Текст
                    Бдситм Милдл
Рддзырдтæ
Цæгат Ирыстоны чингуыты
рауагъдад
Орджоникидзе * 1964


С(Осет.) Б27 «Лæгæй лæгмæ» у Баситы Михалæн йæ фыццаг чиныг. Йæ автор ирон æвзагмæ раивта П. Ершовы зындгонд аргъау «Къуыпрагъ æфсургъ», Л. Толстойы радзырдтæ, Т. Шевченкойы æмдзæвгæтæ æмæ бирæ æндæр фыстытæ. Фæстаг азты ирон газеттæ æмæ журналты арæх фæзынынц Михалы радзырдтæ. Ацы чиныгмæ фыссæг бахаста йæ ног уацмыстæ. Радзырдтæ баст сты тема- тикон æгъдауæй. Михал хæсты рæстæг тох кодта уæлдæфон æфсады. Фæци уæззау цæф. Æмæ йæ уацмысты кæны йæ тохы æмбæлтты царды хабæрттæ, æвдисы сын сæ лæгдзинад, сæ рæсугъд удыхъæд, сæ бæллицтæ. Нæ прозæйы тæхджыты цардыл фыццагдæр Михал ныффыста æмæ йын зæрдиагæй зæгъæм: рæствæндаг у, чиныгкæсджыты зæрдæты баззай! Михаил Басиев Лицом к лицу Рассказы Северо-Осетинское книжное иэдательство Орджоникидзе * 1964
КЪÆДЗÆХ Мæ ахуыргæнæг, мве хглар, Советои Цæдисы Герой Къобылты Сергейы ном дзы арым. I Акæф зынæг нæ уыди. Цæрай схъыг æн- хъæлмæ кæсынæй. Иæ катлеттæ æнæбарыго- мау вилкæйæ акъахта, хъарм какаойы агуыв- зæ тагъд-тагъд ахуыппытæ кодта, аныхъуырд- та йæкомдзаг æмæ æлхынцъæрфыгæй рахызт æддæмæ. Чысыл фалдæр таггæрон зади рагон ставд- зæнг нæзыбæлæстæ. Тæхджытæ уарзтой фæс- 8
хæрд уым сæ фæллад суадзын, фæйнæ бады- мын, сæ хæстон хабæрттæ ракæнын. Ныртæк- кæ нæзыты бын ничи зынди. Йæхи уырдæм байста Цæрай. Банцой кодта чъиуæйдзаг дæрзæг бæласыл. Иæ акомкоммæ дæллозгомау„ арсы дзæмбыты хуызæн, æрзæбул сты бæз- джын хих къалиутæ, къæхты бын къæрццытæ кодта, фаронæй нырмæ чи фезгъæлд, уыцы бур судзинты лыстæн. «Цæуылнæ фæзындаид Акæф æхсæвæр хæ- рынмæ? — йæхимидæг тыхсы Цæрай.— Уымæ та уа? Æвæджиауы лæппу, диссаджы тæхæг, æмæ... сбæндæн ис цавæрдэбр... Йе ма дзы уынд куы уаид, йе — конд... Цыдæр дæлæмæ- дзыд... Хуымæтæджы ичъи йыл ныцци уый дæр. Ахæмыл фæхæст — къамы хуызæн лæп- пу! йæ_ лæджыхъæды кой йæ разæй згъоры’ Знæгтæ дзы æмризæджы ризынц. Ехх, куын- нæ йын æй уарзы!.. Иæ бар ыл куы цæуид, уæд æй тæккæ райсом йæ хæдзары балæууын кæнид: «Гъа, нæ мады хай, мæнæ дæ Агуын- дæ-рæсугъд! Нæ сахъ Хæсанæйы нын ссæр- зилæччын кодта. Йæ фæринк кард æркъуы- мых. Хинтæ йын ыл ысчынди...» Цæрай йæ камбинезоны тæрттæй иу мæсты ивæзт скодта, уый аууон тамако ссыгъта. Адджынæн сулæфыд фæздæг æмæ йæ цæст ахаста стæхæн фæзы фаллаг фарсыл. Бон фæцæйхæццæ кодта йæ кæронмæ. Фæ- 4
изæрмилтæ. Æрмæст ма ныгуылæнырдыгæй, дард хъæды къохы сау æндæрджы сæрмæ, тугахуырстау, сырх-сырхид дардта мигъамæст арвы кæрон. Цæраймæ афтæ касти, цыма уый урскъуымбил æврæгътыл хæсты æвирхъау цæ- хæры ивылæнтæ хъазынц, цыма сæ кæрæттæ цæф æмæ ’зынгхуыст хæстонты буррондзы пырхæнты сæвдылдысты... Ныккæрзыдта уыцы хъуыдымæ Цæрай. Диссаг — абон райсом куы райхъал, уæд дæр æппæты фыццаг йæ былалгъыл уыцы дзырд абадти — туг. Ныр нал цух кæны йæ сæрæй: асуры йæ, адде йæ кæны, фæлæ та, с^сæны мæйы бындзау, дыв-дывгæнгæ йæхи'’æрба- скъæры фæстæмæ. Ныккæлынд^та^й^л мæт, катайтæ. Цæстытыл ауайы цыдæр æвирхъау нывтæ. Сау хъуырдухæн, ^алмы хæст, туджы æрхæмттæ... Цæй æвирхтйу, цæй æнæхъола уавæрты бапп.ары хæстон лæджы йæ тохвæл- лад, йæрыст сæрымагъз фынæйæ!.. Стæй, фæн- да дæ, ма фæнда, уырна дæ исты, ма уырна, уæддæр йæхимæхъусæг зæронд усау хъуыды- тæ кæн, тыхс. Хæсты быдыры лæг алцынхъæ- лагдæр, тасæмхицдæр кæм нæу!.. Иæ чемы нæй абондæргъы Цæрай. Нæ ары йæхицæн бынат. Æмæ йæхи мæтæй афтæ нæу- Иæхи удыл нæ катай кæны. Акæф... Ие ’рдхорд... Уыимæ дзуры изæрсарæй йæ зæр- дæ. Цæмæ рацæудзæн дысоны æвзæр фын? Цы 5
йæм кæсы?.. Фын... Æмæ цы у фын та? Чи йыл æууæнды? Кæй уырнынц фынтæ? Уыр- нынц, нæ уырнынц... Риссы зæрдæ. Дуды. Æлвасы риуы къултæ... Цыма йæм кæйдæр дæрзæг, риссаг къух бахæццæ æмæ йæ уый агайы. Æгъатырæй, барæйгæнæгау... Тыхст зæрдæйы катæйттæ... Цæмæн æй хъæут ацы æхсардохы заманы? Кæдæм æй сайут уæ фæдыл уæ талынг, лæхъир фæн- дæгтыл?.. Хъавы Цæрай йæ зæрдæсæттæн хъуыдытæ фæсурыныл, фæлæ — кæм, нæ комынц. йæ цæстыты раз та, мигъы астæуæй сæвзæрæгау, сысты дысоны фын. Мæнæ Акæфимæ къутутæ бийынц Хуыдзыхы. йæ былтæй акалд Хъруп- сыдон. Никуыма йæ федта афтæмæй Цæрай. йе ’намонды ивылд ракодта æви мæсчъы- дон?.. Фæлæ диссаг — кæм змæстæй кæлы, лакъонæй, кæм та — цæстысыгау рæсуг. Йæ сыгъдæджы бынæй, карчы æмæ дицыры æй- чытау, зынынц уырдуртæ. Балгæйттæ цæуынц хуыдзых кæсæгтæ, тъепатæ, хъыппитæ... Иæ фадгуытæ уæлиау стылдта Акæф. Йæ фæлурс æнæхъуын зæнгтæ кæрдæйнагæй тыхт цыма сты, афтæ урс дарынц хурмæ... Цæрай- мæ цæмæндæр кæсынц мæрдонхуыз... Цы уа, цæмæн уа уый?.. «Макæ, Акæф. Фæлæуу,— тæрсы йын Цæрай.— Иумæ бацæудзыстæм». Нæй, кæм ма хъæцы æрхъæцмæ йе ’мбал. 6
Фыццаг хатт ис ам. Йæхи фæнды басгарын кæсагарæхдæр ран... Ахæм у йæ конд, исты йæ нæ зоны — алы хъуыддаджы дæр ра- зæй... Ныллæгдзыд, пæлæхсар хæрисбæлас йæ æнахъинон здыхт уидæгтæ залиагкалмау ас- къæрдта доны малы. Диссаджы кæсагбадæн! йæ тæккæ астæумæ бацыд Акæф. Лæппуйы буар урс дары змæст доны уæлæ. Къуту ба- хафта бынуæзты. Худгæ, цингæнгæ систа ах- сæнгарз бæрзонд йæ сæрмæ. Æллæх! Цы у уый?.. Кæсæгты бæсты, ставд гæрзбозийы лыггаджы хуызæн, къутуйы дзыхæй æвиппай- ды æрхауд... стыр сау калм. О-о, уыцы хъæр- зын! Уыцы хъуырдухæн!.. Сызмæсти дон. Сырх-сырхид адардта тугæй... Бæргæ ма фехс- та Цæрай йæхи малмæ, бæргæ ма радавта йе ’рдхорды былмæ, бæргæ ма йын сцъырдта йæ марг. Ницыуал. Ферæджы... Заууаты хъуыдытæ! Цы ма уæ фæкæна лæг йæ сæр? Кæдæм ма уæ фæлйдза адæймаг? Мæсты кæны Цæрай, худы йæ лæмæгъ- дзинадыл. Ай цыдæр æнæныфс куы у, цыдæр, æмæ куынæ зыдта йæхи. Ныллехъа бынтон- дæр. Гъæйдæ-гъа!.. Дæ тохæмбæлттæ дæуæн цыдæр æнхъæл сты, ды та?.. Цавæрдæр ни- цæййаг фын, æмæ дæ афтæ йæ быны скæнæд... Нæ, цас тынгдæр архайы йе ’рхæндæг хъуыдытæй фервæзыныл, уыйас арфдæр сæ- 7
дзы сæ мæнгард, химæлвасаг ламийы, уыйас ын тынгдæр æвдæрзы цыдæр æбæрæг тых йæ зæрдæ... Хуымæтæджы уа уый?.. Ахуыссыди мæнгæфсон рухсы цæст æрвгæ- рон. Зæххыл атадысты фæстаг аууæттæ. Йæ бартæ йæхимæ райста сæрдыгон цыбыр æх- сæв. Æхсæвæрафон раджы фæци. Чи байрæджы кодта, ахæм цалдæр тæхæджы ма тагъд- тагъд схызтысты хæрæндоны къæсæрыл æмæ сæхимидæг ныхасгæнгæ баивгъуыдтой йæ цур- ты. Цæрай бамбæрста, дзæгъæлы кæй æн- хъæлмæ кæсы йе ’рдхордмæ. Тамакойы дымд- дзаг бæласы дæрзæг цъарыл ахуыссьш кодта, иуварс æй аппæрста æмæ комкоммæ фæраст стæхæн фæзы фаллаг фарсмæ, сæ ныггæнд кæм уыди, уыцырдæм. Аэродромы бирæ змæлд ис нырма. Бай- гас кæнын хъæуы хæдтæхджыты хъæдгæмттæ, сифтындзын æмæ бафæлварын хъæуы хотых- тæ, сауындзын хъæуы сæ бынæтты бомбæтæ, ныккæнын хъæуы бензин, сæрдæн, дон... Куыст къубалмæ хæстон аэродромы æгас боны тохы фæстæ. Æвиппайды судзгæ фат атахти арвыл. йæ фæстæ цæхæр фæдуадзгæ ныййарц минхуыз хæрдоджыты хал æмæ кæмдæр атад æхсæвы тары. Иннæрдыгæй йæ размæ фæци дыккаг хал, æртыккаг... Сæхæдуæлвæд райхъуысти *
дæргъвæтин къæр-къæр. Стæй та ноджыдæр æмæ • ноджыдæр... Раст цыма кæмдæр дзæ- гъæлкъух лæппу йæ лæдзæг хъæдын æмбонды фæрсчытыл ауадзы. Хæцæнгарзмæ зилджы- тæ фæлварынц сæ хæдтæхджыты хотыхтæ... Цæуы Цæрай арф кæрдæджы астæуты. Тын- дзы размæ. Чи зоны, афонмæ исты ног хабар ис. Исты тохы хæс... Бонивайæнты æнæмæнг тæхын бахъæудзæн уæлдæфон стæры. Акæф та нырма уæд æрбахæццæ уыдзæн йæ «æхсæ« вы стæрæй»... Цæй тохы лæг ис ахæмæй, цы- фæнды домбай, цыфæнды арæхстджын куы уа, уæддæр? Фæлæ йын цы кæна? Æрдхорд! Тæрсгæ, дам, ма кæн, уынгæджы ран дæ иу- ыæгæй никуы ныууадздзынæн... Гъеныр цу æмæ дзур уыцы сонтхелаимæ? Базыдта йын йæ зæрдæ æмæ дзы хынджылæг кæны. Нæ, тегъгъæд у. Ахицæн. Абон ма куы ’рбаздæха, уæд ын æнæ зæгъгæ нæй: «Æрдхорддзинад æрдхорддзинад у, фæлæ æгъдау мауал хал! Ахицæн!..» йæ цæстыты раз тыбар-тыбур кæнынц судзгæ фаттæ. Уæлдæфы зæлы фыдуаг лæппу- йы лæдзæджы ’къæр-къæр æмбонды фæйнæг фæрсчытыл. Фæсабырдæр .кодта йæ цыд Цæ- рай. Нæ, уыцы хус, зонгæ къæр-къæрмæ нæ дары йæ хъус ныртæккæ. Йæ хъустыл уайы æндæр мыртæ, æцæгæлон уынæр. Уу-у, уу-у, уу-у!.. Бырауæй зилæгау ын кæны йæ сæры- 9
магъз... Рæхойы зæрдæ. Цы та кодта? Цæмæн срысти æвиппайды афтæ æнæбанцайгæ рыс- тæй? Цæй уынæр у? Чи ралæсы доны малы фыдыздыхт уидæгты æхсæнæй? Кæмæ фæ- хъуызы? Гъей, лæппутæ, хъахъхъæнут уæхи!.. Цы уа, кæй хъæр уа уый? Йæхи æви æндæр искæй?.. Йæ акомкоммæ, стæхæн фæзы фаллаг фарс, ферттывта рухс. йæ арф, тыхст хъуыды- тæй фæхицæн Цæрай. Æхсæвы тары та сыгъ- дæг уæлдæф.ы ныййазæлыд кæйдæр мæсты хъæр. — Рухс!.. Рухс уын куы зæгъын! Ахуыссын кæнут цырагъ, æнæсæртæ! Йæ хæдуæлвæд аэродромы сæрмæ бæрзонд кæмдæр райхъуысти дæргъвæтин æхситт, раст цыма дауджытæй кæмæндæр йæ уд ластæуыд. Æвиппайды ныррухси бæстæ, фæцыди тыхджын гуыппытæ. Цыдæр æвирхъау тых йæ уæлныхты фелвæста Цæрайы.. Иуварс æй фехста. Йæ алыварс дыдынбындзытау сдыв- дыв кодтой бомбæты схъистæ. Æркалди йыл хыджыты муртæ. Цæрай бамбæрста — уыдон сты адзалтауæг цæхæры дард схъиуæццæгтæ. Фæивгъуыдтой йæ. Цинæй амарди. Мæ фыдгулы тæхæг ма йæ мæлæт зæххыл дæлгоммæ хуысгæйæ сса- ра, бомбæты схъиуæццæгтæ йæ æрфæлдахой... Фæлæ кæм æруади цæф? Стæхæн фæзы фал- 10
лаг кæроныл... Фаллаг кæроныл?! Уырдыгæй куы райхъуысти цыдæр тарст хъæр... Акæф... Ницыуал бамбæрста Цæрай фыркатайæ» æрмæст ма йæ сæрымагъзы арф кæмдæр тæл- фыд иу хъуыды: цыдæр бæллæх æрцыди... Æ> хуыцау, фыдбылызæй бахиз!.. 2 Таггæрон бæлæсты бын — нæудзармæй æм- бæрзт арф ныггæнд. Ныхырдыгæй йæм æм- дзæхгæр ныууайæн — зæххын асинтæ. Ныллæг аххæрæджы кæрон кæм зыны, уый бынмæ нæ- зы фæйнæджытæй дуаргонд. Бæстондæр æм бакæс хæстæгæй, уæд йæ зыхъхъыртæй цæуы гæзæмæ рухс. Тынгдæр уымæ гæсгæ фæагу- рынц тæхджытæ сæ цæрæнбынат мæйдар æхсæвы. Æрдæг талынг къуындæг уатгонды, хи- арæзт дæргъæццон стъолы фарсмæ, шахмæт- ты уæлхъус бадынц дыууæйæ. Сæ иу цигай- наджы хуызæн сæнтсау, бæрзондгомау, уæ- рæхдзæсгом æфсæддон, йæ уæлæ — капитаньг дарæс. Иннæ — къæбæлдзыгсæр, гогызы ай- кау дзыгъуырфындз лæппулæг, йæ уæхсчытыл лейтенанты пъагæттæ. Стъолы кæрон — сармадзаны нæмыджы хъузгæй конд цырагъ. Иæ фæрстæ цæхæртæ калынц хорз чындзы къухæй ног сæрфт æрхуы ’агау. Цырагъы лыстæг æвзаг цъыс-цъысгæн- 11
гæ йæхи уæлæмæ сиваз-сиваз кæны, залиаг- калмау. Хатгай фæтæпп ласы, сирвæзы, æмæ уæд астæры, йæ тæккæ сæрмæ бæндæныл цы .хисæрфæн ауыгъд ис хус ^кæнынмæ, уымæн йæ даргъ лыстæг хаутæ. Бензины алайы карз тæф сæмхæццæ арыд хъуымацы æвзæр тæфи- мæ. Сулæфæнтæ нæй уаты. Бадынц дыууæ лæ- джы, ницы сæм хъары, хъазты аныгъуылды- сты æгасæй дæр... Дуары хъинц фæцыд. Ныллæг æргуыбыр кодта, афтæмæй мидæмæ бахызт Цæрай. «Нæ раг.он фыдæлтæ дæр бæргæ нæ уарзтой тар- вазтæн кувын, фæлæ гъа...» Уыцы хъуыдыи- йæ исдуг, ныхкъуырд фæуæвæгау," алæууыди къæсæргæрон, уатыл ахаста дисгæнгæ йæ цæст. Сæр æнкъард тылд бакодта. — Дзеудзæлæй!.. Гъа, уæ хъустæ къæрмæ- джытæй æхгæд фæуæнт, фæлæ уын æппын фындзыхуынкъ дæр нал ис? — йæ бæзджын, ныллæг хъæлæсы хъуысти стыр уайдзæф. Лейтенант фестади йæ бадæнæй æмæ къæмдзæстыгхуызæй касти къамандирмæ. Сау капитан йæ сæр дæр не ’схъил кодта, хъазæн фæйнæгмæ иу ранмæ нымдзаст æмæ хъуыды- ты аныгъуылд... Цæрай телæй æривæзта, йæ кæрон кæмæн схæцыд, уыцы хисæрфæн æмæ йæ стъолы тигъ- мæ баппæрста. — Афтæмæй уæ æд хъуын, æд фист фæ- 12
хæсдзысты немыц, раст хъæрццыгъайы хаст!.. Æви ницæмæйуал тæрсут, и, бæдæйнæгтæ? Бауырнæд уæ, нырма тыхджын сты немыц... Иу хъуыртт, æмæ фæци лæг!..— Цæрай ба- каст, уæдæй нырмæ дæр кæмæ дзырдта, уымæ. Сау капитан нæ фезмæлыд йæ бынатæй. йæ хурхысæртæ адымстысты къамандирæн:—Лæг мæлы, сымах та ам шахмæттæй хъазут! Цæс- гом дæр дзы хъæуы!.. Сау капитан æм зына-нæзына разылдта йæ сæр, йæ цæстытæ уæлæмæ нæ систа, аф- тæмæй загъта: — Æмæ мах шахмæттæй куынæ хъазик- кам, уæд нæ мæлид? Цæрай йæм джихæй кæсгæйæ баззад. — Капитан... Захар... Кæцонау у уый?! — Зæххонау, капитан. Растдæр зæгъгæйæ та хæстонау,— Захар кæй схуыдта, уый фæс- тæмæ азылд æмæ йæ хъуыддаг кодта. — Уæллæй, кæд дыл дис нæ кæнын!.. Куыд тæры дæ зæрдæ? Нæ тохæмбалæй... — Кæй æмбал у, уый æмбал у... Фæрнæй цæрæнт... Æниу...— Сау капитан йæ хъазын фæуагъта, уæрæх ныхыл дыууæ сынтыбазырьг кæрæдзиуыл сæмбæлдысты.— Цæмæн хъæуы ацы ныхас?.. Алкæмæн йæ сæр йæ уæлæ. Хуы- цауæй разы, сывæдæг нæ ничиуал дæйы... — Æмбал капитан...— йæ хъæлæс ныззыр- зыр кодта къæбæлдзыгсæр лейтенантæн.— 13-
Тæригъæд у афтæ... Куы фæвæййы... Ахæм æрыгонæй... Нæ зоныс ды, куыд хордта йæхи... дæу тыххæй... — Омæ цы кæнын? Цы мæ агурут мæнæй? Ныр æз дæр мæхи амарон? — Лæг сыстад йæ бынатæй. Иæ къухтæ сцагъта.— Хорз лæппу дæр уыди. Æвæджиауы тæхæг дæр. Исты, миййаг, зæгъын? Уэехи фæндиаг уæд... Æр- мæст уæ курын — мæн ныууадзут. — Мах дæ уадзæм, кæд дæ уадзæг ис, уæд,— уайдзæфгæнæджы каст æм бакодта йæ цæсты урсытæй Цæрай.— Æцæг... Фæ- лæуу-ма, фæлæуу... Æз нырма ныр куы фæ- хъуыды кодтон, цы хабар у, уый... Гъæйдæ- гъа, рагон дойнаг дур дæ зæрдæйы нывæр!.. Исты, миййаг, барæй бакодта? Фæсонт. Фæ- тарст. Топпыхосы фæздæгмæ фыццаг хатт куы сысмыстай дæхæдæг, уæд куыд уыдтæ?.. Чи уыд, цы уыд Акæф хæсты быдыры, уый зо- ныс? Айнæг! Хъусыс? Айнæг! Ахъуыдыйа- джы фаг у кæмæндæрты... —-, Къамандир, ныууадзæм ацы ныхас... Чи цы кæны, уый — йæхицæн... Цæмæн ма æфтауæм барæмвæндæй нæ зæрдæрыстыл зæрдæрыст, нæ зынтыл — зын? Цардæн йæхи зынтæ æнæуи дæр йæ сæрты куы кæлынц... Дæуæн хорз фæсдзæуин уыди, хох, мæ- нæн — нæ... Дуар æрбайгом. Æмбырд кæнын райдыд- 14
той тæхджытæ. Цæрайы нæ фæндыд йæ кæс- тæрты цур быцæу ныхас кæнын, стæй хуыс- сын афон дæр уыд, æмæ йæ къух ауыгъта. «Хъуыназæрдæ... Æвзæр галау куыд ныф- фæрск. Хуыцау дæ ма раттæд тохæмбалæн уынгæг ран...» йæ маст нынныхъуырдта, иу каст ма йæм бакодта зулмæ æмæ æнæ исты сдзургæ бараст йæ хуыссæнуатмæ. ...Раджы æрмынæг кодтой уынгæг нык- кæнды сæ алагæнаг цырагъ. Ныссабыр бæстæ. Æрфынæй сты адæм. Тарæхсæвы уазæг ба- кодтой иууылдæр сæхи. Нæ хæцы хуыссæг æрмæстдæр Цæрайыл. Рафт-бафт кæны йæ хъæбæр хъæмпын лыс- тæныл. Дыууæ армытъæпæныйас рудзынджы цæстæй йæм кæлы мæйы дыдзырухс. Алы- рдыгæй хъуысы фæллад адæмы уæззау улæфт. Фыдахуыр æмæ æвзараг нæу хæстон лæг. Картæфснайæн бур мæскуы хызын æмæ уæл- дзарм даргъ хъусджын худ — йæ баз, бензи- ны тæфгæнаг тæнæг кæттаг камбинезон •— йæ гобан, цыбырдым цъæх цинел — йæ хъæц- цул. Былтыл уайы уымæл зæххы æмæ хъæм- пы æнуд тæф. Сæгдзыд уазал тохынайы мн- дæг къуыззитт кæны дзæгъæлдзу дымгæ. Архайы Цæрай йæ цæстытæ æрцъынд кæ- ныныл, йæ рыстытæ, зынтæ æмæ зæрдæйы хъыг рæстæгмæ уæддæр тар æхсæвы æвджид бакæныныл. Фæлæ кæм, нæ цæуы хъуыссæг 15
хæстæг. Æнкъард сагъæстæ, æрхæндæг хъуы- дытæ, тохынайы дымгæйау, зилдух кæнынцсæ- ры, æвдæрзынц рыст зæрдæ сайынц æй сæ фæдыл дард гуыргъахъ фæндæгтыл... Акæф... йæ иузæрдион тохæмбал. Йе ’рдхорд. Цæй сайд ын акодтай æвиппайды! Дзæгъæлæй йæ куы фæуагътай æмбойны. Чи ма дæ раивдзæн, кæй ма æрбауадздзæн зæр- дæ йæхимæ афтæ хæстæг? Чи бацахсдзæн дæ бынат йæ фарсмæ уæлдæфон тохы быдыры? Схæцæнтæ, уæззау хæрдтæ, æфцгуытæ нырма разæй куы сты... йæ цæстыты раз та сыстад йæ мæлæтдзаг цæф æрдхорды æнкъард цæсгом. Куыд-иу ын фæсырдта уайтагъд йæ мæстытæ, йæ сагъæс- тæ... Сæ гуырдзиаг æмбал Лео Чахтаришви- лийы-иу фæзмын райдыдта, и! Цæнгтæ-иу размæ ракодта, армытъæпæнтæ-иукæрæдзийы фæдыл кæдæмдæр уырдыгмæ фæцарæзта, стыр сау цæстытæ-иу рацæйхаудтой: «Ва, къапи- тан... Ви сердится будиш, къуда мы дэватся будит?.. На вайнэ что главный? Настъроэни. Суда идеш — настъроэни. Тъуда идеш — нас- търоэни. Тъем болээ, эсли... Тъам бала-бала- бала...— Йæ цæст-иу æрныкъуылдта.— Учъэ- ра тъакой гъюно пъалучъил... Пах-пах-пах... Пъайдем, ржави горла пърамочим... Настъроэ- ни пъаднимим... А, къацо?.. А завтъра я вам тъакой фриц сабию, что... ух! Пъалчики абли- 16
жиш!.. Ва, чтъо я гаварю?!.— Чи ма-иу фæ- лæууыдаид æнæ ныххудгæ. Æмæ та-иу ын æцæгдæр иннæ бон йæ хæдтæхæджы фарсыл техниктæ сныв кодтой чысыл сырх стъалы, ноджыдæр ма иу тугдзых уæлдæфон бирæ- гъæй нæ адæмы маст кæй райста, уый номыл. Цал æмæ цалы барвыста афтæмæй Барас- тырмæ! Æниу цал æмæ цал хатты ратыдта мæлæты дзæмбытæй Цæрайы! Куыд æнувыдæй йæ хызта цыфæнды сæрзилæччын уæлдæфон хæсты дæр агъуыд знæгтæй! Куыд дæ ферох кæна лæг! Æмæ кæд абон махмæ, дæу/гыххæй Захар цы дзырдта, æндæр цы зæгъæм, уый нæй?.. Кæд æндæр бынат нæ ахсæм кæрæдзийы зæр- дæты?.. Уæд... Уæд ма нæ цард та циу? Уæд ма хæцгæ та цæуыл кæнæм? Цæуыл ма æппа- рæм нæ цардхъуаг сæртæ æгъуыстаг тохы цæ- хæрмæ? Фæтæген ныл бапырх кæн, йе та но- джы хуыздæр — йæ фыццаг уайæнтæ: бензин, уæртæ нæм æй алы бон чырæтæй-чырæтæй куы ласынц. Бапырх ныл кæн уымæй æмæ ныл спичкæ бадар! Захар... Чи у? Цы уис рахаста йæ цард- уыгæрдæны? Цы фæд ныууагъта йæ фæстæ? Цæрай зыдта,^лæг^азы кæй нæу йæ цæрд- тытæй, йæ^^^^^^æ’йг^ч.Бирæ зынтæ, бирæ æфхæрЖуьпЫ’ баййæфт^йæ^ыдæбойнаг сæр. Куыд/^ырдтой, афтæмæи^Иæддæр, хæсты 2 Лæгæй’лæгмæ 17
размæ, фесæфт йæ дамбаца. Чысыл хъæлдзæг уыди, æвæццæгæн, æмæ йын æй адæмы гуыл- фæны йæ хуымпырæй фелвæстæуыд. Иу цин дæлдæр æй фæкодтой уæд. Ныр та йыл æрæ- джы æрцыд æндæр бæллæх. Бынтон æнæн- хъæлæджы. Иу мигъбон фронты сæрты æр- бацæйтахтысты цалдæрæй. Балхон уыди Захар. Фæстæгтимæ та — Акæф. Фыццаг хатт атахти хæцынмæ Акæф. Цы йыл æрцыд — хуыцау йæ зонæг, фæлæ знаджы ’фсонæй æвиппайды йæ бомбæтæ æркалдта нæхи æф- сæдтыл. Аххос банцад хистæрыл, майор Захар Полищукыл. Байстой йын йæ цинтæ, арвыс- той йæ фистæг æфсадмæ, хæсты тæмæнмæ, дæ тугæй, дам, ссæуын кæн дæ сау стъæлф, дæ худинаг... Æртæ мæйы фæстæ æрбаздæхт йæ полкъмæ. Æрбаздæхт бæгуы, фæлæ — æн- дæр лæгæй. йæ сæр фæхалас, зæрдæйы са- гъæстæ, лыстæг хызау, тар фæлмæй æрбад- тысты цæстытыл, цæсгомыл. Нæмыгфæйлыд акъоппыты ныууагъта йæ хъæлдзæг, цардуарзон зæрдæ. Никуыуал ын ничи федта уæдæй фæстæмæ комкоммæ йæ цæстытæ, ничиуал загътаид, цы хуызæн сты, уый... Æрыхъуыста Цæрай уыдæттæ иууылдæр. Мæлæтмæ иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ кас- тис. йæ туг æртахгай ныууагъта нæ фыдæ- бойнаг зæххы æфхæлдтытæ буарыл, йæ хур- 18
сыгъд рыгæйдзаг кæрдæгджын уæлвæндæгтæ æмæ рындзытыл... Уæртæ йæ галиу хъусы æмбис, гобæ сæгъы гакгонд хъурау, лыстæг гæбæзтæй дæлæмæ куы ’рфæлдæхт. Къах фæ- цæф, чиуы дзы. Бæрзæйыл ностæ... О, фæлæцы ’рбахаста фæстæмæ зæрдæйы бæсты йæ риуы? Цæмæй раивта йæ развæндаг рухсгæнæн, адæ- мы тавæн цырагъ? Дойнагдурæй? Ау, æмæ куыд тагъд фæци сыгъд йæ фæтæген? Цы фæ- ци йæ тафс? Донхæццæ уыди? Цæххæй къæрц- цытæ кодта? Куынницыуал дзы хъары æддæ- мæ, фæзгъæр их куы сæвæрдта æгасæй... Хъыг у, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æнæн- хъæлæджы цæф зæрдæйæн. Стыр хъыг. Рæс- тæй йæ бафхæрдтой. Йё ’намондæн, бомбæтæ кæм æркалдысты нæхи æфсæдтыл, уырдæм хæстæг фæци фронтæн къамандыгæнæг. Мæ- сты хицауы азар’ басыгъта Захары... Иууыл- дæр атигъ кодтой уæд сæхи Акæфыл полчъы, дæу аххосæй бабын замманай лæг, зæгъгæ. Æнæрцæф лæппу фæсæргуыбыр. Йе уæнгтæ амардысты. Фæлæ — рæстæгмæ. Тæппуд нæ разынди. Хæцæны йæхи равдыста хъæбаты- рæй. Лæгдзинад та аиппытæ æмбæрзаг у. Ныббарстой йын куыд фæстæмæ йæ худина- джы ми... Ныр æрбаздæхт Захар. Уый та... Уый та йын уæддæр нæ хатыр кæны... Ей, Захар, Захар, кæдмæ цæрынмæ хъавыс афтæ æхгæд дуар, æхгæд рудзынгæй? Акæс-ма дæ алы- 19
варсмæ. Иу азы хуысчъы тыххæй йæ хорз хъуджы ничи уæлдай кæны, ничи!.. 3 Цыбыр у, уæлыгæсы къуда кæрцау, сæр- дыгон æхсæв. Æрвгæрон æххæстæй нæма ахуыссы изæрæхсид, афтæ иннæрдыгæй сæу- уон уазал æртæхы æхсадæй йæ сырхуадул цæсгом сдары сæуæхсид. Арвы цъæхыл ма ранæй-рæтты дзир-дзур кæнынц фæлурс стъа- лытæ. Дæлвæзты, атагъаты бады мигъфæлм. Стыр донырдыгæй уазал дымгæ кæны. Полчъы къамандир стæхæн фæзы кæрон бæлæсты бынмæ æрæмбырд кодта адæмы. Гилдзыты асыччы уæлæ æрæвæрдта йæ план- шет, къухы астæуыккаг æнгуылдз бахаста, бæз- джын къæдз-мæдзытæ цъæх хахх картæйыл иуран кæм фæсаджил, уырдæм. — Мæнæ ам знаг сарæзта доныл ахизæн. йæ сæр-йæ кой сси, лидзы. Уым сцæнд сты йе ’фсæдтæ. Кæрæдзи сæрты хауынц... Ныр- тæккæ уæлдæфон корпусы штабæй дзырдта хицау: нæ сыхаг бомбæппарджытæ тæхынц уыцы къуырццæвæн дæрæн кæнынмæ. Мах та— сæ хъахъхъæнджытæ.— Полчъы къамандир йæ сæр схъил кодта, цæстæй ацагуырдта Цæра- йы.— Уый хæсгонд цæуы нæ эскадрилийæн.— Гæзæмæ куыддæр фæкъуызыд, стæй ма фи- 20
дарæй бафтыдта йæ ныхасыл:— Яков Агафо- новы дын раивдзæн... капитан Полищук. Фæс- тиатгæнæн нал ис. Дæс минуты уын æмгъуыд. Уæ хъуыддаг кæнут. — Æмбал дæлбулкъон...— цыдæр сдзурын- мæ хъавыд Цæрай. Къамандир æм æрбазылдта йæ æрвхуыз, тавиц цæстытæ. — Хъусын дæм, æмбал капитан. Куыддæр фæци Цæрай уыцы сыгъдæг, æнæкъæм æнгасæй. йæ зæгъинаг йæ хъуыры фæбадт. — Ницы, ницы... Хæс бамбæрстон... Лæп- путæ, мæ фæдыл!.. Ныхснырста, ныууынæргъыд райсомы уа- зал уæлдæф кусгæ мотортæй. Цæрай ма йæ хæдтæхæджы базыры уæлхъус лæууыд æмæ бæрджытæ кодта, мысанмæ тæхгæйæ цы зын- гæдæр фæндагамонæнтæ уыдис картæйы, уы- дон. Чъылдымырдыгæй райхъуыст цыдæр уы- нæр. Фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта йæ хæд- тæхæджы ^отыхтæм зилæджы. Чызджы къухы уыди тетрады сыфæй конд æртæтигъон къон- верт. йæ цæстыбынты æрттывтой дыууæ стыр цæссыджы. — Цы кодтай, Таня?.. — Акæф... Сахат æмæ æрдæджы размæ...— Ныггæр-гæр кодтой чызгæн йæ цæссыгтæ йæ 21
фæлурс уадултыл.— Мæнæ, дам, ын уый йæ гæххæттытимæ ссардтой. Базы бын. Дæумæ йæ рарвыста дæлбулкъон. ÆГрмæст, дам, хæ- сты быдырæй куы ’рбаздæхай, уæд... йæ фыныисæгау ракодта писмо Цæрай. Къухтæ коммæ нал кастысты. Цæстытыл æр: бадт цыдæр мигъфæлм æмæ йæм дамгъæтæ дзæбæх нал зындысты, цыма сыл уæле лыстæг хыз æрытыдæуыд, афтæ. Ныззыр-зыр кодтой къæдзæхыйас лæгæн нæ былтæ, гæххæтты гæппæлыл уæле йæном куы федта, уæд. Бæрæг уыди, йæ къух дзæбæх кæй нал тасыд Акæфæн, дамгъæтæ рауадысты хылымылы, тыхфыстытæ. Нал фефсæрмы йæ цæстысыгтæй дæр, афтæмæй йæхинымæр ба- каст: «Мæ иузæрдион æфсымæр Цæрай! Зонын æй, фæныгуылы мæ хур... Ацы гæх- хæтты гæппæл куы райсай, уæдмæ æз нал уыдзынæн. Ехх, цæй зын у маргъы зæрдæимæ уæнгцъæлтæй хосы тæфгæнаг хуыссæны мæлын! ...Мæ зæрдæмæ ницы хæссын. Иу хъуыдда- гæй фæстæмæ... Хатыр ракур Захарæй... Мæхи къухы нал бафтыд... Ныр ын ис схъæргæнæн... Ницы азымджынæй цæуын фалæмæ. Фыдбы- лыз рауади зынджы стъæлфæны фыдæй... Хуымæтæджы зынджы стъæлфæны фыдæй. Æнамонд лæгыл дур дæр хæрдмæ тулы.,. Ра- 22
диоприемничы телтæ кæмдæр андзæвыдысты бомбæппарæн телтыл æмæ бомбæтæ афтæмæй феуæгъд сты... Захарæн уый схъæр кæнын ницыуал феххуыс уыдаид — йæ хъысмæт конд уыди, электрик та сæфгæ кодта æнаххосæй, ницæй тыххæй... Ныр уый дæр-мæнæ мæ фарс- мæ хуыссы... Тугдзыд æмæ цæфтæй... Æнæхицауæй уадзын ме ’нæрцæф, æлвыд- барц байраг-бæхы. Гъей, джиди, иу хатт ма мæ уæддæр куы систаид йæ фатæнгæс базыр- тыл цъæх арвы хъæбысмæ! Фæлæ гъа... Адза- лæн мадзал нæй. Иу хъуыды мын æхсыны мæ зæрдæ... йе ’мбæлттæ та, цъиусуртау, райсом бонивайæн- ты сæууон æртæхдзыд уыгæрдæнæй уæларв- мæ куы ныппæррæст кæной, уæд чи баппар- дзæн йе ’взист саргъ ууыл та? Кæй фидар къæхтæ йын æрбалвасдзысты йæ сагартæн фæрстæ, саузæрдæ знаджы фæсте сургæйæ?..» Æнæнхъæлæджы райхъуыст æмыр гуыпп. Цæрай æрчъицæгау кодта. Æвæндонæй атыд- та йæ цæстытæ писмойæ. Арвы цъæх риуыл фæзд’æгфæд уадзгæ бæрзæндты æрзылд æмæ фехæлд цæхæрнæмыг. — Ракетæ, æмбал капитан! — фæхъæр лас- та механик. Цæрай ма тагъд-тагъд акасти фæстаг рæн- хъытæ. «— Курын дæ, Цæрай. Зæгъ мæ фæстаг 23
фæндон... Захарæн. Йе ’рбацыд мæ ацыдимæ кæй баиу, уый дæр, æвæццæгæн, дунейы фар- нæй нывгонд у... Мæ сидзæр, æнæбарæг æф- сургъ йе ’уазæг. Кæд хатыр кæны, уæд... Мæн- мæ гæсгæ къамандир дæр дыууæ нæ зæгъ- дзæн... Хæрзбон, Яшæ (Акæф)». Писмо йæ риуы дзыппы афснайдта æмæ базыры къахæвæрæныл алæууыд. Кабинæмæ бахнзынмæ куыд хъавыд, афтæ разæй, винты «хъилхъусты» æхсæнты ауыдта Захары. йæ цæсгбм — мигъау тар, мæстыхуыз. Йæ цæс- тытæ та йын иæ федта Цæрай. Маторты уы- иæры æхсæнæй йæм æрбайхъуыст капитаны мæстæлгъæд, æмыр хъæлæс: — Æгъдау мæ æрцахста. Хæс. Æндæр гæ- нæн мын нал ис. Фæлæ зон: ацы машинæйы нал сбаддзæн Полищук.—Лæг цæхгæр фæзылд æмæ йæ хæдтæхæгмæ фæраст. Сонтæй куыддæр фæци Цæрай. Исдуг йæ фæдыл кæсгæ баззад. Æрæджиау æм бахъард- той йæ ныхæстæ. Рамæсты. Æниу дæ чи уа- дзы! Уыцы æнæбарæг æфсургъæн лæгдæр хъæуы!.. Æгасæй дæр уынæр сси быдыр. Сæ фæстæ змисрыджы тымыгътæ уадзгæ иу иннæйы фæ- дыл уæлдæфмæ истой сæхи рог, æлхуийгуыр хæдтæхджытæ уайтагъд æртыгуыр сты æмæ дыууæ къордæй фæраст сты ныгуылæнырдæм. 24.
Цæрайы \ цыппар истребителы тахтысты иу «уæладзыг» уæлдæрты. Куыдфалæмæ мигъ- тæ кодтой арæхдæр. Сæ хъуыддаг цæуы. Фа- лæ асæст куы уа, уæд... Хæххон зæйау æнæн- хъæлæджы — хæррæтт æмæ фæци. Фæлæ нæ аххæсти зæххæн йæ урс пæлæз йæ уæлæ. Мысанмæ хæстæг фегæмттæ йæ æфхæлдтæ буар. Мигъы скъуыдты гæзæмæ фæ- зынынц сыгъд хъæууæттæ, нæмыгдзæф хъæд- бынтæ, лыстæг дæттæ, æнæконд хуымтæ. Йæ тæккæ бынмæ, чысыл раздæр, хърихъуппытау ныххал сты нæ бомбæппарæн хæдтæхджытæ. Фæстæрдæм ракаст Цæрай. Захары «Ла- вочкин» ыл ныхæсæгау бакодта, гурæй-гурмæ цыд йæ фæдыл. «Афтæ дарай дæхи хæсты бы- дыры дæр, æууæнкджын фæсдзæуин?..» йæ хъуыдыты хал ын фескъуыдтой æваст æмыр гуыппытæ. Гыццыл сау мигъы къуыбылæйттæ æртыгуыр сты хæдтæхджыты алыварс. Был- тыл ауад топпыхосы æнуд тæф. Знаджы хæрд- мæхсæнтæ сын æрвитын райдыдтой хуынтæ — сау адзалтæ «сау бæмбæджы» тыхтæй. Фæсон- тыл æртулæгау кодта чысыл ихы къæрттытæ. Карды комыл цыма цыдысты, афтæ касти ныр адæймагмæ йæ тахт... Бынæй ферттывта, хæххон къахвæндагау, къæдз-мæдзытæ даргъцъæхбын таг. Йæ уæлæ цыбыр ронбæстытæ — доныл ахизæн рæстæг- мæйы,хидтæ. Фæзилæны уæллаг фарс — «сæхи- 25
- ои». Бæрзондæй кæсгæйæ зыны куыройы ну- кау: йæ нарæг ком æрбалвæста, афтæмæй «ныхъуыры», «цъиры», йæ размæ цы «дон» скул, уый — адæмы, танкæты, машинæты, алы хотыхты. Фаллаг фарс, нарæг нукæй кæм акæ- лы, уьгм иогæй аихъæвзы фæйнæрдæм — æф- сæдтæ фæпырх вæййынц, абырынц æрхыты, сæ сæр фæцæвынц хъæдбынты... Цыргъ сынæгджын уаритау кæрæдзи фæ- дыл сæхи уырдыгмæ аскъæрдтой саджилкъæ- дзил хæдтæхджытæ. Мæлдзыджыты губаккыл къахæй куы ныллæууай, уыйау нарæг «нучы» алыфарс æгасæй дæр змæлд сси. Ныхъхъæр- зыдта зæхх бомбæты срæмыгъдтытæй... — Хурыл цыппар «мессершмитты!»—æвип- пайды фехъуыста Цæрай Захары фæсус хъæ- лæс.—Аст та бомбæппарджытыл ныххуырс- той сæхи мысанæй рафтæнты... Иæ къухаууонæй фæкаст хурырдæм Цæ- рай. Рухсы ивылæнты йæ цæст ацахста лыс- тæджытæ арæзт дыууæ хæдтæхæджы. Сæ мукъутæ бур ахуырст. Иу уысм ма, æмæ йæ тæккæ цурты тыбар-тыбургæнгæ æрбаивгъуыд- та фæдуадзæг нæмгуыты хал. Цæрай галиуыр- дæм фехста йæ хæдтæхæг, фæсайдта йæхи. Ныр знаг йæхæдæг февзæрд уый уавæры. Топпыкæсæны йæ ацахста. Иу андзæвд стыр æнгуылдзæй мæнгвæдæгыл, æмæ фашист æр- фæлдæхт йæ базырыл. 26
йæ амæттагæй пæ цæст иæма атыдта, аф- тæ моторы уынæры æхсæнты айхъуыста тагъд дæнг-дæнг., Фæстæрдæм фæкаст. йæ зæрдæ ауазал. Залиаг калмы æвзæгтау бур фæттæ ферттывтой иннæ «мессеры» бырынкъæй. Ка- бинæйы райхъуыст цыдæр дæргъвæтин къæр- къæр, раст цыма хус кæттаг тыххæстæй ас- къуыд. Былтыл ауад сыгъд резинæйы æнуд тæф. Штурвалыл зулаив йæхимæ уыцыиу хæст æрбакодта Цæрай. Арв рафæлдæхт йæ уæлæ, зæхх ныззылди йæ быны. Фездæхти та фæстæрдæм Цæрай. Цы фæци немыцаг? Оу, дарæг дæ ма уа! Йæ тæккæ къæдзилы бынмæ та февзæрд! Æнцонæй кæй асайай, уыдонæй нæу, уæллæй. Цас куымдта, уыйас æрбалвæста штурвал йæхимæ Цæрай. «Ныллæмæрста» йæ истреби- телы. Чи кæй? Зилынц, зилдух кæнынц дыууæ хæдтæхæджы. Топпыкæсæнæй кæсынц кæрæ- дзимæ. Хъавæнæй ацахсыныл архайы йе ’зна- джы сæ иу дæр, сæ иннæ дæр. Йæ хид цъыкк- цъыкк кæны Цæрайæн. Ныттынг сты нуæрт- тæ. Хуылыдз хæдон баныхæст фæсонтыл. Цæс- тыты раз мамазила кæнынц арв, зæхх, дæттæ, хъæдтæ, быдыртæ. йæ быцъынæг тоны фа- шист «Лавочкинмæ» йæ «бырынкъæй» сæх- хæссыныл. Хъавæны йæ ацахсыныл. Нæй, нæ цæуы йæхъуыддаг. Дæндагæй рæмбыныкъæдз- 27
мæ æвналæгауæй уæлдай йын нæу. Уыййедтæ- мæ афонмæ... Зилынц, зилдух кæнынц дыууæ знаджы. Чи фылдæр бафæраздзæн? Кæмæ разындзæн фылдæр ныфс æмæ арæхст? Кæй къух нæ фæ- тасдзæн раздæр?Мæлæт ныккаст йæ зæрдæн- дзыггæнæг цæстытæй Цæраймæ. Иу уæлдай, æнæрхъуыды фæзылд — æмæ фæдæ... йæ хъуырмæ сси лæг. Цæстытæ тартæ кæ- нынц. Къух бандзыг. Цæй, цы уа, уый уæд!.. йæ хæдтæхæг зындоны зилахарæй ратонынмæ куыд рахъавыд, афтæ кæсы æмæ «мессер», су- тыр кæсæгау, фæуæлгоммæ. Р1æ фæздæг акалд æмæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ бынмæ аив- гъуыдта. Иæ уæлвæд Цæрай ауыдта Захары истребителы. Уый ныссыффытт ласта йæ иу- вæрсты, разылд æмæта йæхи баскъæрдта, Цæ- раймæ чи хъавыд, уыцы «Фокке-Вульфыл». Сырх зынг уæхст ратахт йæ хæдтæхæджы хуылфæй, уæлдæф араугæ ацыд æмæ баныхст фашисты хъæбæр фарсы. Цæф сырдау, ныб- богътæ кодта йæ моторæй «Фокке-Вульф», йæ- хи иуварс фехста, фæлæ та йæ Захар, агъуыд стайау, фæсте басырдта æмæ йæ «апырдта». «Фокке-Вульф» ма иу ивæзт скодта йæхи уæ- лæмæ, мæлæг уды катайтæгæнгæ, стæй фæ- уырдыгмæ æмæ хæлын айкау фехæлд зæх- хыл. Дис кæны йæхинымæр Цæрай йæ «фæсдзæ- 28
уиныл». Йæ мæстытæ сæ исы. Рагæй сæм нал бахæццæ йæ къух. Æртæ мæйы фæстæ фыц- цаг хатт сбадти истребителы. Æмæ уал дзы дыууæ æрысхуыста сахатырдæгмæ! Æниу ныр- тæккæ уый куы нæ уыдаид, уæд... Нæ бомбæппарæг хæдтæхджытæ сæ хъуыд- даг бакодтой æмæ рогæй ныххал сты кæрæдзи фæдыл нæхирдæм. Уыцы рæстæг мигъты ау- уонæй февзæрд дыууæ «мессершмитты» æмæ йыл сæхи раскъæрдтой. Цæрай цæхгæр фæ- зылдта йæ истребитель. Дзæгъæл гæрах фæци фашист. йæ цурты куы æрбацæйтахти, уæд æм тымбыл къухæй бадодой кодта. Ногæй та стыхджын хæст. Уартæ йæм ком- коммæ æрбацæуы «мессер». Фæзылдта йæм йæ «Лавочкины» лæгæй-лæгмæ Цæрай. Иу уысм, æмæ фашист сау фæд уадзгæ аивгъуыд- та бынмæ. Гъер додой кæ... Иннæ лидзæг фæ- ци. Захар ма йæ фæсте сырдта, фæлæ йæ стæй ныууагъта æмæ йæ бынат бацахста Цæ- райы фæстæ. ...Рыг æрбадти. Мотор ахуыссын кодта Цæрай. Систа йæ шлем, къухты кæлмæрзæ- нæй ныссæрфта йæ хидæйдзаг цæсгом. Йæхи исдуг фæстæрдæм ауагъта бандоны чъылды- мыл. Бацъынд кодта йæ цæстытæ. Иæ уæл- хъус базырыл алæууыд механик. — Капитан, мацы кæн? — На, ницы,— ракаст йæ цæстытæй Цæ- 29
рай.— Мотор дзæбæх фен. Стæй беизобак. Сыгъд резинæйы тæф мыл скалд... Æрхызти зæхмæ. Чысыл фалдæр йæ хæд- тæхæджы раз лæууыд Захар æмæ цыдæртæ дзырдта йæ механикæн. Сæ цуры ма уыди ноджы чидæртæ. Цæрай бацыд Захармæ. — Бузныг, капитан. Зонгæйæ фæуæд... — Цæй тыххæй мын арфæ кæныс? Æз æх- хæст кодтон мæ хæс... йæ сæр батылдта Цæрай. йæ дзыппæй систа Акæфы фæстаг писмо æмæ йæм æй ба- даргъ кодта. — Бакæс мæнæ ацы рæнхъытæ... — Цы у уый? — фæдис кодта Захар. — Фен æй... Писмо куыд касти, афтæ сауæй-саудæр кодта йæ цæсгом лæгæн. йæ хъуынджын æрф- гуытæ цæстытыл æрфæлдæхтысты бынтондæр. Каст писмо къухты æхсæн куыд дардта æнæ- тыхтæй, афтæмæй баззад. Иудзæвгар алæууыд æнæдзургæйæ Захар. Ныр йæ тар цæсгом уыди фæлурс. Йе ’фсæр- ты къокъосатæ мæсты рауай-бауай кодтой дыууæрдæм. Æппынæрæджиау йæ къæхты бы- нæй арф ныуулæфыд, куыддæр цудæгау азылд æмæ стæхæн фæзы кæрæтты сындæггай араст, чысыл фалдæр хъæдбыны цы тæрф ран зын- ди, уыцырдæм. Лæджы хъыг æвдисæнтæ нæ уарзы... 30
Чъылдымырдыгæй райхъуыст зонгæ хъæ- лæс: — Кæдæм фæцæуы уый? Цæрай ракаст фæстæмæ æмæ ауыдта пол- чъы къамандиры. Йæ цæстытæ æруагъта зæхмæ: — Йæ гаппартæ æхсынмæ... Йæ хæрв цъар судзынмæ... Йæ былтæ бампылдта къамандир, сæр æмбаргæ тылд бакодта. — .Гъа, гъа... Уый хорз. Куыд у æнæуи та? —ацамыдта арвырдæм цæстæй. — Къæдзæх, æмбал дæлбулкъон,— ад адард, уыцы лæджы фæдыл кæсгæйæ загъта Цæрай.— Айнæг къæдзæх!
ФÆСТАГ ЗÆЛАНГ — Хорз лæг, фæлæуу-ма!.. Æз дæуæй зæ- гъын, дæуæй!..— æвиппайды фехъуыст мæ фæстæ кæйдæр тызмæг, нæргæ хъæлæс. Æз фæлæууыдтæн, кæд та’, зæгъын, исты æгъдау фехæлдтон æмæ мæнмæ дзырдæуы. Фæлæ ми- лиционеры бæсты хæстæгмæ федтон бынтон æнæзонгæ лæджы æфсæддон дарæсы. — Лæг дæм куы дзуры, уæд цæуылнæ æр- лæууыс, æфсымæр?! Ауылты цæуæн нæй, уый нæ зоныс? — мæстыхуызæй загъта уырыс- сагау. 32
Æз куыддæр фæдæн, аххосхуызæй мæ алы- варс акæстытæ кодтон; — Æмæ куы ницы зыдтон... йед у... Мæ- нæ... билет... Ме ’нæзонгæ адæймаг æнæнхъæлæджы йæ хъæлæсыдзаг ныххудти. Ме ’нæууæнкаг каст- мæ йæ сæр батылдта æмæ дын æваст афтæ: — Ехх, Дудар," Дудар, цæй æнæуæздаа фысым разындтæ! Дæхи бынтон æнæзонгæ скæ!.. «Гъæтт, мардзæ, ирон, дæ худинаджы хъæр райхъуыст»,— ныккæрзыдтон мæхины- мæр. Лыстæгдæр æм бакастæн. . — Фæлæуу-ма... Скворцов ма у? Рихи! Женя! Фæндаггон хызынтæ, уæлæфтаутæ-йедтæ иууылдæр фæйнæрдæм фæтахтысты. Æз цыма раст арсы хъæбысы бахаудтæн — Скворцов мыл ныттыхст, йæ дынджыр армытъæпæнтæй мын мæ фæсонтæ хоста æмæ худгæйæ дзырдта: — Дзæбæх дæ куы фæтæрсын кодтон!.. Æз дæ уайтагъддæр базыдтон. Амæй, зæгъын, куы нæ ахъазон... Нæ фæлæ цы диссаг у дуне, куыд баиу вæййынц царды фæндæгтæ! Ехх, æвæдза!.. — Хох хохыл не ’мбæлы, уыййедтæмæ лæг куы цæра, уæд... Æнæмбæлгæ дуне нæй! — мæ ну къухæй йæ мæхимæ æнæбон æлхъывд- 3 Лæгæй лæгмæ 33
тытæ кодтон æз дæр.— Куыдæй æрбахаудтæ, дæ хорзæхæй, ардæм? — Мæ фæллад уагътон... Ныр та — фæс- тæмæ. Куыст мæм сиды. Æз алырдæмты ахъахъхъæдтон. Перроны кæрон зынди бæрзонд, ставд зæнгджын акъа- ци бæлæстæ, сæ быны мæнг аууон нæууы гæппæлыл. Женяйæн уырдæм ацамыдтон: — Дæлæ замманай бынат... Кæд дæ рæс- тæг амоны, уæд. Мæхинымæр тынг бацин кодтон ацы æнæн- хъæлæджы фембæлдыл. Нæ рæстæг ма амыд- та поездты æрбацыдмæ æмæ нæхи бæлæсты бынмæ байстам. Мæ саквояжы уыди шампайнаг сæны авг. Хуыздæр ма йæ кæй тыххæй байгом чындæ- уыдаид, æмæ фæйнæ-фæйнæйы банызтам нæ æнæнхъæлæджы фембæлды тыххæй. Æрымы- сыдыстæм нæ хæстон фæндæгтæ, нæ хæстон æмбæлтты... — Уæддæр ма мæ хорз базыдтай,—сдзырд- та Женя. — Нæ базондзынæ! Ахæм хъæлæс дзы ныннæрыди! Уымæ мæ цæстытыл цы ауади, уый зоныс? Хъуыды ма кæныс Замостье Поль- шæйы? Уыцы горæтмæ хæстæг куы уыди нæ аэродром фæндаджы был. Иу хуыцаубон хæдтæхæджы кабинæйæ куы скастæ æмæ дардмæ дæ техникмæ куы ныхъхъæр кодтай... 34
Уыцы рæстæг фæндагыл бричкæйы æрцæйцыди иу полякаг даргърихиджын лæг. Дæ хъæрæй йæ бæхтæ фæтарстысты, иуварс фессæстой æмæ йе ’хсыры бидонтæй иу дзыгъал-мыгъул- гæнгæ зæххы балæууыд... Евгений худæгæй бакъæцæл. — Æцæг уыди уый... Куыд ныллæууыди лæг: бафид, дам, мын ме ’хсыры аргъ.— Гъе- гъе, зæгъын, хорз лæг, ам фалæмæ, суанг Бер- линмæ æхсыртæ фидгæ куы фæцæуон, уæд Мын Гитлеры бынтæ дæр нал сфаг уыдзысты... Хъæлæсæй дзыхъхъы лæуд бæргæ нæ уыдтæн, тæхгæ дæр афтæ куы кодтаин. — Йе — йе, тæхгæ, æвæдза, тынг! — хин каст æм бакодтон æз. — Зæронд къорыпп къуылдымы сæрæй куы равзилай... — Æмæ ды та? — ныххудт Евгений.—Фæ- лæуу-ма, куыд уыди? О... Йе ’фсургъыл ыстахт Дудар — Уым рыппытæ, ам мыхъхъ. Немыцæй, дæ хъус æрдар, Рауади быламыхъ! — Гъей-гъей, махмæ куыд фæзæгъынц, уый зоныс? Сæтти, дам, Бæттийыл худти. Дæ зæрдæйæ мæнæй ферох: Гъа-ма, иу цъыкк ма, Евген! Гъер ма, фриц, дæхимæ фен!.. 35
Скворцов йе ’рфгуытæ æрбанцъылдта. Йæ бынаты рабадт. — Куыд уæндыс ды, æмбал майор, хистæ- римæ афтæ дзурын?.. — Хатыр, хатыр, æмбал булкъои. Раздæ- ры майор фехæлди бынтондæр. Нал æмбары æфсæддон æгъдау æмæ уаг... Æз мæ рахиз кæнгæ къух бадгæйæ мæ ны- хы акомкоммæ авæрдтон. — Æруадз æй, барст дын фæуæд ацы хатт...— Æвиппайды фæджих. йæ дыууæ ар- мытъæпæпы мын мæ къухыл узæлгæ æр- хаста. — Уый та куыд рауади? Кæд? — Куыдæй фæрс... Ууыл кæй базза- дыстæм!.. Женя йе ’фсæддон худ систа, исдуг зæх- мæ цыдæр æнкъардхуызæй фæкаст, тæфæр- фæсгæнæгау, стæй йæ сæр ныттылдта: — Чи зоны, уымæй дæр раст зæгъыс. Цы ис, уый хорз у.— Арф ныуулæфыд æмæ уыцы джиххуызæй йæхи фæстæрдæм ауагъта хур- сыгъд кæрдæгыл. Бæрзонд цъæх арвы зилдух кодта мæргъ- ты паддзах — цæргæс. Йæ базыртæ фæйнæ- рдæм айтыгъта æмæ-иу куы иуырдæм аскъæрдта йæхи, куы иннæрдæм. — Нæ йæм хæлæг кæныс? — хæрдмæ аца- монгæйæ цыдæр сæрыстырхуызæй сдзырдта 36
Женя, фæлæ мæм куы фæкомкоммæ, уæд куыд- дæр фæци. Уæларвон бæрзæндты ад чи базыд- та, ныртæккæ та уырдæм йæ фæндæгтæ æхгæд кæмæн сты, уымæн цас хъæуы йæ зæрдæ фæ- цагайын! Арв мæ йæхимæ æлвæста, æз та уыдтæн цæфбазыр хърихъуппау; уыцы хъри- хъупмæ æнæнхъæлæджы фæзынд йе ’мбал, зилы йæ алыварс, сиды йæм, фæлæ уымæн йæ бон ницы у. Бæрзондæй ныллæгмæ йæхицæй бузныгæй никуал ракæсдзæн. Уастæн^ цы зæ- гъа, æнæхай уæ кæй тыххæй æрбаци, уы- мæн!.. — Реактивонтыл фæтæхыс? — æппынæрæ- джиау сдзырдтон æз. Фæлæ мын цыма хæлæг- гæнæджы фарст рауад... Женя, нæ, зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Æнæуи хæдтæхджытыл. Æвиппайды йын фæкомкоммæ дæн йæ къæхтæм. Мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: кæр- дæгхуыз даргъ фæсмын хæлафы фадыгæй зынди бурбын фæлурс протез. — Æмæ афтæмæй хæдтæхæг фæтæрыс?! Женя бахудт, йæ сæрæй акуывта. — Гъе, мæ лымæн! Æмæ уый... æмæ уый дыккаджы Мересьев куы дæ! Оу, дæ рыг скæла!.. Иуцасдæр æм кæсгæйæ баззадтæн. Цавæр зæрдæиы хицау у, уæдæ? Цас ракæ-бакæтæ федтаид, цас фыдæбон æй бахъуыдаид, ахæм зг
къахимæ йæ фæстæмæ хæдтæхæджы сбадын цалынмæ бауагътой, уæдмæ! Цæй диссаг дæ, æфсæддон адæймаг! Цæй ныфсджын æмæ цæй тыхджын! Хъысмæты дæр ницæмæ дарыс. Дæхиуæттæ кæныс, дæхи фæнд тæрыс. Дæ туг нæ быхсы, зæрдæ нæ комы уарты бæсты сарт райсын, фаты бæсты — уат. Хæссыс дæ ном, дæлæмæ нæ уадзыс дæ кад... Уæртæ, акæс, дæ лæджы нысан — дæ рихитæ дæр дæ уæлæ, нæ сæ адастай... Æз ын цæстæй ацамыдтон, бахудтæн: — Фиуауындзæнтæ дæр ма дарæм?.. Скворцов мæ нæ бамбæрста, фæрсæджы каст æрбакодта. Æз мæ фындзы бын дыууæ къухæй аздыхтон. — Кæс-ма, хуыцауы тыххæй, дæ зæрдыл ма лæууы уыцы хабар? Лæг æваст фæджихау. йæ фæтæн ныхыл цьгдæр тар уылæн ахъазыд, хурсыгъд бæз- джындзагъд æрфгуытæ æрбанцъылдысты, цæстытæ мæм æнæууæнк каст æрбакодтой. — Худгæ мыл кæныс. Худ, худ. Уый æн- цон у. Фæлæ дæ бауырнæд, уый худын нæ уыди... — Æнхъæлдæн æмæ дын мæ ныхас фæ- хъыг и? — Нæ, нæ, иугæр æй сдзырдтай, уæд уый хуымæтæджы нæу. Бамбарæм кæрæдзийы. Хъуыды ма кæныс?.» 38
О, уый та куыд загътай, гормон. Не ’фсæд- дон хайæ чи нæ хъуыды кæны уыцы ха- бæрттæ? Уыдонæн ферохгæнæн ис?.. ...Ныхасгæнгæйæ нæ рæстæг куыд фæци, уый зонгæ дæр нæ бакодтам. Афон уыди кæ- рæдзййæн хæрзбон зæгъынæн. Æвæццæгæн, мæ дунеты фыццаг хатт бахъыг кодтон, поезд æрæджы кæй нæ кæны, ууыл. Тагъд-тагъд- гæнгæйæ, цæугæ-цæуын кæрæдзийы адристæ райстам, зæрдæ бавæрдтам писмотæ фыс- сынæй. Æз мæ вагонырдæм базылдтæн. А ныр асинтыл схизон, зæгъгæ, афтæ нæ цурмæ æр- базгъордта иу тымбылд’зæсгом саулагъз гыц- цыл лæппу сæрдыгон рæсугъд нывæфтыд да- рæсы. йæ лæгъз дзыккутæ разæй бæрзонд ны- хыл æмдзæхгæр къуырд. — Папæ, æз та уæдæй нырмæ дæу агурын! Цом мидæмæ, вагзалмæ. Мамæ дæумæ кæ- сы,— цъæхснаг хъæлæсæй загъта лæппу æмæ йæ фыды къухыл ахæцыд. — Æмæ ме ’мбалæн салам цæуылнæ дæт- тыс? Афтæ æмбæлы? — бауайдзæф ын кодта йæ фыд. Лæппу къæмдзæстыгхуызæй мæнырдæм æрбакаст æмæ æз ауыдтон хъæлæрдзыйау сæнтсау дыууæ цæсты. Æваст куыддæр фæ- дæн. Æдзынæгдæр ын бакастæн йæ цæсгом- мæ. Диссаг... Иæ фыды æнгæстæ уаид æмæ 39
уæртæ йе ’рфгуытæ куыд уæрæх фæцыдысты фæйнæрдæм. Науæд ныхы æвæрд... Æмæ сау- лагъз цæмæн у? Кæд мадæй фæци? Фæлæ цæстытæ, цæстытæ... Кæм сæ федтон? Поезд вагзалæй дзæвгар адард, уæддæр ма Скворцов лæууыдн йæ фыртимæ æмæ йе ’рвхуыз æфсæддон худ тылдта мæ фæдыл. Мæпмæ афтæ каст, цыма дзы бынтон ферох, кæм ис, цы ис, уый. Æрдæбон мæнæн цы ха- бæрттæ ракодта, уыдон æй цыма дард аластой сæ фæдыл æмæ йæ цух пал уа- дзыиц. Мæн дæр уыцы хъуыдытæ сæ уæлныхты систой æмæ мæ ахастой дард кæдæмдæр. Мæ цæстыты раз та сыстадысты ивгъуыд тымыгъ боиты æнкъард иывтæ, кæй фарсмæ хæцыдтæн, уыцы æфсæддонты цæсгæмттæ. Се ’хсæн уæлдай бæрæгдæр дарынц дыу- уæ — «Пыррыкрихи» æмæ «Хъæмприхи». Рихи... Цы ис диссагæй уым? Никуы ничи федта æмæ никæуыл уыди рихитæ? Фæлæ нæ полчъы иу ахæм хабар рауад æмæ... Уыди сæрдыгон ирд райсом. Арвыл иу къæм дæр нæ зынд. Æртæх нæма сыстад, æмæ цъæх быдыр хуры тынтæм налхъуыт-нал’масау тыбар-тыбур кодта мингай лыстæг цырæгътæй. Сатæг дымгæ’ цæгатныгуылæнырдыгæй йемæ хаста’ Днепры æхсызгон^ уазал уыгæрдæны дидииджыты хæрздæфимæ æмхæццæйæ æмæ 40
сæр зилын кодта. Карст таггæрæтты, стыр ба- зыр цæргæстау, арф кæрдæджы аиыгъуыл- дысты болатриу хæдтæхджытæ. Сæ цуры змæ- лæг бирæ нæ уыд. Ардæм æрбаивтам иу-æртæ боны размæ. Хæсты цалх ныгуылæнырдæм пæ тулынæй фенцад гæзæмæ æмæ ныр мах дæр фæци чысыл сулæфыны бон. Мах цалдæрæй бадтыстæм иæ хæдтæхджы- ты чъылдыммæ хосы цъынаны рæбын аууоны æмæ ахуыр кодтам, кæдæм æрбаивтам хæ- цынмæ, уыцы быпæтты картæ. Звенойы къа- мандир, хистæр лентенант Ногъайты Алыбег, фæтæнриу, бæрзонд, сырхцъар лæг, йæ хъуын- ’ джын амонæн æнгуылдз ракæ-бакæ. кодта лыстæг хæххытæй хъулæттæ картæйыл æмæ бæзджын хъæлæсæй амыдта: — Мæнæ уын уый та дыууæ доны астæу... Бæрæг ран... Исчи уæ куы фæдзæгъæл уа, мий- наг, уæд-иу зонæд: ацы саджилæгæй нæ аэ- родроммæ ис дыууиссæдз кнлометры. Ком- коммæ скæсæнырдæм... Иуварсырдыгæй, картæ йæ уæрджытыл æвæрд, афтæмæй æпцад хъуыста стыр бецык- джыы лейтенант Евгений Скворцов. Хатгай- пу йæ сæр ныттылдта сусæны бæхы тылд, йæ къух-иу рариуыгъта, макæ, зæгъгæ. Йæ къæх- тæ йæ быны, афтæмæй йæ цуры туркаг сул- таны хуызæн бадти кæстæр лейтенант Алфей Кочкин, тæлфаг, къæйныхарæзт хæрзæрыгон 41
тæхæг, æмæ йæ хъусын нæ уагъта: хосы ха- лæй йын йæ къæбут хъыдзы-хъыдзы кодта. — Кочкин, уый тынгдæр дæумæ хауы... Фæ- дзæгъæлы тыххæй зæгъын,— æнæкæсгæйæ сдзырдта къамандир.— Афтæмæй нæ хъусыс. — Кæд ма фæдзæгъæл дæн? — фæтæркк и лæппу. — Тæккæ иубон. Кæйдæр аэродромы куы æрбадтæ, уæд. — Уый мæ мотор цыдæр кодта... — Моторы мур дæр ницы хъæн ссард- той, — комкоммæ йæм бакаст йе ’стыр сау цæстытæй Алыбег.— Аххосыл басæттын худи- наг нæу. Ды та йæ дæ сæрмæ никуы хæс- сыс. — Лæджы, дам, куы нæ уарзай, уæд йæ хæрд — цъæм-цъæм, йæ цыд — сæпп-сæпп... Алыбег ницы сдзырдта, æрмæст æм иу- варсырдæм бакаст. Цæуыл ахицæн уыдаид ацы хылкъахæн ныхас, чи зоны, хъуыддæгтæ куынæ фæфæл- дæхтаиккой, уæд. Æвиппайды Алфей цæмæ- дæр фæкомкоммæ, йæ цæсгом аивта. — «Мессершмидт!» — лæппу фæсцъына амбæхсынæввонг алæууыд. Не ’ппæт дæр уыцырдæм акастыстæм. Зæхх æмæ арв кæм баиу вæййынц, уый сæр- мæ зынд сау дæргъæццон æндæрг. Куыдфæс- тæмæ кодта стырæй-стырдæр. 42
— «УТ-2», Алфей. Дæ зæрдæ æрынца- йæд,— æнæхудгæйæ загъта Евгений. — Инæлар,— йæ картæ æфснайынмæ фæци Алыбег.— Уый хуымæтæджы не ’рбатахт... Уæдмæ «УТ-2» йæхи ныллæджыты æрбайс- та, дæрдты разылд æмæ йæ ных æрбадæн фæзмæ сарæзта. Хæдтæхæгæй æцæгдæр рогæн æргæпп кодта инæлар-майор æмæ полчъы къамандиримæ КП-мæ фæраст. Мах бамбæрстам: иугæр дивизийы къаман- дыгæнæг фæзынди, уæд уый зон æмæ æнцой бонтæ фесты, æнхъæлмæ кæс ног тымыгъ- тæм. Нæ зæрдæ нæ нæ фæсайдта. Сахат дæр нæ- ма рацыд, афтæ полкъ рæнхъ ралæууын код- той аэродромы кæрон, ног амад хосы цъына- йы цур. Полчъы къамандир, йæ цыбыр ныхас куы фæци, уæд нын инæлар салам радта æмæ нын фехъусын кодта, не ’фсæдтæ та боныцъæх- тыл дарддæр абырсынвæнд кæй кæнынц. Полкъ хъуамæ алцæмæй дæр уа цæттæ. Стæй йæ бафæндыд адæмыл æрзилын, цас ивтонг сты, уый фенын, кæмæ цы зæгъинаг ис, уымæ байхъусын. Нæ рæзты æрцыди, кæмæдæрты цыдæртæ бафиппайдта сæ дарæсы тыххæй. — Уый та ма цы у? — æвиппайды фехъуыст йæ тызмæг хъæлæс.— Æддæмæ ма рахизут! 43
Кæмæ дзуры, зæгъгæ, цæсты тигъæй ахъахъхъæдтон уыцырдæм, æмæ мæ зæрдæ сцæлхъ-цæлхъ кодта. Инæлар дзырдта не звенойы хистæр Ногъайты Алыбег æмæ хис- тæр тæхæг Евгений Скворцовмæ. Дыууæйæ дæр размæ рахызтысты. — Кæсут-ма сæм!.. Æфцæгготæй уæлæмæ, Турчы паддзахмæ писмо чи фыста, уыцы за- порожаг сæрибар хъазахъхъы хуызæн не ’сты? Раскъæрдтой «фиуауындзæнтæ!» Мах пыппыррыкк кодтам, фæлæ худын дæр чи уæндыд. Æгъдаумæ гæсгæ рихйтæ дарæн нæ уыди. Ацы дыууæ афицеры та фехæлдтой уыцы æгъдау. Ничи ницы зыдта, инæлармæ цы хъуыды æрцæудзæн, цас тынг сæ бафхæр- дзæн, уымæн. Алыбег лæууыд, йæ аххос чи бамбары, ахæм лæгау æмæ æнхъæлмæ касти йæ «тæрхонмæ». Афтæ зынди, цыма йæ йæ рæсугъд сау къуы- быр рихитæ судзгæ кодтой. Скворцов йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, бынтондæр нырраст, цыма стауæн аныхъуырдта, уыйау. — Дасгæ! Æвæстиатæй! — цæхгæр алыг кодта инæлар. Кæм цардыстæм, уыцы ныккæндмæ дыууæ- йæ дæр æрбаздæхтысты хуырымхуызæй, æнæ- дзургæйæ. Лæгæн йæ конд афтæ у, æмæ йæм хатгай хъыг цы фæкæсдзæн, уый бæрæг нæу. Ацы 44
дыууæ тæхæджы кæд æрыгон уыдысты, уæд- дæр се ’скуыхты ном айхъуыст æгас дивизи- йыл. Лæгдзинад æмæ æхсарæй хайджын уы- дысты. Нæ полкъ гье ахæм сæрæн, гъе ахæм хъæбатыр тæхджыты фæрцы сси гвардион да^р. Æмæ уæдæ цас диссаг уыди, сæ зæрды цыдæр «фыдуагдзинад» æрæфтыд æмæ хæсты æвадат рæстæджы сæхи аирхæфсыны тыххæй рихитæ рауагътой, уый. Цæуыннæ сын æй ныббарынц? Æз æрбадтæн писмо фыссыныл. Хæст хæст у, цы уыдзæн, цы рауайдзæн... Чи зоны, фæс- таг урс бæлон тæхы мæ номæй нæхимæ. Уы- цы сагъæстыл куыд фæдæн, афтæ мæ тæккæ фарсмæ фехъуыстЪн Кочкины хъæлæс: — Раскъæрдтой мын рихитæ, — дзырдта лæппу кæмæндæрты.— Сымахæй афтæ уый уындæн у? Куыннæ стæй! Кæддæр иу тæхæг йæ кабинæйы сау гæды куыд дардта... Ныр ма нæхуыздæр тæхджытæ къæсæргæрон «мЪл- лойы чингуытæ» куы баныгæниккой, уæд сæм фыдбылыз æмгæрон дæр нал æрцæуид... Алыбег цыдæр æгъдауæй айхъуыста уыцы ныхас. Лæг афæлурс, йе ’стыр сау цæстытæ атымбыл сты. Дзæгъæлдзых тæхæджы раз- мæ бацыд уæззау къахдзæфтæгæнгæ. — Хъус-ма, Кочкин. Мах адæммæ иу хорз æмбисонд ис. Сæр, дам, дзыхмæ афæдз æртæ цыды кæны куывды, ма мæ фæнæмын кæн, 45
зæгъгæ. Цæмæн дæхимæ къæйных кæныс хис- тæрты? — Æмæ цы загътон æвзæрæй? Чидæр, дам, кæйдæр цæсты æрду уыдуа, йæхи цæсты та къала бæлас нæ фиппайдта... — Рынчынæн, дам, йæ низ æдзух йæ дзу- ринаг, — кæцæйдæр къуымæй рахъæр кодта Скворцов.— Гъеуымæ та цы хъусыс, Бек? Æвзаг æнæстæг у, алцы дæр лæхуры... — Уымæй раст зæгъыс, Женя,— раздæхти йæм Алыбег.— Кæстæр ’у æмæ дзы цы баца- гуырдæуа!.. Ныккæнды чи уыди, уыдон иууылдæр Коч- кинмæ фесты. Алфей иунæгæй аззад, уый куы бамбæрста, уæд ма фæстаг къæпп фæкодта: — Æмæ сын кæд «моллойы чиныджы» бæсты не ’сты, уæд сыл афтæ цы ныййичъи сты? — Хрицты дзы тæрсын кæндзыстæм! — фæрæвдз та йæм къуымæй Скворцов, æмæ иу- уылдæр ныххудтысты. Алыбег дæр бахъæлдзæг. — Тæрсгæ ма кæн, Женя,— загъта йе ’мбалæн.— Йæ бæхы чи тæры, уый, дам, йе ’мбалы нæ фæрсы. Рацу ма ардæм.— Æмæ уыцы ныхæстимæ Скворцовы раласта ныккæн- ды астæумæ, сбадын æй кодта бандоныл. — Дæууонтæ уал нывондæн фæуæнт. Йæ цæстытæ батылдта, йæ армытъæпæн- 46
тæ, дуагæнæгау, размæ ракодта Алыбег. Ис- дуг уадзыгау лæугæ баззад, æрмæст ма йæ былтæ змæлыдысты æмæ йæхинымæр цыдæр- тæ дзырдта. Æвиппайды æрчъицыдта, йæ къæхты бынæй арф ныуулæфыд æмæ фæхъæр ласта: «Ла илла, ил аллах. Оммен!» Мах цымыдисæй кастыстæм, цы уыдзæи, уымæ. Алыбег та уыцы кадджынхуызæй стъолы лагъзæй хæсгард райста, галиу къухæй Сквор- црвы рихийыл ныххæцыд, фæсмонгæнæг лæ- джы хъæлæсæй сындæг загъта: «Дæ сæры зианмæ фæцæуæд», æмæ йæ нычъчъепс ласта. Скворцовы цæстытæ куыддæр ныдздзагъыр сты, зыр-зыргæнæг къухæй йæ фындзы бын асгæрста. — Ла илла, ил аллах... Мах худæгæй бакъæцæл стæм. Æвиппайды дуарæй æрбайхъуыст кæйдæр хъæр: — Цъиусуртæ! Сырх ракетæ. Алчи йæ ма- шинæмæ! Иууылдæр дуарыл нæхи ныццавтам, Алы- бег тæригъæддаг каст бакодта йæ «нывонды» æрдæгæлвыд рихитæм. Ныххудти: — Нæ, фæлæ йæ афтæ уадзæм, и? Иу ри- хиджын дæлимонæй хриц йæ удхæссæг уыны! — Лыг кæнгæ! — фæхъæр ласта Евгений, æмæ дыккаг рихи дæр иннæйы фарсмæ æрхауд. 47
Эскадрилийы размæ цы хæс æвæрд цæуы, уый сын радиойæ уæлдæфы бамбарын кодта хистæр. Знаг иу ранмæ æмбырд кæны стыр тыхтæ. Н.-хъæумæ фæндагыл бафиппайдæуыд тынг бирæ автомашинæтæ æд сармадзантæ. Бахъуызын сæм хъæуы ныллæджыты æмæ — æнæнхъæлæджы æмдзæф, знаг сулæфынхъом дæр куыннæуал бауа, афтæ. Хъуыддаг хорз ацыд. Уыцы бынæттæ иу- уылдæр хъæдбын сты. Æнцон бахъуызæн у бæлæсты аууонæй. Тахтысты хæрз ныллæджы- ты. Знйджы колоннæйæн уæрæх æрдузмæ йе ’рбацыд æмæ йæ сæрмæ махонты фæзынд сиу сты. Фæндагмæ зулаив бацæугæйæ, штурмо- виктæ гитлеронтыл ралæууыдысты, цыдæрид- дæр сæм хæцæнгарз уыди, уыдонæй. Эскадрили мысаны сæрмæ иу ран зилдух кæиын рай- дыдта æмæ йæ фæхты хойæгау хоста. Фашист- тæй кæмæн куыд æнтыст, афтæ хъæдырдæм лыгъдысты, фæлæ сæ пулеметты нæмгуытæ карстой. Машинæтæ гуыр-гуырæй сыгъдысты. Фæздæг мигъау сбадт хæцæны сæрмæ. Скворцов наушникты хæр-хæры хатыдта йæ раздзоджы хæстулæфт, йæ мæсты хъæртæ: — Хæцут, куыдзы хъæвдынтæ! Мæнæ уын уый та ноджыдæр. Гъа, гъа! Цыдæриддæр сæм бомбæтæ уыди, уыдон 48
æрызгъæлдтой, фæлæ ма сæм исты сармадзан- тæ, хæдæхсæнтæ нæй... Тохы цырены Алыбег нæ фехъуыста, здæ- хыны бар лæвæрд кæй уыди, уый. Гитлерон- тæй ма æгас чи баззад, уыдон советон штур- мовикты хъæдбынæй уæлæмæ æхстой. Иуæй- иутæ дзы згъорын байдыдтой сæ машинæтæм. Алыбег рамæсты. Хæдтæхæг разылдта æмæ ма сыл ноджыдæр иу хатт «иту авæрдта», стæй йæ алыварс акаст æмæ уæлдæфы йæхи- онтæй никæйуал федта. Æрмæст Скворцовы къуыпрагъ1 йæ фæдыл цыди, хъузонау, зына- нæзына фæстæдæр, галиуырдыгæй. Алыбег бахъæлдзæг. Фæбузныг йæ тохæмбалæй. «Иу- нæгæй мæ нæ ныууагъта... Бирæ цæр, мæ хæлар». Æвæццæгæн, уыцы ныхæстæ хъæрæй загъд фесты,— уайтагъддæр наушниччыты ай- хъуыста: «Уый кæмæ дзурыс, къамандир?» — Кæмæ? — куыддæр фæци Алыбег. -— Уæлæ... хурмæ, æндæр кæмæ! Нæ йæм кæсыс, йæхи ныл худæгæй схаста. Фæсте, дам, баз- задыстут. — Гъæй, уый ма уадз, фæлæ куыд у... æнæ рихи? Фиу ма цæуыл ауындз- дзынæ? — Фиу ауындзынæн нæ зонын, фæлæ рог- дæр кæй фæдæн, уый бæрæг у. Мæ къуып- рагъ æфсургъ хæрдмæ бырсы... *) Афтæ хуыдтой хæдтæхæг «ИЛ-2: 4 Лæгæй лæгмæ 49
— Нæ сæрмæ — дыууæ «мессеры», — æвип- пайды фехъуыст наушниччыты Скворцовы хъæлæс.— Махырдæм фæзылдтой. — Хъæдмæ хæстæг дæхи лас. йæ ныхас нæма фæци, афтæ нæмгуыты фат цæхæркалгæ, фæдуадзгæ галиу фæрсты фæсыффытт кодта. Алыбег йæхи фæфæлывта, æмæ та æндæр ахæм даргъ «фат» йæ размæ фæци иннæрдыгæй. Хæдтæхæг фæкъул, фæлæ йæ фæстæмæ рараст кодта. Зæхмæ фондзыс- сæдз метрæй фылдæр нæ уыди... «Мессершмиттæ», æвæццæгæн, æнхъæлд- той, уæдæ штурмовикты уыцыиу февнæлдæн «апирдзыстæм», зæгъгæ. Фæлæ ахæмтыл не ’рбамбæлдысты. Дыууæйæ дæр, знаджы мæс- тæймарæгау, сæ машинæтæ раппар-баппар кодтой алырдæмты æмæ фашисттæн се ’хстæй ницы уади. Евгений бæргæ уыдта, «мес- сертæй» иу Алыбеджы фæдыл кæй бафтыд, цух æй кæй нал уадзы, фæлæ йæхиуыл дæр хуыздæр бон нæ уыди. Ныр æм дыккаг хатт фæлæбурдта мæлæт йæ уазал дзæмбытæй — знаджы нæмгуытæ кабинæйы фарс сыхырна- йау акодтой. Фæцæф йæ галиу къух, асыгъд сæрак шлемы фарс. Æвиппайды Алыбеджы «къуыпрагъ æф- сургъ» фæуырдыгмæ. «Мессершмитт» — йæ фæдыл... «Цы кодта уый?» — йæ уд фæтахт Евгенийæн. Хъуыддагæн дзæбæх æмбаргæ дæр 50
ницыма бакодта, афтæ рауад диссæгтæ. Штур- мовик æрдузы фаллаг кæронмæ куы бахæццæ, уæд æваст фæхæрд кодта æмæ хъæды сæрты фæсенк ласта. «Мессер» та тагъддæр тæхы, нал фæцарæхст, йæ «æмбудтæ» бæлæстæм ба- хаста æмæ дæ фыдгулы базайраг афтæ... Мæн- гардæн — мæнгард ми! Алыбег фæстæмæ рацæйзылди, уæдæ ме ’мбал цы баци, зæгъгæ. Уыцы рæстæг гали- уырдыгæй чысыл дæлдæр ауыдта, атакæйæ чи рацæйцыд, уыцы «мессеры». «Иæ развæндаг ын æрæхгæн!» — æвиппайды февзæрд йæ сæ- ры. Æмдзæхгæр фæзилгæйæ хъæды хæдсæр- мæ штопоры бахауынæй тынг тæссаг кæй у, уый дæр ницæмæуал æрдардта, фæлæ йæ хæд- тæхæг арц авæрдта. Мотор уæззау ныууынæр- гъыдта, ныхъхъæрзыдта, хъæд дæлæмæ абы- рыд. Алыбег æмбæрста, хæрдмæ йын фаг кæй не ’нтысы æмæ иу уысмы бæрц куы ферæджы- кæна, уæддæр кæй бабын. Приборы амонæн сындæггай цæуы уæлдæ- рæй-уæлдæр. Гъæтт, бафæраз, чысыл ма... но- джыдæр-ма иучысыл... Афои у! Алыбег стыр, æнгуылдзæй хотыхты дыууæ мæнгвæдæджы фелхъывта, штурвалыл размæ ахæцыд. Маши- нæ ныззыр-зыр кодта, ныххуыфыд — размæ ныццавта цыппар æрттиваг фаты. «Мессер- шмидты» æндæргма гæзæмæ фæзынди мото- ры ^æрмæ, стæй, цæф дыдын бындзау, цыдæр 51
æнæбары хуызы йæхимидæг æрфæлдæхт æмæ пиллон калгæ хъæды бамидæг. Тыххæй-фыдæй баурæдтд Алыбег йæ хæд- тæхæг æрхауынæй. Гъер æнцонæй сулæфа, зæгъгæ, афтæ йын æваст йæ былтæ ныццавта топпыхосы тæф. Улæфт ахгæдта. Иæ бон ма баци моторы куыст фæсындæгдæр кæнын. Цыдæр ын тынг нырриуыгъта йæ сæр, уæхск, фарс. Цæстытæ атартæ сты... * * * ...Скворцов ауыдта, кæцæйдæр сæ разы куыд февзæрд æртыккаг «мессер» æмæ йæхи -цъиусуры цавд куыд ныккодта къамандирыл. Штурмовикæн йæ фæздæг акалд æмæ уай- тагъддæр фæуырдыгмæ. Евгений ныккæрзыд- та, йæ цæстытæ нал иста йе ’мбалы машинæ- йæ. Мæнæ цæф хæдтæхæг бæласы цъуппытæ дасгæ ацыд æмæ æрхауд, «3» дамгъæйы хуы- зæн хъæды астæу цы дæргъæццон æрдуз зын- ди, уым. Иуцъусдуг ницы, стæй та йæ сæрмæ мигъы къуымбилау, фæзынд сау фæздæджы цъупп æмæ хæлбурцъытæгæнгæ стырæй стыр- дæр кодта. Ныртæккæ зынг бахæццæ уыдзæн кабинæмæ,. базыртæм... Евгений йæхæдæг иунæгæй уæлдæфы баз- зад, знагимæ лæгæй-лæгмæ. Фыдгул тыхджын- дæр уыд: истребитель штурмовичы ныхмæ. Райдыдта мæлæтдзаг тох. «Мессершмидтæн» 52
Алыбег цы сайд акодта, ахæм сайд акæнæн ын кæй нал ис, уый æмбæрста Женя. Йæ хæд- тæхæг, бæлæсты цъуппыты æмбуар æруагъта æмæ йæхи расай-басай райдыдта. Йæхины- мæры архайдта, йе ’мбалы æрхауæн бынатæн тынг куыннæ адард уа, ууыл. Знаг разын’д ныхджын, фæлтæрд. Иузаман Евгенимæ афтæ фæкаст, цыма фашистæн йæ гилдзытæ фесты æмæ йæ ныууагъта. Уæд йæ- хи уæлдæр систа, йæ алыварс афæлгæст — нæй, нал зыны. «Алыбеджы æрдуз» ахъахъ- хъæдта æмæ йæ ных уыцырдæм сарæзта. Цы хъавыд, уый йæхæдæг дæр нæма æмбæрста, фæлæ ты’ндзыдта размæ, йе ’мбалмæ... Æнæн- хъæлæджы йæ бынмæ хурæй рухсгонд хъæды тъæпæныл фæсыффытт ласта дзуарæвæрд ау- уон, æмæ уайтагъд йæ хъустыл ауад рог- сар- мадзаны æмыр къæр-къæр. йæ тæккæ сæрмæ ферттывтой «мессеры» гуыбын æмæ бур- ахуырст базыртæ сау крестытимæ... Штурмовик ныззыр-зыр кодта, мотор «æхс- нырсын» райдыдта. Фашист ма йыл йæхи иу хатт æрбаскъæрдта, фæлæ фæци йæ топпы хос. Евгений бамбæрста, немыцаг кæй нал раз- дæхдзæн. Арæхстгай разылд æмæ та йæ ных сарæзта, йæ къамандир кæм æрхауд, уыцы- рдæм. ....Хæдтæхæг ма цыдæр амæлттæй бæлæсты 53
къохы сæрты «бахылд» æмæ мотор ныллæу- уыд. Гъæй, джиди, иу мæццъи ма!.. Нæ, ницы- уал. Цæлхытæ æддæмæ нæ рауагъта Евгений. Штурмовик иуцасдæр йæ гуыбыныл абырыд хуымгæнгæ æмæ æрдузы астæу хуысгæйæ баззад. Кабинæйæ куыд расæррæтт ласта, къ’аман- диры æрхауæн бынат картæйыл куыд раца- гуырдта, уый зонгæ дæр нæ бакодта адæргæй Скворцов. Дард нæу. Цæуын хъæуы хуссар- хурныгуылæнырдæм. Згъоры хъæды астæуты Женя. йæ раз- вæндаг дзæбæх уынгæ дæр нæ кæны, йæ хи- дæйдзаг цæсгом асæрфы æмæ та атындзы размæ. Тыхсы йæхимидæг: «Кæд фæрæдыд- тæн, куыд æрæгмæ зыны уыцы фæз?..» Æхсæр, мырткæ, цъуй бæлæсты хихтæ йын тонынц йæ цæсгом, пæзы къалиутæ йын су- дзин дзæмбытæй^лæбурыпц йæ къухтæм, ных- сынц йæ буары. Фæлæ йæм ницы хъары, йæ тæхыны кой кæны. Æвиппайды хъæд фæци. Лæг рагæпп ласта иу дæргъæццон æр- дузмæ. — Уæртæ хæдтæхæг! — цины хъæр сир- вæзт йæ риуæй æмæ азгъордта ноджы тагъд- дæр. Бæлæсты бын арф, фæлмæн кæрдæгыл арæхстгай æруагъта йæ æдзæм æмбалы æмæ йыи йæ хъус йæ риуыл авæрдта. Æгас у! Йæ- 54
хиуыл цыма нæ баууæндыд, афтæ та йæм но- гæй байхъуыста. Риуæй цыди зæрдæйы хæрз- лæмæгъ мæрдон гуыпп-гуыпп. Æгас у! Æгас у-у-у! — ныхъхъæр кодта æррайау лæппу, фæ- лæ йæхи фембæрста æмæ йе ’мбалы цæсгом- мæ ныккаст. Алыбег хуыссыд уадзыгæй. Йæ сыгъдæг даст цæсгом уыди бынтон фæлурс æмæ йыл рихитæ зындысты, цы уыдысты, уымæй но- джы тардæр... Ранæй-рæтты буар дондæппæлт- тæ сси сыгъдтытæй, йæ ныхыл, сæры фахсыл— туджы æрхæмттæ. Евгений растыгъта къаман- диры æрдæгсыгъдтытæ комбинезон æмæ йæ иуварс аппæрста. Лæгæн йæ сæрыл схæцыди, сыгъдæг къухмæрзæиæй йын йæ тугтæ ныс- сæрфта. йæ армытъæпæн Алыбеджы уазал ныхыл æрæвæрдта, сындæг æм фæдзырдта: — Бек, ракæс-ма. Уый æз дæн. Женя... Скворцов. Къамандир нæ фезмæлыд. Евгений йæ фар- сæй флягæ райхæлдта æмæ йе ’мбалы хуыз- дзыд цæсгомыл дои ауагъта. Фæлæ уæддæр лæг не ’змæлыди. Женя йæ дзыпмæ фæлæбурд- та: кæмдæр æм бинт куы уыди! Зыр-зыргæн- гæ къухтæй тыхтон сласта æмæ дзы Алыбеджы цæфтæ бабаста. Цалынмæ йе ’мбалмæ зылди, уæдмæ дзы йæхи рис ферох. Йæ тугæйдзаг дыс хъавгæ батылдта æмæ йæ цæстытæ атартæ сты — 55
цонг цъæх-цъæхид афæлдæхт, ныррæсыд. Йæ мидæггаг хæдоны бын раскъуыдта æмæ цæф къух стыхта. Кæмдæр хæстæг ран æваст цыдæр къуырцц- къуырцц фæцыд. Евгений фестъæлфыд. Ныхъ- хъуыста. Къух йæхи æгъдауæй хуымпъыры- рдæм фæбырыд. Къупп-къупп та райхъуыст дыккаг хатт. «Хæрæг дыл амæлæд, æвзæр хъæдхой! Ды ма мæ хъуыдтæ ныртæккæ!..» Уыцы къуырцц-къуырцц ын йæхи æрæмбарын кодта, йæ алыварс акаст. Кæм, цы ран сты? йæ размæ айтынг уæрæхгомау лæгъз æрдуз. Ехх, æвæдза, машинæ дзæбæх, æнæхъыгдард у, зæгъгæ, уæд ацы.фæз стæхынæн агургæ æмæ ’наргæ нæ уаид! Фæлæ гъа!.. Уæртæ къа- мандиры æфсæн цъиу йæ гуыбыныл хуыссы, арт æй йæ бЬшы скодта æмæ йæ æнауæрдонæй æвдæрзы... Æрдузы фаллаг кæрон хъæдрæбын хæд- тæхæджы цурмæ згъорæгау ракодта цалдæр къæбæлдзыгдзыкку бæрзбæласы. Цыма æвир- хъау, зæрдæхалæн нывæй сонт тарст фæкод- той, афтæ сæ мидбынæтты цавддурау фесты. Æмæ ныр лæууынц æгомыгæй, сæ цъæх дада- литæ дæлиау æруагътой. Сæ фæйнæ фæрсты къулбадæг устытау уыцы æнкъардхуызæй ра- рæнхъ сты сæ судзинадзагъд даргъ, уæгъд къабаты зазбæлæстæ... Æрвгæрон фæзынд сау мигътæ. Æвиппай- 56
ды æрбадымдта, хъæд базмæлыд, ныуулæфыд уæйыгау. Скворцов ныккаст къамандиры цæсгоммæ. Сындæггай йын йæ къухмæ бавнæлдта, йæ тугдадзин ын ацагуырдта йе ’стыр æнгуыл- дзæй. Хæрзлæмæгъ цæфтæ... Туг дзы æгæр рацыди. Фæлæ... «Цæрын хъæуы, цыфæндыйæ дæр цæргæ у. Цæргæ!» — ныллæгъстæ кодта хъæрæй йæ æдзæм æмбалæн Евгений æмæ йæхи хъæлæсæй фæтарст... Цафон у, цымæ? Хур арвы астæумæ схæц- цæ, фæлæ, цымæ, хуссар бæлвырддæр кæцы- рдыгæй ис? Сахатмæ æркаст. Амонæнтæ дыу- уадæсыл баиу сты. Картæйыл ссардта сæ лæууæн бынат. Ардыгæй фронтмæ дзæвгар быдыр и. Боныгон хъæд-хъæд цæуæн уаид, лæгъзыты та — æрмæст æхсæвыгон. Мæнæ ам, ардыгæй иу ссæдз километры бæрц фалдæр хъуамæ уа чысьтл хъæугонд. Стыр фæндæг- тæй, горæтæй — дæрддзæф, йæ алыварс — тар хъæд, уæлдай бауайджытæ йæм нæй. Уырдæм бафтгæйæ æвзæр нæ уаид, бæргæ. Хиуæттæ, зæрдæхæлар фысымтæ дзы куыд нæ хъуамæ разына! Бауазæг æй кæндзысты, бахиздзысты йæ фыдгулы цæстæй. Дарддæр та... Кæд исты амал уаид. Ногæй та бафæлвæрдта йе ’мбалы æрчъи- цын кæныныл. Нæй, ницы йын у йæ бон. «Ам дарæн ын нал ис»,— ахъуыды кодта Женя 57
æмæ сыстад. Лæджы хъавгæ, арæхстгай цы- дæр амæлттæй йе ’ккоймæ систа æмæ уæззау къахдзæфтæгæнгæ араст хурыскæсæнырдæм. Æвиппайды фæсте райхъуыст гæрæхтæ. Ев- гений та фестъæлфыд. Гæзæмæ йæ цыд фæ- урæдта, уæдæ уый цы уа, зæгъгæ. Уый Алы- беджы хæдтæхæджы нæмгуытæм зынг куы бахæццæ æмæ уыдон куы хæлынц... Уæд та цæуын æнцондæр куы уаид. Кæл- дым арæхы, тулдз, æхсæр æмæ фадхъæды бæз- джын къудзитæй æдæрсгæ асанчъехгæнæн иæй, фæндаг иууылдæр æрхытæ æмæ къуып- пытæ. Хур мигъты фæстæ фæци, фæлæ тæвд нæ фæкъаддæр. Ам, бæлæсты бын, сатæджы дæр æнудæй сулæфæнтæ нæй. Хиды æрттиваг фæрдгуытæ цæсгомыл уырдыгмæ згъорынц, дзыхмæ лæдæрсынц æмæ йын, денджызы до- пау, сæ цæхджын адæй йæ дойны ноджы фыл- дæр кæпынц. Къухы цæф, ныхы æмæ русы арф цъæррæмыхстытæ сæ рыстæй не ’нцайынц. йæхицæи зæрдæтæ æвæры, даргъ æмæ зып фæндагыл куыннæ хъуыды кæиа, ууыл арха- йы, афтæмæй цæуы æмæ цæуы размæ, скæсæ- нырдæм. Хатгай æрлæууы, байхъусы, кæд, миййаг, йе ’мбалы сабыр хъæлæс кæнæ хъæр- зын фехъусид... Никуы æмæ ницы. Рæстæгæй-рæстæгмæ бæлæсты æхсæнтæй æрбаирвæзы рог уддзæф æмæ йæм уæд йæ хидæйдзаг, уымæл цæсгом, йæ гом фæтæн 58
риу бадары. Сыфтæрты æхсæн цъыбар-цъы- бур кæнынц цъиутæ, хъуысы хъæдхойы къуырцц-къуырцц, къæхты бын къæрццытæ кæнынц фароны æмбыд, хус къæцæлтæ... Æвиппайды Скворцов рахызт иу чысыл- гомау æрдузмæ. Ранæй-рæтты дзы ныллæг, сыфтæрджын къудзитæ. Хур иу уысммæ мигъты скъуыдтæй ракаст, æрдуз ныррухс кодта æмæ та фæаууон. Изæр- далынгау æрбаци. Иуварсæрдыгæй, хъæдгæ- ронмæ хæстæг, цæф уарийау, йæ базыртæ зæххыл фæйнæрдæм айтыгъта, афтæмæн хуыс- сыди йæ хæдтæхæг. Евгений иннæрдæм ракаст æмæ фегуыппæг. Æрдузы кæрон бæлæсты æмдзæхгæр лыг къа- лиуты бын урс дардтой, Алыбег цы «мессер- шмидт» æрæппæрста, уый базырты цъæлтæ æмæ муртæ. Чысыл фалдæр, фæндыры тæптау тæстытæй, зылын-мылынтæй зынди хæдтæхæ- джы гуыр. — Бек, Бек, мæ хур, ракæс-ма,— фæхъæр кодта Женя йæ цæф æмбалы зына-нæзына батилгæйæ.— Мæнæ уыцы хрицæн цытæ ба- куыстай! Нæй, нæ йæ хъусы Алыбег. Скворцов æваст фæхъус. Афтæ йæм^ фæ- каст, цыма йæ хæдтæхæджы цур цыдæр тас- мачъийы къæрцц фæцыд. Цæсты тигътæй йæ ахъахъхъæдта. Уым æнæмæнг чидæр ис. Чи 59
уа уæдæ? Евгений къамандирæн тæрсгæйæ йæхи фæстæмæ, хъæдырдæм ласын райдыдта, фæлæ уыцы рæстæг фехъуыст гæрах, дыккаг, æртыккаг. Скворцов зæххыл йæхи æруагъта, къамандиры йæ фæстæ бакодта. Ныр ма цы базонын хъуыд: немыцаг тæхæг, цыдæр мæрд- тагæй аирвæзт. Моторы сæрмæ фæзынди бинтытæй тыхты- тæ сæр худаистæй. Фашист дамбацайæ æвзыс- та, фæсус, зыр-зыргæнаг хъæлæсæй уырыс- сагау дæлæ-уæлæгæнгæ хъæр кодта: — Русише швайн! Здавайс, фи мой плей- ник. Я вас збивайт! — Æдзæсгом хуы! Куыдзæй чи рай- гуырд! — рафыхти Евгений æмæ йыл æнæхъав- гæйæ уырдæм ралæууыд. Бинтæй баст сæр фæцыдæр. Ныр та моторы бынæй кæцæйдæр райдыд- та æхсын фашист. Гæрах стынг ис дыууæрды- гæй дæр. Штурмовикты уавæр мæнæ-бæллиц- цæгтæй нæ уыди. Фынгау лæгъз быдыр, ра- нæй-рæтты ныллæг къудзитæ... Кæм дзы æрæмбæхсай, кæм æрныгъуылай? Сæ амондæн немыцаг тæхæг рæстдзæф нæ разынд. Цы йын æрхъуыды чындæуа? Гъа-гъа... Сындæггай, хъуызгæ фæбыры йæ цыппæр- тыл Евгений иу къудзийæ иннæмæ. Æввахсæй- æввахсдæр кæны хæдтæхæгмæ. Иуафон фæ- хъус, банхъæлмæ каст, немыцагæн йæ гилдзы- 60
ты абоймæ цалынмæ фæци æмæ иннæ ивтыгъ- та, уæдмæ, стæй æвиппайды фæтæррæст ласта æмæ йæхи баскъæрдта фашистыл. Фæскæби- нæйæ хæстæгмæ фехъуыст гæрах. Лæг кæлæ- гау фæкодта æмæ фюзеляжы* рæбынмæ йæхи бахаста. Йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой, дуне йыл батальшг... Цыдæр цъæхахст æйг æрчъицын кодта. Фестад, æмæ фашистимæ хъæбысæй-хъæбыс- мæ фесты. Ахъуырдухæн кодтой, зæххыл атыл- дысты. Скворцов æмбæрста, йæ хъару кæй асаст æмæ йе ’знагæн кæй ницы фæразы. Фæ- лæ фашист дæр, æвæццæгæн, хуыздæр ран нæ уыди. Дыууæйæ дæр афтæ æдых систы æмæ, кæрæдзийæ куы атыдтой сæхи, уæд иуцасдæр сæ бон сыстын нал уыди. Цалынмæ Евгений йæ цæстытæй туг сæрфта, уæдмæ немыцаг фæтар... Цæф арсау ныббогъ кодта Скворцов, йæ бынатæй фестад. Фашист йæ иу къах къуыды- рау йæ фæдыл ласта, афтæмæй йæ цыппæр- тыл хилгæ тындзыдта хъæдмæ. Хатгай-иу фæстæмæ фæкаст тарстхуызæй æмæ та-иу хæстулæфтгæнгæ йæхи размæ аппæрста. Ев- гений йæ фæсте асырдта. Хъæдгæрон цыдæр *) Фюзеляж — хæдтæхæджы гуыр. 61
хус михыл фæхæст æмæ йæ нæ ныууагъта, цалынмæ йæ баййæфта, уæдмæ... Хъæд ныцца- рыдта æвирхъау хъæрæй... Йæ улæфт улæфты нал æййафы, афтæмæй йæхи къамандиры цур æруагъта Евгений. йæ хъустыл ауад хъæрзын. Уый уыди æнæнхъæ- лæджы циндзинад. Цы фæци фæллад дæр! Евгений йæ зонгуытыл алæууыд, йе ’мба- лы цæсгоммæ ныккаст. Алыбегæн йæ цæсты- ты уæлтъыфалтæ базмæлыдысты. Иудзæвга’р æдзынæг каст, чи йыл ныддæлгом, уымæ. . — Ды дæ, Женя?..— æппынæрæджиау сдзырдта сындæг хъæлæсæй Алыбег.— Кæм стæм? — Ам стæм, ам, Бек... Хъæды... — Уый уынын, фæлæ кæм?.. Скворцов ахъуыды кодта — цы йæ æмбæх- са, стæй цæмæн? — Знаджы чъылдыммæ. С.-хъæумæ хæс- тæг.— Евгенийы цæсгом æвиппайды фæрухс.— Кæс-ма уæртæ, Бек, цас суг ныссастай фа- шистты хæдтæхæгæй! Алыбеджы цæстыты гæзæмæ цыдæр рухс ферттывта. Рабадыныл афæлвæрдта, фæлæ йæ бон нæ баци. Евгений йын баххуыс кодта. Ие ’ргом зына-нæзына «мессершмидты» пырхæнтырдæм азилгæйæ, Алыбег йæ сæр ра- зыйы тылд бакодта. Стæй йæхи ауагъта, цæс- 62
тытæ сæхгæдта æмæ иуцасдæр рæстæг хуыс- сыди æнæзмæлгæйæ. Иу афон асгæрста Евгенийы къух. Загъта лæмæгъ, сындæг хъæлæсæй: — Зарæ... Мæ бинойнаг мын арæх дзырд- та: «Хорз рауад дæ аккорд, Алик. Гъа-ма, иу хатт-ма...» Фортепьянæйыл цæгъдын мæ ахуыр кодта... Æз тыхджын аккордтæ уарзтон... Зæр- дæйы фæндиаг... Зæланггæнаг... Гъемæ... æн- хъæлдæн... æвзæр зæланг нæ рауад, Зарæ... Фæстаг зæланг... Йæ хъæлæс ныддыз-дыз кодта. Хуызы- цъыртт ма дзы цы уыд, уый дæр фæлыгъд. Æрмæст ма йæ хус былтæ зына-нæзына змæ- лыдысты. Скворцовæн йæ хъуырмæ схæццæ кæуын. Алыбег ын йæ къухмæ бавнæлдта. — Не ’мбæлы афтæ, Женя... Уымæй мæ нал раздахдзынæ,— йæ хъæлæс диссаджы са- быр æмæ æвæлмæс уыд.— Уыныс, рихитæ дæр фыццаг ды алвыдтай, мæлгæ та æз кæ- нын. Афтæ, гъе, мæ хæлар... Алыбег та ныхъхъус, бауадзыг. Æнæнхъæлæджы æрбаизæр. Æрбадымдта. Хъæд йæхи мидæг барызт, сыфтæртæ æнкъард сусу-бусугæнгЪе ацыдысты уым фалæмæ. Ев- гений æвиппайды бамбæрста: лæгæй пайда нал ис. Фæсæмбисæхсæв та йе ’муд æрцыд Алыбег. 63
Бирæ фæхуыссыд æнцад, æнæзмæлгæйæ; афтæ зынди, цыма йæ цыдæр зæгъын фæнды æмæ йæ фæстаг тыхтæ æмбырд кæны. Иуцас- дæр æдзынæг фæкаст йæ иузæрдион лымæн æмæ тохæмбалмæ. Уæлдæфы дæр æмæ йæ зæххыл дæр иунæгæй чи никуы ныууагъта, уымæ... Йæ къухмæ йын бавнæлдта, цас йæ бон уыди, уыйбæрц æй нылхъывта. — Фæстаг курдиат, Женя... Хъусыс? — Алыбег æм комкоммæ скаст, æмæ Евгений федта, хæххон суадонау, сыгъдæг цæстытæ. Йæ хъуыры та цыдæр фæбадт.— Зæрондæн фехъусын кæндзынæ... Зарæйæн та... Зæгъ... Мæ зæрдæ йыл дарын... Фырт нын ис. Хæрз- саби... Æз æй æрмæст къаммæтæсгæ зыдтон... Стыр зынтæй йæ бон баци къухæй риуы дзыпмæ бацамонын. — Бабæрæг сæ кæн... Уæлахизы. фæстæ... Хæрзбон. Зæрдæдзæфæй сыстад Евгений уæлæмæ. Йæ фæлурс, хуыздзыд рустыл æртылди дыууæ ставд цæссыджы. ...Скворцов лæууыд, уыцы фыдохы æхсæв фæсфронт кæмдæр хъæды астæу къæбæлдзыг- сæр бæрзбæласы бын цы ингæн фæзынди, уый уæлхъус. Дымгæ йын хъазыд йæ бурхил дзыккутæй, дыууæрдæм тылдта мæрдджын усы дадалитау, дæлæмæ чи æрзæбул, уыцы рæхснæг къалиутаг*. Хъæды фæстæйæ арвыл, 64
хъуызæгау, æрбахылд сау мигъ. Къæвдайы æртæхтæ ставд цæссыгтæй æрхаудысты ингæ- ны фæлмæн сыджытыл. Евгений æрчъицæгау кодта. Уарын ницæ- мæ даргæйæ, æмраст слæууыд, йæ сæр уæлдæр систа, йæ къухтæ æрбатымбыл сты. — Ды фæстаг зæланг загътай, Алыбег? — дисгæнæгау сабыр хъæлæсæй сдзырдта Евге- ний. — Нæ-æ! Уыдон нырма фехъусдзыеш нæ рыппытæ! Мах дæм æрбаздæхдзыстæм, Алыбег, Ард дын хæрын! Æмæ фæстаг зæ- ланг уым фæцæудзæн, Берлины бынмæ! — йæ хъæлæс ныннæрыди Евгенийæн æмæ азæлгæ ацьтд стыр æнусон бæлæсты æхсæнтьь Хъæды сæрмæ, алы райсом хур кæцæй скæ- сы, уым ссыгъди сæуæхсид. Рухс кодта тых- джынæй-тыхджындæр. Куыдфæстæмæ фæпырх арвыл æмæ алыхуызон ахорæнтæй тыбар-ты- бур систа. Уым сты хиуæттæ... Райгуырæн бæстæ æн- хъæлмæ кæсы, сиды йæ хъæбулмæ... Вагоны цæлхытæ сæ уынæрæй не ’нцайынц. Æз æдзæмхуызæй лæууын рудзынджы раз. Алырдыгæй ма хъуысы, чи нæма æрбынæттон, уыцы фæндаггæтты ныхас. Æдде, изæрон фæ- лурс арвы риуыл, тетрады хæххытау, бæрæг дарынц тилифоны бирæ телтæ. Æгæрон бы- 5 Лæгæй лæгмæ 65
Дыр, иугай обæуттæ, Хурсыгъд гæппæлтæ мæ размæ зилæгау кæнынц. Æз кæсын æрдзы нывтæм, фæлæ мæ зæр- дæйæ нæ цух кæны Ногъайты бæгъатыр Алы- бег, Мæ худ дын исын, адæмæн æмбисонды хъæбатыр, æхсарджын æфсæддон. Уартæ уый та йæ иузæрдион æмтохгæнæг Евгений Скворцов. Мæ цæстытыл хъазы йæ сурæт. Перроны ма лæууы, йæ къух мæ фæ- дыл тилы, мидбылты худы, фæлæ цыдæр æн- къардхуыз у. Иæ цуры — йæ фырт, йæ сæнт- сау цæстытæй мæм комкоммæ кæсы... Æвиппайды мæ зæрдæ ныссæххæтт кодта. Фæлæуу-ма, фæлæуу... Кæй фырт у? Æмæ уыдон... Уыдон сыгъдæгæй дæр Алыбеджы цæстытæ куы сты!..
ÆНАХУЫР БАЛЦ 1 Æрдæгталынг фæйнæг къул сыджыткъæсы къахбавæрæн нæ уыди адæмæй. Рæбыноз, арф къусчы, сæ удисæгау кодтой дыууæ чысыл гилдзын цырагъы: нæдæр рухсæн уыдысты, нæдæр хъармæн. Бæстастæу, хъенæвæрд боц- къайæ конд пецы гуыр-гуырæй сыгъди арт. йæ уæлæ сырхзынг къæйыл бедрайы тæвд кодта дон. йæ æлыг цъыфæйдзаг фæрстыл дæлæмæ лæдæрстысты иугай чъизи æртæхтæ æмæ тæвд къæйыл, физонæджы сойау, сæ цъыс-цъыс цыди. 67
Адæм артмæ сæхи хæстæг ластой. Чи хус кодта йæ уымæл куыдздзарм, даргъхъусджын нымæтбыцтæ, чи йæ сæрак æрмкъухтæ, чи тавта йæ уæрджытæ. Фындзыхуынчъытæ къах- та бензины æмæ сæрдæны тæф. Къуымæй цы- ди сабыр ныхас, хинымæры худт, фынæй адæмы хуыр-хуыр. — Гъей, бандзарут ма дзæбæх, дарæг уæ ма уа!—фæспецæй райхъуысти кæйдæр фæсус хъæлæс.— Чи уæ ис, чи, уым, хæстæгдæр ар- ты дзыхмæ? Цы ауæрдутуæ чъиуа, смаггæ- наг «нефтыл»? Бензин æмæ ма сæрдæн йед- ’тæмæ исты у? Сымах ма ам пыф кæндзыстут, уæ зæронд стджытæ тавдзыстут артмæ, фæлæ, мæ хуртæ, а лæппуты гъæй кæнын хъæуы... Дай-дай... Ахæм бон хорз хицау йæ куыдзы дæр бæргæ нæ рауадзы дуармæ... Фæлæ ацы æлгъыстаджы хæст...— Боцкъайы фæстæйæ йæ сæр радардта сырхуадул, хæнкъуытæ, тъæ- бæртдзаст лæппулæг. «Баирвæзти та рæбынмæ нæ «сыбираг»,— ахъуыды кодта йæхинымæр Аслæнбег.—Ныр æй йæ дыууæ хъусæй дæр нал раласдзынæ пецы цурæй, цалынмæ фæдисы хъæр фæцæуа, уæдмæ». Пецы дзыхмæ хæстæгдæр чи бадти, уыдо- нæй иу фæзылд тъæбæртдзаст лæджы ныхас- мæ. Æлыгбын зæххæй .систа стыр цинкæ къопп, кæддæр гилдзытæ кæм уыди, ахæм. 68
Къæцæлæй дзы азмæста бензин хæццæ сæр- дæн æмæ дзы пецы хъуылфмæ бакалдта гом дуарыл. Арт ноджы тынгдæр ныггуыпп лас- та, йæ даргъ бур æвзæгтæ сау пиллон калгæ уæлиаугомау сирвæзтысты, боцкъайы сæг- дзыд ных æмæ бедрайы хуылыдз фарс астæрд- той. Æввахс бадджытæ тарст хъæр фæкодтой, фæстæрдæм сæхи аппæрстой иннæтыл. — Лейтенант! Балалайкин! — бæзджын хъæлæсæй бадзырдта Аслæнбег хæнкъуытæ тæхæгмæ.— Фæу дæ анахли. Дзырд райстам уæлейæ. Рæвдздæр!.Гена кæм и? Балалайкин кæй схуыдта, уый йæ къахту- хæнтæ бæндæнæй æррæдывта, тагъд-тагъд йæ сæрæй ацамыдта къуыммæ. Аслæнбег уыр- дæм фæкаст. Иуварсырдыгæй, æнæхсæст, бур- цъар фæйнæгкъулыл йæхи бауагъта, афтæ- мæй рæдзæ-мæдзæ кодта урсцъар лæппулæг. йæ иу къух кæйдæр риуыл æппæрст, иннæ роны тъыст. Мидæмæ фæлдæхт уæлдзарм хъусджын худы бынæй фæтæн ныхыл æрзæбул артхуыз бецыкк. Цæсгомыл хъазы цыдæр æх- сызгон мидбылты худт. Фæтæригъæд кодта лæппуйæн Аслæнбег. Цы уыны, цымæ, йæ фыны?! Кæмæ худы?.. Цы зæрдæйæ йæ сыхъал кæна, куыд ын фæсура йе ’взонг зæрдæйы адджын фынтæ? Ныртæк- кæ йæхæДæг дæр бæргæ æркъул кæнид хъарм пецы фарсмæ, гбæргæ батавид йæ уымæл ’ны- 6$
мæтбынтæ, йе ’ргъæвст уæнгтæ. Фæлæ кæм ис ахæм фадат! Хæст йæхионтæ домы. Цæттæ кæнын хъæуы дард балцмæ, æрвон стæрмæ... Аслæнбег арæхстгай бахызт кæйдæрты сæрты, куыд никæй бахъыгдардтаид, афтæ. Зына-нæзына батылдта фынæй лæппуйы йе ’уæхскæй. — Гена! Гена!.. Фест! Рæвдздæр, мæ хур, рæвдздæр. Тæхын хъæуы... — И?.. Цы?..— сонтæй нæ бамбæрста ха- бар лæппу. Иæ цæстытæ аууæрста, ныззæм- быдта.—Ехх, ныр ма иуфондз... фондзыссæдз минуты афынæй кæн!..— Сæ экипажы штур- мæны куы ауыдта, уæд йæ бынатæй фæтæр- рæтт ласта, цыма хъандзалтыл арæзт уыди, уый хуызæн. — Лейтенантæн зæгъ, æмæ хæдтæхæджы цурмæ рацæут. Тагъд уырдæм хъæуы къа- мандиры дæр,—афæдзæхста Аслæнбег, Гена кæй схуыдта, уымæн æмæ æддæмæ рахызт. Бон фæци. Изæрмилтæ кæнын райдыдта. Къæвда фенцад. Фæлæ ныр та дымгæ райста йæ бартæ йæхимæ. Тар мигърæгъæуттæ йæ разæй скъуымбил кодта, бирæгъты бал æнæ- хицау фосы дзуг йæ разæй куыд айсы, афтæ, æмæ сæ ратон-батонгæнгæ, æвдæрзгæ тардта хуссар-хурыскæсæнырдæм. Тæхынæн бæзгæ рæстæджы хуызæн бæргæ нæу ахсæв. Боныхъæд зоныныл кусджытæ 79
дæр æй загътой — фæссихор уардзæн, уыдзæн тыхджын дымгæ. Æмæ æнæуи уыцы «кæлæн- гæнджытыл» чи æууæнды, фæлæ ацы хатт цыма нæ фæрæдыдысты... Аслæнбег йæ мидбылты бахудт, иу хатт ма ахаста йæ цæст арвыл. Ныгуылæнырдыгæй уыди зына-нæзына рухсдæр, фæлæ уым дæр — кæрæй-кæронмæ мигътæй æхгæд. Худ арфдæр æрсагъта, æфцæгыл æфтаугæ мæскуы хызын йе ’нахъинон даргъ босыл иуварс азылдта æмæ, хусдæр рæттæ æвзар- гæйæ, фæраст, сæ хæдтæхæг кæм лæууыд, уыцырдæм. Лæхъир нæузæхх къæхты бын цъæпп- цъæпп кодта. Уазал, уымæл уæлдæфы хъуыс- ти хæстон аэродромы дыууæзæрастæу зилæн- ты уынæр. Хуры аныгуылдимæ, мæйы скасти- мæ райдайынц ам се ’цæг хæстон цард. Стыр тохы заман куы скæны, уæд мæй куы нæ сзы- на, рæстæг куы нæ бæзза, куы уара, уæддæр кæддæриддæр хæстæввонг хъуамæ уой уæз- зау бомбæппарæн фæрæзтæ. Уартæ карст уы- гæрдæны кæрæтты, кæттаг æмбæрзæнты бын, лæугæйæ фынæй кæнынц аргъауы æвирхъау маргъы мыггæгты хуызæн. Фæлæ сыл ма бау- уæнд, фынæй не ’сты. Фыццаг фæдисы хъæр, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ—рæвдз. Не 'хсæ$- дзу уæлдæфон хотыхтæ сты уыдон. Тæхгæ мæсгуытæ. Æфсады дардмæ æвналæн тым- 71
былкъухтæ: Бакæсгæйæ — уæзбын, фæллад те- уайау зын фезмæлынгæнгæ. Фæлæ куы «сыс- той», уæд уад не ’ййафы, кард нæ кæрды, нæмыг нæ хизы ацы æрдхæрæны мастисæн нæргæ гæнахты. Сæ азар дардыл æххæссы, сæ масты цæхæр бындзарæй судзы, сау фæ- нык кæны, цæуыл æруайа, уый. Дæ балгъитæг сæ. бынмæ бахауæд!.. Аслæнбеджы уайтагъд æрбаййæфтой Антон æмæ Гена. Сæ бацыдмæ хæдтæхæг уыди рæвдз. Механиктæ ма йæ цуры фæстаг зи- лæнтæ кодтой. Сæ хистæр штурмæны куы ауыдта, уæд йæ размæ рауад уыцы сдзурын æввонгæй, фæлæ йæ уый нæ бауагъта: — Куыд у, Тадиоз, дæ нæргæ мæсыг? Ис- ты рыг скалдзæн фыдгулы къæдзилыл æр- лæууынæн? — Цæттæ у, æмбал капитан... Уый уæ бæргæ фæхæццæ кæндзæн бынатмæ. Фæлæ куыд дзурынц, афтæмæй тобæстафырæллæхы хæс куы у уæ хæс. Сæр уæ бахъуыди! — Тæрсгæ ма кæ, Тадиоз. Нæхимæ йрон ныхасау, æхсары бын «уой, нана» нал и! Æрцæвдзыстæм сæ, авд фурды фæстæ нæ, фæ- лæ авд хохы фæстæ куы бамбæхсой, уæд- дæр!.. ;* Æвиппайды изæры тарæй фегуырд - æмæ- базыры бынмæ æрбахызт полчъы къамандир Хабаров — бæрзондгомау, фидæрттæ ар’æзт, 72:
къæсхуырдзæсгом лæг. Йемæ уыди полчъы ин- женер дæр. — Кæд машинæ рæвдз у, уæд фæстиатгæ- нæн нал ис,—йæ ныхас йæхицæй фæраздæр дæлбулкъонæн. — Рæвдз у,— æмдзырд скодтой техник æмæ Аслæнбег. — Æз æй мæхæдæг дæр федтон, æмбал дæлбулкъон,— загъта инженер.— Ницы зæр- дæхсаинаг у. Рухсгæнæн бомбæтæ — цыппар. Иннæтæ, куыд вæййы, афтæ... Афæраздзæн. Хабаров йæ сæр разыйы тылд бакодта, йæ экипажы уæнгтæм азылд. — Ивд ницы цæуы. Куыд ныхас кодтам, афтæ. Искæмæ исты зæгъинаг ис? Хуыссæгæй бафсæстыстут? Уæдæ уæд — уæ бынæттæм! 2 ...Ныр иу сахаты бæрц сты уаёлдæфы Ас- лæнбегитæ. Хæдтæхæг тæры дыккаг пилот — лейтенант Антон Балалайкин. йæ тъæпæн сæр нылвæста зымæгон камбинезоны бур, хъуынджын æфцæгготмæ. йæ цæстытæ фæ- тъæбæртт-фæтъæбæртт кæны. Даргъхъус сæ- рак æрмкъухтæ фидар æрбалвæстой штурвал æмæ хатгай зына-нæзына фæуæз кæныцц куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Иæ фарсмæ бады Хабаров. йæхи дзæгвæз 7*
ауагъта «молнитыл» арæзт æмæхгæд кæрцы. Фæрсырдыгæй зыны æрдæгфынæй лæгæТы ар- сау. Йæ цъынд цæстытæ хатгай зына-нæзына фегом вæййынц. Зыхъхъырты кæрæтты фертти- вы дыууæ сау зынджы стъæлфы. Улæфгæйæ дæр йæ хъус дары хæдивæгмæ, прибортæм. Уæлдай змæлд нæ кæны. Зынтæ разæй сты. Фæлварæнтæ... Тыхтыл ауæрдын хъæуы... Уæртæ та йæ цæстытæ ферттывтой. Кæсы компæсмæ. йæ хъус дары мотортæм. Авиа- цийы æвддæс азы ис. Хорз базыдта, хæдтæ- хæгæн мотор цы у, цы дзы кæсы лæгмæ. Ахсæвы уæлдæфон стæры та уæлдайдæр... Ам фалæмæ ахæцын хъæуы. Цалдæр мин версты. Сæ уаргъ иннæ хæттытæй уæззаудæр у, хæс — бæрнондæр. Фæндаг — даргъ, тæссаг. Æнæ- рбадгæйæ дыууадæс сахатæй фылдæр хъуамæ фæуой уæлдæфы... Чи зоны, цы сæм кæсы!.. Кæд фæтæх æмæ ма ’ртæхы фæндагыл рараст сты?.. Мæйдар—бæстæ. Талынг — арв... Хабаров зæрдаивæй йæ цæст дары хæд- ивæгмæ. Уымæн йæ хæбуздзыхъхъытæ цæс- гом зыны æнцад, æвæлмастхуыз. Фæлæ хаты къамандир — йæхимидæг тыхсы Антон. Уæр- тæ йæ роцъойы кæрон куыддæр æнахуыр фес- стъæлф-фестъæлф кæны. Бирæ рæстæг нæма зонынц Балалайкины ам, полчъы. Æрæджы æрбацыд граждайнаг авиацийæ. Тæхгæ дзæв- гар фæкодта, цалдæр фондзыссæдз мин кило- 74
метры. Фæлæ фронт фронт у. Куыд, цы хуы- зы равдисдзæн йæхи ам?.. Уæззау уынæргъд кæнынц мотортæ. Лæг талынг лæгæты куырмæджы куы цæуа, уыйау æнкъуысы размæ уæззау тæхгæ мæсыг. Куыр- мæджы ма зæгъай. Уæлдæфы науæн Хаба- ров — йæ зонд, йæ сæрымагъз, йæ зæрдæ, Цæрай — йæ цæстытæ, йæ уырзтæ, Гена —йæ зæлахсæн, йæ хъустæ. Дисныбæрц нæ уыны цæст развæндаг. Афтæ зыны, цыма иу ран лæууы хæдтæхæг, цыма йын размæ ницы æнтысы. Æрмæст хат- тæй-хатт бынæй кæмдæр, дард зæххыл куы иу ран, куы иннæ ран гæзæмæ фæзыны рухс æмæ та уайтагъд ахуыссы. Уæд æрбайсæфы, мид- бынаты цыма лæууынц, уыцы мæнг æн- къарæн. Æвиппайды бынæй сабузтой рухсы ивы- лæнтæ. Спичкæйы сæры муртæ тæвд къæйыл куы ’ркалай æмæ уыдон талынджы куыд ссудз-ссудз кæной, афтæ ферттив-ферттив код- той дардæй кæсгæйæ сармадзанты, минæты нæмгуыты срæмыгъдтытæ. Иуварсырдыгæй пихлæйттæгæнгæ цалдæр раны сыгъди цыдæр агъуыстытæ, артаджы æвæрæнтæ, хидтæ... Фронт æнцой нæ зоны. Хæсты æвирхъау фæхт хойы æмæ хойы. Цъист кæны, ссы, цы- дæриддæр дзы бахауы, уыдон. Мæнæ йæ ара- уæнтæ, йе ’стъæлфæнтæ схæццæ сты Аслæн- 75
бегитæм дæр. Сæ алыварс цæхæр скалдтой хæрдмæхсæн сармадзанты нæмгуытæ, рай- хъуыст сæ æмыр гуыппытæ... Адзалтауæн фæсте аззад. Ам уал аирвæз- тысты æнæ фыдбылызæй. Аслæнбег картæйæ йæ цæстытæ уæлæмæ систа. Кабинæйы æвгтыл ставд цæссыгтау æрхауд уарыны æртæхтæ æмæ фæйнæрдæм алæсæн кодтой цъæлгонд фæдуадзгæ. Иу уысм ма, æмæ æвгтæ æддæр- дыгæй иууылдæр доны лыстæг пырхæн æмæ лæсæнтæ фестадысты. Цагъд къуымбилы ба- цæуæгау дондзаст мигъы бафардæг хæдтæ- хæг. Бынтондæр ныттар бæстæ. Хæснагыл дæр рухсы цъыртт никуыцæй уал цæуы. Æрмæст ма кабинæйы развæйнæгыл цъæхарт уадзынц прибортæ. Се ’рттиваг æвзæгтæ мидбыцаты ризынц. — Куыд кæнæм, штурмæн?—фехъуыста Ас- лæнбег йæ шлемофоны къамандиры бæзджын хъæлæс.— Иувæрсты азиликкам?.. — Мæнмæ гæсгæ нын хæрдмæ цæугæ у. Хæрдмæ æмæ цæгатырдæм. Уыцырдыгæй ды- мы. Кæд суанг дæр сфардæг уаиккам мигъты. — Алыг и. Хæххои цæргæс загъта — алыг и! Размæ æмæ уæлæмæ, лейтенант. Уæ туаг- гуыр улæфæн маскæтæ бакæнут. Тыхтыл ауæрдын хъæуы. ... Куы ратахтысты, ууыл рацыдаид иу-дыу- 76
уæ сахаты бæрц. Антон уыцы æмраст бады, ихæнæй нымпылд йæхимидæг. Хатгай .йæ даргъ æфсæн хъæлхъæлагджын кæнгæ цæс- гом къамандирырдæм разилы. Цæстытигътæй йæ ахъахъхъæны. Æмбары Хабаров, лæг кæй бафæллад. Фæлæ йæхи ницыуынæг, ницымба- рæг скодта. Быхс, мæ хур. Фæлтæр. Хæсты тыфылы лæг, æнæбары бæхау, дыгæйттæ ласы... Къæвда митмæ рахызт. Æвгтыл сæхи хо- йынц мингай урс гæлæбутæ. Сæ рыг кæлын райдыдта мидæмæ. Тайы мит, хуылыдз кæны дарæс, планшеттæ. Сыйынц къухтæ, къæхтæ. Урс халас сæвæрдтой прибортæ. Штурвал йæхимæ райста Хабаров. — Аулæф, лейтенант. Дæ бон у афынæй кæнын дæр... Штурман Хасийы-фырт, нæ фæн- даг раст дарæм? Куы фæрæдийæм, уæд за- рæджы сæйраг кæнæм æгас фронты дæр. Дзæбæх кæс, мæ хур... — Дымгæ фæтыхджындæр, æмбал дæл- булкъон. Иу градусы æрдæг рахизырдæмдæр хæц. Разæй — Кенигсберг. — Уый ницы кæны. Чысыл .фалдæр йæ галиуфæрсты азилдзыстæм. Мæнæ ацы æнæ- байрайгæйы миттымыгъæй куы фервæзиккам!.. Радистæн зæгъ, капитан, бастдзинад дарæд штабимæ. Тымыгъ фенцаддæр, Аслæнбег камбинезо- 77
ны дысæй асæрфта планшеты хуылыдз миттæ æмæ та ныггуыбыр кодта йæ уæлæ. Нæрынц, сæ уæззау гуыр-гуырæй не ’нца- йынц мотортæ, Хилы хæрдмæ, тар мигъты яыгъуылгæ, дынджыр уæлдæфон нау. Цæуы фалдæрæй-фалдæр йæ мастисæн, додойгæнæн хæстои стæры фæндагыл. Бады Аслæнбег йæ арф къæлæтджын дюраль бадæны. йæ быны бæстон тыхт, кæттаг хызыны æнгом над парашют. Иæ уæлæ противогазы хуызæн туаг- гуырулæфæн æрттиваг агъуд. Былтыл уайы уазал уддзæф, резинæйы карз тæф. Уæнгтæ— уæззау. Уæлдай фезмæлд нæ комы зæрдæ. Æмбары йын лæг йæ арæх, тыхджын гуыпп- гуыпп. Приборы амонæн бахæццæ, авд кило- метры æмæ дыууæ фондзыссæдз метры фыст кæм ис,.уыцы угардмæ. Йæ райгуырæн Ирыс- тоны иу хох дæр нæй уый бæрзæндæн... - Бады Аслæнбег, йæ цæст дары картæмæ, компæсмæ. Бары сæ алы фæзылд, сæ алы къахдзæф дæр. Сыйынц къухтæ, сыйынц къæх- тæ. Уæлдæфы цырын мидæмæ хæссы кабинæ- йы æвгты зыхъхъыртыл митфæлдзæгъдæны хъæпæнтæ. Æлвасы буар, уæнгты иннæрдæм хизы уазал. Фæлæ йæ мур дæр ницæмæ дары Аслæнбег. Бады. Кæны йæ хъуыддæгтæ. Хъу- сы моторты иугæндзон гуыр-гуырмæ. Адджын. зарæгау кæсы уыцы æнæрынцой уынæр Аслæн- бегмæ. йæхи райгуырæн хæхты, Уæлладжыр- 78
гомы знæт доны гыбар-гыбур æмæ сыр- сырау. Стыр цин ын уадзы йæ зæрдæйы. Зоны, сæ бырсты, сæ хъазуат æрвон стæры тохы хъæрæй къæм кæй бады фыдгулы уæны. Æм- ризæджы кæй ризы йæ сау ахстоны. Хæрдмæ тарст фæкæс-фæкæс кæй кæны мингай цъæх- цæетытæй... Ныхъхъус ис зæхх дард кæмдæр дæлиау. Нынныгъуылд йæ сау пæлæзы бын. Æнхъæлмæ кæсы зæрдæтахтæй цæмæдæр... Риз, химидæг стъæлф, зыр-зыр кæн фыр- тæссæй, æрра балбирæгъау, хъæбæрдзых, гæ- бæрдымæг, схъæлбæрзæй знаг! Ма бамбæхсай, ма аирвæзай, кæй ракъахтай, кæй смæсты кодтай, уыцы раст адæмы масты цæхæрæй!.. Кенигсберг раджы аззад фæстейы. Тæхынц дарддæр. Тæхынц фæндзæм сахат. Æнæнхъæлæджы мигътæ фесты. Арв ра- сыгъдæг. Стæм рæтты ма хæдтæхæгыл атых- сынц æврæгъты къуымбилтæ. Сæ сæрмæ уа- зал æрттывд скодтой стъалыты цæхæр дзуг- тæ. Дард æрвгæрон йæ бур-бурид неси цæс- гом/ сдардта мæй, йæ дыдзырухс байзæрста зæххыл, арвы кæрæттыл. Зына-нæзына фæирддæр. Аслæнбег ныккасти бынмæ. Разæй, каби- нæйы авджы кæронмæ æввахс мынæг æрттывд фæкодта æвзистхуыз урс тæлм. Даргъ æмæ нæхимæ хæххон къахвæндагау, къæдз-мæ- дзытæ. 79
— Одер, æмбал дæлбулкъон,— бадзырдта Аслæнбег къамандирмæ.— Тагъд æрбазын- дзæн Берлин. — Цырд лæуут. Адæмæн зæгъ æмæ сæ хæдæхсгæтæ æррæвдз кæной. Ам мах хуызæт- тæ хизынц æхсæвдзу истребительтæ. йæ ныхас нæма фæци Хабаров, афтæ сæ хæдтæхæджы иувæрсты атахт судзгæ фат. йæ сырх, бур, цъæхбын цæхæртæ тайгæ ацы- дысты æмæ æрбайсæфтысты кæмдæр арвы тар хъæбысы. Уайтæккæдæр ныццарыдтой цал- дæр хæдæхсæны. Сæ зынгхъæлæстæй пиллон калгæ фемæхсти мæлæт. Уæлдай ницы ахæс- дзынæ, знаг! Дæ иу æхстæн — æртæ æхсты. Кæд ды дæ локаторæй хъал дæ, уынгæ-уынын дæнг ласыс, уæддæр нæ фæтæрсын кæндзынæ а лæппуты! Ратт фæндаг, айс дæхи дзæбæхæй! Иукъорд уагъды ма æрбакодта истреби- тель йæхи бомбæппарæгыл. Сæ алыфарс ды- дь!нбындзытау дыв-дыв кодтой нæмгуытæ. Фæлæ фашист, æвæццæгæн, иууыл сæрæнтæй нæ уыд. Куыд æвиппайды февзæрд, афтæ æвиппайды æрбайсæфт. Сбадт Аслæнбег бæстондæр йæ бынаты. йæ цæст ахаста картæйыл, зæххыл. Далæ дыууæ рухс таджы. Æфсæнвæндаг. Иу ран фæсаджил, чысыл цады иувæрсты æрзылд. Бæрæг ран у уый. Фæндаг зонæн. Уырдыгæй ма Берлинмæ ис сахат, мысанмæ та — дыууæ 80
сахаты æмæ æрдæджы тахт. Риуы къултæ æрбалвæста зæрдæ. Цы сын цæттæ кæны фыдгулы сæйрагдæр ахстон? Баирвæздзысты æви нæ йæ сæрты, кæдæм хъавынц, уырдæм? Иучысыл ма æмæ Берлин. Мæйы мæнг рухсмæ дард кæмдæр бынæй зына-нæзына бæрæг дары æнахъинон стыр сау æндæрг. Ныхъхъус ис, йæ улæфт баурæдта фыдызна- джы хæлуарæгдон. Æгуыппæгæй лæууы, цæ- мæдæр æнхъæлмæ кæсы егъау горæт. Нæдæр иу зæрдæхсайгæ змæлд, нæдæр иу комдзог рухсыцъыртт. Хабаров дæр, Аслæнбег дæр, иннæтæ дæр зыдтой, Берлинмæ бафтæнтæ тынг хъахъхъæд кæй цыдысты уæлдæфон знагæй. Горæты алы- варс уыди хæрдмæхсæн алыхуызон сарма- дзанты æртæ тæлмы. Алы ран дæр дзы мин хотыхмæ æввахс, стæй уыдоны прожектортæ. Уымæй уæлдай ма горæты алфамбылай уыди цалдæр аэродромы æхсæвдзу истребительти- мæ. Сæ сæрмæ сын æхсæвыгон бастæй дард- той аэростаттæ. Уæдæ цæмæ æнхъæлмæ кæ- сынц немыц? Кæд æхсæвдзу истребительтæн дæттынц бар? йе сæхи не ’схъæр кæныныл архайынц, кæд, миййаг, фæдзæгъæл уаид со- ветон бомбæппарæг, зæгъгæ?.. — Ракъах сæ иучысыл, штурмæн! — фе- хъуыста Аслæнбег к^амандиры барджын хъæ- лæс— Кæд базмæлид хæлуарæгдон... Цыппар 6 Лæгæй лæгмæ 81
бомбæйы... Фылдæр нæ! Иннæтæ та фаллæг- тæн... Прокофьев! Фехъусын кæн штабмæ — уæлдæр-иу сисæнт иннæ хæдтæхджытæ сæхи. Дыууæ-æртæ километры уæлдæр! — Хъусын дæм, æмбал дæлбулкъон. Дыу- уæ-æртæ километры уæлдæр! Хæдтæхæг фестъæлфыд: бомбæтæ аив- гъуыдтрй дæлæмæ. Цалдæр уысмы — æмæ бынæй ферттывта фæд-фæдыл цыппар срæ- мыгъды. Фехъал н æвигшайды зæхх. Даргъ урс мрамор цæджындзтæ уырдыг алæууыдысты арвмæ быцæуæй. Мæнæ фæцудыдтой. Сгаргæ, агургæ ацыдысты фæйнæрдæм. Иу дзы æрба- хæстæг кæны хæдтæхæгмæ. Æввахсдæр, æв- вахсдæр... Йæхи асæрфта бомбæппарæгыл. Ацахорæгау æй кодта æвзистæй. Уадидæгæн аргъауы фæринк æхсаргæрдтау æхсæвы тар ныцъцъыкк ластой цалдæр рухс уадздзаджы æмæ фыццагæн æххуысыл фесты. Цыма хурæй иу къæртт æрхауд кабинæмæ. Цæстытæ атартæ сты фыррухсæй. Хæдтæхæг æвиппайды фæцудыдта, кæдæмдæр фæхауы дæлæмæ, дæлдзæхмæ хауæгау. Фæталынг ис кабинæйы. Фæлæ та уайтагъд цæстытæ ныц- цавта тыхджын рухсы ивылæн. Иу каст ма фæкодта Аслæнбег’ къаманди- рырдæм. Хабаров йе ’фсæртæ ныЛхъывта, аф- тæмæй арфдæр ауагъта йæхи къуырф бадæ- 82
ны, рухс æй цæмæй ма куырм кæна,"уый тых- хæй. Фидар æрбалвæста штурвал йæ нуар- джын къухтæй. Кабинæйы ссыгъта рухс. Æнæнхъæлæджы ныинæрыди бæстæ. Афасти йæ астæуыл зæхх. Моторты уæззау уынæр нал хъуысти знаджы сармадзанты гыбар-гыбур æмæ богъ-богъæй. Топпыхосы тæф фындзы- хуынчъытæ къахы. Лыстæг схъистæ ихуарæ- гау кæнынц уæлдæфон науы фæрстыл. ... Аирвæзтысты тыххæй-амæлттæй ацы хъаймæтæй. Сулæфыдысты иууылдæр æнцо- нæй. Хъахъдзыхæй ныууагътой знаджы. Дарынц сæ фæндаг дарддæр. Сæхи мысаи ныццæвынмæ. Сæйраг мысан. Ног хæцæнгарз- уадзæн завод. Бирæ йæм нал и. Сахаты цыд... Уыцы рæстæг мотортæй иу куыддæр фер- хæцыд. Хæдтæхæг гæзæмæ ныззыр-зыр кодта, рахизырдæм фæкъул. Балалайкин штурвал- мæ фæлæбурдта. Хабаров æм йæ галиу уæхс- чы сæрты дисгæнгæ ракаст. Антон фæкуыддæр, йæ цæстытæ бæзджын æрфгуыты бын ам- бæхста. — Дæ зонд фæлыгъдис æви?.. — Фæтарстæн... Кæд, зæгъын, цæф фæци... Къамандир æй йæ сæрæй йæ къæхтæм абарста иу кастæн. — Чи? Æз æви штурвал?.. Мæнмæ гæсгæ, дæ нервытæ нæ бæззынц, æфсымæр.— Загъта 83
æмæ размæ азылд, цыма дзы бынтондæр ай- рох йæ хæдивæг. Прибортæ амыдтой раст, æрмæст рахнз кæройнаг моторы зилдухнымайæны амонæн сæрзилæджджынау сси. Куы æваст уæлæмæ тахти, куы дæлæмæ. Мотор ма иучысыл акуыста æнæбары, стæй бынтондæр ныллæууыд. Маргъæн йæ ба- зыр куы фæцæф уа æмæ уый йæ сынæг раз- мæ куы хæсса, бомбæппарæг дæр афтæ тæс- сармæ цæуын райдыдта. Къамандирæн йæ цæсгомы нуæрттæ ныттынг сты. Уæззау ма- шинæ цæмæй раст тахтаид, уый тыххæй Ха- баров триммер* аздыхта æмæ йæ уæд йемæ хъæбысæй хæцын нал хъуыди. — Хистæр сержант Прокофьев!—бардзырд радта къамандир.— Тагъд радиограммæ кор- пусы штабмæ! Фехъусын кæн: «Цæргæсæн фæцæф йæ базыр. Нал фæхæццæ холы арæх ранмæ. Тæхы фурды фаллаг фарсмæ. Йæ ба- зыр байгас кæнынмæ. Зæгъут уæ дзырд... Цуанон». — Хъусын дæм! — Капитан Хасийы-фырт! Тæхын цæди- сонты хæстæгдæр хæстон-уæлдæфон базæмæ. Абар фæндаг, анымай йæ бæлвырддæр. * Триммер — чысыл æвдузæнгонд базыры кæрон, уæззау хæдтæхæг æнцондæр здахæн цæмæй уа, уый тыххæй. 84
Цалдæр минуты фæстæ Прокофьев фехъу- сын кодта штабы сæрæмбæрзт радиограммæ: «Цæргæс раст кæны. Сомæхсæв æй уæддæр уыцы холы арæх ранмæ хъæуы. Цыфæндыйæ дæр. йæ афоныл. Уæндон у, ныхджын æмæ зыд». Цалдæр хатты бакаст Хабаров радиограм- мæ. йæ сæр батылдта. «Æнæмæнг. Цыфæнды- йæ дæр...» Радта йæ штурмæнмæ. Аслæнбег та картæйыл ацагуырдта «холы арæх ран». Хæрз гыццыл горæт. Нысангонд уыди сау лыстæг зиллаккæй. Аслæнбег хъуыды кодта йæхинымæры: «Ницанæбæрæг горæт. Чысыл фалдæр — горæт Э. Уымæй цы зæгъыс, уый зæгъ. Знаджы стырдæр ахстæттæй иу. Дæлæ хæлуарæджы къæхтау, алырдæм куыд ас- къæрдта йæ къабæзтæ — æфсæйнаг æмæ со- са фæндæгтæ. Мæнгæрдтæ. Уым нæ бауæнды- дысты сæ ног заводтæ скæнын. Фæливæн, сæрæмбæрзæн амæлттæ. Фæлæ уæ уый нæ фервæзын кæндзæн. Æй, джиди, бæргæ дын хорз фæуыдаиккам ахсæв, фæлæ гъа!.. Дæ амонд уал бахæр... Сомыхсæвмæ — де ’мгъуыд...» Сæры февзæрд сонт хъуыды: «Уæд та йæм бабырсиккам? Бомбæтæ йыл æрызгъал, стæй уæд дæ фæндаг дар æмцæдисонты аэродром- мæ. Нæ, уый нæ бæззы. Æнæхъуаджы, æнæ- рхъуыды ми. Тагъд дон фурды не ’ййафы. 35
«Цæргæсы» базыр байгас кæндзысты æмæ уæд — сæ хъару æмæ сæхæдæг». Бомбæтæ æркалдтой æндæр хæстон куыст- уатыл æмæ сæ ных сарæзтой цæгат-хурныгуы- лæнырдæм. Цалдæр сахаты фæстæ советон уæлдæфон нау йæхи æруагъта æмцæдисонты аэродромтæй иуы. Уый уыди америкаг «В-29» хæдтæхджыты бадæн. 3 Хабаров, Балалайкин æмæ Хасийы-фырт хæстон базæйы хицауы баййæфтой стъолы уæлхъус фæсхæрд йæ фæллад уадзгæйæ. Уый уыди ныллæггомау, гуыбынджын лæг. йæ уæззау роцъо бохъыримæ баиу. Инæлар йæ къæхтæ стъолыл сæвæрдта æмæ рафæлдах- бафæлдах кодта цыдæр нывæфтыд журнал. йæ сæрмæ фæздæг мигъау сбадт, йæ разы фынгыл цыппæрдигъон авджы цыдæр сырх- бын нозт. Иуварсырдыгæй бадти зæрондгомау тæнтъихæг нæлгоймаг. Йæ дæргъæццон æн- цъылдтæ цæсгом — несийы цъарау бур-бурид. Аслæнбегмæ афтæ фæкаст, цыма сафронæй рынчын у. — А-а, мæ уырыссаг хæлæрттæ! — йæ къæхтæ стъолæй райста, фæлæ уæлæмæ нæ сыстад, афтæмæй хъæрæй загьта базæйы хи- цау.— Инæлар Чарльз Лоуренс,— æмæ сын бандæттæм бацамыдта. $6
Советон афицертæ йын, æфсæддонтæн куыд æмбæлы, афтæ раарфæ кодтой æмæ иууыл- дæр æрбадтысты. — Цы кодтой мæ уырыссаг хæлæрттæ — нæ зынаргъ æмцæдисонтæ? Æз æнхъæл дæн, æмæ сыл æнамонд хабарæй ницы æрцыд,— журналыл йæ армытъæпæн æрæвæрдта, афтæ- мæй цыдæр козбау хъæлæсы хаттæй сдзырд- та инæлар. Хабаров æм æдзынæг бакаст. Америкаг æфсæддон хицауы хæстæгмæ фыццаг хатт федта. Чингуытæ, журналтæм гæсгæ цы зыдта ацы адæмы тыххæй, стæй йын йе ’фсæддон зонгæтæ цы дзырдтой, уый йедтæмæ цавæр сты, уымæн бæлвырд ницыма рахатыдта.Æмæ мæнæ ныр йæхæдæг уыдонæй иуы цур бады. — Дзæбæх, сæрæгасæй æрбаирвæзтыс- тæм... не ’мцæдисонтæм. Æцæг нæ хæдтæхæг цыдæр кодта... — Хорз, тынг хорз,— загъта инæлар, æмæ бæрæг нæ уыдис, цы хуыдта хорз, советон тæхджытæ сæрæгасæй кæй æрбаирвæзтысты, уый, æви сæ бомбæппарæг кæй фæхъæн. — Уырыссæгтæ сæхи тынг хъæбатырæй æвди- сьгнц... Мах лæгдзинадæн аргъ кæнын зонæм æмæ кæддæриддæр цæттæ стæм баххуыс кæ- нынмæ, цы амал уа, уымæй.— Ныр инæлар дзырдта æрмæст дæлбулкъонмæ.— Ууыл гуы- 87
рысхо нæ кæиы, куыд æнхъæлын, афтæмæй, господин... гъы... — Хабаров,—аххуыс ын кодта Антон, йæ цæстытæ фæтъæбæртгæнгæ. — ... Господин Хабаров? Хъаст нæ нæ ра- кæндзысты наб уазджытæ... Уыцы ныхæстæ инæлар загъта йæхицæй стыр бузныгхуызæй. Стæй равнæлдта цъæх сгæлладæй æмбæрзт егъау стъолы кæронмæ æмæ кънопкæ фелхъывта. Иуцалдæр минуты фæстæ æрбайгом дуар æмæ даргъ салдат ми- дæмæ æрбатылдта хицæн фынг, йæ уæлæ — алы минас. Базæйы хицау Хабаровмæ цы цæс- тæй бакаст, уымæн бамбарæн уыди афтæ: «Гъы, куыд у?..» — Цы фæнуазы господин дæлбулкъон? Виски, ром, сæн, ликер? Мæнмæ дзы виски йедтæмæ ницы хъары,— инæлар бахудт, йæ бохъхъыр базмæлыд.— Уырыссаг арахъхъ ма хорз хонынц... — Бузныг, хъæбæр нозт нæ фæнуазын. — Дзæгъæлы, бынтон дзæгъæлы. Зæхх дæ йæхимæ нæ айсдзæн. Адæймаг иу хатт йедтæ- мæ нæ цæры... Де ’мбæлттæ та? — Нæ, нæ, бузныг. — О, о! Уый дæр лæгдзинад и. Тæхджы- тæ уæвгæйæ, æппындæр ма нуаз, уый алкæйы къухы не ’фты. Фæлæ нæ хæлар уырысмæ... Гъы... чидæртæ афтæ дæр нуазынц,— лæг аца- 88
мыдта, авг куыд ныззилынц æмæ йæ куыд фæдæлæмæ кæнынц, уый. Лоуренс йе ’рфгуытæ уæлиау систа æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныххудти. Сыстади, Хаба- ровы цурмæ бацыди æмæ, хистæр кæстæрæи куыд акæны, афтæ йын йæ уæхск æрхоста. — Хъæбатыр, хъæбатыр! Дыууæ фронты хъæбатыр!.. Хабаров æм куыддæр æнахуыр каст скод- та, фæлæ ницы сдзырдта. Æрæджиау фе- мбæрста Аслæнбег инæлары фæстаг ныхæстæ. Ныртæккæ схæцдзæни дыккаг фронты кой кæныныл, цæстмæхъус æппæлд кæндзæн Сырх Æфсады æхсарæй, стæй уый фæстæ та хъаст кæнын райдайдзæни, цæдисонтæ ам куыд би- рæ фыдæбон уынынц, дыккаг фронт куыд зын райтынггæнæн у, уыдæттæй æмæ йын уæд хъус йæ дзæнгæдамæ. — Нæ уырыссаг хæлæрттæ, æвæццæгæн, махæй бынтон разы не ’сты. Дыккаг фронты тыххæй зæгъын. Фæлæ йæ, æвæццæгæн, дæл- булкъон æмбары... Дунейыл ахæм бабырст никуыма æрцыди. Уæхи æмбисонд куы зæ- гъы: авд хатты абар, иу хатт та лыг акæн. Æмæ рагон хабæрттæ мысыныл ахæцыд инæлар. Аслæнбег уыдта, дæлбулкъон йæхимидæг тыхсын кæй райдыдта. Фæллад лæджы фæн- дыди хъуыддаджы ныхас -райдайын. Фæлæ «9
сæ инæлар, куыд зынди, афтæмæй уадзынвæнд нæ кодта. — Господин инæлар мæм нæ фæхæрам уыдзæн,— фидарæй загъта Хабаров,— хæс- тæгдæр хъуыддæгтыл аныхас кæнын мæ кæй фæнды, уын йын куы зæгъон, уæд... Мæ эки- паж мæм æнхъæлмæ кæсынц... — О, мæ уырыссаг коллегæ мын бахатыр кæнæд, ныхæстыл æй адардтон... Базæйы хицау тилифоны трубкæ систа æмæ дзы цыдæртæ загъта. — Ахсæв ма цы, фæлæ нæм райсом куы фæкæсиккат. Нæ мотор... — Уæ мысан цы уыдис? — йæ ныхас ын æвиппайды фæурæдта æмæ йæ сонт фарст акодта инæлар. Хабаров куыддæр фæци. йæхимидæг фæ- къуызыд Аслæнбег дæр. Цы дзуапп ратдзæн къамандир америкаг уæлдæфон базæйы хи- цауы цæхгæр фарстæн? Æмцæдисонтæй лæ- гæн?.. Уыдонæй дзы цыма уыйас сусæггагæй ницы ис, фæлæ уæддæр... Сæрмагонд хæс- лæвæрд у æмæ... — Горæт Н.,— кæд дæлбулкъонæй рох аци, зæгъгæ, фæцырд дзуапмæ Балалайкин. — Горæт Н? Лоуренсæн исдуг йæ цæсгом куыддæр аив- та. Æви Аслæнбегмæ афтæ фæкаст... Инæлар йæ былтæ асчъил кодта. 90
— Горæт Н... Ха-ха! Уагæры дзы ахæм диссагæй цы ссардтат æмæ йæм арвы кæрон- мæ тæхат?.. Дæлæмæдæр, уæлæмæдæр, армы- тъæпæныйас горæт... Хе-хе! Цæй горæт,— го- рæтгонд! Сырддонцъиу йæ тоныны аргъ нæу... — Инæлар йе ’рфгуытæ уæлиау сис- та.— Берлин, Гамбург, Эссен, Нюрнберг... Уыдонæй цы зæгъыс, уый зæгъ! Уæлдайдæр та Берлин, рынтауджыты ахстон. Ууыл уæл- дай бомбæ чи æрæппара, уый—мæ удылхæ- цæг. Уымæн цардæгасæй цырт ныссадзын æм- бæлы. Фæлæ горæт Н! Ха-ха-ха! Карчы цъиу- мæ æхсаргард не ’сластой нæ уырыссаг хæ- лæрттæ? — Базæйы хицау йæ цæстытæ æрдæг- цъынд бакодта æмæ афтæмæй æнхъæлмæ каст, йæ уазæг цы зæгъдзæн, уымæ. Фæлæ Хабаров куы ницы дзырдта, уæд исдугмæ фæ: джих. Стæй фестад йæ бынатæй. Мæсты го- гызау йæ бохъыр тилгæ арауай-бауай кодта стъолы алыварс æмæ та фæстæмæ æрбадт.— О-о, æмбарын, æмбарын: дæуæн дæ хæс уыди мысаныл арт бандзарын æмæ йæиннæ- тæн бацамонын... Ома, дæ фæстæ ма чи цæуа, уыдонæн!..— Лоуренс хин худт бакодта, йæ къухæй уæлдæфы цыдæртæ ацамыдта.— Хорз у, хорз у, уырыссæгтæ дзæбæх арæхсын рай- дыдтой тактикон уæлдæфон хæстмæ дæр... Æцæг ацы хатт... Рæхуысты бæсты æлхыскъ... Дæлбулкъон та ницы сдзырдта, æрмæст 91
ын хиуылхæцгæ йæ сæрæй акуывта æмæ сыс- тади. Базæйы хицау дæр сыстад. — Æз мæхи стыр амондджын хонын, мæ бон дын кæй у баххуыс кæнын, уымæй. Райсом иуæндæс сахатмæ уæ хæдтæхæг уы- дзæн рæвдз. Мотор кусдзæн... раст уæхи Пал- Бурейы сахæттæ куыд кусынц, афтæ. Исты ма зæгъдзынæ, мæ зынаргъ? — хъæлдзæгхуы- зæй бакодта инæлар. — Бузныг господин инæлар. Мах дæр хæр- зиуæгæн аргъ кæнын зонæм. — О, цытæ дзурыс, господин дæлбулкъон! Уый нæ хæс у. Æмцæдисонты хæс... Ау, иу хъуыддаг нæ кæнæм!.. 4 Зæрдæ сын куыд бавæрдтой америкæгтæ, афтæ хæдтæхæг æцæгдзинадæй раст иуæн- дæс сахатыл уыди цæттæ. «Америкаг сæрæндзинад»,— йæ мидбылты бахудт Аслæнбег.— Сыгъдæг зæрдæйæ уа, цымæ, уый, æви... Æниу цы уæлдай у. Стыр æххуыс нын бакодтой æмæ стыр бузныг. Нæ- хи нын æвналын дæр нæ бауагътой. Дæлбул- къон та мæты бацыди. Куыд, дам, сыл æу- уæндæм, иунæгæй сæ ныууагътам æмæ исты куы фехалой, миййаг. Ау, æмæ сæ зæрдæ 92
куыд бакомдзæн афтæ бакæнын — æмцæ- дисонтæ нын не ’сты?» — хъуыдытæ кодта Аслæнбег, хæдтæхæджы базыры бын лæугæйæ. Чысыл фалдæр бадт асыкгондыл æмæ картæ- имæ архайдта Хабаров. Борттехник, пулеметтæйæхсджытæ æмæ бортрадист зылдысты бомбæппарæгмæ, рæв- дзытæ йæ кодтой. Хабаров ма æнхъæлмæ кас- ти, уæдæ штабæй исты хабар кæд уаид, зæгъ- гæ. Æхсæвы, стæй та сын райсомæй раджы рацийæ фехъусын кодта, кæм æрбадти, ца- вæр аэродромы йæ цалцæг кæнынц, уый. Про- кофьев хъусæн æмæ дзурæн аппараты цурæй æддæмæ нæ цыди. Къамандир-иу рæстæгæй- рæстæгмæ уыцырдæм скаст цыдæрæнхъæл, фæлæ Генайæн йæ дзуапп уыди уыцыиухуы- зон: ногæй ницы ис. Æмбисбонмæ æввахс сси. Дæлбулкъон са- хатмæ æркаст, йæ сæр батылдта æмæ сыстад. Уыцы рæстæг райхъуыст Прокофьевы цинæй- дзаг хъæлæс: — Радиограммæ! Штабæй та сын фехъусын кодтой, уæ хæс æххæст кæнут, ногæй исты куы уа, уæд уæм хабар кæндзыстæм, зæгъгæ. Хæдтæхæг рæвдзгонд фæци. Ныр экипа- жы уæнгтæ уæгъд уыдысты суанг изæрмæ. Рацæуынвæнд куыд кодтой, иучысыл баулæ- фæм, зæгъгæ, афтæ стыр агъуысты фæсчъыл- 93
дымæй сæ тæккæ цурмæ, хурмæ æрттывтытæ калгæ, æрбатылди мыдхуыз ахуырст дыууæ рог автомобилы. Раззаг машинæйæ рахызт инæлар. — Господин дæлбулкъон махыл не ’рвæс- сы, æнхъæлдæн, уыййедтæмæ абонсарæй йæ цæргæсыл куыд сси! — хъæлдзæг худт кæнгæ- йæ, загъта Лоуренс.— Ау, йæ рæстæгæй фы- сымтæн фæхай кæнын йæ цæст нæ уарзы? — Уæ хатырæй, господин инæлар. Мах- мæ ахæм æгъдау ис: фыццагдæр уал хæдтæ- хæг, стæй та иннæ хъуыддæгтæ,— загъта Ха- баров. — О, зоиын, зонын... Зарæджы дæр ма йæ куы зæгъут,— æмæ инæлар æрдæгцъæррæ- мыхстытæй азарыд уырыссагау, йæ къухтæ, йæ уæнгтæ цыдæр æнахъинон тылдтытæ скод- та. Бакæсгæйæ — бæндæнылкафæг. Иæ ныхæс- тæн ын раиртасæн цас уыди, фæлæ йæ ми- тæм гæсгæ бæззыди опереттæйы артистæн. Хабаров йæ мидбылты бахудт. Инæлар дæр ныххудтй æмæ йæ къух ауыгъта. — Нæй, сценæ мын хуыцауæй лæвæрд не ’рцыд. Фæлæ мæм иу фæнд ис. Кæд дыууæ нæ зæгъут, уæд нæхимæ цомут æмæ уæ мæ чызгимæ базонгæ кæнон. Уый уын мæ хуызæн нæ азардзæн! Йæ хъæлæс — æвзист дзæнгæ- рæг. Чызг нæ, фæлæ булæмæргъ! Æмæ æниу уындæй та!.. Хуыцауæй , разы — мæнæй нæ ■94
фæци!..— Базæйы хицау *та ныххудти.— Цæй, ,цы зæгъут? Æфсæрмытæ? Гъе-е, æз ахæм æф- сæрмытæ зыдхон?.. Абон дæр ма мæ хъуыды кæнынц Лос-Анжелосы рæсугъдтæ,— гæркъæ- раг фестад Лоуренс. Аслæнбег æм комкоммæ бакаст æмæ тæлмацгæнæгмæ дæр нал фæгæ- дзæ кодта, фæлæ йын англисагау загъта: — Господин инæлар, æвæццæгæн, Советон Цæдис æппындæр нæ зоны. Махмæ хи цотæй не ’ппæлынц... Хабаров йæ сæр батылдта, Аслæнбегмæ цæстæй ацамыдта, дæхиуыл фæхæц, зæгъгæ. Инæлар ахæм дзуапп æнхъæл нæ уыди, уы- мæй дæр англисаг æвзагыл. Иæ нард, ног даст цæсгом ахъулæттæ, исдуг фæуыргъуы- йау, стæй та бахудти æмæ хатыркурæгау загъта: — Цæй, зæрондæй цы бадомдæуа! Хатыр кæнын ын хъæуы... Уый ныууадзæм, фæлæ сымах стут мæ уазджытæ æмæ уыл мæ бар цæуы. А изæр æмæ уæ ахсæв уацар кæ- нын... Хæрд æмæ нозтæй фынгтæ седзаг. Æвзар- гæ уазджытæ... Арæзт лæгтæ... Духийы тæф- гæнаг гомхъуыр сылгоймæгтæ... Кæфтытæ джазы музыкæмæ... Куыдфæстæмæ иууылдæр бахъæлдзæг сты æмæ алырдыгæй фæйнæ ны- хасы кодтой, худын стыхджын. Аслæнбегмæ нуазын цыди, бæргæ, фæлæ 95
йæ уавæр æмбæрста* æмæ йæхиуыл хæцыд. Антоп-иу йæ тъæбæртгæнаг цæстытæй æр- каст дзаг хрусталь нуазæнмæ, нынныхъуырд- та-иу йæ комыдæттæ æмæ та-иу йе ’нкъард цæстытæ къамандирырдæм азылдта. Инæлар рады гаджидау куыд рауагъта,— дыккаг фронт тагъддæр цæмæй сырæза, уый тыххæй,— афтæ дуар æрбайгом æмæ йæм англисаг афицер радта пакет. Базæйы хицау æрæвæрдта йæ нуазæн, дисгæнгæйæ райхæлд- та радиограммæ. Фæкъæпп кодта йæ зæрдæ Аслæнбегæн: кæд махмæ исты хабар ис. Инæ- лар æрбакаст Хабаровырдæм, стæй сыстад, уазджытæй хатыр ракуырдта æмæ йæм асидти иннæ уатмæ. Цæугæ-цæуын Аслæнбеджы уæхск æрхоста æмæ йын йæ сæрæй ацамыдта, мæ фæдыл цу, зæгъгæ. — Господин дæлбулкъон, уæ штабы зо- нынц, ам стут, уый? Бахатыр мын кæн мæ фарст...— дуар æнгом куы ассыдта, уæд ба- фарста инæлар Хабаровы. — Зонынц, кæй зæгъын æй хъæуы. Æмæ цы хабар у? •*— Æз ма дис кæнын... Мæнæ дæ номыл у... Хабаров цымыдисхуызæй радиограммæ райста æмæ йæ тагъд-тагъд акаст. — Уый та куыд?! — Гъы, цы дзы ис, кæд хæстон æгъдауæй сусæггаг нæу, уæд? 96
тиницæтыл зилын. Æдылы къоппа, æмæ уæд дæ сæр кæм уыди, тилифонæй æрбадзурын нæ фæрæзтай мæ куыстмæ? Ахсæв-бонмæ станцæйы куы фæбадтаис, уæд æз дæр дæумæ нæбæллыдтæн,— хъазт мæ кодта Добызæ йе ’фсинæн. — Искуы дзы ахæм ис? Ау, махыл гъе- уыйбæрц не ’ууæндыдтæ? Мæнæ нæм æнæ- хъæн галуан куы ис. — Æццæй нæ! Æз мæ цæст ахастон «галуан’ыл». Чысыл, хæрзæфснайд уат. Рæбынырдыгæй тарбын æрттиваг хъæдын сынтæг, йæ сæрмæ къулыл, чи алæууыд, ахæм нывæфтыд сырх гауыз-. Астæуæй йыл Добызæ æмæ Сонайы стыр къам иумæ истæй. Добызæйыл тæхæджы да- рæс. Дыууæ рудзынджы астæу — буфет, сын- тæджы фарсмæ къуымы — айдæнджын нарæг шифонер, астæуæй цыппæрдигъон стъол. Ал- цы дæр йæ бынаты, дзаумæттæ, пъол цæхæр- тæ калынц. Уымæй дæр фысымтæ сæхи афтæ дарынц, æмæ лæгæй ферох вæййы, уазæгуа- ты кæй ис. — Зонгæтæй макæмæн схъæр кæн, æхсæв- бонмæ станцæйы баззайынмæ хъавыдтæ, уый. Фæндыртæй цæгъдинаг фæуыдзынæ,—йæ мид- былты бахудт Добызæ. — Æнæ гæды ныхас, ахæм хъуыды мæм уыди. 8 Лæгæй лæгмæ 113
— Фырнымд у, фырнымд рагæй дæр,— мæ тæбæгъы мын цæрвджын уæлибæхы лæпп- лæпгæнаг кæрстытæ, карчы фыды дзæбæхдæр хæйттæ æвæрдта, афтæмæй дзырдта Сона.— Стæй йæ, æвæццæгæн, нæ фæнды, искуы йæм мах дæр бацæуæм, уый... — О, бæгуыдæр. Ирон хæсмæ тындзæн нæй, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ акæнынц,— ных- худтæн æз дæр фырбуцæй. — Стæй ахæм алæ- мæты уæлибæхтæ лæг цæмæй бафиддзæн?! -. Суанг фæсæмбисæхсæвмæ ахаста нæ бадт. Æз мæхинымæр хъуыдытæ кодтон, цы уыда- ид æцæгдæр, æхсæв-бонмæ вагзалы баззадтæн бадгæйæ, зæгъгæ, уæд. Нæ, ис хорз адæмтæ. Ис хорз лæгтæ. Ис æмгар!.. 2 Райсомæй аходæны фæстæ Добызæимæ нæхи райстам горæтмæ. Скодта диссаджы райдзаст бон. Хур йæ зæрин тынтæ рæдауæй нывæзта рæсуг, уымæл зæххы хъарм тæфæй йемыдзаг уæлдæфы. Бульвары бæлæстæ ’кæ- раедзийы фæдыл ныххал сты дондзау ног чындзытау сæ пæр-пæргæнаг глази раскъæрт- тыты. Горæты сæрмæ цъæх дардтой уыгард- дзæф, митсæр хæхтæ. Рог уадымс уæлдæфы йемæ хаста уалдзæджы æхсызгон улæфт, ног сыфтæрты, фыццаг дидинджыты тæф. Сæрибары фæзы астæу сывæллæттæ æм- 114
бырдтæ кодтой бæлæттыл. Хæстæгдæр бацы- дыстæм сæ размæ. Урсхъулон, фæныкхуыз бохъхъырджын цъиутæ, къуыр-къуыргæнгæ зылдысты сабиты алыварс. Сæ базыртæ ныт- тынг кæнгæйæ-иу сæхи тæссармæ фæцæйхас- той æмæ хоры нæмгуытæ уыгътой. Нæ горæт кæй ном хæссы, уый йæ даргъ хæстон дарæсы лæууыд æмæ, арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ, уырдыгмæ рухс цæстæй каст уыцы æнахуыр нывмæ. ч Мах цæуын хъуыди дарддæр. Сбадтыстæм трамвайы. Уæгъд бандæттæ дзы нæ разыпд. Лæууæм астæуæй. Мæ тæккæ размæ æрбацы- дысты дыууæйæ — бæрзондгомау саулагъз лæппулæг цæсткæсæнты æмæ нарæгастæу, цъæхдзаст хæрзконд чызг фæхсæнцъылдтæ къабайы. Сæ бакастмæ гæсгæ — студенттæ. Чызгæн йæ къухы фиалкæты цупал, хатгай сæм адджынарн сысмуды. Лæппуимæ кæрæдзи- йæн худгæйæ цыдæртæ дзурынц. Цæмæйдæр мæ зæрдæмæ тынг фæцыдыс- ты дыууæйæ дæр æмæ сæ мæ цæст нал истон. Афтæ мæм каст, цыма уалдзæг йæхæдæг уы- дон хуызы вагонмæ æрбахызт æмæ мæ уый рæвдауы йæ тавиц уынд æмæ кондæй, йе ’хсызгон хæрздæфæй. Лæппумæ хæстæг бадт иу пух, æрыгон сыл- гоймаг. йæ цæсгом, ног чъырæйцагъдау, пу- дрæйдзæгтæ, былтæ бæзджын ахуырст. Йæ сæ- 115
рыл зæрватыччы ахстоныйас фæныкхуыз шляпæ. Æвæццæгæн, студент æнæрхъуыдыйæ фæ- цагайдта сылгоймаджы — «зæрватыччы ахс- тон» фæбырыд, йæ хъæбысмæ æрхауд. Ус æм йе уæхсчыты сæрты уæнгæлы каст скодта. — Дæ къухтæ дæхимæ цæуылнæ дарыс, лæппу?! Ам дын исчи хынджылæггаг у? — Бахатыр кæн...— ныфсæрмы студент.— Барæй нæ уыдтæн... — Гъы, барæй... Æмæ уæдæ уæртæ дæ фарсмæ чи ис, уый шляпæ цæуылнæ ныкъ- къуырдтай æнæбары?.. Æрбалæсынц æмæ ам гæбæр бæхау сæхи адæмыл рахаф-бахаф кæ- иынц. — Уæдæ, уæдæ,— йæ фарсмæ цы къæс- хуырарæзт ацæргæ ус бадт, уый мæстыхуызæй сдзырдта,— трамваймæ æрбахиз æмæ сылгой- мæгты къуырдтытæ кæн — гъе уый дын ныры фæсивæды лæгдзинад! Лæппу ныффæлурс, йе ’мбал чызгмæ ах- хосхуызæй бакаст, стæй шляпæджын сылгой- магмæ разылд. •— Æ’з дæ хатыр курын, ды та?.. Цæмæн хъæуы, чи дæ ницы хъыгдары, уый кой кæнын? Шляпæджын фесчъил кодта йæ ахуырст бæзджын былтæ, Иннæ куыд æмраст бадти, афтæ бадт, æрмæст йæ урс цæсгом сырх хъу- лæттæ афæлдæхт. 116
Æз Добызæйæн йæ къахыл æрлæууыдтæн, цæстæй йын ацамыдтон, нæ хъусыс, зæгъгæ. Фæлæ уый ницы сдзырдта, цæмæндæр йæхи фæстæмæ райста æмæ кæйдæрты фæстæ бам- бæхст. Уыцы рæстæг трамвай æрлæууыд æмæ студенттæ уыцы æфхæрдхуызæй ахызтысты. Иннæ æрлæууæны Добызæ дæр йæ бына- тæй сыстад. — Ахизæм... Æнуд у ам. Цæуæм фæрсаг уынгтæй иуы астæуты. Ни- цы дзурæм. Уый дæр, æз дæр. Æнæнхъæлæ- джы æвдисæн. цы хабарæн фæдæн, уый мæ- нæн тынг хъыг уыди. Куыд нæ зонæм, æвæ- дза, барын кæрæдзийæн! Куыд цыбырхъуыр разынæм, фæлмæн ныхас, бахудын кæм фæ- хъæуы, уым!.. — Уыцы лæппу чи у, уый зоныс? — сдзырд- та æрæджиау Добызæ.— Уваров Стъепаны фырт. Нæ йæ хъуыды кæныс? Уæлæ куыро- йы фарсмæ къуыбырыл куы цардысты. — Хуыцауы тыххæй? Чи ма сæ базои- дзæн! Слæгтæ сты æмæ... — Стъепан, Стъепан... Мæ зынгхуыст хæ- лар... Цæй диссаджы лæг уыдтæ æмæ цы фырт ныууагътай!.. Добызæйæн йæ цæсгом уыди сагъæсхуыз, фæлурс. Æз æнцад цыдтæн йæ фарсмæ, нæ йæ хъыгдардтон мæ сонт фæрстытæй. Цыдæр «7
æнкъард мысинæгтæ ныл ныккалдысты, бæ- рæг у. Уый афтæ, фæлæ цæмæн фауы лæппу- йы? Цы аххосджын уыди уыцы «чъырæй цагъд» усы раз? Нæ тæккæ цурты æрбатахти хъулонбазыр рог гæлæбу. Тыбар-тыбургæнгæ æрзылди нæ алыварс. Уæлвæпдаг æртæхдзаст сырх дн- динæгыл абадт. Сысмыстытæ йæм кодта. Цы- дæр дзы йæ зæрдæмæ нæ бацыди. Стахт... Цæры уый дæр. Цæры... Æнæзонд, æнæсæр, æнæхъуыды цардæй. Йæ бакаст — рæсугъд. Цæхæртæ калы. Зынджы стъæлфæнау, йе ’мбæлттæй чи фæцух вæййы, ахæм зæлдаг дидинæджы сыфау. Æрмæст æй ма бацагай. Ма йæ бахъыгдар. Иуæй-иуты хуызæн. Царды гæлæбутау. Сæ азар та кæйдæрты судзы!.. Æвиппайды мæ хъустыл ауад цыдæр хъæ- лæба. Фескъуыд хъуыдыты хал. Фæкастæн размæ. Чысыл фалдæр, пог арæзт стыр хæдза- ры цур æмбырдæй лæууыдысты адæм. Сæ къухтæ тылдтой, хъæр кодтой кæдæмдæр хæрдмæ. Бацыдыстæм хæстæгдæр. Æз уæлæмæ скастæн. Бæрзонд агъуысты фæндзæм уæла- дзыджы фæлгуырыл лæууы сау бецыкджын гыццыл лæппу’чырынтæ хæдоны. Цыма æгас хæдзарæн ахъæбыс кæнынмæ хъавы, афтæ къулмæ йæхи нылхъывта. йæ галиу къухæп хæцьг рудзынджы тигъыл, рахизæй та æрцахс- 118
та дондзон хæтæл фидаргæнæн саджилæг. Кæ- дæмдæр тындзы иуварсырдæм. йæ къах фæл- гуырыл фалдæр байсынмæ хъавы, фæбыры æмæ та ныззыр-зыр кæны. Кæдæм быры? Кæд... гæдыйы лæппынмæ. Дондзон хæтæлæй фæлгуыры æхсæн чи бабырыд, уымæ. — Раздæх фæстæмæ, мæ хур, нæ йæм баххæсдзынæ. Исты амал ын чындæуыдзæн,— дзырдтой йæм чидæртæ уæлæмæ. Фæлæ лæп- пу коммæ нæ кæсы. Гæдыйы лæппынмæ бабы- рыныл йæ удæй цæуы. %— Рудзынджырдæм, рудзынджырдæм. Кæ- дæм ма фалæмæ хизыс, къулбадæг! — Гъæй-джиди, уый дæлæмæ æрис æмæ нын цъæхснаг уисæй ахъаззаг фæу...— мæ фарсмæ сдзырдта иу æрыгон ус. Фæстæрдæм æмразылд бæрзондгомау урс- боцъоджын лæг шляпæйы, йæ цæсткæсæнты сæрты йæм уырдыгмæ æркаст: — Æрисын уал æй хъæуы, мæ хæдзар... Алырдыгæй хъæрахст хъуысы, иууылдæр кæрæдзийæн амонынц, фæлæ фезмæлæг нæй. Мæнæ куыд æнæмæтæй кæсынц, зæгъгае, адæмы æхсæнты размæ алæгæрстон. Хæдзары цур мæ разы февзæрд Добызæ дæр. • •■• — Мæхи бар æй уадз,— фездæхтæн æм æз. Мæ пинджак ласынмæ куыд фæдæн, аф- тæ кæсын, æмæ дын уæлæ къулыл чидæр хæрдмæ фæбыры. 119
— Астан! — фехъуысти кæйдæр тарст хъæ- лæс æмæ æз ауыдтон æрдæбоны фæхсæн- цъылдтæ къабаджын чызджы. Йæ армытъæ- пæнтæ адæргæй йæ хъуырмæ нылхъывта. йæ цæстытæ — тарстхуыз. Уæлæмæ скастæн æмæ джихæй аззадтæн —къулыл хæрдмæ хызти, трамвайы кæй федтон, уыцы цæсткæсæнджын студент. Æз æдзæмæй кастæи, дарддæр цы уы-, дзæн, уымæ. Цæсткæсæнджын цалдæр фæлтæрæны скодта æмæ та-иу фæстæмæ æрбырыд тар- вазмæ. Къултæ амад уыдысты лæгъз дурæй, къах сыл нæ хæцыд. Æрæджиау дондзон хæ- тæл фидаргæнæн саджилæгыл фæхæст. йæ- хи сивæзта æмæ, айнæг къæдзæхы фахсыл хизæгау, сындæггай-сындæггай уæлæмæ хн- лын райдыдта. Иууылдæр ныхъхъус сты: ныр карды ко- мыл лæууыд иу нæ, фæлæ дыууæ адæйма- джы. Æдас кæм уыдаид лæппу! Ноджы ма йæм бынæй уæлæмæ уыйбæрц адæм кæй каст, уæлдайдæр та йæ уарзон чызг, уый æмбæрс- та æмæ йе ’уæнгты ахаст бынтон йæхи бар нæ уыди. Тагъд-тагъд кодта. Фæстаг фæл- гуырмæ куы сæвнæлдта, уæд бынæй йæ къах фæбырыд, æмæ йæхи нал баурæдта... — Уæй!..— ныцъцъæхахст кодтоц чидæртæ. 120
Æз мæ цæстытæ ацъынд кодтон. Мæ сур- хид акалд. Куы ракастæн, уæд студенты фед- тон... йæ иу къухыл ауындзæгæй. Ныттынг и лæппуйæн йæ буар. 'Ныррыз- тысты йе ’уæнгтæ. Бæрæг уыди, йæ фæстаг тыхтæ .кæй æрæмбырд кодта. Сындæггай йæ- хи уæлæмæ сæлвæста, къахæвæрæн ссардта æмæ та хæтæл фидаргæнæн саджилæгыл фæ- хæст... Адæм сулæфыдысты. Студент гыццыл лæппуйы хъавгæ-хъавгæ рудзынджырдæм бахæццæ кодта, мидæмæ йæ баргъæвта. Ныр ын тас нал у, уый куы федта, уæд ын йе ’рбадæнтæн иу къæрцц фæласта. Адæм æхсызгонæй ныххудтысты. Фæлæ студент йæ фæдыл нæ бахызти уат- мæ. Разылд æмæ та фæлгуырыл фæстæмæ хъавгæ-хъавгæ хизын райдыдта. — Астан! Аздæх. Рудзынгыл бахиз мидæ- мæ! — хъæр æм кодта уæлæмæ йе ’мбал чызг. Фæлæ йæм уый нæ байхъуыста. Рахиз къух та баивæзта дондзои хæтæл фидаргæнæнмæ... Цæсткæсæнджын æргæпп ласта зæхмæ. Разылди махырдæм. Уæдмæ нæ алыварс æрæмбырд дуне адæм, æмæ уыдон куы ауыд- та, уæд куыддæр фæци. Ныфсæрмы. Цалдæ- рæй йæм базгъордтой, портиау æй фелвæс- той æмæ йæ дæлæмæ нал уагътой. Лæппу йæ къæхтыл куы æрлæууыд, уæд рем бараст иу ацæргæ сылгоймаг æмæ йын 121
йæ ныхæн, ныййарæг мадау, фæлмæн ба акодта. — Бахатыр кæ, мæ хъæбул. Æрдæбон дæ тынг бафхæрдтон. Ды та мæнæ цавæр лæг дæ! Сылгоймагмæ бакастæн æмæ разынди, трамвайы цы къæсхуыргомау ус бадти, уый. — Нæ, цы фæнды куы зæгъай, уæддæр туг хæссы...— загъта Добызæ æмæ рухсцæс- гомæй бацыд цæсткæсæнджынмæ.— Сызгъæ- рин фест, Астан. Дæ фыды фырт кæй дæ, уый мæ бауырныдта гъеныр... Лæппу бынтон ныфсæрмы, къæмдзæсты- гæй бакаст йе ’мбал чызгмæ. — Цæй, уæдæ, базонгæ уæм не ’ппæт дæр æмæ нæхимæ цомут. Райсом стыр бæрæгбон у æмæ хуыздæр уазджытæ цырагъы рухсмæ дæр нал ссардзынæн! — зæрдæбынæй загъта До- бызæ æмæ нæ разæй араст. Йæ рацыды сæр дæр дзы ферох. 3 Уыцы бон мæ хъуыддæгтæ конд фæдæн æмæ рахъавыдтæн нæхимæ ацæуын. Уалдзæ- джы тæмæны æнцад бадынмæ кæй æвдæлы! Фос — кæсинаг. Дыргъбæлæстæ — зилинаг. Хуымтæ — рувинаг. Дæхæдæг ам, зæрдæ фа- лæ. Фарсыл дæр нæ бахæцдзæн ахæм бадт. Фæлæ нæ зонут? — уазæгæн йе ’рбацыд йæхи бар, йæ ацыд — фысымы бар. Ской кæнын 122
дæр мæ нæ бауагътоп ацæуыны тыххæй До- бызæ æмæ Сона. Бахордтам æхсæвæр. Сона фынг систа æмæ цæлгæнæнмæ ацыд æфснайынмæ. Мах баззадыстæм дыууæйæ. Добызæ сыстад æмæ ахуыссын кодта цырагъ. Уат нытталынг. Æр- мæст ма нæм рудзынгæмбæрзæны хызы æх- сæнты мидæмæ гæзæмæ цыди горæты цырæгъ- ты рухс. Хъуысти къулы сахаты цъыкк-цъыкк, Со- найы тæбæгъты дзыгъал-мыгъул. Æрдæгта- лынджы ферттив-ферттив кодта Добызæйы тамакойы зынг. "Æз арф ауагътон мæхи къæлæтджыны æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн. Мæ сæрæй иæ цух кодтой абоны хабæрттæ. Цæстыты раз- иу сыстадысты куы Гадзыбейы былысчъил, туагхуз цæсгом, куы Добызæйы худгæ цæст- æнгас, куы Астаны æфсæрмгаст... Куыд фæй- нæхуызон сты иууылдæр!.. — Добызæ, хорз лæгæн хорз цот нæ цæ- уы, фæзæгъынц...— фæхицæн дæн мæ тарф хъуыдытæй æз.— Æмæ цæй хъыг вæййы æцæг- дæр, хорз кæй зонай, уыцы гъæйтт-мардзæ лæгæн йæ фыдæбæттæй куы ницы рауайы!.. Ам афтæ зæгъæн нæй, фæлæ... Фысымæн йæ тамакойы зынг ныиирд, фæйнæрдæм ассыдта уаты тар, æмæ йын æз федтон йæ сагъæсхуыз цæсгом. Лæг касти ру- 123
дзынджырдæм, кæдæмдæр горæты цырæгъты, бæрзонд хæдзæртты сæрты. Чи зоны, цы уади иыртæккæ йæ цæстытыл... — Ам афтæ зæгъæн нæй...— арф ныуулæ- фыд Добызæ.— Нæй... Фæнды дæ, уæд дын радзурон иу хабар?.. Фысым мæнырдæм разылд, раст сбадт, йæ тамако авджын æртхутæгдоны ассæста. — Цæвиттоны хъуыддагæй, хабар æрцы- ди мæнæ фæстаг хæсты. Нал æй хъуыды кæ- нын, цы ран уыди. Кæмдæр Белгородмæ хæс- тæг. Сæрд. Хур судзы, тæгæлтæ кæны. Куыст — хурхмæ аэродромы. Немыц сæ удæн арт цæгъдынц, сæ быцъынæг тонынц фронт æрбатоныныл. Уæлдæф æмæзмæлд кæны хæд- тæхджытæй. Раст цыма арс мыддарæнмæ ба- ирвæзт æмæ мыдыбындзыты фæтæрсын код- таг^Бирæтæ дзы æрбаздæхынц, бирæтæ нæ. Нал ссардта «йæ хæдзар», йæ аэродром мæ тæхæг дæр. Радтой мын ног штурмовик, уæ- дæ цы! Бадын базыры бын æнкъардæй. Æн- хъæлмæ кæсын экипажы иог къамандирмæ. Ме ’ххуысгæнæг мын кæсы машинæйы пас- порты фыстытæ. Æз хъуыдыты аныгъуылд- тæн. Чи у, цавæр уыдзæн ног тæхæг? Цы- фæнды куы уа, уæддæр фыццаджы хуызæ- ныл пикуыуал сæмбæлдзынæн. Ехх, Андрей, Андрей, цæй æвгъау уыдтæ мæлынмæ!.. Тæх- джытимæ — тæхæг, техниктимæ — техник, 124
салдæттимæ — салдат. Искуы схуыстæй сдзу- рай... Мæ тæккæ цур райхъуыст кæйдæр къæхты хъæр, стæй хурсыгъд кæрдæгджын зæххыл ауыдтон сыгъдæг сæрфт цырыхъхъыты æртти- ваг фындзтæ. Æз ма бæргæ фестадтæн, фæ- лæ ферæджы. — Экипажы къамандирæн салам цæуыл- нæ дæттыс, æмбал техник? — загъта æр- бацæуæг тызмæг хъæлæсæй. Мæ размæ лæу- уыди бæрзондгомау, фæтæндзæсгом, бурхил лæг. Йæ уæлæ дзыхъхъыиног цъæх камбине- зон, шлем тæхæджы цæсткæсæнтимæ, нæ фарсыл планшет. Ног тæхæг. — Сагъæстыл фæдæн, æмбал хистæр лейте- нант. — Дæ зæрдыл бадар — æппæты. фыццаг- дæр æгъдау. Техник йæхæдæг æнæсæрæн куы уа, уæд хæдтæхæг дæр æдзæллаг... Туг мæ цæсгоммæ пыццавта. Æнæсæрæн мæ никуыма ничи схуыдта. — Æмбал хистæр лейтенант... — Ныртæккæ æз дзурын, дæ къамандир, хистæр лейтенант Уваров. Искæйы дзыхæй ныхас йсын аив нæу. Æз мæхиуыл ныххæцыдтæн. Æфсæддон æгъдау! — фæстæмæ дзурæн нæй. — Цæй, цы лæууыс? Цæттæ у машинæ? — Рæвдз у. 125
Ног тæхæг зилы хæдтæхæджы алыварс, куы иу ран асгары, куы иннæ ран. Уыцы сахат аэродромы сæрмæ стъалыйау цæхæркалгæ стахт бур ракетæ. Уваров ма йæм иу каст фæкодта æмæ тагъд-тагъд каби- нæмæ бахызт: — Æхгæнгæ люктæ! Рæвдз! Штурмовик йæхи уæлдæфмæ систа æмæ уайтагъд фæаууон хъæды фæстæ. Хæдтæхæ- джы лæууæндон бафснайдтон, æлхъывд уæл- дæфы афтид баллон размæ ратылдтон æмæ мæхи капониры* фарсмæ бомбæты асыккыл æруагътон. Хур арвы астæуæй иу бæндæны бæрц ныу- уад. Рог уддзæф йемæ хаста тæвд рыджы æмæ сыгъд кæрдæджы æмхæццæ тæф. Хæдтæхæг кæм фæлæууы, уымæ æввахс, бомбæйы тæккæ фарсмæ йæ мæнгæфсон пух сæр сдардта къап- па-къуппа. Мæлæт æмæ цард. Цард æмæ мæ- лæт. Фæрсæй-фарсмæ! Диссаг та куыннæ у, æвæдза! Мурмæ дæр нæ дары ацы цардæгас урссæр зайæгойы хал адзалхæссæг хотыхы. Нæр, хæсс мæлæт. Уæддæр æз дæуæй тых- джындæр дæн! Нæ мæ фæтæрсын кæндзынæ!.. Мæнг æвнæлд æм бакодтон æмæ йæ «па- * Капонир — цæфхады хуызæн сыджытын æмбонд- гонд хæдтæхæджы лæууæндоны алыварс знаджы бом- бæтæй йæ хъахъхъæныны тыххæй, 126
къуы» акалд. Йæ рог лыстæг пырхæнтæ, гæ- дыбæласы хъуынау, уæлдæфы ленкгæнгæ фæй- нæрдæм ацыдысты. «Цæй хъæбатыр, фæлæ цæй мæнгæфсон дæ, къаппа-къуппа дидинæг! Æвзонг уды сонт бæллиццау. Хæстон лæджы цардау... Е-ехх, рæстæг... Е-ехх, заман, дæ фаг хъару кæм и?..» — хъуыдытæ кодтон мæ- хннымæры. Йæ къухы атверткæ, афтæмæй мæ цурмæ æрбацыд техник Егор Васютин. Курскаг цъæх- дзаст лæппу. Зараг. Нæхимæ булæмаргъæй цы кæныс!.. Фыдцъылыс. Сардзин уыны зæххы бынмæ!.. — Цæй, куыд у дæ ног тæхæг? — йæ мид- былты бахудт Егор. — Искуыцæй нæм хъуыстай? — 0, мæнæ капониры «дуары» хуынкъæй... Гъендæр мын куыст нæ уыди. Æз мæ къух ауыгътон. — Цы йын зонын!.. Сармадзантæ, пуле- меттæ феныны бæсты заклепкæтæ æмæ шу- рупты сæртæ сгары... Васютин ныххудт. — Дæхæдæг дæр кæддæр афтæ кодтай. Дзæгъæлы йæ фауыс... — Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг вæййы. Зæгъ-ма, тæхæг хъуамæ йæ техникыл æууæи- да, æви нæ? — Æнæмæнг! Мæныл мæ Хæсанæ, Сырхауы- 127
фырт, иу уысммæ дæр стырзæрдæ нæ кæны. Айфыццаг мæ эскадрилийы къамандир йæхи- мæ иста. Æмæ цы æнхъæлыс? Мара-зæгъай, кæд сразы! Цæмæи? Кæрæдзийы зæрдæтæ ба- зыдтам. Кæрæдзийы нымайæм. Дæуæн та ног адæймаг у. Нæма дæ зоны. Багъæц уал... — Кæй раивта, уый мыл куыд æнувыд уыди, уый зоныс? Гъе... Мæнмæ гæсгæ, йæ удæн тынг чи тæрсы, уыдонæй у... — Де ’мбæстаг Сырхауы-фырт нæ полкъ- мæ фыццаг хатт куы æрбацыд, уæд уымæн дæр афтæ æнхъæл уыдысты. Ныр ма йæм кæс. Йæ сæрæндзинад — йæ риуыл фыст... Фондз хæрзиуæджы! Амæй-ай кадджындæрæй! — Нæ зонын, нæ зонын. Æнхъæл нæ дæн... ...Нæ тæккæ сæрты ныллæджыты фæсыф- фытт кодта иу штурмовик, йæ фæстæ иннæ... Уæлдæф иууылдæр уынæр сси. Хæдтæхджы- тæ дæрдты æрзылдысты æмæ кæрæдзийы фæ- дыл зæхмæ сæхи рауагътой. Аэродромы сæр- мæ рыг фæздæгау сбадт. Техниктæй алчи йæ капониры раз ’ æрлæууыд æмæ æнхъæлцауæй кастысты. Мæнæ æрбахæццæ мæ сыхаг Царевы ма- шинæ дæр. Лæппу зилæнтæ кæныныл фæци. Бакастæн æм, бахæлæг æм кодтон æмæ иннæ- рдæм азылдтæн. Васютины хæдтæхæг дæр нæма зыны. Лæууын, мæ машинæ хъахъхъæнын. Кæд 128
тиницæтыл зилын. Æдылы къоппа, æмæ уæд дæ сæр кæм уыди, тилифонæй æрбадзурын нæ фæрæзтай мæ куыстмæ? Ахсæв-бонмæ станцæйы куы фæбадтаис, уæд æз дæр дæумæ нæ бæллыдтæн,— хъазт мæ кодта Добызæ йе ’фсинæн. — Искуы дзы ахæм ис? Ау, махыл гъе- уыйбæрц не ’ууæндыдтæ? Мæнæ нæм æнæ- хъæн галуан куы ис. — Æццæй нæ! Æз мæ цæст ахастон «галуаныл». Чысыл, хæрзæфснайд уат. Рæбынырдыгæй тарбын æрттиваг хъæдын сынтæг, йæ сæрмæ къулыл, чи алæууыд, ахæм нывæфтыд сырх гауыз. Астæуæй йыл Добызæ æмæ Сонайы стыр къам иумæ истæй. Добызæйыл тæхæджы да- рæс. Дыууæ рудзынджы астæу — буфет, сын- тæджы фарсмæ къуымы — айдæнджын нарæг шифонер, астæуæй цыппæрдигъон стъол. Ал- цы дæр йæ бынаты, дзаумæттæ, пъол цæхæр- тæ калынц. Уымæй дæр фысымтæ сæхи афтæ дарынц, æмæ лæгæй ферох вæййы, уазæгуа- ты кæй ис. — Зонгæтæй макæмæн схъæр кæн, æхсæв- бонмæ станцæйы баззайынмæ хъавыдтæ, уый. Фæндыртæй цæгъдинаг фæуыдзынæ,—йæ мид- былты бахудт Добызæ. .— Æнæ гæды ныхас, ахæм хъуыды мæм уыди. 8 Лæгæй лæгмæ 113
— Фырнымд у, фырнымд рагæй дæр,— мæ тæбæгъы мын цæрвджын уæлибæхы лæпп- лæпгæнаг кæрстытæ, карчы фыды дзæбæхдæр хæйттæ æвæрдта, афтæмæй дзырдта Сона.— Стæй йæ, æвæццæгæн, нæ фæнды, искуы йæм мах дæр бацæуæм, уый... — 0, бæгуыдæр. Ирон хæсмæ тындзæн нæй, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ акæнынц,— ных- худтæн æз дæр фырбуцæй. — Стæй ахæм алæ- мæты уæлибæхтæ лæг цæмæй бафиддзæн?! Суанг фæсæмбнсæхсæвмæ ахаста нæ бадт. Æз мæхинымæр хъуыдытæ кодтон, цы уыда- ид æцæгдæр, æхсæв-бонмæ вагзалы баззадтæн бадгæйæ, зæгъгæ, уæд. Нæ, ис хорз адæмтæ. Ис хорз лæгтæ. Ис æмгар!.. 2 Райсомæй аходæны фæстæ Добызæимæ нæхи райстам горæтмæ. Скодта диссаджы райдзаст бон. Хур йæ зæрин тынтæ рæдауæй нывæзта рæсуг, уымæл зæххы хъарм тæфæй йемыдзаг уæлдæфы. Бульвары бæлæстæ кæ- рæдзийы фæдыл ныххал сты дондзау ног чындзытау сæ пæр-пæргæнаг глази раскъæрт- тытьг. Горæты сæрмæ цъæх дардтой уыгард- дзæф, митсæр хæхтæ. Рог уадымс уæлдæфы йемæ хаста уалдзæджы æхсызгон улæфт, ног сыфтæрты, фыццаг дидинджыты тæф. Сæрибары фæзы астæу сывæллæттæ "æм- 114
бырдтæ кодтой бæлæттыл. Хæстæгдæр бацы- дыстæм сæ размæ. Урсхъулои, фæныкхуыз бохъхъырджын цъиутæ, къуыр-къуыргæнгæ зылдысты сабиты алыварс. Сæ базыртæ ныт- тынг кæнгæйæ-иу сæхи тæссармæ фæцæйхас- той æмæ хоры нæмгуытæ уыгътой. Нæ горæт кæй ном хæссы, уый йæ даргъ хæстон дарæсы лæууыд æмæ, арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ, уырдыгмæ рухс цæстæй каст уыцы æнахуыр нывмæ. Мах цæуын хъуыди дарддæр. Сбадтыстæм трамвайы. Уæгъд бандæттæ дзы нæ разынд. Лæууæм астæуæй. Мæ тæккæ размæ æрбацы- дысты дыууæйæ — бæрзондгомау саулагъз лæппулæг цæсткæсæнты æмæ нарæгастæу, цъæхдзаст хæрзконд чызг фæхсæнцъылдтæ къабайы. Сæ бакастмæ гæсгæ — студенттæ. Чызгæн йæ къухы фиалкæты цупал, хатгай сæм адджынæн сысмуды. Лæппуимæ кæрæдзи- йæн худгæйæ цыдæртæ дзурынц. Цæмæйдæр мæ зæрдæмæ тынг фæцыдыс- ты дыууæйæ дæр æмæ сæ мæ цæст нал истон. Афтæ мæм каст, цыма уалдзæг йæхæдæг уы- дон хуызы вагонмæ æрбахызт æмæ мæ уый рæвдауы йæ тавиц уынд æмæ кондæй, йе ’хсызгон хæрздæфæй. Лæппумæ хæстæг бадт иу пух, æрыгон сыл- гоймаг. йæ цæсгом, ног чъырæйцагъдау, пу- дрæйдзæгтæ, былтæ бæзджыи ахуырст. Йæ сæ- 115
рыл зæрва’гыччы ахстоныйас фæныкхуы; шляпæ. Æвæццæгæн, студент æнæрхъуыдыйæ фæ цагайдта сылгоймаджы — «зæрватыччы ахс юн» фæбырыд, йæ хъæбысмæ æрхауд. Ус æь йе уæхсчыты сæрты уæнгæлы каст скодта. — Дæ къухтæ дæхимæ цæуылнæ дарыс лæппу?! Ам дын исчи хынджылæггаг у? — Бахатыр кæн...— ныфсæрмы студент.— Барæй нæ уыдтæн... — Гъы, барæй... Æмæ уæдæ уæртæ да фарсмæ чи ис, уый шляпæ цæуылнæ ныкъ къуырдтай æнæбары?.. Æрбалæсынц æмæ а^ гæбæр бæхау сæхи адæмыл рахаф-бахаф кæ нынц. — Уæдæ, уæдæ,— йæ фарсмæ цы къæс хуырарæзт ацæргæ ус бадт, уый мæстыхуызæ* сдзырдта,— трамваймæ æрбахиз æмæ сылгой мæгты къуырдтытæ кæн — гъе уый дын нырь фæсивæды лæгдзинад! Лæппу ныффæлурс, йе ’мбал чызгмæ ах^ хосхуызæй бакаст, стæй шляпæджын сылгой- магмæ разылд. — Æз дæ хатыр курын, ды та?.. Цæмæк хъæуы, чи дæ ницы хъыгдары, уый кой кæнын? Шляпæджын фесчъил кодта йæ ахуырст бæзджын былтæ. Иннæ куыд æмраст бадти, афтæ бадт, æрмæст йæ урс цæсгом сырх хъу- лæттæ афæлдæхт. 116
Æз Добызæйæн йæ къахыл æрлæууыдтæн, ^æстæй йын ацамыдтон, нæ хъусыс, зæгъгæ. 1>æлæ уый ницы сдзырдта, цæмæндæр йæхи [зæстæмæ райста æмæ кæйдæрты фæстæ бам- 5æхст. Уыцы рæстæг трамвай æрлæууыд æмæ туденттæ уыцы æфхæрдхуызæй ахызтысты. Иннæ æрлæууæны Добызæ дæр йæ бына- *æй сыстад. — Ахизæм... Æнуд у ам. Цæуæм фæрсаг уынгтæй иуы астæуты. Ни- 1Ы дзурæм. Уый дæр, æз дæр. Æнæнхъæлæ- ркы æвдисæн цы хабарæн фæдæн, уый мæ- 1æн тынг хъыг уыди. Куыд нæ зонæм, æвæ- 1за, барын кæрæдзийæн! Куыд цыбырхъуыр )азынæм, фæлмæн ныхас, бахудын кæм фæ- :ъæуы, уым!.. — Уыцы лæппу чи у, уый зоныс? — сдзырд- *а æрæджиау Добызæ.— Уваров Стъепаны [)ырт. Нæ йæ хъуыды кæныс? Уæлæ куыро- 1Ы фарсмæ къуыбырыл куы цардысты. — Хуыцауы тыххæй? Чи ма сæ базон- рæн! Слæгтæ сты æмæ... — Стъепан, Стъепан... Мæ зыигхуыст хæ- шр... Цæй диссаджы лæг уыдтæ æмæ цы [)ырт ныууагътай!.. Добызæйæн йæ цæсгом уыди сагъæсхуыз, [>æлурс. Æз æнцад цыдтæн йæ фарсмæ, нæ тæ хъыгдардтон мæ сонт фæрстытæй. Цыдæр 117
æнкъард мысинæгтæ йыл ныккалдысты, бæ- рæг у. Уый афтæ, фæлæ цæмæн фауы лæппу- йы? Цы аххосджын уыди уыцы «чъырæй цагъд» усы раз? Нæ тæккæ цурты æрбатахти хъулонбазыр рог гæлæбу. Тыбар-тыбургæпгæ æрзылди нæ алыварс. Уæлвæпдаг æртæхдзаст сырх дн- динæгыл абадт. Сысмыстытæ йæм кодта. Цы- дæр дзы йæ зæрдæмæ нæ бацыди. Стахт... Цæры уый дæр. Цæры... Æнæзонд, æнæсæр, æнæхъуыды цардæй. йæ бакаст — рæсугъд. Цæхæртæ калы. Зынджы стъæлфæиау, йе ’мбæлттæй чи фæцух вæййы, ахæм зæлдаг дидинæджы сыфау. Æрмæст æй ма бацагай. Ма йæ бахъыгдар. Иуæй-иуты хуызæн. Царды гæлæбутау. Сæ азар та кæйдæрты судзы!.. Æвиппайды мæ хъустыл ауад цыдæр хъæ- лæба. Фескъуыд хъуыдыты хал. Фæкастæн размæ. Чысыл фалдæр, ног арæзт стыр хæдза- ры цур æмбырдæй лæууыдысты адæм. Сæ къухтæ тылдтой, хъæр кодтой кæдæмдæр хæрдмæ. Бацыдыстæм хæстæгдæр. Æз уæлæмæ скастæп. Бæрзонд агъуысты фæндзæм уæла- дзыджы фæлгуырыл лæууы сау бецыкджыи гыццыл лæппу чырынтæ хæдоны. Цыма æгас хæдзарæн ахъæбыс кæнынмæ хъавы, афтæ къулмæ йæхи нылхъывта. Йæ галиу къухæй хæцы рудзынджы тигъыл, рахизæй та æрцахс- П8
та дондзон хæтæл фидаргæнæн саджилæг. Кæ- дæмдæр тындзы иуварсырдæм. йæ къах фæл- гуырыл фалдæр байсынмæ хъавы, фæбыры æмæ та ныззыр-зыр кæньт. Кæдæм ’ быры? Кæд... гæдыйы лæппынмæ. Доидзон хæтæлæй фæлгуыры æхсæн чи бабырыд, уымæ. — Раздæх ’фæстæмæ, мæ хур, нæ йæм баххæсдзынæ. Исты амал ын чындæуыдзæн,— дзырдтой йæм чидæртæ уæлæмæ. Фæлæ лæп- пу коммæ нæ кæсы. Гæдыйы лæппынмæ бабы- рыиыл йæ удæй цæуы. — Рудзынджырдæм, рудзынджырдæм. Кæ- дæм ма фалæмæ хизыс, къулбадæг! — Гъæй-джиди, уый дæлæмæ æрис æмæ йын цъæхснаг уисæй ахъаззаг фæу...— мæ фарсмæ сдзырдта иу æрыгон ус. Фæстæрдæм æм разылд бæрзондгомау урс- боцъоджын лæг шляпæйы, йæ цæсткæсæнты сæрты йæм уырдыгмæ æркаст: — Æрисын уал æй хъæуы, мæ хæдзар... Алырдыгæй хъæрахст хъуысы, иууылдæр кæрæдзийæн амонынц, фæлæ фезмæлæг нæй. Мæнæ куыд æнæмæтæй кæсынц, зæгъгæ, адæмы æхсæнты размæ алæгæрстон. Хæдзары цур мæ разы февзæрд Добызæ дæр. — Мæхи бар æй уадз,— фездæхтæн æм æз. Мæ пинджак ласынмæ куыд фæдæн, аф- тæ кæсын, æмæ дын уæлæ къулыл чидæр хæрдмæ фæбыры. 119
— Астан! — фехъуысти кæйдæр тарст хъæ- лæс æмæ æз ауыдтон æрдæбоны фæхсæн- цъылдтæ къабаджын чызджы. йæ армытъæ-_ пæнтæ адæргæй йæ хъуырмæ нылхъывта. йæ цæстытæ — тарстхуыз. Уæлæмæ скастæн æмæ джихæй аззадтæн — къулыл хæрдмæ хызти, трамвайы кæй федтон, уыцы цæсткæсæнджын студент. Æз æдзæмæй кастæн, дарддæр цы уы- дзæн, уымæ. Цæсткæсæнджын цалдæр фæлтæрæны скодта æмæ та-иу фæстæмæ æрбырыд тар- вазмæ. Къултæ амад уыдысты лæгъз дурæй, къах сыл нæ хæцыд. Æрæджиау дондзон хæ- тæл фидаргæнæн саджилæгыл фæхæст. йæ- хи сивæзта æмæ, айнæг къæдзæхы фахсыл хизæгау, сындæггай-сындæггай уæлæмæ хи- лын райдыдта. Иууылдæр ныхъхъус сты: ныр карды ко- мыл лæууыд иу нæ, фæлæ дыууæ адæйма- джы. Æдас кæм уыдаид лæппу! Ноджы ма йæм бынæй уæлæмæ уыйбæрц адæм кæй каст, уæлдайдæр та йæ уарзон чызг, уый æмбæрс- та æмæ йе ’уæнгты ахаст бынтон йæхи бар нæ уыди. Тагъд-тагъд кодта. Фæстаг фæл- гуырмæ куы сæвнæлдта, уæд бынæй йæ къах фæбырыд, æмæ йæхи нал баурæдта... — Уæй!..— ныцъцъæхахст кодтой чидæртæ, 120
Æз мæ цæстытæ ацъынд кодтон. Мæ сур- хид акалд. Куы ракастæн, уæд студенты фед- тон... йæ иу къухыл ауындзæгæй. Ныттынг и лæппуйæн йæ буар. Ныррыз- тысты йе ’уæнгтæ. Бæрæг уыди, йæ фæстаг тыхтæ кæй æрæмбырд кодта. Сындæггай йæ- хи уæлæмæ сæлвæста, къахæвæрæн ссардта æмæ та хæтæл фидаргæиæн саджилæгыл фæ- хæст... Адæм сулæфыдысты. Студент гыццыл лæппуйы ’хъавгæ-хъавгæ рудзынджырдæм бахæццæ кодта, мидæмæ йæ баргъæвта. Ныр ын тас нал у, уый куы федта," уæд ын йе ’рбадæнтæн иу къæрцц фæласта. Адæм æхсызгонæй ныххудтысты. Фæлæ студент йæ фæдыл нæ бахызти уат- мæ. Разылд æмæ та фæлгуырыл фæстæмæ хъавгæ-хъавгæ хизын райдыдта. — Астан! Аздæх. Рудзынгыл бахиз мидæ- мæ! — хъæр æм кодта уæлæмæ йе ’мбал чызг. Фæлæ йæм уый нæ байхъуыста. Рахиз къух та баивæзта дондзон хæтæл фидаргæнæнмæ... Цæсткæсæнджын æргæпп ласта зæхмæ. Разылди махырдæм. Уæдмæ нæ алыварс æрæмбырд дуне адæм, æмæ уыдон куы ауыд- та, уæд куыддæр фæци. Ныфсæрмы. Цалдæ- рæй йæм базгъордтой, портиау æй фелвæс- тон æмæ йæ дæлæмæ нал уагътой. Лæппу йæ къæхтыл куы æрлæууыд, уæд æм бараст иу ацæргæ сылгоймаг æмæ йын 121-
йæ ныхæн, ныййарæг мадау, фæлмæн ба акодта. — Бахатыр кæ, мæ хъæбул. Æрдæбон дæ тынг бафхæрдтон. Ды та мæиæ цавæр лæг дæ! Сылгоймагмæ бакастæн æмæ разынди, трамвайы цы къæсхуыргомау ус бадти, уый. — Ыæ, цы фæнды куы зæгъай, уæддæр туг хæосы...— загъта Добызæ æмæ рухсцæс- гомæй бацыд цæсткæсæпджынмæ.— Сызгъæ- рин фест, Астаи. Дæ фыды фырт кæй дæ, уый мæ бауырпыдта гъеныр... Лæппу бынтон ныфсæрмы, къæмдзæсты- гæй бакаст йе ’мбал чызгмæ. — Цæй, уæдæ, базонгæ уæм не ’ппæт дæр æмæ нæхимæ цомут. Райсом стыр бæрæгбоп у æмæ хуыздæр уазджытæ цырагъы рухсмæ дæр нал ссардзынæн! — зæрдæбынæй загъта До- бызæ æмæ нæ разæй араст. йæ рацыды сæр дæр дзы ферох. 3 Уыцы бон мæ хъуыддæгтæ копд фæдæн æмæ рахъавыдтæн нæхимæ ацæуын. Уалдзæ- джы тæмæны æпцад бадынмæ кæй æвдæлы! Фос — кæсинаг. Дыргъбæлæстæ — знлинаг. Хуымтæ — рувинаг. Дæхæдæг ам," зæрдæ фа- лæ. Фарсыл дæр нæ бахæцдзæн ахæм бадт. Фæлæ нæ зонут?—уазæгæн йе ’рба’Цыд йæхи бар, йæ ацыд — фысымы бар. Ской кæньтн 122
дæр мæ нæ бауагътой ацæуыны тыххæй До- бызæ æмæ Соиа. Бахордтам æхсæвæр. Сона фынг систа æмæ цæлгæнæнмæ ацыд æфснайынмæ. Мах баззадыстæм дыууæйæ. Добызæ сыстад æмæ ахуыссын кодта цырагъ. Уат нытталынг:. Æр- мæст ма иæм рудзынгæмбæрзæиы хызы æх- сæнты мидæмæ гæзæмæ цыди горæты цырæгъ- ты рухс. Хъуысти къулы сахаты цъыкк-цъыкк, Со- найы тæбæгъты дзыгъал-мыгъул. Æрдæгта- лынджы ферттив-ферттив кодта Добызæйы тамакойы зынг. Æз арф ауагътон мæхи къæлæтджыпы æмæ хъуыдыты апыгъуылдтæн. Мæ сæрæй нæ цух кодтой ^абоны хабæрттæ. Цæстыты раз- иу сыстадысты куы Гадзыбейы былысчъил, туагхуз цæсгом, куы Добызæйы худгæ цæст- æнгас, куы Астаны æфсæрмгаст... Куыд фæй- нæхуызон сты иууылдæр!.. — Добызæ, хорз лæгæн хорз цот нæ цæ- уы, фæзæгъынц...— фæхицæн дæн мæ тарф хъуыдытæй æз.— Æмæ цæй хъыг вæййы æцæг- дæр, хорз кæй зонай, уыцы гъæйтт-мардзæ лæгæн йæ фыдæбæттæн куы ницы рауайы!.. Лм афтæ зæгъæн нæй, фæлæ... Фысымæн йæ тамакойы зынг ныиирд, фæйнæрдæм ассыдта уаты тар, æмæ йыи æз федтон йæ сагъæсхуыз цæсгом. Лæг касти ру- 123
дзынджырдæм, кæдæмдæр горæты цырæгъты, бæрзонд хæдзæртты сæрты. Чи зоны, цы уади ныртæккæ йæ цæстытыл... — Ам афтæ зæгъæн нæй...— арф ныуулæ- фыд Добызæ.—Нæй... Фæнды дæ, уæд дын радзурон иу хабар?.. Фысым мæнырдæм разылд, раст сбадт, йæ тамако авджын æртхутæгдоны ассæста. — Цæвиттоны хъуыддагæй, хабар æрцы- ди мæнæ .фæстаг хæсты. Нал æй хъуыды кæ- нын, цы ран уыди. Кæмдæр Белгородмæ хæс- тæг. Сæрд. Хур судзы, тæгæлтæ кæны. Куыст — хурхмæ аэродромы. Немыц сæ удæй арт цæгъдынц, сæ быцъынæг тонынц фронт æрбатоныныл. Уæлдæф æмæзмæлд кæны хæд- тæхджытæй. Раст цыма арс мыддарæнмæ ба- ирвæзт æмæ мыдыбындзыты фæтæрсын код- та. Бирæтæ дзы æрбаздæхынц, бирæтæ нæ. Нал ссардта «йæ хæдзар», йæ аэродром мæ тæхæг дæр. Радтой мын иог штурмовик, уæ- дæ цы! Бадын базыры бын æнкъардæй. Æн- хъæлмæ кæсын экипажы ног къамандирмæ. Ме ’ххуысгæнæг мын кæсы машинæйы пас- порты фыстытæ. Æз хъуыдыты аныгъуылд- тæн. Чи у, цавæр уыдзæн ног тæхæг? Цы- фæиды куы уа, уæддæр фыццаджы хуызæ- ныл никуыуал сæмбæлдзынæн. Ехх, Андрей, Андрей, цæй æвгъау уыдтæ мæлынмæ!.. Тæх- джытимæ — тæхæг, техниктимæ — техник, 124
салдæттимæ — салдат. Искуы схуыстæй сдзу- рай... Мæ тæккæ цур райхъуыст кæйдæр къæхты хъæр, стæй хурсыгъд кæрдæгджын зæххыл ауыдтон сыгъдæг сæрфт цырыхъхъыты æртти- ваг фындзтæ. Æз ма бæргæ фестадтæн, фæ- лæ ферæджы. — Экипажы къамандирæн салам цæуыл- пæ дæттыс, æмбал техник? — загъта æр- бацæуæг тызмæг хъæлæсæй. Мæ размæ лæу- уыди бæрзондгомау, фæтæндзæсгом, бурхил лæг. Йæ уæлæ дзыхъхъыиног цъæх камбине- зон, шлем тæхæджы цæсткæсæнтимæ, йæ фарсыл планшет. Ног тæхæг. - — Сагъæстыл фæдæн, æмбал хистæр лейте- нант. — Дæ зæрдыл бадар — æппæты фыццаг- дæр æгъдау. Техник йæхæдæг æнæсæрæн куы уа, уæд хæдтæхæг дæр æдзæллаг... Туг мæ цæсгоммæ иыццавта. Æнæсæрæн мæ никуыма ничи схуыдта. — Æмбал хистæр лейтенант... 1— Ныртæккæ æз дзурын, дæ къамандир, хистæр лейтенант Уваров. Искæйы дзыхæй ныхас исын аив нæу. Æз мæхиуыл ныххæцыдтæн. Æфсæддон æгъдау! — фæстæмæ дзурæн нæй. — Цæй, цы лæууыс? Цæттæ у машинæ? — Рæвдз у. 125
Ног тæхæг зилы хæдтæхæджы алываре, куы иу ран асгары, куы иннæ ран. Уыцы сахат аэродромы сæрмæ стъалыйау цæхæркалгæ стахт бур ракетæ. Уваров ма йæм иу каст фæкодта æмæ тагъд-тагъд каби- нæмæ бахызт: — Æхгæнгæ люктæ! Рæвдз! Штурмовик йæхи уæлдæфмæ систа æмæ уайтагъд фæаууон хъæды фæстæ. Хæдтæхæ- джы лæууæндон бафснайдтон, æлхъывд уæл- дæфы афтид баллон размæ ратылдтон æмæ мæхи капониры* фарсмæ бомбæты асыккыл æруагътон. Хур арвы астæуæй иу бæндæны бæрц ныу- уад. Рог уддзæф йемæ хаста тæвд рыджы æмæ сыгъд кæрдæджы æмхæццæ тæф. Хæдтæхæг кæм фæлæууы, уымæ æввахс, бомбæйы тæккæ фарсмæ йæ мæнгæфсон пух сæр сдардта къап- па-къуппа. Мæлæтæмæ цард. Цард æмæ мæ- лæт. Фæрсæй-фарсмæ! Диссаг та куыннæ у, æвæдза! Мурмæ дæр нæ дары ацы цардæгас урссæр зайæгойы хал адзалхæссæг хотыхы. Нæр, хæсс мæлæт. Уæддæр æз дæуæй тых- джындæр дæн! Нæ мæ фæтæрсын кæндзынæ!.. Мæнг æвнæлд æм бакодтон æмæ йæ «па- * Капонир — цæфхады хуызæн сыджытын æмбопд- гонд хæдтæхæджы лæууæндоны алыварс знаджы бом- бæтæй йæ хъахъхъæныны тыххæй. 126
къуы» акалд. йæ рог лыстæг пырхæнтæ, гæ- дыбæласы хъуынау, уæлдæфы ленкгæнгæ фæй- нæрдæм ацыдысты. «Цæй хъæбатыр, фæлæ цæй мæнгæфсон дæ, къаппа-къуппа дидинæг! Æвзонг уды сонт бæллиццау. Хæстон, лæджы цардау... Е-ехх, рæстæг... Е-ехх, заман, дæ фаг хъару кæм и?..» — хъуыдытæ кодтон мæ- хинымæры. йæ къухы атверткæ, афтæмæй мæ цурмæ æрбацыд техник Егор Васютин. Курскаг цъæх- дзаст лæппу. Зараг. Нæхимæ булæмаргъæй цы кæныс!.. Фыдцъылыс. Сардзин уыны зæххы бынмæ!.. — — Цæй, куыд у дæ ног тæхæг? — йæ мид- былты бахудт Егор. — Искуыцæй нæм хъуыстай? — О, мæнæ капонйры «дуары» хуынкъæй... Гъендæр мын куыст нæ уыди. Æз мæ къух ауыгътон. — Цы йын зонын!.. Сармадзантæ, пуле- меттæ феныны бæсты заклепкæтæ æмæ шу- рупты сæртæ сгары... Васютин ныххудт. — Дæхæдæг дæр кæддæр афтæ кодтай. Дзæгъæлы йæ фауыс... — Къодах йæ фыццаг цæфæй бæрæг вæййы. Зæгъ-ма, тæхæг хъуамæ йæ техникыл æууæн- да, æви нæ? — Æиæмæиг! Мæныл мæ Хæсаиæ, Сырхауы- 127
фырт, ну уысммæ дæр стырзæрдæ нæ кæны. Айфыццаг мæ эскадрилийы къамандир йæхи- мæ иста. Æмæ цы æнхъæлыс? Мара-зæгъай, кæд сразы! Цæмæн? Кæрæдзийы зæрдæтæ ба- зыдтам, Кæрæдзийы нымайæм. Дæуæн та ног адæймаг у. Нæма дæ зоны. Багъæц уал... — Кæй раивта, уый мыл куыд æнувыд уыди, уый зоныс? Гъе... Мæнмæ гæсгæ, йæ удæн тынг чи тæрсы, уыдонæй у... — Де ’мбæстаг Сырхауы-фырт нæ полкъ- мæ фыццаг хатт куы æрбацыд, уæд уымæн дæр афтæ’æнхъæл уыдысты. Ныр ма йæм кæс. Йæ сæрæндзинад — йæ риуыл фыст... Фондз хæрзиуæджы! Амæй-ай кадджындæрæй! — Нæ зонын, нæ зонын. Æнхъæл нæ дæн... ...Нæ тæккæ сæрты ныллæджыты фæсыф- фытт кодта иу штурмовик, йæ фæстæ иннæ... Уæлдæф иууылдæр уынæр сси. Хæдтæхджы- тæ дæрдты æрзылдысты æмæ кæрæдзийы фæ- дыл зæхмæ сæхи рауагътой. Аэродромы сæр- мæ рыг фæздæгау сбадт. Техниктæй алчи йæ капониры раз æрлæууыд æмæ æнхъæлцауæй кастысты. Мæнæ æрбахæццæ мæ сыхаг Царевы ма- шинæ дæр. Лæппу зилæнтæ’ кæныныл фæци. Бакастæн æм, бахæлæг æм кодтон æмæ иннæ- рдæм азылдтæн. Васютины хæдтæхæг дæр нæма зыны. Лæууын, мæ машинæ хъахъхъæнын. Кæд 128
æй ацы рыджы нæ бафиппайдтон, зæгъгæ, раздæр рацыдтæн. Уваров зынæг нæй. Аэродром æрсабыр, рыг æрбадти... Хæд- тæхджыты моторты уынæр нал цæуы. Æрмæст ма хаттæй-хатт куы иу ранæй, куы иннæ ра- нæй райхъуысы техничы хъæр: «Рауадз!..» — «Æгъгъæд!..» Уый бензинæй, сæрдæнæй дзаг кæнынц машинæты бактæ, цæттæ сæ кæнынц рай- соммæ. Фæталынггæрæттæ. Цæгатырдыгæй æрба- дымдта æмæ арв æрбахъулæттæ. Цъæх-цъæ- хид стыр дондзаст мигъ пихлæйттæгæнгæ, денджызы егъау уылæнау, æрбацæйцыд иннæ мигъты ссæндгæ. йæхи ныллæг æруагъта. Бæстæ нытталынг. Æвиппайды арв нырттывта, ныггæрæхтæ кодта, ныннæрыд. Ихы къæрттытау, æргæр- гæр кодтой ставд æртæхтæ. Рыг зæхх лыстæг хæбуздзыхъхъытæ адардта. Мæ цуры ауыдтон эскадрилийы инже- нерьт. — Сидзæрæй та баззадтæн, æнхъæлдæн... — Цыма, дам, кæмдæр, кæйдæр «Ил» æр- бадт. Фæлæ уый Уваров уа?.. Васютины къа- мандир дæр не ’рбаздæхт. Хæсанæ Сыр- - хауты... — Кæд дзæгъæл фесты... Ахæм æвзæр рæстæг... 9 Лæгæй лæгмæ 129
Инженер йе *уæхсчытæ фелхъывта, йæ сæр ныттылдта æмæ ацыд. Сыг куыд æвиппайды æрбацыд, афтæ æвип- пайды фæхъус. Арв та хурпыгуылæнырдыгæй гæзæмæ раирд, фæлæ изæр кæнын байдыдта. Мæхиныйæры ма уæддæр цæмæдæр æн- хъæлмæ кастæн. Хæсты цы нæ вæййы!.. Добызæ йæ бынатæй сыстад, рудзынджы цурмæ бацыд. Авгæвæрдты цыппæрдигъон рухс цæсты уæлæ бæлвырд бæрæг дардта йæ ныллæджытæ, фидæрттæ арæзт гуыры сау æндæрг. Тамако та ссыгъта. Æрдæгталынг уаты къулыл скафыдысты йæ фæздæджы уы- лæнты мæнг аууæттæ. , — Нæма бафынæй дæ, Хъанымæт?..—куыд лæууыди мæнмæ чъылдымырдæм, афтæмæй загъта Добызæ. — Уанцон фынæй нæу! Мæхæдæг дæ куы ракъахтон... — Хорз уæдæ. Хъус...— Талынджы рай- хъуыст, лæг тамакойы фæздæг арф куыд су- лæфыд, уый. Зына-нæзына алæууыд æнцад, стæй йæ иыхас дарддæр кодта: — Цæвиттон, уыцы фыдцъылыс Васютин Хæсанæ кæй схуыдта, уыимæ мах тынг хъæрмуд уыдыс- тæм. Не ’хсæн уæрст ницы уыди. Æмæ мын куыннæ дзырдтаид йæ хабæрттæ... ...Хæрдмæхсæн сармадзаны нæмыг куыд фе- хæлд æввахс ран, уый ма хъуыды кæны. Цас 130
ма атахтаиккой, чи зоны. Ауыдта ма: стыр цъæх æрдуз хъæды астæу... йæ кæронмæ хæс- тæг—арф æрх. Матор ахуыссын кодта. Гуыпп, хъыррыст, къæр-къæр, æмæ цæстытæ атартæ сты... ...Тыхсы йæхимидæг Хæсанæ. Не ’мбары, кæм ис, кæдæм бахауд. Цыма йын исчи йæ фындз æмæ йæ дзыхыл бахæцы, афтæ фæ- цæйхуыдуг кæны... Зæрдæ нындзыг риуы. Ду- ды йё ’уæхск, къуымых рыст кæны цонг... Ракаст йæ цæстытæй. Цæй рухс у! Кæм и уæдæ? Хæдтæхæджы кабииæ! А-а... Уартæ суа^г авджы онг æрбахæццæ сты сыфтæрджын бæласы рæхснæг къалиутæ æмæ рудзынг адау-адау кæнынц... Бæлæсты æхсæнты цæст- гай цъæхбын дары арв, йæ уæлæ, цагъд къуымбилау, мигъы къуыбæрттæ... Хæсанæ йæхиуыл схæцыд æмæ ныхъхъæр- зыдта. Галиу уæхск йæхицæй нæу. Цæстытæ тартæ кæнынц. Акаст йæ алыварс. Уынгæг, къуындæг ка- бинæйы йын дзæбæх фездыхсæн дæр нæй. Бензины, тæвд резинæйы тæф фындзыхуын- чъытæ къахы.- Рахиз къух арæхстгай систа, тыхтæй- амæлттæй фанары* хæцæныл фæхæст æмæ йæ * Фапар — ам хæдтæхæджы кабинæйы æхгæнæн авджын агьуд, у гомгæцгæ. 131
бакодта. Рог уддзæф цæсгомыл æрбамбæлд, фенцондæр улæфын. Бæлæсты къалиутæ та базмæлыдысты. Лейтенант сæ аиуварс кодта æмæ æддæмæ рахылд. Хæдтæхæг хуыссы йæ гуыбыныл, йæ винт ныззылынтæ. Кæуылты æрбахаста йæхи, уым бæлæсты онг зæхх сау дары,— æрбахуым æй кодта. Базырыл дæлæмæ æрбырыд лæг, фæлмæн нæууыл йæхи ауагъта. Дидинджыты, кæрдæ- джы тæф йæ былтыл ауад, æмæ йæхи зæхмæ нылхъывта. Уæлæмæ йæм стын нал цæуы... Цас ахуыссыд, чи зоны. Иæ цонджы рыст фен- цаддæр. йæ улæфт фенцондæр... Æвиппайды фестъæлфыд: йе ’мбал ка^я и? Сыстад æмæ фюзеляжы æнцæйтты цадæггай фæстаг кабинæйы цурмæ бацыд. — Артем, Артюшæ...— бадзырдта мидæмæ, фæлæ йæхи хъæлæс хъусгæ дæр нæ фæкодта. Рахиз армытъæпæн йæ ныхыл æрхаста, йæ цæстытæ аууæрста. Фынæй ма у, æви? Æтт, куыд ын амарди Хæсанæ! Йæ бон дзурын дæр куы нал у.— Артем! — Гъм-м...— афтид мигæнæнæй хъуысæгау райхъуысти фюзеляжæй стрелочы лæмæгъ хъæлæс. .— Куыд дæ?! — Мæ сæр зилы... Мæ бои сыстын нæу... Цыдæр мыл хæцы... Ехх, ныр иу хуыпп дон! Хæсанæ йæм уырдыгмæ ныккаст. Артем 132
фюзеляжы фарсыл банцад, йæ сæр йæ риуыл æркъул. Фындзыхъæл пырх, туг дæлæмæ æр- лæсæнтæ былтыл, камбинезоны тæрттыл. Хæсанæ æнæрхъуыдыйæ дыууæ къухæй фæлæбурдта кабинæйы кæронмæ, йæхи сивæз- та, фæлæ иуварс ахаудта. Зæрдæ бахъарм цонджы рыстæй... Куы æрчъицыдта, уæд фыццагдæр йæ хъустыл ауад куиты рæйын. «Ау, хъæу афтæ хæстæг у? — фæдис кодта лейтенант æмæ ра- бадт.— Кæд дзы фашисттæ нæй, уæд уырдæм исты æгъдауæй...» — Фæлæ йæ хъуыды кæров- мæ нæма ахæццæ, афтæ та куиты рæйын æр- байхъуыст ногæй. йæ .зæрдæ ауазал. Ау, не- мыц уой æд куитæ?! Хæсанæ тагъд-тагъд сыстад. Артем уæдмæ йæ кабинæйæ сбырыд, къамандиры æххуысæй æддæмæ рахызти. — Фехъуыстай? Артем нæ сæр разыйы тылд бакодта. — Æгасæй нæхи нæ ратдзыстæм. — Цытæ дзурыс, Артюшæ? Уый нæм саг йæхæдæг фæрæтмæ куы цæуы!.. Дыууæйæ дæр сæхи байстой æфсæн хæд- тæхæджы фæстæмæ, моторы рæбын æрбад- тысты арф кæрдæджы. Сæ дамбацатæ сластой æмæ сæ æррæвдз кодтой. — Адонæй фæстагмæ... Æрмхæстмæ, мий- йаг, куы ’рцæуæм... Хъусыс? — загъта Хæсанæ. 133
— Уый размæ та уал... мæнæ уымæй, хуы- фæнæй,— Артем бацамыдта ставд калибыр пулеметмæ. — Раст зæгъыс. Æрмæст æй æрисын хъæ- уы зæхмæ. Уæлдæфы зæххæй тæрсæм, ныр та йыл фидардæр хæцын хъæуы. Сæ рыстытæ ницæмæ даргæйæ пулемет разылдтой æмæ йæ сындæггай-сындæггай мо- торы уæлæ æрцарæзтой. Бæласы рæхснæг, сыфтæрджын къалиуыл тынгдæр æрхæцыдыс- ты, хæцæнгарз дзы æрæхгæдтой. — Гъеныр, табуафси. Æфсæрмы мауал кæнут! — хæдтæхæджы сæрты, уыгæрдæны кæрон мæскъгонды ф.але хъæд кæм зынди, уырдæм кæсгæйæ, загъта Артем. Æмæ цыма æцæгдæр уыцы «уæздан ны- хасмæ» æнхъæлмæ касти знаг. Æвиппайды бæлæсты æхсæнтæй рагæппытæ ластой гитле- ронтæ дыууæ куыдзимæ. Куитæ сæ быцъы- нæг тыдтой, размæ бырстой. Фашисттæ хæд- тæхæг куы ауыдтой, уæд æвиппайды фæлæу- уыдысты. Аракæс-бакæс кодтой, стæй та раз- гъордтой æмæ мæсчъы фæаууон сты. Исдуг- мæ куиты рæйын нал хъуыст. — Цалынмæ зæгъон, уæдмæ иу гæрах дæр нæ,—размæ æдзынæг кæсгæйæ, сдзырдта Хæ- санæ. Артем æнæдзургæйæ йæ сæр батылдта: йæхи зæрды дæр афтæ уыди. Гилдзытæ йæм .184
бирæ нал баззад. Иннæ пулеметты гилдзытæ та лыстæгдæр сты, ацы хæдæхсæнæн бæзгæ нæ кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхстбæрцмæ куы ’рбаввахс уой, уæддæр ма сæ чысылæр- бауадздзæн... — Нæ, афтæ гæнæн нæй! — æвиппайды фе- хъуыста къамандиры хъæлæс.— Уый цæй хуы- зæн дæ? Исчи уазджытыл афтæмæй æмбæлы, Артем? Дæхи дæр куы нæ адзæбæхтæ кодтай. Уæвгæ уый сæхи аххос у. Нæ нæ бауагътой: уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ... Лейтенант размæ акаст. Фашисттæ мæс- къæй сзындысты æмæ кæрдæджы æрныгъуыл- дысты. — Рæстæг ма нын ис.—Хæсанæ йе ’нæ- хъыгдард. къухæй Артемы цæсгомы тугтæ ныс- сæрфта. Уый фæстæ йын йæ дзыппæй сласта бинт, иуварсырдыгæй йæ кæрдæгыл тыххафт ныккодта æмæ куы сцъæх’и, уæд дзы лæппу- йы цæф бабаста. — Уый дын маскировкæ. Тæссагæй дзы ницы ис, Артюшæ. Æвæццæгæн, нæхи бæлæс- тæм куы бахастам, уæд дæ фындзыхъæл пу- леметыл æркъуырдтай... — Æмæ æз куы нæ тæрсын, æмбал лей- тенант. Мæ сæр зылди, уыййедтæмæ... Лæууы Артем йæ зонгуытыл пулеметы уæлхъус. йæ цæст дары знагмæ бæласы къа- лиуты æхсæнты. Немыцæгтæ сты авд. Дыууæ- 135
йæ згъорынц разæй æд дамбацатæ. Овчаркæ- ты суагътой даргъ бæндæнтыл. Куитæ сæ даргъ сырх-сырхид æвзæгтæ æддæмæ ралас- той, афтæмæй рæйгæ-рæйын сæхи æппарынц размæ. Сæ хицæуттæ сæ тыххæй-фыдæй æй- йафынц. Иннæтæ гуыбырæй хъуызгæ дзæ- лæпп-дзæлæпгæнгæ сæ фæстæ уайынц ав- томаттæ ’лвæстæй. , Артем йæхицæн разæй лæгъз быдырьг ас- тæу æввахсгомау равзæрста урс дидинæг. Иннæтæй бæрзонддæр æмæ бæрæгдæр. Куыд- дæр уырдæм æрбахæццæ уой, афтæ... Урс ди- динæг—адзалы хос. Адзалы, сæфты хос, туг чи агура, уыдоиæн. йæхи чи хъахъхъæны, уы- мæн та — царды хос. Æвиппайды знæгтæй иу йæ къухæй размæ ацамыдта, цыдæртæ сдыгъал-дыгъул кодта сæхирдыгонау æмæ хæдæхсæн размæ фæца- рæзта. Артемæн йæ тæккæ фындзы бынмæ æфсæйнаджы гыбар-гыбур ссыд, бæласы сыф- тæртæ æмæ къалиутæ æрызгъæлдысты. — Базыдтой нæ. Цæв, Артем! — фæхъæр ласта Хæсанæ, æмæ уæззау пулемет срæйдта. Гитлеронтæй иуæн йæ хæдæхсæн иуварс атахт æмæ уæлгоммæ ахауд, иннæтæ зæххыл ан- дæгъдысты, фæйнæрдæмыты бырын рай- ды’дтой. Уыгæрдæнырдыгæй, лæгæй-лæгмæ сæ бон ницы бауыдзæн, уый бамбæрстой, æвæццæ- 136
гæн, фашисттæ. Сфæнд кодтой Хæсанæ æмæ Артемы цæлхæхгæд æркæнын. Дыууæйæ иуыр- дæм абырыдысты, дыууæйæ — иннæрдæм. Сæ быцъынæг тыдтой хъæдмæ баирвæзыныл. Ав- томатты къæр-къæр фенцад. — Фидар лæуу, Артюшæ,— лæппуйы уæхс- кыл æрæвæрдта йæ дзæбæх къух Хæсанæ.— Адон махæй бирæ нæ фæфос кæндзысты!..— Æмæ кабинæмæ хъавгæ бахылд. Йæхи дзы арф ауагъта. Нæмгуытæ та ныггæр-гæр кодтой. Хæдтæ- хæджы æндон фæрстыл дзы чи æмбæлд, уы- дон цъыввытгæнгæ тахтысты алырдæм, схъиудтой фæстæмæ. Лейтенант йæхи кабинæйы бынмæ ныл- хъывта. йе ’нæхъыгдард къухы стыр æнгуылдз цæттæввонгæй дары хæдæхсæн хотыхты мæнг- вæдæгыл. Кæсы фашисттæм. Дыууæ гитле- роны æд куыдз хъæдмæ баирвæзтысты, æваст фæгæппытæ ластой æмæ мæнæ æрбатæхынц гæрахгæнгæ. Артемæн уыцырдæм æхсæн нал уыди. Пу- лемет фæуагъта, зылынтæ винты рæбын æр- хуыссыд æмæ дамбацайæ æхсын райдыдта. — Уырдыгæй ма фезмæл! — рахъæр æм кодта Хæсанæ æмæ мæнгвæдæг фелхъывта. Дыууæ тагъдæхсаг пулеметы скъæр-къæр код- той, немыцæгтæй иу фæхъил, куыдзы’ æрдиаг ссыди... т
Æнæнхъæлæджы райхъуыст хæдтæхæджы уынæр. Гыбар-гыбургæнгæ ныллæджыты æр- батахт штурмовик æмæ бæлæсты аууон фæци. Разылд. Хъæдбыны сæрты йæхи æрбайста, иу- варс ныкъкъул æмæ афтæмæй зилахар кæ- нын райдыдта. Хæсанæ йæм скаст, йæ тымбыл къух æм батылдта. — Цы хъавы, цымæ?.. Стыр æрдузы астæу кæрдæджы цы немы- цæгтæ амбæхст, уыдон штурмовичы æхсын райдыдтой. Хæдтæхæг æвиппайды фæуырдыг кодта æмæ сыл пулеметтæй ралæууыд. Штурмовик йæхи бынтон ныллæг æруагъта. — Сæрра! Сæрра уыцы лæг! — иу каст немыцæгтæм кодта, иннæ та хæдтæхæгмæ, аф- тæмæй йæ хъæр хъуысти Хæсанæйæн.—Искуы- дæр ма уый феидæуыди? Ахæм æнæзонгæ быдыры исчи уый уæзæн хæдтæхæг бадын кæны?.. Штурмовик æрбадт гыбар-гыбургæнгæ, зына-нæзына разылд. Фанар фегом æмæ рай- хъуыст тæхæджы хъæр: — Тагъддæр ут, мах сыи сæ фæндаг æрых- гæндзыстæм!.. Чъылдымырдыгæй райхъуыст хæдæхсæнты къæр-къæр. Кабинæйы авг ацъæлтæ. Тæхæг йæ русмæ фæлæбурдта... Исдугмæ фæаууон, 13$
стæй та фæзынд æмæ йæ хæдæхсæны къæр- къæр ссыди. Хæсанæ æмæ Артем хабар куы бамбæрс- той, уæд арф кæрдæджы æмбæхсгæ фæстæмæ сæхи райстой... Добызæ йе ’ргом мæнырдæм разылдта, уаты астæу стъолы цур æрлæууыд. Горæты цырæгъты мæнг рухс сырхбын ивылæнтæй ахъазыд йæ фæлурс цæсгомыл. Йе ’стыр сау цæстытæ мынæг æрттывд кодтой. Рахиз къухы æнгуылдзтæй, халамæрзæнау, схафта æгом- мæгæс бецыкк. Æрбадти бандоныл. Дыууæ цонгæй æрынцой кодта стъолыл æмæ та рай- дыдта йæ ныхас: — Дæу, æвæццæгæн, базонын фæнддзæн, цы ми кодтам уыцы рæстæг мах та? Лæууæм Васютинимæ. Æнхъæлмæ кæсæм нæ хæдтæх- дж.ытæм... Хур раджы ныттылди къуылдым рагъы фæстæмæ, фæлæ ма йæ рухс тынтæ кæцæйдæр дæлиауæй хæрдмæ нывæзта. Уыцы рухсмæ æрвгæрон цагъд мигъты къуымбилтæ зæрæх- сиды арты сырх зынг уагътой. Æз сагъæстæ кæнын. Нырма ибонты райстон ног машинæ æмæ та мæнæ «æнæбæхæй» аззадтæн. Дзæ- бæх зонгæ дæр нæма бакодтон лæджы æмæ та... Ау, афтæ уа? Æнамонды хъысмæт!.. Æл- гъыстаджы хæст!.. Бæстæ ныссабыр. Фронтырдыгæй уынæр 139
нал хъуысы. Афтæ зыны, цыма хæстæн йæ кой, йæ хъæр дæр пæй. Уæдæ кæм зæххы скъуыды ныххаудысты махонтæ?.. Лæууын ме ’мбалимæ, мæ хъус дарын хур- ныгуылæнырдæм. Нæма мæ уырныдта, мæ машинæ нал ис, уый. Уыцы рæстæг уæлдæфы райхъуыст мото- ры хъæр. Ныллæггомау къуылдымы фæстæйæ рагæпп ласта штурмовик æмæ йæ ных сарæз- та æрбадæн фæзмæ. — Æрбатахти! — мæ хъæлæсыдзаг ныхъ- хъæр кодтои æмæ цингæнгæ йæ рнзмæ раз- .гъордтон. Хæдтæхæг тулгæ-тулын ахæццæ суанг аэродромы кæронмæ. Цы кодтаид? Кæд йæ уромæнтæ нал кусынц? Мæмæ æрлæууыд æмæ йæ бынатæй нал змæлы. Æддæмæ дзы ничи зыны. Кьамандыгæнæн пункты цурæй фесхуыста автомашинæ æмæ уыцырдæм ный- йарци. Уырдæм фезгъорынц эскадрилийы ин- женер, техниктæ, мотористтæ... Атахтæн æз дæр. Уалынмæ полчъы къамандир дæр æрба- хæццæ. Фæстаг кабинæйы фæбады иу адæймаг — пулеметæй æхсæг. Æз æнхъæлмæ кастæн, ныртæккæ та дзы иннæхæттыты хуызæн Петя худгæ скæсдзæн, зæгъгæ. Фæлæ уырдыгæй сæ сæртæ сдардтой иу иннæйы фæдыл æртæйæ: лейтенант Сырхаутьг Хæсанæ, сау Артем ту- 140
гæйдзаг, цъæх кæрдæгæй ахуырст бинтæй бас- тæй æмæ æппæты фæсте — Петя!.. Æрмæст раззаг кабинæ нæ райгом. Уырды- гæй ничи скаст. Мæнæн мæ зæрдæ фæкъæпп кодта. Цыма мæ дымгæ йæ уæлныхты фел- вæста — хæдтæхæджы базырыл алæууыдтæн. Кабинæйы, йæ сæр фæрсырдæм æркъул, аф- тæмæй бадти Уваров. йæ фæлурс цæсгом, йæ комбинезон тугæй нал зындысты. — Хистæр лейтенант! Стъепан!.. — сдзырд- тон æм æз. Фæлæ дзуапп нæ радта. Цæфы арæхстгай аэродромы кæрдæгмæ æристой. Стъепан ракаст. — Лæппутæ æгас сты? —бафарста ныллæг хъæлæсæй. Хæсанæ æмæ Артемы йæ разы зонгуытыл лæугæ куы ауыдта, уæд йæ цæсгом фæрухс- дæр æмæ цæстæй ацагуырдта мæн. — Мæсты ма мæм дæ? — загъта Стъепан фæлмæн хъæлæсы уагæй, хатыркурæгау, йæ сыгъдæг цæстытæй мæм комкоммæ æрба- кæсгæйæ. Никуы скуыдтон мæ цæрæнбонты, фæлæ ам мæ хурхыуадындзтæ ахгæдтой æмæ фын- дзыхъæлыл æрызгъордта ставд цæссыджы æртах. Изæры Уваров амард. —...Гъе, афтæ, мæ хур, Хъанымæт,— фæ- 141
Ци йэе ныхас Добызæ.— Адæймаг адæйма- джы ном хæссын хъуамæ фæраза. Æмæ Ува- ровы хуызæн адæмæй хъæздыг кæй стæм, не ’хсæн æфсымæрдзинад тыхджын кæй у, зна- джы дæр уымæн абырстам... Ныр та æфцæг- мæ цæуæм. Бæрзонд хохы сæрмæ. Æмæ та ныр дæр нæ фæндаг уымæн у æнцондæр... Ис нын кæстæртæ!.. Æз бадтæн æрхæндæг, æндзыгзæрдæйæ æмæ мæ цæстытыл уадысты, иу боны дæргъы кæй базыдтон, уыцы адæмы цæсгæмттæ. Цæй алыхуызон, цæй алынгæс сты! Цæй фæйнæ- хуызон цырæгътæ сæ рухс кæнынц мидæджы- рдыгæй!.. О, ис, ис нын кæстæртæ! Фыды фарн тыхджын у. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы!
ЧИНЫДЖЫ ИС: Къæдзæх 3 Фæстаг зæлапг 32 Æнахуыр балц 67 Фыды фари 109
Басиев Михаил Афанасьевич Лицом к лицу Редактор Муртазов Б. А. Художник Дзбоев М. Н. Худож. редактор Кану ко в У. К. Тех. редактор Дзгоев А. А. Корректоры Савкуева М. Б*, ДзодзиковаВ. Т. Сдаио в пабор 9-1-1964 г. Подпмсано к псчати 13-1У-1964 г. Формат бумаги 60х921/32. Печат. лнстов 4,5. Учетно-изд. листов 4,19. Заказ № 12. Изд. № 5. Тираж 1500. ЕИ00213.'_Цепа 13 коп. Ссисро-Осетнпское книжмос нздательство, г. Орджопикидзе, ул. Гражданская, 2. Рссн^блнкапская киижиая типография, г. Орджопикидзс, ул. Джаиаева, 20.