Автор: Хаутов К.А.  

Теги: религия   этикет  

ISBN: 978-5-88734-026-5

Год: 2021

Текст
                    «Человек Ьолжен быть или
верующим, или ищущим веры,
иначе он пустой человек.»
А.П. Чехов


Хæуытаты Къоста ПРОЕКтЛпРЕСС отзамыслаМдо воплощения
ББК 63.5(2Рос. Сев) Х-36 Издатель и руководителъ проекта Жанна Козырева В оформлении книги использованы работы М. Туганова, А. Джанаева, любезно предоставленные ГБУК «Художественный музей имени Махарбека Туганова» Хæуытаты Къоста. Х-36 Уæздандзинады гуырæнтæ [Текст] / Хæуытаты Къоста. - Дзæуджы- хъæу: Проект-Пресс, 2021. - 259 ф. - Хаутов К. А. / Родники благородства - На осетинском языке. 15ВЫ 978-5-88734-026-5 Настоящее издание является пособием для изучения правил национального этикета, религиозных верований, современных обрядов и традиций осетинского народа. ББК63.5(2Рос.Сев) © ООО «Проект-Пресс», 2021. ©ХаутовК.А.,2012. I © Василенко Н.Ф., оформление, 2021. © Кучиев Р.А., предисловие, 2021. 15ВИ 978-5-88734-026-5 © Дзугаева-Мурашева Р, предисловие, 2021.
ЧИНЫГКÆСÆГМÆ Фсестаг азты мыхуыры рацыд, сæ мидис диныл сеуусендын æмæ рагон ирон æгъдæуттыл нывæст кæмæну, бирæ ахæм чингуытæ. Ацы чиныг дæр цæмæйдæрты хæстæг лæууы уыдонмæ, цæмæйдæрты та сæ хицæн кæны. Ам нæй, незаманты цы æгъдæуттæ фæзынди, фæлæ цар- ды чи нæ ныффидар, фыдæлтæ сæхæдæг сæ къух кæуыл систой, уыцы æгъдæутты кой. Чиныгмæ нæ бахаудысты, ирон адæмæн иумæйаг чи не сси, фæлæ хицæн кæмтты чи фæзынд, хицæн адæмы къордтæ кæй æххæст кодтой, уыцы æгъдæуттæ æмæ, фæстагрæстæджы æнæхъуа- джы, æнæбындурæй цы иуæй-иу æгъдæуттæ фæзынд, уыдон. Ацы чиныг дæ бæлвырддæр базонгæ кæндзæн, нæ фыдæлтæ хъыс- мæты уæззау фæлварæнты кæй бахсыстой, æнусты дæргъы цыкурайы фæрдыгау кæй хъахъхъæдтой æмæ царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл махмæ сыгъдæгæй кæй æрхæццæ кодтой, уыцы ирон удыхъæды ми- ниуджымæ æмæ æгъдæуттимæ. Бæлвырддæр базондзынæ, дин, фыдæлты æгъдæуттæ æмæ æхсæ- надон уагæвæрдтæ ирон адæмы царды цы ахъаззаг бынат ахстой æмæ ахсынц, уый. Цы бирæ фарстатæ дæм ис, уыдонæн чиныджы ссардзынæ цыбыр æмæ æнцонæмбарæн дзуаппытæ. Зæрдиаг арфæ кæнын, чиныгыл кусгæйæ кæй æвæджиау фæл- лæйттæ, амындтытæ æмæ фиппаинæгтæй пайда кодтон, уыцы куырыхон адæймæгтæн: Абайты Васойæн, Байсонгъуырты Мысаби- йæн, Бесаты Беллæйæн, Бокоты Солтанæн, Быгъуылты Къолайæн, Быгъуылты Ольгæйæн, Бузойты Артемæн, Гуытъиаты Хъазыбегæн, Гуыриаты Тамерланæн, Гуыриаты Циппусæн, Гæздæнты Хъазыбегæн, Гусаты Маратæн, Гутынаты-Хъæрæцаты Людæйæн, Гусаты-Лола- ты Ферузæтæн, Дегъуаты Соняйæн, Дзанайты Иринæйæн, Джусойты Нафийæн, Джыккайты Шамилæн, Заойты Аслæнбегæн, Кцойты Асте- йæн (хистæрæн), Лазарты Мурадийæн (Гагийæн), Лолаты Валодяйæн, Уарзиаты Виленæн, Хæдарцаты Черменæн, Хозиты Барисæн, Хъара- ты Исламбегæн, Хъодзаты Æхсарæн, Цæрæкты-Болатты Оляйæн, Цæрикъаты Барисæн, Цгъойты Хазбийæн, Чеджемты Георæн, Чехой- ты-Гугкаты Тауырзæт æмæ Хуытъинаты Никъалайæн (Коликæн). 5
ФАРН ХИСТÆРÆЙ КÆСТÆРМÆ ЦÆУЫ Ирыстоны рагсей нырмсе адæймагæн кад кодтой, адæмы ’хсæн цы фæд ныууадзы, уымсе гсесгæ. Чидсертсе стыр мулк, галуантæ, хъæздыг- дзинад амайыныл арвитынц сæ хуыздæр бонтæ. Уыдæттæ хи фæл- лойæ, сыгъдæг къухтæй конд куыуой, уæдуым æвзæрæй ницы ис. Фæлæ материалон бынтæ бирæ нæ ахæссынц: æхца хардзгонд æрцæуы, га- луантæ æмæ рæсугъд, зынаргъ хæдтулгæтæ базæронд вæййынц. Æну- стæм фæцæры, адæмæн стыр лæггæдтæ чи бакæны, уый хорз хъуыд- дæгты кой æмæ йæ ном. Ацы чиныджы авторимæ æз, хъыгагæн, комкоммæ зонгæ нæ уыд- тæн. Фæлæ йын ме ’рыгон бонты зыдтон йæ фыд Агуыбейы. Уый уы- дис кадджын, дзырддзæугæ лæг, Хъæдгæроны хистæрты фолъклорон къорды архайæг. Искуы-иу концертты рæстæг куы амбæлдыстæм, уæд хистæрты ныхасмæ хъусынæй фæллайгæ нæ кодтам. Сæ уæз- дан, аив ныхасæй цыдысты фыдæлты фарн æмæ æгъдау. Куыствæл- лад, хæстæфхæрд куырыхон хистæртæ сæ уды хъару æмæ циндзаст цæстæнгасæй мах дæр разæнгард кодтой. Сæ хъæлдзæг мысинæгтæй та нæ-иу фæхудын кодтой. Хæуытаты Къоста æнæмæнг райста дзæвгар йæ фыды фарнæй. Йæ царды фæндаг, йæ ирондзинад, йæ къухвæллæйттæ уымæн - æв- дисæн. Ацы чиныг куы бакастæн, уæд мæ фыццаг хъуыды уыдис: «Æй, джиди! Ахæм хистæртæ ма абон нæ алыварс фылдæр куы уаид!» Къоста йе ’фсæддон хæс куы ахицæн кодта, булкъоны цины Иры- стонмæ куы ссыдис, уæдæй фæстæмæ йæ цард æххæстæй снывонд код- та йæ адæмæн лæггад кæнынæн, кæстæр фæлтæрыраст хъомыладæн. Арæх цыдис скъолатæм, фыста бирæ хъæугæ æрмæджытæ, æмдзæв- гæтæ, кодта æхсæнадон куыст. Цæвиттон, Хæуытаты Къоста йæ бирæ лæггæдтæй, йæ фæстæ ныууагъта ирд æмæ ахадгæ фæд. Ацы чиныгыл дæр, куыд кæсын афтæмæй, бакуыста бæстон æмæ арæхст- гай. Ирон æгъдау бирæвæрсыг у, вазыгджын æмæ æгæрон. Ныхæстæй зын равдисæн у йæ алы къуым, алы фæзилæн. Чиныджы дæр чидæртæ, æвæццæгæн, ссардзысты, дызæрдыггаг сæм чи фæкæса, ахæм хъуы- дытæ. Æнæуымæй нæ вæййы. Фæлæ, æмткæйрайсгæйæ, чиныг у тынг ахсджиаг æмæ ахадгæ кусæнгарз скъолаты æмæ колледжты ахуыргæн- джытæн, нæ адæмы дунембарынад æмæ царды æгъдæуттæм йæ хъус чи дары, уыдонæн. 6
Чиныг «Уæздандзинады гуырæнтæ» мыхуыры рацыдис дыууæ хат- ты. Фæстаг хатт æй ныммухуыр кодта 2012 азы. Къоста ма йып ба- куыста, бахаста йæм ивддзинæдтæ, фæуæрæхдæр. Фæлæ, æвæццæгæн, æхцайæрæвдз нæуыдис, уымæ гæсгæ чиныграцыдис æрмæст 300 экзем- плярæй. Уайтагъд къухты ацыдысты, æмæ чиныгæн ссарæн нал уыд. Хъæугæ та кодта æмæ кæны тынг, уæлдайдæр абоны уавæрты, национ хъомыладон куыст дуджы уавæрты аххосæй куы æрмынæг ис, уæд. Уый зæрдыл даргæйæ, мах бацархайдтам Хæуытаты Къостайы ахъаззаг къухвæллой ногæй фылдæр тиражæй рауадзын. Автор йæхæдæг нал ис, дзæнæты бадæд, æмæ нын ног рауагъдæн бар радта йæ бинойнаг Га- линæ. Уыимæ чиныгмæ бахастам Мурасты-Дзугаты Риммæйы фыст Хæуытаты Къостайы цардвæндагыл чысыл æрмæг. Нæ зæрды ис, цы 1000 чиныджы рацæудзæн мыхуыры, уый фылдæр хай балæвар кæнын скъолатæн, колледжтæн æмæ библиотекæтæн. Æхсызгон нынуыдзæн, арæхстгай дзы куы пайда кæной сæ куысты, уæд. Стыр бузныг зæгъын Хæуытаты Къостайы бинойнаг Галинæ- йæн. Зæрдиагæй нын баххуыс кодта уæлæмхасæн æрмæджытæй. Уы- имæ арфæ кæнын, ацы чиныграуадзынæн чи баххуыс кодта, уыцы æцæг ирон лæгтæн. Адæмы хорзæх сæ уæд. КУЧИТЫ Руслан, Иры Стыр Ныхасы сæрдар. ÆЗ ИРÆЙ РАЙГУЫРДТÆН - ЙÆ ФЫРТ ДÆН Æз Иры уазæгау нæуыдтæн, Нæ цардтæн а зæххыл æфстау. Æз Ирæй райгуырдтæн - йæ фырт дæн, Йæ хохаг уидæгтæйдзаг тау. Хæуытаты Къоста Хæуытаты Агуыбейы фырт Къоста райгуырд Хъæдгæроны 1933 азы зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Йæ ныййарджытæ Агуыбе æмæ Аминæт-Гусон Хъæдгæроны нымад уыдысты кадджын бинонтыл. Хæлар æмæ кæрæдзи уарзгæйæ æнгомæй цардысты се ’хсæз лæппуйы æмæ æртæ чызгимæ. Фыдæлты фарн æмæ намыс цæстуарзонæй лæвæрдтой сæ кæстæртæм. Сывæллæттæ би- нонты схсæн, фыццаджыдæр, райстой ирон царды хъомылад. Агуы- бе уыд уæздан æмæ куырыхон хистæр. Ие ’гъдау, кафт æмæ зардæй 7
хистæртсе семсе кæстæр фæлтæрсен уыд фæзминаг. Ксед ыл азтæ ссе усез серуагътойу уседдсер уыд Хъседгсероны ансамблы зсердиаг архайсег. Йсе хъуытаз хъселсесы мыртсе ирон семсе уырыссаг зарджыты зселыды- сты нсе бсестсейы бирсе горсеттсе семсе хъсеуты сценсетсей. Хъсеубсе- сты йсе рахуыдтой «Хъседгæроны Хъуыбады». Къоста скъолайы ахуыры семсе сехссенадон куысты уыд фыц- цсегтимсе. Ирон севзаг ын уселдай адджын уыд. Мадселон севзагмæ уарзондзинад бавзарынсен ын хъомыс уыдысты, фыццаджыдсер, йсе ныййарджыты хъомылад, дыккаджы - йсе фыды хо Бабсехъыз-иу ын изсерыгсетты цы таурсегътсе, аргъсеуттсе, семдзсевгсетсе семсе адсемон зарджытсе кодта, уыдон. Йсе ирон севзаг семсе литературсейы ахуыр- гсенсег Куындыхаты Саукуыдз дсер серыгон лсеппуйы зсердсейы бауагъ- та стыр уарзондзинад ирон литературсемсе. Афтсе, хистсерты хъсеп- псериссей йсе удыхъседы раргом сты нсе фыдселты фарн, ирондзинад семсе усездандзинады гуырсентсе. 1952 азы Къоста сентыстджынсей каст фсеци Хъседгсероны астсеуккаг скъола æмсе йсе рагбонты бселлиц сæххсесты охыл ахуырмсе бацыд уселдсер сефсседдон скъоламсе (Орджоникидзевское общевойско- вое училище). 1955 азы райста лейтенанты цин семсе службсе кодта нсе бæстсейы алы къуымты: Астсеуккаг Ази, Сыбыр, Коми; горсеттсе: Горъкий, Ярославлъ семсе Рыбинскы. Алы ран дсер бсернонсей сеххсест кодта йсе размсе севсерд хсестсе. Ксед ын стыр аргъ уыд хистсер афи- церты семсе йсе дселбар кусджыты ’хссен. Ксед бсерзонд бынсеттсе ахс- та, уседдсер сей Ирыстонмсе уарзондзинад фынты дсер йсехимсе сена- хуыр тыхсей селвсеста. Фсестаг азты, бсерзонддсер ахуырады курсытсе «Выстрел» (Высшие пограничные ордена Ленина краснознаменные ко- мандные курсы КГБ при СМ СССР) каст куы фсеци, усед службсе код- та горсет Горъкийы дивизийы штабы. Амрайста булкъоны цин, уыдис хицсенгонд баталъоны разамонсег. Йсе баталъоны салдсеттсе седзухдсер уыдысты раззагдсертимсе. Кседфсендыдсер йсе дселбарсен уыд фсезминаг афицер, ирон лседжы кад бсерзонд хаста семсе ссерыстырсей дзырдта: «Æз Ирыстонсей дсен, хъседгсеройнаг». Хурыскаст федтон Ираны, Федтон Зсерсехсиды Франц, Оперсе хъуыстон Миланы, Венсейы кафыдтсен валъс. 1963 азы йсе амонды хъысмсет сбаста Болатты Галинсеимсе. Цардмсе сынрацыд сертсе фырты. Радтой сынуселдсер ахуырад семсе абон кусынц нсе бæстсейы рсезтсен алы хседзарседты. Ис сын бинонтсе, ксестсерты ксестсертсе. «Къостайсен Усерсесейы алырсетты службсе кæнгсейсе, бирсе 8
фадсеттсе уыдис йæхицæн «хъарм» бынат скæнынæн», фселæ йæ седзух йсе фыдызсехх селвсеста йæхимæ, йсе алсемсеты бынатмæ. Уарзон късес- мæ, хъысмсеты фсендаг ксед 37 азы дсергъсен рауад, уседдсер фсестсемсе серыздсехт Ирыстонмсе. Йсе иу семдзсевгсейы уымсен зсегъы: Федтон ысксессен, ныгуылсен, Бауарзтон хуссар, цсегат, Гъе, уседдсер зæрдæйы Ирсен Скодтон сез буцдсер бынат. Къоста бсерзонд хаста ирон лседжы кад, намыс семсе йсе хорз службсейы тыххæй хорзсехджынгонд серцыд бирсе ордентсе семсе май- дантсей, йе усехснытыл та ссерттывтой булкъоны стъалытсе. Пен- сийы рацсеуыны фсестсе Ирыстонмсе куы сыздсехт, усед иу бон дсер нсе баулсефыд. Уыд «Стыр Ныхас»-ы усенг, активон архайсег фсесивæды раст хъомыладон фембселдтыты скъоладзаутсе семсе уселдсер ахуы- рады студенттимсе. «Ахсем фембселдтытæн ксед сæ пайда абон фаг нсема зыны, уседдæр искседбон - сенсемсенг ирддсерсей разындзсен. Ныр- тсекксейы фсесивседыл бирсе цъыфкалсен ксенынц, фселæ ксестсертсе дсер цы дуджы цсерынц, уыимсе семдзу ксенынц, - дзырдта Къоста. - Тынг ссе халынц телеуынынадæй цы сенсепълан, сенсегъдау фыдмитсе æвдисынц, уыдон... Мсенмсе гсесгсе, бинонтсей аразгсеу алцыдæр, гыццылсей нырмсе сабиуым цы сегъдау семсе фсетксевсердуына, уый ахсесдзсен дарддсер...» Къостайы хъсеппсериссей зсердылдарсен фæйнæджытæ байгом код- той Хъседгсероны семсе Дзсеуджыхъсеуы Гагкайты семсе Абациаты æф- сымсертсен, Заойты Аслæнбегæн, Хостыхъоты Зинæйæн. Къоста йæ царды мæсыг самадта урс дурæй, йæхицæн та удæгас цыртдзæвæн сарæзта йæ чингуытæй. Бирæвæрсыг у Къостайы сфæлдыстад. Хæдахуыр ирон поэтæн 1997 азы Дзæуджыхъæуы рацыд йе ’мдзæвгæты æмбырдгонд «Сагъ- æссаг уарзт». Æмдзæвгæтæн сæ тематикæ кæд алыхуызон у, уæд- дæр æмбырдгондæн йæ фыццаг хъуыдыйадæй фæстаг стъæлфы онг æнкъарæм авторы уарзондзинад Ирыстонмæ, райгуырæн къонамæ, йæ адæммæ, йæразагъды лæгтæм... Йæ поэтикон рæнхъыты дзы ал- кæмæн дæр ссары аккаг ныхæстæ. 2004 азы Къоста сывæллæттæн рауагъта æмдзæвгæтæ, радзырд- тæ æмæ дзы уыци-уыциты æмбырдгонд «Æрдз æмæ сабитæ», цымыди- саг сты алы кары кæсæгæн дæр. Йæрайгуырæн хъæуы истори, йæ куырыхон хистæрты, йе ’мхъæук- каг хъæбатыр хæстонты фæлгонцтæ иу чиныджы сæмбырд кæнын æмæ сæ Ирыстоны дзыллæйы размæ рахæссын царды Къоста йæхицæн ны- мадта хæсыл æмæ 2012 азы йæ бæллиц сæххæст: джиппы фыстæйрацыд 9
йæ чиныг «История села Кадгарон». Чиныгкæсæг базонгæ уыдзсен: Хъæд- гæроны равзæрдимæ, апы рæстæджыты йæминæвæрттæ цы ахсджиаг бынæттæ ахстой бæстæйы апы хæстыты æмæ рацарæзтыты, Фы- дыбæстæйы сæраппонд тохы хъæбатырдзинæдтæ чи равдыста, ахуы- рады, культурæйы æмæ спорты бæрзонд къæпхæнтæм чи схызт, уыцы сгуыхт æмæ курдиатджын адæмимæ. Ацы чиныджы ма æвдыст цæуынц хъæдгæройнæгты традицион æгъдæуттæ, бинонты цардæвæрд æмæ уырнынады фарстатæ. Къоста стыр лæвар ракодта алы хъæдгæрой- нагæн дæр æмæ йæ уаз бавæрдæй. Йæ ном райгуырæн хъæуы историйы кады чиныджы фыст æрцæудзæн сызгъæрин дамгъæтæй. ХъæдгæройнæгтæНу æвæццæгæн, уæздандзинадрахæсгæу мады гуы- бынæйу æмæ Къоста сæ уæздæттæн сæ уæздандæр кæй у, уымæн æв- дисæн йæ чиныг «Уæздандзинады гуырæнтæ». Банымайæн æй ис ахуыр- гæнæн чиныгыл абоны фæлтæрæн. Ацы чиныг æмæ Айларты Измаилы «Ирон фарн» хъуамæуой алы ирон хæдзары дæр. Царды ахсджиаг фарстатыл автор дзуры ахæм сæргæндты: «Хуы- цау æмæ уырнынад», «Уæздандзинад», «Хидарыны иуæй-иу уагæвæрд- тæ», «Хионтæ æмæ хæстæджытæ», «Сывæллон», «Ирон фынджы æгъ- дæуттæ», «Кувинæгтæ. Хуынтæ. Лæвæрттæ», «Ус курын æмæ мой кæнын», «Мард ныгæнын æмæ марды кæндтæ»... Ирон адæймагмæ цы бирæ фæрстытæ сæвзæры царды уагæвæрдтæм, уыдонæй алцæмæн дæр ис дзуапп ссарæн ацы чиныджы. Фыст у æнцонæмбарæн æвзагыл, фыццаг рауагъдæй бирæ фæнуарджындæр, фæмидисджындæр. Ис ын рæсугъд фидæн, библиотекæты тæрхæджытыл рыгбадæн нæ уыдзæн. Алы кары чиныгкæсæджы зæрдæмæ дæр фæндаг ссардзæн. Къостайы сагъæс уыд Ирыстоны рæсугъд сомбон, нæ мадæлон æвзаг æмæ фæсивæды хъысмæтыл: «Фæнды мæ, цæмæй нæ кæстæртæ зæрдæйæ уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæ мадæлон æвзагыл æнæ- къуылымпыйæ дзурой, ирон лæгæн цæрæнбонты кад цы миниуджытæ кодтой, иннæ адæмы хæттыты схсæн, уыдонæй се ’ппæтæй дæр хайджын куыдуой. Уый та стыр нысану». ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг
«Человек доджен бытъ или верующим, или ищущим веры, иначе он пустой человек.» А.П. Чехов ХУЫЦАУÆМÆ УЫРНЫНАД 1. Дин - ирон дин А. Иры дзыллæ сæ равзæрдæй абонмæ цы уырнынадыл хæст сты, уый у Дин. Ирон Дин амоны: ис, дуне чи сфæлдыста, дуне чи дары æмæ йын уынаффæ чи кæны, уыцы æппæтхъомысджын иунæг Стыр Хуыцау. Хуыцауы алыварс сты, дун-дунемæ, æрдзмæ æмæ йын удгоймæгтæм йæ хъомыс чи хæццæ кæны, дун-дунейы, æрдзы алыхуызон удгоймæг- ты хъысмæттæн Хуыцауы раз дзуапдæттæг чи у, уыцы уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæ. Хуыцауы сконд дун-дунейы ис æртæ тыгъдадон æххæссæны: зæдтæ æмæ дауджыты цæрæнуат (зæдты бадæн) уæларв - космикон тыгъдад; зайæгойтæ æмæ удгоймæгты цæрæнуат - зæхх æмæ алыварс уæлдæфон тыгъдад; æртыккаг та - амæлæг удгоймæгты бынат - мæрдты бæстæ, уыцы æххæссæны ма ис дæлимонты цæрæнуат - дæлдзæх (дæлзæхх). Мæрдты бæсты ис зындон - тæригъæдджынтæ фыдуавæрты æмæ хъизæмæртты сæ тæригъæдтæ кæм фидынц, ахæм талынг ран; дзæнæт - æнæтæригъæд (сыгъдæгуд) адæм сæ амæлæты фæстæ кæдæм бафтынц, уыцы алæмæты райдзаст, æнусон æхцонад æвзарæн рухс цæрæнуат. Уыцы райдзаст æмæ рухс уавæр хынцгæйæ, амæлæг удæн уымæн фæзæ- гъынц: «рухсаг у!» - ома рухсы аккаг у. Дæлимонтæн сæ цæрæнуат кæд дæлзæхх у, уæддæр адæмы цæрæнуатмæ, уæлзæхмæ, æнцонæн æрбаф- тынц æмæ лæмæгъудты сæ хъомысы дарынц. Æртæ тыгъдадон æххæс- сæны сты кæрæдзиуыл баст æнæзынгæ, фæлæ, банкъарæн кæмæн ис, ахæм уæларвон тынтæй. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ алы удгоймагмæ дæр æрвитынц фарнхæссæг рухсы тынтæ - удтыл аудæг дунейы рухс. 11
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Ирæн йæ дин уыдис æмæ у, кæрæдзиуыл сæ чи баста æмæ бæтты, уæз- зау дуджы-иу сын ныфс æмæ æхсар чи лæвæрдта, æндæр динтау сæ та- лынг æмæ быдыргътæм кувæг фанатиктæ чи нæ кодта, фæлæ фарн æмæ рухстауæг чи уыди æмæ у, ахæм æвæджиауы хъомыс. Ирон динæн XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы дунеон динты æмæ алыхуызон идеологты цъыфкалдæй æмæ сæ зианхæссæг тæфагæй йæ ахадындзинад æрмынæг. Фæлæ абон дæр адæмы царды иу ахæм къабаз нæй, ирон дины бындурыл дзæвгар чи не ’нцайы, уыдонимæ нæ фарны æгъдæуттæ, ирон уæздандзи- над, ирон аивад æмæ, æмбал кæмæн нæй, уыцы хъомылады институттæ. Цæвиттон, ирон адæм ирон цæмæй сты, нæ национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ цæрынхъом цæй руаджы сты, уый у нæ фыдæлты дин - ирон дин - ирон царды сæйраг цæджындз. Царды фæлтæрæн нын ирдæй равдыста, алы хатт нæ адæм куыддæр сæ национ дины фæлгæтæй ахи- зынц, афтæ ирон наци, ирон фарн сæфты къахыл ныллæууынц. Фыдæл- ты дины сæйраг нысаниуæг у адæймагуарзынад, алыхуызон адæмыхæт- тыты, алыхуызон уырнынæдты æмæ алыхуызон талæнхæссæг адæймæг- ты ’хсæн хæлардзинад, кæрæдзиуыл аудынад фидар кæнын. Уый бæрæг у, адæймаджы удыхъæды цы миниуджытæ фидар кæны, уымæй. Ирон дины кæнонтæ бирæ цæмæйдæрты æмхуызон сты чырыстон дины кæ- нонтимæ, фæлæ сæм ис дзæвгар хицæндзинæдтæ дæр. Фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, Хуыцау адæймаджы сфæлдыста, цæмæй йæ зонд æмæ йæ хъаруйæ рæсугъд кæна йæ алфамбылай дуне æмæ цæрæг удты, хиза сæ сау тыхты тæфагæй æмæ тæригъæды ба- цæуынæй. Æ. Ирон адæм фыдæй бындурмæ куывтой æмæ кувынц дунесфæл- дисæг æмæ дунедарæг иунæг Стыр Хуыцаумæ æмæ йæ фарсмæ уæвæг зæдтæ (изæдтæ) æмæ дауджытæм (идаугутæм). Ирæтты фидарæй уыр- ны, дун-дунейæн йе сфæлдисæг æмæ йæ дарæг иу кæй у, Стыр Хуыца- уæн æмæ йæ дæлбар уæвæг зæдтæ æмæ дауджытæн сæ бар, сæ хъомыс егъау кæй у, уый. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл, сæ хъомысыл чи не ’ууæнды, табу сын чи нæ кæны, уый æххæст адæймаг нæу æмæ йыл æууæнк дæр нæй. Адæймаг цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, цавæрфæнды буары хуыз æмæ удыхъæд ын уæд, куыдфæн- ды хуызы кувæд, йе сфæлдисæг æмæ йæ удылхæцæг у Стыр Хуыцау. Æрмæстдæр уый у адæймаджы удæн тæрхонгæнæг, æрмæстдæр уымæн цæуы йæ бар, йæ хъомыс æппæт зæдтæ æмæ дауджытыл дæр, дун-ду- нейыл æмæ æрдзыл. 12
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД Ирæттæ Хуыцауы номмæ бафтауынц æрмæстдæр мæнæ ахæм ныхæстæ: «Дæ бæрзонддзинад», «Дуне сфæлдисæг», «Дуне дарæг», «Не скæнæг» æмæ «Нæ удтыл хæцæг», «Æмбал кæмæн нæй», «Бæрзондыл- бадæг æмæ алцыуынæг», «Алцызонæг бæрзонд Хуыцау», «Хуыцæутты Хуыцау», «Иунæг Хуыцау». Ирæтты никуы уырныдта, Хуыцау зæххон адæмæй искæйы бар уырнындзинад бакæна, уый. Зæххыл Хуыцауы номæй иу лæг дæр нæ архайы - дæснытæ, шамантæ, къамæйфæрсджытæ кæнынц Хуыцауы æваст митæ, кæд фылдæр адæммæ йæ комытæф хæццæ кæны, уæддæр. Хуыцаумæ кувынæн бæрнон лæг нæ фыдæлтæм дæр нæ уыдис, хъæугæ дæр нæ кодта æмæ нæ кæны. Кувæндæтты раджы дæр æмæ ныр дæр цы дзуары лæгтæ ис, уы- донæн сæ нысаниуæг æмæ сæ хæс у кувæг адæмæн лæггад кæнын, кувынæн мадзæлттæ аразын æмæ кувæндонмæ цæст дарын. Дзуары лæг йæ удыхъæд æмæ йæ зондахастмæ гæсгæ Хуыцау æмæ адæмы раз æнæ азымыл нымад кæй у, уымæ гæсгæ алкæй дæр фидарæй уыр- ны, йæ куывд, йæ дзыхы ныхасы фарн кæй ис, уый. Дзуары лæг сау- джынтæ æмæ моллотау дины кусæгыл кæнæ Хуыцауы æрвыст лæгыл нымад нæу. Незамантæй абонмæ нæ адæм сæ фыдæлты сæрмагонд уырнына- дыл сæ къух никуы систой, иузæрдионæй баззадысты, сæ царды фыл- дæр фæзилæнтæ баст цы диныл уыдысты, се ’ппæт хъомылады инсти- туттæ æмæ культурæйы къабæзтæ кæуыл æнцадысты, уыцы фыдæлты уырнынадыл. Ирон адæм Хуыцаумæ, зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой æмæ кувынц æмхуызон, æргомæй, Кæд кувæндæттæ уаз бынæттыл нымад сты, уæддæр уым кувгæ кæнынц кувæндонмæ нæ, фæлæ, цы зæд, цы дуаджы номыл у, уымæ. Б. Зæдтæ æмæ дауджытæ сты, Стыр Хуыцауы хъомыс зæххон удгой- мæгтæм чи хæццæ кæны, уæларвон тыхты фарнæй сæ хайджын чи кæны, ахæм Хуыцауы бæрны уæвæг, æххæстбарджын уаз уæларвон цæрджытæ. Зæдтæ æмæ дауджытæй алкæмæн дæр йæ бар, йæ хъомыс иугуырæй кæуыл æмæ цæуыл цæуы, ома, Хуыцау сæрмагондæй уый бар кæй (цы) бакодта, уыдон сты зайæгойтæ æмæ зæххон удгоймæгтæ, дунейы царды фæрæзтæ, æрдзон æмæ уæларвон тыхтæ. Зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæйæ, хæрзиуæг (арфæ) кургæйæ адæй- маг хъуамæ зона, сæ бархъомыс кæуыл æмæ цæуыл æххæссы, уый. Зæдæн йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл не ’ххæссы (бар кæмæ нæ дары), уый дзы курын аив нæу. Йæ хъомыс цæрæг удтыл кæмæн цæуы, сæ 13
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ хъысмæттæм сын бар чи дары, уыцы Хуыцауы раз уæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæй ирон адæм се ’ргом арæхдæр кæмæ здахынц, нæ рæстæджы уыдон сты: УАСТЫРДЖИ кæнæ Уастæрджи. Йæ бархъомыс æххæссы, нæл- гоймæгтыл, сæрибарыл тохы хæстонтыл, бæлццæттæ (фæндаггæттæ) æмæ сæ фæндæгтыл, хæстон уæлахизыл. Кувгæйæ йын йæ номмæ цытджындæрæн æмæ буцдæрæн бафтауынц: «сызгъæрин», «зæрин- базыр», «тæхгæ-нæргæ», «уæлахизы Уæлла», «уæлахизхæссæг», «ныфсдæттæг», «æргом зæд», «нæхи - нæ Иры», «къæсæры», «фæн- дагсар». Хонынц ма йæ Хетæджы Уастырджи дæр, ома таурæгъон, Хетæджы чи фервæзын кодта, уыцы Уастырджи. Хетæг йæхæдæг нæдæр зæд у, нæдæр - дуаг, нæу уаз адæймаг дæр. Йæ кувæндæттæ кæмыты сты, уымæ гæсгæ йæ арæх хонынц уыцы бынæтты номæй: «Дзывгъисы Уастырджи», «Дыгургомы Уастырджи», «Къобы Уас- тырджи», «Хурхоры Уастырджи», «Тербаты Уастырджи», «Арыхъы Дурджынбæрзонды Уастырджи» æ.а.д. Сылгоймæгтæ Уастырджийы ном дзурын нымд кæнынц æмæ йæ йæ номæй нæ хонынц, фæлæ: «Лæгты дзуар», «Тымбыл хъæды дзуар», ома Хетæджы къох йæ кувæндон кæмæн у, уыцы дзуар, «Къæсæры зæд», «Фæндагсар зæд», «Дзывгъисы дзуар» æмæ афтæ дарддæр. Уас- тырджийы ном фехъусгæйæ, сылгоймæгтæ сыстынц æмæ сдзурынц: «Табу йæхицæн» кæнæ «Сызгъæрин тæбæгъты йын куывдæуæд», стæй сбадынц. Фыдæлты заманы сылгоймæгтæ Уастырджийы кувæндæт- тæм нæ цыдысты. У нæлгоймаг бардуаг, фыдæлты таурæгътæм гæсгæ у бæрзонд, хæрзконд, йæ цæстæнгас - сæрæн æмæ райдзаст. Ис ын сызгъæрин базыртæ, даргъ рихитæ æмæ боцъо, рацæуы зæронд барæджы хуызы, хатгай та - мæгуыргуры хуызы. Хауы авд дзуары номхыгъдмæ. Йæ кувæн бонтæ æппæт Ирæн афæдзы дæргъы сты: «Хетæджы бон», кæнынц æй сæрды, хурхæтæнæй иу мæй фæстæдæр. «Кæхцхæс- сæн» - Хетæджы бонæй къуыри фæстæдæр, «Джеоргуыба» - æрæй- йафы зымæджы, хурхæтæнæй иу мæй раздæрмæ. Уастырджимæ ма фæкувынц бæлццоны æмæ нæлгоймаджы цардамонды тыххæй куыв- ды æмæ чындзæхсæвы. Йæ ном та йын арынц алы хъæлдзæгдзинады дæр сæрмагонд гаджидауæй. Къуырийы бонтæй Уастырджийы боныл нымад у дыццæг. Уастырджийæн чырыстон дины цы æмном ис, Уасджиорджи (Свя- той Георгий) кæй хонынц, уымæй хъауджыдæр йæ хъомыс æмæ йæ 14
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД разы цы бæрнондзинæдтæ æвæрд ис, уыдон сты дзæвгар уæрæхдæр æмæ ахъаззагдæр. Уымæй уæлдай ма Уастырджи зæххон адæймагæй рацæугæ нæу, фæлæ у уæларвон бардуаг. Чиныджы авторы хъуыдымæ гæсгæ, ном Уастырджи равзæрд скифты номдзыд рагфыдæл Таргитайæ, ома уаз тæргитæй кæнæ уаз Тæрджитæй. МАДЫЗÆД, МАДЫ-МАЙРÆМ (МАДИ-МАЙРÆН). Йæ бархъо- мыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, уыдон сты: сылгоймæгтæ, адæймаджы уынд æмæ конд, уарзондзинад, цот кæнынад, сывæрджын сылгой- маджы рæстмæйы хъуыддаг. Буцæн ма йæ хонынц «Сыгъдæг Ма- ды-Майрæм», «Рæстæйы дзуар», «Фæлмæн зæд», «Хуыцауы дзуар», «Ныхы дзуар», «Мадидзæны зæд». Йæ кувæндæттæ уыдысты алы кæмтты æрдзон рæсугъд бынæтты. Сæ бынмæ нæлгоймæгтæ нæ цы- дысты, æрмæстдæр æнахъом сабитæ сæ ныййарджытимæ. Мады-Май- рæмæн сæрмагондæй куывтой: Хуыцауы дзуары бон - майрæмы мæйы кæрон, Ногдзуары æмæ Касуты бæрæгбæтты - Зæлдæвæрæны фæстаг къуырийы, Рæстæйы бон, Майрæмыкуадзæны, сылгоймаджы тыххæй куывды æмæ чызгæрвысты. Алы хъæуы дæр Хуыцауыдзуары куывд кодтой алы афонты. Къуы- рийы бонтæй майрæмбон нымад у Мады-Майрæмы боныл. Уыцы бон сылгоймæгтæ быдыры куыстытæ нæ кæнынц, сæ къухмæ цыргъаг нæ исынц. Таурæгътæм гæсгæ Мады-Майрæмæн йæ фæлгонц у хæрзконд, хæрзуынд æрыгон сылгоймаг. Мадызæдмæ кувгæйæ фæкурынц сылгоймаджы цардамонд, уынд æмæ конд, цоткæнынад æмæ рæстæйы хъуыддаг æнхъæлцау сылгой- мæгтæн. Уымæй уæлдай ма ныййарджытæ сæ ноггуырдты фæдзæх- сынц Мадызæдыл. Æрыгæттæ Мадызæдæй фæкурынц уарзондзинад, фидауц æмæ хорз амонд. Йæ кувæндæттæ фылдæр сты хæхбæсты, быдыры йын ис иунæг кувæндон - Ирыхъæуы Ногдзуар. Мадызæд хауы авд дзуары ном- хыгъдмæ. ХОРÆЛДАР, УАЦИЛЛА, (УАЦЕЛЛА). Йæ хъомыс кæуыл цæуы, уыдон сты: арвынæрд æмæ арвы цæф, баддзæгтæ, хорæрзад (тыллæг). Хонынц ма йæ «Хоры Уацилла», «Хорæлдар», «Арвуацилла», «Зæххон Уацилла», «Цоппайы зæд», «Тбауы Уацилла», «Хæларзæрдæ Уацилла», «Зæдтæ æмæ дауджыты хистæр». Йæ сурæт таурæгъты æвдыст цæуы урс- сæр, урсбоцъо, бæрзонд æмæ хæрзконд зæронд лæгæй. Йæ кувæндæт- 15
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ тæ уыдысты Ирыстоны алы комы дæр. Сæрмагондæй йæм фæкувынц уалдзæджы, хуымгæнæнты размæ, боны дæргъ æхсæвы куы баййафы, уæд - тæргæйтты мæйы фæстаг бонты. «Хоры бон», сæрды хурхæтæны - уалдзæджы куыстытæ куы ахицæн вæййынц, уæд; фæззæджы æхсæв боны дæргъæн куы сæ аййафы, уæд - рухæны фæстаг бонты - Мыкал- габырты бон, æрæгвæззæджы хортæ æфснайд куы фæвæййынц, уæд, кæфты мæйы фæстаг бонты - ног хоры сæрæй - «Хоры сæры бæрæг- бон». Хорæлдары бæрæгбæттæн алы комы дæр уыдис йæхи фæтк, фæлæ алы ран дæр йæ мидис уыд æмхуызон. Уыцы бæрæгбон фæстаг азты Ирыстоны бирæ хъæуты куыд фæкæнынц, уый тыххæй кæс сæргонды «Хоры бон». Уымæй уæлдай ма Хорæлдары ном ссарынц: фыццаг ауæдз акæныны агъоммæ, хортæ тауыны размæ, мæнæугæрдæнты размæ, ана- уыли кæнгæйæ, тæссаг къæвда куы рацæуы, уæд. Уацилла у, фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывдтой, уыдонæй иу. ФОСЫ ФÆЛВÆРА. У хæдзарон фосы бардуаг. Ирон адæм æм ку- вынц тынг рагæй. Кæд йæ ном (Флорæ) чырыстон динимæ бастой, уæд фыдæлты динимæ Флорæйæн иумæйагæй ницы ис. У, Иры фыдæлтæ кæмæ куывтой, ахæм зæд. Хонынц ма йæ «Фосы Фæлвæра», «Рæдау Фæлвæра» «Сабыр Фæлвæра» æмæ «Уæларвон фыййау». Сæрмагон- дæй йæ кувæн бонтыл нымад сты дыууæ боны - уæлдзæджы, Куадзæны фæстæ, стæй фæззæджы, фосæлвынæн афон. Уымæй уæлдай ма йæм фæкувынц уæтæр, дарæн, скъæт, бонхæрæн саразыны размæ, нывонд ныббæттыны размæ, кусарт кæнгæйæ, фос уалдзæджы хæхбæстæм, кæнæ фæззæджы хохæй быдырмæ куы фескъæрынц, уæд, исты низæй сын тæссаг куы вæййы, уæд. Йæ ном ма йын ссарынц куывды фæстаг гаджидауæй. Таурæгътæм гæсгæ, йæ сурæт у карджын нæлгоймаг, фыййауы дарæс æмæ фадыварцы, æд лæдзæг. Ис ын фырт Будзуна - Фæлвæрайы æххуысгæнæг. МЫКАЛГАБЫРТÆ (Микалгабур). Сты авд авды - таурæгътæм гæсгæ - æмæ дзы алчидæр сæрмагондæй бар дары иу кæнæ цалдæр хæринаджы хуызмæ (хойрæгтæм, фыдызгъæлмæ, халсартæм, урсагмæ, адджинæгтæм, нуæзтытæм æмæ æнд.). Сты бæркадхæссæг дауджытæ, уымæй уæлдай ма адæмы æмæ æрдзы фыдбылызтæ сафджытæ. Мы- калгабыртæм сæрмагондæй фæкувынц сæ бæрæгбæтты афæдз цыппар хатты - хурхæтæнты æмæ, æхсæв бонимæ æмыйас куы свæййы, уыцы бонты. Уацилла æмæ Мыкалгабырты бæрæгбæттæ Ирыстоны фылдæр адæм кæнынц иу бон. Уымæй уæлдай ма Мыкалгабырты ном ссарынц 16
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД алы фынгыл дæр сæрмагонд гаджидауæй. Сæ бæркæдтæй, уæлæуыл цæрæг адæмæй уæлдай, хайджын сты мæрдтæ дæр. ТУТЫР (ТОТУР) - бирæгъты бардуаг, хонынц æй: «бирæгъ бал- гæс», «хæларзæрдæ Тутыр». Фæкувынц æм йæ бæрæгбæтты - уал- дзæджы æмæ фæззæджы, фос ног сæрвæтмæ куы баскъæрынц кæнæ фосæн ног дарæн (уæтæр) куы скæнынц, уæд. Стæй ма фос æнафоны æддæ куы баззайы, ома хæдзармæ афойнадыл куынæ сæмбæлы, уæд. У нæлгоймаг бардуаг. Иннæ зæдтæй хъауджыдæр Тутыр у, Хуыцауы раз арæхдæр чи вæййы æмæ дзы адæмæн бирæ хорздзинæдтæ чи фæку- ры, ахæм бардуаг. Кувгæйæ Тутырмæ уымæн æрхатынц, Хуыцауæй нын ахæм æмæ ахæм хорздзинад ракур, зæгъгæ. Тутыр дæр у, нæ фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывдтой, уыдонæй иу. ЙЕСО ЧЫРЫСТИ (ЙЕСО КИРИСТЕ). Йесо Чырыстийы бæрæг- бæттæ ирон адæммæ фыццаг æрбафтыдысты фæскавказы цæрæг адæмтæй. Чырыстийы бæрæгбæттæй ирон адæммæ æппæтæй хуыздæр æмæ кадджындæр уыди Куадзæн. Куадзæны ирæттæ скæнынц бæркадджын фынгтæ, хъазтизæртæ, фæсивæд æмæ сывæллæттæ аив дарæсты фæкæнынц спортивон ерыс- тæ æмæ хъæзтытæ. Чырыстийы иннæ зæдтæ æмæ дауджытæй Ирысто- ны ницæмæй хицæн кæнынц. ÆФСАТИ. Йæ бархъомыс кæуыл æмæ цæуыл æххæссы, уыдон сты цуанæттæ, цуан кæнын æмæ сыкъаджын сырдтæ (сагтæ, сæгуыттæ, дзæ- бидыртæ, сычъитæ, хæххон сæгътæ, хъæддаг галтæ æмæ æнд.). У нæл- гоймаг бардуаг, таурæгътæм гæсгæ урсзачъе куырыхон лæг. Хонынц ма йæ: «Уæларвон Æфсати», «Нæ буц хистæр», «Бæрзондылбадæг», «Рæдау Æфсати». Фæкувынц æм цуаны цæугæйæ æмæ, сырды фыд фынгмæ куы рахæссынц, уæд. Таурæгътæм гæсгæ йæ худ, йæ уæлæдарæс æмæ йæ цæрæнуат нывæфтыд сты саджы сыкъатæй æмæ сырды нывтæй. Æфсатийæн ма ис кæстæр æфсымæр - Хуыджер, æрсытæ æмæ хъæддаг хуыты (хъохты) бардуаг. Æфсатийæн сæрмагонд куывд нæ рæстæджы ничиуал кæны. У, фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывдтой, уы- донæй иу. САФА. У нæлгоймаг бардуаг, хонынц ма йæ «Æрдхæрæны зæд», «Ныфсы бардуаг», «Удæнцойдæттæг». Йæ бархъомыс цæуы: арт- дзæст æмæ уæларты рæхысы фарныл, бинонты иузæрдиондзинадыл, 2 Родники благородства 17
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ сæ кæрæдзиуыл æнувыд цæмæй уой, ууыл. Сафайæн йæ уаздзинады бæрæггæнæн у уæларты рæхыс - Сафайы рæхыс. Уымæ гæсгæ рæхыс йæхæдæг дæр нымад у уаз дзаумайыл. Сафайы рæхыс раджы дæр æмæ ныр дæр у мыггаджы (хæдзарвæндаджы) цардхъомдзинады бæрæггæнæн (символ). Сафамæ фæкувынц, бинонтыл ног бинойнаг куы бафты, уæд, бинонтæй исчи дард балцы куы цæуа, фæстæмæ куы раздæха, хæдзарæй чызг моймæ куы цæуа, хæдзары ног артдзæст куы саразынц, уæд. Йæ ном ма йын ссарынц стыр куывдты æмæ ард хæр- гæйæ. НИККОЛÆ (Никкола) æмсе ТÆТÆРТУПП. Дыууæ бардуаджы дæр сты, быдыры цæрæг адæмы цардамондыл чи ауды, быдыры фарнæй сæ хайджын чи кæны, сæ фæндæгтæ (балц) сын рæстмæ чи кæны, ахæм уæларвон цæрджытæ. Кувынц сæм, сæ кувæндæттæм хæстæг цы ирон адæм цæрынц, уыдон, стæй сæ бынты цæуджытæ. ДЗИРИ. Дзири у кæрдæджы æмæ дидинджыты бардуаг. Хонынц ма йæ «Рæсугъд Дзири», «Уациллайы иунæг чызг», «Авд æфсымæры иунæг хо». Фæкувынц æм Уациллайы кувæн бонты. Йæ кувæндоны бынæй рацæугæ мыггæгтæ йын сæрмагондæй кæнынц куывдтæ дæр. ГАЛÆГОН. Галæгон у дымгæты бардуаг. Кувынц æм, дымгæ æмæ сатæг сæрды æнтæфы куы бахъæуынц, уæд. Таурæгъты йæ сурæт æв- дыст цæуы хæрзконд æмæ рæсугъд сылгоймаджы хуызы. Ис ын хо - Уадæхсин. У уады æмæ тымыгъы бардуаг, кувынц æм, уад æмæ тымыгъ тæссаг куы свæййынц, уæд. Сæрмагонд куывдтæ Галæгон æмæ Уæдæх- синæн нæ чындæуы. ХЪÆДОХ. Хъæдох у хъæдтæ, хъæддзаутæ æмæ хъæды зайæгойты бардуаг. Ис ын нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы сурæттæ. У тызмæг - алкæд зæрдæхæлар нæ вæййы, нæ бары, хъæд дзæгъæл цагъд чи кæны, уыдонæн. Йæ цæрæнуат ис тар хъæды. Фæкувынц æм, хъæдмæ сугмæ, хъæдæрмæг кæнæ æндæр исты хъуыддагмæ куы бацæуынц, уæд. Зын уавæры бахауæг та йын лæгъстæ фæкæны. Сæрмагондæй йын куывд нæ рæстæджы ничиуал кæны, йæ номыл кувæндæттæ дæр нæй. КÆРЧИКУЫЛОЙ - мæргъты бардуаг æмæ маргъдарджытыл аудæг, мæргъты алыхуызон низтæй хизæг. Искæмæ хæрам куы вæййы, уæд та йын йæ мæргътыл хæцгæ низ (кæркниз) рауадзы. Кувынц æм къуыртт æвæргæйæ æмæ, мæргъты исты низæй бахизын куы фæхъæуы, уæд. 18
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД Сæрмагонд куывдтæ йын нæ рæстæджы ничиуал кæны, йæ номыл кувæндæттæ дæр нæй. Сæрмагонд фынгæвæрд дæр ын нæ чындæуы. ДОНБЕТТЫР (ДОНБЕТТУР). У фурды цæрæг нæлгоймаг бардуаг. Йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, уыдон сты: донуæттæ (фурдтæ, денджызтæ, цадтæ, цæугæдæттæ), дæттыл цæуæг бæлццæттæ. Уымæй уæлдай ма доны фарнæй хайджын кæны, йæ ном ын чи ары (чи йæм кувы), уыдоны. Кувынц æм доны бацæуыны размæ, стæй, доны уæвæг адæм исты зын уавæры куы бахауынц, уæд. Ис ын чызджытæ - До- нычызджытæ, сты, адæм нуазынæн дон кæцæй исынц, уыцы рæтты бардуæгтæ. Донбеттыры ма хонынц «Фурды æлдар» дæр. Йæ хуыздæр хæлар у Кæфтысæр - доны цæрæгойты æмæ кæсагахсджыты бардуаг. Донбеттырæн йæ номыл сæрмагонд куывдтæ ничи кæны, кувæндæттæ дæр ын нæй. У, нæ фыдæлтæ кæмæ куывдтой, уыцы авд дзуарæй иу. БАРАСТЫР (Барастпæр) - хонынц ма йæ «Мæрдты Барастыр» - «Мæрдты бæстæйы паддзах». У мæрдты бæсты бардуаг, йæ бар, йæ хъомыс цæуы мæрдтæм бацæуæг адæймæгтыл. Барастыр у мæрдты бæ- сты Хуыцауы тæрхон æмæ уынаффæтæ æххæстгæнæг, ома чи амæлы, уыцы удтæн аккаг ран (удыбæстæ) сбæлвырд кæны æмæ йæ уырдæм барвиты. Таурæгътæм гæсгæ, у тызмæг, фæлæ раст æмæ карджын куы- рыхон нæлгоймаг-бардуаг. Барастырæн ма ис æххуысгæнæг - мæрдты бæстæйы дуаргæс æмæ мæрдтæм бацæуджытæн фæндаг амонæг. Уый у сылгоймаг бардуаг - Аминон. Барастыр æмæ Аминонæн уæлæуыл нæдæр кувæндон ис, нæдæр сын сæрмагонд бæрæгбæттæ чындæуы, æрмæст сын адæм табу кæ- нынц æмæ сæм хатынц мардæвæрæн бон æмæ марды кæндты, цæмæй амæлæгæн хорз удыбæстæ Хуыцауæй ракура. АЛАРДЫ (АлаурЬи) - хæцгæ низты бардуаг, лæгъстæмæ йын йæ номмæ бафтауынц эпитеттæ æмæ йæ хонынц: «Сыгъдæг Аларды», «Сырх Аларды», «Тибиты рынхæссæг», ома фадынæг низтæ хæссæг, «Ног дзуар», «Рыны бардуаг». Таурæгъты Алардыйæн йæ сурæт у тæр- сынгæнæн, быдыргъы хуызæн, æбуалгъ, фыдуынд цæсгомы хицау. Йæ цæсгом кæмæ равдиса, ома кæимæ фемдзаст уа, уый фæрынчын вæй- йы дзуарæй - Алардыйæ, æмæ йæ низ адæмыл хæцын байдайы. Уымæ гæсгæ йæ хонынц хæцгæ низты бардуаг. Адæммæ йæхи равдисы сыл- гоймаджы сурæты, фæлæ хатгай дымгæйы хуызы дæр фæзыны. Ис ын сæрмагонд кувæндæттæ дæр, сæ дуæрттæ, бацæуæнтæ арæзт вæййынц 19
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ хъæуты ’рдæм нæ, фæлæ æндæрырдæм, адæм æй куыд нæ уыной, афтæ. Фыдæлтæ Алардыйæн кодтой куывдтæ, хæцгæ низтæ-иу куы стыхджын, куы сарæх сты, уæд. Алардыйы номыл нæ фыдæлтæ кодтой сæрмагонд зарджытæ, табу йын кодтой, æппæлыдысты дзы, лæгъстæ йын кодтой, цæмæй сæм йæхи ма ’вдиса, низтæй сæ хиза. (Кæс 1-аг фиппаинаг). Раст- дæр зæгъгæйæ та, цæмæй сæм фæлмæн зæрдæ дара. Нæ рæстæджы кæд Алардыйæн стыр куывдтæ нал кæнынц, уæддæр рох нæу æмæ йын йæ ном ссарынц цины хъуыддаджы, йæ кувæндоны бынæй рацæугæ мыг- гæгтæ йын йæ бæрæгбæтты кæнынц сæрмагонд фынгæвæрдтæ. БЫНАТЫХИЦАУ (Бундор) - зæдтæ æмæ дауджыты æмдых чи у, ахæм цæрæн бынаты бардуаг. Хæдзары цы бинонтæ цæры, уыдон, кæд æнæтæригъæд, сыгъдæгзæрдæ вæййынц, сæ митæй Бынатыхица- уы зæрдæхудты нæ цæуынц, уæд сын сæ фарн æмæ сæ царды фадæт- тыл фæауды, бинонты амондджындæр æмæ фæрнæйдзагдæр кæны, хизы сæ дæлимонты фыдмитæй. Фылдæр таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй у сылгоймаг бардуаг. Хæдзары бинонтæ Бынатыхицауæн кæ- нынц сæрмагонд куывд - бинонты куывд - æртæ чъирийæ, карк кæнæ сæныккæй, науæд уæрыккæй, стæй нозтæй. Уыцы куывды хæринæг- тæй æддагонæн нæ лæвæрдæуы - нæ фæтчы. Бынатыхицау Хуыцауы фарсмæ уæвæг зæдтæй нæу, уымæ гæсгæ йын табу нæ чындæуы, æр- мæст ын зæрдæлхæнæнæн фæзæгъынц: «Æхцон дын уæд», хойрагæй та - «Барст дын уæд». Адæймаг, бинонтæ ног бынаты куы ’рцæрынц кæнæ хæдзар куы са- разынц, уæд æппæты фыццаг бакувынц Хуыцау æмæ Бынатыхицаумæ. Бинонтæм исты хъæлдзæгдзинад кæнæ куывд куы вæййы, уæд Бына- тыхицауы ном ссарынц сæрмагонд гаджидауæй. В а р и а н т: «О нсе зæрдæхæлар Бынагпыхицау, æхцон дын усед! Ацы хойраг, фыдызгъæл æмсе хуымилаг дсе номыл сты, æмсе дын барст усент. Дсе хорзсехсей, бинонты фыдбылызсей бахиз, нсе късессерыл Фыдгул семсе сена- монддзинад ма ’рбауадз. Късесæрыл мидсемсе чи хиза, уый фарнимсе сербауадз, седдсемсе чи хиза, уыйрсест- всендаг ксен. Æхцон дын усед!» Бынаты куывд æмæ хæйрæджыты æхсæвæн иумæйагæй ницы ис. (Кæс XV сæргонд, 22 фиппаинаг). СÆРЫЗÆД. Алы адæймагæн дæр Хуыцауы фæндæй йæ удыл чи хæцы, йæ уаг, йæ ми æмæ йын йæ архайдмæ йæ цæст чи дары, ахæм сæрмагонд бардуаг у Сæрызæд. Сæрызæдæн йæ хъомыс цæйбæрц у, 20
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД уыйбæрц адæймаджы хизы, хъахъхъæны алыхуызон фыдбылызтæй, дæлимонты тæфаг æмæ архайдæй. Адæймагæн йæ райгуырæн бонæй йæ амæлæты бонмæ æнæсцухæй зилдух кæны йæ сæрты, хаты адæй- магæн йæ хъуыдытæ æмæ йæ фæндтæ. Сæрызæды сæрмагонд бынатыл нымад у, хæдзары (бинонты) артдзæст кæм ис, уыцы уат. Сæрызæды хæдзары астæуцæджындз чи хоны, уыдон рæдийынц. Сæрызæдмæ сæрмагондæй фæкувынц, сывæллон куы райгуыры, уæд æртæ ’ртæдзыхонæй. Бафæдзæхсынц ыл æй йæ авдæнбæттæн бон æмæ йыл ном куы февæрынц, уæд. Уымæй уæлдай ма Сæрызæдмæ ба- кувынц, лæппу ус куы ракуры, чызг та мой куы фæкæны, уæд. Сæры- зæд, Бынатыхицау æмæ Сафа сты, адæймагыл, бинонтыл комкоммæ чи ауды, ахæм бардуæгтæ. Уæлдæр цы зæдтæ æмæ дауджыты ранымадтам, уыдон адæммæ æргомæй сæхи не ’вдисынц. Хатгай зæхмæ уæларвæй æрхизынц адæй- маджы кæнæ æндæр исты цæрæгойты фæлгонцы, йе та зайæгойты æмæ æрдзон фæзындты хуызы (мигъ, къæвда, зилгæ дымгæ). Хуыцауы алыварсуæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæй хъау- джыдæр ма ис Хуыцау, зæдтæ æмæ æндæр уæларвон тыхты (дауджыты) ныхмæ уæвæг, Хуыцауы уынаффæтæ галиугæнæг дæлзæххон тыхтæ - дæлимонтæ (хæйрæджытæ). Дæлимонтæн сæ цæрæнуат ис дæлзæххы, фæлæ алыхуызон æрдзон фæзындты, дзаумæтты æмæ цæрæгойты хуы- зы æнцонæй æрбафтынц адæмы цæрæнуæттæм æмæ сæ комытæфæй адæмы зондахаст галиу кæнынц, адæмы Хуыцауы ныхмæ аразынц, алыхуызон фыдбылызтæ сын хæссынц. Дæлимонты ахæсты фæуæг адæймаг æрлæууы фыдгæнæджы фæндагыл, аиппæрд вæййы Хуыца- уыл уырнынадæй. Ирæттæм уаз æмæ табуйаг чи у, кувгæ кæмæ кæнынц, уыдон сты Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ. Хуыцауы комытæфдзыд, уæлфæдзæхстон æмæ адæймагæн удылхæ- цæгау чи æмæ цы у, уыдон та сты: - Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувæндæттæ (дзуæрттæ, аргъуан- тæ, мæзджыттæ, костелтæ, синагогæтæ æмæ æндæртæ), кувæг адæм цавæр диныл хæст сты, уый нæ хынцгæйæ. - кувæнгæрзтæ - дзаумæттæ, мысайнæгтæ, бандæттæ, фынгтæ æмæ кувæндоны зайæгойтæ, мæр, дон; - хур, бинонты - хæдзары - артдзæст æмæ Сафайы рæхыс; - нывонд кусæрттаг, кувинаг (фæлдисинаг) æмæ мысайнаг; - дзуары лæг, сауджын, молло, пастор, кувæг (фæлдисæг), дуагæнæг, ламазгæнæг æмæ иннæ дины кусджытæ, йæ дин ын нæ хынцгæйæ; - сæрызæды тырыса; 21
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - мард адæймаг (чифæнды дæр уæд), ингæн, мардæвæрæн, уæл- мæрд, зæппадз, марды цырт, марды чырын (табæт); - адæймагæн йæ мад æмæ йæ фыд, мады зæнæг æмæ цот; - мæлæг уд, рынчын, æнахъом адæймаг æмæ саби; - адæймагæн йæ уазæг кæнæ йæ быгъдуан уæвæг адæймаг; - Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын, ламаз кæнын (дуа кæ- нын), исты фæлдисын; - ныййарæджы фæстаг ныстуан; - Райгуырæн бæстæ æмæ фыдыуæзæг; - ирон ардбахæрд, сомы. Кæй ранымадтам, уыцы уаздзинæдтæ раджы дæр æмæ абон дæр уыдысты æмæ сты царды æппæтæй зынаргъдæр, кадджындæр æмæ ахъаззагдæр хæзнатæ, уымæн æмæ уыдоныл æнцад æмæ æнцайы ирон уæздандзинад. Уыдон уыдысты æмæ сты, Ир æнусты дæргъы йæ алы ног фæлтæрты удыхъæды цы удварн æвæрдта, ахæм хъомыс. Уыцы уаздзинæдты руаджы ирон адæм æнусты дæргъы бæрзонд систой сæ нацийы ном, уыцы уаздзинæдты фарны руаджы Ирыстоны зоны æп- пæт дуне. Уыцы уаздзинæдтæ сты нæ сæрыстырдзинад, æвæццæгæн, сæ ирон лæг уымæн хъахъхъæны цæсты гагуыйау. Æвæццæгæн, уымæн бахахх кæны ахсджиаг ныхасы бын мæнæ ахæм ардбахæрдтæ æмæ со- мытæй: «Хуыцауыстæн», «Хуыцауардыстæн», «Ацы кувинагæй дын ард хæрын», «Ацы бонрухсы фарнæй дын сомы кæнын», «Мæ мæрд- тыстæн», «Мæ мад, мæ фыдыстæн», «Зæххыстæн», «Уæд мæ хъæбулты мæрдæй баззайон» æмæ æндæртæ. 2. Цы нæ фæтчы Нæфæтчиагыл нымад сты, дины ’гъдауæй чи не ’мбæлы, Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ дунейы фарны ныхмæ чи у, ахæм ми, архайд æмæ ныхас. - Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм былалгъæй кувын, æвирхъау ми бакæнынæн сæм æххуысмæ сидын, цæстмæхъус митæ сын кæнын кæнæ сæ æвзæр зæгъын, ралгъитын, рафауын. - Ирон адæмæн уаз чи у (кæс сæргонд «Хуыцау æмæ уырнынад») æмæ табу кæмæ кæнынц, уыдонæй мæнг ард бахæрын кæнæ мæнг сомы бакæнын, бафхæрын сæ кæнæ сæ маст бауадзын, сæ ныхмæ фыдархайд кæнæ сыл цъыфкалæн кæнын. - Ирон хæдзары артдзæстыл æмæ Сафайы рæхысы цур æлгъаг цæрæгойтæ æмæ, ирон адæм кæй нæ хæрынц, уыцы цæрæгойты фыд фыцын кæнæ цурын. Хуыснæггаг кæнæ гæртамæй ист хæлц сыл 22
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД фыцын кæнæ цурын. Артдзæстыл ту бакæнын, исты æлгъæгтæ йыл æвæрын. - Хуыцау æмæ Сафамæ табу нæ бакæнгæйæ, артдзæсты рæхыс раф- тауын, æндæр ранмæ йæ ахæссын, искæмæн æй раттын, ауæй йæ кæнын, чъизи ран æй сæвæрын, къахæй йæм бавналын, йæ сæрты ахизын. - Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты раз кæнæ фæлдисинæгты раз мæнгард ныхас æмæ фæлитой митæ кæнын, искæуыл хъæр кæнын, æвзидын æм, къух æм сисын, искæмæй исты адавын, исты рæмудзын, топпæй кæнæ æндæр исты хæцæнгарзæй æхсын. - Кувæндоны, дзуары бын, кувинæгты кæнæ фæлдисинæгты раз æнæфсарм ми кæнæ чъизи ныхас кæнын, нæфæтчиаг кæнæ йæм æл- гъаг истытæ хæссын, Хуыцауы æвастæй (хатыр дзы нæ ракургæйæ) хæйрæг, калм, куыдз, хæрæг, хуы зæгъын, хи кæнæ искæй буары хъыл- ма (наркотик) бауадзын кæнæ йæ дымын. - Дзуары бынæй, кувæн бынатæй, кæцыфæнды диныл хæст адæ- мы кæд у, уæддæр дзы исты радавын, дзаума, мысайнаг, зайæгой, мæр, дур кæнæ æндæр исты рахæссын кувæггаг æмæ фæдзæхсæнæй дард- дæр. Дзуары бын цы кувæнгæрзтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр исты уаз- дзинæдтæ ис, уыдон асæттын, басудзын, ныппырх кæнын. - Хуыснæггаг, рынчын, хæдмæл, хуыснæггаг холлагæй хаст кæнæ хуыснæггаг æхцайæ æлхæд æмæ гæртамæй райст фосы фыд æмæ æн- дæр ахæм æнаккаг хæринæгтæй Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын кæнæ мардæн хæлар кæнын, куырддым æмæ æнæсы фосæй нывонд кæнын кæнæ дзы куывды кусарт акæнын. - Бæрæгбон æмæ бæрæгæхсæв, хуыцаубон æмæ хуыцауæхсæв (хур- ныгуылдæй-хурныгуылдмæ), кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд, Хуыцауæй хатыр ракургæйæ дæр хæцæнгарзæй архайын, искæй маст бауадзын, æвзидын æм, къух æм сисын, æнæфсарм æмæ чъизи митæ кæнын, да- вын, сайын, мæнг ард бахæрын. - Цалынмæ кувинаг куывд æрцæуа, фæлдисинаг - фæлдыст, уæд- мæ дзы аходын (хæрын, нуазын), кувинагæн (фæлдисинагæн) йæ туг, йе стджытæ, йæ хауæццæгтæ, йæ æнтыд, йæ цъæл æмæ йæ арынджы хафæнтæй фосæн æмæ æндæр цæрæгойтæн дæттын кæнæ сæ æнæбары (зæрдаивæй) фæхъæстæ кæнын. - Цины хъуыддаджы куывд цы хæринæгтæ æмæ нозт скуывтой, уыдон мардæн фæлдисын кæнæ, фæлдыст цы хæринæгтæ æрцыдысты, уыдонæй кувын. - Æнæхсад къухтæй кувинагмæ кæнæ фæлдисинагмæ ’вналын æмæ йæ кувын, фæлдисын, кæд уавæр нæ домы, уæд бæгънæгæй, æнæ уæлæдарæсæй фынгæвæрдæй кувын, фæлдисын. 23
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - Нывонд фосы æлгъитын, цæвын, баивын, уæй йæ акæнын, кæнæ йæ хуыснæггагæй хæссын, æлгъаг æмæ хуыснæггаг фосимæ иу ран дарын. - Хуыснæггаг, тыхтона æмæ гæртамæй райст æхцайæ мысайнаг скæнын, мысайнаг æхца æндæр хъуыддагыл сфæлхас кæнын, баивын æй кæнæ йæ фæкъаддæр кæнын, æндæр зæдæн (дуагæн) æй цæвæрын. - Мысайнагæн гæххæттын æхца сæвæрын кæнæ арты нæ сыхсыст, ахæм исты. - Хор, хойраг, урсаг æмæ фыдызгъæлæй «æвзæр», «нæ бæззы», «нæй», «нал и» зæгъын. Хойрагмæ карды кæнæ æндæр цыргъаджы фындзæй æвналын (джиуын), зæхмæ йæ æппарын кæнæ амæрзын, йæ уæлæ лæууын кæнæ бадын, къухы саггомæй йæ исын. Куывды, кæнды кæрдзынтæ (чъиритæ) бадгæйæ дих кæнын, разил-базил сæ кæнын. - Кусæрттаг карды бæсты æндæр исты цыргъагæй æргæвдын, топ- пæй йæ æхсын, æндæр исты хуызы йæ амарын, кæд уавæр нæ домы, уæд. Кусарт кæнгæйæ, цалынмæ сæр бæрзæйæ ахицæн уа, уæдмæ ны- хас кæнын. - Сылгоймагæн кусарт кæнын кæнæ æндæр исты аргæвдын, кæд удхосæн хъæуы, уæд Хуыцауæй хатыр ракургæйæ. - Ногбоны æртхурон, хæйрæджыты æмæ бынатыхицауы номыл сконд хæринæгтæй æддагонæн раттын, фосы дзы фæхъæстæ кæнын. - Рынчын, мæлæг адæймагæн нæ балæггад кæнын, рис дзы бауа- дзын, де знаг кæд у, уæддæр. - Марды уæзæгыл, чырыныл (табæтыл), марды цыртыл бадын, лæууын, æнцой йыл кæнын, исты уæззæгтæ сыл æвæрын, истæмæй сæ чъизи кæнын. Афтид марды чырын (табæт) уæлгоммæ æвæрын. - Мард ракъахын, йæ цырт ын сæфтауын (кæд амæлæг уды кад æмæ намысæн нæ хъæуы, уæд). Марды дзаумæттæ кæд мæрдджынты лæвар не сты, уæд сæ хи бакæнын кæнæ сæ искæмæн раттын, знаджы марды куы уой, уæддæр. - Мард адæймагæн фыдми бакæнын, маст дзы исын, ралгъитын æй, фыддæрадæн æй æвзæр ран бавæрын, æлгъаг исты йын фæлдисын. Мардæн йæ кой кæнгæйæ, истæмæй йæ азымджын кæнгæйæ фæзæ- гъынц: «Рухсаг уæд, мæрдты ма схъæрзæд!» - Мардæн æмæ йæ фæстæ цæуæг мæрддзыгойæн сæ фæндаг алыг кæнын. - Удæгас адæймагæн кæнæ мардæн йæ уæлæдарæс, йæ чырын æмæ чырыны дзаумæттæй уæлдай (цалынмæ уæлæуыл ис, уæдмæ) йын исты фæлдисын (хæлар кæнын). -’ Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын, маст дзы бауадзын, къух æм сисын. 24
ХУЫЦАУ ÆМÆ УЫРНЫНАД - Æнахъом сывæллоны бафхæрын, зындзинад ын бавзарын кæнын, тæссаг кæнæ йæ уæззау уавæры æвæгæсæгæй ныууадзын, йæ фидæн ын истæмæй фенамонд кæнын, йæ удхос æмæ йын цы иунæг царды фæрæз ис, уый айсын, кæнæ йын æй, амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, нæ раттын. Афтид авдæн узын, сывæллоны (рæзæны) сæрты ахизын, кæд уавæр нæ домы, уæд, хæцæнгарз æм ныддарын. - Балцы цæугæйæ, къæсæрыл фæстæмæ бахизын (кæд æнæ бахиз- гæ нæй, уæд та дзыхмæ исты схæссын - дон, хæринаг, кæнæ иуцъусдуг абадын.) - Хæдзармæ бацæугæйæ кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын - æгасцуай кæнын. Балцы цæуæгæн йæ къух райсын. - Хæдзармæ (бинонтæм), кæд дзы нæлгоймаг цæрæг ис, уæд сылгой- маджы номæй бадзурын. Хæдзармæ дзырдæуы кæстæр нæлгоймаджы номæй, уыцы кæстæр нæлгоймаг хæдзары ис, нæй, уый нæ хынцгæйæ. - Кæд уавæр домы, уæддæр Хуыцауы æвастæй сылгоймагæн йæ къухмæ хæцæнгарз, фæрæт кæнæ цæвæг райсын. - Æхсæвæры фæстæ (талынджы) бырæттæ кæнæ æхсæнтæ ис- кæдæм акалын, айдæнмæ кæсын, куыройы бынæй кæнæ йæ дæле дон исын. - Ирон фынгыл æмæ арынгыл бадын, къахæй лæууын, æлгъаг кæнæ æндæр исты нæфæтчиæгтæ сыл æвæрын. Арынг афтидæй кæнæ æнæ ’мбæрзæнтæй уæлгоммæ ныууадзын. - Кувæггаг хойраг лыг (дих) кæнгæйæ зилын æнцондæр лыг кæны- ны тыххæй кæнæ сæ тонын (скъуынын). - Къутуйы, хордоны, къæбицы, гоны ’хситт кæнын, æлгъаг истытæ æвæрын, «нæй дзы», «афтид у» - зæгъын. - Тугхæстæг адæймагимæ æмкъайады цæдисы бацæуын - йемæ æмуатон фæуын (кæс сæргонд «Хион, хæстæг»). - Ныййарæджы маст æмæ тас бауадзын, зонгæ-зонын æй фæриссын кæнын, бахъуаджы сахат ын нæ баххуыс кæнын, йæ зæры бон æй æвæ- гæсæгæй ныууадзын. - Саударæг уæвгæйæ, хъæлдзæгдзинæдты архайын, кафын, зарын, карз нуæзт нуазын, сылгоймагимæ (нæлгоймагимæ) æмуатон фæуын. Ацы номхыгъды сты æрмæст динон нæфæтчиæгтæ.
«... Усвой то, что сделали твои предшественники и иди дальше.» Л.Н. Толстой УÆЗДАНДЗИНАД 1. Уæздандзинады бындур Ирон адæмы абоны уæздандзинад у, нæ фыдæлтæ астæуккаг æнусты Ныгуылæн Европæмæ цы «рыцарство» бахастой, уымæн йæ байзæддаг. Ирон адæмы царды уæздандзинад ахсы стыр æмæ ахсджиаг бынат. Ууыл дзурæг сты, ирæттæ æнусты дæргъы фыдæй фыртмæ кæй дзу- рынц, уыцы бирæ æмбисæндтæ. Мæнæ дзы цалдæр: «Уæздан æгъдау- джын лæджы фæхонынц», «Уæздан лæгæн йæ чъылдыммæ сбад, сау лæгæн та - йæ разы», кæнæ «Хæрæгыл саргъ куыд нæ фидауы, афтæ сау лæгыл - уæздандзинад». Ирон уæздандзинад у адæймаджы удварны бындур, куырыхон- дзинады æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уый у æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн. Исбон уæздандзинад бæрæггæнæн нæу. Исбоны руаджы йæхи уæз- дан чи хоны, уый удыхъæдæй мæгуыр æмæ æнæфсарм адæймаг у. Уæздандзинад алы адæмыхатмæ дæр ис, фæлæ алы адæмыхатт дæр уæздандзинады мидисы æвæрынц сæхи бæрæггæнæнтæ. Ирон усездан- дзинады ссейраг бсерæггæнсентсе, йсе аразсен хсейттсе сты: рсестдзи- над, сецсегдзинад, хиуылхсецынад, зсердсехселардзинад, ссер ссермсе хсес- сын, райгуырсен бсестæ семсе иубсестон адсемыл сенувыд усевын. Уæздандзинад, адæймаджы иннæ хорз миниуджытау, æрдзæй рахæсгæ нæу. Йæ миниуджытæ сты, Иры дзыллæ сæ иумæйаг царды сæ кæрæдзиимæ ахастдзинæдтæн цы æнæфыст закъонтæ сæвæрдтой, цар- ды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, дины уырнындзинады фæрцы дæсгай фæлтæрты зондахасты кæй сфидар кодтой, уыдон. 26
УÆЗДАНДЗИНАД Ирон уæздандзинады миниуджытæн сæ фылдæр систы дины уыр- нынады домæнтæ, уымæ гæсгæ уыцы домæнтæ не ’ххæст кæнын ссис Хуыцауы ныхмæ цæуыныл нымад. Хуыцауыл æууæндын æмæ ирон уæздандзинад æнусты дæргъы адæмы разæнгард кæнынц цардбæллон- дзинадмæ, систы хъомылады программæ - æмбал кæмæн нæй, ахæм хъомылады фæрæз. Ирон уæздандзинад тынг фæцудыдта Советон дуджы, хицауад дины æмæ дингæнджыты ныхмæ тох куы расидти, уæд. Уымæн æмæ ирон адæймаджы уæздандзинад йæ уидæгтæй баст у динон уырнынд- зинадимæ, сæрмагондæй та ирон динимæ, нæ фыдæлтæн паддзахадон закъонтæ чи ивта, уыимæ. Уæздандзинад Иры фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æх- сæнады закъонты ахсджиагдæр æмæ сæйрагдæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ - æгъдау æмæ фæтк, уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдис сыгъдæг æмæ райдзаст, Хуыцауы раз та - æнæтæригъæд. Кæд уæздандзинады хъомыс æмæ диныл æууæндын тыхджын уы- дысты, уæддæр, иуæй-иу адæмты динон уырнындзинæдтау, адæйма- гæй фанатик, ома сæ хъомысы цагъайраг нæ арæзтой. Уæздандзинад, адæймаджы иннæ цæрæгойтæй чи хицæн кæны, ахæм миниуæг у. Цæрæгойтæн сæ уагахаст иугуырæй дæр æрдзæй рахæсгæ (инстинкт) æмæ гуырдзон рефлекстæй арæзт у, цæргæ дæр уыдоны руаджы кæнынц. Уыцы æрдзон æууæлтæ адæймаджы уæнджы дæр сты, фæлæ уымæн æмбæрзт сты уæздандзинады «хъæццулæй». Цас адæймагмæ уæздандзинад къаддæр уа, уыйас хъæддаг æууæлтæ тынгдæр равдисынц сæхи. Уæздандзинады тæнæг хъæццулæн йæ бон нæ вæййы сæ бамбæхсын, стæй сæ æвдисын нæ хъæуы, уый адæймаг æмбаргæ дæр нæ фæкæны. Æмæ уæд йæ митæ æмæ йæ архайдæй тынг баввахс вæййы цæрæгойтæм. Адæймагæн дæр, цæрæгойау, йæ бон у фæцæрын йæ æрдзон æууæл- ты руаджы, фæлæ уæд уый адæймаг нал уыдзæн, уый уыдзæн фос, хъæддаг сырд. Ирон уæздандзинад у, нæ фыдæятæ æнусты дæргъы фæлтæрты хъомыладæн ссейраг нысанæн кæй æвсердтой, хъомылады æмæ лæгдзи- нады сæйраг бæрцбарæн чи уыдиу ахæм хуызы къæпхæн. Кæд ирæттæ арæх, уæздандзинадыл дзургæйæ, уый адæймагæн йæ туджы ис, зæгъгæ, фæзæгъынц уæддæр уый бынтон афтæ нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæ æмæ фыдæлты гентæ адæймаджы удыхъæдыл фæзынынц, фæлæ уыцы архайд у тынг чысыл. Адæймаджы уагахаст æмæ удыхъæды л æппæтæй тынгдæр архайынц йæ алфамбылай 27
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ уæвæг адæм, тынгдæр та йæ ныййарджытæ. Фыццаджы-фыццагдæр адæймагæн йæ зондахасты уæздандзинады талатæ ныййарджытæ бай- тауынц, уыдон ын бавæрынц - бауадзынц йæ удыхъæды æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ. Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд йæ сагъæсты бындурон, йæ цар- ды сæйрагдæр нысан хъуамæ уа уыдоны уæздандзинады бындурыл схъомыл кæнын æмæ сæ адæмы æмрæгъ рауадзын. Кæд дæхæдæг уæз- дан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цотæн дæр уæздан суæвынæй ма тæрс. «Сау хохæй урс дуртæ нæ тулы». Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йæ удыхъæды æнæфсармдзинад рæзын райдайа. Сывæллоны уæздандзинадыл хъомыл кæнын хъæуы алы бон дæр, алы сахат дæр, йæ райгуырæн бонæй фæстæмæ. Уый алы ныййарæгæн дæр æрдзы æмæ æхсæнады раз йæ уаз хæс у. Кæй зæгъ- ын æй хъæуы, хъомылгæнæгæй хъуамæ рох ма уой, æппæт адæмты уæздандзинады бæрæггæнæнтæй иумæйаг чи у, уыдон. Фæлæ хъомыл- гæнджытæ, ныййарджытæ хъуамæ архайой, сæ хъомылгæнинаг сом- бон цы адæмы æхсæн цæрдзæн, уыцы адæмы уæздандзинады мидисы цы национ хицæндзинæдтæ ис, уыдон ын йæ удыхъæды бавæрыныл. Адæймагæн æцæгдзинад агурын, рæстдзинады фæндагыл цæуын йæ удыхъæды сывæллонæй куы нæ ныффидар уа, уæд уæздан никуы суыдзæн. Кæд æмæ уæздан митæ адæмы цæстмæ кæна, уæд та, раджы уа, æрæджы уа, уæддæр рабæрæг уыдзæн. Уæдæ цы сты уæздандзинады сæйрагдæр миниуджытæн æмæ цы амонынц? 2. Рæстдзинад æмæ æцæгдзинад Рæстдзинад æмæ æцæгдзинад сты, æрдзы æмæ æхсæнады цы ивд- дзинæдтæ цæуы, уыдон æцæг æмæ раст æй æвдисын, раст аргъ сын кæнын, кæй пайдайæн сты, уый нæ хынцгæйæ. Уый у уæздандзина- ды бындур. Адæмы æрвылбоны царды æмæ æхсæнады цы цаутæ æмæ ивддзинæдтæ цæуы, уыдон раст не ’вдисынæн уæздан адæймагæн æфсон нæй æмæ йæ хъæугæ дæр нæ кæны. Царды æцæгдзинад æн- дæр хуызы æвдисæг йæхи пайдайæн фæагуры рæстдзинад нæ, фæлæ йæ чи раивдзæн, ахæм хъузон. Рæстдзинадæн та хъузæттæ нæй, æмæ уæд уыцы пайда агурæджы бахъæуы фæлитойты цъымарамæ бахи- зын. Иу хатт асайæгæн дыккаг хатт асайын æнцондæр вæййы. Бирæ- гъы, дам, знон сæныкк кæй бахордта, уый тыххæй нæ марынц, фæлæ, райсом галыл дæр кæй нæ бацауæрддзæн, уый тыххæй. Рæстдзинадыл хæст цы адæймаг нæу, йæ сабибонты йæ йæ уæнджы кæмæн нæ ба- 28
УÆЗДАНДЗИНАД уагъдæуыд, уый æнцонæй ракæны гæдыныхас, фæсайы йæ ардбахæрд, цъыфкалæн фæкæны раст адæймагыл, ныллæууы фыдгæнæджы фæн- дагыл. Цæвиттон, ахæм адæймагæн фæлитойдзинад свæййы, йæ сæй- раг миниуджытæй иу. Иуæй-иу фæлитойтæ уæзданæй разыноны охыл рæстдзинад æмæ æцæгдзинад баивынц цæстмæ митæй. Исчи мæ раппæла æмæ мæ исчи уæздан рахона, уый хынцгæйæ, адæймаг, йæ удыхъæды цы нæ уа, уый куы кæна, уæд уыцы адæймаг у дыдзæсгом. Ахæм адæйма- гæй ферох вæййы, уæздандзинадæн рæстдзинадæй фæхицæнгæнæн кæй нæй, уый. Ахæм адæймагмæ æмхиц сты хицæй раппæлын, цæст- мæ митæ æмæ искæмæ хæлæг кæнын, хуыздæрæй разыноны охыл искæуыл цъыфкалын, нымудзын. Ахæм адæймаг цадæггай свæййы зынæрвæссон, саузæрдæ æмæ нал фæауæрды йæ алыварс уæвæг адæ- мыл тугтæ мысыныл. Нæ фыдæлтæ ахæм адæймæгтæн хастой карз тæрхон. Уымæн æмæ адæмæн раджы дæр æмæ абон дæр æппæтæй фылдæр фыдракæндтæ хæссынц ахæм фæлитойтæ. Хуыцауы æцæг- дзинад чи не ’мбары æмæ кæй нæ уырны, уый царды æцæгдзинад дæр нæ бамбардзæн. 3. Хиуыл хæцын Хиуыл хæцын у уæздандзинады æппæты сæйрагдæр бæрæггæнæн. Амоны зæрдæйы бæллицтæ, мондæгтæ, буары æнкъарæнтæ æмæ домæнтæн уынаффæ кæнын æмæ сыл фидар хæцын фæразын. Адæймаг йæ монцтæ æмæ йæ зæрдæйы æхцонады фæдыл куы цæуа, ома сын сæ рохтыл хæцын куынæуал фæраза, уæд ын, хæцгæ низау, йæ сæрызонд абырсдзысты æмæ йын йæхи кæнæ æгады бынатмæ æркæн- дзысты, кæнæ фыдгæнæджы фæндагыл сараздзысты. Уæдæ цы сты хиуыл хæцыны миниуджытæ, кæм æмæ куыд хъуамæ зына се ’вæрццæг ахадындзинад? А. ЦÆСТÆНГАСЫ Ома адæймагæн йæ цæстæнгас, йæ бакаст искæйы ма батыхсын кæна, рæстæй зындзинад, тас æмæ фыдбылыз макæмæн æрхæсса, аипп макæмæ фæкæса, кæнæ «æз ницы федтон»-ы руаджы уæззау фæс- тиуæгмæ ма æркæна. Дæ бакаст æнæууæнкдзинад хъуамæ макæмæ уадза, дæ æрвылбоны цæстæнгасы дæр хъуамæ зына хæлардзинад æмæ фарн. Истæмæ кæнæ искæмæ æдзынæг кæсын аив нæу. Адæймагæн æрмæстдæр йæ зæрдæйы æмæ йæ буары миниуджытæ уынаффæ кæнын куы байдайынц, уæд йæ митæ æмæ архайд ахи- 29
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ зынц уæгъдибардзинадмæ, ома цы йæ бафæнды, уый бакæны, рауайы дзы хиуарзон, къуыдипп, йæ алыварс уæвæг адæмы æмæ æхсæнады домæнтæ ницæмæ дарæг. Адæймаджы уыцы уавæрмæ арæх æркæны йæ æппæрццæг цæстæнгас. Æ. НЫХАСЫ Адæймагæн йæ алы ныхасы дæр хъуамæ уа уæз æмæ арф хъуы- ды. «Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис», - зæгъы фыдæлты æмби- сонд. Ныхасы хъомыс æппæтыл дæр аххæссы, адæймаджы маргæ дæр акæны, мæлæтæй дæр æй бахизы. Уымæ гæсгæ адæймаг йæ ныхасæн уынаффæгæнæг æмæ хицау хъуамæ уа. Уымæн фæзæгъынц - дæ ны- хас раздæр баууил, стæй йæ суадз. Уæздан адæймагæн ныхасгæнгæйæ йæ алы дзырд дæр барст æмæ лæгъз хъуамæ уа, уæд дзы уыдзæн уæз æмæ тых (кæс сæргонд «Хидарыны уагæвæрдтæ»). «Уæздан адæймаг йæ дзыхы ныхас сахсæны дары». Б. ТАЛÆНТЫ (мидхъуыдыгпы) Адæймаг йæхиуыл хæцын хъуамæ йæ талæнты - йæ мидхъуыдыты дæр фæраза, ома сæ уæгъдибар ма уадза. Уæгъдибар талæнтæ раджы уа, æрæджы уа, уæддæр адæймаджы æркæнынц худинаггæнæг кæнæ Хуыцауы æваст митæм, ома рахизынц архайдмæ. Уымæ гæсгæ сыл хъæуы сæргъиуæг кæнын. Æппынæдзух сæры зилын куы байдайынц, уæд сæ хъæуы сурын æмæ ивын фæрнæйдзаг талæнтæй æмæ райдзаст фæндтæй. Æвзæр, æнаккаг, Хуыцауы æваст, нæфæтчиаг хъуыды дæ сæрмæ куы ’рцæуа, уæд æй тагъд асур æмæ Хуыцауæй хатыр ракур: «Ме скæнæг Стыр Хуыцау, ныббар мын, дæ хорзæхæй, табу дæхицæн!» Уыцы рæстæджы адæймаг хъуамæ йæхи æндæр хъуыддагыл бафтауа, цæмæй уыцы хъуыдытæй фæиппæрд уа. Алы мидхъуыды дæр хъуамæ æнцайа царды æцæгдзинадыл, æмæ фылдæр адæм растыл цы фæнд, уынаффæ, архайд нымайынц, уый ныхмæ ма лæууа, ома ныхмæлæуд архайд ма кæна. Мидхъуыды раст у æви нæу, уый базоныны тыххæй йæм æркæсын хъæуы адæмы цæстæй, цымæ йæ уыдон цы хонынц, зæгъгæ. Фылдæр хатт уыцы адæмы бына- ты æвæрын хъæуы, раст у, нæу, уый æргом чи зæгъид, ахæм адæймæг- ты - ныййарджыты, йе хъомылгæнджыты, ахуыргæнджыты. Уæздан адæймагæн йæ фæндтæ, йæ талæнтæ хъуамæ искæйы цард, йæ миддуне æмæ сæрибардзинад ма хъыгдарой, йæ исбонмæ йын ма ныхилой. Адæймаг хатгай ацæуы йæ бæллицты æмæ монцты фæдыл, сæ æрдз сын арф нæ басгаргæйæ, æмæ сæ уый фæстæ царды æцæг- дзинад йæ дæрзæг къухтæй ахафы. Адæймаг баззайы саст æмæ афтид 30
УÆЗДАНДЗИНАД зæрдæимæ, уымæ гæсгæ бæллицтæ рæстæгæй-рæстæгмæ барын хъæуы царды æцæгдзинадимæ, цæмæй уæгъдибардзинадмæ ма асайой, уый тыххæй. В. ÆХЦОНАДЫ (уырыс. - блаженство) Æхцонад адæймагæн æрдзæй райсгæ æнкъарæн у, Хуыцауы лæвар. Æхцонад у уæлмонцады бæрзонддæр къæпхæн. Адæймаг йæхи рæстæ- гæй-рæстæгмæ кæмæй сбуц кæны, ахæм æнкъарынад, æмæ йыл бынтон къух сисæн нæй. Иуæй-иу динон уырнындзинæдтæ амонынц, зæгъгæ, дам, æхцонад иугуырæй фыдбылызхæссæг у, ахæм хъуыды адæймаджы æркæны цагъайраджы уавæрмæ. Уый ирон адæммæ растыл нымад ни- куы уыди. Уымæн æмæ æхцонад у дунейы дзыллæйы бæллицты бæр- зонддæр нысан. Фæлæ, æнæсцухæй йæ уацары уæвгæйæ, адæймаджы асайы царды æцæгдзинадæй, «мæнæн уа»-йы иувæрсыг талæнтæм æй бакæны æмæ йын йæ зонд æртар кæны, сæргъиуæг байдайы адæйма- гæн йе ’ппæт хорз миниуджытыл. Хиуылхæцынады æппæтæй зындæр у æхцонады рохтыл хæцын, бæрц сын зонын, уымæн æмæ уый адæй- маджы æппæт æууæлты дæр хъары - хæццæ сæм кæны. Фыдæлты базырджын хъуыдытæ: «Æгæр цæхджын дойны кæны», «Хæтæг-хæтæг цæл ары, æгæр хæтæг цæф ары» комкоммæ амонынц, æхцондзинадмæ цы цæстæй кæсын хъæуы, уый. Æхцонад канд бæрцæй æнкъарын нæ хъæуы, фæлæ дзы хи хъæуы буц кæнын, иуæй-иу хатт адæмы цæстæй хизгæйæ, уымæн æмæ йе ’ууæлтæй бирæтæ адæмы ’хсæн æвдисын æнæуагдзинадыл нымад сты. Уæлдайдæр та ирон æгъдæуттæм гæсгæ. Уæздан адæймаг æмбары æмæ архайы искæй æхцонады æнкъа- рæнтæн æмбæлгæ фæндаг раттыныл, ома сæ нæ хъыгдарын, хæлæг сæм нæ кæнын, цæлхдуртæ сын не ’вæрын. «Бæрзæндты тæхæг æгæр тагъд хауы». Г. МОНЦТЫ (уырыс. - искушение, соблазн) Æхцондзинад арæх рахизы, адæймагæн æрдзæй йæ уæнджы æвæрд чи вæййы, уыцы мондагдзинæдтæм - монцтæм, базмæнты сæ, æмæ уæд уыдон дæр сæхицæн бынат агурыныл схæцынц. Зондыл уæлахиз кæнын байдайынц, æмæ хатгай адæймаг се ’руромынæн мадзæлттæ нал фæары, фылдæр хатт та æмбаргæ дæр нæ бакæны, сæ уацары куыд бахауы, уый. Монц адæймаджы æрдзон миниуæг у, æмæ йæ чи не ’нкъары, ахæм адæймаг бынтон æнæниз нæ вæййы, йæ талæнтæ монцты уацары кæмæн вæййынц, уый та, хуымæтæджы сдзæбæхгæнæн кæмæн нæй, 31
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ахæм низæй сæйы. Йæ монцты цагъайраг чи свæййы, уый æнцонæй ахизы æфсармы арæнтæй æмæ свæййы фыдгæнæг. Фыццаг - гуыбын- дзæл, расыггæнаг, хæтаг, мæнгард, хъылмадымæг, уый фæстæтæ - давæг, сайæг, фæлитой, тыхмигæнæг. Ахæм адæймаг у рынчын - удхъуаг, ома сæрхъæн, нал ын вæййы адæймаджы сурæт. Æрдзы алцæмæн дæр ис бæрц, арæн. Д ХÆРДЫÆМÆ НОЗТЫ Адæймаджы уæздандзинад фынджы уæлхъус куыд рабæрæг вæй- йы, афтæ - никуы. Хæргæ алы цæрæгой дæр кæны, фæлæ мын, æгъгъæд хæрд у, зæгъгæ, адæймаг йеддæмæ хъуыды кæнын никæй бон у. Иннæ цæрæгойтæн цалынмæ сæ ахсæнтæ байдзаг вæййынц кæнæ бафæл- лайынц, уæдмæ фæхæрынц, адæймаг та хъуамæ йæхи уромын фæраза, æмбара, фырхæрд æмæ фырнозт пайда кæй не сты, адæймаджы æгад кæй кæнынц, уый. Адæймаг афтæ хъомылгонд куынæ уа, уæд уымæй фосæй хъауджыдæр нæй. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой - «Лæджы гуыбыны куыдз хуыссы», «Гуыбындзæлæн марг йæ цæлы кæхц у, йæ фыдызнаг та йæ хуылфы ’мбæхст у». Адæймаджы ахсæн æнæбын чъыбылайау у, кæд чысыл зыны, уæддæр ын байдзаг кæныны мадзал ницæмæй ис. Адæймаг цас фылдæр хæры, уыйас æм бонæй- бон фылдæр хæрын цæуы. Цас лæг бæзнагдæр у, уыйас тынгдæр мон- даг кæны хæринагмæ æмæ хæргæ дæр кæны фылдæр. Адæм фылдæр нард кæнынц фырхæрдæй. Уымæн кодтой ирæттæ стыр аргъ гуыххæл адæймагæн. Уæздан адæймаг нæдæр уазæгуаты, нæдæр йæхи хæдзары йæ гуы- бын никуы дзаг кæны, бахæры йе стонг суадзыны бæрц. Йæ ахсæны бынат ныууадзы уæздандинады нысанæн. Уæздан адæймаг архайы йæ къæбæр искæимæ хæрыныл. Искæйы хардзæй кæнæ æввонгæй нæ хæры уазæгуаты дæр æмæ йæ бинонты ’хсæн дæр. Йæхицæн уæл- дай хæрд æмæ нозт нæ домы, хæрдыл æмæ нозтыл хæлæф нæ кæны, хуыздæр хæйттæ фынгæй не ’взары. Уæздан лæг уазæгуаты фынг- исæггаг ныууадзы, хистæры кæнæ сылгоймаджы разæй фынгмæ не ’вналы. Искæйы дзыхмæ кæсын, искæй бахæрд нымайын, гуыбыны хæр- дыл тызмæг ныхас кæнын цæрæнбоны ирæттæм худинаг у. Цæхх æмæ кæрдзын, цыфæнды кадаварæй дæр, искæмæй бамбæхсæг та æгады гакк хæссы. Дæ хордзенæй кæрдзын куы сисай, уæд уал дзы фыццаг дæ фарсмæ уæвæг адæймагæн бахай кæн. Æртæ кæрдзыны дæм куы уа, уæд’дзы дыууæ дæ фарсмæ уæвæгæн ратт, кæд дæм иу кæрдзын ис, уæд та - йе ’рдæг. 32
УÆЗДАНДЗИНАД Ирæттæ æмæ суанг сæ рагфыдæлтæ хорз зыдтой нозтæн канд йæ кæныны мадзæлттæ нæ, фæлæ ма йæм цы ’ппæрццæг миниуджытæ ис, уыдон дæр. Кодтой бирæ алыхуызон нозтытæ: ронг, сæн, арахъхъ, бырæгъ, бæгæны, фæлæ сæм расыг лæг кæддæриддæр уыдис худинаг. Иу хатт-иу чи фæрасыг, уый-иу адæмы ’хсæнмæ рацæуын нал уæн- дыди. Расыггæнаг та уыди æгад æмæ фидиссаг, адæм æй хæдзармæ нæ хуыдтой. Ирон лæг кæддæриддæр йæхи хъахъхъæдта фыднозтæй. Уæздан адæймаг кæддæриддæр хъуамæ уа æвронг, уый фыдæлты фæтк у. Уæздан адæймаг нуазгæ куы бакæна, уæддæр исты стыр бæрæгбо- ны - куывды, чындзхасты кæнæ æндæр хъæлдзæгдзинады, уый дæр, уæздандзинады домæнтæ нæ рохгæнгæйæ, ома æвронг куыд уа, афтæ. Уæздан адæймаг иунæгæй никуы бануадзæн, нозтмæ никуы бабæл- дзæн, нозтæй тых никæмæн бакæндзæн. Уыдон уæздан адæймагæн сæрмæхæссинаг не сты. Уæздан адæймагмæ цыфæнды кадджын ар- фæйы нуазæн куы ’рбахастæуа, уæддæр дзы æфсæрмæй йæхицæн зын не скæндзæн. Кæд йæ бон нæу, уæд дзы йе ’рбахæссæгæн арфæ ракæн- дзæн, саходдзæн дзы кæнæ йæ, хатыр ракургæйæ, баивдзæн лæмæгъ- дæр нозтæй. Ирон адæммæ никуы уыди æмæ нæй, æнæмæнг нуазын кæй хъæуы, иу ахæм арфæйы нуазæн дæр æмæ иу ахæм гаджидау дæр. Арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, дам, нæ рагфыдæлтæ бирæ нызтой, фæлæ расыг нæ кодтой. Уыцы ныхæстæ сты æнæбындур, бирæ чи фæнуазы æмæ расыг чи нæ кæны, ахæм адæймæгтæ æрмæстдæр ар- гъæутты цæрынц. Нæ фыдæлтæ сæхæдæг загътой: «Нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары». Бирæ чи нуазы, уый расыг дæр кæны, стæй - рæдийгæ æмæ худинаг дæр. Нозт фæлтæрдджын æфсадхонау у, фыццаг йе ’фсæдты знагмæ уа- цары ратты, стæй уыдон уым куы æрфидар вæййынц, уæд се знаджы сæ быны скæнынц, йæ зонд ын айсынц, йæ ныфс ын асæттынц æмæ дзы уацайраг саразынц. Расыг адæймаг æрра у æмæ дзы нæдæр æгъдау домæн ис, нæдæр - рæстдзинад. Расыгæн уайдзæф кæнын масты хосæй дарддæр ницы дæтты. Расыггæнагыл худын нæ хъæуы, уымæн æмæ уæззау низы ахæ- сты ис. Ахæмæн нуазын чи кæны, уый та йæ æдзардæй мæрдтæм æрви- ты. Уымæн фæзæгъынц - «Арахъхъ гаджидауæй райдайы æмæ маройæ фæвæййы». Нозтæй искæй зæрдæ балхæныны охыл нуазын дæр нæ хъæуы, искæмæ хатын дæр. Нозтуарзаг адæймагæн бануазын кæнын у æнæрхъуыдыдзинад, расыггæнагæн бадарын та - æнæгъдаудзинад. Уæздан лæджы хæдзарæй расыг лæг нæ рацæудзæн, расыггæнаг та йæм Цæугæ нæ бакæндзæн. Расыггæнаджы æрмæстдæр хынджылæггаг хæ- Дзармæ хуындæуы. 3 Родники благородства 33
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Адæймаг нуæзтмæ бæллын куы райдайы, уæд æгад суæвыны тæс- саг уавæрмæ æрхæццæ вæййы. Мондаг кæнын æм куы байдайы, уæд та йæ фосы уавæрмæ æркæны. Нозты руаджы æхцондзинад агурын у Хуыцауы æваст хъуыддаг æмæ фыдракæнд. Куывды кæнæ кæнды цы гаджидæуттæ æмæ рæгъытæ рауадзынц, уыдон се ’ппæт нæ нуæзтæуы. Бадты алы адæймагæн дæр йæхи хъуыддаг у, куыд æмæ цас нуазы, уый (кæс сæргонд «Ирон фынгæвæрд»). Е. ЗЫН УАВÆРЫ Адæймаджы цард афтæ арæзт у, æмæ алчидæр искæд, æппынкъад- дæр, иу хатт, бахауы зын уавæры: низы ахæсты, æрдзон фыдбылызы, исты бæллæхы, тыгъд быдыры, уацары, ахæстоны, кæнæ рæстæй дзыл- лæйы фыдæхы. Ахæм уавæр ирдæй равдисы адæймагæн йæ удыхъæ- ды миниуджытæ. Тынгдæр сæхи равдисынц, разынынц адæймагæн йе ’взæр миниуджытæ æмæ æнцонæй раиртасæн вæййы адæймагæн йæ удыхъæд. Уæд разынынц йæ уæздандзинад дæр æмæ йе ’нæчетар дæр. Уыдонæй раиртасæн вæййы, адæймагæн хиуылхæцынад йæ уæн- джы ис æви йе ’ддаг бакасты. Уæздан адæймаг цыфæнды зын уавæры дæр йе уæнгтæ не ’руадзы, фæлæ равдисы æвронг хъуыды æмæ фæра- зондзинад. Фæагуры мадзæлттæ уавæрæй фервæзынæн, йе ’муавæры уæвджытæн вæййы ныфс, бахъуаджы сахат равдисы æцæг æмбалад, нæ фæкæны тыфтырыкъо митæ, цæвиттон, равдисы йæ ирон уды- хъæд æмæ уымæй бæрæг фæдары иннæ адæмты минæвæртты ’хсæн. Вазыгджын, кæнæ уæззау уавæры бахаугæйæ, æппæты фыццаг Хуыцау æмæ зæдтыл дæхи бафæдзæхс, ракур сæ ныфс æмæ фæразондзинад. Уыйфæстæ агур исты мадзæлттæ дæ уавæрæй фервæзынæн. Фæстаг уысммæ дæ уырнæд, рацæуæн кæцæй нæй, ахæм уавæр нæй, фæлæ дæ тых, дæ хъару фæстауæрц кæн. Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Цæс- сыг калынæй æмæ марой кæнынæй пайда нæй. Æрмæстдæр уырнын- дзинад, ныфс, æрхъуыды æмæ ’хсар - дæ сæрхъуызойтæ. Зон, ахæм зын уавæры дæуæй раздæр чи бахаудта, уыдон бирæ уыдысты, æмæ сæ фылдæр фервæзтысты, равдыстой фæразондзинад, хъайтардзинад. Кæд дæ уæззау уавæр адæймаджы азарæй у, дæ цард уый къухы ис æмæ, кæд дзыхы ныхасæй дæхи ссæрибар кæнын дæ бон нæу, уæд сразы у иставæр дыууæрдæм пайда бадзырдыл (компромиссыл), кæд цыфæнды зын æххæстгæнæн у, уæддæр. Фæлæ кæд уыцы бадзырд ис- кæмæн зиан хæссы, искæй дæу бæсты зын уавæрмæ кæны, уæд ахæм бадзырд скæнын фыдракæнд у Хуыцауы раз. 1 Кæд дæ ныхæстæ, дæ митæ, дæ архайд фыдгулы не ’ртасын кодтой æмæ фарста кæнæ цæрыныл, кæнæ мæлыныл æрæнцади, уæд де ’ппæт 34
УÆЗДАНДЗИНАД зонындзинæдтæ, дæ хъару æрæмбырд кæн æмæ хъазуаты бацу. Кæд мæлæтдзаг тох уыдзæн, уæддæр бавзар дæ лæджыхъæд. Уыцы сахат дæ фæстаг хъуыды хъуамæ уа - цард зынаргъ у, фæлæ кæд мæлгæ, уæд рæстдзинадыл тохы. «Худинаджы бæсты мæлæт» - афтæ амыдтой фы- дæлтæ. Цыфæнды уæззау, тæссаг æмæ æбæрæг уавæры куы уай, уæд- дæр дæ рох ма уæд, дæ уагахаст, дæ митæ дæ Сæрызæд æмæ дæ Хуы- цауы хайы раз кæй сты, алы адæймагæн дæр йæ уд Стыр Хуыцауы бар кæй у, уый, æмæ йыл æууæнд, йæ тæрхон куыдфæнды куы уа, уæддæр раст уыдзæни. Зон, мыггагмæ ничи цæры ацы дунейыл, не ’ппæтдæр мæрдты бæстæм цæудзыстæм, уый адæймагæн Хуыцау æмæ æрдзæй лæвæрд у. Ахæм уавæрæн бафæразын, хиуыл хæцын та мæрдты бæсты удæн рухс бынаты аккаг у. 4. Зæрдæхæлардзинад Уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæй иу у зæрдæхæлардзи- над. Уый адæймагæн у йæ удыхъæды хуыздæр миниуæг æмæ æнцайы, адæймагмæ адæймаджы зæрдæ дарыны - гуманизмы - бындурыл. Зæрдæхæлардзинад бæрæг вæййы, адæймаг йæ алфамбылай уæвæг дунемæ - æрдзы фæзындтæ æмæ цæрæгойтæм, æхсæнады змæлд æмæ адæммæ - цы цæстæй кæсы, цы зæрдæ дары, уымæй. Адæймаг, цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды уынд æмæ конд ын уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, цавæрфæнды зонд- ахаст æм уæд, йæ уд æмæ йе ’нкъарæнтæ, дæуæн цы сты, уымæн дæр уый сты. Не сфæлдисæг Хуыцауæн ды цы дæ, уый дæр ын уый у. Сымах Хуыцаумæ æмхуызон хæстæг лæуут, уымæ гæсгæ уæ хæс у кæрæдзимæ хæлар цæстæй кæсын. Зæххыл адæймагæй зын хъахъхъæнинагдæр æмæ тæлæссонддæр ничи у, æмæ йæ хиз мастæй, рисæй, æххæлдзи- надæй æмæ æнæрхъуыдыдзинадæй. Уыцы хæс адæймагæн дунескæнæг Хуыцау саккаг кодта. Зын уавæры бахауæг адæймагмæ дæ арм бадар, йæ фарсмæ æр- балæуу, зæрдæтæ йын авæр æмæ йын баххуыс кæн. Уыцы фæтк ирæт- тæм ардбахæрды хуызæн фидар у. Зын уавæры бахауæгæн баххуыс кæ- нын канд хæс нæ, фæлæ ма удыбæстæ дæр у. «Зæрдæйы хорз дарæг - удыбæстæ ссарæг» - дзырдтой нæ фы- дæлтæ. Рынчын кæнæ æнахъом адæймаг, чифæнды уæд, фæкæсынхъуаг кæд у, уæд ын бакæстæриуæг, балæггад кæн, йæ разы лæмæгъдзинад ма равдис, цæстмæхъус тæригъæд ын ма бакæн, мæлæт æмæ низты кой 35
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ йæ разы ма кæн. Мæлæг адæймаг кæд зын удисæн кæны æмæ йын дæ бон ницы у, уæд ын ныхъхъæц, йæ уд айсыны бар æрмæст Хуыцаумæ ис, æмæ йын уымæ кув. Адæймаг дын кæд знаггад бакодта, уæддæр дæ бар (дæ бæрны) куы уа, уæд ын фыдми ма бакæн, рис кæнæ дзы хъизæмар ма бауадз, кæд цæф у, уæд ын æй бабæтт, хос ын ратт, хæринаг æмæ йæ донхъуаг ма ныууадз. Æнахъом, удхъуаг æмæ рынчын адæймаджы фыдмийæн тæрхон кæнын, зындзинæдтæ йын æвзарын кæнын, худын ыл кæнæ дзы хын- джылæг кæнын æвирхъау хъуыддаг у. Иры фыдæлтæ ахæм ми бакæнæ- гæн æгъатыр тæрхон кодтой. Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц. Кæрæдзиуыл аудын, кæрæдзий- æн æххуыс кæнын, кæрæдзийы циныл цин кæнын, кæрæдзийы рисыл риссын ирон лæгæн йæ туджы ис. Уымæн дзырдтой фыдæлтæ: «Хæр- зиуæг - удыбæстæ», «Хорз ракæнæг зæдты ’мбал у». Иры фыдæлтæ, хорз ракæнын кæмæн хъуыди, уый агургæ кодтой. Кæд, дам, дæ исбон абоны фаг у, уæд æй дыууæ дихы акæн æмæ йын йе ’рдæг курæгæн ратт, кæд дын абон æмæ райсомы фаг у, уæд та, дам, æй æртæ дихы акæн æмæ дзы дыууæ ратт курæгæн, иу та дæхицæн ныууадз. Хæрзиуæг кæнгæйæ дæ ма ферох уæд «табуафси» зæгъын, кæмæн æй дæттыс, уымæн та арфæ ракæ: «Фарны хъуыддæгтæ дзы кæн!» кæнæ «Куывдтæ дзы фæкæн!» «Амонды хос дын фæуæд!» Кæд хорз- дзинад скæнын дæ бон нæу, уæд та зæгъ: «Хуыцау - ме ’вдисæн, мæ бон дын ницы у». Æмæ йын арфæ ракæн: «Дæ хъуыддæгтæ дæхи фæндиаг уæнт!» Дæ хорздзинад цæстмæ макуы бадар, уый аипп у, цæстмæ мийы охыл хорз ракæнæг æдзæсгом адæймаг у. Кæд дæ удхосæн нæ хъæуы, уæд æвастæй искæйы исмæ бавналын (адавын, асайын, гæртам райсын) канд фыдракæнд нæу, фæлæ ма Хуы- цауы фыдæх райсын, мыггагмæ тæригъæдджын фæуын. Уæлдай нæу - бирæ адавтай æви гыццыл. Алфамбылай уæвæг адæммæ зæрдæхæлар чи у, сæ рис, сæ цин сын чи ’мбары, уый фыдракæнды фæндагыл нæ ацæудзæн. Цæрын æн- цон нæу, адæймаг та рæдийын дæр зоны, фæлæ-иу нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой: «Иу хатт фæрæдийæг - лæг, дыууæ хатты фæрæдийæг - хæй- рæг, æртæ хатты фæрæдийæг - хæрæг». Зондджын лæг йæ маст уромын фæразы, фæлæ уавæр кæд домы, уæд æмбæлы маст райсын, æрмæст æмбойны æмæ сæрмæ-сæр нæ, уый æдылыйы фæндаг у. Маст райсыны агъоммæ ахъуыды кæн, дæхæдæг 36
УÆЗДАНДЗИНАД аххосджын дæ, стæй дæ хъæуы дæ маст райсын æви нæ, ууыл. Зон, мастисæг хъуамæ Хуыцауы æваст ми ма бакæна. Мæстыгæр лæг йæхи- цæн знаг у. Мæсты уæвгæйæ, хъæр, æртхъирæнтæ чи кæны, уый йæхи худинаг кæны: «Уасаг гæды мыст нæ ахсы», «Масты фæдыл ацæуæг æнæмаст никуы вæййы». Кæд дæ маст райсыныл дæ зæрдæ фидарæй нæ дарыс (гуызавæ кæ- ныс), уæд ыл архайын дæр нæ хъæуы, аргъæв æй дæ хъуыдыйæ. Туг дарæг дæр æмæ тугисæг дæр Хуыцауы æлгъыст æмæ хæйрæджыты хъомысы сты. Искæмæн рæузондæй, æнæхъуаджы кæнæ æнæбары маст скæнын кæнæ дзы рис бауадзыны фæдыл хатыр ракурын æфсармы бæрæг- гæнæн у. Уый фæдыл сæргуыбырæй хатыр ракурын та лæгдзинад у. Æмæ кæд ахæм уавæры бахаудтæ, уæд, зивæг æмæ æфсæрмы нæ кæн- гæйæ, кæй бафхæрдтай, уый раз æрлæуу æмæ йын зæгъ: «Хуыцауы хатыр бакæн, мæ рæдыд мын ныббар!» Кæнæ: «Дæ мад, дæ фыды ха- тыр бакæн æмæ мын мæ азым ныббар!» Уымæй адæймагæн йæ кад ныллæгдæр нæ кæны. Йæ рæдыдыл фæсмон чи нæ кæны, сраст æй кæныныл чи нæ архайы, уый гуымиры æмæ æнæджелбетт адæймаг у. Адæймагæй знаг скæнынæн иу уысм дæр æгъгъæд у, лымæн æмæ æрдхорд скæнынæн та азтæ хъæуынц. «Хорз хылæй æвзæр фидыд хуыздæр у»-иу загътой нæ фыдæлтæ. Искæмæ фыдæх дарын пайда никуы никæмæн æрхаста. Адæмы æмахастдзинæдты фæлтæрæн та ууыл дзурæг у, æмæ адæймагæн йæ ныхы маст хæссыны бæсты дæ бафхæрæгæн ныббар, бахатыр ын кæн, кæд дæ хатыр нæ ракуырдта, уæддæр. Æфхæрд ныххатыр кæнæгæн йæ кад бæрзонддæр цы фæуа, æндæр къаддæр нæ фæуыдзæн, дæ бафхæрæг чифæнды куы уа, уæддæр. Ацы дунейы адæймагæн æнæ йæ алыварс уæвæг дзыллæйæ фæ- цæрæн нæй. Ирон адæм, æвæццæгæн, рагæй дæр уымæн кодтой сыха- гæн уæлдай кад, уымæн-иу загътой фыдæлтæ: «Хорз сыхаг æфсымæр у», «Бæлас куы фæкæлы, уæд йæ сыхагыл банцой кæны», кæнæ «Æф- сымæры хорз хорз у, фæлæ сыхаджы хорзæн æмбал нæй». Сыхагимæ хæларæй цæрын фыдæлтæй баззади, уый хынцгæйæ дæ сыхаг хорз у, æвзæр у, уæддæр арæхс йемæ цæрыныл, макуы йыл ауигъ дæ къух, ныббар ын йæ рæдыд. Йемæ лымæнæй цæрынæн кæд ницы мадзал ис, уæддæр æй макуы мацæмæй бафхæр, дæ цæхх, дæ кæрдзын ын ма- куы бавгъау кæн. Сыхаг зын уавæры куы бахауа, уæд йæ фарсмæ æф- сымæрау æрбалæуу, лæвар ын баххуыс кæн, уый фыдæлтæй фæдзæхст у. Сыхаджы циныл бацин кæн, æфсымæрыл куыд бацин кæныс, афтæ. Дæ кувæггаг кæд нæфæтчиаг нæу, уæд æй æнæ дæ сыхаг ма бахæр. Рох 37
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дæ ма уæд фыдæлты фæтк: куывды дæр æмæ кæнды дæр сыхаджы цардамондæн Хуыцауы ном ссарын, сæйгæ сыхагмæ рынчынфæр- сæг бацæуын, бæрæгбоны сыхагæн арфæ ракæнын, бахъуаджы сахат йæ сæрыл рахæцын, дæ цины хъуыддаджы йæ дæ кæрты уынаффæ- гæнæг скæнын. Ирон адæммæ сыхаджы мард дæр сыхæгтæ ныгæнынц, уымæй сæхицæн исты пайда скæнын худинагыл нымайгæйæ (кæс сæр- гонд «Мард ныгæнын æмæ марды кæндтæ»). Сыхаг кæцыфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæнды диныл хæст уæд, кæй ранымадтам, уыцы фыдæлты амындтæ уымæ дæр хауынц. Зæрдæхæлар адæймаг кæддæриддæр батæригъæд кæндзæн рын- чынæн, удхъуагæн, æнахъомæн, мæгуырæн, йæ бон цæмæй уа, йæ арм цæмæй амона, уымæй йын баххуыс кæндзæн æмæ йын балæггад кæн- дзæн, ныббардзæн ын тыхдзырд, æфхæрд, гуымиры митæ æмæ сонт рæдыд. Æххуыс æмæ лæггадхъуаг адæймаг тызмæг æмæ дæрзæг вæййы, суанг ма æфхæраг æмæ гуымиры дæр. Уыцы миниуджытæ уæздан адæймаг хъуамæ йæ зæрдыл дара æмæ сын быхса, бара сын. Уæздан адæймагæн йæ удыхъæды ис æвæджиауы хорз миниуæг - рæдаудзинад. Кæд дæ сыхаг, дæ зонгæ, дæ къабаз Хуыцауы рæстæй мæ- гуыры бонтæ æрвиты, уæд ды дæр уымæй хъæздыгдæр нæ дæ. Уæздан адæймаг йæ исбонæй сæрыстыр нæ вæййы, уый сæрыстыр вæййы йæ исбонæй адæмæн хæрзты бацæуынæй. Рæдаудзинад равди- сын, зæрдæхæлар адæймаджы кæнон у. Æрмæст кæддæриддæр зæрдыл дарын хъæуы, æцæг зæрдæхæлардзинад æмæ хи равдисыны охыл кæн- гæ митæн иумæйагæй кæй ницы ис, уый. Кæд дæ дæхи равдисын фæн- ды, ома сау цæмæй урсæй разына, уый, уæд бонджыны арм «адзæбæх» кæн, фæлæ зон, сауæй урс нæ зæгъдзысты. Адæмæн дæ зонд, дæ ныхас ма хъар - куы сæ бахъæуай, уæд дæ сæхæдæг агурдзысты. Адæм дæм куынæ ’рхатой, уæд сын уынаффæ дæр ма кæн. Макуы макæмæн зæгъ: «Æз хуыздæр зонын», «Æз хуыз- дæр арæхсын». Уый адæмы бар уадз, сæхæдæг æй зæгъдзысты. Афтæ æнхъæл ма у, ды хуыздæр зоныс кæнæ хуыздæр арæхсыс. Хуыздæрай хуыздæртæ бирæ ис. Цы нæ зоныс, ууыл басæттын хорз у, искæйы бафæрсын та - уымæй хуыздæр. Уæздан адæймаг хæстæгæн, къабазæн, хæларæн йæ цин дæр æмæ йæ хъыг дæр йæхи хоны, сæ сæраппонд бахъуаджы сахат хъазуаты дæр бацæуы, хионы чи нæ уарзы, уый æцæгæлоны никуы бауарздзæн; йæ бинонтимæ, йæ къабæзтимæ хæларæй чи нæ цæры, уый адæмимæ цæрын дæр нæ базондзæн. 38
УÆЗДАНДЗИНАД Зæрдæхæлар адæймаг æгомыг фосы, сырды кæнæ зайæгойты дæр нæ бахъыгдардзæн, гæнæн уæвгæйæ сæ рис нæ бауадздзæн, царды хос æмæ удхосæн куы нæ хъæуа, уæд. Зæрдæхæлар адæймагæн æцæгæлон сты зынæрвæссондзинад, зын- дзырд æмæ зындзард, цыфæнды хицауы бынат куы ахса кæнæ хъуыст- гонд куы уа, уæддæр йæ алыварс уæвæг адæмимæ цæры хæларæй, никæд никæйы фауы, никæйы ницæмæй хъыгдары. Ахæм адæймагæн йæ ныхас у фæлмæн, зæрдæмæхъаргæ æмæ узæлæг, къаддæр дзуры, фылдæр хъусы, йæ дзуаппытæ сты цыбыр æмæ хуымæтæг, нæй сæ зондамонæг ныхасы зæлтæ. Нæдæр йæ ныхасы, нæдæр йæ миты нæй схъæлдзинад, хъалбодз митæ æмæ дæлджиныггæнынад. 5. Сæр сæрмæ хæссын Алы адæймаг дæр хъуамæ йæхицæн кад кæнын зона, цæмæй йæ рæсугъд хъуыдытæ царды йæ бон рауадзын уа. Йæ зæрдæхæлардзинад æдылы, уырыд æмæ сентименталонæй æвдыст ма цæуа. Йе ’фсарм ын фырнымд ма хоной, йæ рæстдзинадыл та æууæнк уа, ууыл хъуамæ архайа. Арæх афтæ вæййы, æмæ адæймагæн йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ, йæ архайд раст вæййынц. Фæлæ сыл царды уæз куы ’рæнцайы, уæд хъæддых нæ фæлæууы. Царды зилдухæнтæ рагацау нæ бамбары æмæ йæ дзæбæх хъуыдытæ, йæ фæндтæ бæллицтæй баззайынц. Адæй- маджы уæздандзинад зынаргъ уæййаг дзаумайау у, ома, кæд цыфæнды хæрзхъæд у, уæддæр æй, цалынмæ адæм базоной, уæдмæ йæ хорз не ’лхæдæуы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ уæздандзинад адæм хъуамæ фе- ной, æмæ сæ бауырна. Уый та æнцон бакæнæн нæу. Цæмæй адæмы дæ уæздандзинад бауырна, уый тыххæй хъæуы: - хорз зонын æрдз æмæ æхсæнады рæзты закъонтæ, ома, дæм хъуа- мæ уа уæрæх æмæ арф зонындзинæдтæ; - цæрын адæмы цардæй - сæ цинтæй æмæ сæ сагъæстæй; - хорз зонын алыварсуæвæг адæмæн сæ истори, се ’гъдæуттæ æмæ сæ зæрдиагæй æххæст кæнын; - рагæй дæр кадджын сты ныфс, фæразондзинад, æхсар, - хъæуы сæ равдисын; - хорз зонын адæмы абоны ахсджиаг æмæ риссаг фарстатæ, æмæ архайын сæ алыг кæныныл, кæд æвналæнтæ амонынц, уæд; - сарæхсын фыдгул æмæ фыдæн аккаг ныхкъуырд дæттынмæ, уыимæ уæзданæй æмæ хъæддыхæй; - иубæстон адæм æмæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд ницы æв- гъау кæнын; 39
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - зæрдыл дарын фыдæлты фæдзæхст: нæ адæмы хъысмæт хъуамæ уа нæ адæмы бæрны. «Ныммæл-иу фæсмонæй, ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар», - фыста Иры гени Къоста. 6. Райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыд уæвын Алы ирон лæгæн дæр йæ царды сæйрагдæр нысан æмæ æхсæнадон хæс у йæ райгуырæн Ирыстон, йæ иубæстон адæм æмæ йæ фыдæл- ты фарн бахъахъхъæнын, сæ кад, сæ намыс сын дæлæмæ нæ уадзын, бахъуаджы сахат сын йæ туг кæнæ йæ цард нæ бавгъау кæнын. Уый у, фыдæлтæй чи баззад, уыцы уаз фæтк æмæ, фыдæй-фыртмæ чи цæуы, уыцы ныстуан. «Райгуырæн бæстæйæн йæ дуртæ дæр рæсугъд сты», «Дæ цард дæ цæсты куы сæгад уа, уæд-иу æндæр бæстæтыл æрзил» - загътой-иу нæ куырыхон фыдæлтæ. «Райгуырæн бсестсейы кæрдзыны късебсер хæлардсер семæ хъазардсер у сецсегæлон бæстсейы гуыдынæй»у - фыста Гагкайты Хъазан. Ирон уæвгæйæ, кæмдæриддæр у, цавæрфæнды адæмы æхсæн цæр, цыфæнды царды уавæртæ дын уæд, дæ алыварс уæвæг адæмæй хъу- амæ бæрæг дарай Ирыстон æмæ дæ иубæстон адæмы æгæрон уарзтæй уарзынæй æмæ бахъуаджы сахат уыдон сæраппонд мæлæтдзаг тох- мæ цæттæ уæвынæй, ирон уæздандзинадæй, зонындзинæдтæй, фæл- лой кæнынæй, ныфс æмæ æхсарæй. Хъуамæ дæ алыварс уæвæг адæм дæуыл сæ зæрдæ дарой, хъуамæ æууæндой, бахъуаджы сахат сæ фарс- мæ сæрхъуызойы бынат кæй бацахсдзынæ, ууыл. Кæй ранымадтам, уыцы æвæджиауы миниуджытæ алы иронæн дæр хъуамæ йæ туджы æмæ йе уæнджы бацæуой йæ мады æхсыримæ. Ацы миниуджытæ цы адæймаджы удыхъæды ныффидар вæййынц, æрмæстдæр уымæн ис йæхи сæрыстырæй Ирон хоныны бар. Кæддæриддæр зæрдыл дарын хъæуы: йæ райгуырæн бæстæ чи нæ уарзы, уый æцæгæлон бæстæ никуы бауарздзæн, йæхи адæмыхатт кадджын кæмæ нæу, уый æндæр адæмы бæрзонд никуы скæндзæн, йæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ чи ницæмæ дары, уый йæ райгуырæн бæстæн æцæгæлон у. Иронусевгсейсетохы быдырсейралидзсегу тсеппуддзинад равдиссег, хи цард раттыны бсесты исксейы цард тсессаг уавсермсе ксенсе мселсетмсе раттсегу иубсестон адсемыл ксенсе рсестсей сендсер исксеуыл цъыфкалсег, гадзрахатсей рацсеусегу ирон ардбахсерды ссерты ахизсег, ныййарседжы тдеригъседы бацсеуæг адсемы ’хссен цсерыны аккаг нсеу. Ахсемты нсе куы- рыхон фыдæлтсе куыдзсеппарсен былсей сеппсерстой, ссе мсердтсе сын 40
УÆЗДАНДЗИНАД иумсейаг уæлмæрдты нæ ныгседтой. Ахсем адсеймаг канд йсехседсег нсе хсессы худинаджы æмсе фыдгсенседжы гакк, фселсе ма сегады бынатмсе тсеры йсе бинонты, йсе мыггаджы, йсе дзыллсейы. Ирон адæммæ хъæбатыры ном никуы хаста æмæ нæ хæссы, адæмы цæстмæ чи архайы, мæнæ мæ феной æмæ мæ раппæлой, зæгъгæ, уый. Æцæг хъæбатыр уый вæййы, йæхицæй чи никуы раппæлы, мæлæтдзаг тохы бацæугæйæ хъæбатырдзинад чи равдисы. Кæд дæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд тохы бацыдтæ, уæд дæ зæрдыл дар, знаджы ды куы нæ амарай, уæд æй ничи амардзæн, фæлæ уый дæу амардзæн. Цыфæнды фыдуавæры - цъысымы куы бахауай, уæддæр дæ уд аирвæзайы кæнæ дæхи æхцондзинады охыл дæ сæрмæ æнæфсармдзи- над макуы ’рхæсс, дæ цæсгом макуы ауæй кæн. Фыдыуæзæг, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмы хъахъ- хъæнын, йæ кад, йæ намыс ын бæрзонд хæссын алкæд хæсты быдыры æмæ хæцæнгарзæй нæ фæхъæуы, нæ фæлæ фылдæр хатт адæймаджы æрвылбоны удвæллойæ, бæрзонд аивад æмæ культурæйæ, иубæстон адæмæн сæ цæсгом равдисынæй. Алы адæмыхатт дæр дунейы иннæ адæмты ’хсæн бæрæг дары æмæ йæ ном бæрзонд хæссы йæ национ культурæ æмæ аивады руаджы, йæ удварны хæзнатæй, йæ хорз æгъдæуттæй. Махæн - ирон адæмæн - нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы кæй сфæлдыстой æмæ сæ уæззау царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, уыцы удварны хæзнатæ сты нæ нацийы абоны намыс æмæ сæрыстырдзинад. Фыдæлтæ уыдон бындурыл хъо- мыладон куыст ахæм бæрзонд æмвæзадмæ систой, æмæ абон дæр мах дисы ’фтауынц сæ æвæджиауы дидактикон принциптæ æмæ мадзæлт- тæ, уæлдайдæр та уыцы хъомылады фæрнæйдзаг фæстиуджытæ. Уыцы удварны хæзнаты руаджы фæлтæрæй-фæлтæрмæ Иры дзыллæйы ’хсæн фидар кодтой уæздандзинад, æхсар, адæймагдзинад æмæ æндæр бирæ хорз миниуджытæ, дунейы дисы чи ’фтыдта, ахæмтæ. АбоНу ирон уæвгсейсе, йсерайгуырсен бсестсе æмсе йсе иубсестон адсем зынаргъ ксемсен сты, уый хъуамсе цсесты гагуыйау хъахъхъсена семæ аив ксена, уселдæр кæй ранымадтам, уыцы национ хæзнатæ, уæлдайæр та, традицион чи сси, уыцы национ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ: - райгуырæн бæстæ, иубæстон адæм æмæ фыдыуæзæгыл æнувыд уæвын, амæлæты бонмæ сын сæрхъуызой æмæ лæггадгæнæг уæвын; - ныййарæгæн, хистæрæн кад кæнын æмæ йæ буц дарын; - кæстæрты ахуыры фæндагыл аразын; - уазæджы Хуыцауы уазæгыл нымайын, буц æй дарын æмæ йæ хъахъхъæнын; 41
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - сыхагæн лæггад кæнын, бахъуаджы рæстæг йæ фарсмæ æр- балæууын, йæ циныл цин кæнын, йæ рисыл - сагъæс; - сылгоймагæн - дзыллæйæн дунейы рухс дæттæгæн - йæ ном, йæ фарнæн уæлдай кад кæнын. - адæмы сæраппонд тохы лæгдзинад равдисын. Кæй ранымадтам, уыдон сты уæздандзинадæн æрмæстдæр йæ сæй- раг бæрæггæнæнтæ, фæлæ, æмткæй райсгæйæ, æвдисынц йæ мидис æмæ ирон адæмы национ удыхъæды сæйраг миниуджытæ.
«Зæрдсейы йæхи бар куы ауадзай, уæд бирæ фыдбылызтæ сараздзæн...» Коцойты Арсен ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ Уæздан адæймагæн алкæддæр æмæ алкæмдæр йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæф, алы ныхас æмæ фæкаст дæр бæлвырд фæткыл, нывыл æмæ æфсармы фæлгæты вæййынц. Уæздан адæймаг æдзæрæг быдыры кæнæ тархъæды сырдты астæу куы уа, уæддæр ын, фыдæлтæй цы уаг æмæ æфсарм баззадысты, уыдон домæнтæ æххæст кæны йæ Хуыцауы- хай æмæ йæ фыдæлты фарны раз, йæ уд æмæ йæ цæсгомы сыгъдæг- дзинадæй. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Уаг æмæ æфсарм кæм сты, æгъдау дæр уым ис, æгъдау кæм и, кад дæр уым и». Кæнæ: «Ирон лæджы уагахаст - æфсарм æмæ фæткыл баст». Адæймаг хæдзары, уазæгуаты, æхсæнадон бынæтты, балцы, уын- джы хи дарыны уагæвæрдтыл фыццаджыдæр сахуыр вæййы йæ хæдза- ры - йæ бинонты ’хсæн, йæ мад, йæ фыд æмæ йæ хистæртыл. Йæхи да- рын зоны æви нæ, уый та рабæрæг вæййы æддæ - адæмы ’хсæн. Адæмы ’хсæн йæхи дарын чи нæ зоны, уымæн уæздан рахонæн нæй, цыфæнды ахуыргонд, цыфæнды хицау æмæ фендджын, рæдау æмæ хъæздыг куы уа, уæддæр. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Æгасцуай - уынд æмæ кондæн, фæндараст - уаг æмæ зондæн». Адæмы ’хсæнмæ цыфæнды рæсугъд дарæсы куы рацæуай, уæддæр уымæй уæздандæр не фæуыдзынæ. Фæлæ уæддæр арæх адæймагæн йе ’ддаг бакаст, йæ цæстæнгас, йæ ми, йæ фезмæлд, йæ биноныгдзинад æмæ йæ дзыхы ныхас айдæнау февди- сынц йæ миддуне æмæ йæ удыхъæд. Дæлдæр ныхас цæудзæни, адæмы ’хсæн алы уавæрты хи куыд дарын хъæуы, ууыл. 43
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 1. Уынджы æмæ æхсæнадон бынæтты Адæмы ’хсæнмæ æмæ искæдæм балцы ацæуыны размæ æркæс дæ- химæ, базил дæ буармæ, дæ цæсгоммæ, дæ хил адас, дæ ныхтæ ракæн, дæ дарæс барæвдз кæн, ахъуыды кæн, дæ уæлæ цы скæндзынæ, ууыл, демæ дæ цы райсын хъæуы (хызын, дзæкъул, æвдисæндар гæххæттытæ, фыссæн сис, къухмæрзæн, фæндаггаг, зонтык). Ахъуыды кæн, кæдæм, кæуылты æмæ цæмæй цæудзынæ. Дæхимæ кæсæнмæ дæр бакæс. Хъуа- мæ дæ дарæс, дæ фадыварц æдде бакæсгæйæ уой зæрдæмæдзæугæ, аив, сыгъдæг. Æхсæнадон уагæвæрдмæ гæсгæ цæуын кæуылты не ’мбæлы, ууыл- ты цæуын æнæуагдзинад у. Архай фæндагæн (тротуарæн, зæххы бын цæуынæн, тыргъæн) йæ рахиз фæрсты цæуыныл. Цæугæйæ дæ гуыр къаддæр змæлын кæн, цæнгты змæлд æмæ къа- хы айст хъуамæ уой фæлмæн, аив. Гуыр - раст, сæры æвæрд - бæрзонд- гомау. Кæд уавæр нæ домы, уæд кæн сабыр æмæ цыбыр санчъехтæ. Кæд дæм исты хæссинаг ис, уæд æй аив батух кæнæ йæ сæвæр хæссæн- гарзы, дæхи дæр æмæ искæйы дæр куыд нæ хъыгдара, афтæ. Хъавгæ цу, искæйы куыд ницæмæй батыхсын кæнай, афтæ. Æнæбары искæйы куы бакъуырай кæнæ куы асхойай, уæд дзы хатыр ракур - æрлæуу, де ’ргом æм аздах æмæ зæгъ: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!» Адæмы ’хсæн дæхи хъæлдзæг, æвæлладхуыз дар. Нæфæразгæ куы уай, уæддæр, кæд дæ хъару у, уæд быхс. Кæд уавæр нæ домы, уæд дæ сагъæстæ макæмæн дзур, архай дæхи æгуыдзæгæй не ’вдисыныл. Уынджы цæугæйæ искæйы рудзгуытæм, искæйы кæртмæ, искæйы машинæмæ, искæйы дзаумæттæм æдзынæг кæсын, алырдæм дзæгъæл- гаст кæнын, къухæй сæм амонын æнæфенддзинад у. Æцæгæлон æмæ æнæзонгæ адæймагмæ, нæлгоймагæн сылгоймаг- мæ, кæнæ сылгоймагæн нæлгоймагмæ æдзынæг кæсын кæнæ йын йæ гуырыл бæлвырд фæлгæсын æнæфсармдзинад у. Уавæр куынæ дома, уæд, чи у, уый нæ зонгæйæ, искæимæ ныхас кæнын, æнæхъуаджы йæ истæмæйты фæрсын - аипп у. Æнæзонгæ адæймаджы сæр дæ куы бахъæуа, уæд ын зæгъ: «Æф- сымæр, дæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз уæд!» Æмæ дарддæр: «Дæ хорзæхæй, аххуыс мын кæн, мæ голлагыл мын схæц!» Кæнæ: «Хорз чызг, бахатыр кæн! Ам автобусы æрлæууæн кæцы ран ис?» Уыйфæстæ хæрзиуæггæнæгæн раарфæ кæн: «Дæ цæрæнбон бирæ уæд!» Кæнæ: «Стыр Хуыцауы хорзæх дæ уæд!» Йе та: «Стыр бузныг, Хуыцау дын æх- хуЫсгæнæг уæд!» Науæд та: «Бузныг, дæ цæрæнбон бирæ!» Ахæм кур- диатимæ дын дæхимæ исчи куы хата, уæд ын зæгъ: «Табуафси!» - уый 44
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ фæстæ, цы куры, уый баххæст кæн, кæд дын зын у, уæддæр, æмæ йын йæ арфæйæн дзуапп ратт. Такси кæнæ æндæр транспорты дæ цæуын куы бахъæуа, уæд æй, кæм æмбæлы, уым æруром, скъæрæгæн зæгъ: «Дæ фæндаг раст!» Стæй дæ кæдæм цæуын хъæуы, уый бацамон. В а р и а н т: «Æфсымсер, дсе хорзсехæй, уæртæ-ма мсе театры фсезмсе бадав!» Машинсейсе куы хизай, усед та йын арфсе раксен: «Дсе цсерсенбон бирсе усед! Уастыр- джийы уазсег у!» Ксенсе: «Бузныг} дсе фсендсегтсе дсехи фсендиаг усент!» Æхсæнадон транспорт куынæ уа æмæ кæд уавæр нæ домы, уæд æнæзонгæ адæймаджы машинæйы сбадын не ’мбæлы. Хионыл кæнæ зонгæ адæймагыл сæмбæлгæйæ йын салам ратт: «Дæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз!» Кæд æй исты архайгæ бай- йафай, уæд та: «Байрай!» кæнæ «Рæстмæ у!» науæд та: «Дæ хъуыддаг - раст!» Кæд дæ хæстæг (зонгæ) дæуæй кæстæр кæнæ де ’мгар у, уæд æм æгасцуай зæгъынмæ дæ къух ратт. Дæхимæ дын исчи йæ къух куы дæтта, уæд æй нæ райсын амоны æфхæрд кæнæ стыр уайдзæф дæуæр- дыгæй. Цалдæр адæймаджы кæрæдзийыл куы сæмбæлынц, уæд салам ратты æрмæстдæр хистæр, кæстæртæ та сæ бынæттæй сыстынц æмæ салам раттæгмæ се ’ргæмттæ аздахынц, уый фæстæ кæрæдзийæн хистæрæй-кæстæрмæ сæ къухтæ райсынц, уыимæ, цалынмæ хистæртæ кæрæдзи къухтæ райсой, уæдмæ кæстæртæ банхъæлмæ кæсынц. Къух- тæ исгæйæ кæддæриддæр райдайынц хистæрæй, уымæй æцæгæлонмæ кæнæ уазæгмæ æмæ фæвæййынц хионыл. Куывдмæ æрцæуæг кæнæ куывды бадæг адæмæн салам лæвæрдæуы худысистæй æмæ мæнæ ахæм ныхæстæй: «Цы зæдтæ æмæ дауджытæм бакуывтат, уыдон хорзæх уæ уæд æмæ бæрсткуывд ут!» Кæнæ: «Уæ ба- куывд, уæ табу дунескæнæг Хуыцаумæ фехъуысæд!» Науæд та: «Уæ бадт Хуыцауы фарнæй хайджын уæд, æмæ бæрсткуывд ут!» Хион кæнæ зонгæ адæймаг дæ исты архайгæ куы æрбаййафа, уæд ын «Æгас цу!» кæнæ йæ номæй «Хъайтыхъо, æгас цу!» зæгъ. Кæд дын йæхæдæг арфæ ракæна, уæд та йын зæгъ: «Арфæгонд у, Хъайтыхъо!» Кæнæ: «Хъайтыхъо, æгас цу, æмæ дыл Хуыцауы арфæ сæмбæлæд!» Уый фæстæ дзы хатыр ракур, æнæвдæлон кæй дæ, уый тыххæй (куыст ныу- уадзынæн дын кæд мадзал нæй, уæд): «Хъайтыхъо, чысыл фæгæдзæ кæн, дæ хорзæхæй!» - йе та: «Хъайтыхъо, тынг ахсджиаг хъуыддаг у, ныууадзæн ын нæй æмæ дæ хатыр курæг дæн». Кæд дæ ми, дæ архайд, фæуадзæн кæмæн ис, ахæм у, уæд æй фæ- 45
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ уадз, слæуу кæнæ уазæгæн йæ размæ рацу æмæ йын афтæмæй æгасцуай зæгъ. Кæд æй рагæй нæ федтай, уæд ын йæ къух райс. Уынджы фæцæйцæугæйæ искæй кæртæй дæ размæ бæлццон кæнæ уазæг куы рацæйцæуа (хæрхæмбæлд куы фæуа), уæд ын йæ фæндаг ма алыг кæн - иуварс алæуу, фæндаг ын ратт æмæ йын раарфæ кæн: «Уастырджи дæ фæндараст фæкæнæд!» Кæнæ: «Дæ балц дæхи фæнди- аг уæд!» Ахæм уавæры дын дæхиуыл исчи куы амбæла æмæ дын арфæ куы ракæна, уæд ын дзуапп ратт: «Хæрзæмбæлæг фæу, дæ цæрæнбон бирæ!» Кæнæ: «Нæ фембæлд Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæд, дæ цæрæн- бон бирæ!» Хистæрыл кæнæ сылгоймагыл къæсæрыл (дуарыл) хæрхæмбæлд куы фæуай, уæд иуварс алæуу (фæндаг ын ратт) æмæ йын зæгъ: «Та- буафси, æрбахиз!» Кæнæ: «Дæ хорзæхæй, æрбахиз, æз дæ разæй саг дæр нæ амардзынæн!» Иу къæсæрыл фембæлгæйæ дын исчи фæндаг куы радта, уæд ын ра- арфæ кæн: «Дæ цæрæнбон бирæ!» Кæд, кæимæ фембæлдтæ, уый æры- гон адæймаг у, уæд та: «Хорз амонд дæ хай!» Кæд æмæ æвзонг адæймаг у, уæд та: «Дæ ныййарджыты фæндиаг бахъомыл у!» Æхсæнадон транспортмæ бахизгæйæ уым кæд дæ зонгæтæй исчи разына, уæд ын салам ратт: «Дæ фæндаг раст!», зæгъгæ, æмæ æнæ ис- кæйы бахъыгдаргæйæ дæ бынат æрцахс. Де ’мбæлццæттимæ хиуылхæ- цгæ ныхас кæн, тагъд ма кæн семæ базонгæ кæныныл, стæй, кæд уавæр нæ домы, уæд дæ уыдонимæ кæрæдзи зонын дæр ницæмæн хъæуы. Де ’мбæлццæттимæ уыл иугæр ныхас куы бацайдагъ уа, уæд архай къад- дæр дзурыныл. Æнæзонгæ адæймагимæ ныхасы сæр хъуамæ уа уæ фæндаг, боныхъæд, æрдз, аивад кæнæ культурæ (кæс сæргонд «Уæздан- дзинад»). Æхсæнадон транспорты хистæрæн, сылгоймагæн, сахъатджынæн, хъæбысыдаргæ сывæллонджынæн æмæ ’нæфæразгæ адæймагæн сыст æмæ йын: «Табуафси, сбад!» зæгъгæйæ, дæ бынат суæгъд кæн, æрмæст æй тыххæй ма бадын кæн, ома, йæ ма сфæлмæцын кæн æгæр хатынæй. Дæхицæн дын исчи йæ бынат куы суæгъд кæна, уæд ын арфæ ракæн, фæлæ бадыс, нæ бадыс, уый дæхи хъуыддаг у. Театры, транспортон фæрæзты, сæудæджергæнæн рæтты æмæ адæмы ’хсæн - уынджы æхснырсгæйæ, хуыфгæйæ æмæ комивазгæйæ дæ дзых дæ армытъæпæнæй æхгæн (æмбæрз), кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд адæмæй иуварс дæхи азил, дæ къухмæрзæн сис æмæ дзы дæ дзых æмбæрз. Æхснырсгæйæ, хуыфгæйæ кæнæ æнæбары комиваз- гæйæ, кæд дæ фарсмæ исчи ис, уæд дзы хатыр ракур: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!» 46
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ Кæстæр дæ разы куы æрæхснырса, уæд ын зæгъ: «Цæргæ!» кæнæ «Царды нывтæ дæ хай!» Æрæхснырсæг карджын адæймаг куы уа, уæд та йын зæгъ: «Æнæниз у!» Нуазгæйæ кæнæ хæргæйæ дæ разы исчи куы ферхæца, уæд ын зæгъ: «Дæхи хай!» кæнæ - «Дæ хай - дæхи!» Адæмы ’хсæн исты æнаив ми æнæбары куы бакæнай, уæд хатыр ракур, фæлæ уæлдай ныхæстæй дæхи ма раст кæн æмæ дæхи ма ’фхæр. Æхсæнадон бынæтты уæвгæйæ æмæ уынджы цæугæйæ хæрын, чъиу кæнæ æндæр исты æууилын, æхсынæнтæ æхсынын, нуазын æмæ тамако дымын æнæуагдзинæдтæ сты. Исты диссаджы ногдзинад фен- гæйæ дæ цымыдисдзинад ма ’вдис, театры, цирчы æмæ æндæр ахæм аивадон бынæтты хъæрæй дзурын, æхситт кæнын, фест-фест кæнын æнæфенддзинады бæрæггæнæнтæ сты. Кæмдæриддæр адæмы ’хсæн æнæфсармдзинæдтæ сты: æнæхъуа- джы хъæр æмæ æхситт кæнын, дæндæгтæ схъауын, хъæрæй ныхас кæ- нын æмæ худын, бухъхъытæ кæнын, фындз хъæрæй мæрзын, фындз къахын. Аипп у сылгоймагæн адæмы ’хсæн, кæд уавæр нæ домы, уæд хи ахорын, айдæнмæ кæсын æмæ дзыккутæ фасын. Æнæфенддзинæдтæ сты искæмæ, уæртæ уый, зæгъгæ, æнгуылдзæй кæнæ æндæр истæмæй (зонтык, лæдзæг, чиныг æмæ æнд.) амонын, æнæзонгæ адæймагмæ айуангæнæгау ныхасæппарæн, схъæл кæнæ тыз- мæг ныхас кæнын, искæй чысыл истæйы тыххæй æфхæрын, æнæфсарм дзыхыуагæй дзурын (чъизи ныхас кæнын). Чъизи ныхас кæнын хъаз- гæмхасæнты дæр у æнæгъдаудзинад, æнæуагдзинады бæрæггæнæн. Æнæфенддзинад у искæйы исбоныл, фосы бирæйыл, æхсыры ’ркондыл, хорæрзадыл, сывæллоны (рæзгæ сабийы) уынд æмæ кондыл зæрдæргъæвдыл æмæ искæй ног дзаумайыл дис кæнын. Адæмы ’хсæн уæвгæйæ дыл зæрдаивæй, æнæнхъæлæджы кæнæ æнæбары, æнæзæрдæмæдзæугæ, æдзæлгъæд ми куы ’рцæуа, уæд дæ цуры уæвæг адæмæн зæгъ: «Уæ фарн бирæ уæд, бахатыр кæнут!» - кæнæ: «Хуыцауы хатыр мын бакæнут!» Дæ разы æндæр исчи ахæм ми куы бакæна, уæд дæхи ’нæхъусæг æмæ ’нæфенæгау дар. Кæд дæуæй сæрмагондæй хатыр ракура, уæд та зæгъ: «Хуыцауы раз æназым у!» - кæнæ: «Чи нæма ’рцыд, ахæм хабар нæу. Сæрызæд дæ хизæд!» - йе та: «Уымæй стырдæр рæдыд дыл макуы ’рцæуæд!» Ахæм адæймагыл ай- уан кæнæ былысчъилтæ кæнын аив нæу. Адæмы ’хсæн истæмæ рады лæугæйæ, йе траспортмæ кæнæ, дуканийы исты æлхæнынмæ, кæд дæ фæстæ зæронд кæнæ рынчын адæймаг лæууы, æмæ дын кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд æй дæ разæй бауадз. Æхсæнадон транспорты, вагзалы, театры кæнæ æндæр искуы 47
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дæуæй хистæр чи у, ахæм хæстæг-хионыл, хæларыл, сыхагыл амбæл- гæйæ йын йæ зæрдæ истæмæй сбуц кæн - фæндаджы аргъ ын бафид, йæ хæссинæгтæ райс, йе та йын адджинæгтæ, науæд дидинджытæ балхæн, кæд дæ фадат амоны, уæд, бацин ыл кæн. Уынджы кæнæ искуы фæндагыл дыууæ адæймаджы кæрæдзи фæн- дæгтыл цæхгæрмæ ацæуын куы бахъæуы, уæд, кæстæр чи у, уый рага- цау, 3-5 санчъехы бæрц ма се ’хсæн дæрддзæг куы вæййы, уæд æрлæууы, хистæры æрбацыдмæ банхъæлмæ кæсы, стæй йын салам ратты æмæ йæ, йæ рæзты ауадзы - йæ фæндаг ын нæ алыг кæны. Хистæр та йын арфæ ракæны: «Дæ цæрæнбон бирæ!» Науæд та: «Амондджын фæндæгтыл цу!». Кæстæр ын дзуапп ратты: «Хуыцауы арфæ дæ уæд!» Кæнæ: «Бузныг». Дыууæ æмгар фæндаггонæй уазæг, бæлццон, сылгоймаг, рынчын чи у, кæнæ уæззæуттæ чи хæссы, уымæн иннæ фæндаг ратты, «Табуафси, рацу!» зæгъгæйæ. Фæндагыл дыууæ адæймаджы иумæ куы фæцæйцæуынц, уæд кæстæр йæ фæндаг дары хистæрæн йæ галиуфарсæрдыгæй, дыууæйæ иу сылгоймаг куы уа, уæд нæлгоймаг цæуы галиуæрдыгæй, ома, сыл- гоймаг йæ рахиз къабазы бын куыд уа, афтæ. Фæндаггæттæ æртæ куы вæййынц, уæд дыууæ кæстæры фæцæуынц хистæрæн йæ фæйнæфæр- сты, æртæйæ иу сылгоймаг куы вæййы, уæд фæцæуы астæуæй. Нарæг фæндагыл кæнæ талынджы дыууæ бæлццонæй кæстæр чи у, уый фæцæуы разæй, æртæ куы вæййынц, уæд та кæстæртæ фæцæуынц разæй æмæ фæсте. Æртæйæ иу сылгоймаг куы вæййы, уæд та нæлгой- мæгтæ фæцæуынц йæ разæй æмæ йæ фæстæ. Фæндаггæтты къордæй дыууæ кæнæ фылдæр нæлгоймæгтæ куы вæййынц, цалдæрæй та сыл- гоймæгтæ, уæд нæлгоймæгтæ фæцæуынц разæй æмæ фæсте. Фæндаг- гæттæй иу нæлгоймаг æмæ дыууæ, кæнæ фылдæр сылгоймæгтæ куы вæййынц, уæд нæлгоймаг фæцæуы сылгоймæгты галиуæрдыгæй фарс, сылгоймæгты кæстæр та - рахизæрдыгæй. Нарæг фæндагыл талын- джы, кæнæ тæссаг ран нæлгоймаг фæцæуы сылгоймæгты разæй, сыл- гоймæгты кæстæр та - сæ фæстæ. Зонгæ сылгоймаджы кæнæ хистæры дæ фæндагыл куы сæййафай, кæнæ дæ комкоммæ куы ’рцæйцæуа, уæд ын «дæ фæндаг раст!» зæгъ æмæ йæ галиу фæрсты дæ фæндаг адар. Сылгоймагимæ фæндагыл цæугæйæ архай, цæмæй сылгоймаг фæн- дагæн йæ лæгъзыл цæуа, ууыл. Цæттæ у бахъуаджы сахат ын истæмæй балæггад кæнынмæ, фæндаг амонæг æмæ йын ныфс æвæрæг у. Нæлгоймаг сылгоймагимæ куы фæцæйцæуа, уæд хъуамæ сылгой- ма^æн йæ разæй дæр ма цæуа, фæсте дæр ма зайа. Зонгæ сылгоймагимæ фембæлгæйæ йын куыд æмбæлы, афтæ салам 48
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ ратт, æмæ дæм æгасцуай кæнынмæ кæд йæ къух æрбадара, уæд ын æй райс, фæлæ йæм дæхæдæг раздæр дæ къух ма бадар, стæй йын йæ къух куы райсай, уæд æй æлхъивгæ æгæр ма кæн. Сылгоймагæн йæ къухтæн, йæ дарæсæн батæ кæнын нымад у æнæгъдаудзинадыл. Сылгоймаг кæд æххуысхъуаг нæу, уæд æм армæй æвналын не ’мбæлы. Машинæмæ, уæрдонмæ, трамваймæ хизгæйæ, доны (арыхъ- хъы) сæрты цæугæйæ æмæ æндæр ахæм рæтты сылгоймагмæ къух ба- дарын кæнæ йын йæ цонгыл фæхæцын, йе та йын æндæр исты лæггад бакæнын нæлгоймагæн хæс у, æрмæст уый агъоммæ базон, дæ лæггад бакæнд йæхицæн фæндон у æви нæ. Сылгоймаг рахизынмæ куы хъава, уæд машинæ бауром, рахиз, сылгоймагæн машинæйы дуар байгом кæн æмæ йын зæгъ: «Табуафси, рахиз!» кæнæ «Табуафси, æрхæццæ стæм!» Æмæ йæ кæд æххуыс хъæуы, уæд ын баххуыс кæн. Хъæлдзæгдзинады сæмбæлгæйæ, сылгоймагмæ нæлгоймагæй ар- фæйы нуазæн куы ’рбацæуы, уæд æй йæ рахиз къухæй райсы æмæ йын раарфæ кæны. В а р и а н т: «Стыр бузныг де ’рхъуыды æмæ дсе усездандзинадсей! Нуазсены аккаг арфсе раксенынмсе сез нсе сарсехс- дзынсеНу фселæ дын мсе бæсты Стыр Хуыцау арфсе раксенсед. Табу йсехицсен! Буц мсе ксеныс семсе дсе не Скæнсег йæ хорздзинседтсей сбуц ксенсед!» Уыйфæстæ нуазæн кæстæр нæлгоймæгтæй иумæ ратты, кæд йæ алыварс уæвæг нæлгоймæгтæй æцæгæлон кæнæ уазæг исчи у, уæд уымæ ахæм ныхæстимæ: «Ацы нуазæны фарнæй ды дæр хайджын куы уаис, уый мæ фæнды, æмæ... Табуафси!» Уый фæстæ æдзæмæй æнцад фæлæууы æмæ лæмбынæг фæхъусы, нуазæн кæмæ ратты, уымæ, ца- лынмæ йын йæ нуазæнæн æгъдау ратта, уæдмæ. Нæлгоймаг нуазæн райсы æмæ раарфæ кæны. В а р и а н т: «Дсе цсерсенбон бирсе усед! Хъселдзсегдзинседты дын адсем бирсе зсердиаг арфсетæ куыд кæной, ды та сын дсе фсерныг късебицсей арфсейы нуазæнтсе æмсе хæйттæ куыд дæттай, ахæм арфæ дын иунæг кадджын Хуыцау ракæнæд! Табу йæхицæн!» Уый фæстæ, нуазæн кæмæй рацыди, уымæн дæр фæзæгъы: «Ар- сауу фарн дæм бадзурæд, æмæ дæ абонау æрхъуыдыйы фæрцы мацы ферох уæд! Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд!» кæнæ: «Арсау, фарн дæм бадзурæд! Стыр Хуыцау дæ йæ хорздзинæдтæй æрхъуыды кæнæд! Табу йæхицæн!» Арфæйы нуазæн сылгоймаг йæхæдæг куы ратты, уæд ын нæлгоймаг 4 Родники благородства 49
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ арфæ ракæны, нуазæн бануазы, стæй сыкъа афтидæй, фæлæ бузныг- гадæн - сылгоймаджы фарн æмæ бæрзонддзинады нысан равдисынæн - агуывзæйыл (сыкъайыл) æхца æрæвæры æмæ йæ сылгоймагмæ ратты. Æхца куынæ æрæвæра, уæддæр сылгоймаг хъаст нæ ракæндзæн, уый ху- динаг у. Худинаг у бирæ æхца æрæвæрын, уый сылгоймаджы дæлджинæг кæны, ома, сылгоймагæн уыцы капеччытæ йæ царды хос сты, зæгъгæ. Уæздан адæймаг искуы хионыл кæнæ йæ хæлæрттæ æмæ сыхбæстæй искæуыл куы амбæлы, уæд ын салам ратты. В а р и а н т: «Хазби, Ьæ бон хорз! Цы хабæрттæуæм ис? Дзæбæх, æнсениз стут?.. Кæстæртсе цы архайынц, цы митæ кæнынц?» Кæнæ: «Хуыцауы арфæ Ьып сæм- бæлæЬ, Хазби! Дæ фенЬ мын тынг æхсызгон у! Ра- хабæрттæ-ма мын кæн, ногæй уæм цы ис? КуыЬ- тæ цæрут, мæ Ьзæбæх маЬы хо куыЬ у? Мах Ьæр- иу абæрæг кæн, æхсызгон нын уыЬзæн!» Дæ цæрæн бынатмæ хæстæг хионыл, хæларыл куы амбæлай, уæд æй дæ хæдзармæ бахоныныл бацархай. В а р и а н т: «Уаспи, Ьæ хорзæхæй, миЬæмæ нæм рацу! Махæн Ьæ фенЬ кæЬЬæриЬЬæр æхсызгон вæййы. Хорз Ьæр Ьæ фенЬзыстæм истæмæйты». Кæнæ: «Уаспи, мæ хур, фысым нæм бакæн, ницæмæй нæм стыхс- Ьзынæ! ФæбаЬæм æмæ кæрæЬзийæн нæ хабæрттæ фæкæнæм». Кæд адæймаджы суазæг кæныныл дæ зæрдæ нæ дарыс, уæд æй хон- гæ дæр ма кæн! Былалгъ ныхæстæ æмæ сыдывд митæ адæймаджы æгад кæнынц. Уынджы, фæндагыл искуы хион кæнæ дæ хæлары чысыл сывæллæт- тыл куы амбæлай, уæд сæ барæвдау, бацинтæ сыл кæн, кæд дæ уавæр амоны, уæд сын исты зæрдæлхæнæн скæн (балхæн сын хъазæнтæ, фыс- сæн дзаумæттæ, дыргътæ кæнæ исты адджинæгтæ). 2. Фынджы уæлхъус Цы мбæлы æмæ цы не ’мбæлы: А. - цины хъуыддаджы дæр æмæ кæнды дæр цалынмæ хистæр сбада, уæдмæ лæуу, хистæр куы сыста, уæд ды дæр сыст; *- цалынмæ хистæр сыста кæнæ дын сыстынæн бар радта, уæдмæ бад, фынгæй ма ацу; 50
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ - хистæр кæнæ дæ фысым фынгмæ куы хона, уæд æнæ ракæ- бакæйæ дæ бынат бацахс; - кæд иу ран æрбадтæ, уæд дыккаг хатт мауал æрбад, уый æнæгъдау- дзинад у; - хистæр лæугæйæ куы басида æмæ лæугæйæ куы бануаза, уæд ды дæр лæугæйæ басид æмæ лæугæйæ бануаз; бадгæйæ куы сида, уæд ды дæр бадгæйæ сид; - дæ бынатæй фест-фест ма кæн, фынгмæ дæ чъылдым ма здах; - æддæмæ де ’ргом ма дар, фынджы сæрты макæимæ ныхас кæн; Æ. - гаджидау рауадзыны бар дæм куы ’рхауа, уæд слæуу æмæ басид, фæлæ хистæры гаджидæуттæ фæлхат ма кæн; - рæгъ дæм куы ’рхæццæ уа, кæнæ дын ныхасы бар куы рардæуа, уæд цыбыр ныхас кæн, дæ къухтæ ма тил, искæимæ амонæджы хъæ- лæсæй ма дзур; - сидгæйæ де ’ргом, кæмæ сидыс (кæстæртæм), уыйырдæм сараз, хистæры гаджидаумæ æфтуантæ ма кæн, ивгæ дæр æй ма кæн; - хистæрмæ куы дзура кæнæ гаджидау куы уадза, уæд æм æдзæмæй хъус, оммен Хуыцау, загъдæуы æрмæстдæр кувгæйæ, арфæ гæнгæйæ оммен нæ чындæуы. - нуазæн куы райсай, уæд ын цалынмæ йе ’гъдау бакæнай, уæдмæ йæ дæ къухæй ма суæгъд кæн, галиу къухмæ йæ ма ис; фынджы æм- вæзæй бындæр æй ма ’руадз. Б. - бадты уынаффæ кæнын дæумæ нæ хауы æмæ хистæртæм дæ дзых ма дар, дзырдæппарæн сæм ма кæн; - бадты хистæры æвастæй искæмæн арфæйы нуазæн ма ’рвит, ма дæтт, уый æнæгъдаудзинад у; - искæмæн æмбæлæггаг ма дæтт, нозтæй йæ ивар ма кæн, уыцы митæ дæумæ нæ хауынц; - хистæр нæ уæвгæйæ бадты адæмæн уайдзæфтæ ма кæн, уый хистæрты хъуыддаг у; - исчи бирæ нуазы, зыдхæрд кæны, уый тыххæй йæм лаз ма хæсс, кæд аив нæу, уæддæр. В. - хæрд æмæ нозтæй бæрц зон, фынгмæ уæздан æвнæлд кæн, тагъд ма кæн, стыр комдзæгтæй, гуымрусæй ма хæр; 51
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - фынгыл цы хæринаджы хæйттæ ис, уыдон равзар-бавзар ма кæн, дæхимæ хæстæгдæр цы хæйттæ сты, уыдонæй ис; - иумæйаг хæлцыстонмæ дæ уидыг æмæ дæ саджилæгæй ма ’внал; - уидыг æмæ саджилæгæй хæрæн цы хæринагæн ис, уымæ къухæй ма ’внал; - ирон чъирийы хай йæ цъуппæй хæрын райдайын аив нæу, фыц- цаг уал ын йæ рахиз фарсæй иу чысыл ратон (радих кæн); - хæргæйæ ныхас ма кæн; - дæ уидыг, дæ саджилæг æмæ де ’нгуылдзтæ ма сдæр, къухсæр- фæнæй пайда кæн, фæлæ йæ æнцъылдтæ, тымбылтæ ма кæн; - дæ уæлдæйттæ æмæ дæ хæрæнтæ дæхи раз уадз, дæ тæбæгъы сæ æвæр, зæхмæ сæ ма ’ппар; - æнæсæрфт къухтæй дзулмæ, агуывзæмæ кæнæ фынгæмбæрзæн- мæ ма ’внал; - фынгыл цы хæрд, цы нозт нæй, уый æфсинтæй, лæггадгæн- джытæй ма дом, уый æдзæсгомдзинад у. Г. - фынгыл дæ фарсмæ бадæг адæмæй макæй мацæмæй тыхсын кæн; - дæ дыстæй, дæ фæдджитæй дæ фарсмæ бадæджы ма бахъыгдар, цæхх, цывзы кæнæ æндæр исты ахæм дæм кæд фынгыл дæрддзæф у, уæд дæ сыхагæй ракур, зæгъæм: «Мурат, дæ хорзæхæй, цæхдарæн-ма мæм æрбадæтт!» - дæ рæбыныкъæдзтæй фынгыл ма ’нцай, дæ иу къах иннæуыл ма ’вæр, дæ бандоныл æмраст бад, дæ гуыр фæстæмæ æгæр ма уадз; - фынджы уæлхъус тамако ма сдым, æгæр хъæрæй ма дзур, хъæлæ- сы дзагæй ма худ; - фынгæй гæдытæн, куыйтæн æмæ æндæр фосæн мацы дæтт; - карды фындзæй æмæ къухы саггомæй хойрагмæ ма ’внал, уый нæ фæтчы; - дæ ныхасæн бæрц æмæ уаг зон, цыбыр ныхас кæн, æнæфсарм дзырдтæй пайда ма кæн, фынджы фарнæй æмæ кувæндонæй хатыр нæ ракургæйæ, калм, куыдз, хуы, хæйрæг æмæ хæрæджы кой кæнгæ нæу; - нозт тыххъард макæмæн кæн, уый æнæгъдаудзинад у. Д. - бадты хистæр дæм куы дзура, уæд дæ хæрын фæуадз, слæуу æмæ йæм лæмбынæг байхъус, цы зæгъы, уый æнæ уæлдай ныхасæй бакæн; 1 - бадты хистæр дын уайдзæф куы бакæна, уæд, цыфæнды карз куы уа, уæддæр хатдзæгтæ скæн æмæ хистæрмæ фæстæмæ ма сдзур; 52
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ - бадты хистæр дæ фынгæй тæргæ куы кæна, уæддæр сыст æмæ ацу, раст у, нæу, уый адæм равзардзысты, ды дæхи ма раст кæн; - исчи дын фынгмæ хай куы ’рбахæсса, уæд ын лæугæйæ арфæ ракæн: «Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын у! Адджын цард фæкæн! Буц мæ кæныс æмæ дæ мæ бæсты Стыр Хуыцау бабуц кæнæд!» Стæй дæ хай рахиз къухæй райс, æмæ дзы фыццаг дæ фарсмæ бадджытæн ратт (бахъар), стæй дзы дæхæдæг дæр скомдзаг кæн. - бадты искæй кардæй куы архайай, уæд ын æй фæстæмæ æд «кар- ды хай» (хойраг кæнæ фыдызгъæлы карст) ратт; - хистæрæн сæрмагонд хай нæ лæвæрдæуы, дæ цæрæнбон бирæ нæ загъдæуы. 3. Ныхасгæнгæйæ Æвæццæгæн, дунейы ныхасæй тыхджындæр нæдæр хæцæнгарз ис, нæдæр удгоймаджы хъару. Фыдæлтæ-иу уымæн загътой: «Ныхас адæй- маджы мæрдтæм дæр тæры, мæрдтæй дæр æй здахы», кæнæ: «Рæст- дзæвин ныхас уæлахиз хæссы!» Ныхас домбай хсецсенгарз уу æмæ кæддсериддсер тсерсын хъсеуы йсе - дзсегъсел гæрахæйу æнсе топпы кæсæнмæ гæсгæ дзы хъуамæ æхст ма цæуау фат цæмæй æнаххосыпма суайа. Цалынмæ ныхас нæма загътай, уæдмæ йын йæ фæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн. Ныхасгæнгæйæ хиуыл хæцын уæздандзинады бæрæггæнæн у. Ны- хас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад дæр. Ныхасгæнæгæн цæмæй йæ ныхасы уæз уа, нысаныл æмбæла, уый тыххæй лæг хъуамæ раздæр ахъуыды кæна мæнæ ацы фондз уагæвæрдыл: а) зæгъын æй хъæуы æви нæ? æ) цы хуызы йæ аивдæрæй загъдæуа? (сабырæйу хъæрæйу мæстыйæу хъæлдзæгæй, æргомæй, дæлгоммæ, хъазгæмхасæн)7. б) кæд æмæ йæ кæцы ран загъдæуа? в) кæмæн æй хъæуы зæгъын? г) цы дзы æмбулыс ды æмæ цы амбулдзæн дæ ныхасæмбал? Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Дæ ныхас раздæр баууил, стæй йæ зæгъ». Науæд: «Дзырд топпы фатæй уæлдай нæу, æхст куы ’рцæуа, уæд æй фæстæмæ нал раздахдзынæ». «Остерегайтесь от бессмысленного осу- ждения. Оно не только содержит свойства разложения, но и отдает слабого осудителя во власть осуждаемого». Н. Рерих 53
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Ахсджиаг ныхасмæ цæттæ кæнгæйæ цæуыл æмæ куыд дзурдзынæ, уымæн бæлвырд пълан скæн æмæ йæ дæ мидхъуыдыйы бавæр. Зон, ирон адæмæн æнæуынон чи уыди æмæ у, уыцы ныхасы хуызтæ: - æнæпайдайæ бирæ дзураг (дзæнгæдагæнæг); - æнхъæлæй кæнæ искæй дзыхæй дзурæг искæуыл цъыфкалæг; - цæстмæхъус æмæ мæнгард ныхасгæнæг; - æппæлой - йæхицæй кæнæ хионæй æппæлын; - схъæл ныхасгæнæг, ныхасæй тæрсынгæнæг æмæ дæлджинæг- гæнæг; - æнæфсарм - чъизи ныхасгæнæг; - хи равдисыны охыл искæй койтæ кæнæг; - искæйы кæнæ хи сусæгдзинад раргомгæнæг (кæд искæй удхосæн нæхъæуы, уæд); - рæстдзинады охыл зæгъын кæм хъæуы, уым хъусæйлæууæг; - нымудзæг æмæ дзырдхæссæг. 4. «Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис» - Ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл ныхасы бацæуыны агъоммæ сбæлвырд кæн, цавæр аргументтæ æрхæсдзынæ, уый; - искæимæ ныхасгæнгæйæ, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд дæ ны- хасæмбалæн зæгъ: «Табуафси, сбад!» - куы сбада, уæд дæхæдæг дæр йæ разы сбад, де ’ргом æм аздах æмæ афтæмæй дзур; - дæхиуыл хæцын фæраз, хъæрæй ма дзур, кæд цыфæнды мæсты дæ, уæддæр дæ ныхасæмбалмæ дæ маст ма равдис, кæд дæ маст уый аххосæй у, уæддæр, тыхдзырд ма кæн, дæ къухтæ æгæр ма змæлын кæн, дзур цадæггай, фæлæ цыбырæй; - ныхасæмбал дæм кæд лæмбынæг нæ хъусы, уæд ын уайдзæф ма кæн, кæд дæ кæстæртæй кæнæ дæ хъомылгæнинæгтæй исчи нæу, уæд, йе ’ргом раздахынæн æй бакъуыр-бакъуыр ма кæн, бацархай къаддæр дзурыныл, фæлæ фылдæр хъусыныл; ныхасæмбалмæ нæ хъусын аипп у, йæ ныхас ын аскъуынын та - æнæфенддзинад; - адæмы ’хсæн, æмбырды, фынджы уæлхъус кæд дæ ныхасмæ хъу- сæг нæй, кæнæ фылдæр адæм нæ хъусынц, уæд хуыздæр у нæ дзурын, уымæн æмæ ныхасмæ цæттæ нæ дæ, дæ ныхасы уæз нæй; - дæ ныхæстæ фæлхат ма кæн, лыстæг цаутыл бирæ ма дзур, къад- дæр кæн «æрдхæрæны» ныхæстæ æмæ сомытæ («Хуыцауæй дын ард хæрын», «Уастырджийыстæн», «Мæ фыдыстæн» æмæ æнд.); 1 - исчи дæ ныхасмæ куы агура, фæлæ дæ куы не ’вдæла, уæд ын цæх- гæр «нагъ» зæгъын аипп у, кæд дæ фыдгул у, уæддæр. Зæгъ ын: «Баха- 54
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ тыр кæн, рæстæг мын нæй, æндæр хатт аныхас кæндзыстæм». Кæнæ: «Тынг æнæвдæлон дæн æмæ мын хатыр уæд, дæ хорзæхæй!» - исты ахсджиаг цауы тыххæй, ома, телефонæй исчи куы дзæн- гæрæг кæна, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм фарстайы фæдыл æндæр исчи куы ’рбацæуа, уæд, стæй дæ рæстæг куынæуал амона, уæд дæ ны- хасæмбалæн æваст йæ дзырд ма аскъуыддзаг кæн, зæгъ ын: «Табуафси, дæ ныхас ма ферох кæн, æз тагъд уыдзынæн», кæнæ: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн!», æмæ æвæстиатæй дæ хъуыддаг бакæн. Куы раздæхай, уæд ын бамбарын кæ, æндæр гæнæн дын кæй нæ уыд, уый; - ныхасгæнгæйæ æндæр искæимæ ма дзур, де ’нгас дæ дзурæг æм- балæй ма здах, уый аив нæу, хæрын, æхсынæнтæ ’хсынын, нуазын, газет кæсын, чъиу æууилын кæнæ æндæр исты ми кæнын æнæфенддзинад у; - кæд дæ ныхасæмбал йæхæдæг нæ куры, йе та дæхи кæстæр - хъомылгæнинаг нæу, уæд ын дæхи уынаффæгæнæг ма кæн, дæ ныхасы- уаг зондамонæгау ма уæд, йемæ æмсæр æмæ æмбары хуызы куыд цæуа, афтæ, фæлæ кæд дæ бон у, уæд ын исты ахъаззаг уынаффæ рахæсс, кæнæ йын дæхæдæг лæгæй-лæгмæ баххуыс кæн, кæд ын дæ бон бах- хуыс кæнын нæу, уæд ын æй æргомæй зæгъ; - дæ дзурæгæмбалимæ уæ ныхас кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд ын арфæ ракæн: «Ныхасæмбал мын кæй уыдтæ, уымæй бузныг!» кæнæ: «Дæ фенд, дæ ныхæстæ мын æхсызгон уыдысты, дæ цæрæнбон бирæ!» Йе та: «Нæ ныхас æнæпайда нæ уыди, Хуыцауæй арфæгонд у!» Науæд: «Бузныг де ’ргом ныхасæй!» Æмæ кæд дæуæй кæстæр у, уæд ын йæ къух райс. Ирон уæздандзинад ныхасгæнгæйæ домы ахæм ныхæстæ: «Æр- бад, дæ хорзæхæй». «Мæ ныхас æгæр ныддаргъ (ныссуйтæ, ныккуыд- дæртæ), æмæ бахатыр кæн». «Дæ мад, дæ фыды хатырæй, кæронмæ мæм байхъус!» «Уавæр дæхæдæг хорз зоныс». «Дæхæдæг та куыд хъуыды кæныс?» «Мæнæ ахæм фæндон ис, дæумæ та куыд кæсы?» «Хистæр дæ, демæ æгæр уæндон ныхас кæнын, æмæ мын бахатыр кæн». «Хуыцауы хатырæй, кæрæдзи бамбарæм!» «Курын дæ, æмæ нæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнæм!» «Хъуыддаг тынг ахсджиаг у (аргъæвæн ын нæй) æмæ мæм зæрдиагæй байхъус!» «Дæ цæрæнбон бирæ, æз уæлдай ницыуал зæгъын». «Нæ ныхасы бирæ дæрзæгдзинæдтæ уыдзæн, фæлæ «æргом ныхасы къæм нæ вæййы». «Дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн, æмæ нæ абоны фембæлд дзырддаг ма скæн!» «Дæ ныхас раст у, фæлæ...». «Æм- барын æй, зын дын у, фæлæ йæ уый тыххæй нæ зæгъын». «Зын мын у дæуæн уыцы хабар зæгъын, фæлæ дын æй æнæ зæгъгæн æй». Ныхас кæимæфæнды дæр æмæ кæмфæнды дæр уæд, дæ ныхасæм- балæн йæ дарæсмæ (фæдджи, сæхтæг, цæппузыр, дзыкку) ма ’внал, тагъд-тагъд ма дзур. 55
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Æнæзонгæ адæймагимæ, кæд уавæр нæ домы, уæд ныхасыл ма схæц, дæхи йын ма амон, дæ зæрдæйы уаг ын ма гом кæн, дæ хабæрттæ йын ма дзур, цалынмæ йæ бæлвырд нæ базонай, чи у, цы у, уæдмæ. Бæлвырд бамбар, йе ’рбацыды нысан цы у, цы пайдамæ æнхъæлмæ кæсы. Исчи искæимæ ныхас куы кæна, сæ ныхас дæуыл куынæ уа, уæд сæм æргом ма хъус, дзырдæппарæн сæм ма кæн, кæд уавæр нæ домы, уæд сын уайдзæфтæ ма кæн, уый æнæфенддзинад у. Сывæллонимæ ныхас кæн, карджын адæймагимæ куыд дзурыс, афтæ: зæрдиагæй æмæ фæткыл. Цыфæнды стыр хицауимæ куы ныхас кæнай, уæд дæр, фыдæлтæй куыд баззад, уыцы фæткыл: дæ сæр сæрмæ хæсс, фырнымд митæ ма кæн, дæхи дæлджинæджы бынаты ма ’вæр, дæхи æгæр ронбæгъдæй ма ’вдис, уæлдай цæстмæ митæй дæхи худинаг ма кæн, хицауы йæхи раз ма стау. Нæ фыдæлтæ хицаумæ, раздзогмæ, йæ ном ын бæрзонд чи кодта, ахæм эпитеттæй йæхи раз (лæгæй-лæгмæ) нæ дзырдтой, бирæон нымæцы иу адæймагæн йæ ном нæ дзырдæуы (кæс сæргонд «Хицау æмæ дæлбаруæвæг»). Ирæттæ кæрæдзимæ сæхи æвзагыл хъуамæ дзурой, ирон лæгимæ уырыссагау кæнæ æндæр æвзагыл дзурын кæдфæнды дæр æмæ кæм- фæнды дæр дæр аипп у, уый у хи адæммæ дæлджинæджы цæстæй кæ- сыны нысан, фæлæ кæд, цы адæмимæ дзурыс, уыдоны ’хсæн ирæттæ къаддæр сты, уæд дзур, фылдæр дзы кæцы адæмыхаттæй ис, уыцы ’вза- гыл кæнæ иронау тæлмацгæнæгимæ. Нæ фыдæлтæ нын æнусты сæрты æрхастой диссаджы зарæг мы- ртæй аивгонд, æнцон æмбарæн, хъæздыг, æмбисæндтæй арæзт, бирæ дзырдбыдтæ æмæ базырджын хъуыдыйæдтæй ифтонг æвзаг. Æр- дзы æмæ æхсæнады, наукæ æмæ культурæйы ахæм къабаз нæй, ирон æвзаг бæлвырд равдисын кæмæ нæ сарæхса. Ирон (алайнаг) æвзагæн ис дыууæ æмбар, æмдых къабазы - ныгуылæйнаг (ныгуылæн аланты) æмæ скæсæйнаг (скæсæн аланты) диалекттæ. Дыууæ къабазы дæр сты æппæт ирон адæмы иумæйаг хæзна. Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ сæрыстыр уа æмæ алы мадзæлттæй архайа уыцы хæзнайы цардхъом- дзинад фидар кæныныл. Барвæндонæй мадæлон æвзагыл къухсисæг у æнæджелбетт æмæ къуымых адæймаг. Ирон æвзаг мæгуыр чи хоны, уый йæ зонгæ нæ кæны. Ирон уæвгæйæ йæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ чи сси, уый у талынг зондыл хæст. Ахæм адæймагæн ноджы бæлвырддæр аргъ сак- каг кодта стыр уырыссаг фыссæг К. Паустовский: «Человек равнодуш- ный к родному языку - дикарь. Он вредоносец по самой своей сути...» Фылдæр хатт ныхас кæнынæй ныхасмæ байхъусын ахсджиагдæр 56
ХИ ДАРЫНЫ ИУÆЙ-ИУ УАГÆВÆРДТÆ æмæ пайдадæр вæййы. Уый хынцгæйæ, къаддæр дзур, фылдæр хъус. Архай риторикон фарстатæ æвæрын æмæ сын дæ ныхасæмбалæй уæзданæй дзуаппытæ кур, цæмæй уый дæр йæ хъуыды, йæ цæстæнгас равдиса, уый тыххæй. Дзургæ-дзурын ын йæ ныхас ма скъуыддзаг кæн, бауадз æй кæронмæ дзурын, йæ хъуыды зæгъын. Ныхасæмбал дæ истæмæй куы фæрса, уæд дзуапп раттынмæ тагъд ма кæн, цалынмæ хъуыддаг кæронмæ бамбарай, уæдмæ. Байхъус æм лæмбынæг, ратт æм уæзданæй иуцалдæр риторикон фарсты æмæ дзы ракур дзуаппытæ, йæхæдæг сын цавæр дзуапп раттид, уый базонынæн. Зæгъæм, мæнæ ахæм фарстатæ: «Дæхæдæг та уыцы хъуыддагмæ цы цæстæй кæсы?» кæнæ: «Æмæ дæхæдæг мæнæ афтæ куы бакæнис, уæд та, цымæ, куыд уаид?» Хъуыддаг бæлвырд куы базонай, уæд ын дæ дзуапп зæгъ уæзданæй, зæгъæм, мæнæ афтæ: «Æз дæ бынаты мæнæ афтæ бакæнин» (куыд, уый раргом кæн). Дзуапп хъуамæ ахæм ахъаз- заг æмæ хуымæтæг уа, дæ ныхасæмбалы уыцы фарста æндæр искæмæ дæттын куыд нал бахъæуа. «Адæймаджы цытджындзинад рабæрæг всеййы, гыццыл адæймсегтимæ ныхас кæнын куы фæзонЫу уæд» Карнеги.
«Лсег «мæхи» фæзæгъы хъарм быптсе æнгомæй, «Исни» та фæзæгъы уазап быптæ гомæй.» Хсеуытаты Къоста ХИОНТÆÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ Адæмы æмахастдзинæдты дзырдтæ «хæстæг» æмæ «хион» кæд иу грамматикон бындурыл арæзт не сты, уæддæр сæ мидис иу у. «Мæн у, мæхи у» кæмæй фæзæгъынц, уый у хион, ома, адæймагæн йæ зæрдæмæ хæстæг æвæрд чи у, уый. Ирон адæммæ бирæ ис мæнæ ахæм арф мидисджын ныхæстæ: «Хион хион у æмæ йыл дæхи бæтт», «Хионы цин дæ цин у, хионы рис дæ рис у», «Хæстæг хуымы нæ зайы», «Хионы чи нæ уарзы, уый æцæ- гæлоны нæ бауарздзæн», «Тæрсы фидар - уидæгтæй, лæджы фидар - хионтæй». Ирон адæммæ хионтæ, хæстæджытæ кæд алкæд кæрæдзий- æн стыр хæрзты нæ бацæуынц, уæддæр нын фыдæлтæй баззад кæрæ- дзиуыл арм дарын, цин дæр æмæ хъыг дæр дих кæнын, кæрæдзийæн ныфс æвæрын, бахъуаджы сахат адæймагæн йæ сæрыл рахæцын, зын уавæры бахаугæйæ, йæ фарсмæ æрбалæууын, цыфæнды зынæй дæр ын баххуыс кæнын. Хионы зæрдæйы уаг рабæрæг вæййы, адæймаг уæззау уавæры куы бахауы, уæд. 1. Хионтæ æмæ хæстæджытæ (къабæзтæ) Ирæттæм хионтыл нымад сты: - æрвадæлтæ æмæ æрвадиуæггæнæг мыггæгтæ; - æрвадæлтæ æмæ æрвадиуæггæнæг мыггæгты хæрæфырттæ; - хæрæфыртты цот, стæй ма цоты цот (фæндзæм фæлтæрмæ). Кæй ранымадтам, уыдон ма хонынц туг æмæ стæг хæстæджытæ; *- мад æмæ мады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ; - мады ’рвадæлты хæрæфыртты цот; 58
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ - мады ’рвадæлтимæ æрвадиуæггæнæг мыггæгтæ; - мадымады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ; - фыды мад æмæ фыды мады ’рвадæлтæ (стыр мадырвадæлтæ); - фыды мады ’рвадæлтæ æмæ сæ хæрæфырттæ. Кæй ранымадтам, уыдон ма хонынц тугхæстæджытæ; - мыггаджы сиæхстæ æмæ уыдоны бинонтæ; - хæдзарвæндаджы сиæхсты бинонтæ (мад, фыд æмæ мадызæнæг); - каистæ æмæ каисты хæрæфырттæ; - чындз æмæ чындзы бинонтæ, йæ мадызæнæг, йæ мад æмæ йæ фыд æмæ уыдон ныййарджытæ; йæ мады æфсымæртæ æмæ хотæ, йæ фыды æфсымæртæ æмæ хотæ; - æрдхорд æфсымæртæ æмæ хотæ, къухылхæцæг, æмдзуарджын, хызисæг, чындзхон мад, æмдзидзи æмæ уыдон цот; - кæнгæ æфсымæрты æмæ хоты ныййарджытæ æмæ сæ мады- зæнæг; Хæстæг хионтæ: - хæдзарвæндаг æмæ иу артæй байуаргæ бинонтæ (æфсымæртæ, хотæ, мад, фыд, фыды мад, фыды фыд, фыды хотæ, сæ лæгтæ æмæ сæ цот, фыды ’фсымæртæ, сæ устытæ æмæ сæ цот; - хæстæг мады ’рвадæлтæ (мады мад, мады фыд, мады ’фсымæртæ, сæ устытæ æмæ сæ цот, мады хотæ, сæ лæгтæ æмæ сæ цот); - каистæ (усы мад æмæ фыд, усы мадызæнæг); - сæры хицауы (мойы) мад, фыд, æмæ сæ цот; - кæнгæ ’фсымæртæ æмæ хотæ. Ирон адæммæ хионтæ кæрæдзийæ чызг нæ курынц, уый у Хуыцауы æлгъыст ми. Ахæм ми бакæнæг нымад вæййы æвирхъау фыдгæнæгыл, хъæддаг адæймагыл. Ахæмтыл бакæнынц хъоды, сæ мыггагыл та сбады æгады гакк. Усгур лæппу, чындздзон чызг æмæ уыдон ныййарджытæ куы сфæнд кæнынц хæстæгдзинад бакæнын, уæд æппæты фыццаг сбæрæг кæнынц, кæрæдзийæн исты бавæййынц æви нæ, цæмæй се ’хсæн туджы хæццæдзинад ма рауайа, уый тыххæй. Алы ирон лæгæн дæр хæс у хионты кадыл кад æфтауын, сæ номы сыгъдæгдзинад сын хъахъхъæнын, рæдийгæ дзы чи кæны, уый раст фæндагыл саразын, кæд кæстæр у, уæд ын уайдзæф бакæнын, йæ аипп ын бамбарын кæнын, мыггаджы хистæртæн кæстæриуæг кæнын, сæ кад сын бæрзонд кæнын. Мыггагæй искæй бинонтыл уæззау уавæр куы скæны, уæд мыггаджы ном хæсджытæй æмæ хæстæг-хионтæй ал- кæмæн дæр йæ хæс у баххуыс ын кæнын, цы амал ис, уымæй. Мыггаджы хорз, мыггаджы кад æвдисæг сты хистæрты куырыхон- 59
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дзинад, кæстæрты æвзыгъддзинад æмæ алы адæймагæн дæр йæ уæздан- дзинад. Мыггаджы номхæсджытæй алкæмæн дæр хæс у йæ фарн æмæ йын йæ ном бæрзонд кæнын фæллой æмæ уæздандзинадæй. Æгад у æмæ ирон адæймаджы ном хæссыны аккаг нæу, цардхъом уæвгæйæ, йæ хæстæг, хионтæй исчи æвæгæсæг, гæвзыкк кæмæн у, сывæллæтты интернаты кæнæ мæгуырты æмæ зæрæдты хæдзæртты кæмæн сты, уый. Йæ ныййарджыты æмæ йæ хæстæг хионтыл къухсисæг, сæ зæрон- ды бонтæ сын æцæгæлон адæмы быгъдуан бакæнæг, зæрæдты хæ- дзæрттæм æмæ сæ интернаттæм раттæг у хъодыйы аккаг, уымæн адæй- маджы ном у æвгъау. Алы ирон адсеймагæн дсер йсе ныййарджытсеу йе стыр мад семсе фыды мыггагмсе уселфседзсехстон сты. Уыдонсен ссеудахаст ксед зсердсезсегъгсе не стыу уседдсер сын цсерсенбоны лсеггад ксенынуаз, хсесу. 2. Мыггаджы хистæр Мыггаджы хистæр у æппæт мыггагæн иудзинад æмæ уæздандзинады нысандар, мыггаджы уынаффæгæнæг, хъомылгæнæг æмæ ахуыргæнæг. Фыдæлтæй хуымæтæджы нæ баззад: «Хистæр кæм нæй, уым фарн дæр нæй». Кæстæр, хистæр бæрæг цы мыггаджы нæй, уый кадджын никуы уыди æмæ нæу. Мыггаджы хистæрыл нымад хъуамæ уа: хистæр кары нæлгой- мæгтæй иу, æрмæст алкæд азтæй се ’ппæтæй хистæр нæ вæййы. Уый хъуамæ уа уæздан, фендджын, фæлтæрдджын адæймаг; йæхи хæдза- ры, мыггаджы æмæ адæмы ’хсæн кадджын чи у, ахæм бинонты хистæр; сыгъдæгзæрдæ, хиуылхæст æмæ бонзонгæ адæймаг. Хистсерсен йсе ссейраг хсестсе сты: - царды стыр фæзилæнты мыггагæн афойнадыл бауынаффæ кæ- нын; - искæцы бинонтæ уæззау уавæры куы бахауынц, уæд сын сæ алы- варс мыггаджы æрбатымбыл кæнын, сæ уавæрæн сын исты мадзæлттæ саразын; - стыр цины хъуыддаджы (чындзхаст, чызгæрвыст, куывд) кæнæ мардæрцыды рæстæг уынаффæ æмæ адæмæн арфæ кæнын; - хъуыддагæй æмæ дзыхы ныхасæй мыггаджы кæрæдзиуыл бæт- тын; - адæмимæ мыггаджы номæй ныхас кæнын æмæ мыггаджы йæ кад бæрзонд кæнын; - кæстæрты æнæрхъуыды митæй хизын, куы бахъæуа, уæд та сын 60
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ уайдзæф бакæнын кæнæ бафхæрын, уæздандзинад æмæ ирон æгъ- дæуттыл сæ ахуыр кæнын; Мыггаджы хистæрæн не ’мбæлы: - хæдзары (бинонты) хицауы сæрты кæнæ уый бæсты бинонтæн уынаффæ кæнын, кæд бинонтæн сæхи фæндон нæу, уæд; - хицæн бинонты мидхъуыддæгты хи тъыссын, уайдзæф бакæны- ны бæсты уадзырæтты дам-думтæ кæнын; - искæцы бинонтæй хъулон æппæлд ракæнын; - мыггагæй искæй дæлджинæг кæнын кæнæ йæ цæсты æфтауын. Ахсджиаг уынаффæ рахæссыны размæ хистæр фарста рахæссы мыггаджы хистæрты размæ, байхъусы сæм. Æрыхъусы кæстæртæм дæр, уыйфæстæ сын фæзæгъы йæ уынаффæ æмæ бацамоны, куыд æй скæнын (баххæст кæнын) хъæуы, уый. Ахæм уынаффæ нæ рахæссæг хистæр азимаг у. Хистæр цы нæ зоны, уымæй кæстæрты æмæ сылгоймæгты бафæр- сын аипп нæу, уæлдайдæр, ныхас уыдон хъуыддæгтæ æмæ хъысмæтыл куы цæуа, уæд. Кæстæртæй йæхи цы хистæр ласы, чи сæ ницæмæ дары. Мыггаджы хистæр йæ кæстæртæм дзуры зæрдæхæларæй æмæ сæ хоны: «мæ хотæ», «ме ’фсымæртæ», «мæ буц кæстæртæ», «нæ чынд- зытæ», «Гусон», «Абацион», «Ирбеджы бинойнаг», «Не ’фсин», «Нæхи- он», кæнæ та сæ нæмттæй: «Залдуз - мæ хур», «Агуындæ - мæ чысыл хо!» «Уасо, де знаг фыдæбон бавзара!» «Арсау, сыгъзæрин фестай!» æ.а.д. 3. Хæдзары хицау Хæдзары хицау (бинонты сæр) вæййы бинонты хистæр (уынаф- фæхъом) нæлгоймаг кæнæ та сылгоймæгты хистæр (фылдæр хатт - мад), хæдзары уынаффæхъом нæлгоймаг куынæ уа, уæд. Хæдзары хицауы хсестæ: - бинонтæн царды фæрæзтæ амал кæнын; - бинонты æнæниздзинадæн æмæ æдасдзинадæн уавæр аразын; - æрвылбон бинонты ’хсæн ахастдзинæдтæм цæст дарын, се ’хсæн æнæмаст уавæр, уарзондзинад æмæ уæздандзинад фидар кæнын æмæ кæрæдзиуыл сæ бæттын; - кæстæрты хионтæ æмæ сыхбæстыл, хъæубæстыл бæттын, рай- гуырæн бæстæйыл сæ æнувыд кæнын; - цыфæнды зынæй дæр кæстæрты ахуыры фæндагыл сæвæрын, ахуырæн сын мадзæлттæ аразын; 61
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - кæстæртæн фæллойы ахадындзинад бамбарын кæнын æмæ сын фæллойы цин банкъарын кæнын; - бинонтæн фæллойы, уæздандзинады æмæ ирон æгъдæутты фæз- минаг уын; - бинонты адæмы ’хсæн рæсугъдæй æвдисын, сæ номæй адæмимæ ныхас кæнын. Мыггаджы (хæдзары) хистæр мыггаджы (бинонты) размæ (хæдзар- мæ, цæлгæнæнмæ, кæртмæ æ.а.д.) куы ’рбацæуы, уæд ын алы хатт дæр мыггаг (бинонтæ) иууылдæр сыстынц æмæ цалынмæ сбада кæнæ сын «сбадут» зæгъа, уæдмæ фæлæууынц. Хистæр мыггагмæ (бинонтæм) фыццаг хатт куы ’рбацæуы, уæд ын цоты хистæр фæзæгъы: «Баба (Æзнауыр), дæ райсом (де ’зæр, дæ бон) хорз!». Хистæр сын фæзæгъы: «Уæ цæрæнбон бирæ!» кæнæ: «Кæй райсом у, уый хорзæх уæ уæд!» Йе та: «Хуыцау уын мæ бæсты раарфæ кæнæд, мæ хуртæ, табу йæхицæн!» Дины бæрæгбон куы вæййы, уæд хистæр мыггагæн (бинонтæн) раар- фæ кæны: «Абоны зæдтæ ’мæ дауджыты хорзæх уæ уæд, табу сæхи- цæн!» кæнæ та: «Уациллайы кувæн бон у æмæ уын ахъазгæнæг уæд, табуйæхицæн!» Мыггаджы (хæдзары) хистæр куы сысты æмæ цæуыныл куы ныл- лæууы, уæд кæстæртæ (бинонтæ) иууылдæр сыстынц æмæ, цалынмæ «сбадут» зæгъа кæнæ ацæуа, уæдмæ фæлæууынц. (Бæлвырддæр кæс сæргонд «Хистæр, кæстæр»). Хæдзары хицау æмæ æфсин кæцыдæр интимон фарстатæй дард- дæр кæрæдзийæ ницы сусæг кæнынц. 4. Хæдзары æфсин Ирон хæдзары æфсины бынат ахсы мойы мад (фыды мад), на уый нæй, уæд та хæдзары хицауы бинойнаг (ус) йæхæдæг. Дыууæ ’фсымæры бинонтæ иумæ куы фæцæрынц, уæд та хистæр файнуст (хистæр чындз). Æфсинæн йсе ссейрагдсер хсестсе сты: - хæдзары бинонты кæрæдзиуыл бæттын; - хæдзармæ цы æфтиæгтæ цæуынц, уыдон бæлвырд кæнын (æвза- рын, нымайын, æфснайын) æмæ сæ раст фæлхас кæнын, фæстауæрц кæнгæйæ; - хæдзар æмæ бинонтæ цы хъуаг сты, уый афойнадыл сбæлвырд кæнын (балхæнынæн, бакусынæн, сцалцæг кæнынæн, саразынæн); - афойнадыл хæлц амал кæнын æмæ æрвылбон хæринаг цæттæ кæнын; 62
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ - бинонты æнæниздзинадмæ æппынæдзухæй цæст дарын; - афойнадыл (сомбонмæ) хæдзары куыстытæ чи æмæ куыд кæн- дзæн, уый бæлвырд кæнын æмæ сæ бинонты ’хсæн байуарын (бабæрны кæнын); - æнæсцухæй архайын цоты (кæстæрты) удыхъæды уæздандзинад бауадзыныл, хъомыл сæ кæнын ирон уаг æмæ æфсармы бындурыл, ахуыр сæ кæнын мыггаджы æмæ хъæубæсты хистæртæн лæггад кæ- ныныл; - кæстæрты ахуырмæ æрвылбон цæст дарын, разæнгард сæ кæнын зонындзинæдтæм, æххуыс сын кæнын; - кæстæрты уæнджы куыстуарзондзинад æмæ бонзонгæ уæвын ныффидар кæныныл архайын, фыдæлты фæтк æмæ мадзæлтты фæрцы. Хæдзары ’фсин йæ кæстæртæй хъулон никæй кæны нæдæр «цу- ма»-йæ, нæдæр хæринагæй, нæдæр дарæсæй кæнæ дзыхы ныхасæй. Бинонты сæр нæ уæвгæйæ, хистæр нæлгоймæгтæн уынаффæ кæ- нын æфсинмæ нæ хауы. Хæдзары хицауæн йæ рæдыдтæ æмæ аиппытæ куы раиртасы, уæд ын сæ хибарæй æмæ лæгъзæй бамбарын кæны, куырыхон хæдзары хи- цаумæ уый хъыг нæ фæкæсдзæн. Æфсин йæхи зæнæгмæ цы цæстæй кæсы, йæ чындзмæ дæр хъуамæ уыцы цæстæй кæса, фæлæ уæздандæрæй æмæ барондæрæй. Уæздан бинонты ’хсæнæй цы чындз рацыд, уый ахæм ахастдзинæдтæ раст бам- бары. Чындз цы нæ зоны, уый дзы æфсин нæ домы, фæлæ йæ ахуыр кæны йæхи фæзминаг митæ æмæ архайдæй. Йæ азым ын æмбарын кæны фæлмæн дзыхы ныхасæй хи мады хуызæн. В а р и а н т: «Аландæ, мæ къона, дæ къабайы дыстæ батул æмæ дсе ма хъыгдарой». «Азау, мæ хур, сывæллон мæ бар уадз, дæхседсег дохтырсен дсехи фенын ксен семсе дыл мсе зсердсе дсер ма рисса».«Дзерасссе, мсе дуне, уыцы лсеппуимæ тызмæгæй ма дзур, искæд æй дæ зæрдæмæ хæсдзынæ». Канд æфсин нæ, фæлæ хистæр сылгоймæгтæ кæстæртæй алкæмæ дæр дзурынц фæлмæн, зæрдæхæлар дзыхыуагæй: мæ уды гага, мæ цæ- сты рухс, мæ дунейы рухс, мæ уды лæууæн, мæ уды ’нцой, мæ рæбинаг, дæ рынтæ бахæрон, дæ нывонд фæуон, дæ низтæ мæ хъуыры ацæуой, де знаг дын лæггад фæкæна, дæ фыдгул дын кæстæриуæг фæкæна, мæ ингæны ныккæс, мæ мард фен, урс уæрыкк дын фестон æмæ æндæр ахæм узæлæн ныхæстæй. Кæд дæумæ гæсгæ дæ чындз дæ фырты аккаг нæу, фæлæ йæ дæ фырт уарзы, уæд се ’хсæн ма бацу, сæ уарзондзинад сын ма фехал - ма 63
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ бацу сæ тæригъæды. Ахæм хъуыддаг хорз фæстиуджытæм не ’ркæньи уымæ гæсгæ архай, дыууæ æрыгон цардæмбалы цæмæй райдзастдæр уой, ууып. Амон сын фæпмæнæйу зæрдиагæй. Хæдзармæ царды фæрæзтæй цыдæриддæр æфты, уыдон, хæдзары хицау æмæ æфсины иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ, фæлхасгонд цæуынц, бинонтæй алкæйы хъуагдзинæдтæ хынцгæйæ. Сæры хицау æмæ æф- син æрвылмæй хынцынц, цы æмæ сæ цæуыл цас схардз кæнын хъæ- уы, уый. Царды фæлтæрддзинад куыд амоны, афтæмæй æрвылбоны фæлхæстæн (бинонтæн иумæ æмæ алкæмæн хицæнтæй) цы æхца хъæ- уы, уый ис æфсины (усы) бæрны. 5. Чындз Хæдзармæ ног чындз куы ’рбацæуы, уæд ын æнцон нæ вæййы йæ ног бинонты царды фæтк æмæ уагæвæрдмæ гæсгæ цæрын. Йæ зын- дзинæдтыл ма йын сæ уæз æруадзынц æгъдаумæ гæсгæ æнæмæнг æххæстгæнинаг хæстæ. Уымæ гæсгæ бинонтæй алчи дæр хъуамæ ар- хайа чындзæн йæ уавæр фенцондæр кæныныл. Чындз йæ мойы хæдзармæ куы ’рцæуы, уæд фæуайсады йæ хица- умæ, йе ’фсинмæ æмæ йе ’фсины хотæм, мыггаджы æмæ сыхбæсты зæронд устытæм, йæ мойы æрвадæлты æмæ сыхбæсты хистæр нæл- гоймæгтæм. Сылгоймæгтæм дзурын байдайы, чындзмæ цæуæггаг ын куы скæнынц, уæд (кæс сæргонд «Ускурын æмæ мой кæнын»). Нæлгоймæгтæм дзурын райдайы, дзурæггаг ын исты куы балæвар кæнынц æмæ йæм куы æрхатынц, уæд. Дзурæггаг фылдæр хатт лæвар фæкæнынц исты зынаргъ дзаума - фæрдгуытæ, къухдарæн, хъусцæджытæ, уæлæдарæс кæнæ æндæр исты ахæм зæрдылдарæн. Зынаргъ лæвар бакæнын йæ бон кæмæн нæу, уый та йын ратты ди- динджытæ æмæ исты хорз къафеттæ. Хистæр кары нæлгоймæгтæй дзурæггаг лæваримæ кусарт чи акæны, ахæмтæ дæр вæййы. Дзурæг- гаг æхца раттын аив нæу. Чындз, аргъæвæн кæмæн нæй, ахæм хъуыддаджы тыххæй кæмæ фæнды куы сдзура хистæртæй, уæд уый аипп нæ уыдзæн. Чындз мыггаджы, сыхбæсты хистæртæ æмæ, кæмæ фæуайсады, уы- донæн кæстæриуæг фæкæны, сæ разы нæ бады æмæ йæ сæрбæттæн йæ сæрæй нæ исы. Уайсадæг чындзы митæ бæлвырдæр кæс сæргонды «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис». 1 Чындз æмæ йæ мой йæ хицау æмæ йе ’фсинæй хибарæй (хицæнæй) куы фæцæрынц, уæд чындз æххæст фæкæны æфсины хæстæ, фæлæ 64
Аланы в походе. Худ. А. Джанаев
Побратимы. Худ. А. Джанаев
Примирение кровников. Худ. М. Туганов
Старейшины нартов слушают Сырдона. Худ. У. Гассиев
Цоппай. Худ. М. Туганов
Нарты. Симд. Худ. А. Джанаев
За водой. Худ. Коста Хетагуров
Народный праздник. Худ. М. Туганов
Годовалый мальчик определяет свое призвание. Худ. М. Туганов
Одевание невесты. Худ. Б. Калманов
Сел. Цмти
Осетинское жилье с плоской крышей
Святилище Реком.
<& . <х^&ъ ^-, Нарты. Ныхас
Замок Цаллаевых. Сел. Ханаз
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ рæстæгæй-рæстæгмæ æрцæуы йе ’фсины хæдзармæ кæстæриуæг кæ- нынмæ. Бинонтæ иууылдæр фæархайынц, цæмæй чындз бинонты царды уаг бамбара, бинонтыл фæцахуыр уа, мацæмæй сфæлмæца æмæ æгæр ма бафæллайа. Нæ йæ фæуадзынц уæззау æмæ иугæндзон куыстытæ кæнын. Чындз йе ’фсин, йæ хицау æмæ мыггаджы хистæрты раз бадгæ нæ кæны, цалынмæ йæм æрхатынц, уæдмæ. Фæсаууонмæ та сын сæ кой куы фехъусы, кæнæ йæхи сæ кой кæнын куы бахъæуы, уæд сысты æмæ фæзæгъы: «Сæ (йæ) фарн бирæ уæд!» - фæстæмæ сбады æмæ дарддæр йæ ми, йæ ныхас фæкæны. Йæ мойы ныййарджытæй, кæнæ уыдоны мад æмæ фыдæй мард чи вæййы, уыдон коймæ та сысты æмæ фæзæ- гъы: «Рухсаг уæд, мæрдты бæсты ма схъæрзæд». Кæнæ: «Нана, рухсаг у, дзæнæты бад!» Науæд та: «Баба, мæрдтæй мæм ма фæхъуыз, рухсаг у!» Уыйфæстæ сбады æмæ дарддæр йæ ми, йæ ныхас фæкæны. Ирон чындз æгъдаумæ гæсгæ бинонтæй никæй къæхтæ ’хсы, рын- чынтæ æмæ æнахъом сабитæй дарддæр, ахæм æгъдау ирæттæм никуы уыди. Ус йæ мой æмæ йæ мойы ныййарджыты æмæ мыггаджы хистæрты нæмттæ адæмы ’хсæн нæ дзуры - уайсадгæ сæ кæны, хонгæ та сæ кæны: «Мæ сæрыхицау», «мæ хицау» «Дада», «Баба», «Не ’фсин», «Дзыцца», «Нана», «Нæ зæронд лæг». Йæ моймæ хистæрты раз йæ номæй нæ дзу- ры, хоны йæ: «Уыцы лæппу», «Уæртæ уый», «Сывæллæтты фыд», «Гу- саты лæппу» кæнæ æндæр искуыд. Чындзæн йæ сæйрагдæр хæстæй иу у - бинонты иудзинад æмæ хæлардзинад хъахъхъæнын. 6. Ус, лæг, цот Лæг йæ усы адæмы ’хсæн фыдæлты заманы йæ номæй нæ хуыдта, нæ рæстæджы уый аипп нæу. Аипп нæу, йæ мыггаджы номæй йæм куы дзура, уæд дæр. Зæгъæм: «Абацион», «Кучион», «Хъариан». Лæг дæр æмæ ус дæр кæрæдзимæ фыды номæй нæ дзурынц. Ус æмæ лæг адæмы ’хсæн сæ кæрæдзиуыл æмæ сæ цотыл æргом цинтæ (батæ, хъæбыстæ æмæ æндæр ахæм узæлæн митæ) нæ фæкæнынц. Фыд йæ сывæллоны хистæрты æмæ уазджыты раз йæ хъæбысмæ нæ исы, кæд исты ахсджи- аг уавæр нæ домы, уæд. Лæг æмæ ус хистæрты æмæ сæ цоты цур кæрæ- дзимæ сæ уарзондзинад æргом не ’вдисынц, кæрæдзиуыл нæ узæлынц, кæрæдзийæ не ’ппæлынц. Уый аив нæу. Царды фæлтæрддзинад ирдæй æвдисы, ахæм ахастдзинæдтæ сын сæ уарзондзинад тыхджындæр кæй кæнынц, уый. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ бинонты æмæ адæмы ’хсæн нæ 5 Родники благородства 65
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дзурынц: мæ лæг, мæ мой, мæ ус, цотмæ та - мæ фырт, мæ лæппу, мæ чызг, мæ хъæбул, мæ сывæллон. Сæ кой ракæнын куы фæхъæуы, уæд фæзæгъынц: «Уæ фарн бирæ уæд!», «Мæ кæстæртæ (махмæ цы сывæл- лæттæ ис, уыдон)», «Нæ кæстæр чызг», «Нæ астæуккаг лæппу», кæнæ æндæр искуыд. Лæг, ус æмæ сæ цоты æмахастдзинæдты ратæдзæнтæ равзæрдысты, нæ фыдæлтæ ма бирæ бинонтæй - æнæхъæн хæдзарвæндагæй кæнæ æнæхъæн мыггагæй-иу бæстыхайы куы цардысты, уæд. Ахæм бинон- ты ’хсæн уæлдай хъулон митæ æмæ уæлдай цинтæ кæнын нымад уы- дис æвзæр, æнæуаг мийыл, уымæн æмæ файнустытæ дæр æмæ сæ цот дæр нымад уыдысты иу бинонтыл. Ус æмæ лæджы æмахастдзинæдты тыххæй кæс сæргонд «Сылгоймаг-нæлгоймаг»-ы. Ирон бинонты ахастдзинæдтæ абон дæр æвæрд сты уаг æмæ нымд кæнынады фæлгæты. Мæнæ иуæй-иу зæрдылдаринаг уагæвæрдтæ: - чызджытæн хæдзары ис хицæн хуыссæнуат, лæппутæн - хицæн, лæппуйыл æртæ азы куы сæххæст вæййы, уæдæй фæстæмæ фæхуыссы нæлгоймæгты уаты кæнæ хицæнæй; - лæг æмæ усы хуыссæнуатмæ æнæ фæрсгæйæ ничи цæуы, чыз- джыты уатмæ лæппутæ æнæ фæрсгæйæ нæ цæуынц; - бинонты æмæ æддагæтты ’хсæнмæ мидæггаг дарæсы рацæуын æнæуагдзинад у; - хъомыл адæймагæн йæ буары æфсæрмыйаг хæйттæ адæмы ’хсæн æдзухдæр хъуамæ уой æмбæрзт; - хистæры цур уарзон чызг кæнæ уарзон лæппуйы кой ракæнын аив нæу, кæд хистæрты фæндон нæу, уæд, афтæ ус ракурыны (мой кæ- нын) фæндон зæгъын дæр; - æнæгъдау мийыл нымад у нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы сусæг ахастдзинæдтыл ныхас кæнын бинонты ’хсæн кæмæнфæнды дæр; - хистæрты раз хилтæ дасын, цæсгом ахорæнтæ æмæ кремтæй сæр- дын; - хистæримæ ныхасгæнгæйæ йæм чъылдым аздахын, бандоныл уæлгоммæ хи ауадзын, хæрын, ныхасгæнгæйæ ныууадзын, йæ цурæй æнæбафæрсгæйæ ацæуын; - ныййарджыты раз кæмæфæнды дæр загъд кæнын, хъæр кæнын, æлгъитын, хицæй æппæлын; тамако дымын, арахъхъ нуазын сты æн- æгъдау митæ, адæймагæн йæхи дæр æмæ йæ ныййарджыты дæр æгад чи кæны, ахæмтæ; - ныййарджытæ æмæ мадызæнæг æгасцуайгæнгæйæ кæрæдзи къухтæ нæ исынц, пъатæ нæ кæнынц, хъæбыс акæнынæй дарддæр; - фыд æмæ фырт хицæнтæй куы цæрой, уæддæр кæрæдзи хæдзæрт- 66
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ тæ (фатертæ) хонынц иумæйаг, нæ фæзæгъынц: «дæ хæдзар», «сымах- мæ», «мæ хæдзар», «махмæ»; уыцы фæткыл хæст сты æфсымæртæ дæр; - бинонтæ кæрæдзийæн цæстмæ ницы дарынц, æфстау (бæтгæмæ) ницы дæттынц, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд æрмæстдæр - лæвар, цæстуарзонæй; - лæг (ус) йæ мады (æфсины) хъуагæй йæ усæн (лæгæн) лæвæрттæ нæ кæны; - амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, æфсины æвастæй хæринагмæ, хæлц- мæ, æхцамæ æмæ æфсины бæрны уæвæг дзаумæттæм ничи ’вналы. 7. Бинонты æмæ æрвадæлты ’хсæн æмахастдзинæдтæ Иу мыггаджы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæрæдзи хонынц: «Мæ хо», «Ме ’фсымæр» кæнæ: «Мæ чысыл хо Сæлимæт», «Мæ чысыл æфсымæр Хетæг». Чындзытæ (устытæ) та сæ хонынц: «Мæ ходыгъд Дзерассæ», «Мæ тиу Уаспи». Чындзытæ кæрæдзи хонынц: «Мæ фай- нуст Иринæ», «Мæ хистæр файнуст Агуындæ». Сывæрджын сылгоймагæн адæм нымд фæкæнынц йæ уавæр æргом зæгъын æмæ фæзæгъынц: «æнхъæлцау у», «йæхи бар нæу», «зæрдæх- сайгæ у». Сывæрджын сылгоймагæй йæ мой та æрмæстдæр фæзæгъы «’нæфæразгæ кæнæ хæстбойнон у». Сылгоймагæн йæхицæн дæр не ’мбæлы «сывæрджын дæн» (уыдтæн) зæгъын, фæлæ йæ ныхас вæййы: «Нæ хистæр сывæллонæй (йæ ном дæр ын иуæй-иутæ уайсадгæ фæкæ- нынц) мæ чемыл нæ уыдтæн», кæнæ: «Мæхи бар нæ уыдтæн», науæд та: «Сывæллонмæ æнхъæлмæ куы кастæн, уæд». Алы бинонтæн дæр сæ хæдзары куыстытæн ис сæхи сæрмагонд фæтк, фæлæ уæддæр бинонтæй алчи дæр хъуамæ зона, арæхса хæ- дзары куыстытæй алцæмæ дæр. Ууыл адæймаг сахуыр вæййы сывæл- лонæй йæ бинонты ’хсæн. Бахъуаджы сахат сылгоймаг фæкæны нæл- гоймаджы куыстытæ, нæлгоймаг та сылгоймаджы куыстытæ, фылдæр ирон бинонты ’хсæн хæдзары куыстытæ уæрст вæййынц: Хæдзары хицау семæ хистсер кары нселгоймæгтсе: - агъуыст, кæрт, кусæнгæрзтæ афоныл цалцæг кæнын, сыгъдæг сæ дарын; - исбон амал кæнын æмæ йæ хæдзармæ хæссын; - машинæ, хæдзарон, электрон дзаумæттæм зилын æмæ сæ цæт- тæйæ дарын; - фосмæ æмæ цæхæрадонмæ зилын; 67
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - бинонты уагахастмæ цæст дарын æмæ сæ кæрæдзиуыл бæттын; - лæппуты нæлгоймаджы куыстытыл ахуыр кæнын; - цоты ахуыр æмæ хъомыладæн фадæттæ аразын. Хæдзары æфсин æмæ хистæр кары сылгоймæгтæ: - бинонты æрвылбоны домæнтæн æхцайы фæрæзтæ фæлхас кæнын; - хæринаг кæнын æмæ цæлгæнæны уавæрмæ цæст дарын; - чызджыты сылгоймаджы куыстытыл ахуыр кæнын; - кæстæртæн æрвылбоны куыстытæ æмæ митæм цума кæнын, би- нонты дарæс æмæ фадыварцмæ зилын; - æнахъом сывæллæттæм зилын, сыгдæг сæ дарын; - бинонты æнæниздзинадмæ цæст дарын; - хæдзар æмæ хæдзары дзаумæттæ æфснайдæй æмæ сыгъдæгæй дарын. Сывæллæттæ: - хистæрты уынаффæмæ гæсгæ æрвылбон хæдзары куыстытæй бæлвырд исты кæнын (машинæ кæнæ фосмæ зилын, кæрты кæнæ агъуысты бæлвырд исты æфснайын, æнахъом хистæртæм цæст дарын (кæстæриуæг сын кæнын) кæнæ æндæр исты ахæм куыстытæ; - хистæрты бардзырдтæм гæсгæ «цумайы» куыстытæ кæнын. Нæ рæстæджы æхсæнады арæзт æмæ царды уавæртæ ирон бинон- ты царды фæткмæ бахастой бирæ ивддзинæдтæ. Уыдонæй иу у, адæм стыр бинонтæй кæй нал цæрынц, уый, ома, æфсымæртæ устытæ куы ракурынц, уæд сæ иуæй фæстæмæ хицæн бинонтæ, хицæн бынæт- ты æрцæрынц æмæ сæ цоты хибарæй фæхъомыл кæнынц, сæ ный- йарджытæ хатгай иунæгæй дæр баззайынц. Уыцы уавæры ный- йарджытæ сæ цоты цоты хъомыл кæнынæй фæиппæрд сты. Уыйадыл фыдæлты æрдхæрæны хъомылады фæткæвæрд фехæлд. Уыцы уавæр егъау æппæрццæг фæстиуджытæм кæны æвзонг фæлтæры хъомыла- ды хъуыддаг. Уый хъуыдыйаг у æппæт ныййарджытæн æмæ æхсæ- надæн. Нæ рæстæджы ирон хæдзары бинонтæ хæринаг хæрынц иу афон æмæ иу фынгыл, кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд. Ирон бинонтæн сæ фылдæр фынджы уæлхъус бадынц бæлвырд бынæтты. Бинонтæ кæд æртæ фæлтæры вæййынц, ома фыды фыд æмæ фыды мад, фыд æмæ мад (лæг æмæ ус), цот, уæд фынджы уæлхъус сæ бынæттæ вæййынц: хæдзары хицау (фыды фыд) - уæле (рæбынæй), фыды мад - æфсин - йæ мойы дæле, рахиз фарс, фыд - фыды фыды дæле, галиу фарс, мад (чындз) - æфсины дæле, йæ фарсмæ, сывæллæттæ (цот), - сæ мад æмæ фыды дæллаг фарс сæ кармæ гæсгæ. Бинонтæ кæд дыууæ фæл- тæры вæййынц, уæд уæле (рæбынæй) фæбады хæдзары хицау (фыд), 68
ХИОНТÆ ÆМÆ ХÆСТÆДЖЫТÆ йæ дæле, рахиз фарс, æфсин, уыдон дæле фæбадынц сывæллæттæ, цот сæ кармæ гæсгæ. Цалынмæ хæдзары хицау æмæ æфсин (йæ бинойнаг) сбада, уæд- мæ кæстæртæ фæлæууынц, стæй хистæрæй кæстæрмæ райдайынц сæ бынæттæ ахсын. Æфсинæй дарддæр йæ цардæмбалы фарсмæ бадын никæмæн æмбæлы. Цалынмæ хæдзары хицау кæнæ ’фсин чындзæн «сбад» зæгъа, уæдмæ йын фынгыл сбадын не ’мбæлы. Хæдзары хистæр хæрынмæ афæдз куы не ’рбацæуа, уæддæр ын йæ бынат ничи ахсы, уый канд аипп нæу, фæлæ ма нæфæтчиаг хъуыддаг дæр у. Бинонтæн æфсин фынгыл хæринаг куы ’рæвæры, уæд сæ алчи дæр фынджы уæлхъус йæ бынат æрцахсы, фæлæ бадгæ не скæны, цалынмæ хæдзары хицау кæнæ бинонты хистæр скува æмæ сбада, уæдмæ. Хæ- дзары хицау скувы: «Дунескæнæг иунæг Хуыцау, æнæ цæхх æмæ кæр- дзын нæ макуы фæкæн!» кæнæ: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн! Дæ хорзæхæй, ацы цæхх æмæ кæрдзынæй нæ æнæхай макуы фæкæн!» Науæд та: «О не скæнæг Стыр Хуыцау, мæ- гуыр нæ макуы скæн, табуафси!» Уыйфæстæ иууылдæр сбадынц æмæ бахæрынц, æрмæст хистæры разæй фыццаг комдзаг нæ чындæуы. Бæрæгбон кæнæ бæрæгæхсæв фынгыл кувинаг куы ’рæвæрынц, уæд хæдзары хицау æмæ бинонты архайд вæййы, сæргонд «Ирон фын- джы æгъдæуттæ»-йы куыд загъдæуы, афтæ. Бинонтæй кæд рынчын ничи у, уæд хицæн хæринаг никæмæн чын- дæуы, гыццыл сабитæй дарддæр. Фынджы уæлхъус кæстæртæ хъæрæй нæ дзурынц, уый аив нæу. Æрвадæлтæ æмæ хæстæджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ цæуынц кæрæдзи бабæрæг кæнынмæ - фенынмæ, ацæуыны амал кæмæн нæ вæййы, уый та телефонæй бадзуры æмæ бафæрсы: «Куыдтæ стут, цы хабæрттæ уæм ис?». Хæстæджытæ кæрæдзи фенынмæ куы фæ- цæуынц, уæд исты лæвæрттæ кæнæ зæрдæлхæнæнтæ кæныны хæс никæуыл ис. Рагæй (афæдз æмæ фылдæр) кæрæдзи чи нал федта, ахæм хиуæттæ афтидкъухæй кæрæдзимæ нæ цæуынц, фæлæ стыр лæвæрттæ кæнын та æнæфенд ми у. Кæрæдзимæ цæуыны хъæппæрис равдисын кæстæрмæ хауы. Хæстæджытæй искæуыл исты фыдбылыз куы ’рцæуы, кæнæ исты уæззау уавæры куы бахауы, уæд иннæтæн йæ бабæрæг кæнын æмæ йын, сæ амал цæмæй у, уымæй баххуыс кæнын кæнæ æрмæст- дæр йæ фарсмæ æрбалæууын, зæрдæвæрæн ныхас ын зæгъын сæ хæс у. Хиуæттæй исчи куы фæрынчын вæййы, уæд иннæтæй, йæ амал кæмæн вæййы, уый йæ бабæрæг кæны - ацæуы йæм рынчынфæрсæг. 69
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Рынчынфæрсæгæн йæ къух куы фæамоны, уæд рынчынæн бахæс- сы исты хæринаг, адджинæгтæ, дыргътæ, дидинджытæ кæнæ исты зæрдылдарæн лæвар. Уæззау рынчын чи вæййы (хæрын æмæ нуазы- ныл чи нæ вæййы), уымæн, хæдзары бинонтæ йеддæмæ, йæ размæ бацæуын аив нæу. Уымæн æмæ хатгай рынчынфæрсæг хъыгдарыны хос вæййы. Æниу йæ ном дæр рынчынфæрсæг уымæн хуыйны, æмæ фæрсынмæ æрбацæуы, рынчын куыд у, зæгъгæ, æндæра йæ фыдæлтæ хуыдтаиккой - рынчынуынæг кæнæ æндæр искуыд. Хион мæм рын- чынфæрсæг не ’рбацыд кæнæ ’рбацыд, фæлæ ницы æрбахаста, зæгъ- гæ, хъаст кæнын æнæуаг ми у. Бæрæгбоны кæнæ æндæр цины хъуыддаджы бинонтæ кусарт куы акæнынц, уæд мыггаджы хистæрмæ алкæддæр хонæг æрвыстæуы. Кæд æмæ мыггаджы хистæр цæмæдæр гæсгæ не ’рцыд, уæд ын æмбæлы сæрмагонд хай арвитын, амал æмæ гæнæн куы уа, уæд. Сæрмагонд хайы цытæ вæййы, уый бæлвырддæр бакæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы. Мыггаджы номхæсджытæ хъуамæ зоной, сæ мыггаг кæд цыфæнды хъуыстгонд у, кæд дзы бирæ номдзыд адæймæгтæ рацыд, уæддæр уы- дæттæ ууыл дзурæг не сты, æмæ æппæт мыггагæн уыцы хорз бæрæг- гæнæнтæ æрдзæй йæ туджы, йæ удыхъæды сты. Дсе мыггаг ксед цыфсенды хъуыстгонд у, цасфæнды дæр дзы усездан адæймæгтсе ис, уседдсер макуы зсегъ, уый иннсе мыггсегтсей хуыздсер у, зсегъгсе, уый сенсеуагдзинад у. Адсеймагсен дсер семæ мыггагсен дсер ном адсем дсеттынц.
«Фæразон у сывселлонимæ кусыныл, уымсен дæрæстæг севгъау ма кæн, рæстæг уымæй хуыздæр хьуыддагæн нæ хъсеуы». Карнеги СЫВÆЛЛОН 1. Сывæллоны фæзынд бинонты ’хсæн Раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæммæ сывæллоны райгуырд ны- мад уыди стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл. «Сывæллон цы хæдзары нæй, уый æххæст хæдзар нæу», «Сывæлло- ны хъæр цы хæдзарæй нæ цæуы, уый мæгуыр у», - афтæ фæзæгъынц ирæттæ. Сывæллоны райгуырд нымад у Хуыцауы фæндоныл, уымæн фæзæгъынц æнхъæлцау сылгоймагæй, «йæхи бар нæу», зæгъгæ. Уымæн вæййы æнхъæлцау сылгоймаг уæлдай буцдæр даринаг, уымæн æй хъахъ- хъæнынц цæсты гагуыйау низтæй, æрдзон фыдбылызтæй æмæ зынд- зинæдтæй (кæс сæргонды «Сылгоймаг - нæлгоймаг»). Ирон сылгоймæгтæ кæддæрау уæззау уавæрты нал арынц, алы æв- гъæдыбадæг æмæ арæг сылгоймаг дæр йæ арыны рæстæг куы ’рцæуы, уæд бацæуы арæндонмæ. Фæлæ уæддæр æххæст фæкæны, нæ фыдæл- тæй цы фæтк æмæ уагæвæрдтæ баззад, уыдон. Арæндонæй рахæссыны размæ йыл йæ мад кæнæ мады мад (фыды мад) батутæ кæны æртæ хат- ты (символикон хуызы), стæй фæзæгъы: «Фыдцæстæй дын хай ма уæд! Науæд та «Æвзæр цæст æмæ цымыдис - сæ равдисæджы!» Сывæллоны фыццаг хатт йæ хуыссæнуатмæ (хæдзармæ) бахæссыны размæ уаты ру- дзынг кæнæ дуар бакæнынц, уаты ссудзынц исты артхос, стæй, фæздæг куы ацæуы, уæд рудзгуытæ бахгæнынц æмæ сывæллоны бахæссынц. Æцæгæлонмæ йæ не ’вдыстæуы, цалынмæ йын йæ галиу цонджы хъу- лыл сырх хæцъилы уаццаг нæ бабæттынц, уæдмæ. Уыцы митæ иууыл- дæр кæнынц, цæмæй йæм дæлимоны тæфаг ма бахæццæ уа æмæ йæ исчи ма фæцæстдзыд кæна, уый тыххæй. Ноггуырд сывæллоны раз не 71
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ’мбæлы хъæр кæнын, æхситт кæнын, тамако дымын, исты химикат- тимæ архайын, чъизи уæлæдарæс кæнæ къахыдарæсимæ йæ уатмæ цæуын, æнæхсад къухæй йæм æвналын. Сывæллоны уаты хъуамæ ма уа æвзæр кæнæ карз тæф чи кæны, ахæм дзаумæттæ. Сывæллоныл цалынмæ ном сæвæрой, уæдмæ йæ сахат дæр иунæ- гæй нæ уагъдæуы, стæй йын йæ уатмæ уæгъдцыд (æнæхъуаджы) нæчындæуы. Раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæммæ сывæллоны райгуырд нымад цыдис Хуыцауы æппæт стырдæр лæварыл, стыр бæрæгбо- ныл. Ууыл дзурæг сты, бинонтæ сывæллоны цардамондæн цы бирæ уæлибондзинæдтæ арæзтой, уыдон. Нæ рæстæджы уыцы алыхуызон бæрæгбæттæ æмæ æндæр цины хъуыддæгтæй дзæвгар аиварс кодтой царды уавæртæ, фæлæ ма уæддæр бирæ рæсугъд æмæ хъæугæ æгъ- дæуттæ цæрынц. Уыдонæн сæ фылдæры мидисы ис сывæллоны рай- гуырдыл цин кæнын, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм ын кувын. Бар æм чи дары, уыцы зæдтæ æмæ дауджытыл æй бафæдзæхсын, йæ мады йын цотхал кæныныл разæнгард кæнын. Уæдæ бæлвырддæр æркæсæм, абон ма цы бæрæгбонтæ кæнынц, уыдонæн сæ ахсджиагдæртæм. Рæстæйы куывд. Сывæллоны райгуырдмæ ма дыууæ-æртæ мæйы куы баззайы, уæд скæнынц æртæ чъирийы, дзыкка кæнæ сир, бах- сидынц бæгæны кæнæ къуымæл, аргæвдынц карк кæнæ гогыз. Фын- гæвæрд куы срæвдз вæййы, уæд æрбахонынц хæстæг сыхбæсты сылго- ймæгты, æмæ уыдон, фынгыл цы бæрæчет вæййы, уыдонæй скувынц Хуыцаумæ, (Мады-Майрæммæ) æмæ Сæрызæдмæ. В а р и а н т: Дунесфæлдиссег иунсег Хуыцау! Табу дсехицæн, шабу де сшырдзинадæн! Мсенæ ацы сенсегпсеригъæд сыл- гоймаг сенхъæлцау уу семсе йын сей> дсе хорзсехсей, фсерсеспгмсе ксен! Æнсениз семсе йын рсесугъд сы- вселлон куыд райгуырау ахсем хорз ын раксен! Ксед дсеразы исгпæмсей азымджыну, усед ын ныххашыр ксен. Сыгъдсег Мадызсед (Мады-Майрсем)у сызгъсерин шсебæгъты дсем фсекуывдсеуседу табу дсехицсен! Ацы сенхъселцауы дсеуыл дсер фæдзсехссем, зынсев- гъсед куыд нсе уау йсе арсен бон рсестмсе куыд ра- уайау ахсем ахъаз ынраксен! Йсе сывселлон сенсенизу ’ сенсесахъатсей дунейы рухс куыд фенау уый йын дсе цсест бауарзсед! Фыццаг сывселлон ын уу семсе ав- 72
СЫВÆЛЛОН дсен амондджын фсендаг куыд сксена, ахæм арфæ йын раксен! Табу дæхицсен, усездан Мадызсед (Ма- ды-Майрсем)! Ссерызсед, дсеусен дсер сехцон усед! Ацы сыпгоймаджы Хуыцау де ’вджид бакодша семсе, дсе хорзсехсейу дсе цсесш сем фседар! Стыр Хуыцау, Мадызсед, ацы сертсе ксердзыны уæ номып конд сты семсеуын барст усент!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходæггаг авæры чындзмæ. Уый- фæстæ сбадынц æмæ гаджидæуттæ фæуадзынц Стыр Хуыцау æмæ Мадызæды номыл, Сæрызæд æмæ Бынатыхицауы номыл, чындз æмæ бинонты цардамонды тыххæй. Ууыл бæрæгбон фæвæййы æнæуæлдай хъæлдзæгдзинæдтæй. 2. Номæвæрæн Ноггуырдыл 2-3 къуырийы куы рацæуы, уæд скæнынц æртæ чъи- рийы, арахъхъ, бæгæны, къуымæл. Аргæвдынц хæдзарон мæргътæ кæнæ уæрыкк, балхæнынц адджинæгтæ, халсартæ æмæ æрхонынц хæстæг сыхæгты æмæ хионты. Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ), Уастырджимæ, Сæрызæдмæ. Ноггуырд кæд лæппу вæййы, уæд хистæр Стыр Хуыцауы фæстæ ссары Уастырджийы ном. Кæд ноггуырд чызг вæййы, уæд та кувæг Стыр Хуыцауы фæстæ ссары Мадызæды (Мады-Майрæмы) ном. Лæппуйы номæвæрæны архайынц нæлгоймæгтæ, ном дæр æвæрынц уыдон. Чызджы номæвæрæны та архайынц æрмæст сылгой- мæгтæ. Бадты адæм дыууæ сидты куы ракæнынц, уæд кæстæртæй иуæн бабар кæнынц номхыгъд ныффыссын, уыцы номхыгъдмæ алчи дæр бахæссы дыууæ-æртæ номы. Уыйфæстæ номхыгъд бакæсынц мад æмæ фыды мадæн, номхыгъдмæ сæ чи бахаста, уыдон нæ зæгъгæйæ. Мад æмæ æфсин нæмттæй иу равзарынц, æмæ уый свæййы ноггуырды ном. Кæй ном равзарынц, уый уыцы бонæй фæстæмæ нымад вæййы хионыл. Цæрæнбоны сывæллонмæ йæ цæст фæдары, фæауды йыл, зын уавæры йæ фарсмæ æрбалæууы. Свæййы сывæллоны хъомылгæнджытæй иу. Ном куы равзарынц, уæд æфсин æмæ номæвæрæг сывæллоны æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ царвы кæнæ дзыккайы къусимæ бадты адæммæ рахæссынц. Адæм иууылдæр сыстынц, æмæ хистæр скувы (кæс дæлсæргонд «Кæхцгæнæн» (Кæхцхæссæн)). Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд сывæллонæн йæ рахиз къах дзыккайы къусы атъыссынц, æмæ йæм хистæр бадзуры: «Ракъах æй, 73
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ æмæ дзы авд разыной!» Стæй дзыккайы къус мадæн арвитынц, цæмæй дзы сахода, уый тыххæй. Уыцы хъуыддæгтæ куы фæвæййынц, уæд адæм сбадынц æмæ гаджи- дæуттæ фæуадзынц, фæминас кæнынц, фæзарынц. Ирон адæймаг хъуамæ ирон ном хæсса, уымæн æмæ ирон номы ирон фарн ис. 3. Авдæнбæттæн Авдæнбæттæн фæкæнынц, ноггуырдыл 2-3 къуырийы куы рацæуы, йæ мад та сывæллоны райгуырды фæстæ йæхиуыл куы фæхæцы, уæд. Кæд гæнæн æмæ амал уа, уæд авдæнбæттæн бонæн равзарынц майрæм- бон кæнæ хуыцаубон. Фылдæр хатт авдæнбæттæн æмæ номæвæрæн баиу вæййынц, æмæ уæд авдæнæн æртæ чъирийы скæнынц хицæнæй. Авдæнбæттæн бон ноггуырдыл ном куы нæ февæрынц, уæд дзы нæл- гоймæгтæ нæ фæархайынц. Уыцы фынгæвæрдмæ бинонтæ скæнынц æртæ кæрдзыны, аргæв- дынц хæдзарон мæргътæй исты, уæрыкк чи аргæвды, ахæм бинонтæ дæр вæййы - къух куыд амона, афтæ. Æрбахонынц хæстæг сыхæгты æмæ хионты. Ноггуырд фыццаг сывæллон куы вæййы, уæд ын авдæн хуынимæ æрбахæссынц йæ мады ’рвадæлтæ. Кæд уыдонæн сæ бон нæ вæййы ахæм хардз скæнын, уæд ын бинонтæ сæхæдæг самал кæнынц. Мады ’рвадæлтæ авдæнимæ æрбахæссынц авдæны дзаумæттæ: гæбына, дыу- уæ базы, гыккына, уæлтауæн, хъæццул, æмбæрзæн, сымпыр, сыппа, иу-дыууæ чысыл хъазæны; æртæ чъирийы, карк кæнæ гогыз, нозт æртæ литры бæрц, фылдæр хатт бæгæны кæнæ адджын нозт. Авдæнбæттæн райдайы афтæ: кувинæгтæ æрæвæрынц фынгыл. Фынгмæ хæстæг æрæвæрынц авдæн æд хуыссæндзаумæттæ цæттæйæ, æрбахонынц чындзы æд сывæллон. Уый фæстæ сыхбæсты хистæр сыл- гоймаг сисы бæгæныйы къус æмæ скувы Стыр Хуыцаумæ, Мадызæд (Мады-Майрæммæ), Бынатыхицаумæ, Сæрызæдмæ. Кæд сывæллон лæппу вæййы, уæд ма Лæгтыдзуармæ - Уастырджимæ дæр. Ракуры сæ, цæмæй ноггуырд авды фыццаг фæуа, цæмæй амондджынæй схъо- мыл уа, цæмæй йын йæ авдæн æнæнизы хос фæуа, адджын фынтæ дзы уына. Уыйфæстæ кувæггаг сывæллоны мадмæ раттынц, уый дзы ацахо- ды, æмæ йе ’фсинимæ сывæллоны авдæны бабæттынц. Сывæллон æмæ йæ мадæн устытæй алчи дæр зæрдиаг арфæтæ ракæны, цæстдзыды ныхмæ сывæллоныл батутæ кæны, стæй сывæллоны йæхи уатмæ æд авдæн ахæссынц. 74
СЫВÆЛЛОН Уыйфæстæ устытæ гаджидæуттæ фæуадзынц, фæзарынц, фæка- фынц. Нæ рæстæджы сывæллоны райгуырд тынг стæм куы сси, уæд алы ахæм бæрæгбон дæр нымад у егъау æмæ ахсджиаг цауыл, уымæн вæй- йынц бинонтæ æмæ къабæзтæ номæвæрæнтæ æмæ авдæнбæттæнты уæлдай зæрдæрухс æмæ хъæлдзæг. Бинонты царды уавæртæм гæсгæ ноггуырды авдæны куы нæ фæбæттынц, уæддæр бæрæгбон скæнынц. 4. Кæхцгæнæн (Кæхцхæссæн) Кæхцгæнæн у ноггуырд лæппуйы Хуыцау æмæ Уастырджийыл фæдзæхсæн бон. Нымад у æппæтирон адæмон бæрæгбоныл, кæнынц æй, Хетæджы бонæй къуыри куы рацæуы, уæд - хуыцаубоны. Уыцы къуыри дæр хонынц Кæхцгæнæны къуыри, иуæй-иу рæтты та Сой- гæнæн къуыри. Уæлладжыры комы иуæй-иу хъæуты сывæллонæн кæхц скæнынц йæ афæдзы бон, уый дæр аипп нæу. Уыцы бон ноггуырдæн йæ мады ’рвадæлтæ - чындзы цæгат - æр- бахæссынц (æрбаласынц) кæхц. Абон ма кæд кæддæрау йæ ном «кæхц» хуыйны, уæддæр ын стыр хуын рахонæн ис. Кæхцы вæййы æртæ хæ- бизджыны, æртæ ’ртæдзыхоны, стыр гуыл чъирифыст гуыдын, бæгæ- ны æмæ æндæр нозтытæ, тохъхъыл кæнæ æвдасарм, гогыз кæнæ карк. Хуынимæ вæййы лæвæрттæ: сиахсæн, ноггуырдæн (æнæхъæн фæлыст, кæнæ 1-2 хицæн дзаумайы, кæд ма ноггуырдæй фæстæмæ хæдзары сы- вæллон ис, уæд уымæн дæр исты зæрдæлхæнæн лæвар). Кæй ранымадтон, уыдонæй къаддæр лæвæрттæ æрбахæссын аипп нæу. Аипп у хи равдисыны охыл зынаргъ лæвæрттæ кæнын. Кæхцхæсджытæ вæййынц дыууæ хистæры - нæлгоймаг æмæ сыл- гоймаг, фæндырдзæгъдæг, кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ - 4-6 адæй- маджы. Чындзы цæгат фысымтимæ куы баныхас кæнынц, уæд хуын- дзæутты нымæц фылдæр дæр вæййы. Кæхцхæсджыты æрбацыдмæ фысымтæ дæр акæнынц кусарт, скæ- нынц чъиритæ, сцæттæ кæнынц алыхуызон хæринæгтæ, нозт, сцæттæ кæнынц рæсугъд фынгæвæрд. Æрхонынц сыхбæсты æмæ хæстæг хи- онты, фæсивæды. Саразынц хъазт, арæх фæндырдзæгъдæджы бæсты æрхонынц кæнæ баххуырсынц музыкалон-инструменталон къорд. Фæндырдзæгъдæг куы нæ уа, уæд афтæ æмбæлы. Хъæлдзæгдзинад цы кæхцы нæ уа, уый цæсты нæ ахады. Куывдмæ алцыдæр цæттæ куы вæййы, уазджытæ æмæ фысымтæ фынджы уæлхъус сæ бынæттæ куы ’рцахсынц, уæд сывæллоны йæ номæвæрæг æмæ йæ фыды мад (йæ мад куы уа, уæд дæр аипп нæу), 75
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ кæнæ хистæр кары сылгоймæгтæй исчи хистæрты размæ рахæссы. Бадты адæм иууылдæр сыстынц, æмæ хистæр скувы: В а р и а н т: «Дудесфæдисæг æмæ дунедарсег иунсег Хуыцау, табу дсехицсен! Мсенсе абон - дсе кувсен боны - Торчынтсе ссе ноггуырд тырып цин кæнынц, семсе сын сей цсерæнбонты цины аккаг фсексен! Дсеуыя сей фæдзæхсынц, дсеусей йын фарн, амонд курынц æмæ, дсе хорзæхæй, ма цы сын бавгъау ксен! Ног- гуырды фидсен сенсемаст æмæ йæ ныййарджыты фæндиаг куыдуа, ахæм арфæракæн! Уæздандзинад æмæ домбай зондахастæй Иры дзыппæтæн кад æмæ намысхæссæг куыд басгуы- хау ахæм хъару йын ратт! Табу дæхицæну табу де стырдзинадæн! Зæринбазыр Уастырджи, табу дæхицæн! Ацы сабийы дæуыл фæдзæхсæм, дæ хорзæхæй, дæ сыз- гъæрин базыры бын æй бакæн! Йæ сæры ’вронг хъуыды куыд уау йæ зæрдæйы - фидар ныфсу йæ уæнджы - æхсару ахæм хорздзинад ын дæ цæст ба- уарзæд! Йæ царды фæндæгтæ рæсугъд куыд уойу йæ хъуыддæгтæ - уæлахиз, ахæм арфæ йынракæн! О сызгъæрин Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæну табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Ацы сыгъ- дæгуд саби де сконд, дæ рард уу æмæ йæ уды сыгъ- дæгдзинаду йæ уæнджы домбайдзинад цæрæнбон- ты куыд хæсса, ахæм хъару йын ратт! Йæ ный- йарджытæн авд хъæбулы хистæр куыд фæуа, ахæм арфæракæн! О нæ Ирыл аудæг зæдтæ æмæ дауджытæ, уе ’ппæтæн дæр нæ табу æрвитæм! Ацы ноггуырдыл уæ йæ бар, йæ хъомыс кæмæн цæуы, уæ хорзæх, уæ фарнæй йын хай бакæнут! Иунæг Стыр Хуыцау, Бæрзонд Уастырджи æмæ Сыгъдæг Мады-Майрæм, ацы хойраг, фы- дызгъæл æмæ хуымилиаг уæ номыл сты, æмæ уын барст уæнт! Не сфæлдисæг Хуыцау, кæд, Торчынты хæдзар- вæндаг æмæ маху уыдон номæй дæумæ табугæнæг адæм, истæмæй дæ разы азымджын стæм, уæд нын æй ныббар! Табу дæхицæн!» 76
СЫВÆЛЛОН Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг авæры сывæллоны ма- дызæнæгæй иумæ, кæнæ та кæстæртæй æндæр искæмæн, йе та дзы сы- вæллонæн йæхи фæхъæстæ кæнынц. Уыйфæстæ сывæллоны йæ уатмæ ахæссынц, гаджидаутæ фæуадзынц, фæминас кæнынц, фæзарынц æмæ фæкафынц. Фæстаг цалдæр азы бирæ ирон бинонтæ кæхц кæнын райдыдтой ноггуырд чызджытæн дæр, æцæг Кæхцгæнæн бон нæ, фæлæ уыйфæстæ фыццаг майрæмбоны, уый аипп нæу. Кæхцгæнæн къуырийы дæргъы æрвылбон хурныгуылды фæстæ ног- гуырд цы хæдзары вæййы, уырдæм фæсивæд фæкæнынц «сой» - чыз- джытæ æмæ лæппутæ æд фæндыр, æд гуымсгæнæнтæ æрæмбырд вæй- йынц хæдзары дуармæ, æмæ сойамонæг хæдзармæ бадзуры: «Сой! Сой! Сой! Хæдзар!» Уыйфæстæ фæндыр зарæджы цагъд акæны, лæппутæ та йын хъырнгæ фæкæнынц. Зарæг куы фæвæййы, уæд сойамонæг риф- мæгонд ныхæстæй хæдзармæ басиды, фæкуры сæ, цæмæй сын æгъдау (хуын) рахæссой. Сойамонæджы ныхæстæн сæ мидисы вæййы арфæтæ ноггуырдæн, бинонтæн, стæй æнæуи хъæлдзæг ныхæстæ. Æгъдау сын æрæгмæ куы фæхæссынц, уæд та хъазæн хуызы фысымтæн айуан кæ- нын райдайынц. Сой кæнын у, нæ рагфыдæлтæй чи баззади, ахæм рæсугъд, хъæл- дзæг æмæ диссаджы бæрæгбон, æрмæст æй, хъыгагæн, Ирыстоны бирæ хъæуты ферох кодтой æмæ йæ нал кæнынц. 5. Цæуæггаджы бон Ацы бæрæгбон кæнынц Куадзæны фæстæ фыццаг цыппæрæмы, Хуыцауыдзуары бон (кæс сæргонд «Бæрæгбæттæ»), хонынц ма йæ: «Фæлгæсæн бон» æмæ «Номæвæрæджы бон». Уыцы бон æртæ азы цы сывæллæттыл сæххæст вæййы, уыдоны бинонтæ скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд - æртæ чъирийы, æртæ сртæдзыхоны, гуыл, аргæвдынц исты хæдзарон маргъ кæнæ урс уæ- рыкк, бахсидынц бæгæны. Номæвæрæджы бинонтæ æрбахæссынц хуын: 3 чъирийы, гуыл, карк кæнæ гогыз, нозт -1-2 литры, хуынимæ лæвæрттæ сывæллонæн - хæдон, хæлаф, хъазæн, дарæсы фæлыст ын чи балæвар кæны, ахæмтæ дæр вæййы. Номæвæрæджы лæвар цæсты ахадгæ куы уа, уæд æнæ хуынæй дæр фаг у. Цæуæггаджы бон кусарт чи акæны, уый йæ хæстæг сыхæгты дæр æрбахоны. Уыцы бон фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Мадызæд- 11
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ мæ (Мады-Майрæммæ), сывæллонæн ракурынц цардамонд, бафæ- дзæхсынц сыл æй. Мысайнаг ыл æрхæссынц æмæ йæ хæстæг кувæн- донмæ арвитынц. Гаджидæуттæ фæуадзынц, фæзарынц, фæхудынц, хъазт чи скæны, ахæмтæ дæр вæййы. Уыцы бонæй фæстæмæ сывæллон нымад вæййы æххæстбарджын адæймагыл, «уынаффæйы лæгыл», йæ хуыссæнуат йæ мады хъæбысæй баивы нæлгоймæгты уатмæ кæнæ хицæн уатмæ. Лæп- пуйæн балæвар кæнынц фат æмæ æрдын, чызгæн та - хъазæн чындз кæнæ æндæр исты хъазæн. Уыцы бонæй фæстæмæ сывæллон нымад æрцæуы фыдæлты диныл хæст удгоймагыл. 6. Хосдзауы бæрæгбон Хос кæрдын хæхбæсты уавæрты уæззау куыстыл нымад у. Уымæ гæсгæ цалынмæ лæппуйæн йе уæнг сфидар уа, уæдмæ йын ахæм уæззау куыст кæнын пайда нæу. Фæлæ лæппуйыл 15 азы куы сæххæст вæййы, уæд æй нымайын райдайынц æххæст куыстхъомыл æмæ æцæг хосд- зауыл, ома хæдзардарæгыл. Ахæм лæппуйæн хосгæрдæнты скæнынц хосдзауы хуын - æртæ чъирийы, физонæг кæнæ кусарт, хосдзауы гуыл - фæстаг гуыл, Ома уæд сывæллон нал вæййы, уымæй фæстæмæ йын гуыл нал фæкæнынц, бæгæны кæнæ къуымæл, æндæр нуазинæгтæ æмæ хæринæгтæ. Уыцы хуынимæ лæппуйы арвитынц хосгæрстмæ - уы- гæрдæнмæ - æмæ йын уым хосдзауты хистæр Хуыцаумæ æмæ Уастыр- джимæ батабу кæны, ракуры сæ, цæмæй лæппуйæ куыстуарзон æмæ æрхъуыдыджын, хъаруджын æмæ арæхстджын, хæдзардарæг скæной. Уыйфæстæ йын уым хистæр хиуæттæй исчи балæвар кæны, рагацау кæй сцæттæ кæны, ахæм ног цæвæг. Иннæ хосдзаутæ йын арфæ ракæ- нынц, стæй иумæ фæбадынц æмæ хъæлдзæг гаджидæуттæ фæуадзынц, фæзарынц. Ныры рæстæджы фылдæр рæтты холлæгты куыст кæй нал кæнынц, ома сæ хос кæрдыны сæр кæй нал хъæуы, уымæ гæсгæ лæппуйæн йæ хосдзауы бæрæгбон баиу кæнынц йæ райгуырæн бонимæ. Иутæ та йæ кæнын байдыдтой, æхсæрдæс азы йыл куы сæххæст вæййы кæнæ па- спорт куы райсы, уæд. 7. Сывæллæттæ хъомыл кæныны иуæй-иу фарстатæ ’Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Хуыцаумæ цасфæнды куы фæку- вай, уæддæр дын æнæ фынддæс сомы хæрæг нæ ратдзæн». Уыйау, 78
СЫВÆЛЛОН куывдтæ кæнын æмæ сывæллæттæ хъомыл кæнын иу не сты. Сывæл- лон схъомыл кæнын дунейы æппæтæй зындæр æмæ вазыгджындæр куыст у. Уый ныййарджытæй - хъомылгæнджытæй домы æгæрон фæразондзинад, стыр ныфс æмæ арф зонындзинæдтæ хъомылады фæрæзтæй пайда кæнынæн. Хъомылгæнæджы сæйраг фсерæз уарзондзинад, сенсе уый хъомып- гсенæгу куырм æмæ гоби. Сывæллон куыддæр райгуыры, афтæ йæ райдайын хъæуы хъомыл кæнын. Алы ныййарæг дæр æрвылбон, æнæсцухæй, фæллад нæ зонгæйæ хъуамæ кæса йæ сывæллоны митæ æмæ æууæлтæм, араза йæ раст фæндагыл, ахуыр æй кæна æрдз æмæ æхсæнады цардыл. Ныййарæгуæв- гæйæ афтæ чи нæ кæны, уый æрдзæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр фыд- былыз хæссы. Хъомылгæнæг хъуамæ хорз зона, зонад æмæ ирон адæмы фæл- тæрæн хъомыладон куыстæн цы сæйраг фæткæвæрдтæ скодтой, уы- дон, æмæ сæ пайда кæна. Хъуамæ йæ зæрдыл дара сывæллоны уды- хъæды бавæринаг сæйрагдæр миниуджытæ. Уыдон сты: адæймагуар- зынад, рæстдзинад, уæздандзинад, бонзонгæ уæвын, сæр сæрмæ хæс- сын, ныфсхаст æмæ æхсарджын уæвын. Хъомылады сæйраг скъола у ныййарæг хæдзар, йæ ныййарджытæ та сты сæйраг хъомылгæнджытæ. Æрмæстдæр ам æмæ адоныл сахуыр вæййы сывæллон, уæздандзинады домæнтæ æххæст кæныныл, адæмы ’хсæн цæрыныл æмæ адæймаджы цардхъомдзинады сæйраг мадзалыл - фæллой кæныныл. Сывæллонæн йæ ныййарджытæм хорзæй, æвзæрæй цы ми- ниуджытæ вæййы, фыццаджы-фыццагдæр йæ удыхъæды уыдон ба- цæуынц. Уымæн фæзæгъынц «Сау къæдзæхæй сау дуртæ тулынц», «Сæгъæй уæрыкк нæ райгуыры». Хъомылады сæйраг чиныг æмæ цæстуынгæ æрмæг у ныййарæг йæхæдæг. Уымæ гæсгæ алы ныййарæг дæр йæ цотæн хъуамæ уа алкæд- дæр æмæ алцæмæй дæр фæзминаг, уаг æмæ æфсармы бæрцбарæн. Сы- вæллон йæ ныййарджытæм искуы цæстмæ ми, мæнгарддзинад кæнæ гæды ныхас куы рахата, уæд ныййарджыты хъомыладон куыст уы- дзæн, куырой ривадæй куы зила, уый хуызæн. Стæй канд æнæпайда нæ, фæлæ ма фыдбылызхæссæг дæр. Æцæг хъомылгæнæгæн йæ алы ныхас, йæ алы ми æмæ йæ алы ар- хайд дæр хъуамæ æнцайой уарзондзинады бындурыл. Сывæллонмæ уарзæгой цæстæй чи нæ кæсы, зæрдиагæй йыл чи нæ ауды, уый хъо- мылгæнæгæн нæ бæззы. Æцæг хъомылгæнæгæн йæ алы ныхас, йæ алы ми æмæ йæ алы архайды дæр ис Хуыцауы комытæф, зæрдæйы хъарм, 79
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ фæлмæндзинад, æууæнк æмæ ныфс. Уыцы æууæлтæ æмæ миниуджытæ цы хъомылгæнæгмæ вæййы, уый йæ бæрны уæвæгмæ фæкæсы барон цæстæй, æмæ йæ хъомылгæнинаг цыфæнды фыдуаг ми куы бакæна, уæддæр ыл йæ зæрдæ нæ аивы, хæрамы цæстæй йæм нæ ракæсы, æр- мæст йæ бæрны уæвæгимæ иумæ сагъæсы бацæуы йæ хъомылгæни- наджы æвзæр мийыл (йæ равджы йын сагъæс æмæ фæсмон бауадзы). Сывæллонæн хъомылгæнæг фыццаджы-фыццагдæр цы дзырды ми- дис бамбарын ксены, уый у - «Ма ксен!» Ацы дзырд сывæллонæн йæ алы- варсуæвджытæ хъуамæ дзурой стæм хатт. Иугæр загъд куы Урцæуа} уæд та сывæллонæн æнæмæнг æххæстгæнгæ у. Ацы ныхасæй сывæллон хъуамæ стъæлфа æмæ зона} æнæ баххæстгæнгæ йын кæй нæйу уый. Саби змæлынхъом куы фæуа, уæд ын хъæуы, йæ хъару цас амоны, уый бæрц «цума» кæнын. Сывæллонæн куысты бафæллайынæй тæр- сын нæ хъæуы, тæрсын хъæуы, куыст ын куы нæ рардæуа кæнæ йын йæ куыстæн аргъ куы нæ счындæуа, уымæй. Сывæллоны авд-аст азмæ йæ ныййарджытæ хъуамæ сахуыр кæной къаддæр-уæддæр мæнæ ацы æрвылбоны куыстытыл: - арæхсгæ цъылын æмæ уисойæ мæрзын, фынгтæ, тæрхæджытæ, бандæттæ ныссæрфын, къустæ æмæ тæбæгътæ ныхсын, уæлæдарæс æмæ хуыссæнтæ бæлвырд бафснайын; - цæхæрадоны æвзартæм зилын - рувын, дон сыл кæнын, хортæ æмæ халсартæ ’фснайын; - хырх, дзæбуг, аркъау, бырау æмæ лæсгæр зилæн дзаумæттæй хуымæтæг куыстытæ æххæст кæнын; - быдыры уавæрты æмæ хæдзары артдзæсты арт скæнын, стæй бæлвырд зонын, зынг сирвæзты ныхмæ цы мадзæлттæ æмæ уагæвæрд- тæ ис, уыдон; - электрон тых, газ æмæ артагæй хи хъахъхъæнын; - хуымæтæджы хæринæгтæ скæнын, уæларты æмæ цæхæры кар- тоф, нартхор фыцын, хъайла скæнын æмæ æйчытæ сфыцын, цай сцæт- тæ кæнын; - буар æмæ дарæсмæ зилын, хи ныхсын æмæ хи ныннайын, цъын- датæ æмæ къухмæрзæнтæ æхсын, сæр ныхсын æмæ дзыккутæм зилын, къæхтæ æмæ къухты ныхтæ ракæнын, хуыдыхæлд æмæ цæппузыр ба- хуыйын. Сывæллоны ахуыры фæндагыл сæвæрын, аивады бындуртимæ йæ базонгæ кæнын, йе уæнджы цы курдиат, цы зæрдæргъæвддзинад ис, уыдон ын раргом кæнын æмæ йæ райрæзын кæнын алы ныййарæгæн дæр хæс у. Сывæллон скъоламæ куы бацæуы, уæд йæ сахуыр кæнын свæййы бинонты царды сæйрагдæр фарста. 80
СЫВÆЛЛОН Дсе сывæллоны сахуыр кæнынæн æвгъау мацы баксен, нæдсер дсе исбон, нседæр дсехъару. Йсе сывселлоны фидсеныл цы ныййарсег нсе сагъсес кæны семсе йын мадзселттсе чи нсе аразы, йсе амал амоны, афтæмсей, уый ныййарседжы ном хсессыны аккаг нсеу. Сывæллоны сахуыр кæнынæн хъæуы æрвылбон уавæра аразын, æрмæст ын йæхи фæлмæцын нæ кæнгæйæ. Сывæллонæн «ахуыр кæн, ахуыр кæн» дзурын канд æнæпайда хъуыддаг нæу, фæлæ ма зианхæс- сæг дæр. Уый бæсты мадзæлттæ сараз сывæллоны ахуырмæ разæнгард кæнынæн. Сывæллоныл авд-аст азы куы сæххæст уа, уæдмæ йæ ныййарджытæ хъуамæ самидин кæной ахуырмæ, базонгæ йæ кæной, ахуыр адæйма- гæн цы хорздзинæдтæ дæтты, уыдонимæ. Алы æнæниз авдадзыд сывæллон дæр хъуамæ зона: - иронау æнæкъуызгæ дзурын, уæнггай кæсын; - уырыссагау дзурын, æмæ дамгъæтæ зонын; - нымæцтæ ссæдзы онг нымайын, кæсын æмæ фыссын, дæсы онг æфтауын, æппарын æмæ хатт кæнын. Иры фыдæлтæ кæсын æмæ фыссын нæ зыдтой, абон адæммæ цы хъæздыгдзинæдтæ ис, уыдон дæр сæм нæ уыдысты, фæлæ уыдон ахæм æрдхæрæны хъомыладон скъола сарæзтой, æмæ абон мах нæ кæстæр- ты фидæныл куыд сагъæс кæнæм, фыдгæнджытæ нын куы суой, зæгъ- гæ, уыдонæн уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Фыдæлты скъола фæсивæды ахуыр кодта уæздандзинад, царды уæз хæссын, фыдæлты уырнынад æмæ удварны хæзнатæ хъахъхъæныныл. Ссæдзæм æнусы куыддæр диныл нæ къух систам, афтæ уæздан- дзинад нæ национ удыхъæды скадавар, фæсивæд галиу фæндагыл цæуын байдыдта. Нæ куырыхон фыдæлтæ нын бæргæ фæдзæхстой сæ таурæгъты, Хуыцауыл уæ зæрдæ макуы сивут, зæгъгæ, фæлæ йæ ферох кодтам. Абон дæр ныййарджытæй афтæ чи хъуыды кæны, æнæ Хуыцаумæ кувгæйæ сывæллоны удыхъæды уæздандзинад бавæрæн ис, зæгъгæ, уый рæдийы. Сывæллон цæмæй уæзданæй схъомыл уа, уый тыххæй йæ гыццылæй ахуыр кæнын хъæуы Хуыцауы тыххæй зо- нындзинæдтыл. Скъоламæ бацæуыны агъоммæ сывæллон хъуамæ зона, чи у, цы у Хуыцау, чи сты, цы сты зæдтæ, дауджытæ, цы у сæ хъомыс Хуыцау, зæд- тæ æмæ дауджытæн, цы сты дæлимонтæ, цы нæ фæтчы динон уырнын- дзинæдтæм гæсгæ, куыд хъæуы Хуыцаумæ цыбырæй бакувын, хатыр дзы ракурын. Хъуамæ зона, цы амоны æмæ кæмæй фæзæгъынц: «Хуы- цауы æмæ адæмæн уарзон адæймаг», цы амоны дзырддзæугæ куыры- хон адæймаг. 6 Родники благородства 81
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Фыдæлтæ хорз зыдтой, сывæллон схъомыл кæнынæн иу-дыууæ адæймаджы æгъгъæд кæй не сты, уый. Уымæ гæсгæ уыцы хъуыддаджы архайдтой канд ныййарджытæ нæ, фæлæ уыдоны ныййарджытæ, хæстæг, хионтæ, сыхбæстæ. Абон цот хъомыл кæнын фæлварынц æр- мæстдæр ныййарджытæ, ома сывæллæттæ хистæр фæлтæрæй фæип- пæрд сты, æмæ бæрæг дарынц уыцы уавæрæн йæ æппæрццæг фæс- тиуджытæ. Сывæллоны Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл баууæндын кæнын алы хъомылгæнæгæн дæр хæс у. Нæ фыдæлты æвæджиау хъомылад æнцади динон уырнынадыл, æнæ уыцы уырнынадæй уæздандзинадæн уæвæн нæй. Ирон адæмы царды фæлтæрддзинад ууыл дзурæг у, æмæ, куыддæр хъомылад фыдæлты уырнынады кæнонтæй фæиппæрд вæй- йы, афтæ фæсивæд галиу фæндагыл ацæуы, æхсæнад та дзолгъо-мол- гъо свæййы. Ныййарджытæ сывæллоны талæнты Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджы- ты тыххæй зонындзинæдтæ бавæрынц канд дзыхы ныхæстæй нæ, фæлæ кувгæйæ æмæ фыдæлты æгъдæуттæ æххæстгæнгæйæ. Раджы дæр æмæ абон дæр ирон адæймаг йæ сывæллоныл æргом цинтæ кæнын, иугæндзонæй йемæ хъæлдзæг хъæзтытæ кæнын, цæст- мæхъусæй йын «хорз дæ», «зондджын дæ», «уарзын дæ» дзурын ны- мадта æмæ нымайы рæдыдыл. Ахæм уавæры сывæллон хæлгæ цы фæкæна, æндæр хуыздæр нæ фæуыдзæн. Сывæллонмæ тызмæгæй дзу- рын дæр хъæуы, куы бахъæуа, уæд æй бафхæрын дæр нæ бахъыгдар- дзæн, æрмæст рох кæнын нæ хъæуы фыдæлты мæнæ ацы æмбисонд: «Адæймагæн æдзух «хуы дæ, хуы дæ» куы кæнай, уæд искæд ныхъ- хъох кæндзæн». Сывæллоны фæлмæнвад æмæ фыдрæуæг митæй хизын хъæуы, уæлдайдæр лæппуйы. Уæлдай цинтæ, уæлдай узæлд фылдæр хатт æр- кæнынц æппæрццæг фæстиуджытæм. Сывæллонимæ ныхас кæнын хъæуы, карджын адæймагимæ куыд фæныхас кæнæм, афтæ - зæрдиа- гæй куы бахъæуа уæд та - тызмæгæй дæр. Æцæг хъомылгæнæг йæ бæрны уæвæг сывæллонæн йæ ми, йæ ар- хайды æмæ йе ’ууæлты ссары æппæлинаг исты æмæ дзы раппæлы, æр- мæст бæрц зонгæйæ. Йæ рæдыдты охыл æм загъд нæ фæкæны, фæлæ амоны, раст кæнын куыд хъæуы, уый. Архайы, цæмæй сывæллон алы хъуыддаджы дæр æууæнда йæ хъаруйыл, йæ зонындзинæдтыл æмæ йæ фæлтæрæнтыл. Æцæг хъомылгæнæг цыфæнды чысыл хъомыладон ныхасмæ кæнæ архайдмæ дæр йæхи хъуамæ цæттæ кæна, артист радон равдыстмæ йæхи куыд фæцæттæ кæны, афтæ рагацау æмæ зæрдиагæй. Уыимæ, сы- 82
СЫВÆЛЛОН вæллонимæ цыфæнды тызмæг ныхас куы фæкæнай, уæддæр дæм зул- цæстæй хъуамæ ма ракæса æмæ дын дæ зæрдæйы хъарм æнкъара. Æцæг хъомылгæнæг хъуамæ фæразон, бæрнон æмæ рæстзæрдæ адæймаг уа. Сывæллон цавæрфæнды адæмыхаттæй уæд, цавæрфæн- ды расæйæ уæд, йæ мад æмæ йæ фыд чифæнды уæнт (кадджын, æгад, удхъуаг, зондджын, æнæниз, рынчын, рæстуд, фыдгæнæг, хион кæнæ æцæгæлон), йæ уд æмæ йæ талæнтæ, йæ зонд сты сыгъдæг, барæвдау æй, ма йæ бахъулон кæн, æвæгæсæгæй йæ ма ныууадз. Уый ирон адæмæн фыдæлтæй баззайгæ фæтк у. Сывæллоны фыдбылызæй бахизын, раст фæндагыл æй саразын алы адæймагæн дæр хæс у. Кæд дын сывæллоны галиудзинадсей раздахынсен мадзалуыдис, раст фæндагыл æй ссевсерын дсе бонуыдис, афтсемсей йсе нсе ссевсердтай, усед ды дсе фыдгсенсег. Ныййарæг уæвгæйæ зон, дæ сывæллонæн абон ды цы дæ, уый дæр дын райсом уый фæуыдзæн, æрмæст - дывæрæй. Сывæллонмæ хæцæн- гарз сисæг, хъизæмæрттæ йын æвзарынгæнæг, йæ уд ын тæссаг уавæры баппарæг, рис дзы бауадзæг кæнæ йæм æвзидæг æмæ йæ мæлæтæй тæрсынгæнæг сæры зондæй æххæст нæу. Сывæллоны исæй (хæринагæй, донæй, хъармæй, дарæсæй) бахъулон- гæнæг ирон адæймаджы ном хæссыны аккаг нæу. Алы ныййарæг дæр йæ сывæллоны удыхъæды цы миниуджытæ бавæрдта, уыдонæн у бæрнон дзуаппдæттæг йæ адæмы раз, цалынмæ цæры, уæдмæ. Ныййарæг уæвгæйæ йæ сывæллоныл къух сисæг у Хуыца- уы æлгъыст, ахæмæн хатыр нæй уæлæуыл дæр æмæ мæрдты дæр. Фы- дæлтæ ахæмты куыдзæппарæн былæй æппæрстой, хъоды сыл кодтой. Искæй сывæллонæй «цы рæсугъд у», «цы хæрзконд у», «цы дзæбæх у», «цы хæрзхуыз у» зæгъын аив нæу. Кæд уавæр нæ домы, уæд искæй сывæллонмæ армæй æвналын не ’мбæлы. Æнæ йæ мады бафæрсгæйæ йын исты хæринаг раттын, кæд уавæр нæ домы, уæд аипп у. Сывæллон кæйфæнды куы уа, уæддæр ын уайдзæф бакæнын, фы- дуаг ми кæнын æй нæ бауадзын алкæмæн дæр йæ хæс у. Сывæллонæн уайдзæф бакæнæг, йæ рæдыд ын бацамонæг уыцы сывæллоны ный- йарджытæн арфæйаг у. Ахæм арфæтæ сты: «Дæ цæрæнбон бирæ!» «Хуыцауы æххуыс дыл сæмбæлæд!» «Бузныг, дæ кæстæрты цинæй бафсæд!» æмæ æнд.
«Хистсерæн йæ фындз амæрза семæ йсе зондæй фæрса». Ирон сембисонд ХИСТÆР, КÆСТÆР 1. Хистæр фæнды сылгоймаг уæд, фæнды - нæлгоймæг, кæцыфæн- ды адæмыхаттæй уæд - адæмы ’хсæн ын уæлдай стырдæр кад ис. Ирон адæммæ хистæрæн кад кæнын фыдæлтæй баззад, æмæ уыцы фыдæл- тыккон фæтк уаз у. Хистæрæн лæггад кæнын, буц æй дарын, йæ бар- дзырдтæ йын æнæуæлдай ныхасæй æххæст кæнын, хъахъхъæнын æй алы ирон адæймагæн дæр йæ хæс у. Хистæры ном хæссын канд цыт æмæ кады хъуыддаг нæу, фæлæ ма бæрнон, уæззау æмæ иттæг ахсджиаг куыст дæр у. Уымæн æмæ хистæр ахуыргæнæг дæр у æмæ хъомылгæнæг дæр. Хистæры ном канд хæс- сынæн нæу, кæд æй хæссыс, уæд та дæ алы ныхас, дæ алы фезмæлд æмæ дæ алы архайд дæр хъуамæ фæзминаг уой. Хистæрæн иунæг рæдыд фæкæныны бар дæр нæй. 2. Адæймаг хистæры ном йæ зонд, йæ фæлтæрддзинад æмæ йæ уæздандзинады руаджы райсы. Хистæр уæвгæйæ, кæд дæ уынаффæтæн сæ фылдæр раппæлинаг не сты, уæд хистæры ном дзæгъæлы хæссыс. Хистæр уæвгæйæ кæд дæхи бинонты (мыггаджы) ’хсæн кадджын нæ дæ - кæд уыдонæн уынаффæ кæнын дæ бон нæу, уæд хистæры ном хæссыны аккаг нæ дæ. Уымæн фæзæгъынц: «Йæхицæн сир кæнын чи нæ зоны, уый искæмæн дзыкка кæнын нæ бацамондзæн». Хистæр уынаффæ рахæссыны размæ арф æмæ лæмбынæг ахъуы- ды кæны лыггæнинаг фарстайыл, бафæрсы карджынты, байхъусы кæстæртæм æмæ иу уынаффæ рахæссы. Кæстæртæм æрыхъусын куы- рыхон хистæр ахсджиаг хъуыддагыл нымайы. Хистæр йæ кæстæртæм 84
ХИСТÆР, КÆСТÆР цы цæстæй кæсы, цы зæрдæ сæм дары, кæстæртæ дæр æм уыцы цæстæй кæсдзысты æмæ йæм уыцы зæрдæ дардзысты. Хистæрæн йæ кæстæртæ чифæнды куы уой, уæддæр сæм кæсы ныййарæджы цæстæй, семæ кæны фæлмæн, зæрдæхæлар ныхас. Вариантæ: «Æзнауыр, мæ хур, рауай-ма!» «Тауырзсет, дæ хорзсехæй, уазджыты фынг истсемсейты бадзсебсех ксен!» «Агуындсе семсе Арссег, Уастырджи æмæ Ма- ды-Майрсемыл фседзсехст ут!» «Хорз чызг, бузныг дсе усездандзинадсей, дсе ныййарджыты фсендиаг бахъомыл у!» «Мсе рсесугъд, мсе зынаргъ ксестсертсе, дард семсе усеззау фсендагыл лсеуд стут, семсе Уастырджийы уазæг ут! Нæ нæртон фыдæлты кад æмæ намыс дæлæмæ ма ’руадзут - ирон лæг кад æмæ æхсарæн райгуыры æмæ йæ равдисут Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Худинагуæ сæрмæма ’рхæссут! Рох уæ ма уæнт ирон æфсарм æмæ ирон уæздандзинад, уыдон нæ фыдæлты намысыл дзурæг миниуджытæ сты! 0 зæринбазыр Уастырджи, ацы æрыгон фæ- сивæды дæуыл фæдзæхсæм - сæудтæ сын бахъахъ- хъæн æмæ сæ уæлахизмæ æркæн, дæ хорзæхæй! Табу дæхицæн!» Кæстæр кæд цыфæнды кары вæййы, уæддæр хистæрæн йæ хæс у, куы рæдийа, уæд ын уайдзæф бакæнын, йæ рæдыд, йæ азым ын бацамо- нын. Хистæр уайдзæф кæны зæрдæхæларæй, æнæ цæстмæ бадаргæйæ æмæ цæсты нæ бафтаугæйæ, ома кæстæрæн йæ сæры кад дæлджинæг нæ кæнгæйæ. Хистæр кæстæримæ дæлгоммæ ныхасæй нæ дзуры, æнæ- бындур уайдзæфтæ дæр ын нæ кæны. Варианттæ: «Арсау, гормон, ацы хъуыддаджы ды раст нæ дæ æмæ йыл басæтт!» «Батрадз, мæ хур, дæ мад, дæ фыды хатыр бакæн æмæ уыцы лæппуйы ма бафхæр!» «Уæртæ чызг, дæ хорзæхæй, дæ уæздан ныййарджыты цæсгом ма фæчъизи кæн, цæсты сæ ма бафтау!» «Ма бакæн ахæм æнæгъдау, æви- дауц ми!» «Мæ зынаргъ кæстæртæ, уæ хорзæхæй, ахæм ми нæ Иры дзыллæйы иннæ адæмты цæсты бафтаудзæн, уæхицæн та кад нæ уыдзæн, æмæ уæ æз - уæ хистæр - курын (мах, уæ хистæртæ, курæм), афтæ ма бакæнут! Ма фæрæдийут!» «Уæртæ лæппу, Хуыцауы хатырæй, дæхимæ æр- 85
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ксес!» Ацы фсестаг уайдзсеф канд уайдзæф нæуу фæпæ ма у тызмсег бардзырд дæр. Сылгоймаг-хистæр кæстæртæм куы фæдзуры, уæд хатгай йæ ныхæстæм бафтауы мæнæ ахæм эпитеттæ: «Мæ къона, мæ уды лæууæн, мæ цæстыты рухс, мæ рæбинаг, мæ зæрдиаг, мæ удыгага» æмæ æн- дæртæ. Хистæр кæстæртимæ дзургæйæ йæ алы ныхас дæр бæрцбарæнæй бары. Хистæр уæвгæйæ де ’взонг кæстæртимæ дæр карджын адæйма- гимæ дзурæгау дзур, хистæрæн йæ кæстæрты раз уайдзæф ма кæн, уай- дзæф та мæстыйæ макæмæн бакæн, дæ кæстæртæм раппæлинагæй цы ис, уый ссар æмæ сæ раппæл. Дæ зæрдыл дар: иу уайдзæфæй дæс æп- пæлæн ныхасы пайдадæр сты, иу мæнг ныхас ракæнæг хистæр хистæр нал вæййы, дыууæ мæнг ныхасы ракæнæг та æгад вæййы. Кæстæры раз цæстмæ митæгæнæг хистæр йæхи æгад кæны, йæ ном та - чъизи. Ныхас кæнын хъæуы бæлвырд æмæ цыбырæй. 3. Хистæр хъуамæ зона æмæ æмбара, алы ног фæлтæрæн дæр йæ зондахаст, царды уавæртæм гæсгæ, æхсæнады ивддзинæдтæм гæсгæ ивгæ кæны, æмæ уыцы уавæрæн æнæ хынцгæ нæй. Æрмæст нæ ивынц ирон уæздандзинад æмæ йæ домæнтæ. Хистæрæн кæстæр исты лæггад куы бакæна, уæд ын арфæ ракæны. В а р и а н т: «Дæ цæрæнбон бирæ! Дæ салам бирæ! Хуыцау дын мæ бæсты раарфæ кæнæд! Дæ фыдгул, де знаг дын фæлæггад кæнæд! Дæ ныййарджыты фæндиаг у! Дæ къухтæ сызгъæрин доны фæдар! Хорз амонд дæ хай!» Хистæры уынаффæ кæстæрæн царды фæндагамонæг у. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс!» Кæнæ: «Хистæры уайдзæф ныхъуыргæ у!» Хистæры бардзырдæн, хистæры уайдзæфæн, хистæры «цумайæн» та- буафси зæгъ æмæ йæ æнæуæлдай ныхасæй баххæст кæн. Уымæн фæзæ- гъынц: «Хистæр дæ рæдийын куы кæна, уæддæр ын «нагъ» ма зæгъ. «Хистæрмæ фæстæмæ дзурын кæнæ дзырдæппарæн кæнын къулбадæг- дзинад у, йæ ныхас ын аскъуыддзаг кæнын та - æнæфсарм ми. Хистæр- мæ исты хъуыддаджы фæдыл куы хатай, уæд бар ракур, сыст æмæ дæ хъуыды цыбырæй, фæлæ бæлвырдæй бамбарын кæн. Хистæримæ лæу- гæйæ дзырдæуы, йæхæдæг дæ куынæ сбадын кæна, уæд. В а р и а н т: «Аслæнбег (нæ хистæр)у фарн дæм бадзурæд! Мах, мæнæ кæстæртæ, ахъуыды кодтам æмæ ахæм хъуыдымæ ’рцыдыстæм: уалдзæг æрхæццæ кæны 86
ХИСТÆР, КÆСТÆР æмæ цæмæй нæ куыстытæ æнæкъуыпымпыйæ цæуой, уый тыххæй доны сæрты афойнадыл хид саразæм. Уый тыххæй та сымахæй, хистæртæй, курæм цæмæй хъæубæсты зиумæ рахонат!» Кæд хистæры уынаффæ, бардзырд кæнæ йæ «цума» истæмæй дæ зæрдæмæ нæ цæуы, кæнæ йæ нæбæззоныл нымайыс, уæддæр ын уый тыххæй цæхгæр ныхас ма кæн, фæлæ йын æй лæгъзæй бамбарын кæн, стæй ахадгæдæр цы уынаффæ уыдзæн, уый дæр ын зæгъ. В а р и а н т: «Аслæнбег, дæ хорзæхæй, бахатыр кæн, фæпæ мах ацы хъуыддагæн йæ аргъ снымадтам æмæ нæм æгæр зынаргъ фæкаст. Æмæ мæнæ афтæ куы бакæниккам (куыд, уый раргом кæн), уæд мæн- мæ гæсгæ, дзæвгар асламдæр уаид, стæй дзырддаг дæр нæуаид. Мах фæнды, ды дæр немæ куы сразы уаис, уый». Хистæрмæ дзургæйæ, мæнæ ахæм ныхæстæ кæнæн нæй: «Раст нæ дæ», «рæдийгæ ма кæн», «дæ уынаффæ нæ бæззы», «уый дæ хъуыддаг нæу». Уый аипп у, уымæн æмæ уыцы ныхæстæ хистæры дæлджинæг кæнынц, кæстæры та - æгад. Хистæримæ æмбæлы мæнæ ахæм хуызы дзурын: «Мæнæ афтæ куы бакæниккам, уæд цымæ хуыздæр нæ уаид». «Мæнмæ гæсгæ, мæнæ афтæ куы бакæниккам, уæд цыма пайдадæр уаид». «Мах мæнæ ахæм фæндон хæссæм, æмæ ды та цы зæгъыс?» Æмæ афтæ дарддæр. Хистæрæн уайдзæфтæ кæнын кæстæрмæ нæ хауы. Хистæр низæй кæнæ йæ кармæ гæсгæ куы сæнахъом вæййы, рæдийын куы байдайы кæнæ йæ хъуыды куынæуал фæахады, уæддæр йæ ном æмæ йæ кад кæстæртæн хъахъхъæнинаг вæййынц. Ахæм хистæр уæлдай буц да- ринаг вæййы. Ахæм хистæрæн кæстæриуæг кæнын уæлæуыл кады хъуыддаг у, мæрдты та - удыбæстæ. Йæ хистæрæн кæстæриуæг кæнын- мæ зивæг чи кæны æмæ йын йæ азым чи нæ бары, уый ирон лæджы ном хæссыны аккаг нæу. 4. Ирон адæм иууылдæр - хистæрæй, кæстæрæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй, хицауæй, дæлбаруæвæгæй - кæрæдзимæ дзурынц иууон нымæцы - ды, дæу, дæуæн æмæ а.д., стæй пайда нæ кæнынц мæнæ ахæм уæлæфтау ныхæстæй: «Дæ бæрзонддзинад, дæ уæздандзинад» æмæ æндæр ахæмтæй. Ныхасгæнгæйæ хистæрмæ дæр æмæ кæстæрмæ дæр дзурынц йæ номæй кæнæ йæ буцдæрæн цы номæй рахуыдтой, уымæй. Зæгъæм: Хасан - Гасан, Индирæ - Идæ, Чабæ - Дзыцца, Сæрæби - Баба æмæ афтæ дарддæр. 87
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Адæймаджы кой хъуыддаджы гæххæттытыл куы фæцæуы, уæд æй фыстæуы мæнæ афтæ: «Торчынты Зауырбеджы фырт Арсау, Гуса- ты Меретхан Дохцыхъойы чызг. Цыбыргондæй та - Торчынты З.А., Гусаты М.Д. Хистæримæ ныхасгæнгæйæ аипп у мæнæ ахæм ныхæстæй пайда кæнын: «Уæртæ зæронд лæг? Мæнæ зæронд ус (лæг)! Хъус-ма! Цытæ дзурыс?! Дæ ус (лæг), мæ ус (лæг, мой), мæ фырт (чызг, хъæбул)». Хистæрмæ хатгæйæ аипп у айуангæнæг ныхæстæй пайда кæнын, зæгъæм: «Куыд лæг (лæппу) дæ? Дæ гæпп куыд у?» Кæнæ йæм къухæй (æнгуылдзæй) амонын, йæхи раз кæнæ фæсаууонмæ йæ фæзмын. Хистæр хуысгæ рынчын куы нæ уа, уæд æй, де ’нæниздзинад куыд у, зæгъгæ, нæ фарстæуы. Нæлгоймаг уæвгæйæ кæстæр хистæры раз йæ сабийыл нæ цинтæ кæны, йæ хъæбысмæ йæ, кæд уавæр нæ домы, уæд нæ исы, нæ дзы æппæлы, аив нæу. Кæстæры кæстæрыл (фырты, кæнæ чызджыты цотыл) цинтæ кæнын, хъæбысы сæ дарын аипп не сты. Ус æмæ лæг хистæры раз сæ кæрæдзимæ сæ уарзт не ’вдисынц. Хистæры раз тамако дымын, къухтæ дзыппы дарын, æхсынæнтæ æхсынын, чъиу æууилын, хъæрæй ныхас кæнын, æхситт кæнын, загъд кæнын, ронбæгъдæй лæууын, сывæллонæн дзидзи дарын, сексуа- лон æмæ эротикон фарстатыл ныхас кæнын, ныхасгæнгæйæ, æнæуаг дзырдтæй пайда кæнын, иу къах иннæуыл сæвæргæйæ бадын, уæл- гоммæ хи ауадзын (хуыссæныл) сты, чи не ’мбæлы, ахæм митæ, æмæ хистæрæн йæхиуыл дæр нæ фидауынц. Хистæр лæугæ куы кæна, уæд кæстæр дæр лæугæ кæны. Хистæр дын цалынмæ зæгъа, уæдмæ ма сбад, кæнæ дзы бар ракур æмæ афтæмæй сбад. Хистæр куы сыста, уæд ды дæр сыст. 5. Хистæрыл сæмбæлгæйæ йын ды фыццаг салам ратт, куыд æм- бæлы, афтæ, æрмæст дæм æгасцуай кæнынмæ цалынмæ уый йæ къух бадара, уæдмæ йæм ды дæ къух ма бадæтт. Æхсæнадон бынæтты (дуканийы, вагзалы, трамвайы, клубы æмæ æнд.) хистæрыл амбæлгæйæ йын балæггад кæн. (Кæс сæргонд «Хида- рыны уагæвæрдтæ»). Хистæр дæ исты архайгæ (кусгæ) куы баййафа, уæд дæ архайд (куыст) фæуадз, сыст, йæ размæ рацу æмæ куыд æмбæлы, афтæ йын салам ратт. Кæд æмæ дæ куыстæн ныууадзынæн ницы мадзал ис, уæд хистæрæй ха- тыр ракур. Дæхæдæг хистæры исты архайгæ (кусгæ) куы баййафай, уæд ын, куыд æмбæлы, афтæ салам ратт, стæй дын кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд ын йæ куыст дæхимæ райс, науæд ын аххуыс кæн, кæд дæ уавæр иу дæр æмæ иннæ дæр нæ амоны, уæд та дзы хатыр ракур. 88
ХИСТÆР, КÆСТÆР Варианттæ: «Зауырбег, дсе хорзсехсей, хъаст мсе ма раксен, тынг ахсджиаг хъуыддаджы фседыл тагъд ксенын семсе дын ксей нæ аххуыс кодтон, уый тыххсей!» «Зауырбег, мæ низы хабар зоныс семсе дсем ксей нсе фсексесдзынсен, уый тыххсей мсе, дсе хорзсехсей, хъаст ма раксен!» 6. Хистæры исты уаргъ хæсгæ (ласгæ) куы баййафай, уæд ын æй райс æмæ йæ, кæдæм хъæуы, уырдæм ахæсс (алас), æрмæст ын дæ кæстæриуæг тыххæй ма хъар. Хистæры доны сæрты, хидыл, исты къæсæрыл, бырынцъаг кæнæ зын, науæд тæссаг ран цæуын куы бахъæуа, уæд ын баххуыс кæн, уый алы кæстæрæн дæр йæ хæс у. Хи машинæйыл кæнæ æндæр транспортон фæрæзыл цæугæйæ фæндагыл зонгæ хистæрыл кæнæ зæронд адæймагыл амбæлгæйæ, ма- шинæ æруром, рахиз, салам ын ратт æмæ йæм бахат: «Мæнæ мемæ абад æмæ дæ, кæдæм хъæуы, уырдæм бахæццæ кæнон». Куы сразы уа, уæд ын дуар бакæн æмæ йæ, «табуафси!» зæгъгæйæ, сбадын кæн. Куы йæ баласай, уæд машинæ бауром, рахиз æмæ йын аххуыс кæн рахизынæн, стæй йын арфæ ракæн: «Гъе ныр хорз байрай!» - æмæ дæ фæндаг адар. Ахæм адæймагæй ласæггаг æхца райсын у стыр æнæгъдаудзинад. Хистæримæ дæ иу транспортон фæрæзы цæуын куы бахъæуа, уæд ын, дæ амал цæмæй у, уымæй баххуыс кæн, дæ цæст æм фæдар, кæд дæ зонгæ у æмæ дæ бон у, уæд ын билет райс, йæ бæсты рады слæуу, йæ хæссинæгтæ йын дæхимæ райс, машинæйы, поезды йын йæ бынат барæвдз кæн æмæ йын фæндагыл кæстæриуæг кæн. Хистæрмæ арфæйы нуазæн кæнæ нуазыны дон куы бахæссай, уæд æм комкоммæ кæнæ йæ рахизфарсæрдыгæй, кæд гæнæн ис, уæд æввахс (иу санчъехмæ) бацу, æрлæуу, æмæ йæм сыкъа (агуывзæ), кæнæ æндæр исты донгарз йæ хæцæнырдыгæй, «табуафси» зæгъгæйæ, бадар. Ца- лынмæ хистæр кувгæ, нуазгæ кæна кæнæ дзы сахода, уæдмæ йæ разы æмраст æнæдзургæйæ, æдзынæг æм нæ кæсгæйæ, лæуу. Нозт куы фæуа, уæд ын зæгъ, хæлар дын уæд, зæгъгæ, æмæ донгарз райс. Уыйфæстæ дзы ацæуынæн бар ракур, зæгъæм, мæнæ афтæ: «Алымбег, ныр мын ацæуыны бар ратт!» Кæнæ æндæр искуыд. Бар дын куы радта, уæд ын æнæуæлдай ныхасæй дæ сæрæй акув æмæ ацу. Нозт кæнæ нуазыны дон сыкъайы кæнæ æндæр исты донгарзы ис- кæмæн куы уадзай, уæд дæр æй дзагхъуаг кæн. Зæгъæм, 3/4 хайы бæрц дзы куыд уа, афтæ. Донгарз хæрздзаг кæнын аив нæу. Хистæр кадджын цы хæдзары, цы мыггаджы, цы сыхы æмæ цы хъæуы нæу, уым æгъдау æмæ фæтк нæй.
«Нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы Хуыцау ксерæдзийæн сфæлдыста.» Ирон æмбисонд СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ Цæрынæй хæрынмæ ирæттæм иннæ адæмтимæ абаргæйæ сыл- гоймагæн стыр кад уыди. Бинонты ’хсæн дæр æмæ æхсæнады дæр ахста стыр æмæ ахъаззаг бынат. Ууыл дзурæг сты, æнусты сæрты сæ кой махмæ кæмæн æрхæццæ, уыцы номдзыд сылгоймæгты нæмттæ: Амагæ æмæ Алайнаг Иринæ, Сатеник, Бурдихан, Рухсана, Задалесчы Нана æмæ æндæртæ. Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаджы ми- ниуджытæ ирон адæм барстой зæдтæ æмæ дауджыты миниуджытимæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Æцæг сылгоймаг хæдзары зæд у», кæнæ «Ирон сылгоймагæн йæ хъуыдытæ дардыл зилынц», йе та, «Сатана кæд сылгоймаг уыди, уæддæр нарт йæ зондæй цардысты» æмæ æнд. Сылгоймаг йæ уæларвон хъомысæй адæймагæн боны рухс кæй дæтты, йæ зæрдæйы хъарм æмæ йæ уæздандзинадæй йæ царды раст фæндагыл кæй æвæры, уый тыххæй йын ирон адæм зæды аргъ кодтой, сæ зонд, сæ хъару цас æххæссыди, уый бæрц æй хызтой æмæ хизынц зындзинæдтæй, рис æмæ гуымирыдзинадæй. Ирон сылгоймаг йæ хъомыс æмæ йæ фарн рахæссы, цы хæдзары æмæ æхсæнады схъомыл вæййы, уырдыгæй. Раджы дæр æмæ ныр дæр сылгоймаг (чызг) схъомыл кæнын бирæ зындæр уыди нæлгоймаг (лæппу) схъомыл кæнынæй. Уымæн æмæ би- нонты ’хсæн дæр æмæ æхсæнады - адæмы ’хсæн, уымæн цы кад, цы ном ис, уый домы, цæмæй, цалынмæ æрыгон вæййы, уæдмæ хъуамæ йæ зондахаст æмæ йæ удыхъæды бацæуой уæздандзинады миниуджытæ, рæстдзинад (æнæгæдыдзинад), зæрдæхæлардзинад, хиуылхæцынад æмæ ’фсарм. Æнæ уыдонæй сылгоймаг у æгад, æдзыт æмæ æнамонд. Сылгоймаг йæхи зонынхъом куы фæвæййы, уæдæй йæ амæлæты бон- 90
СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ мæ йæ алы ныхас, йæ алы фезмæлд дæр хъуамæ барст цæуой æфсарм æмæ уæздандзинады бæрцбарæнтæй. Ирон сылгоймаджы стыр кад æмæ æхсæнадон ахадындзинад кæнгæ митæ æмæ æрдзон рæсугъддзи- надæй не сты, фæлæ йын, фыдæлты æрхъуыдыгонд национ хъомыла- ды институттæ æмæ йæ ныййарджытæ цы рæсугъд удыхъæд балæвар кæнынц, йæ миддуне йын цы æууæлтæ, миниуджытæй байдзаг кæ- нынц, уыдон æй кæнынц æмæ кодтой Сатанайау зонынджын æмæ хъомысджын, Дзерассæйау рæсугъд æмæ сыгъдæг. Уымæн æй барстой уæларвон зæдтæ æмæ дауджытимæ. Уыцы миниуджыты руаджы бирæ алайнаг (ирон) сылгоймæгтæ систы дунейыл хъуыстгонд лæгты æмæ паддзæхты устытæ. Ирон сылгоймаджы миниуджытæй æппæтæй бæрзонддæр æвæрд уыдис хиуылхæцынад. Сылгоймаг уæвгæйæ йæ монцтыл хæцын чи нæ фæзоны æмæ фæфæразы, æхцондзинадмæ сæ уæгъдибарæй чи ауадзы, цардмæ иу боны цæстæй чи кæсы, уый ирон сылгоймаджы кадджын ном хæссыны аккаг нæу. Сылгоймаджы зондахасты æмæ удыхъæды хорз миниуджытæ цæмæй сфидар, стынг уой, уый тыххæй æгъгъæд нæу ныййарджыты хъомыладон куыст, алы сылгоймаг дæр цалынмæ цæры, уæдмæ хъуамæ йæхæдæг архайа Иры фыдæлты фарны бындурыл йæ цард аразыныл. Сылгоймаджы зæрдæмæдзæугæ æууæлтæй иу у йæ фæлмæндзинад, йæ барондзинад. Сылгоймагæн æгадгæнæг сты лæгой митæ, нæлгой- магимæ ерыс кæнын. Кæд уавæр тыхдомд нæ кæны, уæд сылгойма- гæн, мадзал уæвгæйæ, не ’мбæлы: уæззæуттæ хæссын, хъæд калын, суг сæттын, хос кæрдын, хуым кæнын, æрзæткъахæны кусын, белæй зæхх къахын, сис амайын, цуан кæнын, трактор скъæрын æмæ æндæр ахæм уæззау æмæ чъизи куыстытæ кæнын. Уыдон сылгоймаджы кæнынц æнаив. Ирон сылгоймаг нæлгоймаджы зæрдæ æлхæны канд гуыры фидауц æмæ цæсгомы рæсугъддзинадæй нæ, фæлæ сæйрагдæр йæ уæздандзи- над, йæ дунезонынад æмæ сæрыстырдзинадæй. Сексуалон æмæ алы- хуызон эротикон фæрæзты фæрцы нæлгоймæгты йæхимæ чи æркæ- сын кæны, уый у хъахбай æмæ ирон сылгоймаджы ном худинаггæнæг. Фылдæр хатт сылгоймаг хъахбайдзинадыл сæнувыд вæййы, æвзонджы бонты йæ æрдзон æнкъарынад куы райхъал вæййы, уæд ныййарджытæ сæ хъомыладон куыст афойнадыл ног къæпхæныл куы нæ сæвæрынц - сæ хъæбулæн монон æнкъарынады ахадындзинад йæ зонды куынæ ныффидар кæнынц, уæд. Ирон æгъдау æмæ уагæн зианххæссæг æмæ æцæгæлон сты хи сексу- алонæй æвдисын, æргом уарзты митæ - пъатæ æмæ хъæбыстæ кæнын, 91
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ æвзæр дзыхæй дзурын, сылгоймаг æмæ нæлгоймагæн дæларм-уæларм хæцын, кæрæдзимæ армæй æвналын. Ахæм митæ раджы уа, æрæджы уа, æркæнынц æгады уавæрмæ. Нæ фыдæлтæм ахæм митæ нымад уы- дысты стыр фыдракæндыл. Сылгоймаг цыфæнды куы архайа, уæддæр хъуамæ æнæсцухæй хъуыды кæна, йæ алы фезмæлд дæр нывыл, аив æмæ уаджы фæл- гæты куыд уа, ууыл. Цæмæй æнæфсармæй ма разына, уый тыххæй не ’мбæлы: ком ивазгæйæ, æхснырсгæйæ, цымыдисхуызæй, хæбæцц лæу- гæйæ, стыр санчъехтæгæнгæ, гомриуæй, гомæгъдтæй, хъæрæй дзур- гæйæ æмæ худгæйæ æ.а.д. Раджы дæр æмæ абон дæр сылгоймагæн не ’мбæлди æмæ не ’мбæлы нæлгоймаджы хъæзтытæ кæнын, нæлгоймаг- мæ армæй æвналын, йемæ нуазын, æцæгæлон нæлгоймагимæ ныхас кæнын, нæлгоймæгты ’хсæн уæвгæйæ хъæрæй дзурын æмæ худын, æх- ситт кæнын, айуан кæнын, æнæзонгæ нæлгоймагимæ ахибар уæвын, йæ машинæйы абадын, кæд уавæр нæ домы, уæд. Сылгоймаг адæмы ’хсæнмæ хъуамæ цæуа зæрдæрай, æвæллад æмæ æвæлмасхуызæй. Йæ фæлгонц, йæ дарæс - зæрдæмæдзæугæ, йæ буар, йæ цæсгом - хæрззылд, йе уæнгты базмæлд - æнцад æмæ сæрыстыр. Ирон чызгæн йæ дарæс, йæ буары аивдзинады фæрæзтæ фæсте нæ зайынц дунейы нырыккон модæтæй. Алы чызг дæр архайы уыцы модæтæй фæсте нæ баззайыныл, йæ къух куыд амоны, уымæ гæсгæ, æрмæст ирон æфсарм хынцгæйæ, æфсармы фæлгæты. Рагæй æрæгмæ ирон адæмæн æнæуынон у лæгмондаг æмæ йæхи сексуалонæй æвдисæг сылгоймаг, ахæм цардæмбалæн нæ бæззы. Моймæдзыд уæвгæйæ дæ рох ма уæд, Хуыцау æмæ дын æрдз дæ бæрны бакодтой, а дунейы æппæтæй уаздæр чи у, уыцы хæс, æппæтæй бæрзонддæр чи у, уыцы нысан - зæнæг кæнын. Моймæдзыд сылгоймаг, æнæниз уæвгæйæ, Хуыцау æмæ æрдзæй йæхи уæгъдибар хонгæйæ, йæ уды æхцондзинады охыл зæнæг куы нæ фæкæны, уæд уый æлгъыст вæййы, ахæм сылгоймаг ироны ном хæссы- ны аккаг нæу. Сылгоймагæн æрдзæй зæнæг куы нæ фæцæуы, уæд уый дæлджинæг æмæ æддæссон кæнын та æвирхъаудзинад у. Лæг æмæ усы цал сывæллоны хъæуы, уый сæхи хъуыддаг у, æрмæст рох кæнын нæ хъæуы ирон æмбисонд: «Иу сывæллон æххæст сывæллон нæу». Иу сывæллон схъомыл кæнын цалдæр сывæллоны схъомыл кæ- нынæй зындæр у, уый нын æвдисы нæ абоны царды фæлтæрддзинад. Сывæллон ныййарын кад æмæ намысы хъуыддаг у, йе схæссын та - сгуыхтдзинад. Сылгоймагæн Хуыцауы æвастæй, стæй кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд не ’мбæлы къухмæ хæцæнгарз райсын, искæмæ къух сисын, исты 92
СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ цæрæгойтæ (фос, сырдтæ, мæргътæ, доны цæрæгойтæ æмæ хилæгой- тæ) амарын, фос æргæвдын (кусарт кæнын). Ахæм сылгоймагмæ нал вæййы, зæрдæмæдзæугæ йæ чи кæны, уыцы лæмæгъдзинад. Царды ахæм уавæр куы сæвзæры, æмæ, кæй ранымадтам, уыцы нæфæтчиаг митæн æнæ кæнгæ куынæуал вæййы, ома удхосæн куы фæхъæуынц, уæд Хуыцау дæр æмæ Сæры зæд дæр вæййынц йæ фарс- хæцджытæ, фæлæ кæддæриддæр бахъуаджы сахат хъæуы Хуыцауæй хатыр ракурын: «Стыр Хуыцау, ацы хъуыддагæн мын хуыздæр мадзал нæй, æмæ мын, дæ хорзæхæй, ныббар! Табу дæхицæн, Стыр Хуыцау!» Алы ирон нæлгоймагæн дæр хæс у сылгоймаджы хъахъхъæнын, зын уавæры йæ фарсмæ æрбалæууын, бахъуаджы сахат йæ сæраппонд хъазуаты бацæуын, чифæнды куы уа, кæцыфæнды адæмыхаттæй куы уа, уæддæр. Ирон нæлгоймаг хъуамæ архайа сылгоймаджы рæдийын нæ бауадзыныл. Сылгоймаджы исты æнæгъдау ми кæнæ фыдракæнд- мæ самидин кæнын у Хуыцауы æваст хъуыддаг. Сылгоймагмæ хæцæнгарз кæнæ къух сисын, маст дзы бауадзын, тæрсын æй кæнын, æвзидын æм, æнæфсарм дзыхыуагæй йæм дзурын кæцыфæнды нæлгоймагæн дæр сты аллайаг митæ. Сылгоймагæн фæндон куынæ уа, уæд æм бавналын, хъæбыс кæнæ йын пъа кæнын ирон лæгæн сæрмæ хæссинаг митæ не сты, йæхи би- нойнаг куы уа, уæд дæр. Сылгоймаджы рæстæй цæсты ’фтауын, цъыфкалæн ыл кæнын, фæ- саууонмæ йæ кой кæнын (кæд æм лаз ис, уæддæр), хахуыртæ йыл мы- сын нæлгоймаджы кæнынц æгад, æдзыт. Сылгоймагæн йæ лæмæгъдзинад кæнæ йæ уарзæгойдзинадæй пай- да кæнын, кæнæ йæ уыдон фæрцы фæхудинаг кæнын, фæрæдийын æй кæнын у фыдракæнд. Сылгоймаг кæд бакастæй бæллиццаг нæу, кæнæ æрдзæй исты хъуаг у (низджын, сахъат, уæнгхъуаг, æвидыц), уæддæр æм алчидæр, иннæ сылгоймæгтæм цы цæстæнгас дары, ахæм хъуамæ дара. Уый ис- тæмæй хъулон кæнын сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæу, йæ равдисын та Хуыцау æмæ дунейы фарны раз - тæригъæддзинад. Сылгоймаг уынд æмæ кондæй кæд цыфæнды у, уæддæр алы нæлгоймагæн дæр йæ хæс у зæрдæхæлардзинад æм равдисын, кæм æмбæлы, уым та йын кад скæ- нын æмæ йын æгъдау раттын. Чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр æмкъайады цæдисы бацæуынæн ис иу сæйраг бындур - уарзондзинад. Нæдæр исбон, нæдæр ныйй- арджыты бынат æхсæнады, нæдæр курдиат, нæдæр ахуыргонддзинад, нæдæр ныййарджыты фæндон кæнæ иувæрсыг уарзт. Æмкъайады цæ- дис æнæ уарзондзинадæй цæдис нæу. 93
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Адæймаг æрдзæй исты хъуаг куы уа, уæд йемæ тæригъæды охыл æмкъайады цæдис саразын раст нæу, кæд дыууæ дæр кæрæдзи æцæг уарзтæй нæ уарзынц, уæд. Уарзондзинады бындурыл цы æмкъайады цæдис не ’нцайы, уый тæлæссонд у. Афтæ чи хъуыды кæны, абон æз кæй нæ уарзын кæнæ абон æнæгъдау чи у, уыимæ уал фыццаг æмкъайады цæдис скæнон, стæй йæ уый фæстæ бауарздзынæн кæнæ йæ уæздандзинадыл сахуыр кæндзынæн, уый йæ фидæнæй хынджылæг кæны, йæхи дæр сайы æмæ сылгоймаджы дæр. Зон, абон раппæлинаг чи нæу, уый райсом хуыздæр фæуыдзæн, уый зын зæгъæн у. Абон æдзæсгом, æнæфсарм чи у, йæхиуыл хæцын чи нæ фæразы, кæнæ зæрдæргъæвд чи нæу, уый сомбон фыддæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæуыдзæн. Рагæй-æрæгмæ дæр ирон чызг æмæ лæппуйы уарзондзинад æнца- ди рог сæнттæ æмæ сæртæг монцтыл нæ, фæлæ æвронг талæнтæ, сыгъ- дæг æмæ æназым æнкъарæнтыл. Ирон чызг цалынмæ мой скæна, уæдмæ хъуамæ йæ сæры кад хъахъ- хъæна буары монцтæй, хъуамæ зона, æхцондзинадмæ фæндаг æрмæст- дæр уæздандзинадыл кæй цæуы, уый. Алы ирон чызгæн дæр йæ чыз- гондзинад бахъахъхъæнын йæ царды сæйрагдæр хæстæй иу у, цалын- мæ æмкъайады цæдисы бацæуа, уæдмæ. Дамдзыд сылгоймаг бинонты æмæ мыггаджы худинаггæнæг у, ахæм сылгоймаг хъодыйы аккаг у. Раджы заманы дæр æмæ ныр дæр хæзгул дарæг фæнды сылгой- маг уæд, фæнды нæлгоймаг, фæнды æрыгон, фæнды кардзыд, ирон адæмы ’хсæн нымад уыдис æмæ у æнæгъдау адæймагыл - гадз- дзайыл. Чызгæн дæр æмæ лæппуйæн дæр йæ уарзондзинад æргом æвдисын фыдæлтæй нæ баззад, æмæ ныр дæр нымад у æнæгъдаудзинадыл. Чызг æмæ лæппуйы æхсæн æцæг уарзондзинад куы равзæры, уæд, цæмæй дыууæ уды æхсæн сусæггаг мауал уа, уый тыххæй фыццаг къахдзæф хъуамæ акæна лæппу. Дыууæ уарзæгой зæрдæйы цæмæй æмкъайады цæдис саразой, уый тыххæй хъуамæ бæлвырд базоной, фыццаджыдæр, чи сты сæ ный- йарджытæ æмæ се схъомылгæнджытæ, ирон æмбисонд «Байраджы йæ мадæй æвзарынц», зæрдыл даргæйæ, стæй, чызг æмæ лæппуйы ’хсæн тугхæстæгдзинад ис æви нæ. Туг æмхæццæ кæнын незамантæй ирæт- тæм абонмæ нымад у стыр æвирхъаудзинадыл. Цæвиттон, базонын хъæуы, лæппуйæн (чызгæн) йæ къабæзтæ æмæ йæ бинонтæ хæстæг бакæныны аккаг сты æви нæ. Дыккаджы та, чи у йæхæдæг дæ къайаг, цы йæ æлвасы дæумæ (дæ исбон, дæ номæй исты пайда скæнын, гуыр- 94
СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ дзон монц æви æцæг уарзт), цæй аккаг у æмæ цы хъом у, цавæр хъуыд- дагыл хæст у. (Кæс сæргонд «Ус курын æмæ мой кæнын»). Ирон æгъдаумæ гæсгæ лæппу йæ ныййарджыты æвастæй ус нæ куры, кæд уавæр нæ домы, уæд, чызг та чындзы нæ цæуы. Ахæм хъуыддаджы фæстаг ныхасы бар ныййарджытæм хауы. Дыууæ æры- гоны кæрæдзи куы фæуарзынц æмæ кæрæдзи аккаг куы вæййынц, уæд ныййарджытæ уыцы уарзондзинады ныхмæ никуы рацæуынц - сразы вæййынц æмкъайады сæ баиу кæныныл. Кæд лæппумæ (чызгмæ) исты стыр аипп ссарынц, уæд рагацау фæзæгъынц, уыцы хъуыддагæн уæвæн нæй, зæгъгæ. Ахæм уавæры æрыгæттæ сæхи фæнд куы атæрынц, уæд уый æгас мыггагæн дæр вæййы стыр худинаг, уæлдайдæр та чызджы мыггагæн. Чызгыл æгады гакк сбады. Хуымæтæджы нæ хонынц Иры- стоны ахæм чызджы къулбадæг, æдзæсгом, хъахбай. Нæ рæстæджы Ирыстоны æвæндонæй ус ничи никæмæн куры, моймæ ничи никæйы дæтты. Ахæм хъуыддаг у æнæфенддзинад. Ирæд дæр ничи никæмæй домы, чызг цалынмæ йæ кармæ ацæуы, уæдмæ мой нæ кæны æмæ куырдуаты нæ бады. Ирыстоны тыхæй чызг скъæфыны æгъдау нал ис, уымæн æмæ зондджын лæппу ахæм хъæддаг ми бакæ- нын йæ сæрмæ нæ хæссы, æгъдауджын чызг та йæхи скъæфын нæ ба- уадздзæн. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Мæ фыдгулы чызг йе ’ртæ кæрдзынмæ ма фæбада». Йæхи барвæндонæй скъæфын цы чызг бауа- дзы, уый та фæхонынц «лæгмондаг», «гадздза», «куырмæдзог». Ирон лæгæн йæ цардæмбал æндæр адæмыхаттæй кæнæ æндæр диныл хæст куы уа, уæд уый аипп нæ уыдзæни æрмæстдæр уæд, ирон уæздандзинад æмæ æфсармы бæрæггæнæнтæ куы ’ххæст кæна, куы ’мбара æмæ куы дзура ирон æвзагыл. Ирон лæгæн йæ бинонтæ иууыл- дæр хъуамæ иронау дзурой. Йæ бинонтæ кæрæдзимæ иронау кæмæн нæ дзурынц, уыцы лæг уыдзæни фæсмонгонд. Ирон бинонтæй кæд исчи æндæр диныл хæст у, уæд уый аипп нæу, фæлæ хуыздæр у, иу диныл хæст куы уой, уæд. Иры фыдæлтæ сæ чыз- джыты æндæр адæмы минæвæрттæм моймæ лæвæрдтой æмæ абон дæр дæттынц, фæлæ тынг стæм куырдтой чызг æндæр адæмыхаттæй. Ирон сылгоймаг тамако нæ дымы, хъæбæр нозтæй йæхи хъахъ- хъæны. Сылгоймаг, мой скæнгæйæ интимон фембæлды размæ, дыууæ мæйы дæргъы, стæй, цалынмæ сывæрджын уа, уæдмæ нозт йæ дзыхмæ нæ хæссы. Ирон лæппуйæн цæмæй йæ цардæмбал (йæ ус) рæстмæ банхъæл- цау уа, уый тыххæй интимон фембæлды размæ йæ уæнг бынтондæр нозтæй сцух кæны иу мæйы дæргъы, йæ бинойнаджы хъахъхъæны уæз- зау куыстæй, алыхуызон зæрдæнкъуыстытæй æмæ тызмæг ныхæстæй. 95
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Ирон нæлгоймаг, сылгоймагæй хатыр нæ ракургæйæ, тамако йæ цуры не сдымы. Сывæллон æмæ сывæрджын сылгоймаджы раз тама- ко нæ дымдæуы (Иры фыдæлтæ тамако нæ дымдтой), хъæр, загъд нæ чындæуы. Сылгоймагæн йæ басывæрджыныл авд мæйы куы рацæуы, уæд йæ моймæ интимон æмбæлд нал фæкæны, цалынмæ сывæллоны райгуыр- дыл авд къуырийы рацæуы (49 боны), уæдмæ. Сывæрджын сылгоймаджы уазалæй, уæззæуттæ хæссынæй (исынæй), сонт хъæртæй (мыртæй), эмоционалон æмæ психикон æнкъуыстытæй хизын алкæмæн дæр хæс у. Сывæрджын сылгоймаг хъуамæ уа ахæм адæмы ’хсæн, тынг кæуыл æууæнды æмæ йæ ныфс кæуыл дары, йæ аиппытæ, йæ сонт ми æмæ хъæддых ныхас ын чи бара. Сывæрджын сылгоймаг цы бинонты ’хсæн ис, уыдонæй алкæмæн дæр йæ хæс у, цæст æм дарын, амал æмæ гæнæн цæмæй и, уымæй йын æххуыс кæнын æмæ ныфс ын æвæр. Алы ныййарæгæн дæр йæ ахсджиагдæр хæстæй иу у, æмкъайады цæдисы куыд цæрын хъæуы, цоты ууыл ахуыр кæнын, ома сын лекцитæ кæнæ семинартæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ сæ тынг зæрдиагæй ахуыр кæнын хъæуы ныййарæгæн йæхи царды фæлтæрддзинадыл. Сывæл- лон царды æцæгдзинад фылдæр-фылдæр базоны йæ ныййарджытæй, сæ дзыхы ныхас æмæ сæ æрвылбоны митæй. Цот кæрæдзи фæуарзынц, мад æмæ фыд кæрæдзимæ æмæ сæ цотмæ уарзон цæстæй куы кæсой - кæрæдзимæ фæлмæн ныхас куы кæной, кæрæдзиуыл куы аудой, уæд. Ныййарджыты ахастдзинæдтæ цот фылдæр хатт бахæссынц фидæны сæхи æмкъайады цæдисмæ. Цот сæ ныййарджытыл æмæ æрмæстдæр сæ ныййарджытыл са- хуыр вæййынц, се ’мкъæйттимæ, уыдонæн сæ бинонтимæ, сæ къабæз- тимæ æмæ сæ сыхæгтимæ ахастдзинæдтæ куыд аразын хъæуы, хи куыд дарын хъæуы, ууыл. Ныййарæг йæ цотæн хъуамæ фæзминаг уа. Чызг цы бинонты ’хсæн схъомыл, уыцы бинонты царды фæтк иу- гуырæй йæ мойы хæдзармæ хъуамæ ма бахæсса, фæлæ æххæст кæна йæ ног бинонты царды фæтк. Кæд уыцы фæтк исты рафауинаг уа, уæд та йæ лæгъзæй, æнæмастæй хъуамæ йæ мойæн бамбарын кæна. Чызг мой скæныны, лæппу та ус ракурыны агъоммæ бæлвырд хъуамæ зоной, се ’хсæн цы интимон ахастдзинæдтæ уыдзæн, уыдон мидис æмæ сусæгд- зинæдтæ. Чызг дæр æмæ лæппу дæр хъуамæ æмбарой, интимон ахаст- дзинæдты хъомыс æмкъайады цæдисы ахсджиаг бынат кæй ахсы, фæлæ уый къайады фидардзинадæн зыбыты иунæг фæрæз кæй нæу, уый дæр. ,Лæг æмæ ус æмкъайады алы хъуыддаджы дæр сты æмбар, уымæ гæсгæ, исты вазыгджын уынаффæ хæсгæйæ, фæархайынц кæрæдзимæ 96
СЫЛГОЙМАГ, НÆЛГОЙМАГ хъусгæйæ, кæрæдзи фæрсгæйæ, фæлæ уæддæр уынаффæ хæсгæйæ лæг- мæ хауы фæстаг ныхасы бар, стæй уыцы уынаффæ æхсæнадмæ рахæс- сыны бар, куыд хæдзары хистæр, афтæ. Лæг æмæ ус æмбар сты сæ инти- мон царды дæр. Лæг æмæ ус кæрæдзи кадæй кадджын вæййынц. Хорз лæгæн æвзæр ус нæ вæййы, æвзæр лæгæн та - хорз ус, уымæ гæсгæ сæ дыууæ дæр архайынц кæрæдзи рæсугъдæй, уæзданæй равдисыныл. «В каждом важном деле необходимо женское начало, как основа и сущность». Е. Блавацкая Сылгоймаджы æнафоны (талынджы) искæдæм цæуын куы ба- хъæуы, кæнæ боныгон дæр исты тæссаг ранмæ куы фæцæуы, уæд йемæ ацæуы нæлгоймаг æмбал, хæстæг хионтæй исчи кæнæ сыхаг æууæнкджын лæппу. Чызгæн æнафонмæ искуы баззайын, кæд æп- пындæр тæссаг ницæмæй у, уæддæр аипп у. Гæнæн æмæ амал уæвгæйæ сылгоймагæн æнæзонгæ ран кæнæ æцæгæлон адæммæ баззайын не ’мбæлы. Хионæн, сыхагæн сылгоймагимæ тæссаг ранмæ кæнæ æнафон æмбалæн ацæуын хæс у. Сылгоймагимæ æмбалæн ацæуæг йæхимæ райсы стыр бæрнондзинад, æмæ цыфæнды зын раны дæр хъуамæ йæхи равдиса уæздан æмæ æхсарджын сæрхъуызойæ, уавæрмæ гæсгæ куы бахъæуа, уæд хъуамæ хъазуаты дæр бацæуа. Сылгоймагимæ ныхасгæнгæйæ, кæд гæнæн ис, уæд сабыргай дзур, чъизи, æнæгъдау ныхас ма кæн, де ’ргом æндæр искæдæм ма здах, йæ ныхас ын ма скъуыддзаг кæн, ныхасгæнгæйæ йæ ма ныууадз æнæха- тыр ракургæ, «хъус-ма», зæгъгæ, йæм сидын, кæнæ йæ ныхасгæнгæйæ бакъуыр-бакъуыр кæнын не ’мбæлы. Хъазты кафгæ-кафын сылгой- маджы кафгæйæ фæуадзын худинаг æмæ æнаккаг ми у. (Кæс сæргонд «Хидарыны уагæвæрдтæ»). Лæгæн, сиахсæн мидæгмоймæ бацæуын, ома, усы цæгаты цæрын сæрмæ хæссинаг нæу. Кæд хæдзар дæ бинойнагæн (усæн) сæрмагондæй йæхи у, уæддæр чындзæхсæв уым скæнын аипп у. Чындз хъуамæ фарн бахæсса йæ мойы хæдзармæ кæнæ мойæн йæ хæдзарвæндаджы бæсты- хаймæ, кувгæ дæр ын чындæуы уым. Каистæм æхсæвиуат бакæнын, кæд æндæр гæнæн ис, уæд аив нæу. Сылгоймæгты ныхæстæм дзырдæппарæн кæнын, аивæй сæм хъу- сын, æдзынæг сæ искæмæ кæсын, кæнæ йын йæ буармæ æнæфсарм кæстытæ кæнын нæлгоймаджы æгад кæнынц. Ирмæ рагæй-æрæгмæ дæр сылваз нæлгоймаг æгады гакк хаста æмæ хæссы. Кадджын уазæгмæ, хъæуы кæнæ мыггаджы хистæрмæ исты ахсджи- 7 Родники благородства 97
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ аг хъуыддагмæ (куывд, чындзхаст, фидыды фынг, кæнæ исты уынаффæ рахæссынмæ) æрвыстæуы сылгоймаг-хонæг. Сылгоймаг-хонæг фер- витынц, цæмæй хуынды ахсджиагдзинад бахахх кæной, уый тыххæй. Сылгоймаг-хонæг кæмæ ’рбацæуы, уый тынг æнæвдæлон куы уа кæнæ ’нæфæразгæ, уæддæр сылгоймаджы æфсæрмæй рацæудзæн, сылго- ймаг-хонæджы коммæ нæ бакæсын кад нæ кæны нæдæр хонинагæн, нæдæр хонæгæн. Сылгоймаг-хонæг иунæгæй нæ фæцæуы, фæсивæдæй йемæ хъуамæ исчи уа. Хонгæ кæй фæкæнынц, уый кæд дард искуы фæ- цæры, уæд æм сылгоймаг-хонæджы аласынц исты хæдтулгæйыл.
«Æхсæв уа, бон уа - хой мсем, уазсег, Дсе къуырцц-къуырццу мсеудæн зарсег.» Расул Гамзатов УАЗÆГ, БÆЛЦЦОН, ФЫСЫМ Уазæджы бабуц кæнын ирон адæмæн фыдæлтæй баззайгæ кады хъуыддаг у. «Уазæджы аккаг буцдзинæдтæ нæй», «Уазæг кадыл дари- наг у» кæнæ «Мæ фыдгулы хæдзармæ уазæг ма ’рбацæуа» - афтæ-иу загътой фыдæлтæ. Дæ къæсæрыл бахизæг адæймаг кæд лæбурæг нæу, уæд кæцыфæн- ды адæмыхаттæй дæр уæд, цавæрфæнды диныл хæст дæр уæд, йæ исбон цасфæнды уæд, сыхаг, дардбæлццон кæнæ хион - уæддæр у уазæг. Арфæ йын ракæн (æгасцуай йын зæгъ), йæ разы йын цæхх æмæ кæрдзын æрæвæр, ома дæ къух цы амоны, уый йын ма бавгъау кæн; уый ирон æгъдау у. Уæлдай аудинаг æмæ узæлинаг вæййынц сывæллон æмæ сылгоймаг уазджытæ. Хорз фысымæн кæддæриддæр йæ рæбыны вæййы «уазæджы хардз» - хæринаджы дзæбæхæй (амал цы и, уымæй) уазæджы бафса- дынæн цыдæриддæр хъæуы, уый. Уазæджы хардз хъуамæ уа æнцон райсæн æмæ, æвæстиатæй ацæттæ гæнæн кæмæн ис, ахæм хæлц. Нæ рæстæджы ахæм хæринæгтæ сты цыхт, ссад, хус дзидза, тахынæг, æй- чытæ, цæхджынтæ æмæ алыхуызон нозтытæ. Ирон лæг цыфæнды куынæг армæй дæр, йæ бинонты хъуагæй дæр хъуамæ йæ уазæджы хорз фена, сбуц æй кæна хæринагæй, нозтæй, хæлар, рæвдаугæ цæстæнгасæй æмæ лæгъз дзыхы ныхасæй. Уазæг дæм æппындæр хæринаг куы нæ ’рбаййафа, уæд сыхæг- тæм дæр ацу æмæ сæ ракур, цы сæм ис, уый, æмæ йæ дæ уазæджы раз æрæвæр. Адæм кæрæдзи руаджы цæрынц - абон дæхи хæдзары фысым дæ, райсом та искæй хæдзары уазæг уыдзынæ. Æвæццæгæн-иу фы- 99
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дæлтæ уымæн загътой: «Уазæг дæ йæ гуыбыны цы ахæсса, уый сæдæ ахæмæй дæ бæркадыл бафтдзæн». Хæдзармæ уазæг куы ’рбацæуы, уæд ын æппæт мыггаг æмæ æгас сыхбæстæ, хъæубæстæ дæр фысымиуæг кæнынц. Уазджытæ се ’ппæт дæр фысымтæн буцгæнинаг вæййынц, фæлæ фысымтæ рагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, дард ранæй чи ’рцæуы, зын уавæрæй чи раирвæ- зы, кæнæ æгас Ирыстонæн, хъæубæстæн стыр хæрзты чи бацæуы (йæ хицауы бынат ын нæ хынцгæйæ), уыцы уазæг уæлдай буцгæнинаг вæй- йы, æмæ фысымтæ уæд ницæуыл бацауæрдынц. Æвæццæгæн, ныхасы дæр уымæн баззадысты «дард бæлццон», «æмбисонды уазæг», «зæды хуызæн уазæг» æ.а.д. Уазæг дæм куы ’рбацæуа, уæд йæ размæ рацу, дуар ын уæрæх бай- гом кæн æмæ йын зæгъ: «Уазæг - Хуыцауы уазæг!», «Табуафси, ми- дæмæ!» Къæсæрыл куы ’рбахиза, уæд ын «Æгас цу!» зæгъ æмæ йын йæ къух райс. Фæкæс ын йæ машинæ кæнæ йæ бæх бынаты сæвæрынмæ, йæ уæлæдарæс раласынмæ, фæкæс æм йæ къухтæ цæхсынмæ æмæ йæ къахыдарæс раивынмæ. Уазæгæн йæ къахыдарæс уатонæй раивын йæхи бар у. Уазæг хæдзармæ куы ’рбацæуы, уæд ын бинонтæ иууылдæр сы- стынц, æмæ йын хæдзары хистæр раарфæ кæны: «Æгас цæуай æмæ дæ цæрæнбон бирæ уа, махмæ уазæгуаты чи саккаг кодта» кæнæ та «Хæ- дзар уазæгæй фидауы, æмæ амондджын уазæг фæу!» Уыйфæстæ йын æнцондæр кæм вæййы, уырдæм æй бакæнынц. Уыцы бынат хъуамæ ма уа фæсдуар, уаты астæу, уазал кæнæ æнтæф ран. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Уазæг хæдзары рæ- бинагу». Кæд хæдзары æцæгæлон æмæ дард бæлццæттæн уазæгдон (хицæн уат) ис, уæд уазæджы, бинонтимæ базонгæ кæныны фæстæ, уырдæм акæнынц æмæ йын фæзæгъынц: «Ам кæд дæ зæрдæмæ цæуы, уæд, та- буафси!». Кæнæ та: «Мæнæ дын уат æмæ уал ам дæ фæллад суадз, æз дæр дæм зындзынæн». Уазæгдоны æппынкъаддæр хъуамæ уа: фынг, бандæттæ, скъапп, сынтæг (диван) æд хуыссæнгæрзтæ, хихсæн æмæ дарæсмæ зилæн дзаумæттæ, нуазыны дон æмæ донгарз, чысыл афтекк, чингуытæ, газеттæ, сыгъдæг гæххæтт, кърандас, радио кæнæ телеви- зор, ома адæймагæн хибарæй цæрынæн цы хъæуы, уыдон. Уазæг кæд машинæйы æрбацыд, уæд ын йæ машинæмæ базил æмæ йæ æдас ран сæвæр, кæм ис æмæ йæм куыд бацæуын хъæуы, уыдон уазæг куыд зона æмæ йæ бахъахъхъæныныл куыд нæ тыхса, афтæ. 1 Кæд уазæг бæхыл æрбацыд, уæд ын аххуыс кæн бæхæй рахизынæн (галиу къухæй идоныл уæлиау æрхæц, рахиз къухæй та æхтонгыл - 100
УАЗÆГ, БÆЛЦЦОН, ФЫСЫМ хæрдмæ). Барæг куы рахиза, уæд ын йæ бæх бафснай (саргъ сис, згъæл- лаггом суæгъд кæн, бæхы ныссæрф æмæ йын холлаг ратт). Уазæгæн йæ транспортон фæрæзтæм фæткмæ гæсгæ базилынц кæстæртæ æнæ уæлдай ныхас, æнæ уæлдай митæй. Уазæг æцæгæлон куы вæййы кæнæ бинонтæй уый кары куы ничи вæййы, уæд ын хæстæг сыхæгтæй кæнæ хионтæй ныхасæмбал æрбахо- нынц. Йемæ ныхасгæнгæйæ фысым, æппæты фыццаг, хъуамæ бафæрса уазæгæн йæхи æмæ йæ бинонты æнæниздзинадæй, фæлæ йæ хынц- фарст нæ чындæуы. Уазæгимæ политикон, криминалон æмæ монон фарстатыл ныхас кæнын аив нæу. Ныхас, кæд гæнæн ис, уæд фылдæр хъуамæ цæуа литературæйыл, аивадыл, спортыл æмæ æрдзыл. Цæмæй уазæг ма сфæлмæца, уый тыххæй дæргъвæтин æмæ иугæндзон ныхас кæнын нæ хъæуы. Уазæджы - чи дæ, кæцон дæ, цы кусыс, де ’рбацыды сæр цæуыл у, хæрын дæм цæуы æви нæ, æхсæвиуат кæм кæндзынæ,- нæ фарстæуы, аив нæу, кæд уазæг йæхæдæг ныхас уырдæм не ’ркодта, уæд. Цалынмæ фысым кæнæ ныхасæмбал уазæгимæ ныхæстæ фæкæ- нынц, уæдмæ хæдзары æфсин æнæ уæлдай фарстатæй фынгмæ рахæс- сы аходæн. Аходæны вæййы, уазæг фысымы хæдзары хæринагæй цы ’рбаййафы, уый. Хуыздæр куы ницы уа, уæддæр цæхх, кæрдзын, цай, дыргътæ. Аходæн æрæвæрынц, цæмæй уазæг, цалынмæ сæрмагонд фынгæвæрд фæцæттæ кæнынц, уæдмæ стонг ма уа, уый тыххæй. Стæй, цалынмæ уазæг аходæн фæхæры, уæдмæ йын сцæттæ кæнынц уазæджы фынгæвæрд, хъарм хæринæгтæ, нозт, фыдызгъæл, цæвиттон, бæрæг- боны фынгæвæрд цы вæййы, уый. Æрмæст, кæй зæгъын æй хъæуы, фысымæн йæ къух цæмæй амона, уымæй. Уазæг дард бæлццон куы уа кæнæ, фысымтæ рагæй кæмæ æнхъæл- мæ кастысты, ахæм, йе та цалдæрæй куы вæййынц, уæд фысым кусарт дæр а’кæны. Гæнæн уæвгæйæ, уæд хæстæг сыхбæсты дæр æрбахоны æмæ уазæгæн хъазт дæр скæнынц. Уазæджы фынгмæ хуыйы фыд нæ хастæуы. Уазæгæн сæрма- гонд фынгæвæрд куы скæнынц, уæд æгъдаумæ гæсгæ фæбады дык- каг хистæрæн, фæлæ йын фысым буцдæрæн фынджы хистæры бынат бахъары, йæхæдæг та сбады дыккаг кæнæ æртыккаг хистæрæн. Уазæг дын куы бамбарын кæна, æхсæвиуат дæумæ кæндзæн, уый, уæд ын зæгъ: «Табуафси - махмæ ницæмæй батыхсдзынæ, дæ фаг нæм алцы дæр разындзæн!». Кæнæ та: «Мах дæ нæхæдæг дæр никæдæм ауадздзыстæм, махæн дæуæй буцгæнинагдæр уазæг нæй!» Уазæг æхсæвиуат кæнынмæ куы баззайа, уæд ын йæ хуыссæн- уат, хихсæн бынат æмæ йæхи хъуыдыйы (уазæгдонмæ) кæдæм цæуын 101
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ хъæуы, уый бацамон. Йæ хуыссæнуатмæ куы араст уа, уæд ын зæгъ: «Бынатыхицауы хорзæх дæ уæд, хæрзфынтæ фен!». Кæнæ та: «Фыны фарнæй хайджын у!» Хæдзары уазæг куы вæййы, уæд фысым йæхимæ райсы кадджын хæсæн уазæджы фыдбылызтæ æмæ æндæр исты тæссаг уавæрæй ба- хъахъхъæнын, уыцы хæс ис канд хæдзары бинонтыл нæ, фæлæ æппæт мыггагыл æмæ сыхбæстыл дæр. Ирон адæммæ раджы дæр æмæ ныр дæр аллайаг хъуыддагыл нымад уыд æмæ у уазæджы бафхæрын, рис дзы бауадзын, тæссаг уавæры йæ баппарын, фыдбылыз æмæ йæ фыд- гулæй нæ бахизын. Бахъуаджы сахат фысымæн йæ хæс у уазæджы сæраппонд тохы бацæуын. Уымæн баззад фыдæлты æмбисонд: «Уазæг Хуыцауы уазæг у». Фысым уæвгæйæ йæ уазæджы фыдлæг æмæ фыдбылызæй цы би- нонтæ, цы мыггаг æмæ цы хъæубæстæ нæ бахъахъхъæны, уыдоныл уазæгхоры ном сбады. Фысым куы базоны, йæ уазæг цæуынвæнд скодта, уый, уæд сбæл- вырд кæны: кæд араст уыдзæн, цавæр транспортон фæрæзтыл цæу- дзæн, фæндагмæ йæ цы бахъæудзæн, йæ цæуыны бон ын куыд срæ- сугъд кæнын хъæуы, уый. Уазæг цæуыныл куы ныллæууы, уæд фы- сымæн йæ хæс у: - уазæгæн йæ дарæс, йæ хæссинæгтæ бацæттæ кæнын; - йæ машинæ (уæрдон) йын фæндагмæ барæвдз кæнын (артаг æмæ сæрдæн æрмæгæй); - цы транспортыл цæудзæн, уым ын бынат бацæттæ кæнын (билет ын заказ скæнын кæнæ райсын); - фæндагмæ йæ цы бахъæудзæн, уыдон æрцæттæ кæнын: фæндаг- гаг - æхца æмæ хæринаг; - фæндаг ын бацамонын, ома æнæкъуылымпыйæ, тагъддæр æмæ æвæлмонæй куыд æмæ кæуылты хуыздæр у ацæуын, уый; - уазæджы цæуын афон æвзæр боны хъæдмæ кæнæ æнафонмæ куы ’рцæуы, уæд бацархайын, цæмæй бонасадæн дæумæ бакæна кæнæ хуыздæр афонмæ банхъæлмæ кæса, ууыл; - йæ хæссинæгтæ йын сисын æмæ йын сæ машинæмæ рахæссын, йæ фæстæ кæртæй рацæуæны (кулдуары) онг рацæуын, æнафон куы уа, уæд та - хъæуы кæронмæ кæнæ, транспортон фæрæзтæ кæцæй цæуынц, уырдæм; - уазæг мæнæ ныр араст уыдзæн, зæгъгæ, уæд ын арфæ ракæн: «Фæндараст дæ Уастырджи фæкæнæд!» кæнæ «Уастырджи дæ йæ сыз- гъ&рин базыры бын фæндараст кæнæд!» йе та: «Уастырджийы уазæг у!» Æмæ банхъæлмæ кæс транспорты ацыдмæ. 102
УАЗÆГ, БÆЛЦЦОН, ФЫСЫМ Уазæг хæдзарæй куы рацæйцæуы, уæд хæдзары бинонтæ иууылдæр сыстынц, «фæндараст» ын фæзæгъынц æмæ йæ фæдыл кæрты (хæдза- ры) дуармæ рацæуынц. Балцы, уазæгуаты цæуынвæнд куы скæнай, уæд лæмбынæг ахъуы- ды кæн, фæндагмæ æмæ, кæдæм цæуыс, уым дæ цы бахъæудзæн, ууыл. Кæдæмфæнды куы цæуай, уæддæр дæм дæ уæлæдарæсæй уæлдай хъуа- мæ уа: - æвдисæндар гæххæттытæ (документтæ); - иу-дыууæ къухмæрзæны, иу-дыууæ къухсæрфæны; - сæрвасæн; - кард (хæрынкъа); - фыссæнгарз (сис кæнæ кърандас); - æхца - фæндаггаг æмæ æнæнхъæлæджы хæрдзтæн; - сылгоймаг уæвгæйæ ма уымæй уæлдай буармæзилæн предметты фæлыст. Дард балцы цæугæйæ бæлццон хъуамæ ахъуыды кæна, уæлдæр кæй ранымадтам, уыдонæй уæлдай ма йæ цытæ бахъæудзæн, ууыл. Фыл- дæр хатт хъуыдыйаг вæййынц: - уæлæдарæс боныхъæдмæ гæсгæ; - уæлæдарæс транспортон фæрæзы (фæндагыл); - ивæн къахыдарæс æмæ цъындатæ; - ивæн мидæггаг дзаумæттæ; - машинæмæ зилæн дзаумæттæ; - сапон, хисæрфæн, хилдасæн, судзин, æндах, къухсæрфæнтæ. Фæндагмæ талф-тулфы цæттæ кæнын æнæрхъуыдыдзинад у. Хæдзар- мæ уазæгуаты цæугæйæ рагагъоммæ ахъуыды кæн: цас рæстæг хъуамæ фæуай уазæгуаты, куыд дæ бахъæудзæн дæхи дарын, цавæр дарæсы ацæудзынæ, кæмæн дæ бахъæудзæн лæвар кæнæ зæрдæлхæнæн кæнын (сывæллонæн, рынчынæн, зæронд адæймагæн), стæй цавæр лæвар, цавæр з,æрдæлхæнæн, цас дæ бахъæудзæн æдæппæт æхца. Хæдзармæ уазæгуаты (фысым бакæнынмæ) куы æрцæуай, уæд дуар, рудзынг кæнæ быру цъус бахой, кæд сæм дзæнгæрæг ис, уæд ыл бахæц, дæргъвæтин «дзинг» куыд нæ рауайа, афтæ. Куы ничи дæм ракæса, уæд кæртмæ кæнæ хæдзармæ æввахсдæр бацу æмæ бадзур (бахъæр кæн): «Фæрныг фысымтæ, уазæг нæ уадзут?!» - кæнæ: «Фæр- ныг хæдзар, кæм стут?!» Кæд хæдзары нæлгоймæгтæй искæйты зо- ныс, уæд сæм кæстæр нæлгоймаджы номæй бадзур. Ирон хæдзармæ сылгоймаджы æмæ хистæр нæлгоймаджы номæй дзурын не ’мбæлы. Хæдзары бинонтæй дæм исчи куы рацæуа, уæд ын «Дæ бон (изæр, райсом, æхсæв) хорз» зæгъ. Кæд дын фысым «æгасцуай» кæнгæйæ дæ 103
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ къух иса, уæд æм æй ратт. Кæд дæхæдæг фысымæй дзæвгар хистæр дæ, уæд ын, салам ратгæйæ, фыццаг дæхæдæг дæ къух бадар. Сылгой- маг куы уа, уæд дæм, цалынмæ йæ къух æрбадара, уæдмæ йæм æй ды ма дæтт. Фысымимæ кæрæдзийæн салам куы раттат, уæд дын фысым дард- дæр æмбарын кæндзæн, цы дæ кæнын хъæуы, уый. Кæд æмæ дæ фы- сымтæй лæгæй-лæгмæ ничи зона, уæд сын бамбарын кæн, чи дæ æмæ кæцæй дæ, уый. Хæдзармæ дæ куы хоной, уæд «бузныг» зæгъ æмæ бацу. Къæсæрыл куы бахизай (рахиз къахæй) - хæдзары исчи ис, нæй, уæддæр арфæ ракæн: «Фарн ам уæд!» - кæнæ: «Хуыцау, ацы бынатмæ фарн æруадз!» Уый фæстæ хæдзары бинонтæн арфæ ракæн: «Уæ бон (райсом, изæр, æхсæв) хорз!» кæнæ «Уæ бон хорз æмæ уын ме ’рбацыд амонды хос фæуæд!» Уазæгуаты уæвгæйæ бацархай, цæмæй фысымтæ, дæуыл аудгæйæ, мацæмæй стыхсой, дæхи фæллад æмæ тыхстхуыз ма дар, фылдæр хъус, къаддæр дзур. Фысымты хынцфарст кæнæ цымыдис фарст ма кæн, дæ риссаг фарстатæ сын ма дзур, кæд сæрмагондæй де ’рбацыды сæр уы- дон не сты, уæд. Фысымты ’хсæн цы ныхас цæуа, уымæ дзырдæппарæн ма кæн, се ’хсæн зул дзыхы ныхас куы цæуа, уæд дæхи «ницыхъусæг» скæн, фысымтæй искæмæн йæ ныхас ма аис æмæ йын æй ма аскъуыд- дзаг кæн, хæрд æмæ нозтæй бæрц зон. Кæд тынг стонг дæ, фæлæ дæ удхосæн нæ хъæуы, уæд дæхи дзыхæй хæринаг кæнæ нозт ма ракур, хæринæгтæ æмæ хæрдыл къаддæр дзур. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»). Фысым дæ хистæры бынаты куы бадын кæна, ома йæхи бынаты, уæд ма сразы у, зæгъ ын: «Æз дæ разæй саг дæр нæ амардзынæн». Фæлæ дæм зæрдиагæй куы ’рхата, уæд сбад. Уазæгуаты цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæ, уый, кæд уавæр амоны, уæд фынгæвæрды размæ фысымæн бамбарын кæн. Дæ хъуыддаг куы саразай, уæд дæ фысымтæм бирæ мауал бафæс- тиат у. Кæд дын æнæ бахсæвиуатгæнгæ нæй, уæд дæ фысымтæн рагацау бамбарын кæн. Варианттæ: «Бахатыр ксенуту фселсе мын сымахмæ сенæ бах- ссевиуатгæнгæ нсей». Ксенсе: «Тыхсын усе ксенын, фселæу æвсеццсегсену ахссев (иу-цалдсер сехссевы) сы- махмсе баззайдзынсен». Наусед та: «Усе хорзсехсей, тыхсгсе мсе ма сксенут, фселсе мсе фысымуат сы- махсей сендсер ранмæ куы нал аивину уый мсе фсен- ды. Цы зсегъут сымах та?» 104
УАЗÆГ, БÆЛЦЦОН, ФЫСЫМ Алы фынгæвæрды фæстæ фысымтæн арфæ кæн: «Уæ минас бирæ уæд, Хуыцау уæ йæ бирæ хæрзтæй хорз фенæд!» Кæнæ: «Дæ минас бирæ уæд, дæ къухтæ царв æмæ мыды фæдар, ахæм хæрзад хойраг чи скодта!» Кæд сæм æрмæстдæр аходгæ скодтай (хъуыртхъом дæ фæкод- той), уæддæр зæгъ: «Бæркадамонд уын Хуыцау раттæд!» Уазæджы охыл дын фысым (бадты хистæр) сидты бар куы ратта, уæд æд нуазæн сыст æмæ уал фыццаг фысымæн (хистæрæн) арфæ ракæн: «Мæ фæрныг фысым, ацы рæсугъд бадты мæ гаджидауæй барджын кæ- ныс æмæ дын Стыр Хуыцау дæ бар, дæ хъомыс дæхи фæндиаг скæнæд!» Кæнæ: «Нæ буц хистæр (фысым), мæ бæсты дын Стыр Хуыцау раар- фæ кæнæд!» Уый фæстæ басид, хистæртæ цы гаджидау нæма рауагъ- той, уый тыххæй. Уазæгæн аивдæр æмæ æмбæлгæдæр цы сидтытæ сты, уыдон: фысымты æмæ сыхбæсты цæрæнбоны тыххæй, бинонты æмæ мыггаджы цæрæнбоны тыххæй, кæнæ та Иры дзыллæйы фарнамонды тыххæй. Дæ сидт дын фысым (хистæр) рæгъы куы ауадза, æмæ рæгъ дæумæ куы ’рхæццæ уа, уæд дæ ныхасдонмæ æфтаугæ мацыуал бакæн, фæлæ кæстæртæй кæмæ сидыс, уыимæ уæ нуазæнтæ кæрæдзиуыл ба- къуырут æмæ дæ нуазæн уыдонимæ бануаз (кæнæ дзы саход), æмæ уый фæстæ сбад. (Кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»). Дæ балцы кæрон куы ’рхæццæ уа, уæд дæхи фæндагмæ сцæттæ кæн æмæ дæ фысымтæн арфæ ракæн: «Уæ цин, уæ зæрдæты хъарм мын мын нæ бавгъау кодтат æмæ уыл дунескæнæг Хуыцау бацин кæнæд!» Кæнæ: «Стыр буцæй уæ цæуын æмæ уæ Стыр Хуыцау йæ хорздзинæд- тæй бабуц кæнæд!» Фысымтæ дæ кæртмæ (агъуысты) дуармæ рахæц- цæ кæндзысты, æмæ сын уæд зæгъ: «Хæрзбонтæ раут, мæ фæстæ уæ хæдзармæ фарн бацæуæд!» Кæнæ: «Хæрзбон ут, уæ хорз хабæрттæ мæм хъуысæнт!» Уазæджы фæндараст кæнгæйæ, фысым æмæ уазæг кæрæдзи къух- тæ нæ райсынц, худтæ нæ сисынц. Уазæг, йæ фæстæ чи рацыди, уымæн хæрзбор куы фæзæгъы, йæ фæндагыл дзæвгар куы рауайы кæнæ транспортон фæрæзы цурмæ куы бахæццæ вæййы, уæд ма иу хатт йæ фысымтæм разилы, йæ рахиз къух хæрдмæ сисы, цыма фысыммæ йæ армытъæпæн февдисы, уыйау, стæй йæ фæндаг адары. Уазæгуаты уæвгæйæ дын дæ фысымтæ кæд хуыссæнуат, цæхх, кæр- дзын нæ бавгъау кодтой, уæд сæ истæмæй азымы дарын кæнæ сæ хъаст кæнын дæ сæрмæ макæд æрхæсс, уый ирон удыхъæды миниуæг нæу.
«Адæм æмзонд семсе æмдых куы уой, уæд сын бассеттсен нсей». Мамсырады Дсебе ХИЦАУÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ Ирмæ рагæй-æрæгмæ ахæм хъуыды ис: зондамонджытæ æмæ куы- рыхон лæгтæ цасфæнды бирæ куы уой, уæддæр разамонæг æмæ уынаф- фæгæнæг хъуамæ уа иу: «Æнæ ’лдар мыдыбындзытæ дæр нæ цæрынц». Фæлæ ма ирæттæм ис æндæр æмбисæндтæ дæр: «Æгас адæмæн иу лæг фæтк нæу», «Хицау адæмы зондæй хицау у». Нæ фыдæлтæ кæддæриддæр адæймаджы хицауы бынатмæ æвзæр- стой зонд, удыхъæд æмæ фæлтæрддзинад хынцгæйæ. Кадджын уыди, уæздан æмæ бонзонгæ, сабыр æмæ дардмæуынаг, ныфс æмæ ’хсар кæмæ уыди, ахæм разамонæг. Нæ рæстæджы ма уыцы хорз миниуджытæм чингуыты зонындзинæдтæ бафтау, уæд ахæм хицауæн аргъ нæ уаид. Ирон дзыллæйæн цыфæнды зондджын æмæ ахуыргонд хицау куы уа, уæддæр кадджын нæ уыдзæн, йæ уынаффæ, йæ архайд ирон уæздандзинад æмæ ирон æгъдауы фæлгæты куынæ уой, уæд. «Гулиаг рæгъауæн - гулиаг фыййау». Хицау-разамонæг кæд, кæй ранымадтам, уыцы миниуджытæй æххæст уа, уæд дæр куырыхон уынаффæтæ æрмæстдæр уæд хæсдзæни, йæ зæрдæ Хуыцауы комытæфæй хайджын куы уа. Хицау уæвгæйæ афтæ ’нхъæл ма у, æмæ дæ дæлбар уæвæг адæмы ’хсæн дæуæй зондджындæр ничи у. «Лæгдæрæй лæгдæртæ ис», - зæгъы иннæ æмбисонд. Уæдæ ссар уыцы зондджын дæлбаруæвджыты, скæн сæ дæхицæн цæдисæмбæлттæ, уымæн æмæ ды иунæгæй алцы æмæ æп- пæтзонæг нæ дæ, стæй ахæм адæймаг уæвгæ дæр нæй. Хицау уæвгæйæ, дæ зæрдыл дар - дæ архайд æмæ дæ миты сæй- раг нысан у адæмæн лæггад кæнын. Адæм дæуæй ницы хæс дарынц, ды та уыдонæй дарыс. Уыдон дын се ’ууæнк балæвар кодтой æмæ дыл 106
ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ сæ зæрдæ дарынц. Уыцы æууæнк фæсайæг хицауы ном хæссыны аккаг нæу. Дæ зæрдыл дар, дæуæн æмæ дæ дæлбар уæвджытæй кæмæнфæн- ды дæр æхсæнады иу аргъ ис. Адæм цæмæй цæрынц, уымæй цæр, дæ- хицæн уæлдай хъулон митæ æмæ æхцондзинæдтæ ма дом æмæ ма агур. Кæд дæ уынаффæтæ æмæ архæйдтытæн сæ фылдæр пайда нæ хæссынц æхсæнад æмæ адæмæн, уæд уынаффæгæнæгæн нæ бæззыс æмæ дæхи хъæппæрисæй дæ бынат суæгъд кæн. Йæ хæдзары - йæ бинонты ’хссен - фидар фæтк, уæздандзинад æмæ зсердсехæлардзинад кæмсен нсей ксенæ йсе бинонтсен уынаффсе ксенын йсе бон ксемсен нсеу, йсе бинонтсе семсе йсе мыггаджы ’хссен кадджын чи нсеу, уый адсемсен уынаффсегсенæгсен нсе бæззы. Хицауы куырыхондзинад уæд рабæрæг вæййы, йæ дæлбаруæвæг адæмы фыдрæстæджы уæззау уавæрæй æнæзиан, æнæфыдбылызæй кæнæ къаддæр зиантæ æмæ къаддæр фыдбылызтимæ куы ракæны. Хицау уæвгæйæ æвзæр уынаффæ рахæссæгæн ныббарæн ис, фæлæ, хицау уæвгæйæ, уынаффæ æппындæр нæ рахæссæгæн хатыр нæй. Хицау уæвгæйæ адæмы хардзæй йæхицæн исбон чи кæны, уый фы- дгæнæг у æмæ, кæд иу сомы аргъ райста, уæддæр у карз тæрхоны аккаг. Хицау кæнæ бæрнон кусæг уæвгæйæ гæртам райсæг у хъæддаг лæг, цыфыддæр тæрхоны аккаг. Алы адæймаг дæр хъуамæ æмбара, бахъуы- ди, зæгъгæ, уæд дын гæртам исæг дæ удыл дæр нæ бацауæрддзæн, айс- дзæн æй. Уымæн æмæ гæртамисæг гæртамдæттæджы нымайы кусæг фосыл, æдылыйыл æмæ йæм уый цæстæй кæсы. «Гæртам исæг бирæгъ у, гæртам дæттæг - фос». Гæртам лæвæрдæуы дыууæ хуызы - æргомæй кæнæ лæвары хуызы, фæлæ сæ ницы хъау- джыдæр ис. Хицауæн гæртам раттын у йæ чъыртмæ йын дæ цæсгом бадарыны хуызæн, гæртам чи дæтты, уый йæхицæй хынджылæг кæны. Ирон лæг цыфæнды стыр бынат куы ахса кæнæ цины куы уа, уæд- дæр йæ дæлбаруæвæг æмзæххонтимæ ныхас кæны ирон æвзагыл, уæзданæй, сабырæй: «Табуафси», «Бахатыр кæн», «Дæ фарн бирæ» æмæ ащ. «Ирон хицау усевгсейсе, йсе ирон адсемимсе сендсер адсемыхсетты æвзагыл дзурсег, кседдсериддсер йсе адсемсен уыдзсен æнсепайда æмæ æцæгæлон». Гутынаты Хъанымæт Дæлбаруæвæг дæм хъуыддагмæ куы ’рбацæуа, уæд сыст, йæ размæ рацу, «Æгас цу!» йын зæгъ, йæ къух ын райс, сбадын æй кæн дæхимæ хæстæгдæр æмæ йæм лæмбынæг кæронмæ байхъус, йæ ныхас ын нæ 107
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ исгæйæ. Бацу йæ уавæры, стæй, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд ын йæ курдиат сæххæст кæн кæнæ йын йæ сæххæст кæнынæн сараз фадæттæ. Кæд иу дæр æмæ иннæ дæр дæ бон бакæнын нæу, уæд ын уавæр бам- барын кæн. Уынаффæ рахæссынмæ тагъд ма кæн, курдиатыл алывæр- сыгонæй бæлвырд ахъуыды кæн. Æрбацæуæгимæ хорз зонгæ куы уай, уæд æй бафæрс: «Цы хабæрттæ уæм ис?» «Хуыцауы фæрцы æнæниз, æнæмаст куы уаис?» Кæнæ та: «Уаспи, дзæбæх, æнæниз стут?» «Цы архайынц дæ кæстæртæ?» æмæ афтæ дарддæр. Æрбацæуæгимæ ныхас кæнгæйæ дæм æртыккаг исчи дæ куыстмæ куы ’рбацæуа кæнæ теле- фонæй куы дзура, уæд дæ ныхасæмбалæй хатыр ракур: «Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн», æмæ æртыккагæн цыбыр дзуапп ратт кæнæ йын зæгъ: «Дæ хорзæхæй, фæстæдæр мæм æрбауай (æрбадзур)», кæнæ та йын æндæр рæстæг снысан кæн фембæлдæн (телефонæй дзурынæн). Æрбацæуæгимæ кæрæдзи куы бамбарат, ома исты уынаффæмæ куы ’рцæуат, æмæ уый цæуыныл куы ныллæууа, уæд сыст, йæ фæстæ (кæртмæ, къæсæрмæ, бацæуæнмæ) рацу æмæ йæ афæндараст кæн. (Кæс сæргонд «Уазæг, бæлццон, фысым»). Хицауы бынат бацахсгæйæ дæ иу уысм дæр рох ма уæд, дæ дæл- баруæвджытæ канд адæм не сты, фæлæ ма сæ алкæмæ дæр ис царды йæхи уынынад, уырнынад æмæ сæрыстырдзинад. Уый хынцгæйæ дæ дæлбаруæвджытæй алкæмæн дæр йæ талæнты фидар кæн, нымад æмæ, чи хъæуы, ахæм адæймаг кæй у, уый. Ирон ныхасы, куывды кæнæ æндæр иумæйаг бадты хицауы (раз- амонæджы) бынат æрмæстдæр йæ кармæ гæсгæ вæййы. Хицау кæй у, уый тыххæй йын нæдæр сидты бар ис, нæдæр нуазæнтæ дæттыны бар, нæдæр хистæры бынаты бадыны бар, кæд йæ кар æмæ йæ уæздандзи- нады миниуджытæ нæ амонынц, уæд. Хицаумæ бартæ ис æрмæстдæр, закъон æмæ æхсæнады фæтк цас амонынц, уый бæрц. Алы адæймаг дæр паддзахады закъонтæ хъуамæ æххæст кæна. Уыцы закъонты хицауæн цы кад дæттын хъæуы, уый дæр æххæстгонд хъуамæ цæуа. Нæ рæстæджы бирæ хæттыты хицау закъонтæ баивы йæхи уынаф- фæтæй. Уымæ гæсгæ алы лæг дæр хъуамæ фыццаг ахъуыды кæна, хи- цау дзы цы хъуыддаг, цы хæс домы, ууыл. Закъон у æви хицауы хъæп- пæрис, ома хицау цы зæгъы, уый цагъайрагау, æнæ йæ мидис ын нæ ба- зонгæйæ æххæстгæнгæ нæу. Хуыцау нæ бахизæд цагъайраджы дугæй. Фыдгулы бæстæ у закъон кæм нæй, фæлæ æрмæст хицæуттæ разамынд кæм дæттынц, уый. Кæд дæлбар уæвæг дæ дæ хицауæн, уæд уый афтæ нæ амоны, æмæ дæ уд, дæ бинонтæ, дæ бар, дæ цард дæр хицауы бар 108
ХИЦАУ ÆМÆ ДÆЛБАРУÆВÆГ сты. Хицау ницы хъомыс дары дæ царды уагмæ, дæ бинонты æмахаст- дзинæдтæм æмæ сæм ницы хуызы фæныхилдзæн нæдæр хъуыддагæй, нæдæр дзыхы ныхасæй. Уæдæ, афтæ, цæмæй царды æдылыйы бынаты ма уай, уый тыххæй зонын хъæуы æхсæнадон цардæвæрды æууæлтæ æмæ закъонты мидис. Дæ абоны хицау кæд дæ зæрдæмæ нæ цыд æмæ нæ цæуы, афтæмæй йæ адæм разамонæгæй сæвзæрстой, уæд уыцы хъуыддаг амоны, йæ бардзырдтæ æмæ йæ уынаффæтæ, кæд закъоны ныхмæ не сты, уæд æххæстгæнгæ кæй сты, уый. Уыцы уавæры хицауы ныхмæ цæуын амо- ны адæмы уынаффæйы ныхмæ рацæуын. Хицауæн ныхасæй кæнæ æндæр истæмæйты козбау митæгæнæг цæрæнбоны ирæттæм æгад уыди, нæ цытджын фыдæлтæ, иннæ адæ- мыхæттытæй хъауджыдæр хицауы раз уæрджытыл никуы лæууыды- сты. Сæ тæрныхтæ зæххыл никуы хостой, сæрæй йын никуы куывтой. Уымæ гæсгæ стыр худинагыл нымад у хицауæн цæстмæ митæ кæнын, ахæм митæ чи кæны, уый та хонынц дымысдæр. Хицау цыфæнды бæрзонд бынат куы ахса, уæддæр æм дзурын хъæуы иууон нымæцы, стæй æрмæстдæр йæ номæй: «Бало», «Васо», «Иссæ», «Къоста», бæлвырддæр фысгæйæ та - «Гусаты Дохцыхъойы фырт Гадæкко», «Торчынты Агуындæ Зауырбеджы чызг», стæй йæм номивæгæй куы дзурай, уæд та: «ды», «дæумæ», «уый», «уымæ», дæхæ- дæг», «дæхимæ» æ. а.д. Ирæттæ кæрæдзимæ «дæ бæрзонддзинад» кæнæ «дæ цытджын- дзинад» æмæ æндæр ахæм хуызы нæ дзурынц. Ахæм хуызы дзырдæуы Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæйæ. Хицауимæ фембæлгæйæ йæ кармæ гæсгæ хистæр чи у, æгасцуай- гæнгæйæ фыццаг йæ къух уый æрбадаргъ кæны. Хицау кæд æмæ сыл- гоймаг у, уæд та, кар нæ хынцгæйæ, сылгоймаг. Хицау йæ хæстæ æххæстгæнгæйæ, кæд, йæ бартæ кæйонгты æххæс- сынц, уыцы фæлгуырæй нæ ахизы, уæд ын йæ ми, йæ архайдмæ лаз хæссый раст нæу. Кæд æмæ хицау ирон æхсæнады æгъдæуттæй æмæ царды фæткæй исты раст нæ кæны, уæд ын хистæр уайдзæф куы бакæ- на, уæд уый раст у. Хицау-хæстон разамонæг цы бардзырдтæ дæтты знаджы ныхмæ тохы кæнæ хæстон уавæры, уыдон алы ирон лæгæн дæр æххæстгæ- нинаг сты, кæд цæстуынгæйæ йæ ми, йæ архайд райгуырæн бæстæйы æмæ иубæстон адæмы ныхмæ не сты, уæд. Хицау кæд æппындæр дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæддæр фæскъуымты, сусæгæй кæнæ фæсномыгæй йæ фыдгой ракæнын кæнæ йыл цъыф- калæн кæнын сæрмæ хæсгæ хъуыддаг нæу. Хицау истæмæй куы рæдийа, 109
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ уæд алы ирон лæгæн дæр йæ хæс у цæстæй хъусмæ йæм æнæ гуыми- ры ныхасæй лаз æрхæссын, уайдзæф ын бакæнын, кæд дын дæ кармæ гæсгæ уыцы бар лæвæрд ис, уæд. Хицау дæр адæймаг у, адæмæй та ахæм нæ вæййы, рæдийгæ чи нæ кæны, уый алчидæр хъуамæ æмбара. Хицау æмæ дæлбаруæвæг кæд кæрæдзийæн къабаз (хион) сты, уæд- дæр адæмы æууæнк æмæ адæмы хардзæй кæрæдзийæн хæрзиуджытæ кæнын фыдракæнд у. Хицау хъуамæ зона, адæмыхатт фæнды стыр у, фæнды чысыл - Хуы- цауы раз иууылдæр æмсæр æмæ æмбар кæй сты, уый, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы фыдæлты æмбимсонд - «Кæрцæй хæдон хæстæгдæр у».
«Радостные думы умножают силы и помогают достигнуть пристани, даже когда корабль терпит крушение». Араббаг философты хъуыдытæ БÆРÆГБÆТТÆ Нæ рæстæджы ирон адæм цы бæрæгбæттæ кæнынц, уыдонæн адих кæнæн ис æртæ къордыл (хуызыл). Фыццаг къорды сты нæ фыдæлты дины бæрæгбæттæ. Уыдонæн сæ фылдæр баст сты афæдзы афонтимæ: сæрд, фæззæг, зымæг, уалдзæг, азы райдиан, хурхæтæнтæ, ома уыцы афонты цы хъæууонхæдзарадон куыстытæ кæнын хъæуы, уыдонимæ. Дыккаг къорды сты æппæтадæмон æмæ паддзахадон бæрæгбæттæ: Ног азы бон, 8 мартъи, Уæлахизы бон æмæ æнд. Æртыккаг къордмæ та хауынц, бинонтæ сæ царды ивддзинæд- тæ кæмæй бæрæг кæнынц, уыцы бæрæгбæттæ: райгуырæн бон, номæвæрæн, авдæнбæттæн, хосдзауы бæрæгбон, уæлахиздзауы куывд, бæлццоны куывд, фыдбылызæй фервæзæджы куывд æмæ æндæртæ. Æрдзы фæзындтытæн æмæ æхсæнады царды алы къабазæн дæр хицæн бардуаг ис. Уымæ гæсгæ бæрæгбæттæй алчи дæр хæссы зæдтæ æмæ дауджытæй кæцыдæры ном, ома уыцы бæрæгбоны табу чындæуы уыцы ёардуагæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ зæдтæ æмæ дауджытæй иуæй-иуты нæмттæ дæр ссарынц, уымæн æмæ æрдзы æмæ царды цау- тæ кæрæдзиуыл баст сты, фæлæ уæддæр уыцы бон сæйраг табуйаг вæййы, бæрæгбон кæй номыл у, уыцы зæд (дуаг). Кæддæрау адæм кæд стыр куывдтæ нал кæнынц, уæддæр сæ зæдтæ æмæ дауджытæ рох не сты æмæ кæмæн куыд йæ амал, йæ фадат амоны, афтæ сæм кувынц - чи æртæ кæрдзынæй, чи - зæрдæйæ, чи - дзыхы ныхасæй, чи та - йæ удыхъæдæй. 111
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Ацы сæргонды ныхас цыбырæй цæудзæн, ирон адæмæн сæ фылдæр кæй кæнынц, уыцы бæрæгбæттæн сæ мидис æмæ сæ кæныны фæткыл. 1. НОГ АЗЫ БÆРÆГБОН - тъæнджы мæйы фыццаг бон ног ны- мадæй. У æппæтадæмон бæрæгбон. Уыцы бон кувыны хæс никæуыл ис, фæлæ æртæ кæрдзыны скæнын, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скувын аипп нæу. Ирон адæм дæр ацы бæрæгбон кæнынц, дунейы иннæ адæмтæ йæ куыд кæнынц, афтæ: фынгæвæрдтимæ хъæлдзæгæй. Алы хæдзары бинонтæ дæр сфæлындынц заз алыхуызон рæсугъд хъазæнтæ, дыргъ- тæ, адджинæгтæй. Адæм кæрæдзимæ фæцæуынц Ног азы арфæтимæ. Сывæллæттæн фæаразынц алыхуызон хъазтизæртæ, хихъæппæрисадон изæртæ, театралон, драмон равдыстытæ митын дадаимæ. Фæстаг азты фылдæр адæм «Ног бон» кæнынц ацы бæрæгбонимæ иу бон, тъæнджы мæйы фыццаг бон. 2. ЦЫППУРС (ЦÆППОРСÆ). Бæрæгбон хæссы, фыдæлтæ Ног азы размæ сæ мæрдтæ номыл æхсæз къуырийы - цыппор боны - цы мархо дардтой, уый ном, мæй дæр уый ном хæссы. Абон та ком дарынц æрмæст дыууæ къуырийы, сæ ком тауадзынц цыппурсы ’хсæв. Райдайы, Ног азæй иу къуыри куы рацæуы, уæд - æвдæм бон. Цыппурсы иумæйаг куывдтæ нæ чындæуы, уымæн æмæ нымад у бинонты бæрæгбоныл. Бæрæгбонæн йе ’хсæвы, фылдæр хатт йæ боны, алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбо- ны фынгæвæрд, ома, æппынкъаддæр æртæ чъирийы, фыдызгъæл æмæ нуæзт. Йæ амал кæмæн куыд амоны, афтæ йæ фæбæрæг кæны, кусарт дæр акæнынц иуæй-иутæ, æмæ уæд хæстæг сыхæгты æрбахонынц. Цыппурсы адæм кæрæдзимæ фæдарынц уæлдай хæлар цæстæнгас, вæййынц бæрæгбонхуыз, хъæлдзæг. Уæлдай райдзастдæр æмæ хъæл- дзæгдæр вæййынц фæсивæд. Алчи дæр дзы бацархайы йæ дуармæ уыцы ’хсæв арт скæныныл. Рагацау бацæттæ кæнынц хус хæтæлтæ, хъæмп, сындзытæ, тоблахътæ, къæр-къæр куыд кæной, афтæ. Уыцы артыл, дам, басудзынц хæдзары фыдбылызтæ, бинонты тæригъæдтæ, стæй Ног азы къæсæрыл хæйрæг рухсæй тæрсгæ кæны æмæ артæй ба- хизын нæ бауæнды. Артыл фæсивæд фиуæй физонджытæ фæкæнынц, растдæр зæгъгæйæ та фиу фæсудзынц, цæмæй, дам, йæ тæфæй Хуыцау базона, адæм дзы Ног азы цы курынц, уый. Æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ кæрæдзи къухтыл хæцгæ арты алыварс фæзилынц «Сой, фиу»-гæнгæ. (Кæс XV сæргонд, 27 фиппаинаг). Сойгæнджытæ арæх вæййынц ацæргæ адæймæгтæ дæр. Зарæг куы фæвæййы, уæд та йæ ноджыдæр хъæрдæрæй зарын райдайынц, цалынмæ сын, кæй арты раз сой кæнынц, уыдон «æгъдау» рахæссой, 112
БÆРÆГБÆТТÆ уæдмæ. «Æгъдау»-ы та вæййы: æртæ уæлибæхы, физонæг кæнæ æндæр исты фыдызгъæл æмæ бæгæны. Сойгæнджытæ карджын адæм куы вæййынц, уæд сын карз нозт дæр рахæссынц. Кæстæр кары сывæллæт- тæн байуарынц адджинæгтæ æмæ дыргътæ. Арт куы ’рмынæг вæййы, уæд йæ сæрты фæкæнынц гæппытæ. Чи агæпп кæны, уый фæзæгъы: «Мæ тæригъæдтæ, мæ фыдбылызтæ дæуау басудзæнт!» кæнæ «Мæ тæригъæдтæ - демæ!» Саразынц æндæр хъæзтытæ дæр, алыхуызон ерыстæ дзоныгътæ æмæ къахдзоныгътыл бырынæй, годзы къæхтыл цæуынæй, митыл хъæбысæй хæцынæй æмæ æнд. Цæвиттон, адæм иууылдæр фæар- хайынц хъæлдзæг уæвыныл, кæстæрæй, хистæрæй сывæллоны онг. Дыккаг бон сыхбæстæй кæрæдзимæ чи фæцæуы, уыдон семæ бахæссынц хоры нæмгуытæ, йе та лыстæг æхца æмæ сæ бæсты хайыл арфæтимæ байтауынц. 3. ХÆЙРÆДЖЫТЫ ’ХСÆВ. Хонынц ма йæ дæлимонты ’хсæв, æв- диудар æхсæв, дзинкъуырты ’хсæв æмæ æнæзæгъинæгты ’хсæв дæр. Кæнынц æй Цыппурсæй Ногбоны ’хсæн æртыццæг æхсæв. Скæнынц дыууæ кæрдзыны (чъирийы) æмæ дыууæдзыхон гуыл (соти) хæй- рæджыты кæстæр сывæллонæн, аргæвдынц сау карк кæнæ сæныкк (йæ амал кæмæн куыд вæййы, афтæ). Каркæн дæр æмæ сæныккæн дæр йе стæг кардæй кæнæ æндæр цыргъагæй лыг нæ чындæуы, цыргъагæй хæйрæг тæрсгæ кæны. Фынгæвæрд скæнынц æмæ йæ карз нозтæй, дæ- лимонтæй хæдзармæ бар чи дары, уыдонæн ныххæлар кæнынц, Хуы- цау, зæдтæ æмæ дауджыты кой не скæнгæйæ. Хæйрæджыты ’хсæв фын- гыл кард æмæ цæхх не ’вæрдæуы. В а р и а н т: «Дæлимонæй, уселимонсей, ацы бынаты не ’мдзсерин чи у, бинонтсем бар чи дары, мсенсе ацы дыуусе ксердзыны уыдонсен хселар уæнт! Хседза- ры бинонтсе усе ницы хъыгдарынц, сæ фселлой, ссе иссей уын афойнадыл хай ксенынц, семсе, усе хорзсехсей, фыд сын ма раксенут! Ацы бынсеттсе нын иумсейаг сты семæ нын дзы цы фарн ис, уыйусе цсест бауарзсед!» (Æвдайаздзыд Æхболæтты Чабæйы ныхæстæ, 1948 аз). Уый фæстæ рухс ахуыссын кæнынц, кæрдтæ æмæ æндæр цыр- гъæгтæ бафснайынц (рухсæй дæр хæйрæджытæ тæрсгæ кæнынц), фынг арæзтæй ныууадзынц, бинонтæ сæхæдæг æддæмæ кæнæ æндæр 8 Родники благородства 113
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ уатмæ ацæуынц. Цасдæр рæстæг куы рацæуы (10-15 минуты), уæд фæстæмæ бацæуынц хæдзармæ æмæ фæминас кæнынц. Рæгъытæ æмæ гаджидæуттæ нæ уагъдæуы. Уыцы ’хсæвы фынгæвæрдæй æддагонæн нæ лæвæрдæуы. Хæринæгты уæлдæйттæ, кусарты туг, стджытæ, бум- булитæ, дзидза æмæ хойраджы хауæццæгтæ баныгæнынц, цæмæй сæ мачи æмæ мацы фæхъæстæ уа, уый тыххæй. Хæйрæджыты ’хсæв æмæ Бынатыхицауы бæрæгбон кæд цæмæй- дæрты æмхуызон сты, уæддæр сæ мидис иу нæу. Хæйрæджытæн афæдз иу хатт кæнынц бæрæгбон. Бынатыхицауæн та - цалдæр куывды æр- тыгай кæрдзынтæй. (Кæс дæлсæргонд «Бынатыхицауы бæрæгбон»). Хæйрæджыты ’хсæвæн нывонд ныббæтты сылгоймаг-æфсин, хæ- дзары нæлгоймаг хистæр куынæ вæййы, уæд сæ хæлар фæкæны æфсин йæхæдæг. 4. НОГБОН (АНЗИСÆР) - æппæт ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Кæнынц æй тъæнджы мæйы цыппæрдæсæм бон ног нымадæй. Бирæ цæмæйдæрты Ногбон у Ног азы бæрæгбоны хуызæн, куыд азы райди- ан, афтæ. Фæлæ йæ ирон адæм куыд кæнынц, афтæмæй йын ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ æмæ хицæндзинæдтæ. Ирон адæмæн сæ иннæ бæрæгбæттæ куыд райдайынц, афтæ Ногбоны бæрæгбон дæр райдайы йе ’хсæвы, ома тъæнджы мæйы æртындæсæм бон куы баизæр вæййы, уæд. Уыцы ’хсæв алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд, фылдæр куы ницы уа, уæддæр æнæмæнг æртæ кæрдзыны æмæ цæхх. Йæ фадат кæмæн куыд амона, афтæ скæнынц алыхуызон хæринæгтæ хыс- сæйæ, фыдызгъæлæй, халсартæ æмæ адджинæгтæй скæнынц рæсугъд фынгæвæрд, кусарт чи акæны, ахæмтæ дæр вæййы. Ногбон æхсæв, иннæ бæрæгбæттæй уæлдай, кувинагæн фынгтыл æрæвæрынц адджын хыс- сæйæ конд басылтæ, дедатæ (сылгоймаджы гуырыконд æвдисæг гуыл- тæ), фыркъатæ, галтæ æмæ мæргъты хуызæвдисæг нывгæндтæ. Ногбо- ны фынгыл æппæтæй ахсджиагдæр æмæ кадджындæрыл нымад вæййы æртхурон - хурæнгæс - аив чъирифыст егъау гуыдын. Æртхуронæн (дыг. æртхорон) йæ дзаджджын (гаха) канд цыхт æмæ царв нæ вæййы, бавæрынц ма дзы алыхуызон фых хоры нæмгуытæ - мæнæу, еуу, нарт- хор хъæбæрхор, хлепа, пырындз, хъæдур, балы, чисмисы æмæ æндæр дыргъты хустæ, уыдон иууылдæр сты, Хуыцауæй æмæ Хурæй хорзæхæн цы хорæрзад курынц, уыдонæн сæ символтæ. Æртхурон куы скувынц, уæд æй, бинонтæ цал сты, уал дихы акæнынц, цæмæй дзы алчидæр сахо- да, уый тыххæй. Бинонтæ дзы хъуамæ æмхуызонæй дæр фæхъæстæ уой, æддагонæн дзы нæ лæвæрдæуы, уæд афæдзы тыллæджы фарн скуынæг вæййы. 114
БÆРÆГБÆТТÆ Чидæртæ æртхуроны хонынц арты æмæ низты бардуаг - уыдон сты æнæбындур, æрымысгæ ныхæстæ. Æртхуронæн йæ ном, йæ конд (Хуыцауы хъузон - хуры æнгæс), йæ чъирифыст, йæ гаха, стæй ма йæ Ног азы къæсæрыл Хуыцауæн кæй кувынц, уыдон иууылдæр амонынц, Хуыцау адæмы цардхъомæн цы сæйрагдæр фæрæзтæ радта, уыдон: хур, арт, рухс, хъарм. Æртхуронæй Хуыцаумæ дæр уымæн фæкувынц, цæмæй уыцы цардыхостæ удгой- мæгтæн æнусмæ уой - хур ма баталынг уа, «арт ма бауазал уа». В а р и а н т: «Æхсæв бонæй, зымсег сæрдсей ивæг æмæ ацы Дуне сфæлдиссег иунсег кадджын Стыр Хуыцау, табу дсеусен! Табу дсе цытджындзинадсен! Абон, Ногбоны късессерыл, дунейы дзыллсе дсеумсе кувынц семсе йсе дзыхсей фарн ксемсен сха- уа, уый æмбал мах дсер фсексен! Мах дсе табугсен- джытсе стсем, ды нсе хæрзгæнæг фсеу! Табуафси, Дунедарсег, нсе ног аз нын фарн, амондимсе рауадз! Цард севселмон, сенсе зындзинседтсе никуы уыдзсен, фселсе нын нсе сабиты, нсе фсесивæды хсесты фыд- былызтсей бахиз! Афседзы дсергьы дсеусен, нсе буц Хуыцау, куывд- ты дсе цытджын ном арынхъом куыд усем, ахæм хорз нын раксен! Табу дсехицсен, табу де стырдзи- надсен! О Иры сергом зсед - тсехгсе-нсергсе Уастырджи - табу дсехицсен! Нсе цард, нсе хъуыддсегтсе фыдсей- бындурмсе дсеуыл фседзсехссем, семсе, дсе хорзсехсей, дсе къух ныл макуы сис! Ацы Ног азы къæсæрыл нсе кæстсерты хъуыдытсе семсе фсендтсе дсе бæрны кæнæм, æмæ сын уæлахиздзинад ратт! Хæсты фыдбылыз, хæсты артæй нын сæ бахиз! Нæ бæлц- цæттæ де уазæг уæнт! Дæ сызгъæрин къабазы бын сæрæсугъд фæндæгтыл уадз! Табуафси! Сызгъæрин тæбæгъты дын фæкуывдæуæд, Ма- дызæд (Мады-Майрæм)! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Нæ саби, нæ сылыстæг дæуыл фæдзæхсæм æмæ сыл, дæ хорзæхæй, аудæгу! Нæ ног аз нын сабиджын æмæ кæхцарæх фæкæн! Нæ саби- тыуæнджы нын æвæлмас æмæ æнæниздзинад ныф- фидар кæн! Мадæлтæй алкæй дæр нæлгоймаджы узæлд æмæ ныййарæджы цинæй бафсад! Иры дзыл- 115
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ лæйы севæд æмæ фыдвæдæй бахиз! Ныййарæг йæ хъæбулы фæстаг бон куыд никуы фена, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн, гпабу дæ сыгъдæгдзи- надæн! Бæрзонд Арвуацилла, арвы хорзæхтæй нæ хайджын фæкæн! Арвы фыдбылызтæй та нæ хизгæ бакæн! Дæ рæдаудзинад нын нæ удты фæл- лойæн ма бавгъау кæн! Хоры хорзæхæй нæ бафсад! Табу дæхицæн! Нæ зæрдæхæлар Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы бынаты фарн макуы бавзийæд. Бынатмæ фыдæх, фыдбылыз æмæ фыдгул макуы ’рбауадз! Мидæмæ цæуæг - амонд хæссæг, æддæмæ цæуæг - фæндарастгæнæг! Артдзæсты уæздан Сафа, табу дын уæд! Хæ- дзары бинонтæн дæ артдзæсты фарнæй хай кæн! Кæрæдзийæн уарзон, барон куыд уой, ахæм хорз сын ракæн! Фæлвæра, Реком, табу уæхицæн уæд! Уæхорзæх- тæй цины хъуыддæгтæ æмæ куывдтæ куыд кæнæм, ахæм арфæ нын ракæнут! Ног азы нæ фос - нæ ис сымахыл фæдзæхсæм, табуафси! Бæркад хæссæг, фыдбылыз сафæг авд-авд Мы- калгабыры, сымахæн дæр æхцон уæд! Нæ бæркад, нæ бæрæчет нæ стонгæй бахизæд! Нæ гон, нæ хæл- цыстон нын уæле хъаугæ, бынæй ахадгæ фæкæнут! Зæдтæ, дауджытæй афтæ чи зæгъа: «Уыцы ног- боны фынгыл мæ ном куы ссардтаиккой, уæд æр- гом ахъаз бакодтаин», уымæн дæр - табу! Дуне сфæлдисæг Хуыцау, ацы сыгъдæг кувинæг- ты руаджы фыдæлтæ дæуæй цы фарн æмæ цы хорздзинæдтæ куырдтой, мах дæр дæ гъе уы- дон курæм æмæ, дæ хорзæхæй, æвгъау нын сæ ма бакæн. Табу дæхицæн! Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ, ацы фынгыл уæ лæвар бæркæдтæ сты, æмæ сæ фенут, барст уын уæнт. Дунескæнæг Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ, ацы фынджы фарнæй нæ хайджын фæкæнут, йæ бæр- кад, йæ бæрæчет та уын барст уæд! 116
БÆРÆГБÆТТÆ Не сфæядисæг Хуыцау, кæд Иры дзыллæ дæразы истæмæй азимаг сты, уæд сын, дæ хорзæхæй, ба- хатыр кæн! Табу дæхицæн!» Ногбон дæр Ног азы хуызæн нымад у бинонты бæрæгбоныл, уымæ гæсгæ, цы кувинæгтæ скæнынц, уыдон скувы бинонты хистæр йæхæдæг. Кæд æмæ бинонтæ кусарт акæнынц, уæд хæстæг сыхбæстæй искæмæты фæдзурынц, æрбахонынц сæ æмæ уыдонимæ иумæ ску- вынц. Ногбоны куывдæуы Стыр Хуыцаумæ æмæ æппæт зæдтæ æмæ дауджытæм, ома, чындæуы стыр скуывд. Ногбоны ’хсæв-иу нæ фыдæлтæ артдзæстыл бавæрдтой стыр къо- дах райсомы хурыскастмæ - ногбонмæ чи сыгъдаид, ахæм (кæс сæр- гонд «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис»). Ногбоны уæлибондзинад канд фынгæвæрдæй нæ вæййы, фæлæ ма хистæртæ бацархайынц, бинонтæй, сыхбæстæй алчи дæр хъæлдзæг æмæ зæрдæрухс цæмæй уа, ууыл. Уынгты æмæ кæртыты скæнынц æртытæ æмæ «Сой, фиу» фæкæнынц (кæс дæлсæргонд «Цыппурс»), донбылтыл æмæ уырдгуытыл дон ныссæлын кæнынц дзоныгътæ уа- дзынæн. Иуæй-иу хъæуты лæгъз ран скæнынц, «Долапи» кæй хонынц, ахæм дзоныгътыл зилгæбырдгæнæн (карусель). «Долапи» скæнынæн хъæуы уæрдоны сæмæн, йæ иу кæрон - цалх, афтæмæй йæ ныссадзынц зæххы (цалх уæлæрдæм). Цалхыл бафидар кæнынц даргъ хъил, хъи- лы иннæ кæроныл бабæттынц дзоныгъ, дзоныгъы сбадынц цалдæрæй, дыууæ-æртæ лæгæй та хъилыл рæбыноз æрхæцынц æмæ дзы цалх йæ сæмæны алыварс тыхджын æрзилын кæнынц, дзоныгъы бадджытæ зилгæ-зилын митыл куыд атулой (ахауой), афтæ. Уыцы ’хсæв фæсивæд мæнгцæсгæмтты фæзилынц хæдзæрттыл, фыццаг хæдзары дуармæ кæнæ кæрты æрлæууынц æмæ азарынц «хæд- заронты» зарæг (кæс XV сæргонд 28 фиппаинаг). Фылдæр хатт уый вæййы Къостайы «Нæуæгбонты зарæг», æрмæст ма йæм базард: «Ой, уæрæйдæ-ой!» бафтауынц. Уый фæстæ райдайынц алыхуызон кæф- тытæ æмæ айуандзинæдтæ, цалынмæ сын «æгъдау» рахæссынц, уæдмæ (кæс дæлсæргонд «Цыппурс»). «Æгъдауæй» Хуыцауы ном цыбырæй ссарынц, алчидæр дзы саходы, стæй, сæ фысымтæн арфæ ракæнгæйæ, æмæ заргæ ацæуынц дарддæр. В а р и а н т : «Ног аз уын ног хæрзтæ ракæнæд! Царды хорз ногдзинæдтæй хайджын ут! Ног азы фыдбылызæй хызт ут!» Кæнæ: «Ног азуын фарн, амонд æрхæссæд. Уæ низтæ, уæ фыдбылызтæ Ногбоны къодахау фæнык фестæнт!» 117
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Райсомы хур куы скæсы, уæд сыхбæстæ æмæ хионтæ кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæ кæнынмæ. Семæ ахæссынц хоры нæмгуытæ кæнæ лыстæг æхцатæ æмæ сæ, арфæ кæмæн ракæнынц, уый хæдзары пъолыл байтауынц. Хионтæ кæрæдзимæ дард куы фæцæрынц, уæд кæрæдзий- æн Ногбоны арфæтæ фæкæнынц телефонæй кæнæ телеграммæтæй. Ногбоны агъоммæ алы хæдзары бинонтæ дæр фæархайынц, хæс кæмæй фæдарынц, уыдонæн æй бафидыныл, азымджын кæмæй сты, уыдонæй хатыр ракурыныл æмæ бафидауыныл. Ногбонмæ бæтгæмæ, кæд гæнæн ис, уæд ницы истæуы, искæйы дзаума хæдзары нæ уагъдæуы, хи дзаума та искæмæ нæ уагъдæуы. Бæлвырд бафснайынц бæстыхæйттæ, бази- лынц æмæ сцалцæг кæнынц хæдзары дзауматæ. Адæм Ногбоны кæрæдзимæ уæлдай хæлар цæстæнгас да- рынц, кæнынц узæлгæ лæгъз ныхас, хиуылхæцгæ митæ, æвдисынц зæрдæхæлардзинад æмæ рæдаудзинад. Бинонтæй рох нæ вæййынц сæ мæрдтæ дæр. Ногбоны хурыскас- тимæ хæдзары хицау кæрты кæнæ хæдзары дуармæ дыууæ чысыл хъæмпы тъыфылæй арт скæны æмæ фæзæгъы: «Рухсаг ут, нæ мæрд- тæ, дзæнæты бадут! Уæ зынджы хай макуы ахуыссæд!» Уыцы арты раз «Сой», стæй фынгæвæрдтæ нæ чындæуы. 5. АМОНДКУРÆН ÆХСÆВ (ЧЫЗДЖЫТЫ ’ХСÆВ) Кæнынц æй Ногбоны (тъæнджы мæйы 14-æм бон), куы баизæр вæййы, уæд. Би- нонты ’хсæн чызджытæ цал вæййы, уалæн скæнынц фæйнæ æртæ хæрз чысыл уæлибæхы (æртæдзыхон гуылтæ) æмæ сын сæ мад кæнæ фыды мад скувы -Хуыцау æмæ Мады-Майрæммæ батабу кæны. В а р и а н т: «О нсе бæрзонд Хуыцау, о сыгъдсег Мадызæд (Ма- ды-Майрæм)у табу! Табу уын уæд! Мсенсе адон сы- махмсе кувгæйæ мæгуырсей схастон семсе, табуаф- си, усе хорзæхæй, амондджын ссе фсексенут гъе ныр! Апчи дсер ссе æнæнизæй, сенсе фыдбылызæй, сенæхудинагæй куыд бахъомыл уа, ахæм хорз сын ракæнут! Кæд уæ цуры истæмæй сæргуыбыраг стЫу уæд сын æй, табуафси, ныххатыр кæнут! Алкæмæн дæр сæ амонд ссарын афон у, æмæ хорз амæндтæ куыд ссарой, ахæм арфæ дæр сын ракæнут! Табу, табу уæхицæн!» (Æвдайаздзыд Хæуытаты Аминæты ныхæстæ, 1969 аз.) Мад куы скувы, уæд чызджытæй алчидæр, йæхи гуылтæй æмæ бæгæныйæ саходы. Уыцы ’хсæв чызджытæ хъазгæмхасæнты сæ базты 118
БÆРÆГБÆТТÆ бын бакæнынц сæ дзабыртæ, ома, дам, уæд фыны йæ мойаджы фены. Уыцы изæр æмæ дыккаг бон бинонтæ чызджытыл уæлдай æнувыд- дæр вæййынц, зæрдæлхæнæнтæ æмæ сын кæстæриуæг фæкæнынц. 6. ДОНЫСКЪÆФÆН. Ирон адæмæн у иумæйаг, кæнынц æй æрвы- лаз 19-æм январы ног нымадæй. Ома Чырыстон аргъуыды бон - «Кре- щение»-йы бон, у Чырыстон динæй райсгæ. Иры фыдæлтæ йæ кодтой сæхи кæнонтæм гæсгæ, бастой йæ Ногбоны бæрæгбæттимæ. Уыцы бон-иу сæударæй, хæдзары бинонты кæстæр сылгоймæгтæй исчи ацыд донисæнуатмæ, йемæ-иу ахаста Ногбоны басылтæй иу, ар- мыдзаг алыхуызон хоры нæмгуытæ æмæ донгарз. Куыддæр-иу хур скаст, афтæ-иу басылы сæр æмæ хоры нæмгуытæ доны баппæрста, стæй-иу скуывта йæхинымæр: «Хуыцау, табу дæхицæн, дæ хорзæхæй, донхъуаг нæ макуы фæкæн, йæ фыдбылызæй та нæ хизгæ бакæн». Уыцы митæн сæ рагбавæрд нысан - сæ символикæйы мидис уыдис Хуыцауæй ног азы би- нонтæн æмæ азы тыллæгæн доны хорзæх ракурын, сæууон дон та Хуыца- уы комытæфдзыд фæкæнын. Уый фæстæ-иу дон систа æмæ-иу æй рæвдз - скъæфæгау хæдзармæ бахаста. Дон скъæфæгау кæй хаста, уыйадыл бæрæгбон рахуыдтой Донскъæфæн. Скъæфæгау та йæ кодтой, цæмæй уыцы æвдадзы хосау сæууон дон тагъддæр сатæгæй æмæ йæ уæлфæдзæхстонад сыгъдæгæй би- нонтæм бахæццæ уа, уый тыххæй. Бинонтæй алчидæр хъуамæ йæ цæсгом æрæнхъæвзтаид уыцы донæй, сахуыстаид дзы æмæ фæдзæхсæн басылæй фæхъæстæ уыдаид. Уыцы донæй-иу чысыл бапырх кодтой хордоныл, къутуйыл æмæ бæстыхайы къæсæрыл, кæнæ кулдуарыл. Уыйфæстæ - æфсин, уыцы фæдзæхсæн донæй кодта бæрæгбоны æртæ кæрдзыны æмæ сæ хæдзары хицау куывта Стыр Хуыцаумæ, ардта Уацилла æмæ Донбеттыры нæмттæ, гъе стæй-иу бинонтæ фынгыл æр- бадтысты æмæ минас кодтой. Нæ рæстæджы, кæд дон дардæй скъæфын нал хъæуы, уæддæр бæрæг- боны иннæ кæнонтæ адæмæй ферох сты æмæ сæ бирæтæ кæнгæ дæр нал кæнынц. 7. ФÆЦБАДÆНТÆ (ФАЦБАДÆН). Бæрæгбон райдайы Бадæнты фæстæ дыккаг хуыцауæхсæв æмæ ахæссы фондз боны дæргъы. Бæрæг æй кæнынц æрмæстдæр Дыгургомæй рацæугæ мыггæгтæ. Фондз бонæй бинонтæ иу равзарынц, сцæттæ кæнынц кувинæгтæ æмæ алыхуызон бæркæдтæ æмæ нуазинæгтæ, аргæвдынц хæдзарон мæргътæ, иуæй-иу бинонтæ кусарт дæр акæнынц, æрбахонынц хæстæг сыхбæсты æмæ 119
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мады-Майрæммæ æмæ Алардымæ. Фæц- бадæнты рæстæджы быдырон куыстытæ ничи кæны, хæцæнгарз йæ къухмæ ничи исы - нæ фæтчы. Фыдæлтæй цы фæтк баззад, уымæ гæсгæ рынчын чидæриддæр вæййы, уымæн хионтæ, сыхбæстæ фæкæ- нынц лæвæрттæ, кусарт чи акæны, уыдон та йын арвитынц хай («Фæс- тинонгæнæггаг»). Фæцбадæнты фæстаг бон (цыппæрæмы) сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц иумæйаг куывд. Бæрæгбоны хъæубæстæй балцы нæ цыдæуы, уазæг нæ уагъдæуы. 8. КОМАХСÆН. У æппæт ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон. Бæрæг- бон райдайы Ногбоны фæстæ æстæм къуырисæры æмæ ахæссы дыууæ къуырийы, суанг комбæттæн Хуыцаубонмæ. Комахсæн иуæй-иу хатт райдайы дыууæ къуырийы раздæр - мæй Ногбоны фæстæ куы сног вæййы, уæд. Комахсæнæн йæ фыццаг къуыри хонынц Фыдыкомбæт- тæн, дыккаг та - Урсы къуыри. Комахсæнæн йæ нысаниуæг у Мархо да- рынмæ адæймагæн йæхи бацæттæ кæнын, уымæн æмæ авд къуырийы дæргъы марходарыны уагæвæрдтæ æххæст кæнын æнцон нæу. А. ФЫДЫКОМБÆТТÆН. Бæрæгбон райдайы хуыцаубоны изæрæй. Уыцы изæр алы хæдзары дæр æрцæттæ кæнынц дзаджджын фынгтæ. Раджы заманы нæ фыдæлтæ уыцы хуыцаубоны кодтой стур кусæрттæ, стур кæмæ нæ уыди, уыдон та-иу фыстæ аргæвстой. Уымæн рахуыдтой уыцы бон «Галæргæвдæн хуыцаубон». Цæмæй мархо даргæйæ зæдтæ æмæ дауджытæ адæммæ зæрдæхæлар цæстæнгас дарой, ма сæм фæ- фыдæх уой, уый тыххæй сæ тызмæгдæртæн кодтой сæрмагонд фынг- æвæрдтæ æмæ сын табу кодтой, хурыскастæй хурныгуылдмæ та сæ номыл ком дардтой. Хæринаг нæ хордтой Къуырисæры - Алардыйы номыл комдарæн, дыццæджы - Уастырджийы номарæн бæрæгбон, цыппæрæмы - Мыкалгабырты бæрæгбон, майрæмбоны - Мадызæды (Мады-Майрæмы) бæрæгбон. Сабаты райсомæй изæрмæ ком фæда- рынц мæрдты удыбæстæн. Раджы дæр æмæ ныр дæр комахсæны фыц- цаг къуыри нымад уыди æмæ у фыдызгъæлхæрæн къуырийыл, ома, алы хæрдæн дæр фынгтыл парахатæй æрæвæрынц дзидза æмæ дзи- дзайæ конд алыхуызон хæринæгтæ. Комахсæны фыццаг къуырийы дæргъы хионтæ æмæ сыхбæстæ кæрæдзимæ афтæ æнгом вæййынц, æмæ æнæхъæн бинонтæй кæрæ- дзимæ уазæгуаты фæцæуынц, иумæты сæ бæрæгбон фервитынц. Уыцы бонты сыхаджы не ’рбахонын нымад у худинагыл. Цæмæй сывæллæттæ дæр æфсæст æмæ хъæлдзæг уой, уый тыххæй сын хистæртæ æрхъуыды кæнынц сæрмагонд боны фæтк. Сæйрагдæр вæййынц сыгъдæг уæлдæ- фы (уынджы) хъæлдзæг хъæзтытæ æмæ ерыстæ. 120
БÆРÆГБÆТТÆ Б. УРСЫ КЪУЫРИ - ЦÆРВТÆХÆРÆН. Урсы къуыри дæр у мархо дарынмæ цæттæгæнæн къуыри. Йæ номæй бæрæг у, Комахсæны фыц- цаг къуырийæ хъауджыдæр ацы къуырийы фынгтæм фылдæр урсагæй конд хæринæгтæ кæй хæсдзысты, уый. Урсы къуыри райдайы чырыстон Стыр комбæттæны хæдразмæ къуырисæрæхсæв æмæ ахæссы суанг хуыцаубонмæ - комбæттæн æх- сæвмæ. Къуырисæрæхсæв ком дарынмæ чи фæцæттæ кæны, уыдонæн æрæвæрынц дзаджджын фынгтæ, фынджы бæркæдтæ фылдæр конд вæййынц урсагæй. Æртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцаумæ æмæ Алардымæ. Дыккаг бон Алардыйы номыл ком фæдарынц (хæринаг нæ хæрынц) хурныгуыл- дмæ, стæй сæ ком суадзынц. Урсы къуырийы иннæ бæрæгбæттæй хъа- уджыдæр фынгтæм кувинагæн рахæссынц æртæ кæрдзынимæ дзыкка æмæ царв. Нæ фыдæлтæм Комахсæны бæрæгбæттæ нымад уыдысты æппæтæй хъæлдзæгдæр æмæ райдзастдæртыл. Адæм сæ рæстæг фылдæр æрвыстой уынгты - хъæлдзæг хъæзтыты. Хъыгагæн, уыцы райдзаст бæрæгбæттæ ирон адæмæй бирæтæ нал кæнынц. Комахсæны бæрæгбæттæ ныр дæр адæмæй рох нæма сты æмæ сæм се ’ргом здахынц. Адæм уæд вæййынц уæлдай зæрдæхæлар, раздæр кæрæдзиимæ хъаугъа чи фæкæны, уыдон дæр бафидауынц. Алы адæймаг дæр бацархайы, цæмæй йыл мархойы къуыритæ удсыгъдæгæй ахицæн уой, ууыл. Гæнæн æмæ амал куы вæййы, уæд хæцæнгарз йæ къухмæ ничи исы, скуынæг кæнынц уыцы бонты, цыр- гъаг кæм хъæуы къухмæ райсын, уыцы куыстытæ. Кусарт дæр нæ чын- дæуы. Урсы къуыри нымад у бинонты бæрæгбоныл, уымæ гæсгæ æцæ- гæлон адæм кæрæдзимæ æнæ исты ахсджиаг хъуыддагæй нæ цæуынц. Мархо дарынмæ комдарæг йæхи фæцæттæ кæны дыууæ хуызы: фыццаг - хæлцæй йæхимæ базилы, цæмæй 5-7 къуырийы дæргъы йæ хъару марходарыны фаг уа, уый охыл; дыккаг - йæ ком, ахсæн æмæ миддуне ссыгъдæг кæны Хуыцауы ко- мытæф райсынмæ, ома, йæ уд æмæ буар сыгъдæг кæнын райдайы йæ дзых æмæ йæ ахсæнæй. Бæрæгбоны ном дæр дзурæг у ууыл, æрмæст дзырд ахсæн (хуылфыдзаума) уыцы номмæ ницы бар дары. 9. КОМБÆТТÆН. Комбæттæнæн йæ ном дзурæг у йæ мидисыл, ома, мархойы хæринæгтæн ком бабæттын - дзых бахгæнын (нæ сæ хæрын). Бæрæгбон райдайы Урсы къуырийы хæдфæстæ хуыцаубоны изæрæй (къуырисæр æхсæв). Алы хæдзары дæр æрæвæрынц бæркадджын бæрæгбоны фынгæвæрдтæ. Фынгтыл æртæ кæрдзыны æмæ нозтæй уæлдай вæййынц сойджын хæринæгтæ: дзидза, цыхт, царв, дзыкка 121
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ æмæ ’хсыр. Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Мады-Майрæм- мæ, Уацилламæ æмæ Чырыстимæ. Дыккаг бон хурыскастимæ райдайы марходарæн æмæ ахæссы суанг Куадзæнмæ. Мархо ирон адæм дарынц незамантæй нырмæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл. Марходарынæн ис цалдæр нысаниуæджы: Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл иузæрдиондзинад равдисын, сæ зæрдæтæ сын балхæнын, цæмæй сæ хæрзтæ адæмæн æвгъау ма бакæной; Хуыцауæй удыбæстæ ракурыны охыл, ома мæрдты хорз удыбæстæйы аккаг уæ- выны охыл удæй æмæ буарæй хи ссыгъдæг кæнын, тæригъæдтæй æмæ дæлимонты тæфагæй хи аиппæрд кæнын. Ирон адæмæн мархо дарын чырыстон динæй райсгæ нæу, баззад сын сæ рагфыдæлтæй, фæлæ сæ кæнонтæ сты дыгъуызон. 10. ТУТЫРЫ (ТОТУРИ) БÆРÆГБОН - СТЫР ТУТЫРТÆ. Бæрæгбон нæ фыдæлтæ кодтой Комбæттæны фæстæ Мархойы фыццаг бон къуырисæры. Хурыскастæй фæссихормæ Тутыры номыл дардтой ком, нæ хордтой æмæ нæ нызтой. Хурныгуылды размæ та йын кодтой фынгæвæрд мархойы хæринæгтæй (æртæ чъирийы æнæ сой æмæ æнæ урсаджы хъæстæйæ). Куывтой Хуыцаумæ, Уастырджимæ æмæ Тутырмæ. Тутырæй куырдтой канд фосы æнæниздзинад æмæ æнæхъæндзинад нæ, фæлæ ма æндæр хорздзинæдтæ дæр, уымæн æмæ Тутырæн Хуыцау æмæ зæдтимæ хорз ахастдзинæдтæ ис æмæ йæ бон у уыдонæй кувæг адæмæн хорздзинæдтæ ракурын. Нæ рæстæджы адæм- мæ бирæ фос кæй нал ис æмæ тугдзых сырдтæ кæй скуынæг сты, уымæ гæсгæ бæрæгбон стæмтæй фæстæмæ ничиуал кæны, фæлæ фосы куыст чи кæны, уыдонæй бæрæгбон скæнын рох никуы вæййы. 11. СЫЛГОЙМÆГТЫ ÆППÆТДУНЕОН, БОН. Кæнынц æй тæр- гæйтты мæйы 8 бон, хонынц ма йæ 8-æм Мартъийы бæрæгбон. У хъæл- дзæг фæлладуадзæн бон, стæй фыццаг уалдзыгон бæрæгбон. Уыцы бон Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувыны хæс никæуыл ис, фæлæ æртæ хæбизджынæй сылгоймæгты цардамондæн Хуыцау æмæ Мады- зæдмæ (Мады-Майрæммæ) бакувын аипп нæу, уымæ гæсгæ сæм фыл- дæр ирон бинонтæ кувынц. Уыцы бон сылгоймæгтæн нæлгоймæгтæ арфæтæ фæкæнынц æмæ сын саккаг кæнынц дидинджытæ, лæвæрттæ æмæ æндæр ахæм зæрдæлхæнæнтæ. Æстæм мартъийы бæрæгбон ирон адæм фæстаг азты бæрæг кæнынц тынг зæрдиагæй. Уыцы бон нæлгой- мæгтæн уæлдай буцгæнинагдæр вæййынц сæ ныййарджытæ. Лæвар скæнын кæй бон нæ вæййы, уый йæ зæрдæйы уаг равдисы йæ дзыхы ныхасæй. Уый аипп нæу, аипп у æнæрхъуыдыдзинад. 122
БÆРЕГБÆТТÆ Уыцы бон сылгоймæгтæй ажæмæ дæр равдисынц барондзинад æмæ зæрдæхæлардзинад. 12. РÆСТÆЙЫ БОН. Ныщ у сылгоймæгты бæрæгбоныл, кæ- нынц æй Комбæттæны æмæ Т)шры бæрæгбоны фæстæ цыппæрæмы. Нæ фыдæлтæм ацы бæрæгбоншнг кадджын уыдис, фæлæ ныр, кæд йæ ахадындзинад къаддæр нæу.тееддæр æм зæрдиаг цæстдард нал ис. Кæддæрау стыр куывдтæ ничиш кæны, фæлæ чызджытæ æмæ зæнæг- гæнæг кары чындзытæ цы хæдзары ис, уыцы бинонтæ скæнынц æртæ кæрдзыны, фынгтыл æрæвæршц алыхуызон мархойы хæринæгтæ æмæ кæсæгтæ, æрбахонынц шбæсты карджын сылгоймæгты æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ Сæрызæдмæ, курынц сæ хæдзары сылгоймæгтæн фарн æмæ амонд, батабу кæнынц Мадызæдмæ, шемæй конд æмæ уынд радта æвзонг чызджытæн, хорз амонд - чындоон чызджытæн, бирæ æмæ æнæниз цот - чындзытæн, рæстмæйы хьуыддаг æнхъæлцау устытæн (æнхъæл- цау сылгоймæгтæн ма уымæй шщай скæнынц сæрмагонд «Рæстæйы куывд» - кæс сæргонд «Сывæлш»). 13. ХОРЫ БОН - ХОР-ХОЕ1ць1 бæрæгбон ма хонынц «Хуымидай- æн», ома, хуым кæнын райдашы бон, «Рæмонбон», «Ныфсæвæрæн бон». Кæнынц æй, Комбæттæнæй къуыри куы рацæуы, уый фæстæ дыццæджы. Иуæй-иу хъæуты оæрæгбон кодтой, астæу мархойы-иу нæлгоймæгтæ сæ ком куы суаггой, уæд æмæ-иу фынгтыл фыдызгъæл дæр æрæвæрдтой. Иуæй-иу хшты бæрæгбон кодтой фæззæджы дæр, анауылигæнæнты размæ. Бæр^бон райдайы къуырисæры изæрæй (дыццæгæхсæв), уæд алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд мархойы хæринæгтæй, бинонш хистæр йæхæдæг скувы, стæй би- нонтæ фæминас кæнынц. Дыцищжы та вæййы сыхы куывд, раджы йæ кодтой къусбарæй, нæ рæстæдм йын йæ фæтк фендæрхуызон кодтой. Сыхы уынаффæмæ гæсг#2-3 къуырийы раздæр Хоры фысым сыхбæстæйæ æрæмбырд кæныиысайнæгтæ (афтæ сæ хонынц) æмæ уыдонæй балхæны æмæ сцæш кæны, сыхы куывдæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Стæй канд хæрд æмæ нозт нæ, фæлæ ма, алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæн цытæ хъауы, уыдон дæр - чегърейæ фæндыр- дзæгъдæджы онг. Йæ боны нысангонд рахгæгмæ сыхбæстæ стырæй, чысылæй æрæмбырд вæййынц хоры фысимы кæрты (хæдзары), хъазт скæнынц æмæ фæкафынц, фæзарынц, ст хицæнтæй сбадынц нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæфæминас кæнынц. 123
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Фынгтыл æрæвæрынц мархойы чъиритæ, ома æнæсой æмæ æнæ урсагæй, кæсæгтæ æмæ кæсагæй конд хæринæгтæ, æмыстæ, задынтæ, адджинæгтæ, дыргътæ, халсартæ, ирон бæгæны æмæ тæнæг къуымæл, стæй карз нозтытæ. Иу хоры бонæй иннæмæ сыхæгтæй сывæллæттæ кæмæн райгуыры, уый та куывдмæ æрбахæссы «хъалон» - æртæ чъирийы, кæф - уæларты кæнæ тебæйы фыхæй, бæгæны - 1-3 литры. Скувынц Хуыцаумæ, Уа- цилламæ, Уастырджимæ, Мыкалгабыртæм. Хистæрæн йæ алы куывды ныхас куы фæвæййы, кæстæртæ «оммен, Хуыцау!» куы фæзæгъынц, уæд сæ хистæр афæрсы: «Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ йын æмхъæ- лæсæй дзуапп дæттынц: «Хор! Хор! Хор!» В а р и а н т. Кувæг: Ацы рухс дуне раттæг æмæ нæ удтылхæ- цæг бæрзонд Хуыцау, табу дын уæд! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: Хоры зæд - фæрныг куырыхон Уацилла, Табу дæхицæн, дæ хорзæх махæн! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: Лæгдзинаддæттæг, уæлахизхæссæг цыт- джын Уастырджи! Д Уарм ныл макуы сис, табу, табу дын! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ? Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: Тутыр æмæ Фæлвæра, уæ хорзæхтæй нын рæдау хай бакæнут! Табу уын уæд! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: Рæдауарм Авд-авд Мыкалгабыры, æхцон уын уæд, Фыдбылызæй нæ хизут æмæ нын бæркад раттут! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ?! Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: Бынатыхицау æмæ Сафа, бинонтæ æмæ бынæттæ фæрнæйдзаг куыд уой, ахæм ахъаз 124
БÆРÆГБÆТТÆ бакæнут. Æхцон уын уæд! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Цы курут, лæппутæ? Кæстæртæ: Хор! Хор! Хор! Кувæг: О не сксенсег Хуыцау> ксед ацы сыхбсестæ дсе разы истсемсей азымджын сты, уæд сын сей баха- тыр ксен! Кæстæртæ: Оммен, Хуыцау! Кувæг: Стыр Хуыцау, Хоры Уацилла, ацы фынджы бсерсечет уæ номыл конд у семсе уын барст усед! Ксестсертсе: Оммен, Хуыцау! (Хъæдперойнаг 70-аздзыд Х^уытаты Басилы скуывд, 1957 аз). Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг авæры, иннæ аз (фи- дæны) хоры фысым чи уыдзæн, уыдоны кæстæртæй искæмæ. Нæ рæстæджы хоры фысым хæлттæ æппæрстæй нæ бæрæг кæнынц, фæлæ йæ сыхбæстæ кæнынц радæй. Æрмæст мæрдджын бинонтæм фысымы рад нæ лæвæрдæуы. Хоры бон дæр иннæ бæрæгбæтты хуызæн хистæрты хъæппæрисæй скæнынц алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ. Иннæ бæрæгбæттæй уæлдай хоры бон саразынц ерыстæ уæзæгтæ исынæй æмæ цъилæй хъазынæй (цъил тæрынæй, ома, бæрæг нысанмæ, ехсæй йæ цъил чи раздæр батæра). Зæхх ма салд куы вæййы, уæд цъилæй фæхъазынц ихыл. 14. КЪУТУГÆНÆН. Бæрæгбон кæнынц Куадзæны хæдразмæ Хуы- цаубоны. Скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд мархо хынцгæйæ. Адджын хыссæйæ сфыцынц тымбыл дзултæ, бакæсгæйæ вæййынц кауæй быд æмæ дзалайæ æмбæрзт тымбыл хохаг къутуйы æнгæс, уымæ гæсгæ сæ хонынц къутутæ. Нæ рæстæджы къутутэе кæнынц адджын хыссæйæ æмæ сæ фыцынц джиппы рæсугъддæрæн. Хистæрты таурæгътæм гæсгæ уыцы бон æрдз йæ зымæгон фынæйæ райхъал вæййы, зæхх сулæфы, æмæ сæ адæм фæкурынц уалдзæджы фарн æмæ фæззæджы бæркад. Бинонтæ, фынгтæм цы ’мбæлы, уыдон куы сцæттæ кæнынц (æртæ кæрдзыны, æртæ къутуйы, бæгæны кæнæ къуымæл, нæмыгфых хортæ: нартхор, мæнæу, хъæдур æмæ æнд.), уæд хæдзары хицау скувы Стыр Хуыцаумæ, Мыкалгабыртæм æмæ Уацил- ламæ, ракуры сæ бæркадджын фæззæджы дзаг къутутæ æмæ гонтæ. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд куывд къутутæй иу сисы, æцæг къу- туйы йæ бавæры, стæй къутуйæн йæ фарс (къул) æртæ хатты бахойы 125
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ æмæ йын арфæ ракæны: «Æбæркад макуы фæу!», кæнæ: «Уæле исгæ, бынæй ахадгæ фæу!» Уыцы бон фынгæвæрдмæ сыхбæсты нæ хуындæуы, фæлæ сыхæгтæ кæрæдзийæн фервитынц бæгæны æмæ къутутæ, стæй арфæтæ фæкæ- нынц, Уациллайы хорзæх уæ уæд, зæгъгæ. Хистæртæ сывæллæттæн бæрæгбоны саразынц алыхуызон еры- стæ, фылдæр - фатæй æхсынæй, гуда æмæ селайæ хъазынæй æмæ армхæстæй. Уæлахиздзаутæн раттынц «къутутæ» æмæ æндæр исты зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыцы бонæй фæстæмæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ бацæуынц сæ тæккæ тыфылы. 15. КУАДЗÆН (КОМУАДЗÆН) кæнынц, æхсæв бонимæ æмдæргъ куы свæййы, уыйфæстæ, мæй йæ цалхыдзаг цы хуыцаубонмæ свæййы (кæс мæйы къæлиндармæ), уыцы хуыцаубоны - чырыстон «Пасхæйы» бон. Скæнынц æртæ уæлибæхы, сфыцынц хæдзарон мæргътæй исты - карк, гогыз, бабыз кæнæ хъаз. Фынгмæ рахæссынц ахуырст æйчытæ, адджинæгтæ, халсартæ, дыргътæ, алыхуызон нозтытæ æмæ скувынц Хуыцаумæ, Уацилламæ, Мады-Майрæммæ æмæ Чырыстимæ. Чыры- стон диныл хæст чи у, уыдон ма уымæй уæлдай фæкувынц аргъуанты. Куадзæны дæр хуыйы фыд фынгмæ хæссын нæ фæтчы. Иннæ бæрæгбæттæй уæлдай Куадзæны бон хæстæджытæ æмæ къа- бæзтæ æд сывæллæттæ зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ куадзæны æйчы- тимæ кæрæдзимæ фæцæуынц æмæ кæрæдзийæн арфæтæ фæкæнынц, Чырыстийы хорзæх уæ уæд, зæгъгæ. Стæй иумæ фæбадынц æмæ фæ- минас кæнынц. Уыцы бон уæлдай бæрæгбондæр хуыз вæййынц сывæллæттæ, ный- йарджытæ. Се ’ппæтæн дæр бæрæгбоны лæварæн балхæнынц кæнæ бахуыйынц ирд хъуымацæй сæрдыгон уæлæдарæстæй истытæ, кæнæ та æххæст фæлыст. Сывæллæттæн ма уыцы бон скæнынц алыхуы- зон хъæлдзæгдзинæдтæ (хъæзтытæ, ерыстæ æмæ æндæр ахæмтæ). Чи фæуæлахиз вæййы, уымæн балæвар кæнынц ахуырст æйчытæ, кæнæ исты зæрдæлхæнæнтæ. Цæвиттон, Куадзæн свæййы сæйраг уалдзыгон райдзаст бæрæгбон. 16. ХУЫЦАУЫДЗУАРЫ БОН. Бæрæгбон вæййы Куадзæны фæстæ фыццаг цыппæрæмы. Уæлладжыры комæй рацæугæ ирæттæ бæрæгбон кæнынц Майрæмы Куадзæны фæстæ. Раджы заманы ацы бæрæгбон нымад уыдис тынг стыр æмæ ахсджиагыл, ууыл дзурæг сты йæ иннæ нæмттæ: «Стыр цыппæрæм, «Цæуæггаджы бон» - уыцы бон æртæ азы цы лæппуйыл сæххæст вæййы, уымæн фæстаг хатт бакувынц Мады- 126
БÆРÆГБÆТТÆ зæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ йæ лæгты бардуаг Уастырджийыл бафæдзæхсынц, æмæ уæдæй фæстæмæ барджын вæййы лæгты ныхас- мæ цæуынæн (кæс сæргонд «Сывæллон»). «Фæлгæсæн бон» - уымæн æмæ, дам, уыцы бон дунесфæлдисæг йæхæдæг фæфæлгæсы алы удгоймаджы уаг æмæ миниуджытæм æмæ сын, сæ удыхъæд хынцгæйæ, хорзæхтæ фæуары фидæнмæ. «Номæвæрæджы бон» - уыцы бон сывæллæттæй (лæппутæ æмæ чызджытæй) æртæ азы кæуыл сæххæст вæййы, уыдонæн сæ номæвæрджытæ æрхæссынц хуынтæ æмæ алыхуызон лæвæрттæ. Хистæртæ фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Мадызæдмæ æмæ Сæрызæдмæ, цæмæй уыдон цардамонд балæвар кæной сывæл- лæттæн æмæ сæ ныййарæг мадæлтæн. Уыцы бон адæм кæрæдзимæ вæййынц уæлдай зæрдæхæлардæр. Бæрæгбон æппæт хъæуты кæд иу рæстæджы нæ кæнынц æмæ йæ иу номæй нæ хонынц, уæддæр йæ мидис æмæ йæ ахадындзинад сты æмхуызон æмæ ахъаззаг. Хъыгагæн, уыцы стыр бæрæгбон иуæй-иу би- нонтæ нал кæнынц, фæлæ уæддæр Ирæн у иумæйаг. Алы хæдзары дæр æрцæттæ кæнынц бæрæгбоны фынг. Æртæаз- дзыд сывæллæттæ цы бинонты ’хсæн вæййы, уыдон ма уæлæмхасæн скæнынц æртæ æртæдзыхоны, гуыл æмæ физонæг сæрмагондæй сы- вæллоны номыл скувынæн. Йæ къух кæмæн фæамоны, уый кусарт дæр акæны. Уыцы бон уæлдай хъæлдзæгдæр вæййынц æртæазыккон сывæллæттæ, хистæртæ сын саразынц алыхуызон ерыстæ, хъæзтытæ æмæ æндæр хъæлдзæгдзинæдтæ. Чызджытæ ерыс фæкæнынц хуыйы- нæй æмæ уыци-уыцитæ базонынæй кæнæ агла-доглатæ дзурынæй, лæппутæ - фат æхсынæй æмæ згъорынæй. Хистæр кары фæсивæд са- разынц хъазт æмæ алыхуызон хъæлдзæгдзинæдтæ. 17. БÆЛДÆРÆН. Бæрæгбон кæнынц Куадзæны фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Йæ нысаниуæг у уалдзыгон æрдзы райхъалыл цин кæ- нын. Скæнынц алы хæдзары дæр æртæ чъирийы æмæ скувынц гом арвы бын (цæхæрадоны, хуымы, сæрвæты) Стыр Хуыцаумæ, Уастыр- джимæ, Уацилламæ, Дзиримæ, Мыкалгабыртæм. Фæкурынц сæ æрдзы æнусондзинад, дзыллæйы фарн, зæххы бæркад æмæ дунейæн сабыр- дзинад. Уыцы бон дзидзидай сывæллæттæ æмæ рынчынтæй фæстæмæ хурыскастæй хурныгуылдмæ хуыссын æмæ фынæй кæнын никæмæн æмбæлы. Уæд, дам, æрдзы фарнæй æнæхай фæвæййы. 18. АЛАРДЫЙЫ КУВÆНБОН. Вæййы Куадзæны фæстæ дыккаг къуырисæры. Кувынц æм, сывæллæттæ æмæ æрыгон чындзытæ цы 127
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ хæдзæртты вæййы, уыдон. Скæнынц æртæ чъирийы æмæ æртæ сртæ- дзыхоны, аргæвдынц хæдзарон мæргътæй исты, кæнæ уæрыкк (сау карк æмæ сау уæрыкк не ’ргæвстæуы). Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ, Алардымæ, ракурынц сæ сывæллæттæ æмæ сылгоймæг- тæн æнæниздзинад, балæгъстæ кæнынц Алардыйæн, цæмæй сæм йæ цæсгом, йе ’ргом макуы равдиса, сабитæн радта æнæниздзинад, чын- дзытæн - амондджын цот, чызджытæн та сæ фидауц ма фесафа. Алардыйы кувæндæттæм хæстæг хъæутæ йын иумæйаг куывдтæ дæр скæнынц. Алардыйы кувæнбон Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кæнынц æндæр бон, Майрæмы куадзæны фæстæ. 19. ФÆЛВÆРАЙЫ БÆРÆГБОН. Бæрæгбон кæнынц дыууæ хат- ты, фыццаг вæййы Куадзæны фæстæ дыккаг дыццæджы, хонынц ма йæ «Фистæлвынæн». Дыккаг вæййы - Майрæмыкуадзæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд - цыппæрæмы, хонынц æй «Фæсмæл- вынæн». Бæрæг æй кæнынц, æрмæстдæр фосдарыны куыст чи кæны, уыдон. Сцæттæ кæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд, скувынц Стыр Хуы- цаумæ, Фæлвæрамæ æмæ Тутырмæ. Ракурынц сæ, цæмæй уыцы аз фос бабирæ уой хæрзхаст æмæ æнæнизæй. Уыцы бон фыййæуттæн, бæх- гæстæн, хъомгæстæн ахæссынц хуынтæ, арфæтæ æмæ сын лæвæрттæ фæкæнынц. Фиййауы хуыны вæййы æртæ ’ртæдзыхоны, дзыкка кæнæ 9 айчы, къуымæлы дурын æмæ карз нозты авджы дзаг. Фыййæуттæн лæварæн нывæрынц фæсмынæй быд исты дзаумæттæ. Фæззæджы фос æлвынын афон фосыкуыстгæнджытæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц фос сæрдыгон хизæнтæм тæрынмæ. 20. КАСУТÆ - СЫЛЫСТÆДЖЫ БОН. Бæрæгбон кæнынц Куадзæ- ны фæстæ дыккаг хуыцаубоны. Раджы заманы ацы бæрæгбон кодтой æппæт ирон адæм, æмæ уыдис тынг кадджын æмæ рæсугъд. Хъыга- гæн æй абон бирæтæ нал кæнынц, чи йæ кæны, уыдон дæр æй бинонты ’хсæн ахицæн кæнынц æртæ кæрдзынæй. Касуты бон-иу алы хæдзары дæр скодтой уæлибæхтæ, дзыкка, сир, алыхуызон кастæ, аргæвстой-иу хæдзарон мæргътæй исты, уæдмæ-иу бахсыстой бæгæны. Скуывтой-иу Стыр Хуыцаумæ, Лæгтыдзуармæ, Ма- дызæдмæ (Мады-Майрæммæ) æмæ Уацилламæ. Куырдтой сæ, цæмæй хæдзарвæндаджы сылыстæг чындзæй, чызгæй иууылдæр амондджын уой, цæмæй хæдзары æфсинтæ дзагарм уой. Уыцы бон-иу скодтой хъæугуывд дæр, бадтысты дзы æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Сылгоймæг- тæ та-иу иууылдæр ацыдысты донисæн ранмæ кæнæ æндæр фæсвæд 128
БÆРÆГБÆТТÆ ранмæ - доны былмæ - æмæ-иу уым скодтой хицæн куывд. Уынаффæ- гæнæг дзы уыди разагъды хистæр сылгоймаг. Чызджытæ цы хæдзары уыди, уыдон сæ донисæнмæ æрвыста æд хуын (æртæ чъирийы, карк кæнæ æндæр исты хæдзарон маргъы фыд, дзыкка кæнæ сир, бæгæны кæнæ къуымæл, науæд сæн). Ног чындзытæ кæм уыди, уыдон-иу сæ æд хуынтæ сæхæдæг (æфсинтæ) æрбахуыдтой донисæнмæ, алы хуызы сæ æвдыстой - радзырдтой-иу æгас хъæубæсты сылгоймæгтæн, сæ чындзытæм цы хорз миниуджытæ уыдис, уыдон, æп- пæлыдысты сæ. Хистæр сылгоймæгтæ сын-иу арфæтæ кодтой, сæ хуын сын-иу райстой, зæрдиагæй сын-иу фæкуывтой Стыр Хуыцау, Мадызæд æмæ доны чызджытæм, аходинаг-иу радтой чындзæн йæхимæ, стæй- иу ын уидыгæй йæ армы тъæпæны хоры нæмгуытæ æркодтой æмæ-иу ын арфæ ракодтой: «Дæ армы цал нæмыджы ис, уал хорзы дын Хуыцау ракæнæд!» Чындз-иу донисæны раз æрлæууыд, йæхинымæр-иу скуывта Мадызæдмæ æмæ доны чызджытæм, ракуырдта-иу сæ, йæ сæйраг бæл- лицтæ цы уыдысты, уыдон, стæй-иу хоры нæмгуытæ доны бакалдта. Уыцы бон-иу сылгоймæгтæ суанг изæрмæ фæминас кодтой, фæка- фыдысты, фæзарыдысты, чысыл сывæллæтты рæвдыдтой. Чындзытæ æмæ-иу чызджытæн ерыстæ сарæзтой дарæс æмпъузынæй, æлви- сынæй, алдымбыдæй. Кафынæй фæуæлахиз уæвджытæн лæвæрдтой алыхуызон лæвæрттæ - къухмæрзæнтæ, раздарæнтæ æмæ хъазæн чындзытæ. Зæрондæй, ногæй кодтой алыхуызон хъæзтытæ суанг те- атралон равдыстыты онг. Иуæй-иу сылгоймæгтæ-иу сæ уæлæ нæлгой- маджы дарæс скодтой æмæ фæзмыдтой сылваз мойы, рæуæг сиахсы, расыггæнаг лæджы æмæ æндæрты. Уыцы бон нæлгоймæгтæ донисæнмæ хæстæг нæ цыдысты, стæй æнæуи дæр лæгтæ æнæ ахсджиаг хъуыддагæй уырдæм нæ цыдысты, уымæ гæсгæ сылгоймæгтæ сæхи дардтой уæгъдибар, фæлæ уаг æмæ æфсармы фæлгæты. Ацы бæрæгбоны митсе фыст серцыдысты 1952 азы Хсетселдоны 78-аздзыд Гусаты-Æхболсетты Чабсейы ныхсестсем гсесгсе. Касутæ ’мæ Дыгуры Осталти куывд сты тынг æмгæрон. 21. УÆЛАХИЗЫ БОН. Вæййы зæрдæвæрæны мæйы 9-æм бон. Уыцы бон бæрæг кæнынц æппæт Уæрæсе æмæ ма бирæ æндæр бæстæты цæрæг адæм. Фылдæр хæдзæртты скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд- тæ. Лæвæрттæ æмæ арфæтæ фæкæнынц хæсты архайæг ветерантæн. Фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уæлахизы бардуаг Уастырджимæ, ра- курынц сæ дзыллæйæн сабыр æмæ æнæмаст цард. Уымæй уæлдай ма фæмысынц, хæсты быдырты чи баззад, уыцы хионты æмæ къабæзты, 9 Родники благородстоа 129
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ базилынц сын сæ ингæнтæм. Фæсивæды ’хсæн Уæлахизы кадæн сара- зынц алыхуызон спортивон ерыстæ æмæ хъæзтытæ. 22. НИККОЛÆ (ХУАРЗ НИККОЛÆЙ БÆРÆГБОН). Кæнынц æй кæрдæгхæссæны мæйы фæстаг къуырийы. Раджы заманы бæрæгбон кодта Цæгат Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай. Абон ма йæ зæрдиа- гæй кæнынц æрмæстдæр Дыгургом æмæ Уæллагкомæй рацæугæ мыг- гæгтæ. Уыцы бон скæнынц иумæйаг хъæуы (сыхы) куывдтæ, уымæй уæлдай алы хæдзары дæр вæййы бинонты бæрæгбоны фынг. Иумæ- йаг куывд цы хъæуы (сыхы) вæййы, уым сфыцынц стыр гуыдын æмæ йæ хъæуы цæрджытыл байуарынц; хъуамæ дзы алчи дæр сахода æмæ уымæй йæхи Никколæйыл бафæдзæхса. Адæм фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Никколæмæ, Уацилламæ, Галæ- гонмæ æмæ сæ ракурынц, цы хор, хос сырæзын кодтой, уый цæмæй рæстмæ фæуа, æрдзон фыдбылызтæй хызт уа. Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд къуымæлы (бæгæныйы) къусы дзаг куывддоны къултыл (кæнæ къутуйыл) бапырх кæны аргъуыды донау, къæртайы дзаг дон та куывддоны агъуысты алыварс зæххыл та- уæгау бакæны. Уыцы митæн сæ нысаниуæг у, Хуыцау, зæдтæ æмæ дау- джытæй зæххы уымæлдзинад æмæ стыр хорæрзад ракурын. 23. КÆРДÆГХÆССÆН. Бæрæгбон фæкæнынц, Куадзæнæй авд къуырийы куы рацæуы, уæд Хуыцаубоны. Нымад у æппæт ирон адæмæн иумæйаг бæрæгбоныл. Уыцы бон алы хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгæвæрд, фыл- дæр цæхæраджынтæ æмæ давонджынтæ. Сфыцынц цъæх цæхæра, бæгæны кæнæ къуымæл, йæ бон кæмæн вæййы, уый кусарт дæр акæ- ны. Фæдзурынц сыхбæсты хистæр нæлгоймæгтæм, æмæ сын уыдон сæ кувинæгтæй скувынц Стыр Хуыцаумæ, Дзиримæ æмæ Уацилламæ. Ракурынц сæ, цæмæй, бинонтæ цы хуымтæм æмæ цæхæрадæттæм ба- зылдысты, уым æрзайа бирæ хор, быдырты сырæза сойджын кæрдæг, бæлæстыл æрзайа ставд дыргътæ. Фæстаг азты фылдæр бинонтæ ар- хайынц, цæмæй се ’ртæ чъирийы скувой искуы æрдзы хъæбысы. Уый хорз хъуыддаг у, нæ фыдæлтæ стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм фылдæр хатт куывтой гом арвы бын рæсугъд æмæ аив æрдзон бынæт- ты. Цин кодтой æрдзы рæсугъддзинадыл æмæ йæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой. Уыцы бон йæ амал кæмæн куыд амоны, афтæ йæ хæдзармæ быды- рæй кæнæ хъæдæй æрбахæссы хæрынæн бæзгæ зайæгойтæ, гагадыргъ- тæ æмæ дидинджытæ. 130
БÆРÆГБÆТТÆ 24. ДАУДЖЫТЫ БОН. Ацы бæрæгбон раджы кодта ирон адæмæн сæ фылдæр хай Кæрдæгхæссæны фæстæ фыццаг хуыцаубоны кæнæ хурхæтæны фыццаг хуыцаубоны. Куывтой Стыр Хуыцаумæ æмæ æп- пæт дауджытæм, ома стыр куывд-иу ракодтой. Адæм зæдтæ æмæ дау- джытыл сæхи фæдзæхстой, куырдтой, цæмæй сæ фыдбылызтæй æмæ низтæй хизой. Алы хæдзарæн дæр цардамонд дæттой æмæ кæстæр- ты раст фæндагыл аразой. Нæ рæстæджы ацы бæрæгбоны иумæйаг куывдтæ нал кæнынц. Бирæтæ скæнынц æртæ кæрдзыны æмæ дау- джыты нæмттæ ссарынц. Уыцы бæрæгбоны дæр, Кæрдæгхæссæны куыд вæййы, афтæ рауадзынц сæрмагонд гаджидау Уацилла æмæ Дзи- рийы номыл æмæ сæ фæкурынц, цæмæй æрдзы рæсугъддзинад æнусон уа, хуры рахатт та хорз боныхъæдмæ рахæсса - адæм, фос æмæ хортыл æрдзон фыдбылыз ма æрцæуа. 25. РЕКОМ. Реком у ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу. Æрæджы дæр ма йæ бæрæг кодтой æппæт Иры дзыллæ. Нæ рæстæджы бæрæгбонмæ кæддæры цæстæнгасæй нал кæсынц. Йæ боны нал вæй- йы стыр уæлибондзинæдтæ, фæлæ уæддæр рох нæу Уæлладжыр æмæ хуссарирыстойнæгтæй. Æрвылаз йæ боны (Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы фæстæдæр, хуыцаубоны) Уæлладжыры комæй рацæугæ мыггæгтæ скæнынц иумæйаг куывд, бирæ ирон хæдзæрттæ скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, фæкувынц Хуыцау, Уастырджи, Уацилла æмæ Уадæхсинмæ, фæкурынц сæ, цæмæй быдырты æмæ бæстыхæйтты хор, хос æрдзон фыдбылызтæй хызт уа, уыцы хорздзинад. 26. ХОРÆЛДАРЫ - УАЦИЛЛАЙЫ БÆРÆГБОН. Бæрæгбон æппæт ирон адæмæн дæр у иумæйаг. Скæнынц æй, Куадзæнæй фараст къуы- рийы кæнæ Кæрдæгхæссæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд - къуырисæры. Бæрæгбоны сæйраг нысаниуæг у, цы хортæ байтауынц æмæ бакусынц, уыдон Хоруациллайыл (Хорæлдарыл) бафæдзæхсын æмæ дзы бæрзонд хорæрзад ракурын. Бæрæгбон Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кæнынц бон раздæр, фæлæ йæ нысаниуæг æмæ, куыд фæку- вынц, уыдон сты æмхуызон. Уыцы бон иуæй-иу хъæуты хонынц «Цыргъ обау»-ы бæрæгбон - кувæндоны номæй. Уациллайы бон алы хæдзары дæр скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд. Фæткмæ гæсгæ бæрæгбоны фын- гыл хъуамæ æнæмæнг уа чъиритæ исты зайæг халæй (цæхæраджынтæ, хъолоджынтæ, скъудаджынтæ кæнæ æндæр ахæмтæ). Куывдæуы Стыр Хуыцаумæ, Уацилламæ æмæ Мыкалгабыртæм. Нæ рæстæджы ацы бæрæгбоны иумæйаг куывд арæх нал кæнынц, фæлæ алы хæдзары дæр æртæ кæрдзыны, фыдызгъæл æмæ нозт вæййы. 131
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 27. ÆППÆТ ИРЫ УАСТЫРДЖИЙЫ БÆРÆГБОН. Уастырджийы кувæн бон уыди Хетæджы къохы, раджы заманы йæм нæ фыдæлтæ цы- дысты иумæ, быдырæй æмæ хохбæстæй, æмхуызонæй. Фæлæ нæ фы- дæлты монгойлаг Тимуры æфсæдтæ хохы кæмттæм маргæ батардтой, æмæ сæ иннæ адæмтæ фондз фондзыссæдз азы хохы цъассытæй Иры быдыртæм рацæуын нал уагътой. Нæ фыдæлтæ алы кæмтты арæзтой кувæндæттæ, уыдонимæ Уастырджийы кувæндæттæ. Ир фондз фондзыссæдз азы фæстæ Уæрæсейы руаджы быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уæдмæ адæм сæ алыхуызон кувæндæттæм ты- хамæлттæй хæхтæм цыдысты. Фыдæлты рагон кувæндæттæй æнæхъ- æнæй æрмæст баззад Уастырджийы кувæндон - Хетæджы къох. 1824 азы Куырттаты комæй ралидзджытæ рахастой уынаффæ: Дзывгъисы Уастырджийы кувæндон ныууадзæм, комы цæргæ чи базади, уыдонæн, нæ рагфыдæлтæ та, Уастырджийы кувæндон цы Хетæджы къохы уыди, уый уæларвон тыхтæ рæсугъдæй бахъахъхъæд- той, æмæ йæм кувынмæ цæуын райдыдтой. 2000-æм азы райдианы Уастырджийы бæрæгбон сси æппæт Иры- стоны бæрæгбон. Райдайы Кæрдæгхæссæнæй цыппар къуырийы фæстæдæр хуыцаубоны. Алы хæдзары дæр вæййы стыр хъæлдзæг- дзинæдтæ, бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, фæдзурынц сыхбæсты хистæр нæлгоймæгтæм, скувынц Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, фæсивæды æмæ бæлццæтты сыл бафæдзæхсынц, ракурынц сын фарн, амонд æмæ сабырдзинад. Кувинæгтимæ вæййы мысайнаг, афтид къухæй цæуын не ’мбæлы. Уымæй уæлдай ма йæ амал кæмæн вæййы, уыдон иумæйаг куывд- мæ кæнæ Уастырджийы дзуары бынмæ арвитынц æртæ ’ртæдзыхоны, физонæг æмæ бæгæны. Хъæбæр нозт кувæндонмæ чи хæссы, уый исы Хуыцауы фыдæх. Иумæйаг куывд скæнынц уыцы бон кæнæ дыццæджы, сыхæгтæй фысымы рад кæмæ ’рхауы, уый хæдзары, кæнæ та хъæумæ (сахармæ) хæстæгдæр цы кувæндон ис, уым. Иумæйаг куывд скæнынц, рагацау цы мысайнæгтæ æрæмбырд кæнынц, уыдонæй. Æрцæттæ кæнынц алыхуызон хæринæгтæ æмæ кувинæгтæ. Иумæйаг куывдмæ «Хъа- лон» (æртæ чъирийы, сæ уæлæ кусарты базыг, æдфарс æвдасарм кæнæ физонæг, фылдæр хатт - фæрскфизонæг, бæгæны кæнæ æндæр исты нозт) æрбахæссынц, фароны бæрæгбонæй ацы азы бæрæгбонмæ лæп- пу кæмæн райгуыры кæнæ ус чи ракуры, уый бинонтæ. Уыцы æртæ чъирийы хистæртæ скувынц хицæнæй. Уастырджийы кувæнбон ма хонынц «Хетæджы бон», Хетæджы Уа^тырджийы бон». Уæлладжыры комы Тербаты Уастырджимæ чи куывта, уыдон бæрæгбон скæнынц Кæхцгæнæны фæстæ дыццæджы. 132
БÆРÆГБÆТТÆ Уыцы бон иннæ бæрæгбæттæй уæлдай вæййы хъæлдзæгдæр æмæ бæр- кадджындæр йæ афонмæ гæсгæ - бирæ дыргътæ æмæ халсартæ кæй фæ- зыны, стæй бæрæгбон æппæтадæмон кæй у, уый фæрцы. Кувæндæтты фæсивæд скæнынц хъазт, фæкафынц, фæзарынц. Бирæ хъæуты вæййы ерыстæ нæлгоймаг фæсивæды ’хсæн, хъæбысхæст æмæ армæйхæстæй, кафынæй æмæ зарынæй. Куырттаты комы цæрджытæ рагæй-æрæгмæ Хетæджы æмæ Дзывгъисы Уастырджийы бонты арæзтой ерыстæ бæх- тыл хъазынæй æмæ бæхтыл цæлхдурты сæрты дугъ кæнынæй. Хъы- гагæн, нæ рæстæджы ахæм ерыстæ нал аразынц. Хорз уаид, фæсивæд ерысæй алыхуызон спортивон хъæзтытæ кæнын куы райдаид, уæд. 28. КÆХЦГÆНÆН - КÆХЦХÆССÆН. Кæнынц æй, Хетæджы Уас- тырджийы бонæй къуыри куы рацæуы, уæд, хуыцаубоны. Уыцы къуы- ри йæхæдæг та хуыйны «Кæхцгæнæны къуыри», хонынц ма йæ «Сой- гæнæн къуыри» дæр. Бæрæгбон æппæт ирон адæмæн дæр у иумæйаг, кæнгæ та йæ кæнынц, ноггуырд лæппутæ цы хæдзары вæййы, уыцы бинонтæ æмæ ноггуырды мадырвадæлтæ. Кæхцгæнæны æгъдæутты тыххæй бæлвырддæр кæс сæргонд «Сывæллон»-ы. 29. АТЫНÆГ - ЦЫРГЪИСÆН (ЦИРГЪЙЕСÆН) дæр æй хонынц. Вæййы Кæхцгæнæны фæстæ, дыккаг Хуыцаубоны. Уыцы бон бæрæг кодтой хосгæрдæнты райдиан. Уый размæ-иу иумæйаг уыгæрдæнтæ хæдзæрттыл байуæрстой, хæлттæ æппæрстæй. Цыргъисæны бонты-иу сæм кæрдынмæ бавнæлдтой. Фос чи дардта æмæ хосдзау цы хæдзары уыди, уыдон кодтой стыр куывдтæ. Куывтой Стыр Хуыцаумæ, Уастыр- джимæ, Дзиримæ, цæмæй сын сæ уыгæрдæнты куыстытæ рæстмæ фæкæной, уый сæ куырдтой. Ныр дæр, 15 азы кæуыл сæххæст, ахæм хосдзау цы хæдзары вæййы, уыцы бинонтæ кæддæрау скæнынц хос- дзауы хуын æмæ йæ хосдзаутæн уыгæрдæнмæ ахæссынц (хосдзауы хуыны тыххæй кæс сæргонд «Сывæллон»-ы). 30. МАЙРÆМЫКУАДЗÆН. Майрæмыкуадзæн алы аз дæр бæрæг кæнынц майрæмы - августы мæйы фæстаг майрæмбоны, чырыстæтты динмæ гæсгæ. Бæрæгбон у æппæт ирон адæмæн иумæйаг. Алы хæдзары дæр скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрд, скувынц Стыр Хуыцаумæ æмæ Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ). Курынц сæ сылгоймæгтæ æмæ сы- вæллæттæн æнæниздзинад, царды цин æмæ ныфс. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты Мадызæдыл бафæдзæхсынц. Уыцы бон стыр куывдтæ æмæ егъау фынгæвæрдтæ ничи кæны, скæнынц æртæ чъирийы, æмæ сæ бинонты хистæр йæхæдæг скувы. 133
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Майрæмыкуадзæн канд бæрæгбон нæу, фæлæ ма у марды кæнды бон дæр. Йæ амардыл афæдз кæмæн нæма сæххæст вæййы, уыцы мæрд- тæн скæнынц кæнд (хист). Майрæмыкуадзæны мæрдджын бинонтæ кæнды хъуыддæгтæ куыд хуызы кæнынц, уый кæс сæргонд «Мард ны- гæнын æмæ марды кæндтæ»-йы. 31. ЗОНЫНДЗИНÆДТЫ БОН. Ацы бæрæгбон кæнынц æппæт Уæрæсейы дзыллæ ахуыры азы райдиан, рухæны мæйы фыццаг бон. Бæрæг æй кæнынц скъолаты æмæ æндæр ахуыргæнæндæтты ахуыр- гæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Иры фæсивæд рагæй дæр ахуырыл æну- выд уыдысты, уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон сси стыр æмæ ахсджиаг æп- пæт Иры дзыллæйæн дæр. Уыцы бон ныййарджытæ ахуыргæнджытæн æмæ ахуырдзаутæн фæкæнынц лæвæрттæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ. Фыц- цаг хатт ахуыры фæндагыл æрллæууæг сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн скæнынц бæрæгбоны фынгæвæрдтæ, Хуыцау æмæ сæ Уастырджийыл бафæдзæхсынц. 32. ТАРАНДЖЕЛОС. Бæрæгбон кæнынц Майрæмыкуадзæнæй æртæ къуырийы куы рацæуы, уæд - цыппæрæмы. Нымад у æппæт ирон адæ- мы иумæйаг бæрæгбоныл. Йæ нысаниуæгу Хуыцау, Уастырджи, Уацилла æмæ Мыкалгабыртæй хæхбæсты цæрæг адæмæн бæркæдтæ ракурын, сон æмæ фыдбылызтæй сæ бахизын. Ацы кадджын бæрæгбоны нæ рæстæджы стыр куывдтæ ничиуал кæны, фæлæ бирæ ирон бинонтæ, уæлдайдæр та йæ кувæндоны бынæй рацæуджытæ, æртæ чъирийæ скувынц. Ирыстоны иуæй-иу рæтты Таранджелос бæрæг кæнынц уал- дзæджы, Кæрдæгхæссæны размæ. 33. МЫКАЛГАБЫРТЫ БОН. Ацы бæрæгбон вæййы Майрæмыкуа- дзæны фæстæ, фæндзæм цыппæрæмы. Хуры рахаттыл æртæ мæйы куы рацæуы, уæд. Мыкалгабырты бæрæгбæттæ нæ рæстæджы, кæддæрау, стыр кусæрттимæ ничиуал кæны. Æртыгай чъиритæ скæнынц æмæ ску- вынц Стыр Хуыцаумæ, Мыкалгабыртæм, Уацилла æмæ Сафамæ. Иннæ бæрæгбæтты хъауджыдæр уыцы бон фæкурынц, цæмæй бинонтæ æмæ сыхбæстæ, хъæубæстæ фыдбылызтæй хызт уой, кæрæдзиимæ хæларæй цæрой, се ’хсæн хæрамдзинад æмæ фыдæхдзинад куыд никуы равзæра, сæ бæркад, бæрæчетæй кæрæдзийы хынцын сæ бон куыд уа. Хоры куыст чи кæны, уыцы бинонтæ Мыкалгабыртæй ракурынц, цæмæй сын зулчъытæ, мыстытæ æмæ уырытæй сæ фæллой бахизой. Кувинæгтæ кувынмæ æрæвæрынц артдзæсты раз. 134
БÆРÆГБÆТТÆ 34. ИЧЪЫНА (ИКЪИНА). Бæрæгбон æппæт Ирыстонæн дæр у иумæйаг, вæййы Майрæмыкуадзæны фæстæ æхсæзæм хуыцаубоны изæрæй - къуырисæрæхсæв. Бæрæгбон нымад у фæззæджы райдианыл - фæззыгон куыстыты райдианыл. Скæнынц бæркадджын фынгæвæрд геыæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ æмæ Мигъ- даумæ, цæмæй сын æрдзы хорздзинæдтæй хай бакæной, сæ уды фæл- лой радта бæркадджын тыллæг. «Ичъынайы æхсæв, дам, Хоры Уацилла йæ кæстæрты калмы хуызы рарвиты быдыртæм æмæ цæхæрадæттæм æмæ, зæгъы, сын бафæдзæхсы: базонут, йæ зæххыл зæрдиаг фæллой чи бакодта, уыдонæн фарн, амонд ахæссут. Мæйы дæргъы, зæгъы, кæл- мытæ хуымтыл, цæхæрадæттыл, уыгæрдæнтыл æмæ сæрвæттыл фæзи- лынц æмæ Уациллайы арфæтæ фæуарынц». (90-аздзыд гулиаг Хуыдзи- аты Бабойы ныхæстæ, 1967 аз). Æвæццæгæн, уыцы лыстæг æмæ цыбыр бур калмы уымæн хонынц хоргалм, æмæ йæ нæ мардæуы. 35. КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРÆН БОН. У æппæт Ирыстоны цæрæг адæмы иумæйаг бæрæгбон, бæрæг æй кæнынц кæфты мæйы 15 бон. Бæрæгбоны уæлибондзинæдтæ райдайынц къуыри раздæр æмæ ахицæн вæййынц йæ бон, нымад у литературæ æмæ аивады бæрæг- боныл. Йæ сæйраг уæлибондзинæдтæ арæзт æрцæуынц Къостайы райгуырæн хъæу - Нары. Уырдæм Ирыстон æмæ Цæгат Кавказы алы рæттæй дзыллæ æрцæуынц Къостайы нæртон курдиаты кадæн. Равдыстытæ, фембæлдтытæ, концерттæ, кæфтытæ æмæ алыхуызон ерыстæ фæцæуынц алы хъæуы æмæ алы сахары дæр, фæлæ сæйраг бæрæгбон арæзт æрцæуы, алы иронæн дæр йæ зæрдæйæн адджын чи у, уыцы Поты фæзы. 36. БЫДЫРЫ ДЗУÆРТТЫ БОН. Ацы бæрæгбон Ирыстоны алы рæт- ты хонынц алыхуызон нæмттæй: «Хоры сæры куывд», «Хуарелдари бон», «Тæтæртуппы бæрæгбон». Фæлæ йæ куыд кæнынц æмæ зæдтæ, дау- джытæй кæмæ кувынц, уыдон сты иухуызон. Бæрæгбон вæййы Майрæ- мыкуадзæны фæстæ æвдæм цыппæрæмы кæнæ хуыцаубоны. Ног хорæй скæнынц дзаджджын фынгæвæрдтæ æмæ скувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Никколæмæ æмæ Хорæлдармæ - Уацилламæ. Ракурынц сæ быдыры фарн æмæ хъæздыгдзинæдтæ. Абон дæр ма уыцы бон иуæй- иу быдыры хъæуты, уæлдайдæр та Дыгургомæй рацæугæ хъæуты æмæ Тæтæртуппы (Дзылаты), стæй «Дурджын бæрзонды» кувæндæттæм хæстæг хъæуты скæнынц иумæйаг куывдтæ. Дыгуры хъæуты иумæйаг куывдæн фыдæлтæ кодтой сæрмагонд стыр гуыдын æмæ-иу æй æппæт хъæуы цæрджытыл байуæрстой фæдзæхсæн хæйттæй. 135
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 37. ЗЫГУЫМОНЫ ХУЫЦАУБОН. Кæнынц æй хуыцаубоны, Джеоргуыбамæ ма къуыри куы баззайы, уæд, зæххы куыст чи кæны, уыцы бинонтæ. Скæнынц æртæ чъирийы æмæ бæгæны ног хорæй, скувынц Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Уацилламæ æмæ сæ ракурынц, цæмæй сыл сæ зымæг æнæ фыдбылызæй, фарн æмæ амондимæ ацæуа. Уыцы бæрæгбон вæййы фæззыгон куыстытæ фæуыны нысан. Куывдтæ ничи кæны, адæм се ’ртæ кæрдзынмæ хонгæ дæр никæйы æрбакæнынц. 38. УАСТЫРДЖИЙЫ БÆРÆГБОН. Джеоргуыба дæр æй хонынц. Бæрæгбон кæнынц Майрæмыкуа- дзæны фæстæ дыууадæсæм къуырийы. Райдайы хуыцаубоны (Галæр- гæвдæн хуыцаубон) æмæ фæвæййы йе ’рвитæн бон. Къуырийы бонтæй иуы алы ирон хæдзары дæр вæййы бæрæгбоны фынгвæрд, æппынкъаддæр - æртæ уæлибæхы æмæ ирон бæгæны. Ку- сарт чи акæны, уыдоны фынгтыл ма уымæй уæлдай - кусартæй кувина- гæн цы ’мбæлы, уыдон, æртæ ’ртæдзыхоны æмæ нозт. Æрхонынц хæстæг сыхбæсты хистæр нæлгоймæгты, уыдон скувынц Хуыцаумæ æмæ Уас- тырджимæ, ракурынц сæ нæлгоймæгтæн фарн, амонд, лæгдзинад æмæ уæздандзинад, бæлццæттæн - фæндаджы фарн, кæстæртæн - дунейы сабырдзинад æмæ царды фæндæгтыл уæлахизмæ цæуын. Цалдæр хæдзары иумæ кусарт куы акæнынц, уæд, хистæр нæлгой- маг цы хæдзары ис, уымæн кувинагæн раттынц сæр, бæрзæй æмæ уæны хай. Бæрæгбон йæ тынджы бацæуы дыццæгæхсæв, æмæ алы хæдзар дæр фæархайы йæ кувинæгтæ уыцы изæр кæнæ уыцы бонмæ сцæттæ кæ- ныныл, уымæн æмæ уый у Уастырджийы кувæн бон. Уæвгæ та, уыцы бонтæй, сабатæй фæстæмæ, æртæ чъирийы кæцыфæнды бон куы ску- вай, уæддæр аипп нæу. Раджы Ирыстоны ацы бæрæгбоны кодтой сыхгуывдтæ, фылдæр хатт - дыццæджы кæнæ цыппæрæмы. Фæззæджы чындзхæстытæн сæ фылдæр æрцæуы Джеоргуыбайы къуыримæ, уый ирон адæмæн фыдæлтæй баззад. Джеоргуыбайы æр- хаст чындз, дам, бинонты нæлдых скæны. Джеоргуыбайы бонты адæм кæрæдзиуыл вæййынц уæлдай æнувыддæр, æнæууылд ныхас дзы никæй дзыхæй фæхауы. Хæцæнгарз кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд æй йæ къухмæ ничи исы, уыцы бонты æддæ (хъæды, быдыры) нæ куыстæуы, нæ фæтчы. Джеоргуыбайы бæрæгбонæн йæ фæстаг къуырисæры вæййы йе ’рвитæн бон. Уыцы ’хсæв бинонтæ скæнынц фынгæвæрд, сæхи Уастыр- джийыл бафæдзæхсынц, æмæ ууыл бæрæгбон фæвæййы. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ, хъыгагæн, Джеоргуыбайы бон- ты ныртæккæ кæддæрау стыр хъæзтытæ æмæ ерыстæ ничиуал кæны, 136
БÆРÆГБÆТТÆ фæлæ нæ рæстæджы йæ ахадындзинад къаддæр нæ фæци, уымæн æмæ сси Ирыстоны цæрæг æппæт адæмыхæттыты иумæйаг хæлардзинады бæрæгбон. Дзывгъуисы Дзуары равзæрды тыххæй мæнæ цы таурæгъ ракод- та 90-аздзыд Хуызмиаты Бабо 1967 азы: «Персы паддзах стыр æфса- димæ лæбурдта хох басæттынмæ, фæлæ йыл хъазуатонæй сæмбæлды- сты комы цæрджытæ æмæ йын йе ’фсад сухты цагъд ныккодтой. Раст, дам гъе уыцы ’хсæв Уастырджи уæларвæй цæхæркалгæ бæлæгъы йæхи Дзывгъисы хъæуастæумæ æруагъта, уæлахиздзаутæн арфæ ракодта, се уæнджы сын ныфс бауагъта æмæ фæстæмæ атахт. Тæхгæ бæлæгъ, зæ- гъы, кæм æрбадт, уым дыккаг бон хуры скастмæ равзæрд фыцгæ суа- дон - æвдадзы хос (суадон æцæгдæр уым уыд XX æнусы райдианмæ). Уæдæй нырмæ комбæстæ уыцы ран æрвылаз кувынц Уастырджимæ» (ома хæстон уæлахизы бардуагмæ. - Х.К.). 39. БЫНАТЫХИЦАУЫ (БУНДОРИ) БÆРÆГБОН. Хонынц æй «Бынаты» ’хсæв дæр. Фылдæр ирон адæм æй кæнынц Джеоргуыбайы фæстæ - кæцыфæнды æртыццæг æхсæв. Скæнынц æртæ чъирийы, ар- гæвдынц хæдзарон мæргътæй исты, сæгъ кæнæ сæныкк. Сцæттæ кæ- нынц нозт, скувынц Стыр Хуыцау, Уастырджи, Сафа, Сæрызæд æмæ Бынатыхицаумæ. Ракурынц, сæ цæмæй, цы бынаты цæрынц, уый кæд- дæриддæр уа амондджын, æнæфыдбылыз. Къæсæрыл фыдгул макуы бахиза, мидæмæ цæуæг фарнхæссæг уа, æддæмæ цæуæг фæндараст кæна, ахæм хорздзинæдтæ. Бынаты куывдмæ æддагоны нæ хуындæуы, кувæггæгтæй йын нæ лæвæрдæуы, бинонтæ та дзы хъуамæ се ’ппæт дæр саходой. Бынаты куывд æмæ хæйрæджыты ’хсæв иу не сты. Хæй- рæджыты æхсæв фыдæлтæ кодтой иунæг хатт æмæ-иу сын цы бæркæд- тæ сцæттæ кодтой, уыдон сын кодтой хæлар. Хæйрæг æмæ бынатыхицауæн иумæйагæй ницы ис. Бынатыхицауы бæрæгбæттæ та кодтой афæдзы алы афоны дæр иу хатт - æдæппæт цыппар хатты. Ссæдзæм æнусы уыцы фæтк рохуаты баззад æмæ ма йæ кæнынц иу хатт - фæззæджы. Стæм чидæртæ ма йæ кæнынц уалдзæджы дæр - хурхæтæнты размæ. Бæрæгбонмæ цæттæ кæнын хаудта хæдзары æфсинмæ, суанг ма нывондаг равзарын æмæ йæм зилын дæр. Бæрæгбонæн йæ фæтк, йæ кæнонтæ кæд Хæйрæджыты ’хсæвимæ цæмæйдæрты æмхуызæттæ сты, уæддæр сын иумæйагæй ницы ис. Хæйрæджытæ сты фыдбылыз- хæсджытæ, Бынатыхицау та, кæд зæд нæу, уæддæр бынаты цæрджытыл ауды æмæ семæ æмдзæрин кæны. Хæйрæджытæн цы фынгæвæрд скæ- нынц, уый сын хæлар ныккæнынц, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты кой не скæнгæйæ. Бынатыхицауæн та, кæд йæхицæн «табу» нæ фæкæнынц 137
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ (табуйы бæсты йын фылдæр хатт фæзæгъынц, «æхцон дын уæд»), уæд- дæр ын Хуыцау æмæ зæдтимæ йæ ном ссарынц, æртæ кæрдзыны та йын барстаг скæнынц. Бынатыхицаумæ ма уымæй уæлдай фæкувынц кæнæ æртæ кæр- дзынæй, йе та дзыхы ныхасæй, ног цæрæнуаты куы æрбынат кæнынц, уæд, уыимæ ма, искуы хъæды, быдыры, хосгæрсты кæнæ сæрвæты (уæтæры) æхсæвиуат кæнын куы бахъæуы, уæд. 40. ЗАДАЛЕСЧЫ НАНАЙЫ БÆРÆГБОН. Вæййы сусæны мæйы æртыккаг сабаты. Ахæм ирон адæймаг нæй Задалесчы Нанайы æрд- хæрæны хъæбатырдзинад дисы кæй не ’фтауы. Йæ ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ адæмы историйы, йæ фæлгонц уарзон æмæ фæзминаг у алы ирон сылгоймагæн дæр, уымæ гæсгæ бæрæгбон йæхи ’гъдауæй сси æппæтадæмон. Афтæ зæгъæн ис, æмæ уыцы бон у Иры сылгоймæгты намысы бæрæгбон. Сылгоймæгтæн уыцы бон йæ ахадындзинадмæ гæсгæ у, нæлгоймæгтæн Хетæджы бон цы у, уый. Уыцы бон фылдæр бинонтæ сцæттæ кæнынц бæрæгбоны кувинæг- тæ, фæкувынц Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимæ æмæ Мадызæдмæ, цæмæй Иры дзыллæ фыдбылыз, фыдгул æмæ хæсты бæллæхтæй хызт уой, ныййарджытæ сæ зæнæджы рухс фидæныл æууæндой, сылгой- мæгтæ Мадызæд æмæ Нанайы хъомыс æмæ намысæй хайджын уой, уыцы хорздзинадмæ. Бæрæгбон уæлдай кадджындæр уавæры кæнынц ныгуылæн Ирысто- ны цæрджытæ. Сæйрагуæлибондзинæдтæ вæййынц уыцы бон Задалесчы хъæуы, Нанайы цыртдзæвæны цур. Ардæм Ирыстоны алы къуымтæй æр- бацæуынц уазджытæ æмæ хъæубæсты цæрджытимæ скæнынц иумæйаг куывд, хъазт æмæ алыхуызон ерыстæ сылгоймæгты кадæн. Афæдз кæуыл нæма сæххæст, ахæм чызджытæ цы хæдзæртты вæй- йы, уыдон бæрæгбонмæ æрбацæуынц, кæд сæ амал вæййы, уæд сæр- магонд хуынимæ. Уым сын хистæртæ сæ хуын скувынц, сывæллоны бафæдзæхсынц Мадызæдыл, Нанайæ йын ракурыц, цæмæй йыл йæ фарнæй цардаудæн кæна, уыцы хорзæх. Иуæй-иу бинонтæ сæрмагонд хуын æрбахæссынц ноггуырд лæппутæн дæр, æвæццæгæн, уыдон дæр раст кæнынц. Нана уыдис зæххон адæймаг, ома, зæд нæ уыди æмæ нæу, уымæ гæсгæ йæм нæдæр кувæн ис, нæдæр дзы исты ракурæн ис. Мардæн (дзæнæты бадæгæн), Хуыцауы фæрцы, йæ бон у, æрмæстдæр, цæрæг адæймагыл цардаудæн кæнын.
«Фыдæлтæм бæрæгбоны бадты ссейраг нысан уыдиу Хуыцауæн йсе хорзæхтæ семсе яæвсерттæй бузныг ксей сты, уый уды сыгьдсегдзинад семсе уæздандзинадæй равдисын». Гуытъиаты Хъазыбег ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ 1. Ирон фынджы нысаниуæг Ирон фынг хъомылады скъола у, уымæн ыл сфидыдтой мæнæ ацы æмбисæндтæ: «Ирон фынг - зондамонæг», «Фынджы бæркад - йæ уæзы, йæ кад та - йæ фæтчы», «Фынг хистæрæй фидауы», «Лæджы гуыбын - куыдзы хуыссæн», «Лæджы фæндаг æмæ фынгыл базонынц». Ирон фынджы æгъдæуттæ иу адæмыхатты фынджы æгъдæутты хуызæн дæр не сты. Куывды дæр æмæ æндæр цины хъуыддаджы дæр, фынгыл бадт фæнды стыр уæд, фæнды - гыццыл, - йæ фæтк æмæ йе ’гъдæуттæ сты иухуызон. Куывдты дæр æмæ æндæр цины хъуыддæгты дæр ирон адæм алкæддæр, кæд амал æмæ гæнæн уыди, уæд Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм куывтой гом арвы бын, кувæджы æргом та здæхт уыди хурыскæсæнмæ. Абон дæр уыцы фæтк цæры. Гом арвы бын фынгтæ рарæнхъ кæнынц ныгуылæнæй скæсæнырдæм, ома, фынджы сæр вæййы ныгуылæнырдыгæй, фынджы сæргъы цы хистæр вæййы - бадты хистæр, уымæн йе ’ргом скæсæнмæ куыд уа, афтæ. Уый гæнæн нæй, уæд - цæгатæй хуссарырдæм. Фынгæвæрд хæдзары куы вæййы, уæд хистæрæн йе ’ргом хъуамæ уа хæдзары артдзæсты ’рдæм. Ахæм бадты фæтк Ирмæ ис незамантæй абонмæ, йæ мидисы та æвæрд ис Хуыцауы зæрин фæлгонц æвдисæг хъузон, цардудæн фарн- хæссæг Хурмæ æргомыздæхтæй табу кæнын. Артдзæстмæ (артмæ) та кувæг йе ’ргом саразы, уымæн æмæ арт йæхæдæг у хурæй рацæугæ æмæ Хуры (Хуыцауы) фарнхæссæг чысыл хай. Куывды, чындзхасты, чызгæрвысты æмæ æндæр стыр иумæйаг цины хъуыддæгты æмæ марды кæндты сылгоймæгтæ æмæ нæлгой- 139
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ мæгтæ бадынц хицæнтæй, фæлæ нæлгоймæгтæн дæр æмæ сылгой- мæгтæн дæр сæ фынджы æгъдæуттæ сты иухуызон. Ирæтты æппæт цины хъуыддæгтæн æмæ марды кæндтæн, стæй уыдонæн сæ фын- гæвæрдты æгъдæуттæ иууылдæр баст сты динон уырнындзинæд- тимæ, уымæ гæсгæ ирон фынг канд минас æмæ хъæлдзæгдзинад нæу, фæлæ ма Хуыцаумæ табугæнæн кувæнуат æмæ адæммæ Хуыцауы фарнхæссæг скъола. 2. Фынгыл алкæмæн дæр ис йæхи бынат Бадты сæргъы - фынгæн йæ ныхмæ ныгуылæнырдыгæй фæбады фынджы хистæр, сæйраг чъирикувæг. Фылдæр хатт фысымтæ (хæ- дзарвæндаг, мыггаг) хистæрæн сбадын кæнынц сыхбæсты (хъæубæсты) кадджындæр æмæ карджындæр адæймæгтæй иуы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон адæммæ фыдæй-фыртмæ сыхаг (хъæуккаг) кадджын уыдис, уый та уæздандзинады бæрæггæнæн у. Хистæрæн йæ рахиз фарс фæбады дыккаг хистæр - уазджыты (æр- цæуæг адæмы) хистæр. Уымæн йæ бакомкоммæ - хистæры галиу фарс - фæбады æртыккаг хистæр, мыггаджы хистæр, кæнæ уый фæндонмæ гæсгæ - хæстæг хионты хистæртæй исчи. Мыггаджы хистæр бадты хистæры бынаты сбады, хистæртæ йæм куы ’рхатынц, æрмæстдæр уæд. Куывды, чындзæхсæвы æмæ æндæр ахæм циндзинæдты æмæ мар- ды кæндты, ирон фынгæвæрд кæмдæриддæр вæййы, уым чъирикувæг (фæлдисæг) хистæртæ нымад сты æххæст бархъомысджын, уаз адæй- мæгтыл. Цины хъуыддаджы дæр æмæ марды кæнды дæр хистæрæн чи баддзæн, фысымтæ уый сбæрæг кæнынц рагагъоммæ. Хистæры бынатмæ хъæугæ адæймаг цæмæй нысангонд æрцæуа, уый тыххæй зæрдыл дарын хъæуы - зæронд лæгтæ æмæ устытæ бирæ ис, стæй сæ æвзæр рахонæн дæр нæй, фæлæ се ’ппæт кувынмæ æмæ фынджы æгъдау хæссынмæ нæ арæхсынц. Æрмæстдæр бадты хистæртсе бакувынц, батабу кæнынц Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм хæдзарвæндаг æмæ мыггаджы номæй. Уымæ гæсгæ хистæртæ - чъирикувджытæ - хъуамæ рæстуд адæймæгтæ уойу йæ дзыхы ныхасы фарн кæмæнуа. Чъирикувæг хъуамæ уа карджын æмæ арæхстджын, дзырддзæугæ æмæ сыгъдæгзæрдæ, æгъдæуттæ хорз- зонæг æмæ Хуыцаумæ кувæг, æууæнкджын æмæ ныфсхаст нæтоймаг, сыягоймæгты бадты та - сылгоймаг. Бадты хистæрæн йæ сæйраг хæстæ сты: 1— афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дау- джытæм скувын æмæ гаджидæуттæ уадзын; 140
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ — афойнадыл, кæмæн æмбæлы, уыдонæн арфæ ракæнын æмæ ар- фæйы нузæнтæ раттын - æрвитын; — бадты адæм фынджы æгъдау æмæ фæтк куыд æххæст кæнынц, уымæ цæст дарын, куы бахъæуа, уæд кæстæртæн уæзданæй уайдзæф кæнын, чи дзы рæдийы, уымæн йæ рæдыд сраст кæнын; — цæст дарын, цæмæй бадты адæм хъæлдзæгæй, зæрдæрайгæйæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм дæр кувой, минас дæр æмæ заргæ дæр кæной, кæнды фынгыл та цæмæй æдзæмæй бадой æмæм раст æххæст кæной хæрнæджы æгъдæуттæ; — лæггадгæнджытæн æмæ кæстæриуæггæнæг фæсивæдæн амонын, кæд, кæм æмæ куыд бакæнын хъæуы бадты фæтк æмæ кæ- нонтæ, уый. Хистæрæн уайдзæф бакæнын кæнæ йын йæ аиппытæ бацамонын кæстæртæм нæ хауы, дыккаг æмæ æртыккаг хистæрæй дарддæр. Кæд хистæрæй исты рох кæны кæнæ йæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ кæны, уæд ын дыккаг хистæр аивæй æмæ лæгъзæй бамбарын кæны, æмæ кæд хистæр йæ архайд, йæ ми растыл нымайы, уæд кæстæртæн сæ хæс у, хистæр цы зæгъы, уый бакæнын. В а р и а н т: «Арсауу фарн дæм бадзурæд, фæлсе махмæ афтсе кæсЫу æмæ ацы хъуыддаг бакæнын хъæуы мæнæ афтæ... æмæ дæумæ та куыд кæсы?» Хистæртæ фынджы уæлхъус сæ бынæттæ куы ’рцахсынц, уæд сæ дæле (хурсыкæсæнырдæм) хуынд адæм иууылдæр - фысымæй, уазæ- гæй, сыхагæй, хионæй, сæ кармæ гæсгæ кæмæн кæм æмбæлы, уым сба- дынц. Фылдæр хатт уазджытæ æмæ фысымтæ фæбадынц æхсæнмæх- сæнты. Фынджы дæллаг кæрон сбадынц æртæ кæстæры, фæткмæ гæсгæ кæстæрты номæй арфæйы нуазæнтæ æмæ аходинæгтæ кæмæ цæуынц, уыдон. Хъусы хай дæр хистæртæ дæттынц уыдонмæ, исгæ та йæ ракæны уыцы кæстæртæн сæ хистæр - дæлейæ æртыккаг. Æп- пæты кæронæй фынджы ныхмæ, кæнæ иуварсырдыгæй фæбады бад- ты кæстæр - цумайы лæппу - фысымты кæстæртæй иу, уазæгæн уым бадын не ’мбæлы. Бадты кæстæрæн йæ хæстæ сты: хистæртæй, кæнæ уазджытæй исчи бадтæй куы сысты йæ къухтæ ’хсынмæ кæнæ йæхи хъуыдыйы, йе та æндæр истæй тыххæй, уæд йемæ ацæуын, фæндаг ын бацамонын æмæ йын кæстæриуæг кæнын, хистæры бардзырдтæ æххæст кæнын. Зæгъæм, фынгмæ искæй æрбахонын кæнæ исты æр- бахæссын, гаджидау кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд æй хистæрæн бамбарын кæнын. 141
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 3. Фынджы уæлхъус кæстæриуæггæнджытæ Бадты адæмæн кæстæриуæг фæкæнынц уырдыглæуджытæ (уыр- дыгыстæджытæ). Уыдонæй иу вæййы сæ хистæр йæ кар æмæ йæ фæл- тæрддзинадмæ гæсгæ. Хистæр уырдыглæууæг кæстæриуæг фæкæны æртæ хистæрæн, стæй йæ цæст фæдары иннæ уырдыглæуджытæм. Уырдыглæуджытæ фылдæр хатт вæййынц æвзонг лæппутæ (сылгой- мæгты бадты та - чызджытæ). Уырдыглæуджыты нымæц вæййы бадты адæмы нымæцмæ гæсгæ - 10-12 хуынды лæгæн иу. Уырдыглæууæджы хæстæ сты: - циндзинады уырдыглæууæгæн йæ бынат ис фынджы рахиз фарс, марды кæнды та - галиуæрдыгæй. - гаджидæутты рæгъытæ дæлæмæ куыд цæуынц, афтæ бадты адæмæн сæ агуывзæты (нуазæнты) нозт кæнын æмæ сæм æй дæттын; - фынгтæм уæлæмхасæн хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ хæссын æмæ æвæрын; - хистæртæ фынгæй цы арфæйы нуазæнтæ æрвитынц, уыдон цæт- тæ кæнын; - хистæртæн сæ разы цы хойраг æмæ фыдызгъæл ис, уый дихтæ кæнын æмæ сын сæ тæбæгъты æвæрын; - бадты хистæрмæ æнæсцухæй хъус дарын æмæ, цы бардзырдтæ дæтты, уыдон æнæуæлдай ныхасæй æххæст кæнын. Уырдыглæууæгæн нозты дурын (цайдан) æнæсцухæй вæййы йæ га- лиу къухы, нуазæнимæ (агуывзæимæ) та архайы рахиз къухæй. Бадты рæгъ кæмæ ’рхæццæ вæййы, уымæ уырдыглæууæг нуазæн ратты рахиз къухæй йæ рахиз фарсмæ æрлæугæйæ. Нуазæн дæтгæйæ фæзæгъы «та- буафси!» кæнæ «табуафси, айс!» Бадты адæмæй искæй сæрты нуазæн, на- уæд æндæр исты нæ лæвæрдæуы, куы бахъæуа, уæд та, хатыр ракургæйæ. Уырдыглæууæгæн не ’мбæлы: - æдзæлгъæд митæ кæнын - чъизи къухтæй хæринæгтæм æмæ нозтмæ ’вналын, фынджырдæм хуыфын, æхснырсын, нозт сыгъдæ- гхъуаг агуывзæты уадзын, тамако дымын, чъиу æууилын, æхсынæнтæ æхсынын; - искæимæ хъæрæй дзурын, загъд кæнын, æхситт кæнын; - хистæртæ куы нæ ’рхатой, уæд хæрын æмæ нуазын, фынгæй ис- тытæ исын; - къухтæ дзыппыты дарын, ронбæгъдæй архайын, истæуыл æнцой кæнын, бадын; ^ искæмæн нозт æмæ хæринаг тыххæй хъарын; хистæры ’вастæй фынгæй искæдæм ацæуын. 142
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ 4. Бæрæгбоны фынгæвæрд А. Ирæттæ бæрæгбоны фынгыл цы кувинæгтæ æрæвæрынц, уыдон сæ бæрц, сæ конд, се ’вæрд æмæ сæ мидисмæ гæсгæ иууылдæр сты, Хуы- цау æмæ зæдтæй цы хорздзинæдтæ курынц сæ цардхъомдзинадæн, уыдонæн сæ дзырдгонд нысæнттæ (символтæ). Уымæй уæлдай ма Хуы- цаумæ февдисынц, цы цардыхостæ сын сфæлдыстауыдоны сыгъдæг- дзинад æмæ сæ куыд пайда кæнынц, уый. Уымæй дарддæр бæрæгбоны кувæг адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм февдисынц сæ уæздандзи- над, уый охыл фæархайынц сæ кувинæгтæй сæ сбуц, суазæг кæныныл, уымæн фæзæгъынц: «нæ сыгъдæг уды фæллойæ конд сты æмæ, табуаф- си, барст уын уыдзысты!» (кæс XV сæр, 7 фипп.). Ирон бæрæгбоны, цины фынгыл цы кувинаг символтæ æрæвæрынц, уыдон æмткæй райсгæйæ сты: - æртæ кæрдзыны (чъирийы) - æппæт бæрæгбæтты дæр Хуыцаумæ кувынæн; - æртæ-æртæдзыхоны - иуæй-иу зæдтæ æмæ дауджытæм кувынæн; - бæгæны кæнæ къуымæлы къус (кæхц, куыси æмæ æнд.); - кусарты сæры хай; - кусарты бæрзæй; - физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй; - фæрск - физонæг рахизфарсæй; - кусарты рахиз базыг; - кусарты рахиз уæн, кæнæ йæ зæрдæ; - цæхх - алы фынгæвæрды дæр хæйрæджыты ’хсæвæй фæстæмæ (кæс XV сæр, 8 фипп.); - кард - алы фынгæвæрды дæр хæйрæджыты ’хсæвæй фæстæмæ (кæс XV сæр, 10 фипп.); - басылтæ æртæ - Цыппурсы æмæ Ногбоны; - къутутæ æртæ - Къутугæнæны; - ахуырст æйчытæ æртæ - Куадзæны; - дзыккайы къус æмæ царвы дурын - Урсы къуыри; номæвæрæны, кæхцгæнæны æмæ Фæлвæрайы боны - мысайнаг (кæс XV сæр, 6 фипп.); - дыууæ кæрдзыны æмæ дыууæдзыхон гуылы - Хæйрæджыты ’хсæв; - сау карк - æрмæст хæйрæджыты ’хсæв. Кæй ранымадтам, уыдонæй уæлдай фынгыл цы æрæвæрынц, уы- дон кувинагыл нымад не сты. Цы амоны ацы символтæй алкæцы дæр хицæнæй: 143
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Æ. Æртæ кæрдзыны (чъирийы). Фыццаджы дæр зæгъын хъæуы, нымæц æртæ ирæттæм незамантæй нырмæ уæлфæдзæхстон (сакраль- ное) хуыдтой, уый (кæс XV сæр, 11 фипп.). Æртæ кæрдзыны кувинæгты ’хсæн нымад сты æппæтæй ахсджиа- гдæрыл æмæ сæйрагдæрыл, уымæ гæсгæ фынгыл сæ бынат ис æппæт кувинæгты уæле (фыццаг фынгыл) хистæрты раз. Æртæ кæрдзынæн сæ дзырдгонд нысан (символ) у, Хуыцаумæ кæй номæй фæкувынц уыдонæн æмæ дзылпæтæн цы дун-дунейы цæрынц, уымæн йе ’нусондзинад æмæ фидардзинадракурын - хъаймæтæй сæ ба- хизын. Æртæ кæрдзыны æцæг дун-дунейы æнусондзинад æмæ фидардзи- нады ракурыны символ кæй сты, ууыл дзурæг сты сæ конд (зылд), сæ бæрц (æртæ), се ’вæрд (æддæгуæлæ). Æртæ кæрдзыны нысан кæнынц: - уæллаг (сæрæггаг) - уæларв, космосон аххæссæн (сферæ), Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты цæрæнуат, æмæлæг сыгъдæг удты рухс бæстæ; - астæуккаг - уæлзæхх, атмосферæ æмæ зæххы уæлцъар, цæрæгой- тæ æмæ зайæгойты цæрæнуат; - бинаг - дæлзæхх, дун-дунейы бинаг аххæссæн, мæрдты, æмæ дæ- лимонты талынг бæстæ. Тæригъæдтæ сыгъдæггæнæн бынат. Æртæ кæрдзыны иумæ комкоммæ амонынц дун-дунейы нывмæ - тымбыл зылдмæ кæцы бирæ скæсæйнаг адæмыхæттытæм рагæй дæр нымад уыди æнусон æмæ æгæронады символыл. Æртæ кæрдзынæн ма ис æндæр символикон нысæнттæ дæр: Хуыцауæй дунейы дзыллæты æртæ фæлтæры фарн æмæ бастдзинад ракурын. Уæлдæр цы загътам, уый æцæгдæр ууыл дзурæг кæй у, уый бæлвырд кæны, кæнды фынгыл æртæ кæрдзыны бæсты дыууæ кæй æрæвæрынц, уымæй, ома амæлæгæн физикон æгъдауæй ацы зæххыл фидæн нал и, нал сын ис дун-дунейы дыккаг аххæссæн - уæлзæхх нал у, уæлион. Æртæ кæрдзыны дих та акæнынц аст хайыл (цыппар лыгæй) - уæларвон «уазджыты» бæрцмæ гæсгæ: иу хай (3 карсты) Стыр Хуыца- уы номыл, авд хайы (фæйнæ æртæ карсты) фыдæлтæ цы авддзуармæ (зæдмæ) куывтой уыдон номыл. Б. Æртæ ’ртæдзыхоны. Æртæ ’ртæдзыхоны чындæуы, æрмæстдæр цины хъуыддаджы, куывды фынгыл сæ бынат ис æртæ кæрдзыны фарсмæ. Æртæдзыхонæй кувгæйæ кæд фыццаг Хуыцауы ном ссарæм, уæддæр уыдон конд вæййынц зæдты номыл. Æртæ ’ртæдзыхоны скæнынц циндзинады, куывды фынгмæ æмæ 144
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ сæ æртæ кæрдзынимæ иумæ скувынц: зæдты бæрæгбæтты, ногбоны, чызгæрвысты æмæ чындзхасты, бæлццоны, уæлахиздзауы, рынчыны, кæнæ фæстиноны куывдты. Хицæнæй та сæ фæкувынц кувæндæт- ты. Бынаты куывды (бынатыхсæв) æмæ хæйрæджыты ’хсæвы æртæ- дзыхæттæй нæ куывдæуы æмæ хæлар нæ чындæуы. Куыд зонсем> афтæмæй æртæкъуымон ариаг адсемтсем нымад уы- дис цардхъомдзинад семсе алыхуызон бсеркадхсесссег уселфседзсехстон нысаныЛу уымсе гсесгсе сертсе ’ртæдзыхонæн дсер сæ дзырдгонд нысан у зседтсен ссе бсерны цы царды хæстсе ису уыдон ракурын. «Нæртон адæм, зæгъы, Хуыцаумæ сфыдæх сты, йæхи сæм кæй не ’вдыста, уый тыххæй æмæ йæм нал куывтой, йæхиимæ æмæ йæ зæд- тимæ хæст самадтой. Æмæ сæ, зæгъы, Хуыцау фесæфта. Фæлæ Нартæ хъæбатырдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй сыл æртæ-æртæ цæс- сыджы æрæппæрста. Стæй, зæгъы, цы ног адæм сфæлдыста, уыдонæн фæдзæхста «Нарт се сæфты аххосджын сæхæдæг сты - мæн æмæ мæ зæдты хъомыс сæ нал уырныдта, ницæмæуал нæ дардтой, зæдтæй бирæты ныццагътой. Цæмæй сымахыл уыцы рæдыд макуы ’рцæуа, уый тыххæй уæ рох ма уæд Нарты сæфт, æмæ зæдтæм афæдз иу хатт кувут, мæнмæ кувгæйæ та сын сæ нæмттæ арут». Уæдæй фæстæмæ зæ- гъы адæм зæдтæм кувынц, Хуыцау нарты сæфтыл цы æртæ-æртæ цæс- сыджы æрæппæрста, уыдонау æртæ ’ртæдзыхонæй. Æртæдзыхонæй куывдæуы Хуыцау æмæ авд дзуармæ (Уастырджи, Мадызæд, Хорæлдар (Уацилла), Донбеттыр, Æфсати, Тутыр, Аларды). Æртæдзыхонтæй куы скувынц, уæд сæ æнæ кардæй акæнынц æртæ дихы, авд хайы куыд рауайой, афтæ, ома фыдæлтæ цы авд дзуармæ куывтой, уыдоны номыл». Хъседгсеройнаг Хæуытаты Агуыбе 85-аздзыд, Уæллагкоймаг Хъæрджынты Хъамбол 80-аздзыд, Беслæйнаг Цоколаты Хадзысмел 79-аздзыд. В. КУСАРТЫ СÆР Æрæвæрынц æй æртæ кæрдзыны дæле тæбæгъы, йæ бырынкъ фынджы дæллаг кæронмæ. Сæр сфыцынц æмæ йæ ку- вынмæ æрæвæрынц æнæ бинаг æфсæр, æнæ сыкъаты хъузджытæй æмæ æнæ ’взагæй, ома, сæры фæхстæй ахицæн кæнынц, сæры магъз- мæ (зонды гуырæнмæ) бар цы хæйттæ нæ дарынц, уыдон. Сæр хæр- зарыд æмæ хæрзæхсад ныккæнынц, уæлдæр ранымад хæйттæ дзы рахицæн кæнынц, мидæджырдыгæй йæ дæргъмæ афадынц (афаз кæ- нынц), сæрыфæхстæ ма кæрæдзиуыл куыд хæцой, афтæ, æмæ йæ иннæ уæнгтæй хицæнæй сфыцынц. Иуæй-иу хъæуты сæрæн йæ ныхыл кæ- Ю Родники благородства 145
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ нынц дзуар карды комæй, уый аипп нæу, фæлæ фыдæлты иумæйаг æгъдау дæр нæу, чырыстон динмæ дæр ницы бар дары. Куывды фынгып сæры нысаниуæг у, Хуыцауæй адсеймаг цардхъомд- зинадæн цы миниуджытæ куры, уыдон æвдисæг. Уыцы миниуджытæ сты: фидар ссерызонд, сыгъдæг талæнтæ, æрхъуыды семсе зсердсе- ргъæвддзинад. Уымсей уселдай ма алы хъуыддагсен дсер Хуыцауы фсен- дсей фидар, бындурон ссерæвсерсен. Г. КУСАРТЫ БÆРЗÆЙ æвæрдæуы сæры фарсмæ куывды - галиуæр- дыгæй, кæнды - рахизæрдыгæй фынджы асмæ гæсгæ, хатгай бæрзæй сæвæрынц сæрыл, уый аипп нæу. Куывды фынгыл бæрзæйы зындгонд нысаниуæг у Хуыцауæй хъару, тых æмæ фæразондзинад ракурын. Д. УÆН кæнæ зæрдæ æвæрдæуы сæр æмæ бæрзæимæ иу тæбæгъы, сæрæн йæ рахиз фарс кæнæ бæрзæйыл. Фыдæлтæ уæны кастысты та- урæгъон арвайдæны хуызæн æмæ уый руаджы зыдтой, Хуыцау фидæн- мæ адæмæн цавæр æрдзон æмæ æхсæнадон цаутæ (фæзындтæ) нысан кæны, уыдон. Æрмæстдæр куывды кусарты рахиз уæн æвдисы адæмы фидæны хъысмæт, уымæн æй æвæрынц куывды фынгыл. Уæны кæ- сынмæ фыдæлтæ хуыздæрыл нымадтой уæныджы рахиз уæн. Уæны бæсты ма æвæрдæуы зæрдæ, йæ символ - зæрдæ æмæ уды сыгъдæгдзи- над - удварн ракурын. Е. ФИЗОНÆГ раззаг хуылфыдзаумæттæй - кæнынц æрмæстдæр куывды - цины хъуыддаджы кувынæн. Физонæг кæнынц рæуæг, игæр æмæ зæрдæйæ (фæйнæ - 1-2 хайы). Иуæй-иу хъæуты ма уыргæй 1-2 хайы бафтауынц, уыдон дæр, æвæццæгæн, раст кæнынц. Кувгæйæ бад- ты хистæр физонæг йæ къухмæ сисы, иуæй-иу хъæуты бадты хистæр кувы кусартæн йæ базыгæй. Физонæджы хæйттæн сæ хъомыс, сæ аха- дындзинад кусæрттагæн ахъаззаг кæй у, уымæ гæсгæ йæ нысаниуæг дæр у Хуыцауæй ахæм хорзæх ракурын, йæ хъомыс æмæ йын йæ аха- дындзинад бæрзонд æмæ ахъаззаг чи скæна царды. Физонæг чындæуы æртæтигъон хъæдын уæхстыл, фылдæр хатт бæрз кæнæ æхсæрæй. Аипп нæу физонæг æртæтигъон æфсæйнаг уæхс- тыл’ кондæй дæр. Ахæм сæрмагонд уæхст физонæджы фыдхæссæг ко- мытæфæй дæр хизы. 146
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ 3. ФÆРСК ФИЗОНÆГ - мурзæджы хай - кæройнаг æртæ рахиз фæрс- кæй æртæтигъон уæхстыл, кувгæйæ физонæг вæййы дыккаг хистæр- мæ, уазæгмæ. Уыцы физонæг кусартæн йæ хæрзаддæр хай кæй у, йæхи хæйттæ - фæрсчытæ та æнгом фидаргонд кæй сты, уый йын æвдисы йæ нысаниуæг дæр - кувæг адæм Хуыцауæй фæкурынц, кæрæдзийæн сæ адджын куыд скæна, кæрæдзиуыл сæ куыд бæтта, уый. Цæвиттон, Хуыцауæй фæкурынц адæмы иудзинад. Кувгæйæ физонæг уазæгмæ кæй раттынц, уымæй та бахахх кæнынц, уазæг буц кæй у, уый, стæй ма фысымтæ æмæ хуынд адæмы æнгомдзинад. Æхсæмбал (Æхсырфæмбал) физонæгæй нæ куывдæуы, уый у хуымæтæджы хæринаг. И. КУСАРТЫ БАЗЫГ кувгæйæ вæййы æртыккаг хистæрмæ. Базыг, ку- сарты (фосы) буары хæйттæ кæуыл æнцайынц, кæй руаджы змæлынц, йæ къабæзтæн ахæм хъаруджын уæнг кæй у, уый йын бæлвырд кæны йæ нысаниуæг - кувæг адæм Хуыцауæй фæкурынц кæстæрты æмæ хистæрты иудзинад, кæстæртæ хистæртæн базыгау - фидар цæджындз, æнцой. Базыг у фидардзинад æмæ ныфсы символ. Кувгæйæ базыг æртыккаг хистæр сисы, уымæн æмæ иннæ дыууæ хистæрæй хъауджыдæр уый йæ кармæ гæсгæ (кæстæр) фынгыл цы бынат ахсы (хистæртæй кæстæрты ’хсæн), уымæ гæсгæ кæстæртæм (фæсивæдмæ) æввахсдæр у, ома сæ хистæртимæ чи бæтты, ахæм адæй- маг у. Уымæй уæлдай ма æртыккаг хистæр фысымты (хæдзарвæн- даджы) цæджындзæнцæйттæй иу кæй у, уый хынцгæйæ, базыг кув- гæйæ хъуамæ уа æрмæстдæр уымæ, æртыккаг хистæрмæ. Фæстаг азты бирæ хъæуты базыг бадты хистæр кæй сисы, уымæн ницавæр бындур ис. Уыцы фæтк нæ фыдæлтæм нæ уыди. К. БÆГÆНЫ. Нæ рагфыдæлтæ - ирайнаг знæмтæ - Хуыцаумæ куыв- той, тибетаг зайæгойтæй кæй кодтой æмæ Хуыцауы нозт кæй хуыдтой, ахæм хæрзад æмæ æнæниздзинадхæссæг нуæзт - хаомæ. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ хаомæ (инд. сомæ) кодтой хихбæлæсты кæнæ, эфед- ра кæй хонынц, уыцы бæласы къабузтæй. Фæлæ нæ фыдæлтæ - сагты знæмтæ сæ райгуырæн бæстæй цæугæ цардгæнгæ куы адард сты, уæд уыцы нуæзт кæнын байдыдтой хуымæллæг æмæ хъæбæрхоры задæй. Хуымæллæгæн йæ ном дæр равзæрд ариаг дзырд хаомæйы вариант - «хаума æрыакæ»-йæ ома хаомæйагæй. 147
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Фæстæдæр æнусты нозтæн йæ ном дæр ивд æрцыд æмæ йæ хонын райдыдтой астæуккаг азийаг дзырд «баканин»-æй, ома расыггæнæг, уыцы дзырдæй равзæрд бæгæны. Куыд уынæм, афтæмæй Ир Хуыцаумæ бæгæныйæ куывтой æмæ ку- вынц незамантæй нырмæ. Раджы дæр æмæ ныр дæр иннæ кувинæгтау у, адæймаг Хуыцаусей цы хорздзинæдтсе куры, уыдонæй иуы - æнæниздзинады символ. Уымæн баззад фыдселтæй «бсегсены сенсенизы хос у», «бсегсены адсеймагсен дсер барст у семсе Хуыцаусен дсер». Уымсей уселдай, ксей зсегъын æй хъæуы, фыдæлты фæткмæ гæсгæ, уыцы æмбисонды нуæзтæй кувæг лæджы фæфæнды Хуыцауы дæр дзы бахынцын, уымæн банымайы иннæ ку- винæгтимæ бæгæныйы дæр бæрстагыл. Абон Хуыцаумæ кувынæн бæгæныйы бæсты карз нуæзты хуызтæй чи кувы, уый цы бынаты, цы мыггаджы æмæ цы сыхбæсты (хъæубæ- сты) номæй фæкувы, уыдонмæ хæссы Хуыцауы фыдæх. Йæхæдæг та у æнæджелбетт æмæ къуымых адæймаг. Раст кодтой нæ фыдæлтæ, бæгæ- ны-иу куынæ уыд, уæд куывтой къуымæлæй, уый дæр-иу куы нæ уыд, уæд та, æрмæст æртæ кæрдзыны, цæхх æмæ кардæй. Нæ рагфыдæлтæ хаомæйæ (сомæйæ) куы куывтой уæд æй æмхæццæ кодтой хъуджы ’хсыримæ, уый та ууыл дзурæг у, æмæ æхсырæй скувæг- мæ Хуыцау дæр лаз не ’рхæсдзæн, æрмæст æхсыр хъуамæ уа сыгъдæг. Фыдæлтæ карз нуæзтæй Хуыцаумæ - зæдтæм нæ куывтой, фæлæ дзы бæрц зонгæйæ нуазгæ кодтой стæм хатт. Æрмæстдæр-иу бæрæгбо- ны хастой арахъхъ фынгмæ - хæйрæджыты æхсæвы. Л. УÆЛДÆР КÆЙ РАНЫМАДТАМ, уыдонæй уæлдай ма фынгыл æрæ- вæрынц кард æмæ цæхх. Уыдонæн ис сæхи сæрмагонд нысаниуджытæ. (Кæс XV сæргонд «Иуæй-иу ныхæстæ æмæ нысæнтты мидис»). Куывды дæр æмæ марды кæнды дæр фынгыл цы сæр æмæ бæрзæй æрæвæрынц, уыдон хуымæтæджы кусарты сæр æмæ бæрзæй нæ вæй- йынц, уыдон вæййынц Хуыцауы комытæфдзыд кувинæгтæ. Уымæн æмæ кусæрттаг нывондгæнгæйæ кæнæ æргæвдгæйæ нозт, цæхх æмæ кæрдзынæй нысангонд æрцæуы (Хуыцауæй йæ ракурынц æнæ уымæй куывды æмæ кæнды дæр кусарт нæ чындæуы) Хуыцау æмæ, куывд цы дуаджы номыл конд вæййы, уымæн. Æрæвæрынц сæ, кæмфæнды нæ, фæлæ фынгæн йæ тæккæ зынгæдæр, сæйрагдæр æмæ кадджындæр ран - хистæрты раз. Уыцы хъуыддагæй бахахх кæнынц фыццаджыдæр уый, æмæ фынгæвæрд хуымæтæджы бахæрд æмæ бануазыны тыххæй нæу, фæлæ у Стыр Хуыцау æмæ йæ зæдты номыл. Уымæ гæсгæ табу- 148
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ йаг у - хæццæ йæм кæны Стыр Хуыцауы комытæф. Дыккаджы та, æр- цæуæг адæм хъуамæ уыной æмæ зоной, Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм цæмæй куывдæуы, уый. Уыдæттæ хынцгæйæ, сæр æмæ бæрзæй куывды дæр æмæ марды кæнды дæр бадты кæронмæ æвæрд вæййынц фынгыл, цæмæй фынг бадты кæронмæ æварн æмæ æнæ Хуыцауы комытæф ма уа, уый тыххæй. Хистæрæн бар ис бадты кæрон, хъус куы ралыг кæнынц, уый фæстæ сæр æмæ бæрзæйæхæйттæ ракæнын æмæ йæ кæимæ фæнды, зæгъæм, уазджытимæ, науæд иннæ хистæртимæ, саходын (бахæрын), фæлæ фылдæр хатт хистæртæ, сæхицæн нымдгæнгæйæ, уыцы барæй не спайда кæнынц. Бадты фæстæ æфсинтæ сæр æмæ бæрзæй адихтæ кæнынц æмæ дзы арвитынц, сыхы (хъæуы) хистæртæй истæй аххосæй (низ, æхсæнадон ахсджиаг хъуыддаг) куывдмæ (кæндмæ) чи не ’рцæуы, уымæн. Цы ма дзы баззайы, уыдон æрæвæрынц лæггадгæнджыты фын- гыл. Фынгæвæрд та сын скæнынц, сæйраг фынгæвæрдæй адæм куы сы- стынц, фынгтæ куы сисынц æмæ кæрт (хæдзар) куы бафснайынц, уæд. Цины хъуыддаг æнафонмæ куы ахæссы, уæд лæггадгæнджытæн фынгæвæрд скæнынц дыккаг бон, уавæр куыд амона, уымæ гæсгæ. Мар- ды кæнды лæггадгæнджытæ дыккаг бон мæрдджын хæдзармæ фын- гæвæрдмæ нæ цæуынц. Бахæрын, баназыны охыл мæрдджынты хæдзар- мæ æрцæуынц æнæгъдаудзинад æмæ худинаг чи не ’мбары, ахæмтæ. Фынгæвæрд, кæд хойраг, фыдызгъæл, нозт æмæ æндæр хæринæг- тæй иуыл бæркадджын нæ вæййы, уæддæр йе ’гъдæуттæ æмæ йæ фæтк æххæстгонд цæуынц стыр бæркадджын фынгæвæрдау, уымæн æмæ дыу- уæтæн дæр сæ фарн, сæ ахадындзинад сты æмхуызон. Уыцы фæткыл равзарынц кусæрттаг дæр, фæнды стыр уæд, фæнды - къаннæг, сæ фарн иу у. Æрмæст хæрзхъæд уæд, йæ фыдызгъæл та - хуынд адæмы фаг. Иуæй-иу хъæуты фынгтыл кувынмæ æнæмæнг æрæвæринагыл ны- майынц кусартæн йæ иннæ уæнгтæй кæцыдæрты, фæлæ уыцы фæтк фылдæр ирон адæмæн иумæйаг нæу, стæй у æнæбындур. 5. Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын «Адæймагæн цалынмæ йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ иууыпдæр Хуыцауы комытæфæй нæ байдзагуой, уæдмæ йæ куывд (дуа) йæ ныхæстæ ницы давынц.» Н. Рерих Дунейы иннæ адæмтау ирон адæм дæр Хуыцау, зæдтæ æмæ дау- джытæм куывтой æмæ кувынц алы хуызты æмæ алы мадзæлттæй. Æр- вылбоны царды æмæ æхсæнады уавæртæм гæсгæ адæм кувынц канд 149
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ бахъуаджы сахат нæ, фæлæ ма рæстæгæй-рæстæгмæ фидæныл хъуы- ды кæнгæйæ, æмæ афæдзы дæргъы дины æмæ бинонты бæрæгбæтты. Хуыцаумæ кувынæн уавæрмæ гæсгæ ис æртæ хуызы, æмæ се ’ппæт дæр сты ахъаззаг. 1. ДЗЫХЫ НЫХАСÆЙ кæнæ хинымæр æнæ кувинæгтæй. Бахъуа- джы сахат: тæссаг уавæрмæ (цаумæ) æнхъæлмæ кæсгæйæ, йæ райдиа- ны, кæнæ дзы æнæнхъæлæджы бахаугæйæ, хорздзинад æнхъæлцауæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ: бæрæгбоны фынгæвæрдæн амал куынæ вæййы, уæд, хъуыддаджы (куысты) райдианы хинымæрæй скувынмæ. Искуы- дæм цæугæйæ, райсомæй бонырухс фенгæйæ, изæры хуыссын афон æмæ хæрыны размæ фæкувынц Хуыцау æмæ зæдтæм æргом ныхасæй. 2. ДЗЫХЫ НЫХАС ÆМÆ КУВИНÆГТÆЙ (ÆРТÆ ЧЪИРИЙÆ) ÆНÆ ЪДИСÆНТÆЙ - ÆНÆ ХУЫНД АДÆМÆЙ куывдæуы, бинонтæ къаты бон сæхимидæг исты цау куы фæбæрæг кæнынц, уæд, кæнæ бæрæгбонмæ æддагоны куынæ хуындæуы, уæд, зæгъæм, Бынатыхица- уы фынгæвæрдмæ, науæд та адæмы æрхонын фынджы бæркад куынæ амона, уæд. 3. ДЗЫХЫ НЫХАСÆЙ, КУВИНÆГТÆЙ ÆМÆ ’ВДИСÆНТИМÆ - ХУЫНД АДÆМИМÆ. Ахæм куывд скæнынц дины бæрæгбоны кæнæ бинонтæй искæмæн куывд скæнгæйæ. Зæрдылдаринаг у, кувынæн кусарт цы хъуыддаджы акæнынц, уым æнæ ’ртæ чъирийы æмæ æнæ ’вдисæнтæ, ома, æнæ хуынд адæм, нæ куывдæуы. Цины хъуыддаджы фынгæвæрд æмæ хуынд адæм кæм вæййы, уым кувынæн ис сæрмагонд фæтк, æмæ æппæт Иры кувæг адæмæн у иумæйаг. Кусæрттæ цалдæр куы вæййынц иу хæдзарæй, уæд аипп нæу. Уы- донæй кувынæн æрмæстдæр иу саккаг кæнынц. Иу цины хъуыддаджы фынгæвæрдтæ цал раны вæййы, уал хатты скувынц, фæлæ фынгтæ иу ран æвæрд цалдæр рæгъæй куы уой, уæд- дæр чъирикувджытæ вæййынц æртæ хистæры - сæр æмæ бæрзæйы раз чи фæбады, уыдон - бадты хистæртæ. Иннæ фынгты сæ рæгъы хистæрæн чи фæбады, уыдон кувгæ нæ фæкæнынц, гаджидæуттæ та фæуадзынц хистæрты дзыхæй исгæйæ - фæлхатгæнгæйæ. Уыдонæн сæ хæс у æрмæстдæр фынджы æгъдаумæ цæст дарын. Фынгæвæрд кувынмæ цæттæ куы вæййы, лæггадгæнджытæ æмæ хуынд адæм сæ бынæттæ куы бацахсынц, уæд нысангонд афон кувæн- дон ныссабыр вæййы, сабитæ æмæ фæсивæд иууылдæр хæстæг æр- балæууынц хистæртæм, бадты адæм иууылдæр слæууынц (бадгæйæ баззайын худинаг у). Хистæртæ, кувинæгтæй цы æмбæлы, уыдон си- сынц æмæ кувын райдайынц. Фыццаг фынджы хистæр дæргъвæтин куывд (стыр скуывд) ракæны - Иунæг Хуыцаумæ æмæ ма цины хъуыд- 150
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ дагмæ зæдтæ æмæ дауджытæй бар чи дары, уыдонмæ. Уый фæстæ дык- каг æмæ æртыккаг хистæрæн кæд сæ зæрды куывдмæ исты бафтауинаг вæййы, уæд æй бафтауынц, кæннод фæзæгъынц: «Цытджын Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæ, уæ хорзæхæй, нæ хистæры куывд уæм фехъ- уысæд æмæ ацы хъуыддагæн ахъазгæнæг ут!» Кæнæ та: «Дунескæнæг Хуыцау, нæ цардаразæг зæдтæ æмæ дауджытæ, табу уæхицæн уæд, махæн та хорздзинæдтæ ма бавгъау кæнут! (Кувыны алыхуызон вари- анттæ кæс сæргонд «Ус курын æмæ мой кæнын»-ы. Хистæртæ куы фæкувынц, уæд сын сæ алы куывды ныхасы фæстæ кæстæртæ иууылдæр, уазæгæй, фысымæй фæзæгъынц: «Аммен, Хуы- цау!» Æртæ хистæрæй куывд чи фæвæййы, уый аходинаг кæстæртæм авæры. Фыццаг хистæр - бæгæныйы къус, уæллаг чъирийæ комдзаг æмæ физонæджы хай авæры, фынгыл чи нæ бады, уыцы фæсивæдæй искæмæ, уый фылдæр хатт вæййы амменгæнджытæй кæстæр - арæхст- джын лæппу фысымтæй, арæхдæр, фынгыл бадыны кары чи нæма вæййы, ахæм. Дыккаг хистæр бæгæныйы нуазæнимæ фæрскфизонæг æнæхъæнæй авæры, фынджы дæллаг кæрон цы æртæ кæстæры бады, уыдоны хистæрмæ. Æртыккаг хистæр базыг æмæ нуазæн авæры, хистæртæм хæстæгдæр чи бады, уыдонæй искæмæ. Куывд куы фæвæй- йынц, уæд фыццаг сбадынц æртæ хистæры, уый фæстæ - иннæтæ. Ууыл ахицæн вæййы Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скуывд. Ирон дины кувын амоны Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытимæ ком- коммæ ныхас кæнын, фылдæр хатт гом арвы бын. Уыцы ныхас кувæг фæзæгъы уæлибонæй, зæрдæбынæй, æнæ искæй ныхæстæ фæзмгæйæ æмæ фæлхатгæнгæйæ, æдæрсгæйæ, фæлæ удхос курæгау. Кувæг хъуамæ æмбара, кæй номæй кувы (бинонтæ, мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уыдоны раз йе стыр бæрнондзинад. Кувын нæдæр зарæг у, нæдæр æмдзæвгæтæ дзурын, æмæ хъуамæ уа, куыд амал ис, афтæ хуымæтæг ныхæстæй æмæ цыбыр, комкоммæ ныхасæй (2-аг цæсгомы мивдисæ- гæй). 6. Кувыны мидисы ис цыппар сæйраг хайы 1. ХУЫЦАУ, ЗÆДТÆ, ДАУДЖЫТÆМ ТАБУ БАКÆНЫН - сæ бархъо- мыс, сæ цыт, сæ намыс сын зæрдиаг æмæ стауæн ныхасæй бахахх кæнын: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн!» «Тæх- гæ-нæргæ, бæрзондылбадæг æмæ уæлахизхæссæг Уастырджи, нæ табу нын айс, дæ хорзæхæй!» «Дзыллæйæн дунейы рухсæй хайгæнæг Мадызæд (Мады-Майрæм), сызгъæрин тæбæгъты дæм куывдæуæд! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн!» Æмæ афтæ дарддæр, чи куыд арæхсы, афтæ. 151
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 2. КУЫВД (ФЫНГÆВÆРД) ЦÆЙ ОХЫЛ У, УЫЦЫ ХОРЗДЗИНАД ХУЫЦАУ, ЗÆДТÆÆМÆДАУДЖЫТÆЙРАКУРЫН, сæ бар, сæ хъомыс цæуыл (кæуыл) æххæссы, уый хынцгæйæ. «Дæ хорзæхæй, не Сфæл- дисæг Хуыцау, ацы сабийы цардамондæй хайджын фæкæн!» «Лæппу - лæггæнæг, байраджы - дугъон, Уастырджи, царды фæндæгтыл нæ уæлахизмæ кæн! Ацы сабийы царды гуыргъахъ фæндæгтыл æнæныфс, æнæхсар ма ныууадз! Табу дæхицæн!» «Сызгъæрин Мадызæд (Ма- ды-Майрæм), йе уæнджы йын уынд, конд æмæ æнæниздзинад бауадз!» «Рæдау Фæлвæра, дæ лæвæрттæй Хуыцаумæ кувынæн аккаг кусæрттæ куыд кæнæм, уыцы хорз нын ракæн!» «Бæркадхæссæг æмæ фыдбылыз сафæг Мыкалгабыртæ, мæнæ цы хæдзары кувæм, уый æбæркад куыд никуы уа, бинонтæ та фыдбылызæй хызт куыд уой, ахæм хорз сын ракæнут!» 3. ХУЫЦАУ ÆМÆ МА ЗÆДТÆЙУ КУВИНÆГТÆ КÆЙ НОМЫЛ КОНД СТЫ (КÆМÆ СÆ КУВЫНЦ), УЫДОНÆН СÆ БÆРСТАГ СКÆ- НЫН ÆМÆ СЫН СÆ БАХЪАРЫН. «Хуыцау, Фæлвæра, ацы бæркæд- тæ нæ сыгъдæг удты фæллойæ сты æмæ сымахæн барст уæнт!» «Стыр Хуыцау, Сыгъдæг Мады-Майрæм, ацы хойраг, фыдызгъæл æмæ бæгæ- ны сымах номыл сцæттæ кодтам æмæ уын барст уæнт, мах та сæ фар- нæй хайджын фæкæнут!» 4. ХУЫЦАУÆЙ ХАТЫР РАКУРЫНУ КÆЙ НОМÆЙ КУЫВДÆУЫ, УЫЙ РÆДЫДТЫТÆ ÆМÆ АИППЫТЫ ТЫХХÆИ «Хуыцау, ацы бæлццон дунейыл кæд истæмæй дæ разы азымджын у, уæд ын, дæ хорзæхæй, ныббар!» 7. Гаджидæуттæ Гаджидæуттæй æмæ сидтытæй иу дæр ахæм нæй, æнæмæнг бануа- зын кæй хъæуы. Сидт кæмæ ’рхæццæ вæййы, уый йæ нуазæнæй аходгæ кæны кæнæ - нуазгæ, уый йæхи хъуыддаг у. Сидты нуазæнтæ се ’ппæт нуазын у æнæуагдзинад. Кæнды дæр æмæ куывды дæр бахæрын æмæ бануазын сæйраг не сты. Куывды фынгыл кувинæгтæ куы æрæвæрынц æмæ Хуыцауы ном куы ссарынц, уæд уый фæамоны, Хуыцауы тавиц, Хуыцауы цæстæнгасæй бадты адæм цух кæй не сты, уый. Уыцы хъуыд- даг бадты адæмæй иуæй дæр хъуамæ рох ма уа. Цалынмæ хистæр сидт фæуадзы, уæдмæ бадты адæмæй йæ дзых- мæ комдзаг ничи хæссы, иууылдæр бадынц æдзæмæй. гаджидау, кæнæ кæнды рæгъ лæугæйæ, кæнæ бадгæйæ. Цалынмæ хистæр гаджидау фæуадзы, уæдмæ бадты адæмæй йæ дзыхмæ комдзаг ничи хæссы, иууылдæр бадынц æдзæмæй. 152
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ Фынджы хистæры сæйрагдæр хæстæй иу у бадты рæстæг фæлгæты дарын, æгæр дæргъвæтин бадты фарн нал вæййы. Хистæр уавæрмæ гæсгæ цал сидты кæны, уый йæхи хъуыддаг у, æр- мæст æртæйæ къаддæр нæ вæййынц. Куывд цы зæд, цы дуагæн конд вæййы, уый номыл: - кæд куывд нæлгоймагæн кæнæ бæлццонæн конд вæййы, уæд - Уастырджийы номыл - кæд сылгоймагæн конд вæййы, уæд - Мадызæды (Мады-Майрæмы) - сылгоймæгты бардуаджы номыл; - куывд кæмæн конд у, уый (уыдон) цардамондæн; - уазджытæ æмæ бæлццæтты цардамондæн, кæд бадты адæмы ’хсæн уазджытæ ис, уæд: - сыхбæсты, хъæубæсты цæрæнбоны тыххæй; -фысымты, хæдзары бинонты цардамондæн, кæд куывд иумæйаг вæййы, уæд та сыхбæстæй, хъæубæстæй алкæй бинонты цардамондæн; - кæстæрты, рæзгæ фæлтæры цардамондæн; - Иры дзыллæйы фарн æмæ намысæн; - фынгæвæрд цы хæдзары ис, уыцы хæдзардарæг кæд æгас нал вæййы, афтæмæй йын йæ кой ракæнынц - æрымысынц æй, уæд ын хицæн рæгъæй рухсаг фæзæгъынц, фæлæ йын хæлар ницы чындæуы æмæ йын рухсаггаг нозтæй дæр не ’ртагъдæуы; - бæркадхæссæг зæдтæ æмæ дауджыты (Уацилла, Фæлвæра æмæ Мыкалгабырты) номыл. Ацы сидтытæй фыццаг æртæ нымад сты, æнæмæнг рауадзын кæй хъæуы, уыцы сæйраг сидтытыл. Иннæ сидтытæй хистæрæн йæ бон у кæцыдæр нæ рауадзын, æндæрæй йæ баивын, æндæр хуызы йæ рауа- дзын. Сидтытæ бануазыны тыххæй цы бадты фæуадзынц, уый вæййы хынджылæггаг бадт, - Хуыцауы фыдæхмæ сидæг. Куывды æмæ æндæр цины хъуыддаджы сæрмагонд сидт никæй тыххæй уагъдæуы, кæд куывд - цины хъуыддаг - уымæн конд нæу, уæд, фæлæ, кæд бадты адæмы ’хсæн ахæм адæймаг ис, Ирыстонæн кæнæ хъæубæстæн стыр ном æмæ цыт чи скодта, уæд уый цардамон- дæн сæрмагонд сидт рауадзын аипп нæу. Бадты хистæрæн йæ бон у дыккаг æмæ æртыккаг хистæрæн фæйнæ сидты бар раттын, фæлæ йæ рæгъы уæддæр хистæр ауадзы, йæ нуазæн дæр фыццаг уый бануазы кæнæ дзы ацаходы. Дыккаг кæнæ æртыккаг хистæр куы фæсиды, уæд йæ бынатæй сы- сты, йæ сидт цæй фæдыл у, уый фæзæгъы, стæй банхъæлмæ кæсы, ца- лынмæ йæм рæгъ æрхæццæ уа, уæдмæ, стæй лæугæйæ йæ дæле бадæг кæстæртимæ къуырццæй кæнæ æнæ уымæй (бадты къуырццæй нуазы- 153
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ны хæс никæуыл ис) бануазы йе та дзы саходы. Хистæрæн арфæ ракæ- ны, сидыны бар ын кæй радта, уый тыххæй, стæй сбады. Гаджидау цæйфæнды охыл куы уа, уæддæр бадты хистæр куы нæ сыста, уæд стын никæмæн æмбæлы. Рæгъ рухсаджы тыххæй куы ра- уадзынц, уæд уый хæдфæстæ кæстæрты, фæсивæды цардамонды охыл гаджидау нæ уагъдæуы. 8. Арфæйы - кады нуазæнтæ æмæ хæйттæ Арфæйы (кады) нуазæн у адæймагæн йæ хорз ракæнды тыххæй буц хæрзиуæг, ома йæ сбуц кæнын, арфæ йын ракæнын, адæмæн ын йæ хорз ракæнд, йæ хорз хъуыддæгтæ радзурын. Арфæйы нуазæнæн лæвæрдæуы исты нозты мыггаг - бæгæны, арахъхъ, сæн, коньяк æмæ æндæр ахæмтæ агуывзæйы, сыкъайы, къу- сы. Хи равдисыны охыл æнæхъæн авджы дзаг кæнæ фылдæр истæй мидæг арфæйы нуазæн, кæд гæнæн ис, уæд нæ лæвæрдæуы, уый æнæ- фенддзинад у, бадты нозтхъуаг ничи вæййы. Иры дзыллæмæ кæддæриддæр арфæйы нуазæн кадджын уыди æмæ йын кодтой стыр аргъ, хуымæтæджы-иу нæ загътой фыдæлтæ: «Ирон нуазæн - кады нысан», кæнæ «Нуазæны кад æмæ паддзахы хæрзиуæг иу сты». Арфæйы нуазæн саккаг кæнынц адæмæн стыр хæрзты бацæуæ- гæн, уазæгæн, хъæбатырдзинад æмæ куырыхондзинад равдисæгæн, дард балцæй æрцæуæгæн, хæстæгдзинад æмæ хæлардзинад сфидар кæныны охыл. Нуазæн лæвæрдæуы аходæн хаимæ. Аходæн хайæн æрвитынц фы- дызгъæлы хай - сгуы, базыг, мæкъуыстæг кæнæ фæрсчытæ иу кæнæ ’ртæ. Нуазæн сылгоймаджы номыл куы фервитынц, уæд хайæн нывæрынц адджинаг - чъирийы хай, шоколад кæнæ æндæр къафеттæ. Нуазæн æнæ хайæ æрвитын аив нæу, фæлæ нуазæн æд хай бадты хистæртæм куы бахæссынц, уæд хай авæрдæуы дыккаг кæнæ æртыккаг фынгмæ. Куывды хистæртæ сæрмагонд нуазæнтæ - арфæйы нуазæнтæ æр- витынц: - куывд кæмæн скæнынц, уымæн; æрбахонынц æй фынгмæ, арфæ йын ракæнынц, стæй йын уæд нуазæн раттынц; - æфсинтæн æмæ лæггадгæнджытæн - фæйнæ нуазæны (сылгой- мæгтæн æмæ нæлгоймæгтæн), æфсинтæм уый фæстæ арфæ кæнынмæ ничиуал фæцæуы, уый фыдæлтæй нæ баззад; - кæд хæдзары хистæртæй исчи ’нæфæразгæ у æмæ цины хъуыд- даджы йæ бон архайын нæу, уæд уымæ хистæртæ арфæ кæнынмæ ба- цæуынц; - кæд куывды уазджытæ ис, уæд уыдонæн - нæлгоймæгтæн хи- 154
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ цæнæй, сылгоймæгтæн дæр хицæнæй. Кæд бирæ нæ вæййынц, уæд се ’ппæтæн дæр фæйнæ нуазæны барвитынц; - кæд куывды архайджыты ’хсæн исчи ис, Ирыстонæн стыр хæрзты чи бацыд, ахæм зындгонд адæймаг, уæд уымæн раттынц арфæйы нуазæн. - бадты кæстæртæн иу, науæд æртæ нуазæны; - хъазты архайæг фæсивæдæн æртæ нуазæны алыхуызон нозтытæй, уыдонæй иу - фæндырдзæгъдæгæн, иу - нæлгоймæгтæн, иннæ та - сылгоймæгтæн. Фынгæй хистæры æвастæй нуазæн арвитын никæмæн æмбæлы, нуазæнтæ чи фæхæссы, уыдон сæ рагацау сцæттæ кæнынц, хистæры размæ бацæуынц, æмæ сын уый бамбарын кæны, кæдæм, цæй тыххæй æмæ кæмæн, стæй фæзæгъы, кæй номæй сæ æрвиты, уый. Иумæйаг куывды фынгмæ нуазæнтæ хæссыны бар ис хистæр кары адæймæгтæн, уый дæр сыхбæсты, хъæубæсты номæй. Ахæм нуазæны аккаг вæййы, æппæт сыхбæстæн, хъæубæстæн кæнæ Иры дзыллæйæн кад æмæ ном чи скæны, лæгдзинад чи равдисы, ахæм адæймаг. Хицæн адæймæгтæ сыхы, хъæуы куывды сæхи номæй нуазæнтæ нæ дæттынц. Арфæйы нуазæн фынгмæ кæмæнфæнды куы ’рбахæссой, уæддæр æрлæууынц хистæры рахиз фарс, хатыр дзы ракурынц, стæй йæм ба- хатынц, нуазæн кæмæн æрбахастой, уымæн æй цæмæй радтой, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы хистæр æнæвдæлон куы вæййы - (кувы, таурæгъ кæны, зары кæнæ сиды), уæд æм банхъæлмæ кæсынц. Уый- фæстæ сæм хистæр йе ’ргом раздахы æмæ сын фæзæгъы: «Табуафси, уазджытæ, уæ зæгъинаг нын зæгъут!» кæнæ: «Уæ хорзæхæй, мæ хуртæ, гъеныр уын ныхасы бар ис!» Нуазæн æр- бахæсджыты хистæр, бадты адæм æй куыд хъусой, афтæ ныхас кæнын райдайы. В а р и а н т: «Фарн уæм бадзурæду Хуыцаумæ кувсег хорз адæм! Ацы фсерныг фынгылуе ’хссен бадыу фарон Иры дзып- лсе усеззау уавсеры куы бахаудта, усед ын йсезсердсейы хъарм æмсе йæ исбон чи нсе бавгъау кодтау сецсег ирон лседжы удыхъæд чиравдыстау гъе уыцы Хуыца- уы уарзон лсег Гусаты Дохцыхъойы фырт Гадсекко, семсе йсе цсерсенбон бирсе усед! Гадсеккоу Стыр Хуы- цау семсе дсе Уастырджийы хорзсех усед! Дсе усездан- дзинад семсе дсе лсегдзинад Иры дзыллсейсе рох куыд никуы уойу дунесксенсег Хуыцау нын ахсем зондахаст раттсед! Ацы кадджын нуазæнсей дын хъсеуы фсе- сивсед арфсе ксенынцу не ’ппсеты зсердсе дын зæгъы домбай æнæниздзинад. Табуафсиу райс æй!» 155
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Искæй куывды, бадты, хистæр нæ уæвгæйæ, нуазæнтæ дæттын аив нæу - нæ лæвæрдæуы нæдæр æфсинтæн, нæдæр уырдыглæуджытæн, нæдæр фынгмæ хæстæг лæууæг адæмæй искæмæн. Нуазæн раттыны бар ис æрмæстдæр бадты æртæ хистæрæн, кæнæ уыдон бардзырдмæ гæсгæ. Фынджы хистæр уазджытæн æмæ кæстæртæн фыццаг нуазæнтæ радта æви сæ цардамондæн гаджидау рауадза, уый йæхи хъуыддаг у æмæ йæм лаз æрхæссæн нæй. Кæстæртæн цалынмæ хистæртæ арфæ ракæной, ома сæм нуазæнтæ радтой, уæдмæ кæстæртæн хистæртæм нуазæн æрбахæссын не ’мбæлы. Кæстæртæ хистæртæн нуазæн куы фæдæттынц (хистæрты арфæйы нуазæнæн дзуапп), уæд æртæйæ сыстынц æртæ нуазæнимæ, хистæрты размæ бацæуынц æмæ сын сæ кармæ гæсгæ (кæстæрты хистæр бадты хистæрæн, дыккаг кæстæр - дыккаг хистæрæн, æртыккаг - æртыккаг хистæрæн) нуазæнтæ раттынц. Хистæртæ кæстæрты агуывзæтæ раз- дахынц ривадæй - нуазæнтæ сын нал фæдæттынц. Кусарт цы хъæлдзæгдзинады вæййы, уым бадты хистæртæ кæстæртæн раттынц сæрмагонд хай - кусарты рахиз хъус. Уыцы кадджын хайæн йæ нысаниуæг у, хистæртæ кæстæрты уæздандзинад æмæ лæгдзинадæй разы кæй сты, уый бахахх кæнын æмæ сын арфæ ракæнын, сæ зонд, сæ хъуыдытæй хистæртæн ныфс кæй сты, уый фæдыл. Хистæртæ кæстæртæн хъусы хай фæдæттынц, бадты кæрон- мæ ма дыууæ-æртæ гаджидауы куы баззайы, уæд, сæрмагонд нуазæ- нимæ, иуæй-иу рæтты хистæр сæрмагонд нуазæны бæсты хъусы хай кæстæртæн ратты сæ кæстæрæггæгтимæ - арфæйы нуазæнтимæ, æмæ уый дæр, чи не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг нæу. Хъусы хай раттынæн ис сæрмагонд фæтк - æртыккаг хистæр кæнæ уырдыгыстæг бадты хистæры бардзырдмæ гæсгæ кусарты сæрæй ра- хиз хъус йæ рæбыныл ралыг кæны, стæй йæ йæ рæбынæй дæргъыр- дæм кардæй æртæ уадздзаджы акæны, цæхх ыл æрызæры æмæ йæ æд нуазæн (иу нуазæн) бадты хистæрмæ ратты. Хистæр хъус æд нуа- зæн райсы æмæ йæ, фынджы сæрты лæгæй-лæгмæ дæтгæ, кæстæр- ты хистæрмæ (дæле ранымайгæйæ æртыккаг кæстæрмæ) авæры ар- фæтимæ. Хъыгагæн уыцы фæтк рохы баззайы. Кæстæрты хистæр бадты хистæрæй хъусы хай æд нуазæн райсы, йæ дæле цы дыууæ кæстæры бады, уыдон æд нуазæнтæ сыстын кæны (нуазæг æмбæлттæн), хъусы хайæ сын фæйнæ уадздзаджы ратты æмæ хистæртæн раарфæ кæны. В а р и а н т: «Нсе усездан, нсе буц хистæртсе, дунесксенсег семсе дуне дарсег Стыр Хуыцауы хорздзинседтсей хайджын ут! Табу йсехицсен! Бирсе азты дсергъы 156
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ ма махсен зондамонæг, уынаффæгæнæг, уæлебадæг куыд уагпу ахæм хорз уын Стыр Хуыцау ракæнæд! Махæй тауæ ныфс куыдуа, уæ сæр нæ бæрзæндты куыд хæссат, ахæм хъару нын Хуыцау раттæд!» Нуазæг æмбæлттæ хъусы хай æмæ арфæйы нуазæны фæдыл дæргъвæтин ныхас нæ кæнынц. В а р и а н т: «Стыр Хуыцау, нæ хистæрты аккаг уæздандзинад æмæ хъару нын ратт!» «Хуыцауæй арфæгонд ут, нæ буц хистæртæ!» «Стыр Хуыцау, нæ хистæр- ты фарн нын макуы фесаф!» Уый фæстæ нуазæнтæ иумæ бануазынц кæнæ дзы ацаходынц, хистæртæм та фæстæмæ дзаг сыкъа, агуывзæ раттынц æнæ хайæ. Хъус ралыг кæныны æгъдау марды кæнды дæр ис, æрмæст уым хъус ралыг кæнынц, бæркады рæгъы хæд размæ, кæстæрты цæрæнбо- ны рæгъ (сидт) уыдис æви нæ, уый нæ хынцгæйæ. Уæлдæр куыд ба- фиппайдтам, афтæ хъус ралыг кæнынц, дыууæ уадздзаджы йæ фæкæ- нынц, цæхх ыл æрызæрынц æмæ йæ фæстæмæ сæрыл кæнæ бæрзæ- йыл æрæвæрынц. Кæнды хъусы хай кæстæртæм нæ лæвæрдæуы, уый, уæлæуыл цы кæстæртæ ис, уыдонмæ нæ хауы. Бадты адæмæй искæмæн арфæйы нуазæн куы æрбахæссынц (рат- тынц), уæд слæууы, нуазæн райсы, йе ’рбарвитæг æмæ йæ чи ’рбахаста, уыдонæн арфæ ракæны. Нуазæн бануазы кæнæ дзы ацаходы, сыкъа, агуывзæ нозтæй байдзаг кæны æмæ йæ, чи æрбахаста, уымæ фæстæмæ ратты. Арфæйы нуазæн сылгоймаг куы ’рбахæссы, уæд сыкъа фæстæмæ здахын хъæуы ривадæй, фæлæ бузныгадимæ, кæд дæ уавæр амоны, уæд. (Кæс сæргонд «Хи дарыны уагæвæрдтæ»). Бадты, хъазты кæнæ æндæр искуы арфæйы нуазæнтæ цалдæр куы вæййынц, уæд нуазæнæн фыццаг арфæ ракæны æмæ йæ нуазгæ дæр бакæны хистæр, кæд æмæ, нуазæнтæ кæмæн æрбахастæуыд (рардæуыд), уыдоны ’хсæн сылгоймаг ис, уæд арфæ фыццаг ракæны уый, стæй нуа- зæн йæхи бæсты æндæрмæ - нæлгоймагмæ ратты, кæнæ дзы саходы, кæд, сылгоймагæн нуазын кæмæй æмбæлы, ахæм нозт у, уæд æй нуазгæ дæр бакæны. Уыйфæстæ раарфæ кæны, нæлгоймæгтæй нуазæнтæ кæмæ ис, уыдоны хистæр, æмæ йæ нуазæн бануазы кæнæ дзы саходы. Бадты адæмæй искæмæн арфæйы нуазæн куы раттынц æмæ, цы нозт нæ нуазы, ахæм куы вæййы, уæд æй баивы æндæр нозтæй кæнæ дзы саходы, уый аипп нæу. Дыууæ, æртæ хистæры искæмæты иумæ нуазæнтæ куы раттынц, уæд фыццаг арфæ дæр æмæ нуазгæ дæр бакæны, бадты хистæры нуа- зæн кæмæ рардæуы, уый. Иу адæймаг нуазæнтæ цалдæрæн куы ратты 157
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ (зæгъæм, бадты хистæр æмбæлæггæгтæ кæнæ уазæггæгтæ), уæд фыццаг арфæ дæр ракæны æмæ нуазгæ дæр бакæны, нуазæнтæ райсджытæй хистæр чи вæййы, уый. Нуазæнтæ æрбахæсджытæй исчи сылгоймаг куы вæййы, уæд фыццаг арфæ дæр ракæнынц уымæн æмæ нуазгæ дæр бакæнынц уый нуазæн. Цины хъуыддаджы бадты хистæртæ кæстæртæн нуазæн куы авæрынц, уæд сын бар раттынц хъазтмæ ацæуынæн, семæ та сын арви- тынц арфæйы нуазæнтæ хъазты уæвæг фæсивæдæн. Кæстæртæ фæка- фынц, фæзарынц, стæй æнæмæнг фæстæмæ фынгмæ æрбаздæхынц. (кæс сæргонд «Ус курын æмæ мой кæнын»). Сæ хистæр бадты хистæрæй бар райсы, цæмæй фынгтыл сæ бынæттæ бацахсой. Лæггадгæнджытæн, æфсинтæн, кæрдзынгæнджытæн æмæ хæдзары кардзыд хистæртæн бадты хистæртæ фынгæй арфæйы нуазæнтæ куы арвитынц, уæд сæм бадты фæстæ арфæтæ кæнынмæ цæуын фыдæлтæй нæ баззад æмæ хъæугæ дæр нæ кæны, уый хистæры ’фтауы цæсты. Куывдæй, кæхцгæнæнæй, чызгæрвыстæй, хъабахъы хæрнæгæй ар- выстæуы сæрмагонд хæйттæ. Сæрмагонд хæйттæ рагацау сцæттæ кæ- нынц æфсинтæ кæрты уынаффæгæнæг бæрнон хистæры кæнæ хæдза- ры хицауы амындмæ гæсгæ æмæ сæ кæстæртæй искæимæ арвитынц. Сæрмагонд хæйттæ æрвыстæуы: - сыхбæсты (хъæубæсты) хистæр нæлгоймаг æмæ хистæр сылгой- магæн, бæрæгбонмæ цæуынхъом чи нæ вæййы, уыдонæн; - мыггаджы (хæдзарвæндаджы) хистæр нæлгоймаг æмæ хистæр сылгоймагæн, бæрæгбонмæ цæуынхъом чи нæ вæййы, уыдонæн; - хæстæг сыхæгтæй хуысгæ рынчын чи вæййы, уымæн. Кæй ранымадтам, уыдонæн сæрмагонд хæйттæ арвитынц се ’нæ- низдзинадмæ гæсгæ, кæнæ вазыгджын æхсæнадон хъуыддаг кæнгæйæ сæ бон куывдмæ æрцæуын куынæ вæййы, уæд. Сæрмагонд хæйттæ æндæр хъæутæм не ’рвыстæуы. Сæрмагонд хайæн æрвыстæуы: иу чъири, фыдызгъæлы хай, иу лит- ры ’рдæджы бæрц карз нозт кæнæ бæгæны. Сылгоймагæн та - адджын чъирийы иухай, фыдызгъæл, адджын нозт, къафеттæ кæнæ дыргътæ. Уымæй уæлдай ма дард бæлццæттæн нывæрынц фæндагмæ хæйттæ (фыдызгъæлы хай кæнæ æнæхъæн уæнг, иу кæнæ æртæ чъирийы, бæ- гæны кæнæ æндæр нозт литры бæрц). Нывæрынц æрмæст, Ирыстонæй фæсарæнтæм, зæгъæм, Сомихмæ кæнæ Гуырдзыстонмæ хуынд адæмæй чи фæцæуы, уыдонæн. Фæндагмæ хæйттæ цæвæрынц бахæрынæн, уы- дон нæдæр кувинаг сты, нæдæр фæдзæхсæн. Фæндагмæ хæйттæ курын кæмæйфæнды дæр æмæ кæмæнфæнды дæр у æдзæсгомдзинад, марды кæндæй ракурын та - аллайаг хъуыддаг. 158
ИРОН ФЫНДЖЫ ÆГЪДÆУТТÆ Марды кæндæй, æрмæст нæфæразгæ мыггаджы хистæрæй дард- дæр, нæдæр фæндагмæ нæдæр хæдзармæ хæйттæ нæ чындæуы. Цины хъуыддагæй мын хай нæ бакодтой, кæнæ мын арфæйы нуа- зæн нæ радтой, зæгъгæ, уый тыххæй хъаст кæнын аив нæу. Хай кæнæ нуазæн ракурын та æнæуагдзинад у. 9. Куывд æнæ хъæлдзæгдзинад нæ фидауы Музыкæ, зард, кафт æмæ хъæлдзæг хъæзтытæ цы цины хъуыд- даджы нæ вæййынц, уый вæййы æнæзæрдæмæдзæугæ æмæ фæлгъуыз. Æрмæст бахæрын æмæ баназыны охыл адæмы æрхонын у æнæфенд- дзинад. Ирон куывд, ирон чындзæхсæв, ирон бæрæгбонæн йæ рæсу- гъддзинад, йæ фарн хъæлдзæгдзинады ис æмæ, уый хынцгæйæ цины хъуыддаг аразгæйæ, фысымтæ хъуамæ лæмбынæг ахъуыды кæной, цы хуызы æмæ цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй хуынд адæм иууылдæр цинхуыз, хъæлдзæг уой, уый тыххæй. (Кæс сæргонд «Ус ку- рын æмæ мой кæнын»). Циндзинад хъуамæ уа бæрæгбонæн йæ алы ми, йæ алы архайды дæр. Кæд уыди фыдæлтæм, æмæ куывды фынгæй зарæг æмæ нуазыны цагъд нæ хъуыстаид, хъæлдзæг ныхас кæнæ æмбисонды таурæгъ дзы нæ рачындæуыд? Фынджы уæлхъус фыццаг ныззарынц хистæртæ дыууæ, æртæ га- джидауы фæстæ, стæй йæ кæстæртæ айсынц. Фылдæр хатт уый вæй- йы Уастырджийы зарæг. Кæстæртæ хистæртæм арфæйы нуазæнимæ куы ’рбацæуынц, уæд семæ æрбахонынц фæндырдзæгъдæджы æмæ ма иуæй-иу хатт зарæгамонæджы дæр, цæмæй хистæртæн нуазыны цагъд æмæ «Айс æй, аназ æй» акæной, уый тыххæй. Цины хъуыддаджы хъазт бауромыны бар ис, æрмæстдæр кæрты хистæриуæг чи кæны, уымæн. Удавдзæг, зарæг æмæ хъазт бауромынц, æр- мæстдæр хистæртæ кувгæ кæнæ фысымтæн арфæ куы фæкæнынц, уæд. Цæмæй бадты хистæртæ æмæ уазджытæ кæрæдзи ныхас хъусой æмæ ма сфæлмæцой, уый охыл, кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд хъуамæ фæндырдзæгъдджытимæ (ансамбылимæ) уой хицæн рæтты. Фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой, мардæрцыд æмæ цины хъуыддаг фæрсæй-фæрстæм цæуынц, зæгъгæ. Сыхбæстæй, хъæу- бæстæй искæйы хæдзары æнæфснайд (æнæныгæд) мард куы вæй- йы, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, цалынмæ æфснайд æрцæуа, уæдмæ хъæлдзæгдзинадæн уæвæн нæй. Фæлæ мард æфснайд куы ’рцæуы, уæд мæрдджын мыггагæн сæ хæс у, цины хъуыддаг цы хæдзары уа, уырдæм минæвæрттæ барвитын æмæ сæм æрхатын, уæ хъуыддаг, уæ 159
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ циндзинæдтæ, куыд снысан кодтат, афтæ кæнут, зæгъгæ. Уыцы хъуыд- дагыл зæрдиагæй фæархайынц сыхбæстæ, хъæубæстæ. Уый та уымæн, æмæ æнæ мардæрцыд æмæ æнæ мардыкæндтæ иу хъæубæстæ дæр нæ вæййы, æмæ кæрæдзийы уавæр куы нæ хынцой, уæд хъæлдзæгдзинад- мæ рад никуы ’рхаудзæн, йæ кой дæр нал уыдзæн. Уымæн-иу загътой нæ фыдæлтæ, цин æмæ зиан æфсымæртæ сты, зæгъгæ. Ахæм цины хъуыддæгтæ, зæгъæм: чызгæрвыст, чындзхаст, хъæу- гуывд, фыццаг кæхц, уыдон арæх нæ вæййынц, æмæ сæм бинон- тæ-фысымтæ - мæйгæйттæ сæхи фæцæттæ кæнынц. Уымæ гæсгæ мæрдджынтæ сæ сыхæгты уавæры бацæуынц æмæ сын бар раттынц. В а р и а н т: «Цоколаты усездан мыггагу усе хъуыддæгтсе уæхи фæндиаг уæнт æмæ Стыр Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæнту табу йæхицæн! Уæ фæрнæйдзаг кæр- ты циндзинады артдзæст макуы ахуыссæд! Нæ хъæубæстæн мах мардæрцыд Хуыцау æгъгъæд скæнæд! Фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой: «Мардæрцыд æмæ цины хъуыддаг æфсымæртæ сты». Цалынмæ нæм чындзæхсæвтæ уау уæдмæ ноггуырдтæ дæр уыдзæн, ноггуырдтæ цалынмæ уойу уæдмæ та æнæ мардæрцыд нæ уыдзыстæм. Мах уæ нæ мыггаджы номæй курæму табуафси, мæнæ цы дыууæ сабийы амондмæ кувут æмæ цин кæнуту уый сын ма батар кæнут! Уыцы хъуыддаг амæлæг удмæ дæр æмæ Хуыцаумæ дæр раст нæ фæкæсдзæн. Æнæ мардæрцыд никæд уыдзыстæм æмæ алы мардæрцыдæн дæр нæ фыдæлты æгъ- дæуттæ куынæуал кæнæму уæд нæ ферох уыдзы- стыу æмæмауæд цæй ирон адæм уыдзыстæм. Уæ хорзæхæй, уæ нындзæхсæв фæндырдзагъд æмæ зарæгæй срæсугъд кæнут!» Ирон фынг Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувынæн у, йæ фарн æмæ йе ’фсарм æгæрон сты. Уымæ гæсгæ алы ирон адæймагæн дæр хæс у фынджы æгъдæуттæ хорз зонын æмæ сæ æххæст кæнын.
КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ 1. Цы сты кувинæгтæ? Ир кувгæ цæмæйдæриддæр кæнынц, уыдон, уæлдæр куыд сбæл- вырд кодтам, афтæмæй иууылдæр сты, адæм сæ цардхъомдзинадæн Хуыцау æмæ зæдтæй цы ахъаззагдæр хорздзинæдтæ курынц, уыдонæн сæ дзырдгонд нысæнттæ (символтæ). Уымæй уæлдай ма сæ кувæг Хуы- цау, зæдтæ æмæ дауджытæн фæхъары: «Фен мæ уды фæллой, барст дын уыдзæни», ома дын рис, низ не ’рхæсдзæн, бæззон дын уыдзæн. Æмæ æцæгдæр уыцы кувинаг бæркæдтæ цæмæй барст æмæ хæлары бæркæдтæ уой, уый тыххæй сæ скæнынц хи удвæллой, сыгъдæгзæрдæ, сыгъдæг хъуыдытæ æмæ сыгъдæг къухтæй, рæсугъд. Уыцы бæркæдтæ иууылдæр вæййынц, æвзаргæ хойрæгтæй, хызт вæййынц фыдхæссæг комытæфæй. Æркæсæм-ма, цы хуызы æмæ цæмæй сцæттæ кæнынц бæркæдтæ. 2. Æртæ кæрдзыны (чъирийы) Нæ рæстæджы фылдæр адæм кувгæ цы хойрагæй кæнынц, уыдон сты æртæ хуызы: æртæ кæрдзыны - æртæ тымбыл чъирийы - Хуыцауы номыл, æртæ ’ртæдзыхоны - зæдты номыл, иу æртхурон - гуыдын - Хуыцауы номыл. Алы кувæг дæр уыцы кувинæгтæ кæны, йæ амæлт- тæ цæмæй амонынц æмæ цы ’мбæлы, уымæй: мæнæу, хлепа, хъæ- бæрхор кæнæ нартхоры ссадæй, æнæ дыдагъæй - кæрдзынтæ (дзул- тæ), кæнæ дыдагъæй - хæбизджынтæ, чи донгондæй, чи та æнхъызт хыссæйæ. Уыцы хойрæгтæ фыцгæ дæр кæнынц, йæ уавæртæ кæмæн куыд амонынц, афтæ: чи уæливых кæны, чи фæныквых, чи та фыцы нырыккон электрон æмæ газын пецты. Уый, чи ’мбæлы, ахæм хъуыд- даг у. Хæбизджынтæн сæ мидæг цы вæййы - уый дæр, кæмæн йæ арм куыд фæамоны, афтæ - уæлибæхтæ (цыхтджынтæ), цæхæраджынтæ, 11 Родники благородства 161
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ насджынтæ, къабускаджынтæ, хъæдурджынтæ, хъæдындзджынтæ, давонджынтæ, ома, цæмæй æмбæлы кувын, уыдонæй исты. Кувын та ’мбæлы урсаг æмæ зайæгхалæй конд хæбизджынтæй. Нæ куывдæуы фыдджынтæ æмæ фиуджынтæй. Кæй ранымадтам, уыцы чъиритæн сæ мидæг фылдæр хатт вæййы цыхтимæ, фæлæ ком чи фæдары, уыдон цыхт нæ февæрынц, стæй, йæ амал кæмæн нæ вæййы, уыдон дæр. Нæ рæстæджы фылдæр адæм кувынæн кæнынц уæларты кæнæ ны- рыккон духовкæджын пецты фых, æнхъызт хыссæйæ конд уæлибæхтæ (уæливыхтæ). Кувинаг æртæ уæлибæхæн рæстæмбис нымадæй хъæуы: - мæнæуы ссад, дзуллаг луæрстæй - 2 килæйы; - дыууæ-æртæ боны кæуыл цæуы, ахæм цыхт - 2,5 килæйы; - нæлхæ, царв кæнæ маргарин - цайцымæн агуывзæйы ’рдæг; - æйчытæ - дыууæ; - æнхъизæн-цырв - стыр уидыджы æмвæзы бæрц; - сæкæр - стыр уидыджы дзаг; - цæхх - уидыджы æмвæзы дзаг; - æхсыр - 0,6 литры; - дон - 0,6 литры. Кæрдзынгæнджытæ се ’ппæт иухуызон нæ кæнынц чъиритæ, алчи дæр дзы архайы йæхи сæрмагонд мадзæлттæй, фæлæ фылдæр кæр- дзынгæнджытæ пайда кæнынц, дæлдæр кæуыл дзурдзыстæм, уыцы уагæвæрдæй. Ссад арынджы астæумæ балуарынц, йæ астæу ын адзыхъ кæнынц, æвдулæнæн дзы цы бахъæудзæн, уый арынджы иу къуыммæ фæхицæн кæнынц. Уый фæстæ æхсыр, æйчытæ, сæкæр æмæ цæхх иумæ сцæгъ- дынц (сызмæнтынц). Уыцы змæстмæ ма бафтауынц, рагацау хъæрмуст доны цы цырв стайын кæнынц, уый. Дыууæ змæстæй цы тæнгъæд ра- уайы, уый ссады дзыхъхъы сабыргай ныккæнынц æмæ йæ ссадимæ хорз сызмæнтынц. Æгæр лæхъир куы рауайы, уæд ма йæм æвдулæнæй бафта- уынц æмæ йæ снæмынц, цалынмæ къухтыл хæцын райдайа, уæдмæ. Над хыссæ исты мигæнæны хъарм ран цæвæрынц æнхъизын- мæ. Цæмæй хыссæ мигæнæны къултыл ма хæца, уый тыххæй йæ нæлхæйæ байсæрдынц. Хыссæ дыууæ сахатмæ ’ввахс ныннæрсы æмæ йæхи уæлæмæ дзæвгар сисы, æмæ йæ уæд фæхъæуы фæстæмæ азмæн- тын. Стæй дыккаг хатт йæхи куы сисы, уæд цæттæ вæййы кæрдзын кæнынмæ. I Хыссæ чъирихор хæйттæ ныккæнынц, къорингæс тымбылтæй сæ арынджы хицæнтæй æрæвæрынц. Цыхт бассæндынц къухæй, ныхха- 162
КУВИНÆГГÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ фынц насхафæнæй кæнæ йæ фыдгæрдæны рауадзынц. Кæд æмæ цæх- джын цыхт вæййы, уæд æй ныддихтæ кæнынц æмæ йæ доны ныууда- йынц. Цыхтызмæст куы сцæттæ вæййы, уæд уый дæр чъирихор тым- былтæ тæбæгъы кæнæ æндæр истæм хицæнтæй æрæвæрынц. Æмæ уæд сæ каст ницæмæуал вæййы. Хыссæйы тымбылæг армытъæпæнтæй тынг ныннæмынц, алырдæм куыд аивæза, афтæ. Йæ астæу ын цыхты тымбылæг æрæвæрынц, нæмæгау æй æркæнынц, куыд атъæпæн уа, афтæ, стæй хыссæйы кæрæттæ цыхты алыварс хæрдмæ ивазæгау скæ- нынц, æмæ сæ уым, голладжы ком бæттæгау, кæрæдзимæ æрбалвасынц, стæй сæ аныхасынц. Уыйфæстæ, йæ æвдулæн арæхæй, армытъæпæнæй нæмгæ, алырдæм аивазынц, фыцгæ йæ цы тебæйы кæндзысты, уымæн йæ ас цас амоны, уыйбæрц. Тебæ рагацау тынг стæвд кæнынц, чъири дзы нывæрынц, тебæйы æмыйас ма йæ аивазынц æмæ йæ фыцынмæ бавæрынц. Чъири куы сфыцы, уæд йæ уындæй бæрæг вæййы, æмæ йæ тебæйæ сисынц, истæуыл æй æрæвæрынц, стæй йæ нæлхæйæ алырды- гæй байсæрдынц. Кувинаг хойраг чындæуы сыгъдæг мигæнæнты, сыгъдæг дарæсы æмæ сыгъдæг къухтæй. Кæрдзынгæнæг фæнды сылгоймаг уæд, фæнды нæлгоймаг, йæ сæрыхъуын хъуамæ уа æфснайд, сæрбæттæн кæнæ сæрмагонд худæй, хъуамæ уа æнæниз, йæ къухтæ - æхсад, йæ ныхтæ - конд. Фыдæлтæ сыгъдæгдзинады охыл куывды кæрдзынгæнæг, куыд фæзæгъынц, судзины фындзæй æвзæрстой. Æнхъæлцау кæнæ мæй- гæроны тугтыхстæй цы сылгоймаг вæййы, уый кæрдзынгæнæгæн нæ чындæуыд. 3. Ирон бæгæны Сæдæгай азты дæргъы ирон адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм цæмæйты кувынц, уыдонæн сæ сæйрагдæртæй иу у ирон бæгæны. Бæгæ- ныйæ цæмæн куывдæуы, уый кæс сæргонды «Ирон фынджы æгъдæутты». Бæгæны бахсидынæн хъæуы: А.ЗАД Задæн хуыздæр у хъæбæрхор. Уый куы нæ уа, уæд та хлепа, мæнæу кæнæ нартхор. Хорæн йæ нæмгуытæ равзарынц иугай, уыдонæй алкæ- цы дæр хъуамæ уа: - асæй - 1 см бæрц дæргъмæ, хус уæвгæйæ тыппыр; - хуызæй - ирд-бур кæнæ морæ-бур; кæд æмæ йæ уæлцъар тар кæнæ сау стъæлфытимæ у, науæд та йæ цъуппыл билцъвæд ис, уæд нæ бæззы; 163
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - тæфæй - ног хъæмпы тæф, цæмæй тæф æнцон базонæн уа, уый тыххæй æвзæрст хорæй армыдзаг сыгъдæг агуывзæйы ныккæнынц æмæ йæм уырдæм басмудынц, кæд æмæ зад, бутъро кæнæ хъуынайы тæф кæна, уæд нæ бæззы. Хор куы равзарынц, уæд æй сыгъдæг доны ныхсынц æмæ йæ хъæр- муст доны баудайынц, донæй куыд нæ зына, афтæ. Хор удæстæй дыу- уæ боны хъарм ран фæвæййы, стæй йæ уымæл истæм (голлаг, кæттаг) банордынц, йæ дон сысгæ куыд нæ кæна, афтæ, æмæ йæ хъарм ран (20-30°) сæвæрынц. Хор норстæй фæлæууы 4 боны бæрц - йæ билцъ уырзы дæргъæн (нæмыгæй дыууæ хатты даргъдæры бæрц) къæбæлдзыгхуыз куы фæвæййы, уæд æй байгом кæнынц. Уый фæстæ та йæ нæмыггай рав- зарынц. Цы нæмгуытæ нæ разайынц, уыдон аиуварс кæнынц æмæ зад бахус кæнынц. Зад пецыл кæнæ судзгæ хурмæ хус нæ чындæуы. Задаг куы бахус вæййы, уæд æй æрмгуыройыл ралæхурынц, цæмæй дзы лы- стæг ссад къаддæр уа, уый тыххæй. Æ. ХУЫМÆЛЛÆГ Бæгæныйæн хуыздæр у, фæрвбыны, хурварс чи зайы, ахæм хуымæллæг. Хуымæллæг æртонынц сæрды фæстаг бонты, йæ пуцал хъайлахуыз куы свæййы, уæд. Йæ пуцал хъуамæ уа ставд (егъау), йæ дидинсыфтæ - ирд-бур кæнæ кæрдæгхуызгомау, сæ кæрæттæ та - сырхбын, йæ мыггæгтæ згъæлгæ кæмæн кæнынц, ахæм. Дидинсыфтыл сау стъæлфытæ куы уа, уæд нæ бæззы. Хуымæллæг æртонынц æмæ йæ гæзæмæ хурмæ бахус кæнынц, ома йæ хур æгæр куыд нæ судза, афтæ. Куы бахус вæййы, уæд æй чысыл аууæрдынц кæнæ йæ цæгъдæгау ныккæнынц, цæмæй йæ мыггаг азгъæ- ла, уый тыххæй. Уæд хуымæллæг цæттæ вæййы бæгæныйыл кæнынмæ. Б. ÆНХЪИЗÆН Бæгæны сæнхъизынæн æппæтæй хуыздæр у уæлдзырвон - бæгæ- ны куы нæма æрфæрсудзынц, уæд йæ сæрыл фынчытæй цы цъар сба- ды, уый кæнæ цырв. Бæгæны бантауыны размæ æнхъизæн ссаддоныл бафæлварынц, схæцдзæн æви нæ, уымæй. Кувинаг бæгæныйыл кæнды бæгæныйæ ист æнхъизæн нæ чындæуы - нæ фæтчы, хæларгæнинаг дæр афтæ. В. ДОН Фыдæлтæ бæгæныйæн дон истой хохаг донгуырæнтæй. Дон хъуа- маё уа сыгъдæг, рухсдзыд, æфсæйнаг æмæ суардоны ад ма кæна, басмуд- гæйæ та кæсаг, сондон æмæ чъыры (хлоры) тæф ма кæна. 164
КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ Кувинаг бæгæныйæн куыройы бынæй, куыройы дæле æмæ æхсæ- выгон дон нæ истæуы, нæ фæтчы. Г БÆГÆНЫЙЫ БАХСЫСТ Тымбылбын (къуырф) цæнгæт кæнæ æрхуы аджы дон ныккæнынц, дон куы рарайы, уæд æм зад сабыргай, стуанæй змæнтгæйæ, бафта- уынц, стæй йæ рæстæмбис артыл фæфыцынц. Аджы зад хъуамæ уа донæн йæ 1/4 хай, фыцгæ та хъуамæ фæкæна, цалынмæ зад æмæ дон бынтондæр сæмхæццæ уой, кæнæ уырзтыл хæцын байдайа, уæдмæ. Заддон бирæ фыцын нæ хъæуы, уымæ гæсгæ йæ æнæсцухæй уырзæй фесгарынц. Уæдмæ, сæрмагондæй бæгæныйæн кæй сбийынц, ахæм тæсчъы сы- гъдæг æхсад хъæмп бæзджын байтауынц æмæ тæскъ истæуыл, бæр- зонд æвæрд арынджы кæнæ сивыры нывæрынц. Заддон куы сфыцы, уæд æй тæвдæй тæскъмæ февгæнынц. Уырды- гæй задæн йæ дон хъæмпæй арынгмæ фæрсудзгæ фæлæдæрсы, арын- гæн йæ лæдæрсæн хуынкъыл та бынмæ тæдзы, хуынчъы ныккомком- мæ цы мигæнæн бавæрынц, уымæ. Задæй цы дон æрлæдæрсы, уый ног бауæларт кæнынц, æмæ куыд- дæр рарайы, афтæ йыл цæттæ хуымæллæг ныккæнынц, иу заддоны къæртайыл (8-10 литры) - 40 граммы бæрц хуымæллæг. Фæфыцынц æй лæмæгъ артыл цыппар сахаты бæрц. Куы сфыцы, уæд, цалын- мæ тæвд вæййы, уæдмæ йыл цæхх ныккæнынц, иу къæртайыл цай- цымæн уидыджы дзаг, æмæ йæ уазал кæнынмæ ныууадзынц. Куыд- дæр хъæрмусты онг æруазал вæййы, афтæ йæ бантауынц - цырв ыл ныккæнынц, иу къæртайыл цайцымæн агуывзæйы ’рдæджы бæрц, æмæ йæ хорз сызмæнтынц. Йæ сæр ын бамбæрзынц æмæ йæ хъар- мы (хъармад +25°) нывæрынц. Уым бæгæны фенхъизы фондз боны бæрц, стæй йе ’нхъизынæй куы æрæнцайы, уæд æй ныффæрсудзынц. Уый вæййы ирон бæгæны, нæ фыдæлтæ Хуыцаумæ ахæмæй куывтой. Ахæм бæгæны хорз æхгæдæй уазал ран лæууы афæдзы бæрц, ома, йæ хæрзхъæддзинад нæ сæфы. 4. Нывонд (нывгонд) Ирæштсе незамантсей абонмсе Хуыцауы севастсей кусарт нсе кодтой. КувыНу арту хусысмаг семсе куссерттаджы сыкъатсе истæмсей саив ксеныны фсерцы Хуыцаумсе ссе курдиат хастой, цсемсей сын бар радта нывонд аргсевдынсен. Æнсе уыдонсей кусарт акæнын уыди фыд- раксенду йсе фыд та - нсефсетчиаг. 165
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Нывонд ныббæттынц (снысан кæнынц) хи фæллойæ хаст (æлхæд, лæвар) хæдзарон нæл фосæй: гал, уæныг, рæуæд, фыс, далыс, уæрыкк, сæгъ, сæгъгуист, сæныкк Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл сæ бæрæгбæттæм, кæнæ бинонты, мыггаджы, сыхбæсты, хъæубæсты цар- ды æндæр ахсджиаг цаутæм. Ахæм цаутæм ахæссæн ис - бæлццоны ацыд æмæ æрбаздæхт, ноггуырды фæзынд низы, фыдбылызы ахæсты бахауæгæй фервæзæг, исты стыр хорздзинады æрцыд æмæ æнд. Ны- вонд скæнынц, бæрæгбонмæ ма дзæвгар рæстæг куы баззайы, уæд, цæмæй йæм дзæбæхдæр зылд цæуа æмæ кусæрттаг афойнадыл цæттæ уа, уый тыххæй. Нывонд ныббæттынц (Хуыцауæй йæ ракурынц) афтæ: кæстæртæй исчи нывондаджы кæртмæ ракæны, йе ’ргом ын скæсæнырдæм саразы, уæдмæ уырдæм æрбахæссынц цæхх æмæ кæрдзын кæнæ æртæ чъи- рийы æмæ нозт. Нозт хъуамæ уа бæгæны, къуымæл кæнæ æндæр исты хорæйконд. Хистæр (фылдæр хатт хæдзары хицау), нывондаджы рахиз фарс æрлæууы, бæгæныйы къус сисы æмæ йе ’ргом скæсæнырдæм са- разы, афтæмæй скувы: В а р и а н т: «Дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дсехицсен! Абон мсенæ ацы саби дард балцы цсеуы семсе йын æй рæстмæ фæкæн! Табу дын уæд! Бæрзонд, фæндагсар Уастырджи, табу дæхи- цæн! Ацы сабийæн йæ уд, йæ фæндаг дæуыл фæ- дзæхсæм æмæ, дæ хорзæхæй, дæ сызгъæрин базыры бын æй бакæн!Дæ кувæндæтты бынмæ фæстæмæ уæлахизæй куыд сыздæха, ахæм хорз ын ракæн! Йæ номæй дын мæнæ ацы Фæлвæрайы лæвар нывонд фæуæд! Табу дæхицæн! Рæдау Фæлвæра, дæуæн дæр табу дæхицæн! Дæ лæвæрттæй не сфæлдисæг Стыр Хуыцау æмæ де ’мсæр зæдтæм кувынхъом куыд уæм, ахæм хорз нын ракæн! Ацы кусæрттаг нын Дунесфæлдисæ- гæй ракур æмæ нын æй хайыр фæкæн! Зæрдæхæлар Тутыр, табу дын уæд! Нæ нывонд йæ куывды бонмæ дæуыл дæр фæдзæхсæм, æмæ нæ дæхорзæхуæд! Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцон уæд! Ацы бынат бæлццонæн куывддон бынат фæуæд! Дунескæнæг Хуыцау, кæд бæлццон царды ис- тæмæй дæразы азымджыну, уæд ын æй ныббар!» 166
КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ Нывонд кæмæн фæбæттынц, уый кæд уыцы рæстæджы уым вæййы, уæд аходинаг йæхæдæг райсы æмæ дзы саходы, йæ нывондæн та йæхи къухæй цæхх адары, цæмæй æнæзæгъинаджы комытæфæй хызт уа, уый тыххæй. Кæд, нывонд кæй номыл скæнынц, уый уыцы рæстæджы уым нæ вæййы, уæд аходгæ кæны кæстæртæй исчи, нывондæн цæхх дзер адары уый. Уый фæстæ хистæр кувæг нывондæн йæ ныхы хъуынтæй иу чысыл дзыгуырыл гæзæмæ зынг адары, цæмæй фыдбылызхæссæг тыхтæй хызт уа, уый тыххæй, стæй нывондыл къæбæл бафтауы, йæ хæдивæн та йын уæладзæныл кæнæ агъуысты æндæр бæрзонд ран сауындзы. Нывонды къæбæл бафтауынц æрмæст стур нывондыл, фыс кæнæ сæгъæн та йæ сы- къайыл кæнæ йæ ныхыл ахорæнæй гакк скæнынц. Нывонд фосыл къæ- бæл бафтауынц кæнæ йыл гакк скæнынц, цæмæй бæрæг уа, нывонд у, ома йæм Хуыцауы комытæф хæццæ кæны, уый алчидæр уына æмæ зона. Кусæрттаг нывонд куы ’рцæуы, уæдæй фæстæмæ нымад вæййы уæлфæдзæхстоныл æмæ йæм кæсгæ дæр ахæм цæстæй фæкæнынц. Нывонд дарæг бинонтæн зæрдылдаринæгтæ: - хуыснæггаг кæнæ гæртамæй райст холлаг нывондæн нæ лæвæрдæуы, нæ фæтчы; - нывонд фос не ’лгъыстæуы æмæ нæ цавдæуы, уый æлгъыст у; - нывонд æлгъаг кæнæ хуыснæггаг фосимæ иу скъæты нæ дардæуы; - нывонд фосæн хъомгæсы мызд нæ фыстæуы, рады хъомгæс, фыййау нæ цыдæуы; Хуыцауы раз стыр тæригъæдыл нымад у, нывонд фос стонг кæнæ дойны куы æййафа; - нывонд фос ауæй кæнын, баивын кæнæ искæмæн раттын нæ фæтчы; - нывонд фос хастæуы хуыздæр холлæгтæй. 5. Кусарт Кусарт акæнынмæ хæдзары хицау фылдæр хатт фæдзуры йе сввахс сыхæгты нæлгоймæгтæй искæмæты. Уæвгæ, йæхæдæг куы аргæвда, уæд дæр аипп нæу. Кусартгæнæг рагацау сбæрæг кæны, цавæр бардуаджы номыл у, кусæрттаг æнæниз у æви нæ. Кусартгæнæн бынат æмæ йæ акой кæ- нынæн цытæ хъæуы, уыдон (фынг кæнæ фæйнæджытæ, арынг кæнæ сивыр, бæндæн, кард, дауæн æртхос, дон) цæттæ сты æви нæ. Уæдмæ кусæрттаджы цурмæ рахæссынц цæхх, кæрдзын æмæ бæ- гæныйы къус, кæд амал ис, уæд та - æртæ чъирийы. 167
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Кусæрттагæн йе ’ргом хурыскæсæнырдæм саразынц, кусартгæн- джыты хистæр йæ рахиз фарс æрлæууы (кæнды ’ргæвдинагæн - йæ га- лиу фарс) къус райсы æмæ, Хуыцауæй бар райсгæйæ, скувы. В а р и а н т: «Не сфселдиссег, нсе дарсег иунсег кадджын Хуыцау, табу дсехицсен! Не ’ппсет хъуыддсегтсе аразсег, нсе ныфсдсеттсег ды дсе, Стыр Хуыцау, семсе нын фарНу амонд ма бавгъау ксен, табу дын усед! Дсе хорзсехсейу ацы куссерттаг нын табуйаг семæ хай- ыр фсексен! Нсе быдырты хъсездыгдзинады бардуаг, Хоры Уациппау табу дсехицсен! Абон дсе бсерсегбоны дсеумсе кувсег адсемсей фарн ксей дзыхсей схауа, мах дсеруый сембал фсексен! Мсенсе дын нсе сыгъдсегуды фселлойæ нывонд фсехастам семсе йсе дсехицсен саккаг ксен! Рседау Фселвсера, дсеусен дсер сехцон усед! Дсе лсевсерттсе хседзарвсендагсен кседдсеридцсер куви- наг куыд уой, ахсем хорз нын раксен! Ацы сертсе ксердзыны та дын барст усент! Стыр Хуыцау, ксед истсемæй рседийсем, усед нын сей ныббар!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд кæстæртæй искæмæн ацахо- дын кæны бæгæны æмæ чъиритæй, кусæрттагæн та цæхх адары. Стæй йын йæ рахиз фарсы хъуынтæй иу чысыл бындзыгыл исты æртхосæй зынг суадзы (асудзы). Уый фæстæ йæ аргæвдынц мæнæ ахæм радæвæрдмæ гæсгæ: кусæрттаджы сыгъдæг истæуыл (фынгыл, фæйнæджытыл, нæууыл, хъæмпыл) афæлдахынц, йæ хурх скæсæнырдæм куыд уа, афтæ га- лиу фарсыл. Стур куы вæййы, уæд ын йæ къæхтæ фидар бабæттынц, змæлынхъом куыд нæ уа, афтæ, æмæ йыл хъæддых фæхæцынц. Лыстæг фосы мыггагæн (сæгъ, фыс) та йæ къæхтыл фæхæцынц. Кусæрттаджы, куыд æмбæлы, афтæ куы æрæвæрынц, уæд æр- гæвдæг йæ фæстæ æрлæууы, галиу къухæй стурæн йæ сыкъайыл (фысæн йæ бырынкъыл) хъæддых æрхæцы, кард рахиз къухмæ райсы æмæ йын уымæй йæ сæр бæрзæйæ ахицæн кæны. Фыццаг ын йæ хурхы уадындзтæ бинаг æфсæры (дзоныгъы) рæбынты, бæрзæйы хъулты онг алыг кæны, стæй йæ туг уагъд куы фæвæййы, уæд сæр бæрзæйы хъул- тæй ралыг кæны. • Сæр бæрзæйæ куы ахицæн вæййы, уæд æй йе ’ргæвдæнæй арт- мæ бадары, чысыл йæ хусы смаг куыд ссæуа, афтæ - дæлимонты 168
КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ ныхмæ кусарты арты хъомыс бауадзы. Уый фæстæ æргæвдæг сæр æмæ бæрзæй фæстæмæ кæрæдзиуыл, куыд уыдысты, афтæ ныхасæ- гау бандзæвын кæны. Уыцы архайдæй æргæвдæг символикон хуы- зы Хуыцауæй куры фосы æнæхъæндзинад, ома, фосы нымæцыл бафтæд. Уый фæстæ скувы: «Цы зæд, цы дуагæн нывонд уыдтæ, уымæн барст фæу!» Кæстæртæ кусарт суæгъд кæнынц, уæлгоммæ йæ рафæлдахынц æмæ йын фыццаг йæ къæхтæ тæккæ фæтасæнтыл ралыг кæнынц. Сæр æмæ къæхтæ арауæджы бар бакæнынц. Кусартæн йæ царм алыг кæнынц, фыццаг - риуыгуыдырæй хурхыл æргæвдæнмæ, стæй - риуыгуыдырæй гуыбыныл суанг дымæгмæ, стæй та риуыгуыдырæй цæхгæрмæ раззаг къæхты фæтасæнтæм, фæстагмæ - агъды хъæбыстæй цæхгæрмæ фæстаг къæхты фæтасæнтæм. Царм стигъын райдайынц кусарты рахизæрдæгæй, риуæй стигъ- гæ ссæуынц рахиз къахмæ, къах куы суæгъд кæнынц цармæй, уæд риуæй бастигъынц бæрзæйы рахиз фарс æргæвдæны онг, уый фæстæ гуыбынæй рахиз фарс æрыстигъынц рагъы стæджы онг (уæнæй артæнтæм), стæй агъды хъæбысæй фæстаг къахы фæтасæнмæ. Уырды- гæй стигъгæ ацæуынц синтыл дымæгмæ. Рахизæрдыгæй царм стыгъд куы фæвæййынц, уæд уыцы фæткыл бастигъынц кусартæн йæ галиу æрдæг дæр. Кусарт цармæй куы суæгъд вæййы, уæд, цæмæй ма счъизи уа, уый тыххæй йын царм йæ быны райтауынц, сæ къухтæ ныхсынц æмæ фы- димæ архайын райдайынц. Кусартæн фыццаг йе ’ргæвдæнæй риумæ хурх сфадынц, суæгъд кæнынц ласæггаг æмæ хъæлхъæлаг, ласæггаджы кæронæн йе ’ддаг цъар цæхгæрмæ тымбыл лыг - уыгард фæкæнынц æмæ йæ ууылты йæхицæй алхынцъ кæнынц. Уый фæстæ кусартæн йæ хуылф риуыгуыдырæй гуыбыныл суанг хордзонмæ акъæртт кæнынц, риуы кæхц афадынц стурæн фæрæтæй, фысæн (сæгъæн) - кардæй, мизг сæфтауынц, хъæппытæ слыг кæнынц, стæй, мисындзæг куыд нæ аскъуына, афтæ сины кæхц фæрæтæй (кардæй) афаз кæнынц (асæт- тынц). Кусартæн йæ хуылф куы акъæртт кæнынц, уæд фыццаг хуылфмæ ласæггаг æмæ хъæлхъæлаг баласынц, уый фæстæ фæрстæй ралыг кæ- нынц хæлур æмæ раззаг хуылфы дзаумæттæ астæухъæдæй суæгъд кæ- нынц, суæгъд сæ кæнынц ахсæн æмæ уæцъæфæй дæр, стæй хуылфы- дзаумæттæ тæныл арынгмæ (сивырмæ) равгæнынц, фæстагмæ ралыг кæнынц мисындзæг æмæ хордзон (суйы кæрон). Ахицæн кæнынц раззаг хуылфыдзаумæттæ (хъæлхъæлаг, рæу- джытæ, зæрдæ, игæр) иннæ хуылфыдзаумæттæй, уыдонимæ фар- 169
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ сылæвзаг, уыргтæ æмæ фиуы цъар. Ралыг кæнынц æмæ туджы дзыхъ- мæ (тугыстонмæ) ныппарынц бирæгъы хай, мизг, масты дзæкъул, мисындзæг, хордзон (суйы кæрон) æмæ зæрдæйы хъустæ. Ахицæн кæнынц ахсæн, зынæхсæн, уæцъæф, ставд тъæнгтæ лыстæг тъæнгтæй, стæй сæ хицæнтæй ныссыгъдæг кæнынц æмæ ныхсынц. Ауæнгтæ кæнынц койгонд кусарт, иннæ уæнгтæй хъауджыдæр стуры астæуыстæг (рагъы стæг) æмæ фæрстæ акæнынц цыппæргай дихтæ, фæрсчытæ æртыгæйттæ куыд уой, афтæ. Дыгай дихтæ акæ- нынц чъылдымы стæг, æгъдтæ, рæуджытæ, игæр, уæцъæф. Æдæппæт стуры кусарты вæййы авд авд (49) уæнджы æмæ хицæн хайы. Уавæр- мæ гæсгæ куы бахъæуы, уæд кусартæн йе уæнгтæ дихтæ дæр акæ- нынц æмæ йæ афтæмæй фыцынмæ бавæрынц, æрмæст сæр, бæрзæй, уæн, рахиз базыг дихтæ нæ чындæуы, уæны стæгыл та цыргъагæй не ’ндзæвдæуы. Кусарт фыцынмæ бавæрынц уазал доны, цæхх ыл ныккæнынц, ца- лынмæ нæма рафыцы, уæдмæ. Кусæрттаджы бас хъуамæ уа цæххæр- гом. Хъацæнтæ (цывзы, нуры, хъонтхора) басыл ныккæнынц, фыд си- сыны агъоммæ 10-15 минуты раздæр. Кусарт хъуамæ фыца, цалынмæ фыд стæгæй хицæн кæнын байдайа, уæдмæ - стуры фыд сахат æмæ æрдæгæй дыууæ сахатмæ, фысы фыд та - сахатæй сахат æмæ æрдæгмæ. Амал æмæ гæнæн куы вæййы, уæд хуылфыдзаумæттæ, сæр æмæ къæх- тæ сфыцынц хицæнæй - æндæр аджы. Фых дзидзатæ агæй равгæнынц исты мигæнæнмæ (арынгмæ, сивырмæ, кæхцмæ), цæхх сыл айзæрынц, семæ сын кард нывæрынц, цæмæй фыдбылызхæссæг тыхтæй хызт уой, уый тыххæй. Кувинаг кæнæ фæлдисинаг æргæвстæуы æрмæстдæр кардæй, топпæй кæнæ æндæр истæмæй йæ не ’хстæуы, цыргъагæй йын йæ зæрдæ нæ цавдæуы. Кусæрттаг, цалынмæ змæлгæ кæна, уæдмæ йæ æр- гæвдджытæ нæ уæгъд кæнынц. Кусарт чындæуы æнæдзургæйæ. Кусартмæ æнахъом сывæллæтты хæстæг нæ уагъдæуы. Кувинаг кæнæ фæлдисинаг кусарт цалынмæ хистæртæ скувой (ныффæлдисой), уæдмæ дзы аходын нæ фæтчы. Уымæ гæсгæ кусарт- гæнджытæн хæринагæн фысымтæ дзидза æмæ æндæр хæлцæгтæ æр- цæттæ кæнынц хицæнæй. Нæдæр хомæй, нæдæр фыхæй кусарты ныхыл (сæрыл) дзуар (крест) нæ чындæуы æмæ не ’мбæлы. Алы ирон лæг дæр хъуамæ арæхса кусартимæ архайынмæ - æргæв- дынмæ, уæнгтæ æмæ хæйттæ кæнынмæ, хуылфыдзаумæттæ сыгъдæг кæнын æмæ фыцынмæ. 170
КУВИНÆГГÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ 6. Мысайнаг (Нысайнаг) Ирон адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн буцæн цы зынаргъ дзаумæттæ, хæцæнгæрзтæ, зынаргъ згъæртæ æмæ æхцатæ лæвар код- гой - кувæндæттæм (дзуæрттæм) сæ хастой æмæ сæ уым æвæрдтой - уыдон хуындысты мысайнæгтæ. Нæ рæстæджы мысайнаг æвæрынц æрмæстдæр згъæр æхца æнæкъай нымæцæй, фылдæр хатт æртæ кæнæ фæндзгай сомтæй фынддæс. Мысайнаг гæххæттын æхца чи æвæры, уыдон рæдийгæ кæнынц, Хуыцау æй нæ исы. Уымæн æмæ арты ’хсыст - сыгъдæг нæу, уый у тынг чъизи. Мысайнаг æвæрдæуы иу лæджы кæнæ бинонты (æмбæлтты къор- ды) номæй зæдæн йæ бæрæгбоны кæнæ æндæр бон, бинонтæ (æмбæлт- ты къорд) исты стыр хъуыддагмæ, цаумæ кæнæ тæссаг уавæрмæ баха- уынæй куы фæтæрсынц, уæд. Мысайнаг ма кувæндоны цæвæрынц, йæ бынты (йæ рæзты) фæцæйцæугæйæ. Кæд бæлццонæн йæ амал мысай- наг сæвæрын нæ вæййы, уæддæр æрлæууы (сысты), йе ’ргом кувæндон- мæ аздахы æмæ бакувы. В а р и а н т: «Цытджын Уастырджи (кæнсе Уацилла, Дзири, Никколæ, Мадызæд (Мады-Майрсем) - дзуар ксей номыл всеййы, уый), табу дсехицсен! Дсе хорзсехсей, фсендараст мсе фæксен!» Мысайнаг сæрмагондæй хицæн адæймаджы номæй æвæрдæуы рынчынæн, бæлццонæн, зын уавæры бахауæгæн æмæ стыр хъуыд- даджы бацæуæгæн. Уыцы мысайнаг кувæндонмæ - дзуары бынмæ арвитыны размæ, кæй номæй йæ фервитынц, уымæн æй йæ гуырыл æрхæссынц - бандзæвын ын æй кæнынц йæ ныхыл, йæ риуыл га- лиуæрдыгæй æмæ рахиз цонгыл - æртæ ахсджиаг буары хайыл. Уый фæстæ бакувынц, мысайнаг цы зæдæн фæкæнынц, уымæ. Мысайнаг гуырыл æрхæссынц скæсæнырдæм. В а р и а н т: «Сыгъдсег Мадызсед (Мады-Майрсем), табу дсехи- цсен, табу дсе сыгъдсегдзинадæн! Абон ацы сывæл- лон уæззау уавæры ис, æмæ йæ дæуыл фæдзæхсæм! Дæ бар, дæ хъомысæй йæ ма фæцух кæн! Кæд Хуы- цау æмæ дæ разы истæмæй азымджын у, уæд ын ныххатыр кæн! Раст фæндагыл æй сараз, æмæ йын йæ уд бахъахъхъæн! Мæнæ йын йæ мысайнаг дæр айс, дæ хорзæхæй! Табу, табу дын, Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм)!» (Хъæдгæройнаг 80-аздзыд сылгоймаг Хостыхъоты Нецайы ныхæстæ, 1995 аз.) 171
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Уыйфæстæ мысайнаг ахæссынц, арвитынц хæстæгдæр дзуары (кувæндоны) бынмæ æмæ йæ уым сæрмагонд бынаты сæвæрынц. Рынчын, бæлццон æмæ æндæр исчи сæрмагонд мысайнаг йæхæдæг кувæндонмæ куы ахæсса, уæд растдæр уыдзæн, уæлдæр цы митæ ранымадтам, уыдон йæхæдæг куы бакæна, стæй кувгæ йæхи- нымæр куы кæна, уæд. Дзуæртты (кувæндæтты) цы æхца мысайнæг- тæ æрæмбырд вæййы, уыдон хардзгонд цæуынц æрмæстдæр, Хуы- цаумæ æмæ кувæндон цы зæды номыл у, уымæ кувынæн мадзæлттæ аразынæн (куывдæн, кувæндоны æрдзон фæлгонц хъахъхъæнынæн æмæ йæм зилынæн). Фæстаг растæджы Ирыстоны аразынц мæнг кувæндæттæ æмæ дзы фæлитойтæ сæхицæн æхца кусынц. Уый у Хуы- цауы æваст хъуыддаг, йæ кæнджытæ та - адæмы фыдгултæ æмæ хæй- рæджджынтæ. Æрдзон тæмæссаг цау цы ран не ’рцыди, уым кувæн- дон нæ арæзтæуы. 7. Хуынтæ, лæвæрттæ Ирон адæмæн хуынтæ хæссын æмæ алыхуызон лæвæрттæ æмæ зæрдæлхæнæнтæ кæнын фыдæлтæй баззад, æмæ нымад у кадджын хъуыддагыл. Хуынхасты сæйраг нысаниуæг у, кæмæн æй хастæуы, уымæн йæ хъæлдзæгдзинады архайын, куыд хæстæг, хион, уарзон адæймаг. Хуын чи хæссы, уый фæфæнды, кæмæн æй хæссы, уымæн хорздзинад ракæнын, йæ бæрæгбон ын барæсугъд кæнын. Лæвары сæйраг нысан у, кæмæн æй дæттыс, уымæ де ’нувыддзинад æмæ уарзондзинад равдисын, дæргъвæтин рæстæг чи цæрдзæни, ахæм зæрдæлхæнæн ын скæнын. Хуын дæр æмæ лæвар дæр æфстау, бæтгæмæ нæ чындæуы. Мæ хуын, мæ лæвар мын исты æфтиаг, пайда æрхæсса, зæгъгæ, чи хъуы- ды кæны, уый æдзæсгом адæймаг у. Ахæм хуынхаст æмæ лæвар сты гæртам дæттæгау, ома зæрдæлхæнынæн нæ, фæлæ уд æлхæнынæн æмæ уый та фыдракæнды хуызæн у. Алы хуын дæр æмæ лæвар дæр фæкæнынц зæрдиагæй. Адæймагæн йæхи зæрдæмæ чи нæ цæуы, уый хуынæн дæр хъуамæ ма хæсса, лæвар дæр æй ма кæна. Хуын хастæуы хæстæг æмæ уарзон адæймагæн, йæ исбон ын нæ хынцгæйæ. Рагæй-æрæгмæ хуынтæ хастæуы хъæлдзæгдзинадмæ кæнæ рынчын адæймагæн (фæстинонæн) рынчындонмæ, кæнæ рынчынæн йæ хæдзармæ. Хуын кæдæм фæхæссынц, уыцы хъæлдзæгдзинæдтæ сты: чындзхаст, чызгæрвыст, кæхц, авдæнбæттæн, номæвæрæн кæнæ сæрмагонд куывд, зæгъæм, исты зын уавæрæй феирвæзæгæн, гуырæн 172
КУВИНÆГТÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ бон, исты уæлахиз йæ къухы кæмæн бафты, уымæн, ног хæстæджы æр- бахуынды охыл, чындзы фæстæ (фæстæйы хуын). Лæвар чындæуы, фылдæр хатт, уæлдæр цы бæрæгбæттæ ранымад- там, уыцы бонты хуынимæ кæнæ та хицæнæй (Ногбоны, 8 мартъийы, райгуырæн бон æ.а.д.). Хуын кæдæм фæхæссынц æмæ цæй фæдыл, стæй хуынхæссæгæн йæ армы цы ис, уыдон хынцгæйæ, хуынтæн сæ ас æмæ сæ мидис вæй- йынц алыхуызæттæ. Фæлæ алы хуынæн дæр йæ кад æмæ йæ фарн сты æмхуызæттæ, кæд зæрдæйæ цæугæ сты, уæд. Зæгъæм, рынчынфæрсæг цæугæйæ, кæнæ сыхы, хъæуы куывдмæ, уазæджы номыл, авдæнбæт- тæнмæ, номæвæрдмæ стыр хуын хæссын аив нæу. Стæй хъæугæ дæр нæ кæны. Уæдæ, æцæгæлон адæмы хъæлдзæгдзинадмæ дæр стыр хуынтæ нæ хастæуы, уый фидаугæ дæр нæ кæны. Егъау хуын хастæуы хæстæг хионмæ, уарзон адæймаджы стыр хъæлдзæгдзинадмæ, ног чындзы фæстæйы хуын æмæ ног хæстæгмæ уазæгуаты цæугæйæ. Хæдзары бинонты хъуагæй, ома, адæймагæн йæ арм куы нæ фæамоны, уæд стыр хуынтæ хæссын кæнæ стыр лæвæрттæ кæнын у æнæрхъуыдыдзинад. Кæд æмæ дæ амал хуын ахæссын нæу, уæд дæ уарзон адæймагæн исты балæвар кæн, кæд æмæ уый дæр дæ бон нæу, уæд æм истæмæй фæкæс, бакæстæриуæг ын кæн кæнæ йын зæрдиаг арфæ ракæн. Æцæг хион кæнæ æцæг уарзон адæймаг дæ уавæр бам- бардзæн æмæ дæ хъаст нæ ракæндзæн. Чидæр мын хуын не ’рбахаста, исты лæвар мын нæ бакодта кæнæ мын чысыл хуын æрбахаста йе аслам лæвар бакодта, зæгъгæ, хъаст кæ- нын аипп у, хъастгæнæджы та æгад кæны. Адæм мæ мæ лæвармæ гæсгæ раппæлой, зæгъгæ, уый тыххæй хуынтæ хæссын кæнæ лæвæрттæ кæнын та æнæуагдзинад у. Хуыны бæсты æхца дæттын аивдæр нæу. Æхца лæвæрдæуы марды кæнды - сабæттаг кæнæ адæймагæн баххуыс кæныны хуызы. Бонджын уæвгæйæ, æхца мæгуырдæр адæймагæй райсæг у æдзæсгом. Хицау мын исты хорз ракæна, зæгъгæ, уый охыл уымæн хуынтæ эемæ лæвæрттæ кæнын у цагъардзинад æмæ худинаг. Цы хъуамæ уа хуыны? А. ЧЫСЫЛ ХУЫН ИУНÆГ адæймагæн (уазæгæн, рынчынæн, фæс- тинонæн кæнæ искæдæм куысты бынатмæ). Ахæм хуын кувинагыл ны- мад нæу, куывдæуы, æрмæст æртæ чъирийы цы хуыны вæййы, уымæй. Уыдон вæййынц: - иу чъири - хæбизджын, фыдджын, кæнæ адджын чъири кæнæ фыдызгъæл, йе та дыргътæ, нозт, адджинæгтæ; 173
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Рынчынфæрсæг исты чысыл лæваримæ куы ’рбацæуа, уæд аипп нæу, зæгъæм, духи, одеколон, сæрбæттæн, къухмæрзæн, цъындатæ, ди- динджытæ кæны чиныг. Фæстинонмæ цæугæйæ хуыздæр у æнæ хуынæй, фæлæ чысыл лæваримæ кæнæ дидинджытимæ. Æ. ЕГЪАУДÆР ХУЫН хъæлдзæгдзинадмæ: номæвæрæнмæ, гуырæн бонмæ, авдæнбæттæнмæ, искæмæн йæ куысты бынатмæ кæнæ æцæ- гæлон адæймаджы номыл куывдмæ, кæнæ сыхбæсты (хъæубæсты) куывдмæ æ.а.д. Уыдон вæййынц: - æртæ чъирийы - хæбизджынтæ кæнæ адджын чъиритæ; карк кæнæ гогыз фыхæй, науæд фыдызгъæл, æнæхъæн уæнг (сгуы, базыг, фæрсчытæ - æртæ кæнæ фондз; - нуæзт - арахъхъ (водкæ, коньяк, сæн æмæ æнд.) æртæ авджы; - бæгæны, къуымæл æртæ литры бæрц. Кæд хуын сæрмагондæй искæйы номыл у, уæд аипп нæ уыдзæн хуынæн йæ уæлæ, уæлдæр цы чысыл зæрдæлхæнæнтæ ранымадтам, уыдонæй иу исты æрæвæрын. Б. СТЫР ХУЫН хастæуы стыр цины хъуыддагмæ (куывд, чындз- хаст, чызгæрвыст, кæхц). Ахæм хуын хæссынц хæстæг хиуæттæм. Хуы- ны вæййы: - æртæ чъирийы; - æртæ сртæдзыхоны; - гуыдын кæнæ егъау адджын чъири (торт); - кусæрттаг (фыс, уæрыкк); - гогыз кæнæ карк; - бæгæны дæс литры бæрц; - карз нозтытæ дæс литры бæрц; - адджинæгтæ æртæ килæйы бæрц. Хуын цы хæдзармæ хастæуы, уым чысыл саби куы уа, уæд ын æм- бæлы ирон гуыл æмæ исты чысыл лæвар кæнæ зæрдæлхæнæн, уый кувинагыл нымад нæу. Аипп нæу хуынимæ лæвæрттæ сæвæрын, хъæлдзæгдзинад кæй номыл у, уымæн, йæ ныййарджытæн. Кæд хæдзары зæронд адæймаг ис, уæд уымæн æмæ ма мыггаджы хистæрæн (Хуын ног хæстæджытæ куы ’рбахæссынц, уæд). Æндæр лæвæрттæ никæмæн æмбæлы, уæлдай лæвæрттæ кæнын аив нæу. Иуæй-иу хатт стыр хъæлдзæгдзинадмæ - кæхцмæ, чындзхастмæ, чызгæрвыстмæ, исты стыр сæрмагонд куывдмæ æмæ ног хæстæджы- 174
КУВИНÆГГÆ, ХУЫНТÆ, ЛÆВÆРТТÆ ты бæрæг кæнынмæ хуынхæссæг хæдзар йемæ акæны хуындзæутты. Хуындзæутты нымæц вæййы фылдæр-фылдæр 8-12 адæймаджы, хуын чи ’рвиты, уыцы бинонты минæвæртты нæ хынцгæйæ сты: - хуындзæутты хистæр - 1; - сылгоймæгты хистæр - 1; - машинæ скъæрæг шофыр - 1-2; - фæндырдзæгъдæг - 1; - кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ - 4-6; - æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ - 2-4. Хуын æрбахæссæгæн йæ тæбæгъ фæстæмæ афтидæй не ’рвыс- тæуы куывдæй (хъæлдзæгдзинадæй). Хойраджы куыстгæнæн дзау- ма (тæбæгъ, фынг, кæхц, арынг, сивыр, сасир, кæфой, аг æмæ æндæр хойрагстонтæ), йæ хицауы хæдзармæ хастæуы хаимæ (чъирийы карст, чъирийы ’рдæг кæнæ та æппынкъаддæр дзулы (кæрдзыны) кæрдих, цæмæй дзаума фæстæмæ хæдзармæ æварн, æбæркадæй ма бацæуа, уый тыххæй. Уыцы уагыл куывды фынгыл искæй кардæй архайæг кард фæстæмæ йæ хицаумæ дæтты хаимæ, карды фындзыл хæрдмæ даргæйæ рахиз къухæй. (Хæдзармæ стыр хуын куы србахастæуы, уæд хуындзæуттæ æмæ фысымты архайды тыххæй кæс сæргонды «Ускурын æмæ мой кæнын»). 8. Фынджыдзаг Хуынтæ марды кæндмæ дæр хастæуы. Æрмæст ахæм хуын хонынц хæрнæджы фынджыдзаг - цыппар кæрдзыны, æрдæг фынджыдзаг - дыууæ кæрдзыны. Фынджыдзаг, кæй марды кæндмæ хастæуы æмæ йæ чи хæссы, уымæн йæ гæнæнтæ хынцгæйæ, вæййы стыр кæнæ чысыл (къаддæр). Зæгъæм, æцæгæлон адæймаджы кæнæ сыхаджы, хъæук- каджы кæндмæ аипп нæу æрдæг фынджыдзаг ахæссын, адæймагæн стыр фынджыдзаг скæнын йæ амал куынæ уа, уæд. Стыр фынджы- дзаг фылдæр хатт хастæуы мадызæнæджы кæнæ æндæр хæстæг хио- ны кæндмæ. Фынджыдзагыл махойрагæй дарддæр цы æрæвæрынц, уымæ гæсгæ вæййынц дыууæ хуызы. А. СТЫР ФЫНДЖЫДЗАГ: - цыппар кæрдзыны хæбизджынтæ; - дыууæ кæнæ цыппар адджын чъирийы; - кусарт кæнæ гогыз æмæ карк (фыхæй); 175
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - бæгæны дæс литры бæрц; карз нозт дæс литры бæрц; - адджинæгтæ - дыууæ килæйы бæрц; - дыргътæ - цыппар-æхсæз килæйы. Æ. ЧЫСЫЛ ФЫНДЖЫДЗАГ: - цыппар кæрдзыны - хæбизджынтæ кæнæ адджын чъиритæ; - гогыз кæнæ карк фыхæй; - бæгæны дыууæ кæнæ цыппар литры; - карз нозт дыууæ литры бæрц; - адджинæгтæ кæнæ дыргътæ дыууæ, цыппар килæйы бæрц. Фынджыдзаг скæнын кæй бон нæ вæййы, уый æрмæст дыууæ кæрдзыны æмæ карк куы ахæсса, уæд дæр аипп нæ уыдзæн. Мæрдджын бинонтæ, кæд уæззау царды уавæры вæййынц, уæд аипп нæу стыр фынджыдзаг хæссыны бæсты бинонтæн æхцайæ бах- хуыс кæнын. Марды кæнды æмæ уыйфæстæ бонты дæр, мæрдджынтæн кæнæ мард æфснайæг лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын аив нæу. Аив нæу ахæм лæвæрттæ райсын дæр. Мард бафснайын сыхбæстæн, хъæу- бæстæн сæ уаз хæс у. Ирон адæймаг уæвгæйæ, йæ мард бафснайынæн лæвæрттæ чи кæны, растдæр зæгъгæйæ та фидгæ чи кæны, уый сыхбæ- сты æхсæн кадджын нæу, æндæра йæ марды æлхæнгæ лæггæдтæй нæ ныгæнид. Мæрдджынæн дзаума лæвар нæ чындæуы. Мæрдджын уæв- гæйæ, дзаума лæвар райсæг йæхи æгад кæны, марды та йæхимæ хæрам кæны. Ирон уæвгæйæ мард бафснайæггаг лæвæрттæ исæг у къуымых адæймаг. Нæ фыдæлтæм ахæм митæ нæ чындæуыд, фæлæ амæлæджы дзаумæттæ афæдзы хисты фæстæ уæрстой йæ хæлæрттæ æмæ хиуæт- тæн, уæд, дам, амæлæг свæййы дзæнæтон.
«Ус семсе лсег амондджын усед всеййынц, кæрæдзи митæ семсе сеууселты куы фсеагурынц, хорзсей дзы цы исуый». Мамсыраты Дсебе УСКУРЫНÆМÆ МОЙ КÆНЫН 1. Æмкъайады бындур Чызг æмæ лæппуйыл фæйнæ 17 азы цалынмæ сæххæст уа, уæдмæ чызг мой нæ кæны, лæппу ус нæ куры, фæлæ стæм хатт уавæр аивы уыцы фæтк. Чызг æмæ лæппуйы ’хсæн æмкъайады цæдис скæныны хъæп- пæрис æвдисæг алкæддæр вæййы лæппу. Чызг лæппуйы куыдфæнды тыхджын уарзтæй куы уарза, уæддæр ын не ’мбæлы лæппуйæн «ракур мæ», зæгъын, уый худинаг у, хи хъарын та - стыр æнæфсармдзинад. Чызг йæ уæздандзинадæй фидауы. Ирон бинонты ’хсæн æфсымæртæ цалдæр куы вæййынц, уæд ус курыны рад хистæрæй кæстæрмæ вæййы, хоты ’хсæн ахæм рад нæй. Фæлæ хатгай уавæр куы фæдомы уыцы фæткы сæрты ахизын аипп нæу. Дыууæ æрыгон адæймагæн æмкъайады цæдисы бацæуын у сæ цар- ды æппæтæй стырдæр цау, ахсджиагдæр æмæ бæрнондæр хъуыддæг- тæй иу. Цæмæй уыцы ахсджиаг цæдис зæрдæзæгъгæ æмæ фидар уа, уый тыххæй æмкъайады райдианæн хъуамæ уа мæнæ ацы бындур: - чызг æмæ лæппу кæрæдзи хорз зонынц æмæ зæрдæйæ уарзынц; - чызг æмæ лæппу кæрæдзийæн тугæй æмæ ардæй хæстæг не ’ййа- фынц; - ис сын, быхсæн кæмæн ис, ахæм царды фæрæзтæ, къаддæр уæд- дæр - цæрæнуат; - сæ ныййарджытæ уыцы æмкъайады ныхмæ не сты. 12 Родники благородства 177
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 2. Фыццаг къахдзæфтæ Лæппу ус курынвæнд куы скæны, уæд йæ фæндон ныййарджытæн бамбарын кæны, стæй бацамоны, йæ цард кæимæ сбæттынвæнд кæны, уый. Фæлæ арæх чызг дæр æмæ лæппу дæр сæ ныййарджытæн сæхæдæг æргом нæ фæзæгъынц, æфсæрмы фæкæнынц. Уый фауи- наг миниуæг нæу. Уый Ирмæ рагæй дæр æгъдау уыд, уæздандзинады бæрæггæнæнтæй иу. Фылдæр хатт лæппу хъуыддаг бабар кæны йæ хæлæрттæй искæмæн, уый та ныййарджытæм фæхæццæ кæны лæппуйы фæндон. Фæсаууонмæ сæ базонгæ кæны, чызг чи у, цы мигæнæг у, цы кусы, кæм цæры, уыдæт- тимæ. Уый фæстæ ныййарджытæ лæппуйæн йæхи æргом бафæрсынц, ома лæппуйæн йæ фæндон йæхи дзыхæй куыд фехъусой, афтæ. Чызджы ныййарджытæ та хъуыддаг базонынц, лæппуйы минæвæрттæ сæм куы ’рбацæуынц, уæд. Кæд чызг дæр æмæ лæппу дæр сæ ныййарджытимæ æргомныхас вæййынц, уæд сын сæ фæндон сæхæдæг фæзæгъынц, кæд се ’ргом ныхас уæздандзинады фæлгæтæй цæуы, уæд уый аипп нæу. Ныййарджытæ хъуыддаг куы бамбарынц, уæд сæ дарддæры архайд вæййы: - сбæрæг кæнын, уавæртæм гæсгæ чызгæн (лæппуйæн) æмкъайады цæдисы бацæуынæн бындур ис æви нæ (кæс 1-аг дæлсæргонд); - бындуронæй базонын дыууæ кæстæры æмахастдзинæдтæ, чи сты лæппуйæн (чызгæн) йæ ныййарджытæ, хæстæджытæн бæззынц æви нæ (цы мигæнæг сты, сæхи фæллойæ цæрынц æви нæ, сæ бинонты ’хсæн æгъдау æмæ фæтк ис æви нæ, куыд сты сæ ахастдзинæдтæ адæ- мимæ, сыхбæстæ сын куыд аргъ кæнынц); - бахынцын, цас бахъæудзæн алыхуызон фæлхæстæ, æмæ уый фæрцы базонын, бинонтæн сæ бон цы у, уый (цавæр чызгæрвыст-чын- дзæхсæв скæнын бауыдзæн сæ бон сæ фадæттæм гæсгæ); - снысан кæнын, хъуыддаджы хионтæй кæмæн цы бабар кæнын хъæуы, сыхбæстæ (хъæубæстæ) цы архайдзысты, уый; - сбæлвырд кæнын, цæрæнуаты цытæ сцæттæ кæнын хъæуы, уы- дон (арæзтад, цалцæг кæнын, ссыгъдæг кæнын æмæ æндæр ахæмтæ). Лæппуйы ныййарджытæ хъуыддаг кæнинагыл куы банымайынц, уæд мыггаджы хистæртæн бамбарын кæнынц сæ фæндон, уый фæстæ иумæ бацæттæ кæнынц минæвæрттæ æмæ сæ чызджы хæдзармæ ар- витынц. Чызджы хæдзар куы фæзонынц, минæвæрттæ сæм æрбацæудзысты, уый’, уæд дæр æргом ницавæр хъæппæрис февдисынц - уый аив нæу. 178
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН 3. Минæвæрттæ æмæ сæ архайд Минæвæрттæ вæййынц уæздан, дзырддзæугæ æмæ æууæнкджын нæлгоймæгтæ хионтæй, сыхбæстæй (хъæубæстæй). Вæййынц 3-5 адæймаджы. Уыдонæй 2-3 - æрвадæлтæй æмæ хæстæджытæй, 1-2 та сыхбæстæ, хъæубæстæй. Минæвæрттæ фыццаг цыдæн семæ акæнынц лæппуйы дæр (усгу- ры). Минæвар лæппуйы бинонтæй исчи - фыд, кæнæ фыдыфсымæр - куы ацæуа, уæд дæр аипп нæ уыдзæни. Лæппуйы бинонтæ 2-3 боны раздæр фехъусын кæнынц, минæвæрт- тæн кæй снысан кæнынц, уыдонæн. Минæвæрттæ нысангонд рæстæгмæ лæппуйы хæдзармæ æрæмбы- рд вæййынц, æмæ сын уым мыггаджы хистæр сбæлвырд кæны, чыз- джы хæдзары цæуыл æмæ куыд ныхас хъуамæ кæной, уый, стæй сæ æртæ кæрдзынæй Хуыцау æмæ Уастырджийыл бафæдзæхсы, æмæ сæ чызджы хæдзармæ афæндараст кæны. Фылдæр хатт чызджы бинонтæ фæзонынц, минæвæрттæ сæм æр- бацæудзысты, уый, æмæ сын ныхасæмбалæн æрбахонынц 2-3 нæлго- ймаджы сыхбæстæ æмæ мыггагæй кæнæ æндæр хионтæй. Æнæуæлдай буцдзинæдтæй сын фынгæвæрд скæнынц «уазæджы хардзæй». Фынгыл цалынмæ гаджидæуттæ не сбирæ вæййынц, уæдмæ уазджыты хистæр уæзданæй бамбарын кæны се ’рбацыды сæр. Фыл- дæр хатт уый вæййы, Уастырджийы номыл сидт куы ахицæн вæй- йы, уæд. В а р и а н т: «Нæ фæрныг фысымтсе! Сымахмæ нæ æрбарвы- стой Торчынты уæздан хистсертæ стыр кур- диатимæ, æмæ нæм, уæ хорзæхæй, байхъусут. Ацæут æмæ, дам, Тыбауты уæздан мыггагæн зæ- гъут, семæ нæ хæстæгдзинад бакæнын кæй фæн- ды, уый. Торчынты Зауырбеджы фæрнæйдзаг хæдзары схъомып Хуыцауы уарзон æмæ æгъдауæй æххæст лæппу - Тотрадз, æмæ Иры чызджытæй хуыздæрæн равзæрста мæнæ, фарн æм бадзурæд, Аслæнбеджы чызг Зæринæйы. Мах уæ Торчынты мыггаджы номæй Хуыцауæй курæгау курæм, уыцы дыууæ сыгъдæгуд кæстæры кæрæдзиуыл бафæ- дзæхсæм! Уæ хорзæхæй, Тыбаутæ, нæ курдиатыл нын рагацау уæ къух ма ауигъут! Курæг мæгуыр у, æмæ нын уый хатыр бакæнут. Табуафси, исты зæрдæдарæн дзуапп нын раттут!» 179
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Фысымтæ лæмбынæг байхъусынц минæвæртты ныхасмæ, стæй сын уæд уæзданæй дзуапп раттынц. Дыууæрдыгæй фарс дæр ныхас фылдæр фæкæнынц хистæртæ. В а р и а н т: «Мах стыр бузныг стæм, Торчынты уæздан мыг- гаг нсе хæстæгæн кæй агурынц, уымсей. Æмсе уал афсерссем нæ хистæрты, нсе къабæзты, стсейуын исты дзуапп ратдзыстсем. Хседзармсе фсендаг та уын сехгсед нсеу». Кæд минæвар скæнæг хæдзарвæндаг - бинонтæ, минæвæрттæ сæхæдæг кæнæ та сæ митæ æмæ, цы фарст æрæвæрдтой, уый фы- сымты зæрдæмæ нæ фæцæуы, уæд дæр уыдонæн не ’мбæлы минæвæрт- тæн дæрзæг кæнæ гуымиры дзуапп раттынæй бафхæрын. Фысымæн минæвæрттæ фыццаджыдæр сты уазджытæ æмæ сæм кæсын хъæуы, уазæгмæ куыд æмбæлы, ахæм цæстæй. (Кæс сæргонд «Уазæг, бæлццон, фысым»). Минæвæртты фыццаг æрбацыдæн разыйы дзуапп стæм хатт рат- тынц фысымтæ. Уый чызгæн алкæд кад нæ кæны. Чызджы æмæ лæп- пуйы ныййарджытæ кæрæдзи хорз куы фæзонынц, уæд чызджы би- нонтæ минæвæртты фыццаг æрбацыдæн бæлвырд дзуапп раттынц кæнæ «разы стæм» фæзæгъынц, кæнæ та цæхгæр алыг кæнынц: «Мах- мæ сымахæн чызг нæй, æмæ уæ курæм, уыцы хъуыддаджы охыл мауал æрбацæут!» Иуæй-иу хатт лæппу, чызджы зæрдæйыуаг бæлвырд нæ зонгæйæ, минæвæрттæ барвиты, æмæ хъуыддаг ныддаргъ вæййы, цалынмæ чызг æмæ лæппу кæрæдзи бамбарынц, уæдмæ. Минæвæрттæ дзæгъæлы цалдæр цыды акæнынц. Фылдæр хатт минæвæрттæ разыйы дзуапп райсынц дыккаг æрба- цыдæн, уæдмæ чызджырдыгæй фарс бæлвырд базонынц, чи сты æмæ цы сты лæппу æмæ йæ ныййарджытæ, бамбарынц чызг æмæ лæпп- пуйы æмахастдзинæдты фидардзинад, кæд лæппу дæр æмæ йæ ный- йарджытæ дæр сæ зæрдæмæ фæцæуынц, уæд бауынаффæ кæнынц минæвæртты иннæ æрбацыдæн разыйы дзуапп раттыныл, фидауынмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц. Минæвæрттæ чызджы хæдзармæ дыккаг цыд куы ’рбакæнынц, уæд сыл фысымтæ зæрдæрухсдæрæй сæмбæлынц, фынг сын æрæвæрынц. Минæвæрттæ та, фынгмæ бавналыны размæ, ацы хатт дзуапп райсы- ны фарста хъæддыхдæрæй æрæвæрынц. В а р и а н т: «Нсе фсерныг фысымтсе, зсердиагсей нсе буц ксенут семсе уын мах бсесты дунесксенæг Стыр Хуыцау ар- фсегæнсег уæд! Мах ацы хæдзары канд уазджытæ 180
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН не стæм, фæлæ ма æгас мыггаджы æрвыст лæг- тæ дсер, семсе нсем сенхъселмсе ксесынц хорз хабар- мсе. Уымсе гсесгсе усе мах тынг зсердиагсей курсем, усе хорзæхсей, бселвырд дзуапп нын раттут ацы хатт, мауал нæ аздахут зсердсесастсей. Уселсе Хуыцаусен табу! Уый не ’вдисæн, Торчынтсе æмæ Тыбаутсе ксерседзийæн хæстæг аккаг сты». Уый фæстæ фысымты хистæр фæзæгъы йæ дзуапп. В а р и а н т: «Нæ буц уæджытæ, мах мыггаджы номæй зæгъæм афтæ: разы стæм Торчынтимæ хæстæг бакæны- ныл. Æрмæст абон цæттæ нæма стæм фидыды ныхас зæгъынмæ. Уымæ гæсгæ нæ фæндон у - сæм- бæлæнт Торчынты фидауджытæ ам Тыбауты хистæртимæ, æмæ уæд хъуыддаг хæстæгдзинад- мæ æркæндзыстæм». Фысымты ахæм дзуапп амоны, чызг æмæ лæппуйы æмкъайады цæ- дисыл разы кæй сты, уый. Ахæм дзуаппы фæстæ дыууæ мыггаджы дæр сæхи цæттæ кæнын райдайынц канд фидауынмæ нæ, фæлæ ма чызгæр- выстмæ æмæ чындзхастмæ дæр. Арæх минæвæртты дыккаг бацыдæн фысымтæ фидаугæ дæр бакæ- нынц. Уый аипп нæу. Минæвæртты рарвит-барвит кæнын фысымтæн кад нæ кæны. Фысымтæ сæ уазджытæн разыйы дзуапп куы раттынц, уæд сæ хорз фенынц алы минасæй. Фæлæ уæддæр уыцы бадты рæгъ сæрмагондæй дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры амондæн нæ рауадзынц, стæй фидауæггаг (фидыды нысан - æхца) дæр не ’рæвæрынц. Минæвæрттæн не ’мбæлы чызджы хæдзармæ æнафоны цæуын æмæ сæ æнæхуыссæг кæнын, фынджы уæлхъус бирæ бадын, хъуыд- дагмæ бар чи нæ дары, ахæм фæрссаг хабæрттæ кæнын æмæ нуæзтыл æнувыд уæвын, хъуыддаг фæтагъд кæныныл тыхдзырд кæнын. Сæхи фæхъахъхъæнынц æнæрхъуыды митæ æмæ ныхæстæй. Фысымтæн та не ’мбæлы уазджытæн уайдзæфтæ кæнын, уазæджы аргъ сын нæ кæ- нын, нуæзтæй тых кæнын, стæй, кæд сæ хъуыддаг суæвинаг нæу, уæд- дæр семæ гуымиры ныхас нæ чындæуы. 4. Фидауджытæ æмæ фидыд Фидауын у стыр æмæ тынг ахсджиаг хъуыддаг, уымæн æмæ йæ бындуры æвæрд ис хæстæгдзинады бадзырд саразын, ома кæрæдзий- æн ныхас раттын, ныхас раттын та Ирмæ уыди æмæ у ард бахæрды 181
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ хуызæн - æнæфыст закъон. Дыууæ мыггаджы æвдисæнты раз куви- нагæй Хуыцаумæ табугæнгæ сфидар кæнынц сæ хæстæгдзинад. Ахæм ныхас рард амоны хъуыддагæн закъоны тых раттын, хонынц ма йæ ирон фидыд дæр. Дыууæ мыггаджы дæр фидауджытæн равзарынц фæйнæ 5-7 уæздан, æууæнкджын æмæ кадджын нæлгоймаджы сыхбæстæй æмæ хионтæй, фылдæр хатт уыдон вæййынц раздæры минæвæрттæ, фæлæ ма сæм баф- тауынц къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны дæр. Фидауджытæ фылдæр хатт сæмбæлынц чызджы хæдзары, фæлæ лæппуйы хæдзары куы сæм- бæлынц, уæд уый аипп нæ вæййы. Хистæртæ рагацау снысан кæнынц фидауыны бон, æмæ уыцы бон сæмбæлынц. Уæдмæ фысымтæ алцæмæй дæр вæййынц цæттæ. Нæ фыдæлтæ сабаты, къуырисæры, бынаты куы- вды бон æмæ хæйрæджыты ’хсæв ахæм хъæлдзæгдзинæдтæ нæ кодтой. Фидауджыты æрбацыдмæ фысымтæ, кæд сæ амал вæййы, уæд фыс акусарт кæнынц æмæ фынг æрæвæрынц. (Кæс сæргонд «Ирон фын- джы æгъдæуттæ»). Фидауджытæ уазæгæй, фысымæй фынджы уæлхъ- ус сæ бынæттæ бацахсынц. Хистæрæн сбады фысымты хистæр сыхаг, дыккаг хистæрæн та - уазджыты хистæр, æртыккаг хистæрæн - чы- зджы æрвадæлтæй, кæнæ мады ’рвадæлтæй исчи. Дæлдæр сбадынц кæстæртæ, семæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын дæр. Чызджы (лæп- пуйы) фыд сбады, фидауджытæ йæм куы срхатынц æмæ йæ хистæртæй исчи фидауæг куы нæ вæййы, уæд. Фидауджытæ сæ бынæттæ куы ’рцахсынц, уæд бадты адæм иууыл- дæр слæууынц, æртæ хистæры, кувынæн цы хъæуы, уый сæ къухтæм сисынц (кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ») æмæ, куыд æм- бæлы, афтæ скувынц. Хистæры куывд фидаугæйæ: В а р и а н т: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуы- цау, табу дæхицæн, табу дын æнустсем! Абон дсе кувæн бон у семсе дсе кувсен бонты хуыздсер арфсе ксемсен ракодтай, уый сембал ацы фсерныг хседзар- всендаджы дсер фсексен! Ссе рсесугъд фсендтсе сын царды рсесугъдсей рауадз! Абон дыуусе мыггаджы - Тыбаутæ æмсе Тор- чынтсе - мсенсе ам, сыгъдсег кувинаджы раз, дсеумсе табугсенсег севдиссенты раз, ксерседзийсен къабаз зсегъынц, семсе сын ссе къабаздзинад фидар семсе ар- фсейаг фсексен! СтырХуыцау, абон дыууæ сыгъдæгуды - Зæринæ æмæ Тотрадз - сæ цард иумæ бæттынц, æмæ сын сæ иумæйаг цард фарн æмæ амондæй бафсад! Къа- 182
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН бæзтсе сæзæрдæрухс куыдуой, æцæгселсеттсе - бу- зныгу ахæм хъару сынратт! Табу, табу дын, Стыр Хуыцау! Нселгоймсеггпы зсерин бардуаг - цытджын Уастырджи, табу дсехицсен! Мсенсе дыуусе сыгъдсег уды сæ цард иу кæнынц æмæ, дæ хорзæхæй, дæ хъо- мыс сыл хорзæй равдис! Сæ царды фæндаг рæсугъд куыд уа, сæ хъуыддæгтæ - уæлахиз, ахæм арфæ сын ракæн! Тотрадз фæндагыл лæуд у, дæуæй дзы ныфс ис, йæхи дыл фæдзæхсы æмæ, табуафси, дæ сызгъæрин базыры бын æй дар! Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), сызгъæрин тæбæгъты дæм куывдæуа! Табу дæхицæн! Табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Ацы дыууæ уарзæг чызг æмæ лæппуйæн сæ зæрдæйыуаг, сæхъуыдытæ, сæуынд, сæ конд æмæ сæ буары хъæд кæрæдзийæн адджын куыд уой, ахæм арфæ ракæн! Дыууæ мыггаджы кæрæдзиуыл куыд бæттой, адæмæн зæрдæрухс куыд хæссой, кæстæртæн сомыгæнæн куыд уой, ахæм хъару сын ратт! О сыгъдæгМадызæд (Мады-Майрæм), Зæринæйы сыгъдæгудæн ныййарæджы амонд балæвар кæн! Бынатыхицау, дæуæн дæр æхцонуæд! Ацы бына- ты хæдзарвæндаг æртыгай чъиритæ куыд кувой, дæуæн дæр дæ ном арынхъом куыд уой, ахæм хъа- ру сын ратт! Дæ къæсæртыл фыдгул макуы ’рба- хизæд, мидæмæ чи цæуа, уый фарн хæссæд, æддæмæ чи цæуа, уый та-иу фæндараст фæкæн!Абон ам, дæ фæрнæйдзаг бынаты, дыууæ мыггаджы кæрæдзи- йæн хион зæгъынц, æмæ сын хæрзгæнæг фæу! Зæдтæ, дауджытæ, дыууæ мыггаджы æмæ дыууæ кæстæры хъысмæтмæ уæ бар чи дары, уе ’ппæтæн дæр æхцон уæд! Уæ хорзæхæй, ацы хъуыддагыл рæстмæ архайæг фæут! Стыр Хуыцау, зæрин Уастырджи æмæ сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), ацы хойраг, хуыми- лаг æмæ фыдызгъæл сымах номыл конд сты æмæ уын барст уæнт! Не скæнæг Хуыцау, кæд царды истæмæй дæ разы азымджын стæм, уæд нын, дæ хорзæхæй, ныббар! Табуафси! Табу дæхицæн! Табу де стырдзинадæн!» 183
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Уыйфæстæ скувынц дыккаг æмæ æртыккаг хистæры дæр. Уыдон цыбырæй фарн æмæ амонд ракурынц дыууæ мыггагæн æмæ дыууæ кæстæрæн Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæй. Куывд куы фæвæййынц, уæд гаджидæуттæ уадзын райдайынц. Æртæ гаджидауы (Хуыцау, Уастырджи æмæ Мадызæды (Мады-Май- рæмы номыл) фæстæ хистæр фæсиды фидауджытæм ахæм ныхæ- стимæ: «Фарн уæм бадзурæд, нæ буц уазджытæ! Цы хъуыддагæн табу кæнæм, уый цæмæй нывыл ацæуа, уый тыххæй аныхас кæнæм!» Уæд уазджытæ дæр æмæ фысымтæ дæр, кæрæдзи уавæртæ хынц- гæйæ, баныхас кæнынц, чызгæрвыст æмæ чындзхаст хуыздæр куыд ацæуой, ууыл. Снысан кæнынц чындзхасты бон, чындзхæсджыты æр- бацыды æмæ сæ ацыды афонтæ. Дыууæ мыггаджы дæр æххæст цæттæ куы вæййынц, уæд чындзхасты бон дыууæ къуырийæ дарддæр нæ ар- гъæвынц. Сбæлвырд кæнынц чындзхæсджыты нымæц дæр, уыдон хъуамæ уой 20-30 адæймаджы (кæс дæлсæргонд «Чындзхастмæ цæттæ кæ- нын»), æгæр бирæ чындзхæсджытæ арвитын аив нæу, хи фæндæй ацæуын та худинаг у. Фидауджыты ’хсæн сæрмагонд ныхас фæцæуы фæлхæстыл. Рагон фæткмæ гæсгæ лæппуйы мыггаг чызджы хæдзармæ æрвыста кусæрт- таг, нозт, ссад æмæ æндæр хæлцæгтæ, фæлæ нæ рæстæджы адæмæн сæ фылдæр бамбæрстой, уазджыты искæйы хардзæй хынцын къад- дæр-уæддæр æдзæсгомдзинад кæй у, уый. Чызгæрвитæг бинонтæ æххуысхъуаг куы вæййынц, уæд уый æндæр хъуыддаг вæййы. Ахæм уавæры чызджы бинонтæн ахъаззаг æххуыс бакæнын лæппуйы хæ- дзарвæндагæн хæс у. Раст кæнынц, ацы фарстатæ фынгæвæрды размæ цы фидауджытæ алыг кæнынц, уыдон дæр, кæннод фынджы фæтк хатгай йæ нывыл нал вæййы. Хистæртæ дыууæ мыггаджы цардамондæн гаджидау куы рауад- зынц, уæд лæппуйы ’рдыгæй фарс фидауджыты хистæр фынгыл фида- уæггаг-мысайнæг - æрæвæры. Уый у, дыууæ мыггаджы ’хсæн хæстæг- дзинад æцæгдæр конд кæй æрцыд, уый æвдисæн - цъынды. Фыдæл- тæ фидауæггаг хæрзчысыл æвæрдтой - лыстæг æхца, фысы аргъæй фылдæр никуы уыди. Уымæн æмæ уый лæвар нæу - мысайнаг у. Сидт кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд бадты адæм сыстынц æмæ кæрæ- дзийы къухтæ райсынц, арфæтæ фæкæнынц. Фæстаг рæстæджы фылдæр хатт фидауæггаджы мысайнаг æрæ- вæрынц, хистæр куы скувы, уæд. Æвæццæгæн, уый дæр раст у, Уымæн æмæ уыцы куывд бафидар кæны дыууæ мыггаджы хæстæгдзинад. 184
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН Фидыды архайд æмæ митæ куы ахицæн вæййынц, уæд хистæртæ къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ ма семæ чызджы хионтæй искæй æд нуазæн арвитынц чызгмæ - чындзмæ æмæ йæ мадмæ, цæмæй кæрæ- дзиимæ базонгæ уой, уый тыххæй. Фидауджыты фынгыл рауадзынц гаджидæуттæ: - Стыр Хуыцауы номыл - стыр скуывды фæстæ фыццаг; - Мады-Майрæмы номыл - дыккаг кæнæ æртыккаг (чызджы йыл бафæдзæхсынц); - Уастырджийы номыл - дыккаг кæнæ æртыккаг (лæппуйы йыл бафæдзæхсынц); - дыууæ мыггаджы цардамондæн; - чындз, ног æфсымæртæ æмæ кæнгæ мады (цыппар уды) Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл бафæдзæхсынц, сæ хæстæгдзинад цæрæнбон- ты фидар куыд уа, уый сæ ракурынц. Ацы сидтыты фæстæ хистæр цавæр сидт ракæна, уый йæхи бар у, æрмæст фæстаг сидт хъуамæ уа бæркад, бæрæчетдæттæг зæдты номыл. Уыйфæстæ бадты адæм сыстынц, кæртмæ рацæуынц, уым фысымтæ уазджыты бæгæныйы къус æмæ æртæ ’ртæдзыхонæй Уастырджийыл бафæдзæхсынц æмæ сæ афæндараст кæнынц. 5. Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын Чызгæрвыст стыр æмæ бæрнон хъуыддаг у, уымæ гæсгæ йæм цæт- тæ кæнын хъæуы тынг зæрдиагæй, йæ райдианæй йæ кæронмæ йæ алы ми, йæ алы архайд дæр хъуыдыгонд куыд æрцæуа æмæ нывыл куыд ацæуа, афтæ. Чызгæрвыстмæ цæттæ кæныны мидисы ис: Фыццаг - чызгæрвысты бæрнон архайджытæ снысан кæнын. Уы- дон сты: фидауджытæ 5-7 уæздан, дзырддзæугæ æмæ фæлтæрдджын нæлгоймаджы; 1-2 лæджы мыггагæй, иу уый бырц сыхбæстæй, æмæ чызджы мадырвадæлтæй, кæнæ хæрæфырттæй; - чындзхæсджыты (уазджыты) фынгыл бадты хистæр - сыхбæстæй (хъæубæстæй) куырыхон æмæ фæлтæрдджын нæлгоймаг; - чындзхæсджыты (уазджыты) фынгыл бадты 3-аг хистæр - мыгга- гæй, уæздан æмæ дзырддзæугæ нæлгоймаг; - хуынд адæмы (фысымты) фынгыл бадты æртæ хистæры - сыхбæстæй, мыггагæй æмæ æндæр хъæутæй (уазджытæй), ацы фынг хицæн вæййы, чындзхæсджытæ æмæ хуынд адæм æгæр бирæ куы вæй- йынц, уæд; 185
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - сылгоймæгты фынгыл 1-аг æмæ 3-аг хистæртæ - сыхбæстæй (хъæу бæстæй) æмæ мыггагæй; Ацы хистæртæ иууылдæр вæййынц равзаргæ адæм (кæс сæргонд «Ирон фынгæвæрд»): - кæрты фæткмæ цæстдарæг хистæр - сыхбæстæй (хъæубæстæй); - лæггадгæнджыты хистæр - лæггадгæнджытæн уынаффæгæнæг - къæбицы уагдарæг, чызгæрвысты æгъдæуттæм хорз чи арæхсы, ахæм нæлгоймаг сыхбæстæй; - лæггадгæнджытæ: кæрдзынгæнджытæ, кусартгæнджытæ, фын- гæвæрджытæ, дзагдар æмæ уырдыглæуджытæ, чындзыл дарæсгæн- джытæ, чындзæмбæлттæ (1-2 лæппуйы, 1-2 чызджы); - хъæлдзæгдзинад аразджытæ фæлтæрдджын æмæ бæрнон, хъæп- пæрисджын æмæ дзырддзæугæ æрыгон лæппу æмæ чызг; - фæндырдзæгъдджытæ æмæ чегъретæ; - хуындзæуттæ фæстæйы хуынимæ (кæс бындæр «Фæстæйы хуын»). Дыккаг - чындзы дзаумæттæ æмæ лæвæрттæ. Ныййарджытæ куы бамбарынц, сæ чызг йæ кармæ гæсгæ чындздзон ссис, уæд ын рагацау, чызгæрвысты бон цы бахъæудзæн дзаумайæ, уыдон амал кæнын рай- дайынц. Фидаугæ куы бакæнынц, уæд та ма балхæнынц кæнæ сæхæдæг скæнынц, цы йын нæ фæфаг кæны, ног уавæрты йæ цы бахъæудзæн, уыдон: чызгæн - 1-2 къабайы кæнæ костюмтæ, 2-3 фæлысты мидæггаг дарæс, 1-2 уæйлаг дарæсы (палто, плащ), 1-2 фæлысты къахыдарæс, иуцасдæры бæрц, буармæ æмæ дарæсмæ зилæн фæрæзтæй цы хъæуы, уыдон, хуыссæнгæрзтæ (гобан, хъæццул, базтæ, 2-4 уæлтауæны - хуыс- сæнæмбæрзæны), хæссæнгарз (чумодан). Уымæй уæлдай ма чызгæн ныййарджытæ скæнынц исты зынаргъ лæвар. Уый вæййы уæлæдарæс кæнæ хæдзары дзаума. Ныййарджытæн сæ бон куы нæ вæййы исты ахæм лæвар бакæнын, уæд уый аипп нæу. Чызгæн уый тыххæй ныййарджыты азымы дарын не ’мбæлы. Лæппуйæн (сиахсæн) лæварæн самал кæнынц зынаргъ дзаума (са- хат, къухдарæн æмæ æндæр ахæм исты), кæнæ уæлæдарæс (костюм, худ, хъарм дзаума кæнæ къахыдарæс). Фæйнæ лæвары ма балхæнынц лæппуйы ныййарджытæн дæр. Кæд лæппуйæн æвзонг кæстæртæ ис, уæд уыдонæн æмæ хызисæгæн - фæйнæ исты зæрдæлхæнæны. Чызджы ныййарджытæн сæ амал куы вæййы, уæд лæвæрттæ скæ- нынц къухылхæцæгæн, æмдзуарджынæн, кæнгæ мадæн æмæ сиахсы мыггаджы хистæрæн. Мæхи адæмы цæстмæ равдисон, зæгъгæ, уый охыл зынаргъ æмæ
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН стыр лæвæрттæ кæнын раппæлинаг хъуыддаг нæу. Лæвар мын нæ ба- кодтой, зæгъгæ, уый тыххæй хъаст кæнын та - сæрмæхæссинаг. Чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын не ’мбæлы, сыхагæн, хæстæгæн лæггад бакæнын фы- дæлты фæрнæйдзаг фæтк у æмæ уымæй сæудæджер кæнын нæ хъæуы. Æртыккаг - чызгæрвысты фæлхæстæ. Чызджы ныййарджытæ сæ материалон уавæр хынцгæйæ сбæлвырд кæнынц, сæ бон чызгæрвыстмæ цал адæймаджы æрхонын бауыдзæн, уый. Чызгæрвысты фæлхæстæ дæр æнцонæй банымайæн ис, дæлсæр- гонд «Чындзхастмæ цæттæ кæнын»-ы цы номхыгъд ис, уымæ гæсгæ. Фæлхæстæ хынцгæйæ ныййарджытæ æппæты фыццаг хъуамæ сæ зæрдыл дарой, ацы хъуыддаджы сæ размæ цы сæйрагдæр хæс ис, уый - чызг йæ ног бинонты ’хсæнмæ хъуамæ бацæуа, амал æмæ гæнæн куыд ис, афтæмæй цæттæйæ. Уымæ гæсгæ фæлхæсты ахъаззагдæр хай хъу- амæ нысангонд æрцæуа чызджы ног уавæрты цæрынмæ бацæттæ кæ- нынæн. Чызджы ныййарджытæ, кæд æнæниз æмæ цæрынхъом сты, уæд си- ахсæй истытæ домын æнæуагдзинад у, чызджы ныййарджытæ хъуамæ уый сæ сæрмæ ма хæссой. Чындзхæсджыты лæппуйы хардзæй суазæг кæнын ирон æгъдау нæу. Цыппсерсем - чызгæрвыстмæ æрхуынд. Чызгæрвыстмæ дæр æмæ чындзхастмæ дæр адæм «исчи мын исты фæуа»-йы охыл хонын у стыр æдзæсгомдзинад. Кæй нæ уарзыс, уый æрхонын та у æдылыдзинад. Раппæлæн нæй хи равдисыны охыл бирæ адæм æрхонынæй дæр. Дыууæ мыггаджы куы бафидауынц, уæд чызджы ныййарджытæ мыггаджы хистæртимæ скæнынц, хистæриуæг чи кæндзæн æмæ æр- хонинаг чи у, уыдон номхыгъдтæ. Номхыгъдтæм гæсгæ рагацау фехъу- сын кæнынц: - чызгæрвысты хистæртæн æмæ лæггадгæнджытæн - 1-2 къуы- рийы раздæр; - фæстæйы хуындзæуттæн - æрхонинаг адæмæн æмæ чындзæм- бæлттæн - 1-2 боны раздæр. Нæлгоймаг хистæртæ æмæ лæггадгæнджытæн сæрмагондæй фехъусын кæны чызджы фыд, сылгоймæгтæн - чызджы мад. Чындз- æмбæлттæ чындзы цæуæг равзары æмæ сын хъусын дæр фæкæны йæхæдæг. 187
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 6. Чындзхастмæ цæттæ кæнын Чындзхаст дæр чызгæрвыстау у тынг стыр æмæ вазыгджын цау. Уымæ гæсгæ йæм мыггаг, ныййарджытæ иумæ бындуронæй æмæ зæр- диагæй фæцæттæ кæнынц. Чындзхастмæ цæттæ кæныны мидисы ис: Фыццаг - бæрнон архайджытæ снысан кæнын æмæ сын афойнадыл фехъусын кæнын. Мыггаджы хистæртæ æмæ лæппуйы ныййарджытæ кæй снысан кæнынц, уыдон сты: - къухылхæцæг - астæуккаг кары уæвæг нæлгоймаг мыггагæй кæнæ хæстæг хионтæй, æмкъайады цæдисы фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм арæхстджын адæймаг; - æмдзуарджын - лæппуйы хæлæрттæй, уæздан æмæ æууæнкджын чи у, ахæм арæхстджын лæппу; - кæстæр æфсымæр - хызисæг, фылдæр хатт 10-15-аздзыд сыхаг лæппу; - чындзы кæнгæ мад - æгъдæуттæ хорз чи зоны, чындзæн фыццаг бонты йæ уаг, йæ архайд чи амондзæн, йемæ æргомдзырд чи уыдзæн, ахæм æрыгон чындз мыггагæй, хæстæджытæй кæнæ сыхæгтæй, фыл- дæр хатт - къухылхæцæджы цардæмбал. - чындзхæсджыты нæлгоймаг хистæр - ацæргæ ад æймаг сыхбæстæй (хъæубæсты, мыггаджы номæй ныхас чи фæкæны, ахæм адæймаг); - чындзхæсджыты 2-аг нæлгоймаг хистæр - мыггагæй кæнæ хи- онтæй; - чындзхæсджыты сылгоймаг хистæр - сыхбæстæй (хъæубæстæй); - чындзхæсджыты 2-аг сылгоймаг хистæр мыггагæй кæнæ хæстæг хионтæй; - фидауджыты хистæртæ мыггагæй æмæ сыхбæстæй, хъæубæстæй; - чындзæхсæвы фынджы хистæр - сыхбæстæй, хъæубæстæй; - чындзæхсæвы бадты 3-аг хистæр - мыггаг кæнæ хæстæг хионтæй; - чындзæхсæвы сылгоймæгты бадты хистæр - сыхбæстæй, хъæу- бæстæй; - чындзæхсæвы сылгоймæгты бадты 3-аг хистæр - мыггаг кæнæ хæстæг хионтæй. Кæй ранымадтам, уыдонæн уынаффæгæнæг, хистæр у къуыхылхæ- цæг. Къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад вæййынц, дыууæ кæстæры цардыл хæрзаудæн чи кæны, ахæм æууæнкджын æмæ зæрдæхæлар хионтæ. Уыйæй уæлдай ма къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад бахъуаджы сахат лæмбынæг кæсынц чызг æмæ лæппуйы митæ æмæ уагмæ. Амонынц 188
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН сын, сæ размæ цы ног æмæ, фылдæр хатт, зынæмбарæн интимон æмæ æндæр фарстатæ фæлæууынц, уыдон. Цæмæй уыцы интимон фарстатæ уæзданæй æмæ æгъдауыл лыггонд цæуой, уый тыххæй къухылхæцæг æмæ кæнгæ мад хъуамæ сæ кар æмæ удыхъæдмæ гæсгæ хæстæг лæууой чызг æмæ лæппумæ. Хистæртæ иууылдæр хъуамæ уой уæздан, дзырддзæугæ, æууæнкджын æмæ, æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæм фæлтæрдджын адæймæгтæ. Уыдонæй уæлдай ма снысан кæнынц лæггадгæнджытæ: кæрдзын- гæнджытæ-æфсинтæ, кусартгæнджытæ, фынгæвæрджытæ, уырды- глæуджытæ, шофыртæ æмæ чегъреты: - лæггадгæнджыты хистæр - сæ архайдмæ сын йæ цæст чи дардзæн, къæбиц йæ бæрны кæмæн уыдзæн, хойраг, фыдызгъæл æмæ иннæ хой- рæгтæ кæдæм (кæмæн) æмæ цас фæлхас кæнын бахъæудзæн, уый хорз чи зоны, ахæм нæлгоймаг сыхбæстæй, хъæубæстæй; - чындзхæссæг снысан кæнынц равзаргæ уæздан æмæ æгъдауджын адæймæгты, уыдон вæййынц: хистæр кары нæлгоймæгтæ 2-3; - хистæр кары сылгоймæгтæ 2-3; - хуындзæуттæ - 3; - фæндырдзæгъдæг æмæ зарæгамонæг - 2; - кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ - 6-8; - æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ - 2-4; - къухылхæцæг, æмдзуарджын, кæнгæ мад; - шофыртæ - 2-3. Чындзхæсджытæ æдæппæт вæййынц 20-30 адæймаджы. Уыдонæн се ’мбис хъуамæ уой сыхбæстæй, хъæубæстæй. Бирæ чындзхæсджытæ æрвитын аив нæу, уæлдайдæр, чызджы бинонтæ куынæг армæй куы фæцæрынц, уæд. Дыккаг - дарæс, хæдзары дзаумæттæ. Лæппуйы ныййарджытæ, сæхи æмæ чызджы бинонты царды уавæр хынцгæйæ, саразынц мадзæлттæ, цæмæй дыууæ æрыгоны чындзха- сты бонты æмæ сæ иумæйаг царды райдианы мацæмæй батыхсой, уымæн. Ныййарджытæ, фылдæр хатт та чызг æмæ лæппу сæхæдæг, къаддæр-уæддæр балхæнынц (самал кæнынц) уæлæдарæс чындзæн: къаба кæнæ костюм, науæд дæллаггуыр æмæ уæллаггуыр, сæрбæттæн, худ, мидæггаг дзаумæттæ иу фæлыст, къахыдарæс - туфлитæ кæнæ цырыхъхъытæ йе та батинкæтæ - афæдзы афонтæм гæсгæ иу фæлыст. Буармæ æмæ дарæсмæзилæн дзаумæттæ: хихсæн фæрæзтæ иу ком- плект, зонтыкк æмæ хызын. Чындзæн ма балхæнынц кæнæ рæстæгмæ 189
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ райсынц чындзы дарæс: разкъæртт къаба, уæллаггуыр, дæллаггуыр, къопхуд, камари æмæ хыз (вуаль). Уымæй уæлдай ма, чындзы уаты æп- пынкъаддæр цытæ хъæуы, уыдон: сынтæг, скъапп, гауыз, кæсæн, фынг, бандæттæ, телевизор, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд. Чындзхасты бон хи равдисыны охыл чындзæн зынаргъ дзаумæттæ æлхæнын кæнæ æн- дæр исты хъуыддагæн «æхцакалæн» кæнын у æнæфенддзинад. Æртыккаг - лæвæрттæ. Чындзхасты бон дыууæ кæстæры ный- йарджытæ кæрæдзийæн æмæ кæрæдзи бинонтæн фæкæнынц лæвæрт- тæ, кæмæн цы йæ бон у, уый. Лæвæрттæ чындæуы: - чындзы ныййарджытæн фæйнæ лæвары; - чындзы фыдымад æмæ фыдыфыдæн фæйнæ лæвары (амал куы уа, уæд); - мыггаджы хистæр нæлгоймаг æмæ сылгоймагæн; - чындзы æвзонг кæстæртæн фæйнæ зæрдæлхæнæны; - чындзæн иу зынаргъ згъæр лæвар (кулон, брош, хъусцæджытæ, къухдарæн, сахат кæнæ æндæр ахæм исты) - иу дзаума. Лæвæрттæ кæнгæйæ дыууæ хæдзары бинонтæ дæр хъуамæ кæрæ- дзиуыл ауæрдой. Хи бинонты хъуагæй стыр лæвæрттæ кæнын аив нæу. Цыппæрæм - чындзæхсæвы фæлхæстæ. Лæппуйы ныййарджытæ куы сбæлвырд кæнынц хуынд адæмы нымæц, уæд банымайынц, хæдзары цы ис, уымæй уæлдай ма сæ сса- рын (самал кæнын) цытæ бахъæудзæн æмæ сæ аргъ цас сыстдзæн, уый. Уый фæстæ агурын æмæ æлхæнын райдайынц, фаг сæм цы нæ вæййы, уыдæттæ. Кæд фидауджытæ раздæр ныхасгонд уыдысты, уæд чызджы хæ- дзармæ æрвитын бахъæуы: кусæрттаг, ссад æмæ нозт. Чызджы ный- йарджытæ фылдæр хатт сæ сæрмæ не ’рхæссынц исты æххуыс рай- сын. Цæмæй, хойрагæй цы бахъæудзæн, уый фæстауæрцгонд цæуа кæнæ æгæр кадавар ма рауайа, уый тыххæй ныййарджытæ скæнынц, фынгтыл цы хæринæгтæ æрæвæрдзысты, уыдоны номхыгъд. Уымæй уæлдай ма лæппуйы бинонтæ сбæрæгбонхуыз кæнынц сæ цæрæнуат, ома кæрт, агъуыст, æмбондтæ; сцалцæг кæнынц, бази- лынц сæм, аив сæ сфæлындынц. Бацæттæ кæнынц чындзы уат дæр, æрæвæрынц дзы, цы ’мбæлы, уыдон. Рагацау ракурынц кæнæ баххуырсынц, чындзхасты бон цы транс- портон фæрæзтæ бахъæудзæн, уыдон. ’Фæндзæм - чындзхасты боны фæтк. Цæмæй чындзхасты хъуыддæгтæ бæлвырд фæткыл цæуой æмæ 190
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН мацы къуылымпытæ уа, уый тыххæй тынг ахсджиаг у, чындзхастæн боны фæтк, ома кæд цы кæнын хъæуы, уый сбæлвырд кæнын. Нæ фы- дæлтæ чындзхаст æмæ чындзæхсæв иу бон стæм хатт кодтой, уымæн æмæ уæд талф-тулфы митæн бынат нал вæййы, хъуыддæгтæ æнцадæй нывæфтыдгæнæгау ацæуынц. Раст кæнынц, нæ рæстæджы чындзæх- сæв чыидзы æрбахасты фæстæ дыккаг бон чи кæны, уыдон, стæй аи- вдæр æмæ уæлибондæр у ахæм чындзæхсæв, уым архайынц, фæстæйы хуынимæ чи ’рбацæуы, уыцы уазджытæ дæр. Раст кæнынц, йæ чындзхæсджыты æмæ чындзы æрбацыдмæ йæ чындзæхсæвы фынгæвæрд чи аргъæвы, уыдон дæр. Фыдæлты фæтк- мæ гæсгæ чындзæхсæвы кувинæгтæ куывдæуы æрмæстдæр чындзы раз. Цалынмæ чындз лæппуйы кæртмæ æрбакъахдзæф кæна, уæдмæ фынгмæ ничи ’вналы, кувинæгтæ ничи кувы, уыцы фæткмæ гæсгæ чындзхасты хъуыддæгтæ цыдысты алдымбыдау. Уæдæ афтæ, цæмæй чындзæхсæв аив æмæ æгъдауыл ацæуа, уый тыххæй кæнæ чындзæхсæв кæнын хъæуы чындзы æрбацыды фæстæ дыккаг бон нæ фыдæлтæ йæ цæрæнбоны куыд кодтой, афтæ, кæнæ та чындзхæсджыты чызджы хæдзармæ æрвитын хъæуы бонрæфты, цæмæй фæстæмæ лæппуйы хæдзармæ бонрухсæй æрбаздæхой, уый тыххæй. Уæдмæ хуынд адæм хъуамæ æрбацæуой, кувинæгтæ скувын- мæ цæттæ уой, хъазт та хъуамæ йæ тæккæ тыфылы бацæуа. Чындзæхсæв дыккаг бон чи фæкæны, уымæн кæд йæ фæлхæстæ бирæ фылдæр нæ вæййынц, уæддæр дзы вæййы фидар фæтк, нæ дзы вæййы уæлдай дзолгъо-молгъо. Фыццаг бон чындз йæ ног хæдзармæ бакувы. Уый фæстæ йæ фæллад суадзы. Дыккаг бон та йын чындз- æхсæв скæнынц. Скувынц ын, Хуыцау, зæдтæ æмæ йæ дауджытыл бафæдзæхсынц, бакувы хæдзары артдзæстæн - Сафамæ. Йæ хыз ын сисынц, байуары мыды къус, стæй йæ акæнынц хъазтмæ. Ацы фæткæн йæ æвæрццæг ахадындзинад уæлдай ахъаззагдæр у горæтаг фатерты цæрæг чындзхæссæг бинонтæн. Æхссезсем - чындзхастмæ æрхуынд. Дыууæ мыггаджы куы бафидауынц, уæд лæппуйы ныййарджытæ, мыггаджы хистæртæ, лæппу йæхæдæг скæнынц номхыгъдтæ. Уыцы номхыгъдтæм бахæссынц хистæрты, чындзхæсджыты, лæггадгæн- джыты æмæ, чындзæхсæвмæ æрхонын кæй хъæуы, уыдоны. Чындз- æхсæвмæ ма дыууæ къуырийы куы баззайы, уæд фехъусын кæнынц (æрхонынц), кæй снысан кодтой, уыцы хистæртæн, чындзхæсджытæн æмæ хæстæг хионтæн, къуыри раздæр - лæггадгæнджытæн, æрхони- наг адæммæ хионæй, æцæгæлонæй хонæг арвитынц 1-2 боны раздæр. 191
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Хистæртæн æмæ лæггадгæнджытæн сæрмагондæй фехъусын кæнынц ныййарджытæ сæхæдæг. Балæгъстæ сын кæнынц. Вариант: «Арсæмсег, мсе хселар, дæумсе сербацыдтсен ахс- джиаг хъуыддаджы фседыл семсе мсе ма аздах! Хуыцауы фсендсей, иннсе хуыцаубоны мсг ксестсер Ацсемсезсен хъуыддаг ксенын семæ мсе ксерт, мсе късебицы уынаффсегсенсегсен дсеу равзсерстон. Хъсеубсесты хорз лсегтсе бирсе ис, фселсе мсенсен мæ уазджытсен рсесугъд сегъдау чиравдиса, гъеуый ды дсе, æмсе, дсе хорзсехсей, ма фсезивсег ксен!» Чындзæхсæвмæ хонæг чи фæцæуы, уыдонæн бафæдзæхсынц, кæцы бонмæ æмæ кæцы сахатмæ æрхонын хъæуы адæмы, уый, цæмæй афойнадыл (чындзы æрбацыдæй, къаддæр-уæддæр иу сахат раздæр) æрцæуой, уый тыххæй. Куывдмæ кæнæ æндæр цины хъуыддагмæ æнæ хонæгæй ацæуæг йæхи æгад кæны. 7. Чызгæрвыст æмæ чындзхасты хъæлдзæгдзинæдтæ Чызгæрвыст æмæ чындзхаст хъæлдзæгдзинадæй фидауынц, æмæ уый у æппæтæй сæйрагдæр. Удæвдзæг, æрд, кафт, ерыстæ æмæ хъæзтытæ цы цины хъуыддаджы нæ уа, уый у æнæзæрдæмæдзæугæ, æварн. Цыфæнды диссаджы фын- гæвæрдтæ дзы куы уа, мин адæймаджы йæм куы ’рхуындæуа, лæвæрт- тæ иууылдæр налхъуыт-налмастæ куы уой, фæлæ дзы хъæлдзæгдзинад куы нæ уа, уæд уый у, бинонтæ æмæ мыггаджы æгад чи кæны, ахæм æдзæлгъæддзинад. Ахæм хъуыддаджы хъæлдзæгдзинæдтæм хъуамæ здæхт цæуа сæй- раг цæстæнгас. Чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр уыцы хъуыд- даг бабар кæнынц хионтæй хъæппæрисджындæр, æрхъуыдыджындæр æмæ бæрнондæр адæймæгтæн. Уыцы хъуыддагæн бинонтæ хъуамæ мацы бацауæрдой - нæдæр рæстæг, нæдæр æхца, нæдæр уды фыдæ- бон. Бацагурынц алыхуызон курдиатджын адæм - зарæгамонджытæ, кафджытæ, фæндырдзæгъдджытæ, бæхылхъазджытæ, алыхуызон ерыстæ æмæ хъæзтытæм амидингæнджытæ æмæ æндæртæ. Саразынц хъæлдзæгдзинæдты боны фæтк. Кæцыфæнды чызгæрвысты дæр æмæ чындзхасты дæр хъуамæ æп- пынкъаддæр уа: - хъазтамонджытæ (чегъретæ) - иу-дыууæ; - фæндырдзæгъдджытæ - иу-дыууæ; 192
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН - зарæгамонджытæ - дыууæ-æртæ; - сæрмагонд кафæг чызджытæ æмæ лæппутæ - æхсæз-аст; - хуызисæг кæнæ кинонывисджытæ- иу-дыууæ. Кæд бинонтæ æмæ хионтæм хъæппæрисджын æмæ арæхстджын адэеймæгтæ нæй, уæд хъæуы баххуырсын хицæн адæймæгты кæнæ -енæхъæн ансамбль, ома, æппын нæйы бæсты. Фæлæ уæддæр æнæ хъæлдзæгдзинад чындзæхсæв чындзæхсæв нæу. Чызгæрвысты æмæ чындзхасты хъæлдзæгдзинæдтæ аразæг снысан кæны, кæд æмæ цавæр хъæлдзæгдзинад хъуамæ уа, уый, ома саразы репертуарон пълан, бындуронæй ахъуыды кæны, куыд æмæ цæмæй бахъæлдзæг кæндзæн уазджыты æмæ хуынд адæмы, ууыл. Сыхбæсты цины хъуыддаг æмæ мардæрцыд куы сиу вæййынц, уæд сыхбæстæ (хъæубæстæ) бацархайынц уыцы фарста фыдæлты фæткмæ гæсгæ алыг кæныныл. Мæрдджын мыггаджы лæгтæн тынг уæзданæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц сæ хæс: чындзхæссæг (чызгæрвитæг) бинонтæм минæвар барвитын æмæ сæм æрхатын: «Уæ хъæлдзæг- дзинæдтæ кæнут». Уыцы минæвар кæнæ минæвæртты фылдæр хатт мæрдджын хæдзарвæндаг (мыггаг) æрбарвитынц сæхи хъæппæрисæй. Уый тыххæй бæлвырддæр кæс сæргонды «Ирон фынгæвæрд». 8. Чызгæрвыст Чызгæрвысты бонмæ дыууæ мыггаджы ’хсæн æнæлыг фарста нал баззайы. Чызджы бинонтæ сыхбæстæ æмæ хионты руаджы сцæттæ кæнынц чызгæн йæ чындздзон дарæс, лæвæрттæ, кусарт, хойраг, нозт. Бафснайынц кæрт, бæстыхæйттæ æмæ сæ сбæрæгбонхуыз кæнынц. Уæдæ цæттæ вæййынц бæрнон архайджытæ дæр хистæрæй, кæстæрæй - æфсинтæ, лæггадгæнджытæ, кæрдзынгæнджытæ, хъæлдзæгдзина- дыл архайджытæ æмæ чындзæмбæлттæ. Нысангонд рæстæгмæ хуынд адæм æрбамбырд вæййынц фысымты кæртмæ, хъазт скæнынц - фæкафынц, фæзарынц, æппæт дæр цæттæ вæййы уазджыты (чындзхæсджыты) æрбацыдмæ. Æфсинтæ æрцæттæ кæнынц, фынгтыл æрæвæрынц цыдæриддæр хъæуы, уыдон. (Кæс сæр- гонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»). Чындзхæсджыты æрбацыдмæ кæрдзынгæнджытæ скæнынц, хой- рагæй цы ’мбæлы, уыдон, фыдджынтæй фæстæмæ. Кæрдзынгæн- джытæ хуынд адæмы нымæц хынцгæйæ, фынджы бæркадæн цы хой- раг скæнынц, уыдонæй уæлдай рагацау сцæттæ кæнынц сæрмагондæй: - æртæ ’ртæдзыхоны чындзхæсджытæн «æгасцуай» зæгъынæн (хæдзармæ бацæуæны скувынæн); 13 Родники благородства 193
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - æртæ ’ртæдзыхоны чызджы йæ уаты чындздзон дарæсы сфæлын- дыны охыл скувынæн; - æртæ сртæдзыхоны чындзæрвысты фынгмæ чызгæн фæндараст зæгъынæн; - æртæ кæрдзыны (чъирийы) æмæ гуыдын чындзæхсæвы фынгмæ; - æртæ кæрдзыны (чъирийы) сиахсы мыггаджы хистæры номыл; - æртæ ’ртæдзыхоны чындзхæсджытæн фæндараст зæгъынæн Уас- тырджийы номыл (скувынц сæ кæртæй рацæуæны); - æртæдзыхонтæ лæппуйы хæдзармæ хызисгæйæ Сафа æмæ Сæры- зæдмæ скувынæн. Фысымтæ æппæтæй дæр цæттæ вæййынц чындзхæсджыты æрба- цыдмæ æмæ чындзы афæндараст кæнынмæ. Чындзхæсджытæ нысангонд рæстæгмæ æрбацæуынц чызджы кæр- ты дуармæ æмæ сисынц чындзхæсджыты зарæг: «Ой, уæ бон хорз уа, нæ фысымтæ!», кæнæ «Ой, фарн фæцæуы!». Фæзарынц, цалынмæ фы- сымтæ сæ размæ «æгъдауимæ» (æмбæлæггагимæ) рацæуынц, уæдмæ. Сæ размæ рацæуынц æртæйæ - разæй фæцæуы хистæр кары нæлго- ймаг чызджы æрвадæлтæй - хæстæг, хионтæй кæнæ сыхбæстæй, хъæу- бæстæй. Уый фæстæ фæцæуынц дыууæйæ - æрыгон чызг æртæ ’ртæ- дзыхонимæ, уымæн йæ галиуфарсæрдыгæй та - лæппу, йæ рахиз къухы - бæгæныйы къус, галиу къухы - физонæг. Бæгæныйы къус егъау куы вæййы, уæд аипп нæу физонæг къусы уæлæ æвæрын. Хистæр æрлæууы чындзхæсджыты раз æмæ сын фысымты номæй раарфæ кæны. В а р и а н т: «Нсе буцгсенинаг уазджытсе, уе ’рбацыд Стыр Хуы- цауы зсердсемæ фсецсеусед семсе усе йсе хорзсех уæд! Абон Торчынтсе семсе Тыбаутсе иумсе цы хъуыдда- гып цин ксенынц, уый Дунесксенсег Хуыцаурсестмсе фсексенсед! Сымах та нсем сегас цсеут семсе Хуыца- уы уазсег ут!» Уыцы арфæты фæстæ лæппу бæгæныйы къус æмæ физонæг чындз- хæсджыты хистæрмæ ратты. Чъиритæ та айсы чындзхæсджыты кæстæртæй исчи. Чындзхæсджыты хистæр скувы (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст») æмæ аходинаг кæстæртæй иумæ авæры. Фысымты хистæр чындзхæсджыты хистæртæн сæ къухтæ райсы, æмæ сын кæртмæ амонгæйæ фæзæгъы: «Уæ хорзæхæй, мидæмæ ра- цæут!» Йæхæдæг кæстæртимæ иуварс алæууынц (фæндаг раттынц). Уазджытæ кæртмæ бацæуынц, уым сын хистæртæ æгасцуай фæзæ- гъынц. Кæстæртæ хуындзæуттæн сæ хуынтæ райсынц æмæ сæ æф- синты размæ бахонынц, фæсивæды та хъазтмæ акæнынц. Уазджыты 194
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН хистæрты кæрты бирæ нал бафæстиат кæнынц - цæттæ фынгтæм сæ ахонынц. (Кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»). Чызгæрвысты фынджы ’гъдæуттæ дæр сты, сæргонд «Ирон фын- джы æгъдæуттæ»-йы куыд амынд сты, афтæ. Бадты хистæртæ, куыд æмбæлы, афтæ скувынц. Ацы куывд, чы- сыл хицæндзинæдтæй фæстæмæ, у чындзæхсæвы куывды хуызæн (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»). Уыйфæстæ рæгъытæ уадзын райдайынц. Чызгæрвысты сæйраг куывдтытæ сты: - Хуыцауы номыл; - Мадызæды (Мады-Майрæмы) номыл; - Уастырджийы номыл; - дыууæ мыггаджы цардамондæн; - уазджыты цардамонæн. Ацы фæтк XX æнусы фехæлд, хъыгагæн, сылгоймæгты бардуаг Ма- дызæды (Мады-Майрæмы) аууонмæ аргъæвдæуыд. Сæйраг гаджидæуттæ куы ахицæн вæййынц, уæд хистæр, чындз- хæсджыты курдиатмæ гæсгæ, бар ратты чындзы фæндагмæ цæттæ кæ- нынæн. Чындзы сцæттæ кæнын къухылхæцæг æмæ кæнгæ мады хæс вæй- йы, фæлæ ма уыдонмæ бадты хистæр бафтауы чындзы æфсымæртæй кæнæ æрвадæлты лæппутæй искæй, уымæн æмæ чызг йæ чындздзон дарæс нæ фæкæны, цалынмæ йын æфсымæр нæ бамбарын кæны, хистæрты уынаффæ кæй у уый, уæдмæ. Къухылхæцæг, чызджы æф- сымæр æмæ кæнгæ мад чызджы размæ бацæуынц æмæ, æгъдау куыд амоны (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»), афтæ чызджы (чындзы) цæттæ кæнын райдайынц. Чызджы чындздзон дарæсы сфæлындынц æрвадæлты, сыхбæсты чызджытæ æмæ æрыгон чындзытæ - æдæппæт æртæ-цыппар адæй- магæй. Цалынмæ чындзыл дарæс фæкæнынц, уæдмæ хистæртæ гаджи- дæуттæ фæуадзынц, фæзарынц, кæмæн æмбæлы, уыдонæн арфæйы нуазæнтæ фервитынц. Бадты хистæр уазджытæн фыццаг нуазæнтæ ратты, уый фæстæ ра- уадзы сæрмагонд гаджидау уазджыты цардамондæн, йе та фыццаг ра- уадзы гаджидау, уыйфæстæ сын ратты нуазæнтæ. В а р и а н т: «Фарн усем бадзурæд, нсе буц уазджытæ! Усе фаг буцдзинседтсе скæнынмæ нæ сарсехсдзыстæм, æмæ нын ныххатыр ксенут! Фыдæлтсей нын баз- зад уазседжы уды фселлойсе семсе зсердиаг арфсейсе бабуц ксенын семæуын Тыбауты мыггаджы номсей, 195
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ нæ хъæубæсты номсей арфсе кæнсем! Дунесксенсег Стыр Хуыцау, абон Тыбауты мыггагмсе уазседжы къах чи ’рбавæрдта, уыдонсен ссе цардамонд тыхджын сксен! Абон цы ирон усездандзинад семсе сегъдау æвдисынц, уый мыггагмсе хсессын ссе бон куыд бауа, ахсем хъару сын ратт! Усе цсерсенбон бирсе уседу нсе зынаргъ уазджытсе!» Ацы гаджидау куы фæуадзынц, уæд бадты адæм иууылдæр сы- стынц, лæугæйæ сæ нуазæнтæй саходынц кæнæ сæ бануазынц. Хистæр уазджытæн арфæ куы ракæны æмæ сæ цардамондæн га- джидау куы рауадзы, уæд чындзхæсджыты хистæры фæндонæй æмæ чындзхæсджыты номæй æрбахоны чызджы фыды, æмæ йын чындз- хæсджыты хистæр арфæ ракæны чындзхæсджытæ æмæ лæппуйы мыг- гаджы номæй. (Кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»). Чындзхæсджытæ чындзы фыдæн арфæ куы ракæнынц, уæд уый фæстæ йæхæдæг сыхбæстæй искæимæ йæ уазджытæн рахæссы ар- фæйы нуазæн (иунæг) æмæ йæ арфæтимæ ратты чындзхæсджыты хистæрмæ. Сылгоймаг уазджытæн та ахæм арфæйы нуазæн бахæссы чындзæн йæ мад. В а р и а н т: «Фарн усем бадзурсед, фарн, Хуыцауы уазджытæ, семсе уæ табу Хуыцаумсе рæсугъдсей фехъуыссед! Ацы фарны куывды уемсе бадынц хъæубæсты усез- дан хистсер Ассебе семсе Тыбауты мыггаджы ссер Уасо, уыдонсен не ’рбацыд æнсенхъсепседжы нæу, фæпæ ма сæ мæнæ Аспæнбег иу хатт хатыр куры йæ уæндондзинадæй. Нæ буц уазджытæ! Аспæнбег арфæйагып нымайы уæ табу дунескæнæг Хуыцау- мæ æмæ уæ уæздандзинад. Йæхи æмæ, цы бинон- ты сæргъы лæууы, уыдон номæй уын ацы нуазæн буцæн æрбахаста æмæ йæ, табуафси, уæхицæн саккаг кæнут!» (Хъæдгæройнаг 70-аздзыд дзæнæты бадæг Тезиаты Джамботты ныхæстæм гæсгæ, 1961 аз). Нæлгоймæгты бадтæй хъауджыдæр сылгоймæгты фынджы фæтк æмæ æгъдæутты ис чысыл хицæндзинæдтæ. Уыдон сты: - кусартæн йæ сæр, йæ бæрзæй æмæ уæны хай фынгыл не ’вæрынц; - фынгтыл фылдæр - адджинæгтæ, дыргътæ æмæ лæмæгъ нозтытæ; , - хистæры куывд вæййы цыбырдæр, гаджидæутты нымæц та - къаддæр; 196
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН - фылдæр хатт Уастырджи (Лæгты дзуары) æмæ Мадызæды (Ма- ды-Майрæмы) номыл рауадзынц иу гаджидау, æмæ уæд бадты адæм иууылдæр сыстынц æмæ сæ нуазæнтæ лæугæйæ бануазынц кæнæ дзы ацаходынц; - фынгæй искæмæн арфæйы нуазæнтæ арвитын сылгоймæгтæм нæ хауы, фæлæ куы арвитой, уæддæр аипп нæу; - хистæр уазджыты цардамондæн гаджидау куы рауадзы, уæд уый фæстæ, чындзхæссæг сылгоймæгты хистæры курдиатмæ гæсгæ, фынгмæ æрбахонынц чызджы мады, æмæ йын чындзхæсджыты хистæр арфæ ракæны (нæлгоймаг чындзхæсджытæ чызджы фыдæн куыд раарфæ кæнынц, афтæ (кæс дæлсæргонд «Чындзхаст»); - сылгоймæгтæ дæргъвæтин бадт нæ кæнынц, чындзы цалынмæ хистæртæм бакæнынц, уæдмæ сæ бадт ахицæн вæййы. Чындзхæсджытæ арфæйы нуазæнтæ фынгæй куы арвитынц, уæд уый фæстæ нæдæр æфсинтæм, нæдæр кæрдзынгæнджытæм арфæ кæ- нынмæ нал фæцæуынц. Чындзхæсджытæ чызджы хæдзары ницавæр фæлхæстæ кæнынц, æрмæст нæлгоймæгтæй искæмæн сылгоймаг сæр- магонд нуазæн куы ’рбахæссы (ратты), уæд ын йæ афтид агуывзæйы бузныггаджы номыл иучысыл æхца нывæрынц. Чындзыл чындздзон дарæс кæнæггаг, чындзхæсджытæн дуæрттæ бакæнæггаг, искæйы дзы «амынæтæй» рауадзæггаг чындзхæсджытæй æхца домын аив нæу. Цалынмæ адæм минас фæкæнынц, фæсивæд та - кафгæ, уæдмæ лæггадгæнджытæ сцæттæ кæнынц, чындзæн фæндагмæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон: - æртæ сртæдзыхоны уæлæ физонæг, бæгæныйы дурын, къухылхæ- цæг лæппуйы хæдзары чындзæн йæ хыз исгæйæ кæмæй скувы, уыдон; - æртæ аивфыст чъирийы, сæ уæлæ карк (гогыз) кæнæ æвдасарм æмæ арахъхъы дурын, иу-æртæ литры бæрц бæгæны - чындзæхсæвы скувынмæ; - мыды къус - авгæй, дзæнхъайæ кæнæ æндæр рæсугъд æрмæгæй мыдимæ, йемæ 10-20 цайцымæн уидыджы, иу уый бæрц та - фындзы кæлмæрзæнтæ, къухсæрфæнтæ æмæ куатæтæ; - сæрызæды тырыса (урс зæлдаг хъуымацæй, йæ кæрæттæ исты аив æрмæгæй хуыд, авд чысыл гоцораимæ, йæ сæвын æмæ йæ дæргъ фæйнæ 3 уылынджы; - чындздзон чырын (чумодан кæнæ æндæр хæссæнгарз), йæ хуылфы: а. мидæггаг æмæ æхсæвхуыссæн дзаумæттæ иу-æртæ фæлысты; æ. æрвылбоны химæзилæн фæрæзтæ (хисæрфæнтæ, кремтæ æмæ æндæр ахæмтæ); 197
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - хъазæнтæ, лентытæ, бантытæ, къафеттæ æмæ æндæр зæр дæлхæ- нæнтæ ног сыхбæсты чысыл сывæллæттæн. Чындздзон чырын чызг сцæттæ кæны йæхæдæг. Чындзимæ æрвитын цыдæриддæр хъæуы, уыдон рагацау цæттæ вæййынц æмæ сæ раттынц кæнгæ мадмæ æмæ æмдзуарджынмæ. Чын- дзæн йæ хуыссæнтæ, лæвæрттæ æмæ æндæр дзаумæттæ та аласынц фæстæйы хуынимæ. Чындзыл чындздзон дарæс куы скæнынц, фæндагмæ йæ цы хъæуы, уыдон машинæйы куы сæвгæнынц, хæстæг хионтæ йын фæндараст куы фæзæгъынц, уæд æй къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын хистæртæм (чызгæрвысты фынгмæ) бахонынц. Бадты адæм иууылдæр сыстынц, зард æмæ фæндырдзагъд бауро- мынц, фынгмæ рахæссынц æртæ чъирийы æмæ физонæг, бæгæныйы къус. Хистæр бæгæныйы къус æмæ физонæг сисы æмæ скувы. В а р и а н т: «Не сфæлдисæг иунсег Хуыцау, табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн! Абон ацы саби ног бына- ты ног цардмсе хизы, æмсе йын йæ бынат фсерн- джын, йсе цард амондджын фсексен! Йсе мыггаг, йæ ныййарджытсе семсе йæ фыдселты фарн кадимæ куыд хæсса, ахсем хъару йын ратт. Цы хæдзармæ цæуЫу уыцы бинонтæн адджын, мыггагæн уар- зон, хъæубæстæн кадджын куыд уа, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн! Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхи- цæну табу дæ сыгъдæгдзинадæн!Мæнæ дæхъомысы уæвæг саби абон йе ’ххæст сылгоймаджы бынат- мæ цæуыу æмæ йын æйрæстмæ фæкæн! Дæуыл æй фæдзæхсæМу æмæ йыл дæ узæлд, дæ хъомыс макуы сис! Ныййарæджы уарзт, ныййарæджы амонд ын бавзарын кæн! Сабиты цин æмæ йæ сабиты худ- тæй бафсад! Азæй-азмæ йæ фыды хæдзармæ кæхц хæссынмæ куыд цæуа, ахæм ныййарæг æй фæкæн! Мыггаг йæ уаг æмæ йæ кадæй сæрыстыр куыд уа, ахæм арфæ йын ракæн! Табуафсиу Мады-Майрæм (Мадызæд), сызгъæ- рин тæбæгъты дын куывдæуа! 0, Хуыцауæй зæхмæ минæвар чи у - бæрзонд 1 Уастырджи - табу дæхицæн, табуафси! Абон ацы саби царды егъаудæр фæндæгтæй иуыл цæуы, æмæ йæ фарн, амондимæ фæндараст фæкæн! Атæп-
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН псет адсем сей Хуыцауы раз ксей бæрны бакодтой, уыцы цардæмбалимсе хъысмæты фæлварæнтыл æнæкъуылымпыйæ уселахизтсем куыд цсеуой, ахсем хъару сын балæвар ксен, табуафси! Сафа семæ Бынатыхицау, сымахсен дсер сех- цон усед! Усе хорзсехсей, йсе ног бынатмсе йсе фар- нимæ ауадзут! Æвзсер бархъомыс æм ма дарут, табуафси! Мыггагмсейы Ссерызсед, де ’вджид ис, семсе йсе царды зилдухсенты рседийын ма бауадз, йсе зонд, йæ хъуыдытсе фарн хсесссег куыдуой, ахсем хорз ын раксен! Стыр Хуыцау, ацы саби дсе разы ксед истсемсей азымджын фсеци, усед ын мсенсе ацы кувæг адсемы хатыр баксен! Табу дсехицсен! Мыггагмсе сыгъдсег уды хицау куыд уа, ахсем хъару йын балсевар ксен! Иунсег Хуыцау, Мады-Майрсем, Уастырджи, ацы æртæ ксердзыны усе номыл сты, семæ уын барст усент!» Бадты адæм ма фæстаг рæгъ рауадзынц хæдзары фарнæн, фынджы бæркадæн æмæ сыстынц. Уæдмæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзы машинæйы сбадын кæнынц æмæ æнхъæлмæ фæкæсынц сæ хистæры рацыдмæ. Чындзхæсджытæ сæ фысымтæн хæрзбон фæзæгъынц (кæс дæлсæр- гонд «Чындзхаст»), сæ машинæты сбадынц æмæ сæ фæндаг адарынц. 9. Чындзхаст Чындзхæсджытæ нысангонд рæстæгмæ æрæмбырд вæййынц лæп- пуйы хæдзармæ. Уæдмæ сын фысымтæ фынгтæ æрæвæрынц: иу - сыл- гоймæгтæн, иннæ - нæлгоймæгтæн, æмæ сæ хистæрæй-кæстæрæй иумæ сбадын кæнынц. Уæле сбадынц мыггаджы, сыхбæсты, хъæубæ- сты æмæ чындзхæсджыты хистæртæ. Уыдон æртæ чъирийæ, бæгæ- ныйæ æмæ физонæгæй скувынц, куыд æмбæлы, афтæ, сæ кæстæр- ты (чындзхæсджыты) Хуыцау æмæ Уастырджийыл бафæдзæхсынц, чындзхæсджыты кæрæдзиимæ базонгæ кæнынц, бамбарын сын кæ- нынц, фæндагыл æмæ уазæгуаты алкæй дæр цы æфсарм æмæ уæзданд- зинады домæнтæ æххæст кæнын хъæудзæн, уыдон, сбæлвырд кæнынц, чи цы ми кæндзæн, уый. Хистæр сын сæ зæрдыл æрлæууын кæны, чындзхæссæг цы хæдзар, 199
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ цы хъæуæй рацæуы, уый ном æмæ цæсгом æвдисæг кæй вæййы, уый. Чындзхæсджыты хистæр рагацау карзæй бадомы, цæмæй шофыртæ фæндагыл хъæугæ фæткыл машинæтæ скъæрой. Æртæ гаджидауы (Хуыцау, Уастырджи æмæ Бынатыхицауы номыл) куы рауадзынц æмæ куы саходынц, уæд нысангонд афон чызджы хæдзармæ сæ фæндаг ада- рынц. Хæддзуйæ чындзхæссæг ацæуын раджы дæр æмæ ныр дæр стыр æнæгъдаудзинадыл нымад уыди æмæ у. Уымæ гæсгæ чындзхæсджытæ иууылдæр вæййынц æвзаргæ адæймæгтæ. Чындзхæсджытимæ цы хуындзæуттæ вæййы, уыдон рагацау сцæт- тæ кæнынц, семæ цы аласдзысты, уыдон. Уыдон та сты: - аив фыст ирон гуыдын (аипп нæ уыдзæн торт дæр); - аив фыст æртæ чъирийы, сæ уæлæ физонæг кæнæ фыдызгъæлы хай (фæрсчытæ, æвдасарм, сгуы кæнæ æндæр хай) - нæлгоймæгты но- мыл; - аив фыст æртæ чъирийы, сæ уæлæ карк кæнæ гогыз - сылгоймæг- ты номыл (фылдæр хатт вæййынц адджын чъиритæ); - æртæ чъирийы, карк æмæ нозт иу литры бæрц, мыггаджы хистæры номыл; - ирон бæгæны - 3-10 литры бæрц; - сæнтæ - 1-3 авджы; - карз нозтытæ - 3-10 литры бæрц; - лæвæрттæ æмæ чындздзон дарæс (кæс дæлсæргонды «Чындзхаст- мæ цæттæ кæнын»). Дыууæ мыггаджы фидаугæйæ кæд ныхасгонд вæййынц чызгæр- витæг бинонтæм истæмæй фæкæсыны охыл, уæд уыцы хæлцæгтæ ар- витынц рагацау (1-2 боны раздæр). Нысангонд рæстæгмæ чындзхæсджытæ бахæццæ вæййынц чыз- джы хæдзармæ, кæрты дуармæ æрлæууынц. Разæй - дыууæ хистæры, сæ фæйнæ фæрсты æмæ сæ фæстæ - кæстæртæ, афтæмæй райдайынц зарын æмæ фæндырæй цæгъдын. Фысымтæ сæ размæ рацæуынц (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»), æмбæлæггаг сын рахæссынц, æмæ дзы чындзхæсджыты хистæр скувы. В а р и а н т: «Дунескæнæг иунсег Хуыцау, табу дсехицсен! Тыбауты фæрнсейдзаг ксертмсе нын нсе бацыд ар- фсейаг фсексен! Абон дыуусе мыггаджы ссе хсестсег- дзинад севдисынц, семсе сын сенусмсе фидар куыд рауайа, ахсем хорз сынраксен! Фарнхсессæг Бынатыхицау, нсе фысымты нын сон, фыдгуп семсе фыдбылызсей хиз} нсе бакъахдзсеф та дын сехцондзинадсен ахъаз фсеусед!» 200
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН Куывд куы фæвæййы, уæд бæгæныйы къус æмæ физонæг кзестæртæм ацоходынмæ адæтты. Уый фæстæ фысымты арфæгæнæг хистæртæн сæ къухтæ райсы, стæй чындзхæсджытæ кæртмæ ба- цæуынц. Разæй фæцæуынц, чындзхæсджыты хистæр æмæ, лæппуйы мыггагæй хистæрæн чи рацыди, уый. Уыдон фæстæ - сылгоймæгтæ, стæй та лæппутæ æмæ хуындзæуттæ. Чындзхæсджыты фæстæ кæртмæ бацæуынц, сæ размæ арфæ кæнынмæ чи рацæуы, уыдон. Фысымтæ чындзхæсджыты хистæрты цæттæ фынгтæм ахонынц æмæ сæ, кæмæн кæм æмбæлы, уым сбадын кæнынц (кæс дæлсæр- гонд «Чызгæрвыст»). Чындзхæсджытæ цасфæнды куы уой, уæддæр хистæрæй, кæстæрæй фæбадынц иу фынгыл, æрмæст нæлгоймæгтæ - хицæнæй, сылгоймæгтæ - хицæнæй. Кæстæртæй кæмæн нæ фембæлы æмæ кæй нæ фæфæнды, уыдон фынгтыл не сбадынц, фæлæ хъазтмæ ацæуынц. Усгур лæппутæн хистæр- ты фынгыл бадын аив нæу, уымæ гæсгæ уыдон вæййынц хъазты. Чындзхæсджыты хистæры раз иудадзыгдæр фæлæууы чындз- хæсджыты кæстæртæй иу - цумайы лæппу (кæс сæргонд «Ирон фын- джы æгъдæуттæ»). Хистæртæ уазджыты цардамондæн гаджидау куы рауадзынц, уæд чындзхæсджыты хистæр бахаты бадты хистæрмæ: «Нæ буц хистæр, дæ хорзæхæй, гъеныр нын нæ чындзы фæндагмæ сцæттæ кæнут, табуафси!» Бадты хистæр чындзхæсджыты хистæры курдиатыл дыууæ нал фæзæгъы æмæ, кæмæн æмбæлы, уыдонæн бардзырд ратты. Чындз- хæсджыты хистæр та къухылхæцæджы арвиты чындзы срæвдз кæнын- мæ (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»). Къухылхæцæг, æмдзуарджын, кæнгæ мад æмæ чындзы æфсымæр кæнæ æрвад, æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæныйы къусимæ ба- цæуынц чындзы размæ æмæ йын скувынц. Къухылхæцæджы куывд: В а р и а н т: «Дунесфæлдисæг Иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Абон Зæринсе йæ царды стырдæр фæндагып цæуы, æмæ йын æй фæрнæйдзаг, рæсугъд фæкæн! Фыццаг хатт йæуæпæ чындздзон дарæс скæндзæн, æмæ йын æй амонды хос фæкæн, йæ ног бинонтæм дзы фарн æмæ нæртон уарзондзинад куыд бахæсса, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн! О бæрзондыпбадæг цытджын Уастырджи, Зæринæ æмæ Тотрадз ног цардвæндагыл æрлæууыдысты, æмæ сын æй рухс фидæнмæ сараз! Сæ хъуыддæгтæ уæлахиз куыд уой, ахæм хорз сын ракæн. Дæуыл сæ фæдзæхсæм æмæ, табуафси, дæ сызгъæрин базыры бын сæ бакæн! 201
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæ- хицсен! Зæринæ ныронг догр дсе бæрны уыдис, семсе йып дæ хъомыс ма сис! Усездандзинад семæ йын уар- зондзинад йсе усенгсей ма фсецух ксен! Азсей-азмсе йсе фыды хседзармсе сæрбæрзондæй ксехцхсесссег куыд цсеуа, ахсем хъару йын ратт! Цы бинонтсем цсеуы, уыдонсен уарзон куыд уа, ахсем арфсе йын раксен! Бынатыхицау семсе Сафа, йсе цæрсенуат ивы, фселсе йып сымах усе зсердсе ма сивут! Фар- нимсе йсе ауадзут! Ссерызсед, дсе хорзсехсей, абоны онг сей куыд хы- зтай, афтсе йсе ныр дсер царды усеззау уавæрты фыдбыпызæй хиз! Стыр Хуыцау, Сафа, Бынатыхицау! Ацы æртæ кæрдзыныуæ номып сты æмæуын барст уæнт!» Къухылхæцæджы фæстæ скувы чызджы æфсымæр дæр, стæй йæ хойæн бар ратты, цæмæй йыл чындздзон дарæс скæной. Бадты хистæр чындзхæсджыты хистæры фæндонæй, кæмæн æм- бæлы, уыдонæн арфæйы нуазæнтæ арвиты (кæс сæргонд «Чызгæрвыст). Уыйфæстæ сидты бар ратты чындзхæсджыты хистæрæн, уый сидт ра- уадзы фысымты æмæ сыхбæсты цардамондæн. Сидт куы ахæццæ вæй- йы, уæд чындзхæсджыты хистæр бадты хистæрмæ уæзданæй бахаты: В а р и а н т: «Фарн дæм бадзурæд, Асæбе! Мах - дæ уазджы- ты - ацы хæдзары хицауы фенын фæнды, æмæ дæ курæм, нæ цурмæ нын æй æрбахон, дæ хорзæхæй!» Бадты хистæр фæзæгъы: «Табуафси! Уазæджы цы бафæнда æмæ фысым цы нæ бакæндзæн! Кæстæртæ, мæ хуртæ! Аслæнбегæн зæгъут, нæ уазджыты йæ фенын фæнды, æмæ, зæгъ, дæ хорзæхæй, саккаг кæн!» Уыцы ныхас кæддæриддæр хауы, фынгæн йæ дæллаг кæрон цы кæстæр фæбады (фысымтæй), уымæ. Цалынмæ чызджы фыд фæ- цæуы, уæдмæ хистæр фæндырдзæгъдæджы æд фæндыр æмæ зарæг- амонджытæ фынджы цурмæ æрбахоны. Чызджы фыд куы æрбацæуы, уæд уазджытæ иууылдæр сыстынц. Чызджы фыд сын арфæ ракæны: «Фарн уæ бадты уæд! Уæ табу, уæ куывд Стыр Хуыцаумæ фехъуысæд, уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæ уæд!» Бадты хистæр ныхасы бар ратты чындзхæсджыты хистæрæн. Вариант: «Чермен, нæ буц уазджыты хистæр, табуафси, дæ ныхас зæгъ!» Чындзхæсджыты хистæр чызджы фыдæн раарфæ кæны. 202
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН В а р и а н т: «Нæ фсерныг фысым Аслæнбег, дунейы фарнсей хайджын у! Абон мах иууылдæр севдиссентсе стсем дыууæ мыггаджы рæсугъд бсерæгбонсен æмæ уын Дунесксенсег Хуыцау ахæм арфсе ракæнæд, цсерсенбоны ксерседзиуыл уарзондзинад семсе хсестсегдзинады тсегтсей баст куыд уат! Табу йсехицсен! Мах дсе ног хсестæджыты сервыст адсем стæм, семсе нсе дсе хъæубæстæ, дсе уарзон адсем Хуыца- уы уазджытау буц кæнынц, семсе усе мах бсесты Стыр Хуыцау йсе хорздзинседтсей бабуц ксенсед! Æз дын, Аслæнбег, цы мыггагсей сервыст дæн, уы- доны æмсе мæнæ чындзхæсджыты номæй зæрдиаг арфæ кæныну абон нын цы стыр лæвар ракодтат, уый фæдыл. Стыр Хуыцау ын ахæм хорз ракæнæд, æмæ дын дæ бинонты, дæ мыггаджы ном бæрзонд хæссын йæ бон куыд бауа, йæ ног бинонтæн уарзон куыдуа, хъæубæсты - дзырддзæугæ, йæ цардæмба- лимæ æмзонд, æмуд куыдуой! Фыдæлтæй нын баззад арфæйы нуазæнæй кæрæдзийæн нæ зæрдæхæлардзинад æвдисын, кæрæдзийы бабуц кæнын, æмæ дын æз мæхи номæй, мæнæ дæуазджыты номæй, стæй Торчын- тпы мыггаджы номæй ацы нуазæнæй арфæ кæнын! Табуафси, дæхицæн æй саккаг кæн!» Бадты хистæр дæр нуазæн сисы æмæ фæзæгъы чындзхæсджыты хистæрæн: «Чермен, мæ хур, уæдæ уæд дыууæйæ дæр кæрæдзимæ уæ зæрдæйы уаг равдисут! Табуафси, дæуæн дæр арфæйы нуазæн фæуæд!» Æмæ йæм нуазæн авæры. Чызджы фыд нуазæн райсы æмæ уазджыты арфæйæн дзуапп ратты. В а р и а н т: «Уе ’ппæты цæрæнбон дæр бирæуæд!Абон ам цырæ- сугъд арфæтæ æмæ куывдтæ фæкодтат, уыдон ду- нескæнæг Хуыцаумæ фехъуысæнт! Нæ абоны хъæл- дзæгдзинад фидæны стыр хæстæгдзинадмæ куыд раива, ахæм арфæ Хуыцау ракæнæд! Торчынтимæ нæ хæстæгдзинад Хуыцау æмæ адæмы зæрдæмæ фæ- цæуæд! Уе ’ппæтыл дæр Хуыцауы арфæ сæмбæлæд!» Уый фæстæ дыууæйæ дæр сæ нуазæнтæ бануазынц кæнæ дзы са- ходынц, кæстæртæ та сын фæндырдзагъд æмæ хъæлдзæг зарæг фæкæ- нынц къæрццæмдзæгъдимæ. 203
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Хистæртæ кæстæртæн арфæйы нуазæнтæ куы раттынц, сæ цард- амондæн гаджидау куы рауадзынц, уæд сын бар раттынц хъазтмæ ацæуынæн. Семæ та сын арвитынц арфæйы нуазæнтæ; хъазты фæ- сивæдæн æртæ нуазæны: фæндырдзæгъдæгæн, чызджытæн æмæ лæппутæн. Кæстæртæ нуазæнтæн, цы ’мбæлы, уыцы кад скæнынц, фæкафынц, фæзарынц, стæй чындзы рацыдмæ фæстæмæ фынгмæ ’рбаздæхынц æмæ та сæ бынæтты сбадынц. Чындзыл чындздзон дарæс куы скæнынц, уæд нысангонд рæстæг къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзмæ бацæуынц, йæ цæнгтыл ын дыууæрдыгæй уæздан хæст æркæнынц æмæ йæ бадты хистæрты цурмæ бахонынц, кæд гæнæн вæййы, уæд фынджы рахиз фарсмæ. Се ’ргом фынджы хистæрты ’рдæм куыд уа, афтæ æнæ исты дзургæйæ æрлæууынц. Уæдмæ фæсивæд иууылдæр хистæрты алыварс æрба- тымбыл вæййынц æмæ æдзæмæй лæмбынæг фæхъусынц сæ хистæр- ты ныхасмæ. Бадты хистæр йæ къухтæм сисы бæгæныйы къус, физонæг æмæ ску- вы Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм (кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыст»). Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд æмдзуарджын кæнæ къухылхæцæг кувæггагæй ацаходы. Стæй чындзы заргæ акæнынц машинæмæ, уый фæлæууы кæртмæ бацæуæны цæттæйæ. Чындз къæсæрыл хъуамæ ахиза фистæгæй - рахиз къахæй, стæй йæ машинæйы сбадын кæнынц æмæ æнхъæлмæ фæкæсынц хистæрты рацыдмæ. Цалынмæ къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын уыцы хъуыддæгтæ фæкæнынц, уæдмæ бадты адæм рауадзынц фæстаг гаджидау - ссарынц Уацилла æмæ Мыкалгабырты нæмттæ. Рæгъ кæронмæ куы ахæц- цæ вæййы, уæд хистæр кæстæртæн арфæ ракæны: «Уæ дзыхы ныхас, уæ табу Хуыцау фехъусæд, уæ цæрæнбон бирæ уæд!» Æмæ уыйадыл бадты адæм иууылдæр сыстынц. Чындзхæсджытæ æвæстиатæй кæр- ты дуармæ рацæуынц æмæ уым æрлæууынц, се ’ргом хæдзары ’рдæм саразгæйæ. Уæдмæ сын фысымтæ æртæ сртæдзыхоны, физонæг æмæ бæгæны рахæссынц. Фысымты хистæр бæгæныйы къус райсы физонæ- гимæ æмæ бакувы Хуыцау æмæ Уастырджимæ, чындзхæсджыты сыл бафæдзæхсы. В а р и а н т: «Дунесфселдиссег семæ дунедарæг Иунæг Хуыцау, табу дын усед! Абон атсеппсет дзыллсе дсеусей цы хорздзинседтсе куырдтойу уыдон сын, дсе хорзсехсей, ма бавгъау ксен! Табу дсехицсен, табу де стырдзи- 1 надсен! Нсе буц уазджыты нын амондджын фсен- дсегтыл уадз! 204
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН Късесæрæй фæндагамонæг бæрзонд Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ уазджыты нын дæзæрин базы- ры бын бакæн æмæ сæ сæ хæдзæрттып дзæбæхæй сæмбæпын кæн! Табу дæхицæн!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд бæгæныйы къус ратты чындз- хæсджыты хистæрмæ. Чындзхæсджыты хистæр цыбырæй арфæ ракæны: В а р и а н т: «Стыр Хуыцау, цытджын Уастырджи, мæнæ уæм нæ буц фысымты куывд фехъуысæд, табууынуæд! Нæ буц фысымтæ, арфæ уын кæнæм уæ уæздан- дзинад æмæ уе стыр лæвары тыххæй! Хуыцау, зæдтæ æмæ уæ дауджытæ сæ хорздзинæдтæй ба- буц кæнæнт!» Стæй бæгæны, физонæг æмæ чъиритæй саходы, йæ худ сисы æмæ фысымтæн фæзæгъы: «Хæрзбон раут, нæ буц фысымтæ!» Уый фæстæ чындзхæсджытæ сæ машинæты сбадынц æмæ лæп- пуйы хæдзармæ сæ фæндаг адарынц. Цалынмæ чындзхæсджытæ сæ хъуыддæгтæ фæкæнынц, уæдмæ си- ахсæн чындзы хæдзармæ æргом бацæуын не ’мбæлы. Уый иуцалдæр æмбалимæ искуы фæсвæд ран фæбады, фылдæр хатт чызджы сыхæг- тæй искæмæ. Уырдæм сын кæстæртæ æрбахæссынц, фынгæвæрдæн цытæ хъæуы, уыдон, æмæ сæ уым фæхынцынц. Чындзы йæ хæдзарæй куы ракæнынц, уæд сиахс æмæ йе ’мбæлттæ хæдзармæ æрбацæуынц, цæмæй йæ чындзы хионтæ феной æмæ базо- ной, уый тыххæй. Лæппутæ æмæ сиахс хистæрæй кæстæрмæ, сиахс се ’хсæн, афтæмæй æрлæууынц фысымты кæрты, се ’ргом хæдзары ’рдæм. Фысымтæ (чындзы хионтæ), сæ разæй мыггаджы нæлгоймæгтæй исчи æмæ чындзы мад æд бæгæныйы кæхц, афтæмæй сæ размæ рацæуынц. Æгасцуай сын фæзæгъынц. Уый фæстæ чындзы мад бæгæныйы кæхц лæппуты хистæрмæ ратты. Лæппу мадæн арфæ ракæны, бæгæныйæ ацаходы (ануазы) æмæ йæ йæ фарсмæ лæууæг лæппумæ авæры. Уый дæр дзы ацаходы æмæ йæ дæлдæр адæтты. Афтæ, цалынмæ кæстæрмæ æрхæццæ вæййы, уæдмæ равдæлон вæййы, æмæ дзы уæд лæппутæй алчидæр бузныггады охыл нывæры æхца, æмæ йæ фæстæмæ хистæр- мæ схæццæ кæнынц. Хистæр дæр дзы нывæры æхца, æмæ уæд кæхц фæстæмæ чындзы мадмæ раттынц. Уый фæстæ лæппутæ сæ фысымтæн хæрзбон фæзæгъынц æмæ чындзхæсджыты аййафынц. Ныры рæстæджы уыцы фыдæлты æгъдау арæх нал кæнынц. 205
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 10. Чындзæхсæв Лæппуйы хæдзары чындзхæсджыты ’рбацыдмæ сцæттæ кæнынц, хуынд адæмæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Фынгтæ цæттæ вæййынц кувинагæй къухсæрфæны онг. Æфсинтæ æрцæттæ кæнынц, сыхбæстæй, хъæубæстæй сæрмагонд хæйттæ кæмæн æмбæлы (кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»), æмæ сæ бæлвырд ран сæвæрынц. Бацæттæ кæ- нынц æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæныйы къус, чындзы фыццаг æрбакъахдзæфæн кæмæй скувынц кæртмæ бацæуæны, уыдон, æмæ сбæлвырд кæнынц, чындзхæсджыты размæ сæ чи ахæсдзæн, уыцы чызг æмæ лæппуйы. Фæсивæд фæкафынц, фæзарынц æмæ алыхуызон хъæлдзæг хъæз- тытæ æмæ ерыстæ фæкæнынц. Нысангонд афон чындзхæсджыты æрбацыды хæдразмæ хуынд адæм фынгтыл сæ бынæттæ æрцахсынц. Уæдмæ чындзхæсджытæ æр- бахæццæ вæййынц, сæ машинæтæ дæрддзæфгомау бауромынц, рахи- зынц æмæ араст вæййынц кæртмæ заргæ, фæндырдзæгъдгæ. Разæй фæцæуы чындзхæсджыты хистæр, йæ фæстæ - чындзæн йæ рахизфарс- æрдыгæй - къухылхæцæг, æмдзуарджын та - галиуæрдыгæй. Кæрты бацæуæнмæ куы бахæццæ вæййынц, уæд æрлæууынц, сæ размæ сын рахæссынц æртæ чъирийы, бæгæныйы къус æмæ физонæг. Чындз- хæсджыты хистæр бæгæныйы къус æмæ физонæг райсы æмæ скувы. В а р и а н т: «О дунесксенсег Стыр Хуыцау, абон Зæринсе йсе цсерсен бынат ивы, фыццаг къахдзсеф ксены йе ’ркувсен хседзармсе, семсе йын сей амондджын фсексен! Йемсе Торчынты бинонтæн фарн æмсе амонд куыд бахсесса, ахсем арфсе йын раксен! Табу дсехицсен! О сыгъдсег Мадызсед (Мады-Майрсем), йсе ног хседзары йын ног тыхтсе, ног хъару семсе ног цин- дзинæдтсе ратт! Йсе ног бинонтсен уарзон куыд фсеуа, ахсем хорз ын раксен! Табу дсехицсен! Табу дсе сыгъдсегдзинадсен!» О Късессеры Уастырджи, амсей фæстсемæ ацы късессерыл мидсемсе хизгсейсе зсердсерухс куыд уа, седдсемсе хизгсейсе фсендараст куыд ксена, ахсем хорз ын раксен! Табу дсехицсен, сызгъсеринбазыр Уастырджи!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг æмдзуарджынмæ авæры, кæртмæ бахизы æмæ чындзæн фæндаг ратты (бар ратты ми- дæмæ бацæуынæн). Уæдмæ фæсивæд кæрты фæйнæфарсмæ сæхи ай- 206
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН сынц æмæ чындзæн кæртмæ фæндаг суæгъд кæнынц. Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзимæ кæртмæ бахизынц (чындз кæртмæ ба- хизы рахиз къахæй). Бацæуынц кæрты астæумæ, уым чындз йæ сæрæй æртæ хатты æркувы, уый фæстæ йæ хистæрты фынгмæ бакæнынц æмæ уым хистæрты рахиз фарс (кæд гæнæн ис, уæд) æрлæууынц. Бадты адæм иууылдæр сыстынц, фæсивæд сæ алыварс æрбам- бырд вæййынц, адæм иууылдæр ныхъхъус вæййынц, æмæ уæд хистæр скувы: В а р и а н т: «Дунесксенсег семсе дунедарсег Иунсег Стыр Хуыцау, табу дæхицæн, табу де стырдзинадсен! Абон дсем дыуусе мыггаджы табугæнгсе ссе хсестсегдзинад æвдисынц, æмсе сын ссе дзыхы ныхас, ссе кувинаг адджынсен айс! Ссе хсестсегдзинад сын мыггагмæ дæ хъомысæй бафидар ксен! Абон атæппæт дзыл- лæ цы дыууæ уды æмкъайадыл цин кæнынц, уый амондджын фæкæн! Сыгъдæг арвы бын сæ, сабыр дунейЫу уарзон адæмимæ цардамондæй бафсад! Адæмæн - уарзон, бинонтæн - адджын сæ фæкæн! Табу дæхицæн! Иры сæрхъуызой Уастырджи, табу дæуæн! Ацы дыууæ сабийы царды фæндæгтыл уæлахизæй цæуын куыд бафæразой, ахæм хъару сынратт! Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæ- хицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Абон сæ цард иумæ бæттынц æмæ сын æй стыр уарзондзи- надæй бафидар кæн! Сæ буар, сæ дзыхы ныхас æмæ сын сæ удыхъæд кæрæдзийæн адджын фæкæн! Кæрæдзиуыл аудгæ, кæрæдзиуыл узæлгæ сæ æмзай, æмзæрондмæ фæцæрын кæн! Ацы сабийæн ный- йарæджы хъысмæт дæр зæрдæрухсæй бавзарын кæн! Йæхицæн æмæ Ирæн намысджын хъæбултæ куыд радта, ахæм амонд ын саккаг кæн! Бинонтыл армдарæг Бынатыхицау, ацы ног бинонты дæ бынаты фарнæй бафсад! Йæ бынат райдзастдæр, хъармдæр, æнæфыдбылыздæр цы би- нонтæн фæци, уыдон æмбал ацы æрыгæтты дæр бакæн! Дæ хорзæхæй, Бынатыхицау, дæ хъомыс сын макуы бавгъау кæн! О, Хуыцауы раз уæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæ, дыууæ æрыгоны хъысмæтмæуæ бар чи 207
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дары, уе ’ппсетæн дсер сехцон усед! Усе хорзсехтсей ссе хайджын фсексенут! Стыр Хуыцау, ксед ацы дыуусе уды дсе разы ис- тсемæй азымджын сты, усед сын сей, табуафси, ныббар! Дунесксенсег Хуыцау, цытджын Уастырджи семсе сыгъдсег Мадызсед (Мады-Майрсем), ацы хойраг, хуымияаг семсе фыдызгъсел усе номыл конд сты, семсеуын барст усент!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг авæры æмдзуарджын- мæ, стæй бар ратты чындзы сылгоймæгты размæ ахонынæн. Уый фæстæ чындзы бакæнынц сылгоймæгты фынгмæ, уыимæ чындзы хæдзары къæсæрыл хизын куы бахъæуы, уæд та бакъахдзæф кæны рахиз къахæй. Сылгоймæгты размæ йæ куы бакæнынц, уæд уы- дон иууылдæр сыстынц, æмæ бадты хистæр чындзæн Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм бакувы, бафæдзæхсы сыл æй. Стæй чындзы йæ уатмæ акæнынц, æмæ уым йæ фæллад суадзы, фæбады, йæхимæ базилы, æх- сæвæр ын бахæрын кæнынц. Цалынмæ чындз йæ фæллад фæуадзы, уæдмæ артдзæсты раз кæнæ хæдзары æндæр ран сыхбæсты устытæ æмæ хион сылгоймæг- тæ æрæмбырд вæййынц. Уырдæм бахæссынц æмæ сцæттæ кæнынц, хыз сисынæн æмæ сыхбæсты устытæн мыд дарынæн (хæрынæн) цы- дæриддæр хъæуы, уыдон: æртæ сртæдзыхоны æмæ бæгæны, сæрызæды тырыса, мыды къус, уидгуытæ, къухсæрфæнтæ, куатæтæ æмæ къух- мæрзæнтæ (æрбарвитынц сæ чындзы цæгат). Уым чындзы æрбацыдмæ æнхъæлмæ фæкæсы хызисæг. Алцыдæр цæттæ куы вæййы, уæд та къу- хылхæцæг, æмдзуарджын æмæ кæнгæ мад чындзы уырдæм ракæнынц æмæ йын йæ хыз сисынц. Хыз исыны фæтк æмæ митæ сты сыгъдæг символикон, фæлæ сын ис арф мидис. Къухылхæцæг йæ къухтæм рай- сы бæгæныйы къус æмæ физонæг, кæнгæ мад та фæхæцы чъиритыл, афтæмæй къухылхæцæг скувы Хуыцаумæ, Сафамæ, Бынатыхицаумæ æмæ Сæрызæдмæ. В а р и а н т: «О не сфселдиссег Иунсег Хуыцау, табу дсехицсен! Нсе куывд, нсе табу нын фехъус, дсе хорзсехсей! Мсенæ ацы ног бинойнагсен йсе ног бынаты фарн семсе амонд ратт! Табу дсехицсен! Бинонтсен уселарвон хъарм дсеттсег семсе ссе ксерседзиуыл бсеттсег Сафа, табу дын усед! Мсенсе абонсей фæстсемсе ацы ног бинойнаг дсе хорзсех- тсем сенхъселмсе кæсдзсен, семсе йсе, табуафси, 208
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН уыцы хæрзтæй хайджын фæкæн! Ног бинонты фыдæх æмæ æххæлдзинадæй бахиз! Бинонтæн фарн дæттæг Бынатыхицау, ацы бынаты фарн, амондæй цыдæриддæр ис, уы- донæй ног бинойнаджы бафсад! Йæ ног бынат ын адджын куыд фæуау ахæм хъару йын ратт! Иры чызджытæй йæ ног, цæрæнбоны бынат бæппиц- цагдæр кæмæн фæци, уыдоны ’мбал æй фæкæн! Бынат фыдгул æмæ фыдæхæй бахиз! Алцыуынаг æмæ бирæзонаг Сæрызæд, дæуæн дæр æхцон уæд! Зæринæйы ныронг фыдбылыз æмæ фыдгулæй куыд хызтай, афтæ йæ хиз, дæ хорзæхæй! Стыр Хуыцау, ацы æртæ кæрдзыны дæу æмæ дæ фарнхæссæг Сæрызæды номыл сты, æмæ уын барст уæнт!» Аходинаг авæры хызисæгæн. Уый фæстæ къухылхæцæг хызисæгæн бар ратты хыз сисынæн. Хызисæг чындзы бакомкоммæ æрлæууы (истæуыл бæрзонд, Сæры- зæды тырыса райхалы, чындзы сæрмæ йæ бæрзонд сисы æмæ йын æй йæ сæры алыварс æртæ хатты æрзилы мæнæ ацы ныхæстимæ: «Фарн, фарн, фарн, Стыр Хуыцау! Фараст лæппуйы æмæ иу чызг!» Уый фæстæ чындзы цæсгом хызы бынæй, уæздан æвналгæйæ, бай- гом кæны. Сæрызæды тырыса артдзæсты сæрмæ кæнæ æндæр, рагацау цæттæгонд бынаты, бæрзонд ран бафидар кæны. Сæрызæды тырыса у зæрдылдарæн нысан. Тырыса хуыд вæййы ирд æмæ æнцон уынæн хъуымацæй, фидар дæр æй бакæнынц бæрзонд æмæ зынгæ ран - цæлгæнæны, цæмæй йæ чындз æдзухдæр уына æмæ дзы рох ма уа, сæрызæд æм йæ цæст кæй дары, уый. Уымæй уæлдай ма тырыса чындзæн æдзух йæ зæрдыл лæууын кæны, цы бинонтæ æмæ цы мыггагæй рацыди, уыдонæн сæ ном æмæ сæ фарнхæссæг кæй у, уый. Чындзæн йæ хыз куы сисынц, уæд æм кæнгæ мад мыды къус ратты, йæхæдæг та уидгуытæ æмæ къухсæрфæнтæ райсы. Чындз устытæй ал- кæмæн дæр мыд уидыджы дзаг йæхи къухæй адары æмæ йын къухсæр- фæн къухмæрзæнимæ ратты. Устытæй мыд чи ахæры, уый чындзæн зæрдиаг арфæ ракæны. В а р и а н т: «Адджын цард фæкæн, мæ къона! Дæ къаимæ, мæ хур, афтæ адджынæй фæцæрут! Дæ къухтæ сыз- гъæрин доны фæдар» Æмæ æндæр ахæм арфæтæ. 14 Родники благородства 209
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Чындз мыд уæрст куы фæвæййы, уæд æй йæхи фæндонмæ гæсгæ кæнæ уатмæ акæнынц, кæнæ та йæ хъазтмæ ахонынц. Чындз хъазт- мæ куы ’рбацæйцæуы, уæд ын фæндаг суæгъд кæнынц, æмæ йæ къ- ухылхæцæг æмæ кæнгæ мадимæ, науæд та æмдзуарджынимæ хъазтмæ бацæуынц æмæ иннæ чызджытимæ зынгæ ран æрлæууынц. Уыимæ чындзæн йæ фарсмæ фæлæууынц чындзæмбæлттæ дæр. Цалынмæ чындз хъазты вæййы, уæдмæ йæм æнæсцухæй йæ цæст фæдары къу- хылхæцæг кæнæ æмдзуарджын. Чындз хъазты иннæ чызджытæй уæл- дай ницæмæй бæрæг дары, æрмæст кафгæ куы фæкæны, уæд ын кафæг æмбалæн равзарынц дæсны æмæ уæздан лæппуйы, кæнæ та хистæр кары лæгтæй искæйы. Чындзæн не ’мбæлы йæхи уæлдай хъæлдзæг- хуыз дарын, уый къæйныхдзинадыл нымад у, вæййы æфсæрмдзаст. Чындзимæ кафын алкæмæн дæр вæййы кад, уымæ гæсгæ лæвар ака- фын лæппутæ сæ сæрмæ нæ фæхæссынц, æмæ, кæимæ акафы, уый йын «улупа» (иуцасдæр æхца) бафиды, ратты сæ чындзы мадмæ кæнæ чегъремæ. Лæппутæ сæхæдæг кæнæ чегърейы хъæппæрисæй ерыс дæр фæкæнынц «æз фылдæр бафидон»-æй. Улупайы бæсты йын дидин- джытæ кæнæ лæвæрттæ дæр раттынц. Кæнгæ мад, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын хъуамæ архай- ой, цæмæй чындз ма бафæллайа кæнæ ма сфæлмæца, ууыл. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ йæ хъуамæ фæрсой, исты йæ хъæуы, истæмæй тыхсы æви нæ. Чындз та хъуамæ семæ уа æргомныхас. Чындз истæмæй куы фæрæдийы, уæд ын кæнгæ мад узæлгæйæ бацамоны, куыд кæнын хъæ- уы, уый, кæнæ йæ сраст кæны. Цалынмæ чындзæхсæв фæцæуы, уæдмæ чындзæмбæлттæ вæййынц чындзы раз, æрмæст æй ницæмæй фæлмæцын кæнынц. Уыдон сты йæ символикон сæрхъуызойтæ, уæвгæ та нымад сты кадджын уазджытыл, æмæ сын фысымтæ алцæмæй дæр уазæджы кад скæнынц. Чындзæмбæлттæ сæхимæ ацæуынц чындзæхсæвы фæстæ дык- каг бон, фылдæр хатт фæстæйы хуындзæуттимæ. Уæдмæ хъæлдзæг- дзинæдты фæархайынц, фысымтæ сын мадзæлттæ скæнынц сæ фæл- лад уадзынæн дæр. Чындзæхсæвы хъæлдзæгдзинæдтæ арæх ахæссынц фæсæмбисæх- сæвтæм, уый, чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Фысымтæн не ’мбæлы ис- кæмæн уайдзæф кæнын дæр бадты кæнæ хъазты, уый æнæуагдзинад у. Чындзæхсæвы рæстæджы сиахсæн не ’мбæлы æппæт адæммæ хи ’вдисын кæнæ чындзæхсæвы хъазтмæ цæуын, зарын кæнæ æндæр ис- тæуыл æгæр хъæлдзæг уæвын. Цалынмæ чындзхасты уæлибондзинæд- тæ фæцæуынц, уæдмæ сиахс вæййы сыхæгтæй кæнæ йæ хæлæрттæй искæй хæдзары. Æртыккаг бон куы баизæр вæййы, уазджытæ æмæ 210
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН чындзæмбæлттæ сæ хæдзæрттæм куы ацæуынц, уæд къухылхæцæг сиахсæн бамбарын кæны, йæ цардæмбалимæ сын фыццаг сусæг фем- бæлдæн афон кæй æрцыд æмæ уымæн уавæр кæй ис, уый. Баныхас кæ- нынц, уыцы фембæлд куыд хуызы скæндзысты, ууыл, цæмæй уаг æмæ æфсармы фæлгæты арæзт æрцæуа, уый тыххæй. 11. Фыццаг сусæг (интимон) фембæлд Адæймаджы царды ис ахæм фæзилæнтæ, кæцытæ иунæг уысммæ бындуронæй аивынц адæймагæн йæ дунембарынад, йæ ахастдзинæдтæ алфамбылай уæвæг адæмимæ æмæ ма суанг йæ миниуджытæ дæр. Цар- ды ахæм фæзилæнтæй иу у æмкъайады цæдисы бацыд. Арæхус ракуыр- ды, моймæ ацыды фæстæ фыццаг сусæг фембæлд, хъыгагæн, свæййы æппæрццæг фæстиуджытæ хæссæг уысм. Уымæ гæсгæ алы адæймаг дæр æмкъайады цæдисы бацæуыны агъоммæ хъуамæ бæлвырд зона ус æмæ лæджы интимон царды æмæ буарон æввахсдзинады сусæгдзинæдтæ, уæлдайдæр та фыццаг фембæлды рæстæджы. Иры фæсивæдæн æмкъа- йады интимон ахастдзинæдтæ проблемон никуы уыдысты, фæлæ-иу хатгай царды уæззау уавæртæ æмæ æнахуыргонддзинад дыууæ æрыгон цардæмбалы уырдæм æркодтой. Фылдæр хатт-иу афтæ рауад, кæрæ- дзимæ фаг æргомзæрдæ кæй нæ уыдысты, уый аххосæй. Кæддæр, фыдæлты фæткмæ гæсгæ, лæг æмæ усæн сæ фыццаг инти- мон фембæлды æнæмæнг хъуамæ уыдаид буарон хæстæгдзинад дæр, фæлæ нæ рæстæджы уыцы фæтк нымад у нæбæззоныл. Нæ рæстæджы æрыгон лæг æмæ усы фыццаг интимон æмбæлд арæзт æрцæуы чындз- æхсæвы фæстæ 2-аг кæнæ 3-аг æхсæв. Уæдмæ къухылхæцæг æмæ æм- дзуарджын саразынц æппæт фадæттæ, цæмæй дыууæ æрыгоны мацы хъыгдарæг уа, уый тыххæй. Куы бахъæуы, уæд æрыгæттæн бамбарын кæнынц, се ’хсæн цы буарон хæстæгдзинад æрцæудзæн, уый, чи æм- бæлы, ахæм хъуыддаг кæй у, ома адæмæн æрдзæй лæвæрд кæй у, уый. Фылдæр хатт лæппу дæр æмæ чызг дæр, се ’хсæн цы ахастдзинæдтæ хъуамæ уа, хи куыд дарын хъæуы, уый фæзонынц, æмæ уæд къухылхæ- цæг æмæ кæнгæ мад лæппуйы исты æфсонæй чындзы уатмæ æрбахо- нынц, стæй сæ уым дыууæйæ ныууадзынц. Лæг æмæ ус иу уаты æхсæвиуат куы бакæнынц, уæд уый ууыл дзурæг нæу, æмæ æнæмæнг се ’хсæн буарон хæстæгдзинад уа. Нæ фæлæ фылдæр хатт чызг ахæм хъуыддагмæ цæттæ нæма вæййы, æмæ хъуамæ лæппу æмбара йæ къайы уавæр, фæраза йæхиуыл хæцын фæстæдæр- мæ. Уæдмæ лæппу йæ узæлдæй, йæ уарзон ныхæстæй балхæны йæ къа- йы зæрдæйы уаг, бацæттæ йæ кæны æмуд æрцæуынмæ. 211
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Чызджы фæндон нæ хынцгæйæ, йæ уавæр ын не ’мбаргæйæ ахæм хъуыддаг бакæнын хъæддагдзинад у. Ус дæр æмæ лæг дæр кæддæриддæр хъуамæ аудой кæрæдзи монцтæ æмæ æнкъарæнтыл. Дыууæ удæн дæр буарон æввахсдзинад бæллиццаг куынæ уа, уæд æм тырнын дæр нæ хъæуы. Уыцы хъуыддаджы цæстмæ мийæн дæр бынат нæй. Лæг æмæ ус уыцы диссаджы æрдзон æхцондзи- надæй хъуамæ кæрæдзийæн сæ узæлд хъарой уарзондзинадæй. 12. Фæстæйы хуын Чындзхасты фæстæ дыккаг кæнæ æртыккаг бон чындзы цæгат сиахсы хæдзармæ хуын æрбарвиты. Хуынимæ æрбаласынц, чын- дзæн йемæ цы дзаумæттæ нæ арвитынц, уыдон дæр. (Кæс дæлсæр- гонд «Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын»). Хуыны æппынкъаддæр вæййы: гуыдын кæнæ стыр адджын чъири (торт), æртæ чъирийы, сæ уæлæ фыдызгъæлы хай - стуры æртæ фæрсчы кæнæ фысы æвдасарм, науæд базыг, æртæ адджын чъирийы, сæ уæлæ карк, науæд гогыз - сылгой- мæгты номыл. Æртæ ’ртæдзыхоны, сæ уæлæ физонæг, кæд сиахсы хæ- дзары чысыл саби ис, уæд уымæн адджын гуыл, бæгæны - дæс литры, карз нозт - фондз литры бæрц. Хуынимæ ма рарвитынц, рагацау кæй сцæттæ кæнынц, ахæм лæвæрттæ. (Кæс дæлсæргонд «Чызгæрвыстмæ цæттæ кæнын»). Хуындзæутты нымæц вæййы æппынкъаддæр - 7, фылдæр-фылдæр та - 15 адæймаджы, уыдонимæ: - нæлгоймаг хистæр - сыхаг, хъæуккаг карджын адæймаг; - сылгоймæгты хистæр - сыхаг, хъæуккаг карджын сылгоймаг; - карджын нæлгоймæгтæ - 2-3 хионтæй æмæ сыхбæстæй; - карджын сылгоймæгтæ - 2-3 хионтæ æмæ сыхбæстæй; - чызджытæ æмæ лæппутæ - 2-6 хионтæ æмæ сыхбæстæй. Хуындзæуттæ се ’ппæт дæр хъуамæ уой уæздан, хиуылхæцгæ æмæ, æгъдæуттæ хорз чи зоны, ахæм адæймæгтæ. Фысымтæ рагацау фæзонынц хуындзæутты нымæц æмæ, цы афон æрбацæудзысты, уый. Се ’рбацыдмæ цыдæриддæр хъæуы, уый сцæттæ кæнынц. Фынг æрæвæрынц, иуæй-иу хатт, кусарт чи акæны, ахæм фы- сымтæ дæр вæййы, æрхонынц хæстæг сыхбæстæй карджын нæлгой- мæгтæ æмæ сылгоймæгты, чызджытæ æмæ лæппуты. Хъазт сын скæ- нынц. Цыбыр дзырдæй, цæттæ вæййынц сæ уазджыты сбуц кæнынмæ канд хæрд æмæ нозтæй нæ, фæлæ ма хъæлдзæгдзинадæй дæр. Хуындзæуттæ куы ’рбахæццæ вæййынц, уæд фысымтæ сæ размæ æгасцуай зæгъынмæ рацæуынц, æмæ уæд фысымтæ дæр æмæ хуын- 212
УС КУ РЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН дзæуттæ дæр фæархайынц, дæлсæргæндтæ «Чызгæрвыст» æмæ «Чындзхасты» куыд амынд у, афтæ. Уый фæстæ фæсивæд ацæуынц хъазтмæ, хистæрты ахонынц фынгтæм æмæ сæ хорз суазæг кæнынц. Кæд æмæ чындзæхсæв дык- каг бон фæкæнынц, ома хуындзæутты æрбацыдмæ, уæд фылдæр хатт хуындзæуттæ фæбадынц чындзæхсæвы фынгыл кæнæ сын скæнынц хицæн фынгæвæрд æмæ сын уæд семæ сыхбæстæй æмæ сиахсы хи- онтæй искæйты сбадын кæнынц. Хуындзæуттæ хицæн фынгыл куы фæбадынц, уæд фылдæр хатт фысымтæм æрхатынц, нæ хойы нын нæ размæ ракæнут æмæ йæ фенæм, зæгъгæ. Къухылхæцæг кæнæ æм- дзуарджын кæнгæ мадимæ чындзы уазджыты цурмæ ракæнынц. Хатт æй хуындзæуттимæ фынгыл сбадын кæнынц, уым æвзæрæй ницы ис. Хуындзæуттимæ ма сбадын кæнынц чындзæмбæлтты дæр, уыдон фæ- бадынц чындзы фарсмæ. Хистæртæ, куыд æмбæлы, афтæ скувынц, гаджидæуттæ фæуа- дзынц, кæрæдзийæн арфæйы нуазæнтæ фæдæттынц. Кæстæрты куы бафæнды, уæд сын хистæртæ бар раттынц хъазтмæ ацæуынæн æмæ уæд чындзы дæр семæ акæнынц. Фысымтæ уазджыты сбуц кæнынц, стæй сын сæ хуыны тæбæгъты хæйттæ нывæрынц. (Кæс сæргонд «Кувинæгтæ, хуынтæ, лæвæрттæ»). 13. Чындзмæ цæуæггаг - фыццаг аходæн Чындзмæ цæуæггаг фыдæлтæ кодтой чындзы кадæн, уæлибонæй æмæ хъæлдзæгæй бæрæг кодтой чындзы фыццаг аходæн йæ ног бинон- тимæ иу фынгыл. Бæрæгбоны архайынц æрмæстдæр сылгоймæгтæ. Æфсин æмæ сыхæгты устытæ сцæттæ кæнынц, сылгоймæгты фынг- æвæрдæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон, фылдæр - адджын хойрæгтæ æмæ нозтытæ. Æрбахонынц сыхбæсты æмæ хæстæг хион сылгоймæг- ты. Фынгтæ куы срæвдз вæййынц, уæд устытæ сæ бынæттæ бацахсынц, фынгтыл сбадынц чындзы ходыгъдтæ æмæ файнустытæ дæр. Къухылхæцæг кæнæ æмдзуарджын кæнгæ мадимæ чындзы чындз- дзон дарæсы заргæ æмæ фæндырæй цæгъдгæ устыты цурмæ рахонынц. Устытæ иууылдæр сыстынц æмæ къухæмдзæгъдимæ сæмбæлынц чын- дзы рацыдыл. Чындзы хистæрты раз æрлæууын кæнынц, уый сын æртæ хатты йæ сæрæй акувы, бадты хистæр бæгæны кæнæ æндæр исты адджын нозт йæ къухмæ сисы æмæ скувы. В а р и а н т: «Дунескæнсег иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Абон ацы чызг йсе ног бинонтимсе зонгсе ксены, семсе сын ссе базынд амонды хос фсекæн! 213
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Абон ам фыццаг аходсен хæрдзæн, семæ мсенсе ацы хойраг куыд адджын у, йе ’фсин семсе йсе би- нонтимсе ксерседзийсен афтсе адджын фсеусент! Йе ’фсинимсе мад æмæ чызджы хуызсен ксерседзийы куыд уарзойу ходыгъдтæ æмсе файнустытимæ кæрæдзийæн хотау куыд уой, ахæм арфæ сын ракæн! Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæ- хицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Зæринæ æмæ Тотрадз кæрæдзи уарзгæ мыггагмæ куыд фæцæрой, ахæм арфæ сын ракæн! Уарзондзинады хъомысæй сын æнæниз æмæ рæсугъд цот бирæ куыд ранты- са, ахæм амонд сын саккаг кæн! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Тымбыпхъæды дзуар, табу дæхицæн! Мæнæ знон Зæринæ æмæ Тотрадзы нæ хистæртæ дæуып дæр бафæдзæхстой æмæ, дæ хорзæхæй, дæ хъомыс сып хорзæй равдис! Табу дæхицæн! Бынатыхицау æмæ артдзæсты зæд, ацы чын- дзæн ацы бынаты йæ ми, йæ архайды фарн куыд уа, ахæм хорз та йын сымах ракæнут! Йæ бинон- ты ’хсæн зæрдæрухсæй æмæ æнæмастæй куыд цæра, ахæм арфæ дæр ын ракæнут, уæ хорзæхæй! О бæркадæфтауæг æмæ фыдбыпызсафæг Мы- капгабыртæ, Зæринæйæн цæрæнбоны йæ сихор, йе хсæвæр, йæ аходæн ацы фынгæвæрдæй мæгуырдæр куыд никуыуой, ахæм хорз ынракæнут! Стыр Хуыцау, ацы дунейыл Зæринæ кæд ис- тæмæй фæрæдыди, уæд ын ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй! Табу дæхицæн, нæ буц Хуыцау!» Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд чындзæн ацаходын кæны. Уыйфæстæ хистæр нуазæн ратты чындзмæ æмæ йын фæзæгъы: «Амæй фæстæмæ дын мæнæ ацы Хуыцауы уарзон сылгоймаг - æфсинмæ амонгæйæ -дæ мады бæсты уыдзæн æмæ йемæ ба- зонгæу!» Чындз нуазæн райсы, æфсинмæ хæстæг бацæуы, йæ сæрæй йын ныллæг æркувы æмæ йæм нуазæн ратты ахæм ныхæстимæ: «Табуафси, айс!» Кæнæ: «Дæ хорзæхæй, мæ нуазæн айс!» Æфсин нуазæн райсы, чындзæн цыбыр арфæ ракæны, нуазæн 214
УС КУРЫН ÆМÆ МОЙ КÆНЫН ануазы кæнæ дзы саходы æмæ йæ фæстæмæ чындзмæ, рагацау кæй сцæттæ кæны, уыцы лæваримæ (кæс дæлсæргонд «Чындзхастмæ цæт- тæ кæнын») ратты, цыбырæй йын арфæ ракæны: «Фæрнæй йæ дар, мæ къона!» Кæнæ: «Амонды хос дын фæуæд, мæ хур!» Чындз лæвар райсы, æфсинæн зæрдæрухсæй бузныг фæзæгъы (чындз æмæ æфсин кæрæдзи хорз куы фæзонынц, уæд хъæбыс дæр акæнынц). Уыйфæстæ устытæ сбадынц æмæ чындзмæ æрхатынц, цæмæй семæ сбада. Фæлæ чындз сбады, æрмæстдæр ын йе ’фсин куы фæзæгъы, уæд. Зæгъæм: «Зæринæ, мæ къона, амæй фæстæмæ нæ хæрд, нæ нозт иумæ уыдзæн, æмæ сбад!» Кæнæ та: «Зæринæ, мæ хур, амæй фæстæмæ ацы хæдзары ды бинойнаг дæ æмæ сбад, саход!» Бадты хистæртæ чындзæн бацамонынц йæ ходыгъдты, йæ файнус- тыты æмæ сыхбæсты сылгоймæгты. Уый фæстæ фæминас кæнынц, фæзарынц, фæкафынц, æфсин æмæ чындзæн арфæтæ фæкæнынц, стæй сæ хæдзæрттæм ацæуынц.
«Спросите себя: «Что является самым худшим из того, что может произойти? И приготовътесъ примиритъся с этим, при необходимости». Карнеги. МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ 1.Мардæрцыд Фылдæр ирæтты уырны, адæймаг ацы дунейæ куы ацæуы, уæд мæрдты Барастыры бæстæйы ног цард кæй райдайы, уый. Фæлæ амæлæг уд се ’хсæнæй æндæр, æбæрæг бæстæмæ кæй фæцæуы, æну- стæм йæ бинонты кæй ныууадзы, уый вæййы, хионтæ, хæлæрттæ æмæ йæ хорзæй чи зыдта, уыдонæн сæ сагъæсы сæр, сæ хъыг, уæлдайдæр та йæ уæлæуыл цард цыбыр æмæ уæззау куы вæййы, уæд. Ирыстоны мардæн фæстаг фæндараст зæгъын, йæ фæстаг бон ын скадджын кæнын рагæй дæр стыр æмæ ахсджиаг хъуыддагыл нымад у. Уымæ гæсгæ бинонтæ æмæ хионтæ нæ бацауæрдынц фæстаг лæггад ын бакæныныл, Хуыцау æмæ йын мæрдты бардуагæй хорз удыбæстæ раку- рыныл. Нæ йын бавгъау кæнынц сæ цæстысыг æмæ кæнды фæлхæстæ. Уымæн æмæ сæ фидарæй уырны, уыдон ын дзæнæтмæ бацæуынæн ахъаз кæй уыдзысты, уый. Уый хынцгæйæ, марды алцыппæтæй фæн- дагмæ фæцæттæ кæнынц. Мæрдджынтæн сæ фарсмæ æрбалæууын, ныфс сын бавæрын, са- бæттаг нывæрын, æндæр исты лæггад бакæнын, мардæн та фæстаг фæндараст зæгъын алы ирон лæгæн дæр хæс у. Мард бафснайын, йæ кæндтæ йын нывыл скæнын сыхбæстæн, хъæубæстæн фыдæлтæй баззайгæ хæс у. Уыдон сæхимæ райсынц æппæт лæггæдтæ æмæ кæстæриуæггæн æмæ сæ, куыд æмбæлы, афтæ бæлвырд бакæнынц. Мæрдджынтæн не ’мбæлы, мард бафснайынæн æмæ йæ хи- 216
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ стытæн цы куыст, цы архайд хъæуы, уыдонмæ ’вналын. Ахæм хъуыд- даг сыхбæсты дæлджиныг кæны, цæсты сæ ’фтауы. Мæрдджынтæн сæхи та æгад кæны, ома, дам, сыхбæстимæ лымæнæй куы цæриккой, уæд уыцы куыстытæ сæхимæ нæ хауиккой. Алы адæймаджы дæр раджы уа, æрæджы уа, уæддæр мæлын хъæ- уы, уымæ гæсгæ уæлæуыл адæмæн лæггад кæнынæй, уæлдайдæр та амæлæг удæн, йæхицæн хъуамæ удыбæстæ скæна. Амæлæг адæймагæн йæ цуры чи вæййы, йæ мардæрцыд ын фыц- цаг чи фены, уый чифæнды куы уа, уæддæр, кæд уавæр амоны, уæд йæ хæс у: - мардæн йæ цæстытæ æрæхгæнын, йе ’фсæртæ йын кæрæдзимæ бангом кæнын; - йæ къæхтæ йын æмраст иумæ сæвæрын; - йæ къухтæ йын йæ риуыл дзуарæвæрд скæнын (галиу къух бынæй, рахиз - армытъæпæнæй галиуыл); - йæ хуыссæнуат ын банывыл кæнын; - хæстæг сыхбæстæн æвæстиатæй фехъусын кæнын; - мæрдджынты кулдуар тыгъдгом бакæнын (афтæ вæййы мард бафснайыны онг). Сыхбæстæ æвæстиатæй æрбамбырд вæййынц æмæ мардæн йæ хуыссæн, йæ уат, кæрт бабæлвырд кæнынц æмæ бафснайынц. Мæрдджын бинонты хистæрæн мардæрцыды фыццаг сахæтты йæ хæсу: - цыфæнды зынæй дæр равдисын хиуылхæцынад æмæ уавæрмæ ’вронг цæстæй æркæсын, бинонтæн æнцой дæ, уый æвдисын; - сыхбæстæй (хъæубæстæй) кæмæн æмбæлы, уыдонмæ арвитын æмæ сын кæрт, хæдзар сæ быгъдуан бакæнын; - сбæлвырд кæнын, хæстæг хионтæй кæмæн æмæ кæдæм хъæуы ха- бар фехъусын кæнын; - снысан кæнын мардæн йе ’фснайæн бон, кæцæй йæ рахæсдзысты æмæ йæ кæм баныгæндзысты, уый; - снысан кæнын мадзæлттæ мард бафснайынæн (чырын, ингæнæн цырт, æвдисæндар, мæрддзæгтæ, транспортон фæрæзтæ); - сбæлвырд кæнын, рæстæмбис нымадæй цас бахъæудзæн æхца. Сыхбæстæ æмæ хæстæг хионтæ куы ’рбамбырд вæййынц, уæд сын хæдзары хицау (мыггаджы хистæр) фæзæгъы. В а р и а н т: «Сыхбæстсе стсем, кæрæдзи æмбарæм, уавæр усехседæг уынут. Мсе бавналсентсе дсер мын зонут æмсе мард бафснайынсен цыдсериддсер хъсеуы, гъе уый, табуафси, усехимсе райсут!» 217
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Кæнæ: «Мсе сыхбæстсе, сымах стут мæ ныфс ацы уæззау сахат семсе, усе хорзсехсей, ксерты цыуынаффсе, цы куыст ис, уыдон усехимсе райсут!» Кæрты хистæрæн кæй снысан кæны, уымæн та фæзæгъы: В а р и а н т: «Аслсенбег, дсеусей та курын, æмæ ацы бонты мсе ксерты уынаффсе дсехимсе райс семсе хистсериусег ксен!» Фылдæр хатт сыхбæстæ хорз фæзонынц сæ хæстæ мард æфснайы- ны бонты æмæ сæхæдæг хæдзары хицауæн бахъарынц сæ лæггæдтæ - бамбарын ын кæнынц, мард бафснайынмæ цæттæ кæй сты, уый. Хæдзары хицау (мыггаджы хистæр) хæстæг хионтæй иуæн йæ бар бакæны, хабар фехъусын кæнын кæдæм æмæ кæмæн хъæуы, уыдон номхыгъдтæ скæнынц æмæ сæм афойнадыл хъæргæнджытæ арвитын кæнæ телефонæй фехъусын кæнын. Мардæвæрæн бон нæ, фæлæ ма йæ кæнды бонты дæр сыхбæстæ сæхи ’гъдауæй æрбацæуынц æмæ кæрты хистæрæн сæхи фæхъарынц, лæггад кæнынмæ чи цæмæ арæхсы, уымæй. Мардæн æмæ мæрдджынæн балæггадгæнæг раджы дæр æмæ ныр дæр нымад у уæздан адæймагыл, мæрдты бæсты та - дзæнæты бадинагыл. Стыр кады хъуыддагыл нымад сты мард ныннайын æмæ ныддасын, йæ мæрддзæгтæ йыл скæнын æмæ йын ингæн скъахын. Абон дæр Ирыстоны ахæм адæймаг нæй, уыцы куыстытæй йæхи чи аласа. 2. Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнын Мард ныгæнынмæ цæттæгæнгæйæ ахсджиаг фарстатыл нымад сты: А. МАРДЫ ЧЫРЫН - ТАБÆТÆРЦÆТТÆ КÆНЫН. Нæ рæстæджы чырын балхæнынц, гæнæн нæй, уæд фæйнæджытæй саразынц, чы- рынæн сæр (æхгæнæн) куынæ уа, уæд аипп нæу, æнæ чырынæй пысыл- мон ныгæд чи кæны, уыдон дæр ницæмæй рæдийынц. Æ. ЧЫРЫН СФÆЛЫНДЫН У СЫЛГОЙМÆГТЫ ХÆС, цæмæй йæ сфæлындынц (срæвдз кæнынц), уыцы дзаумæттæ сты: - лыстæн - гобангонд сæрдыгон хъæццул, кæнæ чырыны бынæй нывæрынц, мардæн йæ дзаумæттæй фæлмæн чи у æмæ ма дарынмæ чи бæззы, ахæмтæ, кæнæ бахуыйынц тæнæг гобангонд, йæ хуылфы бæм- бæг кæнæ, фылдæр хатт, хуымæллæг, зулчъытæ йæм хæстæг кæй нæ цæуынц, уый тыххæй; -г гобанæмбæрзæн - уæлтауæн; - баз хуымæллæгæй кæнæ бæмбæгæй, йæ быны чысыл цыргъаг 218
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ (кард, хæрынкъа), цæмæй амæлæг уд фыдхæссæг комытæфæй хызт уа, уый тыххæй; - мардæмбæрзæн исты рæсугъд зынаргъ хъуымацæй, стæй базæм- бæрзæн (æмбæлы ирд хъуымацæй дæр æмæ тарæй дæр); - худ - нæлгоймагæн, кæлмæрзæн - сылгоймагæн; нæлгоймагæн æрбахæссынц йæ каистæ, сылгоймагæн та - йæ цæгат; - амæлæгæн уæлæуыл уарзон чи уыди, ахæм чысыл дзаума - чиныг, къам, кард кæнæ æндæр ахæм исты. Чырын (табæт), цырт æмæ иннæ мæрддзæгтæ рагацау ныффæлди- сынц цæхх, дыууæ кæрдзыны æмæ нозтæй кæнæ цæхх, кæрдзыны хай æмæ донæй. Б. МАРД ЧЫРЫНЫ НЫВÆРЫНМÆ БАЦÆТТÆ КÆНЫН. Марды исты лæгъз ран æрæвæрынц, хъарм доны йæ ныннайынц æмæ йæ ныссæрфынц. Уыцы куыст бакæнынц сыхæгтæ, сылгоймаг куы вæййы, уæд сылгоймæгтæ, нæлгоймаджы та - нæлгоймæгтæ. Аипп нæ уыдзæн, рынчындоны цалынмæ уа, уæдмæ йæ уым куы ныннайой, кæнæ йæ хионтæй исчи куы ныннайа, уæд дæр; - мард кæд дасинаг у, уæд æй ныддасынц, йæ ныхтæ йын ракæнынц; - йæ уæлæ йын цы дарæс скæнынц, уый хъуамæ уа сыгъдæг æмæ аив. Амал æмæ гæнæн кæд ис, уæд, даргæ кæй фæкодта, ахæм; - дохтыр æм базилы, цæмæй мæрдон тæф мауал кæна, уый тыххæй; - йæ чырын, йæ дарæс, йæ хуыссæнуат ын ныффæлдисынц; - марды йæ чырыны (табæты) нывæрынц, йæ чырын æмæ йын йæ мæрддзæгтæ куы ныффæлдисынц, уæд. В. МАРДÆНИНГÆН СЦÆТТÆ КÆНЫН Ингæн скъахынц сыхбæ- сты фæсивæд, вæййы чырыны асмæ гæсгæ. Ирон ингæн раджы дæр æмæ ныр дæр арæзтæуы ныгуылæнæй скæсæнырдæм (йæ дуар ны- гуылæнæрдыгæй) байбын агуыри кæнæ æндæр истæмæй амад. Цырт сагъдæуы ингæны скæсæнырдыгæй (мардæн йæ къæхтырдыгæй), цыртыл фыст вæййы ныгуылæнырдыгæй кæнæ скæсæнырдыгæй (кæс дæлсæргонд «Цырт»). Ингæнкъахджыты арвиты мæрдджыны кæр- ты уынаффæгæнæг хистæр æд кусæн дзаумæттæ (белтæ, мæркъахтæ, фæрæт, дзæбуг, бæндæн чырын уадзынæн). Г. МАРД РАХÆССЫНМÆ СЦÆТТÆ КÆНЫН. Мард чырыны куы нывæрынц, уæд æй хæдзары астæу, йæ къæхтæ рацæуæнмæ, скæсæныр- дæм æрæвæрынц чысыл бæрзонддæр истæуыл, фылдæр хатт бандæт- тыл. Йæ цырт æмæ йын йæ чырыны сæр та бацæуæны къулы ’нцой дæлгоммæ ’вæрдæй сцæттæ кæнынц. Сцæттæ кæнынц, кæрты йæ кæм æрæвæрдзысты, уый дæр. Кæрты уынаффæгæнæг хистæр рагацау сны- сан кæны, саударæн æмбырды (мард уæлмæрдтæм ахæссыны размæ) ныхас чи кæндзæн, уыдон. 219
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Хистæр рагацау снысан кæны, марды чи хæсдзæн хæдзарæй кæрт- мæ, кæртæй уæлмæрдтæм, уыдон. Мард ныгæнынмæ цæттæ кæнынæн куы ницавæр мадзал уа, зæгъæм, хæсты быдыры, исты фыдбылызы кæнæ æбæрæг ран æмæ йæ афтæмæй куы баныгæнынц, уæд ныгæн- джытæ уый охыл истæмæй азымы дарынæн бындур нæй, стæй мард ракъахынæн дæр. Ахæм цау куы ’рцæуы, уæд, мардæн цы ’мбæлы, уы- дон ныффæлдисынц уый фæстæ, фæсаууонмæ, æмæ йын цырт дæр ныссадзынц. Мардæн уæлæуыл цы дзаумæттæ баззайы, уыдон куы ныффæл- дисынц, уæд сæ кæндты фæстæ хионтыл æмæ мардæн йæ хæлæрттыл байуарынц, кæд бинонтæн фæндон вæййы, уæд. Марды дарæс батонын Ирмæ рагæй дæр нымад у фарны хъуыддагыл, афтæ хи мæрддзæгтæ батонын (фæдарын) дæр. Мард цалынмæ уæлæуыл вæййы, уæдмæ бинонтæй кæнæ хæстæг хионтæй йæ разы æнæсцухæй исчитæ вæййы. Ирмæ рагæй-æрæгмæ мард ныгæнынц дыккаг кæнæ æртыккаг бон хурыскастæй хурныгуылд- мæ. Уæдмæ, хæдзары бинонтæ цæмæй ма сфæлмæцой æмæ стонг мауой, уæлдайдæр та æхсæвыгон, марды цур бадгæйæ, уый тыххæй сыхбæстæ скæнынц исты рог хæринæгтæ, уыимæ цай кæнæ къофи, æмæ бинонтæм æрхатынц, цæмæй бахæрой, уый тыххæй. Уыцы хæрд нæ фыдæлтæ хуыдтой мæрдджыны æхсæвæр. Мæрдджынты хæдзары хæринаг ничи кæны, арт ничи æндзары, цалынмæ мард ныгæнæн бон хур скæса, уæдмæ. Уымæн-иу загътой фыдæлтæ фыдгулæн: «Дæ арт бауазал уа!» Мæрдджыны ’хсæвæрæй мардæн хæлар ницы чындæуы, кæд раджы дæр æмæ ныр дæр иуæй-иутæ хæлар кодтой æмæ кæнынц, уæддæр. Цалынмæ мард уæлæуыл вæййы, уæдмæ сыхбæсты, хъæубæсты хистæр кары адæм фæбадынц мæрдджынты дуармæ, кæртмæ ба- цæуæны. Баргонд сын вæййы тæфæрфæсгæнæг адæмæн арфæ кæнын мæрдджынты æмæ сыхбæсты номæй. Уыдоны цур фæрсæй-фæрстæм фæлæууынц бинонты æмæ мыггаджы нæлгоймæгтæ, зæронд лæгтæй фæстæмæ. 3. Марды хабар ахæссын æмæ мардмæ æрцыд Хъæргсенæг - фыдуацхæссæг Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй амæлæгæн йæ хæстæг хионтæ æмæ1 хæстæг сыхæгтæн марды хабар фехъусын кæнынц уайтагъд, цæмæй æрбамбырд уой æмæ, мард бафснайынæн цы æмæ куыд хъæуы, 220
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ ууыл бауынаффæ кæной, стæй мæрдджынтæн уыцы зын рæстæг ныфс уой. Уыцы бон кæнæ дыккаг бон та хабар фехъусын кæнынц æрвадæл- тæн, хæдзарвæндаджы къабæзтæн, чи амæлы, уый æмкусджытæн, йæ хæлæрттæн æмæ хъæуы цæрджытæн. Дард хæстæджытæ, æнæзонгæ æмæ æцæгæлон адæммæ хъæргæнæг æрвитын аив нæу. Нæ фыдæлтæ хабархæссæг - хъæргæнæг æрвыстой фистæгæй кæнæ саргъы бæхыл. Нæ рæстæджы та фылдæр хатт ацæуынц машинæтыл, фехъусын кæнынц телефонæй æмæ суанг дзыллон информацион фæрæзты æххуысæй дæр. Хъæргæнæг æрвыстæуы æрмæстдæр нæлгоймаджы, æрвадæлтæ æмæ амæлæджы хæстæг хионтæй не ’рвыстæуы, уый нæ фидауы. Фис- тæг кæнæ бæхыл хъæргæнæг æрвыстæуы æрмæстдæр хъæубæстæм, æндæр хъæутæм та арвитынц машинæтыл кæнæ хабар фехъусын кæ- нынц телефонæй. Бæхджын хъæргæнæгæн йæ бæхы къæдзил хъуамæ æлхынцъ ма уа, йæ ехс та уа галиу къухы. Хæдзармæ куы бахæццæ вæййы, уæд дæрддзæфгомау йæ бæхæй галиухызт ракæны (рахизæрдæм) æмæ бæхы идæдзæй кæнгæ, идон рахиз къухы, ехс - галиуы, афтæмæй хæдзармæ хæстæг бацæуы, стæй дуар кæнæ фæрссаг бахойы. Кæд дуарыл дзæнгæрæг вæййы, уæд бадзæнгæрæг кæны æмæ чысыл æд- дæдæр алæууы. Хъæргæнæг машинæйыл куы вæййы, уæд йæ машинæ дæрддзæф- гомау æруромы, матор ахуыссын кæны, стæй хæдзармæ хæстæг ба- цæуы æмæ бахойы кæнæ бадзæнгæрæг кæны. Хæдзары хицау куы ра- цæуы, уæд хъæргæнæг æмраст слæууы йæ къухтæ дæлæмæ уагъдæй æмæ тæфæрфæс ракæны, стæй хабар сбæлвырд кæны. В а р и а н т: «Абонсей фсестæмæ хорз хабæрттæ хъусут! Æрхонты Асте рухсаг усед! Знон йсе уæлсеуыл цардсей ахицсен семсе йсе райсом Къатыхъсеуы сефснайынц». Кæнæ: «Æрхонты Асте рухсаг усед! Знон амард, райсом сей севсерынц Къатыхъсеуы. Амæй фсестæмæ цины хабсерттсе хъусут!» Хъæргæнæгæн дзуапп раттынц: «Рухсаг уæд, дзæнæты бадæд! Цины хабæрттæ хæссæг у!» Хион, сыхаг, хъæуккаг кæнæ хæлары амæлæты хабар фехъусæг- мæ хъæргæнæг куы нæ æрбарвыстæуа, афтæмæй хабар куы базона, уæд ын мардмæ æрцæуын хæс у. Хъæргæнæг мæм нæ уыди, зæгъгæ, мæрдджынтæй хъаст кæнын, азымы сæ дарын æнæуагдзинад у. 221
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Мардмæ æрцыды фæтк Алы ирон адæймаг дæр хионы, хæлары, сыхаджы, хъæуккаджы мардмæ æрцæуын нымайы ахсджиаг хæсыл. Уымæ гæсгæ - «мах хуы- зæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты». Хатгай æрцæуæг адæмы - мæрддзыгойы нымæц минæй фæфылдæр вæййы. Хионтæ æндæр хъæутæй бирæтæй куы фæцæуынц, уæд иумæ автобус кæнæ æндæр машинæтæ дæр баххуырсынц æмæ иумæ æрцæуынц. Сыхбæстæ, хъæубæстæ дæр, гæнæн куы вæййы, уæд мардмæ æрбацæуынц иумæ, уæвгæ, иунæгæй æрбацæуын дæр аипп нæу. Адæм мардмæ куыдфæндыйæ нæ цæуынц, ис сын сæрмагонд фæтк. Зæгъæм, машинæйы чи ’рцæуы, уыдон рахизынц мæрдцжынты хæ- дзарæй дæрддзæфгомау, слæууынц иу рæгъæвæрды дыгæйттæ кæнæ цыппæргæйттæй: разæй - нæлгоймаг хистæртæ, сæ фæстæ - нæлгой- маг фæсивæд. Уыдоны фæстæ - сылгоймæгтæ сæ кармæ гæсгæ. Мæрд- дзыгойы фыццаг рæнхъы рахизæрдыгæй сæ хистæр (мæрдджынтæн - æцæгæлон кæнæ дард хæстæг), мæрддзыгойы номæй тæфæрфæсы ныхас чи кæндзæн, уый. Раззаг рæнхъыты ма слæууынц мæрдджын- ты хæстæг нæлгоймаг хионтæ. Рæгъæвæрды кæмæн кæм æмбæлы, уым сæ бынæттæ куы бацахсынц, уæд сабыргай, æнæдзургæйæ араст вæй- йынц мæрдджынты хæдзармæ. Мæрддзыгойæн уыцы рæстæджы дзу- рын, къухтæ дзыппы дарын, тамако дымын не ’мбæлы. Мæрддзыгойы æрбацыдмæ мæрдджын бинонтæ - нæлгоймæгтæ - фæлæууынц кæртмæ бацæуыны сыхбæсты хистæрты хæдфарсмæ, хистæртæ бадгæ куы кæной, уæд аипп нæу. Мæрддзыгой мæрдджынты дуармæ бацæуынц мæрдджынтæ æмæ сыхбæсты хистæрты раз иу 3-5 санчъехы бæрцмæ æрлæууынц сæ къухтæ уагъд æмæ æдзæмæй. Сыхбæсты лæгтæ дæр слæууынц, сæ къухтæ бынмæ æруадзынц æмæ афтæмæй дыууæтæ дæр иу уысмы бæрц алæууынц - тæфæрфæс ракæнынц, уый фæстæ сыхбæсты хистæр мæрддзыгойæн арфæ ракæны. В а р и а н т: «Хуыцауæй арфæгонд ут! Уæ зæрдæты хъыг æмæ уæ фыдæбон Арсæгæн мæрдты бæсты фæндара- сты мадзал фæуæнт! Уæ цæрæнбон бирæ!» Кæнæ: «Стыр Хуыцауы хорзæх уæ уæд! Уæ сагъæс, уæ къахы фыдæбон Арсæгæн хæлар уæнт! Мæрдты бæстæй уыл хæрзаудæн кæнæд!» Йе та: «Хуы- цау уæ фыдгул æмæ фыдбылызæй бахизæд! Арсæг рухсаг уæд æмæ уыл мæрдты бæстæй цардаудæн кæнæд». 222
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ Мæрддзыгойы хистæр иу санчъех размæ бакæны æмæ тæфæрфæсы ныхас фæзæгъы. В а р и а н т: «Арссег рухсаг усед, дзæнæты бадсед! Мсердты бар- дуаг æмсе йсе мсердты хорзсех усед! Йсе бинонтсе семсе йæ къабсезтыл цардаудсен ксенсед! Сымах дсер амæй фæстæмсе циндзинседты фыдсебонгсенсег ут!» Дæргъвæтин ныхас нæ фидауы. Уый фæстæ мæрддзыгой сыхбæсты хистæртæм æмæ мæрдджын- ты кæртмæ чъылдым нæ раздæхгæйæ иуварс ацæуынц æмæ иннæ мæрддзыгойы ’хсæн, се ’ргом кæртмæ, афтæмæй æрлæууынц. Мардмæ кæугæ бацæуын кæй фæфæнды тæфæрфæс ракæныны фæстæ кæнæ та йæ размæ (уæлдай нæу), уыдон кæртмæ - хæдзармæ, марды размæ бацæуынц, чи кæугæ, чи хъарæггæнгæ, чи та æнæуи хъынцъымгæн- гæ. Мардæн йæ цуры иучысыл алæууынц, стæй, йын «рухсаг у» фæзæ- гъынц æмæ йын йæ риуыл кæнæ йæ чырыныл армы тъæпæнæй æрæн- дзæвынц - къухыл авæрынц, ома мæ буар, мæ зæрдæйы хъарм дын мæрдтæм фæндарасты хос фæуæд, зæгъгæ. Мсердджын бинонтсен семсе хсестсег хионтсен не ’мбселы: - мард æвæрæн бон æмæ хисты бонты лæггадгæнджытæн бардзырд- тæ дæттын, æфхæрын, сæ уынаффæтæ сын ивын; - марды кæндæн - хистæн кусарт, кæрдзын æмæ æндæр хæларгæ- нинæгтæ цæттæ кæнын, уый сыхбæсты цæсты æфтауы; - мардæн ингæн къахын, уæлмæрдтæм æй хæссын æмæ æндæр ахæм митæ кæнын; - лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын; - чидæр мардмæ не ’рцыд кæнæ сабæттаг нæ радта, зæгъгæ, уый тыххæй йæ кой кæнын кæнæ йæ æфхæрын; - усы, мойы æмæ каисы мардыл æргом хъæрæй кæуын кæнæ хъа- рæг кæнын; - мæрдджыны хæдзары афæдзы дæргъы цины хъуыддæгтæ кæнын, ус курын æмæ мой кæнын, кæд уавæр нæ домы, уæд; - цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ кафын, зарын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын, хъазтмæ цæуын æмæ хъæлдзæг- дзинæдты архайын. Мардмæ серцсеусегсен не Умбселы: - хъæлдзæг митæ кæнын, хъæрæй дзурын, æхситт кæнын, искæйы æфхæрын, загъд кæнын; 223
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - марды цур тамако дымын, къухтæ дзыппы кæнæ дæлæрмтты да- рын, чъиу æууилын, æхсынæнтæ æхсынын, хæрын; - мæрдджынтæн уайдзæфтæ кæнын, бафхæрын сæ; - мæрддзыгойы адæмы ’хсæн мæрдджынтæ, хионтæ æмæ лымæн- тæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кæнын; - мæрдджынтæй искæмæн йæ къух райсын - «æгасцуай» кæнын; - мардмæ æмæ мæрдджынты кæртмæ чъылдыммæ лæууын, бад- гæйæ иу къах иннæуыл сæвæрын; - мæрдджынтæн сæ къухтæ исын; - хи равдисыны охыл мардæн адæмæй уæлдай стыр сабæттаг ны- вæрын; - искæйы цæстмæ кæуын, саударæн æмбырды, амæлæг цы нæ уыди, уый дзурын; - мардмæ нозтджынæй, ронбæгъдæй æмæ æнæхудæй, сылгойма- гæн æнæ цъындатæй æмæ урс, ирд дарæсы æрцæуын; - уæлмæрдты уæвгæйæ искæйы марды уæзæгыл лæууын, цыртыл æнцой кæнын; - мард цалынмæ бафснайой, уæдмæ уæлмæрдты æндæр ингæнтыл зилын рухсаг зæгъынæн; Ирмсе рагсей серсегмæ ахсджиаг сты сыхбсесты, хъæубсесты семсе мсердджынты семахастдзинседтсе. Мæнæ уыдонæй цалдæр: - амæлæг сыхаджы, хъæуккаджы мардмæ æрцæуын хистæр кары адæмæй алкæмæн дæр хæс у, амæлæг хæстæг кæмæн феййафы, уы- донæн та сæ фæсивæдæн дæр; - сыхбæсты, хъæубæсты, афæдз кæуыл нæма рацыд, ахæм мард куы вæййы, уæд, цалынмæ уыцы мæрдджынтæ сæхæдæг æрбарви- той æмæ æрхатой, уæдмæ куывды, чындзхасты æмæ æндæр ахæм цины хъуыддаджы хъæлдзæгдзинæдтæн уæвæн нæй, уый хынцгæйæ мæрдджынтæн ирон æгъдаумæ гæсгæ æрбарвитын æмæ æрхатын сæ хæс у (кæс сæргонд «Ус курын æмæ мой кæнын»); - мард цы хæдзары уа, уый рæзты ирон адæймаг, æгъдаумæ гæсгæ, æнæ тæфæрфæс ракæнгæ нæ цæуы, чи амæлы, уый кæд æппындæр нæ зыдта, уæддæр; - мæрдджын адæймаджы бафхæрын, маст дзы бауадзын; - амæлæг адæймаг кæд сыхбæстæн, хъæубæстæн цыфæнды æвзæр уыди, уæддæр ын сыхбæстæ фæстаг лæггад бакæнынц; - мæрдджын бинонтæн мæрдджынты æхсæвæр (мæрдæхсæвæр) скæнын (æрбахæссын) æмæ сæм æрхатын (бахæрын сын кæнын) хæстæг сыхбæстæн хæс у. Уымæн æмæ мардæн йæ ныгæнæн бонмæ мæрдджынты хæдзары арт нæ чындæуы - уый нæфæтчиаг хъуыддаг у; 224
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ - мæрдджын бинонтæн хæстæг къабаз куынæ вæййы, уæд мард æфснайынц æмæ йын къаддæр-уæддæр цы хъæуы, уый скæнынц сыхæгтæ сæхи хъæппæрисæй æмæ лæвар, мæрдджынтæй уый тыххæй лæвæрттæ кæнæ æхца райсын у аллайаг хъуыддаг; - мардæн йæ фæстаг фæндаг алыг кæнын - йæ рæзты цæхгæрмæ ацæуын у нæфæтчиаг хъуыддаг, уæд, дам, мард уыцы адæймаджы тæригъæдтæ мæрдтæм йемæ ахæссы. 4. Марды рахаст æмæ мард ныгæнын Адæмæй хабар кæмæ уыди, уыдон мардмæ куы ’рцæуынц, мардæн йæ ингæн цæттæ куы вæййы, чырыны - табæты йæ куы нывæрынц, рахæссынмæ цæттæ куы вæййы, уæд æй нысангонд афон, йæ ахæс- сынæй иу-дыууæ сахаты раздæр, сыхы лæппутæ (рагацау кæрты уынаффæгæнæг кæй снысан кæны, уыдон) кæртмæ рахæссынц æмæ йæ истæуыл бæрзонгомау æрæвæрынц, мæрддзыгой йæ хорз куыд уыной, афтæ. Кæд амал æмæ гæнæн уа, уæд мард кæрты æрæвæрынц, йæ сæр ныгуылæнæрдæм куыд уа, афтæ. Марды чырынæн йæ сæр дæр арæх æрæвæрынц йæ фарсмæ галиу кæнæ рахизæрдыгæй, цæмæй мард рацæйхæсгæйæ кæрты ма баззайа, æрмæст уый тыххæй (æрæвæрынц æй дæлгоммæ кæнæ йæ фарсыл). Чырынæн йæ фарсмæ галиу кæнæ рахизæрдыгæй бандæттыл сба- дын кæнынц мæрдджын бинонты. Ирон адæммæ сылгоймаг нæдæр ингæн къахы, нæдæр чырын хæс- сы, кæд уавæр нæ домы, уæд. Мæрдджыны кæрты уынаффæгæнæг хистæр кæнæ йæ фæндонмæ гæсгæ сыхбæстæй, хъæубæстæй исчи рагацау снысан кæны, саударæн æмбырды мардæн фæстаг фæндарасты ныхас чи кæндзæн, уыдон æмæ сын фæзæгъы, чи сæ кæй фæстæ ныхас кæндзæн, уый. Нысангонд афон кæрты хистæр фæсиды мæрддзыгоймæ. В а р и а н т: «Мардмсе æрцæуæг адæм, уæ хорзæхæй, мардмæ хæстæгдæр æрбалæуут, æмæ йын фæндарасты ныхас зæгъæм!» Мæрддзыго уыцы сидт куы фехъусынц, уæд иууылдæр мардмæ хæстæгдæр æрбацæуынц æмæ æдзæмæй фæлæууынц, цалынмæ æм- бырд фæцæуы, уæдмæ. Саударæн æмбырды фыццаг чи раныхас кæны, уый вæййы сыхбæстæй, хъæубæстæй. Дыккаг, цы адæмы ’хсæн куы- ста, уыдонæй. Æртыккаг - фæстаг ныхасгæнæг - вæййы амæлæгæн йе ’рвадæлтæй кæнæ хæрæфырттæй исчи. Уыцы æмбырды бинонтæй ис- кæмæн ныхас кæнын не ’мбæлы. Æмбырды раныхасгæнджытæ къад- дæр кæнæ фылдæр дæр вæййынц. Ныхасы мидисы хъуамæ уа: 15 Родники благородства 225
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ - цы ’рцыди амæлæгыл - цæмæй амард; - цæмæ тырныдта амæлæг, цæмæ бæллыди царды; - дзыллæйæн хорзæй цы фæци, цы йын бантыст æмæ йын цы нæ бантыст; - цы уадзы йæ фæстæ хорзæй; - йæ амæлæтыл ын йæ зæрдæ кæмæн риссы, уыдонæн узæлæг æмæ зæрдæлхæнæн ныхас зæгъын; - рухсаг ын зæгъын - мæрдты бардуаг æмæ йæ мæрдтыл бафæ- дзæхсын. Уыимæ ныхас кæнын хъæуы цыбырæй - 3-7 минуты. В а р и а н т: «Мардмæ æрцæуæг адæм, абон не ’хссенæй йе Уну- сон дунемсе цсеуы нсе хъсеубсесты уарзон хъсебул. Цсерсенбоны Ирыстоны уавсер йсе цину йсе сагъæс ксемсен уыди, Иры дзыллсейсен бирсе хсерзты чи ба- цыди, йсе фыдселты усезсегæй дыууиссседз азы бсерц иппсерд усевгсейсе йын йсе фарн семæ йæ намыс бæр- зонд чи хаста, уыцы Асте, æмæ йын уæ цæсты- сыг, уæ зæрдæты хъыг æмæ уæ фыдæбон мæрдты бæстæм фæндарасты хос фæуæнт. Асте адæмы Ухсæн уæздан æмæ кадджынæй фæцарди, хистæртæн лæггадгæнæг, кæстæртæн - зондамонæг, сыхбæстæ æмæ хъæубæсты риссаг фарстатæй иуварс йæхи никуы айста. Бахъуа- джы сахат лæгдзинад равдисын йæ бон уыди. Ирыстоныл цы тæссаг уавæртæ æрæнцад, уым дæр йæхи æхсарджынæй чи равдыста, уыдонæй иу уыди Асте. Астейæн йæ уæлæуыл цард кæд даргъ нæ уыди, уæддæр кæйдæртау дзæгъæлы нæ фæцард, йæ фæстæ уадзы, «мæ фыдыстæн» зæгъын йæ бон кæмæн уыдзæн, ахæм разагъды кæстæртæ, æмæ сæ цæрæнбон бирæ уæд, Стыр Хуыцауыл фæ- дзæхст уæнт! Мардмæ æрцæуæг адæм, Астейæн фæстаг са- лам раттынмæ æрцыдыстут æмæ уæ Хуыцауы салам уæд! Асте тауыл цардаудæн кæнæд! Æнæмæлгæ заман нæй æмæ нæ уыдзæн, фæлæ, дунескæнæг Хуыцау, дæ хорзæхæй, ахæм хорз • нын ракæн, цæмæй нæ Иры дзыллæ мæрдтæм цардæфсæстæй зæронды бон цæуой! 226
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ Рухсагу, Асте! Ацы дунейы æнсерæдыд адæймаг никуыма рацарди, æмсе, дунесфæпдисæг Хуыцау, дсе разы ксед истсемæй азымджын у, усед ын, дсе хорзсехсей, ныххатыр ксен, табу дсехицсен! Де ’нусон дунемсе цсеуыс æмсе фсендараст фсеу. Цы мсердтсем цсеуыс, уыдон æмсе дсе мсердты бардуаг Барастыры хорзсех усед! Дсе фсестсе дсе рсесугъд бинонтсе семсе дсе уарзон адсемы хъыг- зсердæтæй уадзыс æмсе сып цардаудсен ксен! Хуы- цау семсе дын Барастыр зсердсезæгъгсе удыбсестсе саккаг ксенсент! Рухсаг у, дзсенсеты бад!» Мыггаджы номæй чи фæдзуры, уымæн йæ ныхасы сæйраг мидис хъуамæ уа мардмæ æрцæуæг æмæ йын лæггадгæнæг адæмæн арфæ ракæнын. Саударæн æмбырды мардæй, цы нæ уыди, уый зæгъын у æдзæс- гомдзинад. Æрымысгæ, æнæгъдаудзинад у мардæн фæндараст зæгъыны охыл йæ цурмæ хойраг æмæ нозт рахæссын. Уæлмæрдтæ хæстæг куы вæййынц, уæд саударæн æмбырд сара- зынц уым, мардæн йæ ингæны цур, æмæ йын уæд йæ ингæн æмæ йæ сыджыты хай дæр ныффæлдисынц. Саударæн æмбырд куы ахицæн вæййы, уæд, хионтæй мардæн йæ фæстæ уæлмæрдтæм ацæуын йæ хъару кæмæн нæ вæййы, уыдон ын уым кæрты «Рухсаг у, дзæнæты бад!» фæзæгъынц, сæ къухтæ йыл авæрынц æмæ кæрты баззайынц. Уый фæстæ сыхбæсты (хъæубæсты) лæппутæ мард сисынц æмæ йæ кæртæй, йæ къæхтæ размæ, афтæмæй рахæссынц. Мæрддзыгой адæм уæлмæрдтæм фæцæуынц сæрмагонд фæткмæ гæсгæ - разæй фæхæс- сынц марды хуызист, йæ фæстæ - дидинджытæ, кæд ын исчи æрхæссы, уæд. Уыйфæстæ цырт æмæ чырыны сæр, стæй мард. Марды хæдфæстæ фæцæуынц йæ нæлгоймаг хæстæг хионтæ, уыдоны фæстæ - мæрддзы- гойы нæлгоймæгтæ. Нæлгоймæгты фæстæ фæцæуынц сылгоймæгтæ, марды сылгоймаг хæстæг хионтæ сæ разæй, афтæмæй. Мард хæдзарæй иу-фæндзай санчъехы бæрц куы рахæссынц, уæд æй æд чырын фæрсырдæм - хуры фæдыл фæстæмæ 180° - разилынц æмæ йæ чысыл размæ фæкъул кæнынц кæнæ йæ зæххыл æрæвæрынц, цæмæй фæстаг хатт йæ цæрæнуатмæ «ракæса». Стæй йæ ног фæстæмæ æрзи- лынц, йæ къæхтæ уæлмæрдты ’рдæм куыд уой, афтæ, æмæ йæ ахæссынц. Мæрддзыгойыл (мард хæсгæйæ) хæрхæмбæлд чидæриддæр фæвæййы, уый кæд марды кæнæ йæ бинонтæи æппындæр никæй зоны, 227
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ уæддæр хъуамæ мардæн æгъдау радта - фæндагæй иуварсмæ ацæуа, йæ цæнгтæ бынмæ æруадза, марды ’рдæм йе ’ргом аздаха æмæ æдзæмæй лæууа, цалынмæ йын мард йæ рæзты хæссынц, уæдмæ. Уый фæстæ «Рухсаг у!» фæзæгъы æмæ йæ фæндаг дарддæр адары. Марды фæстæ мæрддзыгой уæлмæрдтæм кæнæ, мардласæн кæм фæлæууы, уырдæм кæуылты цыдысты, уыцы фæндагыл фæстæмæ æрбаздæхынц кæртмæ (ома, дам, уæд мардæн йæ фарн кæртмæ æр- баздæхы), уый фæстæ алкæй дæр бар ис, йæ хæдзармæ цæуы æви хист- мæ æнхъæлмæ кæсы, уымæй. Хисты æнæмæнг сбадыны хæс никæуыл ис. Стæй æрцæуæг адæм се ’ппæт мардæн нозтæй рухсаг зæгъой, ахæм уагæвæрд фыдæлтæм дæр нæ уыд, нæ рæстæджы дæр нæй, фæлæ иуæй- иу нозтуарзæгтæн уый æфсон вæййы бануазынæн. Уæлмæрдтæ хæстæг куы вæййынц, уæд мард фæхæссынц фистæгæй сæ къухтыл, дард куы вæййынц, уæд та баххуырсынц мæрдласæн (сау уæрдон) кæнæ хуымæтæг машинæ, адæмы дæр аласынц машинæтыл. Иуæй-иу мæрдджынтæ мардæвæрæн бонмæ баххуырсынц оркестр, æмæ кæд нæ фыдæлтæ уыцы хъуыддаг нæ кодтой, уæддæр уый аипп нæу. Мард уæлмæрдтæм куы ’рбахæссынц - æрбаласынц, уæд æй йæ ин- гæнмæ хæстæг æрæвæрынц, йе ’ргом ингæны ’рдæм, æмæ уым сыхбæ- сты хистæртæй иу, рагагъоммæ кæмæн бабар кæнынц, уый мардæн йæ ингæн æмæ йæ сыджыты хай ныффæлдисы, æрцæуæг адæмæн æмæ ингæнкъахджытæн арфæ ракæны. Уый фæстæ хæстæг хионтæн фæзæ- гъы, мардæн фæндараст зæгъут, зæгъгæ. В а р и а н т: «Мардмæ серцсеусег хорз адсем, нырсей фсестсемсе Æрхонтимсе ксерæдзимсе цины хъуыддсегтсем куыд цсеуат, ахсем арфсеуын не сфсеядиссег Хуыцау раксенсед, табу йсехицсен! Нырсей фсестсемсе Иры дзыллсейы Хуыцау фыдбылызтæ семсе судзаггаг мсердтсей хизсед! Асте, усертсе дын дсе ксестсертсе сенусон бынат скодтой æмсе сыл, дсе хорзсехсей, цардаудсен ксен, ссе къухты фселлой дæуæн та мсердты бсестсем фсендарастсен ахъазгсенсег фсеусед! Уыдонсен та мсе бсесты Хуыцау раарфсе ксенсед! Асте, мсенсе бирсе цы Ирыстон уарзтай, уый зсехх дын пакъуыйау фселмсен усед! Дсе ингсен семсе дын дсе сыджыты хай фселдыст фсеусент!» Уыцы ныхæстимæ армы дзаг ингæны сыджытæй сисы æмæ йæ мар- ды гуырыл (риуæй дæлæмæ) æрызæры. Мард истæй тыххæй ингæнæй дæрддзæфгомау æвæрд куы вæййы, уæд фæлдисæджы цурмæ ингæны сыджытæй белгомыл бахæссынц ингæнкъахджытæ. Фæлдисæг уый 228
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ фæстæ мардыл йæ къух æрæвæры. Хæстæг хионтæ мардмæ фæстаг хатт бацæуынц, рухсаг ын фæзæгъынц, акæуынц ыл, сæ къухтæ йыл авæрынц, стæй иуварс алæууынц. Хионтæй йæхимæ саударæджы хæс райсæг мардæн фыццаг хатт «рухсаг» фæзæгъы, æрмæст йæ саутæ куы сисы, уæд. Уыцы рæстæджы хионтæ æнæуаг куыд куы фæкæнынц æмæ сæхиуыл куынæуал фæауæрдынц, уæд сын хистæр уæзданæй фæзæ- гъы: «Уæхи уромын фæразут!» Æмæ уæд хионтæн æмбæлы кæрæдзи басабыр кæнын. Нæ рæстæджы мардыл марой кæнæ ирон фæндаг ничиуал кæны, дзыккутæ æмæ рустæ ничиуал тоны. Уыдон мардæн дæр æмæ, йæ фæстæ чи баззад, уыдонæн дæр ницы пайда сты, æгъдауы нал сты. Мард ингæны бавæрыны размæ чырынæмбæрзæны кæроныл гæзæмæ зынг сдарынц, кæнæ чысыл исты (гæххæтт, хъæмп, къæцæл) ссудзынц æмæ йæ ингæны адарынц, ома ингæн æвзæр комулæфтæй асыгъдæг кæнынц. Уыйфæстæ ингæнкъахджытæ чырынæн йæ сæр бах- гæнынц (ныффидар æй кæнынц) æмæ йæ ингæны бавæрынц, мардæн йæ сæр ныгуылæнырдæм, ингæнбарæн йæ фарсмæ, афтæмæй. Ингæны дуар агуыри кæнæ æндæр дуртæй самайынц, æмæ сыджытæй ингæны уæзæг саив кæнынц. Ингæн къахгæйæ кæнæ мард ныгæнгæйæ, кусæн дзаумæттæ кæрæ- дзимæ къухæй-къухмæ нæ лæвæрдæуы, алчи дæр æй исы зæххæй, кæннод, дам, марды рынтæ дзаума райсæг йæ къухтыл ахæссы. Мард куы бафснайынц, уæд, йæ фæстæ уæлмæрдтæм чи рацæуы, уыдонæй алчидæр бацæуы æмæ йын йæ цыртыл кæнæ йæ уæзæгыл къух (армы тъæпæн) æрæвæры, стæй фæзæгъы: «Рухсаг у, дзæнæты бад!» Уыйадыл мард æфснайд æрцæуы. 5. Марды кæндтæ Ирон адæм раджы заманты бирæ æмæ стыр хистытæ кодтой. Абон дæр Ирыстоны алы кæмттæй ралидзгæ мыггæгтæ æмæ хъæутæ иумæ райсгæйæ бирæ алыхуызон кæндтæ кæнынц, уыдон се ’ппæт адæмæн иумæйаг не сты, сæ фæтк æмæ се ’гъдæуттæ иухуызон куыд не сты, афтæ. Ацы ран ныхас цæудзæн, Ирæн иумæйаг чи у кæнæ фылдæр хъæуты кæй кæнынц, уыцы кæндтыл. А. МАРДÆВÆРÆН БОНЫ ХИСТ - ХÆРНÆГ. Кæнынц æй, мард цы бон бафснайынц, уыцы бон хурныгуылды размæ. Сыхбæстæ æмæ мæрдджын бинонты хионтæ сцæттæ кæнынц, хæрнæджы фынгмæ цыдæриддæр æмбæлы, уыдон (кæс дæлсæргонд «Хæрнæджы фынг- æвæрд æмæ хæрнæджы бадт»). Куыд цæттæ кæнынц, афтæ сæ хойра- 229
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ гæй, фыдызгъæлæй, нозтæй къæбицы кæнæ æндæр сыгъдæг, хибар ран фынгтыл æрæвæрынц. Кæрдзынтæ (чъиритæ) æрæвæрынц фын- джыдзæгтæм (цыппæргæйттæй) кæнæ дыгæйттæй. Уымæй уæлдай ма уыцы фынгтыл æрæвæрынц цæхх, нуазыны дон æмæ кард. Мард уæл- мæрдты йæ бæстыхайыл куы сæмбæлы, хæларгæнинæгтæ куы сцæттæ вæййынц, уæд сæм мæрдджынты кæрты уынаффæгæнæг хæларгæн- джыты бахоны. Уыдон вæййынц дыууæ кæнæ цыппар дзырддзæу- гæ æмæ арæхстджын хистæры, сæ иу - сыхбæстæй (хъæубæстæй), иу - мæрдджынты мыггагæй, иннæтæ - æрцæуæг адæмæй, семæ ма сын арвиты кæстæриуæггæнджытæй иу кæнæ дыууæйы. Хæларгæнæг хистæртæ сæ къухтæ ныхсынц, стæй фынгты раз æрлæууынц, се ’ргом, кæд гæнæн уа, уæд скæсæнæрдæм. Хистæр (сыхбæстæй) райсы нуазы- ны дон, мыггаджы хистæр бæгæны кæнæ къуымæл, иннæтæ сисынц æндæр алыхуызон нозтытæ æмæ хæлар кæнын райдайынц. Фыццаг ныхасы бар хауы сыхбæсты хистæрмæ, фæстаг - мыггаджы хистæрмæ. Фæлдисæгæн йæ ныхасы мидисы хъуамæ уа: - Хуыцаумæ батабу кæнын; - Хуыцауæй мардæн аккаг удыбæстæ ракурын; - амæлæджы мæрдты бардуагыл æмæ мæрдтыл бафæдзæхсын; - мардæн цы фыдохы бæркæдтæ скæнынц, уыдон ын ныххæлар кæнын. В а р и а н т: «Табу дын, не скæнсег иунæг Хуыцау! Дунейы рухс дæр нын ды дæттыс, мæрдтсем дсер нсе ды ’рви- тыс, махсен нсе хсес у дсеуыл нсехи фæдзæхсын, табу дын ксенын æмсе дсе хорздзинæдтæ курын} семсе дсе курæм, нсе бæрзонд, нсе буц Хуыцау, абон ацы кæртсей мсердтсем ксей барвыстайу уымсен рухс удыбсестсе балсевар ксен! Асте адсемы ’хссен сеназымсей фсецард, фселсе цсерынсей нсе бафсæст, семсе, табуафси, Стыр Хуыцау, Мсердты бардуаг, сенсетсеригъседты бсестсем сей саккаг ксенут! Асте, мсе хселар, цы мсердтсем цсеуыс, уыдоныл фседзсехст фсеу! Дсе фсестсе цы бинонтсе, цы къа- бсезтсе ныууагътай, уыдоныл цардаудсен ксен! Мсенсе дын дсе сыгъдсег уды фселлойæ цы хойраг, фыдызгъсел æмсе нозт сцæттсе кодтой, уыдон дын хселар усент, дзсенсетмсе фсендагсен дын ахъаз фсеусент! Кæимсе дсе фсенды, уыдонимсе ссе бсеркад, сæ фарнæй хайджын ут! Рухсагу, дзæнæты бад!» 230
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ Хистæртæ хæларгæнгæйæ сæ худтæ сисынц хойраджы фарны кадæн, мардæн йæ иннæ мадзæлттæ чындæуы, худтæ нæ сисгæйæ. Хæларгæнгæйæ алыхуызон къæбæлдзыг ныхæстæ ницы давынц. Аипп нæу, хæрнæджы бæркæдтæ, æрцæуæг адæм цы фынгтыл ба- дынц, уыдоныл куы æрæвæрой æмæ сæ уым куы ныффæлдисой, уæд дæр. Фæлдисинæгтæ марды чырыны (хуыссæны) цурмæ хæссын фы- дæлтæй нæ баззад æмæ у стыр æнæгъдаудзинад. Фæлдисæг ныхас куы фæвæййы, уæд йæ нуазæнæй иуцалдæр æр- тахы æртадзы зæхмæ, кæнæ фынгмæ. Уыйфæстæ дзы саходы. Хистæры фæстæ иннæтæн сæ ныхас вæййы цыбыр, зæгъæм: «Мæрдты бардуаг æмæ, цы мæрдтæм цæуыс, уыдоны хорзæх дæ уæд! Ацы бæркæдтæ дын хæлар уæнт! Рухсаг у, дзæнæты бад!» Кæнды фынджы ’гъдæуттæ кæс дæлсæргонды «Хæрнæджы фынг- æвæрд æмæ хæрнæджы бадт». Кæнды бæркæдтæ куы ныххæлар кæнынц, уæд сæ фынгтыл æрæвæрынц æмæ сæм мæрддзыгойы æрбахонынц, уæ хорзæхæй, æрба- дут æмæ мардæн рухсаг зæгъут æмæ йын уды бæстæ ракурут, зæгъгæ. Æ. ЗЫНГХÆССÆН. Кæнынц æй мардбавæрды фæстæ дыккаг бон. Йæ нысаниуæг у мардæн йæ зынджы (арты) хай ныххæлар кæнын. Архайынц дзы æр- мæстдæр сылгоймæгтæ. Уыцы бон скæнынц дыууæ фынджыдзаджы кæнæ фынджыдзаг æмæ ма дыууæ кæрдзыны, аргæвдынц карк кæнæ гогыз, сфыцынц кас кæнæ сир, йе та дзыкка, уыдæттæ сцæттæ кæнын йæ амал кæмæн нæ вæййы, уый фынджыдзæгтыл фых æйчытæ дæр æрæвæры. Уыдонимæ фынгыл æрæвæрынц адджинæгтæ, дыргътæ, дон, къуымæл кæнæ адджын дæттæ, амæлæг нæлгоймаг куы вæййы, уæд карз нозт дæр. Цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй кæнды фынгæвæрд саразынц, хæстæг сыхбæсты сылгоймæгты йæм æрбахонынц, уыдон сæ мардæн ныххæлар кæнынц. Кæнды фынгыл ма æрæвæрынц кард, цæхх æмæ исты æртхос фæлдисынæн. Уыйфæстæ сбадынц, æмæ фынджы бæр- кæдтæй алчи саходы. Уымæй уæлдай ма дыууæ-цыппар сылгоймаджы мардæн уæлмæрд- тæм ахæссынц йæ зынджы (арты) хай - сугтæ æндзарæнтимæ æмæ æрт- хос. Ахæссынц дыууæ кæрдзыны нозтимæ æмæ ма, кæй сцæттæ кæнынц, уыдонæй истытæ. Цы сугтæ ахæссынц, уыдонæй уым ингæны цур арт скæнынц, стæй арт дæр æмæ бæркæдтæ дæр мардæн ныххæлар кæнынц. В а р и а н т: «О, чи нсе скодта, уыцы кадджын Хуыцау, ацы сы- вселлоны æдзардсей йсе ныййарджытсей айстай 231
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ æмæ, дæ хорзæхæй, дæхи фарнæй йæ хорзæхджын фæкæн - рухс удыбæстæ йын саккаг кæн! О, сыхбæсты фидауц чи уыди, нæ зæрдæ дæуыл куы лæууыди... Мæнæ дын сыхбæстæ дæ бинонты хидвæллойæ цы дыууæ кæрдзыны скодтой, уыдон дын хæлар уæнт. Ацы хойраг кæй фæллой у, уы- доныл цардаудæн кæн! Уæлионтыл æвиллон хуызы макуы сæмбæл! Мæнæ дын дæ зынг æмæ дæ суджы хай дæр фæлдыст фæуæнт! Рухсаг у! Дзæнæты бад! Кæд уæлæуыл истæмæй тæригъæдджын уыд- тæ, уæд дын, мæнæ ацы сугтæ куыд басыгъдысты, афтæ басудзæнт!» (Хъæдгæройнаг 70-аздзыд Хостыхъоты Нецайы ныхæстæ, 1978 аз). Стæй нозтæй зæхмæ æртадзы - хæлар кæныны нысанæн. Уый фæстæ устытæ хæринæгтæй саходынц (бахæрынц), мардыл сæ къухтæ сæвæрынц æмæ рацæуынц. Уыцы бон мардæн рахицæн кæнынц, раздæр æндæр искæмæн фæл- дыст чи не ’рцæуы, ахæм дзаумæттæ - фынг (стъол), бандон, къус, уи- дыг, донгарз æмæ хисæрфæн. Уыцы дзаумæттæ йын ныффæлдисынц æмæ йын сæ йæ сынтæг, йæ хуыссæнгæрзтæ, стæй йæ уæлæдарæсимæ хицæн уаты бафснайынц, хицæн уат куы нæ вæййы, уæд та йын сæ йæ хуыссæнмæ хæстæг æрæвæрынц. Б. САБАТИЗÆРТÆ. Куыд бафиппайдтам, афтæмæй сабат рагæй дæр нымад у мæрд- ты боныл. Мардæн афæдзы дæргъы цы кæндтæ кæнынц, уыдонæн сæ фылдæр снысан кæнынц сабатмæ, уымæн æмæ къуырийы иннæ бонтæй алкæцы дæр хæссы æндæр фарн - къуырисæры аив нæу, къуы- рийæн марды кæндæй сæрæвæрæн кæнын, дыццæг - Уастырджийы бон, æртыццæг - дæлимонты, цыппæрæм - Уациллайы, майрæмбон - Мады-Майрæмы, хуыцаубонæн дæр йæ ном йæ уæлæ. Уыцы уаг хынц- гæйæ, чи амæлы, уый цалынмæ мæрдтæм фæндагыл вæййы, уæдмæ йын йæ ном фæарынц, разæнгард æй фæкæнынц мæрдты бæстæм, Хуыцау æмæ йын мæрдты бардуагæй рухс дзæнæт фæкурынц æртæ къуырийы дæргъы алы сабатизæры. Сабатизæртæ æртæ дæр кæнынц иу фæтк, иу æгъдауыл. Сцæттæ кæнынц, чысыл хæрнæджы фынгæн цы хъæуы, уыдон иу фынджы- дзаг: хæдзарон маргъ - бæгæны (къуымæл), арахъхъ (кæд уæлæуыл нуæзта, уæд), дзыкка, æйчытæ, дыргътæ, халсартæ æмæ адджинæг- 232
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ тæ. Æрбахонынц хæстæг сыхбæсты сылгоймæгты, æмæ сæ уыдон ныххæлар кæнынц. Алы сабатизæры дæр сæрмагондæй дыууæ кæрдзыны скæнынц, сæ уæлæ сын æрæвæрынц карк кæнæ æндæр исты хæринæгтæ - адджинæг- тæ, нозт, халсартæ æмæ сæ иу-цыппар сылгоймаджы ахæссынц (ала- сынц) уæлмæрдтæм, уым сæ марды уæзæджы цур ныххæлар кæнынц æмæ дзы сæхæдæг дæр саходынц. Æртыккаг - фæстаг сабатизæр - скæнынц чысыл удджындæр - сæ фадат кæмæн вæййы, уыдон уæрыкк кæнæ фыс аргæвдынц æмæ уæд кæнды бæркæдтæ хæлар дæр ныккæнынц æргæвдджытæ. Сабатизæрты æндæр сыхтæ æмæ æндæр хъæутæм хонæг не ’рвы- стæуы, фæлæ хæстæг хионтæ æртыккаг сабатизæрмæ æрцæуынц сæ- хигъдауæй. Сабатизæры кæндмæ æрцæуæг адæмæй хионæй, сыхагæй хæрдзтæ кæныны хæс никæуыл ис, æрмæст хæдзарвæндагæн хæстæг хионтæн сæ амал куы вæййы, уæд æрхæссынц дыууæ, цыппар кæр- дзыны кæнæ дыууæ, цыппар адджын чъирийы, науæд та адджинæгтæ, халсартæ кæнæ дыргътæ. Сабатизæры нæлгоймæгтæ не ’рбадынц. В. ДЫУУИССÆДЗÆМ БОНЫХИСТ. Ацы кæнд скæнынц, адæймаджы амардыл дыууиссæдз боны куы рацæуы, уæд. Хисты ’гъдæуттæ сты мæрдæвæрæн боны хисты æгъ- дæутты хуызæн (кæс дæлсæргонд «Мæрдæвæрæн боны хист»), æрмæст хуынд адæмы нымæц вæййы дзæвгар къаддæр - æрхонынц сыхбæсты æмæ хæстæг хионты. Ацы хист фылдæр мæрдджынтæ кæнæ æппындæр нæ кæнынц, кæнæ йæ баиу кæнынц æртыккаг сабатизæры кæндимæ, æмæ уый раст у. Дыууиссæдзæм боны хист ирон адæмæн фыдæлтæй нæ баззад, æрмæстдæр æй, Гуырдзыстоны æмæ Мæздæджы цæрæг ирæттæй сæ фыдæлты æгъдæуттæ чи ферох кодта, уыдон, гуырдзы æмæ уырысы фæзмгæйæ, XIX æнусы кæрон райдыдтой кæнын. Цы кæнд не ’мбæлы, уый мардæн дæр ницы пайда у, стæй йæ кæнын дæр нæ хъæуы, фæлæ йæ иуæй-иутæ (æнæмбаргæдæртæ), кæрæдзи фæзмгæйæ, кæнынц. Гуыппы охыл, ома хи равдисыны охыл стыр æмæ уæлдай кæндтæ чи кæны, уыдон не ’мбарынц, дыдзæсгомдзинад у, уый . Г ÆРТГÆНÆН-ХЪÆБЫНГÆНÆН САБАТ. Кæнынц æй тъæнджы мæйы Ногбоны фæстæ фыццаг сабаты рай- сомæй. Мæрдджын бинонтæ райсомæй раджы сæ кæрты дуармæ уын- джы арт скæнынц. Арты фарсмæ фынг æрæвæрынц, йæ уæлæ 2 кæр- дзыны кæнæ фынджыдзаг, карк кæнæ гогыз, хъарм хъæбынтæ, бæгæ- 233
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ны, сæн кæнæ арахъхъ. Арты раз кæстæртæй искæй уырдыгыстæгæн слæууын кæнынц, уый артмæ дæр зилы, стæй фынгмæ дæр йæ цæст дары. Уæдмæ сыхбæсты лæгтæ артмæ иугæйттæй кæнæ иумæ æд суджы æргъæмттæ (4-6 цыбыр суджы) æрбацæуынц, сугтæ артыл бавæрынц, уырдыгыстæг сæм нуазæнтæ ратты, сбадынц æмæ мардæн йæ хъармы (арты) хай ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Зынгхæссæн»), фæй- нæ дыууæ нуазæнæй йын «рухсаг» фæзæгъынц, хойрагæй саходынц. Уыйфæстæ сыстынц æмæ ма сыхбæсты кæд искæмæн арт скæнынц, уæд уырдæм дæр æд сугтæ ацæуынц. Уырдыглæууæг ма баззайы арты раз, исчи ма рухсаг зæгъынмæ куы ’рбацæуа, уый æнхъæлæй. Кæд арты рæзты цæуджытæ вæййы, уæд уырдыглæууæг уыдонмæ дæр æрхаты, цæмæй мардæн «рухсаг» зæгъой. Арты размæ сылгой- мæгтæ дæр æрбацæуынц æмæ мардæн фæзæгъынц: «Дæ хъармы хай дын фæлдыст фæуæд, рухсаг у!» - сылгоймæгтæ фылдæр хатт фынгмæ не ’рæвналынц. Бонрæфты 2-4 сылгоймаджы хæстæг хионтæй æмæ сыхбæстæй дыууæ кæрдзыны уæлмæрдтæм ахæссынц æмæ сæ мардæн ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Зынгхæссæн»). Д БАДÆНТÆ (БАДÆНÆХСÆВ). Кæнынц æй, Зазхæссæны фæстæ чи амарди, уыдонæн. Вæййы Ногбоны хæдфæстæ фыццаг къуырисæр æхсæв (зæронд нымадæй). Мардæн йæ сынтæг æмæ йæ фынг цы уаты вæййынц, уым æрæвæрынц фынг (кæс дæлсæргонд («Сабатизæртæ» 3-аг сабатизæр). Уымæй уæл- дай ма сфыцынц алыхуызон кастæ, дзыкка кæнæ сир æмæ кæсæг- тæ. Сфæлындынц заз кæнæ æлæм, науæд та заз дæр æмæ æлæм дæр, кæмæн куыд йæ къух амона, афтæ. (Æлæм сылгоймаджы мардæн нæ чындæуы). Зазыл дæр æмæ æлæмыл дæр æрцауындзынц: къафеттæ, æнгузтæ, дыргътæ, чисмис æмæ æнд. Мæрдджынтæ, цы ’мбæлы, уый куы сцæттæ кæнынц, уæд æрбахо- нынц сыхбæсты хистæрты. Уыдон æрбацæуынц æмæ, куыд æмбæлы, афтæ, фынгтыл цы вæййы, уый ныххæлар кæнынц (кæс дæлсæргонд «Мæрдæвæрæн боны хист»), фынджы бæркæдтæй саходынц æмæ ацæуынц. Бадты чындæуы дыууæ кæнæ цыппар рæгъы. Уыйфæстæ фынджы уæлхъус бандоныл æрæвæрынц амæлæгæн йæ уæлæдарæсæй иу фæлыст, сæрæй къæхтæм цыдæриддæр хъæуы, уы- дон, кæсæнцæстæй къухмæрзæны онг. Фынгыл ма æрæвæрынц: къус, уидыг, саджилæг, кард, донгарз æмæ агуывзæ, тамако (кæд амæлæг та- мако дымдта, уæд) æмæ æртхос. Бадæн æхсæвмæ æндæр хъæутæй никæй хуындæуы, хæстæг хи- 234
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ онтæ мæрдджынтæм æрцæуынц сæхæдæг, семæ æрхæссынц хæлар- гæнинæгтæ æмæ мыдадзын цырæгътæ, амæлæджы уатмæ куы ба- цæуынц, уæд сæ алчидæр йæ цырагъ ссудзы, фынгыл æй сæвæры æмæ йæхæдæг мардæн рухсаг фæзæгъы, бандоныл къух æрæвæры, афтæмæй. Бадæнтæм æнæ цырагъæй нæ цыдæуы. Дыккаг бон заз (æлæм) æмæ ма уæлмæрдтæм цы ’мбæлы, уыдон сылгоймæгтæн лæппутæй исчи аласы, уыдон та сæ хæлар ныккæнынц, дæлсæргонды «Зынгхæссæн» куыд амынд ис, афтæ, æрмæст зынджы хайы бæсты фæзæгъы: «Дæ бæлас, дæ зайæгхал дæр дын фæлдыст фæуæнт!» Нæ рæстæджы æлæм кæнæ заз уæлмæрдтæм иуæй-иу хатт нæ ахæс- сынц, ныххæлар æй кæнынц æмæ йын йæ адджинæгтæ сыхы сывæл- лæттыл байуарынц. Зазхæссæн цы мардæн скæнынц, уымæн бадæнты кæнд нæ чындæуы. Хæстæг хионтæ уыцы æхсæв бирæ фæбадынц, фæмысынц амæлæджы. Бирæтæ æхсæв-бонмæ дæр нæ бафынæй вæййынц. Е. ЛАУЫЗГÆНÆНТÆ - МАРХОЙЫ КÆНДТÆ. Сты дыууæ, кæ- нынц сæ, чырыстон комбæттæнæй дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд дыккаг æмæ æртыккаг сабаты. Бинонтæ скæнынц фынджыдзаг кæнæ дыууæ кæрдзыны - хус чъиритæ (насджынтæ, хъæдурджынтæ, къабускаджынтæ, алыхуызон лауызтæ, задынтæ) арахъхъ (кæд амæлæг нæлгоймаг уыди, уæд), хъæдур, дзæрна, алыхуызон хортæй æмæ кæсæгтæ. Бахсидынц бæгæны, къуымæл. Кæй сцæттæ кæнынц, уыдон мардæн ныххæлар кæнынц. Лауызгæнæнмæ никæй хуын- дæуы, фæлæ сыхбæсты сылгоймæгтæй искæмæты куы фæдзурой, уæд аипп нæ уыдзæн. Хæстæг хионтæ ацы кæндмæ фылдæр хатт цæугæ дæр не ’ркæнынц. Хæларгæнинæгтæ дæр фылдæр уæлмæрд- мæ нæ ахæссынц. Ж. ЗАЗХÆССÆН (НÆЗУЙХИСТ). Кæнынц æй, Бадæнты фæстæ чи амарди æмæ афæдзы хист кæмæн нæма уыди, уыдонæн, Куадзæнмæ ма дыууæ къуырийы куы вæййы, уæд - сабаты. Зазхæссæны æгъдæуттæ иууылдæр сты Бадæнты кæнды хуызæн. Амæлæгæн бадæнтæ чи скæны, уыцы бинонтæ (мæрдджынтæ) зазхæссæны кæнд нал фæкæнынц. Æрмæст Зæхæссæны фынгæвæрдыл зыны комдарæны хъомыс, фынгтыл фыдызгъæлы бæсты æрæвæрынц кæсæгтæ æмæ кæсагæй конд хæринæгтæ, сой æмæ царвы бæсты пайда кæнынц зетийæ, чъиритæ вæййынц æныгуыз, уый дæр фылдæр ур- саджы бæсты айдагъ зайæгхалæй. Кæнды сæйраг архайд райдайы май- 235
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ рæмбоны изæрæй. Уыцы сабаты марды уæзæджы фарсмæ ныссадзынц талабæлас. 3. МÆРДТЫ КУАДЗÆН - КУАДЗÆНЫ ХИСТ. Кæнынц æй фылдæр ирон хъæуты куадзæны хæдфæстæ къуырисæры. Йæ нысаниуæг у, афæдзы хист кæмæн нæма уыди, уыцы мæрдтæн марходарæнты фæстæ комуадзæны кæнд скæнын. Скæнынц чысыл фынгæвæрд дыууæ кæнæ цыппар кæрдзынæй æмæ сæ ныххæлар кæнынц мардæн. Æрхатынц æм, цæмæй йæ ком суадза. Фылдæр хатт фынгæвæрдмæ хонгæ дæр никæй æрбакæнынц, кæнды хойрæгтæй уæлмæрдтæм дæр нæ ахæссынц. Уыцы бон ма бирæ мæрдджынтæ сæ мæрдты ингæнтæм (уæлмæрдтæм) дæр базилынц. Ног мæрдтæн ныссадзынц бæлæстæ, дидинджытæ æмæ сын сæ ныффæлдисынц - дæ бæлас, дæ зайæгхалы хай дын фæлдыст фæуæнт, - зæгъгæ, æмæ йын йæ уæзæгыл къух æрæвæрынц. И. ЗÆЛДÆВÆРÆН - ЗÆРДÆВÆРÆН (ЗÆЛДÆГÆРДÆН). Кæ- нынц æй Куадзæны фæстæ æхсæзæм къуырийы цыппæрæмы. Уыцы бон ирон адæм иууылдæр фæзилынц сæ мæрдты ингæнтæм (уæлмæрд- тæм, ног мæрдтæн фæивынц сæ рæстæгмæйы цыртытæ, фæаразынц зæппæдзтæ, æмбондтæ, фæсадзынц дидинджытæ, мæрдты уæзгуытыл сæвæрынц зæлд (нæуу), ныссыгъдæг кæнынц уæлмæрдтæ. Фæстаг рæстæджы кæйдæр галиу зондæй чидæртæ марды ингæныл уыцы бон ныгæнынц кæнды кусарты зæрдæ, уый у Хуыцауы æваст ми. Уыцы бон скæнынц марды кæнд дæр, йæ афæдзы хист кæмæн нæма ахицæн, уыцы мæрдтæн. Кæндæн йæ фынгæвæрды æгъдæуттæ сты æр- тыккаг сабатизæры халдих. Нæ фыдæлтæ ма уыцы бон кодтой бæрæгбон дæр - «Хуымысгарæн», куывтой Стыр Хуыцау æмæ Дзиримæ. Нæ рæстæджы йæ бæрæг кæ- нынц, æрмæстдæр, куыд марды кæнды бон, æмæ йæ кæнынц, афæдзы хист цы мæрдтæн нæма скæнынц, уыдонæн. К. МАЙРÆМЫКУАДЗÆН. Ацы мард мысæн бон æрвылаз дæр кæнынц майрæмты (августы) мæйы фæстаг майрæмбоны (бонæй). Кæндæн йæ ми, йæ архайд сты, Мадæлы хист (3-аг сабатизæры) куыд- дæриддæр вæййы, афтæ, æцæг уæрыкк аргæвдынц æрмæст рæзгæ сы- вæллоны кæнды. Фынгæвæрды хицæндзинæдтæй иу у уый, æмæ фынг- æвæрд иууылдæр вæййы ногхоры сæрæй, фылдæр - халсартæ æмæ ды- ргътæ. Уыцы бон алчидæр йæ мæрдты ингæнтæм базилы. Йæ мардыл сау чи фæдары, уыдонæн сæ хистæртæ сисын кæнынц. Барысчъи чи хаста (ком чи дардта), уыдон сæ ком æнæ исты ракæ-бакæйæ суадзынц. 236
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ Майрæмыкуадзæны кæнд скæнынц, афæдзы хист цы мæрдтæн нæма уыд, æрмæст уыдонæн. Л. САГÆЙТТЫ ÆХСÆВÆР (ÆХСИРФ ÆФТАУÆН). Сагæйтты æх- сæвæр кæнынц зæронд мæрдтæн, ома афæдзæй фылдæр мæрдты бæ- сты чи ис, уыцы мæрдтæн (æндæр зæронд мæрдтæн ницавæр кæнд фæкæнынц афæдзы хисты фæстæ. Фæкæнынц æй Майрæмыкуадзæны фæстæ, дæсæм кæнæ иуæн- дæсæм хуыцаубоны. Ома йæ хуымтæ æфснайд кæмæн фæвæййынц, уый йæ скæны раздæр. Бæрæгбонæн йæ нысаниуæг у быдыры куы- сты дзаумæттæ (сагæйттæ, халамæрзæнтæ, къæпитæ, гутæттæ æмæ похцитæ) бафснайын, ома куыстыты фæуд бахахх кæнын. Ног хорæй скæнынц дыгай чъиритæ кæнæ фынджыдзæгтæ. Аргæвдынц хæдзарон мæргътæй исты. Сфыцынц ног хорæй хæринæгтæ. Фынгтыл æрæвæрынц халсартæ, дыргътæ æмæ сæ ныххæлар кæнынц, хæдзарвæндагæй мæрдты бæсты чи ис, уыдонæн. Ракурынц, сæ цæмæй уыдон дæр сæ кусæнгæрзтæ бавæрой æмæ сæ фæллад суадзой. Сагæйтты æхсæвæр кæнынц зæх- кусæг бинонтæ се ’ппæт дæр алы фæззæджы. Зæххы куыст чи нæ кæны, уыдон та - рæстæгæй-рæстæгмæ. М. АФÆДЗЫ ХИСТ. Мардыл афæдз куы рацæуы, уæд ын скæнынц фæстаг хист, æмæ йын уымæй фæстæмæ сæрмагондæй хæлар ницыуал фæкæнынц, æр- мæст ма йæ куы æрымысынц, уæд ын «Рухсаг у!» фæзæгъынц, кæнæ та: «Дзæнæты бадинаг» -йæ уæлмæрдмæ йын чи æрбацæуы, уый ма йын уымæй уæлдай йæ уæзæгыл къух æрæвæры. Нæ рæстæджы афæдзы хистæн аргæвдынц род кæнæ уæныг, фыс куы уа, уæд дæр аипп нæу. Афæдзы хист кæнынц, йæ æвæрæн бон ын цы хист скæнынц, уый хуызæн, æрмæст дзы адæм вæййы къаддæр. Фылдæр хатт æрхонынц хæстæг хионты æмæ сыхбæсты. Уымæ гæсгæ хæларгæнинæгтæ дæр вæййынц бирæ къаддæр, фæлæ алыхуызæттæ. Мардæн йæ афæдзы хистмæ йæ ног цырт, йæ зæппадз вæййынц цæттæ, йæ иннæ кæндтæ ахицæн вæййынц, йæ дзаумæттæй (дарæсæй) уæлæуыл чи баззад, уыдонæн сæ бæззонтæ байуарынц бинонтæ, хæстæг, хионтæ æмæ йæ хæлæрттыл. Ахæм дзаума хонынц «марды лæвар». Марды лæвар дзаума батонæг та, дам, фæрнджындæр свæййы. Кæд ма афæдзы хисты бонмæ хæстæг хионтæй исчи сау фæдары, уæд ын уыцы бон йæ саутæ сисын кæнынц (нæ рæстæджы афæдзы 237
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ дæргъы сау стæм адæймæгтæ дарынц, (кæс дæлсæргонд «Саударæг æмæ саударын»). Уæлдæр кæй ранымадтам, уыдонæй дарддæр нæ рæстæджы ирон адæм ницавæр æндæр кæндтæ кæнынц. Нæ фыдæлтæ мардæн йæ афæдзы хисты бон, хатгай йæ ныгæнæн бон дæр, арæзтой алыхуызон ерыстæ - дугъ, хъабахъ, фиусудзæн, æлæмхæссæн æмæ æндæртæ. Уыдон адæм кодтой амæлæджы кадæн, йæ ном ын ссарынæн, фæлæ, хъыгагæн, уыцы æвæджиау фæтк нæ рæстæджы ничиуал кæны, кæд адæмæй рох нæма фæци, уæддæр. Ирыстоны бирæ номдзыд лæгтæ ацыд мæрдты бæстæм, уыцы фæр- нæйдзаг номарæнты аккаг чи уыд, ахæмтæ. Уæлдæр куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй марды кæндтæ, кæд бирæ сты афæдзы дæргъы, уæддæр сæ фæлхæстæ афтæ бирæ не сты. 6. Хæрнæджы фынгæвæрд æмæ хæрнæджы бадт Хæрнæджы фынгæвæрдтæ иууылдæр æмхуызон вæййынц, фæнды стыр хисты уæд, фæнды чысыл кæнды. Сæ фæтк æмæ се ’гъдæуттæ дæр сты иухуызон. Хæрнæгæн фæнды гал аргæвд, фæнды рæуæд, фæнды фыс йе уæрыкк - уæлдай нæу. Сæ фарн æмæ сæ ахадындзинад у иу. Мæрдджынтæ фæархайынц, сæ фадæттæ, сæ уавæр хынцгæйæ. Хæрнæджы фынгмсе нсе хастсеуы, хæлар кæнын нæ фæтчы: - рынчын, хæдмæл, топпæй мард æмæ æнæсыкъа цæрæгойты фыд; - хуыснæггаг, гæртамæй амалгонд фосы фыд кæнæ хуыснæггаг æмæ гæртамæй конд хæринæгтæ; - куывд кæнæ хæларгонд чи ’рцыди (æндæр хъуыддагæн), ахæм хæринæгтæ æмæ нозт; - амæлæг уæлæуыл æлгъ кæмæ кодта æмæ æнаккагыл кæй нымад- та, ахæм хæринæгтæ æмæ нозт; - ныффæлдисыны размæ адæм кæнæ фос кæмæй сахуыстой, ахæм хæлцæгтæ æмæ хæринæгтæ. Хæрнæджы фынгтæ гом арвы бын вæййынц ныгуылæнæй скæсæны- рдæм рæгъæвæрдæй, хæдзары та - артдзæсты ’рдæм, кæд гæнæн ис, уæд. Мардмæ æрцæуæг адæмæй кæнды фынгыл сбадынц æрмæстдæр бадты кæронмæ рæстæг кæмæн и, уыдон. Хæрнæджы фынгыл хистæрæн бады уæздан, дзырддзæугæ, фын- джы æгъдæуттæ хорз чи зоны æмæ сæ кæронмæ, куыд æмбæлы, афтæ чи ахæсдзæн, ахæм адæймаг. Бадты хистæрæн (фыццаг хистæр) бады сыхбæсты карджын лæгтæй иу, дыккаг хистæр - мæрдджын мыггагæй кæнæ сæ хæрæфырттæй. 238
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ Фынджы уæлхъус йæ бынат фыццаг бацахсы хистæр. Фыццаг хистæр фæбады фынджы уæллаг кæрон, йе ’ргом адæммæ, хурыскæ- сæнырдæм, цæмæй, уынаффæ цы адæмæн кæны, уыдон æй уыной æмæ сæ йæхæдæг дæр уына, фынгæн та уа галиу æмæ рахиз фæрстæ. Хистæр куывды дæр æмæ кæнды дæр хистæр у, йæ бынат ис фынджы сæргъы. Фынг куывды у æви кæнды, уый та хъуамæ зына æрмæстдæр адæмæн сæ уагыл. Дыккаг хистæр сбады фынджы фарсмæ бадты хистæрæн йæ галиу фарсæрдыгæй. Иннæ æрцæуæг адæм сбадынц сæ кармæ гæсгæ. Фынгмæ æрæджиау чи ’рбацæуы, уымæн, цыфæнды кары куы уа, уæд- дæр йæ бынат ис фынджы дæллаг кæрон уæгъд бынаты. Хъæубæстæй хисты фынгыл бадыны бар ис æрмæстдæр зæронд лæгтæ æмæ зæронд устытæн. Кæнды фынджы уæлхъус уырдыглæуджытæн сæ архайæн бынат ис фынджы галиуфарсæрдыгæй, кæд уымæн гæнæн ис, уæд. Алы 12-16 адæймагæн уырдыг фæлæууы иу лæппу сыхбæстæй (хъæубæстæй). Уырдыглæуджытæн разамынд дæтты лæггадгæнджыты хистæр. Хæрнæджы фынгыл æппынкъаддæр хъуамæ уа: - дыууæ кæнæ цыппар кæрдзыны (фынджыдзаг), хистæрты раз; - фосы сæр æнæ бинаг æфсæр æмæ æнæ ’взагæй, йе ’ргæвдæн бадты хистæры ’рдæм; - бæрзæй æнæ ’фцæгæй æмæ æнæ бирæгъы хайæ, сæрæн йæ рахиз фарс кæнæ йæ уæлæ æвæрдæй; - суар кæнæ хуымæтæджы нуазыны дон; - арахъхъ кæнæ сæн, йе къуымæл, науæд та бæгæны; - цæхх цæхдарæны æмæ кард. Мардæн йе ’вæрæн боны хистмæ кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд бас, халсартæ, дыргътæ тъæнгты хъæрмхуыпп æмæ плау рахæссын аипп нæу. Зынгхæссæны фæстæ цы кæндтæ чындæуы, уыцы фынгæвæрд- тæм хастæуы, амæлæг удгоймаг цыдæриддæр адджынæн хордта, уыцы хæринæгтæй кæцыфæнды дæр, сыджытбын (хъуымбылджын) халсартæ æмæ, уæлæуыл кæй нæ уарзта, уыцы хæринæгтæ æмæ нозтæй дарддæр. Кæнды бæркæдтæ се ’ппæт дæр сты фæлдисинаг. Марды кæнды фæлдисгæйæ дæр æмæ фынгтыл дæр хæларгæ- нинæгтæ вæййынц къæйттæй (2, 4, 6 æмæ а.д.), хойрæгтæ (чъиритæ) та æрмæст дыгæйттæй æмæ цыппæргæйттæй. Хæларгæнинæгтæ кæд къæйттæ вæййынц, уæддæр сæ ас æмæ сæ бæрцæн ницы ахадындзинад ис, æргæвдинаг дæр фæнды стыр уæд, фæнды - чысыл. Бадты адæмæй алкæмæн дæр йæ разы хъуамæ уа тæбæгъ, саджилæг, къухсæрфæн, агуывзæ, хатгай уидыг дæр. 239
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Хæрнæджы фынгыл цы рæгъытæ (сидтытæ) рауадзынц, уыдон сты: - Стыр Хуыцауы номыл; - марды рухсагæн; - мардæн йæ фæстæ цы бинонтæ баззад, уыдон цæрæнбонæн; - мардæн йæ къабæзтæй мæрдты чи ис, уыдоны рухсагæн; - мардæн лæггад цы сыхбæстæ, цы кæстæртæ бакодтой, уыдон цардамондæн; - марды æмæ мæрдджынты Мыкалгабыртыл бафæдзæхсынæн. Рæгъытæ æдæппæт сты 6, фæлæ хистæрæн йæ бон у 4 рæгъы рауа- дзын, уыдон вæййынц: - Стыр Хуыцауы номыл; - марды рухсагæн; - мæрдджын бинонты цардамондæн; - Мыкалгабырты номыл. Мард цалынмæ ныгæд æрцæуа, уæдмæ йын не ’мбæлы хæлар кæ- нын нæдæр хойраг, нæдæр фыдызгъæл, йе æндæр исты хæринæгтæ. Нæдæр ингæнкъахджытæн, нæдæр хæрнæджы кусарт фыцджытæн, нæдæр хойраггæнджытæн не ’мбæлы кæнды хæлцæй аходын, цалын- мæ мард ныгæд не ’рцыди, уæдмæ. Фæлдисинаг хæлцæй канд адæймаг нæ, фæлæ фос, цæрæгойтæ дæр хъуамæ ма фæхъæстæ уой, ахæм фæл- дисинаджы нал вæййы нæдæр фарн, нæдæр Хуыцауы комытæф æмæ йæ Хуыцау нæ исы амæлæгæн хæлайраг скæнынæн. Хæрнæджы фынгыл сидты ныхæстæн «оммен» нæ чындæуы, фынджы сæрты рæгъ нæ уагъдæуы, лæугæйæ нæ нызтæуы, нуазæнтæ кæрæдзиуыл нæ къуырдæуы (къуырццæй нæ нызтæуы), искæмæн ну- азæнтæ нæ лæвæрдæуы, искæмæн нозт нæ хъардæуы. Бадты адæмæй хъæрæй дзуры æрмæст бадты хистæр, иннæтæ иууылдæр ныхас дæр æмæ сидгæ дæр кæнынц мынæг хъæлæсæй. Бадты адæмæй алчидæр сиды, йæ фарсмæ дæлæрдыгæй чи бады, уымæ. Хæрнæджы бадты хистæр ныхасы бар ратты æрмæст мыггаджы хистæрæн кæнæ, мыггаджы номæй хистæрæн чи фæбады, уымæн æртæ рæгъы фæстæ. Уыцы нуазæн амоны, мардæрцыд дунейы цард кæй не ’рурæдта, уымæ гæсгæ бинонты, мыггаджы хъуамæ ныфс уа, фыдохы бонтæ кæй раивдзысты хуыздæр заманмæ, æмæ та цард йæ кæнонтæ кæй кæндзæн. Мыггаджы хистæр цыбырæй арфæ ракæны æрцæуæг адæмæн, рухсаг фæзæгъы мардæн æмæ йæ нуазæнæй бадгæйæ саходы кæнæ йæ бануазы. Ахæм нуазæн фæстæмæ дзагæй не здæхтæуы, уымæ гæсгæ агуывзæ ратты уырдыглæууæгмæ. Сыхбæстæ æмæ, лæггад чи кæны, уыдон цардамондæн рæгъ куы рауадзынц, уæд дыккаг хистæр кусарты сæрæй галиу хъус ралыг кæны, 240
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ дæргъмæ йæ дыууæ уадздзаджы фæкæны, цæхх ыл айзæры æмæ йæ сæрыл æрæвæры. Бадты адæм фынгтæй куы сыстынц, уæд дыууæ къордæй кæрæ- дзи комкоммæ кæрты кæнæ кæртмæ бацæуæны тæфæрфæсгæнджытау æрлæууынц - мæрдджынтæ æмæ хæстæг сыхбæстæ хæдзарырдыгæй, се ’ргом æддæрдæм; æрцæуæг адæм (æндæр хъæуккæгтæ æмæ дард хæстæджытæ) та - сæ ныхмæ æддæдæр, æмæ кæрæдзийæн арфæ ракæ- нынц. Фыццаг æрцæуæг адæмы хистæр иу санчъех размæ ракæны æмæ фæзæгъы: В а р и а н т: «Фыдохы уæвсег Æрхонтсе семсе ссе арфæйы аккаг сыхбæстæ, абонсей фсестсемсе ацы ксертмсе, ацы сыхбсестсем бирсе азты дсергъы цины хъуыддсег- тсем куыд цæусем, ахсем хорз уын дунесксенсег Стыр Хуыцау раксенсед! Табу йсехицсен! Асте рух- сагусед! Цы мсердтсем цсеуы, уыдон хорзсех сей усед. Йсе фæстсе чи баззад, уыдоныл хсерзаудсен ксенсед хионсей, седдагонсей!» Уыйфæстæ æрцæуæг адæмæн раарфæ кæны сыхбæсты (хъæубæ- сты) хистæр, размæ иу санчъех ракæнгæйæ. В а р и а н т: «Мардмсе серцсеусег хорз адсем, нсе зæрдсейы хъыг, не ’рхсендсег усехимсе райстат, Астейы нын йсе фсестаг бапцы фсендагыл сбуц кодтат семсе усе дунесксенсег Хуыцау йсе хорздзинседтсей барсевда- усед! Табу йын усед! Асте та уыл цсерсенбонтсем цардаудсен ксенсед! Æнсемселгсе дуне нсей, фæлæ иу мæлæг адæймаг мæрдтæм цардæфсæстæй ацæуæд! Хуыцау уын уæ цины хъуыддæгтæ фыл- дæр скæнæд! Уæ цæрæнбон бирæуæнт!» 7. Сау дарын æмæ саударæг Саударæг йæхимæ райсы уæззау æмæ кадджын хæс - йæхи схицæн кæны æнцонад, æхцонад æмæ царды цинтæй æмæ уый аргъæй дуне- дарæг иунæг Хуыцауы раз амæлæгæн æлхæны мæрдты удыбæстæ. Амæлæг адæймаг кæд уæлæуыл Хуыцауы раз истæмæй азымджын кæнæ тæригъæдджын уыдис, уæд ын йæ тæригъæд саударæг йæхимæ райсы, æмæ йын æй утæхсæн æмæ æрхæндæгæй уæлæуыл фæфиды. Саударæг йæхæдæг йæ алыварс уæвæг адæмæн уаз у, йæ ми, йæ ар- хайд та мæрдты удыбæсты аккаг у. Ирæттæ сау дарынц барвæндонæй, мардæн йæ амæлæты бонæй 16 Родники благородства 241
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ фæстæмæ къаддæр-уæддæр мæйы дæргъы, саутæ сисынц марды кæнд- тæй кæцыдæр бон, фылдæр Зазхæссæны, Зæлдæвæрæны, Майрæмы- куадзæны, Бадæнты кæнæ та афæдзы хисты бон. Нæ рæстæджы, афæдз сау чи фæдары, ахæмтæ стæм сты. Фылдæр хатт сæ саутæ сисынц дыу- уиссæдзæм боны. Афæдзæй фылдæр сау нæ дардæуы. Сау дардæуы ныййарæгыл, мадызæнæгыл, хæстæг хионыл, æрд- хордыл. Усыл æмæ каисыл æргом сау дарын аив нæу, æнæуи сын цы ’мбæлы, уый кæнынц. Сау нæ дардæуы хъодыгонд адæймагыл, стæй ма, Хуыцаумæ чи нæ кувы æмæ йе ’цæгдзинад кæй нæ уырны, ахæм адæймагыл. Цы ’мбселы семсе цы не ’мбæлы саударæгсен: - саударæг кæны, хæдзары уæззаудæр цы куыстытæ ис, уыдон, амо- нын дæр ын сæ нæ хъæуы; - хъæлдзæгдзинæдтыл (кафыныл, зарыныл, худыныл) къух сисы, музыкалон инструменттыл нæ цæгъды; - циндзинадмæ (куывдмæ, хъазтмæ, чындзхастмæ, чызгæрвыстмæ æмæ æндæр ахæмтæм) нæ цæуы; - адджинæгтæ нæ хæры, бæгæны æмæ карз нозт нæ нуазы; - кæд уавæр нæ домы, уæд хæцæнгарз къухмæ нæ исы; - æнцон æмæ æхцонадыл къух сисы, уыимæ сылгоймагимæ æм- уатон уæвыныл; - хуыссы хъæбæр хуыссæнуаты; - дæрдджын æмæ тар уæлæдарæсы цæуы; - сæрыхъуын æмæ зачъемæ цыргъаг (хæсгард, сæрдасæн, æл- вынæн) нæ истæуы. Сау цæнгбæттæн, амæлæджы сурæт (хуызист) риуыл нæ дардæуы, уый ирон æгъдау нæу. Куыд уынæм, афтæмæй саударын канд тар уæлæдарæс хæссын æмæ хилтæ нæ дасын нæу. Уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы митæ, гæнæн æмæ амал уæвгæйæ, чи не ’ххæст кæны, уымæн саударæг рахонæн нæй, уый мардæн ницы пайда у, йæхæдæг та йæхи худинаг кæны. Иуæй- иутæ сæ хилтæ ныддасынц æмæ сæ марды уæлмæрдыл баныгæнынц. Уыцы митæн бындур нæй. 8. Барысчъи дарын Иуæй-иу сылгоймæгтæ амæлæгæн дарынц (хæссынц) барысчъи, ома барвæндæй æххæст кæнынц бæлвырд сæрмагонд хæстæ иуæй-иу 242
МАРД НЫГÆНЫН ÆМÆ МАРДЫ КÆНДТÆ динон бæрæгбæтты рæстæджы. Уыцы бæрæгбæттæ сты: Ногбон, Ком- бæттæн, Куадзæн, Зæлдæвæрæн, Майрæмыкуадзæн, Джеуæргуыба æмæ мардæн йæ кæнды бонтæ. Барысчъи дарын райдайынц бæрæгбонæй дыууæ къуырийы размæ æмæ фæвæййынц бæрæгбоны фæстæ. Ба- рысчъидарæг æрмми нæ кæны, æххæст кæны марходарæджы æмæ сау- дарæджы митæ. Иуæй-иу сылгоймæгтæ барысчъи рæстæгæй-рæстæг- мæ дарынц зæронд мæрдтыл дæр. Амæлæгæн йæ афæдзы хисты бонмæ барысчъи æрмæстдæр майрæмбонты чи дары, ахæм сылгоймæгтæ дæр ис, ома афæдзы дæргъы майрæмбонты йæ дзыхмæ хæринаг нæ хæссы, цыргъаг йæ къухмæ нæ исы, æрмми нæ кæны æмæ æххæст кæны мар- ходарæджы хæстæ хурыскастæй хурныгуылдмæ. Хуыцауы æцæгдзинад кæй нæ уырны, уымæн йæ скуывд, йæ ныф- фæлдыст,йæ сау дард æмæ йæ барысчъи нæдæр уæлионæн, нæдæр амæлæг удæн æппындæр пайда ницы сты. 9. Марды цырт Цырт у мардæн йæ ном æнусонгæнæг, хорзæй йæ чи зыдта, уы- донæн зæрдыл дарæн фæрæз, йæ фæдонтæн та, кæм ныгæд ис, уый æв- дисæг нысан дæр. Раджы дæр æмæ ныр дæр мард ныгæдæуы, цы адæмы ’хсæн фæ- цард, уыдоны иумæйаг уæлмæрдты, цырт дæр ын сæвæрынц уым. Куы амæлы, уæд ын йæ ныгæнæн бон ныссадзынц рæстæгмæйы хъæ- дын цырт, стæй йын йæ афæдзы хисты бонмæ кæнæ фæстæдæрмæ сæвæрынц ног цырт къæдзæх дурæй, мармæрæй, бетонæй, кæнæ исты згъæрæй æмæ йын æй ныффæлдисынц дыууæ кæрдзынæй кæнæ фын- джыдзагæй. Амæлæгæн цырт сæвæрынц йæ бинонтæ æмæ йæ къабæзтæ, уæлæуыл йæ дзыллæйæн стыр хæрзты бацæуæгæн та - адæм иумæйаг фæндонæй, уæлмæрдты кæнæ хицæн ран (сахары, хъæуы астæу йе та æндæр искуы зынгæ ран). Уый вæййы сæрмагонд кады цыртдзæвæн. Сæрмагонд цыртдзæвæны аккаг ма свæййы, адæймаджы сæрыл хъазуаты бацæугæйæ хъæбатырæй чи фæмард вæййы, стæй ма æрдзон тыхты æвирхъау уавæры чи амæлы, уый. Фæндагыл кæнæ æндæр искуы йæхи кæнæ искæйы аххосæй кæнæ техникæйы азарæй чи фæмард вæййы, уый уыцы ран нæ ныгæдæуы æмæ йын цырт дæр не ’вæрдæуы, уымæн æмæ уыцы раныл сæ хъомыс дарынц дæлимонтæ. Хъыгагæн, иуæй-иу ирæттæ, кæрæдзи фæзмгæйæ, 243
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ ахæм фыдбылызы ран цыртытæ садзынц, Хуыцауы фыдæх ницæмæ даргæйæ æмæ амæлæг уды фарн нæ хынцгæйæ. Амæлæг удгоймаг, кæд уæлæуыл кадджын нæ уыди, уæд ын дæс цырты куы ныссадзай, кæнæ йын сызгъæрин уæлмæрд куы саразай, уæддæр æй нал скадджын кæндзынæ. Хионыл, къабазыл зæды ном куы сæвæрай, уæддæр æй адæм цы номæй рахоной, уый йыл ныффи- дар уыдзæн. Нæ фыдæлтæ иумæйаг уæлмæрдты ныгæнгæ дæр нæ кодтой (ныгæнын нæ уагътой) æмæ цыртытæ дæр нæ сагътой йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ иубæстон адæмыл гадзрахатæй рацæуæгæн, адæмæн фыдбылызхæссæгæн æмæ хъодыгондæн.
XV. ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС 1. «АМЕН» (АММЕН). Ацы дзырдæн йæ мидисы ис, бирæ æндæр дин- ты дзырд «Амин» (оммин)-ы мидисы цы æмбарынад ис, уый, амоны - «иттæг раст у», «уый æцæгдзинад у». Кувæджы алы ныхасы фæстæ йæ разы уæвæг адæм чысылæй, стырæй æмхъæлæсæй фæзæгъынц ацы цыбыр ныхас, кæнæ ма йæм бафтауынц дунескæнæджы ном - «аммен, Хуыцау!» Ома кувæг цы ныхас загъта, уый æцæгдзинад æмæ раст у, мах ын æвдисæнтæ стæм. Цæвит- тон, кувæг цы фæзæгъы, уый Хуыцауæй ракурынц, равдисынц, хистæры (кувæджы) ныхæстыл се ’ппæтдæр иузæрдион кæй сты, уый. 2. «АЛЛА» (ÆЛЛО). Искæмæн йæ уаг - йæ архайд, йæ ми кæнæ йæ ныхас Хуыцауы æваст (фыдбылызхæссæг, знаггад, нæфæтчиаг, кæнæ худинаггæнæг) куы вæййынц, уæд æй фæхонынц «аллайаг хъуыддаг» кæнæ риторикон хуызы «Æлло», зæгъгæ, бакæнынц. Ома, уый æвирхъау, тобæйаг хъуыддаг у, Хуыцау нæ дзы бахизæд! 3. АХОДИНАГ. Цины хъуыддаджы хистæр куы скувы, уæд кæстæртæй иумæ кувинæгтæй (хойрагæй, фыдызгъæлæй, нуæзтæй) ацаходынмæ (фæ- хъæстæ уæвынмæ) цы хæйттæ авæры, уыдон хуыйнынц аходинæгтæ. Æгъдаумæ гæсгæ, фынджы фыццаг хистæр аходинаг авæры йæ цуры уæвæг амменгæнджыты æппæты кæстæрмæ, фынджы бадты архайынхъом чи нæма у, фылдæр хатт, ахæммæ. Дыккаг хистæр аходинаг авæры, фынджы дæллаг кæрон цы æртæ кæстæры фæбадынц, уыдонæй иумæ (фылдæр хатт, æртæйæ хистæр чи у, уымæ). Æртыккаг хистæр та, æртæ хистæры хæддæле цы кæстæртæ фæбадынц, уыдонæй искæмæ. Дыккаг æмæ æртыккаг хистæры хойрагæй (чъиритæй) аходинаг кæстæртæм нæ адæттынц. Бадты хистæр аходинаг цы лæппумæ авæры, уый æнæ исты дзургæйæ бæ- гæныйæ схуыпп кæны, кæнæ дзы ануазы, уæллаг (сæрæггаг) чъирийæ иу мур рахиз къухæй радих кæны æмæ йæ скомдзаг кæны, стæй физонæджы кæрой- наг хай рафтауы, кæнæ йын æй хистæртæй исчи рафтауы, æмæ уымæй дæр саходы. Бæгæныйы къусæй ма цы баззайы, уый йæ цуры уæвæг амменгæнæг лæппутæн ратты, физонæг та уæздандзинады охыл фæдзæхсæнæн дыккаг кæнæ æртыккаг фынгыл æрæвæры. 245
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Аходыны фæткæн йæ нысаниуæг у, кувинæгтæ сыгъдæг, æнæ фыдхъæстæ - бæрстаг кæй сты, ома тобæйаг кæй не сты, уый Хуыцау, зæдтæ, дауджытæ æмæ куывддзаутæм равдисын. Ома, зæгъы, бæркæдтæ хæлайраг куы нæ уаик- кой, уæд нын зынаргъ æмæ æнæтæригъæд цы кæстæр у, уымæн дзы нæ сахо- дын кæниккам. 4. БАРДУАГ. Ацы вазыгджын дзырд арæзт у дыууæ хуымæтæг дзырдæй. Дзырдæн йæ фыццаг хай «бар», амоны искæуыл кæнæ истæуыл бар дарын (барджын уæвын); дыккаг хай дуаг та, куыд зонæм, афтæмæй у Хуыцауы хъ- омысхæссæг уæларвон уæлфæдзæхстон тых. Æмткæй райсгæйæ дзырд «бар- дуагæн» фыдæлтæ йæ мидисы æвæрдтой - уаз уæларвон барджын æмæ хъо- мысджын тых - зæд (дзуар). Алы бардуагæн дæр ис, йæ бар, йæ хъомыс кæуыл æмæ цæуыл цæуы, ахæм удгоймæгтæ, æрдзы æмæ æхсæнады фæзындтæ, ома йæ бæрны чи ис æмæ сæрмагондæй кæуыл ауды, ахæмтæ. Зæгъæм, Сафа у арты фарн бинонтæм хæссæг æмæ бинонты ’хсæн уарзондзинад фидаргæнæг, Галæгон у, дымгæтыл йæ бар, йæ хъомыс кæмæн цæуы, ахæм бардуаг æмæ а.д. 5. БАРСТ ДЫН УÆД (УÆНТ). Ацы ныхас чъирикувæг фæзæгъы, ку- винæгтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæн куы фæхъары, уæд. Дзырд «бар- ст»-æн цалдæр нысаниуæджы ис, фæлæ кувгæйæ амоны æнæнизы хос, ома, дын (уын) хайыр фæуæд, æхцондзинад дын æрхæссæд. Дзырдбаст «хæлар дын уæд» æмæ «барст дын уæд»-æн логикон æгъдауæй ис иу мидис, фæлæ адæм, Хуыцауæн нымдгæнгæйæ, кувинæгтæй фæзæгъынц: «Барст дын уæнт». «Хæлар дын уæд (уæнт)» та фæзæгъынц искæмæн хæрды фæстæ арфæйы ны- хасæн, стæй, мардæн исты бæркæдтæ куы фæфæлдисынц, уæд. Ныхас «барст дын уæд»-æн кувгæйæ ныхас «хатыр дын уæд»-имæ æмæ исты бæрцбарæнæй барстимæ иумæйагæй ницы ис. 6. ЗАЗХÆССÆН. Зазхæссæн у, уалдзæджы талатæ садзын афон кæй кæ- нынц, марды ахæм кæнд. Уæдæ цы ис йæ мидисы Зазхæссæнæн? Нæ фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ чидæриддæр амæлы, уый мæрдты бæсты дæр фæцæры, уæлæуыл куыд царди, афтæ æрдзы хорздзинæдтæй - лæвæрттæй. Цæмæй уыцы æрдзон хъæздыгдзинæдтæй йæ бон хъауын уа, уый тыххæй йын афæдзы дæргъы йæ алыхуызон кæндты фæлдисынц, мæрдты йæ цардхъомдзинадæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Иуæй-иу хатт та уыдонæн сæ нысанхæсджыты (символты). Ныффæлдисынц ын дарæс, хуыссæнтæ, алыхуызон хойрæгтæ, зæхх, дон, суанг ма арт æмæ æртхос дæр. Адæймаджы цардхъомдзинадæн ма уымæй уæлдай стыр ахъаз сты зайæгойтæ, сæрмагондæй та бæлæстæ, уымæ гæсгæ заз у бæласы нысанхæссæг. Фæлæ, цæмæй уыцы бæлас дыргътæ дæт- та, уый тыххæй та йыл æрцауындзынц алыхуызон дыргътæ æмæ адджинæг- тæ. Куы йæ сфæлындынц, уæд æй мардæн йæ ингæны цур ныссадзынц (сæвæрынц). Уыцы митæй ракурынц Хуыцау æмæ мæрдты бардуагæй амæлæг удæн зайæгойтæ æмæ бæлæсты фарн. Гæнæн æмæ амал куы вæййы, уæд уыцы бон марды ингæны цур, аив кæм у, уым ныссадзынц бæласы тала дæр. 7. КАРД ИРОН ФЫНГЫЛ. Кувинæгтимæ ирон фынгыл цытæ æрæвæрынц, 246
ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС уыдонæй иу у кард. Раздæр куыд загътам, афтæмæй нæ фыдæлтæ куывды фынгмæ хастой, сæ цардхъомдзинадæн Хуыцауæй цы ахсджиагдæр хорз- дзинæдтæ куырдтой, уыдон нысанхæсджыты (символтæ). Кард та, куыд згъæр, арты æхсыст æфсæйнаг, цыргъаг, хæссы иу нæ, фæлæ цалдæр ахъаззаг ныса- ниуæджы. Фыццаджыдæр, кард у згъæр, згъæрæй та нæ фыдæлтæ арæзтой зна- гæй хи хъахъхъæнынæн фæрæзтæ (уарт, така, хæдон, æмæ æнд.) Кæй зæгъын æй хъæуы, лæбурæн хæцæнгæрзтæн дæр сæ фылдæры нысаниуæг уыди знагæй хи бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ куывды фынгыл кард амоны Хуыцауæй æдасд- зинад æмæ знаджы (фыдгулы) ныхмæ цæттæдзинады фæрæзтæ ракурын. Нарт хуымæтæджы нæ куывтой Хуыцаумæ, фыдызгъæл цирхъы, хъамайы кæнæ кар- ды фындзыл сисгæйæ. Дыккаджы та, кард арты æхсыст згъæрæй конд у, ома, Хуыцауы хорзæхæй равзæргæ, уымæ гæсгæ куывды фынгыл йæ нысаниуæг у Хуыцауæй арт æмæ æфсæйнаджы фарн ракурын. Карды æртыккаг нысаниуæг уый мидæг ис, æмæ, цыргъаг кæй у, уый фæрцы фынджы бæркæдтæ хизы дæлимонты фыдхъомысæй. Дæлимонтæ арт æмæ цыргъагæй тæрсгæ кæй кæнынц, уый та алчидæр зоны. Карды уыцы нысаниуæг хынцгæйæ ма дзы пайда фæкæнынц фæлдисгæйæ - хойрæгтæм карды фындзæй бавналынц, ома сæ фыдбылызхæсджытæй сæдас кæнынц. Уымæй уæлдай ма уый охыл кард кæнæ æндæр цыргъаг дарынц сывæллоны гæбынайы бын æмæ марды нывæрзæны бын. Кардæн уæлдæр цы æртæ нысаниуæджы сбæлвырд кодтам, уыдон ууыл дзурæг сты, æмæ кард ирон фынгыл хуымæтæджы лыггæнæн дзаума (ин- струмент) нæу - кард у кувинаг. Кувинаг кæй у, уый нæ дард фыдæлтæ дæр зыдтой æмæ-иу дзы тыгъды быдыры Хуыцау æмæ уæлахизхæссæг бардуагмæ куывтой, куырдтой сæ уæлахиз (хъама кæнæ æхсаргард зæххы ныссадзгæйæ). Хъыгагæн, уыцы скуывды æмæ ардбахæрды абон дæр ма иуæй-иу чиныг- фысджытæ кæрæдзи фæзмгæ нымайынц быдыргъмæ кувыныл, цыма Хуыца- умæ нæ куывдтой, фæлæ кардмæ, уыйау. 8. НОГБОНЫ КЪОДАХ. Ногбоны-иу нæ фыдæлтæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм куы скуывтой, уæд-иу къонайы артдзæстыл стыр къодах бавæрд- той. Уый хъуамæ сыгъдаид ног боны хурыскастмæ. Судзгæ къодахы ныса- ниуæг уыди ног азы Хуыцау æмæ Сафайæ арты фарн ракурын. Ома къодах куыд æнæрынцойæ æмæ дæргъвæтин сыгъд кæны, афтæ хæдзары артдзæст азы дæргъы бинонтæн фарн (хъарм, рухс, пайда) хæссæд, ма «бауазал» уæд. 9. «РУХСАГ У» (РУХС ДЗÆНÆТЫ - ДÆ БАДÆН) - фæзæгъынц амæлæ- гæн. Фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ амæлæг адæймаг, кæд уæлæуыл æнæтæри- гъæд вæййы, уæд йæ уд рухсы бæстæм - дзæнæтмæ - бацæуы æмæ уым æнæмæлæт свæййы. Уæлæуыл рæстудæй чи нæ цард, Хуыцауы æваст митæ чи кодта, уый та бахауы зындоны тармæ æмæ уым йæ тæригъæдтæ фыдфæл- варæнтæй фæфиды. Амæлæгæн «рухсаг» куы фæзæгъæм, уæд уый фæамоны Хуыцауæй йын дзæнæтон удыбæстæ ракурын, ома йæ рухс дзæнæты аккаг фæкæнын. 247
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ «Уæлæуыл, зæгъы, æнæтæригъæд чи вæййы, йæ адæмæн стыр лæггæдты чи бацæуы, уымæн йæ уд стъалы фесты æмæ уæларвæй рухс фæкæны». (Хæтæлдойнаг 75-аздзыд Датиты Муцкайы ныхæстæ 1946 азы). 10. СÆРЫЗÆДЫ ТЫРЫСА. Ацы тырыса Ирыстоны кæцыдæр хъæу- ты хонынц «Сæрызæд» æмæ «Сæрызæды хæцъил». Уыцы номæвæрджытæ, æвæццæгæн, нæ зонынц, зæд хъуымацæй конд кæй нæу, фæлæ Хуыцауы уынаффæтæ æххæстгæнæг бардуаг, стæй сæрмагонд аив нывæфтыд хъуымац хуымæтæджы хæцъил кæй нæу, уый. Сæрызæды тырыса, куыд зонæм, афтæмæй скæнынц чындзæн йæ цæгаты - йæ фыды хæдзары. Æртæ кæрдзынимæ йæ æрбарвитынц чындзæн йæ мойы хæдзармæ, æртæ кæрдзынæй скувынц Хуыцау æмæ Сæры зæдмæ, чындзы сыл бафæдзæхсынц, стæй йын уый фæстæ йæ хыз сисынц. Уæд ын, зæгъы, тас нал вæййы фыдбылызхæссæг цæстæнгасæй, тырыса та свæййы уæлфæдзæхстон дзаума (амулет). Уыйфæстæ чындзы искæд Сæрызæды хъомыс куы бахъ- æуы, уæд тырыса райсы, йæ сæрыл æй æрытауы æмæ Сæрызæдмæ бакувы, цы хорздзинад хъуаг вæййы, уый дзы ракуры, стæй йæ фæстæмæ йæ бынаты бафидар кæны. Тырысайы дыккаг нысаниуæг - цы хæдзармæ æрбакуывта, уым уæзданæй, æнæзæрдæхудтæй цæрын кæй хъæуы, уый зæрдыл дарын. Ома цы бинонтæй рацыди, уыдоны фарн хынцгæйæ йæ хæстæ æнаипп, æнæлазæй æххæст кæнын кæй хъæуы, уый дзы рох ма кæна, стæй йын йæ уаг, йæ митæм Сæрызæд æдзух йæ цæст кæй дары æмæ йын ныфс кæй дæтты, уый йæ зæр- дыл дара. Уымæн бафидар кæнынц тырыса, чындз фылдæр йæ рæстæг кæм æрвиты, уым - цæлгæнæны, зынгæ ран Чындзæн сывæллон куы райгуыры, ног бинонты ’хсæн куы ’рфидар вæййы, уæд тырыса искуы сыгъдæг ран бафснайы. 11. «ТАБУ», «ТАБУ КÆНЫН». «Табу» у, ирон адæймаг Хуыцау æмæ зæд- тæм кувгæйæ æппæты фыццаг цы дзырдæй бахаты, ахæм («табу дын», «табу дæхицæн», «Табу де Стырдзинадæн», «Табу, дæ хорзæхæй», «Табу дæ бæрзонд- дзинадæн», «Табу дæ сыгъдæгдзинадæн»). Дзырд «табу» канд ирмæ нæ, фæлæ ма бирæ æндæр скæсæйнаг адæмтæм амоны, кæмæн загъдæуы, уымæн салам дæттын, кад ын кæнын, бузныг дзы уæвын æмæ йын лæгъстæйаг уæвын. Иуæй-иу европæйаг адæмтæм «табу» амоны нæфæтчиаг, Хуыцауы æваст хъуыддаг. Ирон æвзаджы ахæм мидис ис дзырд «тобæ»-йæн, ома Хуыцау ма зæгъæд. Тобæгонд ма фæхонынц Хуыцауы æваст ми искæйы азарæй чи бакæны, фæлæ уый фæстæ Хуыцауæй хатыр чи ракуры, уый. Дзырд «табу кæнын» амоны кувын, лæгъстæ кæнын. 12. ФÆДЗÆХСÆН. Дзуары бын цы бæркæдтæй скувынц, уыдон свæйй- ынц уæлфæдзæхстон - Хуыцауы комытæфдзыд, чи дзы саходы, уый фæдзæхст æрцæуы, цы зæдмæ бакуывтой, ууыл, кувæггæгтæ та фæхонынц фæдзæх- сæнтæ. Куывддзаутæ фæдзæхсæнтæй саходынц дзуары бын, цы ма дзы баз- 248
ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС зайы, уый алчи йæ хæдзармæ æрхæссы, цæмæй дзы хæдзары бинонтæ иууыл- дæр саходой æмæ зæдыл фæдзæхст æрцæуой, уый тыххæй. 13. ФЫНГИСÆГГАГ. Уазæгуаты кæнæ хи хæдзары хæрды фæстæ фынгтыл æнæхъæнæй цы хæринаджы хæйттæ баззайынц, уыдон хуыйнынц фынгисæг- гæгтæ. Ома фынг чи фефснайы, уымæн фынгæфснайæггаг (исæггаг). Дзырдæн йæ нысаниуæг куыд хъуысы, йæ бындур афтæ нæу. Ирон фын- джы æгъдаумæ гæсгæ фынгыл цы хæринæгтæ æрæвæрынц, уыдонæй иуæн кæнæ цалдæрæн сæ хæйттæй æппынкъаддæр иу хъуамæ фынгыл æнæвнæл- дæй (æнæхъæнæй) баззайа, уæздандзинады бæрæггæнæн. Фыццаджыдæр, уыцы фæстаг хай - фынгисæггаг - нæ ныууадзæг (бахæрæг), фыдæлты уырнындзинадмæ гæсгæ, фынджы фарн йемæ ахæссы, уый та у æнæгъдаудзинад. Дыккаджы та, фынгыл фынгисæггаг ныууадзын у гуыххæлдзинады - хиуылхæцыны бæрæггæнæн, ирæттæм та гуыххæлдзинад рагæй æрæгмæ у уæздандзинадыл нымад. 14. ЦÆХХ ИРОН ФЫНГЫЛ. Хæрыны цæхх ирон фынгыл, фæнды куы- вды, фæнды бинонты фынгæвæрды, алкæддæр чи хъуамæ уа, ахæм хæлцаг у. Дунейы фылдæр адæмтæм цæхх канд хæрыны продукт нæу, фæлæ ма йæ нысаниуæг у адæмы ’хсæн æууæнк, зæрдæхæлардзинад æмæ цæстуарзон- дзинад фидар кæнын. Цæххы уыцы нысаниуæг æмæ йæ магион тых иннæ адæмтау фидарæй уырны ирæтты дæр. Уымæн-иу ныппæрстой цæххы тæпп (щепоткæ) туджы ’ртæхтимæ ирон лæппутæ сæ иумæйаг нуазæны, æф- сымæрдзинадыл ардхæргæйæ. Уымæй уæлдай ирон адæмы рагæй-æрæгмæ уырны, цæхх фынджы бæркæдты дæлимонты фыдхъомысæй кæй хизы, уый. Фыдæлтæ цæххæн гъеуыцы нысаниуæг хорз зыдтой æмæ уымæ гæсгæ, ку- сарт кæныны размæ кусæрттагæн уый охыл дардтой цæхх. Цæхх зæрстой, фыд-иу уæлартæй куы райстой, уæд, цæхх зæрстой хæларгæнинаг æппæт бæркæдтыл дæр. Цæххæн дæр кардау ис æртыккаг миниуæг (нысаниуæг) дæр - кæмфæн- ды дæр æмæ цасфæнды дæр куы фæлæууа, уæддæр йæ хæрзхъæддзинад (ад, сатæг, хъару) нæ сæфы, уый хынцгæйæ фæлдисæг куы фæзæгъы, ацы хойрæг- тæ æдзухæй - сæрдæй, зымæгæй - дæ цуры сатæгæй уæнт, зæгъгæ, æмæ ма сыл цæхх куы айзæры,уæд уый фæамоны фæлдисинæгтæ цæххы уыцы миниуæгæй хайджын фæкæнын - Хуыцау æмæ мæрдты бардуагæй ракурын. Цæххæн цы нысаниуджытæ ранымадтам, уыдон ууыл дзурæг сты, æмæ ирон фынгыл цæхх хуымæтæджы хъацæн нæу. Цæхх у кувинаг (кæнды фын- гыл - фæлдисинаг). 15. УАЙСАДЫН у ирон сылгоймаджы уæздандзинады сæйраг бæрæг- гæнæнтæй иу - хистæрæн æфсармы фæлгæты сæрмагонд кæстæриуæг кæнын. Æрыгон сылгоймаг - чындз - хистæрты йæхимæ æрыхъусын æмæ æркæ- сын кæнын нымд фæкæны, уыйадыл йæ алы ми, йæ алы базмæлдæй фæар- хайы, цæмæй йæм хистæртæ сæ хъус, се ’ргом къаддæр здахой, ууыл. Уыцы нымдкæнынад у уайсадыны мидис - хистæрæн кад кæныны мадзал. 249
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Уайсадын сылгоймагæн цæуы йæхи удыхъæдæй, тыххæй ничи никæйы кодта уайсадын. Сылгоймаг йæ уайсæстæй фæхъахъхъæны, цы мыггаг, цы сыхбæстæм æрцыди, уыдон хистæрты фарн æмæ йæ чи схъомыл кодта, уыцы мад æмæ фыды сæры кад. Уайсадын æмæ уайсадæг Ирмæ рагæй дæр кадджын уыдысты, уымæн æмæ бинонты ’хсæн фидар кодтой кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ уарзонд- зинад. Уайсадыны митæ кæд æнцон æххæстгæнæн сты, уæддæр нымад сты бæрнон æмæ ахсджиаг хъуыддагыл. Уайсадын æрмæст чындзы ’рдыгæй æххæстгæнгæ (иувæрсыг) æфсарм нæу, чындз кæмæ фæуайсады, уыдон сæхæдæг фæархайынц сæхи æфсармæй уайсадынæн мадзæлттæ аразынæн, афтæмæй уыцы фæтк дыууæты дæр дары иу - нымдкæнынады - фæлгæты. Уайсадæг чындзы митæ сты: - кæмæ уайсады, уымæ нæ хатын; нæ дзурын, йæ цуры ныхас кæны мынæг хъæлæсæй, куыд нæ йæ хъуса, афтæ; - нæ дары цыбырдыс æмæ цыбырдым дарæс æмæ спортивон салбар, нæ цæуы гомсæрæй, æнæцъындайæ æмæ бæгъæввадæй; - кæмæ уайсады, уый ном фехъусгæйæ кæнæ йæ кой ракæнгæйæ (фæсауу- онмæ) йæ бынатæй сысты (слæууы) æмæ фæзæгъы: «Йæ фарн бирæ уæд!», йæ разы бадгæ дæр нæ кæны; - хистæрты раз нæ хæры, нæ нуазы, йæ буармæ нæ зилы (йæ сæр нæ фасы, йæ цæсгом нæ ахоры, кæсæнмæ нæ кæсы); - йæ мад, йæ сывæллон æмæ, кæмæ уайсады, уыдонæн узæлæн митæ (хъ- æбыстæ, батæ æмæ æнд.) нæ кæны; - стыр ахсджиаг хъуыддаджы охыл ын хистæрмæ сдзурынæй дарддæр гæнæн куынæуал вæййы, уæд дзы хатыр ракуры æмæ сдзуры, зæгъæм: «Баба, бахатыр мын кæн... уæртæ Дзерассæйыл цыдæр бæллæх æрцыди!» - кæнæ æн- дæр искуыд. Хъыгагæн, ивгъуыд æнусы иуæй-иу ахуыргæндты галиу хъуыдымæ гæсгæ, бирæ ирон æгъдæуттæ нымад æрцыдысты знаггадхæсджытыл, фæстæзадтыл, уыдонимæ уайсадыны фæтк дæр. Уый азарæй фæсивæд æмбал кæмæн нæй, уыцы æвæджиауы ирон æгъдæуттæй фæиппæрд сты. Се ’ргом иннæ адæмты мæнг (псевдо) культурæмæ аздæхтой. Уыцы «раззаг» культурæ Иры фæ- сивæдæй бирæты цы цъымарамæ æркодта, уый абон уынæм. Æнусты дæргъы Ир сæрыстыр кæмæй уыди, йæ уæздандзинад æмбисондæн кæмæн хастой, уыцы ирон сылгоймæгты фæдонтæй абон иуæй-иутæ сæ цæсгом суагътой æмæ бахаудтой сæ мондæгты уацары, хъылма æмæ хъахбайдзинад сæ царды сæйраг нысæнттæ систы. Уыцы уавæр æмбæхсын никæмæй хъæуы. Ацы дæнцæг дзурæг у, нæ фыдæлты æгъдæуттæй мах фæлтæрмæ чи ’рхæццæ, уыдонæй иу дæр аппаринаг кæй нæ уыди æмæ нæу, ууыл. Уайсады- ны æгъдау та ирдæй æвдисы, нæ адæмы хидарыны уагæвæрдтæ, сæ æвæрццæг ахадындзинадмæ гæсгæ бæрзонд къæпхæныл æвæрд кæй уыдысты, уый. 250
ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС 16. ФАРН у Хуыцауы хорзæхæй адæймагæн цардхъомдзинад, удæнцой, сабырдзинад, ном æмæ рухс талæнтæ дæттæг æнæмæлгæ монон хъомыс. Фарн буаргъæдон нæу, нæй йын нæ цæстæй фенæн, нæ æрмæндзæвдæй банкъарæн. Хуыцауы сконд монон æмæ буаргъæдон дунейы алцæмæн дæр ис фарнæй ак- каг хай. Адæймаджы цардхъомдзинадæн егъаудæр фарнхæсджытæ сты: хур (арт), зæхх, уæларвон тыхтæ æмæ адæймаг йæхæдæг. Адæймагмæ фарн æрцæуы Хуыцауы фæндæй, æмæ цас удæй сыгъдæг, уæздандзинады æууæлтæй æххæстдæр у, уыйас йæ фарн дæр вæййы стырдæр. Адæймæгты къордтæн; бинонтæн, мыггагæн, хъæубæстæн æмæ адæмы- хаттæн ис сæхи иумæйаг фарн. Уыцы адæймæгты къордтæн цас сæ иудзинад, сæ хæлардзинад фидардæр уа, уыйас сæ иумæйаг фарн дæр уыдзæн фылдæр. Фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, фæрнджын адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарн баз- зайы йæ фæдонтæн, йæ мыггагæн, йæ хъæубæстæн æмæ йæ адæмæн, уымæн-иу загътой: «Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы». «Мард цы хæдзарæй рахæссынц, йæ фарн уым баззайы». Ирон адæммæ ныхас «фарн»-ы ахадындзинад у тынг егъау - зæдтæ æмæ дауджытимæ лæууы иу æмвæзадыл, фæлæ йын зæд рахонæн нæй. Зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæ кæнæм, фарнæн та йæхи Хуыцауæй курæм. Фарнæй сомы чындæуы, ард хæрдæуы, кад ын чындæуы, ис ын Хуыцауæй ракурæн, фæлæ йæм кувæн æмæ дзы исты ракурæн нæй, уымæн æмæ йæхæдæг у хорзæх, бардуаг нæу. Советон дуджы иуæй-иутæ кувæгау кодтой стыр хицаумæ æмæ коммуни- стон хуыцæуттæм. Цæмæй уыцы дыдзæсгомдзинад æмбæхст уа, уый тыххæй Стыр Хуыцауы номы бæсты дзырдтой «дунейы фарн». Ахæм «куывд», хъыга- гæн, абон дæр фехъусæн ис, уый у æнæрхъуыдыдзинад. Иуæй-иу ахуыргæндтæ Хуыцауы раз уæвæг зæдтæ æмæ дауджытыл ны- майынц кæцыдæр уаздзинæдтæ. Сафайы рæхыс, æртхурон, кувæндæттæ, мысайнæгтæ æмæ адæмты динон атрибуттæ (быдыргъ, иконæ, кувæджы сæр- магонд дарæс, мæзджыттæ, аргъуантæ æмæ дзуæртты), уый у муртакдзинад, растдæр зæгъгæйæ та - «идолопоклонство» кæй хонынц, уый, æмæ йын ирон динимæ иумæйагæй ницы ис ÆМÆ НИКÆД УЫДИ. 17. ФÆДЗÆХСÆНЫ ХИСТ. Æртæ азы цы сывæллоныл нæма сæххæст вæййы - «цæуæггаг» кæмæн нæма скæнынц (кæс дæлсæргонд «Цæуæггаджы бон»), ахæм куы амæлы, уæд ын йæ ныгæнæн бон цы хæрнæг (хист) скæнынц, уый хонынц фæдзæхсæны хист. Уыцы хисты хистæртæ сывæллоны бафæдзæхсынц, хæдзарвæндаджы цардхъомдæр, амалджындæр æмæ æнæтæригъæддæр нæлгоймæгтæй сывæл- лонæй раздæр мæрдтæм чи бацыд, уыдонæй иуыл. Ома йын уый, мæрдты бæ- сты цы хъуаг уа, уый амал кæндзæн, хъахъхъæндзæн æй æмæ йыл ауддзæн. Уыцы хистæй дарддæр сывæллонæн ницавæр кæндтæ чындæуы, æрмæст ма йæ амæлæтыл афæдз куы рацæуы, уæд ын уæлæдарæсы фæлыст ныффæл- дисынц, стæй сæ хæстæджыты сывæллæттæн балæвар кæнынц, марды лæвар амонды хос у, зæгъгæ. 251
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ 18. РУХСЫ БÆСТЫ - ДЗÆНÆТЫ БАДÆН. Фыдæлты уырнынадмæ гæсгæ амæлæг адæймаг, кæд уæлæуыл æнæтæригъæд вæййы, уæд йæ сыгъдæг уд рухсы бæстæм - дзæнæтмæ бафты æмæ уым æнæмæлæт свæййы. Уæлæуыл цæрджытæй æнæгъдау, æнæфсарм æмæ саузæрдæ чи уыди, Хуыцауы æваст митæ чи кодта, уыдон дæлимонтæ, сæрхъæны æмæ куырысдзауы фæндагыл ацыдысты. Ахæм адæймаг куы амæлы, уæд мæрдты бæсты зындонмæ бахауы æмæ йæ тæригъæдтæ бирæ азты хъизæмарæй бафиды. Бæргæ фæзæгъынц амæлæгæн: «рухсаг у, дзæнæты фæбад»! Фæлæ се ’ппæтæн сыгъдæг уд æмæ сыгъдæг зæрдæтæ нæ вæййы. 19. ИРОН АДÆМЫ КУВÆНДÆТТÆМ ЦЫ НЕ ’МБÆЛЫ ХÆССЫН Уæ хорзæхæй, уæ зæрдыл дарут мæнæ ацы фæдзæхстытæ: - кувæндон у Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кувæн бынат, уымæ гæсгæ у уæлфæдзæхстон. Ам нæ куывдæуы нæдæр кувæндонмæ йæхимæ, нæдæр адæймаджы кæнæ æрдзы сконд истæмæты; - кувæндонмæ не ’мбæлы цæуын фæллад уадзынмæ æмæ хиирхæфсынмæ, хæрынмæ æмæ нуазынмæ; - æнæ кувинагæй кæнæ æнæ мысайннагæй кувæндонмæ нæ цыдæуы. Æр- бацæуæг кæнæ йæ рæзты цæуæг йæ худ сисы æмæ, цы зæды номыл у, уымæн батабу кæны; - кувæндоны фынгмæ кувинагæн хастæуы æртæ ’ртæдзыхон кæрдзыны (чъирийы), бæгæны кæнæ къуымæл, нывонд фосы фыдæй цы’мбæлы, уый (кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд), цæхх æмæ кард. Кувæндонмæ не ’мбæлы хæссын: карз нозт, рынчын кæнæ хæдмæл фосы фыд, давæггагæй, тыхтонайæ æмæ гæртамæй амалгонд истытæ, мардæн хæларгонд æмæ æлгъаг хæринæгтæ. Ахæм ми бакæнæг у Хуыцауы ныхмæ дæ- лимонты амидингонд æмæ адæмæн фыдбылызхæссæг: - кувæндоны нæ фæтчы былалгъæй кувын, æнæфсарм ми бакæнын, чъи- зи æмæ гæды ныхас зæгъын, мæнг ард бахæрын, æлгъитын, искæйы маст ба- уадзын кæнæ йæм къух сисын. Уыдон сты Хуыцауы фыдæхмæ сидæн митæ; - кувæндонмæ рæмудзæн æрмæг, хæцæнгæрзтæ, хъылма (наркотиктæ) нæ хастæуы, уый æлгъыст у; - кувæндæттæм нæ хастæуы рынчын фосы фыдызгъæл, мæргътæ æмæ хуыйы фыдызгъæл, æнæсыкъа фосы фыд, марды кæнды баззайгæ фыдызгъæл æмæ нозт, чъизи гæххæттын мысайнæгтæ; - кувæндонмæ нæ хастæуы мыдадз цырæгътæ. Ирон адæм цырæгътæ сыгътой æрмæстдæр бадæнты; -сылгоймæгтæ кувæндæтты сæхи хъуамæ æвдисой æфсармджынæй. Иннæ адæмтау сексуалон хуыз фæзмгæ чи кæны, уымæн сыгъдæг туг æмæ сыгъдæг зæрдæ нæй - у чъизи; - кувæндонмæ цыдæуы сыгъдæгзæрдæ, сыгъдæгбуар æмæ сыгъдæгар- мæй, ’аив æмæ æмбæлгæ дарæсы. 20. ГЪÆЙТТЫ СИДТ. Ацы сидт æрхъуыды кодтой, карз нозтæй бæрц чи 252
ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС нæ зыдта, худинаг æмæ æфсарм цы сты, уый чи нæ бамбæрста, ахæм талынг адæймæгтæ. Хъыгагæн, уыцы худинаггæнæг сидты «рæсугъддзинæдтæ» нæ га- зеттæ нымайынц хорзыл. Ахæм æнæрхъуыды хабæрттæ иннæ адæмтæн ирæт- ты æвдисынц фæстæзад æмæ талынгæй, æмæ куыд нæ, кæд æмæ фæд-фæдыл æртæ кæнæ фондз сыкъайы ныннуазын кæнынц. 21. ÆХСÆМБАЛ. Раджы заманы æхсырфы куыстытæ æнцон нæ уыды- сты. Уымæн хъуыди хорз æмбал. Уыцы хорз æмбал разынди фосы алыхуызон лыстæг хуылфыдзаумæттæй конд æмæ тыхт физонæг, æмæ йæ хонынц цыбы- рæй æхсæмбал - ома æхсырф æмæ æмбал. 22. Хæдзаронтæгæнджыты зарæг Хæдзаронтæ-хæдзаронтæ, Æрхæццæ сты нæуæгбонтæ! Ног боны фарн уæ кæрты! Зæд атæхæд уæ сæрты! Баранцовмæ уæ фæндæгтæ, Уæ уæрдæтты сырх мæнæутæ! Хæдзары ’фсин дæумæ дзурæм, Маймулитæн æгъдау курæм. Æддæмæ нæм уæд та ракæс, Басылы къух нын уæддæр рахæсс. (80-аздзыд Хсеуытаты Бабæгызы ныхæстæ.1960 азы - Х.К.) 23. Сойфиугæнджыты зарæг Цыппурсы Вариант Сойамонæг: Чызджытæ ’мæ лæппутæ Кæрæдзиуыл æрхæцут! Гъей! Базард: Сой, фиу! Сой, фиу! Сой, фиу! Сойамонæг: Рахизæрдæм фæсирæм, Артыл-артыл æрзилæм! Гъей! Базард: Сой, фиу! Сой, фиу! Сой, фиу! Сойамонæг: Хуыцауæй та цы курæм, Уациллайæ цы курæм? Гъей! Базард: Сой, фиу! Сой, фиу! Сой, фиу! Сойамонæг: Хуыцауæй та цы курæм? 253
УÆЗДАНДЗИНАДЫ ГУЫРÆНТÆ Фæлвæрайæ та цы курæм? Гъей! Базард: Сой, фиу! Сой, фиу! Сой, фиу! Сойамонæг: Ацы арты цæхæрæй, Цы басудздзæн къæр-къæрæй? Гъей! Базард: Сугтæ ’мæ къæцæлтæ, Хинтæ ’мæ кæлæнтæ. Гъей! Гъей! Гъей! Хæтæлдоны фæсивæды ныхæстæ. 1949 азы - Х.К. 24. Хъæдгæройнаг сойгæнджыты ныхæстæм гæсгæ Сойамонæг: Уæлæсыхмæ дæлæсыхæй сой, Алы аз дæр æнæсцухæй сой! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Уæлæ Къорайы бæрзы сыфтæ, Уе ’хсæв хорз уа нæ фысымтæ! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Хæххон тырты цæгъдинаг, Уæ ног тырын цæринаг! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Уæ фырытыл джыджытæ, Немæ фæндыр, чызджытæ! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Сопырыхъойы сабæлут, Уæ дуæрттæ нын бакæнут! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Холысты сæрмæ цъититæ, Гогыз æмæ нын чъиритæ! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Дудахъ сиргæ нæ кæны, Арахъхъ æмæ нын бæгæны! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Неси байрæзт таджы был, Се ’фсин бамбæхст базы бын! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! Сойамонæг: Зилгæ дымгæ чъылдым футт, Æнхъæлдæн æмæ чъынды стут! Базард: Сой цæуы, сой, сой уæм цæуы, сой! 254
ИУÆЙ-ИУ ФИППАИНÆГТÆ ÆМÆ НЫХÆСТЫ МИДИС Сойамонæг: Карцайы хъæды къæдз фæдæгъд, Райдайæм уæдæ къæрццæмдзæгъд! Хостыхъоты Зинсе семæ чиныджы авторы вариант 25. Алардыйы зарæг (вариант) Табу, табу дын, рухс Аларды! Хуссары мæнæу дæ кæрдинаг. Табу, табу дын, рухс Аларды! Цæгатаг хортæ - дæ хуымилаг. Табу, табу дын, рухс Аларды! Бур хуымæллæг дын фæрвталайæ. Табу, табу дын, рухс Аларды! Урс уæрыкк та дын Фæлвæрайæ. Табу, табу дын, рухс Аларды! Мысыраг æвзист - дæ мысайнаг. Табу, табу дын, рухс Аларды! Йæ сыгъдæг бæмбæг Бердзенаг. Табу, табу дын, рухс Аларды! Сызгъæрин систæ дæ базыртæн. Табу, табу дын, рухс Аларды! Нæ сабитæн нын ныххатыр кæн. Табу, табу дын, рухс Аларды! Табу, табу дын, рухс Аларды! Ой! - Ой! - Ой! Гусаты-Æхболсетты Чабæйы ныхæстæй. 1956 аз. Дзсеуджыхъсеу. 255
чмныджы ис Чиныгкæсæгмæ 5 Хуыцау æмæ уырнынад 11 Уæздандзинад 26 Хи дарыны иуæй-иу уагæвæрдтæ 43 Хионтæ æмæ хæстæджытæ 58 Сывæллон 71 Хистæр, кæстæр 84 Сылгоймаг, нæлгоймаг 90 Уазæг, бæлццон, фысым 99 Хицау æмæ дæлбаруæвæг 106 Бæрæгбæттæ 111 Ирон фынджы æгъдæуттæ 139 Кувинæгтæ, хуынтæ, лæвæрттæ 161 Ус курын æмæ мой кæнын 177 Мард ныгæнын æмæ марды кæндтæ 216 Иуæй-иу фиппаинæгтæ æмæ ныхасы мидис 245 Научно-популярное издание ХАУТОВ Константин Агубеевич Родники благородства Издатель Ж.Г. Козырева Редактор И.Х. Джанаева Корректор Л.Н. Багулова Художник и внутренний дизайн Н.Ф. Василенко Компьютерное обеспечение А.Ю. Габуев Сдано в набор 17.09.2020. Подписано в печать 17.01.2021. Формат бумаги 60x90716. Бум. офс. №1. Гарнитура шрифта «Мтюп Рго» Печать офсетная. Печ .л. 16,25 + 1,0 вкл. Тираж 1000 экз. Заказ № 20. ООО «Проект-Пресс», §ко21геуа@§таП.сот Отпечатано в типографии ООО «Медиа-Полис», 344038, г. Ростов-на-Дону, пр. М. Нагибина, 14а.