Текст
                    ВАЛЕНТИН КАТАЕВ
ПОЛЧЫ ХЪÆБУЛ
П О В Е С Т Ь
Уый у бирæ сахъгуырдты фæыдаг
Некрасов
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы ПАЛДЗАХАДОН РАУАГЪДаД
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ * 1948


ВАЛЕНТИН КАТАЕВ С Ы Н П О Л К А Государственкое Издательство Северо-Осетинской АССР Дзауджикау 1948
Арын дзы Катаевты Жгня æмæ Павличы ном
Уыд фæззыгон тар æхсæв. Хъæды уыди тынг уымæл æмæ уазал. Лыстæг, морæхуыз сыфтæртæ æрæмбæрзтой хъæды сау цъыфдзæстыты. Бæзджын мигъы къуымбил- тæ-иу сыстади уырдыгæй. Мæй лæууыд арвы бæстастæу. Кæд æмæ тынг ирдæй æрттывта, уæддæр йæ рухс зынæй хæццæ кодта мигъты бынæй зæхмæ. Мæйы рухс лæууыд бæлæсты фарсмæ, зылын даргъ фæрсчытау, æмæ цъыфдзасты мигъ, йæ хуыз æвиппайды, диссаджы ивд кæнгæйæ, ленк кодта уыцы рухсы. Хъæд æмхæццæ хъæд уыдис. Куы-иу мæйрухсы тыны мидæг февзæрыди бæрзонд хæдзары ’нгас наз бæласы сæнт сау æндæрг, куы-иу æттæуæзæй æрбазынд бæрз бæлæсты урс къох, куы та-иу къаннæг æрдузы, цыма инджынау фæдихтæ, ахæм, мæйрухсæй фæлурс арвы рухс- мæ бæстон бæрæг зындысты гæды бæлæсты æнæсыфтæр къалиутæ, гæзæмæ рухс сæ алфамблай, афтæмæй. 5
Æмæ кæмдæриддæр хъæд гæмæхдæр уыд, уым зæх- хыл ныддаргъ сты мæйрухсы урс тынтæ. Цыбыр ныхасæй, уый уыдис, уырыссаг лæджы зæр- дæйæн уæлдай æхсызгондæр цы фыдæлтыккон диссаджы рæсугъддзинад у æмæ адæймаджы сæры аргъауы ныв- тæ чи февзæрьш кæны, уый: паддзахы фырт Иван цъæх бирæгъыл бæхбадтæй, йæ къаннæг худ йæ сæры иу фахсыл къул кондæй, йæ фæтчийы бын кæлмæрзæны тыхт цæхæр-маргъы сис, афтæ уайгæйæ, хъæды дуаг хæйрæджы хъуынтъыз дзæмбытæ, карчы къæхтыл чи лæууы, ахæм чысыл хæдзар — сау хъæды астæу къул- бадæг усы цæрæн — æмæ ноджы бирæ, бирæ ахæм нывтæ. Фæлæ разведкæйæ фæстæмæ чи ’рбацæйздæхт, уыцы æртæ салдатæн сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыдис ацы æгомыг æхсæв Полессы тар хъæды рæсугъддзинæдтæм кæсын. Бон æмæ ’хсæвæй фылдæр фесты уыдон немыцы фæсчъылдым æфсæддон хæс баххæст кæныны фæдыл. Хæс лæвæрд та сын уыц уыдис, æмæ хъуамæ ссардтаик- кой æмæ фæнысан кодтаиккой картæйыл, знаг цы фи- дæрттæ ’рцарæзта, уыдон. Уыцы куыст иттæг зын æмæ тæссаг уыдис. Æппын- æдзух дæр быргæ фæкодтой. Æнæ уый сын цæуæн нæ уыд. Иу хатт та æртæ сахаты дæргъы, æндæр гæнæн сын куыд нал уыд, уымæ гæсгæ, уазал æмæ смаггæнаг цъыф- дзасты æнæсызмæлгæйæ фæхуыссыдысты; сæ уæлæ пæ- лæз-палаткæ æрытыдтой, уыдон сæрыл та бæлæсты бур сыфтæртæ байзæрстой, афтæмæй. Сæ хæринаг уыд—дзулы хус къæбæртæ, сæ донгарзы мидæг уазал цаимæ. Фæлæ сын утæппæтæй зындæр уый уыди, æмæ сын иу хатт дæр тамако бадымыны фадат нæ фæци. Уæвгæ та бæрæг у алкæмæн дæр: салдат æнцондæрæй быхсы æнæ хæрд æмæ æнæ хуыссæгыл, фæлæ дзæбæх хъæ- бæр тамакойæ ма спъæрт кæна, уымæн нæ фэеразы. Аф- тæмæй салдæттæ, се’ртæ дæр, сæ фыдбылызæн, æйттæй тамако дымджытæ уыдысты. Æмæ æфсæддон хæс куыд ь
хуыздæр гæнæн уыдис, афтæ йæ бæргæ баххæст кодтой: хисдæры хызыны цы картæ уыдис, уым биноныг бæрæпхж- дæй дæс ранæй фылдæр нысан уыдысты немыцы батарей- тæ, фæлæ уæддæр разведчиктæ сæхи мидæг мæсты кодтой. Нæхиуæтты кæронмæ куыд æввахсдæр цыдысты, аф- тæ сæ тамако дымын тынгæй-гынгдæр фæндыд. Чидæ- риддæр зоны, ахæм заманы лæгæн фенцондæр вæййы, мæсты ныхас куы срæтигъы, кæнæ хынджылæг куы рай- дайы, уæд. Фæлæ уавæр афтæ уыд, æмæ сын хъыпп-сыпп гæнæн дæр нæ уыди. Сныхас кæнын нæ, фæлæ ма сын фындз ныммæрзын, кæнæ схуыфæн дæр нæ уыдис: алы уынæр дæр-иу хъæрæй азæлыд хъæды мидæг. Иттæг тынг сæ хъыг дардта мæй дæр. Æндæр мадзал куыд нæ уыдис, афтæ цыдысты хæрз сыидæггай, сæ кæ- рæдзийы фæдыл, . иуæй иннæйы’хсæн æртындæс метры бæрц, афтæмæй. Цыдысты хъавгæ, цæмæй мæйрухсы ма фергом уой, стæй-иу алы фондз . къахдзæфы фæстæ æр- лæууыдысты æмæ-иу фæйнæрдæм айхъуыстой. Æппæты разæй цыдис сæ хисдæр æмæ йæ къухæй амыдта: йæ къух бæрзонд систа—сеппæт дæр æвип- пайды дзыхълæуд кодтой æмæ не змæлыдысты; йæ къух фæрсырдæм, зæхмæ амонгæйæ, фæдаргъ кодта — цæсты фæныкъуылдмæ тагъд æмæ-иу æнæ уынæрæй æрхуыс- сыдысты;йæ къухæй ацамыдта размæ—сеппæтдæр-иу цы- дысты размæ; фæстæмæ ацамыдта—уæд та сеппæтдæр цадæггай бырыдысты фæстæмæ. Раззаг кæронмæ дыууæ километрæй фылдæр нал уыдис, фæлæ уæддæр разведчиктæ цыдысты фыццаджы хуызæн хъавгæ æмæ арæхсгай. Ныртæккæ цыдысты ноджы уæлдай хъавгæдæр æмæ арæхдæр фæлæу-фæлæу гæнгæ. Бахæццæ сты сæ фæндаджы тæккæ тæссагдæр бы- натмæ. Знон изæрæй, разведкæйы куы рацыдысты, уæд ма ацы быкат уыдис немыцæн сæ арф фæсчъылдым. Фæлæ уа- вæр фендæрхуызон. Боны, хæсты фæстæ, немыц фæстæ- мæ алæууыдысты. Æмæ ныр ам, ацы хъæды, æвæццæ- гæн, ничи уыдис. Фæлæ уый хъуамæ æрмæст зынгæ аф- . (
тæ кодта. Чи зоны, ам немыц ныууагътой сæ автомат- чикгы: алы минут дæр тæссаг уыдис разы бабадæг зна- джы æфсæддонтыл хæрхæмбæлд фæуынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, разведчиктæ кæд æрмæст æртæйæ фылдæр нæ уыдысты, уæддæр сæ разы бабадджытæй нæ тарс- тысты. Уыдон уыдысты хиуыл хæцгæ, фæлтæрд æмæ цæттæ кæддæриддæр тохы бацæуынмæ. Алкæмæ дæр дзы уыд автомат, бирæ нæмгуытæ æмæ къухæй æппаргæ гранаттæ фæйнæ цыппары. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ ницы амал уыд тохы бацæуынæн. Сæ хæс уый ми- дæг уыдис, æмæ цæмæй, куыд гæнæн уыд, афтæ сабыр- дæрæй æмæ æнæбафиппайгæйæ æрбахызтаиккой нæ- хионты ’рдæм æмæ тагъддæр сæмбæлын кодтаиккой управленийы взводы командирыл, немыцаг батарейтæ ны- сангонд кæм уыдысты, уыцы картæ. Уыцы хъуыддаг сæххæсты фæдыл баст уыдис райсомы тохы рæвдздзинад дæр бирæ цæмæйдæрты. Алфамблайы алцыдæр уыд, куыд иæ вæййы, афтæ са- быр. Уый уыдис, хæрз стæм хатг цы сабырдзинад вæййы, ахæм. Дард кæцæйдæр сармадзаны цалдæр гæрахы æмæ фæрсырдыгæй пулеметы цыбыр къæркъæр куы нæ ’рбай- хъуыстаид, уæд фенхъæлæн уыди, цыма хæстæн йæ кой дæр нæй, афтæ. Фæлæ уæддæр фæлтæрд, фенæг салдат бафиппайд- таид бирæ, бирæ цæмæйдæрты, раст ам, ацы сабыр æмæ фæсфæд арф бынаты, хæст кæй æрæмбæхстис, уый. Къахы бын-иу гæзæмæ цы телефоны сырх тел февзæ- рыд, уымæй бæрæг уыд, ам кæмдæр æввахс кæй ис зна- джы командæгæнæн бынат, кæнæ заставæ. Цалдæр саст гæды бæласы æмæ æууæрст къутæрмæ бакæсгæйæ, ды- зæрдыг кæнинаг нæ уыдис, ацы ран хæрз æрæджы танк кæнæ хæдтулгæ сармадзан кæй ацыд, уый. Цæмæйдæрты арæзт бензин æмæ тæвд маслæйы мынæг, дымгæ кæй нæ- м’а фæхаста, ахæм æцæгæлон смаг æвдыста: уыцы танк, кæнæ хæдтулгæ сармадзан немыцæгтыкæйуыдысты, уый. Ранæй-рæтгц, наз бæласы къалиутæй биноныг æм- бæрзтæй, лæу>гыдысты цæттæ сугамæдты хуызæн минæты ,ч
кæнæ сармадзанты нæмгуыты рæдзæгъдтæ. Фæлæ бæрæг кæй нæ уыдис, уадзгæ сæ ны|ччынди æви сæ райсомы тох- мæ сæрмагонд сцæттæ кодтой, уый, уымæ гæсгæ уыцы рæдзæгъдты цурты цæуын хъуыдис уæлдай хъавгæ- дæрæй. Стæм хатт-иу фæндаг æрæхкæдта, сармадзаны нæмыг кæй ныссаста, ахæм нæзы хъæды калд бæлас, хаттгай-иу разведчиктæ хæрхæмбæлд фесты акъоппыты ’хсæн арф къæдз-мæдзы цæуæнтыл кæнæ биноныг бæрзонд арæзт командирон блиндажыл, йæ цар иттæг фидар арæзт, йæ дуар ныгуылæны’рдæм здæхт кæмæн уыдис, ахæмыл. Æмæ уыцы дуар дæр, ныгуылæны’рдæм здæхт кæй уыд, уымæй дæр зæгъæн уыдис, блиндаж мах нæ, фæлæ не- мыцаг кæй у, уый. Фæлæ афтид у, æви дзы исчи ис, уымæн бæрæг нæ уыдис. Къах-иу йæхи арæх скъуырдта, кæй аппæрстæуыд, ахæм противогазыл, бомбæйы хæлдæй чи ныттæбæкк, ахæм немыцаг каскæйыл. Иу ран, æрдузы мынæг мæйрухсмæ, бæлæстæ фæйнæр- дæм кæм фæхастæуыд, ахæм ран разведчиктæ федтой авиа- бомбæйæ сфæйлыд стыр, хъуырдзæвæнау дзыхъ. Уыцы дзыхъы дæргъæй лæууыдысты немыцаг мæрдтæ цалдæ- рæй, сæ цæсгæмттæ бур, сæ цæсты бынтæ цъæх. афтæмæй. Иу хатт стахти рухсгæнæг ракетæ. Уый ауыгъдæй дзæв- гар баззади бæлæсты цъуппыты сæрмæ æмæ уый ленкгæнгæ æрвынгас рухс æмæ мæйы рухсмæ хъæд ныйирди. Алы бæлас дæр афтæ даргъ аууон ракодта æмæ цыма хъæд æвиппайды уыцы иу лæуд скодта годзы къæхтыл. Æмæ ца- лынмæ ракетæ нæ ахуыссыд, уæдмæ æртæ салдаты æдзæм лæуд кодтой къутæрты ’хсæн, сæхæдæг дæр къутæрты ’нгæс сæ бурцъæх тæпджын пæлæз-палаткæты мидæг,, автоматтæ кæй бынæй зындысты, уыдоны. Афтæмæй разведчиктæ цадæггай хæстæгдæр кодтой, се ’мбæлттæ кæм уыдысты, уырдæм. Хисдæр уалынмæ фæлæууыд æмæ йæ къух хæрдмæ сдардта. Уадидæгæн иннæтæ дæр фæлæууыдысты æмæ сæ цæстытæ ныццавтой сæ командирмæ. Хисдæр дзæвгар фæ- ^
лæууыд афтæмæй, йæ сæрæй капюшон афæстæмæ кодта æмæ уыцы зæрдæ’хсайгæ уынæр кæцæй цыдис> уыцырдæм йæ хъус адардта. Хисдæр уыд æрыгон лæппу, дыууæ æмæ ссæдз аздзыд. Кæд æрыгон уыд, уæддæр батарейы мидæг фенæг салдатыл нымад уыдис. Уый уыдис сержант, йе ’мбæлттæ йæ уарзтой, æмæ дзы чысыл тæрсгæ дæр кодтой. Сержант Егоровæн йæ хъустыл цы уынæр сæмбæлд, уый уыдис иттæг диссаг. Кæд цыфæнды фæлтæрд уыдис Егоров, уæддæр нæ иртæста, цы у æмæ цæй фæдыл у, уыцы уынæр. «Уæдæ ды уыдаид уый, — хъуыды кодта Егоров, тых- хъуыст кæнгæйæ æмæ æхсæвы разведкæйы цæугæйæ, кæ- рæй-кæронмæ цыдæриддæр зæрдæЧсайгæ уынæртæ йæ хъустыл æрцыд, уыдоныл Фсъуыды кæнгæйæ — сусу-бу- су? Нæу. Фийаджы хъавгæ æвнæлд уа? Нæу. Рæсы хъыр- рыст уа? Нæу». Уыцы диссаджы, сабыр, ницæй хуызæн æрхæцгæ уынæр цыдис хæрз æввахр, рахизæрдыгæй, æхсæлы къутæры фæстæйæ. Раст цыма зæххы бынæй цыдис, афтæ кастис адæймагмæ. Егоров иу-дыууæ минуты байхъуыста, æнæ фæстæмæ фездæхгæйæ, бамбарын кодта æмæ йæм йæ дыууæ ’мбалы сабыр æмæ æнæуынæрæй, цыма адæймæгтæ нæ, фæлæ аууæттæ уыдысты, уыйау баввахс сты йæ хæд цурмæ.Уый бацамыдта йæ къухæй, уынæр кæцæй хъуысти, уыцырдæм æмæ сын бамбарын кодта — ома, байхъусут. Разведчиктæ хъусын байдыдтой. — Хъуысы?—афарста Егоров æрмæст йæ былтæ баз- мæлын кæнгæйæ. — Хъуысы, — зæгъгæ, афтæ æнæ ссыбырт дзуапп радта салдæттæй иу. Егоров разылдта йе’мбæлттæм йæ къæсхуыр саулагъз цæсгом, бæрзонд систа йæ æрыгон æрфгуытæ. Цы уыдзæн? — Бæрæг ын нæй. Иу цасдæр рæстæг æртæйæ дæр лæууыдысты æмæ хъуыстой, сæ автоматты æруадзæн къæхтыл хæцгæйæ* Уыцы уынæртæ хъуыстысты, фæлæ сын уæддæр бамбарæн 19
нæ уыдис. Уалынмæ иу цъусдуг фендæрхуызон сты, æмæ се’ртæмæ дæр афтæ фæкаст, цыма зæххы бынæй зарын цæуы, уыйау. Кæрæдзимæ бакæстытæ кодтой, фæлæ уæд- мæ уынæртæ фыццаг куыд уыдысты, ахæм хуызы та хъуы- сын байдыдтой. Уæд Егоров ацамыдта, цæмæй æрхуыссой æмæ йæхæ- дæг дæр æрхуыссыд дæлгоммæ, халасæй чи фæфæлурс, ахæм сыфтæртыл. Йæ хъама йæ дзыхы бакодта æмæ йæ фарсыл абырыд, йæ рæмбынкъæдзтæй хи размæ кæн- гæйæ, æнæуынæрæй. Минуты фæстæ ф’аууон ис æхсæлы къутæры фæстæ. Дыккаг минуты фæстæ,—уый разведчиктæм фæкасти саха- тæй даргъдæр,—æрбайхъуысти цъæхснаг æхситт. Уымæй та бæрæг уыдис, Егоров сæм йæхимæ кæй сиды, уый. Уæд бырын байдыдтой æмæ федтой: Егоров лæууы йæ зонгуы- тыл æмæ кæсы æхсæлыты аууон къаннæг акъоппмæ. Къаннæг акъоппæй бæрæг-бæрæг хъуыстысты хъуыр- духæн, куыд, фынæй адæймаджы хъæрзын. Æнæсдзургæ кæрæдзийы ’мбаргæйæ разведчиктæ æрлæууыдысты акъоппы алыфарс æмæ сæ пæлæз-палаткæтæ афтæ рай- тыгътой æмæ æттæмæ рухс кæмæй нæ ракæлдзæи, ахæм цатыр ацарæзтой. Егоров йæ къух ауагъта акъоппы элек- трон къаннæг фанаримæ. Уыдон уым цы федтой, уый уыдис æгæр æбуалгъ диссаг: акъоппы фынæй кодта къаннæг лæппу. Йæ къухтæ йæ риумæ æрæлхъывта, йæ бæгъæввад сау къæхтæ) ’рбакъæдз кодта, афтæмæй хъуына дондзаст цъыфы хуыссыд лæппу æмæ йæ фыны цæимæдæртимæ зынархайд кодта. Йæ гом сæр фæстæмæ акъул ис, сæры хъуынтæ — рагæй æнæ’лвыд, чъизи. Йæ мæллæг хъуыр тæпп-тæпп кодта, йæ къуырф дзых æмæ тæфсæгæй фæ- лурс былтæй цавæрдæр фæсус уынæртæ хаудта. Хъуысыд йæ хъуыргъуындæг, æнæбæрæг ныхæсты скъуыддзæгтæ, кæуынхъæлæс улæфт. Йæ цъынд цæстыты тъыфылты хуыз уыдис æнæтуг, рынчын лæгæн куыд вæййынц, афтæ. Бакæсгæйæ зындысты æрвхуыз цъ’æх хъæстæлы хуызæн. Йæ бæзджын цыбыр цæсты хаутæ кæрæдзийыл нындæгъ- дысты, фаттау ныхъандзал сты. Йæ цæсгом цъæррæмых- и
стытæ æмæ цъæхтæ. Йæ дыууæ ’пфыджы астæу фьшдзы, сæр иу ран туг ныхъæбæр. Лæппу фынæй кодта æмæ-иу йæ фæлмæцыд цæсгомыл стъæлфыдысты, нæ- фыны цы фыд диссæгтæ уыдта, уыдон. Алы минут дæр йæ цæсгом йæ хуыз ивта: куы-иу ыл æбуалгъы фыдбылыз асæлыд æвиппайды, куы-иу адæймаг кæй нæма федта æмæ лæг йæ сæр цы фæкæна, уый куы нæ уал фæзоны, уыйау иу æй сæндæрхуызæттæ кодта, куы та-иу æнамонд фыдбоны мæты фæд фæзыкд йæ мæллæг уадулты, æрфгуытæ-иу сæхк систой къæлæт- тау æмæ цæстытæн калдис сæ сыг; куы та-иу дæндæгтæ мæсты хъыррыст кæнын райдыдтой, цæсгом-иу смæсты- гæр, къухтæ-иу сæхи афтæ ’рбалвæстой æмæ-иу ныхтæ афардæг сты армы тъæпæнты æмæ мынæг æрхæцгæ уы- нæртæ хаудтой йæ хъæлæсæй. Кыу та-иу æвиппайды фæуадзыгау, тæригъæдтаг ху- дæндзаст, сывæллон куыд фæкæны, ахæм сабийы æнæбон худæндзаст-иу фæзынд цæсгомыл æмæ-иу райдыдта иттæг сабыр, гæзæмæ чи хъуыст, ахæм æнæбæрæг цыдæр зарæг. Лæппу афтæ тарф уæззау фынæй бацис, йæ уд фыд- фынты уындæй, афтæ адард йæ буарæй, æмæ иу цасдæр рæстæг ницы бафиппайдта: нæ дæр æм уæлейæ чи каст, уыцы разведчикты æмдзаст цæстæнгас, нæдæр ын йæ тæккæ цæсгоммæ цы электрон цырагъ ныддардтой, уый цырен рухс. Фæлæ лæппуйы цыма исчи мидæгæй сцавта, афтæ æвиппайды фесхъиудта. Фехъал и, фæгæпп ласта, рабадт. йæ цæстытæ æвирхъау æрттывд фæкодтой. Цæсты фæ- ныкъуылдмæ кæцæйдæр фелвæста стыр цыргъ зæгæл. Егоров рæвдз æмæ арæхстджын æвнæлдæй ацахста лæп- иуйы къух æмæ йын армы тъæпæнæй йæ дзых амбæрзта. — Сабыр. Хиуæттæ стæм, — загъта йын Егоров хæрз сабырæй йæ хъусы. Æрмæст ныр бафиппайдта лæппу: салдæттæн сæ худтæ уыдысты уырыссаг, автоматтæ—уырыссаг, пæлæз-палат- кæтæ—уырыссаг æмæ йæм цы адæм æркастысты, уыдон дæр—уырыссæгтæ, хиуæттæ. VI
Райдзаст фæлурс æрттывд фæкодта йæ "мæллæг цæс- гом. Фæндыд æй дыдæр зæгъын, фæлæ йæ бои бацис æр- мæст иунæг ныхас: — Хиуæттæ...— Æмæ та фæуадзыг. • 2 * Батарейы командир капитан Енакиев бадтн фæйнæгæй арæзт бадæныл фæлгæсæп бынаты. Бынат арæзт уьгдис нæзыйы цъуппыл, бæласæн йæ хъæд æмæ цæнггы ’хсæн. Бынат æртæрдыгæй том уыдис. Цыппæрæм фарс — ныгуы- лæны ’рдыгæй — æвæрд уыдис цалдæр ставд шпалы æмæ йæ уыдон хъахъæдтой нæмгуытæй. Уæллаг шпалы фи- даргонд уыдис стереотруба, уымæп та йæ сыкъатыл баст уыдысты бæласы къалиутæ æмæ уый фæдыл стереотруба æттæмæ зындис сыкъаджын къалиуты хуызæн. Уыцы бадæн бынатмæ ссæуыны тыххæй бырын хъуыдис дыууæ даргъ æмæ иарæг асинтыл. Фыц- паг асин уыдис ныллæг æвæрд æмæ хæццæ кодта бæла- сæн йе’мбисмæйы бæрц. Уырдыгæй та схизын хъуыд дык- каг, æмуырдыг æвæрд, асиныл. Капитан ’Енакиевæй уæлдай бадæн бынаты уыдысты дыууæ телефонисты — сæ иу фистæг æфсады, иннæ та ар- тиллерийы -целефонисттæ, сæ цармагъудджын телефон ап- параттæ бæласы хæрв фарсыл æрцауыгътой, афтæмæй. Уыдис ма дзы æхсæг батальоны командир Ахунбаев, уый дæр капитан. Бадæн бынаты цыппар лæгæй фылдæр кæй нæ цыдис, уый адыл иннæ дыууæ артиллеристы лæууыдысты асинтыл: сæ иу—взводы управленийы командир лейтеиант Седых, иннæ та раздæр кæй базыдтам, уый—сержант Егоров. Лей- тенант Седых лæууыдис асины уæллаг къæхтыл, йæ рæм- бынкъæдзтæ ’бадæн бынаты фæйнæгыл æрæвæргæйæ, сер- жант Егоров та лæууыд дæлдæр æмæ йæ шлем хæццæ кодта лейтенанты къæхты бынмæ. Батарейы командир капитан Енакиев æмæ батальоны командир капитан Ахунбаев кодтой иттæг тагъд, иттæг ахс- 13
джиаг æмæ бирæ ацархайык кæуыл хъæуы, ахæм хъуыд- дгт: уыдон биконыг кодтой сæ картæтæ ранмæ гæсгæ, ар- тиллерийы разведкæ цы хабæрттæ æрбахаста, уыдокимæ бæлвырдгæнгæйæ. Уыцы картæтæ, алыхуыз кърандæстæй бæрæггæндти- мæ уыдысты сæ разы фæйнæджытыл. Дыууæ капитаны еыл æрынцой кодтой, сæ къухты кърандæстæ, резинкæтæ æмæ линейкæтæ, афтæмæй. . Капитан Ахунбаев йæ кæрдæгхуыз шлемыл уæлдæр ехæцыд, йæ бурбын фæтæн ных æркъул кодта æмæ, йе ставд æнгуылдзтæй æнæрхъæцгæ фæдисы æвнæлд кæн- гæйæ, картæйыл хаста ирд линейкæ. Куы-иу февнæлдта сырх кърандасмæ, куы резинкæмæ, уыимæ-иу зулаив рог каст бакодта Енакиевы цæсгоммæ, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Цæй-ма, мæ хæлар, кæд уыдзæн? Цæй, дарддæр. Фæтагъддæр кæн». Ахунбаев ацы хатт дæр та æгæр стæвд æмæ йæ маст æмбæхсын нæ фæрæзта. Хæсты размæ фæстаг сахæттæ, кæнæ, чи зоны, минут- тæ йæм афтæ кастысты, цыма æгæр ныддаргъ сты. Æмæ уый фæдыл йæ маст йæ хуылфы фыхтис. Капитан Енакиев æмæ капитан Ахунбаев уыдысты æры- гон æфсæддон æмбæлттæ. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ фæстаг дыууæ азы алы тохы дæр иумæ уыдысты. Диви- зийы дæр сыл афтæ фæцайдагъ сты: Ахунбаевы батальон кæм хæцы, уым хæцы Енакиевы батарей дæр. Кады цыд фæкодтой фæрсæй-фæрстæм Енакиев æмæ Ахуцбаев. Уыдон бырстой Духовсчинайы цур, бырстой Смо- ленскы цур, иумæ æртыхстысты Минскы алыфарс, знаджы тардтой иумæ Райгуырæн бæстæй. Иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ, фæлæ бирæ хæттыты нæ бæстæйы стыр горæт Мæскуы райгуырæн бæстæйы номæй цæхæр калгæ залп- тæй ныррухс кодта арв Кремлы сæрмæ, Ахунбаевы баталь- он æмæ Енакиевы батарейæ цы фронты тох кодтой, уыцы фронты кадæн. Бирæ цæхх æмæ кæрдзын фæхордтой иумæ уыдон иу фæндаггон фынгыл, бирæ дон бануæзтой иу фæндаггон донгарзæй. Къорд хæттыты иу хуысгæ дæр фæрсæй-фæр- 14
Стæм кодтой — зæххыл, йу пæлæз-палаткæйы бын. Уарзтой сæ кæрæдзийы иу мады фыртты хуызæн. Фæлæ службæйъ? мидæг сæ кæрæдзийæн мур хатыр дæр нæ кодтой, æмæ сæ зæрдыл дардтой рагон æмбисонд, ома хæлардзинад уæд хæлардзинад, службæ та хъуамæ уа службæ. Стæй сæ кæрæдзийы раз сæ иу дæр йæ кад æмæ йæ лæджыхъæд дæлæмæ никуы уагъта. Афтæмæй сæ зæрдæты конд та æмхуызон нæ уыд. . Ахунбаев уыдис æгæр сонт, æнæрхъæцгæ, фырхъæба- тыр. Енакиев дæр йæ хæлар Ахунбаевæй къаддæр хъæба- тыр нæ уыдис, фæлæ уыимæ уыд сабырдæр, хиуыл хæц- гæ, алцы дæр биноныг чи’взары — хорз. артиллеристæн куыд æмбæлы, ахæм адæймаг. Ныртæккæ капитан Ахунбаев тагъд-тагъд кодта, Ена- киевы разведчиктæ цы хъуыддæгтæ сбæрæг кодтой, уыдои йæ картæйыл фæбæрæг кæныныл. Алы ротæйæ дæр æр- барвыстой, бастдзинад (чи дары, ахæм адæмы, цæмæй рай- стаиккой бæрæггонд раны схемæтæ. Уыдон лæууыдысты бæласы бын æмæ æнхъæлмæ кастысты. Ахунбаев архайд- та, цæмæй уыцы бастдарджытæ ма фæстиат кæной æмæ сæ бынæттæм тагъддæр ацæуой. Размæ абырсыны бардзырд нæма рацыд, фæлæ бирæ цæмæйдæрты бæрæх^ уыдис, тагъд кæй райдайдзæн, уый. Æмæ уый райдианы агъоммæ ’га Ахунбаев сфæнд кодта йæхæдæг æнæмæнг куыд баскæрстаид алы ротæйы дæр æмæ сæрмагондæй куыд бабæрæг кодтаид, алчи дæр сæ тохмæ куыд цæттæ у, уый. Ахунбаев йæ целлюлойд-линейкæйæ рæвдз бæргæ архайдта йæ картæйыл, йæ сырх кърандас хъæдты къæ- бæлдзыг нысæнтты æмæ цæугæ дæтты æрвхуыз тæгты ’хсæнты æнцонæй бæргæ æвæрдта тымбыл бæрджытæ, къаннæг ромбæтæ æмæ дзуаргондтæ, фæлæ уæддæр ка- питанæн йæхи куыд фæндыд, афтæ тагъд нæ цыдис хъуыд- даг. Ахунбаев йæ картæйыл а-ныр фæнысан кæнынмæ хъавы ног бæрæггæнæн, зæгъгæ, уæд та-иу æй капитан Енакиев йæ адаргæ морæ замш æрмхуды мидæг къаннæг мæллæгдзæф къухы змæлдæй, æгъдауыл, фæлæ фидарæй, фæурæдта. 15
— Бахатыр кæн. Иу минут багæдзæ кæн, æз сбæлвырд кæпон. Лейтенант Седых! — Мæнæ. — Фен ма дæхимæ. Квадрат пудæс—фондз. Иунæг бæ- ласæй цæгат-скæсæны’рдæм фондз æмæ дыууисæдз мет- ры. Цы уын ис бæрæггонд уым? Лейтенант Седых æгæр дæр иæ батагъд кодта, фæстиат дæр иæ фæци, афтæмæй æрбахæстæг кодта йæхимæ йæ риуы’мбæрц бæрзонд æвæрд планшеткæ, уырдыгмæ ным- дзаст йæ хуыссæнхъæлдзæг сыр’х цæстытæй, чьгсыл схуы- фыд æмæ дзырдта: — Цæф танк, зпаг æнæзмæлгæ æхсæн бынат кæмæй сарæзта æмæ зæххы кæй æрнуæрста, ахæм. — Кæцæй бæрæг у, уый? — Разведкæйы бæрæггондæй. — Раст зæгъы, бæлвырд афтæ у,—тагъд-таггьд дзырд- такапитан Ахунбаев æмæ фыр æнæ’рхъæцæй йæ пæлæз- палаткæйы хъуырбæттæп бос райхал-байхал кæнгæйæ. —■ Мæ разведкæ дæр ахæм хабар æрбахаста, æмæ ууыл дызæрдыг кæнæн нал ис. йæ бирæ хъуыды ницыуал у, фæбæрæг кæнын æй хъæуы картæйы. — Уæдцæр ма иу минут -фæгæдзæ кæн, — дзырдта капитан Енакиев, ахъуыды кæнгæйæ. Æргуыбыр кодта æмæ бадæн бынаты. фæйнæджы былæй дæлæмæ ныккас- ти. — Сержант Егоров! — Мæнæ, ’мбал капитан,—сдзырдта уыцы фарстмæ асинтæй сержент Егоров. — Цавæр цæф танк уæм ис нудæс — фондз квадраты. Æрæмыссæггаг нæу? — Бæгуыдæр нæу! — Уæхæдæг æй федтат? — Бæгуыдæр. — Дæхи цæстытæй? — Бæгуыдæр, мæхи цæстытæй. Уырдæм цыдыстæм — уæддæр æй федтон, фæстæмæ цыдыстæм — уæддæр та йæ федтон. Уыцы иу ран лæууы. — Æмæ уæдæ зæгъыс, уыдон дзы æнæзмæлгæ æх- сæн бынат сарæзтой? 16
— Бæлвырд. Æнæзмæлгæ’хсæп бынат. — Цæмæй бæрæг у. — Йæ алыфарс ын зæхх къахынц æмæ уымæй. — Сыджыты йæ бамбæрзынмæ хъавынц? — Бæлвырд афтæ. — Æмæ кæд сæдзгæ ныккодта æмæ йæ раласынмæ хъавынц, уæд та? — Нæй зæгъ. Мах уым куы уыдыстæм, раст æм тæккæ уыцы сахат тоннæ æмæ ’рдæг чи ласы, ахæм машинæйыл нæмгуытæ ’рбаластой. — Уæхæдæг сæ федтат? —■ Бæлвырд. Мæхи цæстытæй. Асыччытæ ивадæг кодтой машинæйæ. Æмæ мах дæр гъе уæц фæнысан кодтам. — Хорэ’. Æндæр ницы. — Афтæ у! Афтæ у! — райгæйæ сдзырдта капитан Ахунбаев æмæ равдыста картæйыл къаннæг сырх ромб. Уæд та-иу æвиппайды, искæцы хъавæн бынаты уавæр бæлвырддæр кæнгæйæ, капитан Енакиев Ахунбаевы фæу- ромыны фæдыл аивæй, фæлæ фидарæй куы ацамыдта йæ къухæй æмæ-иу стереотрубайы раз йæ зонгуытыл куы’рлæу- уыд, уæд капитан Ахунбаевмæ афтæ касти, цыма уый æгæр бирæ агуырдта мигъджын тъыфылтæ—æвæрд горизонты, куы картæмæ кæсгæйæ, куы та йыл целлюлойд зиллакк æвæргæйæ. Ахæм рæстæджы-иу Ахунбаевы бирæ нал бахъуыд фыр æнæрхъæцæй йæ дæндæгтæй мæсты хъыррыст кæнын райдайа, уымæ, фæлæ йæхиуыл хæцыд, уымæн æмæ хорз зыдта йæ хæлары ахаст. Ома хъыррыст кæн æви ма кæн, уæддæр хъуыддагæн ницы феххуыс уыдзæн. Иу бакаст дæр æгъгъæд уыдис капитан Енакиевмæ, йæ дæрдджын, фæлæ иттæг аив конд рæсугъд, сау петлицæ- джын æмæ сыгъзæрин цæппузырджын цинелмæ, йæ лак- гæрзджын фуражкæмæ, йæ алыфæрсты сау быд æвæрд æмæ гуыбырдзæф арæзт квадрат — козырек кæмæн уыд, уымæ салдатаг ’скæлладæй хæрзаив агъудджын донгарзмæ, йæ цинелы дыккаг æгънæгыл ауыгъд электрон къаннæг фа- нармæ, йæ фидар рог цырыхъытæм, — хур уа, къæвда уа, - Полчы тъаебгл. 17
^æддæр æрггывтытæ чп калдта, уыдонмæ — æмæ уæд адæймаг бамбæрстаид, ацы лæгæн йæ сыгъдæг зæрдæ, йæ биноныг, хъуыдытæ æмæ йæ фидардзииад æппæтæй дæр. Сæумæрайсом уыдис мигъджын, уазал. Боны цъæхæй рахæцыд халас, къуыбæрттæй лæууыд зæххыл æмæ тад æрæгмæ. Сапондонау чъизи цъæхбын уъщæл уæлдæфы сындæггай сысыд халас. Хъæдгæрон бæлæстæ не змæлыдысты. Фæлæ уый æт- тæмæ афтæ зынд. Нæзы бæласы цъупп тымбыл хъеллау кодта æмæ уыимæ хъеллау кодта фæйнæгбын бадæн бы- нат дæр, цыма доны уагъд- хъæдты къох сабыр уæрæх донфæзилæны зилдух ленк кæны, уыйау. Уæлдæф æппынæдзух дæр стъæлфыд сармадзаны гæ- рæхтæй, нæмгуытæ æмæ бомбæты хæлдæй. Æппынæдзух дæр уæлдæф афтæ алыхуызы уавæрты кæй уыдис, уый адæймаг канд æмбаргæ нæ кодта. Цыма йын уынæн дæр уыдис, афтæ зынд лæгмæ. Алы гуыппæн дæр-иу хъæды бæлæстæ ныррызтысты, бур сыфтæр калдис арæхдæр зил- гæ æмæ тыбартыбур кæнгæйæ. * 3 * Чи нæма фæцайдагъ, ахæм адæймагмæ фæкастаид, цы- ма, стыр тох цæуы æмæ йæхæдæг дæр уыцы тохы тæккæ бæстастæу ис, афтæ. Æцæгæй та уый уыдис, арæх цы ,ар- тиллеристон æхст вæййы, уый, иннæ хæттытæй ноджы сабырдæр. Зæгъæм, искæцы батарей, махон кæнæ немы- цаг, искæцы нысанæн йæ хъавд раздæр базоныны фæдыл цалдæр æхсты фæкодта сармандзанæй. Уыцы батарейы бафиппайдтой знаджы хъахъæнджытæ æмæ йæ уайтагъд фæстæуæзæй æрбагæрах кодта сæрмагонд, батарейы чи æхсы, ахæм взвод. Уæд та уыцы взводæн йæхи дæр агу- рын райдайынц иннæтæ. Æмæ-иу афтæмæй уайтагъд уыцы ран æмнæрæджы нæрын райдыдта артиллери, æмæ хъусты къæрмæджытæ бакæн, уæддæр ахъаз нал уыд. Алырды- гæй иу къаннæг сармадзантæ цæвын байдыдтой сæхицæй ноджы къаннæгдæрты, рæстæмбис сармадзанты цавтой стырдæртæ, стырдæрты егъаудæртæ, уыдон та иттæг 1К
егъæуттæ æмæ æгшын фæстаг хатт бынтои егъаусарма- дзантæн фæстæуæз дард кæцæйдæр хъуыст сде хъæр, фæлæ-иу æвиппайды æнæнхъæлæй ниугæ æмæ тъизгæ ’рбахастой тымыгъимæ сæ æвирхъау егъау нæмгуытæ æмæ-йу сæмбæлдысты, æтте бакæсгæйæ кæм ницы зынд, ахæм къутæртыл. Уæд иу ахæм ран сыджыт схъиуд- та арвмæ æд къутæртæ, æд бæлæстæ æмæ афтæмæй фæстæмæ зæхмæ калдис æвзалыйау сау сыджыт-мигъ, арвы’рттывдау цæхæр калгæ. Хаттæй-хатт-иу кæцæйдæр, адæймаг æнхъæл кæцæй нæ уыдис, ахæм ранæй æрбатахт сармадзаны нæмыджы схъис, уыцы иу цæф-иу ныккодта йæхи зæххыл, схъиудта, зылдис, зыланг кодта æмæ ниудта цъæлау, зæрдæхалæн дзынæзт кæнгæ тахтис дарддæр æмæ цагъта, цы бæла- сыл æмбæлд, уькмæн йæ къалиутæ æмæ йæ гуыркъотæ. Фæлæ уæддæр афтæ зындис, цыма нæзы бæласы сæр картæты уæлхъус цы адæм архайдтой, уыдон ахæмæй хъусгæ дæр ницы кодтой æмæ уынгæ дæр. Æмæ æрмæст стæм хатт, сармадзаыы хъæр уæлдай арæхдæр искуы кæны, зæгъгæ, уæд та-иу телефонист зду- хын байдыдта йæ цæрмын къоппы æвæрд телефон æмæ йæ хъæр тынг куыд нæ цыдаид, афтæ дзырдта: — Æрис Фиалкæ. Фиалкæ дæ? Дзуры бандон. Бæрæг кæнын бастдзинад. Цы хъуыддæгтæ уæм цæуы? Сабыр у, зæгъыс. Хорз, уæдæ. Махмæ дæр сабыр у. Тох кæнут дарддæр. Фенынмæ уал. Æппын фæстаг, куыст куы фæцис, уæд капитан Ахун- баев фæхъæлдзæгдæр. Уый тагъд авæрдта картæ йæ бы- дырон хызыны, йæ пæлæз-палаткæйы хъуырбæстæ рæвдз алхынцъ кодта йæ цыбыр ставд бæрзæйыл, йæ фидар цыбыр чысыл зылынгомау къæхтыл сахъ лæуд фæкодта æмæ бæласы бын уацхæссæгмæ фæхъæр кодта: — Бæх мын! Стæй уæд йæ сахатмæ’ркаст. — Сбæлвырд кæн. Мæнмæ у фараст сахаты æмæ ’рссæрдæс минуты. Сымахмæ та? — Фараст сахаты æмæ цыппæрдæс минуты, — загъта капитан Енакиев, йæ цонг- мæ, сахатмæ ’ркæсгæйæ. •) 10
Каишан Ахуибаев фæкодта цыбыр уæлахизы циндзнна- ды уынæр. Йæ цæстытæ фенцъылд сты, ферттывтой; — Фæсте баззадтæ, капитан Енакиев. — Ницы хуызы! Æз фæсте нæ зайыы. Мæ сахат раст цæуы.( Уый дæхæдæг æгæр тагъд кæныс, алы хатт дæр куыд фæкæныс, афтæ. — Зайцев, зæгъ бæлвырд рæстæг! — фæхъæр кодта Ахунбаев. Телефонист уайтагъддæр адзырдта телефонæй полчы командæгæнæн бынатмæ æмæ фехъусын кодта, рæстæг кæй у фараст сахаты æмæ цыппæрдæс минуты. — Ды та раст рауадтæ, хæсты хуыцау, —бафидауыны хуызы загъта Ахунбаев æмæ, йæ сахат Енакиевы сахатмæ баввахс кæнгæйæ, аразмæ кодта сахаты стрелкæтæ. — Фод ацы хатт, ды куыд зæгъыс, афтæ. Хæрзбон комбат. йæ дæрзæг пæлæзæй сæрсæргæнгæйæ уыцы иу схуыст фæкодта дæлæмæ, дыууæ асинтыл дæр æнæ фæлæугæйæ, аритиллеристты хæд фæрсты, баппæрста картæ адютантмæ,- багæпп кодта йæ бæхыл æмæ атахт бæлæсты бынты сыф- тæртæ йыл згъæлдысты, афтæмæй. ’ Уый фæстæ капитан Енакиев йæ хъуыдыдарфыссæн къаннæг чиныгæн, йæ тыхивæзт резинæбæттæн раппæрста æмæ бахызтис стереотрубамæ. Чиныджы фыст уыдысты æхсынæн нысан бынæттæ. Уыцы нысæнттæм сармадзанты нæмыг раст цæмæй цæуа, афтæ сæ фехстытæ кодтой. Фæ- лæ капитан Енакиевы фæндыдис, цæмæй ма сыы сæ хъавд ноджы хуыздæр базыдтаиккой. Уый фæндыдис, цæмæй йын бантыстаид уый, æмæ йæ батаре бахъуаджы сахаты æвип- пайды, раст фыццаг гæрæхтæй дæр пырх кæнын райдыд- таид цæмæ хъавыдысты, уыцы бынæттæ, зынаргъ рæстæг уæлдай бæрæггæнæн æхстытыл нæ хардз кæнгæйæ. «Хъавæн нысæнтты агæрæхтæ кæнын» æппындæр зын нæ уыдис, фæлæ йæ батаре хæрз арф лæууыд знаджы раз, фистæг æфсад кæм лæууыдысты, уым, хорз æмбæхст уы- дис знаджы цæстæнгасæй æмæ йын уый адыл тарстис, йæхи куы раргом кæна афонæй раздæр, уымæй. Хъуыддаг та уый мидæг уыдис, цæмæй мах сармадзантæ знаджьт 20
ньщцавтаиккой бынтон æнæнхъæлæджы, тохæн йæ фæс- таг, йæ тæккæ ахсджиагдæр заманы, стæй æппындæр æн- хъæл кæцæй нæ уыдысты, уырдыгæй. Капитан Енакиевы хъуыдымæ гæсгæ ахæм бынат уыдис, тох кзем цæуы, уы- мæн йæ рахиз фланджы, дыууæ фæндаджы кæм фæса- джилтæ вæййынц, уыдоны æхсæн. Уыцы ранæн та йæ ра- цæуæн уыдис, лыстæг тулдз къутæртæ кæм заднс, ахæм арф æрхмæ. Ныртæккæйы рæстæджы уыцы бынат ницæмæй ахсджиаг уыдис. Раст цыма бынтон æдзæрæг уыдио^, афтæ кастис адæймагмæ. Хæсты быдыры ахæм æнæдиссаг, æнæ уæл- дай бæрæл зынгæ бынæттæ бирæ вæййы. Хæст цæуы уы- донæн сæ иу фæрсты æнæ фæстиатæй. Капитан Енакиев зыдта уый, фæлæ йæ хъуыды тыхджын æмæ бæлвырд уыдис. Æвæццæгæн капитан Енакиевæн сæдæ хаттæй фылдæр йæ цæстытыл ауад, цы хæстмæ цæттæ кæнынц, уымæн йæ райтынджы ныв, кæрæй-кæронмæ йын цы хуызы ацæ- уæн ис, уый, фæлæ йæм æппынæдзух дæр афтæ кастис: Ахунбаевы батальон батондзæн немыцы хихъахъæнæн тæлм æмæ аразмæ кæыдзæн рахиз фланг, цæмæй знаджы контр-атакæмæ цæттæ лæуддзикад уа, уый тыххæй. Стæй уæд æнæ фæстиатæй аразмæ кæндзæн йæ центр, йæхи æрфидар кæндзæн, фæндал кæм фæсаджил, уый ныхмæ хихъахъæнæн къуылдымыл æмæ, йæ резервтæ иудадзыг размæ кæнгæйæ, йæ тыхтæ æмбырд кæндзæн фæыдагыл ног ахсджиагдæр цæф ныккæыынмæ. Гъе, растуыцыранмæ ’ввахс фæндаджы саджил æмæ æрхмæ рацæуæны æхсæн æрлæудзæн капитан Ахунбаев. Уым хъуамæ æнæмæнг æрæнцайа, хæстон уавæр куыд домы, уымæ гæсгæ: уæдмæ нæмыгæй цы фæцух уой, уый хъуамæ баххæст кæной, чи фæцæф уа, уыдоны рахæссой, ротæты фæстæмæ снывыл кæной, сæйрагдæр та дыккаг цæф ныккæныны фæдыл сæ хæстон-фæтк ног рацаразой. Æмæ уыдæттæи та кæд бирæ нæ, уæддæр сыы рæстæг хъæуы. Уыцы æрлæудæй немыц ма спайда кæной, уый уæвæн нæ уыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, спайда дзы кæндзысты. Уайтагъддæр танктæ рас- къæрдзьтсты, уымæн, æмæ ахæм рæстæгæй хуыздæрницы 21
ис танкты атакæйæн. Уыдон æнæмæнг раппардзысты, æр- хы сын цы танкты резерв æмбæхст ис, уый. Æрхы та не- мыцаг танктæ æнæмæнг æмбæхст кæй сты, ууыл капитан Енакиев дызæрдыг нæ кодта, кæд æм уыцы хъуыддаджы фæдыл бæлвырд хабар нæ уыдис, уæддæр. Афтæ йæм дзырдта йæ зæрдæ, мæнæ хорз артиллерйстон афицер, факттæ тагъд æмæ бæлвырдæй æрæмных кæнынмæ чи фæцайдагъ æмæ æнæрæдыд уынаффæтæ бакæиын чи фæразы, уымæ цыфæлтæрддзинад æмæ маневры биноныг æмбарындзинад, стæй сæрмагонд математикон зондарæзт вæййы, ахæм зæрдæйы хъуыды. «Цæй уæд та цы уа, уый уæд, бафæлварон? — зæгъ- гæ, фарста йæхи капитан Енакиев йæ цæстытæм гæсгæ стереотрубайы, окуляртæ здухгæйæ. — Бафæлварон?» Фæйнæрдæм тыгъд цъæх горизоит кодта рухсдæр æмæ бæзджындæр. Предметты гæзæмæ фæлм ныв зындис дæр- гъæццонæй. Бынаты панорамæ цæстытæм хæрзæввахс æр- бацыд æмæ цалдæр пъланыл куыд фæлтæргай фæцис, иу иннæйы фæстæ ’вæрд театры декорациты хуызæ’н, уый зындис хæрз биноныг. Æппæты разæй, фокусы æтте фæлмгъуыз æмæ куыддæр æбæрæг фæйлауæнтау зындысты хъахъæнæк бы- наты нæзы бæлас кæм уыдис, уыцы хъæды цъуппытæ. Нæзы бæласæн йæ иу цонг афтæ æввахс зынд, æмæ йæ цупал судзинтæ æмæ йæ дыууæ гуыркъойы раст цыма адæймаджы нæстытæм сæхи ивæзтой. Уый æтте та зындис быдыры уаццаг. Уыцы быды- ры дæллаг кæрон хæрз бæстон зындис, нæхионтæ кæм лæууыдысты, уымæн йæ раззаг кæроны — къæдзтæ тæлм. Хæцыны тыххæй дзы цы арæзтытæ уыдис, уыдон афтæ биноныг нымæхст уыдысты, æмæ сæ æрмæст фæлтæрд адæймаджы цæст раиртæстаид. Капитан Енакиев цæстæй иæ, фæлæ зæрдæйæ иртæста амбразурæтæ, кæрæдзимæ цæуæн бынæттæ, пулеметты ахстæттæ. Быдырæн йæ уæллаг кæрон та, — уыдон дæр афтæ æр- гом æмæ биноныг, фæлæ лыстæгдæрæй, — зындысты не- мыцы акъоппытæ махонты æмдæргъ. Æмæ дыууæты’хсæн цы афтид быпат уыдис, уый афтæ æлхъывд æмæ цыбыр 99
сси кæсæнцæстæй кæсгæйæ, æмæ цыма æппындæр нæй, афтæ кастис адæймагмæ. Ноджы уымæй æттæдæр федта капитан Енакиев немы- цы фæсчъылдымы’рдыгæй дондзаст панорамæ. Ахастайыл йæ цæст уæлæнгæйтты. Цæстыты раз тагъд-тагъд ауадысты къалиудзагъд хъæды гæппæлтæ, æнцъылд цъыфдзасты- тæ, цыма кæрæдзийыл ныхæст сты, ахæм къуылдымтæ, къаннæ’п хæдзæртты хæлдтытæ. Æмæ æппын фæстаг капитан Енакиев ногæй æркастйæ хъуыдыдарфыссæн чиныджы «дардбарæн 17» номæй цы бынат бæрæггонд цыдис, уырдæм—фæндаг кæм фæса- джил, уымæй æрхы нарæг бацæуæны’хсæн. Уый æдзынæг каст уыцы, хуымæтæджы æдзæрæг бынат- мæ æмæ райсомæй нырмæ цал æмæ цал хатты ауад йæ цæстытыл ахæм ныв: уыцы бынат æмызмæлд кæны Ахун- баевы æфсæддонтæй, немыцаг танкты чысыл æндæргтæй, кæцытæ æвиппайды кæрæдзийы фæстæ бырын байдыдтой уыцы диссаджы æрхы цъассæй., «Æмæ йæ уæд та ныууадзон?» — хъуыды кодта Ена- киев, стереотрубайы фокусæй куыд гæнæн ис, афтæ уыцы бынат ацахсыныл архайгæйæ. Ацы хъуыды йæ æнæныфохастдзинад нæ уыд Енакие- вæн. Уый нæ уыд йæ дызæрдыгдзинад. Уый дызæрдыг ни- кæд кодта. Ныртæккæ дæр нæ дызæрдыг кæны. Агургæ кодта уый. Фæндыд æй ссарын, хъуыддагæн куыд хуыздæр саразæн ис, уый. Фæндыд æй суанг кæронмæ бамбйрын, ома цы пайда дæр уыдзæн: нысангонд æвддæсæм-номырæн йæ хъавд хуыздæр цæмæй базындæуа, уый фæдыл æй раз- вæлгъау æхсын райдайын,—æцæг афтæмæй батарей афо- нæй раздæр сæргом кæндзæн йæхи æмæ уый дæр тæссаг у,—æви суанг тæккæ райдианмæ ма сæргом кæн батарейы? Æмæ уæд афтæмæй та тæккæ бахъуыды æмæ ахсджиаг- дæр сахаты цалдæр минуты корректировкæйæн бахардз уой. Фæлæ уыцы рæстæджы бæласы бын кæйдæр ныхæстæ сыхъуыст, асин ныикъуыст, хъуыстис шпорæты лыстæг зыланг æмæ хъахъæнæн бынатмæ схæццæ лæик-лæнк гæнгæ саулагъз, схъæлфындз, бæзджын æрфыг афицер,, 23
хæрз лæппу-лæг. Уый уыдис бастдзинады афицер. Йæхи кæд тыхдард кодта официалон хуызы, уæддæр йæ цæсго- мыл хъазыд лæппуйы худæндзаст хуыз. Уый йæ цырыхъыты зæвæттæ кæрæдзийыл бакъуырдта, шпорæтæ фæзыланг кодтой, цæхкæр тагъд авæрдта йæ къух йæ козыреккыл æмæ йæ цыма тыхтынд ракодта, аф- тæ йæ фæдæлæмæ кодта æмæ радта капитан Енакиевмæ пакет. —-Приказ полкæн...—райдыдта уый карзхуызæй дзурын, фæлæ йæ уыцы хуызы кæронмæ ахæццæ кæнын нæ бафæ- рæзта, йæ цæстытæ ферттывтой æмæ ма йæ ныхасмæ аф- тыдта— размæ бырсыны тыххæй. — Кæд?—афарста Енакиев. — Фараст сахаты æмæ фондз æмæ дыууиссæдз мину- тыл. Сигнал—дыууæ цъæх ракеты æмæ иу бур. Уым фыст ис. Цæуыны бар ис? Енакиев æркаст йæ сахатмæ. Уыдис фараст сахаты æмæ дæс æмæ ссæдз минуты. — Цæугæ!—загъта уый. — Бастдзинады афицер та фæзыланг кодта йæ шпорæ- тæй, йæхи фесхъæл кодта, къух фæцарæзта йæ козырек- мæ, тагъд æй æрæппæрста дæлæмæ, фæстæмæ ахæм би- ноныг хъал зылд фæкодта, æмæ, цыма бæласы цъуппыл нæ, фæлæ артиллерийы скъолайы хæрæндоны уыд, уыйау, стæй æвиппайды фесхуыста дæлæмæ асинтыл, йæ шпорæтæ асины къæхтыл къуырдтытæгæнгæ æмæ хъазæн ныхæстæ кæнгæйæ. — Лейтенант Седых,—сдзырдта Енакиев. — Мæнæ дæн, æмбал капитан. — Фехъуыстай? — Бæгуыдæр. — Командæгæнæп бынат ис ам. Мæн æмæ взводтæн сеппæты’хсæн бастдзипад телефонæй. Размæ цæугæйæ те- лефоны тел дарддæр хаст цæуæд бынтон æнæкъуылым- пыйæ. Взводтæй фæиртæсæп нæй иу секунд дæр. Телефон- тæй бастдзинад куы фехæла, уæд дзурут радиопæ—æргом текстæй. Алы ротæйы комаыдирмæ дæр снысан кæиут ды- гай лæгтæ—иу бастдзинад" дарæг, иннæ та хъахъæнæг. Уа- 24
вæр цæмæйдæриддæр æндæрхуызон кæна, уый хъусын кæ- нут æвæстиатæй телæй, радиойæ кæнæ ракеттæй. Бамбæр- стай, цы кæнын хъæуы, уый? — Бæгуыдæр. — Истæмæй бафæрсинаг дæ? — Нæ дæн. — Гъæйтт кæнут. — Хъусын дæм. Лейтенант Седых æрхызтис асинтыл лу къах дæлдæр æмæ æрлæууыд. — Æмбал капитан, бар мын раттут зæгъынæн. Куыд- дæр мæ æрбайрох. Куыд уæ фæнды, уыцы лæппуйæн цы бакæнæм? — Кæцы лæппуйæн?—Капитан Енакиев йе’рфгуытæ фелхъынц кодта{, фæлæ уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд: — О, хæдæгай. Дзургæ йын уæвгæ кодтой лæппуйы тыххæй, фæлæ йын ницыма ссæрфат кодта. — Æмæ куыд у лæппуйы хабар? Кæм ис? — Нырма мæнмæ, упраъленийы взводы. Разведчиктæм. — Æрчъицыдта саби? — Цæуылнæ, ницы йын у. — Æмæ цытæ дзуры? — Дзургæ бирæ цыдæртæ. Мæнæ йæ сержант Егоров хуыздæр зоны. — Фæдзурут ма ардæм Егоровмæ. — Сержант Егоров!— ахъæр кодта лейтенант Седых бынмæ батарейы командирмæ. — Уайгæ батарейы коман- дирмæ. — Мæнæ!—уайтагъд дзуапп радта Егоров æмæ йæ бæ- ласы къалиутæй æмбæрзт шлем сзынд хъахъæнæн бынаты фæйнæгæй. — Цæй, куыд у уæ лæппу? Радзур ма.мын. Капитан Енакиев, «сдоклад кæн», зæгъгæ, нæ загъта, фæлæ «радзур ма», зæгъгæ, æмæ уый фæдыл Егоров, алы хатт дæр субординацийы лыстæг фæзилæнтæ дзæбæх кæй зыдта, уый фæдыл бамбæрста, хиуæттæ куыдфæиыхас кæ- ныпц, афтæ дзурæн кæй ис, уый. Цалдæр æхсæвы æпæ 25
хуыссæгæй чи фæсырх, уыцы фæллад цæстытыл худæндзаст ахæлиу, фæлæ уæддæр йæ дзых æмæ йе’рфгуытæ фыццаг куыд уыдысты, афтæ баззадысты. — Бæлвырд хъуыддагыл ма цы дзурæн ис, æмбал капи- тан, æнæ’рцæугæ хъуыддаг нæу,—загъта Егоров.—Йæ фыд фæмард фронты, хæстæи йæ фыццаг бонты. Сæ хъæу сын бацахстой немыц. Мад нæ лæвæрдта йæ хъуджы æмæ ма- ды дæр амардтой. йæ фыды-мад æмæ йæ къаннæг хо амар- дысты æххормагæй, йæхæдæг баззад иунæгæй. Стæй немыц хъæу басыгътой. Æмæ уæд зилын байдыдта къæбæргур. Кæмдæр фæндагыл бахаудта быдырон жандармты къухмæ. Тыххæй йæ арвыстой сæ æвирхъауы сывæллæтты-изоля- тормæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым ыл схæцыд цæгæр, стæй хæрæгхæлмаг дæр, фæрынчын фадгæ тифæй дæр, чысьгл ма бахъæуа мæлгæ дæр акæна, фæлæ куыд- дæртæй фервæзт. Стæй уæд алыгъд. Кæс-ма, дыууæ азы фæрахæт-бахæт кодта, æмбæхстис хъæдты, фæидыд æй фронты сæрты ахизын, фæлæ фронт уæд дард уыдис. Бынтондæр схъæддаг, йæ сæры хъуынтæ ныддаргъ сты. Смæстыгæр. Раст бирæгъы лæппын. Æппынæдзух дæр йæ хызыны дардта, йæхæдæг кæй сцыргъ кодта, ахæм зæгæл. Ахæм хæцæнгарз æрхъуыды кодта йæхи- цæн. Сфæнд кодта уыцы зæгæлæй æнæмæнг иу фрицы амарын. О, æмæ ма йын ноджы йæ хызыны ссардтам абеты чиныг, дæрдджын, скъуыдтытæ. «Цæмæн дæ хъæуы абеты чиныг та?»—фæрсæм æй. «Цы сахуыр кодтон, уый мæ ма ферох уа, уымæн»,—зæгъы. Нæ йæм кæсыс и! — Цал азы йыл цæуы? — Зæгъы дыууадæс, æртындæсæм. Æцæг æтте ба- кæсгæйæ йын дæсæй фылдæр раттæн нæй. Æххормаг бирæ фæцис, смæллæг. Царм æмæ дзы стджыты йеттæмæ ницыуал баззад. — О,—арф ныуулæфгæйæ загъта капитан Емакиев.— Дыууадæс азы. Афтæмæй ацы хъуыддæгтæ куы райдыд- той, уæд ыл фараст дæр æххæст нæма цыд. -- Сабийæ сæ баййæфта, — загъта Егоров пыуулæф- гæйæ. Дыууæ пыхасгæпæджы иу цъусдуг фæхъус сты, сар- 20
мадзанты æхстмæ хъусгæйæ. Æхст зынгæ сабырдæр код- та, алы хатт дæр хæсты размæ куыд вæййы, афтæ. ^ Йæ хæд фæстæ æрцис, адæймаг истæмæ куы фен- хъæлмæ кæсы, ахæм рæстæджы мæнг сабырдзинад. — Æмæ куыд у, дзæбæх лæпггу’у?—бафарста капитан Енакиев. — Диссаджы хорз лæппу. Æвзыгъд, хæрзæмбаргæ!— сдзырдта Егоров, цыма сæхи хæдзары дзырдта, уый хуызæ(н. Капитан йе’рфгуытæ фенцъылдта, фенкъард æмæ ин- нæрдæм азылд. Кæддæр уыдис капитан Енакиевæн дæр лæппу, фырт Костя, æцæг чысыл æрыгондæр. Ныртæккæ йыл цæуид авд азы. Уыдис капитан Енакиевæн æрыгон ус æмæ мад. Æмæ æппæт уыцы бинонтæй фæцух иу бон, æртæ азы размæ. Горæт Барановичы уæвгæйæ йæм фæдисы сидт фæкодтой батареймæ æмæ рацыд йæ фатерæй. Уæдæй фæстæмæ нал федта нæ дæр хæдзар, нæ дæр йæ фырты, нæ дæр йæ усы, нæ дæр йæ мады. Æмæ сæ уынгæ дæр никуыуал фæкæндзæн. Æртæйæ дæр бабыы сты Минскмæ фæндагыл. Уый уы- дис цыппор фыццæгæм азы июны мæйы уыцы æбуалгъ г1æригъæддаг райсом, æмæ Райгуырæн бæстæмæ немыцаг абырджытæ (фыдгæнджытæ) куы ’рбабырстой, уæд уыдо- нæй тæрсгæйæ Минскы сосæ фæндагыл алыгъдысты хæ- цынхъом чи нæ уыд, ахæм адæм: зæрæдтæ, сылтоймæгтæ, сывæллæттæ, цыдысты фистæгæй æмæ сыл афтæмæй не- мыцы штурмовиктæ сæхи ’рбаскъæрдтой æмæ сæ ныц- цагъдтой. Капитан Енакиевы " бинонтæ кæй бабын сты, уый йын радзырдта йæ рагон æмбал, уыць* ’рæстæджы йе’фсæддон- тимæ уыцы сосамæ ’ввахс чи лæууыд, ахæм. Уый йын нæ радзырдта, куыд фæмард сты, уыцы хйбæрттæ лыстæггай, уымæн æмæ æгæр æбуалгъ уыдысты. Æмæ капитан Ена- киев йæхæдæг дæр биноныг фæрстытæ нæ кодта. Йæ зæр- дæ пæ тардта бафæрсын, фæлæ йæ цæстытыл уадис сæ 27
фесæфты ныв æмæ уыцы ныв йæ зæрдæйæ нал хицæн кодта. Æппынæудзых дæр йæ цæстыты раз лæууыд. Зынг, æрттызд, уæлдæф чи рæмудзы, ахæм бомбæты хæлдтытæ, пулеметты æхст уæлдæфы, адæм сæ чыргъæдтимæ(, сæ чемодантимæ, уæрдæттимæ, сæ хæссинæгтимæ сæ сæр цы фæкæной^ уый нал зонынц, къаннæг цыппараздзыд лæппу, йæ сæрыл матростæ кæй фæдарынц, ахæ?л къаннæг цъæх худ, йæ къухтæ фæйнæрдæм æппæрст, афтæмæй дæргъæй лæууы, бындзарæй зæххæй кæй стынд, ахæм нæзы бæла- сы уидæгты æхсæн, цыма адæймаг нал, фæлæ тугæрхæм бызгъуырты тыхтон у, уыйау. Уæлдай биионыгдæр уад капитан Енакиевы цæстытыл уыцы матросон цъæх къаннæг худ, ног лентимæ, йæ фыды- мад ын лæппуйæн йæхи мады зæронд жакеткæйæ кæй ба- хуыдта, уый. Ацы сæрд, капитан Енакиевыл кæд дыууадæс æмæ ссæдз азы йеттæмæ нæма сæххæст, уæддæр йæ къæми- сæнтæ фæурс сты, фæкъæрисдæр, фенкъарддæр, фæкарз- дæр. Полчы мидæг бирæ адæм нæ зыдтой, капитаныл цы æнамонд хабар æрцыд, уый. Æмæ йæхæдæг дæр уый тых- хæй никæмæн дзырдта. Фæлæ иу иунæгæй куы аззад, уæд æппынæдзух дæр хъуыды кодта йæ ус, йæ мад æмæ йæ фырты тыххæй. Иæ фырты тыххæй хъуыды кодта, цыма удæгас уыд, афтæ. Йæ лæппу цыма йæ цæстыты раз рæзгæ кæны, аф- тæ йæм каст. Алы минут дæр капитаи зыдта, цал азы æмæ цал мæйы цæуид ныртæккæ йæ лæппуйыл, куыд дзурид, куыд ахуыр кæнид. Ныхас дæр ыл нæй, ныртæккæ йæ фырт зонид, кæсын æмæ фыссын, æмæ йыл йæ къаннæг матрос-худ дæр нал цæуид. Уыцы худ ныртæккæ æвæрд уаид мæ мады къамоды, Костяйæн чи нал бæззы, уыцы иннæ дзаумæтты ’хсæи æмæ чи зоны, уыцы худæй зæронд ус сарæзтаид æндæр исты хъæугæ дзаума—бумбулитæ æвæрæн дзæкъул, * кæнæ дзабыртæ сæрфæн скæллады гæппæл. — йæ ном цы хуыйпы?—загъта капитан Енакнев. — Вапя. — Æрмæст Ваня йеттæмæ æидæр ппцы? 28
— Æрма^ст Ваня, — хъæлдзæг разæнгардæн дзуагт радта сержант Егоров æмæ циндзинад йæ цæсгомыл кæ- рæй-кæронмæ анхъæвзта — æмæ ма йæ мыккаг дæр ахæм у: Ваня Солнцев. — Æмæ уæдæ афтæ, — ахъуыды гæнгæйæ загъта Ена- киев,—арвитын æй хъæудзæн фæстæуæз хæсты чъыл- дыммæ. Егоров фæджихау ио. — Тæригъæд у, æмбал капитан. — Уый та куыд тæригъæд?—карз мæсты æрбацис Епа- киев.—Цæмæн у тæригъæд? — Цы фæуыдзæн уым? Хæстæг, зонгæйæ йын никуы ничи ис уым. Бынтон сидзæр. Фесæфдзæн. — Нæ фесæфдзæн. Сидзæртæн уым ис сæрмагонд сы- вæллæтты хæдзæрттæ. — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы афтæ у, фæлæ...— загъта Егоров, ныроиг куыд æгъдауæй дзырдта, ахæм хъæ- лæсæй дзургæйæ, цыма хи хæдзары дзуры, афтæ, æцæг, капитан Енакиевы дзыхæй хъуысын байдыдта командир куыд карзæй фæдзуры, ахæм хъæлæс. — Цы? . — Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ у, — ногæй та загъта, Егоров, тæссонд асинты къæхтыл лæугæй^е .куы йæ иу къахыл æрынцой кæньт, куы та иннæйыл.—Фæлæ уæддæр, куыд æй загъдæуа, нæ зонын... Цæвиддон мах сфæнд кодтам нæхимæ, взводы управленийы куыд баззайа, афтæ. !Хæрз æмбаргæ лæппу у. Разведкæйы миниуæг, цы- ма гуырдзæй рахаста, ахæм у. — Уымæй та сæнттæ цæгъдут—загъта мæстыйæ Ена- киев. — Сæнттæ нæ цæгъдæм, æмбал капитан. Тынг хæда- рæхст лæппу у. Ацы бынæттæ зоны, ас разведчик куыд уа, афтæ, разведчикæй дæр хуыздæр. Йæхæдæг куры: «сахуыр мæ кæнут, зæгъы,—разведчикыл. Æз уын,—зæгъы,—бæ- рæг кæндзынæн æхсæн нысæнттæ. Æз,—зæгъы,—ам алы къутæр дæр зонын». — 20
Капитан бахудтис. — Иæхæдæг {куры... Æндæр дзы цыма ппцы хъæуы. Уый гæнæн нæй. Стæй уыцы бæрн нæхимæ куыд райсæм, и? Хуымæтæджы каст æм ма кæнут, адæймат у, уый дæр, удæгас адæймаг. Æмæ йыл исты куы ’рцæуа, уæд та? Хæс- ты мидæг адæймаг фæмард уæвын дæр зоны. Афтæ нæ, Егоров? — Бæгуыдæр. — Гъе, кæсыс. Нæ, нæ. Раджы ма йын у хæцынæн, уадз æмæ уал байрæза. Ныртæккæ йæ скъоламæ цæуынæй дарддæр ницы хъæуы- Фыццагдæр цы машинæйыл фем- бæлат, ууыл æй арвитут фæсчъылдыммæ. Егоров фæуыргьуыйау. — Алидздзæи æмбал капитан,—загъта уый дызæрдыг- гæнгæйæ. — Ау, уый та цы зæгъыс? Куыд алидздзæн? Цæмæн дæм афтæ кæсы? — «Кæд мæ, — зæгъы, — фæсчъылдыммæ ’рвитын- вæнд скæндт, уæддæр мын фæндагæй æнæ алидзгæ нæй». — Ау, афтæ загъта? — Афтæ загъта. — Уый фендзыстæм,—цæхкæр загъта капитан Ена- кисв.—Дзырд дæттын—арвитут æй фæсчъылдыммæ. Ни- цæмæн хъæуы, ам дзæгъæлы хъеллау кæна, уый. Дыууæ ’мгары цы хуызы фæныхас кæнынц, уыцы ныхас фæцис. Егоров фесхъæл кодта йæхи, салдат йæ командиры раз куыд фæкæны, афтæ. — Хъусын дæм. — Æндæр ницы, — загъта капитан Енакиев. — Цæуæн ис? — Цæугæ. Æмæ сержант Егоров асинтыл куы фæуырдыг,—уыцы тæккæ сахат дард хъæды къохæй уæлдæфмæ сындæггай сленк кодта фæлурс цъæх стъалы. Уый æххæст нæма ахуыссыд, афтæ йæ хæд фæстæ стахтис иннæ цъæх стъа- лы, уый фæстæ та æртыккаг—бур стъалы. — Батарей, хæстмæ цæттæ у, — загъта капитан асаст хъæлæсæй. ло
— БатарсГт, хæслмæ цæттæ у! — зылапг хъæлæсæй æсдзырдта телефонист тслефонæп. Æмæ уыцы зыланг хъæрæй æвиппайды байдзаг хæс- ты размæ тæссаг сабыр цы хъæд æрцис, уый, сæдæгай æввахс æмæ дæрддаг хъæлæсты азæлдæй. • 4 * ’" . Уыцы рæстæджы Ваня Солнцев йæ гом къæхтæ йæ быны æрбатымбыл кодта, афтæмæй бадтис наз бæласы къалиутыл разведчикты мусонджы. Стыр хъæдын уидыгæй хордта агæй æнахуыр тæвд æмæ æнахуыр адджын хæри- наг картофæй, хъæдындзæй, консервгонд хуыйы фыдæй, цывзыйæ, нурыйæ æмæ лавры сыфæй æппæтæй æххæст чи уыдис, ахæм. Уый афтæ зыдхæрд кодта, æмæ иу æнæууылд дзидза- йы кæрстытæ йæ хъуыры фæсагъдысты. йæ æнæлвыд сæры хъуынты бын йæ хъил хъустæ æмызмæлд кодтой æфсæртæ куыд архайдтой, афтæ. Ваня схъомыл ис æгъдауджын зæхкусæджы бинонты æхсæн æмæ хорз æмбæрста, йæ хæрд иттæг æнæгъдау кæй у, уый. Æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ хæрыныл тагъдма кодтаид, хаттæй-хатт-иу йæ. уидыг дзулы къæбæрæй ра- сыгъдæг кодтаид, хæргæ-хæрып сымсым æмæ цъæм- цъæм ма кодтаид. Уымæй уæлдай æгъдау афтæ домдта, цæмæй рæстæ- гæй-рæстæгмæ аг йæ разæй чысыл дарддæр æвæрдтаид æмæ загътаид: «Стыр бузныг уæ цæхх æмæ уæ кæрдзы- нæй. Хорз федтон мæхи»,—стæй уый фæстæ, цалынмæ йын æртæ х<атты зæгъой: «Дæ хорзæхæй, ахæр ма»,—уæд- мæ ма æрæвнала хæрынмæ. Уыдæттæ Ваня æмбаргæ бæргæ кодта, фæлæ ыал уыд йæ бон йæхиуыл фæхæцын. Æххормагдзинад ыл æгæр фæтых, æмæ уый фæбынæй кодта æгъдæутты. Йæ дзыхмæ аг! æрбахæстæг кодта, фидарыл ныххæцыд йæ иу къухæй, иннæмæй та рæвдз æвнæлд кæны уидыгæй. Дзулы кæрстытæ лæууынц фынгыл, Ваня сæм йæ цæс- тытæ ныццавта, фæлæ йын уырдæм æвналынмæ къух- тæ нал фаг кæнынц.
Йæ цъæх иæстытæ, фыр цолайæ цыма сæ хыуз аивтой, афтæ зындыс1ы æпæмæ. Хаттæй-хатт-иу хатыр курæджы æфсармджып касг бакодтой, хорз æй цы салдæттæ уыдтой, уыдонмæ*. Мусонджы уыдон уыдысты дыууæйæ: сержант Егоро- вимæ йæ хъæды чи ссардта, уыдон. Сæ иу—хмæкъуыстæг- джын бæрзонд лæг, хæлардзæсгом, йæ цæнгтæ. æвирхъау даргъ, халамæрзæны хуызæн, йæ фæсномыг «стæгдар»— ефрейтор Биденко. Иннæ дæр ефрейтор, уый дæр ахæм стыр кæндтытæ лæг, бæгъатыры хуызæн хæрзхуыз, тымбыл- дзæсгом сыбираг Горбунов. Йæ пух уадултæ сырх, йæ цæс- ты хаутæ фæлурс бур, йæ сæры хъуыытæ дæр уый æнгæс, стæй гæзæмæ—йæ фæсномыг «Чалдон». Дыууæ уæйыг лæджы тыххæй-фыдæй цыдысты сæ му- сонджы, кæд æхсæз лæгæн арæзт уыдис, уæддæр. Цæ- виддон иу сæ къæхтæ куы нæ’рбатымбыл кодтой, уæд-иу сын мусонгæй æттæмæ разындысты. Хæсты агъоммæ Биденко уыд донбассаг шахтер. Дур- æвзалыйы рыг йæ саулагъз цармы афтæ ахъардта æмæ ма ныронг дæр цъæхбын дардта. Горбунов та уыдис фæсбайкалаг хъæддзау. Раст цыма пыронг дæр ног саст бæрз-сугты тæф йæ буарæй нæма фæхицæн, афтæ кастис адæймагмæ. Æмæ æнæуи йæхæ- дæг дæр куыддæр урс, бæрзы хуызæн уыдис. Дыууæйæ дæр бадтысты наз бæлæсты дзæбæх тæфгæ- наг хихтыл, сæ бæгъатыр уæхсчытыл сæ бæмбæгджын уæ- лæфтаутæ уæгъд æппæрстæй æмæ иттæг райгæ каст кодтой, Ваня кæртоф куыд хæры, уымæ. Хаттæй-хатт-иу куы бафиппайдтой, лæппу æфсæрмы кæны йæ фыд-зыд хæрды тыххæй, уæд-иу хæларзæрдæ æмæ ныхасуарзæгой Горбунов лæгъз ныхасæй дзырдта: — Ды, чысыл фийау/, - æфсæрмы ма кæн. Хæр, цас дæ хъæуы, уыйас. Куы нæ дын’сфаг уа, уæд ма дын ноджыдæр æркæндзыстæм. Хæринаджы тыххæй мах дзыхъы лæуд не стæм. Ваня хордта, æстæрдта иу уидыг, хæмпус, фæлмæн сал-
—-Ды, чысыл фннау, æфсæрмы ма кæн. Хæр цас дæ хъæуы, уыйас. 3 Полчы хъæбул. 33
салдатаг туагдæзф бурцъар дзулæй стыр комдзæгтæ æп- пæрста йæ дзыхы æыæ йæм афтæ каст, цыма рагæй цæры, ам, мусонджы, ацы уæйыг адæммæ. Суанг ма йæ уырнгæ дæр нæ кодта, хæрз æрæджы, знон дæр ма кæй хаттис тæссаг уазал хъæды, æгас дунейыл иунæгæй, æхсæвыгон, æххормаг, рынчын, хæтæнхауæгæй, бирæгъы лæппыны хуызæн æмæ йæ сомбоны царды мæлæтæй дарддæр кæй ницы уыдта, уый. Нæ йæ уырныдта, æртæ азы дæргъы цы мæгуырдзи- над, æфхæрд æмæ æппынæдзух тасдзинад баййæфта, зы- быты иунæгæй, æрхæндæг зæрдæйæ куыд фæцардис, уы- дæттæ кæй аивгъуыдтой, уый. Æртæ азы дæргъы ныр фыдцаг хатт бахаудта, тæрсгæ кæмæй нæ кодта^, ахæм адæмы ’хсæн. Хорз уыдис мусон- джы мидæг. Кæд боны хъæд æвзæр асæст уыдис, уæд- дæр мусонджы бурцъары иннæрдыгæй уад хъæлдзæг, æмхуызон рухс, хуры рухсы хуызæн. Æцæг, мусонджы мидæг дыууæ дынджыр лæ- джы кæй уыдис, уый фæдыл къуындæггомау уыд, фæлæ уый хыгъд куыд дзæбæх биноныг æвæрд æмæ а^уыгъд уыдысты алцы дæр! Алы дзаума дæр æвæрд уыдис, кæм ын æмбæлы, уым. Автоматтæ хæрз сыгъдæгæй æмæ сойæ сæрстæй ауыгъд уыдысты, мусонджы æмбæрзæн кæуыл æнцад, уыцы бур хъилтыл. Цинелтæ æмæ пæлæз-палаткæтæ æнæуæлдай, æнцъылд тыхтæй æвæрд уыдысты ног саст наз бæлæсты æмæ æхсæлы къутæрты къалиутыл. Противогазтæ æмæ дзаурладон рифтæгтæ æвæрд уыдысты нывæрзæнты базты бæсты, сæ уæлæ сыгъдæг хисæрфæнтæ æмбæрзт, афтæ- мæй. Мусонджы рахизæны æтте æвæрд уыдис, ведра, йæ сæр фанерæй æмбæрзт. Фанерыл аив æфснайдæй æвæрд уыдысты консервты къоппытæй арæзт кружкæтæ, целлюлойд сапондонтæ, дæндæгтæ сыгъдæггæнæн тюбик- тæ æмæ дæндæгтæ ’хсæн счеткæтæ, алыхуызон æмæ лы- стæг хуынкъ агъудты мидæг. Суанг ма дзы аллюмини къусгонды мидæг хи дасынæн сапон фынкгæнæн счеткæ дæр уыдис, æмæ ауыгъдæй лæууыд къаннæг тымбыл айдæн. Уыдис ма дзы дзабыр сæрфæн счеткæтæ дæр, сæ 34
хъисты’рдæм æггæг-мидæг æвæрдæй æмæ сæ цуры вак- сæйы къопп. Уыдис ма дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, фанар дæр «Хæлынбыттыр». Мусонгæн æтте йæ алыфарс къахт чысыл къанау, цæмæй йæм къæвдайы дон ма кæла, уый тыххæй. Зæхмæ цы къæбæлтæй фидаргонд уыд, уыдон сеппæт дæр фидар сагъд уыдысты. Æмбæрзæнтæ уыдысты æмвæтæнæг, хæрз- ивæзт. Алцыдæр уыдис, инструкци куыд амоцы, уымæ гæсгæ. Хуымæтæджы нæ айхъуыст разведчиктæн сæ хæдзар- дзинады хорз кой. Кæддæриддæр сæм уыдис æвæрд ба- хъуыды сахатмæ сæкæр, дзулы хустæ, сой. Цыфæнды рæс- тæджы дæр сæм адæймаг ссардтаид судзин, æндах, æгъ- нæг кæнæ цайгæрдæг. Тамакойыл та ныхас дæр нæй. Ды- минал сæм бирæ уыдис бирæ алыхуызты: фабрикæйы конд, хуымæтæджы махоркæ дæр, пензæйаг хæдсадзгæ хъæбæр тамако дæр, сухумаг рог тамако дæр, бапъиростæ «Путина» æмæ ма суанг трофейон сигарæтæ дæр, æцæг трофейонты нæ уарзтой æмæ сæ дымгæ дæр кодтой иттæг хъуаг зама- ны, уый дæр былсчъилтæй. Фæлæ канд уымæй нæ айхъуыст разведчикты хорзы кой æппæт бæтæрейыл. Фыццаджыдæр уыдонæн сæ кады ном айхъуыст сæ хæстон хъуыддæгты тыххæй, æрмæст сæхи мидæг нæ, фæлæ ма иннæ æфсæддон хæйтты’хсæн дæр. Уыдоны хуызæн хъæбатыр æмæ дæсны ничи уыдис разведкæмæ. Ахæм хъуыддæгтæ иу рабæрæг кодтой, знагæн йæ фæс- чъылдыммæ иттæг арф бацæугæйæ, æмæ иу хаттæй-хатт штабы кусджытæ дисæй мардысты. Дыккаг хайады хицау сæ æндæр номæй дæр нал хуыдта, фæлæиуафтæ дзырдта: «Адон капитан Енакиевы профессортæ сты>\ зæгъгæ. Цыбыр ныхасæй тох кодтой, хъæбатыр гох. Фæлæ сæ уæззау æмæ сæ тæссаг куысты фæстæ сæ фæллад уадзын дæр хорз зыдтой. Уыдысты æхсæз лæ- джы, сержант Егоровæй фæстæмæ. Разведкæйы цыдысты фылдæр хатт къæйттæй, дыгай бонты фæстæ æртыккаг бон. Иу бон иу дыууæйæ иумæ хъуыддаджы фæдыл ацы- дысты, дыууæйæ та сæ фæллад уагътой. Сержант Егоров з
йæхæдæг йæ фæллад кæд уагъта, уымæн та зонгæ дæр ничи ницы кодта. Ныртæккæ сæ фæллад уагътой Горбунов æмæ Биден- ко, дыууæдæр æрдхорд хæлæрттæ, разведкæйы дæр æппынæдзух иумæ цыдысты. Æмæ кæд суанг райсо- мæй райдыдта хæст, хъæды мидæг уæлдæф æмыз- мæлд кодта, рызтис зæхх æмæ алы минут дæр куыстмæ кæнæ куыстæй чи цæуы, ахæм штурмовикты нæрынæй бæлæсты цъуппытæ дзойдзой кодтой, уæддæр дыууæ разведчикы сæ бирæ куысты фæстæ æнæмæтæй сæ фæл- лад уагътой Ваняимæ. Уæдмæ къаннæг лæппу Ваняйы бауарзтой æмæ ма йыл фæсномыг ном дæр сæвæрдтой: «Чысыл фийау». Æмæ æцæгдæр, хи хæдзары мидæг кæй бауафынц æмæ хъæдындзы цъарæй конд ахорæнæй кæй сахорынц, ахæм морæхуыз хæлафы, скъуыдтæ къандзолы мидæг, йæ хызын йе ’фцæгыл æмæ йæ пыхцыл сæры хъуынтимæ раст фийауы хуызæн уыд, мæнæ зæронд заман абеты чиныджы цы фийæутты нывтæ уыд, уыдоны хуызæн. Суанг ма йæ тар мæллæгдзæф цæсгом, йæ къаннæг рæсугъд раст фындз, йе стыр цæстытæ, стæй хъæууон зæронд æмæ хъæмпæй æмбæрзт хæдзары хуызæн йæ æнæлвыд сæры хъуынтæм бакæсгæйæ — комкоммæ уыд хъæууон фийауы хуызæн. Ваня аг куы авдæлон кодта, уæд æй дзулы цъарæй хорз ныссыгъдæг кодта. Уыцы цъарæй ма асыгъдæг кодта уи- дыг • дæр, стæй уæд цъар бахордта, сыстад, ас лæ- джы хуызæн йæ сæрæй акуывта æмæ зæхмæ кæсгæйæ загъта: — Арфæгонд ут. Стыр бузныг уæ бæркадæй. — Кæд ма дæ хъæуы? — Нæ, хорз федтон мæхи. ■— Æфсæрмы ма кæн, мах ма дын иу аг авæрдзыстæм дæ разы, — загъта Горбуиов æмæ хи’ппæлæгау йæ цæст æрныкъуылдта. — Уый махæн диссаг нæу. Цы зæгъыс, чысыл фийау? — Æндæр мæ нал хъæуы, — æфсæрмы гæнгæ загъта 36
Ваня æмæ йæ цъæх цæстытæ æвиппайды хъæлдзæг, уæн- дон æрттывд фæкодтой. — Куыд дæ фæнды, афтæ. Дæ бар дæхи. Махæн не ’гъдау афтæ у, æмæ тых никæмæн кæнæм,—загъта Би- денко, алы хатт дæр куыд комкоммæ раст ныхас кодта, афтæ. Фæлæ кадыл мæлæг Горбунов бирæ уарзта, адæм иу- уылдæр разведчикты цардæй куыд æппæлыдаиккой, уый, æмæ загъта: — Гъы, Ваня, куыд дæм фæкаст нæ хæринаг? — Тынг хорз у, — загъта лæппу æмæ уидыг нывæрдта аджы, йæ хæцæн бынмæ, афтæмæй. Фынгæмбæрзæны бæсты цы газет «Суворовский натиск» æвæрд уыдис, уы- мæй кæрдзыны къæбæртæ расæрфта. — Æцæг хорз у, и? — фæхъæлдзæгдæр Горбунов. — Ды, мæ хæлар, ахæм хæринаг дивизийы никæмæ ссардзы- нæ. Алчи дæр æй зоны. Ды, мæ хæлар, бавдæл æмæ фыц- паджы фыццагдæр хæц махыл, разведчиктыл. Махимæ дын сæфæн нæй. Хæццынæ ныл? — Хæццынæн,—хъæлдзæгæй загъта Ваня. — Афтæ уæдæ. Æмæ нæ фесæфдзынæ. Мах дæ аба- найы цынайдзыстæм. Дæ дадалитæ дын алвындзыстæм. Дарæс дæр дын скæндзыстæм, дæ бакаст æфсæддон лæ- джы бакаст куыд уа, афтæ. — Æмæ иу мæ разведкæмæ дæр акæндзынæ? — Разведкæмæ дæр дæ акæндзыстæм. Номдзыд раз- ведчик дæ куыд рауайа, афтæ бакæндзыстæм. — Æз, мæ хæлар, гыццыл дæн. Кæмдæриддæр бацæу- дзынæн, — райгæ æмæ ныфсхастæй загъта Ваня. Ам æз алы къутæр дæр зонын. — - Æмæ хъæугæ дæр уый кæны. — Автоматæй гæрах кæнын дæр мæ сахуыр кæндзынæ? — Цæуылнæ. Уымæн дæр рæстæг уыдзæн. Сахуыр дæ кæндзыстæм. — Æз, мæ хæлар, æрмæст иу хатт куы ныггæрах кæ- нин, уæд æй базонин,—загъта Ваня æмæ бæллиццаг зыд каст бакодта автоматтæм, сармадзанты æнæ ’рынцой хъæ- рæй сæ гæрзбостыл чи дзедзро кодта, уыдонмæ. 37
— Агæрах кæндзынæ. Ма тæрс. Уый фыдæй дын ницы баззайдзæн. Мах дæ æппæт æфсæддон хъуыддæгтыл дæр сахуыр кæндзыстæм. Фыццаджы фыццаг дæу дæр банымай- дзыстæм, æфсæддон цы дзаума æмæ хæринаг фæисы, ахæ- мыл. — Æмæ уый та куыд вæййы? — Уый та куыд куы зæгъай, уæд афтæ: сержант Егоров дæу тыххæй зæгъдзæн лейтенант Седыхæн. Лейте- нант Седых зæгъдзæн батарейы командир капитан Енакие- вæн, капитан Енакиев дзырд раттдзæн дæу æфсæддоныл банымайыны тыххæй. Гъе, уæдæй фæстæмæ дын дæттын байдайдзысты цы’мбæлы, уыдон æппæтæй дæр: дзаума дæр, хæринаг æмæ æхца дæр. Æмбарыс æй? — Æмбарын, æмбарын. — Гъе афтæ у махмæ, разведчиктæм... Фæлæу ма! Кæ- дæм рæвдз кæныс? — Мæнæ аг æмæ иннæ дзауматæ ахсон. Мæ мад нын иу алы хатт дæр хæрды фæстæ мигæнæнтæ æхсын æмæ сæ скъаппы æвæрын кодта. —/ Хо’рз кодта дæ мад, — карзæй загъта Горбунов, — афтæ у æфсæддон службæйы дæр. — Æфсæддон службæйы лæккадгæнджытæ нæй, — зондамонæн хуызы загъта Биденко. — Фæлæ уал фæуадз мигæнæнтæ æхсын. Ныртæккæ уал цай бацымæм, — загъта æппæлæгау Горбунов. — Цай цымын уарзыс? — Уарзын, — загъта Ваня. — Хорз кæныс уымæй дæр. Махмæ, разведчиктæм, ахæм фæтк ис æмæ куыддæриддæр бахæрæм, ’афтæ цай цымæм. Æндæр гæнæн нæй! Стæй къаннæг чысыл къæртт дзыхы даргæйæ нæ, фæлæ сæкæр цас хъæуы, уыйас агуывзæйы æппаргæйæ. Махмæ уый нымады дæр нæу. Уайтагъд мусонджы февзæрдис стыр æрхуы цайдан — разведчиктæ уæлдай райгæдæр æмæ сæрыстырдæр кæмæй уыдысты, æмæ иннæтæ та æппын æдзух кæмæ хæлæг код- той, уыцы дзаума. Æмæ æцæгдæр, разведчиктæм сæкæр нымады нæ уыдис. Мадзура Биденко райхæлдта йæ дзаума’вæрæн рифтаг
æмæ æрæвæрдта «Суворовский натиск»-ыл къæртт сæкæ- ры стыр армы дзаг. Ваня сæкæрмæ дзæбæх кæсгæ дæр нæма бакодта, афтæ йын Горбунов йæ кружкæйы цæппæр- ста дыууæ стыр къæртты, фæлæ стæй куы бакаст лæппу- мæ æмæ йын йæ цæсгомыл стыр циндзинад куы федта, уæд ма дзы ноджы æртыккаг стыр къæртт дæр ныппæрста. Ома мах, разведчиктæ, хырт нæ кæнæм. Ваня фæлæбурдта тасмачъи кружкæмæ æмæ йыл зыд хæст ныккодта йæ дыууæ къухæй. Саунг ма фыр æхсызгон- дзинадæй йæ цæстытæ дæр æрцъынд кодта. Раст, цыма кæй нæма фенд, аргъæутты кæй кой фæкæнынц ахæм дунейы февзæрдис, афтæ йæм кастис. ! Æмæ алфамблай алцы’ппæт дæр уыдис аргъауы хуы- зæн. Мусонг, цыма асæст боны хуры рухсæй ныррухс, æв- вахс цы тох цæуы, уый нæрын, сæкæр армыдзагæй цайы чи калы, уыцы дыууæ егъау лæджы, стæй йын ныфс цæ- мæй бавæрдтой, уыцы диссаджы «æфсæддон цы фæисы, уыдон иууылдæр, дзаума дæр, хæринаг дæр æмæ æхца дæр», æмæ ма суанг кружкæйы фарсыл стыр сау дамгъæ- тæй цы ныхас фыст уыдис «Свиная тушонка». уыдон æп- пæт аргъауы хуызæн уыдысты. — Дæ зæрдæмæ цæуы? — афарста Горбунов, лæппу цай куыд зæрдиаг цымд кодта, уый уынгæйæ. Æхсызгон ын уыдис йæхицæн дæр, сабийы афтæ хорз кæй уынынц, уый. Фæлæ уыцы фарстæн Ваня ницы бæрæг дзуапп раттын бафæрæзтаид. Йæ дзый не ’вдæлдис дзурынмæ), зынджы хуызæн тæвд цаимæ тох кодта. йæ зæрдæ дзаг уыдия æнæкæрон циндзинадæй, уымæн æмæ цæргæйæ баззай- дзæн разведчиктæм, уыцы -диссаджы хорз адæммæ, йæ сæр алвынын, дзаума раттын æмæ автоматæй æхсын са- хуыр кæнынæй йын ныфс чи æвæры, уыдонмæ. Ныхæстæ сæмхæццæ сты йæ сæры. Бузныг зæггьыны бæсты ма æрмæст йæ сæрæй куывта, йе’рфгуытæ бæрзонд систа, йæ цæстытæ ныйирд кодта, цыма афтæмæй йæ цин æмæ йæ бузныгдзинад уæлдай тыхджындæрæй æвдыста, уыйау. — Саби у нырма, — тæригъæдгæнæгау арф ныуулæ- 39
фыд Биденко, сæгæй цыма сбур сты уыцы дынджыр æн- гуылдзтæй ставд «сæгъы къах» тамако здухгæйæ æмæ дзы йæ чъиссайæ пензæйаг хæдсадзгæ хъæбæр тамако æркæнгæйæ. 4" Уæдмæ хæстæй цы уынæртæ хъуысти, уыдон цалдæр хатты сæ хуыз ивтой. Фыццаг хъуыстысты æввахсæй æмæ деиджызы уылæн- тау æмхуызонæй, стæй адарддæр сты, фæмынæгдæр сты, фæлæ уайтагъд нæрьш байдыдтой ногæй, райсомæй куыд уыдысты, афтæ. Уыдоны æхсæнæй райхъуыст ног, тагьд- тагъд æмæ цыма æнæ фæтк уыдис, ахæм авиобомбæты гы- баргыбур. Уыдои калдысты æмæ калдысты кæдæмдæр кæ- рæдзийы уæлæ, иу ранмæ, цыма æмризæджы рызт кæнгæ зæхх æвирхъау диссаджы стыр дзæбугтæй хостæуы, афтæ. — Æнхъæлдæн мах хæдтæхджытæ уырдыгмæ сæхи раскъæрдтой,—ныхасгæнгæйæ йæ хъус хæдтæхджыты хъæрмæ даргæйæ загъта Биденко. — Хорз цæвынц,—райгæйæ загъта Горбунов. Уыцы уавæр дæр дзæвгар ахаста: Стæй уый фæстæ иу цъусдуг фæсабырдæр. Афтæ фæсабыр, æмæ хъæды иттæг хъуыстысты хъæдхой хъæд куыд хоста, уый, цыма Морзейы абетæй исчи исты фыст лæвæрдта, афтæ. Цалынмæ уыцы сабырдзинад уыд? уæдмæ ныхас нал кодтой, хъуыстой. Стæй дардæй æрбайхъуыстис топпы хъæртæ. Уый тынг,æй-тынгдæр кодта куыдфæстæмæ. Æхст афтæ сарæх, æмæ топпы хицæн хъæртæ иу кæнын бай- дыдтой. Æппын фæстаг сиу сты. Уайтагъд æппæт фронты бирæ рæтты скъæркъæр кодтой пулеметтæ æмæ хæстон фыдохы машинæ æвиппайды схъæрзыд, сæхситт кодта, сниудта, скъæркъæр кодта, ратацион машинæ цыма ты- хæскъæрд ачындæуыд, афтæ. Æмæ уыцы æнæхатыр механикон хъæры мидæг æр- мæст фæлтæрд къæрцхъус æрцахстаид хъустæн æхсызгон бирæ адæмы хъæлæс, дард кæмдæр «а-а-а...», зæгъгæ, чи зарыдис, ахæмтæ. — Быдырты паддзах та атакæйы фæцæуы,—загъта Гор- ю
бунов. Ныртæккæ та йын «хæсты хуыцау» хъырнын байдай- дзæн. Æмæ цыма раст уыцы ныхæсты бæлвырддзинад æвди- сынц, аф^æ алырдыгæй ныццавтой æмæ алы хъæлæстæй суасыдысты бирæ сæдæ алыхуызон сармадзантæ. Биденко дзæвгар, лæмбынæг фæхъуыста, йæ хъус, хæст кæм цыдис, уыцырдæм аздæхгæйæ. — Нæхи батарейы хъæр нæма хъуысы,—сдзырдта уый æппын фæстагмæ. — О, нырма ницы дзуры,—загъта Горбунов. — Æвæццæгæн. нæ капитан гæппæввонгæй æнхъæлмæ кæсы. — О, уый афтæ вæййы. Фæлæ уый хыгъд фæстæдæр куы пыххуыфа... Ваня йæ тарст цъæх цæстытæ куы сæ иумæ базилы, куы се’ннæмæ æмæ сын сæ цæсгомы бакастæй базоныныл архайы, ома цы хæстон хъуыддæгтæ цæуы, уыдон махæн хорз сты æви æвзæр. Уый бамбарын йæ бон нæ уыдис, ба- фæрсынмæ та йæ ныфс нæ хаста. Уæд æппын фæстаг бафарста Горбуновы, уымæн æмæ йæм уый хæларзæрдæ дæр касти:—чи кæуыл тых кæны: мах немыцыл æви немыц махыл? Горбунов схудтис æмæ æркъуырдта лæппуйы уæхск. — Кæс-ма амæ дæр! Фæлæ Биденко æцæгæй загъта. — Уæд та, Чалдон, ды æцæг, радисттæм куы ацæуис æмæ куы базонис цы хабар ис, уый. Фæлæ уыцы рæстæджы æрбайхъуыст тагъд чи цыд, æмæ мусонджы къæбæлтыл чи фæкалдис,, ахæм адæймаджы къæхты хъæр, стæй мусонгмæ æргуыбыр гæнгæйæ æрба- хызт сержант Егоров. Горбунов! — Мæнæ. — Дæхи барæвдз кæ. Ныртæккæ фистæг æфсады уæз- гæйæ Кузминский фæмард. Ды хъуамæ æрлæууай йæ бы- наты. — Нæхи Кузминский? — О, автоматæй. Иуæндæс иæмыджы. Фæтагъддæр кæн. 41
— Ис. Цалынмæ Горбунов гуыбырæй тагъд-тагъд йæ цинел кодта æмæ йæ хæцæнгæрзтæ йæ уæлæ æфтыдта, уæдмæ сержант Егоров æмæ ефрейтор Биденко æнæ дзургæйæ кастысты, ныртæккæ чи фæмард, разведчик Кузминский, уый кæм хуыссыд, уыцы бынатмæ. Уыцы бынат иннæ бынæтгæй ницы хъауджыдæр уыдис. Уый дæр иннæтау биноныг æфснайд — æнæ иунæг æн- цъылд—кæрдæгхуыз пæлæз-палаткæйæ æмбæрзт, нывæр- зæны базы бæсты дзаумадон рифтаг, йæ уæлæ хисæрфæн, афтæмæй; æрмæст хисæрфæны уæлæ уыдысты дыууæ æр- тæтигъон фыстæджы æмæ алы ахорæнтæй нывгæндтимæ журыал «Сырхæфсæддон». Уыдон та æрбахаста постхæс- сæг, Кузминский уым куы нæ уыдис, уæд. Ваня федта Кузминскийы æрмæст иу хатт боныцъæхæй. Кузминский тагъд-тагъд кодта йæ рады æрлæууынмæ. Ныртæккæ Горбунов куыд кæны, афтæ Кузминский дæр гуыбырæй йæхиуыл æрæфтыдта йе’фсæддон дзаума æмæ дзæбæхтæ кодта, йæ цицел йæ уæлæ аивдæр куыд бада, йæ дамбаца, æд æрхуы стыр цæгджын фат цинел куыд нæ фенцъылдтæ кæнг<, афтæ. Кузминскийæн йæ цинел куыддæр карз адджын тæф кодта. Фæлæ Ваня Кузминскийæн йæхи дзæбæх нæ федта, уымæн, æмæ Кузминский уайтагъддæр ацыд. Уый ацыд ахæм æгъдауæй, æмæ хæрзбон дæр никæмæн загъта, фæстæмæ тагъд æрбаздæхинаг адæймаг куыд фæцæуы, афтæ. Фæлæ пыр алчи дæр зыдта, кæй никуыуал æрбаздæхдзæн æмæ æнæ дзургæйæ кастысты йæ афтид хуыссæн бынатмæ. Мусонг цыма сафтид, афтæ дзы мæрдон æнкъарддзинад йæ пæлæз æрæвæрдта. Ваня хъавгæ ’внæлд бакодта æмæ йæ уырзтæй аскæр- ста журнал «Сырхæфсæддоны» ног, фæлмæн номыр. Æр- мæст ныр фæфиппайдта сержант Егоров Ваняйы. Лæппу æнхъæлдта, ома Егоров æй куы фена, уæд æм фæхуддзæ- нис æмæ йæхæдæг дæр йæхи срæвдз кодта фæхудынмæ. Фæлæ йæм сержант Егоров карз каст бакодта æмæ уæд лæппуйы зæрдæ фехсайдта, цыдæр æвзæр хабар кæй æр- цыд, уымæ. 12
• 5 * - — Ам ма дæ?—загъта Егоров. •— Ам,—зæгъгæ, æнæбары дзуапп радта лæппу, цыма стыр аххосджын уыдис уыйау, афтæмæй та йæхимæ ницы аххос фиппайдта. — Арвитын æй хъæудзæн,—загъта сержант Егоров мæстыйæ, капитан Енакиез куыд мæсты кодта, ахæм хуы- зы—Биденко! — Мæнæ! — Барæвдз кæн-дæхи. — Кæдæм? —Батарейы командир дзырд радта, цæмæй лæппу æрвыст æрцæуа фæсчъылдыммæ. Уыцырдæм цы машинæ цæуа, ууыл æй бахæццæ кæндзынæ фронты дыккаг эшелонмæ. Уым æй раттдзынæ командирмæ, гæххæт дзы райс, афтæ- мæй, Арвитæд æй исты ахæм сывæллæтты хæдзармæ. Цы дзæгъæлы хъеллау кæна ам. Гæнæн нæй. — Гъа, уый дын гъе, —■ стыр хъыг гæнгæйæ загъта Би- денко. — Капитан Енакиев радта ахæм дзырд. — Уый афтæ, фæлæ тæригъæду лæппу. Ахæм æвзыгъд саби. — Тæригъæд у æви нæу, уæддæр гæнæн нæй. Сержант Егоров ноджы смæстыдæр æмæ кынкъард. Уымæн йæхицæн дæр зын уыдис лæппуйæ фæхицæн. Стæй йын тæригъæд кодта. Дысон йæ мид-зæрдæйы сфæнд кодта, Ваняйы йæхимæ куыд ныууадза æмæ йæ бастдзинад чи фæдары, ахæм кусæг куыд скæна, стæй уæд куыдфæстæмæ та хорз разведчик куыд суа, афтæ. Фæлæ командир цы дзырд радта, ууыл уæлдай зæгъæи ницыуал ис. Капитан Енакиев хуыздæр зоиы. Загъд æр- цыд—æххæст æй кæн. — Нæй гæнæн,—ноджыдæр та загъта Егоров карз æмæ бæзджын хъæлæсæй, хъуыддаг бынтон лыг кæй у, уый æвдисгæйæ.—Дæхи барæвдз кæн Биденко. — Хъусын дæм. — Æмæ уæдæ афтæ, æндæр ма цы,—загъта Горбунов, 43
йæ наганы æрттывтытæ калгæ хуымпъыры бын йæ цинелы дыдæгътæ дзæбæх гæнгæйæ.—Мæт ма кæн, чысыл фийау. Иугæр капитан Енакиев дзырд радта, уæд æй æххæст кæ- нын хъæуы. Афтæ у хæстон дисциплинæ. Æппын мацы уæд, уæддæр ма машинæйы абаддзынæ. Афтæ нæ? Цæй уæдæ хæрзбон, мæ чысыл æфсымæр. Уыцы ныхæстæгæнгæ Горбунов тагъд æмæ æдыхстæй рахызт мусонгæй. Ваня сагъдауæй баззад. Цыма ноджы чысылдæр ныц- ци, афтæ мардæрцыдау фæцис. Тæфсæгæй йæ былтæ рафастой, фæлæ сæ дарддæр йæ дæндæгтæй æхсынын байдыдта æмæ афтæмæй куы Биденкомæ бакæсы—уый та йæ дзаумæттæ кодта—куы сержант Егоровмæ. Егоров та бадтис, мард чи фæцис—Кузминскийы хуыссæны, æмæ йæ къухтæ йæ зонгуыты æхсæн æркæнгæйæ, рæдзæ-мæдзæ кодта. Дыууæ æмбалы дæр иттæг хорз æмбæрзтой, лæппуйы зæрдæ куыдтæ кæны, уый. Дыууæ-æртæ минуты хæд раз- мæ хъуыддаг афтæ хорз æмæ рæсугъд уыдис æмæ ныр та æвиппайды куыд фæфыддæр! Уæдæ цы диссаджы æмæ цы æмбисонды райгæ цард фæцæйцыд Ваняйæн: хъæбатыр æмæ рæдау хæларзæрдæ разведчиктимæ æнгомæй цæр, семæ хæр æмæ цай цым, куыд дæ фæнда, афтæ адджын цай, семæ цу разведкæйы, дæхн най абанайы, гæрах кæн автоматæй, хуыс, семæ иу мусонджы; райс дарæс—цырыхъытæ, æттаг хæдон, æд пъагонтæ æмæ сармадзаны нывтæ пъагонтыл, цинелтæ, суанг ма чи зоны компæс æмæ дамбаца дæр — наган æд гилдзытæ. Æртæ азы дæргъы цардис Ваня дзæгъæл куыдзау æнæ хæдзар, æнæ бинонтæ. Тарстис адæмæй æмæ æппын æдзух дæр æййæфта æххормаг, мæлæтдзаг тасæй цух никæд уыдис. Æппын фæстаг ссардта хæларзæрдæ хорз адæмы. Уыдон æй фервæзын кодтой мæлæтæй, баф- сæстой æмæ йæ бауарзтой. Гъе, æмæ лæппу, мæгуыр, афтæ куы ахъуыды кодта, зæгъгæ, мæнæ цы диссаджы хорз цардмæ бахаудтæн æмæ кæдæй-уæдæй йæхи бинонты хуызæн адæмыл куы фембæлд, раст тæккæ уыцы сахат— 14
дæнг! — æмæ уыцы хорздзинæдтæ сеппæт æрбадæлдзæх сты. Сеппæт дæр атадысты мигъы къуымбилау. — Уæ хорзæхæй,—загъта лæппу цæссыг калгæ æмæ бавнæлдта Биденкойæн йæ цинелы фæдчимæ. — Дæ хор зæхæй, байхъус мæм. Ма мæ æрвитут. Афтæ нæ хъæуы — Дзырд лæвæрд у. Цы гæнæн ис? — Дæ хорзæхæй, Егоров... Æмбал сержант! Ма ма ауадз æрвитын. Уадз æмæ цæрон сымахимæ. Æз уын æдзух дæр уæ агтæ æхсдзынæн, дон хæсдзынæн...—загъ- та ма лæппу, йæ сæрæн æндæр куыницыуал зыдта, уæд. — Гæнæн нæй, гæнæн нæй, — фæлладхуызæй загъта Егоров. — Цæй ма цы фæдæ, Биденко! Срæвдз дæ æви нæма? — Рæвдз дæн. — Уæдæ акæн лæппуйы æмæ цæугæ. Ныртæккæ полчы ивæн бынатæй фæстæмæ здæхдзæн фондз тон- нæйы ласæн машинæ æхст гилдзытимæ. Баййафдзыстут ма йæ. Нæхиуæттæ та цыппар километры бацыдысты размæ. Фидар кæнынц уым сæхи. Ныртæккæ фæстæгтæ дæр хъуамæ æрбаразмæ уой, æмæ уæд афтæмæй цы фæкæн- дзыстæм лæппуйы? Цæй, фæндараст! — Дæ хорзæхæй!—фæхъæр кодта Ваня. — Гæнæн нæй,—цæхкæр æркарста Егоров æмæ иннæр- дæм аздæхт, цæмæй йæ зæрдæ ма ферхæндæг уа, уый тыххæй. Лæппу бамбæрста, хъуыддагæн æцæг гæнæн кæй нал ис, уый. Уый. бамбæрста, хæрз æрæджы дæр ма йæ сæхи хъæбулы хуызæн чи уарзта æмæ йæ хæларзæрдæйæ чы- сыл фийау чи хуыдта, уыцы адæм æмæ йæхи астæу стыр хох кæй февзæрд, уыц. Сæ цæстæнгасæй, сæ хъæлæсы хаттæй æмæ сæ алы митæй лæппу æмбаргæ уæвгæ кодта, ныронджы хуызæн æй кæй уарзынц æмæ йын тæригъæд кæй кæнынц, уый, фæлæ æмбæрста æндæр хъуыддаг дæр: уый æмбæрста, се’хсæн цы хох фæзынд, уый сæрты ахизæн ницы амалæй ис, дæ сæр къултыл куы хойай, уæдлæр. 45
Лæппу æвиппайды йæхимæ. хардзау æркаст. Йæ цæс- гом туджы азылд, цыма уайтагъд фæмæллæгдæр, афтæ фæцис. йæ чысыл роцъо ризын райдыдта, æрфгуыты бын цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой, дæндæгтæ скъæс- къæс кодтой. — Уæдæ æз нæ ацæудзынæн^— заггьта лæппу æнæ- фсæрм æмæ уæндонæй, —Барæй цæудзынæ æви æнæбары,—хæларæй сдзырд- та Биденко. —■ Кæс ма амæ дæр, куыд мæстыгæр у. Нæ ацæудзынæн! Машинæйы дæ сæвæрдзынæн æмæ дæ куы аласон, уæд ма кæцæй нæ ацæудзынæ? — Æмæ уæддæр алидздзынæн. — Нæ(, мæ хæлар, уый дын нæ бантысдзæн. Нырма мæнæй никуы ничи алыгъд. Уый бæсты цом тагъддæр, кæннод машинæ нал баййафдзыстæм. Биденко рог æвнæлд бакодта лæппуйы дысмæ, фæлæ лæппу мæсты тынд ракодта йæхи. — Ма’внал, мæхæдæг... Æмæ йæ бæгъæввад къæхтæй фидар къахдзæфтæ • кæнгæйæ рацыд мусонгæй хъæдмæ. Хъæды та обозы кусджытæ дзауматæ æмæ се ’ннæ фæллой бастой уæрдæттыл, машикæ скъæрджытæ ивтыгъ- той сæ машинæтæ, салдæттæ зæххæй æфтыдтой мусонджы къæбæлтæ, телефонисттæ тыхтой къæбæлтыл тел. Хæринаггæнæг йæ цинелы æтте конд урс халаты мидæг бæласы лыггагыл фæрæтæй тагъд-тагъд лыг кодта сæнт- сырх фысы дзидза. Алы ран дæр зæххы калдæй лæууыдысты афтид асыч- чытæ, хъæмп, скъуыд бын консервы къоппытæ, газеты гæппæлтæ, цæмæдæриддæр акæс, уæддæр æвдыста— фæсчъылдымы чи уыд, уыдон фезмæлдысты размæ абыр- сæг æфсады фæстæ. • 6 * Дыккаг бон изæрæй хæрзæрæджы æрбаздæхт Биденко йе’мбæлттæм. Æрбацыд тынг мæсты æмæ æххормагæй. Уый æрбаздæхыымæ фронты мидæг æрцыд бирæ ног хабæрттæ. Размæ бырст тынгæй-тынгдæр кодта, немыцы 46
фæсте сургæйæ, æфсад арф ацыд размæ, Ныгуылæны ’рдæм. Знон хæст кæм цыд, уым ныр æрбынат кодтой дыккаг эшелонтæ. Знон дыккаг эшелонтæ кæм лæууыдысты, уым ныртæккæ ничиуал уыд, сабыр, æдзæрæг сси. Знон немыцы арф |чъылдым чи хуынд, уым дæр махонты фыццаг рæнхъ арæхыс сты. Хъæд фæстæуæз дард баззадис. Хæст райдыдта уым, фæлæ дарддæр цыдис тыгъд быдыры, хуымты цъыфдза- стыты æмæ къутæрджын ныллæг къуылдымтыл. Ацы хатт разведчикты командæ нал цардис мусонджы, фæлæ æрцахста немыцаг афицерты блиндаж—аив, бино. ныгарæзт бынат, ставд хъæдтæй сыджытимæ цыппар фæл- тæры æвæрд чи уыд, ахæмы, стæй уæле нæууы кæрсты- тæй æмбæрзт. Хæдзардзин разведчиктæ уыцы блиндажы снысан код- той сæхицæн, немыцы къухы ма куы уыд æмæ ма дзы не- мыцаг афицертæ куы цардысты, уæд. Немыцаг æхсæг пози- цитæ кæмыты сты, уый куы бæрæг кодтой, уæд фæнысан кодтой уыцы блиндаж дæр, цы вæййы, куыд вæййы, уæд сомбоны сæхи куыд бауа, уымæн, æмæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Биденко фæндагыл æнæ искæйы фæрсгæйæ, æрмæст разведчикмæ цы зонындзинады миниуæг вæййы, уый руаджы куы бахæццæ ис блиндажмæ, уæд хæрзталынг æрцис. Ныгуылæн горизонтæй хъуыстысты арвынæрæгау сар- мадзанты богътæ. Уым æппынæдзух дæр æрттивæнтæ калдтой бомбæтæ æмæ сармадзанты хæлгæ нæмгуытæ æмæ сæ хуыз айдæнау æмбæлдис фыдбылызы мигъы къуымбил- тыл сæуæхсидты ’нгаб тæмæнтæй. Биденко ауырдыг кодта дæлæмæ сыджытæй конд æмæ фæйнæгæй астæрд асинты къæхтыл æмæ бахызтис уæрæх блиндажмæ. Æппæты фыццаг цæстытыл аныдзæвыд ног карбид- лампæ. Уымæй калд ирд рухс, фæлæ куыддæр, химикон, хъыхъаг мæрдон фæлурс хуыз. Æвæццæгæн немыц æгæр тагъд кодтой æмæ сæ къухы нæ бафтыд йæ ахæссын. Блиндажы къулты хуылфы, сæрмагонд хъæдын къус- 47
1æндты, чингуыты æвæрдау, биноныг рæнхъытæй æвæрд уыдысты даргъ хъæдын хæцæнджын къухæй æппаргæ немыцаг граыаттæ. Астæуæй, зæххы сагъдæй, лæууыд фидар конд хæрæн фынг. Блиндажы къуымы фыр тæвдæй ссырх зынг немыцаг фæндаггон цæнгæт пец æмæ йæ цуры иу хъæбысы дзаг сугтæ, немыц кæй бацæттæ кодтой, ахæмтæ. Æвæццæгæн немыц ам биноныг бынат æркæнынмæ хъавыдысты, хæдзардзин лæг куыд фæкæны, афтæ, сæ зымæг уым æрвитынмæ хъавыдысты. Суанг ма сæ къулыл хъæдын къæлæты мидæг иу стыр ныв дæр æрцауыгътой. Уый уыдис стыр, алы ахорæнтæй конд фотографи: рæсугъд къаннæг хæдзар, йæ сæр готикон хæдзары сæры хуызæн, йæ алфамблай дидинæг калгæ кæрдо бæлæстæ. Нывы фæлурс сырх хуызыл кæрæй-кæрокмæ уыдис сырх ахорæн- тæй мыхуыргонд фыст: «Фрюлинг им Дейчланд» ома — «Уалдзæг Германы». Уымæй фæстæмæ блиндажæн йæ бакаст уыдис æппæ- тæй дæр æххæст уырыссаг цæрæджы бынаты хуызæн: хуыссæнтæ æмбæрзт уыдысты æнæ иу æнцъылдæй артил- леристон цинелтæй æмæ пæлæзтæй, нывæрзæнты—дзау- мадон кæрдæгхуыз рифтæгтæ; уыдоны уæлæ сыгъдæг хи- сæрфæнтæ, пецы уæлæ номдзыд æрхуы цайдан, фынг æм- бæрзт газеттæй «Суворовский натиск». Уыдоны уæлæ стыр дзул, йæ алыфарс биноныг æвæрд хъæдын уидгуытæ æмæ кружкæтæ, уырыссаг хотыхтæ хæрз сыгъдæгæй æмæ сойæ сæрстæй ауыгъд уыдысты къуымты кæрдæгхуыз уырыссаг шлемты бын. Блиндаж йæ тæккæ дзаг уыдис адæмæй. Хæрз стæм хатт иу куыд уыдис, ацы хатт дæр афтæ рауад: разведчик- тæ æрæмбырд сты иумæ. Биденко ма дзы бафиппайдта иу къорд æттагон адæймаджы. Уыдон уыдысты иннæ взводтæй зонгæтæ æмæ æмбæстæгтæ. Уыдон æрбацыдыс- ты уазæгуарзон разведчиктæм хорз тамако адымын æмæ сæ номдзыд цайданæй адджын цай бацымынмæ. Уыдæттæм гæсгæ Биденко бамбæрста, йæ ацыды фæс- тæ дивизийы мидæг хæйттæ ивд кæй æрцыдысты, æмæ 48
кыртæккæ йæ рады лæууæг æмбæлттæ резервы кæй лæу- уынц, уый. Сеппæт дæр тамако дымдтой æмæ фыр тæвд блиндаж байдзаг ахæм хъыггаг салдаттаг тæфæй, æмæ афтæ куы фæзæгъынц «цæстытæ къахы», зæгъгæ, уыйау. — А, æгас цæуай, Вася!—загъта Горбунов йæхæлары фенгæйæ. Йæхæдæг та уыцы рæстæджы йæ бæллиццагдæр куыстмæ бахæццæ—уазджытæн лæккад кæнынмæ. Стыр дзул йæ гуыбынмæ быцæугонд æвæрдæй, афтæмæй дзы лыгтæ кодта бæзджын кæрдихтæ.—Гъы, бахæццæ кодтай лæппуйы? Сбад фыншл. Раст цайы сцæттæ афонмæ æр- бахæццæ дæ. Йе’ттаг хæдон йæ уæлæ нæ уыдис æмæ мидæггаг хом хъуымацæй хуыд хæдоны гом хъуырæй зындис фидар, нард, сырхдзæф риу. — Мах та абон резервы стæм, мииас кæнæм. Дæ дзау- мæттæ феппар, Вася, дæхи батав. Мæнæ уый та дæ хуыс< сæн, æз æй бафснайдтон. Гъы, куыд дæм кæсы нæ ног фатер? Ахæм фатер, мæ хæлар, æгас дивизийы дæр никæ- мæ ссардзынæ. Нæй уый хуызæн! Биденко æнæ дзургæйæ раласта йæ дарæс, бацыд йæ хуыссæнмæ, мæсты’ппæрст æм бакодта йæ хæцæнгарз æмæ цинел, пецы раз дзуццæджы æрбадт æмæ артмре бадардта йе стыр сау къухтæ. — Гъы, цы хабæрттæ ис фронты штабы—и, Вася? Не- мыц бафидауныл нæма дзурынц? Биденко ницы дзырдта, кæсгæ дæр никæмæ, афтæмæй улæфтытæ кодта. — Уæд та тамако адымис? — афарста Горбунов йæ хæлар йæ чемы нæй, уый куы бафйппайдта, уæд. — Хæйрæджыты хай фæуæд! — Æнæ’нхъæлæджы схъуырхъуыр кодта Биденко æмæ бацыд йæ хуыссæнмæ æмæ йыл æнæбары фæлдæхт æркодта дæлгоммæ. Бæрæг уыдис, Биденкойыл цыдæр маст кæй сæмбæлд, уый, фæлæ искæйы зæрдæкъахын разведчиктæм иттæг æнæгъдау хъуыддагыл нымад уыдис. Иугæр адæймаг йæ- хæдæг нæ дзуры, уæд, æвæццæгæн дзурын не’мбæлы. Æмæ иугæр не’мбæлы, уæд та дзурын дæр нæ хъæуы: куы 4 Пслчк хъæбул. 49
йæ бафæнда, уæд йæхæдаг радзурдзæн, кæннод æй хынц- фарст кæн—уый цæмæн хъæуы? Уымæ. гæсгæ Горбуновмæ æппындæр маст нæ фæкаст .Биденкойы ныхас æмæ йæхи дардта цыма æппындæр ницы фиппайы, афтæ, хæдзары митæ кæнгæйæ, дзырдта бæтæре- йы кусджытæн, знон фистæг æфсадимæ лæугæйæ мард цы æмбал фæцис, Кузминский,— уый бынаты æрлæугæйæ йæхæдæг дæр тыххæй-фыдæй куыд фервæзтч мæлæтæй: ,— Æмæ дын, мæхур, ныххæцыдтæн ракетæ-дамбацайы хъæдыл. Сæппарынмæ хъавын иу кæрдæгхуыз ракет, цæ~ мæй махонтæ дарддæр æхсой, уый тыххæй. Уалынмæ дын æвиппайды мæ тæккæ фарсмæ — гуыпп! Раст мæ къæхты бын фехæлд. Уæд дын мæ йæ уæлдæф уыцы иу зы- гъуытт фæласта. Къæхтæ фæуæлгоммæ сты. Нал зонын, дæле æмæ уæле кæм ис, уый. Мæ цæстытæ атартæ сты. Ракастæн æмæ уынын—зæхх мæ тæккæ цæсты раз. Рацæй- рабон æмæ дæргъæй лæууын зæххыл. Горбунов ныххудтис амондджын адæймаджы худтæй. — Хатын кæй ныппырх дæн уый.—Фæци мæ цард. Нал сыстдзынæн. Æркæстытæ кодтон мæхимæ- • ницы бæрæг ахæмæй фиппайын. Туг мæ никуы зыны. Æвæццæгæн мæ, зæгъын, сыджыт фæбынæй кодта. Фæлæ мæ цинелыл æхсæз хуыичъы, мæ шлемыл къуыхы ’мбæрц дзыхъ. Æмæ дæ уырны, мæ рахиз цырыхъы зæвæт мын бынтондæр фæхаста. Æппындæр цыма нæ уыд, уый хуызæн. Сæрдасæ- нæй карстау. Искуы ма афтæ дæр фенд? Мæ буарыл та иу- •нæг цъæррæмыгъд дæр нæ! Худæг нæу уый! Мæнæ куыд фæхаста зæвæт, ракæсут ма. Райгæ худт кз^нгæйæ Горбунов равдыста уазджытæн йæ цырыхъы зæвæт. Уазджытæ йæм Лыстæг æркастысты, иуæй-иутæ ма æфсæрмæй цырыхъмæ æвналгæ дæр ба- кодтой. • ( * ] — О, фыдбылызы хабар у, — сдзырдта иу æрæджиау. — Афтæ дæр вæййы, — загъта иннæ æмæ зулдзастæй бакаст, Горбунов фынгмæ цы сæкæр æркалдта, уымæ.— Махыл дæр ахæм бæллæх æрцыд. Борисовы алфамблай ■Березина—доныл куы хызтыстæм, уæд нæ взводы иу сырх- æфсæддон Теткинæн нæмыджы схъиуæккаг йæ рон фæлыг 50
кодта. Фæлæ йæхицæн мур дæр нæ уыд. Куыд рауайдзæи, уымæн та чи цы базондзæн. — Кузьма, — æвиппайды сдзырдта Биденко йæ сынтæ- гæй, уæззау рынчын адæймаджы нæтгæ хъæлæеæй,— хъусыс, Кузьма, сержант Егоров та кæм ис?; — Сержант Егоров ныртæккæ радгæс у, постмæ бæрæг кæнынмæ ацыд, — дзуапп радта Горбунов. — Æмæ тагъд не’рбаздæхдзæн? — Æрбацæуинаг уыд цай цымын афонмæ. — Ох, уæдæ,—ныхъæрзыдта Биденко, цыма йæ дæн- даг риссы, уыйау. Æмæ уыцы хъæрзтæй бæрæг уыд, Биденкойы кæй фæндыд, исчи йæ куы афарстаид æмæ йын ныфсытæ куы авæрдтаид. —■ Цæй ма цы раууæрд-баууæрд кæныс? — зæгъгæ, сдзырдта Горбунов, цыма йын йæ бафæрсын уæлдай нæу, ахæм хъæлæсæй æмæ цымыдис фарст нæ, фæлæ æф- сæрмæй кæй фæрсы, уый æвдисгæйæ. — Аь хæйрæджыты амæттаг фод! ’— зæгьгæ та загьта Биденко мæстыйæ. — Цай ацым,—загъта Горбунов,—кæд дын фенцон- дæр уаид. Биденко фыиджы фарсмæ æрбадтис бандоныл, фæлæ кружкæмæ æвналгæ дæр нæ бакодта. Бирæ фæлæууыд æнæсдзургæйæ пецмæ кæсгæйæ. — Æмбарыс, цы бæллæх рауад, уый—æппын фæстаг сдзырдта уый, куыд никуыма, афтæ цъæхснаг æмæ йæм цыма хъазæгау каст, ахæм хъæлæсæй,—нæ зонын, сер- жант Егоровæн æй зæгъгæ дæр куыд кæндзынæн. — Цы у, цы? — Йæ дзырд ын нæ сæххæст кодтон. — Уый та куыд? — Нæ баххæццæ кодтон лæппуйы фронты штабмæ. — Хынджылæг кæныс! — Æцæг дын зæгъын. Аирвæзт мын. Афардæг. — Чи афардæг? —- Нæ йæ зоныс, нæхи Ваня. Чысыл фийау. — Уæдæ фæндагыл алыгъдаид? . . 4 -: 51
— Алыгъд. ’ " — — Дæуæй? — О! 1 орбунов иу цъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд, стæй æф- тæ хъæрæй ныххудт, æмæ йæ дынджыр уæнгтæ хæрдмæ хаудтой. — Æмæ дын уæддæр куыд аирвæзт, Вася и? Фæлæу, Егоров æрбацæуа æмæ дын уый дæ хъуын ацæгъддзæн. Уæддæр куыд рауад? . — Афтæ рауад. Алыгъд, æндæр ма цы? — Уый та дын номдзыд разведчик! «Мæнæй нырмæ ни- куы ничи алыгъд»—æппæлыд йæхицæй, афтæмæй та къан- нæг лæппуйы бауромын дæр нæ бафæрæзта. Уæу, дæ мард фесæфа, Ваня! Чысыл фийау! — Æмбаргæ саби уыд,—æнæбары хъæлдзæгæй загъта Биденко. — Цы ма уа уымæй æмбаргæ дæр. Ахæм «профессоры» чи афæлывта. Вася, радзур ма дæ хорзæхæй, кæрæй- кæронмæ куыд уыдис, уый. — Алыгъд æмæ алыгъд, æндæр ма дзы цы радзыр- дæуа. — Нæ фæлæ уæддæр? Ды, мæ хæлар, ракæн махæн æнæгæды ныхас. Уæддæр æй базондзыстæм. — Хæйрæджыты амæттаг фод,— загъта Биденко, йæ къух ауигъгæйæ æмæ бараст йæ хуыссæнмæ, йе’ргом къулмæ аздæхта æмæ афтæмæй ныххуыссыд. Ницыуал уæлдай хабар дзы базыдтой йе’мбæлттæ. Æрмæст фæстæдæр райхъуыст уыцы дзыхъынног ха- бар райдианæй кæронмæ куыд æрцыд, уый. * 7 * Хъуыддаг афтæ уыд. Уæзласæн машинæ афтид гилдзытимæ дзыгъал-мыгъул гæнгæ æмæ бæласы бындзæфхæдтыл схъиудтытæ гæнгæ хъæды мидæг æххæст фондз километры бæрц дæр нæма рауад, афтæ! Ваня æвиппайды машинæйы бæрзонд бортыл фæхæцыд æмæ уыцы иу сæррæттæй рагæлп ласта æмæ *ъæды хъуынайы атылди. 52
Уыцы хъуыддаг афтæ тагъд æмæ æнæ’нхъæлæджы æрцыд æмæ, Бпденко куыддæр сагъдауæй аззад. §*
Уыцы хъуыддаг афтæ тагъд æмæ æнæ’нхъæлæджы æр- цыд5 æмæ Биденко куыддæр сагъдауæй аззад. Фыццаг хатт æм афтæ дæр фæкаст, цыма лæппу æнæбары асхъиуд- та фæзилæны. — Æй! Бауром ма!—фæхъæр кодта Биденко, машинæ тæрæджы кабинæ йæ къухæй æрхойгæйæ.—Бауром ма! Лæппу ахауд. Цалынмæ машинæ скъæрæг машинæ урæдта, уæдмæ Биденко федта, лæппу, куыд фæгæпп кодта зæххæй, йæ хызынмæ куыд февнæлдта æмæ йæ тых, йæ бонæй хъæд- мæ куыд балыгъд. — Æй! Æй!—фæдисы хъæры хуызæн ныккодта ефрерь тор Биденко. Фæлæ Ваня фæстæмæ дæр нал фæзылд. Куы иу йæ къухтæ ферттывтой, куы йæ къæхтæ куы- ройы цалхы фæрчытæ радыгай куыд æрттивой, афтæ йæ развæндаг нал æвзаргæйæ къутæртыл æмæ къудзитыл гæппытæ гæнгæ згъордта размæ, цалынмæ хъæды тары нæ фæаууон, уæдмæ. ’— Ваня-а-а!—ахъæр кодта Биденко, йæ дынджыр къух- тæ йæ дзыхы фæйнæ фарс авæргæйæ.—Фийау-а-ау! Фæ- лæу ма-а-а! Фæлæ Ваыя дзуапп нæ лæвæрдта æмæ æрмæст Биден- койæн йæхи хъæр бæлæсты сæрты атæхгæйæ фæстæмæ араугæ æрбацыд фæрсырдыгæй: «У-а! У-а!» — Багъæц, хæйрæджы лæппын!—мæстыйæ загъта Би- денко. Машинæ скъæрæгæн бафæдзæхста, цæмæй йæм чы- сыл фенхъæлмæ кæса æмæ уæззау цъыхырыты хус къæ- цæлты къæркъæр гæнгæ стыр къахдзæфтæй бацыд хъæ- ды Ваняйы фæстæ. ) Уый дызæрдыг нæ кодта лæппуйы тагъд кæй æрцахс- дзæц, ууыл. Æмæ æцæгдæр цы диссаг уыд зæронд, фæл- тæрд разведчикæн, капитан Енакиевы номдзыддæр «про- фессорæн» хъæды мидæг лыгъд лæппу ссарын? Худæг дæр ма у, ууыл дзурын. Фæлæ Ваня уæддæр цæмæй хынджылæг ма кæна, æмæ фæстæмæ раздæха, уый тыххæй ефрейтор Биденко алыр- 54
дæм ахъæр кодта1 стæй уæд райдыдта агурын, æфсæддон æгъдауæй куыд биноныг агуырд вæййы, афтæ. Æппæты фыццаг уый фæбæрæг кодта компæсæй, цæ- мæй кæддæриддæр æнæ уæлдай фыдæбон ссара, уæзла- сæн машипæ кæм æрлæууыд, уый. Стæй разылдта компæ- сы линейкæ, лæппу чердæм алыгъд, уыцырдæм. Фæлæ уæддæр азимутыл нæ ацыд Биденко, уымæн, æмæ хорз зыдта, лæппу хъæды мидæг æнæ компæсæй цæугæйæ æнæмæнг здæхдзæн рахизæрдæм. Уыцы хъуыддаг ын фæлтæрд уыдис æмæ йæ хорз зыдта. Æнæ компæсæй та- лынджы кæнæ развæндаг дардмæ кæм нæ зыны, ахæм ран цæугæйæ, адæймаг кæддæриддæр зилын райдайы галиуæй рахизæрдæм. Уымæ.гæсгæ Биденко чысыл ахъуыды кодта æмæ рæс- тæгмæ гæсгæ рахизæрдæм разылд æмæ æнæхъæрæй лæп- пуйы размæ куыд фæуыдаид> афтæ араст. «Гъе, уым дæ, мæ хæлар,æз ацъапп кæндзынæн»,— хъуыды кодта райгæйæ Биденко. Йæхи мидæг хъуыд’ытæ кодта, хъæды мидæг къутæры аууонæй Ваняйы раз æнæкъæрццæй æвиппайды куыд фев.- зæрдзæи, йæ къухыл ын фæхæццæн æмæ зæгъдзæн: Атезгъо кодтай хъæды æмæ дын æгъгъæд у, мæ хæлар. Цом ма фæстæмæ, машинæмæ. Фæлæ хъусыс, хынджылæг кæ- нынæн дæр æгъгъæд у, афтæ мауал бакæн, уæддæр дын дзы ницы рауайдзæн. А дунейыл ахæм лæг нæма райгуырд, æмæ ефрейтор Биденкойæ чи алидза. Бамбар уый, æмæ дæ рох макуы уæд». Æмæ Биденко уыцы æхсызгон хъуыдыты фæдыл йæ мидбылты бахудт. Æцæг зæгъгæйæ, Биденкойы фæндгæ лæр нæ кодта, лæппуйы фæачъылдыммæ аласын. . Бирæ уарзта Ваняйы: цъæхдзаст, фæлурс бур сæры хъуынджын, мæллæг, стæй сæрыстыр, хаттæй-хатт та мæстыгæр, æцæг фийауы хуызæн лæппу. Биденкойы зæрдæйæн Ваня уыдис, раст хи сывæллоны хуызæн уарзон. Лæппуйæн тæригъæд дæр кодта, райдзаст дæр дзы уыд, тæрсгæ дæр ын кодта йæ сомбоны’ цардæн. Ноджы ма дзы æндæр цыдæр дæр уыдис, фæлæ уымæн Биденко йæхæдæг дæр ницы æххæст бæрæг æмбæрста. 55
Ванямæ гæсгæ ефрейтор Биденко æрбаймысыд йæхи сабийы бонтæ, къаннæг сывæллон ма куы уыд æмæ йæ хъуццытæ хизынмæ куы’рвыстой,' уый. Уыцы рæстæджы цыма йæхæдæг Ваняйы хуызæн уыдис, афтæ йæм каст. Иæ цæстытыл ауад раг сæумæрайсом, цъæх-цъæхид уыгæрдæнтыл урс мигъ ныллæг æрбадт, цыма сыл исчи æхсыр ауагъта, уыйау. Æрæмысыд, æртæх алыхуызон æрт- тывтытæ куыд калдта, уый: сæнт цъæх сæнт^ фиолетхуыз, зынджы ’нгæс сырх æмæ йæхицæн та йæ къухы фатхъæдæй арæзт уасæн æмæ дзы кæны зæрдæйæн æхсызгон, сыгъ- дæг хъæлæс, æмæ хъæлдзæг, фæлæ уыцы иухуызон зар- джытæ. Уæлдай тынгдæр бауарзта Ваняйы, уый машинæйæ тæх- гæ-тæхын куы расæррæтт кодта, уæд. «Хъæбатыр у, хæйрæджы лæппын. Ницæмæй тæрсы. Æцæг салдат куыддæриддæр вæййы, афтæ,—хъуыды код- та Биденко.—Тæригъæд у, иттæг тæригъæд у ахæм гуыр- ды фæсчъылдыммæ аласьш. Фæлæ цы гæнæн ис: дзырд лæвæрд у æмæ йæ æххæст кæнын хъæуы». Ахæм хъуыдытæ кæнгæйæ разведчик цыд размæ хъæды мидæг арфæй-арфдæр. йæ нымадмæ гæсгæ хъуамæ афонмæ дæр фембæлдаид лæппуйыл. Фæлæ лæппу никæцæй зынд. Биденко-иу арæх æрлæууыд йæ бынаты æмæ-иу ай- хъуыста фæззыгон хъæды сабырдзинадмæ. Æцæг, йæ фæл- тæрд хъустæм хъæд бынтон сабыр нæ каст. Биденко ир- тæста бирæ алыхуызон уынæртæ хъæды мидæг, адæйма- джы хъус хæрз гæзæмæ кæй ахста, ахæмтæ. Фæлæ уыдоны æхсæн нæ фехъуыста адæймаджы къæхты хъæры уынæр* Лæппу фесæфт. Иæ фæд æппындæр никæцæй зынд. Дзæгъæлы скæрста Биденко алы къутæр, алы бæлас. Дзæгъæлы-иу æрхуыссыд зæххыл, калд сыфтæртæм, кæрдæгмæ æмæ хъуынамæ лыс- тæг кæсгæйæ. Никуы ’мæ ницы. Афтæ ахъуыдыгæнæн уыд, цыма лæппу зæххыл нæ, фæлæ уæлдæфыл цыдис. Биденко дызæрдыг нал кодта, цыфæнды дæсны развед- чик дæр Ваняйы хуызæн æнæ фæфиппайгæ кæй нæ ацы- даид, ууыл. р^
Цыма йæм йæхимæ æфсæрмы æркаст, афтæмæй цæуы хъæды мидæг куы иуæрдæм, куы иннæрдæм. Йæ сæрæй нæ хицæн. кодта, лæппуйы фæд æппындæр кæй никуы зы- ны, уый цæмæн афтæ у, уый. Иу хатт та йæхи æруагъта ахæм æфсæрмыйаг, хъуыд- дагмæ, æмæ иу цъусдуг ахъæр кодта фæлывд æмæ сылгой- маджы хъæлæсæй. — Ваня-а-а! Ау-у-у! Хынджылæг мауал кæ-æн! Афон у цæуынæ-æ-æн! Æмæ уæд йæхимæ дæр смæсты. Сахатмæ æркаст æмæ федта, лæппуйы дыууæ сахатæй фылдæр кæй агуры, уый. Æмæ уæд бамбæрста, лæппу кæй афардæг æмæ йын фæстæмæ раздæхæн кæй нал ий, уый. Царды мидæг никуыма сæмбæлд зæронд разведчикыл ахæм худинаджы хабар. Ныр куыд зæгъдзæн сержант Его- ровæн? Цьг цæсгом æм равдисдзæн? Æмбæлтты тыххæй ныхас дæр нæй: фæхуддзысты йыл. Фæлтау дæлзæх куы фæуаид. Фæлæ ма цы гæнæн ис? Кæдмæ разил-базил кæна ам хъæды мидæг хъæддаг сырдау! Биденко æркаст йæ компасмæ æмæ оххытæ гæнгæ раз- дæхт машинæмæ. Фæлæ машинæ йæ быняты нал уыд. Ацы- дис. Уæвгæ йын уым æнхъæл дæр нал уыд. Йе скъæрæгмæ лæвæрд уыдис тагъд æххæстгæнинаг æфсæддон хæс æмæ йын бар нæ уыд уый бæрц рæстæг æнхъæлмæ кæсынæн. Стæй æнæуи дæр, машинæйы сæр ницæмæнуал хъуыд. Фæстæмæ здæхынæй дарддæр ма цы бакодтаид! Фæлæ фæстæмæ рараст кæныны агъоммæ Биденкойы æрфæндыд тамако адымын æмæ йæ къахтухæнтæ ногæй стухын. Уый æрцагуырдта хъæды, дзæбæх æрбадæн кæ- уыл уыдаид, ахæм бæласы бындзæфхад æмæ йыл æрбадт. Фæлæ куыддæриддæр «сæгъы къах» кæй хонынц, ахæмæн сцæттæ кодта гæххæтт, йæ чъисса хъавгæ цагьд кæнгæйæ, махоркæ кæнын байдыдта, афтæ æвиппайды цыдæр ссы- барсыбур кодта æмæ йыл уæле йæ сæрыл цыдæр æрхаудта. Уый афтæ фенхъæлдта, цыдæр маргъы мыккаг у. Фæлæ йæм куы ракастис Биденко, уæд джихæй аззад. Уый уыдис, 57
чысыл фийау йæ хызыны цы зæронд, æнæцъар абеты чи- ■ныг хаста, уый. Уæд Биденко уæлæмæ скаст æмæ федта бæласæн йæ тæккæ цъуппыл цъæх къалиуты’хсæн кæддæр ма кæй федта, ахæм мидхæдзары уæфт морæхуыз хъуымацæй хуыд хæлаф. Уырдыгæй йæм зындысты гом, чъизи къæхтæ. Цæсты фæныкъуылдмæ фæгæпп кодта Биденко цыма йæ рæхойгæ фæчынд, уыйау, аппæрста зæхмæ чъисса æд махоркæ, æрдæгарæзт «сæгъы къах», суанг ма цы зажи- галкæ бацæттæ кодта, уый дæр æмæ иу минутмæ бæласы сæр фестад. Ваня змæлгæ дæр нæ кодта. Биденко йæм йæхи баивæз- та æмæ федта, лæппу фынæй кæй кæны, уый. Уый бæх-, бадтæй бадтис бæласы сырхдзаст бур писиджын цонгыл æмæ йæ хъæбысы æрбакодта лыстæг хæрвæфтыд бæласы хъæд, æмæ йыл йæ сæр бакъул кодта, афтæмæй, сывæл- лон куыд фæхуыссы, афтæ тарф фынæй бацис. Йæ цæсты хауты аууон æмбæлдис йæ æрвхуыз уадултыл, ризæгæй æфхæрд былтыл сагъдау баззад гæзæмæ худæндзаст. Стæй ма1 лæппу иу чысыл хуыр’хуыр дæр кодта. Биденко уайтагъд бамбæрста хабар. «Чысыл фийау» æй асайдта бынтон æнæхин æмæ хуымæтæг сайдæй. Раз- ведчикæй хъæды мидæг ралидз-балидз кæныны бæсты, Ваня бакодта æндæр ми: куыддæриддæр фæаууон Биденко- йæ, афтæ бæрзонд бæласмæ сбырыд æмæ сфæнд кодта йæ агурыны тæккæ тæвдыл, уым æрæмбæхсын, стæй хъуамæ æдасæй æрхызтаид дæлæмæ æмæ ацыдаид йæ фæндагыл. Хызын куы нæ байгом уыдаид, æмæ абеты чиныг уырды- гæй куы нæ рахаудаид, уæд æвæццæгæн афтæ рауадаид. «Кæс-ма куыд хинæй дзаг у! Уый рувас нæу, рувас? Цы дзы хъуамæ загъдæуа — ис æм дзы!»—райгæйæ хъуыды кодта Биденко Ванямæ кæсгæйæ. Биденко арæхстгай фидар хъæбыс æрбакодта лæппу- йы йæ уæхсчытæй, хæрз æввахс ын бакаст йæ фынæй цæсгоммæ æмæ фæлмæнæй загъта: — Цом-ма, мæ хæлар чысыл фийау, дæлæмæ. Ваня уайтагъд фегом кодта йæ цæстытæ, ауыдта сал- даты, йæхи арæмыгъта. Фæлæ йыл Биденко фидар хæцыд. 58
Лæппу уайтагъд бамбæрста, аирвæзæн ын кæй нал ис, уый. — Цы ма мыл хæцыс, цæй!—загъта уый фæсфын фæсусдзæф æнкъард хъæлæсæй. * 8 • Иу фондз минуты бæрц куы рацыд, уæд Биденко систа чинып, махоркæ æмæ зажигалкæ æмæ рацыдысты хъæды, фронты дыккаг эшелонмæ цæуæг машинæйыл -кæм фем- "бæлдаиккой, ахæм фæндаг агурынмæ. Ваня цыдис разæй, Биденко та иу къахдзæф фæстæдæр, лæппуйæ нæ исы йæ цæстытæ, афтæмæй. — Æгъгъæд у мæ хæлар,—дзырдта Биденко, ас адæй- маг сывæллонæн куыд фæамоны, ахæм хуызы.—Атезгъо кодтай хъæды, æмæ дын хæлар уæд. Уымæн æмæ дындзы уæддæр ницы рауайдзæн. А думейыл ахæм лæг нæма рай- туырд æ^мæ мæнæй чи алыгъд. Гъе уый бамбар æмæ ба- хъуыды кæн. — Мæнг зæгъыс,—мæстыйæ сдзырдта Ваня æнæфæс- тæмæ фездæхгæйæ,—мæ абеты чиныг куы нæ уыдаид, уæд мæ дæ цæргæ-цæрæнбонты дæр не ссардтаис. — Бæгуы, æнæмæнл дæ ссардташ! — Мæнг зæгъыс. — Æцæг зæгъын. Нырма мын никуы ничи алыгъд. — Æз уæддæр алыгъдтæн. — Нæ алыгъдаис. — Мæнг зæгъыс. — Дзур æмæ дзур. — Мæнг зæгъыс. Мæнг зæгъыс,—уыцы иу ныхас нал æмæ -нал уагъта Ваня. — Хъæд æппæтæй дæр раст сæрвасæнау ныффастаин, -цалынмæ дæ ссардтаин, уæдмæ. — Æмæ уæдæ йæ цæуылнæ ныффастай? ’ — Нæ йæ ныффастон, афтæ. Æгæр бирæ куы фæрсай, уæд де’взаг ныффæскъау уыдзæн. Æз дæ дæ фæдæй дæр ссардтаин. 59
— Уæдæ мæ цæуылнæ ссардтай? — Куыд нæ дæ ссардтон? Уæдæ уый цы у? — Мæнг зæгъыс. Æз дæуæй хиндæр дæн. Ды мæ компæсæй агуырдтай æмæ мæ уæддæр не ссардтай. — Дзæгъæлы дзæнгæда цы цæгъдыс? Кæд дæ агуырд- тан компæсæй? — Бæгуыдæр агуырдтай: ды мæ нæ уыдтай, фæлæ дæ æз бæласæй уыдтон. «Ай хæйрæджы лæппын нæу! Æнæфенд ын ницы баз- зайы»,—ахъуыды кодта Биденко райгæйæ>, фæлæ карзæй загъта: — Уый, мæ хæлар, дæ зонд уыйас нæма у. Æз компæ- сæй æрмæст уый бæрæг кодтон, æмæ цæмæй машинæ кæм ис, уый ма фæрæдион. Ацы ран Биденко иу чысыл мæнг загъта, фæлæ йын уый дæр ницы феххуыс. — Мæнг зæгъыс — загъта Ваня æнæхатырæй. Ды мæ компæсæй æрцахсынмæ хъавыдтæ. Æз æй зонын. Æрмæст дын уымæй ницы рауад, уымæн, æмæ дæ æз афæлывтон. Æз дæ мæхæдæг æнæ компæсæй дæр сахаты’рдæгмæ дæр ссардтаин, цыфæнды хъæды уай, уæддæр, бон уа, æхсæв уа, уæддæр. — Гъе, мæ хæлар, фегæр æй кодтай. — Хæснаг кæнæм? — Гъе, æндæр мæ цы мæт ис! Нырма уал байрæз.- — Цæй, уæд та æнæуи афтæ бафæлварæм. Æнæ хæс- нагæй. Ды мын мæ цæстытæ бабæтт истæмæй æмæ стæй хъæдмæ ацу. Æз та дæ иу фондз минуты фæстæ агурын райдайдзынæн. — Гъе ’мæ мур дæр не’ссардзынæ. — Ссардзынæн дæ! — Никæд! — Бафæлварæм. — Цæй уæдæ!—фæхъæр кодта Биденко, разведчик куыд атæвд вæййы, афтæ фæцис æмæ сразæнгард.—Мур дæр не ссардзынæ, мур! Гъæй, фæлæу ма...—зæгъгæ, йæ дзырд фæцæхкæр кодта Биденко зæрдæ’хсайгæйæ,—Æмæ уæд уый куыд рауайдзæн и? Æз дæуæй хъæдмæ ацæуон, т
ды та уæдмæ мæнæй лидзгæ акæнай нæ? Нæ, мæ хæлар. Куыд дæм кæсьш, афтæмæй æгæр хин дæ. Ваня бахудтис. — Куы алидзон, уымæй тæрсыс? — Цæмæй дæ тæрсын?—Мæстыйæ загъта Биденко.—: Æгæр бирæ дзæнгæда цæгъдыс æмæ уый тыххæй зæгъын. Дæумæ хъусынæй ма мæ сæр дæр риссы. — Тæрсгæ ма кæн,—загъта лæппу хъæлдзæгæй,—æз æнæуи дæр алидздзынæн. Уыцы хъæлдзæг ныхæстæй ефрейтор Биденко базыдта уый, æмæ лæппу æппындæр дызæрдыг нæ кæны, кæй алидздзæн ууыл, фидарæй кæй сфæнд кодта, уый æмæ йæм кæд ницы сдзырдта, уæддæр йæхи мидæг ахъуыды кодта, цырд лæууын æм кæй хъæуы, уый. Лæппуйæн та цыма исчи фæсте йе счъилтæ цæвы, афтæ цæ фидар бæгъæввад къæхтæй Биденкойы разæй хъæбатыр цыд кæны, æмæ йын разведчиктæ цы маст скод- той, уый цыма райсынмæ хъавыд, афтæ мæстæй-марæгау дзырдта: — Уæддæр алидздзынæн. Дæхиуыл мæ куы бабæттай, уæддæр мын æнæ алидзгæ нæй. — Æмæ уæд куыд æнхъæл дæ? Бæттгæ дæр дæ ба- кæндзынæн. Уый мæнæн бирæ хъуыддаг нæу. ^Фендзыс- тæм, уæд куыд алидздзынæ, уый. Биденко ахъуыды кодта. — Хуыцауыстæн æцæг!—æвиппайды цæхкæрæй загъта уый.—Мæнæ дæ бæндæнæй сбæттдзынæн æмæ уæд та ма цы кæндзынæ? Æмæ æцæгдæр Биденкомæ уыд иу фондз метры дæргъæн лыстæг фидар синаг, хæдзардзин разведчикмæ куыд вæййы, афтæ. Æмæ хынджылæгæй нæ, фæлæ æцæ- гæй хъуыды кæнын байдыдта Ваняйы йæхиуыл бабæттын, машинæйы куы сбадой, уæд. Цæуын сæ дардмæ хъуыд. Æмæ афтæ бакæнгæйæ афынæй кæнынæн дæр уаид амал. Æмæ æнæуи та, лæппу машинæйæ асæррæтт кæнынмæ алы минут дæр гæппæввонг куы лæууа, уæд фынæйгæ- нæн дæр кæцæй ис? «Цæй ма æцæг,—хъуыды кодта Биденко, — бабæттон 61
æй æмæ хъуыддаг конд! у. Стæй куы бахæццæ уæм, уæд æй суадздзынæн. Æндæр гæнæн нæй». Æмæ æцæгдæр, фæндагмæ куы рахызтысты æмæ фæсчъылдыммæ цæуæг машинæйы куы сбадтысты; уæд Биденко йæ дзыппæй систа биноныг тыхт сииаг. — Цæттæ лæу, чысыл фийау, ныртæккæ дæ бæттгæ кæндзынæн,—загъта уый хъæлдзæгæй æмæ уыцы хъуыд- даг хъазыны’рдæм аздæхта, лæппу цæмæй ма смæсты уа, уый тыххæй. Фæлæ Ваняйæн мæсты кæнын йæ-хъуыдыйы кæроны дæр нæ уыдис. Уымæ диссаг нæ фæкаст уыцы тыхарæзт хъазгæ ныхас æмæ уый дæр дзуапп радта уыцы хуызы. — Бабæтт, бабæтт, куыд дæ фæнды, афтæ. Æрмæст æй фидар æлхынцъ бакæн, райхалын мын куыд нæ бакома, афтæ. — Гъе, мæ хæлар, ме’лхынцъ мын нæ райхалдзынæ. ~Мæнæн ме’лхынцъ дывазыг денджызон у. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ, Биденко синаджы кæрон фи- дар, фæлæ рисгæ куыд нæ кодтаид, афтæ бабаста Ваняйы цонгыл, рæмбынкъæдзæй чысыл уæлдæр, иннæ кæрон та йæхи къухыл стыхта. — Ныр, мæ хæлар, чысыл фийау, дæ хъуыддаг хорз ’нал у. Нал алидздзынæ. Лæппу ницы сдзырдта. Уый йæ цæсты хаутæй æрæм- бæрзта йæ цæстытæ, фæлæ уæддæр бæрæг уыд мæсты цæхæртæ кæй калынц, уый. Цы уæзласæн машинæйыл фембæлдысты, уый уыдис хорз, брезентæй æмбæрзт—америкаг ног «студебеккер». Уый афтидæй цыдис, суанг цæуинаг кæдæм уыдысты, уырдæм. Бадгæ дæр дзы æрмæст Биденко æмæ Ваняйы йеттæмæ ничи кодта. Уыдон биноныг бадт æркодтой афтид голджыгыл, машинæ скъæрæг цы кабинæйы бады, уый хæд фæстæ, машинæ къаддæр кæм цæгъды, уым. Биденко цалдæр хатты фæлвæрдта лæппуимæ аныхæс- тæ кæнын, фæлæ Ваня уыцы иухуызон ныддур æмæ, ницы дзырдта. «Кæс-ма, дæ хорзæхæй, куыд сæрыстыр у!—хъуыды кодта Биденко. Фæлæ дзы йæ мид-зæрдæйы бузныг уы- ()2
дис.—Чысыл у, фæлæ куыд мæстыгæр у. Хи сæры зондæй чи архайы, ахæм зæрдахаст ын ис. Æвæццæгæн царды ми- дæг бирæ цыдæртæ федта». Æмæ та Биденкойæн йае цæстытыл уайын байдыдтой йæ рагон сывæллоны бонты царды нывтæ. Уæдмæ алы контролон—бæрæггæнæн бынаты дæр машинæйы бадтысты цæуджытæ ногæй-ногмæ. Машинæ уайтагъд байдзаг ис адæмæй. Уыдис дзы салдæттæ фронты раззаг рæнхъæй хæрз æрæджы хæстæй чи рацыд, ахæмтæ. Уыдон æвиппайды бакæсгæйæ дæр бæрæг дардтой сæ шлемтæй æмæ цыбыр пæлæз-палаткæтæй. Палаткæтæ уыдысты баст се’фцæджы- тыл æмæ фæсте та сæ фисынтæ дæлиау æрдыдагъ сты. Уыдис дзы дыууæ интенданты, æвзист нарæг пъагон- джын къуындæг цинелты æмæ ног, хъæбæр худты мидæг. Уыдис дзы æфсæддон базарады кусæг чызг. Йæ уæлæ уыд макинтош, йæ къæхтыл керзхъус цырыхъытæ. Йæ кæлмæрзæн баст уыдис, хъæууон сылгоймæгтæ куыд фæбæттынц, афтæ къабускайы сæры хуызæн æмæ .кæл- мæрзæнæй зындис тымбыл сырхцъар цæсгом. Уыдис дзы цалдæр хъæлдзæг тæхæг-ахсджытæ. Уыдон æдзух дæр дымдтой бапъиростæ бæзджын, авджы хуызæн портсигартæй, авиацион заводы мидæг, нæмыг кæм нæ хизы, ахæм авджы уæлдæйттæй арæзт чи уыд, ахæмтæй. Уыдис дзы сылгоймаг—æфсæддон хирург,—ставд ацæр- -гæ адæймаг, йæ цæстытыл тымбыл цæсткæсæнтæ, йæ сæр урс, дзыккутæ цыбырдзагъд, йæ сæрыл тыхконд цъæх берет. Цыбыр ныхасæй ахæм адæм уыдысты, æмæ фембæлæг машинæты руаджы æфсæддон фæндæгтыл чи фæцæуы, уыдон. Æризæрис. Брезент æмбæрзæныл къæвдайы æртæхтæ гæргæр кæнын райдыдтой. Цæуын ма бирæ хъуыдис. Æмæ адæм куыд фæстæмæ фынæй.кодтой кæмæн куыд йæ амал уыд, цфтæ. ’ * I/ Ефрейтор Биденко дæр райдыдта фынæй кæнын, синаг тыхт ын цы къухыл уыд, уый йæ нывæрзæн бакодта, афтæ- 63
мæй. Фæлæ йæ фынæй къæрцхъус фынæй уыд. Рæстæгæй- рæстæгмæ-иу фехъал æмæ-иу синаг æрбаивæзта. — Цæй, цы та кæныс?—хуыссæгхъæлдзæгæй. дзырдта Ваня.—Ам ма дæн. — Хуыссыс, чысыл фийау? — Хуыссын. — Хорз. Фынæй кæн. Æз уый афтæ æнæуи: бæрæг кодтон. — Æмæ та иу Биденко бафынæй. Иу хатт фенхъæлдта æвиппайды, цыма Ваня йæ цуры нал ис. Биденко рабадт, синаг æрбаивæзта, фæлæ дзуапп нæ райста. Йæ сур хид акалд ефрейторæн. Уайтагъд йæ зонгуытыл алæууыд æмæ æппынæдзух дæр цæттæ кæй дардта, уыцы къаннæг электрикон фанарæй фæрухс кодта. Нæ. Ницы дзы уыны ахæмæй. Ваня фыдцаджы хуызæн хуыссыд йæ фарсмæ, йæ къæхтæ йæ гуыбынмæ стымбыл кодта, афтæмæй. Биденко йын рухс йæ цæсгоммæ бадардта. Цæсгомы хуыз уыдис сабыр æмæ æнæхæрам. Йæ фынæй афтæ тарф уыд, æмæ йын электрон фанары рухс йæ мæл- лæг цæсгоммæ куы сарæзта, уæд дæр нæ райхъал. Биденко ахуыссын кодта фанар æмæ йæ зæрдыл æр- лæууыд, Ваняйы цы ’хсæв ссардтой, уый. Уæд дæр ын фанар йæ цæсгоммæ афтæ ныддардтой. Фæлæ йын уæд цы хуызæн цæсгом уыд: æфхæрд, рынчын, мæллæг, зæрдæ йæм бакæсын дæр нæ тардта, Уæд æвиппайды уыцы иу схъиуд куыд фæкодта, куыд фестъæлфыд! Йæ цæстытæ куыд æнахуыр æрттывд фæкодтой. Цы æбуалгъ митæ зын- дис йæ цæстытæй. Уыдæттæ уыдысты æрмæст цалдæр боны размæ. Ныртæккæ та лæппу æнцад-æнцойæ хуыссы йæхицæн æмæ дзæбæх фынтæ уыны. Гъе афтæ у, адæймаг йæхиуæттæм куы бахауы, уæд. Адæм хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, ома хи хæдзары мидæг рынчын лæгæн хæдзарæн йæ айдагъ къултае дæр—æвдадзы хос. Биденко æрхуыссыд æмæ машинæйы иудадзыг схъиуд- тытæм та афынæй. Ацы хатт дзæвгар ацис сабыр фынæй. Фæлæ йæ уæд- дæр нæ ферох синаг æрбаивазын, куы райхъал ис, уæд. Ваь^я дзуапп нæ радта. 64
«Æвæццæгæн фынæй у, ахъуыды кодта Биденко.— Табу хуыцауæн, бафæллад». Бидснко иннæ фарсыл æрхуыссыд, ноджы та чысыл афынæй, стæй зæрдæ цæмæй не’хсайа, уый тыххæй та си- нагыл æрбахæстытæ кодта. — Фæлæут ма, ай цы хабар у, уый æз не’мбарын? Гъе уый чидæриддæр у, цы ми мын кæны, уый бæрæг нæй? Нал мæ ныууадза?—зæгъгæ, райхъуыст талынджы сылго .маджы бæзджын мæстыгæр хъæлæс. —Цæмæ гæсгæ мыл сбастæ- уыд цæйдæр бæндæк? Цæмæ гæсгæ мæ аиваз-аиваз чын- дæуы? Чи мæ нæ уадзы хуыссын, цы мæрдтаг у? Биденко уазалæй ризæгау срызтис. Ссыгъдта электрикон фонар æмæ йæ цæстытæ атартæ сты. Лæппу уым нал уыдис. Синаг та баст уыдис сылгой- маг — хирурджы цырыхъыл. Ус йæхæдæг бадтис, тъæпæн бадтæй, машинæйы, йæ цæсткæсæнтæй электрикон фонары рухсмæ тызмæг æртгывд кодтой, афтæмæй. — Гъæй, æрлæу!—ныхъæр кодта Биденко. фæдисы хъæрау æмæ йæ тых йæ бонæй хойын байдыдта машинæ скъæрæджы кабинæйы сæр. Фæлæ машинæ: æрлæууынмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, афтæ кæйдæр къухтыл, къæхтыл æмæ сæрыл, дзау- майы рифтæгтыл æмæ 1чемодантыл гæппытæ кæнгæ йæхи раппæрста рахизæнмæ. Æмæ уыцы иу сæррæттæй рагæпп ласта машинæйæ соса фæндагмæ. Æхсæв уыдис тынг мæйдар. Цыдис уазал къæз- да. Ныгуылæн щризонты ферттывтой дард кæмдæр сарма- дзаны хæст кæм цыд, уый бæрæггæнæнтæ. Соса фæндагыл дыууæрдæм кодтой дæсгай æмæ сæдæ- гай уæзласæн æмæ рог машинæтæ, транспортертæ, сыф- пæй ласджытæ, сармадзантæ, бензипуадзджытæ. Уыдон иу æвиппайды сæрдзæф рухс фæкодтой сау цъыфдзæстытæ, къæвдайы донæй дзаг чи уыд, ахæмты. Биденко иу цасдæр алæууыд, йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ хæлиувад æвæрдæй. Стæй йæ бон цас уыд уый бæрц нытту кодта æмæ загъта: — Дæлзæх фæуæнт сеппæт дæр! > Æмæ сындæггай раздæхт фæстæмæ, ^ашпиæтæн фæн- ~> Полчы хъæбтл. 63
даг чи амоны, ахæмтæ йæм æввахсдæр чи уыд, уьшæ, цæ- мæй фæстæмæ, æфсæдты раззаг кæроны’рдæм цы машинæ цæуы, ууыл сбада. * 9 * — Гъæй, лæгай, дуарæй æттæдæр алæу. Ам æцæгæ- лæттæн лæууæн нæй. — Æз æцæгæлон нæ дæн. — Уæдæ цавæр дæ? — Хион. — Цавæр хион? — Советон. — Гъе, ’мæ уæд цы? Зæгъын дын, гæнæн нæй. Æмæ уæд бамбар, гæкæн кæй нæй, уый. Цу дæ фæндагыл. — Штаб ам ис, хорз лæг? — Цыфæнды дзы уæд. — Мæн хицаумæ бацæуын хъæуы. — Кæцы хицаумæ? — Сæ тæккæ сæйрагмæ. — Иæ зонын. Дæ фæндаг дар. — Бауадз ма мæ. Цы дын уыдзæи уымæй? — Цæугæ, мæнæн демæ дзурын не’мбæлы. Нæуыныс— посты лæууын. — Æмæ ды дзургæ ма кæн мемæ. Бауадз мæ хицаумæ, мæн æндæр ницы хъæуы.- — Кæс ма амæ дæр, куыд хин у!—загъта хъахъæнæг худгæйæ æмæ æвиппайды фæтызмæг уæвгæйæ, фæхъæр кодта:—Ам ницахæм хицау ис! — Уымæй, æвæдза, раст нæ зæгъыс. Хицау ам ис. — Цæмæй йæ зоныс? — Бæрæг у, алцæмæй дæр. Хæдзар хорз у. Бæхтæ кæрты ивтыгъдæй лæууынц. Хæдзары’фсин самовар фæ- цæйхаста. Хъахъæнæг дуары рахизæны лæууы. — Кæс ма, алцы дæр фиппайы! Куыд дæм кæсын, аф- тæмæй æгæр æвзыгъд дæ. — Бауадз мæ, хорз лæг! — Бауадз нæ, фæлæ ныртæккæ ныхситт кæндзынæн, 66
фæсиддзынæп хъахъæнæг хицаумæ æмæ дæ уый амидæг кæндзæн уайтагъддæр. — Кæм мæ амидæг кæндзæн? 1— Кæм æмбæлы, уым. Цæй! Кæмæ дзурын? Дуарæй æттæдæр ацу. Ардæм цæуæн нæй. Гъе уый дын мæ ныхас. Ваня ацыд иуфарс. Сбадтис куыройы зæронд фыдыл, йæ къухтæ йæ роцъомæ быцæу сæвæрдта æмæ йæ цæсты- тæ ныццавта хæдзары рацæуæн дуармæ. Хъахъæнæг бадзæбæхтæ кодта йе’фцæгыл йæ автоматы гæрз æмæ чысыл цæхæрадонгонды дыууæрдæм рацу-бацу кодта, йæ бурбын уæфсджын урс нымæтын дзабырты фæл- мæн къахдзæфтæ кæнгæйæ. Ваня Биденкойæ дыккаг хатт куы алыгъд, уæд райдыд- та агурын, разведчикты мусонг цы хъæды уыдис, уый. Ни- цы ахæм бæрæг пълан уыдис Ванямæ. Райдианы йæм хорз цы адæм æркастысты. рæвдаугæ йæ чи бакодта, уыцы адæм—разведчиктæм æй ласта йæ зæрдæ. УыДон æй фæсчъылдыммæ кæй рарвыстой, уый лæппу- мæ кастис; хъуыды кæуыл нæ акодтоц, æмæ æнцонæй’ срастгæнæн кæмæн ис, ахæм хъуыддаг. Æрмæст ма сæм дзæбæх куы бахата, уæд хъуыддаг фæиннæрдæм уыдзæн. Фæлæ лæппу кæд раны бæрæггæнæнтæ дзæбæх зыдта æмæ фæндаг дæр æнцонæй ардта, уæд дæр ын не’нтыст уыцы хъæд æмæ уыцы мусонг ссарын. Æгæр аззадысты уыцы бынæттæ фæстæуæз ныгуылæны’рдæм. Æгæр тынг фендæрхуызон алцы дæр æмæ æгæр зын базонæн фæцис алцы’ппæт дæр. Ваня зыдта, æввахс кæмдæр кæй ис’, уыцы бынат, чи ’ зынд æфсæддон фæндæгтыл æмæ гаттыл *), сыгъд хъæу- тыл, хъæд, нæ дæр уыцы мусонг. Хъæд уый хуызæн хъæд уыдис. Фæлæ ныртæккæ афтид уыдис æмæ дзы , уыцы мусонг никæцæй зынд. Дыууæ æхсæвы æмæ дыууа^ боны фæхаттис лæппу æнæ- зонд æфсæдцон фæндæгтыл æмæ гаттыл, сыгъд хъæутыл, æмæ йыл цы’фсæддонтæ æмбæлд, уыдоны фарста, развед- ) Гать — цъыфдзасты уæлæ хъæдæй кæпæ цъыхырьпæй астæрд фæндаг, цæмæй цтгуджьпæ цъымарайы ма ныхсой, уый тыххæй. и ^ 67
чикты мусонг кæм ис, уымæй. Фæлæ цавæр æмæ кæцы æфсæддон хайы разведчиктæ сты, уый кæй нæ зыдта, уый фæдыл ын никæй бон исты уыд бацамонын. Æнæуи дæр хæстон адæм сеппæт дæр иттæг æнæууæн- даг æмæ мадзура адæм уыдысты. Фылдæр хæттыты иу Ваняйы фарстатæн ахæм дзуапп лæ- вæрдтой: — Нæ зонын. — Цæмæн дæ хъæуы? — Цæугæ комендантмæ. — Гæнæн нæй. Æмæ алы дзуапп дæр ахæм хуызы. Ваняйæн йæ ныфс бынтондæр асаст æмæ хъуыды кæ- нын байдыдта, ома æцæг, хуыздæр уаид фæсчъылдымы горæттæй искуыдæм ацæуын æмæ йæ уым сывæллæтты хæдзармæ куыд бауадзой, афтæ бакæнын. Æмæ æппын фæстаг æвæццæгæн афтæ дæр бакодтаид, кæд цыфæнды хивæнд уыдис, уæддæр, æвиппайды иу лæп- ’’ пуйыл куы нæ фембæлдаид, уæд. Уыцы лæппу Ваняйæ бирæ хисдæр нæ уыд. Цыдаид ыл иу цыппæрдæс азы. Æтте бакæсгæйæ та ноджы къад- дæр. Фæлæ лæппу дæр лæппуйы хуызæн уыд! Никуы ма федта Ваня ахæм хæрзарæзт фидауцджын лæппуйы. Йæ дарæс уыд бæхджын гвардийы æфсæддон æххæст формæ: цинел—даргъ йæ зæвæтты онг, юбкæйы хуызæн; сау фысдзармæй сырх тенкаджын тымбыл худ; пъагонтæ æмæ сыл ахæм нывтæ: къаннæг æгъдынцой, стæй дыууæ æхсаргарды дзуарæвæрдæй; шпорæтæ æмæ ма ноджы уымæй уæлдай æппæт æфсæддон дарæсы рæсугъддæр — сæнт-сырх басылыхъ, йæ уæхсчы сæрты уæгъдæппæрстæй. Йæ цокораджын сæр хъал схъæл даргæйæ, лæппу сыгъдæг кодта къаннæг хъазахъаг æхсаргард, кард суанг йæ фистоны онг хъæддаг фæлмæн зæххы арф æртъыста, афтæмæй. Ахæм лæппуимæ аныхас кæнын нæ, фæлæ йæм æввахс бацæуын дæр зын бауæндæн уыд. Фæлæ Ваня хæппуд са- битæй нæ уыд. Цыма хæрзарæзт лæппуйы ницæмæ дары, 68
Æмæ ды та чи дзе?—бафарста Ваня. 63
уыйау æм æввахс бацыд, йæ бæгъæввад къæхтыл хæлиу æрлæууыд æмæ йæ къухтæ фæстæмæ йæ чъылдыммæ ракæнгæйæ кæсынтæ райдыдта лæппумæ. Фæлæ æфсæддон лæппу йæ цæст дæр нæ фæныкъуыл- дта. Цыма Ваняйы уынгæ дæр нæ кæны, афтæ дарддæр архайы йæ кардимæ. Хаттæй-хатт-иу йæ дæндæгты ’хсæ- нæй рачъыртт кодта. Ваня ницы дзырдта. Ницы дзырдта лæппу дæр. Афтæ- мæй лæууыдысты иу дзæвгар. Фæлæ фæстагмæ хæстон лæппу йæхи нал бау’рæдта. — Цæмæ лæууыс?—загъта уый хъуынтъызæй. — Фæнды мæ æмæ лæууын,—загъта Ваня. — Цæугæ кæцæй æрцыдтæ, уырдæм. — Дæхæдæг цу. Хъæд дæу нæу. — Бæгуыдæр мæн у. — Уый та куыд? — Афтæ. Ам мах æфсæддон хайады бынат у. — Цавæр æфсæддон хайад? — Уый дæ хъуыддаг нæу. Нæ уыныс — уæртæ нæ бæхтæ. Лæппу йæ цокораджын сæрæй ацамыдта фæстæмæ æмæ Ваня æцæгдæр федта бæлæсты фæстæ бæхбæттæн- тæ, бæхтæ æмæ бæхджын адæмы сау нымæттæ æмæ сырх басылыхъыты. ’ — Æмæ дьГ- та чи дæ? — бафарста Ваня. Лæппу, цыма уыцы хъуыддагыл рагæй у ахуыр, аф- тæ хъал тъыст æркодта кард йæ кæрццæмы, рату кодта зæхмæ, йæ цырыхъæй йæ асæрфта. — Æфсæддон лæджы бынат бæрæггæнæн нысæнттæ зоныс?—загъта лæппу. мæстæймарæгау. — Зонын! — уæндонæй загъта Ваня, æцæг зонгæ ницы кодта. — Æмæ уæдæ нæ уыныс,—карзæй загъта лæппу, йæ пъагонмæ амонгæйæ, пъагоныл та цæхкæрмæ хуыд уыдис урс быд.—Гвардийы бæхджын æфсады ефрейтор.. — Æцæг! Ефрейтор!—хинæйдзаг æнæууæнк худт ба- кодта Ваня.—Ахæм ефрейтортæ æз бирæ федтон. Лæппу мæстæй йæ бур цокора батылдта. 70
— Федтай, нæ федтай, уæддæр æз ефрейтор дæн,— загъта уый. Фæлæ йæм уый дæр æгъгъæд ыæ фæкаст. Райгом код- та йæ циыел. йæ æттаг хæдоныл ын Ваня федта фæнык- хуыз цыллæ лентыл стыр æвзист майдан. — Федтай? Ваня фæсæтдзу ис. Фæлæ уæддæр нæ басаст. — Цас диссаг у, уый!—загъта уый æнæбары худгæйæ, фæлæ йæ фыр хæлæгæй скæуынмæ бирæ нал бахъуыд. — Диссаг у, æви нæу, уæддæр майдан у, — загъта лæппу,—хæсты мидæг фескуыхты тыххæй. Æмæ цæугæ дæ фæндагыл, кæцæй æрцыдтæ, уырдæм, кæннод дыл сæмбæлдзæн. — Дæхицæй æгæр ма ныббуц у. Кæннод дæхиуыл сæмбæлдзæн. ’—Кæмæй?—йæ цæст æрныкъуылдта хæрзарæзт лæппу. — Мæнæй. — Дæуæй? Æрыгон дæ нырма. — Дæуæй æрыгондæр нæ дæн. — Цал азы дыл цæуы? — Уый дæ хъуыддаг нæу. Дæуыл та? — Цыппæрдæс,—загъта лæппу, æмæ æвæццæгæн йæ азтæм иу чысыл афтыдта. — Гъе!—загъта Ваня æмæ ныхситг кодта. — Цæуыл æхситт кæныс? — Уæдæ дæуæй цæй салдат ис? — Куыд вæййы афтæ. Гвардийы бæхджын æфсады салдат. — Ныхæстæ дæм цæуы! Уымæн гæнæн нæй. — Цæмæн нæй гæнæн? — Æгæр æрыгон дæ. — Уæддæр дæуæй хисдæр дæн. — Цыфæнды уа, уæддæр гæнæи нæй. Ахæмты нæ исынц. — Гъе, уæддæр мæн айстой. — Уæдæ ма зæгъ, куыд дæ айстой? — Афтæ, айстой мæ æмæ цы. — Æфсæддонæн цы хъæуы, уыдон дæр дын радтой? 71
— Уæдæ куыд? — Сайыс. — Æз афтæ иæ фæкæнын. — Сомы ракæн. — Гвардийы номыстæн. — Алцы’ппæт дæр дын радтой? — Алцы’ппæт дæр. — Хæринаг дæр?—хъазгæ сдзырдта Ваня. — Хæринаг дæр. — Гъи! — Гъæ, уый дын «гъи». — Хæцæнгарз дæр? — Уæдæ куыд? Цыдæриддæр æмбæлы, уый. Мæ кард мын федтай? Хуымæтæджы кард æй ма ’нхъæл. Злотоустаг. Кæд дæ фæнды, уæд æй къæлæтау дæр æртасын кæн, уæддæр нæ асæтдзæн. Æмæ уый цы. Мæнæн ма нымæт дæр ис. Кæм федтай, ахæм нымæт. Диссаджы рæсугъд нымæт. Фæлæ йæ æз æрмæст хæстмæ куы фæцæуын, уæд скæнын. Ныртæккæ та мемæ обозы цæуы. Уыцы ныхæстæм Ваняйæн йæ комыдæттæ æруадысты æмæ цыма тæригъæдтаг фæцис, ахæм каст бакодта, йæ нымæт йæ фæстæ обозы кæмæн цæуы, уымæ. — Мæн нæ айстой,—æнкъард, æрхæндæгæй загъта Ваня.—Фыццаг мæ айстой, стæй загътой—гæнæн нæй. Æз ма иу хатт суанг сæ мусонджы дæр хуыссыдтæн. Развед- •чиктæм, артиллеристон разведчиктæм. — Æвæццæгæн дæхи нæ равдыстай,—æнæмæт зæр- дæйæ загъта хæрзарæзт лæппу,—иугæр сæ не сфæндыд сæ хъæбул дæ скæной, уый, уæд. — Куыд сæ хъæбул? Цавæр хъæбул? — Ау, нæ йæ зоныс? — Полчы хъæбул. Æнæуый гæ- нæн нæй. — Æмæ ды полчы хъæбул дæ? — Æз полчы хъæбул. Æз, мæ хæлар, нæ хъазахъæн дыууæ азы дæргъы сæ хъæбулыл нымад дæн. Уыдон мæ Смоленскы цур ма куыуыдыстæм, уæд айстой. Мæн, мæ хæлар, майор Вознесенский йæхæдæг йæхи мыккагыл ныф- фыста, уымæн, æмæ мын мад дæр нæй æмæ фыд дæр. 72
Æмæ ныртæккæ дæр афтæ хуыйнын—гвардийы ефрейтор Вознесенский æмæ службæ кæнын майор Вознесенкимæ, бастдзинад чи дары, ахæм кусæгæй. Уый мæ, мæ хæлар, иу хатт йемæ рейдмæ дæр акодта. Уым нæ хъазахъæгтæ æхсæвыгон немыцы фæсчъылдым ахæм змæст сарæзтой, æмæ дын куыд зæгъон. Уыцы иу бырст бакодтой иу хъæу- мæ, немыцы штаб кæм уыдис, уырдæм æмæ дын немыцæг- тæ айдагъ мидæггаг хæлæфты ма райдайой гæппытæ кæ- нын уынгмæ! Худæгæй мардтой. Уым дзы мах сæдæ æмæ æрдæгæй фылдæр ныссæрфтам. Кардæй сæ карстам, къабуска куыд кæрдай, афтæ. Лæппу сласта йæ кард йæ кæрццæмæй æмæравдыста Ваняйæн, немыцы куыд карстой, уый. — Æмæ ды дæхæдæг дæр карстай? — зæрдийагæй бафарста Ваня. Лæппу зæгъынмæ хъавыд «уæдæ куыд æнхъæлд- тай», фæлæ мæнг ныхасæй гвардийы ном фæчъизи кæнын йæ цæсгом нæ бахъæцыд. — Нæ,—загътауый æфсæрмдзастæй.—Раст зæгъгæйæ, æз нæ карстон. Уæд мын кард нæма уыдис. Æз æрмæст цыдтæн тачанкæйы пулеметтимæ... Гъы, ныр дæ фæн- даг дар кæцæй æрцыдтæ уырдæм, — зæгъгæ, йæ ныхас фæцæхкæр кодта ефрейтор Вознесенский, æрæджиау æм куы бахъардта, ацы æнæбæрæг кæцæйдæр æрбацæуæг æмæ зæрдæхсайгæ лæппуимæ æгæр хæлары дзæнгæда цæгъды, уый. Хæрзбон у, хæлар. — Хæрзбон,—æнæбары дзуапп радта Ваня æмæ ацыд. «Уæдæ æз æвæццæгæн мæхи нæ равдыстон», мæсты- гæнгæйæ хъуыды кодта Ваня. Фæлæ йæ бамбæрста, йæ зæрдæйæ, уый раст кæй нæу, уый. Нæ, нæ, нæ йæ сайдта йæ зæрдæ. Йæ зæрдæ йæм дзырдта, разведчиктæ йæ кæй бауарзтой, уый. Уый у æппæтæй дæр капитан Енакиевы аххос. Афтæмæй та йæ уынгæ дæр нæ фæкодта иæ цæстæй. Æмæ уæд Ваняйы сæры февзæрд ахæм хъуыды, ома цыфæнды амалæй дæ,р бацæуын хъæуы тæккæ хисдæр хицаумæ æмæ бахъаст кæнон капитан Енакиевыл. Гъе, æмæ афтæмæй æппын фæстаг, йæ зæрдæ йæм 73
куыд дзырдта, афтæ цавæрдæр стыр хицау цы хæдзары бадт, уырдæм бафтыд. Бадтис куыройы фыдыл æмæ йæ цæстытæ ыыццавта хæдзармæ, æнхъæлмæ тсаст уыцы хицау кæд разыыа, уымæ. Иу цасдæр рæстæджы фæстæ тыргъмæ рахызт иу афи- цер, йæ къухтыл замш æрмкъухтæ кæнгæйæ æмæ фæ- дзырдта: — Соболев, бæх мын! • Ю • Фисынæй иу салдат куыд тагъд æмæ цæттæйæ рагæпп ласта, дыууæ æдсаргъ бæхы йæ фæдыл ласкæйæ, уымæй лæппу уайтагъд базыдта, бæх агурæг хицау кæй у, уый. Кæд сеппæты хисдæр нæу, уæддæр æппын-къаддæр ахæм у, æмæ капитан Енакиевæн йæ бон чи базонын кæна. Уый бæрæг уыдис, йæ пъагонтыл цы стъалытæ уыд, уымæй дæр. Уыдон бирæ уыдысты: алы пъагоныл дæр цып- пар стъалыйы, сармадзанты нывтæй уæлдай. «Зæронд нæма у, фæлæ æвæццæгæн уæддæр инæлар у», ахъуыды кодта Ваня æмæ йын зæрдæрайгæйæ кастис йæ тæнæг хæрзсыгъдæг шпорæджын цырыхъытæм, йæ зæ- рондгомау, фæлæ хæрзаив, фидауцджын æфсæддон цинел- мæ, дыккаг æгънæгыл ауыгъд электрон фанармæ, йе’фцæ- гыл йæ кæсæнцæстытæм æмæ йæ æд компæс æфсæддон хызынмæ. Салдат раласта бæхты кулдуарыл æмæ сæ хæдзарæй рацæуæны раз æрурæдта. Афицер бацыд йæ бæхмæ, фæлæ йын сбадыны агъоммæ йæ фидар æрттиваг бæрзæй асæрф- тытæ кодта æмæ йын адардта сæкæры къæртт. Йæ бакастмæ гæсгæ, йæ дзæбæх зæрдæйыл уыд. Абон æм полчы командир куы фæсидтис йæхимæ, уæд уый, раст зæгъын, хъæуы, иу чысыл хъуыдытыл фæцис. Ахæм фæсидты хъуыддаджы куыд вæййы, афтæ уый дæр æнхъæл уыд бафхæрынæй, кæд йæхимæ службæйы хъуыд- даджы ницы азым ардта, уæддæр. Фæлæ йæм полчы карз командир æппындæр ницы аипп æрхаста. Уый нæ,фæлæ майын йæ батарейы куыстæй æппæлгæ дæр ракодта æмæ дзырд радта, цæмæй фæстаг 74
тохы чи фескуыхти, уыдонæй иу дæс артиллеристы æрба- дæттой хæрзиуджытæ раттынмæ. Уæлдай æхсызгондæр та уый уыдис, æмæ булкъон—къæсхуыр æмæ хуымæтæджы æппæлд чи нæ уарзы, ахæм адæймаг—стыр аргъ скодта, капитан Енакиев иттæг бæстон æрхъуыды кæнгæйæ кæй бацæттæ кодта æмæ немыцы танкæты резерв уыцы æвип- пайды (чи сфæйлыдта æмæ æппын фæстаг тохы хъуыддаг чи алыг кодта, уыцы ныццæфæн. Булкъон цай бацымын кодта капитанæн йе ’фсæддон самоварæ(й. Уый та нымад уыдис полчы мидæг стыр ка- дыл. Уый рацыд капитан Енакиевы фæдыл тыргъмæ æмæ ма йын загъта: — Æмæ уæдæ афтæ—тох хорз кæнут. Бузныг, капитан Енакиев. Уыцы ныхасмæ капитан Енакиев фефсæрмы, фæсырх æмæ дзуапп радта: — Службæ кæнын Советон Цæдисæн, æмбал булкъон! Уыдæттæ æппæтæй дæр иттæг æхсызгон уыдысты æмæ капитан Енакиев развæлгъау цин кодта, йæ афицертæн ко- мандиры ныхас сæ батарейы тыххæй куыд æхсызгонæй ра- дзурдзæн, ууыл. — Хорз лæг!—фехъуыста уый кæйдæр ныхас. Уый фæзылд æмæ федта Ваняйы. Ваня лæууыд йæ разы, йæ къхутæ йæ фæрстæм æнгом æвæрдæй, æфсæддон лæ- гæн куыд вæййынц, афтæ æмæ йæ цъæх цæстытæй æнæр- пыкъулгæ дзагьыр каст кæнгæйæ. — Бар мын раттут зæгъынæн,—загъта Ваня, цæмæй салдаты хуызæн тынгдæр уа, ууыл архайгæйæ. — Гъы,,цæй, зæгъ,—загъта капитан хъæлдзæгæй. — Хорз лæг, ды хицау дæ? — О. Кошыдир. Цы дæ хъæуы? — Æмæ командир кæмæн дæ? — Командир дæн батарейæн. Командир дæн мæ салдæт- тæн. Мæ сармадзантæн. — Æмæ афицертæн дæр дæ командир? — Уый цахæм афицертæ, уой, уымæ гæсгæ у. Зæгъæм дзырдæн, мæхи афицертæи дæр дæн командир. — Æмæ капитаптæн дæр дæ командир? 75
— Капитантæн æз нæ дæн командир. Лæппу цыма фæфыдæнхъæл, афтæ фæцис йæ цæсгом. — Æз та афтæ’нхъæлдтоя, капитантæн дæр коман- дир дæ. — Æмæ дæ цæмæн бахъуыд уый? — Хъæуы мæ, афтæ. — Уæддæр? — Кæд капитантæн командир нæ дæ, уæд ма дзы ныхас дæр цæмæн хъæуы. Мæн, хорз лæг, ахæм командир хъæуы, æмæ капитантæн сеппæтæн дæр приказ чи дæтта. — Æмæ цы приказ раттын хъæуы капитантæн сеппæ- тæн? Диссаг у, уый. — Капитаитæн сеппæтæн нæ хъæуы приказ дæттын. Æрмæст дзы иуæн хъæуы. — Кæмæн? — Енакиевæн, капитанæн. — Куыд загътай, куыд?—сдзырдта ■ капитан Енакиев. — Енакиевæн. — Гм... Æмæ уый та цавæр капитан у? — Уый, хорз лæг, командæ кæны разведчиктæн. Уый сæ тæккæ хисдæр у. Уый сын цыдæриддæр зæгъа, уый æххæст кæнынц. — Цавæр разведчиктæн? —. Нæ йæ зоныс—артиллеристон разведчиктæн. Немыцы сармадзанты æхсæн бынæттæ чи бæрæг кæны, уыдонæн. Ох, хорз лæг, мæлæты мæстыгæр капитан сын ис! Хуыцау бахизæд. — Æмæ ды искуы федтай уыцы мæстыгæр капитаны? — Нæ йæ федтон, мардæрцыддæр уый у. — Уый дæ йæхæдæг федта? — Уый дæр мын мæхи нæ федта. Уый æрмæст дзырд радта, цæмæй мæн фæсчъылдыммæ аласой æмæ мæ рад- той комендантмæ. Афицер йæ цæстытæ» æрцъындау кодта æмæ дисгæнæ- джы каст бакодта Ванямæ. — Фæлæу-ма. Багъæц ма. Дæ ном тацы хуыйны? — Мæнæн? Ваня. 76
— Хуымæтæджы Ваня, æндæр ницы?—бахудтис афицер. — Ваня Солнцев,—сраст кодта Ваня йæ дзуапп. — Чысыл фийау? —Раст зæгъыс!—фæдис кодта Ваня.—Мæн разведчиктæ чысыл фийау схуыдтой. Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс? — Æз мæ хæлар, зонын, капитан Енакиевмæ цыдæрид- дæр хабæрттæ цæуы, уыдон. Фæлæ ма мын ды зæгъ, дæ хорзæхæй, кæд капитан Енакиев ахæм дзырд радта, æмæ дæ фæсчъылдыммæ аласой, уæд ма ам кæцæй февзæрдтæ? Лæппуйы цæстыты ферттывтой раппæлыны цæхæртæ, фæлæ уайтагъд йæ цæсты хаутæ дæлæмæ æрæппæрста. — Лидзгæ ракодтон,—æнæуæндгæйæ загъта уый æмæ йæ æппæт хуызæй дæр равдисыныл архайдта, кæй феф- сæрмы, уый. — Гъе, уый дын гъе! Æмæ уæд куыд алыгътæ? — Афтæ, сфæнд кодтон æмæ алыгътæн. — Афтæ æвиппайды афæнд кодтай æмæ æвиппайды алыгътæ? . - ! — Нæ. Æвиппайды нæ уыд,—загъта Ваня æмæ йæ иу къахæй иннæйы аныхта,—æз дзы дыууæ хатты алыгътæн. Фыццаг хатт алыгътæн æмæ мæ ссардта. Стæй та алыгъ- тæн æмæ мæ уæд не ссардта. — Чи уыд, «не ссардта» кæмæй зæгъыс, уый? — Биденко. Ефрейтор. Уыдоны разведчик. Чи зоны йæ зоныс, нæ? — Фехъуыстон, фехъуыстон, ахæм лæджы кой,—но- джы тызмæгдæр кæнгæйæ загъта Енакиев.—Æрмæст, мæн куыддæр нæ уырны, ды Биденкойæ алыгъдаис, уый. Ахæм лæг нæу. Мæнмæ гæсгæ, ды мæ хæлар, цыдæртæ æрбай- мысыдтæ, и? — Нæй зæгъ,—загъта Ваня йæхи фесхъæлкæнгæйæ.— Ницы æрæмысыдтæн. Æцæг зæгъын. — Хъусыс амæ, Соболев?—адзырдта капитан йæ бæх- мæ зилæгмæ. Уый та къæрцхъусæй хъуыста, йæ командир лæппуимæ цы ныхас кодта, уымæ. — Бæгуыдæр, хъусын. — Æмæ цы зæгъдзынæ? Биденкойæ лæппу алидза, уый дæ уырны? //
— Никæд дæр!—парахатæй йæ мидбылты худгæйæ сдзырдта Соболев.—Биденкойæ ас адæймаг дæр нæ алидз- дзæн" ацы чысыл фат нæ, фæлæ. Мæнмæ гæсгæ уый, æмбал капитан, бахатыр мын кæн уыцы ныхас, фæлæ ай гæды ныхæстæ æгæр сбирæ кодта. Ваня фыр мæстæй афæлурс. Кæд гæды дзурын, уæд мæ бынатæй мауал сызмæлон,— фидарæй загъта Ваня æмæ бæхмæ зилæгмæ бакастис æлгъгæнæг æмæ сæрыстырæй. Стæй уæд атæвд, йæ цæсгом фæсырх æмæ тагъд-тагъд ам цæф, уым цæф гæнгæ райдыдта дзурын, зæронд раз- ведчикты куыд афæлывта, уыдæттæ. Синагæй басты коймæ куы бахæццæ, уæд капитан йæхи нал баурæдта. йæ цæстысыг асæрфта йæ æрмкъухтæй æмæ афтæ бæзджын хъæлæсæй ныххудтис, æмæ бæхтæ сæ хъустæ фæхъил кодтой æмæ сæ мидбынаты кафын рай- дыдтой. Соболев та, йæ командиры цур æгæр хъæрæй ху- дын кæй нæ уæндыдис,—ахæм хъуыддаг аив нæ уыд!— уымæ гæсгæ йæ сæр тылдта, йæ къухæй йæ дзых бамбæрс- та, афтæмæй худтис æмæ дзырдта: — Уый дын Биденко! Уый дын номдзыд разведчик! Уый дын профессор! Æфсæддон лæппуимæ фембæлды тыххæй куы рай- дыдта дзурын Ваня, уæд капитан Енакиевæн йæ цæсгом æвиппайды фæтар, ахъуыды кодта, нынкъард. — Уыдон мæ, зæгъы, сæхи хъæбулау айстой,—разæи-. гардæй дзырдта Ваня æфсæддон лæппуйы тыххæй.—Æз, зæгъы, ныр уыдонæн полчы хъæбул дæн. Æз, зæгъы, се- мæиу хаттрейдмæ дæр ацыдтæн, бадтæн танкæйы станок- джын пулеметимæ. Уымæн æмæ, зæгъы, æз нæхиуæттæн мæхи равдыстон. Ды та, зæгъы, дæхиуæттæн æвæццæгæн дæхи нæ равдыстай. Æмæ дæ уый тыххæй рарвыстой фæс- чъылдыммæ. Ваня арф ныуулæфыд æмæ йæ æнæхии рæсугъд дзас- тæй тæригъæдтаг каст бакодта капитаны цæстытæм. * — Фæлæ мæнг зæгъы уый, хорз лæг, цыма нæхиуæт- тæн æзмæхи нæ равдыстон, уый. Мæхи та сын куыд нæ равдыстон! Æцæг зæгъын. Уыдон мын тæригъæд дæр код- '6
той. Фæлæ гъе, æрмæст капитан Ёнакиевы ныхмæ сæ бон ницы уыд. — Æмæ уæдæ хъуыддаг афтæ рауад æмæ сеппæтæп дæр дæхи «равдыстай», æрмæст иунæг капитан Енакиевæн «нæ равдыстай?» — 0, хорз лæг,—загъта Ваня, цыма аххосджын у, афтæ йæ цæстытæ тагъд-тагъд ныкъулгæйæ. — Сеппæтæн дæр равдыстон, фæлæ капитанæн нæ равдыстон. Уый та мæ йæ- хæдæг уынгæ дæр никуы фæкодта. Æмæ адæймагæн йæхи куы нæ фенай, уæд афтæ æрвитын раст у? Уый мæ иунæг хатт куы федтаид, уæд уымæн дæр чи зоны равдыстаин. Раст нæ дзурын, и? — Афтæ ’нхъæлыс ды?—загъта капйтан бахудгæйæ. Цæй, хорз. Фендзыстæм. Капитан йæ къах фидар тъыст фæкодта æгъдынцойы æмæ бæхыл абадт. — Æхсæвыгон иу бæхгæс цыдтæ?—лæппуйы цæхкæ- рæй афарста: уый, худгæ æмæ идоны рохтæ райсгæйæ. — Куыд нæ цыдтæн! Цыдтæн, хорз лæг. — Бæхæй нæ рахаудзынæ? Марадз-ма, Соболев, дæхи- мæ йæ сис. Цæсты фæныкъуылдмæ бæхмæгæсæджы тыхджын къухтæ фелвæстой Ваняйы зæххæй æмæ йæ авæрдтой разæй бæхыл. — Разведчйктæм! — скомандæ кодта Енакиев æмæ ас- ^хыустой. — Биденкойæ алыгъдтæ, фæлæ мæнæй, хæлар, нæ алидздзынæ,—загъта ординарец, лæппуйы йæхимæ фидар, фæлæ хъавгæйæ æрбалхъивг(æйæ. — Æмæ мæхи дæр нæ фæнды,—загъта Ваня хъæл- дзæгæй. Уый æмбæрста, йæ царды мидæг цыдæр ахсджиаг, амондджын ивддзинад кæй цæуы, уый. Раззедчикты блиндажмæ куы бахæццæ сты, уæд капитан бæхæй рагæпп кодта æмæ идон баппæрста бæхгæсмæ. — Æнхъæлмæ кæсут,—загъта уый æмæ, йæ шпорæтæй тагъд-тагъд дзыгъал-мыгъул кæнгæ, асинтыл нызгъордта дæлæмæ. 79
-Афтæ ’нхъæлыс ды?-загъта капитан бгхулгæйæ. Цæй хорз. Фендзыстæм. 80
• 11 * Разведчиктæ сеппæт дæр иумæ уыдысты æмæ тæккæ уыцы рæстæджы хъазыдысты доминойæ. Уыдон ахæм зæрдиагæй тъæпп кодтой хъазæнтæ фынгыл, æмæ афтæ ахъуыды кæнæн уыд, цыма блиндажы гæрæхтæ кæнынц пистолеттæй. — Уæлæмæ, сыстут!—фæхъæр кодта рады лæууæг. батарейы командиры æрбацæйцæугæ куы федта, уæд. Разведчиктæ рæвдз фестадысты сæ бынæттæ1^, хъазæн- тæ фынгмæ бакалдтой. Ефрейтор Биденко та,—уыцы бон хайады рады лæууæг уыдис,—æмæ куыд æмбæлы, ахæм хуызы,—æд худ æмæ æд хæцæнгарз,—уыцы иу уад бакодта капитаны размæ æмæ радта рапорт: — Æмбал капитан! Дæ бæрныгонд батарейы управлени- йы взводы разведчикты командæ. Командæ лæууы резервы. Адæм уадзынц сæ фæллад. Мæ рады лæуды рæстæджы ницы ахæм уадиссаг хъуыддаг æрцыдис. Рады лæууæг еф- рейтор Биденко. — Æнæниз ут, артиллеристтæ! — Æгас цу, æмбал капитан! — æмхуызонæй сдзырд- той разведчиктæ. Алы хатт дæр иу ахæм æрбацыды фæстæ капитан Енакиев скомандæ кодта «хибар» æмæ иу бар радта алкæ- мæндæр йæхи хъуыддæгтæ кæнынæн. Фæлæ ацы хатт æнæдзургæйæ æрбадт, йæ разы йын цы бандон авæрдтой, ууыл æмæ иу дзæвгар фæкаст трофейон нывмæ—«Уалдзæг Германы». , | - , Батарейонтæ хорз сахуыр кодтой сæ командиры ахаст. Р1æ артиллеристон фуражкæйы козыречы бын йæ æлхынц æрфгуытæм бакæсын дæр æгъгъæд уыдис, сæ алыфарс гæзæмæ хус æнцъылдтæ кæмæн фæзынд, уыцы цъынддзаст цæстыты ’æмæ йæ цыбыр рихиты бын йæ фидар былты, æ,нæбæрæг уазал худæндзаст кæуыл зынд, уыдон фенын дæр æгъгъæд уыдис, цæмæй адæймаг бамбæрстаид, абон хъуыддаг æнæ хъæбæр мастæй, кæй нæ аирвæздзæн, уый. — Æмæ \гæдæ, зæгъыс, ницы уадиссаг хабар æрцы- С Полч: хъæС} * 81
дис?—загъта капитан Енакиев, йæ æрмкъухæй цыма фынг сæрфы, афтæ йæ къух тилгæйæ. Биденко ницы сдзырдта, фæлæ уайтагъд бамбæрста, ба- тарейы командир (чердæм зæгъы, уый. — Цæрг, цы ныхъус дæ? — Бар мын.ратт зæгъынæн... — Ницæмæн дæ хъæуы зæгъыны сæр. Æппæт дæр бæрæг у. Хорз разведчик мын ис, дзидзидай саби кæй афæ- лывта, уый! Хайады командирæн фехъусын кодтай? —Бæгуыдæр. Фехъусьш кодтон. — Гъы, æмæ цы? — Хайады командир мын радта æнæрады наряд. — Чысыл у, уый. Зæгъын, æз дæр ма мæхицæй дзырд дæттын, цæмæй ма сæм ноджыдæр дыууæ наряды бафтауа. Æ дæппæт—æртæ. — Хъусын дæм. Капитан Енакиев иу цасдæр рæстæг æдзынæг каст фæ- кодта йæ разы схъæлæй цы салдæттæ лæууыд, уыдонмæ. — Сбадут, цæргæстæ,—æппын фæстагмæ загъта уый йæ цинелы цæппæртæ уадзгæйæ æмæ уымæй бамбарын кодта,—официалон ныхас фæцис æмæ алкæмæндæр йæхи дарæн ис хи бинонты ’хсæн куыд вæййы, афтæ:—Баулæфут: Афтæ фехъуыстои, цыма сымах итгæг хæдзардзин адæм стут æмæ уæм цыма фæзынд цахæмдæр хорз пензæйаг хæдсадзгæ тамако. Уымæй мæ хорз куы фениккат уæд та? Уыцы ныхас æххæст нæма фæцис, афтæ йæм æрбадард- той фондз тамакодои чъиссайы, фондз газетын льт гæххæт- ты æмæ фондз зажигалкæйы, йæ фыццаг ацамындæй æссу- дзынæввонг чи уыд, ахæмтæ. Алырдыгæй дзырдтой: — Мæ тамако айс, æмбал капитан. Мæнæн цыма чысыл лæмæгъдæр у. — Мæнон бафæлвар, æхсæлыимæ хæццæ у. —- Табуафси, æмбал капитан, æз дын стухдзынæн, тама- ко. Мæ хуызæн лыстæг тухын ничи базондзæн: — Кæд рог тамако дæ зæрдæмæ цæуы? Мæнмæ ис су- хумаг, адджын, финичы хуызæн тамако. — Хъæздыг стут, хъæздыг, — дзырдта, капитан, æмæ 82
æмæ тагъд нæ кæнгæйæ æвзæрста, кæй тамакойæ райса, уый.—Ды та, Биденко, дзæгъæлы æрбадардтай дæ чъисса. Дæуæй уæддæр нæ райсдзынæн. Дæ тамакойæ куы бады- мон, æмæ мийаг куы ныффынæй уон, уæд пицыуал фен- дзынæн. — Æцæг,—йæ цæст æрныкъуылдта Горбунов.—Афтæ у. Уый æвæццæгæн йæ махоркæ куы бадымдта, уæд бафы- нæй æмæ чысыл фийау атыффытт ласта. — Æз дæр уый фæдыл зæгъын,—загъта Енакиев. — Æмбал капитан,—лæхстæгæнæгау загъта Биденко,— хуымæтæджы лæппу куы уыдаид, уæд æй бæргæ!.. Фæлæ уый лæппу нæ, фæлæ æцæг хæйрæджы лæппын у, Баууæн- дут мыл. — Æмæ саби æцæг дзæбæх у?—бафарста капитан, пен- зæйаг хæдсадзгæ спъæрт кæнгæйæ.—Куыд уæм фæкасти? — Лæппуйæ та цы зæгъæн ис,—загъта Горбунов, ху- дæндзастæй, разведчиктæ Ваняйы тыххæй ныхасгæнгæйæ сеппæт дæр куыд райдзастæй дзырдтой, афтæ.—Хи зондыл хæцæг лæппу у. Ныхас дæр ыл нæй—салдат куыддæрид- дæр уа, афтæ. Мах дзы хъуамæ номдзыд разведчик сарæз- таиккам. Фæлæ, æвæццæгæн йæ амонд афтæ нæу. — Тæригъæд ын кæныс?—загъта капитан Енакиев. — Нæ, уый та цæмæн. Тæригъæд у, æви нæу... Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, фæсчъылдымы дæр нæ фесæф- дзæн. Фæлæ, раст зæгъгæйæ, тæригъæд дæр у. Уымæн йæ зæрдæ æцæг лæджы, æфсæддоны зæрдæ у. Уымæн йæ хуыздæр бынат у æфсад. — Мæнг ныхæстæ нæ кæныс? — Цæмæн мæ хъæуы мæнг ныхæсты сæр! Уый фыццаг бакæсгæйæ дæр бæрæг у. Æцæг уый, куыд нæ батарейы командир, сымах æй хъуамæ хуыздæр зонат. — Фæсивæд, æмæ сымах та цы ныхъус стут?—загъта капитан Енакиев, салдæтты цæсгæмттæм фæлварæджы каст кæнгæйæ.—Куыд уæм фæкасти уыцы лæппу. Разведчикты цæсгæмттыл ахæм иузæрдæ мидбылты хутт анхъæвзта, æмæ сын цыма уый уыдис иу, стыр, коман- дæйæн сеппæтæн дæр, æмæ райгæ дæр кодтой хицæитæй нæ, фæлæ иууылдæр иумæ. () ^з
— Æркæсхт. Ахъуыды кæнуг. Сымах цæрдзыстут йемæ, æз нæ фæлæ. — Бæззон лæппу у. Иу ныхасæй, — чысыл фийау, хуры хъæбул,—райдыдтой дзурын разведчиктæ, сæ капитан цæй фæдыл зæгъы, уый æххæст нæма æмбаргæйæ. Уый та сæм карзæй бакаст æмæ иу дзæвгар ахъуыдыйы фæстæ фидарæй загъта: — Цæй уæдæ хорз. Æрмæст уæ зæрдыл дарут, уый уын хъазæн нæ, фæлæ цæрдуд адæймаг кæй у, уый. Æй, Собо- лев!—адзырдта уый дуармæ бацæугæйæ.—Ракæн-ардæм чысыл фийауы. Æмæ сеппæтмæ дæр стыр диссаг куыд нæ фæкастаид, Ваня къæсæрæй куы ’рбакаст, уæд. Капитап фидар æрхæ- цыд лæппуйы уæхскыл æмæ загъта: — Мæнæ уын уæ чысыл фийау. Сымахимæ уал цæрæд. Стæй уæд фендзыстæм. ’ • 12 * Куыддæриддæр капитан Енакиев блиндажæй рахызт, аф- тæ* разведчиктæ Ваняйы алыфарс æрбатымбыл сты. Алкæй дæр сæ фæндыд тагъддæр базонын, уыцы хабар куыд рауад, уый. — Чысыл фийау! Мæ хуры чысыл!—фæхъæр кодта Горбунов. — Цæй ма ныр, лæгай, радзур ма нын!—карзæй загъта Биденко.—Кæцæй февзæрдтæ? Кæм фæдæлдзæх дæ? Кæм дæ ссардта капитан Енакиев? 1 -- Кæцы капитан Енакиев?—загъта Ваня дисгæнгæйæ. — Махмæ дæ чи æрласта, гъе уый. — Ау, æмæ уый капитан Енакиев уыдис? — Уый йæхæдæг уыдис. — Уæу мæнæ диссæгтæ. — Æмæ йæ( ды нæ зыдтай? — Кæцæй йæ зыдтон!—фесхъиудта Ваня, йæ цыбыр пæсты хаутæ тъæбэ^ртт ныкъулгæйæ. — Æз уый куы зыдтаик... Зонгæ нæ, фæлæ мæ хъуыды- 84
йы кæрон дæр куы’рцыдаид... Æцæг ма зæгъ, гъе уый уы- дис капитан Еиакиев? — Бæгуыдæр. — Батарейы командир? — Афтæ. Уый йæхæдæг. — Ох, хорз лæг, раст нæ зæгъыс, — Фæлæу ма, чысыл фийау, — разведчикты коман- дæйы æппæт циндзинадæй райгæйæ загъта Горбунов.—Ды бавдæл æмæ нын сæ иууылдæр кæрæй-кæронмæ нывыл радзур. Фæлæ Ваня æвæццæгæп афтæ сси, æмæ дыууæ ныхасы кæрæдзийыл бабæттын йæ бон нал уыд. Йæ цæстытæй райгæ æрттывд кæнгæйæ, уый кастис ног блиндажмæ. Иæ зæрдæ йæм афтæ дзырдта, цыма йын ацы блиндаж рагæй зындгонд æмæ хæлар у, раззедчиктимæ фыццаг хатт цы му- сонджы æхсæвиуат кодта, уый хуызæн. Ам дæр та уыцы бинопыг æфснайд цинелтæ æмæ пæ- лæз-палаткæтæ, уыцы дзаумайы ривтæгтæ нывæрзæнты, уыцы кæттаг хъæбæр хисæрфæнтæ. Суанг ма пецыл æвæрд æрхуы цайдан æмæ, Горбунов фынгыл рæвдз кæй равæрдта, уыцы къæртт-сæкæр дæр, фыцпаджы хуызæн уыдысты. Æцæг трофейон карбид-лампæ æндæр уыдис. Уый цæс- тытæ къахта йæ,химикон хъыхъаг рухсæй. Æмæ уыцы рухс дæр адæймагмæ афтæ кастис, цыма лампæйау уый дæр трофейок у. Лæппу, йæ цæстытæй æрцъындгæнгæ каст уыцы рухсмæ, йæ фындз иу сынцъылдта æмæ йæхи афтæ æвдыста, цыма иу ныхас сæппарын дæр йæ бон нæу? афтæ. Æцæгæй та, хъуыддаг раст куыд уыдис, афтæ йæ куы зæгъæм, уæд Ваня раджы бафиппайдта, хæдзары цур цы афицеримæ нь&ас кодта,, уый капитан Енакиев кæй уыдис. Æрмæст уый нæ равдыста, йæхи æнæзонæг скодта. Хуымæтæджы нæ дзырдтой разведчиктæ Ваняйæ, ома раз- ведчикы миниуæг гуырдзæй рахаста. Æмæ æцæг разведчи- кæн та йæ фыццаг уавæр афтæ у—зонын æмæ нæ дзурын хуыздæр у, нæ зонын æмæ дзæнгæдацæгъдынæй. Афтæ Ваняйы царды амонд æртæ хатты æрзылдис уыцы цыбыр рæстæджы. 25
* 13 * Тар æвзонг рухс гæзæмæ рæдзæ-мæдзæ кодха цъыф- дзасты сæрмæ. Сау, æмбыд уыгæрдæнты ’хсæн къутæрты ’хсæн, карст, фæлæ ласт чи нæма уыд, ахæм гæны къæдз- мæдзы уистæ кæм уыд, уыцы быдырты ’хсæн цъыфдзæс- тытæ зындысты æнæбæрæг урс хуыз æмæ æрттывтой къалайау. Къутæрты æхсæвиуат чи кодта, уыцы æргъæвст халæт- тæ райхъал сты æмæ æххормаг хъуахъ гæнгæ ра- тæх-батæх кодтой иу ранæй иннæмæ. Уыдон зивæггæнаг æнæбары змæлд кодтой сæ базыртæ, æхсæвы уымæлæй сып чи ныууæззау, уыдон. Ныллæгдæр лæнчытæ кæм уыд, уым зæххыл арбадт бæзджын урс мигъ. Къудзиты цъуппытæ хус кæрдæджы бындзгуытимæ цыма уыцы мигъьг ленк кодтой, афтæ сæ сæртæ зындысты мигъæй. Алфамблай, цæст кæдæм æххæссыд, уым цыма алцы дæр уыдис мард, æдзæрæ^г, бынтон сабыр. Æрмæст-иу дард кæмдæр, скæсæны ’рдыгæй, мигъджын уæлдæф рæс- тæгæй-рæстæгмæ нынкъуысыд, цыма уым чидæр сабыргай, фæлæ ныггуыпп кодта стыр дуар. Фæлæ искæй фæлтæрд цæст уæлдай биноныгдæр каст куьГркодтаид, мигъæй цы къудзитæ сзынд, уыдонмæ, уæд чи зоны бафиппайдтаид, дыууæ къудзийы кæрæдзимæ æгæр æввахс кæй сты, уый. Уыцы дыууæ тар къудзийы кæрдæ- джы бындзгуытимæ—уыдысты Бидеыко æмæ Горбуновы шлемтæ. Уыдон ныр æртæ сахаты дæргъы æнæсызмæлгæ лæууыдысты туацъæйы астæу, сæ уæлæ пæлæз-палаткæтæ, уыдон уæлæ та чи фæсау, ахæм кæрдæджы бындзгуытæ, афтæмæй. Разведчиктæ хуыссыдысты ахæм æгьдауæй, æмæ сæ алчи дæр уыдта иннæмæн йæ фæстæ цы ис, уый.< Лæхъир цъымарайыл сæ рæмбынкъæдзтæй æрæнцойгæнгæйæ æмæ сæ сæртæ гæзæмæ бæрзонд даргæйæ, уыдонæй алчи дæр лыстæг каст æдзынæг йæ размæ. Хаттæй-хатт-иу цыбыр ныхæстæ баппæрстой кæрæ- дзимæ. ’" [ 86
— Исты дзы зыны? — Афтид у. — Мæ раз дæр афтид у. Иу змæлæг дæр нæй. — Æвзæр хабар у уый. — О, хорз нæу. Уыдон уыдысты немыцы фæсчъылдым, фронты тæлмæй иу æртындæс километры æттæдæр. Куыд фæстæмæ мину- тæй-минутмæ сæ цæсгæмттæ кодтой æнкъарддæр, мæт- лжындæр. — Нæ зыны? — Нæ зыны. — Афон бæргæ у ныр. — Хъусыс, æркæс ма дæ сахатмæ. Мæхион ныллæу- уыд, састы фæуа. Æвæццæгæн æй истæуыл бакъуырдтон. Цас рæстæг æнхъæлмæ кæсæм? Горбунов йæ цонджы сахат йæ цæсты размæ æрбакод- та. Уыцы змæлд афтæ сабыр хъавгæ уыд, æмæ йæ шлемыл цы кæрдæджы бындзыг уыдис, уымæй иу кæрдæджы хал дæр нæ фезмæлыд. — Авд сахаты æмæ æртын дыууæ минуты... Æртæ сахатæй фылдæр æихъæлмæ кæсæм. Н О-гъо! Иу фынддæс минутыбæрц кæрæдзимæ ницысдзырдтой. — Хъусыс, Вася. — О. " — Æмæ йæ кæд немыц ацахстой, уæд та? Æппын фæстаг Горбунов загъта, Биденкойы зæрдæ уымæй бирæ раздæр цæмæй тарст æмæ рыстис, уый. Фыр мæстæй йæ дæндæгтæ скъæскъæс кодтой, йæ; сау уадул- тæ ыоджы тынгдæр фæкъуыпп сты. Цæстытæ масты цæхæр акалдтой. — Ма уас. Дзæгъæлы дзæнгæдайы бæсты, фæлтау кæс^æ кæш. — Æз æнæуи дæр кæсын. Фæлæ йæ каст цы у, куы нк’цы дзы ис, уæд. Æмæ та иу дзæвгар æнæ исты дзургæйæ баззадысты, фæлæ цы сæ бон уыдис, уымæй тыхкаст кодтой. Горбунов æвиппайды фезмæлыд, чысыл фæхъил кодта йæ сæр. 87
Уыцы фезмæлд зын бафиппайæн уыд. Фæлæ æвдыста, цæмæйдæр тынг кæй стъæлфы, уый. Дардмæ уынаг адæй- магæн куыд вæййы, афтæ йæ цæсты саутæ цæхкæр фæ- къаддæр сты, счысыл сты, булавкæйы сæрау. Биденко бамбæрста, Горбунов иттæг ахсджиаг цыдæр кæй суыдта, уый. — Цы хабар у, Кузьма—сабырæй, æнæхъæлæс ныхас, æрмæст йæ былтæй афарста Бидеыко. — Бæх,—афтæ сабырæй дзуапп радта Горбунов. — Нæхи бæх? — Æйхъæл дæн нæхи. Фæлæу ма. Къутæртæм ба- цыд—’нал зыны. Ныртæккæ фæзындзæн. Йæ къæдзил тилы. Рацæуы. Рацыдис уæртæ. Афтæ у: нæхи Цъæхой. — Цытæ дзурыс!—куыд не’мбæлд, афтæ хъæрæй сдзырдта Биденко. :— Цъæхой у. Ныр дзæбæх зыны. — Уæдæ чысыл фийау дæр разындзæн. Æз дын нæ дзырдтон! Ды та уасьш райдыдтай. Биденко йæ циндзинад бауромын нал бафæрæзта æмæ æндæр уавæрты цы ми нæ бакодтаид, ахæм ми бакодта. Уый фæзылдта аивæй йæхи æмæ кæсын райдыдта, йе ’мбал кæдæм каст, уырдæм. Сæ дыууæдæр зæххыл æгæр тъæпæн—дæргъæй кæй хуыссыдысты, уый фæдыл уынгæ дардмæ нæ кодтой. Гори- зонт сæм цыма хæрз æввахс æрбацыд, афтæ сæм каст. Æмæ’ горизонты къутæрты ’хсæн сындæггай хылдис хæрз мæллæг ницæйаг, урс рæсыд уæраг бæх, йæ раззаг къахæй къуылых цæугæйæ. Æцæгæй уыд Цъæхой. Фæлæ чысыл фийау йсмæ нæ уыдис. — Саби, æвæццæгæн, фæсте баззад. Бæлвырд бафæл- мæцыд. Ныртæккæ фæзындзæн. — Бæгуыдæр. Æмæ дыууæ разведчикы дæр лæмбынæг байхъуы- стой. Бæхæн цъыфдзасты йæ хæлд сæфтæджытæ арф ныгъуылдысты æмæ-иу сæ тыххæй-фыдæй куы сласта, уæд та-иу фæтъупп кодтой. Разведчиктæ хъавыдысты æмæ бæллыдысты уыцы уынæрты ’хсæн сæ хъустыл куыд 88
ауадаид адæймаджы къæхты хъæр. Фæлæ адæймаджы къæхты хъæр никæцæй хъуыстис. Уæд Горбуков йæ армы тъæпæн йæ дзыхмæ æрбахæс- тæг кодта æмæ хъæддаг бабызау бауасыд. Фæлæ дзуапп нæ уыд уыцы уастæн дгер. — Нæ фехъуыста. Хъæрдæрæй бауас. Горбунов хъæрдæрæй бауасыд, фæлæ та уымæн дæр нæ уыд дзуапп. Биденко куыд хуыздæр гæнæн ис, афтæ хъавгæйæ иттæг сындæггай сыстад, æрлæууыд йæ зонгуы- тыл. Горизонт, цыма æвиппайды адарддæр, фæлæ цæстыты раз цы лæгъз цъыфдзаст быдыр райтынг, уым ныронгау нæ зынд иу змæлæг дæр. — Саби хынджылæг кæны. Цаемæй нæм æвиппайды æрбамидæг уа, афтæ хъавы,—загъта Биденко, æмæ зæрдæ- хсайгæ каст бакодта Горбуновмæ, цыма ныртæккæ цы рбай- мысыд æмæ йæхи дæр цы нæ уырныдта, ууыл уый дæр куыд сразы уыдаид, афтæ йæ фæндыд. Горбунов йыхъус ис. — Цæй-ма, Кузьма,» бауас та. Чи зоньи йæм фехъуыса. Горбунов та ноджыдæр ауасыд. Фæлæ та дзуапп дæт- тæг нæй. — Ваня-а! Фийау!—фæсидтис Биденко, хи æвæрæн- дзинад дæр æй ферох, афтæмæй. — Фæнды хъæр кæн, фæнды ма, — æнкъардæй загъта Горбунов,—хъуыдда4л бæрæг у... Уæдмæ цъæх хайуан æввахсæй-æввахсдæр кодта. Дыууæ къахдзæфы æрбакæны, стæй æрлæууы, йæ даргъ мæллæг бæрзæй æргуыбыр кæны, цæмæй йæ згæхæрд бур дæндæгтæй цалдæр кæрдæджы хильг, стона. йæ хæмхуд- тыл зындис урс гæзæмæ хилтæ, дзыхæй резинæйау æр- даргъ зæхмæ йæ сæт. Йæ мæллæг къæхтæ рызтысты. Йæ цæстытæн,—сæ иу æгасæй дæр æсурс,— сæ сæрмæ сау дардтой арф къуырфытæ. — Цъæхой, Цъæхой!—сабырæй фæсидтис Горбунов æмæ хъавгæ фехситт кодта. Бæх æыæбары хъил фæкодта йæ иу хъусæмæ къуылых- къуылых бачиудта разведчиюæм. Æрлæууыди сæ цуры, 89
уæле сæм бынмæ кæсгæйæ, йæ сæр æрæппæрста, афтæ- мæй. Афтæ куыдфæндыйы æнæбары лæуд æркæньг, йæ хицау кæмæн фесæфы, ахæм бæх. — Чысыл фийау та кæм ис, Цъæхой? — бафарста Би- денко—цы йæ фæкодтай? Цъæхой лæууыд æнæзмæлгæйæ, йæ риссаг къах скъæдз кодта, афтæмæй. Йæ цæф къæхты дзыджытæ нал зындысты сау цъымарайы цъыфæй. Шæ зæронд, бурбын— урсхъуын царм йæ фæрсчытыл тæпп-тæпп кодта. йæ урс, фæрдыджы хуызæн куырмцæст, æдылы æнæбон къуымых каст кодта зæхмæ. Æмæ æрмæст йæ цыбыр хус дымæг йæ рæдывст къæдзилы стæгыл нал æнцад йæ цъыллин- джытæй. , Цъæхой уыдис зæронд, ’æмбаргæ, обозласæг бæх. Дзу- рын куы зыдтаид, уæд бирæ цыдæртæ радзырдтаид развед- чиктæн. Фæлæ уыдон æнæ уый дæр бирæ бамбæрстой. Æппын мацы, фæлæ уæддæр бамбæрстой сæйрагдæр сæ щл хъуыдис, уый: чысыл фийауыл цыдæр бæллæх сæмбæлд. Æндæрæбоп изæрдалынгты Биденко æмæ Горбунов рацыдысты разведкæйы, Ваняйы дæр семæ ракодтой, афтæ- мæй. Ракодтой йæ1 фыццаг хатт, лæппуйы семæ кæнынц, уый командæйæн нæ фехъусын кодтой, афтæмæй. Уыдопæн уыдис ахæм хæс лæвæрд, иæмæй куыд гæ- нæн ис, афтæ дарддæр бацæуой знаг кæм лæууы, уыцы бынæтты ’æмæ сбæрæг кæной, размæ цæугæйæ цъыфдза- стыл батарейæн хуыздæр фæндаг кæцы ран уыдзæн, уы- дæттæ. Разведчиктæ хъуамæ ссардтаиккой, сармадзантæй цы взводтæ æхсынц, уыдонæн хорз позицитæ, фæнысан код- таиккой сомбоны кæсæн бынæттæн уæлдай хуыздæр рæт- тæ., сбæрæг кодтаиккой, немыцы хи хъахъæныны фæдыл цы арæстытæ скодтой, уыдон, фыццаджы дæр та немыцы ре- зервтæн сæ нымæц æмæ сæ лæуды уавæр сбæрæг кæнын. Æвзæр нæ уыдаид, кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ здæхгæйæ семæ куы ’рбакодтаиккой хорз «æвзаг» штабон кæнæ артиллеристон афицеры. Фæлæ уый—хуыцау куыд радта, афтæ. Лæппуйы та семæ фæндаг амонæгæн акодтой,
уымæн, æмæ иттæг хорз зыдта ацы цъыфдзаст зыыцæуæп ран. Æцæг, уæды уонг Ваняйы абанайы куы цынадтаиккой, йæ сæр æлвыд куы ’рцыдаид æмæ ног дарæс та йæ уæлæ конд, уæд æй, æвæццæгæн, раззедкæйы нæ ракодтаиккой. Фæлæ та Ваняйæн йæ хъуыддаг ацыд. Фронты мидæг кæддæриддæр куыд вæййы, афтæ æнæнхъæл бата- ре резервæй æппæрсг æрцыд комкоммæ тохмæ. Æмæ та уый фæдыл алцы! дæр схæццæ-мæццæ ис. Фæс- чъылдым лæуджытæ ноджы фæстæдæр баззадысты. Абанайы тыххæй ныхас уæвæн дæр нæ уыдис. Æмæ Ваня дæр цыдис размæ управленийы взводимæ, цы хуызы йæ ссардтой, ахæм хуызы—æнæлвыд, пыхцыл сæр, бæгъæввад, четæн хызынимæ — раст хъæууон фийауы хуызæн. Ахæм лæппуйыл кæцыфæнды немыцаг фембæлæд, уæддæр йæ хъуыдыйы кæрон кæцæй æрцæудзæн, знаджы разведчик у, уый. Ахæм хуызы Ваняйæн кæдæмдæриддæр ацæуæн уыд, никæй зæрдæ йыл фæгуырысхо уыдаид, аф- тæмæй. Уымæй хуыздæр фæндагамонæг зын æрхъуыды кæнæн у. Ноджы Ваия йæхæдæг дæр иттæг бахатыд. Куы иу ныл- лæхстæ кодта: «Мæн дæр акæнут уемæ! Цы уын уыдзæн уымæй? Æз ам алы къутæры дæр зонын. Æз уæ ахæм рæт- ты акæндзынæн, æмæ уæ иу немыцаг дæр нæ бафиппай- дзæн. Бузныг дæр ма мын зæгъдзыстут. Акæнут мæ!» Ваня зылдис разведчиктæн сæ фæдыл. Ахæм хатгæ æмæ æнхъæлмæ кæсæджы цæстæй каст разведчикты цæстытæм йæ æнæхин сабийы цæстытæй. Ахæм æнæуæн- дон æфсæрмдзæстæй иу бавнæлдта куы иу, куы иннæйы цонгмæ... Иу ныхасæй, сæхи хъæппæрисæй йæ акодтой семæ. Фæлæ йæ хуымæтæджы конд дæр нæ акодтой. Æппæты фыццаг дæр, хорз разведчиктæ куыд фæкæ- нынц, афтæ уыцы хъуыддагмæ æркастысты лæмбынæгæй, алырдыгæй дæр, хæдзардзин лæджы цæстæй. Уыдонбауы- наффæ кодтой.—Ваня сæ развæидаг амонæг уыдзæн, фæ- 91
лæ йын йæ разы æрæвæрдтой бæлвырд, биноныг хæс æмæ уымæй уæлдай куыд ницы бакæна. Уыцы æфсæддон хæс та уый мидæг уыдис, æмæ Ваня хъуамæ цыдаид разведчикты разæй фæндаг амонæгæй æмæ сын тас у, зæгъгæ, уæд сын æмбарын кодтаид. Цæмæй Ваня ноджы тынгдæр уыдаид фийауы хуызæн æмæ немыцы астæу æнæ исты хъуыддаг чи хæты, ахæм зæрдæхсайгæ адæймаджы хуызæн ма уа, уый тыххæй æр- хъуыды кодтой бæх. Лæппуйæн цыма йæ бæх алыгъд, стæй йæ ссардта æмæ йæ ныр цыма йæ фæдыл сæхимæ ласы, афтæ куыд зындаид, уый тыххæй. Уыцы хъуыддагæн бæзгæ бæх ссардтой полчы дыккаг эшелоны обозы кусджытæм. Уый уыдис зæронд, цæф, ни- цæйаг цъæх бæх, номхыгъдæй раджы сисинаг чи уыд, ахæм. Хуыдтой йæ Цъæхой. Ваня бæндæны лыггæгтæй сбыдта æцæг фийауы ехс, йæ Цъæхойæн сарæзта бæндæнæй идон æмæ фæсæмбисæх- сæв, боны цъæхмæ æввахс, æртæ разведчикы,—уыдонимæ Ваня дæр йæ Цъæхоимæ,—æнцонæй ахызтысты фронты хаххыл. Ваня бæхимæ æргомæй цыдис разæй. Иу сæдæ метры фæстæдæр та кæрæдзийы фæд-фæдыл хъавгæ бырыдысты Горбунов æмæ Бидейко. Ахæм хуызы иу цыппар километры куы ацыдысты, уæд Вапя æвиппайды хæрхæмбæлд фæцис немыцаг пикегыл. Æвиппайды, цыма зæххы бынæй фелвæстысты, афтæ йæ ра- зы куы февзæрдысты æртæ тар æндæрджы пæлæзты æмæ аджы хуызæн арф каскæты мидæг, уæд афтæ зæгъын раст нæ уаид, Ваня н?г фæтарст, зæгъгæ. Тæрсгæ нæ, фæлæ фыр тæссæй, цыма йæ уд йæ къæхты бынæй ауад, афтæ йæм фæкаст. Нæ ма йæ ферох сты, хæрз æрæджы дæр ма «немыцы къухы» куы уыдис, уæд цы æвирхъау митæ баййæфта’, уыдон. Йæ зæнгтæ фæтасыдысты, цæсгом туджы азылд, цæстытæ атартæ сты. Æмризæджы срызти æмæ ма йæхи тыххæй урæдта, йæ дæндæгтæ фыр тæссæй кæрæдзи цæмæй ма схойой, уымæй. Электрикон къаннæг фанары рухс андзæвд йæ чысыл 92
бызгъуыр фигурæйыл, рухсмæ фæзынд цъæх цола бæх, талынджы мидæг дæлимоны хуызæн. — Æй, цы фыдбылызæн ралли-балли кæныс ам æхсæ- выгон, цъаммар! — фæхъæр кодта немыцаг мæстыгæр фæсус хъæлæсæй. Уыцы хъæлæс уыд халоны уастау зæрдæйæн хъыг, æдзæсгом, сæрыстыр æмæ ноджы уыимæ æнæхатыр хъæ- лæс, дзурæг цыма йæхицæйстыр.бузныгныцци, афтæ. Лæп- пуйæн йæ зæрдыл æрбалæууыд, иттæг хорз кæй зыдта æмæ йæ зæрдæ кæмæй сфыхт, немыцаг ахæм хъæлæстæ дæсгай æмæ сæдæгæйттæй. Уыцы æппæт коменданттæ, ахст адæ- мы хъахъæнджытæ, быдирон жандармтæ, хъахъæнæг хи- цæуттæ, патрул лæуджытæ—уыдон иууылдæр ахæм хъæ- лæсæй дзырдтой, уыдонæй бирæ над баййæфта къах æмæ къухæй. Лæппу йæ сæр атъыста йæ уæхсчыты ’хсæн æмæ йыл •йæ къухтæ амбæрзта, цæф сæмбæлыпы адæргæй. Æмæ йыл цæф æцæгдæр ауад. Цырыхъ сæмбæлд йæ фæсонтыл æмæ халоны уастау хъæлæс фæхъæр кодта не- мыца’гау: — Цы ныхъус дæ, æнаккаг? Дзуапп дæтт, куы дæ фæрсынц, уæд. Кæннод та дын ахæм авæрдзынæн, æмæ!.. Лæпппу немыцагау не’мбæрста. Фæлæ немыцаг ныхас цæй фæдыл уыдис, уый æххæстæй æмбæрста. Æгæр хорз дæр ма йæ базыдта йæхи цармыл, уыцы немыцаг ныхас цæй фæдыл у, уый. Æмæ æвиппайды тарстдзинад æрбайсæфт. Йæ зæрдæ айдзаг æнæкæрон мастæй. Ау! Уый та куыд? Уый, Сырх Æфсады салдаты, капитан Енакиевы номдзыд батарейы разведчикы куыд бауæндыд цырыхъæй ныццæвын цавæр- дæр фашистон фаджыс! Ваняйы цæстыты туг абадтис. Чысыл ма бахъæуа йæхи ныццæва немыцагыл, .ралæууа йын йæ хæмхудтыл, йæ хур- хыл ын дæндагæй ныххæца. Уый зыдта, йæ хæд фарсмæ кæй лæууынц йæ хæлæрттæ, йæ хорз, йæ иузæрдион æф- сæддон æмбæлттæ. Йæ фыццаг хъæрмæ дæр уыдон сæхи æрбаппардзысты йæ фервæзын кæныны тыххæй æмæ не- мыцæгты ныммардзысты иуы хуызæн. Фæлæ лæппу фидар 93
дардта йæ зæрдыл, арф! разведкæйы кæй сты, уый, чысыл хъæлæба дæр раргОхМ кæндзæн разведчикты къорды æмæ сын цы’фсæддон фæдзæхст уыдис, уый сæххæст кæнын нал бантысдзæн. Æмæ уæд йæ фидар хъаруйы руаджы ныссабыр кодта, йæ, зæрдæйы мидæг цы маст æмæ сæрыстырдзинад фæзын- ди, уый. Бар, æнæбары дæр та йæхи фестын кодта къан- нæг æдылыдзæф фийауы хуызæн, цыма йæ бæхимæ æх- сæвыгон фæдзæгъæл, афтæ. — Уау, уæ хорзæхæй, ма мæ нæмут!—йæхи стъизæг кодта уый цыма йæ цæсть* сыгтæ йæ цæсгомыл сæрфы, уыйау.—Æз мæ бæх агуырдтон. Тьосхæй-фыдæй йæ ссардтон. Æнæхъæн бон æмæ йæ æнæхъæн æхсæв агуырд- тон. Стæй фæдзæгъæл дæн. Гъы, бæрзæйсаст фæуай,— фæхъæр кодта уый бæхмæ ехсæй февзидгæйæ. — Фæлтау дæлзæх куы фæуыдаис! Æмæ та ногæй тъизын райдыдта: — Ауадзутмæ, уæхорзæхæй! Æз афтæ никуыуал бакæн- дзынæн. Мæ мад мæм æнхъæлмæ кæсы,—æмæ кæд æлгъ кодта æмæ дзы йæ удхæссæг уыдта, уæддæр немыцагæн йæ къухмæ февнæлдта, цыма йын ба акæнынмæ хъавы, йæхи ахæм хуызы æвдисгæйæ. — Аттæ у, сæрхъæн! — загъта немыцаг фæлмæн- дæрæй.—Акæн дæ хæдмæл бæх æмæ ахъуыдты у. Æмæ ма дæ куыддæриддæр æхсæвыгон лекка гæнгæ ссарæм, афтæ дæ æрцауындздзыстæм. Уый скъуырдта лæппуйы йæ уæраджы сæрæй, бæхæн та йæ синтæ автоматæй æрцафта æмæ уый адыл немыцаг пикет фæаууон ис мæйдары. Уæд Ваня хъавгæйæ скодта хъæддаг бабызы; уаст. Уымæй æвдыста, тасдзинад дзы кæй нал ис, уый. Развед- чиктæ цыдысты дарддæр. Цыбыр ныхасæй, хъуыддаг дзæбæхæй фæцис. * 14 * Дарддæр хъуыддаг ноджы хуыздæр ацыд. Ссис сæумæрайсом. Бон аивгъуыдта бынтои æнæбæл- лæхæй. Разведчикты бауырныдта, Ваня æцæгæй ран иттæг 04
хорз кæй зоны, уый. Развæндаг амонæджы хæс уый æх- хæст кодта иттæг биноныгæй æмæ æмбаргæйæ. Цалынмæ Биденко æмæ Горбунов искуы зæронд цъына- йы кæнæ къутæрты æмбæхстæй бадтысты, уæдмæ-иу Ваня йæ ницæйаг бæхимæ ацыд размæ æмæ-иу сбæрджы- тæ кодта ран, стæй-иу уæд фæстæмæ раздæхт æмæ уасыд бабызау, афтæмæй æмбарын кодта, фæндаг уæгъд кæй у, уый. Афтæ кусын æнцондæр уыд, стæй тагъддæр цыд. Ванямæ æнхъæлмæ кæсгæйæ разведчиктæн сæ рæстæг дзæгъæлы нæ сæфти. Уыдон иу бæрджытæ кодтой сæ картæтыл, фæндагыл цытæ баскæрстой, уыдон. Ацы хатт сын иннæ хæттытæй уæлдай фылдæр бантыст. Капитан Енакиевы батарейæн цы хицæн бынат снысан кодтой, уый иттæг лæмбынæг скæрст бакодтой немыцы позицийы ’рдæм кæрæй-кæронмæ. Баскаринаг ма сын баззад æрмæст иу цъымараджын къаннæг цæугæ-дон æмæ хъуамæ картæйыл фæнысан кодтаиккой уыцы доныл фаллаг фарс- мæ сармадзантæн уæлдай æмбæхстдæрæй куыд æгъда- - уæй бахизын кæнæн ис, уыдæттæ. Немыцы хихъахъæнæп фидардзинæдтæ атонгæйæ, уыцы хъуыддаг размæ бырстæн стыр ахсджиаг уыдис. Уый лæвæрдта фадат капитан Енакиевæн æнæн- хъæлæй, уыцы иу æсхуыстæй, разведкæ кæныныл рæстæг нæ сафгæйæ, цæттæ маршрутыл бахъуыды сахаты йæ сар- мадзаытæ бирæ аразмæ кæнынæн æмæ афтæмæй фæстæмæ лидзæг немыцаг колоннæты чъылдымы ’рдыгæй дæрæн кæнынæн. Уыцы зын разведкæйæн боныгон бакæнæн, — уæлдай- дæр донæн йæ хуыздæр бацæуæитæ ссарын, цæугæ допæи йæ бын æмæ йæ арф куыд у, уый баззонынæн,—ницы амал уыдис. Банхъæлмæ кæсын хъуыдис æхсæвы æрлæууын- мæ. Уымæ гæсгæ Горбуной, къорды мидæг хисдæр кæй уыдис, уый адыл, дзырд радта, цæмæй æхсæвиуат бакæнон уыгæрдæны мидæг цъыфдзастыты "хсæы æмæ сæумæрай- сом, боны цъæхы размæ, бацæуой цæугæ донмæ æмæ, цалынмæ мигъ зæххæй нæма сыста, уæдмæ феной доны былтæ, ссарой доны ауайæнтæ, сбарой сæ æмæ сæ фæны- <:5
сан кæной картæйыл. Бъе уæд уый фæстæ æрбаздæхæн уыдис фæсгæмæ, сæхимæ. Æмæ афтæ баксдтой. Æхсæвы фесты уыгæрдæны æмæ ма боны цъæхмæ дыууæ сахаты куы уыдис, уæд Ваня йæ Цъæхойæн йæ рохыл ахæцыд æмæ иннæ хæттытау разæй ацыд. Биденко æмæ йæм Горбунов æнхъæлмæ кæсын бай- дыдтой. Донмæ бирæ бауайын нæ хъуыд æмæ уыдоны нымадмæ гæсгæ Вапя хъуамæ раздæхтаид фылдæр-фылдæр иу сахатмæ. Фæлæ рацыд сахат, стæй дыууæ, стæй æртæ, фæлæ Ваня уæддæр никæцæй зынд. Уый бæсты æрбацыд Цъæхой иунæгæй. Уæд разведчиктæ бамбæрстой: Ваняйыл цыдæр бæллæх сæмбæлд. Цæуын хъуыдис йæ фервæзын кæ- нынмæ. Биденко æмæ Горбунов иу дзæвгар фæкастысты кæрæ- дзимæ. Иунæг ныхас дæр не скодтой. Фæлæ цæмæй кæрæ- дзийы бамбæрстаиккой, уый тыххæй сæ ныхас кæныны сæр дæр нæ хъуыдис. Æгæр бæрæг æмæ æгæр æргом дæр ма уыдис, цы хабар æрцыдис, уый. Агурын хъæуы чысыл фийауы æвæстиатæй, уый тыххæй сæ цард ауæлдай кæнын куы бахъæуа, уæддæр. Горбунов хисдæр уыдис æмæ Биденкойæн йæ къухæй ацамыдта, мæ фæстæ цу, зæгъгæ. Уыдон хъавгæ æмæ æнæуæУщай змæлдæй абырыдысты уыгæрдæны къудзийæ- къудзимæ, æрмæст-иу хаттгай æрлæууыдысты фæйнæрдæм акæсыны тыххæй. Сæ амондæн, боны цъæхæй зæххæй цы -мигъ сыстад, уый нæ ныппырх. Уый нæ, фæлæ цыма ноджы бæзджындæр фæцис. Уый ленк кодта цъымара быдыры сæрты, æппæт- дæр æмбæрзгæйæ. Фæлæ мигъ куы нæ уыдаид, уæддæр зынæй исчи федтаид разведчикты. Ран уыд фæсфæд, æдзæрæг. Цыма дзы ацæуæн дæр нæй, афтæ кастис адæй- магмæ. Æвиппайды Биденко æмæ Горбуновы фæстæйæ æрбай- хъуыст цæйдæр тъуппытæ. Фæзылдысты фæстæмæ. Сæ фæстæ æрчипп-æрчипп гæнгæ йæ цæф къахыл хылдис 96
Цъæхой æмæ мигъы тары зындис стыр æмæ хæйрæджы хуызæнæй. — Фæстæмæ цæугæ, Цъæхош Ма нæ æргом кæн,— загъта Биденко хæлар худæндзастæй.—Кæмæ дзурын, зæронд! Фæстæмæ! Æтт! Фæлæ Цъæхой йæ цыд кодта, йæ хъустæ æрæппæрста, йæ сохъыр цæст гæзæмæ æрттывд кодта, афтæмæй. Уый цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд: «Ма мæ ныууадзут, хорз адæм. Цы бакæндзынæн æз ам иунæгæй ацы æмбыд, хуы- лыдз уыгæрдæны, ацы тæссаг æхсырхуыз мигъы? Фæтæри- гъæд кæнут зæронд бæхæн!» Æмæ разведчиктæ бамбæрстой уый. Тæригъæд сæм бæргæ кастис дзæбæх сабыр хайуаны ныууадзын, фæлæ гæнæн нæ уыдис. Бæхмæ гæсгæ сæ исчи бафиппайдтаид æмæ уæд сæхæдæг дæр сæфгæ кодтой. — Ех, мæгуыр дæ бон!—загъта Биденко арф ныуулæф- гæйæ æмæ Цъæхойы цурмæ бабырыд. Уый систа йæ дзыппæй гæрзы скъуыддзаг æмæ тагъд- тагъд абаста бæхæн йæ æдых рæсыд къæхтæ. — Тæригъæд дын бæргæ кæнын, хæлар. Фæлæ цы бачындæуа. Лæу уал ам. Банард у. Чи зоны та фембæлæм. Æмæ та разведчиктæ размæ абырыдысты. Цъæхой афæлварæнтæ кодта сæ фæстæ ацæуыныл, фæлæ йæ къæхтæ афтæ фидар æмæ æнгом баст уыдысты, æмæ йын акъахдзæф кæнæн дæр нæ уыд. Уæд бæх сфæнд кодта сæ фæстæ гæппæй ацæуын, æрбамбырд кодта йæ тыхтæ. Фæлæ йæм тых æгæр чысыл уыдис: Цъæхой æр- мæст йæ фæстаг къæхтæ баппæрста размæ гæппыввонг, фæлæ уымæй дарддæр йæ бон ницыуал бацис æмæ ныллæууыд, йæ мæллæг тæнты фут-фут ссыди, афтæмæй. Уый тæригъæддаг каст акодта разведчикты фæдыл, æнæбары змæлд фæкодта йæ къæдзилæй, йæ даргъ урс цæсты хаутæ æрныкъуылдта æмæ аныгъуылд мигъы. Разведчиктæ’ бырьш байдыдтой, æхсæвы Ваня чердæм ацыд, уыцырдæм. Ранæй-рæтты — цъыфбын бынæтты ма бæрæг дардта йæ къæхты фæд. Биденко каст уыцы къахы фæдтæм æмæ хъуыды кодта: «Ех, уæвгæйæ та куыд æнæрхъуыды стæм! Ныры онг кын 7 Полчы хъæбул. 97
куыд нæ бантыст сабийæн къахыдар&с смадзал кæнын. Фæлæ ма йæ бкрæ дзырд цы пайда у. Ссардзыстæм æй, фæстæмæ нæхимæ баздæхдзыстæм æмæ йын уæд дзаума- йæ цыдæридцæр хъæуы, уыдон скæндзыстæм. Раст йæхи аккаг куыд уой, афтæ. Ахæм æвдылдæй цæудзæн, æмæ диссаг». Цъымарамæ куы бахæццæ сты, уæд фæд быитондæр фес^фт. Ныр бырыдысты размæ доны’рдæм компæсы руа- джы. Алфамблай, фыццагау, уыдис мигъ, æнæзмæлæг. Дон æцæг разындис хæстæг. Уалынмæ разведчиктæм сзындис доны уыгæрдæны был, донмæ æввахсдæр бынæтты уыдис тар хъамыл. Йæ фаллаг, бæрзонд былыл цъæх дардта хъæд. Дарддæр цæуыны агъоммæ Горбунов æмæ Биденко бирæ рæстæг баззадысты хуысгæйæ, æмæ ранмæ биноныг фæкæстытæ кодтой. Доны был кæд афтид уыд, уæддæр тæссаг уыд. Хуылыдз уыгæрдæныл бæрæг дардтой уæзла- сæн машинæйы бирæ фæдтæ. Уыцы рæттæ ног, ваксæйы хуызæн сау кæй уыдысты, уымæй зæгъæн уыдис, машинæтæ ууылты хæрз æрæджы кæй ацыдысты, уый. Æвæццæгæн æрбаластой ардæм исты ласинаг, бæлвырддæр зæгъгæйæ, хъæдæрмæг, уымæн, æмæ иуæй-иу рæтты уыгæрдæны уыдис ног æхснывтæ. Цыма хæрз æрæджы æввахс кæмдæр хид арæзтой, уый хуызæн уыдис. Æнæмæнг хид ам кæмдæр уыд, æрмæст хъамылæй нæ зындис. Фæлæ иугæр хид уыдис, уæд’ ын хъуамæ хъахъæнæг дæр уыдаид. Æмæ уый та тæссаг уы- дис. Доны фаллаг былыл цы хъæд зындис, уымæй та æнæ- гуыроюхойæ зæгъæн уыдис, æфсæддон хæйттæ кæнæ дзы штабтæ кæй бадтис, уый: цалдæр раны хъæды сæрмæ зындис фæздæг, иу ран та къаннæг æрдузы бæлæсты уи- дæгты’хсæн бæрæг дардта цахæмдæр инженерон амад, кæрдæгхуыз уындфæливæн хызæй биноныг æмбæрзт чи уыд, ахæм. Уый уыдаид сармадзанты блиндаж, кæсæн æмæ хъахъæнæн бынат кæнæ фистæг æфсады акъоппы бруствер. Æвæццæгæн ам нехмыц сæхи тынг æрфидар æмæ бацæттæ кодтой дзæвгар рæстæг ныхмæ лæууын сæ бон куыд бауа, афтæ. 98
. Ахæм хъуыддаг базонын иттæг ахсджиаг уыд æмæ раз- ведчиктæ уæлдай лæмбынæгдæр фæкастысты уыцы бынат- мæ æмæ алцы дæр сæ зæрдыл бадарынымæ тырныдтой цæмæй, фæстæдæр, фадат куы фæуа, уæд уыдæттæ иууыл- дæр картæйыл фæнысан кæной. Фæлæу цыфæнды уæд, уæддæр дзы уымæй фылдæр лæууæн тл уыдис. Цы гæнæн уыд, уымæй тагъддæр ацæуын хъуыдис. Фæлæ сæ сæ къах нæ хаста. Куыд хъуа- мæ ныууагътаиккой се’мбалы, бæллæхы мидæг æмæ куыд ’рбаздæхтаиккой сæхимæ æнæ Ваня. Фæлæ иннæрдыгæй ахъуыды кæнгæйæ та—цы ма уыд сæ бон бакæнын? Мæнæ ныр æрбахæццæ сты, сæ размæ лæппу цы донмæ ацыд, уырдæм. Мæнæ уынынц уыцы донæн йæхи дæр. Гъы, æмæ дарддæр та цы? Лæппуйæн йæ фæд фесæфт. Кæд æй æцæг немыц æр- цахстой, уæд æй, кæй зæгъын æй хъæуы, афонмæ акод- таиккой искæцы быдирон комендатурæмæ. Фæлæ иннæр- дыгæй ахъуыды кæнгæйæ, цæмæн бахъуыд немыцы уый, æмæ æрцахсой хъæууон къаннæг бызгъуыртæ лæппуйы йаа рынчын, ницæйаг хайуан йæ фæдыл чи ласы, уый? Иу æмæ дыууæ мийаг сты сæ фæсчъылдым уыцы гæвзыкк, æххормаг советон сабитæ? Сеппæтæн æрцахсæн нæй Стæй—æрцахсгæйæ дæр—цы сæ фæчындæуа, чи архай- дзæн семæ. Ныр уыдоныл нал сты, сæхи сæртæ цы фæкæ- ной, уый куы нæуал зонынц. Нæй, ницы ’гъдауæй уыд зæгъæн, Ваняйы немыц æр- цахстой, уый. Кæд, æмæ йæ ’рцахстой, уæддæр æм цы ах- хооаг хъуамæ ссардтаиккой? Æппындæр ницы. Зæронд хы- зын æмæ йæ хуылфы скъуыдтæ чиныг. Æрмæст уый, дæ- лæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр. О, æмæ уæд цы фæцис? Бæх иунæгæй цæмæн æрбаз- дæхт? Чи зоны Ваня кæронмæ нæ бафæрæзта, схъыг ис уыцы куыстæй æмæ афардæг кæдæм æй фæндыд, уыр- дæм? Фæлæ уый зæгъæн дæр ницы амалæй уыдис. Ваня ахæм нæ уыд! Растдæр уыдаид афтæ зæгъын, æмæ бахæццæ донмæ, фæстæмæ раздæхт æмæ фæдзæгъæл ис... Ваня фæдзæ- 1ъæл! Нæ, афтæ зæгъын та ноджы худæгдæр уыдаид. С9
Афтæмæй рæстæг цыдис. Исты уынаффæ бакæнын хъуыд. Биденко æмæ Горбунов хуыссыдысты, йæ бур дæрзæг сыфтæр чи нæма акалдта, ахæм тулдз къаннæг цъыхыры- йы. Уыдон хуыссыдысты æмæ хъуыды кодтой, цы сæ бон уыд, уымæй. Æвиппайды Биденко йæ цæстыты тæккæ раз зæххыл федта ахæм предмет, æмæ чысыл ма бахъæуа фæхъæр кæ- на. Уый уыдис химикон кърандас «Химæвзалы» маркæйæ, ■ æрæджы Биденко Ваняйæн кæй балæвар кодта æмæ Ваня æппынæдзухдæр йæ хызыны кæй хаста, уый. — Кузьма!—хæрз сабырæй загъта Биденко, кърандас- мæ йæ цæстытæй амонгæйæ. Горбунов æркаст æмæ сагъдæй аззад. Æмæ уайтагъд бирæ лыстæг бæрæгдарæнтæ, салдæт- тæн сæ цæст кæуыл не’рхæцыд, — æрмæст уымæн, æмæ; сæ тæккæ разы уыдысты,—уыцы бæрæггæнæнтæ ныр æр- гомæ|й разындысты. Уыдон федтой урс бæхы хъуыны бындзыг къутæрыл. Уыдон федтой, зæххыл кæй ныннад, ахæм æрдæгдымд не- мыцаг сигарæ. Уыдон федтой саст къутæрæй цы бирæ сыфтæртæ æрæзгъæлд, уыдон. Æппын фæстаг уыдон фед- той чысыл æттæдæр, Ваня бæндæны скъуыддзагæй цы ехс сбыдта, уый. Зæхх ныннадис алфамблай, бынæй æфсæйнæгтæ хуыд кæуыл уыдис, ахæм салдатаг цырыхъытæй. Атæппæт бæрæгдарæнтæй уыдонæн сæ цæстытыл ауад, цалдæр сахаты размæ ам цы æбуалгъ хъуыддаг æрцыд, уый. Ныр æппæт дæр бæрæг уыд. Уыдон лæппуйы агурыны фæдыл раст фæндагыл баф- тыдысты. Раст уыцырдæм цыдис Ваня йæ бæхимæ. Уый бахæццæ ацы къутæртæм. Раст ацы ран, ныртæккæ Гор- бунов æмæ Биденко кæм хуыссыдысты, уым немыц ацах- стой Ваняйы. Бæрæг уыдис, æвиппайды гуымиры ахст æй кæй æркодтой, уый. Ссæст зæхх, цъæл къутæртæ, хызынæй чи æрхаудта, уыцы кърандас, æмæ фæсвæдмæ аппæрст ехс, æрдæгдымд сигарæ—уыдон æппæтæй дæр æвдыстой, лæппу семæ ты- юо
хархайд кæй кодта æмæ кæй нæ куымдта, уый. Стæй йæ уæд аластой, сыфцæй ласæгау. Разведчиктæ ныр дзæбæх уыдтой зæххыл, Ваняйы чердæм аластой, уый фæд. Фæд цыдис хъамылы ’рдæм, Биденко æмæ Горбунов хид уæвын кæм æнхъæл уыдысты, уырдæм. Æмæ уæдæ афтæ уыдаид—немыц акодтой лæппуйы хидыл фаллаг фарс- мæ, хъæдмæ, уым та сын уыд, куыд зынд, афтæмæй штаб кæнæ комендатурæ. Уæд разведчиктæ райдыдтой хъуыдытæ кæнын уавæры тыххæй. Хъуьгды кодтой тагъд, фæлæ иттæг биноныг, алыр- дыгæй дæр, артиллерийы разведчиктæн^ куыд æмбæлы, афтæ. Хъуыдис ма сæ æрмæст кæройнаг уынаффæ бакæнын. Биденко æмæ Горбунов æмхуызæттæ уыдысты æфсæд- дон куысты мидæг, йе хисдæр, йе кæсдæр дзы ничи уыдис. Афтæ скуыхтдзинад æмæ æфсæддон службæйы дæргъвæ- тин куыстæй дæр. Фæлæ ацы разведкæйы рацыды хица- уæн нысангонд уыдис Горбунов. Æмæ уыцы ’гъдауæй Гор- буновы ныхас фылдæр лыг кодта. Уыцы ныхас та уыд при- каз, уæлдай зæгъæн кæуыл нæй, ахæм. Йæ уынаффæ зæгъыны агъоммæ Горбунов тынг ахъуы- ды кодта. Биденко дызæрдыг нæ кодта йæ хæларыл, уый зыдта, Горбуновы уынаффæйæ хуыздæр уынаффæйæн уæ- вæн кæй нæ ис, уый. Фæлæ Горбунов йæ уынаффæ куы загъта, уæд Биденко сагъдауæй аззад. Уый кæд алцыдæр æнхъæл уыд, уæддæр, ахæм уынаффæ æнхъæл нæ уыд. — Цы дыы зæгъон, Васили, уый зоныс,—загъта Гор- бунов фидарæй.—Уавæр афтæ домы æмæ æз æмæ ды хъуа- мæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ уæм. Æмбарыс? Ды ацæу- дзынæ фæстæмæ нæ æфсæддон хайадмæ. Дæхи барæвдз кæн. Æз та баззайдзынæн ам. — Куыд? Куыд загътай куы?—ногæй та афарста Би- денко. — Зæгъын дын, фæстæмæ куыд аздæхай, афтæ. Æз та ам баззайдзынæн. — Кузьма!—фыр дисæй фæхъæр кодта Биденко. 101
— Лыг у хъуыддаг!—цыбырæй загъта Горбунов, йе ’рфгуытæ фелхынцъ кæнгæйæ. Æмæ Биденко бамбæрста, уыцы хъуыддагыл дзурæн кæй нал ис, уый. Фæлæ ма уæддæр афæлвæрдта хъуыддаг дзæбæхдæр бамбарын. — Æмæ уæд чысыл фийау та? — Æз баззайдзынæн ам. Архайдзынæи йæ фервæзын кæныиыл. — Æз та? — Ды ацæудзынæ нæ æфсæддон хайадмæ. — Æз, Кузьма, ахæм уынаффæ кæнын: мах ам баззай- дзыстæм нæ дыууæ дæр. — Æгъгьæд у! — фæцæхкæр кодта Горбунов. — 0, æмæ уæдæ æз куыд баздæхон æнæ Ваня?—ныл- лæхстæ кодта Биденко.—Нæ, мæ хæлар, уыцы хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Куыд дæ фæнды, афтæ кæн, фæлæ æз саОийы нæ ныууадздзынæн. Мæхи дæр ауæлдæй кæндзынæн уæддæр æй фервæзын кæндзынæн. Ау, уый та куыд? Мæ- хи хъæбулы хуызæн куы у, уæд афтæмæй!.. —» Уый неппæтæн дæр у нæхи хъæбулы хуызæн. Служ- бæ та æвæрд и сæйрагдæр бынаты. Зоныс, кæмæн службæ кæцæм? Советон Цæдисæн. Зонгæ та йæ куыд нæ кæныс! Ацæудзынæ нæхимæ. Æз та баззайдзынæн ам. — Нæ ацæудзынæн нæхимæ,—загъта Биденко æмæ йæ цæстытæ мæсты æнцъылд фæкодта. — Приказ дын дæттын,—загъта Горбунов.—На, æмæ коммæ нæ бакастæ, уæд та зонын цы кæчын дын хъæуы, уый. Бамбæрстай? Хъус-ма, Вася,—æвиппайды йæ ныхас фæфæлмæн кодта Горбунов. — Афтæ ’нхъæлыс, æз æй не ’мбарын? Æз æй, хорз æмбарын, мæ хæлар. Фæлæ/ цы ба- чындæуа? Батарей æнхъæлмæ кæсы мах бæрæггæнæнтæм. Ау, куыд æй хъуамæ ныууадзæм куырмæй, æнæ маршру- тæй? Хынджылæг ма кæп, Вася. Æз ам баззайдзынæн, ды та хайадмæ ацæудзынæ. Бахæццæ кæндзынæ цы сбæр- джытæ кодтам, уыдон. Кæс, цæмæй дзæбæхæй бахæццæ уай. Дæхи хъахъæн, æмбаргæ цыд кæн, цæмæй немыцыл хæрхæмбæлд ма фæуай. Мæ зæрдæ дыл дарын фидар хо- 102
хау. Зæгъдзынæ командирæн, уавæр куыд у, уый. Бам- бæрстай? — Бамбæрстон,—загъта Биденко мæстыйæ. Биденкойæн бирæ дзурын нæ бахъуыд. Уый дæр Горбуно- вы бынаты куы уыдаид, уæд уый дæр раст афтæ бакодтаид. Уый æмбæрста, сæ дыууæйæ иу æнæмæнг хъуамæ ацæуа æмæ, разведкæйы цытæ сбæрæг кодтой уыдон бахæццæ кæна æфсæддон хайадмæ. Горбунов æй документтимæ кæй æрвыста, уый дæр цы ’мбарын хъуыд. Горбунов уыдис ацы къорды командир. Уый дзуапп лæвæрдта йæ къорды алы лæджы тыххæй дæр. Афтæмæй куыд аздæхтаид фæстæмæ, цалынмæ цыдæриддæр йæ бон уыд чысыл фийауы фервæ- зын кæнынæн, уый нæ бакодтаид, уæдмæ? — Æххæст кæн, цы дын фæдзæхст ис, уый,—загъта Горбунов, Биденкомæ картæ дæттгæйæ. — Хорзæй баззай, Кузьма! — Гъæй. кæн, Василий. — Хъусын дæм. Биденко иунæг ныхас дæр нал скодта, афтæмæй фæстæ- мæ бырын байдыдта. Куыд фæстæмæ фæаууон ис, цыма бур зæххимæ баиу, мигъы атад, уыйау. Горбунов баззад иунæгæй. «Уæдæ цы бæллæх сæмбæлдаид чысыл фийауыл? — хъуыды кодта уый, уыцы æнæзынд хъуыддагыл йæ сæр сæтткæйæ.—Æмæ дзы уæвгæ дæр цы хъуамæ уыдаид,— зæрдæтæ æвæрдта йæхицæн. — Зæгъæм, æрцахстой йæ немыц. Атардтой йæ комендатурæмæ кæнæ штабмæ. Гъы, бафарстой йæ. Æмæ дзы цы райсдзысты? Ваняйы ныхмæ пемыц цы азым кæнæ цы аххоа хъуамæ æрхæссой! Саби æмæ саби. Фæдардзысты йæ иу чысыл сæхимæ стæй йæ рауадздзысты. Фыццаджы дæр афтæ бакæнын хъæуы, æмæ уыдонæй куы рацæуа, уæд ыл фембæлын хъæуы, куыд нæ аирвæза, афтæ. Уæд иумæ аздæхдзыстæм нæхиуæттæм. Гъе, афцæ, æндæр цы!» Горбунов ахæм хуызы йæхицæн зæрдæтæ бæргæ æвæрдта, фæлæ мидæг йæ зæрдæ зыдта, хъуыддаг афтæ хуымæтæг нæ, фæлæ бирæ фыддæр кæй у, уый. 103
Сымсым гæнгæ^фыр^хъуыдыпæ йæ ных нынцъылдта,' афтæмæй уый архайдта компæсимæ. Цыдæр ахæм дзы уыд, Горбунов кæй нæ зыдта, æмæ ’нхъæл цы нæ уыд. Фæлæ уæддæр цы? Æмæ æцæгдæр Горбунов нæ зыдта иу хъуыддаг. Куы йæ зыдтаид, уæд мардæрцыдау фæуыдаид. Уый нæ зыдта Солнцев Ваняйы зæрдæйы ахаст, йæ зонды æппæт æвзыгъд- дзинад, йæ æрхъуыдыйы æппæт тых æмæ йæ сыгъдæг, са- бийы хиуарзондзинад, чысыл ма бахъæуа сæфтмæ кæй руаджы фæцæйцыд, уыдоны. Ваня Солнцевмæ æгъгъæд нæ фæкаст, разведкæмæ йæ фæндагамонæгæн кæй ракодтой, уый. Уый зыдта, фæндаг- амонæг кадджын æмæ бæрнон хæс кæй у, уый. Фæлæ йæм уый чысыл фæкаст. Йæ æгæр тæвд æнæфсис зæрдæ домд- та стырдæр исты. Уый бафæндыд æцæг разведчикау сном- дзыд уæвын æмæ диссаг хъуыддæгтæ равдисын. Разведкæйы ацæуыны агъоммæ Ваня иннæты сусæгæй кæмдæр смадзал кодта компæс. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй мадзал нæ, фæлæ йæ рахырхта иу разведчикæй, 104
Бæлвырддæр зæгъгæйæ, компæс райста кæйдæр сынтæгæй сабыргай æмæ йæ фæнд афтæ уыд, æмæ йæ разведкæйы ацыды фæстæ хъуамæ фæстæмæ йæ бынаты нывæрдтаид. Уыцы хъуыддаджы уый æвзæрдзинадæй ницы фиппайдта, уымæн, æмæ йын уыцы разведчик арæх лæвæрдта компæс рæстæгæй-рæстæгмæ æмæ ма йын суанг амонгæ дæр ба- кодта, йемæ куыд архайын хъæуы, уый. Къаннæг кърац- дас Ваняйæн уыд йæхимæ. Фыссæн гæххæтты бæсты та сфæнд кодта йæ абеты чиныгыл фыссын. Афтæмæй чысыл фийау йæхи алцæмæй дæр куы ба- рæвдз кодта, уæд райдыдта архайын æцæг разведчикы хуызæн. Разведкæйы рæстæджы иу Ваня размæ куы ацыд, уæд Горбунов æмæ Биденко уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ нæ зыдтой, æнæ уыдон Ваня цытæ фæкусы, уый. Уыдбн афтæ ’нхъæлдтой, æмæ уый йæ бæхимæ цæуы, «бæрæг кæны» ран, стæй æрбаздæхы фæстæмæ æмæ фæзæгъы, фæндаг уæгъд у, æви нæ. Фæлæ Ваня канд уыцы куыст нæ кодта. Разведчикты фæзмгæйæ, уый дæр фæлвæрдта, уыдон куыд кодтой, аф- тæ. Сымсым, гæнгæ фыр хъуыдыйæ йæ ыых нынцъылдта, афтæмæй уый архайдта компæсимæ æмæ йæ абеты чиныджы кæрæтты цыхуызæндæр хылымылытæй фыста, æрмæст йæхæдæг кæй æвзæрста, ахæм ориентиртæ æмæ нысæнт- тæ. Æппын фæстаг ма суанг раны пълан сисыныл дæр афæлварæнтæ кодта. Фыдуынд, фæлæ уæддæр раст нын- ныв кодта бæрæгдæрæн нысантæй фæндæгтæ, хъæды къохтæ, цæугæ дæттæ,) цъымаратæ. Раст куыддæриддæр Ваня, йæ компæс æмæ чиныджимæ тулдз къутæры æрбадгæйæ, раны пълан иста, хъамылы ми- дæг æцæг кæй сбæрæг кодта, уыцы цæугæ дон æмæ ног хидимæ, афтæмæй йæ баййæфта немыцаг коменданты патруль. Зын ахъуыды кæнæн нæу, уый фæстæ цы рауад/ уый. Ваня быцæу, ныллæууыд, йæхи тыдта, цы йæ бон уыд, уымæй. Фæлæ цы бакодтаид лæппу немьгцаг комендантон пат^улы дыууæ салдаты ныхмæ? Ваняйæн йæ къухтæ йæ фæсонтæм сбастой æмæ йæ, 105
топпысыдзæй тъæппытæ кæнгæйæ, акодтой ног хидыл къуылдыммæ, хъæдмæ. Уым æй баппæрстой арф, талынг блиндажмæ æмæ йыл дуар сæхкæдтой. * 15 * Иу цасдæр рæстæджы фæстæ Ванямæ æрбацыд салдат æмæ йæ акодта бафæрсыны тыххæй æндæр блиндажмæ. Уыцы блиндажæн æтте йæ раз, нæзы бæлæсты ’хсæн тыгъд уыдис уындфæливæн хыз, мидæгæй йæ хуылф та— уæрæх, хъарм æмæ дзы электрон рухс. Къуымы гуымгуым кодт{а" радио. Астæуæй, зæххы сагъд даргъ нæзы стъолы уæлхъус, бадтысты фæрсæй-фæрстæм нæлгоймаг æмæ сылгоймаг. Нæлгоймаг уыд немыцаг афицер къуындæг френчы мидæг. Френчæн уыд фæстæмæ æппæрст уæрæх сау хъæдабæйæ астæрд æвцæггот, йæ кæрæттыл æвзист быд хуыд æмæ цыма саударæг уыдис, йæ бакаст афтæ уыд. Ваня немыца- гæн йæ цæсгом нæ федта, уымæн, æмæ æмбæрст уыд йæ къухæй. Къухыл æрттывта къухдарæн, æнгуылдзты ныхты бынтæ чъизи сау дардтой бакæсгæйæ. Ваня федта æрмæст мæллæг бæрзæй, сæнт сырх, гогызы къубалау, бур сæры хъуынтæ æмæ дынджыр нард хъустæ. Афицерæн йæ бакаст уыд, æнæхуыссæгæй иттæг тынг чи сфæлмæцыд æмæ æгæр ирд рухсмæ чи тыхсы, ахæм. Йæ сау скæллад худ ауыгъд уыдис йæ фæстæ зæгæлыл. Худ уæле уыд фæтæн, йæ кæрæттæ цыргъæй фæгуыбыр сты дæлæмæ; йæ козырек лакæй сæрст, каннæг кæфойы хуызæн. Уыцы худ, уæлдайдæр уыцы нард хъуынджын хъусмæ бакастæй лæппуйы зæрдæ бауазал, цыма æнæхатыр, фыд- былызы хос сты, уыйау. Сылгоймаг цы у, уымæн дæр ницы базыдта Ваня, æцæг, йæхæдæг дæр æй нæ хатыдта, афтæ йæ йæ мид-зæрдæйы схуыдта «ахуыргæнæг». Йæ уæлæ уыд куырммысты цармæй конд кофтæ, йе’фцæг- готыл хæцъилтæй конд дидинæг. Цъындабыд юбкæ уæра- 106
джы сæрты ныттынг, къæхтыл резинæ цырыхъытæ. Фæ- лурс-бу,р сæры хъуынтæ, сыкъайау здыхтытæй ныццæхкæр сты йæ æгæр бæрзонд нарæг ныхыл уæле, йæ къухы дардта цæсткæсæнтæ æмæ сæ сыгъдæг кодта сæрачы гæппæлæй. Дыууæ цæсты^’хсæн, фындзы сæрмæ, цæсткæ- сæнты фæд сырх бæрæг нысан дардта. йæ цæстытæ уы- дысты къуыпп, дондзаст—æрвхуыз. Ваняйы æрлæууын кодтой стъолы раз æмæ уый уай- тагъддæр ауыдта стъолыл йæ компæс æмæ абеты чиныг. Чиныг уыд гом. Ваня раны пълан: дон, хъæды къох, ныр- тæккæ кæм уыд, уыцы хъæды къох, нынныв кæныныл кæм архайдта, уыцы ран. Ус цæсткæсæнтæ йæ цæстытыл бакодта—бæзджын авгджын сыгъзæрин цæсткæсæнтæ æнæ кæронастæр- дæй, — йæ фындз ныммарзта къаннæг, хызджын фындзы кæлмæрзæнæй æмæ загъта æрмахуыр дзæгъындзæджы хъæлæсæй сыгъдæг уырыссаг æвзагыл: — Рацу ардæм, лæппу, æмæ дзуапп дæтт, цæмæй дæ фæрсон, уымæн. Бамбæрстай мæ? Æз дæ фæрсгæ кæндзы- нæн, ды та мын дзуапп дæттдзынæ. Афтæ, нæ? Разы дæ? Фæлæ Ваня æвзæр æмбæрзта, цы йын дзырдтой, уый. Салдæттимæ хылы фæстæ ма ныр дæр зылдис йæ сæр.’йæ цæстытæ ма ныр дæр тар уыдысты. Йæ къухтæ фæстæмæ бастæй барæсыдысты æмæ тынг рыстысты рæмбын- къæдзтæ. — Лæппу, тыхсыс? Ваня ницы дзырдта. — Ацы цъаммарæн йæ къухтæ суадзут,—тагъд-тагъд сдзырдта немыцагау, стæй ма йыл афтыдта уырыссагау, йæ сыгъзæрин дæндаг разынд, афтæмæй:—Райхалут сабийæн йæ къухтæ. Уый дзæбæх лæппу у æмæ афтæ нал кæндзæн. Уый нæ салдæттимæ хыл нал кæндзæн æмæ сæм дæндагæй нал лæбурдзæн. Уæд æгæр фæтæвдис. Лæппу, афтæ нæ? Ваняйæн йæ къухтæ суагътой, фæлæ уæддæр ницы дзырдта æрмæст йæ алфамблаймæ сонт каст кодта. — Ныр та,—дзырдта немыцаг сылгоймаг, йæ сыгъзæрин дæндаг та разынд, афтæмæй, — ныр та? лæппу, рауай н.æм æввахсдæр. Ма нæ тæрс. Мах дæ æрмæст фæрсгæ кæн- 107
дзыстæм ды та æрмæст дзуапп дæттдзынæ. Афтæ, нæ? Гъе, уæдæ нын зæгъ: чи дæ, дæ ном цы хуыйны, кæм цæ- рыс, дæ мад æмæ дæ фыд чи сты, ацы фидаргонд районы кæцæй февзæрдтæ? , Ваня йæхи ныддур кодта æмæ каст зæхмæ. — Æз ницы зонын. Цы уæ хъæуы мæыæй? Æз уæ ни- цы хъыгдардтон,—загъта уый хæкъуырц куыдæй.—Æз мæ бæх агуырдтон. Тыххæй-фыдæй йæ ссардтон. Æнæхъæн бон æмæ æнæхъæн æхсæв фæрахау-бахау кодтон. Фæ- дзæгъæл дæн. Бафæлладтæн æмæ æрбадтæн. Уæ салдæт- тæ та мæ нæмын байдыдтой. Цæмæн, и? — Нæ, нæ, лæппу. Афтæ тызмæг ныхас кæнын нæ хъæуы. Салдæттæ дæр сæ хæс æххæст кодтой æмæ уыдон дæр иу чысыл фе’гæр кодтой, æндæр ницы. Фæлæ мах фæнды базонын чи дæ, кæцæй дæ, кæм сты дæ ныййар- джытæ—дæ фыд, дæ мад? — Æз сидзæр дæн. — О! Мæгуыр саби. Дæ мад æмæ дæ фыд амардысты, афтæ? — Мæлгæ нæ. Маргæ сæ акодтой. Маргæ дæр сæ сыма- хонтæ акодтой,—загъта Ваня, æнæбары мæсты тыххудт ба- кæнгæйæ æмæ сылгоймагæн йæ дыууæ цæсты’хсæн фын- дзы сæр кæМ) ныффæтæн, уым цы хиды’ртæхтæ фæзынд, уыдонмæ кæсгæйæ. Ус фындзы1 кæлмæрзæнæй сæрфын байдыдта йæ хуыз- ХОрДЖЫН фЫНДЗ;, — О, о. Афтæ у хæст,—рог сдзырдта немыцаг ус.— Уый иттæг мæстаг хъуыддаг у, фæлæ хъыг кæнын нæ хъæуьг. Уым аххосджын ничи у. Сидзæртæ алы ран дæр бирæ ис. Мæгуырсар, саби. Фæлæ ды мæт ма кæн. Мах дæ сахуыр кæндзыстæм æмæ дæ схъомыл кæндзыстæм. Мах дæ раттдзыстæм сывæллæтты хорз хæдзармæ. Иттæг хорз хæдзармæ. Стæй та, чи зоны, скъоламæ дæр. Ды уым сахуыр уыдзынæ исты хорз дæсниадыл. Фæнды дæ афтæ? Цы зæгъыс? • — Фрау Мюллер,—мæстыйæ сдзырдта афицер немыца- гау хъуырхъуыргæнаг хъæлæсæй æмæ æнæрхъæцæй йæ ных йе’нгуылдзтæй хойгæйæ,—æгъгъæд у дзæгьæлы дзæн- 108
1æдайæн. Кæй цæмæн хъæуы уый? Мæн фæнды базонын, ацы пъаммармæ компæс кæцæй февзæрд æмæ йæ чи рар- выста нæ фидаргонд районы схемæ сисынмæ. — Ныртæккæ, господик майор. Фæлæ сымах нæ зонут уырыссаг сывæллоны зæрдæ, æз та йæ хорз зонын. Мæ бар æй уадз. Фыццаг уал æз ныххиздзынæн йæ зæрдæмæ, мæ- хиуыл æй баууæндын кæндзынæн, стæй мын уæд радзур- дзæн алцыдæр. Баууæнд мыл, афтæ уыдзæн. Æз дæс азы цардтæн ацы адæмы’хсæн. — Хорз. Æрмæст тауырæгътæ ма кæнут. Схъыг дæн уыдонæй. Тагъддæр ныххйзут йæ зæрдæмæ æмæ уæд уыцы æнаккаг зæгъæд, компæс ын чи радта æмæ йæ не’фсæддон объекты схемæтæ исын чи сахуыр кодта. Фæ- тагъддæр кæнут! — Уæдæ, лæппу, афтæ,—загъта немыцаг ус уырысса- гау, йæ цæсгомыл тыххудæндзаст æфтаугæ æмæ та йæ сыгъзæрин дæндаг æвдисгæйæ,—дæхæдæг уыныс, æз дæ куыд уарзын æмæ дæ хорздзинадмæ кæй бæллын, уый. Мæ ныййарджытæ — мæ нана æмæ мæ баба бирæ фæцардысты Уæрæсейы æмæ æз мæхæдæг дæр дæс азæй фылдæр фæцардтæн ам. Уыныс, уырыссагау, куыд дзурын? Дæхицæй дæр бирæ хуыздæр. Æз бынтон,—бын- тон уырыссаг сылгоймаг дæн. Ды мыл хъуамæ алцæмæй дæр æууæндай. Дæхи фыды хо цыма дæн, афтæ мæм дæ зæр- дæ раргом кæн. Ма тæрс. Хон мæ дæ фыды хо. Уый мæ- нæн æрмæст æхсызгон уыдзæн, æндæр ницы. Æмæ уæ- дæ афтæ, лæппу, зæгъ нын, кæцæй дæм бафтыд ацы ком- пæс? — Ссардтон æй. — Ай-ай-ай! Хорз нæу, уарзгæ дæ чи кæны, уыцы адæй- маджы сайын. Ды хъуамæ бамбарай, гæдыдзинад адæйма- джы кад дæлæмæ кæй кæны, уый. Гъе, æмæ уæдæ, афтæ, ноджыдæр ма ахъуыды кæн æмæ зæгъ, кæцæй дæм фев- зæрд компæс. —| Ссардтон æй,—ныццæхкæр, афтæмæй та дзуапп рад- та Ваня. — Дæ дзуаппмæ гæсгæ афтæ ахъуыды кæнæн ис, цыма ам зæххыл компæстæ зокъотау зайынц. 109
— Кæмæйдæр ахауд æмæ йæ æз ссардтон. — Уæд кæмæй ахауд? — Цавæрдæр салдатæй. — Ам ис æрмæст немыцаг салдæттæ. Немыцаг салдæт- тæм та ис, немыцаг кшпæстæ. Ацы компæс та уырыссаг арæзт у. Уымæн та ма цы зæгьдзынæ, лæппу. Ваня ницы дзырдта æмæ фæсмон кодта, кæй фæрæдыд, УУЫЛ. — Гъы, куыд рауад уый та? — Нæ зокын. Ды нæ, зоцыс?" Хорз. Æз дæ'мба!рын. Дæу нæ фæнды, компæс дæм чи радта, уыдоны раргом кæнын. Ды дæхиуыл хæцын фæразыс. Уый дын намыс у. Фæлæ дæм компæс чи радта, уыдон æвзæр адæм сты. Уыдон тынг æвзæр адæм сты. Уыдон фыдгæнджытæ сты. Æмæ зоныс ды, фыдгæн- джытæн цы фæкæнынц, уый? Æмæ уæд дæу кæцæй хъуа- мæ бафæнда æвзæргæнæг уæвын! Раст нæ зæгъын, и? Зæгъ нын, чи дæм радта компæс? — Ничи. — Æмæ уæдæ куыд? — Ссардтон æй. — Хорз. Æз дыл æууæндын. Фод афтæ дæр—цыма ды дзурыс æрмæстдæр æцæг цы уыд, уый. Фæлæ ма уæд зæгъ: чи дæ сахуыр кодта, ахæм рæсугъд нывтæ кæнын? — Цæй нывтæ? Æз не’мбарын, цæмæй мæ фæрсут, уый,—къуымых дзаупп радта Ваня, йæ дысæй йæ фындз амæрзгæйæ. — Рацу ма ардæм. Æввахсдæр. Ма тæрс. Нæмгæ дæ мийаг куы нæ кæнын. Ацы чиныджы хицау чи у? — Чи у хицау,—загъта Ваня æмæ та стъизыдта:—цæ- мæй мæ фæрсут уый не’мбарын! — Ай кæй .чиныг у?—йæхи нал уромгæйæ, загъта не- мыцаг ус. — Абеты чиныг? — О, Абеты чиныг. Кæй у? — Мæи. — Æмæ дзы нывтæ та чи кодта? — Цавæр нывтæ? 110
— Æ, лæппу, æфсæнттæ ма кæн! Чи скодта ацы схемæ? — Кæцы схемæ?—ногæй та тъизæг скодта Ваня йæ- хи.—Æз уын уæ никæцы схемæйæн ницы зонын. Мæ бæх фесæфт. Æхсæв æмæ бон удхарæй фæмардтæн. Ауадзут мæ, хорз ус! Цы уын ракодтон? — Ардæм рацу, дын зæгъын!—Фæхъæр кодта немыцаг ус æмæ цæсткæсæнты мидæг йæ цæстытæ халоны цæсты- тау ферттывтой. Уый фæхæцыд лæппуйæн йæ уæхскыл йæ аркъауы хуызæн хъæбæр æнгуылдзтæй, асхуыста йæ стъолы ’рдæм, йæ цæсгом ын нылвæста абеты чиныгмæ. — Мæнæ уый. Чи скодта ацы ныв? Цы дзуапп раттæн уыд Ваняйæн? Цæмæй йæ зылып кодтой, уыдон æгæр æргом дæр ма уыдысты. Æнæдзур- гæйæ, фæлурсцæсгомæй касти Ваня абеты чиныджы лæрд- джын цъармæ. Уым нывты æмæ фыстыты уæлæ уыдис нывгонд химикон кърандасæй цæугæ-доны, ног хиды æмæ доны ахизæнты схемæ. Нывгонд уыд æнарæхст конд, фæлæ уæддæр раст арæзт. Уæлдай разыдæр уыдис Ваня доныл ахизæнты нывгон- дæй. Уый сæ йæхæдæг сбæрæг кодта æмæ сæ стæй нын- ныв кодта хæрз биноныг, разведчиктæ куыд кодтой, афтæ. Доныл ахизæнты нывтæй алкæй ныхмæ дæр æвæрд уыд цæхкæрмæ æвæрд ставд хахх; уæле хъавгæ фыстæй æвæрд уыд цифрæ 1, доны арф чи амыдта, ахæм—иу метр, хаххы бын та дамгъæ, доны бын цы хуызæн у, уый чи амыдта, ахæм—хъæбæр. Ваня бамбæрста хи сраст кæнынæн амал кæй ницыуал ис æмæ кæй сæфы, уый. — Ай чи нынныв кодта?—ногæй та бафарста немыцаг ус, фæндыры згъæр тæн тыхивæзтæй куыд фæхъæр кæны, ахæм хъæлæсæй. / — Нæ зонын,—загъта Ваня. — Ды нæ зоныс?—загъта немыцаг ус æмæ йæ цæсгом истугмæ бурбын тæппытæй айдзаг, стæй æгасæй дæр ту- джы азылд æрыскъæфы сапонау. Æмæ уæд æвиппайды йе ’фсæн æнгуылдзтæй уыцы иу лæбурд фæкодта лæппуйы 111
Хъустæм æмæ йын йæ тых-тыхæджы йæ цæсгом хæрдмæ фæзылдта. — Байгом кæн дæ дзых! Æз дын афтæ зæгъык, Ныр- тæккæ байгом кæн дæ дзых æмæ равдис де’взаг. Ваня бамбæрста æмæ ныммыр кодта йæ дзых. Уæд æй немыцаг ус нылхъывта йæ тыхджын æмæ нуарджын уæр- джытæй, йæ амонæн æнгуылдзтæ йын йæ дзыхы фæцавта æмæ цыма къæпсыртæ уыдысты, афтæ лæппуйы * дзых скъуынын райдыдта. Ваня фæрыст, фæхъæр кодта æмæ афтæ иу цæсты фæныкъуылдмæ равдыста йе’взаг. Немыцаг ус æм бакаст æмæ загъта хъæлдзæгæй: — Ныр æппæт дæр зонæм мах! Ваняйæн йе’взаг иууылдæр ахуырст уыдис химикон кърандасæй, уымæн, æмæ схемæ ныв кæнгæйæ химикон кърандас йæ дзыхы хуылыдз кодта йæ сæтæй. — Уæдæ афтæ, лæппу,—загъта немыцаг ус, йæ цъын- дабыд юбкæйыл йе ставд сырх: æнгуылдзтæ былысчъил сæрфтытæ кæнгæйæ,—мах дæ фæрсдзыстæм, ды та нын дзуапп дæтт. Афтæ нæ?,Чи дæ сахуыр кодта топографон схемæтæ аразын, кæм сты уыцы адæм, æмæ сын ссарæн куыд ис?..—Бамбæрстай мæ? Æртæ фæлтæрд æмдзуйы дын раттдзыстæм нæ салдæттæй æмæ сын ды бацамондзы- нæ фæндаг. — Æз нæ зонын, цæмæй мæ фæрсут, уый,—загъта Ваня. Лæппу лæууыд стъолы тæккæ фарсмæ. Цас ын æнтыст, афтæ хордта йæ былтæ. Иæ сæр æгоммæгæс фыддæрагæн къул æркодта дæлæмæ. Цæсты хаутæй хаудтой ставд къуы- бар сыгтæ æмæ калдысты чиныгмæ, схемæ нывгонд кæм уыдис, уырдæм, чиныджы фарсы фæрæты ныв хъæды сагьдæй æмæ тæссармæ хæххыты хызы мидæг рæсугъд къух-фыстæй афтæ фыст кæм уыд: «Цагъартæ не стæм мах. Мах цагъартæ не стæм»—уыдонæй дыууæйы æх- сæнмæ. — Дзур,—сабырæй загъта немыцаг ус æмæ йæ фын- дзæй йæ фут-фут ссыди. — Нæ зæгъдзынæн,—ноджы сабырдæрæй загъта Ваня. Тæккæ уыцы рæстæджы Ваня федта: афицеры къух,— 112
— Байгсм кæп лæ дзь,\! Æз дын гфтæ зтгъып. 8 Пслчы хъæб^л 113
йæ иу æнгуылдзыл аргъаугæйæ кæй бакæнынц, ахæм на- рæг къухдарæн, — сындæггай фæхицæы ис цæсгомæй, дæ- лæмæ æруагъта йæхи æмæ уæд разынд цæсгом иууылдæр. йæ уынд уыдис рынчын^ лæджы хуызæн, бур тæппытæ алы ран дæр, йæ фындз — къаннæг сырх æмæ цыргъ фындз,* йæ роцъо хæрз чысыд, зæронд усы роцъойы хуызæн. Афицерæн йæ цæстытæ цы хуызæн уыдысты, уый ауынын Ваня нал бафæрæзта, уымæн, æмæ уыдон æвиппай- ды ферттывтой, уыцы иу зынд фæкодтой, стæй уæд лæппу- йы æхсæрфарсыл ахæм стыр цæф сæмбæлд, æмæ къулыл йæ тъæпп фæцыд. Ваня йæ сæр бахаста хъæдмæ, фæлæ йæ зæхмæ ахауыы нæ бауагътой. Уайтагъддæр æй уыцы иу зыгъуыттæй фæстæмæ стъолмæ раппæрстой æмæ та йыл сæмбæлд дыккаг цæф, фыццаг куыд фыдцæф уыд, ахæм. Æмæ та йæ ахауын дæр нæ бауагътой. Уый лæууыдис дзойдзой гæнгæ стъолы фарсмæ æмæ йæ фындзы хуынчъытæй кал- дис туг абеты чиныгыл, æмæ афтæ фыст кæм уыдис: «Цагъартæ не стæм мах. Мах не стæм цагъартæ»—уый куыд фæстæмæ нал зындис тугæй. Лæппуйы цæстытæ атартæ сты æмæ цыма сæ разы тахтис сæнт урс æмæ сæнт сау цыдæр нысæнттæ, къæйт- тæй цыма иумæ баныхæстысты, афтæ. Иæ хъустæ гуыр- гуыр кодтой, цыма афтид аджы хуылфы бадтис æмæ уыцы аджы æтте стыр дзæбугæй хостæуы, уый хуызæн. Æмæ уæд Ваняйы хъустыл ауад ахæм хъæлæс, æмæ йæм фæкаст цыма уый уыд диссаджьг сабыр æмæ цыд диссаджы дардæй: — Зæгъдзыыæ ньф?. — Хорз ус, ма мæ нæмут!—фæхъæр кодта лæппу æмæ фыр тæссæй йæ къухтæй йæ сæрыл фæхæцыд. — Зæгъдзынæ ныр?—рæвдауынхуыз хъæлæсæй та загъта уыцы дард хъæлæс. — Нæ зæгъдзынæн,—йæ былтæ гæзæмæ базмæлын кæнгæйæ хæрз сабырæй загъта лæппу. Ногæй та йыл ахæм цæф сæмбæлд, æмæ къулыл йæ тъæпп фæцыд, æмæ уымæй фæстæмæ лæппу ницыуалбам- 114
бæрста. Уый нал æмбæрста, дыууæ салдаты йæ блиндажæй куыд аластой æмæ йæ фæстæ кемыцаг ус куыд хъæр кодта: — Багъæц, мæ карк! Æртæ боны дын дон æмæ хæри- наг куы нæ раттæм, уæд сдзурдзынæ. * 16 • Ваня райхъал и, бынтон талынджы мидæг зæхх чи ризын кодта, ахæм егъау гуыппытæй. Уыцы рызтæй иу Ваня фæ- хаудта уæлæмæ, иу къулæй хаудта иннæмæ, хъеллау код- та. Уæле хус сыфсыф кæнгæ згъæлд змис. Куы калдис лыстæг уадзæнтæй, куы та иу бирæгæйттæй æркодта уыцы иу зæй. Ваня хатыд йæ уæлæ змисы уæз. Чысыл ма бахъæуа,. бынтондæр фæуа змисы бын. Цы йæ бон уыд, уымæй архайдта змисы бынæй сыстыныл. йæ ных ныттындтытæ кодта. Уый нæ зыдта, уадзыгæй цас рæс- тæг фæцис, уый. Æвæццæгæн дзæвгар рæстæг, уымæн, æмæ афтæ сæххормаг, æмæ йæ зæрдæ хæццæ кæнът райдыдта. Уазал уымæл йæ буары афтæ ахъардта,, æмæ æгасæй дæр ныууазал. Йæ дæндæгтæ кæрæдзи хостой. йе ’нгуылдзъæ нал æмбæрстой, æмæ дзæбæх нал тасыдьтсты. Йæ сæр ма рис- гæ кодта, фæлæ йæ^зонд æмæ йæ хъуыды раст, бæлвырд уыдысты. Ваня æмбæрста, ныртæккæ кæй ис, фæрсыны агъоммæ йæ кæм бакодтой, уыцы блиндажы æмæ уæле бомбæ- тæ æппарын кæй райдыдтой, уый. Тыххæй-фыдæй, ризгæ къултыл йæхи къуырдтытæ гæнгæ, абырд дуар агурынмæ. Агуырдта йæ иу дзæвгар, стæй йæ уæд ссардта. Фæлæ дуар æтте æхкæд разынд æмæ гом кæнын нæ куымдта. Æвиппайды хæрз æввахс уæле ахæм егъау гуыпп фæцыд, æмæ лæппу иу цъусдуг хъусгæ дæр ницыуал кодта. Царæй цалдæр хъæды æрхауд, чысыл ма бахъæуа, йæ сæр дæр ын ныппырх кæной. Фæйнæгæй арæзт дуар фесхъиудта йе’вдузæнтæй æмæ лыстæг згъæлæнтæ бацис, Цары хъæдтæ фæйнæрдæм 115
кæм фесхъиудтой, уыдон æхсæнæй цæстытыл сæмбæлд боны ирд рухс. Æрбайхъуыст бирæ пулеметты æмхæццæ къæркъæр хæрз æввахсæй, цыма æз фæраздæроныл ар- хайдтой, афтæ. Ваня цы блиндажы бадт, уый чи ныппырх кодта, уыцы бомбæ фæстаг уыдис. Уый фæстæ дуне фæсабыр ис æмæ алырдыгæй дæр хæрз бæстон хъуыст, тохы машинæ’йæ тæккæ уайгæмæ кæй бахæццæ, уый. Уымæн йæ æнæхатыр мехадакон хъæры мидæг лæппуйы хъус ацахста адæйма- джы æмхуызон, рæвдаугæ хъæлæс, цыма кæмдæр заргæ кæнынц: «а-а-а-а!» Æмæ Ваняйы сæры ногæй æрбалæууыд, иу хатт раз- ведчиктæй цы ныхас фехъуыста, уый: «Фæцæуы та бы- дырты паддзах атакæйы». Сыджытæй конд асины хæлд къæхтыл рабырыд лæппу блиндажæй æмæ зæххыл æрхуыссыд. Уый федта хъæд, æрæджы йæ немыц кæдæм æрластой, уыцы хъæд. Уæд ацы хъæд уыди хæрзæгъдау, æнцой, сабыр. Алы ран дæр, парк цыма уыд, афтæ нарæг фæндæгтæ, сæ уæлæ доны змис зæрст, афтæмæй; къанæутты сæрты—къаннæг рæсугъд хидтæ, бæрз уистæй та сын æнцойгæнæн хæцæн- тæ арæзт; штабон блиндажты сæрмæ ауыгъд уыдысты уындфæливæн хызтæ, кæрдæгхуыз квадраттæ æмæ сыл гуыркъотæ хуыд, афтæмæй; дæргъытæ ахуырст зокъоты бын лæууыдысты хъарм арæзт салдæттæ; алырдæм ныд- дæргъ сты телефонты сау æмæ сырх телтæ; чызджытæ ра- уай-бауай кодтой хæринаг хæссæн дзауматимæ; кæмдæр хъæды арфы рызти цæугæ электрон станцæ, сæрмагонд, арфкъахт уæрмыты мидæг æмбæхст уыдысты штабы авто- бустæ æмæ рог «оппел-адмиралтæ», сæ уæлæ бæласы къалиутæ æмбæрзт, афтæмæй. Ныртæккæ та ацы немыцаг, алцæмæй ивтонг, штабон хъæд афтæ пырхгонд æрцыд, æмæ йын базонæн дæр нал уыд. Бур фæздæгкалгæ стыр дзыхъыты алыфарс зæххы лæууыдысты бомбæтæ æд уидæгтæй кæй стыдтой, уыцы нæзы бæлæстæ, автомобильты алыхуызон цъæлтæ, немы- 116
цæгты мæрдтæ, сыгъд æмæ ма йæ фæздæг кæмæн калдис, ахæм цинелты мидæг. Бæрзонд, бæласы къалиутыл дзедз- рой кодтой уындфæливæн хызы гæппæлтæ. Уæлдæф йæ тæккæ дзаг уыдис, адæймаджы æнуд чи кодта, ахæм топпыхосы фæздæгæй. Цъæхснаг уисы цыбыр æхситт-уынæрау, æхситтгæнгæ тахтысты нæмгуытæ æмæ иу кæм бæласы цъар ратыдтой, кæм та иу къалиутæ рацахтой. Ваня уайтагъддæр бамбæрста: немыц хъæдæй алыгъ- дысты, фæлæ йæм махонтæ нæма бацыдысты. Уый уыдис цыбыр, фæлæ адæймаг тагъд кæмæй фæлмæцы, ахæм паузæ. Ахæм рæстæджы батарейтæ тагъд-тагъд ивынц сæ позицитæ, минометæй æхсджытæ се’ккой скæнынц сæ ми- нометтæ, телефонисттæ згъорынц, сæ телы тыхтæттæ згъоргæ-згъорын халгæйæ, бастдзинады афицертæ бæх- бадтæй тæхынц тигъджын броневиктыл. минертæ сæ ра- зæйз хæссынц даргъ скарæнтæ æмæ адæм æд топпытæ згъорынц, зæххыл æнæ æрхуысгæйæ, фондз минуты агъоммæ знаг кæм уыдис, уым. Ваняйæн йæ зæрдæ тынг гуыпп-гуыпп кодта, зæххыл æрдæлгом æмæ афтæмæй æнхъæлмæ каст, уæдæ нæхион- тæ кæд æрбазындзысты, уымæ. Æмæ уалынмæ фæзындысты. Фыдцаг фæзынд иу стыр салдат чъизи, скъуыдтæ фæй- лаугæ пæлæз-палаткæйы мидæг. Уый æрбазгъордта бæ- лæсты ’хсæн, йæ зонгуытыл æрхауд, тагъд аивта автоматы диск, стæй æрхуыссыд æмæ ныхъавыд. Ванямæ афтæ фæкаст, цыма уый хъавы бирæ, бирæ рæстæг. Æцæгæй та уый хъавыд æдæппæт цалдæр секун- ды. Йæ цæсгом цырддзаст æмæ æнæхатыр каст кодта йæ фæстæмæ аппæрст капюшоны бынæй хъæды арфмæ. Уый æрхъавыд. Стæй уæд æрбахæцыд къæпгæнæныл. Автомат йæ тымбыл сау чъириимæ ныррызтис цыбыр радæхстæй. Æмæ тæккæ уыцы рæстæджы Ваня базыдта сзлдаты. Уый уыдис Горбунов. Фæлæ куыд диссаджы æндæрхуы- зон фæцис. Уый ныр дæр уыд ахæм бæгъатыр, мылтыхъ арæзт, бæзæрхыг, фæлæ цы фæцис йæ цæсгомы хæлар- зæрдæ хион худæндзаст? Ныр йæ цæсгом æд урс цæсты 8- 117
хаутæ мæты бацыд, тохы мидæг, смæсты, ссау ис алайæ æмæ касти тæссаг мæстджын хуызæй. Ницы уыд ацы Горбуновмæ, Ваня кæуыл сахуыр, уыцы Горбуиовы сыгъдæг даст, урс, сырх уадул, хæл&рзæрдæ хуызæй. Фæлæ кæд уыцы Горбунов хорз уыдис, уæд ай та иттæг хорз уыд. — Горбунов! — фæхъæр кодта Ваня цъæхснаг хъæ- лæсæч, хæсты хъæрæй йæ хъæр куыд фехъуыса, уымæ тырнгæйæ. Æмæ уыцы минут фемдзаст сты. Горбуновы цæсгомыл ферттывта райгæ худæндзаст—йæ фыццагон парахат, артелон худæндзаст æмæ дзыхæй ра- зындысты йæ фидар дæндæгтæ. —■ Мæ чысыл фийау, Ваня!—ныхъæр кодта Горбунов йæ дзыхы дзаг йæ баегъатыр, фæлæ сылгоймаджы хъæлæ- сау цъæхснаг хъæлæсæй. — Уæу, дæ мард фесæфа! Кæс- ма—удæгас у! Æз та афтæ ’нхъæлдтон, бынтондæр бабын дæ. Уæ, мæ зæрдæдарæн, гъы цы зæгъдзынæ, — дзырдта уый æмæ уыцы иу гæппæй Ваняйы цур амидæг ис.—Гъы, мæ хæлар, фыдфынтæ нын фенын кодтай, и? Уый фидар хъæбыс ныккодта лæппуйы, йæхимæ йæ æр- балхъывта, стæй йын йæ тæвд къухтæй фæхæцыд йæ дыууæ уадулыл æмæ йын йæ былтæн дыууæ хатты ныбба кодта йæ салдатаг дæрзæг былтæй. Æнæнхъæлгæ амонд сæмбæлд Ваяяйыл, хæсты мидæг чи схид, уыцы стыр адæймаджы тæвд æм куы бахæц- цæ, уæд. Ныртæкæ цытæ цæуы, уыдон иууылдæр Ванямæ кас- тысты фыны хуызæн диссаг. Уый фæндыдис ноджы æнгом- дæр куы стымбыл кодтаид йæхи Горбуновы хъæбысы, куы æрныгъуылдаид йæ пæлæз-палаткæйы æмæ афтæмæй цас- фæнды дæр куы бадтаид, суанг фондз сахаты бæрц. Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, йæхæдæг дæр салдат кæй у, æмæ салдатæн ахæм æдылыдзинæдтæ кæй не’мбæлы, уый. — Горбунов, — загъта уый тагъд-тагъд дзургæйæ,— ам хъæды ис штабы блиндаж, мæн кæм фарстой, уый. Уый 118
махонæй, карбид-лампæ кæм уыд, уымæй бирæ йуыздæр у. Иу дыууæ хатты стырдæр у. — Цытæ’ дзурыс, ау! — Батарейы номы стæн. — Хъармæй та куыд у? — мæт кæнгæйæ афарста Гор- бунов. — О-гъо! Хъармдæр нæ хъæуы. Æмæ ма сын уым ра- дио дæр уыд. Æппынæдзух дæр радио зарыдис. — Радио? Уый мах тынг хъæуы, — æрбатыхст Горбу- нов, иугæр та йæ хæдзардзин лæджы архайд куы барог кодта, уæд.—Цом-ма, кæм ис уьщы блиндаж, бацамон мын æй! —■ Уæртæ уым, æввахс. — Цом уæдæ йæ æрцахсæм. Кæннод æй иннæтæ сæхи бакæндзысты. Мæнæн мæ зæрды рагæй уыд коман- дæйæн ахæм блиндаж ссарыи. Цæмæй дзы радио дæр уа, Нæ батаре раст хъуамæ ууылты рацæуа. Бахæццæ сты блиндажмæ. — Ай у? — Ай,—загъта Ваня æмæ йæ цæстытæ фæцъынд код- та, цыма блиндажыл æлгъ кодта, уыйау. Горбунов йæ хæлафы дзыппæй систа æвзалыйы къæртт, уыцы хъуыддагæн æвæрд кæй дардта, ахаэм æмæ уайтагъд дуарыл афыста: «Фыццаг æнæбасæттгæ Н-ы артполчы ба- тарейы взводы управленийы разведчикты командæйæн ахст у. Ефрейтор Горбунов». Уæдмæ хъæды астæуты тахтысты, бæлæсты ’хсæнты зылдтытæ гæнгæ уæзласæн машинæтæ, сæ фæдыл баст æхсæрдæс æмæ æртиссæдз миллиметры уæрхæн сарма- дзантæ. Уый та уыд уый, æмæ капитан Енакиевы батаре ивта йæ æхсыны позици. * 17 * — Гъы, чысыл фийау, фæцис дæ хъуыддаг. Фæхаттæ æмæ дын æгъгъæд у. Ныртæккæ мах дæуæй æцæг салдат ацараздзыстæм. Ахæм ныхæстæ кæнгæйæ ефрейтор Биденко хуыссæн- 119
мæ баппæрста дзаумæтты тыхтон. Райхæлдта ног гæрзрон, дзауматæ баст кæмæй уыдысты, уый. Дзауматæ райхæлды- сты æмæ Ваня федта ног æттаг хæлаф, ног æттаг хæдон æд пъагонтæ, хом хъуымацæй мидæггаг дзаума, къахту- хæнтæ, дзаума æвæрæн рифтаг, противогаз, къаннæг цинел, зымæгон æртыхъусыг худ сырх стъалыимæ, æмæ сеппæты хуыздæр та—цырыхъытæ. Иттæг рæсугъд къаннæг, цæр- мын цырыхъытæ, сæ бынтæ дæр цæрмын пъадос сæ хъæ- дын зæгæлты сæртæ урс тæппытæй зындысты, ардуанæй дзæбæх лæгъзгондæй. Ваня бирæ фенхъæлмæ кастис ацы минутмæ. Æппынæ- дзух дæр уымæ бæллыд. Æмæ æцхъæл дæр уыд. Фæлæ ныр уыцы минут куы ’рхæццæ, уæд лæппуйы уырнгæ дæр нæ кодта. Фыр цинæй цыма йæ хъуыры цыдæр фæбадт, афтæ истугмæ дзурын дæр нал сфæрæзта. Цыма æппындæр бауырнинаг нæ уыдис, атæппæт иттæг хорз, фидар хуыд, ног дзауматæ—уытæппæт хъæздыг- дзинад—ныр уымæн йæхи сты, уый. Ваня, кастис дзаумамæ^ фæлæ сæм йæ къухæй бавнала, уый нæ уæндыд. Уæлдай тынгдæр æй фæндыд бавналын, пъагонтыл латунæй конд цы къаннæг сармадзанты нывтæ конд уыдис, уыдонмæ. Æнгуылдз цыма уыдонмæ йæхи тыдта, фæлæ та иу æй фæстæмæ раскъæфта, цыма сар- мадзаны нывтæ сырх зынг уыдысты, уыйау. Ваня йæ цæстытæ фыр цинæй тъыбартъыбур кæнгæ- йæ, иу каст дзаумамæ кодта, иннæ та Биденкомæ. —’ Уыдон иууылдæр мæнæн сты? — æппын фæстаг загьта уый æфсæрмдзæстæй. — Æнæмæнг. — Нæ^, зæгъ-ма, æцæг, Биденко. — Æцæг зæгъын. — Батарейы ардыстæн? — Батарейы ардыстæн. — Разведчикты ардыстæн дæр? — Кæй зæгъын æй хъæуы, — загъта Биденко æмæ йæхи фæмæсты кодта, цæмæй ма схуда, уый тыххæй.— Æз ма дæ бæсты ведомосты дæр мæ къух æрфыстон. — Уæу, мæнæ цас дзаумæттæ ис! 120
— Дзаумайæ цы вæййы, уый, — карзæй загъта Биден- ко. — Цас æмбæлы, уыйас. Нæ дæр фылдæр, нæ дæр къаддæр. Æрмæст ныр куы фехъуыста Ваня, раздæр ма йæ хъу- стыл цы ныхæстæ æрцыд, уыдон: «ведомость», «дзаумайæ цы вæййы, уый», уæлдайдæр та «цы ’мбæлы», уæд бам- бæрста, уыдæттæ фын кæй не сты, уый. Дзаумæттæ æцæг- дæр уый уыдысты. Уый куы базыдта Ваня, уæд сындæггай, хæдзардзин лæджы хуызæн, дзауматы æвзарын байдыдта, алцæмæ дæр дзы рухсмæ бæстон кæстытæ кæнгæйæ. ’ Æппын фæстагмæ, сеппæты дæр куы федта æмæ сæ уындæй куы бафсæст, уæд загъта: — Ныртæккæ дзаумайæн скæнæн ис? Фæлæ Бидёнко йæ сæр банкъуыста æмæ бахудтис. — Кæсыс æм, куыд арæгъæд ис! Скæнæн! Хорз æм фæкаст! Нæ, мæ хæлар, æз æмæ уал ды хъуамæ абанамæ ацæуæм, стæй дын дæ дадалитæ рацæгъдæм, уый фæстæ та дæ хæстон лæг хъуамæ скæнæм. Ван’я уæззау улæфт ныккодта, фæлæ ницы сдзырдта. Кæд æй цыфæнды тынг фæндыд, дзаума йæ уæлæ тагъд- дæр скæнын æмæ кæдæй-уæдæй æцæг салдат суæвын, уæддæр нæ бауæндыд хисдæры ныхмæ исты зæгъын. Кæд æххæст нæма ’мбæрста, уæддæр хатыд æфсæддон дисци- плинæ цы у, уый. Сахуьф ис ныры онг æнæуæлдай ныхасæй коммæ кæсын. Уый иу хатт,. йæхæдæг цы афæлвæрдта, уымæй базыдта, хивæнд хъуыддаг бакæнын цы у æмæ лæджы цæмæ æртæрдзæн, уый. Ньгры онг дæр ма йæ цæс- гом нæ хъæцы Биденко æмæ Горбуновмæ бакæсын, æнæ бафæрсгæйæ топографийыл куы архайдта, уæд уымæй уы- донæн цы зындзинад бавзарын кодта, уый тыххæй. Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы дæргъы Горбунов баззад немыцаг «штабы хъæды» мидæг Ваняйы агургæйæ, алы минут дæр ын æрцахсынæй тас уыдис, афтæмæй. Лæппу зыдта уый. Фæлæ уæддæр бирæ цыдæртæ нæ зыдта. Нæ зыдта уый, æмæ Горбунов фидарæй сфæнд код- та æнæ Ваня фæстæмæ кæй ыæ аздæхдзæн, уый. Горбунов ракодта Ваняйы разведкæмæ, бар нæ ракуырдта, афтæмæй 121
æмæ йæхи сæрæй дзуапп лæвæрдта уый тыххæй батарейы командирæн. Ваня ма уый дæр нæ зыдта, æмæ Биденко фæстæмæ куы баздæхт æмæ командæйæн куы фехъусын кодта, цы ’рцыдис, уый> уæд капитан Енакиев афтæ смæсты, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Уый бартхъирæн кодта управ- ленийы взводы командир Седыхы тæрхондонмæ раттынмæ æмæ дзырд радта, цæмæй лæппуйы агурынмæ æвæстиа- тæй арвыстаиккой фондз разведчикы. Сæ амондæн тæккæ уыцы бон æппæт æфсад дæр размæ абырстой æмæ дзы уыдæтты сæр ницæмæнуал бахъуыд. Ацы хатт немыцы фронт атыдтой махонтæ сæдæ кило- метрæй дæр ноджы фылдæры уæрхæн. Фыццаг бон не ’фсад размæ ацыдысты æртын километрæй фылдæр, немы- цæн æрлæууыны æмæ сæхи æрбæстон кæныны фадат нæ лæвæрдтой, афтæмæй. Уымæ гæсгæ уыцы æнтыстджыи боны фæудмæ «шта- бы хъæд»—афтæ йæ хуыдтой картæты æмæ хабар хæс- сыкы хъуыддæгты,—аззади махонтæн сæ чъылдымæр- дыгæй арф æмæ ке’фсад та æнæрлæугæйæ цыдысты раз- мæ, сæ бырст тынгæй-тынгдæр кæнгæйæ, æмæ афтæмæй Горбунов йæ командæйæн цы блиндаж æрцахста, уый нал бахъуыдис. Фæлæ уæддæр Ваня амидæг ис уыцы æлгъыст блинда- жы. Немыц афтæ æвиппайды лидзæг фесты, æмæ блин- дажы цыдæриддæр уыд, уыдон уым баззадысты. Суанг ма сау худ дæр ауыгъдæй лæууыд фæйнæг къулыл. Вг’Ня райста къулæй йæ хызын, компæс æмæ’ ’абеты чи- ныг. Чиныг уыд гом, къухфыстæй дзы афтæ фыст кæм уыд: «Цагъартæ не стæм мах. Мæх не стæм цагъартæ», туг ыл ныхъæбæр, афтæмæй. Размæбырст тынгæй-тынгдæр кодта. Фæсчъылдым чи лæууыд, уыдон фæсте баззадысты. Уый фæдыл дзæвгар рæстæг рацыд, цалынмæ Ваняйы дзаума райстой, уæдмæ. Стæй дзаумайы ногæй бахуыйын хъуыд, лæппуйæн йæхи аккаг куыд суыдаиккой, афтæ. Фæлæ разведчиктæн цы сæ бон уыд, уымæй бацархайдтой, цæмæй цæугæ-цæуын сса- рой хорз хуыйæг, дзабыргæнæг, уæлдайдæр та машинкæ кæмæ уа, ахæм хилдасæг. 122
Хæдзардзин Горбунов уыцы хъуыддаг сæххæсты фæ- дыл нæ бацауæрста йæ фæллойыл æмæ хорз суазæг кодта уыцы адæмы. Уазджыты хыгъды фæцис хуыйы фыды консервтæ дæр, немыцæй кæй байстой, ахæм сига- рæтæй сæдæ, иу дзæвгар ктэæртт сæкæр æмæ сыгъдæг авиацион спирт флягæйы дзаг. Хуыйæг, дзабыргæнæг æмæ хилдасæджы ссардтой гвардийы минометчикты дыккаг эшелоыы æмæ сыл узæлы- дысты, цыма сæ уарзон хæстæджытæ уыдысты, уыйау, хæ- ринаг сын æвгъау нæ кодтой, афтæмæй. Фæлæ уый хыгъд Ваняйы дзаумæттæ уайтагъддæр ацæт- тæ сты æмæ разведчиктæн сеппæты зæрдæмæ дæр афтæ фæцыдысты, æмæ хуыздæр нæ хъæуы—къаннæг, бæстон æмæ фидауцджын хуыд. Ваняйæн йæ къаннæг цырыхъытæ уынынмæ суанг сы- хаг блиндажты салдæттæ дæр ма цыдысты. Ныр ма сæ каст уыдис æрмæст абанамæ æмæ хилда- сæгмæ. Абана арæзт уыдис зæхбын мусонджы æмæ цæттæ уыд, хилдасæгмæ ма æд машинæ æнхъæлмæ кастысты. Æмæ уальгамæ хилдасæг дæр фæзынд, Горбунов йæ ра- зæй, афтæмæй. — Цæй ма, мæ хæлæрттæ. Бахатыр кæнут. Уæхи æгæр ма ныппарахат кæнут. Бынат фæуæгъддæр кæнут. Кæннод æмбал хилдасэйгæн дзæбæх фезмæлæн нæ уыдзæнис. Хъуамæ йын раттæм, куыстæн цыдæриддæр фадæттæ хъæуы, уыдон,—дзырдта Горбунов, хилдасæгæн тагъд- тагъд бынат сыгъдæг кæнгæйæ æмæ къаннæг уынгæг мусонджы астæу схъисхауæг гранаттæдон асыкк æвæр- гæйæ.—Рацу ардæм, Ваня. Ма тæрс. Ныртæккæ дæ æмбал хилдасæг æлвынгæ кæндзæн. Дзыхъыног, рæсугъд цардмæ цы- адæймаг бакъах- дзæф кæньг, уый куыд ныфсæрмы уа, афтæ Ваня дæр сæф- сæрмы, æрбадтис асыккыл æмæ йæ къухтæ йæ уæрджы- тыл æнæуæндон æвæрд æркодта. Ацы циндзинады минут адæмы цæстæнгас иууылдæр арæзт уыд Ванямæ;, къаннæг бæгъæввад фийаумæ, сал- дат суынмæ цæттæ чи у, уымæ. 123
Хилдасæг æрыгон лæг нал уыдис. Йæ цæстытæ цыма рисгæ^ кодтой, фæлæ сæ бакаст уыдис хæлар, йæ бур цæсгомыл хъазыд æнкъард худæндзаст. Службæйы хъуыд- даджы сержант уыдис, фæлæ йæ пъагонтæ нæ зындысты, уымæн^ æмæ йыл йæ, бæзджын цинелы æтте конд уы- дис иттæг къуындæг æмæ иттæг цыбыр, цыма сывæл- лонæн хуыд уыдис, ахæм хомæй халат. Халаты фарсы дзыппæй зындис алюмини сæрвасæн. Уый уыдис æфсæддон-базарадон хилдасæг. Йæ мыккаг уыдис Глазс. Фæлæ йæм йæ мыккагæй стæм хатт дзырд- той. Арæхдæр æй хуыдтой «Аст-цыппор». Уыцы ном сержант Глазсыл ныффидар горæт Орелы цур, иу ахæмы æрцæуæггаг фыссæджы куы даста, уæд. Уый сбадын кодта фыссæджы кæрдæгыл къуылдымы фæстæ. Уыцы къуылдым та уæды I рæстæджы хуындис «æфсæнфæндаджы виадукæй цæгат-ныгуылæны ’рдæм æнæном къуыбыр». Дасгæ кæм кодтой, уыцы бынат уыд немыцы раззаг тæлмæй фондз сæдæ километрьи ардæмдæр. Немыц æп- пынæдзух дæр æхстой, æнцой аруадзын чи нæ уадзы, ахæм æхстæй æнæном къуыбыр. Фæлæ сержант Глазс уарзта рог сыгъдæг уæлдæф æмæ йæм хуыздæр каст фезмæлæн кæм нæй, ахæм къуын- дæг цъассы бæсты уæгъд ран кусын. Уæлдайдæр та уы- мæн, æмæ немыц æнæсцухæй кæй æхстой, уый ницы бæрæг хъыг дардта уырыссæгты æнцойдзинады. Сержант Глазс фыссæджы дасыныл архайдта уæлдай зæрдиагдæрæй, куыд хуыздæр йæ бон уыд, афтæмæй æмæ йын равдисынмæ х^я*ыд, ома хилдасыны хъуыддаг æфсæддон базарады мидæг куыд æмбæлы, афтæ бæрзонд æвæрд у. Уый биноныг даст акодта фыссæджй, дыууæ хатты: иу хатт хъуынæвæрды’рдæм, иннæхатт хъуынæвæрды ныхмæ. Æртыккаг хатт дæр ма йыл рауадзынмæ хъавыд сæрда- сæн, фæлæ фыссæг загъта: — Нæ хъæуы. Стæй уæд Глазс бадзæбæхтæ кодта фыссæгæн йæ сæры хъуынтæ къæбуты’рдыгæй æмæ йæ бафарста цахæм 124
къæмисæнтæ уарзы, тæссар æви севастопойлаг æрдæг дадалитæ? — Куыд дæ фæнды, афтæ,—загъта фыссæг, æнæном къуыбыры цъупппыл мицæтæ куыд хæлдысты, уымæ хъусгæйæ. — Уæдæ дын æз скæндзынæн тæссар къæмисæнтæ. Махмæ, гвардийы минометчиктæ иууылдæр тæссар даст кæнынц сæ къæмисæнтæ. — Цæй скæн сæ уæд та тæссармæ дæр,—загъта фыссæг. — Риссын дæ нæ кæны сæрдасæн?—афарста Глазс, уымæн æмæ йæм фыссæджы дзуапп тызмæгау фæкаст. — Тынл æнæвдæлон дæн,—загъта фыссæг. — Фондз минутæй фылдæр нæ, — загъта Глазс. — Æз дын хъуамæ дæ къæмисæнтæ скæнон, куыд æмбæлы, аф- тæ, цæмæй зонай, æфсæддон базарады хилдасæг куыд кусы^ уый. Чи зоны дын уый дæр бабæзза статьяйы æр- мæгæн. Уыцы рæстæджы, Глазс фыссæгæн йæ дыккаг къæми- сæн куы арæзта, уæд сæм хæрз æввахс минæ фехæлд. — Тæрсгæ ма кæн,—загьта Глазс,—уый куырм лæджы зыгъуытт у. Уый никæмæн ницы кæньь Пудрæ дыл авæрон? ■— Æмæ уæм пудрæ дæр ис?—фæдис кодта фыссæг. — Кæй зæгъын æй хъæуы. Махмæ ис алцыдæр, куль- турон хилдасæны цыдæриддæр вæййы, уымæй. — Ау, одеколон дæр?—ноджы тынгдæр ныддис кодта фыссæг. — Кæй зæгъын æй хъæуы,—загъта Глазс.—Æрдзæ- бæх дæ кæнон? — Æрдзæбæх кæн,—загъта фыссæг. Глазс систа йæ дзыппæй къаннæг авг, æртъыста дзы хæтæл æмæ бафу кодта фыссæгæн йæ цæсгомыл оде- колон. Фыссæгæн йæ цæсгом хисæрфæнæй расæрфынмæ куыд хъавыд, афтæ æрыхъуыста цæмæдæр æмæ ^агъта: — Гъе, гъе ныр дын мæхæдæг зæгъын, иу минут цъас- мæ ныххиз. 'Æмæ куыддæриддæр цъасмæ ныггæпп кодтой, афтæ 125
сæ хæд фарсмæ фехæлд минæ æмæ цæсты фæныкъуылд- мæ кыппырх кодта, Глазс кæрдæгыл цы хилдасæн дзау- мæттæ ныууагъта, уыдон: фынк кæнæн цъæпо, къаннæг къус, ссон, кремы тюбик дасынæн æмæ айдæи. Дымгæ сæгхуыз фæздæг куы фæпырх кодта, уæд фыс- сæг загъта хъазгæ’мхасæнтæй: — Цас æмбæлы? Уæд хилдасæг йæ сырх цæстытæй скастис арвмæ, иу цасдæр рæстæг зæмбæгау кодта йæ былтæй æмæ æппын фæстагмæ загъта: — Аст-цыппор. Фыссæг уый æнхъæл нæ уыд. Уый æнхъæл нæ уыдис, дасыны тыххæй æхца фронты дæр исынц, уый. — Зынаргъгомау. у, — загъта уый æнкард хуызæй. — Афтæ сты æргътæ,—ныуулæфыд хилдасæг, йæ уæхсчытæ фезмæлын кæнгæйæ. — Кæд дæ фæнды, уæд дын æвдисгæ дæр ракæндзынæн, æфсæддон базарады фи- даргонд прейскурант. Фæлæ дæм кæд æхца мийаг нæй, уæд тыхсгæ ма кæн. Æз уал фæлæудзынæн. Фæстæдæр мын бафиддзынæ. Цы уæлдай у! Гъе, ахæм лæг уыд, Ваняйы æлвынынмæ чи’рбацыд, уый. Уы.й райхæлдта хисæрфæн, йæ кусæн дзаума кæм уы- дысты, уый, æмæ сæ биноныг æгъдауыл æвæрд ракодта афтид сынтæгыл, хисæрфæн та Ваняйы хъуырыл бабаста. — Рагæй нæ уыдтæ абанайы?—афарста уый лæппуйы. — Цыппор фыццæгæм азæй фæстæмæ,—загъта Ваня. — Уый бæрц бирæ нæу,—загъта Аст-цыппор. Уым чи уыд уыдон бахудтысты. Бæрæг уыд: Аст- цыппор номдзыд у æмæ йæхи куысты мидæг профессорыл нымад у, стæй ардæм кæй æрбацыд, уымæй стыр кад скодта, хонджытæн. — Сæдæ граммы ныртæккæ нуаздзынæ æви фæс- куыст? — афарста Горбунов æмæ сынтæгыл æрæвæрдта флягæ, кърускæ, дыууæ стыр карсты дзул æмæ хуыйы фы- ды консерв, йæ сæр гом, афтæмæй. — Хæсты агъоммæ-иу махмæ, Бобруйскы, зондджын адæм афтæ кодтой.—Фыццаг уал кусгæ, стæй та уæд нуазгæ,—загъта хилдасæг сабыр æнкъардгомау.—Цæй, 126
цы бакæыын хъæуы ацы лæггагæн?—бафарста, æмæ йæ дыууæ æнгуылдзæй лæппуйы сæры хъуынтæ къæбуты ’рдыгæй сфæйлыдта. — Æлвынын хъæуы сабийы,—сылгоймаджы хъæлæ- сæй загъта Биденко æмæ Ванямæ рæвдаугæ каст бакодта. — Уый бæлвырд у,—загъта Аст-цыппор. Фæлæ хъуьц;- даг уый мидæг ио, æмæ куыд æлвыдæуа? Æлвыд алыхуы- зон вæййы. Вæййы бындзарыг, вæййы сæрвасæнæй, вæййы бокс, вæййы цокораимæ. — Цокораимæ,—загъта Ваня. — Уæддæр цæмæн цокораимæ? — Æз афтæ федтоы иу, лæппуйы, гвардийы бæхджын æфсæддоны. Сæ полчы хъæбул. Ефрейтор Вознесенскийы. Рæсугъд цокора! — Зонын æй. Æз æй скодтон, — загъта хилдасæг. —Нæ, артиллеристæн цокора нæ фидауы,— загъта Би- денко.—Бæхджынæн—бæгуыдæр, батарейон—нæ. Батаре- йоны æлвынын хъæуы бынтон бындзарæй. Сæр корто куыд уа, афтæ. — Нæ, мæ хæлар, æз афтæ не’нхъæлын,—загъта Горбунов.—Бынтон корто æлвыд æмбæлы фистæг æфсæд- донæн. Артиллеристæн—нæ. Хæсты хуыцау кæцæй уы- дзæн, йæ сæр корто куы уа, уæд? Мæкмæ гæсгæ артилле- ристы æлвынын хъæуы боксæй- Уый хуыздæр фидауы. — Бокс авиацийæн вæййы,—загъта мынæг хъæлæсæй чидæр къуымæй. — Авиацийæн? Чи зоны. Æмæ уæдæ йæ сæрвасæнæй хъæуы- — Æмæ уый та æгæр танкист хуыз уыдзæн. — Æцæг у, æвæдза! Æгæр бронетанкон хуызæн æсуы- дзæн нæ Ваня. Уый нæ бæззы. Афтæ йæ алвынын хъæуы, æмæ иу бакастæй дæр бæрæг куыд уа, саби артиллерист кæй у, уый. Афтæ иу дзæвгар рæстæг разведчикты командæ тæр- хæттæ кодта Ваняйы æлвыныны тыххæй. Хилдасæг æр- хъæцгæйæ æнхъæлмæ каст. Æппын фæстагмæ куы рабæрæг, артиллеристон æгъда- уæй куыд æлвынын хъæуы, уымæн кæй ничи ницы бæрæг 127
зоны, уый, уæд Аст-цыппор худæыбылæй загъта, цыма сеппæт дæр ницы’мбарынц, ахæм хуызы: — Æз уæм байхъуыстон. Хорз. Ныр æй алвындзынæн, мæхимæ куыд хуыздæр кæсы, афтæ. Лæппу, дæ сæр æр- гуыбыр кæн. Уыцы ныхæстæ гæнгæйæ йæ халаты фарсы дзыппæй систа алюдоини сæрвасæн. — Æрмæст цокораимæ куыд уа, афтæ,—загъта Ваня. — йæ къæмисæнтæ дæр тæссардæр куыд уой, афтæ, ма дæ ферох уæд,—бафтыдта ма йыл Горбунов. — Тæрсгæ ма кæнут,—загъта хилдасæг, йæ къух бæрзонд систа æмæ дзы хæсгарды хæнцхæнц ссыдис. Хисæрфæнмæ згъæлын байдыдтой Ваняйы сæры хъуын- ты бындзгуытæ. Аст-цыппор стыр дæсны уыд йæ куысты. Уый зыдтой иууылдæр. Фæлæ йыл ныр уæддæр-дисæй амардысты. Уый æлвыдта лæппуйы иуæрдæм, иннæрдæм, алыхузон, алыгъ- дауæй. Фокустæ) кæнаг адæймагау иу йæ къухы февзæрд куы иу, куы та иннæ кусæнгарз цæсты фæныкъуылдмæ. Куы иу ферттывта хæсгард, куы иу схъысхъыс кодта машинкæ, куы та иу уыцы иу æрттывд фæкодта сæрдасæн къæми- сæнтыл. Æмæ хисæрфæныл æлвыд хъуынты тъыфыл куыд фыл- дæрæй-фылдæр кодта, афтæ лæппуйы сæр дæр æн- дæрхуызон кодта. Ваня иу йæхи сбукъ кодта æмæ йæ сæр æлвыд ахуыр кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йыл иу уазал кусæнгарз куы аныдзæвд, уæд та иу хиуылхæцгæ худт бакодта. Бахудтыс- ты иу разведчиктæ дæр сæ чысыл фийау сæ цæстыты раз чысыл салдат куыд фæкæнц, уый уынгæйæ. Йæ цыргъ хъустæ сæры хъуынтæй куы фервæзтысты, уæд æгæр дынджыр зындысты, йæ къубал нарæгдзæф, фæлæ уый хыгъд йæ ных гом, тымбыл,, хивæнд, раст, сал- даты ных, фæлæ ма къаннæг дзæбæх бецыккимæ. Бецыкк уæлдай хуыздæр фæкаст развед’чиктæм. Бæх- джын æфсæддонтæн куыд вæййы, ахæм дынджыр пæлæх- 122
сар фыдхъал кæй фæхонынц, ахæм цокора нæ, фæлæ къаннæг хуымæтæджы артиллеристон бецыкк. — Гъе, мæ хæлар„ фæцис хъуыддаг!— фыр цинæй фæ- хъæр кодта Горбунов. — Нæ чысыл фийауæн систой йæ цъар. Ваняйы афтæ тынг фæндыд йæхимæ айдæнмæ бакæсын, æмæ хъæцын нал фæрæзта, фæлæ хилдасæг æцæг артист æмæ хæрз биноныг чи кусы, ахæм нывгæнæгау ма дзæвгар архайдта, йæ куыст æххæст кæронмæ сдзæбæхдæр кæ- ныныл. Æппын фæстаг уый асæрфта Ваняйы сæр къаннæг цъы- лынæй æмæ бафу кодта Ваняйыл одеколон хæтæлæй. Ваня нал бафæрæзта йæ цæстытæ æрцъынд кæнын. Цæстытæ фæрыстысты. Сæ сыг кæлын байдыдта. — Цæттæ у, — загъта хилдасæг, Ваняйæ хисæрфæн фелвасгæйæ.—Кæс ныр дæхимæ. Ваня ракаст æмæ федта йæ разы айдæн, фæсте гæххæт ныхæст кæуыл уыд, ахæм, айдæны та—æцæгæлон, фæлæ/ иттæг; дзæбæх кæй зыдта, ахæм лæппуйы: урс æлвыд сæр, егъаугомау хъустæ, хæрз къаннæг, гæны фæс- къауы хуызæн бецыкк æмæ райдзаст стыр цъæх цæстытæ кæмæн уыд, ахæм. Ваня йæ уазал армытъæпæнæй расæрфта йæ тæвд сæр æмæ уымæй йæ армытъæпæн дæр æмæ йæ сæр дæр схъыдзы кодтойс — Цокора!—райгæйæ сдзырдта лæппу æмæ йе’нгуыл- дзæй аскæрста йæ цыллæхуыз хъуынтæ. — Цокора нæ, фæлæ бецыкк,—амонæн хуызы загъта Биденко. — Уадз æмæ уæд бецыкк дæр,—рæвдыд худæндзас- тæй сразы Ваня.—Цокорайы хуызæн у, уæддæр. — Гъы, ныр та, мæ хæлар, абанамæ. * 18 * Цалынмæ номдзыд дæсны йæ кусæнгæрзтæ æмæ хи- сæрфæн тыхта, йæхи къухты фæллойæ цы ’сæдæ граммы 9 Нолчы хъæбчл. 129
бакуыста, уыдон пуæзта æмæ аходыдта, уæдмæ Горбунов æмæ Биденко акодтой лæппуйы абанамæ. Уыцы къаннæл абана арæзт уыдис немыцаг чысыл блин- дажы. Иу стыр æфсæн боцкъайæ арæзт уыдис пец, иннæ- мæй та аг. Тæвд дон иу чысыл бензины тæф кодта, фæлæ Ваня æртæ азы дæргъы йæхи кæй никуы цынадта, уымæ гæсгæ йæм уыцы абана дзæнæты хуызæн фæкасти. Дыууæ хæлары — Горбунов æмæ Биденко — хорз зыдтой абана цы æмæ куыд хъуамæ уа, уый. Сæхæдæг дæр уарз<- той доны тæфмæ сæхи стæвд кæнын, стæй æндæр искæ- мæн дæр афтæ бакæнын. Хуыздæр зæгъæн нæ уыд, афтæ цынадтой лæппуйы. Ахæм хъуыддажы тыххæй Горбунов нæ бахæлæг код- та, йæ дзаумæтты рифтаджы бын цы къухтæхсæн дзæбæх- тæфгæнаг сапон уыд, уый дæр. Ныртæккæйæ æхсызгон- дæр æй никуы бахъуыдаид. Биденко та капитан Ахунбае- вы батальоны йæ æмбæстæгтæй райста ерджен æмæ уый фæскъæуттæй сарæзта дзæбæх дæрзæг æхсæн, Ванямæ диссаг фæкаст, фæлæ бæрз цъылынтæ дæр ра- зындысты хæдзардзин Горбуновмæ. Абанайы сыгъдис фанар «Хæлынбыттыр». Тæвд, мигъджын уæлдæфы, бæрзы сыфтæрты фæлвых смагæй йæ тæккæ дзаг чи уыд, уым дыууæ разведчикы зылдысты лæппуйы алыфарс, цæмæй хъæдтæй конд ца- рыл сæхи ма скъуырой, уый тыххæй сæ сæртæ ныггуыбыр кæнгæйæ. Сæ уæйыгхуыз. аууæттæ ахæрджытау уадысты мигъы. Бирæ нæ, сахаты ’рдæгмæйы бæрц афтæ ацæттæ код- той Ваняйы æмæ йæ буар иууылдæр ныссыгъдæг, сæнт сырх ссис æмæ дзы цыма сырх зынг пецау рухс икнæрды- гæй уадис, афтæ сæрттывта. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаг сын æнцонæй нæ бантыст. Биденко æмæ Горбунов сæ бæгъа- тыр тыхтæ нæ бацауæрстой, цæмæй лæппуйæн ссыгъдæг кæной йæ æртæ азы чъизи. Уыдон ын радыгай æууæрстой йæ фæсонтæ ерджен æхсæнæй, уыдон ын сæууæрстой йæ буар тæвд, дзæбæх тæфгæнаг сапоны фынкæй, уыдон ыл калдтой тæвд дон стыр консервон къоппæй, уыдон-иу æй 130
радаргъ кодтой бырыпцъаг тæрхæгыл æмæ йæ хостой дыууæ найæи цъылынæй. Æтте бакæсгæйæ уый уыдис хъæдын хъазæны хуы- зæн: «хъæууон лæг æмæ арс». Уæлдай тынгдæр уыд арсы хуызæн Горбунов бæгънæгæй, цыма йæ сусхъæдæй исчи сартæй гуымиры арæзт скодта, уыйау. Фондз хатты фондз доны æхсын бахъуыд Ваняйы æмæ йæ алы доны фæстæ дæр ногæй æхсадтой сапонæй. Фыццаг хатт æй куы надтой, уæд йæ буар ахæм чъизи дон рауахта, æмæ ахорæнау цъæх уыд. Дыккаг дон—сау чъизи. Æртыккаг дон уыдис сыгьдæг æмæ сау æмхæццæ. Цыппæрæм—куыддæр æрвхуыз. Æмæ æрмæст фæндзæм хатт фæндзæм дон сыгъдæгæй згъордта сæтæлæджы хъузгау æрттивæг сыгъдæг буарыл. — Гъы, мæ хæлар, амардтай нæ фыдæбонæй, мæ бон ницыуал у, — загъта Горбунов хид йæ цæсгомæй сæрфгæ- йæ. — Дæу, мæ хæдзар, ерджены фæскъау нæ, фæлæ згæ згъæр дзаумæттæ цы дæрзæг гæххæттæй фæсæрфынц, уымæй æхсын хъуыд. — Уый нæ, фæлæ ардуанæй хафгæ уыд, — афтыдта йæм Биденко æмæ райгæ каст кодта мæллæг, фæлæ рæхснæг фидар къанн;æг фигурæмæ: йæ раст фидар къæхтæм æмæ сывæллонæн куыд вæййы—цыргь бæхбæттæнтæм. Уæлдай дзæбæхдæр фæкастысты разведчиктæм Ваняйы урны стджытæ. Уыдон йæ сыгъдæг фæсонтыл зындысты къаннæг фæрæтты хуызæн. — Ваня сæрфта йæхи сæрмагонд хисæрфæнæй æмæ скодта абанайы тыргъы сæрмагонд йæхи мидæггаг дарæс: къала цæппæрджын хæдон æмæ хæлаф. Æмæ ныр æрцыд кæмæ бæллыд уыцы минут. Кæдæй- уæдæй ныр скодта Ваня æфсæддон дарæс. Скодта тæбын æттаг хæдон, мидæджы ’рдыгæй урс цикъæ хæцъилæй астæрд æфцæгготджын. Ваня ныр фиппайдта йæ уæхсчытыл пъагонты хъæбæр гæххæт æмæ пъагæттæ цы лыстæг бос- тæй баст уыдысты хæдоныл, уыдон дæр. Пъагонтæ фиппайгæйæ, лæппу уыимæ йæхимæ дæр стыр лæг кæсын байдыдта, ацы минутæй фæстæмæ хуымæ- тæджы лæппу нæ, фæлæ Сырх Æфсады салдат кæй у, уый. 131
Уый лæууыдис бæгьæввадæй абанайы æхСæлытæ — тыд зæххыл, йæ сæры æнæлвыд бындзыг дæр нæма ссур, афтæмæй. Уый кастис, йæ цæстытæ йæ хъомылгæнджытæм ныцдæвгæйæ, цыма сæ фæрсгæ кодта: «Гъы, куыд, раст кæнын мæ дарæс? Фæлæ уыдон ницы дзырдтой, лæмбынæг кастысты, лæппу йæ дарæс куыд кæны, уымæ. Йæ бæгьатыр æмбæлт- тæм зулаив каст кæнгæйæ, Ваня йæ сыгъдæг, урс, донæй чи фенцъылд, уыцы æнгуылдзтæй райдыдта йæ хъæдтых æфцæггот æмæ къуындæг дысты æгънæджытæ æвæрын. Æнахуырæй уый зынгомау уыдис. Фидархуыд, æрхуы стъалыджын æгънæджытæ тыххæй-фыдæй цыдысты сæх- тæджыты. Сæхтæджытæ иу фæбырыдысты æнгуылдзтæй. Фæлæ лæппу, йæ былтæ тыххæст кæнæджы æнцъылд æркæнгæйæ, уæддæр сæвæрдта йе’гънæджытæ. Ныр йæ цонджы хъултæ къуындæл æмæ фидар æлвæст æрбакодтой йæ дыстæ. Ие’фцæгготы’гънæджытæ куы сæвæрдта, уæд æфцæггот афтæ æнгом æрбадт къубалыл æмæ цыма уый схъæбæрдæр, срастдæр. Хъуыдис ма йæ рон бабæттын æмæ йæ къахыдарæс скæнын. Лæппу фæдызæрдыг. Уый нæ зыдта, цы æмбæлы раздæр, рон бабæттын хъæуы æви цырыхъытæ скæнын. Уæд уый фæрсæджы каст бакодта Биденко æмæ Горбуновмæ. Уыдон ницы дзырдтой. Иу чысыл куы ахъуыды кодта, уæд райста цырыхъытæ. — Раст бакодтай,—загъта Биденко. Ваня скодта æндах цъындатæ æмæ æнæныфс æвнæлд бакодта къахтухæнтæм .Уый никуыма скодта къахтухæнтæ. Зонгæ дæр нæ кодта, семæ куыд архайын хъæуы, уый. Горбунов рог басхуыста йæ рæмбынкъæдзæй Биден- койы. Ваня мæсты хъуынтъыз ныцци æмæ ныссырх. Тагъд æрбатыхта йæ къах къахтухæнæй.; Горбунов æмæ Биденко ницы дзырдтой. Ваня систа цырыхъ æмæ дзы йæ тыхт къах атъыста, фæлæ къах ныссагъд цырыхъы хъусы. Ваня йæ фæстæмæ ласын байдыдта æмæ йæ тыххæй-фыдæй раласта. — Нæ цæуы,—загъта уый ныуулæфгæйæ. 1.3*2
Разведчиктæ ницы дзырдтой. Ваня ноджы тынгдæр ныссырх. — О, хæйрæджы амæттаг! — загъта Ваня æмæ та мæс- тыйæ йæ къах тых-тъыст кæнын байдыдта цырыхъы. — Нæ цæуы?—бафарста Биденко хъыг кæнгæйæ. — Нæ цæуы,—загъта Ваня оххытæгæнгæ. — Æвæццæгæн къуындæг у,—загъта Горбунов. — О,—загъта Биденко æмæ ныуулæфыд.—Ницæмæн бæззынц цырыхъытæ. Фесæфта сæ уыцы æлгъыстаг дзабырхуыйæг. Аппарын сæ хъæуы, æндæр ма цы! Афтæ нæ, Чалдан? — Æндæр гæнæн нæй. Æрис ма ардæм цырыхъытæ, Ваня. Æз сæ ныртæккæ азыгъуытт кæнон. Ваня тарст хуызæй бакаст Горбуновмæ. / — Нæ сæ хъæуы ’ппарын. Æз сæ æнæкъахтухæнтæй скæнын афæлварон. Чи зоны уæд ссæуой. — Æнæкъахтухæнтæй нæ. Уымæн гæнæн нæй. Уыцы æнæхатыр, «гæнæн нæй» та куы фехъуыста лæппу, уæд йæ уд йæ къæхты бынæй ауад. Уæд та фелвæста цырыхъ æмæ йæ ногæй кæнын байдыдта. Скодта йæ æмбисы онг. Уымæй дарддæр къах ныббыцæу æмæ дæл- дæр нал цыд. Уæд Ваня афæлвæрдта цырыхъ фæстæмæ раласыныл. Фæлæ уымæй дæр ницы рауад. Къах бынтондæр цыффидар ис. Иуæрдæм дæр нæ æмæ иннæрдæм дæр. — Æвзæр у хъуыддаг,—сабыргомау загъта Биденко. — Багъæц-ма,—загъта Горбунов.—Чи зоны цырыхъ уынгæг иæу, фæлæ къахтухæн æгæр бæзджын фæцис? — Æцæг, æцæг, æгæр бæзджын!—загъта Ваня, фæлæ йæхи дæр нæ уырныдта, раст зæгъы, уый. Æмбæрста, хъуыддаг нæ дæр цырыхъы, нæ дæр къахтухæны а^хос у, фæлæ дзы цавæрдæр салдатаг сусæгдзинад ис; Горбунов æмæ йæ Биденко хорз зонынц, фæлæ йын æй нæ зæгъынц, фæлваргæ йæ кæнынц. Лæппу тæригъæддаг каст кодта йæ ахуыргæнджытæм æмæ йæ уыдон дæр бирæ нал фæмæстæй мардтой. — Гъе, уæдæ афтæ, чысыл фийау,—загъта Бидеико карз æмæ амонæн хъæлæсæй,—хъуыддаг афтæ у, æмæ дæуæй нæ рауад æцæг салдат, артиллерист та уымæй |зз
фыддæр. Цæй батарейон ис дæуæй, кæд æмæ къахтухæн æрбатухын нæ зоныс, куыд æмбæлы, афтæ, уæд. Ницæй батарейон ис дæуæй, мæ хæлар. Уæдæ ма æндæр цы гæнæн ис?—Фæстæмæ та дыл дæхи дзауматæ скæнæм æмæ дæ арвитæм фæсчъылдыммæ. Афтæ йæ? Ваня ныхъуси, йæ зæрдæ йын амардта, йæ дзаума фæстæмæ раласын æмæ йæ фæсчъылдыммæ æрвитинаг кæй сты, уымæй. — Афтæтæ, уæдæ Ваня,—дарддæр кодта йæ ныхас Биденко.—Фæлæ уый æз æнæуи афтæ загътон. Фæсчъыл- дыммæ дæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ арвитдзыстæм, иугæр æфсæддоныл нымад æрцыдтæ, уæд, стæй ма уый тыххæй дæр æмæ дыл тьйг фæцахуыр стæм. Уæдæ ма дзы æндæр цы гæнæн ис?—Бахъæудзæн дæ сахуыр кæнын къахтухæнтæ куыд тухын хъæуы, уый алы культурон æф- сæддонæн дæр куыд æмбæлы, афтæ. Æмæ дын уый уы- дзæн фыццаг салдатон ахуырдзинад. Кæс-ма. Уыцы ныхæстæ кæнгæйæ Биденко райтыдта зæххыл йæ къахтухæн æмæ йыл йæ бæгъæввад къах фидар æвæрд æркодта. Къах æрæвæрдта зулаив, кæронмæ æввахс æмæ уыцы æртæтигъон кæрон æрбатъыста æнгуылдзты бын. Стæй уæд тынг æрбайвæзта къахтухæны даргъдæр кæрон, иунæг æнцъылд дæр дзы нал уыд, афтæ. Цымæ йыл цин кодта, афтæ йæм бакаст æмдынг тухæнмæ, стæй æвиппай- ды, цæстыл нæ фæхæцыд, афтæ тагъд æвнæлдæй æрба- тыхта къах, фесчъил æй кодта зæвæты 'рдыгæй,февнæлдта йæм иннæ къухæй, ацарæзта цыргъ фисын æмæ ма къах- тухæнæй цы баззад, уый дыууæ хатты æрбатыхта зæнгыл. Афтæмæй йæ къах æнæ иу æнцъылдæй уыдис тыхт, дзидзидай сывæллоны куыд стукынц^, афтæ. — Кукла! — загъта Биденко æмæ скодта йæ цырыхъ. Скодта йæ цырыхъ æмæ йæ зæвæт хъал цæф æркодта зæххыл. — Федтай!—загъта Горбунов.—Базондзынæ афтæ? Ваняйæн цы йæ бон уыд, уымæй касти разыйæ Биден- койы архайдмæ. Иунæг фезмæлд дæр æнæ фенгæ нæ ауагъта. Афтæ ’нхъæлдта уый дæр базондзæн раст, куыд- дæриддæр Биденко стыхта, уыйау. Фæлæ салдæттимæ 134
цæргæйæ сахуыр ис, салдат алы хьуыддаг дæр хъавгæйæ куыдефæкæны, уу^1лг æмæ йæ нæ фæн’цыд фæхудинаг уа, УЫЙ. — Цæй иу хатт ма мын фенын кæн, Биденко. — Табуафси, мæ хæлар. Æмæ Биденко æртыхта йæ къахтухæн иннæ къахылдæр, скодта йæ цырыхъ æмæ йæ зæххыл æрхоста ноджы тагъд- дæр æмæ бæстондæрæй. — Бамбæрстай? — Бамбæрстон, — загъта Ваня, йæхи зондджынхуыз кæнгæйæ. Уый райтыдта бандоныл йæ къахтухæн, раст куыддæ- риддæр Биденко бакодта, афтæ. Бирæ фæрахъав-бахъав кодта, цалынмæ йæ къах æрæвæрдта, уæдмæ. Йæ бакаст уыдис æфсæрмдзаст, нæуæндагхуыз. Фæлæ Ваня æфсон кодта. Йæ цæстытæй кæд уырдыгмæ каст, уæддæр иу цæсты хауты ’хсæнæй фæзынд хины ху- дæндзаст, цыма кæйдæр мæстæймардта, уыйау. Цæмæй йæ худæндзаст ма раргом уа, уый тыххæй Ваня, йæ дæндæгтæй йæ былтыл ныххæцыд. Æмæ æвиппайды цæсты фæныкъуылдмæ йæ къах атых- та куыддæриддæр æмбæлд, афтæ—æнгом, æнæ иу æн- цъылдæй. — Кукла!—фæхъæр кодта уый, схæцыд цырыхъыл, скодта йæ, æмæ зæххыл æртъæпп кодта йæ зæвæт. — Ис æм дзы!—загъта Горбунов æмæ Биденкомæ ба- каст, лæппуйæ иттæг разы кæй у ахæм цæстæнгас æвдио гæйæ. Бонæй-бонмæ лæппу сæ зæрдæмæ хуыздæрæй-хуыздæр цыд. Уыдон нæ фæрæдыдысты, Ваня зæрдæмæдзæугæ кæй у, уымæй. Уый æцæгæй дæр уыд æмбаргæ, æрхъуыды- джын саби; алцы дæр æвиппайды чи æмбæрста æмæ зыдта, ахæм. Ныртæккæ дызæрдыг кæнæн нал уыдис, хорз сал- дат дзы кæй рауайдзæн, ууыл. Ваня йæ цырыхъытæ куы скодта æмæ дзыхъынног хъысхъысгæнаг рон куы ."рбабаста, уæд дыууæ разведчикы фыр цинæй ныккæлкæл кодтой. Æмæ куыд нæ! Сæ разы лæууыд рæхснæг, фидауцджын лæппу, йæ къухтæ йæ 135
— Æмæ дын уый уыдзæн фыццаг^салдатоы ахуырдзинад. Кæс-ма. зæнгты фæрсты æрраст кодта æмæ йæ саби цæстытæ æрт- тывтой, афтæмæй. Суанг ма," йæхи цынады фæстæ, йæ фындзыл цы дзыгъуыртæ разынд, уыдон дæр æрттывтой. — Хорз,—загъта Биденко.—Лæггаг дæ, чысыл фи- йау. Гъе, ныр æцæг хæстон лæджы хуызæн дæ. Фæлæ Горбунов лæппумæ хæрз лыстæг каст бакодта æмæ ма дзы цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. — Рауай-ма ардæм. Дыууæ къахдзæфы размæ! — ско- мандæ кодта) уый. Æмæ Ваня æввахс куы ’рбацыд, уæд Горбунов йæ къух фæтымбыл кодта æмæ йæ лæппуйы ронæй хæдоны ’хсæн атъыста.. — Уый ницæмæн бæззы, мæ хæлар. Дæ рон дыл хъел- лау кæны, хъугыл саргъ куьщ фæлæууы, афтæ. Æнæхъæн 136
къух дзы цæуы. Цæугæ та дзы хъуамæ кæна дыууæ æнгуылдзы. Ног æй бабæтт. Ваня уайтагъд æрбахæцыд йæ роныл, фидар æй æрбал- вæста, фæлæ йæ сæвæрын йæ бон нæ бацис, уымæн æмæ дзы хуынчъытæ нал уыд. Уæд Биденко систа йæ æттаг хæ- лафы æнæкæроц дзыппæй хæрынкъа æмæ Ваняйы роны но- джы иу ран ныххуынкъ кодта. Ныр рон æрбалвæста Ваняйы, куыд æмбæлы, афтæ. Ног азым райсынмæ нал фенхъæлмæ каст Ваня, фæлæ йæ æттаг хæдон райтынг. кодта æмæ йын йе’нцъылдтæ фæс- тæрдæм рассыфта. — Афтæ,—загъта Горбунов.—Ныр лæг дæ! Ваня ног арæстæй блиндажы куы бамидæг, уæд развед- чикты цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ разведчиктæ сæ фаг нæма фæцин кодтой æмæ нæ бакастысты Ванямæ, афтæ мусонгмæ бацыд сержант Егоров. Уый тагъд æмæ лыстæг кæстытæ бакодта лæппумæ, æмæ, æвæццæгæн йæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ йæм ницы азым ссардта. —. Чысыл фийау, — загъта уый, — тагъддæр дæхи барæвдз кæн батарейы командирмæ цæуынмæ. Хæсты мидæг алы дъуыддаг дæр тагъд цæуы. Салдаты цард-амонд æнæнхъæлæй фендæрхуызон вæййы. Дæ цæст фæныкъулыны бон дæр дæ нал фæуыдзæн, афтæ. Æмæ дыууæ минуты фæстæ Ваня ног цинелы æмæ ног цигейкæ-худы мидæг, — худ арф конд уыд йæ æлвыд лæгъз сæрыл, —. фæцæйцыдис батарей кæм лæууыд, уыцырдæм, командиры блиндаж агургæйæ. * 19 * Капитан Енакиев уагъта йæ фæллад. Арæх ын нæ уыд йæ фæллад суадзыны фадат. Суанг ма ацы амондджын фæл- лад-уадзæн бонты кæнæ сахатты дæр капитан Енакиев архайдта, цæмæй уыцы рæстæг дæр хардз цæуа службæ- йæн куыд хуыздæр уа, ууыл. 1 Тохы бонты рæстæджы сæххæст кæнынæн кæмæн нæ 137
уыдис, ахæм хъуыддæгтæ дзы дзæвгар уыд. Уыцы хъуыддæгтæн сæ фылдæр кæд фыццаг рады кæнын нæ хъуыд, уæддæр ахсджиаг уыдысты. Капитан Енакиевæй уыдон никæд рох кодтой. Уый иу сæ æрмæст æргъæвгæ акодта уæгъддæр рæстæгмæ. Сæрмагонд йæхи хъуыддæгты тыххæй куы зæгъæм, уæд ын сæрмагонд йæхи хъуыддæгтæ нæ уыдис. Йæ бинонтæ куьт бабын сты, уæдæй фæстæмæ йын нал уыдис письмо кæмæй истаид æмæ фысгæ кæмæ кодтаид, уый. Нæ йын уыд хæстæджытæ. Бынтон иунæг уыдис. Йæхи æмæ йæ бинонты хабæртты тыххæй никуы ницы дзырдта. Уымæй æ^хкæд зæрдæ лæг уыдис. Цы æнамонд хабар ыл æрцыд æмæ иунæг кæй у, уый полчы мидæг ничи бæрæг зыдта, æрмæст иуæй-иутæн цыдæртæ æрцыд сæ хъустыл. Батаре сси Енакиевæн йæ бинонты хуызæн. Æмæ алы бинонтæн дæр та вæййы хи, мидбинонты хъуыддæгтæ. Æмæ батарейы мидбинонты хъуыддæгты куыст капитан Енакиев кодта йæ фæлладуадзæн бонты. ’Уыцы хъуыддæгтыл нымад уыдис Ваня Солнцевы царды уаг дарддæр саразыны хъуыддаг дæр. Капитан Енакиев федта лæппуйы æмæ йемæ ныхас кодта æрмæст иу хатт. Фæлæ Ванямæ ахæм амондджын миниуæт* уыд, æмæ йæм иу фыццаг хатт чи бакаст, уый зæрдæмæ дæр иу фæцыд. Уыцы бызгъуыртæ хъæууон фийау æд кæттаг хызын, йæ сæр къаннæг хæдзары хъæмпын сæры хуызæн, йæ цъæх ирд цæстытæ адæймаджы зæрдæйæхи- мæ афтæ иста, æмæ йыл чидæриддæр дис кодта. Капитан Енакиев дæр, йæ салдæттау, фыццаг бакастæй бауарзта лæппуйы. Фæлæ разведчиктæ Ваняйы куыддæр æгæр хъæлдзæг уарзт бакодтой. Суанг ма афтæ зæгъæн дæр ис: æгæр рогзæрдæ уарзт. Уыдон æй хъазгæйæ сæ фырт хуыдтой. Фæлæ растдæр зæгъгæйæ уый уыдон сæ фырт нæ, фæлæ, цыма сæ кæсдæр æфсымæр уыдис, афтæ зынд фыдуаг æмæ хъæлдзæг саби, салдаты дæрзæг, æфсæддон цардмæ бирæ иог алыхуызондзинæдтæ чи бахаста, ахæм. Капитан Енакиевæн та лæппу йэе зæрдæйы райхъал 1*8
кодта бирæ арфдæр æнкъарындзинæдтæ. Ваня фæцагайд- та уымæн йæ зæрдæйы чи нæма сдзæбæх, уыцы хъæнтæ, Капитан Енакиев кæд разведчиктæн бар радта Ваняйы сæхимæ ныууадзынæн, уæддæр йæхицæй иæ ферох. Кæд- дæриддæр иу лейтенант Седых управленийы взводы хъуыддæгты тыххæй доклад кодта, уæд иу æй капитан Енакиев æнæмæнг афарста лæппуйы тыххæй. Уый тыххæй арæх хъуыды кодта. Æмæ уый тыххæй хъуыды кæнгæйæ сахуыр ис йæ хъуыдыйы мидæг ацы лæппу æмæ матросы къаннæг худы цы лæппу уыдис, ныр- тæккæ авд азы кæуыл сæххæст уыдаид, фæлæ чи нæуал ис æмæ ацы дунейыл чи нæуал уыдзæн, уыдоны дыууæйæ иу кæнын. Кæд мийаг Ваня Енакиевæн йæхи фырты, чи амард, уый хуызæн уыд? Нæ,- уымæ æппындæр уый хуызæнæй ни- цы уыдис — нæ дæр æттей бакæсгæйæ, нæ дæр асæй, уæлдайдæр та нæ дæр удыхъæдæй. Уыцы лæппу ма æгæр (чысыл уыдис æмæ йын ницы ма бæрæг характер уыд. Фæлæ хъуыддаг кæй зæгъын æй хъæуы, уый мидæг нæ уыдис. Хъуыддаг уый мидæг уы- дис, æмæ капитан Енакиев, цы лæппу йын амард, уый уарз- та тынг, æнæрхъæц мондаг æмæ мæтгæнаг уарзтæй. Лæппу рагæй нал уыдис, фæлæ уарзондзинад уæддæр нæ ма’рдис. Капитан Енакиевæн куы фехъусын кодтой, «штабы хъæды» цы разведкæ уыд, уыдонимæ Ваня дæр ацыд, зæгъгæ, уæд тынг смæсты ис. Æрмæст уæд базыдта^, куыд зынаргъ ын у ацы дзыгъуыр æцæгæлон’ лæппу, уый. Уый бар радта разведчиктæн Ваняйы сæхимæ ныууадзынæн, фæлæ сын ницы дзырдта разведкæйы йæ арвитой, уый ( тыххæй. Хорз нæ рауадаид лейтенант Седыхæн, хъуыддаг афтæ дзæбæхæй куы нæ фæуыдаид, уæд. Капитан Енакиев сфæнд кодта куыддæриддæр амал* фæуа, афтæ Ваня Солнцевы тыххæй бæстон æрсагъæс кæнын. Командиры фатер кæм вæййы, уымæн бирæ цæмæйдæр- ты базонæн ис. Уыдонмæ гæсгæ Ваня, разведчикты æгъдау куыд амоны, ■139-
афтæ æнæискæй бафæрсгæйæ, . йæхæдæг тагъд ссардта капитан Енакиевы блиндаж. Йæ ног цырыхъыты бырынцъаг æмæ схъæлдзæф уæфс- тыл нæма сахуыр æмæ гуыртт-гуыртт гæнгæ Ваня ныххыст командиры блиндажмæ. Уыцы сахат йæ зæрдæ уыд командиры фæсидтмæ цы салдат фæцæуы, уымæн куыд вæййы, афтæ: иуæй хъуамæ йæхи лæгау рæвдз æмæ хъæдтыхæй равдиса, иннæмæй та иу чысыл тæрсгæ дæр кæны. Капитан Енакиев бадтис, лæг йæхи хæдзары куыд фæба- ды, афтæ, æнæ цырыхъ, йе’гънæджытæ уагъд кæмæн уы- дысты, ахæм кителы. Кителы бын зындис æрвхуыз байкæйæ хъарм хæдон. Бадгæ кодта æфсæддон рог сынтæгыл. Сын- тæг æмбæрзт уыдис уæлæфтауæй. Йæ сынтæг кæцы-фæнды разведчикы сынтæгæй æрмæст уымæй æндæрхуызондæр уыдис, æмæ дзы зынд ног иту- вæрд цъарджын баз. Æнæ цинел, æнæ худæй, кителыл орденты дæрдджын лентытæй цалдæр, йæ сау къæмисæнты ранæй-рæтты халас- дзагъд—афтæмæй батарейы командир Ванямæ зæронддæр фæкаст, фыццаг хатт æй куыд федта, уымæй. Ваня йæ дыууæ къухæй тыхист скодта йæ худ æмæ загьта: — Уæ бонтæ хорз! Капитан Енакиев æм бакаст йæ сау цæстытæй. Цæсты- тæн сæ алыфарс хусдзæф æнцъылдтæ. Цæстытæ æрны- къулæгау кодта. Фыццаг минут уый нæ базыдта Ваняйы, уымæн, æмæ ныртæккæ йæ разы лæууыд хæрзвидауц, бæрзондгомау лæппу—цырыхъытæ йын йæ ас фæбæрзонд- дæр кодтой—артиллеристы пъагонтæ æмæ петлицæтæ кæуыл уыд, ахæм ног цинелы уæрæх æфцæгготæй зындис фидар тымбыл сæр. — Уæ бонтæ хорз, хорз лæг! — ногæй та загъта Ваня, йæ цæстытæй амойдджын цæхæр калгæйæ æмæ цыма ба- тарейы командирæн афтæ зæгьынмæ хъавыд: арбакæс ма мын мæ ног дарæсмæ. Фæлæ Енакиев уæддæр кæй ницы дзырдта, уымæ гæс- гæ Ваня сындæггай æрбадтис дуары цур асыккыл, йæ цы- 140
рыхъы хъустыл уæлдæр схæцыд æмæ йæ худ æмæ йæ къухтæ йæ уæрджытыл æрæвæрдта. — Чи дæ ды?—æппын фæстагмæ афарста капитан уазал зæрдæ фарстæй. Уыцы фарстæй æХсызгондæр ницы хъуамæ уыдаид Ваняйæн. — Уый æз дæн, æз, Ваня, чысыл фийау,—загъта лæп- пу худæндзастæй.—Ау, нæ мæ базыдтай? Фæлæ капитан нæ фæхудтис, Ваня куыд æнхъæл уыд, афтæ. Уый нæ, фæлæ ма йæ цæсгом ноджы фæтардæр ис. —I Ваня?—лыстæгдæрæй бакæсгæйæ загъта уый,—чы- сыл фийау? — О. — Æмæ уый дæ уæлæ та цытæ скодтай? Уый дæ уæхс- чытыл та цытæ и? Ваня чысыл фæуыргъуыйау. — Уыдон пъагонтæ,—загъта уый нæуæндонæй. — Цæмæ гæсгæ? — Афтæ ’мбæлы. — О-о! Афтæ ’мбæлы! Цæмæ гæсгæ афтæ ’мбæлы? — Салдæттæн сеппæтæн дæр афтæ ’мбæлы, — загъта Ваня, капитан уыдæттæ кæй не’мбары, ууыл дис кæнгæйæ. — О, æмæ уый салдатæн афтæ ’мбæлы, фæлæ ды дæр салдат дæ? *■. — Уæдæ куыд!—сæрыстырæй загъта Ваня.—Приказы дæр ма мæ ныффыстой. Абон дзауматæ дæр райстон. Дзы- хъынног. Рæсугъддæр зæгъæн нæй. — Æз нæ уынын уый. — Æмæ цы нæ уыныс? Мæнæ куы сты мæ дзауматæ. Цырыхъытæ, цинел, пъагонтæ. Кæсут-ма, сармадзаны ныв- тæ пъагонтыл. Уыныс? — Пъагонтыл сармадзаны нывтæ уынын, фæлæ салдат ^нæ уынын. — Æз мæхæдæг дæн, мæхæдæг, салдат,—загъта Ваня сабырæй æмæ æнæ’мбарæджы худт кæнгæйæ. Капитаны уазал цæстæнгасæй афтæ фефсæрмы, æмæ ницыуал æм- бæрста. —Нæ мæ хæлар, ды ’салдат нæ дæ. 141
Капитан Енакиев арф ныуулæфыд æмæ йæ цæсгом фæтар ис, æрфгуытæ фслхыицъ сты. Уый стъолмæ баи- пæрста «Историон журнал», кæм кастис, уым мидæгæй кърандас æвæрдæй æмæ уыцы иу карз цæхкæр хъæрæй загъта: — Салдат афтæ нæ фæцæуы йæ батарейы командирмæ. Сыст! Ваня фæгæпп кодта. Фесхъæл. Сагъдау аззад. — Ныууадз. Ног æрбацу. Лæппу æрмæст ныр бамбæрста уый, æмæ йæ ног да- рæсмæ кæсыныл фæцис, æмæ пæ ферох алцыдæр—чи у, кæм ис æмæ йæм кæмæ фæсидтысты, уыдæттæ. Уый рæвдз акодта худ йзе сæрыл, дуары æтте фæцис, йæ рон фæсте бадзæбæхтæ кодта æмæ та ногæй бацыд блиндажмæ, фæлæ бынтон æндæр хуызы. Уый бацыд, æфсæддон адæм цы къахдзæфæй фæцæ- уынц, ахæмæй, цырыхъы иу зæвæт иннæйыл бакъуырдта, йæ къух йæ сæрмæ фæцарæзта, стæй йæ уайтагъд фæс- тæмæ æрæппæрста дæлæмæ. — Бацæуæн ис?—фæхъæр кодта уый сывæллоны цъæхснаг хъæлæсæй, фæлæ йæхимæ йæ ныхас хъæба- тыр æфсæддоны ныхас фæкаст. — Æрба’цу. — Æмбал капитац, уæ фæсидтмæ гæсгæ фæзынд сырх- æфсæддон Солнцев. — Гъе, уый æндæр хъуыддаг у!—райгæ худæндзастæй загъта капитан Енакиев. — Æгас цуь сырхæфсæддон Солнцев. — Æнæниз ут, æмбал капитан!—æвзыгъд дзуапп радта Ваня. Ныр нал æмбæхста капитан йæ хъæлдзæг райдзаст цæсго^Г. — Ис æм дзы!—загъта уый дæр та, фронты арæх цы ныхас фæкæнынц æмæ лæппу бирæ хæттыты Горбуновæй дæр, Биденкойæ дæр æмæ иннæ разведчиктæй дæр йæхи тыххæй цы ныхас хъуыста, уый. — Гъе ныр уынын, Ваня, салдат кæй дæ, уый. Цæй 142
сбад. Аныхас кæпæм. Соболев, цай сцæттæ ис?—адзырдта капитан Енакиев. —Бæгуыдæр, цæттæ у,—загъта Соболев æмæ тæфкал- гæ стыр цайданимæ æрбамидæг ис. — Æркæн. Дыууæ агуывзæйы. Мæнæн æмæ сырхæф- сæддон Солнцевæн. Кæннод афтæ фенхъæлдзæн, æмæ æз æмæ ды йæ разведчиктæй фылдæр хæрæм. Афтæ нæ, Соболев? — Ныхас дæр ыл нæй, — загъта Соболев æмæ йæ хъæ- лæсы хаттæй бамбарын кæнынмæ хъавыд, ома капитаны ныхас раст у: развед|чиктæ сæрæн адæм сты, фæлæ сæм уазæг куы’рцæуы, уæд уый хорз феныны тыххæй сæхицæй æгæр ныббуц вæййынц. Соболев къаннæг стъолыл æрæвæрдта æвзист агуыв- зæвæрæнты мидæг дыууæ агуывзæйы, æмæ æркодта ахæм хъæбæр сырх цай æмæ йæ тæфæй блиндаж æхсызгон тæвд ароматæй байдзаг. Æмæ Ваня дæр æрмæст ныр бамбæрста æцæг хъæз- дыгдзинад æмæ бæркад цы у, уый. Раст зæгъын хъæуы, сæкæр къæртт сæкæр нæ уыд — лыстæг сæкæр уыд, фæлæ йæ уый хыгъд Соболев æвæр- гæ æркодта авджын вазæйы. Хуыйы фыд æмæ дзы картоф дæр нæ уыдис. Фæлæ уый хыгъд капитан Енакиев стъолыл æрæвæрдта печенье «Сырх Октябры» къопп æмæ шоколад «Спорты» æнæхъæн къæртт. Уымæ бакæсгæйæ чысыл фийау фыр цин æмæ разыйæ хæлиудзыхæй баззад.- Капитан Енакиев бирæ фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй кас- тис Ванямæ. * А~ — Гъы, нæ чысыл фийау, зæгъ-ма: кæм хуыздæр у — махмæ æви разведчиктæм? Ваня æнкъардта, ам хуыздæр у, уый. Фæлæ йæ нæ фæндыд разведчикты фæкъæмдзæстыг кæнын, кæнæ уыдо- иæй фыдкой ракæнын, уæлдайдæр та фæсаууон. Уый ахъуыды кодта æмæ радта дывæлдах дзуапп: — Сымах хъæздыгдæр стут, æмбал капитан. — Нæ, фæлæ, Ваня, хин дæ ды. Дæхиуæтты сæрыл 143
хорз хæцыс. Æццæй Соболев? Хорз хæцы йæхиуæтты сæрыл? — Бæгуыдæр. Ау, салдат ма искуы нæ хæцы йæхиуæт- ты сæрыл? — Цæй уæдæ афтæ, Соболев. Дæхи хъуыддæгтæ уал кæн. Æз æмæ сырхæфсæддон Солнцев та зæрдиаг ныхæс- тæ акæнæм... Ахæм хъуыддæгтæ гъе, мæ хуры чысыл Ваня,—заггьта капитан Енакиев, Соболев фæскъул йæхи бынатмæ куы ацыд, уæд.—Ныр дын амæй фæстæмæ та цы бакæнон? Гъе, уый мидæг ис хъуыддаг. Ваня фæтарст, зæгъгæ та йæ ногæй фæсчъылдыммæ арвитынмæ хъавынц. Фестад асыккæй, йæхи фесхъæл код- та йæ командиры раз. —• Фæрæдыдтæн, æмбал капитан. Батарейы номыстæн, афтæ никуыуал бакæндзынæн. — Цы никуыуал бакæндзынæ? — Куыд не’мбæлы, афтæ кæй æрбацыдтæн, уый. — О, уымæй раст зæгъыс. Комкоммæ зæгъгæйæ ницæ- йаг цыд æрбакодтай. Бынтон æвзæр цыд æрбакодтай. Фæ- лæ уымæн сраст кæнæн ис. Сахуыр уыдзынæ. Æвзыгъд саби дæ. Æмæ лæугæ та цæмæн кæныс? Сбад. Æз демæ службæйы ныхас нæ кæнын, фæлæ афтæ нæхимидæг. Ваня сбадт. — Гъе, æмæ дын уый зæлъын. Цы дын бакæнон? Кæд нырма дæ ас къаннæг у, уæддæр æххæст лæг дæ. Цæрдуд адæймаг. Дæуæн цард нырма æрмæст ныр бацайдагъ. Ацы ран фæкъуыхдзы уæвæн нæй. И? Капитан Енакиев кастис лæппумæ карз, фæлæ рæвдау- гæ цæстæнгасæй, цыма йын йæ зæрдæйы бæстастæумæ ныккæсынмæ хъавы, уыйау. Ацы фидауцджын къаннæг салдат, цинелы дæрзæг æф- цæггот йæ бæрзæй, чызджы рæсугъд хъуыры хуызæн,— кæмæн фæсырх кодта, уый æппындæр нæ уыд, иу хатт капитан Енакиев полчы штабы цур цы пыхцыл сæр, бæ- гъæввад чысыл фийауимæ ныхас кодта, уый хуызæн. Куыд диссаджы æндæрхуызон фæцис ахæм цыбыр рæстæджы! Базонæн дæр ын нал ис. Цымæ йæ зæрдæ дæр афтæ фен- дæрхуызон? Сырæзыд, фæфидар, фæлæгдæр ис уæдæй 144
нырмал? Цæпæ у, сомбон æм царды мпдæг цы кæсы, уыдонмæ? Ваня банкъардаа, гъе, ныртæккæ, ацы минут, йæ царды амонд хъуамæ арæзт æрцæуа исчердæм. Стыр уæззау хъуы- дытæ фæмидæг сты сæры. Афтæ арф ныхъуыды кодта, æмæ сыгъдæг къуыппдзæф саби-ных фенцъылдтæ, ас сал- датæн куыд фæвæййы, афтæ. Разведчиктæ йæ ацы минут куы федтаиккой, уæд сæ нæ бауырныдт;аид, уый сæ фыдуаг, хъæлдзæг чысыл фийау у, уый. Ахæм хуызы йæ никуыма федтой. Ахæм хуызы уыд æвæццæгæн фыццаг хатт йæ цæргæ бонты. Капитан Енакиев царды тыххæй цы. æнцон æмбарæн зæрдæбын ныхæстæ кодта, Ванямæ цы карз, рæвдаугæ цæстæнгасæй каст йæ фæлладдзæф цæстытæй, уыдон руа- джы афтæ æнкъард æмæ арф хъуыдыты нæ аныгъуылд Ваня. Лæппуйæн йæ иунæг афтид уд бамбæрста, капитан Еиакиев æм æнувыд, зæрдиаг, фыд йæ фырты куыд фæуар- зы, ахæм уарзондзинад кæй равдыста, уый. Æмæ куыд æх- еызгоп хъуыд ахæм уарзондзинад, куыд тырныдта лæппуйы зæрдæ ацы уарзондзинадмæ! Уыдон дыууæдæр иу дзæвгар æнæдзургæйæ лæууы- дысты—батарейы командир æмæ Ваня,—иу стыр æмæ тых- джын хъуыдыйы мидæг æмзæрдæ уæвгæйæ. — Гъы, æмæ уæдæ куыд, Ваня, и?—æрæджиау загъ- та капитан. — Сымах куыд зæгъат, афтæ,—сабырæй сдзырдта Ваня æмæ зæхмæ ныккаст. — Зæгъынæн мын бирæ нæ хъæуы. Фæлæ мæн фæн- дц, дæхæдæг цы уынаффæ бакæнынмæ хъавыс, уый базо- яьш. — Цы уынаффæ ма дзы хъæуьт. Мæнæн мæ уыыаффæ конд у. — Гъы, æмæ цы уынаффæ бакодтай? — Артиллеристæй кусдзынæн сымахмæ. — Уый стыр хъуыддаг у: Хорз уаид уый тыххæй дæ мад æмæ дæ фыды афæрсын. Фæлæ æнхъæл дæн, æмæ дын н^чиуал баззад, и? —О. Бынтон сидзæр дæн. Мæ бинонты мын иу^уылдæр 10 Полчы хъæОут. 145
НОМЫЦ ПЫЦЦаГЫОП. ПикуыуаЛ МЫП НПЦ1,1 ПС. — Уæдæ дæхæдаг дæхицæн~-\ицау дæ? —Мæхæдæг мæхицæп хицау дæн, æмбал каиитаи. — Æз дæрафтæ куыдæн—мæхæдæгмæхицæнхицау,— æвиппайды, йæхæдæг, дæр æнхъæл нæ уыд, ахæм ньтхас сирвæзт капитап Енакиевæй æнкъард худæндзастæй, фæлæ уайтагъд йæхиуыл фæхæцыд æмæ хъазæгау загъ- та: — иу хицау хорз у, дыууæ та уымæй хуыздæр. Афтæ нæ, чысыл фийау? Капитан Енакиевæн йе ’рфгуытæ фелхынць сты, иу дзæвгар хъуыдыгæнгæ æнæдзургæйæ алæууыд, йæ амо- нæн æнгуылдзæй йæ цыбыр |рихи сæрфтытæ кæнгæйæ. Алы хатт дæр иу исты хъуыддаджы фæдыл фидар уынаффæ райсынмæ куы хъавыд, уæд-иу афтæ кодта. — Хорз,—загъта уый цæхкæрæй æмæ йæ армы тъæ- пæнæй стъол æрцавта. — Раджы ма дын у разведкæйы цæуынæн. Кусдзынæ мæнмæ бастдзинад дарæгæй. Собо- лев!—фæхъæр кодта уый хъæлдзæгæй æмæ æнæды- зæрдыгæй. — Ацу разведчиктæм æмæ мæ блиндажмæ æрбахæсс сырхæфсæддон Солнцевы сынтæг æмæ дзау- мæттæ. Æмæ та Ваняйы цардамонд фендæрхуызон, хæсты ми- дæг адæймаджы цардамонд куыд æвиппайды æндæрхуы- зон кæны, афтæ тагъд. • 20 * Уыцы бонæй фæстæмæ Ваня цæрын райдыдта капитап Енаки’рвмаа Фæлæ капитан Енакиев лæппуйы уымæн нæ райста йæ- химæ, æмæ дзы æцæг бастдзинад чи дары, ахæм кусæг скæна. Уымæн йæ зæрды уыд бирæ фылдæр цыдæртæ. Уый фæндыд, Ваняйы, йæхæдæг куыд схъомыл кæна, афтæ. Капитан Енакиев алы хъуыддаг дæр хæрз биноныг кодта æмæ ацы хъуыддаджы дæр сарæзта, лæппуйы куыд хъо- мыл кæндзæн, уый пълан. Уый йыл алырдæм дæр фæ- хъуыды кодта, йæ батарейæн хæстон хæс баххæст кæныны 146
тыххæй куыд фæхъуыды кæны, афтæ. Фæлæ пъланыл алырдыгæй дæр бæстон куы ахъуыды кодта, æгæр тагъд иæ бакæнгæйæ,, бавнæлдта йæ æххæст кæнынмæ тагъд æмæ æнæдызæрдыгæй. Фыццаджы дæр, уыцы пъланмæ гæсгæ, Ваня куыд фæстæмæ сындæггай хъуамæ сахуыр уыдаид сармадзанæй æхсджытыд цы хæс æвæрд ис, уыдон æххæст кæнын. Уый фæдыл, йæ старшинаимæ бауынаффæ кæнгæйæ, капитан Енакиев снысан кодта Ваняйы фыццал взводы фыц- цаг сармадзанмæ уæлдай, бахъуыды сахаты кæмæфæдзыр- дæуа, ахæм кусæджы хуызы. Фыццаг бонты дæргъы лæп- пу тынг хъыг кодта æмæ мысыд йæ хæлар разведчикты. Райдианы йæм каст, цыма йæхи бинонтæй фæхицæн, афтæ. Фæлæ уайтагъд федта, ног бинонтæ зæронд бинон- ’тæй æвзæрдæр кæй ницæмæй сты, уый. Ацы бинонтæ йæм суанг фыццаг бонтæй фæстæмæ равдыстой хионы зæрдæ. Ваня нæма зыдта, салдæттæй хуыздæр кæй ничи зоны æппæт цаутæ дæр. Ахæм хъуыддаджы уыдонæй фыццаг- дæр кæй ничи ис. Алы хабар дæр базонынц æмæ фехъусыыц уадидæгæн дæр, «салдатаг телеграф» кæй фæхонынц, уымæй. Ваня фыццаг сармадзанмæ куы’рбацыд, уæд æм диссаг фæкаст, уым ын йæ хабæртгæ кæй зыдтой, уый. Сарма- дзанимæ архайджытæ хорз зыдтой лæппуйы истори. Зыдтой, разведчиктæ йæ хъæды куыд ссардтой, Биденкойæ куыд алыгъдис, куырм бæхимæ разведкæйы куыд цыдис, не- мыцмæ куыд бахауд, куыд æй фервæзын кодтой æмæ аф- тæ, алцыдæр, суанг ма компæс æмæ «Мах не стæм цагъар- тæ. Цагъартæ не стæм мах»—фыст цы абеты чиныджы уыд, уый хабар дæр. Уæлдай хуыздæр каст сармадзанæй æхсджытæм, Биден- койыл цы хабар æрцыд, уый. Æппынæдзух дæр дзурын кодтой Ваняйæн уыцы истори йæ сæрæй йæ кæронмæ. Ваня-иу уыцы хабар кæнгæйæ куы бахæццæ, Биденко йын йæ къахыл цы синаг бабаста, уый коймæ, уæд та-иу сывæллæттау худæгæй бакъæцæл сты. Кæрæдзийы уæхсчытыл иу сæ сæртæ бакъул код- той, сæ кæрæдзийы фæсонтæ-иу æрхостой тымбыл къу- 1«ь 147
хæй, сæ пæсты гыггæ сæрфтоп сæ дыетæй. Фыр худæгæн- ИУ ^фгæ сыстьг æмæ дяурын дæр пал фæрæзтой, — Хъусыс, Никита, уый синаг æрбаивазы, ай та фьшæй æфсон скодта. Хатыс? — Уæ, дæ мард фесæфа! — Мæнæ афтæ куы фæзæгъынц, хæйрæджы ахæсты фæци, уыйау. — Æцæг афтæ. Хæирæджы ахæст. Уый æрбаиваз-æр- баиваз кæны, ай та хуырхуыр кæны. Стæй уæд та æрбаи- вæзта, амæн та йæ кой дæр нал ис. Ацу, æмæ ды агур дым- гæ быдыры. — Уый дын чысыл фийау! Гъе, уый дын чысыл саби! Ахæм номдзыд разведчикьт афæлив! Уымæн лæг хъæуы, лæг! — Цы зæгъæн дзы ис. Ис æм дзы! Развед’чиктæ уыдысты батарейы аристократтæй. Ныхас дæр ыл нæй, хъæздыг, хæдзардзии цард кодтой. Сæ ном- дзыд цайдан йæхæдæг дæр бирæйы аргъ уыд. Фæлæ сар- мадзанæй æхсджытæ дæр фыддæр нæ цардысты. Æцæг сæм ахæм зынгæ цайдан нæ уыдис, стæй трофейтæй дæр цухдæр æййæфтой, уымæн æмæ разведчиктæ разæй кæй ныдысты, уымæ гæсгæ сæм фылдæр хаудис. Фæлæ сæм уый [хыгъд уыдис рæсугъд егъау эмалгонд аг, сæхæдæг сæхицæн иттæг адджын æхсæвæртæ кæм фыхтой, уый. Сихорæй иу пыууахтой фыдæзгъæлы хæйттæ æмæ сæ цар- выл сауфагæ елцыккимæ фехтой. Царв та сын зын ссарæн нæ уыд, уымæн, æмæ сармадзан æхсджытæй иуæн йæ зон- гæ æмбæстоп дыккаг эшалоны хæринаггæнæгæй куыста. Сармадзан æхсджытæ цардысты æнгом, хæлар бинонты хуызæн. Уыдон, æвæдза, разведчиктæй хæлардæрæй цар- дысты. Æмæ сын æмбæлгæ дæр афтæ кодта. Цæвидтон разведчиктæ стæм хатт æмбæлдысты сеппæт дæр иумæ сæ ч кæрæдзийыл. Сармадзан æхсджытæ та æппын- æдзух дæр иумæ уыдысты сæ сармадзаны цур. Сæ сармадзаны уæлхъус хæцгæ дæр кодтой, сæ фæл- лад дæр уагътой, хæргæ дæр кодтой, æмæ заргæ дæр кæй фæзæгъынц, уый. Зарынмæ та æцæг диссаг уыдыстьп, уымæн, æмæ сæ 148
хъæлæстæм гæсгæ тæккæ зарагдæр æфсæддонтæ разын- дысты уыцы иу къорды. Уымæй æттæмæма сæм уыдис иу дзаума, сæрыстыркæ- мæй уыдысты æмæ разведчиктæм цы нæ уыд, ахæм: 1942 азы сæм Уралæй æрцыдысты æмцег сыл чи кодта, уыдон æмæ сын лæварæн æрластой иттæг хорз æмæ зынаргъ фæн- дыр. Уымæй уæлдай ма сæм уыд æппæт дивизийы ’хсæп дæр йæ ном кæмæн айхъуыст, ахæм фæндырдзæгъдæг Сеня Матвеев, сержант, сармадзаны командир. Æмæ-иу размæ бырсгæйæ батаре йæ позици куы ивта , уæд фыццаг сар- мадзан размæ цыдис музыкæимæ. Сармадзаны æхсджытæ бадтысты уæзласæн машинæйы æмæ æмхъæлæсæй зары- дысты, Сеня Матвеев та-иу йæ худ æрфгуытыл арф æркод- та, цинелы ’гънæджытæ уæгъд, сау, хиныздыхт къуыбыр ри- хитимæ, фидар хæлиу лæууыд, лæваргонд фæндыр йæ къу- хы, афтæмæй æмæ ахæм цагъд кодта, æмæ-иу фистæг æф- сæддонтæ фæсвæндаг алæууыдысты æмæ рыджы къуым- билы чи ныгъуылд, ахæм къаннæг сармадзан кæй фæдыл баст уыд, уыцы хъæлдзæг машинæйы фæстæ кæсгæйæ дзырдтой: — Фæндараст, хæсты хуыцау! Ратт æм дзы! Зынджы бын æй фæкæн. — Ныртæккæ йæм дзы раттдзыстæм, — дзуапплæвæрд- та Сеня Матвеев, йæ фæндыр ноджы тынгдæр аивазгæйæ.— Тамако — сымахæй, зыыг — махæй. Хæрзбон быдырты паддзах. Тагъддæр ныл сæмбæлут хæсты быдырты! Фæлæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, сæйраг нæ уыдис. Сæйраг хъуыддаг уый уыдис, æмæ капитан Енакиевы ба- тарейы фыццаг взводы фыццаг сармадзаны кусджытæ дæр разведчикты командæйау æгас дивизийы ’хсæн афтæ ном- дзыд уыдысты. Фыццаг сармадзанæп йæ хорзы кой айхъуыст уымæй, æмæ уый хуызæн растдзæвин æмæ тагъд æхсын ничи фæ- рæзта. Иннæ сармадзантæн, суанг сæ тæккæ хуыздæртæн дæр дыууæ хатты фехсын кæм æнтыст, уым иу фыццаг сар- мадзан фæкодта æртæ ’хсты. Уымæй та бæрæг уыд уый, æмæ уыцы сармадзанцмæ цы ’фсæддонтæ архайдтой, уы- 149
дон сеппæты куыст æмæ дзы алкæмæн хицæнæй йæхи куыст дæр иттæг хорз кæй уыдис, уый. Уæлдай номдзыддæр уыд Ковалев, фронты мидæг хуыз- дæр æхсæг, Советон Цæдисы Герой. Æмæ афтæмæй Ваняйы йæхимæ чи райста, уыцы ног бинонтæ уыдысты иттæг зындгонд æмæ иттæг кадджын. Ваня уый бафиппайдта уайтагъддæр, кæд сармадзанæй æхсджытæ сæхицæй никæд æппæлыдысты æмæ сæ хæс- тон хъуыддæгты тыххæй бирæ нæ дзырдтой, уæддæр. Æмæ Ваня дæр фыццаг сармадзанæй афтæ сæрыстыр сси, æмæ раст уымæй размæ разведчикты командæйæ куыд сæрыстыр уыд, афтæ. Æмæ та уымæй дæр ноджы уæлдай бæрæг дæр уыдис, йæ зæрдæ æцæг салдаты зæрдæ кæй у, уый. Уымæн, æмæ цавæр салдат нæ уыдзæн сæрыстыр йæхионтæй? \ Фæлæ уæлдай диссагдæр цы фæкаст лæппумæ æмæ разведчиктæй кæй фæхицæн, уый йын бæрæг тагъддæр цы ферох кæнын кодта, уый уыдис—сармадзан. Æрмæст уыцы ныхас йæхæдæг дæр—сармадзан—лæп- пуйы ласта йæхимæ æмæ йæм кастис стыр æмæ тыхджын цыдæр. Ваня цыдæриддæр хæстон ныхæстæ хъуыста, уы- донæн сеппæтæй дæ’р уыцы ныхас хæстондæр уыд. Хæстон ныхæстæ бирæ уыдысты: блиндаж, пулемет, атакæ, тох, разведкæ, азимут, авиаци, винтовкæ, дзот æмæ афтæ, чысыл уыдысты цы? Фæлæ дзы иу ныхас дæр афтæ биноныг нæ, хъуыстис тохы гыбаргыбур, нæмгуыты ниуын, æндоны зыланг. Ваня зыдта, артиллерийы хæсты хуыцау кæй хуыдтой, уый. Æмæ уыцы æвирхъау тыхджын егъау хуыцау цыма йæ цæстытыл гæзæмæ уадис, афтæ Ванямæ бæстон хъуыстис уы’цы хуыцау цы иунæг дзырд фæзæгьы, уый— «сармадзан». Ваня арæх хъуыста уыцы дзырд—«сармадзан», фæлæ йын иу стæм хаттæй фæстæмæ никуы бантыстис уымæ хæ- стæг бакæсын, уæлдайдæр та сармадзанæн йæхимæ йæ къухæй бавналын. Сармадзаны мидæг уыдис æрцахсæнкæ- мæн нæ уыд æмæ бафиппайæн кæмæн нæ уыд, цыдæр ахæм сусæгдзинад, уæлдайдæр та хæсты быдыры уæвгæйæ. Арв æппæтæй дæр сыгъдис са’рмадзаны гæрæхтæй, иу 150
минут дæр нæ хуыссыд, афтæмæй. Адæм цæмæй сæ кæрæдзийы ныхас хъуыстаиккой, уый тыххæйиу иннæйы хъусы хъæр кодта йæ тых-йæ бонæй. ’ Нæмгуытæ æвиди- гæ гуылфæй калдысты уæлæты æмæ сæ хъæр уыд, куыд никуыма фенд, ахæм стыр цыргъгæнæн дуры хъæры хуызæн. Нæмгуытæ кæм хæлдысты, уым иу сау зæххæй скалдтой бирæ тоннæгæйттæ. Сармадзантæ сæхæдæг та, утæппæт хъуыддæгтæ чи арæзта, уыдон никæцæй зынды- сты. Уыдон уыдысты кæмдæриддæр æмæ никуы. Ныртæккæ та Ваня сармадзаны канд уынгæ нæ фæ- кодта хæстæгмæ, канд æвналгæ йæм нæ бакодта йæ къухæй, уый нæ фæлæ ма хъуамæ йæхæдæг æххуысгæ- иæг дæр уа уыцы сармадзанæй æхсæгæн. Уый уыдис фыццап взводы фыццаг сармадзан, æмæ Ваня дæр уыдонæй кæй уыдис, уымæ гæсгæ сармадзан Ваняйы дæр уыдис. Йæ цæргæ-цæрæнбонты дæр æй нæ ферох уыцы дисса- джо1, абарæн кæмæн ницæуыл ис, уыцы бон—фыццаг хатт сармадзаны цурмæ цы бон бацыд, уый. Капитан Енакиевы батарейы сармадзантæ æдæппæт цыппар уыдысты. Уыдон лæууыдысты рæнхъæй — иуæй иннæйы ’хсæн — дыууиссæдз метры бæрц. Сеппæт дæр хæрз æмхуызæттæ уыдысты. Фæлæ уæддæр Ваня æнæуæндгæйæ цы сармадзанмæ бацыд, уый куыддæр цы- ма æндæрхуызондæр уыд, æнæхъæн дунейы уый хуызæн никуы уыд æмæ ницахæм æндæр сармадзаны хуызæн уыд? афтæ йæм каст. Уый уыдис «хи» сармадзан. Сармадзан æвæрд уыдис чысыл æрдæгдымбыл къаннæг акъоппы,( йæ хæтæл ныгуылæны ’рдæм, йæ дзывыргонд та байбын къахт зæххы фидаргондæй. Фыр дисæй Ваня йæ цæстытæ ныццавта сармадзанмæ, афтæ йæ алыфарс æр- зылдис, цыма дзы æфсæрмы кодта, афтæмæй^ Хæтæлы бырынкъыл конд уыдис брезентæй къаннæг агъуд, фæлæ Ваняйæн йæ цурты фæцæй-цæугæйæ йæ цыд фæтагъд- дæр, йæ сæр фæгуыбыр кодта, сармадзан æнæнхъæл гæрах куы фæкæна, уымæй тæрсгæйæ. Афтæмæй сармадзанæн та йæ бакаст уыдис иттæг æнæ- 151
маст сабыр æмæ æвдылд. Æвиппайды бакæсгæйæ дæр бæрæг уыдис, сæ сармадзаны уарзгæ дæр æмæ йæм зилгæ дæр хорз кæй кæнынц, уый. Сармадзан уыдис сыгъдæг сæрфт æмæ сæрст. Цыдæриддæр уыд, уымæй хæрзвидауц, хæрзарæзт салдатыл куыд вæййы, афтæ. Иуæй-иу рæтты кæд сармадзаны æмæ бомбæты схъиуæццæгтæй фæхуын- чъытæ æмæ фæцъæррæмыхстытæ ис, уæддæр сæ бадзæ- бæх, байдзаг кодтой æмæ сæ сахуырстой. Хæтæлы дзыхыл цы агъуд конд уыдис, уымæй æттæмæ ма сармадзаныл уыд ноджы дыууæ æндæр брезентын агъу- ды. Сæ иу æвæрд уыдис гуыдырыл; иннæ та конд уыдис цавæрдæр, зынбазонæн, уарты цур æвæрд чи уыд, ахæм. Уыдис ма сармадзаныл цавæрдæр маховиктæ, цæлхытæ, асыччытæ. Уыдис ма дзы лафетыл фидаргондæй белтæ, къахæн, фæрæт. Бæрæ’л уыдис сармадзаыæн кæй «æмбæл- дис» бирæ алыхуызон хъæугæ дзаумæттæ дарын!. Фæлæ ма дзы уыдæттæй дæр бирæ фылдæр æндæр цыдæртæ уыд. Сармадзаны алфамблай, хорз колхозон ивтонг хæдзара- дау, фæткыл арæзт уыдысты алЫхуызон агъуыстытæ, фли- гельтæ. Сармадзаны ивтыгъд гилдзытæ кæм уыдысты, уы- цы уæрдон сармадзаны фарсмæ зæххы бын фидаргонд уыд суанг йæ сæмæны онг æмæ Ванямæ кастис сæйраг къан- торы хуызæн; сæ сæр гом кæмæн уыд, ахæм тъæпæн хъæ- дын асыччытæ, æрхуы гилдзытæ æмæ алыхуызон нæмгуы- тимæ æнгом æвæрдæй кæцæй зындысты, уый хъуамæ уыдаид артхуыссынгæнæн дзауматæ кæм вæййынц, ахæм сара; телефонист цы акъоппы бадтис, уый та—абана—уыр- дыгæй иу сгæпп ласта, сырхдзæсгомæй, хидкалгæйæ те- лефонист, цыма абанайæ рауад, афтæ; сармадзанимæ чи архайдта^ уыдон цы дзыхъыты бадтысты, уыдон та йæм кастысты мусы алыфарс цы къанау æмæ сыджытын бру вæййы, уый хуызæн; алырдыгæй зæххыл цы æхст гил- дзытæ лæууыд, —< топпыхосæй чысыл фæсау сты,—уыдон цыма хъæууон хæдзарады кусæнгарз уыдысты, ремонт кæ- нынмæ кæй æрæмбырд кодтой, ахæмтæ; уындфæливыны фæдыл цы иаз "бæлæстæ сагъд уыдис, уыдоп та хæдза- 1.")^
ры раз цы къаннæг дыргъдои вæййы, уый хуызæн уы- дысты. Фæлæ уæддæр уыцы сабыр царды хуызы мидæг зынд цыдæр тæссаг æмæ цавæрдæр исты стыр хъуыддаг бакæ- яынмæ æртхъирæн цы кæны, ахæм цыдæр. Райдиаиы лæппу ницы амалæй æмбæрста, уыцы æрт- хъирæнгæнæг, стыр хъуыддæтæ бакæнынмæ чи хъавы, уый цы у æмæ кæ*м ис, уый. Фæлæ йæ стæй бамбæрста. Уыдон уыдысты, нæмгуытæ æмæ бомбæты хæлдæй цы стыр хъуырдзæвæнау дзыхъытæ уыдис, уыдон. Ваня сæ фыццаг хатт хъуыды дæр не ’ркодта. Ахæм дзыхъытæ сармадзаны алыфарс иугæйттæ нæ, фæлæ дæсгæйттæ уыдысты. Уыдон уыдысты ног, хæрз æрæджы ’чи февзæрд, ахæм хъуырдзæвæн дзыхъытæ. Уыдонæй цы сыджыт æмæ æлыг ракалд саубын кæрдæгыл, уый нæма ныхъæбæр, хæмпус ма уыдис æмæ цыма тæвд дæр уыдис, афтæ каст адæй- магмæ. Уымæй бæрæг уыд, хæрз æрæджы, чи зоны тæккæ абон райсом, \ш кæй сæмбæлдысты немыцаг сармадзанты нæмгуытæ. Ныхас дæр ыл нæй, уыдон сармадзанмæ кæй хъавыдысты, ууыл. Уымæй размæ Ваня йæ хъус æппындæр иæ дардта, искуы иу йæ развæндагыл ахæм хъуырдзæвæн дзыхъытæ куы федта, уæд. Цыма йæм уыдон ницы бар дардтой, аф- тæ иу сæ фæрсты ницы фенæгау фæраст дарддæр, уымæн, æмæ зыдта, «уый»—фæцис, сармадзаны нæмгуытæ сæ кæнон бакодтой, ныр та дзы тас ницыуал у. Ныр сæ федта уадидæгæн дæр æмæ сæ æмбарын бай- дыдта бьштон ног хуызь*. Тæккæ гъе уæд немыцаг сарма- дзанты нæмгуытæ æрбатахтысты батареймæ.; Уыдон фехæлдысты сармадзаны алыфæреты,, сæ фыдвæд ныууагь- той, афтæмæй. Фæлæ батаре никуыдæм ацыд. Сармадзан баззад йæ фыццаг бынаты- Фронты мидæг ницы фендæр- куызон- Æмæ кæд афтæ баззадысты, уæд немыцаг сарма- дзанты нæмгуытæн та цыдæриддæр рæстæджы уыд ногæй æрбацæуæп æмæ \ыпь: хатт мæлæтдзаг цæф семæ æр- бахæссæн. Адæймагмæ афтæ каст, цыма уæлдæф йæхæдæг дæр — 153
уазал, фæззыгоп уæлдæф, — æппæтæй дæр мæлæт хæссы, афтæ. Мæлæты аууон ныдзæвыд мигътыл, наз бæлæстыл, зæххыл. Афтæмæй сармадзан æхсджыты цыма уыдæттæ фиппайгæ дæр нæ кодтой, афтæ зындис, æтте бакæсгæйæ. Салдæттæй сæ сармадзаны алыфарс чи æрæнцад, уы- донæй алчи дæр кодта йæхи хъуыддæгтæ- Чи сæ, нæмыг- дон нæзы асыккыл банцой гæнгæйæ фыста письмо, химикон кърандас йæ æвзагæй хуылыдз кæнгæйæ», йæ худ та йæ къæбуты ’рдæм азилгæйæ; чи бадтис лафетыл, йæ цинелы æгънæг хуыйгæйæ, чи та тамако стухгæйæ архайдта æр- цъыкк-æхсонæй зынджы цæхæр хиарæзт зныхыл афтауын æмæ уый фу кæнгæйæ зныхæн калд йæ урс фæздæг. Разведчиктимæ цæргæйæ æмæ хæсты быдырмæ алыр- дыгæй кæсгæйæ, Ваня фæцайдагъ хæстмæ уæрæх æмæ алыхуызон цæстæй кæсын. Уый фæцайдагъ уынын фæн- дæгтæ, хъæдтæ, хидтæ, быргæ танкæтæ, згъоргæ фистæг æфсад, минерты, бæхджын æфсад, адæгты чи фæпырх вæййы, уыдой. Ам, батарейы дæр уыдис хæст, фæлæ чи æрбакъуын- дæг, ахæм, сармадзантæй æмæ уыдоны дзауматæй уæлдай кæм ницы уыд, ахæм къаннæг зæххы гæппæлыл (суанг ма сæ цуры цы сармадзантæ уыд, уыдон дæр нæ зындысты), уындфæливæн наз бæлæстæ æмæ фæззыгон, цъæх арвы рухсмæ чи зынд, уыцы къуылдымы фахсæй дарддæр кæм ницы зынд, ахæм. Уыцы къуылдымы рагъæй дарддæр цы уыд, уымæн та Ваня зонгæ ницы кодта, кæд уырдыгæй рæс- тæгæй-рæстæгмæ сармадзаны рог гæрæхтæ хъуыстысты уæддæр. Ваня лæууыд сармадзаны цалхы цур. Цалх уыдис йæхи æмбæрзæндæн. Ваня кастис, сармадзаны зылын уартыл цы гæххæтт ныхæст уыдис, уымæ- Уыцы гæххæттыл сæнт сау ахорæнæй ставд фыст уыдысты цавæрдæр номертæ æмæ цифрæтæ. Ваня бæргæ архайдта сæ бакæсыныл æмæ сæ бамбарыныл, фæлæ сын ницы бафæрæзта. — Гъы, Ваня, куыд дæм кæсы нæ сармадзан?—зæгъгæ пæм æрбайхъуыст чъылдымы’рдыгæй бæзджыи хæлар- зæрдæ хъæлæс- \о\
Лæппу фæстæмæ фæзылд æмæ федта сармадзаны хъавæг Ковалевы. — Афтæ, бæгуыдæр, æмбал Ковадев;, тынг хорз мæм кæсы,—тагъд дзуапп радта Ваня æмæ, йæхи фесхъæл кæнгæйæ радта чест. Æвæццæгæн »ын капитан Енакиев цы бацамыдта, уый дзæгъæлы нæ фесæфт. Хорз æй бадардта йæ зæрдыл Ваня. Уæдæй фæстæмæ, йæ хисдæримæ дзургæйæ, иу Ваня алы хатт дæр йæхи фæраст кодта æмæ дзуапп лæ- вæрдта рæвдз, райдзаст цæттæхуызæй. Хъавæг Ковалевы раз ма йьщ уæлдай æгæр дæр фæцис- Чест ын радта, фæлæ йæ къух дæлæмæ æруадза, уый йæ ферох- — Цæй, хорз, æруадз дæ къух. Уæгъд дæ,—загъта Ковалев æмæ тынг æхсызгон цæстæнгасæй бакаст къан- нæг салдаты хæрзвидауц гуыры кондмæ. Ковалевмæ æтте чи бакастаид, уый нæ, загътаид ив- тонг, æвзыгъд салдат, Советон Цæдисы Герой, фронты хуыздæр хъавæг у, зæгъгæ- Фыццаджы дæр уый, æмæ æрыгон нал уыд. Ванямæ уый кастис йæ фыды ’фсымæры, нæ фæлæ йæ фыды-фыды хуызæн- Ковалев хæсты агъоммæ уыд маргъдарæн стыр фермæйы хицау. Йæ бон уыдис фронтмæ нæ ацæуын. Фæлæ хæсты фыццаг бон йæхибарæй ацыдис хæстмæ- Фыццаг дунейон хæсты заманы службæ кодта артил- лерийы æмæ уæддæр нымад уыдис номдзыд хъавæгыл. Уымæ гæсгæ ацы хæсты дæр ракуырдта,, цæмæй йæ айсой артиллеримæ хъавæгæй. Райдианы йæм батарейы кусджытæ æнæууæнк цæстæнгас дардтой — уымæн, æмæ йæ бакаст æгæр фæлмæнзæрдæ, бынтон граждайнаг уыдис. Фæлæ фыццаг тохы мидæг йæхи равдыста йæ куысты ахæм æм- бисоады дæсныйæ æмæ йыл уыцы хъуыддаджы фæдыл цы æнæууæнкдзинад уыд, уымæн уæдæй фæстæмæ йæ кой дæр нал уыдис- Сармадзанæй æхсыны хъуыддаджы уый цы куыст кодта,, уый хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд, фæлæ стыр аивады мшш\æг. Сармадзапæй хъавджытæй бирæтæ вæййы хæрз- тæ, æитыстджынтæ. Вæййы курдиатджынтæ. Вæййы ном- дзыдтæ, иннæтæй уæлдай хуыздæртæ. Уый та уыд гепи- 1Л5
алон. Æмæ дзы диесагдæр та уый уыд, æмæ дунейон фыц-" цаг хæстæй ныры хæстмæ цы фондз æмæ ссæдз азы рацыд, уыцы даргъ рæстæджы- дæргъы дзы йæ дæснизд рох нæ, фæлæ ма ноджы фылдæр фæцис- Ног хæст артиллерийы раз æрæвæрдта ног домæнтæ. Уый рар- гом кодта хъавæг Ковалезмæ ахæм миниуджытæ, æмæ фыццаг хæсты бынтон’ æххæстæй фæзынæн кæмæн нæ уыд. Иунæг дæр ахæм нæ уыд, æмæ комкоммæ æхсæны хъуыддаджы уый хуызæн чи сарæхстаид- Йе ’мкусджытимæ-иу ратылдтой ^са’рмадзан æргом позицимæ æмæ сыл иæмгуытæ ихуарæгау згъæлдысты, афтæмæй æдыхст, бæлвырд æмæ иттæг тагъд æхстæй цавтой немыцы æфсады кортекæй кæнæ та бронхалæн нæмгуытæй немыцаг танкты- Ам æрмæст дæсниад!- æгъгъæд нæ уыд, цыфæнды бæрзонд æвæрд куы уыдачд, уæддæр. Ам хъуыдис кæроы кæмæн нæ уыд, ахæм хъæбатырдзинад. Æмæ йæм уыдис уый. Кæд æтте бакастæй уый ницæмæй бæрæг уыд, йæ хуыз раст сабыр иæрæг адæймаджы хуызæн, уæддæр Ковалев уддис номдзыд хъæбатыр. Тасдзинады минут иу бынтон фендæрхуызон. Уымæн- иу йæ хуылфы ссыгъд æнæуромгæ фыдмасты уазал зынг. Иунæг къахдзæф дæр ын фæстæмæ ракæнæн нæ уыд. Уый æхста йæ сармадзанæй суанг фæстаг гилдзы онг. Фæстаг гилдз-иу куы фехста, уæд-иу æ’рхуыссыд йæ сармадзаны фарсмæ æмæ æхста автоматæй. Автоматы чъиритæ иууыл- дæр æхст фесты, зæгъгæ, уæд та-иу сындæггай æрбаласта йæхихмæ къухæй æппаргæ гранатты асыкк æмæ> йæ цæсты- тæ æрцъындау кæнгæйæ, æппæрста гранаттæ фæд-фæдыл, цалынмæ-иу немыц фæстæмæ! айстой сæхи, уæдмæ. Адæмæй бирæ вæййы хъæбатыртæ. Фæлæ райгуырæн бæстæйы æрмæст арф хъуыды æмæ мондаг уарзт чи кæна, зхæм хъæбатыр свæййы герой. Ковалев уыд æцæг герой. Уый мондаг, фæлæ сабыр арф уарзт кодта райгуырæп бæстæйы а.1мæ йæ \дхæссæг уыдта йе’ знæгтæй. Немы- цæй та йæ удхæссæг уыдта фыццаг хæстæй фæстæмæ. Немыцимæ йыд сæрмагопд цæуылдæрты уыд дзуринаг. Æхсæрдэ^сæм азы йаз Сморгоны цур чысыл ма бахъæуа №
фæ\:уыд\т кæноп газтали. /Им;г уа’дæи фæсьт^æ Ковалев чысыл лумфга* дæр кодчл. Немыцы тыххæп йæ пычис пы- быр уыд: — Æз сæ хорз зонып: уыдоп цьзм^ар сты. Уыдопимæ мах хъуамæ дзурæм æрмæст сармадзапы æвидигæ нæм- гуыты дзыхæй. Æидæр æвзаг не’мбарынц. Р1с ’ртæ фырты армины уыдысты. Сæ иу уым фæ- мард. Ковалевæн йæ уч — дохтыр — уый дæр армийы уы- дис. Хæдзары, ничиуал баззад. Йæ’. хæдзар уыд арми. Цалдæр хатты командæгæнджытæ хъавыдысты Ковале- вы уæлдæр бынатмæ баргъæвын. Фæлæ алы хатт дæр куырдта, цæмæй Лæ ныууадзой хъавæгæй æмæ йæ ма фæхицæн кæной сармадзанæй. — Хъавæг—уый ме^’цæг куыст у,—дзырдта Ковалев,-- æндæр куысты афтæ хорз нæ сарæхсдзынæн. Баууæндут мыл. Цин райсынмæ нæ бæллын. Уæды хæсты дæр хъа- вæг уыдтæн æмæ ныр дæр хæсты фæудмæ хъавæг куыд уон, афтæ мæ фæнды. Командирæн та бæзгæ нал кæнын. Базæронд дæн. Æрыгон адæмæн дæттын хъæуы фæндаг. Табуафси. Æмæ йæм куыд фæстæмæ нал дзырдтой уый тыххæй, Стæй, чи зоны, Ковалев растдæр хъуыды кодта: алы адæй- маг дæр йæхи бынаты хорз вæййы. Æмæ æппып фæстаг куы зæгъæ^, уæд службæйы хъуыддагæн дæр нæ дæр хорз, иæ дæр æвзæр командиры бæсты фæлтау- номдзыд скуыхт хъавæг пайдадæр у. Уыдæттæ иууылдæр зындгонд уыдысты Ваияйæп æмæ æфсæрмдзастæй каст номдзыд Ковалевмæ, нæ йæм уæн- дыд, стыр, кадджын лæг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ковалев уыдис бæрзонд, къæсхуыр лæг. Йæ уæлæ уыд ноГ’, фæлæ сармадзаны сой кæм ахъардта, ахæм, бæм- бæгджын уæлæфтау, йæ уæхсчытыл уæгъд æппæрс- тæй. Лæууыд, цыма сæ хæдзары уыд, афтæ æнæ худæй. Йæ сæр уыд быныл даст, нæлгоймæгтæй йæ сæр кæмæн фæлæгуын кæны, уыдон сæ куыд фæдасынц, афтæ. Йæ бæрзæй сырх., дымгæ кæй фæхъæбæр кодта, ахæм тигъ- джын æнцъылдтимæ, урсдзæф рихитæ æмæ хæрз даст роцъо уыдысты, с)алдатæн куыд вæййынц, афтæ. 157
Æиæуп дæр йæ уæлæ дарæс кæд куыд æмбæлы, ар- чиллерпйæн куыд вæййы, афтæ хæрзвндауц уыд, фæлæ уæддæр зæронд формæ уыди, «уыцы хæстæй» цыма баз- зад, ахæм: йæхи сау скæллад æттаг хæлаф,, армимæ йемæ кæй æрхаста уый æмæ йæ дзыхы та ахуырст лулæ>, фæз- дæгæй чи фæсау, ахæм зест сæвджын лулæ. Ваняйы фæндыд Ковалевы бирæ цæмæйдæрты бафæр^ сын. Зæгъæм дзырдæн, сармадзанæй , куыд ныхъавынц. Æхсгæ дзы куыд фæкæнынц. Къаннæг хæцæнджьш цалх цæй тыххæй у. Агъудты бын цытæ ис. Уартыл ныхæст гæххæтытыл цы фыст ис. Сармадзанæй тагъд æхсдзысты æви нæ. Æмæ ма иоджы бирæ æндæр цæмæйдæрты. Фæлæ йын æфсæддон дисциплинай нæ лæвæрдта, хис- дæримæ раздæр йæхæдæг райдайа ныхас кæнын, уый бар. * 21 * — Хорз у, нæ сармадзан дæм дзæбæх кæй кæсы, уый,—за<Гъта хъавæг Ковалев,—дзæбæх сармадзан у. Аргъгæнæг ын аргъ не’скæндзæн. Диссаг у. Уый æрхоста сармадзанæн йæ хæтæл, цыма бæхы рагъ æрхоста, уыйау, стæй æркастис йæ армытъæпæнмæ æмæ ууыл чъизи фæхæцыд, уый куы бафиппайдта, уæд йæ дзыппæй систа хз^с хæцъил æмæ уарзон сæрфт ныккодта сапмадзаны. ! ^ — Сыгтьдæгдзинад мын уарзы,—загъта уый, цыма æф- сæрмы фæцис æгæр æй кæй сæрфта, уый тыххæй афтæ.— Уæдæ сæ батарейы командир махмæ ахуыр кæнынмæ æрбарвыста, и? — Афтæ, бæгуыдæр, æмбал сержант. — Æдзух чест ма дæтт. Ницы кæны. Схъæлæй ма дар дæхи. О, æмæ цы, раст у уый. Кæд дæ фæнды хорз артиллерист суæвын, уæд ахуыр кæн дæ чысылы бонтæй фæстæмæ сармадзанимæ архайын/, стæй куы фæцайдагъ уай, уæд дæ сæр цалынмæ æсурс уа, уæдмæ куы фæцæ- рай, уæддæр дæ нæ ферох уыдзæн, цы кæнын хъæуы, уый. 1Г)8
Æмæ æфсæрмдзæстæй каст номдзыд Ковалевмæ. 159
Уын æрбадтпс лпфетьтл æмæ тъæпæнбыл аркъпуæп цнлцæг кæныи райдыдта йæ къаннæг цæсхкæсæшæ, Ванямæ та иттæг хæлар æмæ йын цыма нæ зæрдæйы тæк- кæ бæстастæумæ иыккæсынмæ хъавы, ахæм дæрддзæст адæймаджы цæстæй бакаст. — Афтæ уæдæ хæххон цæргæс. Сармадзаны уарзын хъæуы æрыгон уæвгæйæ. Мæнæ ды ныртæккæ куыд къаннæг дæ, æз дæр ахæмæй æрцыдтæн батареймæ. Уый та уыдис, мæ хæлар, бирæ уа, гыццыл уа, уæддæр дæс æмæ ссæдз азы разæй. Чысыл рæстæг нæу. Æмæ ма Ноф- тæккæй хуызæи мæ зæрдыл лæууы. Уæд, раст зæгъын хъæуы, æз дæуæй хисдæр уыдтæн. Цыдис мыл уæд нудæс азы. Хибарæй цыдтæн хæстмæ. Фæлæ уæд- дæр лæппу æмæ лæппу. Æмæ мæм диссаг цы кæсы уый зоныс: гъе уæддæр пæ батарс лæууыд позицæйы, мæнæ пыр цы ран лæууæм, уым кæмдæр. Кæсыс мæ царды’ зил- лакк кæуылты æрзылд? Ныр ын, кæй зæгъын æй хъæуы, базонæн дæр ыал ис. Уый акæстытæ кодта фæйнæрдæм æмæ йæ къух ауыгъта,'. — Уæдæй нырмæ зæхх бирæ фендæрхуызæттæ. Хъæд кæм уыд, уыдон быдыртæ фестадысты. Быдыр кæм уыд, уым æрзад хъæд. Фæлæ уæддæр ам кæмдæр уыд. Германы арæныл. Уæд махонтæ фæстæмæ цыдыстьи. Ныр та размæ бырсæм. Гъе, æндæр ницы. Уыцы ныхæстæ Ваняйы зæрдæйы иннæрдыгæй ауадыс- ты. Уый уæвгæ хъусгæ бирæ хæттыты фæкодта, ома мах æфсад фæбырсы Скæсæн Пруссимæ, Скæсæн Прусси та Герман у, æмæ рæхджы Советон Æфсад немыцы зæхмæ бахиздзысты, уыдæттæ. Ваня дæр, æфсады чи уыдис, уыдонæн сеппæтау æп- пындæр дызæрдыг нæ кодта, æмæ йæ уырныдта, боны фæстагмæ афтæ кæй уыдзæц, уый. Фæлæ уæддæр ныр куы фехъуыста рагæй кæмæ бæллыд æмæ æнхъæлмæ кæмæ каст, уыцы ныхæстæ: «Германы арæн», уæд ма æххæст æмбаргæ дæр нæ бакодта, Ковалев цы дзуры, уый. Афтæ> апыгъуылд хъуыдыты мидæг, æмæ йæхи дæр нал баурæдта æмæ Ковалевы схуыдта—хорз лæг.
— Кæм ис Герман, хорз лæг? Кæм ис арæп? — Уартæ гъе уый. Гъе уый у арæн,—загъта Ковалев, йæ уæхсчы сæрты аркъауæй амонгæйæ, ахæм , хуызы, æмæ цыма фæндаг чи фæрæдыд, уыцы ’бæлццонæн зонгæ уынг амыдта. — Уæртæ уыцьт къуыбыры фæстæ. Ардыгæй иу фондз километры æттæдæр. Фылдæр нæ. — Æцæг зæгъыс, хорз лæг? Сайгæ мæ нæ кæныс?— хатæгау афарста лæгшу, иуæй-иу салдæттæ-иу æй барæй кæй амæстæй мардтой, уый фæдыл, кæй не ’ууæндыд, уымæ гæсгæ. Фæлæ Ковалевæн йæ цæсгомыл бæрæг уыд, худгæ кæй нæ кæны, уый. — Æцæя зæгъын, — загъта уый. — Уым ис цæугæ дон. Доны æтте та Герман райдайы. — Батарейы номæй расомы кæн, — бахатыд Ваня. — Цæмæн дæ хъæуы, батарейы номæй, нæхæдæг тæккæ æрдæбон дæр ма æхсты раст хъавд базонынытых- хæй уырдæм æхсгæ куы кодтам! Уыныс, цал нысанæн базыдтам сæ хъавд? Æмæ Ковалев аркъауæй ацамыдта, сармадзаны уартыл цы гæххæтт ныхæст уыд, уымæ. Фæлæ ма Ваня уæддæр дызæрдыг кодта. Уымæн зын бауырнæк уыдис, мæнæ ацы ран, хæрз æввахс, бирæ нæ, фæлæ иу фондз километры æттæдæр кæй райдайдзæы, йæ æфхæрд æмæ агайд зæрдæйы цы тæссон, тугдзых æмæ цъаммар, æлгъ ныхас бадтис: «Герман» — зæгъгæ, уый. — Хорз лæг, сайгæ мæ ма кæн! — кæуынхъæлæсæй загъта Ваня. — Уæу, æнæрай æсуай! — фæхудтис Ковалев. — Нæ дæ уырны. Æмæ уым диссагæй цы ис? Æмæ ма нæ разведчиктæ знон дæр уыцы Германмæ куы бацыдысты æмæ абон, сæумæрайсом куы æрбаздæхтысты. Афтæ, зæгъы, фæтарстысты, æмæ сæ сæр цы фæкæной, уымæн ницыуал зонынц. — Ау! Разведчиктæ Германы уыдысты? Ковалевæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, Ваняйæн йæ тæккæ зæрдæ куыд фæрæхуыста, уый. Кæс-ма разведчиктæ 11 Полчы чъэебу.1 161
амидæг сгы Гермапы дæр. Æвæццæгæп уым уыдыглы Биденко æмæ Горбунов дæр. Сержант Егоров та дзы æнæмæнг уыдаид. Уæдæ Ваняйы сармадзанæй æхсджыты взводмæ куы пæ раивтакккой, уæд уый дæр уыдаид Германы. Бахатыдаид разведчиктæм. Уыдон æй акодтаиккой семæ. Æцæг афтæ уыдаид. Ацы ран Ваня тынг хардзау æркастис йæхимæ. Уæд- дæр ма йæ мид-зæрдæйы разведчик уыдис. Йæ цæсгом ссыгъдис фыр мæстæй. Бæгуыдæр! Разведчиктæ сеппæт дæр уыдысты, уый та нæ уыд. Ваня смæсты, цæсгом ныссырх æмæ йæ, былтæ æхсын- гæйæ йæ дондзаст цæстытæ дæлæмæ æруагъта. — Æз сын бацамыдтаин, уым,: Германы!—æнæ ’нхъæл- гæ загъта уый фыр /мæстæй æмырДзыхæй, æмæ йæ цæс- тытæ цæхæртæ акалдтой. Ковалев дисгæнæджы каст бакодта лæппумæ, фæлæ не схудтис æмæ нæ загъта, æндæр салдат æнæмæнг цы ныхас загътаид, уый: «Ды мæ хæлар, чысыл фийау, мæстыгæр дæ». Уый бамбæрста, уыцы минут лæппуйы зæрдæ куыд кодта, уый., Уый систа йæ лулæ,, ныккодта дзы, махоркæ, ссыгъта йæ, æркъæпп кодта тамакодоны сæр æмæ, йæ ри- хиты бынæй тамакойы урс фæздæг рауадзгæйæ, хæрз са- быр æмæ арф хъуыдьшæнгæйæ загъта: — Багæдзæ уал кæн, чысыл фийау. Æфсæддон службæйы зонын хъæуы коммæ кæсын. Ныр дæуæн дæ бынат сармадзанимæ у. Германмæ дæр бацæудзынæ сарма- дзанимæ. ; Æмæ цæмæй йæ ныхæстæ лæппумæ æгæр хус æмæ зондамонæн ма фæкæсой, уый тыххæй ма сыл худгæйæ афтыдта: — Музыкæимæ! Тæккæ уыцы сахат кæмдæр уындфæливæн нæзыты æт- те æрбайхъуыстис ^съæрæй загъд командæ: — Батаре хæстмæ цæттæ у! Æхсæд фыццаг сар- мадзан. Телефонисты къаннæг акъоппæй сгæпп ласта сержант Сеня Матвеев, цæугæ-цæуын йе’гънæджытæ æвæргæйæ æмæ йæ са^ петлицæджын æнцъылд цинел дзæбæхтæ 162
кæнгæйæ. Йæ æрыгон цæсгом мæтхуыз æриывд кæнгæйæ уый йæ тых йæ бонæй ныхъæр кодта, дамгъæ «р» дзы цыма нæрыд, афтæ: — Фыццаг сармадзан хæстмæ цæттæ у! Нысанмæ но- мыр цыппæрдæс. Гранатæй. Схъис халæг. Рахизæрдæм аст нол. Прицел сæдæ дæс. Уыцы ныхæстæ Ванямæ фæкастысты цавæрдæр стыр сусæгдзинады хъуыддаг æмæ æххæст загъд дæр нæма фесты, афтæ алфамблай цыдæриддæр уыдис, уыдон цæс- ты фæныкъуылдмæ фендæрхуызон сты—адæм дæр, сар- мадзан йæхæдæг дæр, æмæ йæ алыфарс цы дзаумæттæ уыдис, уыдон дæр æмæ ма суанг æввахс горизонты сæр арв дæр—уыдон иууылдæр систы карз, мæстыгæр æмæ тæссаг хæрздауд æмæ сæрст æндоны’рттывд цыма скодтой, афтæ. Æппæты фыццаг фендæрхуызон Ковалев. Ваня йал бафæрæзта иуфарс алæууын, нал ын бантыст афтæ ахъуыды кæнын: «Гъе ныр, райдыдта!»—афтæ Кова- лев агæпп кодта сармадзаны станинæйы сæрты, йæ иу къухæй кæцæйдæр йæ шлем æркæнгæйæ, иннæ къухæй та, æрдæбон лæппу уарты цур цы бæрзонд цыдæр федта, уымæн йæ агъуд исгæйæ. Ныр йæ агъуд ист куы’рцыд, уæд ноджы рæсугъдцæр æмæ цыдæр сусæгдзинадджындæр фæкаст лæппумæ, куыд æнхъæл уыд, уымæй дæр. Уый уыдис кæсæнцæст æмæ стереотруба—уыдон Ваня федта бирæ хæттыты—æмæ ма ноджы цавæрдæр æнæфенд машинкæйæ дыууæты’хсæн цыдæрхуызон. Уыцы машинкæйы æндон цæгтыл æмæ къаннæг барабантыл фыст уыдис бирæ ставд æмæ лыстæг цифрæтæ. Уыцы машинæ куы ауыдта, Ваня, уæд уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыд дзырд «арифметикæ». Ноджы ма дзы уыд æндæр цыдæр, сау сæрст æндонæй, æвæрд ыл уыд къуыпп авг, зулаив айдæн æмæ даргъ нукджын тъæ- пæн сау къопп. Уыцы дзаума та йын йæ зæрдæйыл æрба- лæууын кодта: «фотоаппарат». Ковалев æргуыбыр кодта æмæ, йæ цæст сау хæтæлыл сæвæргæйæ, йæ къæхтыл хæлиу, фидар, цавддурау æнæз- мæлгæ æрлæууыд, чысыл сæ ’ æрдзуццæг кодта, афтæ- 11'" 163
мæй, йæ къухты даргъ æнгуылдзтæ- тл, барабантæм æмæ цæгтæм æвналгæйæ, афтæ тагъд уадысты дæлæмæ- уæлæмæ, æмæ сыл цæст нæ хæцыди. Хаттæй-хатт иу Крвалев æвиппайды здухын райдыдта цавæрдæр цалх æмæ иу уæд зылдис сармадзанæн йæ хæтæл, йæхæдæг та иу йæ мидбынаты æнæзмæлгæйæ баззад. Фæлæ ма уымæй æттæмæ дæр æрцыдис бирæ æндæр- хуызондзинæдтæ. Лæппуйæн йæ цæстытæ ивæзтытæ кæнын байдыдтой. Уый нал зыдта), цæмæ ма кастаид, уый. Фыццаджыдæр,, чидæр æмæ куыддæр уыцы иу цæсты фæныкъуылдмæ феппæрста сармадзанæн йæ дыккаг агъуд æмæ Ваня федта сармадзаны сампал—бггзджын’ уæззау, хорз сæрст æндон куыд ферттивы, ахæм а æрттывтытæ калгæ, алюминийæ конд хæцæн æмæ, æфсæры къæдзы хуызæн, фидар æндон мæцъис. Æмæ уый дæр ма ницы, фæлæ Ваня федта æркъæпп- гæнæн шнур: лыстæг æндон рæхыс, æттейæ йыл адаргæ сæрак хуыд. Лæппу уайтапьддæр базыдта, цы у, уый. Уы- цы цæрмын къалбасыл рахæц, уæд сармадзан фехсдзæнис. Куыддæриддæр гуыдырмæ кæсæг—уыцы салдат гуы- дырмæ кæсæг кæй уыдис, уый Ваня уайтагъддæр базыд- та,—куыддæриддæр гуыдырмæ кæсæг хæцæныл æрбахæ- цыд æмæ путы æмуæз гуыдыр сойæ сæрст, сабыр æнæ хъæрæй байгом, йæ æндон, нуæсджын цилиндр, йæ тæккæ бæстастæу цæвæджы сау стъæлфимæ æмæ сармадзаны хæтæлы афтид айдæнау æрттивгæ лæсгæр здæхт куы ра- зындыстьг, афтæ лæппуйы цæстæнгас аныдзæвд гилдзыл. Уыдон ист уыдысты сæ асыччытæй æмæ зæххыл æм- раст рæнхъытæй æвæрд, салдæттæ згъæр каскæты цыма сты|, уыйау, кæмæн цы хуыз ис, уымæ’' гæсгæ дихгондæй: саутæ саутимæ, буртæ буртимæ, сырхытæ сырхытимæ. Иу гилдз дзы уыдис иу салдаты уæрагыл. Уыцы салдат та уыд асыччимæ чи архайы, уый. Уый æрлæууыд йæ иу къахæй зоныгыл, иннæуыд та нæмыг æрæвæрдта æмæ цы- дæртæу архайдта нæмыджы сæримæ. Уыцы рæстæджы ин- нæ салдат та фæцæйхаста цæттæ нæмыг сармадзанмæ. 164
Уый йæ тагъд атъыста хæтæльг, хуылфы, йæ армытъæпæ- нæй йыл размæ ахæцыд. Нæмыгæн фæстæмæ> рабырын нал бантыст, афтæ йæ гуыдырмæ кæсæг сампалæй ацахста. Сампал æркъæпп кодта. Ковалев сау хæтæлæй йæ цæст нæ айсгæйæ йæ иу къухæй æруадзæн шнурыл фæ- хæцыд, иннæ къух та бæрзонд систа æмæ загъта: — Цæттæ у. — Зынг!—фæхъæр кодта сержант Матвеев æмæ цыма исты лыг кодта, афтæ йæ къух æрриуыгъта. Æмæ Ваняйæн йæ хъуыдыйы дæр нæма’рцыд, æмбар- гæ дæр нæма бакодта цытæ чындæуы, уый, афтæ хъаваг Ковалев мæстыгæрæй уыцы иу цæф ракодта рæхыс æмæ йæ къух фæстæмæ дард айста, цæмæй сармадзан .фæстæ- мæ куы атула, уæд æй ма ныццæва, уый тыххæй. Сармадзан уый бæрц тынг хъæр ,нæ фæкодта, фæлæ афтæ тыхджын цæф ныккодта, æмæ дзы цыма алырдæм атахтысты сырх зыланггæнаг къоритæ. Æмæ Ваня бан- къардта йæ дзыхы топпы-хосы тæфы ад. Иу цъусдуг сеппæт дæр фæхъус сты, Германмæ цы нæмыг атахт, уый мынæг уынæрмæ-хъусгæйæ. Стæй Кова- лев æргуыбыр кодта панорамæмæ æмæ та йе’нгуылдзтæ згъорын байдыдтой барабантыл, гуыдырмæ кæсæг та рариуыгъта сампал æмæ уырдыгæй расхъиудта æмæ зыл- ланггæнгæйæ зæххыл акъуыбылой фæздæгкалгæ æрхуы гилдз. Ваня цы федта, уый йæм ахæм диссаг фæкаст æмæ фæ- къуырма, сагъдауæй аззад. Уыцы диссаг уыд—сармадзаны æхст. Стæй уæд фефсæрм’ы, уыцы архайæг адæмы ’хсæн кæй ис æмæ кæй ницы аразы, уымæй. Уæд зæххæй систа хус тæвд гилдз, топпыхосæй чи фæсау, уый, фæрсырдæм æй ахаста æмæ йæ æрæвæрдта иннæ æхст гилдзыты цæн- дыл: Уыцы хæрз тæнæг æмæ хæрз рæуæг, бæзджын æмæ уæззаубын —, «Ванька-Фест-ма»-йы хуызæн гилдз куы хаста, уæд æм афтæ^ каст, цыма гилдз йæ къухы дæр нæма банцад æхсты фæстæ йæ тæнæг зылангæй. — Раст кæныс, Солицев,—загьта сержаит Матвеев, йæ идаргæ къаннæг дзыппыдарæп чиныджы цыдæртæ фысгæ- нæ æмæ уыимæ пог командæ кæдæм æихъæлмæ каст, 165
уырдæм—телефонисты къаннæг акъопмæ зæрдæ’хсайгæ каст кæнгæйæ.—Нырма уал æмбырд кæндзынæ æхст гил- дзытæ, цæмæй къæхты бын ма хъыгдарой. — Хъусын дæм,—райгæйæ загъта Ваня æмæ йæхи фесхъæл кодта. Фронты алы хатт дæр стыр цытимæ афтæ кæмæй фæзæгъынц: «Артзынг», ныр уыцы ахсджиаг æмæ кадджын хъуыддаджы уый дæр цыдæр кæй давы, уый бан- къардта Ваня æмæ йæ зæрдæ ныррухс. — Æхст куы фæуа, уæд сæ баньшай æмæ сæ нывæр афтид лотокты, — бафтыдта йæ ныхасмæ Матвеев. — Хъусын дæм,—ноджы райдзастдæрæй дзуапп радта Ваня, кæд бæлвырд бæстон нæ бамбæрста лоток цы у, уый, уæддæр. Ваня æрæвæрдта æхст гилдзыты иууылдæр рæнхъæй, барæстытæ сæ кодта, разыйы кæстытæ бакодта йæ куыст- мæ æмæ йын æндæр куыст кæй нал уыдис, уый адыл ба- цыд Ковалевмæ. — Хорз лæгу—загъта уый, фæлæ æфсæддон хæс æх- хæст кæныны уæлхъус кæй лæууы, уый ахъуыды кæнгæйæ тагъд сраст кодта йæхи: — Æмбал сержант, бар мын раттут зæгъынæн. — Бафæлвар,—загъта Ковалев. — Æз уый бафæрсынмæ хъавыдтæн: ныртæккæ кæ- дæм ныггæрах кодтат, уый кæдæм уыд? Германмæ уыд? — Германмæ. —I Фыццаг хъавгæ ныккодтат? — Фыццаг хъавгæ ныккодтам. — Цæстæй ныхъавыдыстут. Мæнæ уыцы сау хæ- тæлæй? — Гъе, уымæй. Ваня иу цъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд. Йæ ны’фс нæ хаста уымæй фылдæр исты зæгъыымæ. Бафæрсынмæ ма цы хъавыд, уый йæм æгæр уæндон хъуыддаг каст. Афтæ куы бакæна, уæдын чи зоны йæ дзаума байсой æмæ йæ фæс- чъылдыммæ арвитой. Фæлæ йæ бафæрсын афтæ тынг фæн- дыд, æмæ йæхи нал баурæдта. — Хорз лæг,—загъта Ваня, куыд йæ бои уыд, афтæ фæлмæндæр æмæ лæгъстæгæнæг хъæлæсæй,—хорз лæг, !Пб
æрмæст мæм мæсты ма æсу. Кæд гæнæн нæй, уæд мæн даф нæ хъæуы. Уæд ницы зæгъын. Бар мын ратт иу хатт, æрмæст иу хатт, хорз лæг! — Кæцæй ныхъавыдыстут, уыцы хæтæлæй акæсон. ( — Цæуылнæ, уый гæнæн ис. Акæс. Æрмæст дæхимæ кæс. Мæ хъавд мын ма фæцагай. Ваня афтæ арæхстгæ цыдæй йæ къахы фындзтыл ба- цыд, æмæ цыма улæфын дæр нал уæндыд æмæ æрлæууыд, Ковалев кæм лæууыд, уым. Йæ къухтæ фæйнæрдæм акæнгæйæ, цæмæй сармадзаны хъавд ма фæцагайа, лæппу хъавгæ-хъавгæ йæ цæст сæвæрдта окулярыл. Ковалевы фæстæ ма хъарм, уыд окуляр. Уый федта ирд тымбылæг æмæ уый мидæг рухс æмæ æввахсæй зындысты цъымарайы ландшафт æмæ цъæхбын хъæды къахыртæ къул. Дыууæ тæнæг ирд хаххы дзуарæ- вæрдæй дих кодтой уыцы тымбылæг вертикал æмæ гори- зойталы ’рдæм æмæ уыдон руаджы уыцы ландшафт бæстон бæрæг зындис ныхасгæ, нывы хуызæн .Дыууæ хаххы кæм фембæлдысты, уым Ваня федта бæрзонд нæзы бæласы хи- цæн сæр, хъæды уæле чи разынд, ахæм. — Гъы, куыд у? Исты уыныс?—бафарста Ковалев. — Уынын. — Æмæ цы уыныс? — Зæхх уынын, хъæд уынын. Куыд рæсугъд у! — Дзуарæвæрд хæххытæ уыныс? — О, уынын. — Хицæн бæлас дзы нæ фиппайыс? Раст гъе уым баиу сты хæххытæ? — Уынын. — Гъе тæккæ уыцы нæзымæ хъавыдтæн. — Уый та Герман у, нæ?—хæрз сабырæй афарста Ваня. — Кæм? { — Æз кæдæм кæсын уый. — Нæ, мæ хæлар, уый Герман нæу. Герман ардыгæй кæ зьщы. Герман разы ’рдыгæй ис. Ды та уыныо, фæсте цы ис, уый. — Куыд фæсте? Уæртæ уырдæм пæ хъавыдыстут? 167
— Уырдæм. — Уæдæ Герман дæр хъуамæ уым уа, æндæр цы! — Нæй, нæ базыдтай. Хъавгæ уырдæм кодтон, уый раст у. Нысан фæкодтон нæзы бæласыл. Æхсгæ та кодтон бынтон æндæры ’рдæм. Ваня йæ цæстытæ ныццавта Ковалевмæ æмæ не’мбæрс- та, уый хъазгæ кæны æви æцæг зæгъы. Уый та куыд: хъавгæ фæстæмæ кодта æхсгæ та размæ! Цыдæр диссаг у, уый. Ваня та ноджыдæр нымдзаст Ковалевы цæсгоммæ æмæ раиртасынмæ хъавыд, Ковалев хины мæстæймарæнтæ кæны, æви куыд. Фæлæ Ковалевы цæсгомыл ахæм хуы- зæй ницы зындис/ Ницыуал фæрæзта Ваня уыцы хъуыддаг раиртасынæн æмæ куы йæ иу къахыл æрлæууы, куы та иннæйыл. Фыр хъуыдыйæ йæ сыгъдæг ирд ных фенцъылдтæ йс, афтæмæй та афарста: — Æмæ нæмыг тæхгæ та Гсрманмæ акодта? — Германмæ. — Æмæ уым ныггуыпп ласта? — Æмæ уым ныггуыпп ласта. — Æмæ йæ хæтæлæй федтай, куыд ныггуыпп лас- та, уый? — Нæ. Нæ федтон. — О! — загъта Ваня æмæ хорзау нал фæцис. — Æмæ уæдæ сымах афтæ куыдфæндыйы зыгъуытт кæнут нæм- гуыты, кæм фæнды æмбæлæнт? — Цæмæн афтæ зæгъыс,—худгæ æмæ схуыфгæйæ загъта Ковалев.—.Мах куыдфæпдыйы зыгъуытт нæ кæ- нæм. Уым хъахъæнæн бынаты бадынц адæм æмæ кæсынц, куыд гуыпп кæнæм, уымæ. Кæд не’хст нæ фæрæстмæ уа, уæд нын уыдон телефонæй фехъусын кæндзысты куыд æмæ цы. Æмæ мах дæр уæд раст ныхъавдзыстæм. — Æмæ дзы чи бады уым? — Хъахъæнджытæ. Хисдæр афицер. Хаттæй-хатт та взводы афицертæ. Зæгъæм дзырдæн, ныртæккæ капитан Енакиев йæхæдæг амоны, куыд æхсын хъæуы, уый. — Æмæ каиитан Енакиевмæ уырдæм зыны Гермаи? — Уæдæ куыд! 168
— Мах куыд ныггæрах кодтам, уый дæр? — Бæгуыдæр. Фæлæу-ма. Ныртæккæ нын уый зæгъ- дзæн не’хст куыд рауад, уый, Ваня ныхъуси. йæ хъуыдытæ фæпырх сты, Сæ æрæм- бырд кæньщæн ницыуал фæрæзта æмæ не’мбæрста, цæ- мæн афтæ рауайы, уыйл хъавгæ фæстæмæ ныккæнынц, æхсгæ размæ, капитан Енаки’ев та æрмæст йæхæдæг алцы- дæр уыны æмæ зоны. —. Галиуæрдæм нол-нол æртæ! — фæхъæр кодта сер- жант Матвеев. — Схъисджын гранатæй. Прицел сæдæ стдæс. Ковалев йæ домбай къухтæй фелвæста Ваняйы æмæ йæ, цалхы сæрты айсгæйæ, фæсфæд æрæвæрдта, Ваня кæм лæууыд, уым та понорамæйы уæлхъус фыцца- гау февзæрд Ковалев, сау окулярыл йæ цæст сæвæргæйæ- Ацы хатт уыцы архайд фыццаг хаттæй ноджы тагъддæр уыд. Фæлæ уæддæр, уыцы диссаджы тагъд архайгæйæ дæр Ковалев бафæрæзта лæппумæ йæ цæсгом фæзилын æмæ зæгъын: — Кæсыс, чысыл фæкъуыхдзы стæм. Ныр ын тас нал у. — Зынг!—ныхъæр кодта Матвеев æмæ ноджы тых- джындæр æрриуыхта йæ къух. Сармадзан ныггæрах кодта. Фæлæ ацы æхст афтæ дис- саг нал фæкаст лæппумæ. Йæ æфсæддон хæс йæ зæрдыл фидар даргæйæ сармадзаны фæрсты та^ъд. ауад—сармадза- ны хæтæл æхсты фæстæ’ фæстæмæ куы асхъиудта, уæд та ныр дзæбæх;, сойæ сæрстæй, ленкгæнæгау размæ фæцæй- бырыд йæ фыццаг бынатмæ—æмæ тæвд æхст гилдз рацахс- та, куыддæриддæр уый сармадзанæй рацæйхаудта, афтæ- мæй. — Скуыхт дæ, Солнцев, — загьта Матвеев, йæ уæра- джы къæдзыл æвæрд фыссæн чиныгыл цыдæртæ тагьд- тагъд фысгæйæ.—Цас бахардз гилдзытæй? — Дыууæ æсхъисгæнаг гранаты! — рæвдз дзуапп рад- та Ваня. — Лæг дæ!—загъта Матвеев. Ваняйы фæндыд зæгьым: «Службæ кæнып Советоп 169
Цæдисæн», фæлæ фефсæрмы ахæм стыр ныхæстæ уыцы чысыл ницæй тыххæй зæгъын. — Ницы кæны,—зæгъгæ ма бакодта æфсæрмдзæстæй. — Дæхимæ хъахъæн, чысыл фийау, — хъæлдзæгæй загъта Ковалев, йæ цæсткæсæнтæ* кæнгæйæ. — Ныр сæ уидз æмæ уидз. Ныртæккæ дын æхст гилдзытæй дæ раз æсцæнд кæндзыстæм. Æмæ æцæгдæр. Уадидæгæн дæр къаннæ!п акъоппæй сзындис телефонисты шлем æмæ, сержант Матвеев ахæм цъæхснаг, ахæм бæрзонд æмæ райгæ уæлахиздзинады хъæлæсæй ныхъæр кодта, æмæ Ваняйæн йæ хус гилдзытæ дæр ма ныззыланг кодтой: — Цыппар гилдзы фæд-фæдыл. Немыцаг цъаммар зæхмæ—зынг! Фæцыд фæд-фæдыл цыппар гæрахы, афтæ тагъд, æмæ Ваня тых!хæй-фыдæй бафæрæзта, цы цыппар гилдзы ра- хаудта, уыдон ацахсын. Фæлæ канд ахсгæ нæ, фæлæ ма сæ рæнхъæй дæр æрæвæрдта æмæ сæ бамхуызон кодта. Уымæй фæстæмæ сармадзан æхста æнæбанцайгæ иу ми- нут дæр, æнæбауырнгæ диссаджы тагъдæй. Æвæллайгæ гилдзыты фæдыл згъоргæйæ, Ваня а^ры- хъуыста æмæ бамбæрста, ныртæккæ канд фыццаг сарма- дзан кæй не’хсы, уый. Алырдыгæй дæр хъуысыдысты. коман- дæйы хъæртæ, зыланг къæрц кодтой сампалтæ, цавтой сармадзантæ. Ныр æхста капитан Енакиевы командæ æппæтæй дæр. Æвидигæ, иу иннæйы фæдыл, кæннод *та дыгæйттæ, æртыгæйттæй мынæггæнгæ хъæримæ тахтысты нæмгуытæ къуылдымы сæрты Германмæ, уыцы бæстæм æмæ арв дæр уырыссаг арвы хуызæн кæм нал уыд, фæлæ адæймаг æлгъ кæуыл кæны, ахæм æнæбæрæг згъæрхуыз, тыхарæзт не- мыцаг арвы хуызæн. Сармадзанимæ чи архайдта, уыдон иу радыгай базгъорд- той Ковалевмæ æмæ дзы Ковалев алкæмæнд&р иу хатт кæнæ дыууæ хатты* лæвæрдта шнур раивазыны æмæ Гер- манмæ фехсыны бар. Æхсгæ-’хсын-иу уыдон хъæр кодтой: — Немыцы цъаммар зæхмæ—зынг! 170
— Фæкæс, Герман! Зынг! — Райгуырæн бæсты сæраппонд! Сталины сæрашюнд! ЗынгМ — Мæлæт Гитлерæн! Зынг! — Федтат, цъаммартæ? Зынг! Ваня базгъордта Ковалевмæ æмæ йын йæ бæмбæгджын уæлæфтауыл фæсте рахæцыд. — Æмбал Ковалев, æрима æз дæр иу гæрах фæкæнон Германы. Цы тарст кодта, мæгуыр, Ковалев ын бар куы нæ радта, уымæй! Йæ фыр тыхстæй йæ дзых ныммыр кодта. Ныффæ- лурс ис. Афтæ тагъд-тагъд æмæ цыбыр улæфт кодта йæ фындзæй, æмæ йæ фындзы хуынчъытæ рувасы фындзы хуынчъытау æмдымбыл сысты. Фæлæ йæ Ковалев нæ хъуыды кодта. Уæд лæппуйæн йæ цæсгом туджы азылд, йæ цырыхъытæй зæхх мæсты цæф æркодта æмæ домæн, ризгæ хъæлæсæй фæхъæр кодта, сармадзаны хъæрæй йæ ныхас куыд фехъуыстаид, ууыл архайгæйæ: {— Æмбал сержант, бар мын раттут зæгъынæн! Бауа- дзут мæн дæр Германмæ фехсын. Мæнæн дæр æмбæлы. Кæсут-ма иунæг æхст гилдз дæр мын нæ баззад æнæ сисгæ. Ковалев æй æрмæст ныр фæфиппайдта. —- Марадз, марадз, фийау! Гæрах кæн. Æрмæст-иу дæ къух тагъд фелвас, кæннод дын æй сампал ныццæв- дзæн. — Уый зонын,—тагъд дзуапп радта Ваня æмæ скъæфæ- гау ракодта шнур Ковалевы къухæй. Шну’р ахæм тыхæлвæст æрбакодта, æмæ йæ къухы стджытæ аурс сты. Афтæ йæм каст, цыма æппæт дунейы дæр ахæм тых нæ разындаид, æмæ йын уыцы цæгджын рæхыс йæ къухæй чи ратыдтаид. Йæ зæрдæ йæ хуылфы фæдисо1 гуыпп-гуыпп кодта. Æрмæст иунæг хъуыды уыдис уыцы сахат йæ зæр- дæйы: сармадзан куыд нæ фæсыкк уа, уый тас. — Зынг!—фæхъæр кодта Матвеев. — Рахæц,—сабырæй ацамыдта Ковалев. Фæлæ дзы уыцы ныхасьт сæр дæр иицæмæнуал хъуыд. 171
— Гъа, цъаммар, хæц!—фæхъæр кодта лæппу æмæ мæстыйæ йæ тых йæ бонæй рарæмыгъта рæхыс. Ваня банкъардта, уыцы тæккæ цæсты фæныкъуылдмæ сармадзан фесхъиудта цæрдудгоймагау, багæпп кедта æмæ •ныццавта. Иæ дзыхæй ратахт æмæ ферттывта зынджы цæ- хæры куырис. Лæппуйæн йæ хъустæ ныззарыдысты. Æмæ дæрдтаг хъæдты ныййазæлыд, Ваня Германмæ кæй фехста, уыцы нæмыджы æхситт. * 22 • Капитан Енакиев йа&хи фæбукъ кодта æмæ хиуылхæц- гæ ныззæмбыдта. — Уæддæр куыд æрæгмæ бон кæны! — Афтæ вæййы—фæззæг у,—загъта Ахунбаев. — «Ноф у æрæгвæззæг, мæргътæ фæтахтысты, сау хъæд фæбæгънæг и, быдыртæ—афтид» — загъта Енакиев^, ноджыдæр та зæмбгæйæ. — Рæсугъд фыст у, — загъта Ахунбаев. — Иттæг аив æвдыст у фæззæг. Капитан Ахунбаев уыцы ныхæстæ загъта, тамакойæ цы дыууæ пъæртты скодта, уыдонæй иуæй иннæйы’хсæн. Уый тагъд-тагъд дымдта немыцаг æнцъылд къаннæг сигарæ æмæ былысчъилтæ гæнгæ хæлиу кодта фæздæг, цæмæй акъоппы сæрмæ бæрæг нæ дардтаид, уый тыххæй. Æцæг дзы уый дæр ницæмæн хъуыд. Бон æрмæст уæд рухс кæмын’байдыдта, алфамблай ма уыд гæзæмæ рухс æмæ мигъ. Немыцаг зæроид акъопп ,капитан Ахунбаев рæстæгмæ командæгæнæн бынат кæм скодта, уый уыдис картофы хуымы кæрон. Бæрзонд зад кæртофы хъæдтæ фæсау сты æмæ сæ уæлæ æрттывтой уазал доиы ’ртæхтæ. Рахизæр- дыгæй ныддаргъ æыæуынгаг соса- фæндаг, йæ фæйнæр- дыгæй хъарман бæлæстæ* сагъд. Се ставд хъæдтæ æмæ гом къабæзтæ гæзæмæ нывгондæй зындысты урс сæумæрай- сом арвыл, цььма фæлмбын авгыл нывгонд сты, уыйау. Иалдæр пырхгонд, цыргъ готикои арæзт хæдзæртты сæр- тæ гæзæмæ зыпдысты галиуæрдыгæй. 172
Разæп та \ыдис карюф—быдыры сау, уымæл зæхху мпг.ъ кæм æрбадт, ахæм лæнкмæ тш акъул ис, уый. Уыцы лæнчы æтте та уыдис къуылдым, фæлæ иыр æппындæр пæ зын- дис. Уым уыдысты немыцы позицитæ. Куы ’рбабон уа, уæд сæм хъуамæ Ахунбаевы батальон капитан Енакиевы батарейы æххуысæй атакæйы бабырса æмæ сæ æрцахса. Ахунбаев-иу алы хатт дæр куыд тагъд æмæ тæвдæй арæзта алы хъуыддаг дæр, афтæ та ныр дæр скодта атакæ- йæн ахæм пълан: Цалынмæ æрбарухс уа, уæдмæ До1ууæ ротæйы хъуамæ сусæгæй бахизой немыцы рахиз фæрсты, байсой немыцы коммуникацитæ, æмæ æнхъæлмæ кæсой, цы амал ис, уы- мæй æнæ æхсгæйæ, кæд æнæ уый гæнæн нæ уа, уæд та сæ нымæц куыд нæ раргом кæной, афтæмæй. Æртыккаг ротæ æппæт артиллерийы æххуысæй хъуамæ æргом атакæй бабырса немыцæн сæ тæккæ ныхмæ. Цыппæрæм ротæ хъуамæ баззайа резервы. Капитан Ахунбаевы фæнд афтæ уыд, æмæ немыцы позициты цы батальонмæ æввахс уыдис æфсад, уыдоы ныхмæ æргомæй иу ротæимæ бацæугæйæ, немыц рацæудзысты сæ акъоппытæй æмæ контратакæ рай- дайдзысты. Гъе, раст контратакæйы уыцы тæккæ сахат, немыцы фæрсты цы дыууæ ротæйы бахызт, уыдон сæ хъуамæ ныццæвой фланджы, кæнæ суанг къæбуты ’рды- гæй дæр. Афтæмæй немыц бахаудтаиккой аркъауы хуылфы æмæ сæ фланджы ’рдыгæй ахæм зынджы бын фæкодтаик- кой æмае сæ бахъуыдаид бар-æнæбары се ’фсæддон фæтк ногæй рацаразын. Ахæм хъуыддаджы та адæмæй бирæ фæ- цагъды вæййы æмæ боны фæстагмæ позицитæ дæр лæ- вæрд æрцæуьнш. Кæд уый нæ бакæной, уæд та хъуамæ хæцой сæ фыццаг æрбахъавд куыд уыдис. афтæмæй, къæ- буты’рдыгæй сæхи сæ резервтæй бамбæрзгæйæ. Фæлæ уæд Ахунбаевы фæнд афтæ уыд, æмæ йæхи резервы ротæ хъуа- мæ баппæрстаид, немыцы фæскъæбут цы дыууæ ротæйы уыд нæхиуæттæй, уыдонæн æххуыскæныны тыххæй. Уæд уыцы ран мах æфсæддонтæ немыцонтæй фæфылдæр уы- дзысты, къæбуты ’рдыгæй æрцахсдзысты немыцы пози- цитæ æмæ афтæмæй немыц голладжы бахаудзысты. 173
уæй йæ уавæр лæмæгъ кæй уыдис, иппæрдыгæй та Ахун- баевы æфсæддонтæ хæрзарæхст æмæ æппæт алцæмæйд’æр хорз кæй уыдысты, уымæ гæсгæ пъланæн сæххæст кæ- нæн дæр уыд. Фæлæ капитан Енакиев алы хъуыддаг дæр биноныг, лыстæггай барын æмæ йыл бæстон хъуыды кæ- нын ахуыр уыд, æмæ йыы уый фæдыл ацы хъуыддаг иуы ’рдыгæй æххæст бæрæг нæма уыд. Бæстоц-бæстон бæ- рæг нæ уыдис, немыцмæ цæй бæрц резерв ис, уый. Развед- кæ куыд раиртæста, афтæмæй сæ резерв бирæ нæ уы- дис. Цæмæй зонын, кæд мийаг æхсæвы дæргъы бирæ адæм æрбакалдтой, уæд та? Чи зоны, ныртæккæ, ацы ми- нут, немыцы фистæг æфсад æрбацыдысты машинæтыл æмæ сæ капитан Ахунбаев ( цы къуылдымыл атакæ кæнынмæ хъавы, уый фæстæ бонасадæн/кæнынц. Афтæ куы уа, уæд иу ротæйы резерв æгæр чысыл уыдзæн æмæ афтæмæй капитан Ахунбаевы хъуыддаг æвзæр рауайдзæн. Фæлæ капитан Енакиевæн уыцы дызæрдыгдзинæдтæ бæлвырд бæрæггонд факттыл, нæ фæлæ æнхъæл куыд уыдис, уыдæтты фæдыл кæй уыдысты, растдæр зæгъгæйæ та йæ зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл, уымæ гæсгæ, пъланмæ байхъусгæйæ æмæ æфсæддон хæс райсгæйæ, цыбыр ныхасæй загъта: — Хъусын. Стæй уыцы хъуыддагæн æндæр гæнæн дæр ницыуал уыдис." Ахунбаевы ротæ ныр дæр бадтысты ныхъавæн рай- дайæн бынæтты, æмæ, атакæйы машинæ кæд æттæмæ нæ зынд, уæддæр фезмæлыд æмæ капитан Енакиев та фида- рæй зыдта—иугæр уынаффæ конд куы ’рцæуа, уæд æй ивын кæй никуы хъæуы, уый. Уый бамбæрста æрмæст уый, æмæ хъуыддаг иттæг зын уыдзæн, немыцмæ ног ре- зервтæ куы разыной, уæд æмæ ма æрмæст йæ ныфс хаста йæ сармадзанты рæстдзæвин æмæ æвидигæ æхстæй. Уый æркаст йæ фыссæн чиныгмæ, гилдзытæ сæм цас уыд, уый бащлмадта, йе ’рфгуытæ фенцъылдта æмæ дзырд радта, цы амал ис, афтæ тагъддæр æхсæн бынатмæ куыд æрбаласой ноджы иу æфсæддон комплект. Ныр уыдæттæ иууылдæр баххæст кодтой. Æмæ цæттæ уыдысты райдайынмæ. 174
— Цæй капнтан,—загъта Епакнсв, мæ къух замш æрм- къухы мпдæг Лхунбаевмæ фæдаргъ кæигæйæ.— Хæрзбои уал* у. — Кæм уыдзыстут? — Мæ хъавæн-фæлгæсæп бынаты. Сымах та? — Ротæйы резервимæ. Дыууæ дæр сæ кæрæдзийы къухтæ райстой. Æмæ алы хатт дæр куыд кодтой сæ фæхицæны размæ, афтæ ныр дæр æркастысты сæ сахæттæм, цæмæй';сæ иухуызон сæ- вæрой, уый тыххæй. Капитан Ахунбаевы сахатыл уыд æх- сæз сахаты æмæ дыууадæс минуты. Капитан Енакиевы са- хатыл та уыд æхсæз сахаты æмæ фараст минуты. — Фæсте баззаддæ, — загъта капитан Ахунбаев. — Æгæр тагъд кæныс, — загъта капитан Енакиев, дзырд «æгæр»—хъæрдæрæй зæгъгæйæ. Иу чысыл абыцæу кодтой, йæ сахат кæмæн растдæр цæуы, ууыл. Фæлæ уый æрмæст сæ ахуыр афтæ уыд. Ахунбаев зыдта, Енакиевы сахат иттæг раст кæй цæуы, уый. — Цæй дæуон та раст фæуæд, — загъта Ахунбаев, æмæ йæ сау цæстытæ сæрттывтой. йæ сахат æртæ мину- ты фæстæдæр разылдта. — Æмæ уæдæ уыл айнæг хохау мæ зæрдæ да’рын. — Дæ зæрдæ дар. , — Зынгыл ма ауæрд. — Раттдзынæн. Тамако дæуæй — зынг та мæнæй, — загъта Енакиев хъуыды нæ кæнгæйæ, салдæттæ-иу арæх кæй дзырдтой, уыцы æмбисонд, кæд ацы хатт уый ницæ- мæн хъуыд, уæддæр. — Фыццаджы дæр,уый, æмæ ма бафæстиат у. — Нæ бафæстиат уыдзынæн. — Цæй уæдæ уал хæрзбон, немыцы хихъахъæныны тæлмытæм цалынмæ бахæццæ уæм, уæдмæ. — Кæнæ та раздæр/ — Хорзæй байрай, — цæ’хкæрæй æмæ-, командир куыд фæзæгъы, ахæм хъæлæсæй сдзырдта Ахунбаев.—Архайут! — Хъусын дæм. Ноджы дæр ма сæ кæрæдзийы къухтæ райстой æмæ фæхицæнтæ сты. 175
Акъоппæй фыццаг схызт капитап Енакиев æмæ загъта телефоннстæн, цæмæй телефоиы тел суадза æмæ йæ ан- тынг кæна хъахъæнæн бынаты онг, йæхæдæг ацыд, бата- рейы цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдонмæ бакæсынмæ. Бонрæфты уазал дымлæ æмбæлд цæсгомыл. Ранæй- рæтты къæхты бын хъысхъыс кодта их. Алфамблай æп- пæт дæр уыд æнцад æмæ æрмæст стæм хатт ныгуылæн ’рдыгæй куы иу, куы иннæ ран æрттывта немыцы рухсгæ- кæн ракетты ризгæ рухс, фæлурс арвыл сæ рухс гæзæмæ зынгæйæ. Капитан Енакиев цыдис разæй, йæ хæд фæстæ та ! Со- болев, йæ автомат йе’фцæгыл ауыгъд, афтæмæй. Батарей- мæ куы бахæццæ сты, уæдмæ скæсæны ’рдыгæи мигъ фæсырхбын æмæ дымгæ ноджы фæтынгдæр. Батарейы æхсæн позици уыдис стыр дыргъдоны, бур, къæйдурæй амад даргъ сисы фæстæ. Сис иу цалдæр раны хæлд уыдис сармадзаны нæмгуытæй. Уыцы хæлдтытæй иуыл бахызт капитан кæрдо бæлас дыргъдонмæ. Рæнхъæй сагъд фæткъуы бæлæсты æхсæнты зæххы арф къахтæй лæууыдысты сармадзантæ кæрæдзимæ дæрддзæф, сæ уæлæ уындфæливæн хызтæ æмбæрзт, аф- тæмæй. Æввахсæй дæр зын бафиппайæн уыдысты уыдон. Фæлæ дардæй фæткъуы бæлæсты бæгънæг къалиуты ’хсæнты дыргъдоны æтте зындис йæ^ рудзгуыты рамæ- тæ хауд кæмæн уыдысты, ахæм æнкъард хæдзары даргъ, агуыридурæй æмбæрзт агъуысты сæр. Уыцы хæдзары ца- ры бынæй ма гæзæмæ æрттывд кодта, кæй нæма ахуыссын кодтой, ахæм къаннæг фонар — бæрæг сконды æхсæвы стъæлф. Уый æвдыста, батарей ам кæй ис, уый. Хъахъæнæг хæстивтонг автоматимæ, йæ цæсгомыл цы- ма æхсæвы тар нæма фæрухс, ахæм хуызæй æрбалæууыд капитан Енакиевы развæндагмæ, фæлæ йæ командиры куы базыдта, уæд фæсфæд ахызт æмæ сагъдау алæууыд. Капитан бацыд фыццаг сармадзанмæ. Сармадзаны кусджытæ хæстæввонгæй, æд худ, æд хæ- цæнгарз хуыссыдысты айдагъ зæххыл алчи дæр йæ бына- ты. Йæ сæры бын сæ чи æхст гилдз бакодта, чи нæмыгдон асыкк, чи аг, чи та йæ къух. 176
Хуыссæг адæмы ’хсæн капитаи Енакиев бафиппайдта Ваняйы дæр. Лæппу бафынæй лафстыл, нæ къухы æрба- тымбыл кодта дистан^ион дæгьæл, афтæмæй йæ æд шлем сæры бын бакодта. йæ былтæ чысыл фæцъæх сты райсомы уазалæй, фæлæ фæлмæнзæрдæ чидæр ыл бæмбæгджын уæлæфтау баппæрста æмæ лæппу йæ фыны худтис йæ мид- былты, цавæрдæр сусæг ивгæ худæндзастæй. Уыцы мидбылты худт фенгæйæ, капитан Енакиев чысыл ма бахъæуа йæхæдæг дæр схуда. Фæлæ сержант Матве- евы рапортимæ æрбацæйцæугæ куы ауыдта, уæд йæ ху- дæндзаст æрбайсæфт, йе ’рфгуытæ фенцъылд сты. — Гъы, куыд у лæппу?—афарста уый рапортмæ куы байхъуыста æмæ уыцы бон сармадзаны уæлхъус цы коман- дир лæууыд, уымæн «дæ бон хорз» куы загъта, уæд. — Лæппуйæн ницы у, æмбал капитан,—загъта сержант хæрзæгъдауæй æмæ йæ ног сау къаннæг рихитæм æмæ йæ севастопойлаг къæмисæнты кондмæ- йе ’нгуылдзтæй хъал æвнæлд бакодта. — Кусы? — Бæлвырд афтæ. — Цы куыстытæ кæны сармадзаны уæлхъус. — Абоны онг æхст гилдзытæ æмбырд кодта. Абон та— кæнæ, растдæр зæгъгæйæ, знон изæрæй—йæ сæвæрдтон æхсæзæм номерæн æххуысгæнæгæй. — Гъы, æмæ куыд? Сарæхст? — Ницы йын у. Дзæбæх фелвасы æхкæнæнтæ. Æнæ фæстиатæй. Сыстын кæнон сармадзан-æхсджыты? — Нæ хъæуы. Уадз æмæ сæ фæллад уадзой. Абон нын бирæ куыст уыдзæн. Гилдзытæ æрбаластой? — Бæгуыдæр. — Хорз. Ам цалдæр раны гæрæны сис хæлд у. Нæ афæлвæрдтат, бахъуыды сахаты уырдыгæй сармадзантæн ратулæн уыдзæн æви нæ. — Бæгуыдæр. Бафæлвæрдтон. Ис сын ратулæн. —. Хорз, уæ зæрдыл дарут уый- Хъахъæнæн бынæтти- мæ уæ бастдзинад дзæбæх арæзт у? — Дзæбæх. — Радгæс чи у рахизфарсы? Г-' Пшчи \ъæб\ 1. 177
— Нæ зопыи. — Базон æмæ мын æн фехъусып кæн. Машппæ мæм ардæм æрбарвитæпт, — Хъусын дæм. Фыццаг сармадзаны архайджытæй сержант Матвеев æмæ телефонистæй йеттæмæ) ма иу лæг нæ уыд фынæй— сармадзанæй хъавæг-æхсæг — Ковалев. Батарейы мидæг уый уыдис капитан Енакиев æмгары хуызæн кæимæ ныхас кодта æрмæст иунæг ахæм адæймаг, ’’ — Гъы, куыд цæуынц хъуыддæпгæ, Василий Ивано- вич?—загъта капитан Енакиев, Ковалевы фарсмæ сарма- дзаны кæроныл æрбадгæйæ. — Мæнмæ гæсгæ æвзæр не сты, Дмитрий Петрович. Кæс-ма мæнæ Скæсæн Пруссимæ куы ’рбахæццæ стæм. — О, Германмæ,—æнæбары загъд кодта капитан Ена- киев æмæ йæ цæст ахаста уыцы стыр æикъард дыргъдо- ныл. Бæлæстæн сæ хъæдтæ урс-урсид дардтой æмæ сæ цурты та калд уыдис хъæмпы тъыфылтæ, æвæццæгæн, бæлæсты зымæгмæ цæмæй стыхтаиккой, уый тыххæй. Раст зæгъгæйæ, капитан Енакиевы ницы бæрæг хъуыд- даг уыдис батарейы. Фæлæ-иу алы хатт дæр хæсты размæ бирæ нæ, фæлæ уæддæр иу цалдæр минуты дæргъы хъуа- мæ азылдаид æмæ абæрæг кодтаид, йæ хæдзарад æмæ йæхи цæстæй федтаид, адæм æмæ сармадзантæ хæстмæ куыд цæттæ сты, уый. Æнæ афтæ бакæнгæйæ æнцад æнæ- мæтæй æрбадын нæ зыдта. Æрмæст иу уæлæнгай каст куы бакодта сармадзантæй сæ иунæгмæ, уый дæр ын æгъгъæд уыдис, йæ батарей æп- пæтæй дæр цы уавæры мидæг ис, уый базонынæн. Æмæ ныртæккæ дæр сбæрæг кодта, уыцы уавæр—уыдис иттæг хорз. Уый раиртæста уыцы хъуыддаг бирæ цæмæйдæрты: йæ адæм æд дзаума æмæ æд хæцæнгарз æнæмæт фынæй кодтой алчи дæр йæхи бынаты, къаннæг дзыхгьытæ^ къахт уыдысты, гилдзытæ фехсынæввонг цæттæ уыдысты, сарма- дзаны сæрмæ уындфæливæн хыз биноныг тыгъд уыдис, суанг ма хæдзары цары бын ауыгъд уыдис къаннæг фа- нар—æхсæвыгон æхстыты раст хъавыны фæдыл. Æцæг фанар ахуыссын кæнын кодта, уымæн, æмæ бон æрбацъæх 178
æмæ сæуæхсидты рухс пыллæг райтыпг бæгъпæг дыргъ- доныл. Зæххыл ма рæдзæгъдтæй лæууыдысты салд сыф- тæртæ, алцæй схъистæ, немыцæггы хæдзары дзаумæтты сæстытæ: цъæтджын гобаны здыхт телтæ, пласт-массæйæ дуары хæцæнтæ, æвгтæ,, газеттæ, багеты гæппæлтæ. Афтæ зындис, цыма хур фæзындис мигъты бынæй æр- мæст иу минутмæ æмæ та ныртæккæ бацæудзæн мигъы æмæ æгас боны дæргъы æппындæр нал разындзæн. Капитан Енакиев æркастис йæ сахатмæ. Афон уыдис хъахъæнæн бынатмæ ацæуынæн. Фæлæ йæ ацы хатт куыд- дæр йæ къах нæ хаста ардыгæй. Фæндыдис ма йæ иу фонз минуты уæддæр сармадзаны фарсмæ Ковалевы цур абадын. Ковалевы та уарзгæ дæр кодта æмæ! йæ цытджын лæгыл нымадта. Цыма рагацау зыдта, абон æй кæй ба- хъæудзæн йæ уæнгты æмæ йæ зæрдæйы тыхы сæр æмæ уыцы тых æмбырд кодта, цы фæстаг минуттæ ма йын баз- зад, уым, афтæ. — ’Æмбал капитац, зæгъыны бар мын ратт: рахизæр- дыгæй хъахъæнæн бынаты бады хисдæр сержант Алей- ников,—загъта Матвеев бацæугæйæ.—Машинæ æрбацыдис. — Хорз. Фæлæууæд уал. Цæугæ. * 23 * Капитан Енакиев сæрак портсигарæй систа папирос æмæ йæ радта Ковалевмæ. Дыууæдæр сдымдтой. — Æмæ уæдæ куыд? Лæппу, зæгъыс, дзæбæх лæппу у?—загъта капитан Енакиев. — Хорз лæппу у,—загъта Ковалев æцæгæй, æнæды- зæрдыгæй. — Хорз суинаг. — Афтæ ’нхъæлыс, уæдæ хорз суинаг у? — тагъд загъта Енакиев æмæ, йæ цæстытæ фæцъындау кæнгæйæ, бакаст Ковалевмæ. — Мæнмæ гæсгæ хорз суинаг у. — Исты дзы рауайдзæн? — Æнæмæнг. — Уæдæ мæнмæ дæр афтæ фæкаст. 12 179
—- Абои æй наиорамæйы цур иу чысыл ацахуыр кодток. Зоныс, алцы дæр æмбары. Дис дæр ма йыл фæкодтон. Раст цыма сармадзанæй æхсæджы мшшуæг гуырдзæй рахаста, уыйау. Капитан Еиакиев иыххудтис. — Разведчиктæ. та афтæ зæгъынц, цыма разведчикы миниуæг рахаста гуырдзæй. Ацу æмæ ды равзар. Цыбыр ныхасæй, гуырдзæй хорз миниуæг цыдæр чи рахаста, ахæм. И? — Гуырдзæй артиллерист. — Гуырдзæй æфсæддон. — Уый та хуыздæр. — Зоныс, Василий Иванович,—загъта æвиппайды капи- тан Енакиев, æмæ Ковалевмæ бакаст, сывæллонæн куыд æнæ.хин, æууæндаг цæстæнгас вæййы, ахæм æгъдауæй, цыма йæ фæрсгæ кодта,; уыйау. — Æз æй мæ хъæбул схонынмæ хъавын. Куыд дæм кæсы? — Чи ’мбæлы ахæм хъуыддаг у, Дмитрий Петрович,— тагъд дзуапп радта Ковалев, цыма уыцы фарстмæ æнхъæл- мæ кастис, уыйау. — Комкоммæ куы зæгъæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, иунæг адæймаг дæн. Бинонтæ мын нæй. Фырт мын уыдис... цыппар аздзыд... Зоныс æй ды? Ковалев йæ сæр æркъул кодта. Уый зыдта. Батарейы мидæл æй æрмæст иунæг, уый зыдта, æндæр ничи. Капитан Енакиев æнæдзургæйæ алæууыд иу дзæвгар, йæ размæ æрдæгцъынд цæстæй кæсгæйæ, цыма дард кæмдæр æс- уыдта, ныртæккæ авд азы кæуыл сæххæст уыдаид, ахæм къаннæг лæппуйы, матростæ кæй фæдарынц, ахæм цъæх худьг, мидæг. — Мæхи хъæбулы мын уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ферох кæнын кæндзæн, ууыл ныхас дæр нæй,—загъта уый арф ныуулæфгæйæ æмæ Ковалевæй уыцы улæфт не ’мбæхсгæйæ,—фæлæ, Василий Иванович, лæгæн дыууæ хъæбулы дæр вæййы. И? Вæййы æртæ хъæбулы дæр,—загъта Ковалев æнкъар- дæй æмæ уый дæр æргом арф улæфт ныккодта. Иттæг æхсызгон мын у, дæу фæнд дæр афтæ кæй у, 180
уый. Æз, цы дын æмбæхсон, рапорт дæр ма балæвæрдтон дивизионы командирмæ, цæмæй лæппуйы хъуыддаг æгъ- дауæй сфидар кæна: уадз æмæ мын уæд хорз, æмбаргæ фырт. Раст нæ зæгъын? Капитан Енакиев тамако сдымдта æмæ фæздæг сындæг- гай уадзын райдыдта æттæмæ, фæздæджы мидæг дард кæ- дæмдæр арф хъуыды кæнгæйæ касти. Æмæ уалынмæ йæ цæсгом æвиппайды фендæрхуызон. Йæ хъус адардта фрон- ты раззаг кæроны ’рдæм æмæ йе ’рфгуь.гæ фелхынцъ код- та. Афтæ йæм фæкаст, цыма дард кæмдæр, рахиз фланджы ’рдыгæй, немыцаг æфсад кæм лæууынц, уым арф кæмдæр райдыдта топпыты æмæ минометты æхст. Капитан Енакией фæрсæджы каст бакодта Ковалевмæ. — Афтæ у. Цæвынц, Хъæбæр цавд кæнынц, — загъта Ковалев йæ хъусæй бæмбæг рафтаугæйæ. Капитан Енакиев та ноджыдæр байхъуыста. Фæлæ дзы ныр байхъусыны сæр дæр ницæмæнуал хъуыдис. Топпы- ты æмæ минометты уынæртыл ма бафтыд артиллерийы нæ- рын. Хъæр афтæ тынг хъуыстис, æмæ салдæттæй иуæй-" иутæ райхъал сты, фесхъиудтой æмæ зæххыл бадгæйæ сæ æндон худтæ дзæбæхдæр æркодтой сæ сæртыл. Капитан Енакиев уайтагъддæр бамбæрста, рахиз флан- джы уыцы æвиппайды æвидигæ æхст цæй фæдыл уыдис, уый. Хъуыддаг рауад куыд фыддæр ын æнхъæл уыдис, аф- тæ. Немыцæн сæ къухы бафтыд тыхджын резервтæ баппа- рын æмæ1 ныр уыцы резервтæ пырх кодтой, Ахунбаев сын сæ фæсчъылдыммæ цы дыууæ ротæйы барвыста, уыдоны. Капитан Енакиев йæхи баппæрста, телефон цы къаннæг акъоппы уыд, уырдæм, цæмæй аныхас кæна Ахунбаевимæ. Фæлæ уыцы рæстæджы акъоппæй йæ размæ рагæпп ласта сержант Матвеев хъæр кæнгæйæ: — Батаре — хæстмæ! Капитан æй цæхкæр 1фæиуварс кодта æмæ ныггæпп ласта акъопмæ. — Командиры хъахъæнæн бынат! — тагъд загъта уый. — Арæзт уырдæм у,—загъта телефонист æмæ йæм радта трубкæ раздæр ?ей йæ дысæй асæрфта, афтæмæй. -- Телефопы уæлхъус æхсæзæм,—загъта капитан 181
Енакиев, йæ&и тых урæд кæнгæйæ, цæмæй йæ ныхас сабыр цæуау уый тыххæй. — Цы хабар уæм ис? — Номыр—аст нысаны районы зыны—знаг иттæг тынг змæлын байдыдта. Æвæццæгæн цæттæ кæны атакæмæ. Æмбырд кæны’ йæ тыхтæ. — Цæй бæрц тых æм ис? — Батальоны онг. — Хорз. Ныртæккæ фæцæуын, — сдзырдта капитан Енакиев æмæ телефойы трубкæ азыгъуытт кæнынмæ хъа- выд, фæлæ афойнадыл бафæрæзта йæхиуыл фæхæцын æмæ йæ сабырæй балæвæрдта телефонистмæ. Нысан номер аст уыдис, — Ахунфаев комкоммæ цы къуылдыммæ бацæуинаг уыд атакæйæ, уый. 'Ныр дзы æп- пындæр дызæрдыг кæнинагæй ницыуал уыд. Тынгдæр цæ- мæй тарстысты, уый рауад: немыц раиртæстой Ахунбаевы пълан æмæ сæхæдæг фæраздæр сты. Æмæ капитан Енакиев «виллисыл» куы фæцæй тахт— фронты раззаг кæрон уæвгæйæ бæхыл стæм хагг цыдис— æнæфездæхгæйæ къанæуттыл æмæ цæхæрадæттыл хъахъæнæн бынатмæ, уæд хъуыста, йæ фæстæ. йæ бæтæ- рей æвидигæ æхстæй кæй цæвы, хæрз ныллæг куыд тæ- хынц йæ сæрты йæ нæмгуытæ, йæ разы та кæй райдыдта тох кæнын фистæг æфсад. * 24 * .■Командиры хъахъæнæн бынат афтæ хæстæг бахастой разæрдæм, æмæ хæст цы быдыры уыд, уый иттæг дзæбæх зындис æнæкæсæнцæстæй кæсгæйæ дæр. Капитан Енакиёв амбразурæй иу каст куы бакодта, уæд ын уый дæр æгъгъæд уыд уавæр куыд у, уый базонынæн. Немыцаг фистæг æф- сады батальон рауырдыг ис къуылдымæй, Ахунбаевы ро- тæйы ныхмæ. Уыцы ротæ та хъуамæ бацыдаид фронталон атакæйы, фæлæ нæма райтынг кодта йæхи. Ныртæккæ ма капитан Ахуибаевæн, ног уавæрмæ гæс- гæ, йæ къу’хы уыд æрмæст дыууæ хъуыддаджы бакæпын: кæиæ чысыл фæстæдæр рацæуын æмæ къуылдымæи ацы 182
’рдыгæй зæронд немыцаг акъоппыты мидæг хихъахъæньшы фæдыл фидардæр позицитæ æрцахсын, æмæ уый уыдаид куыд хуыздæр гæнæн ис, афтæ; кæнæ немыцы ныхмæ ныртæккæ тохыл ныллæууыдаид, фæлæ знаджы æфсад бирæ фылдæр кæй уыдысты, уый фæдыл хъуамæ тохы æвæстиатæй бакодтаид, резервы йæм цы иунæг ротæ уыд, уый æмæ уыцы хъуыддаг та æгæр ныфсхаст уьшаид. Капитан Енакиев хорз зыдта йæ хæлары. Дызæрдыг кæнинаг нæ уыд, немыцы ныхмæ тохыл кæй ныллæудзæн, уый. Æмæ æцæгдæр, куыддæриддæр афтæ ахъуыды кодта Енакиев, афтæ йæм телефониет дæле слæвæрдта телефоны хæтæл. Енакиев дзуццæг æрбадт акъоппы, цæмæй сармадзанты æхст ма хъыгдара телефонæй дзурынæн æмæ уæд фехъуыста Ахунбаевы мæтгæнаг хъæлдзæг ныхас: — Кæимæ дзурын? Æхсæзæм дæ? — Æхсæзæм хъусы. — Базыдтай мæ мæ хъæлæсæй? — Базыдтон. / — Иттæг хорз. Уавæр куыд у, уый æмёарыс? — Хорз æй æмбарын. — Резервтæ фæкæнын тохмæ. Кæнын атакæ. Феххуыс кæ|н. — Хъусын дæм. — Цас рæстæгмæ æнхъæлмæ кæсон? — Фынддæс минутмæ. — Бирæ у, уый. — Тагъддæр мæ бон нæу4 — Фæсте та баззадтæ, нæхион, — хъазæн ныхасау загъта Ахунбаев. — Мах нæ баззадыстæм фæсте, фæлæ та дæхæдæг æгæр фæтагъд кодтай,—зæгъгæ Енакиев дæр загъта хъазгæйæ, кæд æм хъазын нæ цыд, уæддæр.—Кæм стут ныртæккæ? . — Уæ картæйыл цъæх тымбылæг æмæ фат нысаы кæм ис, уым. — Бамбæрстон æй. Уæдæ сыхæгтæ стæм. — Табуафси. — Ныртæккæ’та иумæ уыдзыстæм. 183
— Æгайтма афтæ у. — Фенынмæ уал. — Пъатæ æмæ уын хъæбыстæ кæнын дæуæн æмæ уеппæт хæдзарадæн дæр. — Ацы сахат телефонæй цы рог, хъæлдзæг ныхас код- той, уый æтте бакæсгæйæ адæймагмæ фæкастаид хуы- мæтæджы афтид ныхас, фæлæ æцæгæй та бынтон арф хъуыдыджын ныхас уыд. Уыцы ныхас уый амыдта, ’ æмæ Ахунбаев домдта, цæмæй йын йæ фистæг æсЬсадæн феххуыс кодтаиккой сармадзантæй æмæ фарста Енакиевы, уыцы хъуыддагыл разы V,, æви нæ, уымæй. Уый амыдта Ахунбаев цы фарста, уый: «Ды мæ хæлар, бахъуыды сахат мæ цуры февзæрдзынæ, нæ мæ фæкъуыхцы кæндзынæ?»—æмæ Енакиевы дзуапп: «Ма тæрс, дыфс дæ уæд мæнæй. Тош мидæг кæддæриддæр иумæ уыдзыстæм. Уæлахиз1 дæр иумæ фæуыдзыстæм- Кæд æмæ мæлын бахъæуа, уæддæр иумæ амæлдзыстæм»., Уый фæстæ капитан Енакиев бардзырд радта телефонæй йæ батарейы фыццаг взводæн, цæмæй æвæстиатæй сыстой позицитæй,. æмæ иунæг секунд дæр нæ афæстиат’кæнгæ- йæ, ацæуойразмæ, цай гæнæрис, уыйас, уæзласæн маши- нæтыл, уымæй дарддæр та сæ лæгдыхæй куыд хæссой суанг ротæйы уагæвæрды уонг. Дыккаг взводæн та ахæм дзырд радта,1 цæмæй æппынæдзух дæр æхсой, капитан Ахунбаевы хъазуатон ротæйы æргом флангты æмбæрз- гæйæ. Уыцы тæккæ сахат йæ зæрдыл æрбалæууыд, Ваня фыццаг взводы кæй уыд, уый. Фыццаг секунд йæ сæры фæмидæг ахæм хъуыды, æмæ^ хъуамæ йæ дзырд аивтаид, ома; размæ дыккаг взводы аппæрстаид, фыццаджы та йæ бынаты ныууагътаид флангтæн æххуыс кæныны фæдыл. Йæ къух дæр ма адаргъ кодта телефоны хйетæлмæ, фæлæ æвиппайды цæхкæрæй фæзылд æмæ, æхсæны хъуыддаг хисдæр афицерæн ба^æдзæхсгæйæ, Ахунбаевы командæ- гæнæн бынатмæ уаин байдыдта, ^йемæ дыууæ телефонисты æмæ дыууæ разведчикы, афтæмæй. Сяе фæндаджы иу хайыл сæ цæуыи бахъуыдис гуыбыр- гуыбырæй, шшæ хайыл та быргæйæ, ’уымæн, æмæ ран 18 1
лæгъзбын уыдис æмæ сæ цалдадр хатты пулеметтæй æрба- гæрæхтæ кодтой. Ахунбаевы командæгæнæн бынат уыдис картоф сагъд кæм уыд, ахæм быгъдæг бынаты астæу—ам та алы ран дæр картофы быдыртæ уыдис,—къæвдайы фæстæ чи фæ- сау, ахæм картофы хъæдты дыууæ мæкъуылгонды фæстæ. Фæлæ Ахунбаев уым нæ уыдис. Уый ацыд ротæйы резервимæ æмæ уым та ныууагъта бастдзинад дарæг æмæ телефонисты. Енакиев фæдис кбдта, Ахунбаев куыд тагъд арæзта йæ хъуыддæгтæ, ууыл. Ныртæккæ йæм уавæр афтæ зын нал кастис. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ ротæйы æнæхъæн батальоны ныхмæ хæрхæмбæлд тох кæной, уый æнцон нæу. Фæлæ Ахунбаевы хуызæн стыр ныфсджын, уæлдай дæр та ахæм æгæрон хъæбатыр афицер йæхæдæг ротæйы аргъ уыд. Уымæй æттæмæ1 бæстон бæрæггонд нæма уыд, сЬлан- джы цы дыууæ’ротæйы ацыд, уыдон цы баисты, уый. Фæс- тагдæр хабæрттæм гæсгæ цымæ уыдонæн немыц сæ алы- фарс æртыхстысты. Фæлæ афтæ рауайæн дæр ис, æмæ уыдон ратоной знаджы цæг æмæ сæ сæхи къæбуты^рдыгæй ныццæвой. Уыцы уавæр алыг кæнид тохы хъуыддаг. Капитан Енакиев взводы размæ арвыста разведчикты, цæмæй сармадзантæ аласой æввахсдæр æмæ аууондæр фæндæгтыл, фистæг æфсад кæм сты, уырдæм. Йæхæдæг картофы хъæдты мæкъуылгæндты фæстæ райтыдта кар- тæ æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта Ахунбаевмæ, цæмæй уыимæ иумæ бауынаффæ кæной, цы бакæнын хъæуы, уый. Уыцы рæстæджы Ваня, сармадзаны кæимæ куыста, уы- донимæ уæзласæн машинæйыл фæцæйтахтис, капитаы Енакиев цы бынатмæ загъта, уырдæм. Сæ фæдыл уадис дыккаг уæзласæн æмæ сæ тыххæй-фыдæй æййæфта. Дыууæ уæзласæны дæр афтæ тахтысты æмæ сыл цæст иæ хæцыд. Фæлæ та-иу уæддæр сержант Матвеев, алы хатт дæр æмæ та нырдæр машинæйыл бадгæ нæ, фæлæ лæугæйæ* автоматæй æрхоста машинæтæрæджы кабинæ- йы сæр æмæ хъæр кодта: 185
— Цы фæдæ, Костя! Æй зæгъ! Фæтагъддæр кæн: Æй зæгъ! Æй зæгъ! Æй! Уæзласæныл цы сармадзан баст уыдис, уый рахау-рахау æмæ схъиудтытæ х кодта, цыма сывæллæтты хъазæн сармадзан уыд, афтæ. Фæзилæнты иу салдæттæ куы иуæрдæм асхъиудтой, куы иннæрдæм. Сæ шлемтæ иу кæрæдзийыл скъуырдтой, кæрæдзийы иу ацахс- той сæ къухтæй. Фæлæ сæ худгæ ничи кодта. Уый нæ, фæлæ ма иннæ хæттыты æнæуый ахæм уавæры мидæг иу куыд хъазæн ныхæстæ кодтой, ахæмæй дæр ницы уыдис. Сæ цæсгæмттæ уыдысты тар, мæстыгæр, æнæзмæлгæ, цыма хъæдæй арæзт) уыдысты, уыйау. Сæ кæрдæгхуыз шлемтæ та, сæ сæртыл арф- кондæй, дымгæджын тардзæф райсомы рухсмæ зындысты сауæй. Ваня нæ зыдта, кæдæм сæ ласынц, уый. Афтæ тагъд фæцæуæг сты, æмæ фæрсын дæр никæйыуал бафæрæзта. Æрмæст æмбæрста уый, æмæ сæ æппарынц хæстмæ, чи райдыдта, уыцьг хæстмæ æмæ уым архайдзысты, иннæ хæттыты куыд фæкæнынц, афтæ нæ, фæлæ куыддæр æн- дæрхуызон. Иннæтæм цы зæрдæйы ахаст уыд: карз æмæ æнæрхъæц æнхъæлмæ] кæсындзинад, Ванямæ дæр ныр- тæккæ ахæм уыд æмæ, йæ иу къухæй бандоныл фидар ныххæцгæйæ, иннæйæ та йæ дзыппы дистанцион дæгъæл скаргæйæ, уый бадтис машинæйы. Йæ дзых ныммыр кодта, йæ цæстытæ зондджын æмæ цыма искæйы афæрсынмæ хъавыдысты, ахæм хуызы иу сæ куы иуæрдæм базылдта, куы иннæрдæм, йæ чысыл цæсгом та шлемы бын ноджы чысылдæр æмæ тæнæгдæр зынгæйæ уыдис|, иннæ салдатæн куыд уыд, афтæ цыма хъæдæй арæзт уыдаид, уыйау. Иу дыууæ километры бæрц куы фæцыдысты æнæ фæн- дагæй конд быдырты æмæ цæхæрадæтты, уæд машинæ ауырдыги иу лæнкмæ. Уым сæ размæ разгъордта иу бæр- зонд салдат æмæ сæм нæма æрбахæццæ, афтæ дардæй, йæ къухтæ бæрзонд сисгæйæ, цыдæр амыдта. Фыццаг уæзласæны цыд фæсындæгдæр æмæ салдат багæпп кодта машинæмæ бахизæны къæпхæнмæ. — Марадз, марадз!—тагъд-тагьд,—загъта уый маши- тæрæгæн, нс стыр къухæй, кæдæм цæуын хъæуы, уый, 186
Ныртæккæ уый, уаднс, цы йæ бон уыд, уымæй. амонгæйæ.—Цы дæ бон у, уымæй размæ гьæй кæн, æнæ ’рлæугæйæ. Уæртæ уыцы къуылдымы сæрты тагъд бауа- йын хъæуы. Уыныс? Уырдæм йæ минометтæ хауынц. Машинæтæрæг цæхкæр фæзылдта мæцъистæ, радиа- тор аныгъуылд тæфы мидæг æмæ машинæ, цыма тыххæс- тæй ныннæтыд, ахæм уынæримæ бырын байдыдта хохыл. — Гъы, куыд у хъуыддаг?—афарста сержант Матвеев, къæпхæныл цы салдат лæууыд æмæ фæндаг чи амыд- та, уый. * — Мах дыууæ ротæйы ныхмæ немыцмæ ис æгас батальон. Хæст нæ, фæлæ—цæхæр. Фистæг æфсад зынг курынц. — Кæй фистæг æфсад? ■— Ахунбаевы. 187
Сержант Матвеев «о> загъта йæ сæр фæкъул кæн- гæйæ. — Ныртæккæ раттдзыстæм. — Ваня бакаст салдатмæ æмæ базыдта Биденкойы. — Биденко!—райгæ хъæр фæкодта уый.—Ракæс-ма, æз дæр ам дæн. Æхсæзæм номерæй лæууын. Мæнмæ сæрмагонд дæгъæл дæр ис хæтæлтæ æвæрыны тыххæй. Кæс-ма! Лæппу систа йæ дзыппæй дистанцион дæгъæл. Фæлæ Биденко нæ^ бафиппайдта Ваняйы. Тæккæ уыцы сахат уæз- ласæн рагæпп ласта тæссагдæр бынатмæ. Ныртæккæ уый уадис, цы йæ бон уыд, уымæй. Йæ тæрæг та ноджыдæр тагъддæр кодта, фыр мæстæй æлгъыстытæ гæнгæ æмæ мæцъистæй куы иу, куы иннæмæ лæбургæйæ. Цыппар минæйы уыцы иу рæстæджы фехæлдысты уæзласæны алыфарс. Æд гилдзытæ асыччыты хостæй, моторы ниуынæй, дзыхъыты æмæ къуыппытыл гæппытæ кæнгæ фæсте баст сармадзаны гыбар-гыбурæй лæппу нæ фехъуыста уыцы минæтæн сæ тахт æмæ сæ фехæлд дæр. Уый æвиппайды ауыдта, картофы хуымтæй цы сау зæххы тъыфыл скалдис, уый. Фæлæ уæддæр уыцы цыппар минæйы афтæ æввахс нæ фехæлдысты, æмæ уæзласæнæн исты бæрæг-зиан скæ- ной. Дыккаг мииут уæзласæн фæфале тæссаг бынатæй. Ныртæккæ ауырдыг кодта къуылдымыл дæлæмæ, фæсте та нæмгуыты хæддæй къуылдым æгасæй дæр бур фæздæ- джы къуымбилæй байдзаг. — Ныр та суанг изæрмæ зыгъуытт кæндзæн афтид бынатмæ,—былæсчъилтæй загъта Матвеев æмæ йæ хъал- гæнæн къаннæг рихитæ æмæ къæмисæнтæ ауыдта, цыма сæ скаргæ кодта, сæ бынаты ма сты, æви нал æмæ сыы псты уыд æви нæ уыцы æхстыты фæстæ. — Æрлæу, — загъта Биденко. Машинæ цæхкæр фæзылд, йæ дзых знаджы ’рдæм куыд, фæуыдаид афтæ, æмæ æрлæууыд. Номертæ (сарма- д:*анимæ архайджытæ) рагæппытæ кодтои æмæ райдыдтой сармадзап йæ фыццаг хайæ уæгъд кæиын. Æмæ уæд Би- депко дæр ауыдта Ваняйы. 188
— НГг, мæ хæлар, чысыл фийау! Ды дæр ам дæ? ,\ ып февкæлдга лæгшумæ йæ домбзй къухтæй, райста нæ бæрзонд уæзласæнæй æмæ йæ зæххыл авæрдта. — Кæс-ма, Биденко!—райгæйæ загъта Ваня, разведчи- кæн дистанцион дæгъæл æвдисгæйæ. — Кæс-ма, уый дæр цы сармадзан æхсæг сси! Биденко кастис лæппумæ райгæйæ, фæлæ уыимæ, цы- ма чысыл цæмæдæр хæлæг кодта, афтæ йæм лыстæгдæр бакаст, ома исты ног хъуыддæгтæ бакодтой уыдон, лæппу- йы фæлыст фæхуыздæр æмæ фæфидауцджындæр кæныны тыххæй æви нæ. Ногæй дзы уыдис æрмæст иу: сармадзаны кусджытæ радтой лæппуйæы худ,—шлем. Уый адыл Ваня ноджы тынгдæр фæцис фæлтæрд салдаты хуызæн. Иннæ хъуыддæгтæй йæ фыццагоы хуызы уыд. Æцæг йæ дарæс фыццагау афтæ рæсугъд ног нал уыд. Фенцъылдтæ, фæ- ихсыдтæ ис. Йæ цырыхъытæ ставд æнцъылдтæ фесты. Цырыхъы хъустæ дæлæмæ фефсæрстой. Цинелы дыс иу ран сармадзан сæрдæн сойæ сахуырст. Биденкомæ йæхи мидæг уыдæттæ æвзæр нæ фæкас- тысты, уый нæ, фæлæ йæ зæрдæмæ ноджы хуыздæр цы- дысты. Уымæн, æмæ уыдæтты руаджы йæ уарзон лæппу ноджы хæстондæр хуызæй зындис. Фæлæ уæддæр йæхи нæ баурæдта æмæ бахъуыр-хъуыр кодта: —Кæс-ма, ныббызгъуыртæ, нычъизитæ... Худинаг æмæ æрдиаг. — Уый мэ^ аххос нæу. Хагцæй-хатт бахъæуы æд дзау- мæттæ сармадзаны цур хуыссын, айдагъ зæххыл. — Сармадзаны цур!—хъыг^кæнгæйæ загъта Биденко.— Уæдæ махмæ цæмæн цыдтæ сыгъдæгдæрæй? Цыфæнды уа, уæддæр дзæбæхдæр дарын æмбæлы æфсæддон да- рæс. Ваня æмбæрста, Биденко уыцы ныхæстæ афтæ омайы тыххæй кæй кæны,> æрмæст ахъуырхъуыр кæныны тых- хæй. Уый федта, Биденко йæ фыццагау кæй уарзы, уый. Йæ зæрдæ уайтагъд райгæ фæлмæндзинадæц схъарм æмæ йæ æрфæндыд Биденкойæн радзурын, ацы фæстаг рæстæ- джы йæм цы хабæрттæ уыд йæхи царды мидæг, уыдæттæ: иу хатт сармадзанæй дæр йæхæдæг куыд фехста, знон æй 189
æхсæзæм номеры бынаты куыд цæвæрдтой, капитан Ина- киев æй йæ фырт скæнынмæ куыд хъавы, уыдæттæ.- Ноджы ма йæ фæндыд бафæрсын Горбуновы тыххæй, хорзæй сæм цы ног хабæрттæ ис, ног трофейтæй сæм цы ис. Фæлæ йын уыдæттæй ницы зæгъын бантыст. Хæст йæ тынгыл уыд. Бирæ дзурæн нæ уыдис. Куыддæриддæр сар- мадзантæ сæ раззаг хæйттæй æфтыд фесты æмæ гилдз- джын асыччытæ раивадæг кодтой — уыцы куыст фæцис фылдæр-фылдæр минут æмæ æрдæгмæ, — афтæ сержант Матвеев радта ног командæ, Ваня кæй никуыма фехъуыс- та,< ахæм: — Цæлхытæм! * 25 * Сармадзанимæ архайджытæ уайтагъддæр атымбыл сты сармадзаны алыфарс,, йæ бырынкъ ын хæрдмæ схъил код- той, фæхæцыдысты цæлхытыл — алы цалхыл дæр дыууæ лæджы — цæлхыты æмбæрзæнтыл абастой ахæцæн бæн- дæнтæ, се’фцæгтыл сæ афтыдтой ны-«опп» кодтой, ахæ- цыдысты æмæ тагъд-тагъд атылдтой сармадзан, сæ разæй згъорæг Биденко сын йæ къухæй кæдæм амыдта, уырдæм... Иннæ салдæттæ фæлæбурдтой æд гилдзджын асыччы- тæм æмæ сæ ахæрхæр кодтой сармадзаны фæстæ. Лæппуйæн ничи ницы загъта. Йæхæдæг бамбæрста, цы кæнын æй адæуы, уый. Фæхæцыд асыччы бæндæн-хæцæ- ныл æмæ йæ афæлвæрдта ласыныл. Фæлæ асыкк æгæр уæззау; уыдис. Уæд Ваня бирæ нæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта, фæлæ дистанцион дæгъæлæй сæппæрста асыччы сæр æмæ йæ уæхсчытыл сæвæрдта фæйнæ даргъ, сойæ бæзджын сæрст, гилдзы æмæ сæ фыр уæзæй дзойтæгæн- гæ, згъорын байдыдта иннæты фæстæ. Куы бахæццæ, уæдмæ сармадзан æвæрд уыдис карто- фы хъæдты стыр мæкъуылгонды цур æмæ цæттæ уыдис хæстмæ. Уымæй чысыл дарддæр лæууыд æндæр сармадзан. Капитан Енакиев дæр ам уыдис. Ваня йæ никæд ма федта ахæм уавæры. Уый хуыссыд 1Р0
зæххыл, х^ымæгæджы салдаты хуызæн æд шлем, йæ къæх- '/æ хæлиу æмæ йæ рæмбынкъæдзтæ зæххы фидар сагъд æркæнгæйæ. Уый кастис кæсæнцæстæй. Йæ фарсмæ, ав- ’юматы ’нцой хуыссæгау кодта капитан Ахупбаев, йæ уæ- лæ, пæлæз-палаткæ, йæ хъуырбостæ фидар баст, афтæмæй. Йæ фарсмæ зæххы, хисæрфæн кæлмæрзæны хуызæн ды- дæхтæй лæууыд картæ. Ууотл Вапя федта дыууæ сырх фа- ты ныв, сæ арæзт иу стъæлфмæ. Уым ма хуыссыдысты ноджы дыууæ лæджы: сармадза*- нæй æхсæг—хъавæг Ковалев æмæ дыккаг сармадзаны хъа- вæг, Ваня йæ ном кæмæн нæ зыдта, ахæм. Уыдон дыууæ- дæр кастысты, батарейы командир кæдæм кастис, уыцыр- дæм. — Хорз уынут?—бафарста капитан Енакиев. — Бæгуыдæр,—дзуапп радтой дыууæ хъавæджы. — Сымахмæ гæсгæ нысанмæ цал метры уыдзæн? — Афтæ иу авд сæдæ метры бæрц. — Раст зæгъут—авд сæдæ æртьщ фондз. Гъе, уыр- дæм æхсут. — Хъусын дæм. — Хъавут биноныг. Æхсут тагъд. Темп ма ’руадзут. Фистæг æфсадæй ма фæиртæсут. Уæлдай командæ нал уыдзæн. Капитан, Енакиев дзырдта карзæй, цыбырæй, алы ныхас дæр стъæлфæй æрцæхкæр кæнгæйæ, цыма зæгæл фæй- нæджы къуырдта, уыйау. Ахунбаев алы ныхасы фæетæ дæр йæ сæр разыйы æнкъуыст кодта æмæ йæ мидбылты худт цавæрдæр æнæрайгæ æнæбары худтæй, йе?'нгом урс дæндæгтæ иу фæзындысты, афтæмæй., — Æхсын иу райдайут æвиппайды, сеппæтæн дæр сигнал куы уа, уæд,—загъта капитан Енакиев. — Иусырх ракетæ,—æнæрхъæцгæйæ загъта Ахунбаев, картæ йæ быдырои хызыны тъысгæйæ.—Æз æй мæхæдæг суадздзынæн. Уæ цæст иу æм фæдарут. — Хъусын дæм. Ахунбаев йæ быдырон хызыны’ цæг сæхтæджы атъыста гæрзы кæрон æмæ йæ тых риуыгъд акодта. — Фæцæуын! — цæхкæрæй загъта уый æмæ стыр 101
къахдзæфтæн фæцæуæг, топпы гæрæхтæ кæм арæхлæр кодтой, уыцырдæм. — Истæмæй бафæрсинаг стут?—бафарста капитан Ена~ киев сармадзаыæй хъавджыты^ — Нæй зæгъ. — Сармадзантæм! Æмæ дыууæ хъавæджы дæр абырыдысты йæ сарма- дзанмæ. Ваня æрмæст ныр бафиппайдта иу ног хъуыддаг: алфамблай цыдæриддæр уыдис, уыдон иууылдæр — адæм та дзы бирæ уыд — сармадзанæй æ^хсджытæ, фистæг æф- сад, дыууæ чызг-санитары æд хызынтæ æмæ цалдæр теле- фонисты æд цæрмын асыччытæ æмæ æфсæн къæбæлтимæ, цæф салдат йæ къух æмæ сæр баст, афтæмæй—утæппæт адæм цууылдæр хуыссыдысты зæххыл æмæ-иу сæ куы ба- хъуыд, æндæр бынатмæ баивын, уæд цæугæ нæ, фæлæ быргæ кодтой. Уымæй æттæмæ Ваня бафиппайдта—хаттæй-хатт уæл- дæфы; хъуысти цавæрдæр маргъы сыгъдæг, зыланггæнæг цъыбарцъыбуры хуызæн уынæр. Ныртæккæ базыдта бæл- вырд: æхситт кодтой дзæгъæл нæмгуытæ. Æмæ уæд бам- бæрста, фистæг æфсад кæм бадынц, уырдæм хæрз æввахс кæй сты, уый. Æмæ ныр федта уыцы фистæг æфсад кæм арæхыс сты, уый дæр. Уыцы рæхысы æтте та хиуæт- тæй ничиуал уыд, уыдысты дзы æрмæст немыц. Æмæ уæд Ваня хъавгæйæ æмæ дзойтæгæнгæ бацыд сармадзанмæ, нæмгуытæ æрæвæрдта зæххыл æмæ æрхуыс- сыд йæ бынаты—æхсæзæм номеры,—йæ сæр гом кæмæн уыд, ахæм асыччы фарсмæ. Ванямæ афтæ каст, æмæ йæ алфамблай ацы бон цы- дæриддæр архайд уыдис, уыдон куыд никуы вæййы, афтæ сындæг, хæрз сабыр цыдысты. Æцæгæй та уыцы хъуыддæгтæ, куыд никуыма фенд, афтæ тагъдцыдысты. Ваня куыддæриддæр афтæ ахъуыды кæнынмæ хъа- выд, ома иттæг хорз уаид — капитан Енакиевы исты хуызы куы ’рбакæсын кæнид, куы йæм бахудид, дис- танцион дæгъæл æм куы равдисид, æмæ куы зæгъид: «Æнæниз у, æмбал капитан», цыбыр ныхасæй исты амалæй 192
куыд базоиа, ома Вяня дазр ам ис шшæтимæ, нæ сарма- дзашшæ æмæ уыи дæр пншс салдæтш хуызæн хæцы,— уыд,æттæ, афтæ разырдыгæй æрбайхъуыст гæзæмæ гæрах æмæ хæрдмæ стахт сырх ракетæ. — Немыцаг бырсæг рæнхъытыл ь:омиоммæ--пæхæр!— Цыбыр, карз æмæ барджын хъæлæсæй ыыхъæр кодта капитан Енакиев, уæлæмæ æвиппайды фестгæйæ. - — Зынг! — фæхъæр кодта сержант Матвеев. Æмæ цæсты .фæныкъуылдмæ, Ванямæ та ноджы гыццыл дæр уысм фæкаст, ныццавтой дыууæ сармадзаны. Æмæ та уайтагьд ныггæрах кодтой ноджыдæр, стгей та ноджыдæр æмæ ноджыдæр æмæ ноджыдæр. Уыдон æхстой æви- дигæ, æнæрынцой. Æхсты хъæртæ хæццæ кодтой нæмгуы- ты хæлды хъæримæ. Æнæрынцой зыланггæнаг, нæрын лæууыд сармадзанты алыфарс бæрзонд бæзджын къулау. Топпы хосы хъыггаг, хуыдуггæнæн тæфæй цæсты сыг калдис, горчицæйæ куыд фæкæлы, афтæ. Суанг ма дзыхы дæр бæрæг уыд йæ туаг æзгъæр ад. « ^ Гилдзытæ фæздæгкалгæ схъиудтой кæрæдзийы фæстæ сармадзаны хæтæлæй,, æмбæлдысты зæххыл, къуыбылæйт- тæ æмæ зилдухгæнгæ. Фæлæ сæ æмбырд ыичиуал кодта. Афтæ иу сæ къæхтæй акъуырдтой. Ваняйæн нал уыд йæ бон гилдзытæ кæм æвæрд уы- дысты, уырдыгæй сæ исын æмæ сæ калпакты стонын. Ковалев кæддæриддæр тагъд куыста. Фæлæ ныртæккæ йæ фезмæлдыл дæр цæст нæ =хæцыд, арзы ферттыв- дау. Панорамæйæ йæ цæст нæ исгæйæ, Ковалев тагъд- тагъд зылдта уæлæмæ скæнæн æмæ разилæн механизмтæ уыцы иу рæстæджы йæ дыууæ къухæй дæр, хатгæй-хатт иуæрдæм нæ, фæлæ алырдæмты. Фæкæс, æмæ та йæ дæндæгтæй йæ рихи цыма хæргæ кæны, афтæмæй цыбыр мæстыгæр риуыгъд ракæны æруадзæн шнур. Æмæ та сар- мадзан ноджыдæр æмæ ноджыдæр æмризæджы нырризы æмæ абынæй вæййы топпыхосы æнæуынгæ газы мидæг. Капитан Екакиев та лæууыди Ковалевы фарсмæ сар- мадзаны иннæ цалхы фæстæ æмæ æдзынæг каст йæ сармадзаиы нæмгуытæ куыд хæлынц, уымæ. Хаттæй- 13 Полчы \ч,ггГ)\л. 193
хатт, хуыздæр цæмæй уына, уый ты&хæй иу ацыд фæр- еырдæм, куы та иу азгъордГа размæ æмæ æрхуыссыд зæх- хыл. Иу хатт та ма суанг картофы хъæдты мæкъуылгонды сæрмæ дæр уыцы иу рог гæпгГскодта æмæ йыл æмбæрцæй слæууыд. Афтæмæй та цалдæр минæйы сæ хæд цур фе- хæлдысты æмæ Ваня фехъуыста иу схъиуæккаг сарма- дзапы уартыл куыд сæмбæлд, уый, — Афтæ-афтæ. Иттæг хорз. Ноджы дæр ма иу хатт,— æнæрхъæцгæйæ дзырдта капитан Енакиев сармадзанмæ фæстæмæ æрбаздæхгæйæ æмæ Ковалевæн йæ къухæй цыдæр амонгæйæ. — Ныр та рахизæрдæм дыууæ дихгонды бæрц. Уыныс, сæ миномет уым ис. Уырдæм æхс. Æртæ нæмыджы. Зынг! Сармадзан та ноджы æмризæджы ныррызтис. Капитан Енакиев та кæсæнцæстытæ йæ цæстæй нæ исгæйæ тагьд- тагъд дзырдта: — Афтæ-афтæ-афтæ. Дæ цæрæн бон бирæ, Василий Иванович, раст тæккæ дзыхъы сæмбæлд. Цъаммар ныхъус дæ? Ныр та, дæ хорзæхæй, фистæг æфсадыл. Æгъа, дæли- монтæ! Зæххыл ныххуыссыдысты, сæ сæр схъил кæнæн сæ нал ис. Ратт ма сæм ноджы, Василий Иванович. Иу хатт, æхст уæлдай растдæр куы бацыд æмæ кæм хъуыдис, уым куы сæмбæлд, уæд капитан Енакиев ныххуд- тис, кæсæнцæст аппæрста æмæ сæмдзæгъд кодта. Никуы ма федта Ваня йæ капитаны афтæ рæвдз, æвзыгъд æмæ æрыгонæй. Кæддæриддæр дзы сæрыстыр уыд, сал- дат йæ командирæй куыд сæрыстыр вæййы, афтæ. Фæлæ ныртæккæ, уыцы салдатон сæрыстырдзинадыл ма ноджы бафтыд ноджы æндæр сæрыстырдзинад—фырт йæ фыдæй куыд сæрыстыр вæййы, уый. Æвиппайды капитан Енакиев йæ къух бæрзонд систа æмæ дыууæ сармадзаны дæр банцадысты. Æмæ уæд Ваня фехъуыста, иу ран æмбырдгонд чи уыд, ахæм пулеметтæй æппын къаддæр иу дæсы бæрц куыд æмкъæркъæр скод- той, уый. Уынæр ахæм уыд, æмæ йæ буар ныддыздыз код- та. Лæппу нэ’мбæрста,, хорз у уый, æви æвзæр. Фæлæ капитан Енакиевмæ куы бакаст, уæд бамбæрста, уыцы хъуыддаг хорз, иттæг хорз кæй у, уый. 194
Фæстæдæр лæппу фехъуыста салдæттæй, уыдоп Ахуи- баевы дыууадæс нулеметы кæй уыдысты, уый. Уыдон æм- бæхст уыдысты æмæ æхсгæ нæма кодтой, цалыымæ немыц хæрз æввахс æрбацыдыстщ, уæдмæ. Æмæ уæд сеппæт дæр æвиппайды иумæ гæрах кæнын райдыдтой. — Огъо, лидзынц! — загъта Енакиев. — Цæй-ут-ма фæстæмæ лидзæг æфсадыл—шрапнелæй. Прицел æртын фондз, хæтæл æртын фондз. Зынг!—фæхъæр кодта уый æмæ сармадзантæй алчи дæр æхсæз æхсты фæкодта; стæй та йæ кухæй ацамонгæйæ фæурæдта æхст. гПулеметтæ сæ къæркъæрæй не ’нцадысты, фæлæ ма уыдон æвидигæ хъæр, цыма кæрæдзийы сырдтой, уыцы ахæм хъæрыл ма бафтыд бирæ адæймæгты зонгæ хъæлæс, быдыры алы кæрæтты: «Ура-а-а-а!..» — Размæ, — загъта капитан Енакиев æмæ, фæстæмæ нæ фæзилгæйæ, азгъордта размæ. —- Цæлхытæм!—фæхъæр кодта сержант Матвеев, йæ уадулы туг калдис, афтæмæй. • Æмæ та сармадзанты атылдтой размæ. Ныр ноджы цырддæр тылдысты. Сæ размæ иу разгъордтой, хæсты мидæг стæвд уæвгæ, фистæг æфсæддонтæ æмæ, сæ дзы- хы дзаг фæдисы хъæр кæнгæйæ, æххуыс кодтой артилле- ристтæн сармадзаны цæлхытæ размæ тулынæн. Иннæтæ хастой кæнæ ластой æд гилдзджын асыччытæ. Уæдмæ капитан Ахунбаев сырдта немыцы дарддæр æмæ сын нæ лæвæрдта æрлæууыны æмæ акъоппытæ æр- къахыны фадат. Дыууадæс пулеметы нæ уыдысты æрмæст иунæг æнæнхъæлæджы лæвар^ Ахунбаев кæй бацæттæ кодта, уыдонæй. Уымæн ма æвæрдæй лæууыд минометон батаре, фæлæ биноныг æмбæхст уыдис æмæ нырма иу æхст дæр нæма фæкодта. Ныртæккæ та, цалынмæ сармадзантæ размæ тылдтой æмæ сын æхсæн нæ уыдис, уæдмæ æрцыд минометон ба- тарейы рад. Уыдон æвиппайды пæлæхсар æхстæй ныггалд- той немыцаг лидзæг æфсадыл. Немыц афтæ тагъд лыгъ- дысты æмæ сæ фæсте цы фистæг æфсад æмæ сарма- дзантæ сырдтой, нæхионтæй, уыдоны иу дзæвгар æрлæууы- ны бон дæр нæ уыд. 13* 195
Æнæ иу æхст фæкæнгæйæ Енакиеаы сармадзаитæ ба- хæццæ сты къуылдымы бæстастæумæ. Уырдыгæй та немы- цы позицитæ хæрз æввахс уыдысты. Уым немыцæн фадат фæцис, цæхæрадоны даргъ къанауыл, фæлæууынæн. Уым акъоппытæ къахын байдыдтой. Фæлæ уыцы рæстæгмæ ба- хæццæ сты сармадзантæ. Хæст та иогæй, тыхджындæрæй райдыдта. Ныртæккæ сармадзантæ уыдысты, æхсгæ чи кодта, уыдоны астæу. Рахиз æмæ галиуæрдыгæй Ваня федта, фистæг æфсад зæххыл хуысгæйæ куыд æхсынц, уый. Уый федта гилдзытæ чи лæвæрдта, уыдоны. Сæ фæстæ цинкæ- йæ конд асыччытæ ласгæйæ, уыдон тагъд-тагъд згъорд- той æмæ та иу фистæг æхсæг æфсæддонты фæстæ æр- хуыссыдысты. Ваня хъуыста, залптæн чи командæ кодта, уыцы афицерты хъæртæ. Алфамблай зæхх æгшæтæй дæр уыд фæздæгкалгæ хъуырдзæвæн дзыхъытæ. Алы рæтты зæххыл рæдзæгъд- тæй лæууыдысты пулеметты æхст лентытæ æд æфсæн гилдзытæ, немыцаг тæссаг донгæрзтæ, гæрздзаумайы гæп- пæлтæ, уæззау цинк æгънæджытимæ æмæ æргъæвджы- тимæ, чи нæ фехæлд, ахæм дзæбæх минæтæ, бынтон чи ныппырх, ахæм немыцаг пæлæз-палаткæты скъуыдтæ, ту- гæйдзаг бызгъуыртæ,- фотокъамтæ, гом письмотæ, æмæ ма ноджы бирæ æндæр алы бырон, алы хатт дæр хæсты бы- дыр кæмæй байдзаг вæййы, уыдон. Цалдæр немыцаг салдаты мæрдтæ ныддаргъ ; сты сармадзантæй чысыл æттæдæр. Сæ уæлæ уыдысты зæхх æмæ кæрдæгхуыз къуындæг мундиртæ æмæ резинæйæ конд стыр цырыхъытæ. Ванямæ фыццаг афтæ фæкаст, цыма ам дзæвгар фæуы- дзысты. Фæлæ атакæ æрхæцын байдыдта æмæ Ахунбаев уый фенгæйæ, раппæрста йæ æртыккаг æмæ йæ фæстаг къо- зыр: уый та уыд ног, æвнæлд кæмæ нæма уыд, ахæм взвод, Ахунбаев фæстаг бахъуыды сахатмæ кæй æвæрдта, уый. Уыцы взводы уый бакодта æмбæхстæй, иттæг тагъд æмæ аивæй йæ æрлæууын кодта æмæ йæ йæхæдæг акодта ата- 196
кæйы, Енакиевы сармадзанты цурты, ’ немыцæй акъоп- пыты æрбадын чи нæмæ бафæрæзта, уыдонæн сæ тæккæ центрмæ. Уый уыдис уæлахиздзинады райгæ минут. Фæлæ та уый дæр атахт тагъд, цыма йыл цæст нæ фæхæцыд, æмæ ацы райсом Ваняйы алыфарс алпы дæр куыд тагъд уыдис, афтæ. Куыддæриддæр сармадзанимæ архайджытæ райстой сæ белтæ, цæмæй тагъддæр æрфидар уой ног позицæты, афтæ Ваня бафиппайдта, æппæт дæр йæ алыфарс куыд- дæр фыддæры’рдæм фæцис. Цыдæр иттæг тас, иттæг фыдбылызы хъуыддаг фæкаст лæппумæ, тохы нæрыны фæстæ цы сабырдзинад æрбалæууыд, уым. Капитан Енакиев лæууыд сармадзаны уартыл банцой- гæнгæйæ æмæ, йæ цæстытæ чысыл æрцъынд кæнгæйæ, кастис дардмæ. Никуы ма йын федта Ваня йæ цæсгомыл ахæм тар мастæнгас. Ковалев лæууыд йæ цуры æмæ йæ къухæй амыдта раз- мæ. Цыдæр ныхæстæ кодтой кæрæдзийæн хæрз сабырæй. Ваня сæм йæ хъус бадардта. Уымæ афтæ фæкаст, цыма цыдæр нымайæнтæй хъазынц. — Иу, дыууæ, æртæ,—дзырдта Ковалев. — Цыппар, фондз,—дарддæр нымадта капитан Енакиев. — Æхсæз,—загъта Ковалев. Ваня акаст, командир æмæ сармадзанæй хъавæг кæдæм кастысты, уырдæм. Уый федта хъуынтъыз, фыдбылыз хæс- сæг горизонт æмæ уый уæлæ цалдæр сырхсæр хæдзары, цалдæр бæласы æмæ æфсæнфæндаджы бæгънæггонд донцъирæны æндæрг. Æндæр дзы ницы федта уый. Уыцы рæстæджы æрбацыд капитан Ахунбаев. Йæ цæс- гом судзгæ арт уагъта,. ныссырх. Цыма иннæ хæттытæй ноджы фæтæндæр уыд, афтæ кастис адæймап\ж. Цæсго- мæй алайæ чъизи хид лæбырæнтæ кодта йæ уадултыл æмæ йæ сырх, помидоры хуызæн, роцъойæ тагъдис дæ- лæмæ, æмæ та иу æй асæрфта йæ пæлæз-палаткæйы фæт- чийæ. . ; ^ — Фоидз тапчы,—загъта уый тыхулæфт кæнгæйæ.— 197
Сæ арæзт у донцъирæнмæ. Ардыгæй уырдæм у æртæ мин метры. \ — Æхсæз,—йæ ныхас ын фæраст кодта капитан Ена- киев.—Ардыгæй уырдæм та у—дыууæ мины æмæ аст сæдæ метры. — Чи зоны — загъта Ахунбаев. Капитан Енакиев акастис кæсæнцæстæй æмæ бакодта: — Фистæг æфсад дæр семæ, афтæмæй. Капитан Ахунбаев ын æнæрхъæцгæйæ райста йæ къу- хæй кæсæнцæст æмæ уый дæр акаст. Фæкастис дзæвгар, кæсæнцæст горизонтыл рахæс-бахæс кæнгæйæ. Стæй уæд радта кæсæнцæст фæстæмæ. — Дыууæ ротæйы бæрц фистæг æфсад,—загъта Ахун- баев. — ’Æвæццæгæн уый ёæрц сты,—загъта капитан Ена- киев.—Цас ма уæм баззад адæм? Ахунбаев уыцы фарстæн комкоммæ дзуапп нæ радта. — Бирæ дзы фæмардис,—мæстыйæ загъта уый æмæ пæлæз-палаткæйы хъуырбостæ æрбабаста, йæ цырыхъы хъустыл ^ уæлæмæ схæцыд æмæ даргъ къахдзæфтæй азгъордта размæ, йæ автомат тилгæйæ. Кæд хæрз сабырæй цыдис уыцы ныхас, уæддæр уай- тагъд уыцы дзырд «танкæтæ» айхъуыст дыууæ сармадзаны кусджытæм дæр. Салдæттæ, цыма сæ дзырд раджы конд уыдис, уыйау кæрæдзимæ ницы сдзургæйæ, къахын байдыдтой тагъд- дæр, фæндзæм æмæ æхсæзæм номертæ, та фæлæбурдтой æмæ асыччытæй ивадæг кæнын æмæ хицæнтæй æвæрын байдыдтой бронсæттæн патронтæ- Хæсты мидæг йæ быыат хорз зонгæйæ, Ваня дæр йæхи ныццавта патронтыл. Æмæ уыцы сахат капитан Енакиев ауыдта лæппуйы. — Ау! Ам дæ?—загъта уый.—Цы ыи кæмыс ам? Ваня æвиппайды фæлæууыд æмæ йæхи %фесхъæл кодта. I ’ — Фыццаг сармадзаны æхсæзæм номер, æмбал капи- тап,—рæвдз дзуапп радта уый, йæ къух йæ шлемыл авæр- гæйæ. Шлемæи та йæ хъуырбос роцъойы быи балвасып нæ куымдта æмæ уæгъд дзедзро кодта.. 198
Ам, раст куы зæгъæм, уæд лæппу иу чысыл хинæйдзаг разынд. Æхсæзæм номер на^ уыд уый. Уый уыд æрмæст бахъуыды сахаты æхсæзæм номеры бæсты чи æрлæууы- даид, ахæм. Фæлæ йæхи фæндыд, æхсæзæм номер куыд уыдаид, уый, афтæ тынг, æй фæндыд йæ капитаны, йæ кæн- гæ фыды раз йæхи куыд амал ис, афтæ хуыздæрæй равди- сын, æмæ куыддæр æнæбары мæнг ныхас загъта. Уый лæууыдис схъæлæй Енакиевы раз, кастис æм йæ сабийы цъæх цæстытæй æргомæй, кæдæй-уæдæй батарейы командир æй кæй федта, уый фæдыл йæ цæстыты æрттыв- та амонд æмæ райдзаст. Лæппуйы фæндыд капитанæн радзурын, сармадзаны фæстæ гилдзытæ куыд хаста, æмбæрзæнтæ куыд иста, минæ ’ввахс кæй æрхаудта1, фæлæ дзы тæрсгæ кæй нæ фæкодта, уыдæттæ. Радзурынмæ йын хъавыд æппæт дæр, ’фæндыд æй капитан дзы райгæйæ куы баззадаид -æмæ \цзы куы, фехъуыстаид, салдæттæ арæх цы ныхас фæкæ- нынц уый: «Ис æм дзы!» Фæлæ уыцы минут капитан Енакиев йемæ ныхæстæ кæныныл нæ уыд. —’ Ды æрра стæ æви цы?—загъта капитан тарст хуызæй. Зæгъын нæ, фæлæ чысыл ма бахъæуа ахæм хъæр ыл скæна: «Ау, не’мбарыс? Нæ ныхмæ æрбацæуынц танкæ- тæ. Æдылы, маргæ дæ кæндзысты, уый нæ зоныс? Лидз- гæ!» Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. йæхи фæхъуынтъыз кодта æмæ фыр мæстæй йæ дæндæгты къæскъæс ссыди, афтæмæй загъта: — Ныртæккæ ардыгæй куыд ацæуай, афтæ. — Кæдæм?—загъта Ваня. — Фæстæмæ. Батареймæ. Дыккаг взводмæ. Развед- чиктæм. Кæдæм дæ фæнды, уырдæм. Æз дæ ам куыд нæ уынон, афтæ! Ваня бакаст капитан Енакиевы цæстытæм æмæ бам- бæрста хъуыддаг æппæтæй дæр. Йæ былтæ кæуынæввонг змæлд бакодтой. Ноджы фесхъæлдæр кодта йæхи. — Нæй зæгъ,—сдзырдта уый, 199
— Цы?—дисгæнæджы фарст акодта ногæй капитап Енакиев. — Нæй, зæгъ,—зæгъгæ та сдзырдта лæппу хивæндæй æмæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта, зæхмæ кæсы. — Æз дын афтæ зæгъын, хъусыс?—сабырæй загъта капитан Енакиев. — Нæй зæгъ,—зæгъгæ та загъта Ваня афтæ зынæй æмæ йæ цæсты хаутыл цæсты сыгтæ федттывтой. Æмæ уæд капитан Енакиев æвиппайды фембæрста ацы къаннæг адæймаджы—йæ салдаты, йæ хъæбулы зæр- дæйы цы ис, уый. Уый бамбæрста, , лæппуимæ радзур- бадзурæй кæй ницы рауайдзæн, уæлдайдæр та йын рæстæг дæр нæй. Енакиев систа йæ( быдырон къаннæг хызы- нæй, хæсты хабæрттæ куыд цæуынц, уыцы хъуыддæгтæ кæм фæфыссынц, уæлдæр командæгæнæн бынæттæн ба- зонын кæныны тыххæй, ахæм цъæхбын гæххæтты сыф, æрæвæрдта йæ сармадзаны уартыл æмæ йыл ныффыста цалдæр ныхасы химикон кърандасæй. Стæй гæххæтты сыф нывæодта чысыл къонверты æмæ йæ баныхæста. — Сырхæфсæддон Солнцев!—зæгъгæ, афтæ хъæрæй загъта уый, дæмæй йæ иууылдæр фехъуыстаиккой. Ваня йæм бацыдис, салдат лæуды мидæг куыд фæ- цæуы, ахæм къахдзæфтæй æмæ йæ цырыхъыты зæвæттæ кæрæдзийыл бакъуырдта. — Мæнæ, æмбал капитан. — Æфсагддон хæс. Æвæстиатæй бахæццæ кæи ацы пакет дивизионы командæгæнæи бынатмæ, штабы хицау- мæ. Бамбæрстай? — Бæгуыдæр. — Зæгъ ма йæ. — Хъуамæ бахæццæ кæнон пакет дивизионы командæ- гæнæн бынатмæ, штабы хицаумæ. — Раст зæгъыс. Капитан Енакиев æм балæвæрдта фыст. Уыцы иу æв- нæлд æм’фæкодта Ваня дæр. Йæ цинелы æгънæджытæ суагъта æмæ йе’ттаг хæдоны дзыппы арф цæвæрдта пакет. — Цæуæп ис? 200
-Сырхæфсæддон Солнцев!—зæгъгæ, афтæ хъæрæп ’загъта уый, цæмæй йæ иууылдæр фехъуыстаиккоп. 201
Капитан Енакиев ницы сдзырдта, моторты дард уынæрмæ гьусгæйæ. Æвиппайды фæстæмæ фæзылд тагъд æмæ цы- бырæй загъта: — Гъы! Цы кæныс? Цæугæ! Фæлæ Ваня уæддæр лæууыд афтæ схъæлæй æмæ йæ 5он нæ уыд йæ райгæ цæстæнгас йæ капитанæй айсын. — Цы кæныс, цы? И? — рæвдаугæ фæлмæнæй загъта хапитан Енакиев. Лæппуйы æрбалвæста йæхимæ æмæ йæ æвиппайды йæ риумæ æрбахъæбыс кодта.—Ацу, ацу, мæ хъæбул, сæххæст кæн уыцы хæс,—загъта уый æмæ чы- сыл асхойæгау кодта йæхицæй Ваняйы. Ваня фæзылд галиуæрдæм, йæ шлем бадзæбæхтæ код- та æмæ, фæстæмæ нæ фæкæсгæйæ, згъорынмæ фæцис. Сæдæ метры бæрц дæр нæма ауад, афтæ йæ фæсте фехъуыста сармадзаны гæрæхтæ. Капитан Енакиевы сар- мадзантæ цæвын райдыдтой немыцаг танкæты, * 26 * Ваня хид калгæ æмæ лæфлæфгæнгæйæ артиллерис- тон позицитæм куы бахæццæ æмæ иугæр дивизионы ко- мандæгæнæн бынат куы ссардта, уыцы рæстæгмæ, капитан Енакиевы цы къуылдымыл ныууагъта, уым сцырен хæст. Къуылдымæн йеппæт дæр байдзаг урс, сау æмæ цъæх фæздæджы къуымбилтæй, ног фысдзармы хуызæн бæз- джын æмæ къæбæлдзыггонд. Фæздæджы мидæг арвы æрттывдау рухс калдтой нæм- гуыты хæлттытæ. Зæхх рызтис. Уæлдæф быдыры сæрмæ афтæ хъеллау кодта, æмæ цыма чидæр кæмдæр стыр къулдуар куы гом кодта, куы та æхкæнгæ. Æмæ нæ хæстæг æмæ дæрдтаг батарейты нæмгуытæ дæсгæйттæй уæлæты тахтысты уыцы къуылдымы ’рдæм. Штабы хицау Ваняйæн йæхимæ.кæсгæ дæр нæ бакодта, афтæмæй райста пакет, бакастис æй, йæ цæсгом фæтар æмæ загъта: — О, Бæргæ йæ зоцын. Æмæ пакет нывæрдта, ахæм хабæрттæ æвæрд кæм вæййынц, уым. 202
— Цæугæ ут! Ваня рацыд штабы блиндажæй æмæ фæстæмæ згъо- рынхмæ фæцис. Æрмæст ныр бафиппайдта уый, хæст æр- мæст капитан Енакиев кæм уыдис, канд уым кæй нæ цæуы. Хæст ныр цыдис æппæт фронтыл дæр, сындæггай ныгуы- лæныГрдæм ивылгæйæ. Ваня згъордта æмæ та и^ йæ фæрсты фæсыффытт код- той æмæ фæразæй сты мотомеханизацигонд фистæг æфсады уæзласæн машинæтæ; танктæ арф къанæуттыл бабызты цы- дау раппар-баппар хылд кодтой, æтте бакæсгæйæ сындæг, фæлæ æцæгæй та тагъд згъордтой хæдтулгæ сармадзан- тæ, сæ уырынгтæ къæхтæй хъыррыст кæнгæйæ; уадысты сæ лæдзджытимæ ома сæ къæбæлтимæ телефонисттæ, телы таг дарддæр хæсгæйæ; цыдис гæппгæнаг «виллисыл» цæрмын уæЛдзарм бæрзонд сырх гопджын худы мидæг инæлар, йæ цæстыты раз картæ газетау райтыгъта, аф- тæмæй. Цыбыр ныхасæй, алцыдæр алфамблайы ивылыд, иууыл- дæр змæлæг сси, иууылдæр тындзыдтой размæ. Ваня тыххæй-фыдæй зыдта йæ зонгæ ран, уый дæр цыма фендæрхуызон, куыддæр æцæгæлон, цыхуызæндæр сси. Ваня нæ зыдта, цас рæстæг рацыд, йæ сармадзан куы ныууагъта, уæдæй ардæм. Афтæ йæм кастис, цыма æр- мæст цалдæр минуты рацыд. Æцæгæй та уæдæй нырмæ рацыд цалдæр сахаты. Уый афтæ ’нхъæлдта, уыцы къуыл- дымыл ма цæуы хæст æмæ тындзыдта, цы йæ бон уыд, уымæй. Лæппу нæ зыдта, уым хъуыддаг раджы кæй фæцис, уый: танкты скуынæг кодтой, атакæйы ныппырх кодтой, цы къуылдкм байстой, уый размæ, уый ныр ныффпдар кодтой, сармадзантæ кæм уыдысты, уыцы бынат та ныр чъылдымы ’рдыгæй аззад, уымæй ноджы арфдæр бацыдысты махонтæ немыцы позицæты ’рдæм. Фæлæ уæддæр нæ зыдта, уы- дæттæ куыд рауадысты, уый. Ваня нæ зыдта ахæм хабар: капитан Енакиевы дыууæ сармадзаны $æмæ Ахунбаевы ба- тальоиæй ма чи баззад, уыдон сæ гилдзытæ иууылдæр куы фехстон, уæд дыууиссæдз мипуты дæргъы сæхи хъахъæд- 10П æмæ сæхпмæ нæ уагътой, сæ алыфарс цы пемыцаг 203
æфсад æртыхст, уыдоны æмæ сæ цавтой къухæй æппаргæ гранаттæй, гранаттæ куы нæ уал уыд, уæд та тох кодтой арцæй, белтæй, цы сæ къухы æфтыд, уымæй. Фæлæ уæд- дæр немыц сæ цыд кæй нæ уагътой, уый фæдыл капитан Енакиев телефонæй азырдта дивизионмæ æмæ сын загъта, цæмæй дивизионы батаре æхса, раст Енакиев йе’мбæлтти- мæ цы ран тох кодтой, уыцы тæккæ ранмæ. Ваня уыдæттæй ницьг, зыдта. Фæлæ бамбарæн кæмæн нæй, ахæм фæдисы мæт ын куыд фæстæмæ йæ зæрдæ æр- балвæста, йæ зонгæ ранмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ. Æцæг ацы ранæн ныртæккæ базонæн дæр нал уыдис. Тыххæй-фыдæй ма йæ зыдта Ваня. Мæнæ гъе уый немыцы æфсады комкоммæ æхстæй кæ- цæй æхстой, уыцы позицæ. Уый Ваня базыдта, цы картоф- хъæды мæкъуылгонд дзы уыд, уымæй. Уый агъоммæ йыл капитан Енакиев куы сбырыд, уæд чысыл иуфарсмæ фæ- къулау. Уыцьг мæкъуылы фарсмæ раздæр зæххы уыд гил- дзытæ кæм уыдысты, ахæм саст асыкк. Фæлæ ныр чидæр, цæмæй зонын цæмæн, асыккæн сæфтыдта йе’хсæнмæ-’хсæн гæрæнтæ æмæ гилдзытæ цы нукты æвæрд вæййынц, уыдон æмæ сæ аппæрстæуыд уым салд зæххыл. Уымæй уæлдай дзы цы базыдта, ахæмæй дзы ницыуал уыдис. Лæппу цыд дарддæр. Раздæр Ахунбаевы фистæг æфсад рæхысау кæм лæу- уыд, уым ныр фæздæг калдта, чи басыгъд, ахæм уæзласæн машинæ, йæ алыфарс та чи фехæлд æмæ ныппырх ис, ахæм сармадзаны нæмгуытæ. Æмæ Ваня бамбæрста афтæ, æмæ уый æвæццæгæн капитан Енакиевмæ гилдзытæ баласынмæ чи хъавыд, уыцы уæзласæн уыдаид. Ноджы’ дарддæр Вамя федта немыцаг дыууæ пырх танчы. Уыдон дæр уымæй размæ уым нæ уыдысты. Танк- тæй иуы хæлдæй разынд адæймаджы’ къах. Зæнгыл тыхт уыдпс æрдæгсыгъд къахтухæн, æмæ къахыл та стыр бас- махъ, йæ быиыл фидар, чысыл ихсыд зæгæлтæ хуыд кæ- мæи уыдис(, ахæм: пннæ тапчы фарсмæ—уымæн та йæ сар- мадзапы хæтæл быптон афаст, — хъуырдзæвæн дзыхъы лæууыд, электрикон лампæйы хуызæн цавæрдæр фаст ав- 20Г
джыи мигæнæн. Уыцы авгæй сыпдæггай лæдæрст æттæмæ бæзджын æнахуыр донгонд, æнæзмæлгæ пиллонæй судз- гæйæ, фосфор куыд бур мыиæг пиллонæй фæсудзы, афтæ. Уымæй æттæмæ быдыр æппæтæй дæр къахт уыд хъуырдзæвæн дзыхъытæй. Стыр æмæ чысыл хъуырдзæ- вæнтæ кæрæдзимæ афтæ æввахс уыдысты, æмæ се’хсæн нал уыдис, къах кæм æрæвæрдæуыдаид, ахæм лæгъз бы- нат. Æппын æдзух дæр иу бахъуыд куы уырдыгмæ цæуын, куы та хæрдмæ. Уыцы быдырыл Ваня ацыд æртын къах- дзæфы бæрц æмæ бынтон дæр ныффæллад. Йæ уæззау шлемы бын йæ сæры хид пуртийæ хаудта. Уæззау цинел ын дæлæмæ ивæзта йæ уæхсчытæ. Цалдæр æцæгæлон, æнæзонгæ артиллеристы аныдыс- ты Ваняйы цурты. Иуæн дзы йæ чъылдымыл уыд- эйъамылы æртæ нарæг сыфы ’нгæ’с, кæрдæпсуыз асыкк кæрдæгхуыз антеннæимæ. Ацыд æнæзонгæ артиллеристон капитан1 æпæзонгæ стыр сау ефс бæхыл, йæ фæстæ та—æнæзонгæ развгдчик, йæ -автомат йе?фцæгыл, афтæмæй. Уазал дымгæ фыццаг миты тъæпæнтæ кæцæй хаста, уыцы тар ныллæг арвы бын алцы ’ппæт дæр уыд æнæзон- гæ, æцæлæлон. Уалынмæ æвиппайды Ваня федта йæ сармадзан. Уый лæууыд чысыл къулаив. Йæ цæлхытæй иу йæ уæлæ нал уыд, фæлæ уый бæсты сармадзан æнцад, гилдзытæ æвæрд кæм ,уыдысты, ахæм асыччытæ кæрæдзийыл сæвæрдтой æмæ, уыдоныл. Сармадзантæй чысыл дарддæр лæууыд уæзласæн ма- шинæ, йæ борттæ дæлæмæ уагъдæй æмæ дзы цалдæр лæ- джы цыдæр æвæрдтой—хъавгæ арæхстгай. Цыма йæ зæрдæ ныддур æмæ цæвынæй банцад, ахæм уагæй бацыд лæппу æввахсдæр. Уым уый цы федта,—уый æвирхъау уыд. Сармадзаны раз быдыр йæ тæккæ дзаг уыд немыцаг салдæтты мæрдтæй. Алы ран дæр зæххыл рæдзæгъдтæ уыдысты æхст гилдзытæь пулеметты лентытæ, цъæлтæ, къахæнтæ, тугæй дзаг белтæ, дзаумадон рифтæгтæ, тъæ- пæнгонд гилдзытæ, скъуыд письмотæ, документтæ. 205
Уый ницы кæны, Ваня, ку, мæ хур, ку. Салдат дæр фæкæуы. Ацы ’ппæт пырхгæндтыты æхсæн йæ зонгæ сармадзан, цыма иннæтимæ, абаргæйæ къаддæр хъыгдард æрцыд, аф- тæ зындис. Сармадзаны лафетыл бадгæйæ капитан Ена- киев сармадзаны гом сампалыл фæрсырдæм бафæлдæхт æмæ йæ сæр æмæ йæ къухтæ дæлæмæ æрзæбул сты. Ванямæ афтæ фæкаст, цыма капитан Енакиев фынæй кæны. Лæппу йыл хъавыд йæхи баппарынмæ, фæлæ йæ цавæрдæр домбай фыдызнаджы тых ныуурæдта æмæ йæ бынаты сагъдæй баззад. Уый æнæзмæлгæ кастис капитан Енакиевмæ æмæ цас фылдæр каст, уыйас æм тынгæй-тынгдæр æбуалгъ каст, цы уыны, уый. Капитан Енакиевы хæрзвидауц æнгом цинел ныскъуыд- тæ æмæ ту|лæй схъулæттæ, цыма йæ куыйтæ ныппырх кодтой, афтæ. Иæ цинел зæхмæ ахауд, дымгæ йын фæй- 206
лыдта йæ урсбын сæры хъуыитæ. Мпгы гъыфылтæ сыл фæхæцыд. Кашпан Епакисвæн йæ цæсгом нæ зынд æгæр дæлæ- мæ кæй æркъул, уый фæдыл. Фæлæ зындис, цæсгомæй туг кæй кæлы, уый. Бирæ фæцыд туг, лафеты быи æгасæй дæр туджы мал сси. Капитап Енакиевы къухтæ ацы хатт æпæ æрмкъухтæ уыдысты. Р1æ иу къух уæлдай хуыздæр зындис. Уый уыдис бынтондæр урс, иттæг урс йе’нгуылдзтæ æмæ æрвхуыз йæ ныхт|æ. Афтæмæй йæ тæнæг зæроидгомау, фæлæ хæрз сыгъ- дæг цырыхъыты мидæг йæ къæхтæ куыд никуы вæййы, афтæ ныддаргъ сты æмæ адæймагмæ афтæ каст, цыма ныртæккæ абырдзысты, сæ зæвæттæй зæххыл хахх кæнгæйæ^ Ваня йæм каст, æмæ уый капитан Енакиев кæй у уый, зон- гæ бæлвырд кодта, фæлæ йæ нæ уырныдта. йæ зæрдæ нæ тардта—ацы лæг Енакиев у, уый зæгъын. Нæ, уый бын- тон æндæр лæг уыд—æнæзмæлгæ,—бамбарæн кæмæн нæй, ахæм, тæссаг, уæлдайдæр та—æцæгæлон, атæппæт дунейы лæппуйæн йæ алыфарс алцыдæр куыд æцæгæлон уыдис, афтæ. Уалынмæ æвиппайды кæйдæр уæззау къух рæвдаугæ æнцад æркодта Ваняйы пъагоныл. Ваня скастис æмæ фед- та Биденкойы. Стыр, хæларзæрдæ, хион разведчик лæууыд йæ фарсмæ. Йæ домбай къухтæй иуæй æрхæцыд Ваняйы уæхскыл, иннæ къух та ставд бинтгонд æмæ тугæйдзаг! хæцъилæй бастæй æнарæхст æлхъывд æрбакодта йæ риумæ, цыма дзидзидай сывæллон уыдис, уыйау. Æвиппайды Ваняйы зæрдæйы цыдæр ныссæххæт кодта, фегом ис. Лæппу йæхи баппæрста Биденкомæ, йæ зæнгтæ йын æрбахъæбыс кодта, йæ цæсгом фæцавта дæрзæг æмæ сыгъды тæф калгæ цинелы фæтчийы æмæ йæ цæсты сыгтæ сæхи барæй згъорын байдыдтой цæстытæй. — Биденко... Цы ’рцыдис, Биденко...—зæгъгæ, дзырд- та лæппу хæкъуырц куыдæй æмæ йæ цæсты сыгтæ лæсæн- тæ кодтой цæсгомыл: 207
Бидспко йып йæ сгерæй систа пæ уæззау шлсм, йæ баст къухæй йын йæ хъарм æлвыд сæр сæрфтытæ кодта æмæ, æфсæрмдзастæй дзырдта: — Уый ницы кæны, Ваня, ку мæ хур, ку. Салдат дæр фæкæуы. Цы гæнæп ис! Хæсты мидæг афтæ дæр вæййы. * 27 * Капитан Енакиев фæмард. Йæ амарды фæстæ йын йæ дзыппы ссцрдтой гæххæтты гæппæл, йæ мæлæты размæ кæй ныффыста, ахæм. Фысгæ та йæ ныккодта, цалынмæ дивизиоиы батарейы зынг йæхимæ, саразын кодта, уæдмæ. Кæд æй тагъд-тагъд фыста, уæддæр афтæ æнхъæл уæ- вæн уыди^, цыма йæ хæрз сабыр заманы йæ блиндажы фыста, афтæ. Афтæ биноныг, бæстон, сыгъдæг фыст уыдис. Афтæмæй та уыцы тæссаг, фæстаг минут, уыцы гæх- хæтты куы фыста, уæд йæ алыфарс ничиуал баззад. Капитан Ахунбаев дæргъæй лæууыд зæххыл, йæ пæ- лæз-палаткæйы бын, йæ къухтæ уæгъд æппæрстæй базза- дысты, афтæмæй. Нæмыг сæмбæлд йæ фæтæн, бæрзонд ныхæн йæ тæккæ бæстастæу. Ковалев зæххыл бадгæйæ баззад, цыма йæ цырыхъ раласыамæ æмæ йæ къахтухæн ногæй стухынмæ хъавы, уыйау, фæлæ!, , цыма фæрсырдæм фæхъил, ахаудта æмæ нал сызмæлыд, Фæлæ уæддæр капитан Енакиев йæ гæххæтты нæ фе- рох кодта ныффыссын мæй, мæйы бон, аз æмæ йæ цы са- хат фыста, уый. Суанг ма дзы ран дæр фæнысан кодта: «Нысан æстæ?л номеры районы». Стæй, гæххæтты йæ мык- каг бафысгæйæ нæ ферох кодта уый фæстæ стъæлф ны- вæрын дæр. Гæххæтт æртæтигъон дыдагъ бакодта æмæ , йæ ны- вæрдта йе’ттаг хæдоны дзыппы, цæмæй æнцондæр сса- рæн уыдаид, уый тыххæй. Уыцы гæххæтты мидæг капитан Енакиев хæрзбон загъ- та йæ батарейæн, салам лæвæрдта йе ’фсæддон æмбæлт- тæн сеппæтæн дæр æмæ куырдта командæгæнæг хицауа- дæй, цæмæй йын скæной æфсæддон фæстаг цыт — баны- 208
гæной йæ Германы нæу фæлæ хи, Райгуырæн советон зæххыл. Уымæй æттæмæ уый куырдта, цæмæй йын фæкæсой йæ кæнгæ фырт Солнцев Ванямæ æмæ дзы скæной хорз салдат, фæстæдæр та бæззон, аккаг афицер. Капитан Енакиевы фæстаг курдиат æххæстгонд æрцыд, куыд æмбæлд, афтæ: баныгæдтой йæ советон зæххыл. Зымæгон тымьнъ капитан Енакиевы ингæн ног уард ми- ты бын ануæрста. Солнцев Ванямæ фæсидтысты полчы командæгæнæн бынатмæ, командирмæ. Æмæ та Ваня но- джыдæр фехъуыста, алы хатт дæр салдаты царды уаг’ чи фæиннæрдæм кæны, ахæм ныхас. Артиллерион полчы командир Ваняйæн фехъусын код- та, Суворовы скъоламæ кæй цæуы уый, æмæ загъта: — Барæвдз кæн дæхи. Цыппар боны фæстæ зæронд уырыссаг горæты мидæг вакзалæй цеитрмæ цы фæтæн дзыхъытæ уынг нырраст, уым фæцæйцыд Ваня ефрейтор Биденкоимæ. Уыдон цыдысты сабыргай, фронтæй ссæуæг салдæттæ фæсчъылдым горæты куыд сæрыстырæй æмæ æнæргом мæстджынæй фæцæуынц, горæты царды сабырдзинад æмæ æвæткыл дисгæнгæйæ, ахæм хуызы. Биденко уыдис рог, æнæ исты хæссинаг, йæ къух баст, афтæмæй; лæппуйæн йæ чъылдымыл уыд дзаумадон кæр- дæгхуыз рифтаг. Уыцы рифтаджы уыд бирæ хъæугæ æмæ æнæхъæугæ дзаумæттæ, æмбырд та сæ æркодтой сармадзанимæ архай- джытæ æмæ разведчиктæ æмдыхæй, сæ хъæбулы дард балцмæ куы рæвдз кодтой, уæд. Дзаумадон рифтаджы уыд, йæ ном кæмæн айхльуыст, уыцы хызын, йæ мидæг абеты чиныг, афтæмæй. Уыдис дзы иттæг хорз тæф чи, кодта, ахæм къухтæ’хсæн сапоны къæртт сырхбын целлулойд сапондоны мидæг æмæ дæндæгтæ ’хсæн щеткæ, кæрдæгхуыз целлулойд хуынчъытæ агъуды мидæг. Уыдис дзы дæндæгтæ ’хсæн порошок, судзинтæ, æн- дæхтæ, дзабырты щеткæ, ваксæ. Уыди дзы хуыйы фыды консервты къопп, сæкæры къаннæг дзæкъул, спичкæты къоппы мидæг цæхх, æндæр къоппы та цайгæр- 14 Полчы хъæбгл 209
дæг. Уыдпс дзы кружкæ, былты фæыдыр, трофе- йон зажигалкæ, бомбæйы дæндагджын цалдæр схъи- сы æмæ немыцаг ставдкалибр-пулеметы дыууæ дзæбæх гилдзы—иуæн дзы, ,бур нæмыг уыдис, иннæмæн та сау нæ- мыг æмæ сырх таг. Уыдис ма дзы дзулы гуыдын, мидæг- гаг дзаума æмæ дæс туманы æхца. Фæлæ дзы хуыздæрæй цы уыд, уый уыди газет «Суворо- вон бырст», стæй уый æтте та къухты кæлмæрзæиы мидæг капитан Енакиевы пъагонтæ. Уыдон æм радта полчы ко- мандир, уырдыг(æй куы раст кодта, уæд, капитан Енакиевы номыл æвæрд куыд уой, уый тыххæй æмæ йын бафæдзæх- ста, цæмæй сæ хъахъæна йæхи цæсты гагуыйау æмæ сæ бавæра, искæд бон, чи зоны, цалынмæ йæхæдæг капитан суа, æмæ сæ йæхи уæхсчытыл бакæна, уæдмæ. Æмæ капитан Енакиевы пъагонтæ лæппумæ дæттгæйæ, булкъон загъта афтæ: — Ды хорз хъæбул уыдтæ дæхи мад æмæ фыдæн. Ды хорз хъæбул уыдтæ разведчиктæн æмæ сармадзанæй æхсджытæн. Ды аккаг хъæбул уыдтæ капитан Енакиевæн — хорз, хъæбатыр, коммæгæс. Æмæ дæ ныртæккæ нæ артиллеристон полк æппæтæй дæр ныманы йæ хъæбулыл. Дæ зæрдыл дар уый. Ныр цæуыс ахуыр кæнынмæ æмæ æз æнхъæл дæн, пæ фæчъизи кæндзынæ, дæ полчы ном. Мæн уырны, иттæг хорз ахуыргæнинаг, стæй та иттæг хорз афицер кæй уыдзынæ, уый. Фæлæ дæ зæрдыл дар: кæд- дæриддæр æмæ кæмдæриддæр æппæты фыццаг æмæ æп- пæты фæстаг хъуамæ уай дæ ныййарæг мад — райгуырæи бæстæйы æнувыд иузæрдыг хъæбул æмæ уыцы райгуырæн бæстæйы хуыздæр хъæбулы стыр номдзыд лæг—Сталины æнувыд хъæбул. Хæрзбон, Ваня Солнцев, æмæ афицер куы суай, уæд иу æрæздæх дæ полкмæ. Мах дæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм æмæ дæ райсдзыстæм нæхи- мæ, хионы куыд фæисынц, афтæ. Æмæ ныр та—барæвдз кæн дæхи. Ваня æмæ Биденко æрзылдысты’ æппæт горæтыл, мит- хъæпæнджын уынгтыл æмæ æрлæууыдысты иу стыр хæ- дзары раз, паддзах Екатеринæйы заманы конд чи уыд, ахæм, колоннæтимæ æмæ аркæтимæ. 210
Ацы горæт цыппор дыккæгæм азы цасдæр рæстæджы фæцис немыцы къухы æмæ уыцы хæдзарыл ранæй-рæтты зындис сыгъды фæдтæ. Нывæфтыд цæнгæт хызтыл халас æрхæцыд æмæ цыма сæкæрæй конд уыдЬюты, афтæ зындысты æттæмæ. Цал-- дæр сæдæазыккон бæрз бæласы задис хæдзары алыфарс. Сæ бирæ лыстæг зæузæугæнаг къалиутæ, сæ сæрмæ та, сау худы хуызæн, халоны ахстæттæ, афтæмæй—уыдондæр цæнгæт хызау халасдзагъд—уырдыгмæ æрзæбул сты, фæл- мæн сырхбын уæлдæфы ауындзæгæй баззадысты, авгау тæгæлтæ фæхауыны æввонг æмæ æтте бакæсгæйæ зын- дысты æрвæнгæс. Зымæгон, æнæтын хур айчы бурау ленк кодта уазал фæлмы æмæ зæронд каланчайы сыгъд къулты сæрмæ тах- тысты цъиахтæ. Биденко æмæ Ваня бацыдысты контролгæнæн будкæ- йыл æмæ егъау æрдæг-тымбыл царджын тыргъы лæууæг афицермæ, Биденко радта Ваняйы æмæ уыимæ пакет дæр æд документтæ, йæхæдæг фæтæн аркæйы; бын зæронд тæрхæгыл æрбадт æмæ æнхъæлмæ кæсын байдыдта. Уый фенхъæлмæ кастис дзæвгар рæстæг. Цалдæр хат- ты иу асины бынæй рацыдис æрыгон лæппу, кастис сах!ат^ мæ æмæ уасыд уасæи хæтæлæй. Уыцы быгъдæг бæзджын дуркъул æмæ къæйбын тыргъты мидæг уыцы хæтæлы хъæр афтæ азæльтд, æмæ къуырма кодта адæймаджы хъустæ. Уынæртæ цыдысты уæлæмæ æрхуы хæцæнджын егъау дурын асинтыл, куыд фæстæмæ мынæгдæр кодтой, æрмæст ма кæмдæр бæстыхайы дард къуымты, къæридор- ты, къласты æмæ залты цыдис сæ мæллæг арауын. Ам алы хъуыддаг дæр арæзтойуасæнхæтæлæй. Хæтæл уыд ацы хæдзары æнæуынгæ цардæн йæ аразæг, йæ фæтк- æвæрæг. Хæтæлы уасты фæстæ иу æвиппайды бæстæ байдзаг ис сæдæ адæмты хъæлæсы æмæ къæхты хъæрæй. Куы та; иу æвиппайды ахæм мæрдон сабырдзинад æрцис хæтæлы уасты фæстæ, æмæ иунæг сыбыртт дæр нал цы- дис, æмæ ам æрмæст хъуыстис ) хихсæнæй доны’ртæхтæ куыд хаудтой, æмæ асины бын сахат.куыд цъык-цъык кодта, уый. Иу хатт хæтæл слæууын кодта æнæуынгæ ротæйы и 91!
æмæ Биденко хъуыста, кæмдæр сабырдзинады мидæг уыцы æнæуынгæ ротæ фæтк рæнхъытæй кæй æрлæууыд æмæ нымадта—-фыццаг, дыккаг, дывазыг кодта, йæ рæнхъытæ, зылдис, стæй сæдæ хъæбæр дзабыры æмист къахæй тагъд-тагъд рацыдысты: «Иу—дыууæ, иу-дыууæ, иу- дыууæ... Галиу!' галиу!». Иу хатт та асины дыккаг фæзыл февзæрд къаннæг бур- дзалыг лæппу, йæ уæлæ сау мундир, даргъ хæлаф, йæ фæрстыл дæргъæй-дæргъмæ сырх тæгтæ, ахæм. Уыцы лæппу куыд хъавгæ цыд кодта, уымæй зæгъæн уыд, æзæц- цæгæн ын уасæн хæтæл бар нæ радта ацы рæстæджы ар- дæм рацæуынæн æмæ уыцы ’ хъуыддаг бакодта йæхи хъæппæрисæй. Ома, иунæг дæн, æнхъæлæй лæппу фæхæцыд асины перилыл æмæ йæ гуыбынæй абырыд дæлæмæ, йе ’схъæл- фындз æмæ дзыгъуыр цæсгомыл циндзинад апырх, афтæ- мæй. Фæлæ æвиппайды Биденкойы куы ауыдта, уæд тынг фефсæрмы, йæ мундир асæрфта æмæ барст къахдзæфæй къæйастæрдыл фæцæуæг æмæ фæрсдуары фæмидæг. Биденко та æрæнкъард ис, æфтæмæй бадтис йæ бынаты, йæ цæф къух изæры’рдæм риссын байдыдта æмæ йæ сæрф- тытæ кодта. Зын ын уыдис Ваняимæ фæхицæн уæвын, уымæн æмæ зыдта, ацы фæхицæны фæстæ кæрæдзийыл кæй никуы фембæлдзысты, уый. Асины фыццаг фæзы сæрмæ ауыгъд уыдис стыр, къу- лæн йæхи ас, ныв. Уым уыдис стыр урс асины ныв, ныртæк- кæ цы асины сæрмæ ауыгъд уыдис, уый хуызæн. Нывгонд асин, цыма æцæг асины дарддæр къæпхæнтæ уыд, афтæ кастис, æтте бакæсгæйæ. Йæ фæйнæ фарс нывгонд уы- дысты зæронд заманы сармадзантæ, барабантæ, тырысатæ, уасæн хæтæлтæ. Асиныл уæлæмæ фæцæйцыд къаннæг лæппу, сырх пъагонджын сау мундиры мидæг. Уæлейæ йæм йæ къухтæ æрдаргъ кодта Суворов, цыма йæ йæ хъæбысы акæнынмæ хъавы, уыйау. Суворовыл уыдис цъæхбын салдатон пæлæз, йæ уæхсчы сæрты æппæрс- тæй, бæрзонд шпорæджын ботфорттæ йæ къæхтыл, алмаз стъалы йæ риуыл æмæ йæ бæрзонд лæгуын тæрныхы сæр- мæ сæры хъуынты бындзыг. ж
Æмæ Биденкомæ афтæ фæкаст, цыма уыцы къаннæг лæппу Ваня у, чысыл фийау, æмæ асинтыл фæцæуы уæ- лæмæ тырысаты æмæ уасæн хæтæлты’хсæн, Суворов та йæм уæле йæ къухтæ дары. Фæлæ мæнæ байгом фæрсдуар æмæ тыргъмæ рахызтыс- ты рады лæууæг афицер æмæ Ваня. Биденко фестад тæр- хæгæй æмæ йæхи фесхъæл кодта. Биденко афтæ ’нхъæл уыд, æмæ ныр Ваня Суворовы скъолайы формæйы мидæг уыдзæн. Фæлæ лæппу нырма æфсæддон дарæсы уыд, æцæг æнæ цинел, стæй йын йæ цокора дæр алвыдтой. — Ахуыргæнинаг Солнцев, дæ бон у хæрзбон зæгъын демæ чи ’рбацыд, уымæн, — загъта рады лæууæг афицер æмæ иуфарс алæууыд. Ваня бацыд Биденкомæ. Дыууæдæр иу дзæвгар ницы сдзырдтой кæрæдзимæ, цыма цы кæнын хъæуы, уый нæ зыдтой, уыйау. Уыцы’ минут лæппуйæн йæ цард ауад æппæтæй дæр йæ цæстытыл. Æмæ уый бамбæрста, уыцы цард кæй фæцис бынтондæр æмæ йын ныр та кæй бацайдагъ уыдзæн æн- дæр, æппындæр фыццаджы хуызæн чи нæу, ахæм цард. — Хæрзбон, чысыл фийау,—загъта æппын фæстагмæ Биденко. — Фæндараст фæу,—загъта Ваня. Фæндыд æй Биденкойыл йæхи ныццæвын, æрбахъæбыс æй кæнын, нысан номер асты районы саст сармадзаны цур куыд уыдис, афтæ, йæ сыгъд цинелы йын йæ сæр куы фæцавтаид æмæ куы скуыдтаид. Фæлæ йын йæ царды таг рагæй нырмæ цы æнæзынд домбай тых |аразын байдыдта, уый йæ: ныуурæдта. Биденко йæм æнæдзургæйæ йæ къух фæдаргъ кодта. Фыццаг хатт ныххæцыд уыцы егъау дæрзæг къухыл æмæ банкъардта уымæн йæ рæвдыд æмæ йæ тых æппæтæй дæр. Фæлæ уыцы рæстæджы Биденко нал фæлæууыд æмæ нысан номер асты районы куыд уыдис, афтæ асæрфтытæ кодта Ваняйы æлвыд сæр йæ баст къухæй. — Биденко, хæрзбон!—æвиппайды йæ тых-тыхæджы иыхъæр кодта Ваня, Биденко æрбацæуæн уæззау, æрхуы- телджын дуар куы æрбакодта, уæд. 213
Фæлæ разведчик, æнæфæстæмæ фæзилгæйæ, рахызт уынгмæ. * 28 • - Цалдæр сахаты фæстæ1, коптернармусæй формæйы дарæс райсгæйæ æмæ йæ йæхиуыл абаргæйæ, цæмæй йæ райсом раджы йæ уæлæ скæна, уый тыххæй, Ваня, уасæн хæтæлы дзырд æххæст кæнгæйæ, хуыссыдис иннæ ахуыр- гæнинæгтимæ хъарм уаты,; хицæн сынтæгыл, ног байкæ хъæццулы(бын. Йæ базы бын æвæрд уыдысты капитан Енакиевы пъа- гонтæ. Боны цъæхæй, хуыссæнæй сыстынæй чысыл раздæр, зæронд инæлар, скъолайы хицау, иннæтæй иу раздæр чи сыхъал ис, уый, иннæ хæттытау зылдис, лæппутæ кæм хуыссыдыстьг, уыцы уæтты, цæмæй бакæса йæ лæппутæ куыд хуыссынц, уымæ. Уый фæлæууыд Ваняйы сынтæджы уæлхъус æмæ бирæ фæкаст лæппумæ. Ваня кодта иттæг тарф фынæй, фæлæ уæддæр йæ фынæй сабыр æнцой нæ уыдис—йæ хъæццул иуырдæм аппæрста, йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ фæй- нæрдæм айтыгъта, афтæмæй. Йæ цæсгомыл бæрæг дард- той цы фынтæ уыдта, уыдон. Алы минут дæр цæсгом ивта йæ хуыз. Лæппуйæн йæ уд уыцы фынтæ уынды цоппайгæнгæ аф- тæ дард уыдис йæ буарæй, æмæ нæ банкъардта, инæлар æй хъæццулæй куыд æрæмбæрзта æмæ йын йæ баз куыд бадзæбæхтæ кодта, уый. Инæлар ын кастис йæ цардæфсис фынæй цæсгоммæ æмæ йæ фæндыд, ацы къаннæг салдатæн йæ зæрдæйы арфдæр къуымтæм ныккæсын æмæ дзы цыдæриддæр æх- сызгон æмæ зынаргъдæр хъуыдытæ ис, уыдон базонын. Инæлар зыдта Ваняйы истори кæрæй кæронмæ. Зыдта, батарейы уæвджыты лæппуйы чысыл фийау кæй схуыд- той, уый дæр. Æмæ уый та уæлдай хуыздæр кастис инæ- лармæ. Уый йæхæдæг дæр хуымæтæджы зæхкусæджы Л4
хæдзарæй рацыдис, Уый бирæ уарзта, хаттæй-хатт иу йæ сывæллоны бонтæ йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты, уый. Æмæ ныртæккæ, фыпæй лæппумæ кæсгæйæ, инæлар дæр, кæддæр Биденко кыуд æрæмысыд, афтæ æрæмысыд йæ сывæллоны бонтæ: хъæууон рог сæумæрайсом, хъуццы- тæ, мигъ, цыма цъæх-цъæхид уыгæрдæныл исчи æхсыр ауапьта, уыйау, æртæхы алыхуызон фæрдгуытæ—зынгхуыз- фиолет, цъæх, сырх, бур, йæ къухы фæдæгъдæй арæзт къаннæг уадындз æмæ дзы уасы уыцы иухуызон цъæхснаг æмæ фæлмæн, фæлæ хъæлдзæг зарджытæ. Уыцы хъуыдытæ кæнгæ куыддæр фæкомкоммæ лæппу- йы къухмæ. Ваняйæн йæ къух хъæццулы бынæй разынд. йæ чысыл æнгуылдзтæ фыны змæлыдысты, цыма уадын- дзы хуынчъытыл хъазынц, уыйау. Æмæ зæронд æфсæддон инæлар, мидхæсты Герой, стыр иомдзыд Сталпны тырысаты быи Царицины, Крон- штаты, Орелы чи тох кодта, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы дæр та уыцы номдзыд скуыхт тырысаты бын уыцы Орелы, уыцы Царицины—Сталинград чи сси—уым чи тох кодта, уыцы гом урс сæр, дæрзæг æнцъылд цæсгом- джын, рухсдзаст æмæ хъæбатырдзинадæй æрттиваг цæс- тæнгас кæмæн уыд, уыцы иыхджын карз адæймаг æвиппай- ды йæ сæр дæлæмæ æруагъта, йæ урсхæццæ рихитæ адаудта æмæ фæлмæн худт бакодта. Æмæ уыцы рæстæджы асинтæй апырх ис къæридортыл æмæ залтыл уасæн хæтæлы хъæр. Уый сидтис сыстыимæ. Ваняйы хъустыл уайтагъд ауад уасæн хæтæлы бар- джын, цъæхснаг домæнджын хъæр. Фæлæ æвиппайды нæ сыхъал ис. Цасдæр рæстæг ма баззад йæ цæстытæ цъынд, афтæмæй, цыма хуыссæгæй йæхи феуæгъд кæнын нæ ’фæрæзта, уыйау. Уæд инæлар æргуьГбыр кодта æмæ сындæггай рахæцыд лæпцуйы къухыл. Уыцы рæстæджы Ваня уыдта фæстаг, сæумæрайсомы фын. Йæ фыны та уыдта, хæрз æрæджы йæхæдæг æцæгæй цы федта, уый. Ваня уыдта йæ фыны урс фæндаг. Урс уæзл’а’сæн маши- .215
нæ фæласы капитан Енакиевы мард. Алырдыгæй тар, бæр- зонд нæзы бæлас уырыссаг хъæд, æрдхæрæны рæсугьд йæ зымæгон дарæсьц мидæг. Марды чырыиæн йæ уæлæ полчы тырыса æмбæрзт, афтæмæй йæ цыппар фисыны лæууынц цыппар салдаты, сæ автоматтæ се’фцæгтыл æф- тыд. Фæндзæм та—Ваня—лæууы нывæрзæны. Уыдис æхсæв. Уазал тъæпджытæ хаудта хъæды. Нæзы бæлæсты цъуппытыл гæзæмæ ныдзæвд стъалыты рухс æмæ æрттывтой, фæздæг калдтой, цыма сæ фосфорæй байсæрст,) уыйау. Наз бæлæстæ уæраджы сæртæм аныгъуылдысты миты хъæпæны æмæ æмбисонды бæрзонд зындысты æттæмæ. Уыдонимæ абаргæйæ телы хъæдтæ ахæм къаннæг уыдыс- ты, æмæ адæймагмæ спичкæтæй уæлдай нæ кастысты. Фæ- лæ уыдæттæй уæлдæр та уыдис арв, цыма’йыл исчи зымæ- гон стъалытæ байзæрста, афтæ. Уæлдай рæсугъддæр æрт- тывтой стъалытæ разæй, згъоргæ фæндаджы акомкоммæ арвы сау хъæдабæ гæппæлыл чи зынд, уыдон. Уым ахæм егъау æмæ ахæм ирд стъалыты дзыгуыртæ æрттывтой æмæ тыбар-тыбур кодтой, æмæ цыма æппæт дунейы тæк- кæ хуыздæр æмæ тæккæ егъаудæр алмазтæй конд уыдыс- ты, уыйау. Прожекторы иарæг их тын хаттгай гæзæмæ ныдзæвд кодта стъалытыл. Фæлæ уымæн йæ бон нæ уыд нæ дæр сæ ахуыссын, нæ дæр æгæр мæгуыр сæ ирд фæмынæг кæ- нын—уыдон хъазыдысты ноджы ирддæрæй, ноджы рæ- сугъддæрæй. Алфамбл1ай та ахæм егъау сабырдзинад уыдис, æмæ цыма уый бæрзонддæр уыд наз бæлæстæй, бæрзонддæр уыд стъалытæй, бæрзонддæр уыд суанг сау æнæбын арвæн йæхицæй дæр. Æвиппайды цавæрдæр дæрдтаг уынæр æрбайхъуыст хъæды арфæй. Ваня йæ уайтагъддæр базыдта: уый уыдис уасæн хæтæлы цъæхснал, домаг хъæлæс. Уасæн хæтæл æм сидтис. Æмæ æвиппайды æппæт дæр фендæрхуызон. Фæндаджы фæйнæ фарс наз бæлæстæ фестадысты урс пæлæзтæ æмæ инæлæртты хъуынджын уæйлаг нымæттæ. Хъæд фестад æрттивгæ зал. Фæндаг та фестад егъау мра- 216
мор асин, йæ фæрсты сармадзантæ, тырысатæ æмæ уасæн хæтæлтæ. ) Æмæ Ваня азгъордта уыцы асинтыл. Зын ын уыдис згъорын. Фæлæ йæм уæле йæ къу]х- тæ æрдаргъ кодта зæронд лæг, цыма йæ йæ хъæбысы акæнынмæ хъавыд, уыйау. Зæронд лæгыл уыдис цъæхбын салдатаг пæлæз, йæ уæхсчы сæрты æппæрстæй, бæр- зонд, шпорæджын ботфорттæ йæ къæхтыл, алмаз стъалы йæ риуыл æмæ рæсугъд дæвдæг ныхы сæрмæ — сæры хъуынты бецыкк. Уый ныххæцыд Ваняйы къухыл æмæ йæ акодта асины къæпхæнтыл уæлдæр, æппæты уæлемæ, цыппар уæлахиз хæсты сыхырнагонд кадджын тырысаты æхсæн Сталин кæм лæууыдис æмæ йæ цинелы тæртты астæуæй маршалы бриллиант стъалы æрттывтытæ æмæ тæмæнтæ кæцæй калдта, уырдæм. Хъæбæр фуражкæйы расх козиреччы бынæй Ванямæ домæджы каст кодтой чысыл цъынддзаст, дардмæ уынаг цæсчтытæ, адæймаджы зæрдæйы иннæрдæм чи хизы, ахæм кастæй. Фæлæ сау рихиты бынæй Ванямæ зынд, адæймаг йæхи фыды цæсгомыл кæй фæуыны, ахæм уарзæгой, фæлæ карз худæндзаст æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма Сталин зæгъы: — Рацу, чысыл фийау... Лæгæрд ныфсджындæрæй!
нывгæнæг И. Гринштейн Бæрнон редактортæ Мамсыраты-Д^ Дарчиты Д. Техпикон редактор Дзгойты А. Коррекюр Дзампаты И. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 24/Х1 1948 азы Мыхуырон сыфтæ 13,625. Рауагъдзды № 110 Заказ №2924 Тираж 5!00 ЕИ 04752. Цæгат Ирыстоны АСсР-ы полигра- фийы Управленийы типографн. Дзæуд&ыхъæу» Дзанайты Иваны уынг, 20.