцæй? — хъæдæй, бахæццæ
кæдæм? — хъæдмæ, бадтысты кæм? — хъæды.
Иууон нымæцы номон хауæнæн ис афтид, æго-
мыг кæрон. Иннæ хауæнты кæрæттæ æфтыд
æрцæуынц номон хауæны бындурмæ.
125
335 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæ атасындзæг кæнут иууон æмæ бирæон
нымæцты.
Æмбал, æгъдау, зæхх, фæткъуы, дзедыр.
336 фæлтæрæп. Æрхъуыды кæнут, дзырдтæ бæлас, кæрдæг, карк иууон
нымæцы гуырынон æмæ иртæстон хауæнты кæм уой, ахæм хъуыдыйæдтæ
æмæ сæ ныффыссут.
337 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут, дзырд гæххæтт иууон æмæ бирæон
нымæцты хуызæнон æмæ арæзтон хауæнты кæм уа, ахæм хъуыдыйæдтæ
æмæ сæ ныффыссут.
338 фæлтæрæн. Рафыссут ацы хъуыдыйæдтæ. Номдартæн сæ сæрмæ
цыбырæй фæнысан кæнут хауæн æмæ нымæц.
ирт. х., н. х.,
иу. н., бир. н.
X у ы зæ г: Чидæр æнæ галæй кæвдæстæ быдта.
1. Чидæр æнæ галæй кæвдæстæ быдта. (Æмб.) 2. Ма-
дзурайы зæрдæ тар хъæд у4. (Æмб.) 3. Нал фæхæццæ
Аким йе 'ххормаг сабитæм: налдæр хор, налдæр галтæ,
налдæр хæдзардарæг. (Дзес. К.) 4. Йæ цармæй йын
мусонг скодта йæхицæн, йæ фыдæй — физонæг. (Нар-
ты к.) 5. Хур ныккасти йæ зынг цæстæй дунемæ, хæхтæ
ныддардтой сæ фæрстæ хуры тæвдмæ. (Гæд. С.) 6. Мæн
хæстхъомæй не 'рæййæфта хæст, тохвæдыл нæ
фæцыдтæн æд гæрзтæ. (Дзаб. X.) 7. Дæ мадау бауарз-
тай нæ бæстæ, фæцыдтæ мæгуыртæн фыййау. (Къос-
та). 8. Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн, куы фæуа
хæст: хæсты быдыры, зæгъ, фæмардтæн цытимæ æз.
(Коч. М.)
339 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут бæрæг номдарты хауæнтæ сæ кæрæттæм,
сæ нысаниуæгмæ æмæ æндæр дзырдтимæ бастдзинадмæ гæсгæ.
НР. Æмдзæвгæ сахуыр кæнут.
Мæ ахуыргæнæг, дæу фæмысын арæх,
Мæ хъуыдыты, мæ рухс фæндты цæрыс.
Ды ферох дæ дæ ахуырдзаутæй — ма зæгъ,
Нæ фарсмæ не стыр æууæнкау цæуыс.
Мæн дамгъæтæн сæ асинтыл фæхуыдтай,
Мæ чингуытимæ де 'ххуысæй дзырдтон.
Дæ армæй мæ ныййарæгау рæвдыдтай.
126
Дæ цæсгомыл мæ царды фæд уыдтон,
Дæ цæстыты рæсугъд хъуыдытæ ахстон,
Уыдис дæ ныхас зарæгау мæнæн.
Мæ зæрдæйы дæ хъарм зæрдæ дæр хастон.
Æмæ гъе уымæн рухс тауæг ысдæн.
Цæгæраты Гиго.
§ 53. Номдарты бирæон нымæц аразыны хицæн-
дзинæдтæ.
340 фæлтæрæн. Зæгъут, куыд арæзт цæуы бирæон нымæц ацы
дзырдтæй.
Кæркдон, хъаз, род, къул, асин, сис, быру, сауцъиу,
гæды, хъæд, къух, сыф.
341 фæлтæрæн. Зæгъут, куыд арæзт цæуы бирæон нымæц ацы
дзырдтæй.
Зæхх — зæххытæ, кæрт — кæртытæ, гуыпп — гуып-
пытæ, куыст — куыстытæ, рæнхъ — рæнхъытæ, къуыпп
— къуыппытæ, гæххæтт — гæххæттытæ.
Иууон нымæцы дзырдтæ дыгай æмхъæлæсонтæй
кæнæ æмхъæлæсон хъ-йæ куы фæвæййынц, уæд
уыдоны бирæон нымæцы фæсæфтуан тп-йы разæй
фылдæр хæттыты æвæрд æрцæуы хъæлæсон ы.
3 æ г ъ æ м: апп — æппытæ.
342 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæй алкæй ныхмæ дæр ныффыссут йæ би-
рæон нымæц.
X у ы з æ г: къæртт — къæрттытæ.
Тъæпп, рæнхъ, цыхт, цæхх, фыст, уæрыкк, сæныкк,
карк, хатт, фырт, кард, уæрцц, хахх.
343 фæлтæрæн. Зæгъут, цавæр ивддзинæдтæ цæуы ацы дзырдты би-
рæон нымæцы фæсæфтуан т-йы разæй.
Сæхтæг — сæхтæджытæ, хæстæг — хæстæджытæ,
рæстæг — рæстæджытæ, хъуссæг — хъуссæджытæ,
æрмæг — æрмæджытæ.
127
Дыууæ кæнæ фылдæр уæнгæй арæзт номдартæн
сæ кæрæтты æг куы вæййы, уæд бирæон нымæцы
уыцы хайæ арæх ахауы æ æмæ бирæон нымæцы
фæсæфтуан т-йы разæй æвæрд æрцæуы хъæлæсон
ы> ацы хъæлæсоны разæй æмхъæлæсон г та ивд
æрцæуы джы-йæ.
3 æ г ъ æ м: уасæг — уасджытæ.
344 фæлтæрæн. Бирæон нымæцы тыххæй ма ноджыдæр бахъуыды
кæнут:
1. Хæдзарвæндаг кæнæ адæймæгты къорд искæй
номæй хуынд куы æрцæуы, уæд уыцы ном æвæрд
æрцæуы бирæон нымæцы. 3 æ г ъ æ м: Дунетхантæ,
Бысалтæ, Уырызмæгтæ, Умаритæ æ. а. д.
2. Дзырд ус-æй бирæон нымæц аразгæйæ, фæсæф-
туан т-йы разæй æвæрд æрцæуы ты: ус — устытæ.
3. Дзырдтæ мад, фыд, æрвад-æи бирæон нымæц
аразгæйæ, фæсæфтуан т-йы разæй æвæрд æрцæуы æл:
мадæлтæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ.
Дыууæ кæнæ фылдæр уæнгтæй конд номдартæ
иууон нымæцы ыг-æй куы фæвæййынц, уæд би-
рæон нымæцы уымæй ахауы ы æмæ фæсæфтуан
т-йы разæй æвæрд æрцæуы уы: фæрдыг — фæрдгуы-
тæ. Кæд æмæ ыг-ы разæй вæййы дыууæ
æмхъæлæсоны, уæд дзы хъæлæсон ы нæ ахауы,
фæлæ /п-йы разæй уæддæр æвæрд æрцæуы
хъæлæсон ы, æмæ уый аххосæй г ивд æрцæуы
дж- йæ.
3 æ г ъ æ м: мæлдзыг — мæлдзыджытæ, уыр-
дыг — уырдыджытæ æ. а. д.
Фиппаин аг: хъæлæсон ы нæ цæуы
æппæрст ыгæй фæстаг рæстæджы арæзт дзырдты.
Дзурæм боныгтæ, къæдзыгтæ æ. а. д.
345 фæлтæрæн. Бирæон нымæцы номдарты ныхмæ ныффыссут сæ
иууон нымæц. Зæгъут, цавæр мыртæ æвæрд æрцыдысты фæсæфтуан т-
йы разæй.
128
фæрдгуытæ, уæнгуытæ, æрфгуытæ, уæйгуытæ,
хæндгуытæ, мæсгуытæ, уидгуытæ, хъæздгуытæ.
346 фæлтæрæн. Сбæрæг кæнут номдарты бирæон нымæцы арæзт.
X у ы з æ г: ахуыргæндтæ — арæзт æрцыд дзырд
ахуыргонд-æи, фæсæфтуан тп-йы фæрцы æмæ мыр о æ -
йæ ивгæйæ.
Ахуыргæндтæ, зæрæдтæ, мадзæлттæ, хабæрттæ,
хæйттæ, хайæдтæ, æфсæнттæ, цæлхытæ, цыхтытæ,
кæрчытæ, уæрыччытæ, фырттæ, студенттæ, чындзытæ,
кусджытæ, разамонджытæ, дзурджытæ, амонджытæ,
нæмгуытæ, фыдæлтæ, æрвадæлтæ, устытæ, Алык-
сандртæ, Ладемыритæ, фæндаггонтæ, арæзтæдтæ,
бæрæгбæттæ.
347 фæлтæрæн. Рафыссут фæлтæрæн, къæлæтты лæвæрд номдартæн
сæ нымæц æмæ сæ хауæнтæ ивгæйæ.
(Цуанон) фæндаджы æхсæн уыдис цæхгæр айнæг
къул; йæ сæр ын бамбæрзта сæууон мигъ, йæ бинаг
кæрон та хæццæ кодта суанг арф комы бынмæ.
Лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад бирæ хъæуы
фæндагмæ бахизынæн, чысыл зынгæ айнæджы (къуыпп)
хæцгæ, къæдзæхы (æнцъылд) æмæ (хуынкъ)
æнцойгæнгæ. Фæлæ хъазуатджын хæххон (гуырд)
рагæй ахуыр сты ахæм (зындзинад) сæ цард æрвиты-
ныл. (...) Уайтагъддæр (цуанон) схæццæ сты
æмбырдгæнæн ранмæ. Къоста.
Ссарут фæлтæрæны, æрмæст иууон нымæцы чи вæййы, ахæм номдартæ.
Зæгъут, цы æвдисынц?
У. Бæрæггонд дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
348 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм,
бæрæггонд дзырдтæ къæлæтты иууон нымæцы формæйы æвæргæйæ.
Зæгъут, цавæр мырон ивддзинæдтæ сæ æрцыд бирæон нымæц
аразгæйæ.
X у ы з æ г: гуыппытæ (гуыпп).
Йæ хъуыдыты хал ын фескъуыдтой æваст æмыр гуып-
пытæ. Гыццыл сау мигъы къуыбылæйттæ æртыгуыр
сты хæдтæхджыты алыварс. Былтыл ауад топпыхо-
сы æнуд тæф. Знаджы хæрдмæхсæнтæ сын æрвитын
9 Ирон алоллАЫ чиньп ^ къл
129
райдыдтой хуынтæ — сау адзалтæ «сау бæмбæджы»,
тыхтæй. Фæсонтыл æртулæгау кодта чысыл ихы
къæрттытæ.
Дзаттиаты Тотырбег.
349 фæлтæрæн. Ацы дзырдтæ сæвæрут бирæон нымæцы æмæ сæ ныф-
фыссут уæ тетрæдты.
X у ы з æ г: тъæпп—тъæппытæ.
Тъæпп, рæдыд, хæдтæхæг, къæртт, луарæг, тæдзынæг,,
нысан, дзуар, уæрдон, къæппæг, дысалгъ, къодах, бан-
дон, давон, бындурæвæрæг, бырынкъ, скъæфæг, арвгæ-
рон, æмбæстаг.
350 фæлтæрæн. Рафыссут номдартæ уæ тетрæдтæм, бамбарын сын кæнут
сæ арæзт æмæ сæ растфыссынад.
X у ы з æ г: хæлардзинад — арæзт у, дзырд хæлар-мæ
фæсæфтуан -дзинад бафтауыны руаджы. Фæсæфтуан
дзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй.
1. Хæлардзинад, æмхуызонад... Цæргæсы дыууæ тых-
джын базырау, адæймаджы бæрзæндтæм чи сисы, ахæм
дыууæ тыхджын базыры. (М. Д.) 2. Газет «Рæстдзинад»-ы
фæзындис уац спектаклы тыххæй. (М. Д.). 3. Арвæр-
дын фæзынди арвы нывау хæхты. Хуры тынтæ хъазынц
уарыны æртæхы. (Дж. Ш.)
351 фæлтæрæн. Бахъуыды кæнут номдар æвзарыны фæтк йæ хуызæгимæ.
1. Цавæр ныхасы хай у?
2. Дзырды райдайæн формæ (номон хауæн, иууон
нымæц).
3. Сæрмагонд ном у æви иумæйаг?
4. Кæцы нымæцы ис?
5. Кæцы хауæны ис?
6. Цавæр уæнг у?
X у ы з æ г: Цытджын Калачы йæ зарды руаджы
сæндæтты бадти. Къоста.
1. Калачы — номдар.
2. Йæ райдайæн формæ у Калак.
3. У сæрмагонд ном, ис иууон нымæцы, гуырынон
хауæны.
4. Ацы хъуыдыйады у бынаты фадат.
130
м и н о г о н
§ 54. Миногоны нысаниуæг.
352 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдтæй рафыссут номдартæ семæ баст
миногонтимæ. Зæгъут, цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц миногонтæ æмæ
цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты.
1. Мæ уарзон райгуырæн Кавказ, мæнæн зынаргъ
дæ ды. (Коч. М.) 2. Зæронд лæг фæлмæн бахудтис æмæ
йæ урс зачъетыл æрхаста йæ къухы æнгуылдзтæ.
(Цыр. М.)
Миногон хуыйны, предметты æууæлтæ (хуыз,
ас, формæ, хъæд, миниуæг æмæ æнд.) цы ныхасы
хай нысан кæны, уый.
Миногонтæ домынц фæрстытæ цавæр? цыхуызæн?
Хъуыдыйады мидæг миногонтæ арæхдæр
вæййынц бæрæггæнæнтæ æмæ зæгъинæгтæ. 3 æ -
г ъ æ м: (Цавæр?) Ирд райсом скодта.Арв (цавæр
у ?) у ирд.
353 фæлтæрæн. Номдартимæ, миногонтæ сæм æфтаугæйæ, ныффыс-
сут дзырдбæстытæ.
Хур, дымгæ, мигътæ, быдыр, цæугæдæттæ, сыхаг,
æфсымæрдзинад, хъæлæс, дуг, цау, хабар, зæрдæ, цард.
НР. 354 фæлтæрæн. Бæкæсут текст. Скæнут ын сæргонд æмæ йæ ра-
фыссут. Миногонты бын, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уымæ гæсгæ
бахахх кæнут.
Арвы талынг къуымы — иу лæппын стъалы мынæг
рухс æфтауы. Хъоппæгдзæст æрттиваг стъалытæ йыл
131
алы æхсæв худын байдайынц: «Ай нын цавæр фынæй
стъалы у? Æрцъынд-фæрухс кæны!»
Иу æхсæв лæппын стъалыйы Мæй афтæ бафарста:
— Зæгъ-ма, дæ хорзæхæй, иннæ стъалытау тынг рухс
цæуылнæ кæныс?
Лæппын стъалы арф ныуулæфыд æмæ тынг
æнкъардæй загъта:
— Зоныс, Мæй, нæ дынджыр уазал арвыл мын зонгæ
стъалы нæма ис, æмæ кæй тыххæй рухс кæнон, уый
мын нæй.
Чеджемты Геор.
355 фæлтæрæн. Алы дзырдимæ дæр æрхъуыды кæнут æмæ ныффыс-
сут дыууæ хъуыдыйады: иуы миногон бæрæггæнæн куыд уа, иннæйы та
— зæгъинаджы хай.
X у ы з æ г: Радымдта рог дымгæ, мæ хæссинаг уыд
рог.
Рог, бæрзонд, райдзаст, уæрæх, фæлмæн, æнæкæрон,
сыгъдæг, зæрдæргъæвд3.
НР. 356 фæлтæрæн. Æрфыссут, уæ уаты кæнæ къласы рудзынгæй
цыдæриддæр уынут, уый, алыхуызон æууæлтæ (ас, хуыз, формæ) æвдисæг
миногонтæй пайда кæнгæйæ.
§ 55. Миногонты бастдзинад номдартимæ.
357 фæлтæрæн. Бакæсут æмдзæвгæйæ скъуыддзаг æмæ зæгъут, ном-
дартæ семæ баст миногонтимæ хицæн цавдимæ дзурын хъæуы æви иу-
мæйаг цавдимæ?
Бæрзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Æгомыг бæлас,
Фыййауы уарзынц
Æмæ йын зарынц
Сæ сусæг ныхас.
Къоста.
Дыууæ кæнæ фылдæр миногоны æмхуызон
уæнгтæ куы нæ вæййынц, уæд семæ баст номдар-
тимæ загъд цæуынц иу цавдимæ.
3 æ г ъ æ м: зымæгон даргъ æхсæв.
132
358 фæлтæрæн. Рафыссут ацы скъуыддзаг. Къæлæтгæндтæй баиу
кæнут номдартæ семæ баст миногонтимæ. Сæвæрут сыл цавды
нысæнттæ.
X у ы з æ г: фйдар^ран.
Партизанты бынат, цыма йæ æрдз йæхæдæг барæй
сарæзта, уыйау уыдис фидар ран. Комы æрцыдысты
хохы дыууæ къабазы. Куыд мидæмæ ком уыдис
уæрæхдæр. Уæрæхдæр кæм фæцис, уым уыдис тар хъæд.
Хъæды кæронмæ уыдис рæсугъд уæлвæз, нæуу хох, йæ
быны — стыр лæгæт. Лæгæты иувæрсты цыдис рæсугъд
суадон. Ацы ранæй фæндæгтæ цæуынц Уæлладжыр-
гоммæ, Гуырдзыстонмæ. Лæгæты сæрмæ фæйлауы сырх
тырыса. Комы стыр дон йе 'рра уылæнтæй быцæу кæны
хохимæ, тулы егъау дуртæ æмæ тигътыл йæхи хойгæ
размæ тындзы.
Санаты Уари.
§ 56. Миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ.
359 фæлтæрæн. Рафыссут ацы миногонтæ æмæ номдартæ уæ
тетрæдтæм. Зæгъут, миногонтæ предметты цавæр миниуджытæ æвди-
сынц?
Цъæх арв, стыр сау цæстытæ, мыдхуыз дзыккутæ,
тымбыл къох, ставд бæлас, æрыгон сылгоймаг, ныфс-
джын адæймаг, хæххон дон, хъæдын сынтæг, цæрæн
хæдзар, фыссæн стъол.
Зæгъут, цавæр дзырдтæ æвдисынц, ивгæ цы миниуджытæ кæнынц,
ома, хицæн предметты къаддæр кæнæ фылдæр бæрцы чи вæййы,
уыдон.
Миногонтæ сæ амындмæ гæсгæ вæййынц дыууæ
хуызы. Фылдæр кæнæ къаддæр бæрцы райсæн
кæмæн
вæййы, ахæм æууæлтæ фæбæрæг кæнынц
миниуæгæвдисæг миногонтæ.
3 æ г ъ æ м: сырх фæткъуы — сырхдæр
фæткъуы. Миногон цы предметы номæй арæзт
æрцыд, уыцы предметы ахаст æндæр предметмæ
та фæбæрæг кæнынц ахастæвдисæг миногонтæ.
133
3 æ г ъ æ м: хъæдып уидыг. Ам миногон хъæдын .]
æвдисы, предмет уидыг æндæр предметæй —
хъæдæй конд кæй у, уый.
360 фæлтæрæн. Скъуыддзагæй рафыссут мнногонтæ номдартимæ
бастæй, дзырдбæстыты цавды нысæнттæ сæвæрут.
X у ы з æ г: райдзаст бон.
Скодта диссаджы райдзаст бон. Хур йæ зæрин тынтæ
рæдауæй нывæзта рæсуг, уымæл зæххы хъарм тæфæй
йемыдзаг уæлдæфы. Бульвары бæлæстæ кæрæдзийы
фæдыл ныххал сты дондзау ног чындзытау сæ
пæрпæргæнаг глази разкъæрттыты*. Горæты сæрмæ цъæх
дардтой уыгарддзæф* митсæр хæхтæ. Рог уадымс* уæл-
дæфы йемæ хаста уалдзæджы æхсызгон улæфт, ног сыф-
тæрты, фыццаг дидинджыты тæф.
Баситы Мысост.
361 фæлтæрæн. Радзырдæй рафыссут миногонтæ. Зæгъут, сæ цавæр
миниуджытæй сæ базыдтат. Цы æвдисынц?
НР. Радзурут скъуыддзаджы æвдыст дидинджыты тыххæй.
Хуры тынтæм райхъал чысыл æрдз — тулдз къохы
къаннæг зæрдæ. Дидгшджытæ сæ хъоппæг сырх
цæстытæй асæрфтой æхсæвы цæссыг, кæрæдзимæ сæ
фæлмæн цъæх къухтæ ивазынц:
— Дæ райсом хорз, мæ адджын сыхаг!
— Сыгъзæрин райсомтæ дыл кæнæд, æмæ адджынæй
бацæр, — мидбылты худгæйæ дзуапп радта иннæ.
Æмæ сæ сæртыл бæрзонддæр схæцыдысты. Уæрцц се
'хсæнты хъуыддагхуыз рауай-бауай кæны. Сæ фæлмæн
дзыккутæ æмæ сын сæ арфæйы ныхæстæй йæхицæн
бийы хъарм ахстон.
Чеджемты Æхсар.
362 фæлтæрæн. Ссарут ахастæвдисæг миногонтæ, бамбарын кæнут,
цæй руаджы сæ ссардтат? Цавæр ныхасы хайæ арæзт æрцыдысты
уыдон?
X у ы з æ г: хæххон у ахастæвдисæг миногон, æвдисы
ахаст дзырд хох-мæ, нæй йын бæрцбарæнты формæтæ.
Уæлæуæз, иу хохы тæккæ цъуппыл, сау къæйты
134
æхсæн иунæгæй рæзы иу хæххон дидинæг4. Йæ дзæбæх
фæлурс цæсгомæй, йæ рухс хъал цæстæй кæсы, фæлгæсы
коммæ дæлæмæ. Сæрдыгон фæлмæн дымгæ рахъазы
хохы цъуппыл, ракафы дидинæджы3 алыварс, хъæбыстæ
йæ^акæны æмæ та фæаууон вæййы кæмдæр дæлбылты.
Йæ мидбылты бахуды дидинæг, ныуулæфы æрвон
уæлдæфы, сисы йæ дари базыртæ, батилы йæ сæр æмæ
та акæсы комы рæбынмæ.
Гæдиаты Цомахъ.
363 фæлтæрæн. Саразут номдартæй æмæ мивдисджыты уидæгтæй
фæсæфтуанты фæрцы ахастæвдисæг миногонтæ. Ныффыссут сæ номдар-
тимæ.
X у ы з æ г: ирон æфсарм.
Ир, дыгур, уырыс, быдыр, хох, мит, нымæт.
364 фæлтæрæн. Дзырд быдыр-имæ ныффыссут æртæ миниуæгæвдисæг
æмæ ахастæвдисæг миногоны.
365 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ ацы
миногонтимæ.
Быдираг, хъæуккаг, хъæууон, хохаг, хæххон.
Зæгъут, æввахс дзырдтæ уæ хъуыдыйæдты мидæг сæ кæрæдзийæ ба-
ивæн ис æви нæ.
366 фæлтæрæн. Бирæстъæлфыты бæсты ныффыссут миниуæгæвдисæг
æмæ ахастæвдисæг миногонтæ. Хъуыдыйæдтæ рафыссут уæ тетрæдтæм.
1. Къалиуты къуыбыртæй райгуырынц ... сыфтæ,
ахстæтты та ... лæппынтæ (Хъодз. Æ.) 2. Æрмæстдæр
тыхджын адæмы аккаг уыдысты хæхтæ: лæмæгъ, ...
адæймагимæ фидаугæ дæр нæ кæнынц. (Цæг. М.)
3. ... æмхъæлæсонтæ фембæлынц дзырдтæн сæ райдиа-
ны дæр, сæ астæу дæр, сæ кæрон дæр. 4. ... бæстæмæ нæ
уарзондзинад у тыхджын. 5. Кæсæг-Балхъары ... горæт
у Налцыкк.
367 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдты ссарут миногонтæ æмæ сбæрæг кæнут,
миниуæгæвдисæг сты æви ахастæвдисæг.
1. Сæууæй къулæй Сосланы дыууадæстæнон фæндыр
райста æмæ дзы цæгъды, йæхæдæг фæндыримæ зары.
135
(Н. к.) 2. Фæтæн, урс-урсид дзæнхъа дурæй асин
æрттывдтытæ кодта æмæ йæхи мидæг хъазыдис. (Гаг. Р.)
3. Сау фосы дзугтæ бæрзонд æнæбындз хæхты, митгæ-
рæтты нырривæд кодтой, сынæр цæгъдынц. (Гæд. С.)
§ 57. Миногоны бæрцбарæнтæ.
368 фæлтæрæн. Зæгъут, ацы хъуыдыйæдтæй кæцыты цæуынц æвдыст
миниуæджы стырдæр æмæ иууыл стырдæр бæрц. Кæцы хъуыдыйады нæй
ахæм абарст?
1. Абон у райдзаст бон. 2. Знон уыди абонæй рай-
дзастдæр бон. 3. Æндæрæбон уыди æппæты райдзаст-
дæр бон.
Миниуæгæвдисæг миногонтæн ис бæрцбарæнтæ:
бындурон бæрц, барæн бæрц æмæ уæлахизон
бæрц.
Бындурон бæрцы предметты миниуæг барст
нæ фæцæуы æндæр предметы ахæм миниуæ-
гимæ. 3 æ г ъ æ м: райдзаст бон, хъæздыг
бæстæ.
Барæн бæрц нысан кæны, предметы миниуæг
æндæр предметы ахæм миниуæгимæ барст кæй
цæуы æмæ фылдæр кæй вæййы, уый.
3 æ г ъ æ м: райдзастдæр бон, хъæздыгдæр
бæстæ.
Барæн бæрц арæзт цæуы бындурон бæрцы
формæмæ фæсæфтуан -дæр æфтаугæйæ.
3 æ г ъ æ м: дарддæр æмæ а. д.
369 фæлтæрæн. Хицæн къордтæй рафыссут миниуæгæвдисæг æмæ ахаст-
æвдисаг миногонтæ номдартимæ. Миниуæгæвдисæг миногонтæн сæ сæрмæ
бæрæг кæнут бæрцбарæн.
1. Амондджын дæ, арфæйаг дæ, Нары зæхх. (Цæг. М.)
2. Дæ дзыллæйы, дæ бæсты уарзын зон, цы хохыл лæу-
уай,уый бæрзонддæр хон. (Мырт. Б.) 3. О, фæззæг у ныр,
бурзачъе, мыдхуыз фæззæг, афæдзы цыппар афонæн сæ
дзаджджындæр, фæдисондæр. (Цыр. М.) 4. Ныхас уадæй
тагъддæр у, топпæй — тыхджындæр. (Æмб.) 5. Йæ
136
цæстытæ, йе 'нгас — сæууон хурæн йе скаст, йæ ныхас
— æнæфау, фæлмæн æмæ адджын, æнæуи — æрдхæрæн
æгьдауджын. (Гафез). 6. Æнæлдар хъæуы рувас — æлдар.
(Æмб.)
У. Бæрæггонд хъуыдыйад уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнут.
370 фæлтæрæн. Рафыссут ацы дзырдбæстытæ, миногонтæй барæн бæрц
аразгæйæ. Миногонты барæн бæрцы формæты фарсмæ фыссут синонимтæ.
X у ы з æ г: æвзæр рæстæг — æвзæрдæр, фыддæр
рæстæг.
Æвзæр рæстæг, гыццыл тыхтон, хорз бон, аив чызг,
хæрзхуыз3 лæг.
371 фæлтæрæн. Рафыссут æмбисæндтæ уæ тетрæдтæм. Миногонтæй
барæн бæрцы формæтæ саразут.
1. Æнæууæнк лæг — сомыгæнаг. 2. Бæрзонд хохыл
мит нæ уары. 3. Афтид голлаг хъил нæ лæууы. 4. Сур
саламæй уазæг æфсæст нæ вæййы. 5. Сау хохæй урс дур
нæ хауы.
372 фæлтæрæн. Æмкъай номдартæ цы предметтæ бæрæг кæнынц, уыдон
миниуджытæ абарут. Цы хъуыдыйæдтæ сарæзтат, уыдон рафыссут æмæ
сæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
X у ы з æ г: Терк у стыр дон. Волгæ у уымæй стырдæр.
Терк æмæ Волгæ. Уæлдæф хохы æмæ горæты. Маргъ
æмæ хæдтæхæг. Тæрхъус æмæ бирæгъ. Уалдзæг æмæ
сæрд.
НР. 373 фæлтæрæн. Ныффыссут 5—6 хъуыдыйады уалдзæджы тыххæй,
зымæгимæ йæ барут, афтæмæй. Миногонтæн сæ фарсмæ фыссут сино-
нимтæ.
НР. 374 фæлтæрæн. Ныффыссут чысыл радзырд, сæрды фæззæг куыд
раивы, уый тыххæй. Миногонты сæрмæ фæнысан кæнут, цавæр хъуы-
дыйады уæнгтæ сты, уый.
375 фæлтæрæн. Бафæлварут ацы дзырдбæстытæ синонимтæй баивын.
X у ы з æ г: тынг бæрзонд, тæккæ бæрзонддæр,
æппæты бæрзонддæр, иууыл бæрзонддæр.
137
Тынг бæрзонд, æппæты къаддæр, хæрз сау, тæккæ
налатдæр, сырх-сырхид.
Уæлахизон бæрцы формæ нысан кæны миниуæ-
джы æппæты фылдæр бæрц.
Уæлахизон бæрц арæзт цæуы дзырдтæ бынтон,
иттæг, тынг, тæккæ, иууыл, æппæты бындурон
кæнæ барæн бæрцмæ æфтаугæйæ.
3 æ г ъ æ м: æппæты сырхдæр.
Хуыз нысангæнæг миногонтæй ма уæлахизон
бæрц арæзт цæуы бындур дывæргæнгæйæ дæр.
3 æ г ъ æ м: сырх сырхид, сау-сауид æ. а. д.
Ахæм дзырдтæ фыссын хъæуы дефисæй
хицæнгæнгæйæ.
376 фæлтæрæн. Миногонтæ ныффыссут уæлахизон бæрцы.
Арф, сæрæн, урс, парахат, зæрдæмæдзæугæ, тымбыл,
æнæхъару, рынчын, зылын, лæгъз, ныфсхаст, уæндон,
лæмæгъ.
У. Сæ антонимтæ та куыд сты?
377 фæлтæрæн. Рафыссут фæлтæрæн. Миногонты сæрмæ фæбæрæг
кæнут сæ бæрцбарæятæ. Зæгъут, цавæр уæнгтæ сты миногонтæ.
уæл. б.
X у ы з æ г: урс-урсид.
1. Фæтæн, урс-урсид дзæнхъа дурæй^асин æрттывдтытæ
кодта æмæ йæхимидæг хъазыдис. Йæ бæстастæу тыд
уыдис сырх тын æмæ къæхты бын фæлмæн дардта.
/Гагл. Р./ 2. Хæрзхастдæр æмæ рæсугъддæр Челейы къам-
бецтæй, Челейы хъуццытæй ничи аскъæрдзæн æхсæны
хизмæ. /Æрн. И./ 3. Цæгат Ирыстоны кæмттæн се
стырдæр у Уæлладжыры ком—зæххæй дæр æмæ цæрæг
адæмæй дæр. Иннæ кæмттæй у уæлдай хъæздыгдæр,
рæсугъддæр, фæллой дзы кæнынц бирæ адæмыхæттыты
минаевæрттæ. /Хоз. Ф./
378 фæлтæрæн. Рафыссут фæлтæрæн, къæлæтты ист миногонтæй барæн
бæрц кæнæ уæлахизон бæрц аразгæйæ. Саудæрæй фыст номдарты сæрмæ
фæбæрæг кæнут хауæн.
138
1. Санкт-Петербург у дунейы (стыр) æмæ (рæсугъд)
горæттæй иу. 2. Нæ бæстæйы ис бирæ (чысыл) æмæ
(стыр) цæугæдæттæ. 3. Мæскуы у (рагон) горæт. 4. (Хорз),
(рæсугъд) царды кой кодта фæсивæды зарæг. 5. (Стыр)
тута бæласы бын ныхæй-ныхмæ æвæрд уыдис дыууæ
даргъ стъолы. 6. Мах цыдыстæм тар хъæды (нарæг)
къахвæндагыл. 7. Бæрзонд бæлæстæ сæ (даргъсыфтæр-
джын) къабузтæ ныллæг æруагътой. 8. (Урс) уæрыч-
чытæ сæ цыргъ дæндæгтæй æхсыдтой сойджын
кæрдæг.
379 фæлтæрæв. Рафыссут скъуыддзаг. Миногонты бын бахахх кæнут.
Бамбарын сын кæнут сæ растфыссынад.
Æгас сыхы чысыл Мыдзоцц æмæ Дзодзыккæй
æнæзивæгдæр æмæ хъæлдзæгдæр лæппутæ нæ уыди.
Мыдзоцц цæугæ дæр кодта богалы хуызæн, риу размæ
хæсгæйæ. Кæд бæгъæввад уыди, уæддæр йæ къæхтæ
рисгæ нал кодтой, дуртыл дугъы уайгæйæ дæр.
Арæх-иу дзырдта афтæ:
—Æз иу уафсы мыггаг зонын. Цас ыл фылдæр æмæ
арæхдæр цæуай, уый бæрц бæзджындæр æмæ фидардæр
кæны. Сындз дæр дзы нæ ныхсы. Стæй йæ дур дæр нæ
тыхсын кæны. Æрмæст пысыра фыдуаг у. Уый уæле
уæлфадмæ æвналы. Уый фæстæ уæлфад аных, уæд ыл
къуызыртæ рауайы...
Афтæ хуыдта Мыдзоцц йæ къахы бынтæ.
Барахъты Гино.
380 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ, ссарут дзы миногонтæ. Зæгъут,
кæцытæн дзы нæй бæрцбарæнтæ.
X у ы з æ г: урсфистонджын — бæрцбарæнтæ йын
нæй, уымæн æмæ æнæивгæ миниуæг æвдисы.
I. Урсфистонджын кард йæ кæрддзæмы дзедзырой
кæны. Къухы — къæдзсæр лæдзæг. Цæсгом фæлурс.
фындзы бын æвзыд рихитæ. Зæронд лæг.
Фæрниаты Дзибус.
II. Æхсар æмæ Æхсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй
дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæнриу
139
æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ
кæцы у, уый.
Нарты кадджытæй.
Миногонты тыххæй цы æрмæг ахуыр кодтой,
уый зæрдыл æрлæууын кæнын
1. Цавæр ныхасы хай у миногон?
2. Цавæр фæрæзты фæрцы арæзт цæуынц вазыгджын
миногонтæ?
3. Цавæр разæфтуанты фæстæ рахизынц райдайæн
æзылангон æмхъæлæсонтæ зылангонтæм?
4. Цавæр фæсæфтуанты разæй фæдывæр вæййынц
дзырды кæройнаг æмхъæлæсонтæ? Æрхæссут дæнцæгтæ.
381 фæлтæрæн. Бахъуыды кæнут миногон æвзарыны фæтк йæ хуызæ-
гимæ.
1. Миниуæгæвдисæг у æви ахастæвдисæг?
2. Йæ райдайæн формæ?
3. Кæд миниуæгæвдисæг уа, уæд сбæрæг кæнын хъæуы
йæ бæрцбарæн.
4. Нымæц.
5. Хауæн (номдаримæ баст куы нæ уа, уæд).
6. Цавæр уæнг у хъуыдыйады?
X у ы з æ г: Хохы цыргъытыл зымæг йæ урс кæрц
æрæмбæрзта.
1. Урс у миниуæгæвдисæг миногон.
2. Йæ райдайæн формæ у урс.
3. Бындурон бæрц.
4. Ис иууон нымæцы.
5. Номон хауæны.
6. Ам у бæрæггæнæн.
382 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдты миногонтæ равзарут миногонтæ
æвзарыны фæткмæ гæсгæ.
Дæ фидар фæлтæрд* риуæй хъусын хъæрзын. (Къос-
та). Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц. (Къоста).
140
Н Ы М Æ Ц О Н
§ 58. Нымæцоны нысаниуæг æмæ грамматикон æу-
уæлтæ.
383 фæлтæрæн. Бакæсут фæрстытæ. Дзуапп сын раттут æмæ сæ уæ
тетрæдты ныффыссут. Цавæр фæрстытæ домынц уыцы дзырдтæ?
Цал боны ис къуырийы? Кæцы къласы ахуыр кæныс?
Дыууын æмæ авд цас уыдзысты?
Предметтæн сæ бæрц, сæ рæнхъæвæрд цы ны-
хасы хай февдисы, уый хуыйны нымæцон.
Нымæцонтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ вæййынц:
б æ р ц о н (иу, дыууæ, дæс, дыууын, сæдæ); р æ н-
х ъ о н (фыццаг, дыккаг, дæсæм, дыууынæм,
сæдæйæм); м у р о н (иу дæсæм хай, æртæ дæсæм
хайы, дыууæ æнæхъæны æмæ дыууæ фæндзæм
хайы); д и х о н (дыгай, дæсгай).
384 фæлтæрæн. Рафыссут нымæцонтæ дыууæ къордæй. 1. Пред-
метты бæрц чи æвдисы, уыдон. 2. Предметты рæнхъæвæрд чи æвди-
сы, уыдон.
Дæсæм кълас, фæндзæм бон, цыппар хойы æмæ иу
æфсымæр, фыццаг партæ, фæндзай тетрады, дыккæгæм2
хæдзар, фынддæс сомы.
385 фæлтæрæн. Рафыссут нымæцонтæ дыууæ къордæй: 1) дихон нымæ-
цонтæ; 2) мурон нымæцонтæ.
Фæндзгай бæлæстæ, дыууæ æртыккæгæм хайы,
æртæ æнæхъæны æмæ цыппар æвдæм хайы, сæдæгай
азтæ, милуангай кусджытæ, æвдгай бонтæ.
Ацы нымæцонтæ ныффыссут дзырдтæй:
1-|-; ^; Ю0у; зооо-^|-;
141
386 фæлтæрæн. Ацы нымæцтæ зæгъут рæнхъон нымæцонтæй æмæ сæ
ныффыссут. Зæгъут, кæцытæн ис цалдæргай хуызтæ!
1, 2, 3, 4, 5, 6, 7, 8, 9, 10, 20, 100, 1000, 10000.
387 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Сбæрæг кæнут, нымæцонтæ
сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ сты?
1. Симоныл цæуы æстай дыууæ азы, Тедойыл та
нæуæдз фондз. (Коц. А.) 2. Е. Вахтанговы номыл Уырыс-
саг академион театр арæзт æрцыд мин астсæдæ æвдай
фыццæгæм азы. 3. Заводы кусджытæ сæ дыгай бонты
мызд арвыстой сидзæр сывæллæтты хæдзармæ. 4. Æрвы-
лаз Зæххы къорийыл тамакойы аххосæй амæлынц мин-
гай адæймæгтæ. 5. Фынддæс дæсыл куы байуарæм,
уæд рауайдзæн иу æнæхъæн æмæ фондз дæсæм хайы.
НР. У. Бæрæггонд дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
§ 59. Нымæцонты бастдзинад номдартимæ.
388 фæлтæрæн. 1. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Нымæцонты бын иугай
хæххытæ бакæнут, семæ баст номдарты бын та — дыгай хæххытæ.
2. Зæгъут, нымæцонтæ цы номдартимæ баст сты, уыдонæн сæ разæй
лæууынц æви сæ фæстæ?
1. Скъаппы уыдис дæс чиныджы æмæ фондз тетра-
ды. 2. Ерысты архайдтой сæдæ лæппуйы æмæ чызджы.
3. Мæ хо дыууæ æмбалимæ ацыди киномæ. 4. Æрвы-
лаз нæ бæстæйы мыхуыры цæуынц мингай чингуытæ.
5. Авд дыууæйыл нæ уары. 6. Кафджытæ æрлæууыды-
сты дыгæйттæй. 7. Æрвылаз фыццæгæм сентябры бай-
гом вæййынц сæдæгай скъолаты дуæрттæ. 8. Дæсæм
июнæй фæндзæм июльмæ мах уыдыстæм Дзæу-
джыхъæуы.
389 фæлтæрæн. Уæлдæр лæвæрд фæлтæрæнæй рафыссут нымæцонтæ
номдартимæ бастæй. Цавæр нысæнттæ сæ æвæрут? Зæгъут, цавæр нымæ-
цонтæ нæ йвынц номдартимæ бастæй хауæнтæм т-æсгæ.
Нымæцонтæ номдартимæ баст куы вæййынц,
уæд æвæрд цæуынц номдартæн сæ разæй æмæ нæ
ивынц хауæнтæм гæсгæ. 3 æ г ъ æ м: иу чызг, иу
чызджы æ. а. д.
142
Нымæцонтæ æнæ номдартæй ивынц хауæнтæм
гæсгæ. 3 æ г ъ æ м: дыууæмæ бафтау, фондзыл
байуар.
390 фæлтæрæн. Фæлтæрæнæй рафыссут нымæцонтæ семæ баст ном-
дартимæ. Зæгъут, цавæр нымæцонтимæ бастæй вæййынц номдартæ:
а) иууон нымæцы; б) бирæон нымæцы.
1. Дыууадæс цыппарыл уары æнæхъæнæй. 2. Фон-
дзæй уæ ныууагъта иу ныййарæгæн, мады зæрдæ скъах-
та, царæфтыд фæдæн. (Къоста). 3. Авд хæдзары дæр хъæу
сты, уæдæ цы. (Дзес. К.) 4. Фыццаг бандæттыл бадтыс-
ты ахуыргæнджытæ, иннæтыл та — скъоладзаутæ.
5. Дыккаг бон уары. 6. Кълæсты ис æртыгай ахуыргæ-
нинæгтæ. 7. Горæты уынгты ссыгъдысты сæдæгай
цырæгътæ.
Номдартæ бæрцон нымæцонтимæ бастæй
вæййынц иууон нымæцы: иу чызг, фараст боны.
Дихон нымæцонтимæ номдартæ баст вæййынц
кæддæриддæр бирæон нымæцы: дыгай чингуытæ,
фæндзгай бонтæ.
Рæнхъон нымæцонтимæ номдартæ баст цæуынц
бирæон нымæцы дæр: дыккæгæм кълас —
дыккæгæм кълæстæ.
НР. 391 фæлтæрæн. Ирон æвзагмæ ратæлмац кæнут ацы дзырдбæс-
тытæ.
X у ы з æ г: по пятъ яблок — фæйнæ фондз фæт-
къуыйы.
По пять яблок, сто один человек, первое января,
двенадцатое декабря, пятое марта, первый класс, вто-
рая парта, у пяти мальчиков, двум учащимся.
392 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут, бæрцон, рæнхъон
æмæ дихон нымæцонтæ номдартимæ баст кæм уой, ахæм 6 хъуыдыйады.
§ 60. Бæрцон нымæцонтæ.
393 фæлтæрæн. Ссарут бæрцон нымæцонтæ. Ранымайут, предметты
бæрц дзы чи æвдисы, уыцы нымæцонтæ, уый фæстæ та, æрмæст нымæц
143
чи æвдисы, уыдон. Зæгъут, цавæр нымæцонтæ ивынц хауæнтæм æмæ
нымæцтæм гæсгæ.
X у ы з æ г: сæдæйæ — æвдисы æрмæст нымæц æмæ
ивы хауæнтæм гæсгæ.
1. Сæдæйæ уæлæмæ нымайгæйæ, мины онг, ны-
мад байдайы ногæй æмæ цæуы фыццаг сæдæйы ны-
мады æгъдауыл, æрмæст сæдæтæ цæуынц хицæнæй
нымад (сæдæ дыууын фондз, сæдæ фæндзай фондз
æмæ а. д.). 2. Дæсгæйттæй нымады дæсты нæмттæ
сты: дыууын, æртын, цыппор, фæндзай, æхсай, æвдай,
æстай, нæуæдз. 3. Цæгат Ирыстон чысыл республикæ
у: йæ фæзуат æдæппæт у аст мин квадратон кило-
метры. 4. Зæххы диаметр у æртæ мины цыппарсæдæ
æвдай аст километры. 5. Терчы дæргъ у æхсæзсæдæ
километры. 6. Дæсæй раппар цыппар, æмæ уыдзæ-
нис æхсæз. 7. Авдмæ бафтау фондз, æмæ уыдзæнис
дыууадæс.
394 фæлтæрæн. Зæгъут-ма, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц
бæрцон нымæцонтæ. Цавæр хауæнты сты нымæцонтæ?
Бæрцон нымæцон æмæ номдар иумæ бастæй
вæййынц иу хъуыдыйады уæнг: арæхдæр сæйрат,
зæгъинаг кæнæ æххæстгæнæн. Æнæ номдарæй
бæрцон нымæцон хъуыдыйады уæнг фæаразы
йæхæдæг иунæгæй. 3 æ г ъ æ м: 1. Сценæмæ
рацыдис дыууæ лæппуйы. 2. Фондз дыууæйыл нæ
уары.
395 фæлтæрæн. Æрхъуыды кæнут алы дзырдбастимæ дæр дыууæ хъуы-
дыйады, номдартæ алыхуызон хауæнты æвæргæйæ.
Дыууадæс сомы, нудæс капеччы, дыууæсæдæ метры,
дыууын фондз скъоладзауы.
396 фæлтæрæн. Ныффыссут, дзырдбаст æртæ æмбалы æххæстгæнæн
кæм уа, ахæм æртæ хъуыдыйады.
397 фæлтæрæн. Ныффыссут фæйнæ æртæ хъуыдыйады. Пайда кæнут
нымæцонтæй. Зæгъут, бæрцон нымæцонтæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ
сты?
398 фæлтæрæн. Ныффыссут архæйдтытæ дзырдтæй. Нымæцонтæн сæ
сæрмæ фæбæрæг кæнут хауæн.
144
Хуыз. æг: 12 — 3 = 9. Дыууадæсæй æртæ куы
раппарай, уæд уыдзæнис фараст.
19 — 7 = 28 — 7 =
25 — 6 = 45 — 16 =
38 — 9 = 56 — 7 =
22 — 18 = 85 —15 =
399 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Нымæцонты бын бахахх
кæнут. Бамбарын сын кæнут сæ растфыссынад.
1. Таймураз фондзыссæдз ныхмæлæууæг лæджы раз
йæ сæр не 'ркъул кодтаид. (Гæд. С.) 2. Зындгонд ахуыр-
гонд Абайты Васо фæцардис фондзыссæдз азæй
фылдæр. 3. Коцойты Арсены фыццаг радзырдтæй иу
у «Фынддæс азы». 4. Уæрæсейы хъæбатыр авиаторты
'хсæн сты Ирыстоны дæсгай æмæ сæдæгай фырттæ æмæ
чызджытæ, уыдонимæ æстдæс Советон Цæдисы
Хъæбатыры.
§ 61. Рæнхъон нымæцонтæ.
400 фæлтæрæн. Ныффыссут нымæцтæ дамгъæтæй. Зæгъут, куыд арæзт
цæуынц рæнхъон нымæцонтæ?
1. Хетæгкаты Къоста райгуырди 1859 азы, мæлгæ та
акодта 1906 азы. 2. Коцойты Арсен райгуырди 1872
азы, мæлгæ та акодта 1944 азы. 3. Гæдиаты Секъа рай-
гуырдис 1855 азы, мæлгæ та акодта 1915 азы. 4. Гæдиа-
ты Цомахъ райгуырди 1882 азы, мæлгæ та акодта 1931
азы.
Рæнхъон нымæцонтæ арæзт цæуынц, бæрцон
нымæцонтæм фæсæфтуан æм- æфтаугæйæ. Цалдæр
нымæцонмæ та (фыццаг, дыккаг, æртыккаг) æфтыд
цæуы фæсæфтуан-аг. Ацы нымæцонтæм ма
фæсæфтуан аг-ы фæстæ бафтауæн вæййы -æм дæр:
фыццаг — фыццæгæм.
Фиппаинаг: Стæм хатт нымæцонты
вæййы фæсæфтуан æймаг дæр: фæндзæймаг,
дæсæймаг.
10 Иром кизалжы чпмьп 5 къл
145
401 фæлтæрæн. Ныффыссут æххæст дзуæппытæ ацы фæрстытæн. Нымæ-
цонтæ æмæ номдартæй конд дзырдбæстыты æвæрут цавды нысан. Цы
фæбæрæг кæнæм: а) 1 январы, æ) 23 февралы, б) 8 Мартъийы, в) 1 Майы,
г) 9 Майы.
НР. 402 фæлтæрæн. Ныффыссут радзырд ацы фæрстытæм гæсгæ.
НÆ ХÆДЗАР.
Кæд арæзт æрцыд нæ хæдзар? Цал уæладзыджы дзы
ис? Мах кæцыйы цæрæм? Цал уаты ис нæ хæдзары?
Цас у нæ хæдзары фатеры фæзуат? Цал рудзынджы ис
мæ уаты? Цал бинойнаджы ис нæ хæдзары? Цалгай азтæ
цæуы мæ ныййарджытыл, хотыл, æфсымæртыл? Цалæм
дæн бинонты æхсæн? Цал азы мыл цæуы? Кæцы скъо-
ламæ цæуын?
НР. 403 фæлтæрæн. Ныффыссут 7—8 хъуыдыйады уе скъолайы кæнæ
уæ къласы тыххæй, бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæй пайда кæнгæйæ.
404 фæлтæрæн. Базонут æмæ ныффыссут: а) кæд райгуырд Нигер?;
æ) кæд рацыди мыхуыры Къостайы «Ирон фæндыр»?; б) кæд райгуырд
æмæ кæд амард Хозиты Яков?; в) кæд райгуырд æмæ кæд амард Кочыса-
ты Мухарбег?
405 фæлтæрæн. Зæгъут, алы нывы дæр сахат цавæр рæстæг амоны,
уый.
НР. 406 фæлтæрæн. Дзуапп раттут ацы фæрстытæн:
1. Кæд райгуырди (аз, мæй, бон) дæ фыд кæнæ дæ
мад?
146
2. Кæд бацыдис скъоламæ æмæ йæ кæцы аз фæцис
каст?
3. Скъолайы фæстæ кæдæй кæдмæ фæцахуыр кодта
æндæр ахуыргæнæндоны кæнæ фæкуыста исты куыст-
уаты?
4. Кæд рацыди пенсимæ кæнæ æндæр куыстмæ?
Нымæцоны тыххæй цы æрмæг ахуыр кодтой,
уый зæрдыл æрлæууын кæнын.
1. Цавæр ныхасы хай у нымæцон?
2. Цавæртæ вæййынц нымæцонтæ сæ нысаниуæгмæ
гæсгæ?
3. Цавæртæ вæййынц нымæцонтæ сæ арæзтмæ гæсгæ?
Æрхæссут дæнцæгтæ æппæт хуызтæй дæр?
4. Куыд арæзт цæуынц рæнхъон нымæцонтæ?
5. Куыд баст цæуынц номдартимæ бæрцон, рæнхъон
æмæ дихон нымæцонтæ?
407 фæлтæрæн. Бахъуыды кæнут нымæцон æвзарыны фæтк йæ хуы-
зæгимæ.
1. Райдайæн формæ.
2. Бæрцон, рæнхъон, дихон æви мурон?
3. Хуымæтæг, вазыгджын æви амад?
4. Хауæн.
5. Нымæц.
6. Хъуыдыйады цавæр уæнг у?
X у ы з æ г: Ссæдз азмæ азгай æххуырсты цыдтæн.
1. Ссæдз у нымæцон.
2. Йæ райдайæн формæ у ссæдз.
3. У хуымæтæг, бæрцон нымæцон.
4. У номдаримæ баст æмæ уымæ гæсгæ нæ ивы ха-
уæнтæм æмæ нымæцтæм гæсгæ.
5. Ады хъуыдыйады номдаримæ бастæй у афоны фа-
дат.
408 фæлтæрæн. Рафыссут нымæцонтæ. Равзарут сæ уæлдæр лæвæрд
хуызæгмæ гæсгæ.
Арвы талынг къуымы иу лæппын стъалы мынæг рухс
æфтауы. (Чедж. Г.) 2. Æртындæс азы йеддæмæ нæма
147
цыди Хъауырбегыл, йæ фыд Алихан мин фарастсæдæ1!
цыппор фыццæгæм азы Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ куы
ацыди, уæд. (М. д.) 3. Кæрдотæ иугай фезгъæлдысты.
4. Хуыздæр докладгæнджытæн радтой фарастсæдæ нæуæдз
фæндзгай сомтæ. 5. Колхозы дыргъдоныæртæ фæндзæмы
уыдысты кæрдо бæлæстæ. 6. Машинæ сахатмæ ацыди
нæуæдз æртæ æнæхъæны æмæ æртæ дæсæм километры.
НР. У. Бæрæггонд дзырдбæстытæ уырыссагау зæгъут.
Фæлтл»р*гитя\ афæдзы дæргъы цы æрмæг ахуыр
кодтой, уый зæрдыл æрлæууын кæнынæн.
409 фæлтæрæн. Фыццаг рафыссут хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ,
стæй та вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Æрхæцæн нысæнттæ сæ æвæрут, куыд
æмбæлы, афтæ.
1. Ныхасы адæм сыстадысты æмæ ацыдысты
фæйнæрдæм ныхасгæнгæйæ. (Аргъау). 2. Мит-иу арф
æруарыдис, æмæ-иу бынтондæр сæхгæдта хæххон
къахвæндæгтæ. (Боц. Б.) 3. Фос сæгъты фæстæ
къæдзæхтæм ссыдысты æмæ кæрæдзийы фæдыл иу
халæй æхсæрдзæнмæ арæхыс сты. (Дзес. К.) 4. Уæлæмæ
рагъы 'рдæм скастæн, æмæ мæ уд мæ къæхты бынæй
агæпп ласта. (Дзес. К.) 5. Къæвда рагæй нал уыдис, æмæ
уалдзыгон фæндаг рыг калдта. (Дзат. Т.) 6. Мæйы
фæлурс тынтæ гæзæмæ фæзынынц, фæлæ та уайтагъд
сау мигътæ дзыгуырæй æрбацæуынц. (Цæг. М.)
410 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдты рахицæн кæнут дзырдбæстытæ.
Фæрстыты руаджы сбæрæг кæнут сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ.
цавæр?
X у ы з æ г: Зæрин хур.
1. Зæрин хур йæ цæст ахаста дунейыл. 2. Хæхтæй
дымдта райсомы уддзæф, ныттыхсти лæппуйыл. (Цæг. М.)
3. Рухс уæлахизæн кады зарджытæ мах кæддæриддæр
райгæ зардзыстæм. (Гул. А.)
411 фæлтæрæн. Рафыссут скъуыддзаг уæ тетрæдтæм. Хъуыдыйæдтæ
кæрæдзийæ хицæн кæнут æмæ æрхæцæн нысæнттæ, куыд æмбæлы, афтæ
æвæрут.
148
Сæумæцъæхтыл нæ къорд хърихъуппыты балау
атъанг рахиз рагъыл уæлæмæ цалынмæ нæма æрба-
рухс уæдмæ сивгъуыйын хъæуы тигъ-тигъ йæ
бæрзондмæ астæуæй дæлæмæ ныххуылыдз стæм
æртæхæй куыд уæлæмæ зайæгхал кæны ныллæгдæр
хорз æрбарухс æмæ кæсæнцæстытæй нæ алфамбылай
дардыл уынæм æппæт дæр фæлæ цъиузмæлæг
никæцæй зыны нæ лæгæт баззад тынг дард дæлиау.
/Гæл. А./
У. Бæрæггонд дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйад уырыссагау зæгъут.
Сæ загъды нысанмæ гæсгæ цавæр хъуыдыйæдтæй конд у ацы скъуыд-
дзаг?
412 фæлтæрæн. Бакæсут ацы хъуыдыйæдтæ æмæ раиртасут, цавæртæ
сты сæ загъды нысанмæ гæсгæ. Цавæр æрхæцæн нысæнттæ æвæрын хъæуы
сæ кæрæтты? Хъуыдыйæдтæ уæ тетрæдты ныффыссут.
1. Фæлæ уыцы сынты базыры хуызæн æфсургъ йæ
размæ кæцæй тахт (Æгъ. С.) 2. Адæмы ныхмæ цы уæ-
йыг фæлæудзæн Чи сыл фæуыдзæн уæлахиз æхсарæй
(Гæд. Ц.) 3. Гъæйтт, лæппутæ, уæ хаст бæхты хорæй
æфсадут, хъазтæлвæстæй*, гæрзифтонгæй* хæстмæ ра-
цæут (Нигер). 4. Зын фæндагыл кæд нæ уыди рæдыд та
(Ходы К.) 5. Æз цагъайраг нæ дæн, æз нæ хæссын къæлæт
Фæлтау дардыл мæ туг, донау уайæд, кæлæд (Нигер).
6. Кæмдæр чидæр зары йæ тыхджын хъæлæсæй, зарæг
зилдух кæны арф кæмтты, æрхæццæ ардæм, хъæдмæ
(Бес. Т.) 7. Скъоладзаутæ басабыр сты æмæ сын ахуыргæнæг
бакастис ног уацмыс
413 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæ равзарут уæнгтæм гæсгæ.
1. Æхсæвы дымгæ ныззылди, арв æрбахгæдта сауда-
лынг мигътæй. (Н. к.) 2. Рог машинæ сосавæндагæй
галиуырдæм фæзылд, хурсыгъд кæрдæгыл афæд кодта.
(М. С.) 3. Каспийы денджызы былыл æнкъардæй лæууы
бæрзонд, цъæх дурæй амад мæсыг. (Епх. Т.) 4. Бæлæсты
къуыбæрттæ ратынг сты æмæ ранæй-рæтты хæлын рай-
дыдтой. (Бог. У.)
41.4 фæлтæрæн. Ацы цыбыр хъуыдыйæдтæй саразут хуымæтæг даргъ
хъуыдыйæдтæ æмæ сæ ныффыссут.
149
Лæппу фæцæуы. Хур скасти. Мæргътæ зарынц. Стъа-
лытæ тыбар-тыбур кæнынц. Æртæхтæ хауынц. Ма-
шинæтæ згъорынц. Фæсивæд кафынц. Саби худы. Лæг
бады.
415 фæлтæрæн. Рафыссут ацы хъуыдыйæдтæ. Сидæнты бын бахахх
кæнут. Æрхæцæн нысæнттæй сæ раст хицæн кæнут.
— Хорз лæг фæлæуу-ма!.. Æз дæуæй зæгъын, дæуæй!..
— æвиппайды фехъуыст мæ фæстæ кæйдæр
тызмæг,нæргæ хъæлæс. Æз фæлæууыдтæн, кæд та,
зæгъын, исты æгъдау фехæлдтон æмæ мæнмæ дзыр-
дæуы. — Лæг дæм куы дзуры, уæд цæуылнæ æрлæууыс
æфсымæр?! /Бас. М./
Дæумæ бæллын сыгъзæрин хур дæумæ цæуын мæ
амондгур. (Хъамб. М.)
416 фæлтæрæн. Ацы хъуыдыйæдтæ бакæсут, бацамонут авторы дзырдтæ
æмæ комкоммæ ныхæстæ. Рафыссут сæ, комкоммæ ныхæстæ авторы
дзырдтæй хицæнгæнгæйæ.
1. Сослан тыхджын уæйыг Мукарайы куы басаста,
уæд ын афтæ зæгъы æз Нарты Сослан кæй дæн, уый ды
нæ зоныс? (Н. к.). 2. Размæ хъуысы алырдыгæй коман-
дирты хъæр. 3. Цæмæн афтæ зæгъыс схуыстæй сдзырд-
та Сабан. 4. Ды цы ахъуыды кодтай афарстон æй мæ
катайæ. 5. Йсты скомдзаг кæн, дысон дæр æххормагæй
ныххуыссыдтæ цæхгæрæй ныллæууыд мад æмæ лæппу
дæр уæлдай ницыуал загъта. (Дзес. К.) 6. Хур дзæвгар
суадис, афтæ йæм рудзынг бахостæуыд дзырдæуы дæм,
æмбал хистæр агроном. (Бес. Т.)
417 фæлтæрæн. Равзарут дзырдтæ сæ кондмæ гæсгæ.
Дзурагæн, уæлхæдзарæй, рахæссинагæн, æнæба-
кæнгæ, æгуыст, дæлвæзтæ, æмбал, бакæндзæнис, рав-
зæрдысты, фембæлд, фæкаст.
418 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Сæвæрут дзы цавды
нысæнттæ. Иумæйаг цавд цы дзырдтыл хауы, уыдон уæле бæттут
къæл æтгæндтæй.
X у ы з æ г: мæйы фæлурс^гпынтæ.
1. Мæйы фæлурс тынтæ гæзæмæ фæзынынц, фæлæ
та уайтагъд сау мигътæ дзыгуырæй æрбацæуынц.
150
(Цæг. М.) 2. Дыдзы хуры тынтæ, астæумæ кæрдæг,
бæхты цъынд цæстытæ, лæппын тæрхъусы удисæн
хъæр, цæвæджы комыл туджы æртæхтæ, мæ фыды
цæсгом æмæ уыцы ставд дыууæ цæссыджы. (Æгъ. С.)
3. Акæс-ма, дæ хорзæхæй, адæм сæргуыбыр æмæ уæн-
тæхъилæй баззадысты, худын нал фехъусдзынæ, за-
рын дæр афтæ. (Коц. А.)
419 фæлтæрæн. Зæгъут, бæрæггонд дзырдтæ иунысанон сты æви бирæ-
нысанон. ^афыссут бирæнысанон дзырдтæ, сæ нысаниуджытæ сын дзырд-
бæстыты фæрцы æргом кæнгæйæ. Ссарут скъуыддзаджы синонимтæ.
X у ы з æ г:
а) зæронд (ома ивгъуыд) дуг,
æ) зæронд (ома рагон) бæлас,
б) зæронд (ома дæрдджын) къаба.
Зæронд тæрс бæласау кадджынæй фæцард йæ мыг-
гаджы астæу цыбырастæу тæгæр дæр. Фæлæ ныр базæ-
ронд æмæ йæ тæккæ бæстастæу, йæ рахиз цонджы бын,
фæмæра. Мыдыбындзытæ уыцы мæрайы æрбынат код-
той. Фæхастой йæм мыд, зымæгмæ дзы дзаджджын
æвæрæнтæ скодтой. Иу райсом мыдыбындзытæ ра-
тахтысты бæласы мæрайæ æмæ ацыдысты мыд
хæссынмæ.
Бæстæ уыд сабыр, æнæуддзæф3.
Гаглойты Владимир.
420 фæлтæрæн. Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ къæлæтты æвæрд
дзырдтæй.
1. «Не 'фсин, ныхæстæ дæр хорз сты, фæлæ ирон
хæдзар (стъолæй, фынгæй) фидауы», — сдзырдта
хæдзары хицау йæ (къаймæ, къæбæргæнæгмæ). 2. «Кæ-
дæй-уæдæй нæм дæ, исты-ма (ахæр, аууил)», — дзырд-
та сылгоймаг йæ сыхагæн. 3. (Къæсхуыр, мæллæг)
дзидзайæ хæрзад хæринаг нæ уайы. 4. Сарайæ сæрды-
гон хæдзармæ уыди (къуындæг, нарæг) дуар.
421 фæлтæрæн. Рафыссут хъуыдыйæдтæ. Бирæон нымæцы номдартæн
сæ фарсмæ къæлæтты фыссут сæ иууон нымæц, иууон нымæцы чи ис,
уыдонæн та сæ бирæон нымæц. Бамбарын кæнут, уыцы дзырдты бирæон
нымæцы цавæр мырон ивддзинæдтæ цæуы.
151
X у ы з æ г: рудзгуыты (рудзынг) æвгтæ (авг)
дымгæмæ зыр-зыр кодтой.
1. Рудзгуыты æвгтæ дымгæмæ зыр-зыр кодтой.
(Цæг. М.) 2. Уæд иу хатт куывды рæстæджы уыцы
чызджытæй иуы, йæ дзыккутæ æхсæвау сæнтсау кæмæн
уыдысты æмæ хæрз уæздан чи уыд, уыцы чызджы ас-
къæфта уæларвæй æртæхгæ цæргæс. (М. Г.) 3. Хæххон
хур ын тынг басыгъта йæ цæсгомы цъар, ноджы сау-
дæр дардтой йе стыр цæстытæ, бæлвырддæр уыдысты
чызгон къæлæс æрфгуытæ. (Кос. С.) 4. Мæйы урс-
урсид тынтæ згъæлдысты æрдзыл. (Епх. Т.) 5. Цæга-
таг уазал уддзæф сусу-бусу кодта бæлæсты бур-бурид
сыфтæримæ.
Бацамонут, æрмæст иууон нымæц кæмæн ис, уыцы номдартæ.
422 фæлтæрæн. Хицæн къордты рафыссут æд номдартæ миниуæгæв-
дисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ. Миниуæгæвдисæг миногонтæн сæ
сæрмæ фæнысан кæнут бæрцбарæнтæ.
Зæронд фыййау Асæгоимæ нæ фосы дзугтæ уæтæры
сæрмæ æрбаздæхтам... Уæдмæ мæй дæр цæлхыдзагæй
стылдис фæсхохæй. Йæ сыгъзæрин тынтæ парахатæй
байтыдта сæрдыгон хъæд æмæ нæутыл.
Уалыты Лаврент.
423 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæй рафыссут миногонтæ æмæ нымæцонтæ
номдартимæ бастæй. Дзырдбæстыты сæвæрут цавды нысæнттæ.
X у ы з æ г: зæрднд тымбыл фынджы.
Зæронд тымбыл фынджы раз ирон конд ныллæг бан-
доныл бады ацæргæ лæг æмæ хæры æхсыры сæндæг4.
(Мамс. Д.) 1924 азы февралы мæй, изæрæй 5 сахатмæ
æввахс иу чысыл, хъæмпæй æмбæрзт къæсы, йæ къух
рудзынджы тæрхæгæй йæ сæрмæ саразгæйæ, æмпылдæр-
фыг, кæуындзастæй бадтис бæзæрхыг, домбайарæзт
сылгоймаг. (Мамс. Д.) Бамыр и тар хъæд. Ныхъхъус и.
Йæ сæрмæ сау-сауид бæзджын хъæццул æнусон
бæлæстыл æрæнцад, æмæ байгомыг сты уыдон дæр.
Æрмæст исдугæй фæззыгон дымгæ лæбурæгау куы ра-
кæны, уæд сæ сыфтæртæ сыбар-сыбур сисынц, æнæвгъау
акалынц сæ цæссыг. (Бук. А.)
152
424 фæлтæрæн. Рафыссут скъуыддзаг. Ссарут дзы сæрмагонд æмæ
æххуысгæнæг ныхасы хæйттæ. Сæ сæрмæ сын цыбыртæй фæнысан кæнут
сæ нæмттæ. Фыццаг хъуыдыйады номдартæ равзарут фæткмæ гæсгæ.
Иосеб йæ хъæубæсты адæмимæ дзæбæх æнгомæй
цæры, алы хæдзармæ дæр раст йæхи хæдзары хуызæн
бараст вæййы æмæ бафæрсы: «Куыд стут, цы стут?»
Уый фæстæ ноджы афæрсы: «Уæд аууилинаг æмæ
аназинагæй та куыд стут?» Афтæ гъе! Зынæрвæссон-
дзинадæй йæм ницы ис, мæгуырдæр цы хæдзар у,
уырдæм æй куы хонынц, уæддæр æнæзивæг ацæуы
æмæ хорз хæргæ дæр бакæны, нуазгæ дæр.
Коцойты Арсен.
425 фæлтæрæн. Бакæсут хъуыдыйæдтæ. Ссарут сæ номдартæ æмæ
зæгъут, кæцы хауæнты æвæрд сты æмæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты.
Зæххы къорийыл алы адæм дæр цуан кодтой, кæнынц
æмæ кæндзысты, фæлæ дзы алы адæмы цуанæттæм дæр
ис сæхи æвзаг, сæхи зарджытæ, кæд бирæ хъуыддæгты
кæрæдзимæ хæстæг сты, уæддæр. Цуанæтты æгъдæуттæ,
зарджытæ иу фæлтæрæй цыдысты иннæ фæлтæрмæ æмæ
афтæмæй сæ фæд ныууагътой адæмы царды уагыл, сæ
культурæйыл, сæ зондахастыл. /Хъес. В./
426 фæлтæрæн. Равзарут номдартæ æмæ сын сбæрæг кæнут сæ арæзт.
X у ы з æ г: сывæллæтлЩ
1. Уыдон сывæллæттæ сты, сæхи æрæмбардзысты.
(Мал. В.) 2. Йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн
кæрон кæм уыди? (Къ). 3. Йæ гæххæттытæ скъаппы
æфснайдта. (Фæрн. Дз.) 4. Рагон мæсгуытæ нырма бирæ
ис Ирыстоны кæмтты. (Мах д.) 5. Адæймаг зынтæ цас
фены, хорздзинæдтæ дæр уыйас уыны. (Гæд. С.) 6. Æнæ
адæмæй хур нæ тавы, зæхх нæ зилы, быдыр тыллæг нæ
дæтты. (Æгъ. Æ.) 7. Иу рувасæй дыууæ цармы не стыгъ-
дæуы. (Æмб.) 8. Бæлас йæ цъуппæй фадын хъæуы.
(Æмб.) 9. Адæм тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой ар-
тистты кафтæн.
427 фæлтæрæн. Бакæсут скъуыддзаг. Сбæрæг кæнут номдартæн сæ
хауæнтæ.
Зæгъут, цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты.
153
Фæззыгон цъæх мигъ сыстад быдырæй. Ногæй раирд
и арв. Гæзæмæ æрæндæвтой сæууон хуры тынтæ. Дысо-
ны халас атади бæлæсты сыфтæртыл. Фæззыгæндты
ногдзыд æвзартæ та сæхи сивæзтой хуры хъарммæ.
Фæндаггæрæтты фæбур и кæрдæг. Æрбампылдысты бы-
дираг дидинджыты рæсугъд сыфтæ æмæ уыцы æууад-
хуызæй лæууынц сæ хус зæнгтыл. Æрбадымдзысты ма
иу хатт уазал дымгæтæ, æмæ бынтондæр æрызгъæлдзыс-
ты зæхмæ. (Цыр. М.)
428 фæлтæрæн. Рафыссут дзырдтæ. Сбæрæг кæнут бирæон нымæцы
арæзты хицæндзинæдтæ.
Кæсæгтæ, хæрзтæ, дзурджытæ, фысджытæ, мадæлтæ,
фыдæлтæ, æрвадæлтæ, кæрчытæ, лæдзджытæ, хуынчъы-
тæ, уæрыччытæ, æрфгуытæ, фæрдгуытæ, кæртытæ,
кæмттæ, рæттæ, аргъæуттæ, æккæйттæ, хæлттæ,
цъæрттæ.
429 фæлтæрæн. Хъуыдыйæдтæй рафыссут миногонтæ æмæ номдартæй
арæзт дзырдбæстытæ. Зæгъут, куыд баст цæуынц уыцы ныхасы хæйттæ?
1. Хуры фæстаг тынтæ ма доны уæлцъарыл, фæзтыл
сæхи æрбасæрфтой. Стæй бæрзонд хæхты уæхсчытæй
фæстаг салам лæвæрдтой зæххы фырттæн, зæххы
цæуæтæн... Тындзынц æрдзы мæгуыр хъæбултæ...
Мæргътæ — сæ ахстæттæм, сырдтæ — сæ лæгæттæм.
Куыстдомд, фæллад адæм здæхынц къордгай быдыртæй
сæ хæдзæрттæм. (Фæрн. Дз.) 2. Хорзæй хорз зæгъын
хъæуы. (Æмб.) 3. Æгады цардæй — мæлæт хуыздæр, —
уый дын ирон адæймаджы нысан. (М. д.)
430 фæлтæрæн. Рафыссут номдартæ бирæон нымæцы æмæ зæгъут, куыд
арæзт æрцыд сæ бирæон нымæцы формæ?
1. Куыста Виктор æмæ йæм цæй кусыны зæрдæ уыди
— йе 'мгæрттæй фæсте ничиуал баззади, хæсты артмæ
кодтой хистæрты, хæрз æрыгæтты. (Бицъ. Г.) 2. Хъæуы
нæлгоймæгтæ сывæллæттæн сарæзтой хъазæндæттæ.
3. Сахаты фæстæ хъæугæронæй æрбазындысты чындз-
хæсджыты машинæтæ.
ДЗЫРДУАТ
Алдымбыд
Антоним
Æгæрон
Æдзæмæй
Æрдуз
Æрхæмттæ
Æрдонг
Æфсæн
Æфсургъ
Æфцæг
Æхсæлы
Бæртæ кæнын
Дари
Дыдзы хур
Джиппæйфыст
— хæрдгæбос, уырыссагау —
тесьма. Алдымбыд хуыдтой
цухъхъаты æмæ куырæтты
кæрæттыл, кодтой дзы
æгънæджытæ.
— грекъаг дзырд, анти —
ныхмæ, онима — ном.
— кæрон кæмæн нæй.
— æнæуынæрæй, æнæзмæлгæйæ.
— хъæды астæу, бæлæстæ кæм
нæ зайы, ахæм бынат.
— тугамæстытæ, тугæйдзæгтæ.
— бал, къорд.
— æфсæйнаг.
— аргъауы бæх.
— фæндаг хæхты сæрты.
— хихджын бæлас кæнæ къутæр
кипарисы мыггагæй. Уырысса-
гау — можжевелъник.
— æвæрæнтæ кæнын.
— зæлдаг.
— ныгуылæны размæйы
лæмæгъ хур.
— хъуымацы хуыз, уырыссагау —
ситец.
155
Дзывыр
Егар
Еблуагъæ
Емылыкк
Ерæдзыпп
Ердо
Зæрæхсид
— гутон (хъæдæй арæзт).
— куыдз.
— афтæ фæзæгъынц, искæй
хæдзармæ куы фæхонынц, уæд.
— бадгæ кæуыл нæма кодтой,
ахæм бæх.
— рагон топп, хъыримаг.
— рагон хæххон хæдзары цары
хуынкъ фæздæг æддæмæ цæуы-
нæн.
— арвы кæрон хурныгуылды рæс-
тæг сьфх куы адары, уæд уый.
Зæрдывæрдæй
Зæрингуырд
Зæринфæлыст
Зыгъарæг
Ивар хъæд
Къардиу
Кæрддзæм
Ком
Кукатæй
Къона
Къудзи
Мæскъ
Рæхыс
— наизусть.
— сыгъзæрин, æвзист, зынаргъ
дуртæй дзаумæттæ аразæг.
— сыгъзæрин фæлыст.
— уырыссагау — барсук.
— цæуæн кæдæм нæй, ахæм
хъæд (заповедник).
— уырыссагау — овраг.
— уырыссагау — ножны.
— нарæг, арф дæлвæз.
— тымбылтæй.
— артдзæст, уырыссагау — очаг,
— къутæр, гыццыл зайæгой
бæласы хуызæн.
— дон кæм цыди, ахæм ауæдз.
— къонайы сæрмæ аг ауындзæн
Пинегж
дзаума, æфсæйнаг цæгтæй конд.
— цæрæн бынат Архангельскы
облæсты.
156
Ривæд кæнын
Саади
Сæвн
Сæрвæлтау
Сæрвæт
Сæуæхсид
Стъæлфæн
Сы (тæ)
Тæнзæрдæ
Уарт
Уæлвæз(тæ)
Уæлвонгæй
Фатдон
Фæлхæтæг
Фæрск
Фæсал
Фæлтæр
Фæлтæрд
Фистон
Хосе Марти
Хъæлæба
Хъомысджын
Хъочах
Цæд
Цæуæт (цот)
— фосы улæфт боныгон.
— рагон персайнаг поэт.
— уæрх.
— сæраппонд.
— фосхизæн.
— арвы кæрон хурыскасты
размæ куы фæсырхбын вæййы,
уæд уый.
— цæхæр.
— сыкъа (тæ).
— лæмæгъзæрдæ.
— уырыссагау — щит.
— лæгъз быдыр къуыпгондыл.
— бæрзондæй.
— фæттæ æвæрæн.
— хъарм бæстæм тæхæг.
— уырыссагау — ребро.
— хус кæрдæг.
— цъар.
— зындзинæдты чи сфидар ис,
ахæм.
— карды хæцæн.
— кубæйаг поэт-революционер.
— хъæр.
— йæ бон бирæ кæмæн у, ахæм.
— гуырдзиагау — сæрæн.
— дыууæ галы ифтыгъдæй.
— уырыссагау — потомство.
157
ДИКТАНТ ЧИНЫГМÆ ГÆСГÆ.
1. Текст лæмбынæг бакæсут, йæ мидис ын бамбарут.
2. Цух æмæ бæрæггонд дамгъæты растфыссынад бам-
барын кæнут.
3. Текст дыккаг хатт бакæсгæйæ æрлæуут, гуырысхо
ма цы дзырдты растфыссынадыл кæнут, уыдоныл. Ба-
цархайут сæ растфыссынады æгъдау зæрдыл æрлæууын
кæныныл (кæнæ бафæрсут ахуыргæнæджы).
4. Ногæй бакæсут текст æрхæцæн нысæнттæ бамба-
рын кæныны тыххæй.
ИЗЛОЖЕНИ ЧИНЫГМÆ ГÆСГÆ.
1. Текст лæмбынæг бакæсыны фæстæ сбæрæг кæнут:
а) зынæмбарæн дзырдты нысаниуæг æмæ растфыс-
сынад;
æ) текстæн йæ сæйраг хъуыды. Йæ раргом кæнынæн
цы дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ æх-
хуыс кæнынц, уыдон фæбæрæг кæнут.
2. Текст хицæн хæйттыл адихтæ кæнут, раттут сын
сæргæндтæ.
3. Бацамонут бæрæггонд дамгъæты растфыссынад æмæ
æрхæцæн нысæнтты æвæрынад.
4. Ноджыдæр ма лæмбынæг бакæсут текст.
ТАБЛИЦÆТÆ, СХЕМÆТÆ.
1. Тасындзæг.
Хауæнты нæмттæ
æххæстæй
Номон
Гуырынон
Цæттынон
Иртæстон
цыбырæй
н.
г.
д.
Ир.
фæрстытæ
чи? цы?
кæй? цæй?
кæм? цæм?
кæмæн?
цæмæн?
кæмæй?
цæмæй?
кæцæй?
Кæрæттæ
иууон ным.
—
-ы, -йы
-æн, -йæн
-æи, -иæ
бирæон ным.
-т-æ
-т-ы
-т-æн
-т-æи
158
Арæзтон
Æддагбы-
натон
Цæдисон
Хуызæнон
Ар.
Æ-б.
ц.
X.
кæмæ? цæмæ?
кæдæм?
кæуыл?
цæуыл?
кæимæ?
цæимæ?
кæйау?
цæйау? куыд?
-мæ
-ыл, -йыл
-имæ
-ау,-йау
-т-æм
-т-ыл
-т-имæ
-т-ау
2. Мивдисæджы ивынад цæсгæмттæм æмæ нымæцтæм
гæсгæ нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афонты (æрго-
мон здæхæны).
1. Æз — кусын.
2. Ды — кусыс.
3. Уый — кусы.
Нырыккон афон.
Мах — кусæм.
Сымах — кусут.
Уыдон — кусынц.
Ивгъуыд афон.
1. Æз — куыстон. Мах — куыстам.
2. Ды — куыстай. Сымах — куыстат.
3. Уый — куыста. Уыдон — куыстой.
Суинаг афон.
1. Æз — кусдзынæн. Мах — кусдзыстæм.
2. Ды — кусдзынæ. Сымах — кусдзыстут.
3. Уый — кусдзæни (с). Уыдон — кусдзысты.
3. Дзырды лексикон нысаниуæг æмбарын кæныны
фæрæзтæ.
Дзырды лексикон нысаниуæг
æмбарын кæныны фæрæзтæ
1. Дзырд цы предмет
æвдисы, уымæн йæ
миниуджытæ амоны-
ны руаджы
2. Хæстæг дзырдты
(синонимты) руаджы
Дзырд
уæззау
тых-
джын
Йæ нысаниуæг
йæ уæз стыр,
бирæ кæмæн у,
ахæм.
хъаруджын
159
3. Дзырды хæйтты
нысаниуджытæ
равдисыны,
бацамоныны фæрцы.
дзураг
дзурын бирæ чи
уарзы, ахæм
4. Ныхасы хæйттæ.
Сæрмагонд
Номдар
Мивдисæг
Миногон
Нымæцон
Номивæг
Фæрсдзырд
Æххуысгæнæг
Разæвæрд
Фæсæвæрд
Бæттæг
Хайыгтæ
Æвастхъæр
5. Миногоны бæрцбарæнтæ.
Бындурон бæрц
тæвд (бон)
Барæн бæрц
тæвддæр
Уæлахизон бæрц
æппæты (иуыл, тæккæ)
тæвддæр
6. Нымæцонты хуызтæ сæ амындмæ гæсгæ.
1 Бæрцон
дыууæ
æртæсæдæ
мин
Рæнхъон
дыккаг
æртæсæдæ-
йæм
минæм
Дихон
дыгай
æртæсæдæ-
гай
мингай
Мурон
дыууæ æртык-
кæгæм хайы
цыппар æртæ-
сæдæйæм хайы
иу минæм хай
7. Хъуыдыйады хуызтæ.
Сæ загъды нысанмæ
гæсгæ
Таурæгъон (Хур кæсы.)
Разæнгардгæнæн (Рауай
ардæм.)
Фарстон (Чи дæ?)
Сæ интонацимæ гæсгæ
Хъæрон (Ма дзур!)
Сæ арæзтмæ гæсгæ
Хуымæтæг (Цыбыр
кæнæ даргъ)
Вазыгджын
160
8. Хъуыдыйады уæнгтæ.
Сæйраг уæнгтæ
сæират
зæгъинаг
Фæрссаг уæнгтæ-
æххæстгæнæн
бæрæггæнæн
фадатон дзырдтæ
9. Дзырдты хæйттæ.
Уидаг: -" -
Разæфтуан: 1
Фæсæфтуан: / \
Кæрон: {_]
зæххæн
æмвæнд
дурджын
барЦЦ
ЦЫБЫРГОНД НÆМТТÆ ЧИНЫДЖЫ
Ад. сфæлд. — Адæмон сфæлдыстад
А. П. — А. Пушкин
Аргъ. — Аргъау
Айл. Ч. — Айларты Чермен
Æмб. — Æмбисонд
Бар. Г. — Барахъты Гино
Бас. М. — Баситы Мысост
Бæд. Хъ — Бæдоаты Хъазыбег
Бек. А. — Бекмæрзты Афон
Бекъ. Е. — Бекъойты Елиоз
Бер. А. — Берозты Аслæнбег
Бицъ. Г. — Бицъоты Гриш
Бог. У. — Богазты Умар
Бук. А. — Букуылты Алыксандр
Гагл. В. — Гаглойты Владимир
Гаг. Р. — Гаглойты Рутен
Гал. Н. — Галуанты Никъала
Гафез — Гаглойты Федыр
Гæд. Ц. — Гæдиаты Цомахъ
Дарч. Д. — Дарчиты Дауыт
Джим. Г. — Джимиты Георги
Дж. X. — Джиоты Хазби
Джус. Н. — Джусойты Нафи
Дзаб. X. — Дзаболаты Хазби
Дзадт. Т. — Дзадтиаты Тотырбег
Дзас. М. — Дзасохты Музафер
Дзес. К. — Дзесты Куыдзæг
Епх. Т. — Епхиты Тæтæри
Кал. X. — Калоты Хазби
Кос. С. — Косирати Сæрмæт
Коц. А. — Коцойты Арсен
Коч. М. — Кочысаты Мухарбег
Куч« Ю. — Кучиты Юри
Къадз. С — Къадзты Станислав
Къоста — Хетæгкаты Къоста
Л. Т. — Л. Толстой
162
М. Г. — М. Горький
Мамс. Д. — Мамсыраты Дæбе
«М. д.» — «Мах дуг»
Мæрз. С. — Мæрзойты Сергей
Мырт. Б. — Мыртазты Барис
Нарты к. — Нарты кадджытæ
Нигер — Дзанайты Иван
Пл. Г. — Плиты Грис
Пл. X. — Плиты Харитон
Пух. А. — Пухаты Алыксандр
Сан. У. — Санаты Уари
Сæб. Р. — Сæбæтхъуаты Рамазан
Сечъ. Л. — Сечъынаты Ладемыр
Сотт. Р. — Соттиты Риммæ
Уал. Л. — Уалыты Лаврент
Фæрн. Къ. — Фæрнион Къоста
Хъайтт. С. — Хъайттаты Сергей
Хъамб. М. — Хъамбердиаты Мысост
Хъодз. Æ. — Хъодзаты Æхсар
Цæг. М. — Цæгæраты Максим
Цыр. М. — Цырыхаты Михал
Чедж. Г. — Чеджемты Геор
СÆРГÆНДТÆ
ÆВЗАГ — АДÆМÆН КÆРÆДЗИЙЫ ÆМБАРЫНЫ СÆЙРАГ ФÆРÆЗ.
РАЙДИАН КЪЛÆСТЫ ÆРМÆГ ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН КÆНЫН
§ 1. Дзырды хæйттæ 7
§ 2. Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад 9
§ 3. Номдарты тасындзæг 12
§ 4. Мивдисджыты ивынад 16
Фæрстытæ æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнынæн 18
СИНТАКСИС ÆМÆ ПУНКТУАЦИ
§ 5. Синтаксисы тыххæй æмбарынад 19
§ 6. Дзырдбаст —
§ 7. Дзырдбаст æвзарыны фæтк 22
§ 8. Хъуыдыйад 23
§ 9. Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмææмæ интонацимæ гæсгæ. . 27
§ 10. Хъуыдыйады уæнгтæ. Сæйраг уæнгтæ 31
§ 11. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. Æххæстгæнæн 33
§ 12. Бæрæггæнæн 37
§ 13. Фадатон дзырдтæ 40
§ 14. Цыбыр æмæ даргъ хуымæтæг хъуыдыйæдтæ 42
§ 15. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ 44
§ 16. Сидæн 48
§ 17. Хуымæтæг хъуыдыйад æвзарыны фæтк 51
§ 18. Вазыгджын хъуыдыйад 52
§ 19. Вазыгджын хъуыдыйад æвзарыны фæтк 56
§ 20. Комкоммæ ныхас 57
§ 21. Диалог 59
Фæрстытæ синтаксис æмæ пунктуацийæ æрмæг зæрдыл æрлæууын
кæнынæн 62
ФОНЕТИКÆ, ГРАФИКÆ, РАСТФЫССЫНАД
§ 22. Цы ахуыр кæны фонетикæ? Цы у графикæ? 64
§ 23. Ныхасы мырты равзæрд —
164
§ 24. Хъæлæсон мыртæ 66
§ 25. Æмхъæлæсон мыртæ 68
§ 26. Дамгъуат 70
§ 27. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонты къордтæ.
Сæ растфыссынад 72
§ 28. Хъæлæсонты фембæлд дзырдты кæрон æмæ райдайæны. Сæ
растфыссынад 75
§ 29. Уæ æмæ æуæ-йы æлвæстад. Сæ растфыссынад æмæ растдзурынад . 76
§ 30. Уæнг 78
§ 31. Дзырд иу рæнхъæй иннæмæ хæссыны æгъдæуттæ 80
§ 32. Цавд 82
§ 33. Дзырды фонетикон æвзæрсты фæтк 86
Фæрстытæ фонетикон æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнынæн ... —
ЛЕКСИКÆ
§ 34. Дзырды лексикон нысаниуæг 88
§ 35. Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ 90
§ 36. Комкоммæ нысаниуæг æмæ ахæсгæ нысаниуæг 91
§ 37. Омонимтæ 93
§ 38. Синонимтæ 95
§ 39. Антонимтæ 98
ДЗЫРДАРÆЗТ
§ 40. Дзырды хæйттæ 100
§ 41. Хъæлæсонты кæрæдзи ивынад 102
§42. Разæфтуантæ æмæ сæ нысаниуджытæ 103
§ 43. Хъæлæсонты рахауд æмæ æлвæстад разæфтуанты фæстæ . .104
§ 44. Æмхъæлæсонты кæрæдзийы ивынад дзырдтæ аразгæйæ.. . .107
§ 45. Фæсæфтуантæ 108
§ 46. Æмхъæлæсон мырты æмхуызонад дзырдтæм разæфтуантæ
æмæ фæсæфтуантæ æфтаугæйæ 109
§ 47. Аразæг бындур 111
НЫХАСЫ ХÆЙТТÆ
§ 48. Иумæйаг æмбарынад ныхасы хæйтты тыххæй 113
НОМДАР
§ 49. Номдары нысаниуæг æмæ грамматикон æууæлтæ 116
§ 50. Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ. Сæрмагонд номдарты
растфыссынад 119
§ 51. Номдарты нымæц 123
§ 52. Номдарты тасындзæг 124
§53. Номдарты бирæон нымæц аразыны хицæндзинæдтæ . . . .127
165
миногон
§ 54. Миногоны нысаниуæг 131
§ 55. Миногонты бастдзинад номдартимæ 132
§ 56. Миниуæгæвдисæг æмæ ахастæвдисæг миногонтæ . . . .133
§ 57. Миногоны бæрцбарæнтæ 136
Миногоны тыххæй цы æрмæг ахуыр кодтой, уый зæрдыл æрлæууын
кæнын 140
НЫМÆЦОН
§ 58. Нымæцоны нысаниуæг æмæ грамматикон æууæлтæ . . .141
§ 59. Нымæцонты бастдзинад номдартимæ 142
§ 60. Бæрцон нымæцонтæ 143
§ 61. Рæнхъон нымæцонтæ 145
Нымæцоны тыххæй цы æрмæг ахуыр кодтой, уый зæрдыл
æрлæууын кæнын 147
ФÆЛТÆРÆНТÆ, АФÆДЗЫ ДÆРГЪЫ ЦЫ ÆРМÆГ АХУЫР
КОДТОЙ, УЫЙ ЗÆРДЫЛ ÆРЛÆУУЫН КÆНЫНÆН . . . .148
ДЗЫРДУАТ 155
ДИКТАНТ ЧИНЫГМÆ ГÆСГÆ 158
ИЗЛОЖЕНИ ЧИНЫГМÆ ГÆСГÆ —
ТАБЛИЦÆТÆ, СХЕМÆТÆ —
Учебное издание
Джиоева Галина Хазбиевна
Дзодзикова Заида Бахтынгериевна
УЧЕБНИК
ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА
ДЛЯ 5 КЛАССА
Редактор М. А. БУДАЕВА
Художник В. С. ГАППОЕВА
Художественный редактор Г. 3. ЧЕДЖЕМТЫ
Технический редактор А. В. ЯДЫКИНА
Корректор Т. А КАЗБЕКОВА
Сдано в набор 20. 07. 01. Подписано к печати 29.04.02. формат
бумаги 60х 90 1/16 Бум. офс. № 1. Гарн. шрифта «Школьная». Пе-
чать офсетная. Усл. п. л. 10,5 Учетно-изд. л. 6,77. Тираж 5000 экз.
Заказ№ 448. С31.
Комитет РСО—Алания по делам печати и издательств.
Издательство «Ир», 362040, Владикавказ, проспект Мира, 25.
Республиканское издательско-полиграфическое предприятие им.
В. А. Гассиева. 362011, Владикавказ, ул. Тельмана, 16
ВЛАДИКАВКАЗ 2002