Текст
                    ']/
%:
к


ЧИНЫГУАДЗÆН «ИР» ОРДЖОНИКИДЗЕ 1985
74.22(2) К84 На осетинский язык перевел Н. М. Доев Крупская Н. К. К84 Пиомотæ пионертæм. —Орджоникидзе: Ир, 1985.—117 ф. В пер.: 25 к. Надежда Константиновна Крупская — друг и соратник Владпми- ра Ильича Леннна — проявляла большую заботу о воспнтанни грядущнх поколений. «Письма пионерам» написаны ею десятки лет назад. Но и сегодня они звучат по-современному, по-прежне- му высоко их значение в коммунистическом воспитании нашен детворы. В письмах своих Н. К. Крупская призывает пионеров страны быть настоящими ленинцами: в учебе, труде, в жизни следовать примсру великого вождя. 0902040200—14 М • 7-85 74.22(2) 131(03)—85 © Издательство «Ир», 1985, офсрмлен.че
с ахæм адæймæгтæ, æмæ адæмты æхсæн сæ ном кæмæн никуы ферох вæййы. Уыдон кæд- дæриддæр вæййынц махæн не ’мдугон адæймæгты хуы- зæн. Ахæм адæймаг у Надеждæ Константиновнæ Круп- ская дæр, Владимир Ильич Ленины ус. Уый æцæгæй æдзухдæр махимæ ис. Рæзгæ фæлтæрыл уый мæт кодта иудадзыг, æмæ нын йæ зæрдæйы рæвдыд ныртæккæ дæр хæссы бирæ хорздзинæдтæ. Иемæ аныхас кæнæн ис кæддæриддæр: пионерты отряд æрæмбырд кæнут æмæ, ацы чиныджы цы писмо- тæ мыхуыргонд ис, уыдон бакæсут. Уыцы писмотыл æрныхас кæнут æмæ сын æцæг хъуыддæгтæй дзуапп раттут. Уый йæхæдæг кæддæр раст афтæ амыдта Ильи- чы ном арыны тыххæй — ома, дам, лозунгтæ æмæ ны- хæстæй нæ, фæлæ тынгдæр хорз, пайдайаг хъуыддæг- тæй. Надеждæ Константиновнæ Крупскæйы писмотæй ацы чиныджы чи ис, уыдонæн сæ фылдæр сты, куыд кусын хъæуы, уый тыххæй комкоммæ разамынд. Пис- мотæ раджы фыст æрцыдысты, пионерты æндæр фæл- тæртæм, фæлæ диссаг — куы сæ кæсай, уæд дæ уый ферох уыдзæн. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма абоны 5
царды тыххæй фыст сты, цыма Надеждæ Константн- новнæ абоны пионертимæ ныхас кæны. Писмоты амынд сты хъæндзинæдтæ, стæй сæ куыд сраст кæнын хъæуы, уый. Писмотæ амонынц, æцæг пионер суæвыны тыххæй цы кусын хъæуы, рæсугъд æмæ мидисджын цард кæны- нæн, коммунизм аразыны дугæн цæмæй бæззай, уый тыххæй хи куыд хъомыл кæнын хъæуы, уыдæттæ. Надеждæ Копстантиновнæйы пнсмоты ныхæстæй бирæтæ цæттæ æрмæг сты плакаттыл ныффыссынæн, лозунгтæн, къулыгазетты сæртæн: «...Йæхи пионер чи хоны, уый хъуамæ æххуыс уа цард фæхуыздæрæн, хъуамæ хъуыды кæна, уыцы хъуыддагæн куыд саразæн ис, ууыл». («Кæнут æхсæ- надон куыст!», зæгъгæ, писмойæ.) «Буцхаст магусатæ социализмы бæстæйы пæ хъæ- уынц! Хъæуынц арæхстджын къухтæ...» («Хъуамæ зо- нат сæрæй æмæ къухтæй кусын», зæгъгæ, писмойæ.) «Æвзонг пионертæй ленинон суæвын кæй фæнды, уыдон хъуамæ мæт кæной æхсæнадон исбоныл. Цымæ уыцы мæт ис? Алы хатт нæ вæййы. Бацу иуæй-иу скъоламæ æмæ дзы фендзынæ кардæй лыгтæ- лыгтæ стъолтæ, ног ахуырст къултыл цавæрдæр æды- лы ныхæстæ фыст, кæнæ иу чидæр аивæн цырагъ раз- дыхта, иннæ тел алыг кодта, аннæ рудзынджы авг асаста». Ацы ныхæстæ ист сты Надеждæ Константиновнæйы «Мæн у» æмæ «мах у», зæгъгæ, писмойæ æмæ ныртæк- кæ дæр тынг раст сты. Бавзарут-ма уыдæттыл æцæ- гæй, зæрдиагæй аныхас кæнын, кæддæра сывæллæттæ сæхæдæг ахæм æвдисæйнæгтæ цал æмæ цал æрхæссик- кой! Уæд лæппуты æмæ чызджыты æхсæн ахастдзинæд- ты хъуыддаг та? «Ут æцæг æмбæлттæ!», зæгъгæ, писмо бирæтæн ныртæккæ дæр тынг раст амоны сæ аиппыгæ. «Махмæ æппæт скъолатæ дæр сты иумæ хъомыл кæиыны скъолатæ. Фæлæ сæ иуæй-иуты лæппуты æмæ 6
чызджыты æхсæн нæма ис, æцæг æмбæлтты æхсæн чи хъуамæ уа, ахæм ахастдзинæдтæ. Уыдон цæуынц хи- цæнтæ-хицæнтæй. Чызджытæ переменæты рæстæджы рацу-бацу байдайынц хибарæй, сæхимидæг ныхæстæ кæнынц, лæппутæй кæцы «дзæбæхдæр» у, зæгъгæ, ууыл, тæрсынц лæппутæй, афтæмæй æнæуи та ’ архайынц сæ уæлæ хуыздæр дарæс скæныныл, арæзтдæрæй цæуы- ныл, лæппуты зæрдæмæ фæцæуыны тыххæй сæ былтæ ахорынц. Иудзырдæй, сæхи дарынц фыццаг заманы «уæздан чызджытау». Лæппутæ дæр фæсте нæ зайынц: мæстæй марынц чызджыты, фыссыиц сæм æдылы ны- хæстæ, архайынц исты ныхæстæй чызджыты тынгдæр фелхыскъ кæныныл, афтæмæй та сыл уæддæр рапда- йынц уарзондзинады æгъдауæй узæлын; иудзырдæй, сæхи дарынц, мæнæ-иу каддæр æлдары фырттæ гыц- цылæй куыдтæ кодтой, афтæ». Ацы хъуыддаг иууыл хорз кæм нæу, ахæм скъолайы пионертæ Надеждæ Константиновнæйы писмойыл куы æрныхас кæниккой, уæд дзы, бæгуыдæр, тынг хорз æм- бырд рауаид. Хорз зыдта Надеждæ Константиновнæ, сывæллæттæ куыд цæрынц, цæмæй улæфынц, цавæр «æнусон фарс- татæм» сæ зæрдæ æхсайы, æвзæр æгъдæуттæй æрæгмæ- дæр кæцытæ сæфынц, сывæллæтты цæстæнгас чердæм саразын хъæуы,'цæмæй се ’взæрдзинæдтæ аппарой æмæ хорздзинæдтыл ныххæцой, уый тыххæй, æппæт уы- дæттæ. Мæнмæ ахæм амонд æрхауд, æмæ Надеждæ Кон- стантиновнæйы æз фендтытæ кодтон царды мидæг, цал- дæр хатты йæм уыдтæн сæхимæ. Надеждæ Константи- новиæ уыдис журнал «Пионер»-ы редколлегипы уæнг, æз та уыцы азты куыстон редакцийы. Надеждæ Кон- стантиновнæ-иу алы номыры æрмæг дæр бакасти йæ рацæуыны размæ, æмæ йæм мыхуыргæнинаг сыфтæ мах хастам хатгай йæ куыстмæ, арæхдæр та сæхимæ. Раст куы зæгъон, уæд-иу мах æнæзивæгæй æххæст 7
кодтам къулеры куыст. Кæд æмæ мыхуыргæнинаг сыф- тæ бирæ нæ уыдаиккой, уæд-иу нæ Надеждæ Констан- тиновнæ чысыл фæурæдта, æркасти-иу сæм æмæ нæм сæ-иу уадидæгæн фæстæмæ радта. Кæд æмæ бирæ уыдаиккой, уад-иу сæ æхсæв сæхимæ ныууагъта, рай- сом сæм исчи æрбауайæд, зæгъгæ. Йæ куысты рæстæ- джы фæрссаг æрмæг кæсын растыл нæ нымадта æмæ «Пионерчикæн» — афтæ нын хуыдта нæ журналы — лæвæрдта йæ уæгъд рæстæджы сахæттæ. Æз уыдтæн пионерты къордæн раздзог, журналы та куыстон пионерты цардæвдисæг хайады сæргълæууæ- гæй, æмæ мын хæсгонд уыди, редакцимæ сывæллæттæ цы писмотæ æрвыстой, уыдон кæсын æмæ сын дзуапп дæттын. Надежд^æ Константиновнæ уый куы базыдта, уæд мæ фæрсын байдыдта пионерты цардæй æмæ мын загъта, цæмæй йæм æз хастаин æппæты хуыздæр пис- мотæ, стæй æппæты вазыгджындæр писмотæ дæр, æз мæхæдæг дзуапп раттыны тыххæй дызæрдыг кæуыл кодтон, ахæмтæ. Пионерты отрядмæ-иу уæд фæскомцæдисон вожа- тæйæ фæстæмæ ноджыдæр фидаргонд уыдис партион адæймаг. Уый-иу фылдæр хатт уыди зæронд комму- нист, кусджытæй, паддзахы заман сусæг революцион куыст чи кодта, уыдонæй, граждайнаг хæсты тохгæн- джытæй. Бирæ хæрзтæ фесты махæн уыцы партион æмцегтæ. Крупская дæр йæхи нымадта пионерты змæлдмæ пар- тийы Центрон Комитетæй фидаргондыл. Æмæ хъазгæ- йæ йæхи хуыдта пионерты «сæйраг дыджызæ». Фæс- комцæдис партийы разамындæй пионерты организаци саразыны тыххæй уынаффæ кæй рахаста, уый дæр уы- дис Крупскæйы фæндонмæ гæсгæ, 1922 азы январы цы писмо ныффыста, уый фæстæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ Надеждæ Константиновнæ æппынæдзухæй дæр йæ хъус дардта пионертæм, æх- хуыс сын кодта, амыдта сын. 8
«Алы’ пионер дæр, «Цæттæу!», ’зæгъгæ, сидт куы фе- хъусы, уæд дзуапп дæтты: «Кæддæриддæр— цæттæ!»— фæлæ, уыцы сидт æмæ уыцы дзуапп кæцæй фæзындыс- ты, уый пионертæ се ’ппæт нæ зонынц. «Цæттæ у!» — уый уыдис * Ленины * сидт партийы уæнгтæм, кусджыты хъуыддагыл тохгæнджытæм»,— зæгъы Надеждæ Константиновнæ йæ писмотæй иуы æмæ бæстон æмбарын кæны, уыцы ныхæстæ Ленины чиныг «Цы кæныи хъæуы?»-йы куыд æмæ цæмæн фæзын- дысты, уый. Æрмæст, мæхицæй ма раппæлон, зæгъгæ, хъуыдыгæнгæйæ, ницы загъта, Ильичы уыцы ныхæстæй пионерты сгæрзифтонг кæнынæн йæхæдæг кæй баххуыс кодта, пионерты фыццаг къордтæ саразджытæн сæ йæ- хæдæг кæй бацамыдта, уый тыххæй. Афтæ махæн дæр фадат ис, цæмæй ныр райсæм Крупскæйы писмоты иттæг хорз ныхæстæй бирæтæ, æвзонг ленинонтæ схъомыл кæнынæп ахъаз чн у, ахæмтæ. Сывæллæттæ! Зæрдиагæй кæсут ацы писмотæ! Уы- дон комкоммæ сымахмæ фыст сты — пионерты æгшæт фæлтæртæм. Кæсут сæ æмæ сын дзуапп дæттут хъуыддагæй! Николай Богданоа
ПИОНЕРТЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ СÆВЗÆРДЫ 7ЫХХÆЙ ’Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ, æз уын уæ зæрдыл æр- лæууын кæнынмæ хъавыи, пионерты змæлд нæм куыд æвзæрдис, уый. Капиталистон бæстæты буржуази алы ма- дзæлттæй архайы йæ тæваг, йæ зонд сывæллæт- тæм хæццæ кæныны, йæхицæн сæ коммæгæс, æнувыд лæггадгæнджытæ цæмæй схъомыл кæ- на, уый тыххæй. Буржуази кусы ууыл, цæмæй сæм йæ тæваг хæццæ кæна скъолайы руаджы, аргъуаны руаджы, уый бæрц тынг æмбаргæ чи нæу, ахæм ныййарджыты руаджы. Буржуази йæ тæваг сабитæм хæццæ кæныныл архайы, се ’вДæлон рæстæг сын бæрæг уагыл аразгæйæ, сывæллæтты сæрмагонд организацитæ араз- гæйæ. Англисы буржуази архайы ууыл, цæмæй 10
кусджыты сывæллæттæ, зæхкусджыты сывæл- лæттæ конд цæуой, бойскаутты организаци кæй хонынц, уырдæм (ист æм цæуынц æрмæстдæр лæппутæ). «Бойскаутты закъонтæ» афтæ амо- нынц: «Скаут иузæрдион у къаррлыл, хицæут- тыл, йæ ныййарджытыл, йæ райгуырæн бæстæ- йыл, æмæ, кусгæ кæй къухы кæны, уыдоныл. Уый хъуамæ сæ фарс уа цавæрфæнды уавæр- ты дæр, сæ кæцыдæриддæр знаджы ныхмæ дæр сын тох кæнгæйæ». Уыцы закъонæн йæ нысан у фæсивæды зондахаст ахæм фæндагыл сара- зын, цæмæй уыдон коммæгæс уой сæ хицæут- тæн, ома капиталисттæн. Капиталисттæ сæхи- цæн знагыл нымайынц, æфхæрддзинады ныхмæ, эксплуатацийы ныхмæ чидæриддæр тох кæна, уый. Капиталисттæ сæхицæн знагыл нымайынц социализмыл тохгæнджыты се ’ппæты дæр. Германы карздæр, дзырддзæугæдæр капита- листтæ бавнæлдтой æнахъом лæппутæн алыхуы- зон организацитæ аразынмæ, сæ зондахаст сын арæзтой кусджытæм хæрам уæвыны уагыл æмæ уыдонæй схъомыл кодтой фашисттæ. Гъемæ 1922 азы фæскомцæдис партийы ра- замындæй уынаффæ рахаста сывæллæтты орга- низаци — пионерты организаци аразын райда- йыны тыххæй. Уæд бирæ быцæу ныхæстæ цыди, сывæллæттæн аразын хъæуы æви- нæ хъæуы ис- тыхуызон хицæн организаци, куыд ын хъæуы разамынд дæттын, цы кусдзæни, уыдæттæ-йед- тыл. '11
1922 азы январы æз писмо ныффыстон фæс- комцæдисмæ, зæгъгæ, уыдон хъуамæ сæ цæст дарын байдайой æнахъом фæсивæдмæ: сæ тæ- ваг сæм куыд хæццæ кæна, афтæ; хъуамæ сын баххуыс кæной организаци саразынæн; хъуамæ уыдонæй сæхицæн схъомыл кæной хорз, фидар ног фæлтæр, ивгæ сæ чи ракæна, ахæм. Æз фыс- тон, зæгъгæ, ныхас цы карæн сывæллæттыл цæ- уы, уыдон гыццыл сабитæ нал сты, уыдон ал- цæмæ дæр сæ хъус зæрдиагæй дарынц сæ алы- варс, ис сæм стыр активондзинад, уыдон тынг тырнынц кусынмæ, уæнгдыхы куыстмæ дæр æмæ зондады куыстмæ дæр. Базонын хъæуы уыцы активондзинад раст фæндагыл аразын: сывæл- лæтты сахуыр кæнын хъæуы æмдых-æмзондæй архайыныл; баххуыс кæнын сын хъæуы, алы зонындзинæдтæй ифтонг куыд уой, афтæ; баца- монын сын хъæуы, æхсæнадон куыст куыд кæн- гæ у, уый, сахуыр кæнын сæ хъæуы нывыл æмæ бæстон куыст кæнын, зондады куысты æгъда- уæй дæр æмæ уæнгдыхы куысты æгъдауæй дæр. Сывæллæтты хъомыл кæнын хъæуы, æцæг ле- нинонтæ сæ куыд рауайа, афтæ. Вяткæйы пионертæ, Сергей Миронович Ки- <ров кæм райгуырд, уыцы горæты пионертæ, 1922 азы Горкæтæм Владимир Ильичæн, уæдмæ уæззау рынчын чи æрци, уымæн æрбарвыстой сæ фыццагдæр пионерон лæвæрттæ — нывтæ, дидинджытæ, сæхи конд алы лыстæг дзауматæ. Æз уыдон сæвæрдтон уæллаг уæладзыджы 12
стыр уаты, Ильичы уаты фарсмæ, æмæ-иу Ильич сæ рæзты куы фæцæйцыди, уæд сæм-иу бакаст æмæ-иу йæ мидбылты бахудти. Тынг æй фæндыдис, мах советон сывæллæттæй æмбаргæ коммунисттæ, социализм аразыныл зæрдæйæ æмæ арæхстджынæй чи куса, ахæмтæ цæмæй рауадаид, уый... 1938 аз.
ЦÆТТÆ У! ЛЫ ПИОНЕР ДÆР, «Цæттæ у!», зæгъгæ, сидт куы фехъу- сы, уæд дзуапп радты: «Кæд- дæриддæр — цæттæ!» — фæлæ уыцы сидт æмæ уыцы дзуапи кæцæй фæзындысты, уый пионер- тæ се ’ппæт нæ зонынц. «Цæттæ у!» — уый уыдис Ленины сидт пар- тийы уæнгтæм, кусджыты хъуыддагыл тохгæн- джытæм. 23 азы раздæр, 1902 азы, Уæрæсейы кусджы- ты къласæн йæхицæн п-арти нæма уыд. Раст зæгъын хъæуы, 1898 азы арæзт æрцыди социал- демократты фыццаг съезд. Уым æрмæст цалдæр адæймаджы уыдис кусджыты организациты ми- нæвæрттæй. Съезд уынаффæ рахаста Уæрæсейы кусджыты социал-демократон парти саразыны тыххæй, суанг ма ЦК дæр æвзæрст æрцыд. 14
Фæлæ пъæлицæ съезды хабар базыдта, съезды уæвджыты се ’ппæты дæр æрцахста, æмæ хъуыддаг фехæлдта, баззадис ма дзы æр- мæст ном. Иуæй-иу стыр горæтты уыдис чысыл социал-демократон организацитæ, æмæ уыдон æмбарын кæныны куыст кодтой кусджыты æх-, сæн, фæлæ уыцы организацитæ лæмæгъ уыдыс- ты, æмæ се ’хсæн, зæгъæн ис, бастдзинад нæ уыд. Иу организаци иу хуызы куыста, иннæ та —: иннæ хуызы. Уыдон фылдæр ууыл архайд- той, цæмæй кусджытæн æххуыс кодтаиккой за- бастовкæтæ аразынæн. Иуæй-иу социал-демок- раттæ афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ партийæн йæ хæс æрмæст уый у, цæмæй кусджытæн æх- хуыс кæна сæ хицæуттимæ тохæн, фæлæ, иад- дзахы аппарын кæй хъæуы æмæ цард иууылдæр ног хуызы саразинаг кæй у, уымæн, дам, йæ афон нæма æрцыд. Иннæтæ та дзырдтой, парти саразын хъæугæ дæр ницæмæн кæны, æрмæст хъæуы паддзахы хицаудзинады ныхмæ тохмæ кусджыты сыстын кæнын, зæгъгæ, фæлæ уый тыххæй кусджыты сæ тыхтæ баиу кæнын кæй хъæуы, уый ферох и. Æмбал Ленин уæд ныффыста чиныг. Уый хуындис «Цы кæнын хъæуы?». Уыцы чиныджы Ленин æмбарын кодта, зæгъгæ, архайын хъæуы ууыл, цæмæй кусджытæ суой, куыд амал ис, афтæ æмбаргæдæр, дзырдта, организаци куыд ахсджиаг у, уый тыххæй. Ленин фыста, зæгъгæ, афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй парти, кусджыты 15
къласы раззаг къорд, хуыздæр æмбара, йæ. алы- варс цытæ цæуы, уый; парти хъуамæ уына йæ фæндаг, бæлвырдæй зона, уыцы минут æй цы кæнын хъæуы, уый. Стæй афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй парти уа æмдых-æмзондæй архайæг ор- ганизаци, бахъуаджы сахат иу адæймаджы хуызæн рæвдз ралæууынхъом чи.у, ахæм. Æр- мæст гъеуæд фæуæлахиз уæвæн уыдзæни пад- дзахы хицаудзинадыл дæр æмæ буржуазийыл дæр. Æмбаргæдзинад æмæ иудзинад уæларвæй не ’рхаудзысты. Æнæрынцойæ ахуыр кæнын хъæуы царды хъуыддæгтæ æмбарыныл, ахуыр кæнын хъæуы алы хъуыддаджы дæр иумæ, æм- дых-æмзондæй архайыныл. «Мах кæддæриддæр,— фыста æмбал Ленин 1902 азы йæ чиныг «Цы кæнын хъæуы?»-йы,— хъуамæ кæнæм нæ æрвылбоны куыст æмæ кæд- дæриддæр цæттæ уæм алцæмæ дæр» (том V, Уацмысты æмбырдгонд, 264-æм фарс). Хъуамæ цæттæ уæм,— фыста Ленин,— пъæ- лицæйы сусæгæй кусынмæ, сусæггонд типогра- фиты листовкæтæ мыхуыр кæнынмæ, алы хорз фадатæй дæр пайда кæнынмæ, цæмæй кусджы- тæн æххуыс кæнæм æмбаргæтæ суæвынæн æмæ иугонд æрцæуынæн, хъуамæ цæттæ уæм уый тыххæй ахæстонмæ æмæ каторгæмæ бахауынмæ дæр. Хъуамæ цæттæ уæм суанг уымæ дæр, цæ- мæц, фадат куы фæуа, уæд æдгæрзтæ тохмæ дæр сыстæм. «Цæттæ ут»,— дзырдта æмбал Ленин, пар- 16
тийы уæнгтæн, æмæ ленинон парти, ныр Уæрæ- сейы коммунистон парти1 чи хуины, уый цавæр- фæнды сау куыстæй, цавæрфæнды æнæзæрдæ- мæдзæугæ куыстæй дæр нæ тарсти. Æмæ рево- люцийæн хæрзвадат рæстæг куы æрцыд, уæд ле-. нинон парти «цæттæ уыд» æмæ йæ фæдыл акод- та кусджыты æмæ зæхкусджыты. Кусджыты хъуыддагыл тохгæнджытæм Ле- нин цæттæ уæвыны тыххæй куы сидти, уæд æв- зонг пионертæ гуырд дæр нæма уыдысты, фæ-. лæ æвзонг пионертæ фидарæй сфæнд кодтой Ле- нины фæдзæхстытыл иузæрдион уæвын, уыдон æдзухдæр ахуыр кæнынц, æдзух фидар. кæнынц сæ иудзинад, сæ размæ хæсæн æвæрынц æппæт сывæллæтты цардмæ иудзинад бахæссын, сы- вæллæттæ се ’ппæт дæр æмбаргæ æмæ арæхст- джын куыд суой, афтæ бакæнын; æвзонг пио- нертæ афтæ хъавынц, цæмæй базоной ног цард аразын, уыдоны фæнды Ленины хъуыддаг дард- дæр хæццæ кæнын. 1925 аз. 1 Парти афтæ хуынднс 1925 азы онг. XIV партион съезды уынаффæмæ гæсгæ (1925 аз), парти хуинын байдыдта Æппæтцæ- дисон Коммунистон (большевикты) парти—ÆК(б)П. 1952 азæй фæстæмæ, XIX съезды уынаффæмæ гæсгæ, парти хуины Советон Цæдисы Коммунистон парти (СЦКП). 17
пМÆН У ÆМÆ „МАХ У« Хъахъхъæнын хъæуы æхсæнадон исбон ЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ! Абон мæ зæрды ис сы- махимæ иу стыр хъуыдда- гыл аныхас кæнын. Мæ иу зонгæ лæппумæ къулыл ауыгъд ис Ленины портрет. Раскъуыдта йæ чиныгæй. — Чиныг фехæлдтай, чиныг,— загътон ын æз. — Мæхи чиныг нæ уыд. Куыд рабæрæг и, афтæмæй уый уыдис биб- лиотекæйы чиныг. Уынут, куыд у хъуыддаг! Лæппу бирæ фе- хъуыста Ленины кой, йæхи нымайы лениноныл, йæ портрет ын къулыл бакодта, афтæмæй цы ми кæны? «Йæхи» дзаума хъахъхъæны, фæлæ, бирæтæ кæмæй пайда ;кæнынц, уыцы иумæйаг 18
дзаума, библиотекæйы мулк та — халгæ кæны. Цæмæн афтæ у уый? Помещикты æмæ капиталистты рæстæджы уыдис ахæм æгъдæуттæ. Помещикмæ уыди би- рæ зæхх. «Зæхх мæн у,— дзырдта-иу уый.— Цы мæ фæнда, уый йын кæнын. Куы мæ бафæнда — æппындæр æй нæ бахуым кæндзынæн, уадз æмæ- зæрæстонæй лæууа. Куы мæ бафæнда — мæ сы- хаг зæхкусджытæн æй аренды ратдзынæн, уы- донæн сæхимæ зæхх чысыл и, аренды тыххæй_ сæ æз фылдæр æхца ратондзынæн. Куы мæ ба- фæнда — балхæндзынæн хъæууонхæдзарадон машинæтæ, баххуырсдзынæн агроном, дардзы- нæн æххуырстытæ, мæнæн куыд кусой, афтæ. Бирæ сын нæ бафиддзынæн, дæлæ кæной, уæлæ кæной — мæнæй сын ацæуæн никуыдæм ис». Хъæздыг зæхкусæг, кулак, зæхх бирæ кæмæ уыд, уый дæр афтæ дзырдта: «Зæхх мæн у, фос дæр — мæн, цы мæ фæнды, уый сын кæнын». Уæд мæгуыр лæг, æххуырст лæг та куыд. дзырдта? «Зæхх мæн нæу, фос мæн не сты, ма- шинæ мæн нæу, мæн уыдонимæ ницы хъуыддаг ис». Æмæ гъе уымæ гæсгæ помещичы зæхх хуым кодта, куыд фæнды уæд, зæгъгæ, фосыл мæтгæ- нæг нæ уыд, машинæтæ ничи хъахъхъæдта. Ныр махмæ арæзт æрцыд колхозтæ. Колхо-- зæй «мæнон», зæгъгæ, нал зæгъынц, фæлæ фæ- зæгъынц «мах» колхоз. Фос иууылдæр: бæхæй, хъугæй, сты иумæйаг, «мах». Колхозы цы ма- шинæтæ ис, уыдон дæр «мах» сты. 19<
Фæлæ адæм сæ зæронд ахуыр æгъдæуттæ тагъд нæ аппарынц. Зæхкусджытæ колхозмæ бацыдысты, фæлæ иумæйаг мулкыл, иумæйаг дзауматыл, куыд æмбæлы, афтæ мæтгæнæг арæх нæма вæййы. Райсынц трактор, дисгæнгæ йæм фæкæсынц, йæ куыстыл ын фæцин кæнынц, стæй йæ уæд ферох кæнынц. Ныр дæр ма æрцæуы ахæм хабæрттæ. Трак- тор рохуаты лæууы быдыры,— иууылдæр йæ цурты рацу-бацу кæнынц. Фæлæ йыл басагъæс- гæнæг нæй. Сарамæ йæ баласын кæй хъæуы, ууыл ничи мæт кæны. Уары къæвда, мит, афтæ- мæй трактор та быдыры лæууы: ома, трактор «мæн нæу», «æз ыл цæмæн мæт кæнон». Брига- дир, бæхтыл мæт кæнын хæс кæмæн у, уый хуыссынмæ ацæуы, йæхинымæр фæзæгъы, бæх- тæ иу æхсæв æххормагæй куы фæлæууой, уæд сын ницы уыдзæн, нæ ныххæдмæл уыдзысты, зæгъгæ. Хи бæх куы уаид, уæд æндæр хъуыд- дагу. Ацæргæ адæм, капиталистон æгъдæуттыл чи сахуыр и, уыдон иумæйаг исбонмæ сæхи исбоны цæстæй кæсын цæмæй райдайой, уымæн бирæ рæстæг хъæуы. Фабриктæ уыдысты капиталист- ты. Уыдон афтæ хъуыды кодтой: «Фабрик мæн у. Куы мæ бафæнда — сæвæрдзынæн дзы æп- пæты хуыздæр машинæтæ, куы мæ бафæнда — ныууадздзынæн дзы зæрæдтæ, цыдæриддæр рæстæг мæ бафæнда — уайтагъд фабрик сæх- гæндзынæн, кусджыты ,сæ куыстæй фелвасдзы- 20
нæн. Кусджытæ «мæн» сты. Куы мæ бафæнда— аргъуан сын сараздзынæн, куы мæ бафæнда — сараздзынæн скъола. Алцыппæт дæр мæн у, мæ бар сыл цæуы». Ныр фабриктæ сысты иумæйаг мулк, иумæй- аг исбон. Кусджытæ ныр фабрик фæхонынц «мах» фабрик, сагъæс ыл кæнынц, хъахъхъæ- нынц æй. Æрмæст алы хатт нæма, стæй кусджы- тæ се ’ппæт нæма. Зæронд æгъдæутты баззайæггæгтæ адæмы цардыуаджы — уыйас дæр дæ хъæуæд: сæхи фатерты æхсæв рухс ахуыссын кæндзысты, фæ- лæ сæ сæ кусæндæтты æхсæв рухс ахуыссын кæ- нын бирæ хæттыты ферох вæййы; библиотекæ- йы чингуытæ фæстæмæ нал фæдæттынц; æмдзæ- рæнтæ вæййынц чъизи, агъуысты дзаумæттæ арæх вæййынц сæстытæ. Цæмæн фыссын æз æппæт уыдæттæ? Æвзонг пионертæй ленинон суæвын кæй фæнды, уыдон хъуамæ мæт кæной æхсæнадон исбоныл, куыдфæндыйы цæстæй йæм ма кæ- сой. Уыцы мæт цымæ ныр ис? Алы хатт нæ вæй- йы. Бацу иуæй-иу скъоламæ æмæ дзы фендзы- нæ кардæй лыгтæ-лыгтæ стъолтæ, ног ахуырст къултыл цавæрдæр æдылы ныхæстæ фыст, кæ- нæ иу чидæр аивæй цырагъ раздыхта, иннæ алыг кодта тел, аннæ рудзынг асаста. Сывæл- лæттæ уый, хъазгæйæ, «ахынджылæг кæнын» хонынц, фæлæ уыцы «ахынджылæджы» миты 21
цагъары миногтæ æмæ æдылыдзинад цас и, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй. Ома, æз абон цы- рагъ куы ахæссон, скъолайы чиныг куы ньиь пырх кæнон, уæд уый цас стыр зиан у! Райсо- мы бон та æз иннæтимæ иумæ зардзынæн: «Мах стæм кусджыты æмæ зæхкусджыты æрыгон гварди», райсомы бон æз нæ къордимæ ацæу- дзынæн фабрикмæ, мæ сырх галстук мæ уæлæ, афтæмæй æмæ дзуапп дæтдзынæн, зæгъгæ, Ле- нины хъуыддагыл тох кæнынмæ мах «кæддæ- риддæр цæттæ» стæм. Афтæ нæ вæййы, ома? Лыстæг-ма æркæсут уæхи скъолайы цардмæ: ахынджылæг кæныны митæ уæм цымæ чысыл и, сымах уе ’ппæт дæр цымæ хорз мæт кæнут æхсæнадон мул- кыл? Мæнæн сывæллæттæ дзырдтой, зæгъгæ, а фæстаг рæстæджы скъолайы арæх рауайы ахæм хъуыддæгтæ, æмæ ахуыргæнинæгтæ æрмадзæй сæхимæ ахæссынц кусæндзауматæ, ахæссынц скъолайы тетрæдтæ æмæ скъолайы чингуытæ. Уыдон давынц æхсæнадон мулк, сæхи йæ бакæ- нынц. Æргомæй сын уый бакæнæн нæй, зæгъгæ, уæд æй бакæнынц сусæгæй. Вæййы ахæм хъуыддæгтæ дæр: фабричы кусгæйæ, сывæллæттæ уырдыгæй дæр истытæ ахæссынц: зæгъæм, кондитерон фабричы кусгæ- йæ, сæ дзыппытæ къафеттæй байдзаг кæнынц. «Сывæллæттæ къафеттæ бахордтой, уыйу про- дукци милуангай сомты аргъ чи дæтты,. ахæм 22
’фабрикæн цас зиан у?!» — афтæ хъуыды кæ- нынц уыдон. Амæй бæрæг у, иуæй-иу сывæллæттæ ма куыд чысыл æмбаргæ сты, уый. Уыдонæн нæдæр скъола, нæдæр сæ къорд нæ бацамыдта, нæ сын бамбарын кодтой, æхсæнадон исбонмæ цы цæс- тæй кæсын хъæуы, уый. Акæсут-ма уæ алыварсмæ, сывæллæттæ! Сы- мах уæд фендзыстут, зæронд цæстæнгас, хи ис- боны хицауы зæронд æгъдæуттæ ма адæмы æх- сæн куыд бирæ баззадис, уый,- Уыдоныл-иу куы æрныхас кæнат æмæ-иу куы ныффыссат, уæд уымæй хорз бакæндзыстут. Раст афтæ лæмбынæгæй цæст дарын хъæуы, уе скъолайы, уæ къорды цытæ цæуы, уымæ дæр. Цавæр цæстæнгас ис скъолайы æхсæнадон мулкмæ? Фаг мæт ис æви нæ скъолайы мулкыл? Архайут æви нæ ууыл, цæмæй уæ кълас, уе скъола, уæ библиотекæ, уе скъолайы цур зæхх уой сыгъдæг, биноныггонд, рæвдз арæзт, архай- ут æви нæ ууыл, цæмæй уын уыдон рæсугъддæр, •æнцонвадатдæр уой иумæйаг куыстæн, ахуыр кæнынæн, хъазынæн? Цытæ сарæзтатуе скъола- йы куыстæн баххуыс кæныны тыххæй? Библио- текæ æрæмбырд кодтат? Скъолайы пайдайæн хъазтизæр сарæзтат? Æви-иу къулæй плакаттæ ратыдтат, рудзгуытæ састат, ахуыры хъуыдда- гæн æххуысы дзауматæ хæлдтат? Мæнæ афтæ куы дзырдтой: «Алчидæр йæхи мæт кæны, хуыцау та — æппæты мæт», зæгъгæ, 23
сымах уыцы зæронд æгъдæутты фарс стут, æвиг æхсæнадон мулк, Ленин куыд амыдта, афтæ хъахъхъæныны фарс, æхсæнадон мулкыл мæт кæныны фарс? Уый тыххæй уæхи газетмæ ныф- фыссут. Кусджыты хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 1932 аз.
КÆНУТ ÆХСÆНАДОН КУЫСТ1 Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- ЛÆТТÆ! Сымах ныртæккæ тох кæнут, скъолайы хорз зегъдау цæмæй уа, ууыл, тырнут ахуыры хъуыц- даджы хъазуатонтæ уæвынмæ. Сымах зонут, зо- нындзинад кæй у стыр тых, æмæ, паддзахы заман куыд уыдис, афтæ хъуамæ ма уа: уæд зо- нындзинæдтæ уыдысты помещикты, капиталист- ты æмæ сæ лæггадгæнджыты къухы, фæллой- гæнджытæ, кусджытæ æмæ зæхкусджытæ та æнахуыргонд æмæ талынг уыдысты, уымæн æмæ сын фадат нæ лæвæрдтой. Зонындзинæдтæ райсыныл тох — уый стыр хъуыддаг у. Фæлæ скъолайы сымах вæййут æрмæст 5— 6 сахаты, иннæ рæстæг та вæййут скъолайы нæ, фæлæ æндæр рæтты — адæмимæ, хъомылты æх^ 25
сæн æмæ зонут, сæ мæт цæуыл вæййы, уый, хъу- сут сын сæ ныхæстæ, хъусут, хæдзары, уынджы, кæрты адæм цы дзурынц, уый. Сымах уæд хъуыды кæнын райдайут цардыл æмæ уынут, рацаразинæгтæ ма дзы бирæ кæй ис, уый. Сымахæй бирæтæ пионертæ сты. Уæ раз- дзæуджытæ уын, æвæццæгæн, дзырдтой, пионер уæвынæн æрмæст сырх галстук дарын æгъгъæд кæй нæу, уый тыххæй. Йæхи пионер чи хоны, уый хъуамæ æххуыс кæна цард фæхуыздæр кæнынæн, хъуамæ хъуыды кæна, уыцы хъуыддагæн куыд бакæнæн и с, ууыл. Æмæ алы пио- нер дæр уыцы хъуыддагæн хъуамæ æххуыс кæ- на канд скъолайы нæ, фæлæ алкæм дæр. Науæд афтæ дæр вæййы: скъолайы «пионер — æппæт сывæллæттæн фæзминаг», фæлæ куыддæр скъо- лайæ рацæуа, афтæ бынтон æндæрхуызон фес- т,ы, пионер кæй у, уый дзы ферох вæййы, кино- мæ куыд амалæй бахауон кæнæ та кæм цы ра- кæнон, зæгъгæ, ууыл свæййы. Æхсæнадон куыст кæнын кæй хъæуы, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нал вæййы, зарæджы ныхæстау, ома, больше- виктæн æнæ мæн дæр ницы у, зæгъгæ. Æхсæнадон куыст цы у, уый сывæллæттæй: бирæтæ дзæбæх не ’мбарынц. Уый у ахæм куыст, æмæ цард фæхуыздæр кæныныл æмдых- æмзондæй куы фæархайынц. Дзырдæн зæгъæм, сымах цæргæ цы хæдзарьг кæнут, уым ис сывæллæтты цæхæрадон, фæлæ 26
дзы сывæллæттæн хъазæнтæ нæй æмæ æнкъард кæнынц; уæд цалдæрæй иумæ къорд саразут, чысыл сабитæн иу-цалдæр хъазæны скæнут, ра- дыгай сæм цæут семæ хъазынмæ. Кæнæ та сы- мах уынут, цæргæ цы хъæуы кæнут, уым кæй ис, чиныджы кæсын æмæ фыссын чи нæ зоны, ахæм сывæллæттæ кæнæ хъомылдæртæ — сæ афон куы уыдис, уæд истæй тыххæй сæ къухы нæ бафтыди скъоламæ цæуыы. Ахуыр кæнын сæ фæнды, фæлæ сæ чи ахуыр кæна, уый нæй. Ба- цархайут уыдонимæ кусын райдайыныл, ссарут сын гæххæтт кæнæ тетрæдтæ, алыхуызон чин- гуытæ æмæ сæ ахуыр кæнут, уæхæдæг цы ба- зыдтат, ууыл. Уый тынг ахъаззаг хъуыддаг у. 1\æнæ та уæ хъæуы ис хъомылты скъола. Уым ахуыр кæнынц географи, фæлæ сын картæтæ нæй. Сымахæн уæ бон у картæтæ скæнын, сы- мах ууыл ахуыр кæнынц — стæй сымахæй би- рæтæ уарзынц картæтæ кæнын, гъемæ, уыцы хъуыддагæн хуыздæр куыд саразæн ис, ууыл æрныхас кæыут. Хъомылты скъолайы ахуыргæ- нинæгтæ уæ тынг фæбузныг уыдзысты. Кæсæн- донæн, сырх къуымæн скæнут Испанийы стыр картæ, бацæттæ кæнут гæххæттæй конд сырх æмæ сау чысыл тырысагæндтæ, сæрдзæвæнтыл сæ бафидар кæнут æмæ сæ, хæст кæмыты цæуы, уыцы бынæтты æртъыссут, уый фæстæ сæ æф- сæдты цыдмæ гæсгæ ивгæйæ. Хъусгæ чи кæн- дзæни, ахæм адæймæгты къорд бамбырд кæнут æмæ сын, зæгъæм, æртæ бонæй æртæ бонмæ 27
докладтæ кæнут, тох куыд цæуы, уый тыххæй. Уыцы куыст тынг пайда уыдзæн. Кæнæ сымах федтат, искæцы кусæндоны чъизидзинад стыхджын и, æмæ уæд райдайут сыгъдæгдзинадыл тох — кæсæндоны, хæрæндо- ны, сывæллæтты рæвдауæндоны, сывæллæтты цæхæрадоны. Уыдæттæ æз афтæ дзырдæн зæгъын. Хъуамæ уæхæдæг кæсат, уæ алыварс хъуыддаг æвзæр кæм у, уымæ, иумæ-иу æрныхас кæнат, иу кæнæ иннæ хъуыддагæн цæмæй æмæ куыд баххуыс кæнын уæ бон у, ууыл. Æххуыс кæнут хъомыл æхсæнадон кусджы- тæн, æмæ уæд сымахæй рауайдзæнис æцæг æх- сæнадон кусджытæ, Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ чи арæхсы, ахæмтæ. 1938 аз.
ХЪУАМÆ ЗОНАТ СÆРÆЙ ÆМÆ КЪУХТÆЙ КУСЫН Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ! Сымах зонут, хъазайрæг- тæ дарыны бар ма куы уыдис, уæд нæ бæстæйы кæй уыд дыууæ сæйраг къла- сы: помещикты кълас æмæ капиталистты кълас. Зæхх уыди помещикты къухы, æмæ зæхкусджы- тæ уыдонæн куыстой боныцъæхтæй суанг бата- лынгмæ, сæ сывæллоны бонтæй суанг бынтон базæронды онг. Помещиктæ уыдысты эксплуа- тацигæнæг кълас, зæхкусджытæ — эксплуатаци- гондцæуæг кълас. Помещиктæ æппындæр уæнгдыхы куыст нæ кодтой. Уæнгдыхы куыст нымад уыдис «сау» куыстыл. Бакæсут-ма нæ хуыздæр фысджыты уацмыстæ, помещикты æмæ хъазайраг зæхкус- джыты цард кæм æвдыст у, ахæмтæ. Бакæсут- ад
жа, ’зæгъæм, Гончаровы роман «Обломов», ба- .кæсут Щедрины æмæ æндæр фысджыты уац- мыстæ, хъазайраг цард кæм æвдыст у, ахæмтæ. Помещиктæ æгæр-мæгуыр сæ хæдзæртты дæр ницы куыстой, сæхæдæг сæ гæрзтæ скæнын, сæ сæр ныффасын дæр нæ зыдтой, дардтой лæггад- гæнæг сылгоймæгтæ, хæринаггæнджытæ, сывæл- лонгæстæ, хуиджытæ... Æлдæрттæ ахуыр кодтой кæсын æмæ фыссыныл, иучысыл кодтой зондады куыст; уый сæ хъуыдис хицауиуæг кæны- нæн, хи ирхæфсæн чингуытæ кæсынæн. 4>æстæ- дæр, æфсæйнаг фæндæгтæ аразын куы байдыд- той, машинæтæ куы фæзынд, фабр.иктæ æмæ заводтæ куы фæзынд æмæ капиталистты кълас куы сфидар ис, уæд уыдон райдыдтой кусджыты эксплуатаци кæнын, кусджыты фæллойæ цæ- рын. Капиталистты кълас эксплуатаци кодта кус- джыты, уыдоны фæллойæ хъæздыг кодта. Ка- питалисттæ дæр, помещикты хуызæн, кодтой зондады куыст, уый сæ хъуыдис хицауиуæг кæ- нынæн, къаманды кæнынæн æмæ сæхи ирхæф- ’сынæн, кусджытæ та, зæхкусджыты хуызæн, кодтой «сау» куыст, уæнгдыхы куыст. Рауадис ахæм дихдзинад: помещиктæ æмæ капиталист- •тæ, сæ кæрæдзиимæ æнгом баст уæвгæйæ, код- ’той æрмæст зондады куыст. Кусджыты æмæ :з&хкусджыты дардтой æнахуыргондæй, цæмæй сын хицауиуæг кæнын æнцондæр уыдаид, уый •тыххæй. Зæхкусджытæ æмæ кусджытæ — экс- ЛО
плуатацигонд чи цыд, уыцы кълæстæ — кодтой цæнгдыхы зын куыст, фæлæ сын исты хуызы бæстон, арф зонын^зинæдтæ райсынмæ фæндаг æхгæд уыди. Зондады куыст æмæ уæнгдыхы куыст кæрæдзимæ тынг дард уыдысты. Скъолатæ дæр алыхуызæттæ уыдысты: поме- щикты æмæ капиталистты цотæн арæзт цыди астæуыккаг æмæ уæлдæр скъолатæ, уым-иу сы- вæллæттæ цы базыдтой/уый сын æххуыс уыди зондады куыст кæнынæн. Кусджыты æмæ зæх- кусджыты цотæн та арæзт цыди, уый дæр стæм рæтты, хæрз хуымæтæг райдайæн скъолатæ, зо- ныпдзинæдтæй æрмæст чысыл муртæ кæм рай- стаиккой, ахæмтæ, стæй арæзт цыди алыхуызон ремесленнон скъолатæ æмæ профскъолатæ, чи- ныджы æгъдауæй сæ бирæ кæм нæ ахуыр код- той, фæлæ сын æрмæст уæнгдыхæй куысты бав- налæнтæ кæм амыдтой, ахæмтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, капитализмы уавæр- ты дæр хъуыдысты службæгæнджытæ — техник- тæ, мастертæ, бухгалтертæ, фелсыртæ, ахуыр- гæпджытæ, алы куысты чиновниктæ æмæ афтæ’ дарддæр, зондады куыстæй дæр иуцасдæр зо- нындзинæдтæ кæмæ уыдаид, ахæмтæ. Службæ- гæнджыты уæлдæр фæлтæртæн — инженертæ,, дохтыртæ æмæ агрономтæн — сæ фылдæр куыс- той капиталисттæм æмæ помещикт&м. Зæхкус- джыты æмæ кусджыты цотæй уый онг сахуыр кæнын сæ къухы æфтыд æрмæст искуы-иутæнг иннæтæ-иу арæхдæр уыдысты, йæ мулк’ чи ныс- ЗС
сатар кодта, ахæм помещикты æмæ капиталист- ’ты цотæй. Уæнгдыхы куыст нымад уыдис дæлдæр æвæрд, æгад куыстыл; уæнгдыхы куыст кодтой, -æндæр гæнæн нæй, зæгъгæ, æрмæст уæд. Ныр мах бæстæйы нал ис помещиктæ æмæ капиталисттæ, нал нæм ис эксплуатаци, æмæ нæм арæхстджын уæнгдыхы куыст сси кадджын. Стахановон уæвын кад æмæ намысы хъуыддаг у. Уæнгдыхы куыст чи кæны, уыдонмæ Советон хицауад кæсы бынтон æндæр цæстæй, кæны сæ размæ. Стæй ныр уæнгдыхы куыст дæр, наукæ æмæ ’техникæ размæ кæй цæуынц, уый руаджы сси •æндæрхуызон. Раздæр хъуыдис уæрдоны иф- тыгъд бæх т’æрын, ныр та хъæуы автомобиль кæнæ паровоз тæрын. Раздæр-иу рудзынджы раз бадгæйæ, æлхуийæ æлвыстой, ныр та хъæ- уы, зæгъæм, дæс æлвисæн машинæмæ цæст да- рын. Раздæр хуым кодтой дзывырæй, ныр та — ’тракторæи. Машинистæн дæр, хъуымацуафæн фабричы "кусæг сылгоймагæн дæр æмæ тракто- ристæн дæр хъуамæ уа арæхстджын къухтæ, фæлæ ма сæ зонындзинæдтæ дæр хъæуынц, хъуамæ ар’æхсой сæрæй .дæр æмæ къухтæй дæр кусынмй. МаркС, Энгельс, Ленин æдзухдæр дзырдтой фæллойадон хъомыладыл, уыцы хъомылад ны- рыккон техникæйы бындурыл арæзт куыд цæуа, афтæй’æй., дзырдтой, уæнгдыхы куыст æмæ зон- 32
дады куыст кæрæдзийæ иртæст кæй сты, уымæн кæрон скæныныл. Ныр сæйраг хъуыддаг у — зо- нындзинæдтæй дзыллæты сифтонг кæнын! Мах- мæ æвæрд æрцыд ахæм закъон, цæмæй сывæл- лæттæ се ’ппæт дæр ахуыр кæной скъолаты, скъо- латы ахуырмæ хъусдардцæуы зæрдиагæй, фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ нæ сывæллæттæй ра- уайа, палтойы цæппæр бахуийын, æхсыр сфы- цын, хи цырыхъхъытæ ныссæрфын, тилифонæй адзурын чи нæ зоны, машинæмæ куыд бавналын хъæуы, бæхмæ куыд базилын хъæуы, уыдæтгæ чи нæ зоны, ахæм буцхаст магусатæ. Социализ- мы бæстæйы нæ хъæуынц буцхаст магусатæ. Хъæуынц арæхстджын, гæрзарм къухтæ, хæдза- ры мидæг æмæ алы куысты дæр, уыимæ техни- кон куысты дæр, алцæмæ чи арæхса, ахæм къухтæ. Буцхаст æмæ æнарæхст чи у, уый папани- нонты бынаты цы кодтаид? Иуæй-иу сывæллæт- тæ æрæджы дæр ма афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ цыма социализмы уавæрты æппындæр ку- сын нал хъæудзæн, Нæ, социализмы уавæрты кусынц иууылдæр, æрмæст уый у æндæрхуызон куыст, бирæ æнцондæр, æнтыстджындæр, зæр- дæмæдзæугæдæр куыст. Уый помещикæн æмæ капиталистæн кусынау нæу, уый у иумæйаг пай- дайæн куыст. Æрмæст ахæм куыстæн хъæуы зо- нындзинæдтæ, арæхсын хъæуы уыцы зонындзи- нæдтæ царды æвдисынмæ, алыхуызон кусæн- дзауматæй архайынмæ, машинæты куыст ара- 2 Писмотæ пирмертæм 33
зынмæ. Адæймагмæ хъуамæ зонындзинæдтæ дæр уа æмæ, кæцы куыстмæ куыд бавналын хъæуы, уымæ дæр хорз арæхса. Æмæ сымах, пионертæ æмæ пионеркæтæ,, хъуамæ æдзухдæр уæхи ахуыр кæнат зондады куыст дæр æмæ уæнгдыхы куыст дæр кæныныл; уæнгдыхы куыст кæныныл сахуыры тыххæй хъуамæ спайда кæнат æппæт фадæттæй: техыи- кон станцæтæй, скъолаты æрмадзтæй, пионер- ты Галуанты æрмадзтæй; аразын хъæуы алы куыстытыл ахуыры къордтæ. Уыцы хъуыдда- джы уын тынг феххуыс уыдзысты кусджытæ* æмæ колхозонтæ — æхсæнадон куыстгæнджытæ,. нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, уыдон уын сæхи фæлтæрддзинадæй бахай кæндзысты. Сы- мах хъуамæ суат социалистон фæллойы æмбар- гæ, рæвдз æвæрд фæллойы кусджытæ. Нæ со- циалистон паддзахадæн сымах хъуамæ суат ста- хановонты хуызæн хорз, арæхстджын кусджы- тæ. Фæлæ сымах зонут, социализмы бæстæ ка- питалисттæн кæй у сæ цæсты сындз, уыдон æй ныппырх кæнынмæ кæй хъавынц. Уыдон с<е шпионты руаджы фæлвæрдтой гадзрахатæй цæу-< джытæ фылдæр сæмбырд кæныныл, бухари- нонты, троцкистты хуызæттæ. Нæ бæстæйы йæ зонгуытыл æрлæууын кæнын уыдонæн нæ бан- тысдзæн. Гадзрахатæй цæуджытæ иугæйттæ сты, фæлæ милуангай дзыллæтæ фидар лæу- уынц социализмы фарс, уыдон сты хорз иугонд„ 34
æмзæрдæ. Знаг, миййаг, куы æрбалæбура, уæд ын ныхкъуырд раттын базондзысты. Газетты сымах фæкæсут Испанийы хæстыты тыххæй, сымах зонут, уыцы хæстыты техникæ, аэроплантæ, машинæтæ куыд бирæ ахадынц, уый. Сымах цæттæ стут Райгуырæн бæстæ ба- хьахъхъæныны тыххæй сыстынмæ, фæлæ уæм техникон зонындзинæдтæ куы нæ уа, арæхст- джын къухтæ уын куы нæ уа, уæд уæ цытджын социалистон Райгуырæн бæстæ æцæгæй хорз бахъахъхъæнын уæ б’он нæ бауыдзæн, Пионертæ, пионеркæтæ! Социалистон куыст кæнынмæ, уæ социалистон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ, Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ,ут! 1938 аз. 2*
ÆМБАРГÆ ÆГЪДАУЫ ТЫХХÆЙ V Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- ЛÆТТÆ! Сымах зонут, ныртæккæ æппæтæн дæр’ мæтаг хъуыддаг кæй у, сабитæ скъолайæ куы ацæуынц, уæд сæхи куыд фæдарынц, уый. Иу- æй-иу сывæллæттæ сæхи дарынц, раст цыма уыдонæй æгæнондæр ми бакæнын ничиуал ба- зонид, афтæ: трамвайтыл æрцауындзæг вæй- йынц, хылтæ кæнынц, искæй ассонынц, æвзæр дзыхæй дзурынц — иуныхасæй, худинаг митæ кæнынц. Стыр мæты сты ахуыргæнджытæ, стыр мæты сты ныййарджытæ. Уый фæдыл къорд æм- бьфды уыдис ныййарджытæн. Æрæмбырд-иу сты æмæ-иу ууыл ныхас кодтой ахуыргæнджьг- тæ, фæскомцæдисонтæ. Уыцы фыдуаг митæ стьгр горæтты сты уæлдай арæхдæр. Хъæутæй экс- 36
курсийы чи æрбацæуы, уыцы сабитæ дис фæкæ- нынц, фæзæгъынц: «Сывæллæттæ афтæ æнæгъдау цæмæн сты? Мах фæцæйцыдыстæм, æмæ ныл дур- тæ æхсын систой...» Иухатт мæм милиционертæ æрбацыдысты æмæ мын дзырдтой, сывæллæттæ трамвайтыл, автомобильтыл куы æрцауындзæг вæййынц, уæд дзы уæнгхъуагæй цал баззайы, цал дзы фæмард вæййы, уый тыххæй. Уæлдай арæхдæр фæмард вæййынц кæнæ цæнкуылтæй баззайынц лæппутæ. Æмæ, милиционертæм хъусгæйæ, мæ зæрдыл æрбалæууыд, иу ахæм фыдуаг гыццыл лæппу, 10—12-аздзыд, трамвайы бын куыд фæ- цис, уый. Трамвай йын йæ дыууæ къахы дæр ахауын кодта, æмæ лæппу, машинæйы бын хуысгæйæ, æнæ банцайгæйæ хъæр кодта: «Ма- мæ! Ма-мæ!» Фæлæ йæ мад никуыцæй зындис, стæй йын æниу цы феххуыс уыдаид! Ахæм хабæрттæ ныр чысыл нæ вæййы, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алы мад дæр йæ сывæл- лонæн тæрсы. Скъоладзауты æмбырдты, пионер- ты æмбырдты сабитæ дзырд раттынц, трамвай- тыл ауындзæг нæ кæндзыстæм, хылтæ нæ кæн- дзыстæм, нæхи хорз дардзыстæм, зæгъгæ, фæ- лæ сæ сæ дзырд ферох вæййы. Сывæллæттæ, сымах хъуамæ уæхæдæг зæр- диагæй бавналат ацы хъуыддагмæ, хъуамæ йын уæхæдæг кæрон скæнат. Кæннод æппæт уыдæт- тæм кæсын зæрдæйæн хъыг у. Цæмæн у хъыг? Уымæн æмæ махмæ хорз сывæллæттæ рæзы. 37
Хаттæй-хатт искæцы чызгмæ кæнæ лæппумæ куы байхъусай, уæд фендзынæ, царды хъуыд- дæгтыл зæрдиагæй кæй хъуыды кæнынц, уый. Æз уæм æрæджы писмо ныффыстон, уæ кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæм уæ цæст цæмæй дарат, уый тыххæй. Дзуаппæн мæм æрцыди цалдæр сæдæ писмойы, æмæ уыдонæй бирæтæ иттæг хорз сты. Уæлдай тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыди, Ки- ровы горæтæй иу лæппу, IV къласы ахуыргæни- наг, цы писмо æрбарвыста,-уый. Саби фыссы, зæгъгæ, æдзухдæр хъуыды кæны ахæм хъуыд- дагыл: цы саразын хъæуы, цæмæй сывæллæттæ се ’ппæт дæр хъомыл кæной хорз æмæ сæ ра- уайа, революцион тохгæнджыты чи раивдзæнис, ахæм домбай фæлтæр. Уый цæры зын фадæтты, æмæ йæхи тыххæй афтæ фыссы: «Хаттæй-хатт мæм-иу æвзæр хъуыдытæ дæр фæзынди, хъа- выдтæн адæмæй давын райдайынмæ. Фæлæ мæ- хиуыл ныххæцыдтæн. Уымæн æмæ æз давæг куы суон, уæд уымæй æгас Советон Цæдис дæр æгад кæны». Гъеуымæй зæгъæн ис, рæзы æцæг коммунист, фидар ныфсы хицау, зæгъгæ; уый æппæтæй уæлдæр æвæры иумæйаг. хъуыддаг, хъахъхъæны ССР Цæдисы ном. Гъемæ, адæй- маг ахæм хорз сывæллæттимæ куы аныхас кæ- ны, уæд ын, хылтæ æмæ трамвайтыл фæсте ацауындзæг уæвын чи уарзы, уыдонмæ кæсын уæлдай маст вæййы. Сæхиуыл хæцын нæ фæ- разынц. Сæ хъæбатырдзинад уымæй равдисын- 38
мæ хъавынц. Фæлæ уый цæй хъæбатырдзинад у? — æрмæстдæр æдылыдзинад. Уæндон адæй- мæгтæ-иу уыди буржуйтæй дæр, кулактæй дæр, фæлæ уæндон адæймаг уæвын уыйас диссаг нæу; бирæ ахъаззагдæр, кадджындæр хъуыддаг у сæрæн, лæджыхъæдджын уæвын, фæллойгæн- джыты хъуыддагæн æппæт хъарутæ раттынмæ, куы бахъæуа, уæд та хи ауæлдай кæнынмæ дæр, цæттæ уæвын. Лæджыхъæд равдисынæн хъæуы ныфс, хиуыл хæцын -зонын, хи лæмæгъдзинад басæттын, уый йедтæмæ исты æгæнон ми ракæ- нынæн уыйас бирæ хъарутæ нæ хъæуы. Хылгæ- наг чи у, трамвайтыл кæнæ автомобильтыл чи æрцауындзæг вæййы, уыдонмæ иуварсæй кæсын нæ хъæуы, стæй сæ фæзмын дæр нæ хъæуы, фæ- лæ-иу сæм сæ ницæйаг миты тыххæй фæсмон куыд æрцæуа, афтæ сын кæнын хъæуы. Тырнын хъæуы уымæ дæр, цæмæй адæйма- гæн фидар кæна йæ удыхъæд, фидар кæна йæ ныфс. Адæймаг хъуамæ арæхса йæхимидæг тарст, æнæныфсдзинад, фæллад кæнæ мæсты- гæрдзинадыл уæлахиз кæнынмæ. Цæмæн? Уый зын бамбарæн нæу. Адæймаг æнæныфс куы уа, уæд алкæй къухы дæр уыдзæни хъазæнхъул. Æмæ уæд уымæй Ленины хъуыддагыл, социа- лизмы хъуыддагыл тохгæнæг кæцæй рауайа? Ис ахæм æмбисонд: «Иу лæгæй æфсад нæй». Уый раст у. Æмвæнд-æмзондæй архайын хъæ- уы. Нæлгоймаг æмæ сылгоймаг кусджытæ уый хорз зонынц. Æмвæнд-æмзондæй уыдон тох ЗЙ
кодтой помещикты æмæ капиталистты ныхмæ— æмæ фæуæлахиз сты. Æмвæнд-æмзондæй ку- сынц зæронд цард ног хуызы рацаразыныл — æмæ сæ куыст цæуы рæвдз. Уæдæ æмвæнд-æмзондæй тох кæнын, зæгъ- гæ, уый цы амоны? Уый афтæ амоны, æмæ алчи- дæр кæны, йæ зæрды куыд æрæфта, афтæ нæ, фæлæ иумæ куыд баныхас кодтой, иумæ куыд бауынаффæ кодтой, афтæ. Иумæ тох кæнынæн, иумæ кусынæн кæддæриддæр хъæуы бæлвырд- бæрæг æгъдæуттæ. Хъæуы æмбаргæ æгъдау. Æмæ адæймаг уыцы æгъдауыл хъуамæ йæхи ахуыр кæна йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ. Æгъдау канд скъолайы нæ хъæуы. Сымах хъуа- мæ уе ’вдæлон рæстæг дæр, пъланмæ гæсгæ, иу- мæ æрвитат. Уæд æнкъард нæ кæндзыстут, стæй уын фылдæр пайда фæуыдзæн. Ахуыр кæйынæй æвдæлон рæстæг — уый аф- тæ æмбаринаг нæу, æмæ ома уæлгоммæ хуысс æмæ чъырттытæ кæн. Уымæй æнкъарддæр ма цы уа! Ахуырæй æвдæлон рæстæг канд уый тых- хæй нæу, æмæ æдзухæй дæхи ирхæфсай, æдзух киномæ æмæ театрмæ цæуай. Уæд тагъд сфæл- мæцдзынæ, дæ зæрдæ сæм нал райдзæн. Зонын хъæуы адæмы цардæн пайдайаг æхсæнадон куыст кæнын. Ахæм хъуыддæгтæ бирæ ис: уынг- ты бæлæстæ æмæ дидинджытæ садзын, уынгты фæлгонц рæсугъд кæнын; стæй, æвзонг натура- листтæ цы иртасæн куыст фæкæнынц, уый дæр, æмцегады куыст дæр, чингуытæ хæлиу кæнын 40
’дæр æмæ афтæ дарддæр æмæ æндæр ахæмтæ. Æрмæст дзы хъуамæ ма рауайа æдзух ^мбырд- тæ аразыны, «хæстæ» æххæст кæныны хъуыд- даг, фæлæ уа, зæрдæ кæмæ райы, иудзинадыл чи ахуыр кæны, ахæм коллективон куыст. Фидар кæнут пионерты организаци, сывæл- лæтты бархи æхсæнадтæ, уæ цард аразут иудзи- нады бындурыл, уæ организацимæ кæнух æппæт сывæллæтты — афтæмæй кæрон скæнæн ис æнæ- гъдаудзинад, фыдуагдзинад <æмæ æдылы ми- тæн. Организацийы бон бирæ у! Ленины хъуыд- дагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 1935 аз.
ÆППÆТ НАЦИТЫ СЫВÆЛЛÆТТЫ ÆХСÆН ХÆЛАРДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- ЛÆТТÆ! Сымах зонут, паддзахы заман Уæрæсейы чи царди, уыцы нациты-иу помещиктæ æмæ ка- питалисттæ куыд æфхæрдтой, сæ туг сын куыд цъырдтой, уый. Ахæм нацитæ Уæрæсейы тынг бирæ уыдис. Æмæ уыдонæн æппындæр ницы бартæ уыд. Паддзахы хицауад алы мадзæлттæй архайдта, алыхуызон нацитæ кæрæдзимæ хæс- тæг цæмæй ма цыдаиккой, ууыл, иу нацийы ар- дыдта иннæйыл: тæтæры сомихыл (хъуыддаг 1905 аз уый онг стынг и, æмæ тæтæр æмæ сомих райдыдтой кæрæдзийы цæгъдын), уырысы дзут- тытыл æмæ афтæ дарддæр. Сымах, æвæццæгæн, чингуыты кастаиккат, черносотенецтæ-иу дзут- тытæн цы æбуалгъ митæ бакодтой, куыд сæ дæ- 42
рæн кодтой, уый тыххæй. Черносотенецтæ-иу бабырстой дзуттыты хæдзæрттæм æмæ фатер- тæм, ныффалгæрон сæ-иу кодтой, ахастой сын- иу сæ мулк, фыднад сын кодтой, мардтой зæ- рæдты, сылгоймæгты, сывæллæтты, уæнгхъуæг- тæ-иу сæ фæкодтой. Æмæ сын уыдæтты тыххæй макæзæгъæг нæ уыди. Цæрджыты æхсæн арæх уыд ахæм цæстæнгас, цыма, уырысæй чи нæу, уыдон цавæрдæр дæлдæр адæмы мыггагæй сты. Владимир Ильич дзырдта, сывæллон уæвгæйæ, стæй та æвзонг лæппу уæвгæйæ, уый æдзух кæй хъуыста ахæм ныхæстæ горæт Симбирскы цæр- джытæй: дзуттаджы кой куы рацыдаид, уæд сын æнæ зæгъгæ нæ уыди «жид», зæгъгæ, поляка- джы тыххæй æнæ зæгъгæ нæ уыди — «полячиш- кæ», армайнаджы тыххæй — «армяшкæ». Фæлæ уый канд Симбирскы нæ уыд — афтæ уыди алы ран дæр. Æз гыццылæй цардтæн Бетъырбухы, Псковы губернийы, Киевы — алы ран дæр уыди уыциухуызон. Уæрæсейы цы адæмты хаттытæ цардис, уы- дон паддзахы хицауад дардта талынджы, æиа- хуыргондæй, æнцондæр эксплуатаци кæнæн куыд уыдаиккой, афтæ. Бирæ адæмы хаттытæв æгæр-мæгуыр дамгъæтæ дæр нæ уыди сæхи æв- загьтл, иннæ адæмы хаттытæн та сæхи мадæлон æвзагыл фыссыны, чингуытæ æмæ газеттæ уа- дзыны бар нæ лæвæрдтой. Советон хицаудзинад уайтагъд кæрон скодта уыцы хъуыддагæн, æппæт нацитæндæр радта 43
уырысимæ æмхуызон бартæ æмæ æппынæдзу- хæй дæр уæлдай фылдæр мæт кæны, ауды фæс- тæзад нацитыл. Рæзы æмæ фидар кæны, мах Советон Социалистон Республикæты Цæдисы чи цæры, уыцы адæмты хæлардзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы нацитæй уæвæг пионертæ хъуамæ цæрой хæларæй, кæрæдзийæн æххуыс кæной алцæмæй дæр. Æмæ фылдæр хатт уæвгæ дæр афтæ вæййы. Фæлæ рауайы афтæ дæр, æмæ уырыссаг пионертæм афтæ кæ- сы, цыма иннæ нациты сывæллæттæ культурон æгъдауæй фæстæдæр, дæлдæр лæууынц. Иу сы- вæллæтты хæдзары пионертæ — уырыссæгтæ— мæнмæ кæддæр фыстой Таджикистанæй: «Ма- хæн нæ алыварс цæрынц таджик. Мах зонæм, паддзахы хицауад уыдоны æфхæргæ кæй код- та, уый. Мах куы сдынджыртæ уæм, уæд сын баххуыс кæндзыстæм культуронтæ суæвынæн». Уыцы писмойæн сын æз радтон ахæм дзуапп, зæгъгæ, паддзахы заман æфхæрд, ссæст чи уы- ди, уыцы нациты граждантæ ныр гъæйттæй ахуыр кæнынц, уыдонæй бирæтæ сысты стыр разамонæг кусджытæ. Æз ныффыстон пионер- тæм, зæгъгæ, хæстæгдæр бацæут таджикаг сы- вæллæттæм, семæ балымæн ут, зæгъгæ, иннæ нациты сывæллæттæй бирæтæ сты тынг æгъдау- джын, уыдон зонынц хорз кусын, зарын, нывтæ кæнын, дæсны сты топпæй æхсынмæ. Уыцы сы- вæлл^еттæм бирæ ис, райсыны, бафæзмыны ак- каг.чи у,,дхæм хъуыддæгтæ, фæлæ уыдонæн дæр 44
æххуыс кæнын хъæуы, уæхæдæг цы зонат, уый сын бацамонын. Æппæт нациты сывæллæттæ дæр хъуамæ цæрой лымæнæй, хæларæй.' Афтæ фæндыди Ленины... Мæ зынаргъ сывæллæттæ, ССР Цæдисы æп- п;æт адæмы хаттыты пионертæ æмæ пионеркæ- тæ! Сымахæй бирæтæ фехъуыстаиккой сæ фы- дæлтæй æмæ сæ мадæлтæй, зæрæдтæй, уырыс- саг помещиктæ æмæ капиталисттæ уын уæ адæ- мы куыд эксплуатаци кодтой, талынг æмæ æбар уавæрты сæ куыд дардтой, уыдæттæ, æмæ, мий- йаг, сымахæй исчи хатгай æнæууæнчы цæстæй куы акæса уырыссаг сывæллæттæм. Ленин мæт, сагъæс кодта... ууыл, цæмæй ССР Цæдисы æп- пæт адæмтæн дæр уа æмхуызон бартæ, цæмæй уыдонæн уа рæзыны æмæ фидар кæныны фа- дат, цæмæй æппæт нациты сывæллæттæн — лæп- ттутæн дæр æмæ чызджытæн дæр — уа хорз цард. Махмæ ницы ис ахæмæй, æмæ нæхи кæ- рæдзийæ дард цæй фæдыл ласæм; лымæнæй цæрут уырыссаг сывæллæттимæ, кæрæдзийæн зеххуыс кæнут ахуыры хъуыддаджы, æхсæнадон куысты, иумæ тох кæнут социализмыл, æфсæст, æнæниз, культурон, зæрдæрухс цард аразыныл, Ленины хъуыддагыл. Ныр æппæт скъолаты дæр райдайдзысты уырыссаг æвзаг ахуыр кæнын. Хи мадæлон æв- загæй уæлдай ма ноджыдæр иу иумæйаг, уы- рыссаг, æвзаг зоныны руаджы кæрæдзимæ но- 45
джы хæстæгдæр кæндзысты ССР Цæдисы æп- пæт адæмтæ дæр. Уырыссаг æвзагыл ис тынг бирæ чингуытæ, уыдоны фыст ис революцийы тыххæй, адæмы знæгты тыххæй æмæ, сæ ныхмæ* куыд тох кæнын хъæуы, уый тыххæй, цард ног æгъдауыл куыд аразын хъæуы, уый тыххæй. Уырыссаг æвзагыл ис бирæ чингуытæ скъолайы ахуыр кæнынæн, ис бирæ наукон фæллæйттæ. Уыцы хъæздыг литературæмæ фæндаг байгом кæнын хъæуы æппæт нацитæн дæр, баххуыс кæ- нын сын хъæуы, наукæтæй хайджын цæмæй уой,. уымæн. Алы адæмы хаттытæн се ’взаг арæх тынг æндæрхуызон вæййы уырыссаг æвзагæй. Ис ахæм æвзæгтæ, кæцыты, зæгъæм, дзырдтæ кæ- рæдзийæ нæлы æмæ сылы æгъдауыл иртæст нæ’ цæуынц, æмæ сывæллæттæ уырыссаг æвзаг ахуыр кæнын куы райдайынц, уæд бирæ рæстæг дзурынц рæдыдтимæ, уыдон фæзæгъынц: «Ва- ня пошла спать» кæнæ «Маша пошел домой». (Ис ахæм æвзæгтæ, æмæ дыууæ æмхъæлæсон дамгъæйы фæрсæй-фæрстæм кæм никуы сæм- бæлынц. Ахæм нацийæ уæвæг сывæллæттæ уы- ’рыссаг æвзаг ахуыр кæнын куы райдайынц, уæд ницы амал фæарынц «три», зæгъгæ, зæгъынæн æмæ фæзæгъынц «ри». Ис ахæм æвзæгтæ, дам- ’гъæтæ «к» æмæ «х»-йы æхсæн, дамгъæтæ «б» æмæ; «п»-йы æхсæн, хъауджыдæрдзинад бæрæг кæм нæу, æмæ афтæ дарддæр. Æмæ сывæлЛæт- тæ диктовкæ куы фæфыссынц, уæд кæнынц би~ 46
рæ рæдыдтæ; тынг зæрдиагæй фæфыссынц æмæ та уæддæр рауайы «æвзæр». Хорз кæсын æмæ фыссын базоныны тыххæй уыдон хъуамæ раздæр-раздæр сахуыр уой уы- рыссагау дзурын. Æмæ уый тыххæй та хъæуы уырыссагау арæхдæр дзурын. Алы нацитæй уæвæг сывæллæттæ хъуамæ лымæн, хæларæй цæрой уырыссæгтимæ, хъазой иумæ, тезгъо кæнынмæ цæуой иумæ; уымæй фæстæмæ ма хъуамæ арæх кæсой уырыссаг æв- загыл радзырдтæ, зæрдыл æнцон бадарæн чи у, ахæм уырыссаг æмдзæвгæтæ, зарой уырыссаг зарджытæ — уыдæттæ сын баххуыс кæндзысты уырыссаг æвзаг тагъддæр базонынæн. Мæнæн мæ фыд уыдис революционер. Уый фæндыдй, цæмæй æз хæлар уыдаин æндæр на- цитæй уæвæг сывæллæттимæ. Фондз азы мыл куы цыди, уæд мах цардыстæм Варшавæйы. Æмæ-иу æз кæрты хъазыдтæн полякаг, дзуттаг æмæ тæтæйраг сывæллæттимæ. Мах-иу хъазы- дыстæм тынг хорз; уыдыстæм-иу тынг хъæл- дзæг. Исты дзæбæхаг-иу нæ искæмæ куы уыдис, уæд-иу æй æнæ йе ’мбæлттæ нæ хордта. Тæтæй- раг сывæллæттæ-иу мæ ахуыдтой, кæрты цы тгьалаткæ уыд, уырдæм, уым цардысты сæ ный- йарджытæ, кусгæ та кодтой цавæрдæр стыр агъуыст аразыныл. Тæтæйраг сывæллæттæ мын- иу уым бахæрын кодтой бæхы.фыд, аемæ маем тынг хаёрзад к;асти. Дзуттаг лаедпу у’ыди мæнæй иу-æртæ.азы хистæр. ,Уый мæм,уынг вдрз.дæс^ 47
тæй тсасти, æз æй бирæ уарзтон, уый мæ-йу хорз федта дзул æмæ тад хуыйы фиуæй. Полякаг лæппутæ мæ-иу хорз федтой «тястечкæтæй» — пирожнæтæй. Нал æй хъуыды кæнын, æз та сæ- иу цавæр хæринагæй хорз- федтон, уый, фæлæ мах тынг хæлар æмæ хъæлдзæг цард кодтам> Æмæ фæстæдæр, куы фæхъомылдæр дæн æмæ, дзуттаг сывæллæтты куыд æфхæрынц, æхсæна- дон цæхæрадæттæм сæ кæй нæ уадзынц, ахуыр кæнынмæ сæ кæй нæ уадзынц, полякты куыд æфхæрынц, уыдæттæ-иу куы фехъуыстон, уæд мып-иу тынг хъыг уыдис. Уый.фæстæ æз цард- тæн Полтавæйы губернийы иу хъæуы, уым-иу хъазыдтæн украинаг хъæууон лæппутимæ, са- хуыр дæн украинагау дзурын; мæнмæ тынг дзæ- бæх кастысты украинаг зарджытæ, украинаг цардæххæст хъæутæ. Мæнæн ныр дæр æхсызгон вæййы, украинаг пионертæй писмотæ куы рай- сын, уæд. Владимир Ильичæн йæ фыд, Илья Николае- вич, уыдис адæмон скъолаты директор — горæт Симбирскы. Уый-иу æдзухдæр тынг зæрдиагæй йæ цæст дардта æмæ æххуыс кодта æндæ^ на- циты — мордвинты, чувашты æмæ иннæ адæмы хаттыты сывæллæттæн. Владимир Ильич уый уыдта, уыцы хъуыддаг йæ зæрдæмæ цыди, æмæ Гимназы фæстаг къласы уый æнæхъæн афæдз йæ) уроктæ ахуыр кодта иу чувашаг æмбал Ого- роднйковимæ иумæ, æххуыс ын кодта уæлдæр скъоламæ бацæуыйæн æмæ йын баххуыс код- 48
та — Огородникоз тынг хорз слæвæрдта экза- мен. Æз фидарæй мæ зæрдæ дарын, сывæллæт- тæ, сымах, кæцыфæнды нацитæй куы уат, уæд- дæр хæларæй кæй цæрдзыстут, кæрæдзийæн æх- хуыс кæй кæндзыстут ахуыры хъуыддаджы, уæ удыхъæд сфидар кæныны хъуыддаджы, кусын зоныны хъуыддаджы æмæ уыцы фронтй дæр, кæй суыдзыстут æцæг ленинонтæ* 1938 аз.
ЛЕНИНЫ БОНТÆМ АЗЕТ «ПРАВДÆЙЫ» НО- МЫРЫ мыхуыргонд æрцы- ди ахæм хъусынгæнинаг, зæгъгæ, горæт Мæскуыйы Совет уынаффæ ра- хаста, цæрæн хæдзæртты цы сывæллæтты уæт- тæ æмæ сырх къуымтæ ис, уыдоны куысты тых- хæй. Уыцы хъусынгæнинаг афтæ зæгъы: «Цæрæн хæдзæртты уынаффæйады хъуыддаг ног æгъдауыл аразгæйæ, Мæскуыйы иуæй-иу районты советтæ сæхгæнынц, хæдзæртты цы сы- вæллæтты уæттæ æмæ сырх къуымтæ ис, уыдон æмæ сын сæ агъуыстытæ фатертæн раттынц кæ- нæ та сæ бацахсынц алыхуызон куыстуæттæн. • Ахæм митæ æнæмæнг хæлды хос сты, хæ- дзæртты управленитæ цæрджыты æмæ уыдоны сывæллæтты æхсæн цы культурон куыст кæ- .50
нынц, уымæн, уыдон къуылымпыйы хос стьг,. ССР Цæдисы Сæйраг Советмæ æвзæрстыты кампанийы рæстæджы тынг чи рапарахат и,. уыцы дзыллон-политикон куыстæн. Уый бынтон æнæныббаргæ хъуыддагыл нымайгæйæ, Мæс- куыйы Советы президиум сæрмагонд уынаффæ- йæ цæхгæр бацамыдта, сывæллæтты уæттæ æмæ- сырх къуымтæй æндæр хъуыддæгтæн пайдагонд. куыд нæ цæуа, афтæ. Уыцы культурон ахстæттæ сæхгæнын чи ба- уагъта, уыцы районты советты сæрдартæн фæ-- дзæхст æрцыди, цæмæй сæ фæстæмæ байгом кæной фæстагдæр æмгъуыд ацы аз 1 февралмæ. Райсоветты сæрдартæ ма ахæм хъуыддæгтæ- куы æруадзой, уæд сæрмагондæй сæхæдæг уы- дзысты дзуапдæттæг». Уыцы уынаффæ нын æвдисы, махмæ хицауад культурæйыл, сывæллæттыл зæрдиагæй кæй ауды, уый. Сывæллæттæ Мæскуыйы Советы президиум- æн æрмæстдæр бузныг зæгъой, уый æгъгъæд нæу. Æз гуырысхо нæ кæнын, сабитæ се ’ппæт дæр — пионер чи у, уыдон дæр æмæ, пионер чи нæу, уыдон дæр — уыцы уынаффæйæн дзуапп кæй ратдзысты хъуыддагæй æмæ пионертæ кæй суыдзысты æцæг амидингæнджытæ сывæллæт- ты уæттæн æмæ сырх къуымтæн æххуыс кæны- ны хъуыддаджы, стыр хъæппæрисдзинад æмæ- актийондзинад кæй равдисдзысты уыцы хъуыд- даджы. 51
Æз кæддæр уыдтæн Мæскуыйы горæты пио- иерты æмæ октябронты хæдзары (Мæскуы, Сто- панийы уынг, 6-æм хæдзар). Уый у хæрзарæзт æмæ рæсугъд хæдзар, ис дзы бирæ алыхуызон къордтæ хорз разамонджытимæ, цæуы йæм би- рæ сывæллæттæ. Фæлæ мæнмæ хорз нæ фæкаст, сывæллæттæ мын се ’хсæнадон куысты тыххæй кæй ницы радзырдтой, уый. Мæнмæ ма афтæ дæр фæкасти, цыма уыцы куыстмæ сæ хъус тынг нæ дарынц. Афтæмæй та, æхсæнадон куыст нæ кæнгæйæ, нæй ленинон суæвæн... Æз исын бирæ писмотæ сывæллæттæй, уы- дон мæм иуæй-иу хатт æрбарвитынц сæ ра- дзырдтæ æмæ се ’мдзæвгæтæ. Уыдонæн хъæуы литературон æххуыс кæнын сæ куысты мидæг, хъæуы сын бацамонын. Гъемæ æз куырдтон Пионерты хæдзары литературон къордæй, уыцы хъуыддаджы мын куыд баххуыс кæной, афтæ. Æмæ сæ знон райстон ахæм писмо: «Фыссынц дæм Мæскуыйы Сывæллæтты хæ- дзары литературон студийы уæнгтæ. Дæ курдиат Дын сæххæст кодтам. Сядемаг скъоладзау Сережæ Кузнецовы æмдзæвгæтыл, Ды нæм кæй æрбарвыстай, уыдоныл мах æрны- хас кодтам нæ фæстаг æмбырды æмæ сæ рав- зæрстам тынг бæстон, рæнхъгай. Сæ темæмæ гæсгæ Сережæйы æмдзæвгæтæ нæ зæрдæмæ фæцыдысты, фæлæ сæм аивадон æгъдауæй нырма бирæ хъæнтæ ис, кæд дзы дзæ- бæх рæнхъытæ ис, уæддæр. 52
Мах писмо ыыффыстам Сережæмæ æмæ йын бацамыдтам йе ’ппæт хъæнтæ дæр, стæй сын ра- нæй-рæтты куыд срастгæнæн ис, уый дæр. Уый нырма дзæбæх нæма зоны литературæйы теори, æмдзæвгæтæ фыссыны æгъдæуттæ, стæй, æвæц- цæгæн æмæ, Пущкины, Лермонтовы, Маяков- ■скийы æмæ æндæр поэтты æмдзæвгæтæй бирæ нæ ахуыр кæны æнæ чиныгмæ кæсгæйæ-иу сæ тсуыд радзура, афтæ. Æмæ йæм мах уыдæттæ ныффыстам, загъ- там ын, стыр поэттырдæм де ’ргом аздах, зæгъ- гæ. Нæ амынддзинæдтæ хус ныхæстæй цæмæй нæ баззайой, уый тыххæй та йын сфæнд кодтам цалдæр чиныджы арвитын лæварæн, Пушкины, Лермонтовы, Маяковскийы чингуытæ, стæй ли- тературæйы теори ахуыргæнæн чиныг дæр. Сережæ цæргæ дард кæны, æмæ сæхи хъæ- уы, хъуамæ, ахæм чингуытæ не ’ссардзæн. Ныр уый йе ’мдзæвгæтæ æрвитдзæни ком- коммæ мах къордмæ, æмæ йын мах алы хатт дæр дзуапп дæтдзыстæм. Мах æнæзивæг æххуыс кæндзыстæм æппæт сывæллæттæн дæр. Зынаргъ Надеждæ Константиновнæ, мах нæ- хи амондджын хонæм, Ды уый бæрц бирæ стыр хъуыддæгты æхсæн мах къорды кæй нæ ферох кодтай æмæ мах дæ зæрдыл кæй лæууæм, уый тыххæй. Дæ писмо нын æрхаста бирæ цин æмæ Дын Дæ сидтæн: «Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ 53
цæттæ ут!» — мах дзуапп дæттæм: «Æдзухдæр цæттæ стæм!» Æз тынг бацин кодтон уыцы писмойыл. Мæскуыйы горæты Пионерты хæдзар бабæ- рæг кæнгæйæ, æз канд литературон къорды нæ уыдтæн. Æз уыдтæн аивадон къорды дæр. Æа бафарстон аивадон къорды лæуд сывæллæтты: «Цавæр æхсæнадон куыст кæнут сымах?» Уы- дон мæм дисгæнгæ æрбакастысты. Иу бæрзондг гомау чызг загъта: «Æз кæнын нывтæ». Мæ зынаргъ сывæллæттæ, аивадон къорды уæнгтæ, мæнмæ гæсгæ, сымахæн уæ бон у бирæ баххуыс .кæнын, цæрæн хæдзæртты цы сывæл- лæтты уæттæ æмæ сырх къуымтæ ис, уыдоны куыстæн, сымахæн уæ бон у, Мæскуыйы Совег цы аудындзинад ’равдыста сывæллæттыл, уымæн хъуыддагæй дзуапп раттын. Аивадон æрмадзæй æз ацыдтæн хуийджыты æрмадзмæ. Уым чызджытæ нывæфтыдтæ код- той алыхуызон гыццыл къухты кæлмæрзæнтыл æмæ хисæрфæнтыл. Æз бафарстон уыдонæн сæ разамонджыты: хуыздæр, зæгъын, нæ уаид, хуи- йæн æрмадзы сывæллæттæ канд нывæфтыдтæ- кæныныл нæ, фæлæ ма нывтæ кæрдын æмæ хуи- йыныд дæр куы ахуыр кæниккой, уæд? «Нæ,— дзуапп мын радтой разамонджытæ,— нывтæ ^кæрдын æмæ хуийыныл сывæллæттæ ахуыр кæ- нæнт сæхимæ. Æркæс-ма, араббаг хуыдæй куыд рæсугъд нывтæ кæнынц...» Мæ зынаргъ сывæл- 'лæттæ,;. мфнмæ ,гæсгæ-,. сымахæн уæ бон, у„ мах {54
фæнды хуийын æмæ кæрдыныл ахуыр кæнын, зæгъгæ зæгъын, æмæ уæ бон бауид, сывæллæт- ты уæтты æмæ сырх къуымты нывтæ кæрдын æмæ хуийыныл ахуыры къордтæ арæзт цæмæй æрцæуа, уымæн баххуыс кæнынæн. Сымах, пио- неркæтæ, æхсæнадон цардарæзтыл лæууæг адæймæгтæ куы стут. Техникрн æрмадзтæм æз нал бацыдтæн: бай- рæджы мын ис; сывæллæтты техникон станцæ- ^йы лæуд фæсивæд мын цы радзырдтаиккой, уый нæ зонын. Мæ зынаргъ сывæллæттæ, Мæскуыйы Пио- нерты хæдзары пионертæ, æрхæстæг кæнынц Ленины бонтæ! Æмæ уæ курын: уæ алы секци дæр, уæ алы къорд дæр æрныхас кæнæд, цæрæн хæдзæртты мидæг сывæллæтты уæттæн æмæ сырх къуым- тæн баххуыс кæныны тыххæй цы сæ бон бауид, къордты уæнгтæ, секциты уæнгтæ цы самал кæ- никкой, ууыл. , Газет «Комсомольская правда»-йы, «Пионео- ская правда»-йы ныффыссут уæ уынаффæтæ, ныффыссут Пионерты æндæр хæдзæрттæм, уæ- хи æнгомдæр сбæттут кæрæдзиимæ. Уымæй ис тынг хорз хъуыддаг рауайæн, уæ- хицæн дæр уын бирæ цин чи æрхæсдзæни, ахæм. Уæ куысты уын феххуыс кæндзысты хæдзары æфсинтæ, Сæйраг Советмæ æвзæрстыты рæстæ- джы ахæм стыр активондзинад чи равдыста, уыдон, баххуыс уын кæндзысты фæскомцæдис. 55
скъола, ахуыргæнджытæ, библиотекæтъг куо джытæ, политикон рухсады кусджытæ æмæ æн- дæртæ. Æрмæст уе '’хсæнадон куыст афтæ сардзын хъæуы, цæмæй уый къуылымпыйы хос ма уа, фæлæ æххуыс кæна уæ ахуырæн. Нæ хъæуы хъал митæ кæнын, æгæр дардьгл æвналын, фæ- лæ райсын хъæуы, уæ бон цы бауыдзæн, ^ахæм куыст. Зынаргъ сывæллæттæ, Ленины хъуыддагыл тохмæ цæттæ ут! 1938 аз.
ПИСМО К0ЛХ030Н СЫВÆЛЛÆТТÆМ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ^ ТÆ-КОЛХОЗОНТÆ! Советон хицаудзинады дыууын азы бонмæ уын æрвитын большевикон салам, Мæ зæрдиаг арфæ уын у, цæмæй сымах суат нæ цытджын Райгуырæн бæстæйы аккаг граждан- тæ, цæмæй сымах зонат Ленины хъуыддаг кæ- ронмæ ахæццæ кæнын. Ивгъуыд заманты, хицауиуæггæнæг ма по- мещиктæ æмæ капиталисттæ куы уыдысты, уæд- иу зæхкусджытæ сæ зæрдæ дардтой кæнæ хуы- цауыл кæнæ та «хæларзæрдæ æлдарыл». Сау- джынтæ уыдысты помещиктæн æмæ капиталист- тæн лæггадгæнджытæ. Адæмы уыдон ахуыр кодтой, помещиктæн æмæ капиталисттæн пайда цы уыдис, ууыл. Зæхкусджытæн æмæ кусджы- 57
тæн уыдон раздæр-раздæр афтæ амыдтой: «хуы- цау фæрæзта æмæ махæн фæдзæхста»; амыдтой’ сын æфхæрддзинадæн, мæгуыр æмæ дæвдæг цардæн, æбар цардæн фæразын, быхсын. Тынг хъæбæрæй дзырдтой, зæгъгæ, кæмдæр дард ран, æрвты, ис дзæнæт. Нæ тæхджытæ арв сæхи къухты хуызæн бæстон сбæрæг кодтой, æмæ- дзы иу хуыцау дæр, иу дзæнæт дæр нæ разынд. Ныр æй алчидæр зоны, сауджынты уыцы тау- рæгътæ иууылдæр сайд кæй сты, уый. Зæдтæ дæр дзы нæ разынди уæларвыл. Сауджынтæ амыдтой, зæрдæ дарын хъæуы хуыцауыл, зæгъ- гæ. Уый, дам, алцыдæр сараздзæн. Талынг зæх- кусджытæ сæ зæрдæ дардтой хуыцауыл, сæ зæр- дæ дардтой хæларзæрдæ æлдæрттыл дæр. Иу ахæм талынг зæронд ус-иу æнхъæлмæ касти, «мæнæ æлдар æрбацæудзæн, æлдар нын нæ дзырддаг хъуыддаг равзардзæн», зæгъгæ. Фæ- лæ сæм хæларзæрдæ æлдæрттæ æххуысмæ нæ цыдысты, æцæг сын-иу сæ сойтæ æнæвгъау цъырдтой. Помещиктæ æмæ капиталисттæ канд сæхи бæстæйы кусджыты æмæ зæхкусджыты не стыгътой. Уыдон ма афтæ стыгътой фæстæзад- дæр бæстæты кусджыты æмæ зæхкусджыты дæр. Капиталисттæ æмæ помещиктæ 1914 азы сæ кæрæдзиимæ сбыцæу сты, чи сæ кæцы бæстæ стигъа, ууыл. Райдыдтой хæст, бирæ бæстæтæ заууатмæ чи æртардта, милуангай адæмы чи бацарæфтыд кодта, ахæм хæст. Бафæрсут-ма, 58
уæ мадæлты аймæ уæ фыдæлты, уыдон уын ра- дзурдзысты уыцы стигъæн хæсты хабæрттæ. Фæллойгæнæг адæм уыцы тугуарæн хæст никуы ферох кæндзысты. Большевиктæ расидтысты: «Фесæфæд хæст!», «Фесæфæнт помещиктæ æмæ капиталисттæ!», «Æгас цæуæд æппæт адæмты хæлардзинад, æгас цæуæд Интернационал!» Октябры Стыр революцийы бонты махмæ, Уæрæсейы, æппæрст æрцыд помещикты æмæ капиталистты хицаудзинад. Хицаудзинад сæхи къухмæ райстой кусджыты, зæхкусджыты æмæ салдæтты депутатты Советтæ. Æрæгмæ æрæвæрдтой сæ гæрзтæ помещик- тæ, капиталисттæ æмæ уыдоны фæсдзæуинтæ, æрæгмæ æрæвæрдтой сæ гæрзтæ бонджынтæ, кулактæ,— паддзахы, помещикты æмæ капита- листты рæстæджы æнæмæт цард кæмæн уыдис, уыдон иууылдæр. Бирæ рæстæджы дæргъы цыдис граждайнаг хæст, цалынмæ Советон хицаудзинад бынтон- дæр æрфидар и, уæдмæ. Рæзын байдыдта про- мышленность, хуыздæрæй-хуыздæр кодта хъæу- уон хæдзарад, цард кодта хъæздыгдæр, рæзыди культурæ, фидар кодта Сырх Æфсад. Советон хицаудзинадæн йе стырдæр æнтыстдзинæдтæ^ иу у колхозон хæдзарады сфидар. Колхозтæн зæхх, машинæтæ иумæйаг сты. Хъæууон хæдза- рады колхозон скæнын уыди Ленины бæллиццаг фæйдон: • * 59
Ленин кусджытæн æмæ зæхкусджытæн æдзухдæр амыдта, цæмæй уыдон куыстаиккой æмвæнд-æмдыхæй, кæрæдзийæн æххуыс код- таиккой зæрдæрухс, культурон цард аразынæн, адæм иууылдæр хъæздыг кæм цæрой, иу иннæ- йы фæллой кæм нæ хæра, ахæм цард аразынæн. Ленин уыди колхозтæ аразыныл иузæрдион тох- гæнæг. Ленин куы амарди, уæд ын йæ хъуыд- дагыл дарддæр кусын райдыдта парти. Махмæ парахатæй рæзын байдыдта колхозон цард, ног æгъдауыл цæуын байдыдта куыст. Машинæтæ кусын байдыдтой быдырты, адæм фембаргæдæр сты. Мæ зынаргъ сывæллæттæ-колхозонтæ, кусут Ленины хъуыддаг дарддæр рæзын кæныныл,. цыдæриддæр амал ис, уый кæнут, æппæт адæмы цард бонæй-бон зæрдæрухсдæр, культурондæр, хъæздыгдæр цæмæй кæна, уый тыххæй. Фылдæр кæсут чингуытæ, ахуыр кæнут дзæбæх,— сымах бирæ зонын хъæуы. Ахуыр кæнут, куыд амал ис, афтæ хæлардæр цард кæныныл, кæрæдзи- йæн куысты мидæг, ахуыры мидæг æххуыс кæн- гæйæ. Афтæ саразын хъæуы, цæмæй æцæг æм- балад уа уе ’хсæн, алы нацитæй уæвæг сывæл- лæтты æхсæн, лæппутæ æмæ чызджыты æхсæн, кæстæртæ æмæ хистæрты æхсæн. Тыхджындæр чи у, фылдæр чи зоны, арæхст- Ажындæр чи у, уыдон хъуамæ æххуыс кæной, къаддæр чи зоны, лæмæгъдæр чи у, уыдонæн. Хъæуы ма афтæ бакæнын дæр, цæмæй аргъ 60
кæнат иумæйаг исбонæн. Кæд æмæ сывæллæт- тæ федтой — быру ныффæлдæхт, уæд æм бази- лун хъæуы; кæд æмæ чъизи гæххæттытæ хæ- лиутæй лæууынц,— бафснайын сæ хъæуы; кæд, æмæ рухс дзæгъæлы судзы — ахуыссын кæнын æй хъæуы; кæд æмæ исчи гыццыл сывæллоны. хъыгдары — йæ сæрыл сдзурын хъæуы; кæд æмæ адæймаг æнахуыргонд у — сахуыр кæнын æй хъæуы кæсын æмæ фыссын. Æххуыс кæнын хъæуы хистæртæн, хъæуы ахуыр кæнын, лыстæг кæсын хъæуы цардмæ, хъуыды^ кæнын хъæуы царды æгъдæуттыл, иртасын хъæуы, Советон хицаудзинадæн лымæн чи у æмæ йын знаг чи’ у, уыдæттæ. Сымахæй хъуамæ.алчидæр хъару- джын уа зæрдæйæ, фæраза хи уромын, быхсын, хъуамæ алчидæр уа йæхиуыл хæцаг, хъæддых,. хъæбатыр, хъуамæ цæттæ уа фæллой кæнынмæ. æмæ нæ бæстæ хъахъхъæнынмæ. Салам уын, мæ зынаргъ сывæллæттæ! 1937 аз.
КУЫД ТОХ КÆНЫН ХЪÆУЫ ЦУХТÆ ÆМÆ ÆРÆДЩЫТÆ КÆНЫНИМÆ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- ЛÆТТÆ,! Сымах, æвæццæ- гæн, уе ’ппæт дæр кастыстут, ÆК(б)П-йы ЦК райдайæн æмæ астæуыккаг скъолайы тыххæй цы уынаффæ рахаста, уый: æвæццæгæн, уæхи мидæг ныхас кодтат, сымах, пионертæ, цыхуызы хъуамæ æххæст кæнат ÆК(б)П-йы уынаффæ, уый тыххæй. Мæн сымахимæ аныхас кæцын фæнды уый фæдыл. Ам æркæсын хъæуы иукъорд фарста- мæ. Фыццаг фарст — цы бакæнын хъæуы, сы- вæллæттæ иууылдæр скъоламæ хорз æмæ афо- йыл цæуын куыд байдайой, уый тыххæй. Сымах рахæсдзыстут уынаффæ: «Тох кæндзыстæм, цухтæ æмæ æрæджытæ куыд ничи кæна, ууыл». <#2
Уый раст у. Сымах пионертæ кæм стут, уым уьш хæс у афтæ бакæнын. Фæлæ куыд? Æппæты фыццаг хъуамæ бамбарын кæнат сывæллæттæн се ’ппæтæн дæр, уый ахъаззаг хъуыддаг кæй уу уый. Радзурут сывæллæттæн, Ленин куыд куыста, уый тыххæй, æдзухдæр-иу, цыфæнды фæллад. куы уыдаид, уæддæр, æмбырдмæ куыд цыди, раныхас кæнынмæ куыд цыдис, уый тыххæй. 1918 азы Ленин цæф куы уыдис, уæд-иу уый тынг тыхсти, Адæмсн Комиссарты Советы æм- бырдтæй цух кæнын, афтæмæй уым та ахъаззаг фарстатæ æвæрд ис, зæгъгæ. Куыддæр дзæбæх кæнын райдыдта, афтæ-иу дохтыртæм æрхаттиг тагъддæр мын бар раттут сыстынæн æмæ æм- бырдмæ ацæуынæн, зæгъгæ. Æппынфæстаг ын бар радтой. Сыстади, æмæ уæд йæ туг иууылдæр зæрдæйы айдзаг и, йæ цæсгом ныффæлурс и. Адæмон Комиссарты Со- ветмæ куы бацыди, уæд ыл, уым цы æмбæлттæ уыдис, уыдон иууылдæр тынг мæт кодтой æмæ бацархайдтой сæ куыст рæвдз ацæуыныл. Ленин никуы æрæджы кодта Адæмон Комиссарты Со- веты æмбырдтæм. Æмбырд-иу райдыдта 6 са- хатыл. Ильич-иу тилифоны трубкæ райста æмæ- иу дзырдта секретармæ — æмб. Фотиевамæ: «Куыд у, исчи æрбацыди? Ничима... Куыддæр дыууæ адæймаджы æрбацæуа, афтæ-иу мæм æрбадзур». Æмæ-иу æм Фотиева куыддæр тилифонæГг 65
лфæдзырдта, дыууæ кæнæ æртæ адæймаджы æр- -бацыди, зæгъгæ, афтæ-иу уадидæгæн фестади, гæххæттытæ йемæ айста æмæ-иу тагъд цыдæй араст и Адæмон Комиссарты Советмæ. Иууыл- .дæр æрæмбырд уой, зæгъгæ, уымæ не ’нхъæлмæ каст. Йæхæдæг-иу афоныл уыдис йæ бынаты. Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Адæмон Комис- сарты Советы æмбырдтæм иууылдæр цæуын райдыдтой æппын æнæ æрæджытæй. Сымах уый радзурут æппæт скъоладзаутæн, «æмæ уæд канд сымах, æвзонг ленинонтæ, нæ, фæлæ уыдон се ’ппæты дæр бафæнддзæни, Ле- нин куыд кодта, афтæ кæнын. Сымах ныхасмæ хъусгæйæ, фæрухс уыдзæн Светланæйы цæсгом, йæ цæстытæ сæрттивдзысты Владленæн. Фæлæ хъуыддагæн афтæ рауайæн дæр ис, •æмæ та иу-цалдæр боны фæстæ æрæджытæ кæ- ’нын райдайдзæни Владлен, цухтæ кæндзысты ’Светланæ, Сашæ, Сережæ. Уæд та куыд? Сау фæйнæгыл сæ ныффыссын хъæуы? Карз уайдзæф сын рахæссын хъæуы? Ома, уадз æмæ йæ æмбарой, æрæджы кæнын куыд у, уый! Дзырдæн зæгъæм, ныффыстат сæ, уайдзæф сын рахастат. Сывæллæттæн уый æхсызгон нæ уыд, фæлæ та уæддæр скъоламæ æрæджытæ кæнынц, :цухтæ кæнынц. ! Цы бакæнын хъæуы уæд? «Пионерты æхсæнæй йæ ацух кæнын хъæ- *уы»,— зæгъынц иуæй-иутæ. *64
Уый раст хъуыды нæ уыдзæн. Уый уыдзæн бюрократон ми. Сымах хъуамæ фехъуыстаик- кат, Ленин бюрократизмимæ куыд тох’ кодта, уый. Ленин афтæ нымадта, æмæ бюрократизм халгæ кæны куыст, нымадта йæ стыр фыдбылы- зыл. Дзырд «бюрократизм» равзæрди францусаг дзырд «бюро»-йæ, кæцы амоны — къантор, къæнцылар.. Бюрократизм — уый у . хъуыддагмæ ахæм цæстæнгас дарын, æмæ хъуыддагæн йæ апмæ лыстæг куы нæ фæкæсынц, хъуыддаджы- апмæ хъус куы нæ фæдарынц, фæлæ уæлæнгæйтты куы кæсынц æрмæст формæмæ, гæххæтмæ. Æмæ хъуыддагмæ æнæуд, уазал цæстæнгас куы фæдарынц, уæд гъеуый хуины бюрокра- тизм. Дзырдæн зæгъæм, рынчынмæ тагъд арви- тын хъæуы дохтыры. Арвитынц гæххæтт, хъуыд- даг кæмæй аразгæ у, ахæм искæцы кусæндонмæ, фæлæ уым та у æнцойбон. Дыккаг бон исчи æркæсдзæни уыцы гæххæт- мæ æмæ зæгъдзæн, раздæр уал афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй дохтыр арвитыны тыххæй кур- диат сфидар кæна æндæр кусæндон. Гæххæтт рарвит-барвит кæнынц иу кусæндонæй иннæмæ, рынчын. та æнæ фæкæсæгæй лæууы, афтæмæй йын тагъд баххуыс кæнын хъæуы. Сымахмæ, чи зоны, дис фæкæсдзæни, æз уын уыдæттæ цæмæн дзурын æмæ уын бюрокраг тизмы кой цæмæн кæнын, уый. Æз уын ацы .ны- хæстæ уымæн кæнын, æмæ пионертæм. дæр бю- 3 Писмотæ пионертæм 65
рократизэд хатгай. рззыны дзæвгар, æмæ уый та у тынг æвзæр хабар. Уæ куыстмæ лыстæг æркæ- сут, æцæ уæд фендзыстут*, хъуыддагмæ сьщах дæр арæх, кæй фæкæсут уæлæнгай, бюрократон вдестæй. Мæнмæ иу л.æппу фыста, банымадтой йæ ахуырæй цухтæгæнæгьщ æмæ йын уымæ гæсгæ нæ радтой уæлæдарæс дæр, иннæтæн куы лæ- вæрдтой, уæд, зæгъгæ. Уый та цæры скъолайæ фондз кцлометры. æддæдæр, æмæ йæ фæндагыл ис стыр дон. Дон уалдзæджы раивылди, лæппу- йæн скъоламæ бдцæуден никæуылты уыдис, аф- тæмæй йæ уæддæр аххосджыныл баньщадтоц. Æнæбюрократон æгъдауæй куыд бацæуæн ис æр,æджытæ æмæ цухтæ кæныны фарстмæ? Алы хатт дæр бæрæг кæнын хъæуы, чи цæмæ гæсгæ бдйрæджы кодта кæнæ фæцух кодта, уый. Кæд, миййаг, мад афтæ зæгъы, æмæ йæ чыз- джы æппындæр ницæмæн хъæуы скъоламæ цæ- уын — фæлтау йæ хæдзары бадæд æмæ базтыл нывæфтыдтæ кæнæд. Кæнæ та искæцы хæдзары æфсин баххуырсы гыццыл чызг йæ сывæллæттæм кæсыны тыххæй æмæ йæ скъолзмæ нæ уадзы: «Æз æй уьгй тых- хæй, ома, нæ баххуырстон, æмæ мын скъоламæ цæуа; хъуамæ мын мæ сывæллæттæм кæса». Ахæм ныййарджытыл æмæ ахæм хæдзары æфсцнтыл хъæуы, кæдæм æмбæлы, уырдæм хъаст кæнын. Махмæ закъон афтæ амоны, цæ- мæй сывæллæттæ се’ппæт дæр ахуыр кæной, .66
æмæ сывæллæтты скъоламæ чи нæ уадзы, уы- Доны та хъæуы ивар кæнын. Пионертæ хъуамæ уый самал кæной.. Ахуыргæнинагæн хатгай фадат дæр нæ вæй- йы скъоламæ цæуынæн. Мад ацæуы йæ. куыст- мæ, гыццыл сабитæ баззайынц бынтбн ?æвæгæ- сæгæй, æмæ уæд хъуамæ хæдзары исчи б’аззайа. Ахæм хъуыддаг кæм уа, уым ^баххуыс^кæнын хъæуы гыццыл сабиты рæвдауæндонмæ кæнæ сывæллæтты цæхæрадонмæ раттынæн, кæнæ та сын исты æххуыс самал кæнын хъæуы,«Сывæл- лæтты хæлæртты» Советы кæнæ фæскокцæдисы руаджы. Фæлæ иуæй-иу хатт аххосджын вæййы ахуыргæнинаг йæхæдæг дæр: и^: ахæм ахуыргæ- нинæгтæ дæр, æмæ сæхицæй цæугæ ракæны афоныл, фæлæ фæндагыл искæимæ хыл самай- дзæн, кæнæ та йæ зæрдæ æндæр исчердæм ах- сайдзæни, дзырдæн зæгъæм, марды фæцæйхæсгæ куы фена, уæд уырдæм, æмæ афтæмæй скъола- Мæ байрæджы кæндзæн. Уæд афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй йын, йæхи хуыздæр уромын чи фæразы абмæ йемæ хæлар чи у, ахæм æмбал баххуыс кæна: сæ хæдзармæ йæм-иу бауайæд, скъоламæ иумæ куыд цæуой, афтæ. Цухтæ æмæ æрæджытæн кæрон скæнынмæ куы сарæхсат, æрмæст гъеуæд фидæны уæ бон бауыдзæн куыстады дæр хъазуатонтæ уæвын. Æвзонг ленинон+æ, кусджыты хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 4931 аз,
АУÆРДЫН ХЪÆУЫ ХИ РÆСТÆГЫЛ ДÆР ÆМÆ ИСКÆЙ РÆСТÆГЫЛ ДÆР ш г ЛÆТТÆ! Сымах, кæй- зæ- гъын æй хъæуы, бакасты- стут, парти æмæ хицауад фæллойадон æгъдауы тыххæй цы уынаффæ рахастой, уый, алы ран дæр хъусут уый фæдыл ныхæстæ. Фæллойадон æгъдау æнгом баст у æндæр хъуыддагимæ — куыд ауæрдын хъæуы хи рæстæгыл. Уый у тынг стыр хъуыддаг, фыццаг бакастæн куыд зыны^ уымæй стырдæр хъуыддаг. Советон хицаудзинад куы ис, уыцы рæстæджы мах базыдтам бирæ цыдæртæ, махмæ бирæ ис фæллойады хъæба- тыртæ — стахановонтæ, йæ куысты иттæг хорз бæрæггæнæнтæ чи æвдисы, ахæмтæ. Уыдонæн уый сæ къухы бафты, искæй рæстæгыл æмæ-сæ- хи рæстæгыл ауæрдын кæй зонынц, дзæгъæлы йæ кæй нæ хардз кæнынц, уый руаджы. 68
Æз дызæрдыг нæ кæнын, сывæллæттæ, сыма- хæй алкæй дæр стахановон суæвын кæй фæнды, ууыл, æмæ сахуыр уæвын хъæуы хи рæстæгыл æмæ искæй рæстæгыл æцæгæй ауæрдын. Уыцы хъуыддагмæ бавналын хъæуы тæккæ абон. Алы пионер дæр хъуамæ дара иу тетрад æмæ хъуамæ уым алы бон дæр фысса, йæ рæстæг цæ- уылты хардз кæны, уый, хъуамæ йын .алы ми- нут дæр нымад уа,— цас рæстæг ын ацæуы ахуыр кæныныл, кусыныл, æхсæнадон куыстыл, йæ фæллад суадзыныл, фынæй кæныныл. Уади- дæгæн уый фендзæни, йæ рæстæг арæх дзæгъæ- лы кæй сафы, йæ рæстæг ын æндæр хуызы рай- уарын кæй æмбæлы, уый. Æз ма уæм уый фæ- дыл искуы ныффысдзынæн биноныгдæрæй. Ныр та уал зæгъдзынæн, рæстæг-иу фыццаг заманы, Советон хицаудзинады агъоммæ куыд хардзгонд цыдис, уый тыххæй. Помещикты хицаудзинады рæстæджы уыдон сæ рæстæгыл нæ ауæрстой: кусгæ нæ кодтой æмæ сын æвдæлон рæстæг би- рæ уыди, фæлæ ноджы къаддæр та ауæрстой сæ хъазайраг зæхкусджыты рæстæгыл, боныцъæх- тæй сауталынгмæ чи куыста, уыдоны рæстæгыл. Капитализммæ рахизыны дуджы фабрикты ми- дæг куысты рæстæгæн æвæрд æрцыди бирæ æгъ- дæуттæ, фæлæ хъæууон хæдзарады, мидхæдза- рады куысты, цардыуаджы мидæг рæстæг фыц- цагау хардзгонд цыди æнæхъолайæ, æнæсæрбæ- рæгæй. Æмæ нæм ныр дæр ма бирæ ис уыцы зæронд, 69
æрдæгхъазайраг цардæвæрды баззайæггæгтæ, уæлдайдæр нæ цардыуаджы. Хи рæстæг æмæ искæй рæстæг фæстауæрц кæнын нæ зонын — уый у æцæг æнæкультурондзинад, уый у культу-^ рæйы æгъдауæй æцæг æнахуыргонддзинад, æмæ йæ хъæуы тагъддæр фесафын, чиныджы кæсын æмæ фыссын нæзонындзинад куыд сафын хъæ- уы, афтæ. Адæймаг кæсын æмæ фыссын куы нæ зона> уæд йæ рæстæгæй тынг бирæ сæфы дзæгъæлы: кæм цы фыст ис, уый бакæсын, трамвайты но- мыр равзарын, хъусынгæнинаг бакæсын, адрис ныффыссын кæнæ хуымæтæджы писмо ныффыс- сын адæймаг йæхæдæг куы нæ зона, уæд æдзух- дæр йæ тыхтæ æмæ йæ рæстæгæй, зæгъæн куыд нæй, афтæ бирæ хардзгонд цæуы бынтон дзæ- гъæлы. Ныртæккæ æнахуыргонд уæвын куыд зиан у, уый, йæ сæр йæ уæлæ кæмæн ис, алы ахæм адæймаг дæр æмбары. Æмæ ма нæм уæд æнахуыргæндтæ цæмæн ис? Уымæн, æмæ æнахуыргæндтæ — уыдон сты, сæ рæстæгыл æппæты къаддæр кæмæн ауæрстой æмæ ауæрдынц, ахæм адæм. Æнахуыргæндтæн сæ фылдæр сты сылгоймæгтæ. Раздæр-иу лæг, миййаг, ауæрста йæ усы рæ- стæгыл, кæнæ ныййарджытæ ауæрстой сæ цоты, уæлдайдæр та чызджыты рæстæгыл? Стæй нæм ныртæккæ дæр, ома, чысыл и, цы, зæронд æгъдæутты баззайæггæгтæ? Хæдзары æфсинты рæстæгыл ’ ауæрдынц,. 70
миййаг, лæг кæнæ сывæллæттæ? Лæг кæнæ сьь вæллæттæ афоныл æрбацæуынц, миййаг, сихор хæрынмæ? Лæг куы йæ хæларимæ ныхасыл афæстиат вæййы, куы та æндæр исты, афтæмæй ус кæнæ мад та тагъд-тагъд байдайы бæрæг са- хатмæ сихор сцæттæ кæныныл, стæй йæ уæд иу- дæс хатты схъарм кæндзæн, ахуырмæ ацæуыны фадат ын нæй. Кæд æмæ йæм бархийæ культу- рон куыст кæнæг йæ хæдзармæ æрбацæуа, уæд- дæр та кæс, æмæ йæ лæг æрбацыди, кæнæ йæ фырт — фæскомцæдисон, йæ чызг — студенткæ, æмæ цалынмæ мады равдæла, уæдмæ нæ хæ- рынц. Æмæ уый та æфсæрмы кæны æрбацæуæ- гæй, ахуыры хъуыддаг сæрмæ нал хизы. Æз æв- дисæнæн æрмæст иу хъуыддаг райстон цардыуа- гæй. Фæлæ ахæм æвдисæйнæгтæ цал æмæ цал ис! Гыццыл чызджытæн сæ рæстæгыл, миййаг, ауæрдынц? Æххуырсты лæуд сылгоймæгты рæстæгыл,, миййаг, ауæрдынц? Ацы ран хъуыддаг ноджы- дæр æвзæрдæр у. Ныр рæхджы бæрæгбон кæндзыстæм 8 мар- тъийы бон — сылгоймæгты Æппæтдунеон блн;.. Пионертæн уый уыдзæни бæрæгбон, уыдон ра- зæнгарды ныхæстæ дзурдзысты уыцы бон. Фæ- лæ сын цæмæй уыдон хус ныхæстæ ма рауайой,, уый тыххæй æппæт пионертæ дæр, æппæт пио- неркæтæ дæр хъуамæ зæрдиагæй мæт кæной, ау- дой сæ мадæлтыл, сæ хотыл, æххуырсты лæуд 71
сылгоймæгтыл, æнахуыргонд чи у, уыдоныл, пионертæн куыд æмбæлы, афтæ. Ауæрдын хъæ- уы уыдоны рæстæгыл. Æмæ хи куыст сæвæрын хъæуы афтæ, цæмæй дыы æвдæлон рæстæг баз- зайа æнахуыргæндтæн æмæ чысыл ахуыргæнд- тæн æххуыс кæныны тыххæй. Тынг хорз уыдзæн, уыцы фронты цы кусут, уый тыххæй 8 мартъийы бон радзурын уæ бон куы бауа, уæд. Салам уын, сывæллæттæ! 1938 аз.
ДÆ ЦАРДÆН УАГ СÆВÆР ** ТÆ, профессортæ сæ цардæн сæвæрынц бæрæг уаг: изæрæй бахуыссынц афоныл, сыстынц раджы æмæ фæ- кусынц райсомы сахæтты, цалынмæ сæ сæр æвæллад вæййы, уæдмæ; Ьæ кæрæдзимæ аба- дынтæм-йедтæм фæцæуынц æрмæст стæм хатт, сæ рæстæг куыд хардзгонд хъуамæ цæуа, уый рагацау бæлвырд снысан кæнынц. Райсом хуыс- сæнæй сыстынæн, кусынæн, сихор бахæрынæн, фæллад уадзынæн, фынæй кæнынæн бæлвырд бæрæг сахæттæ снысан кæнынц æмæ уыцы æгъ- дау æххæст кæнынц фидарæй. Уый руаджы адæймаг кæны куыстхъомдæр, стæй йæ куыст- хъомдзинад фылдæр рæстæг ахæссы. - Æркæсæм-ма, кæддæра стыр ахуыргæндтæ, 73
номдзыд фысджытæ сæ рæстæг куыд хардз код- той. Райсæм Лев Толстойы. Уый фыста романтæ, повесттæ, радзырдтæ, ома кодта, зæгъæн ис, иу- дадзыгдæр равгæй аразгæ чи у, ахæм куыст, аф- тæмæй йæ рæстæг уыдис рагацау биноныг ны- сангонд. Райсомæй-иу фысгæ кодта æмæ куыс- та тынгзæрдиагæй, иу уацмыс-иу цалдæр хатты дзыхъхъынног хуызы рацарæзта. Фыссæгæн адæмæй иппæрд уæвгæйæ цæрæн нæй: уый хъуамæ æдзухдæр уына адæмы, йæ хъус сæм дара, хъуамæ сæ хорз æмбара. Æмæ Л. Толстой бæрæг сахæттæ лæвæрдта адæмимæ уæвынæн. Йæ рæстæгæй бæрæг сахæттæ хицæн кодта чин- гуытæ кæсынæн æмæ æндæр ахæм хъуыддæгтæн дæр. ...Раст афтæ куыста францусаг фыссæг Золя дæр. Уый цы бирæ романтæ ныффыста, уыдоны æвдыст æрцыди, æхсæнады алыхуызон фæлтæр- тæ капитализмы уавæрты куыд цæрынц, уый. Золя-иу сыстад райсомæй æхсæз сахатыл æмæ, Толстойы хуызæн, уый дæр фысгæ кодта рай-< сомы сахæтты, иннæ рæстæг та хардз кодта, йæ романты кæй æвдыста, æхсæнады уыцы фæл- тæрты цард æмæ хъуыдытæ хуыздæр базоны- ныл. Бакæсут номдзыд музыкантты, дзырдæн зæгъæм, Бетховены царды хабæрттæ, æмæ уæд сымах фендзыстут, роялæй цæгъдыныл уый куыд бирæ рæстæг хардз кодта, стæй йæ рæс- 74
тæг рагацау куыд бæстон нысангондтæ уыдис, уый. Ноджы биноныгдæр нысангонд вæййы сæ æстæг, æрдзы хъуыддæгтæ раиртасыныл чи ку- ы, уыдонæн, лабораторийы, анатомон театры Микроскопимæ чи кусы, уыцы дохтыртæн, ахуыргæндтæн. Бакæсут-ма, дзырдæн зæгъæм, Эдиссон, Луи Пастер æмæ æндæр ахуыргæндтæ куыд куыстой, уый тыххæй. Номдзыд хирург Кохер куы базæронд и, уæд дæр ма йæ рæстæг хардз кодта тынг бæлвырд нымадæй, бахуыссыны рæстæг-иу иу минут дæр уæлдай нæ бафæстиат и; цæмæй операци кæны- ны рæстæг йæ* къух фидар уыдаид, уый тыххæй алы бон дæр бæрæг афон хъазыди лаунтенни- сæй, æмæ аф. д. Æмæ ахæм æвдисæйнæгтæ сымах ссардзыс- тут мингæйттæ. Исты стыр хъуыддæгтæ бакæнын кæй фæнды, уый хъуамæ йæ рæстæг хынца æмæ йæ хардз кæна бæстон нымадæй. 1936 аз.
> ЛАГЕРТЫ ЦАРДЫ ТЫХХÆЙ ^^ æрхæццæ ис, сымах уæ лагер- ты куы фæцæрут, уыцы рæс- тæг, æмæ афтæ бакæнын хъæуы, цæмæй уын уый, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр фæпайда уа. Куыд æрвитынмæ хъавут уæ рæстæг? «Æна- хуыр фарст! — зæгъдзысты сымахæй бирæтæ.— Мах ныронг ахуыр кодтам, ныр та нæ фæллад уадздзыстæм!» Фæллад уадзын дæр зонын хъæуы. Ис ахæм фæлладуагъд, адæймагæн йæ уæнгтæ фидар кæмæй кæнынц, адæймаджы æм- баргæдзинад рæзын кæнынæн æххуыс чи кæны> фæлæ фæллад уадзæн ис ахæм хуызы дæр/æмæ адæймаг æрмæст фæллайгæ кæмæй бакаендзæн, æдылыдæр кæй руаджы кæндзæн. Хатгай сывæллæттæ афтæ æнхъæл вæййынц, 76
æмæ цыма фæллад уадзын — уый у иудадзыг- дæр æнцад бадын, кæнæ та æнæсцухæй хи ир- хæфсын. Фарон иуæй-иу пионертæ афтæ дзырдтой, ла- герты, дам, æнкъард кодтам, нæ дзы уыдис лод- кæтæ, портитæ æмæ æнд. ах. Сæхи-иу исты кæ- нын куы бахъуыд, зæгъæм, хуыссæн бафснайын кæнæ тæбæгътæ-йедтæ цæхсын, уæд-иу хъаст кодтой, «бафæлладыстæм», зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт пионертæ афтæ нæ кодтой,. фæлæ ахæм хъастгæнджытæ уæвгæ уыдис. Уы- мæн æвдисæн сты иуæй-иу къордты раздзæу- джытæ. Лагерты цæрыны рæстæгæй раздæр-раздæр* спайда кæнын хъæуы, адæймаг æнæниздæр æмæ* фæразондæр цæмæй кæна, уымæн. Куыд амал: уа, афтæ фылдæр рæстæг хъуамæ æрвитат, сыгъдæг уæлдæф кæм ис, ахæм рæтты. Æнæниз- дзинадæн зиан у, шашкæтæй хъазгæйæ кæнæ та алыхуызон æнæапп чингуытæ бафæллайыны онг кæсгæйæ, искæцы ран æнуд агъуысты бадын.. Хъуамæ æдзухдæр уат, сыгъдæг уæлдæф кæм ис, ахæм ран, кæнат змæлгæ, тезгъо кæнат. Æр~ мæст хи æгæр фæллайын кæнын хорз нæу. Пионерты кары уæвгæйæ, адæймаг йæ буар æгæр куы фæриссын кæна, уæд ын уый тынг зиан уыдзæн, æмæ ацы хъуыддаджы хъомыл адæймæгты фæдыл цæуын нæ хъæуы. Сæйраг- дæр хъуыддаг у бæрæг уаг сæвæрын: афоныл: сыст, афоныл бахуысс, хуыссæны уæвгæйæ чи- 77'
ныджы ма кæс, хи найгæйæ доны æгæр бирæ ма бад, хæринаг хæр бæрæг сахæтты, æххæст кæн тигиенæйы æгъдæуттæ (хæрды размæ къухтæ æхсын, схид уæвгæйæ уазал дон нæ нуазын æмæ æнд. ах.). Фæлæ уый хъуыддагæн æрмæст йæ иу хай у. Иннæ хай, къаддæр ахадындзинад кæмæн нæй, уый та у — лагерты цæрыны рæстæг афтæ æр- витын, цæмæй фæцахуыр уай, æцæг лениноны æнæмæнг чи хъæудзæн, ахæм æгъдæуттыл. Æцæг партион, æцæг фæскомцæдисон — уыдон ахæм адæймæгтæ сты, æмæ иумæйаг хъуыддаг кæддæриддæр хи царды хъуыддæгтæй уæлдæр чи æвæры. Цæмæн афтæ зæрдиагæй арфæ кæнынц æп- пæт дæр нæ тæхджытæн? Уымæн, æмæ уыдон, наукæйы сырæзтæн тынг æххуыс чи у, ахæм атахт сæххæст кæныны тыххæй сæ.удтæ æмæ сæ цардыл дæр нæ ауæрстой. Цæмæн афтæ тынг бузныг сты æппæт дæр испайнаг геройтæй? Уы- мæн, æмæ уыдон, фæллойгæнджыты хъуыддагыл тохгæнгæйæ, сæ цард æмæ суанг сæ сывæллæт- ты цард ауæлдай кæныныл дæр фæстиат нæ код- той. Кæд сымах нæ Коммунистон партийы исто- рийæ исты бакастыстут, уæд зондзыстут, парти- онтæ алкæм æмæ алкæд дæр, сæ бон цы уыд, уымæй кæй архайдтой ууыл, цæмæй фæллой- гæнджытæ хорз бамбæрстаиккой, тох кæнын цæуыл хъæуы, уый, цæмæй æппæт адæмæн дæр арæзт æрцыдаид æмбаргæ, амондджын æмæ 78
зæрдæрухс цард; уыдон æмбарын кодтой, уый тыххæй адæмы сæ тыхтæ куыд баиу кæнын хъæ- уы, уый. Зынаргъ сывæллæттæ, сымах хъуамæ тыр- нат уымæ, цæмæй уæм уа, Ленины хъуыддагыл тохгæнджытæм чи æмбæлы, ахæм миниуджытæ. Сымахæй алчидæр хъуамæ æмбара, хорз кæй нæу, æрмæст исты хъæлдзæгдзинæдтæ чи фæагуры, ахæм буц æмæ хиуарзон адæймæгтæ уадвын; алчидæр хъуамæ фæцахуыр уа цардмæ æмбаргæ цæстæй кæсыныл, фæцахуыр уа, адæ- мы цардæн пайда чи у, ахæм æхсæнадон куыст кæныныл. Хорз нæу хиуыл фервæссын; алчидæр хъуамæ æдзух йæхимæ йæ цæст дара, фæраза йæхи уромын, хъуамæ хъаст ма кæна, ма тъиза, «хорз нæ нæ хъомыл кæнынц», зæгъгæ, фæлæ йæхæдæг йæхи хъомыл кæна. Æхсæнадон куыст æххуыс у æмбаргæ æгъ- дау рæзын кæнынæн, æнгом кæны кæрæдзимæ, ахуыр кæны кæрæдзийы хуыздæр базоныныл, ахуыры, куысты мидæг кæрæдзийæн æххуыс кæ- ныныл, кæрæдзийæн аргъ кæныныл. Гъемæ уын лагерты куыст бирæ фадæттæ дæтты, уæхи аккаг чи у, ахæм æхсæнадон куыст кæнынæн. Адæмæй иуварс, иппæрдæй цæрын хорз нæу, хъуамæ хæларæй цæрат, лагертæм хæстæгдæр чи у, уыцы колхозты æмæ совхозты сывæллæт- тимæ; бæлвырддæр базонут, куыд цæрынц, культурон цард хъæуы куыд æвæрд у, æмæ 79
хъæууон сывæллæттимæ иумæ æрныхас кæнут^ уæ ног æмбæлттæн æмæ хъæуы цардæн цæмæй æмæ куыд баххуыс кæнын уæ бон у, стæй уы- донмæ та сымахæн бафæзминагæй цы ис, ууыЛ дæр. Уæ ног æмбæлттæн бацамонут ног зарджы- тæ зарын, фылдæр сын радзурут горæты тых- хæй, чиныджы цытæ бакастыстут, уый тыххæй, баххуыс кæнут сывæллæтты рæвдауæндоны, сы- вæллæтты цæхæрадоны, библиотекæйы, клубы, музейы куыстæн, барæвдз кæнут алыхуызон къордты куыст (электрон тых, санитари æмæ æнд. ах.). Ахæм куысты сæхи хорзæй равдыстой пионертæй бирæтæ. Æхсæнадон куыстыл ныхас кæнын хъæуы иумæ, уым хъæуы кæрæдзийæн æххуыс кæнын, æмæ афтæмæй сымах уæхи цæттæ кæндзыстут фæскомцæдисонтæ суæвынмæ, кæцытæ ныр уæл- дай тынгдæр бавнæлдтой, нæ партийы чи хъæ- уы, нæ райгуырæн бæстæйы чи хъæуы, ахæм куыст кæнынмæ. Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 1937 аз.
ГЫЦЦЫЛ САБИТИМÆ КУЫСТЫ ТЫХХÆЙ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- ЛÆТТÆ, иу кусæг сылгой- маг мын æрæджы афтæ ра- дзырдта, зæгъгæ, скъолайы йæ лæппумæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, уый федта, ахуырæй уæгъд рæстæджы хистæр сывæллæттæ кæй æфхæрынц кæстæрты: къуырццытæ сæ кæнынц, хъæртæ сыл кæнынц, æмæ кæстæртæ сты тарстхуыз, æф- хæрдхуыз. Мадæн уый стыр маст уыди. Ау, уый та куыд? Ау, пионертæ искуы гыц- цыл сабиты æфхæрынц кæнæ та æнцад-æнцойæ кæсынц, се ’мбæлттæ кæстæр кълæсты ахуыргæ- нинæгты куыд æфхæрынц, уымæ? Ныронг-иу ахæм хъуыддæгтæ нæ уыди, стæй уый, мæнмæ гæсгæ, æрмæст иу ран афтæ рауад; æз афтæ æн- хъæл дæн, æмæ пионертæ ахæм хъуыддæгтæ ни- куы æруадздзысты. Афтæ нæу? 81
Пионертæ хъуамæ сæ цæст дарой æмæ мæт кæной кæстæр сабитыл — скъоламæ цæуынхъом чи у, уыдоныл дæр æмæ кæстæр кълæсты сы- вæллæттыл дæр. Куыд æмбарын хъæуы уый? Гыццыл æфсы- мæртæ æмæ хотæ кæмæн ис, уыдон сыл хъуамæ æдзух афтæ ма хъæртæ кæной: «ацу ардыгæй!»^ «ма мæ хъыгдар», «ма æвнал», «иуварс!»... Пио- нер хъуамæ йæ зæрдыл дара, кæстæр æфсымæр- тæ æмæ хотæ кæй сты, чи йæ раивдзæн, уыцы фæлтæр. Æвзонг пионертæ сæхи куыд хъуамæ дарой, уый тыххæй фыст æгъдæуттæ афтæ зæ- гъынц: «Пионер хъуамæ фæзминаг уа æппæт сы- вæллæттæн». Кæй зæгъын æй хъæуьг, уыць( ны- хæстæ афтæрдæм æмбарын не ’мбæлы, æмæ ома, пионер мæнæ йæ уæлæ бакодта галстук æмæ æрмæст гъеуый руаджы уайтагъд аци æп- пæт иннæ сывæллæттæй зондджындæр, сæрæн- дæр, йæ бон у иннæтыл хъæртæ кæнын. Нæ! Фæлæ пионер, пионерты организацийы кусгæйæ, хъуамæ суа æгъдауджын, алцæмæй дæр рæвдз, иннæтæ йæ фæзмгæ куыд кæной, афтæ, хъуамæ зона йæхиуыл хæцын, фæзминаг уа æхсæнадон куысты, йæ хъару цас у, уымæй хъомылтæн æх- хуыс кæна цард хуыздæрæй-хуыздæр кæнынæн. Сывæллæттæ, сымах зонут, гыццыл сабитæ сæ хистæр æфсымæрты кæй фæфæзмынц æвзæ- раёй дæр æмæ хорзæй дæр. Кæд æмæ хистæр æфсымæр схуыст ныхасæй дзуапп дæтты йæ фыдымадæн, хъæртæ йыл кæны, уæд ыл кæс- 82
тæртæ дæр райдайынц хъæртæ кæнын, се ’взаг æм фелвасынц; кæд æмæ хистæр хо тæргæйттæ кæны, ницæй тыххæй дæр кæуын сисы, уæд кæс- тæртæ дæр тæргæйттæ райдайынц, хæдзар загъд-замана свæййы. Кæд хистæртæ чиныг кæ- сын уарзынц, чингуытæ дзæбæх батухынц гæх- хæтты, хъахъхъæнынц сæ, уæд кæстæртæ дæр сæ хъус дарынц чингуытæм, нæ сæ скъуынынц, нæ сæ чъизи кæнынц, сæхи хкæнынц чиныджы кæсæг; кæд хистæртæ хæрды размæ сæ къухтæ æхсынц, уæд кæстæртæ дæр райдайынц, æмæ афтæ дарддæр æмæ æндæр ахæмтæ. Сымах уæ- хæдæг дæр бирæ ссардзыстут ахæм æвдисæй- нæгтæ. Кæстæр æфсымæр æмæ кæстæр хо кæд- дæриддæр фæзмынц хистæр æфсымæрты æмæ хоты. Уый хъуамæ рох ма кæной пионертæ æмæ сæхимæ сæ цæст дарой. Айдагъ уый дæр ный- йарджытæн бирæ феххуыс уыдзæни бинонты æхсæн культурон цард нывыл сæвæрыны хъуыд- даджы. Стæй ноджыдæр. Пионерты сæ цæст дарын хъæуы уымæ, цæмæй сæ кæстæр æфсымæргæ æмæ хотæн сæ цæсгæмттæ уой æхсад, сæ уæлæ- йы дарæс уа сыгъдæг æмæ аив, афоныл сын цæуа хæринаг лæвæрд. Ныййарджытæ арæх æнæвдæлон вæййынц сæ куыстæй, æмæ сабитæ- баззайынц æвæгæсæгæй. Пионертæ хъуамæ ныййарджытæн æххуыс кæной кæстæртæм цæст дарыны, базилыны хъуыддаджы. Уый, кæй зæ- гъын æй хъæуы, афтæ нæ амоньг,. æмæ пионер- 83-»
тæ æмæ пионеркæтæ кæстæр сабитæм зилыны куыст иудадзыгдæр сæхимæ райсой æмæ æндæр мацыуал кусой. Махмæ закъон афтæ зæгъы, цæ- мæй сывæллæттæ иууылдæр кæной ахуыр, æмæ лионертæ, чызгæй, лæппуйæ, иууылдæр хъуамæ æнæфæцухæй цæуой скъоламæ, цæттæ кæной уроктæ, бирæ кæсой чингуытæ. Пионертæ æмæ лионеркæтæ сты æхсæнадон зондахастыл лæуд, уыдон хъуамæ æххæст кæной сæ организацийы уынаффæтæ, кæной æхсæнадон куыст. Пионер- ты æмæ пионеркæты хъæуы сæ фæллад суадзын дæр, сыгъдæг уæлдæф улæфын, разгъор-базгъор акæнын, ахъазын, азарын, сæхи бахъæлдзæг кæнын. Кæннод уыдонæй нæ рауайдзæни фидар, æнæниз адæймæгтæ. Уый рохгæнинаг нæу. Пио- нертæ æмæ пионеркæтæй не ’мбæлы сывæллон- гæстæ кæнын, нæ сыл хъæуы хæдзары куысты- тæ æгæр ныккалын. Фæлæ пионерты нæ фæнды, кусын йæ сæрмæ чи нæ хæссы, ахæм цавæрдæр буцхаст адæймæгтæ суæвын. Æмæ кæстæр æф- сымæртæ æмæ хотæм фæкæсынæй уыдон сæхи иуварс нæ аласдзысты. Сæ бон цы уа, уымæй æххуыс кæндзысты сæ ныййарджытæн. Цæмæй æмæ куыд, уымæ æркæсын хъæуы алы хатт дæр хицæнæй. Куыд зæгъут сымах уый тыххæй, сы- вæллæттæ? Æмæ ма, æппынфæстаг, ноджыдæр иу хъуыддаг. Иуæй-иу хатт хъæуы гыццылтимæ ахъазын дæр, нывтæ сын скæнын, исты хъазæн сын скæнын, истыхуызон хъæлдзæг хъазт сын 84
бацамонын, исты сын радзурын. Пионертæ æмæ пионеркæтæй бирæтæм тынг хорз кæсы кæстæр- тимæ ахъазын, фæлæ æфсæрмы кæнынц. Фæлæ уый æфсæрмыйаг нæу. Уым æгадæй ницы и. Мæнæ кæстæрты къуырццытæ кæн, мæстæй сæ мар, нæм сæ — гъеуый пионерæн у дудинаджы æмæ æгады хъуыддаг. Фæлæ кæстæрткмæ’Мхьа- зын — уым æвзæрæй ницы и. Æмбал Ленин, куыд зонут, афтæмæй кæддæриддæр зæрдиагæй йæ цæст дардта йæ кæстæр æфсымæр Митямæ æмæ йæ кæстæр хо Манямæ, семæ-иу. хъазыди,, фæкасти сæм-иу, куы фестырдæр сты, уæд сын’ æххуыс кодта ахуыры хъуыддаджы. > Уæдæ афтæ, бинонты æхсæн культурон цар- дыуаг нывыл сæвæрыны хъуыддаджы пионе^р- тæн сæ бон у сæ ныййарджытæн баххуыс кæнын. Сæ кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæн уыдон ал- цæмæй дæр фæзминаг куы уой, кæстæртæм зи- лыны иу хай сæхимæ куы райсой, иуæй-иу хатт-. иу семæ куы ахъазой, хъазын куыд хъæуы, уый сын куы амоной, уæд уымæй æххуыс кæндзысты сæ ныййарджытæн. Бирæ цыдæртæ ныффыссын ма мæ зæрды ис сымахмæ, мæ зынаргъ сывæллæттæ, цы хъуыд- дæгты кой кодтон, уыдон фæдыл, фæлæ уал мæн раздæр афтæ фæнды, цæмæй сымах æрныхас кæнат мæ писмойыл æмæ мæм ныффыссат, уæ зæрдæ уæм куыд дзуры, уый. Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ, æвзонг пионер, кæддæриддæр цæттæ у! 1935 аз.
ПИОНЕР — ÆППÆТ СЫВÆЛЛÆТТÆН ’СÆ ЛЫМЖН ÆМÆ СЁ ’МБАЛ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ! Æрæджы æз писмо рай- сгон скъоладзаутæй, уыдон х’&аст кæнынц пионерты раздзогæй пионерты къордмæ сæ нæ исы, зæгъгаб. Нæма, дам, бæз- зут пиоНер уæвынæн. Скъоладзаутæ хъаст кæ- нынц, нæхи цы фæкæнæм, уый нæ зонæм, зæгъ- гæ: пионерты акæнынц театрмæ дæр, зкскурси- ты дæр, кадджын æмбырДтабм дæр, фæлæ уы- доны никуыдæм хонынц. Æъæццæгæн æмæ уыцы къорды пионертæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц, пйонер цавæр хъуа- мæ уа, цытæ хъуамае зойа, йæхи куыд хъуамæ дйра, куыд куса, цаёуыл æмæ куыд хъуам& тох кæна, уыдæттæ. Уыдонмйе афтæ кæсы, æм& цы- ма пионертæ сты, у&ЛДай фЫЛдæр бартæ кæмæн 86
ис, ахæм цавæрдæр сывæллæттæ. Нæ зонын, кæд, миййаг, раздзог нæ базыдта, пионертæ чи сты, уый сывæллæттæн дзæбæх бамбарын кæ- нын, кæд, мцййаг, семæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ- баныхас кодта. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ам пионертæ дæр аххосджын сты, иннæ скъола- дзауты кæй нæ хъуыды кæнынц, уымæй. Уыдон- иу хъуамæ афтæ зæгъиккой: «Театрмæ мах кæ- нут къаддæр, фæлæ саразут афтæ, цæмæй уыр- дæм цæуой скъоладзаутæ се ’ппæт дæр — пио- нертæ дæр æмæ, пионер чи нæу, уыдон дæр». Уæд сæ кад фæфылдæр уаид, сывæллæттæ сæм се ’ппæт дæр сæ хъус æрдариккой, ома, адон ца- вæр адæм сты — канд сæхи мæт нæ кæнынц, фæ- лæ æппæтыл мæт кæнынц, зæгъгæ. Ныр та тынг арæх вæййы афтæ, æмæ пионертæ вæййынц хи- бæрттæй, пионер чи нæу, уыдонимæ сæ хъазын дæр нæ фæнды, нæ сын радзурдзысты сæ куыс- ты хабæрттæ. Ам иуæй-иу хатт аххосджын вæй- йынц ахуыргæнджытæ дæр. Иухатт рауади аф- тæ. Кæцыдæр районæй — кæцыйæ уыд, уый нал- хъуыды кæнын—æрбацыдысты скъоладзаутæ—- ахуыры раззæгтæ. Рухсады Адæмон Комиссар*г- ды сын лæвæрдтой премитæ. Уыдис кадджын. æмбырд. Мæ цæст дзы æрхæцыд иу чызгыли. уый æдзынæг кæсы, лæвæрттæ кæмæн куыд дæттынц, уымæ æмæ, бæрæг у, йæхимидæг тынг тыхсы. Мæнмæ кæдæмдæр асидтысты, кæронмæ дзьг нæ фæбадтæн. Фæстæдæр мæм чызг ныф- фысга, зæгъгæ, уый у* ахуыры раззаг, фæлæ йæ, ■87
лæвæрттæ кæмæн лæвæрдтой, уыдоны ном- хыгъдмæ нæ бахастой, пионеркæ кæй нæу, уый тыххæй.. Рухсады Адæмон Комиссарад уыцы рæдыд, сраст кодта, чызгæн арвыста лæвар. Чызг пионеркæ кæй нæу, уый тыххæй йæ, лæ- вæрттæ кæмæн саккаг кодтой, уыдоны ном- хыгъдмæ- чи нæ бахаста, уыцы ахуыргæнджытæ тынг æвзæр бакодтой. Фæлæ пионертæ та куыд бауагътой афтæ бакæнын? Уыдон хъуамæ уыцьд хъуыддаджы бацыдаиккой, хъуамæ чызджы сæрыл сдзырдтаиккой. Коммунисттæ ууыл ар- хайынц, цæмæй сæхицæн нæ, фæлæ æппæт фæл- лойгæнджытæн дæр уа зæрдæрухс æмæ культу- рон цард, уыдон сæхи мæт нæ кæнынц, фæлæ æппæт фæллойгæнджыты мæт. Æрмæстдæр сæ- хи мæт цы коммунисттæ кæнынц — ома куыд хъæздыгдæр цæрон, куыд уæлдæр бынат бацах- <сон,— ахæм коммунисттæ ницæмæн бæззынц, уыдон свæййынц адæмы знæгтæ. Æцæг коммунист чи уа, уый кæны æппæт ■фæллойгæнджыты мæт, партионты æмæ æнæ- партионты мæт, уый кусы æнæрынцойæ, фæл- лойгæнджыты хъуыддагыл тох кæны цыфæнды уавæрты дæр. Пионертæн сæ зæрды ис æцæг ле- нинонтæ суæвын, æмæ уыдон хъуамæ канд хъа- зын æмæ хиирхæфсыны мæт ма кæной, хъуамæ сæхи иуварс ма ласой, пионер чи нæу, уыцы сы- вæллæттæй, хъуамæ, хорз æмбалæн куыд æм- бæлы, афтæ сагъæс кæной æппæт æвзонг фæси- вæдыл, хъуамæ сагъæс кæной ууыл> цæмæй сы- 88
вæллæттæн се ’ппæтæн дæр фадат уа хорз ахуыр кæпынæн, сæ фæллад хорз уадзынæн, хорз хæ- рынæн, тых сæ куыд бацæуа, Советты Бæстæ- йæн аккаг граждантæ куыд суой, афтæ. Уæхи ахуыр кæнут Ленины хъуыддагыл тох кæныныл! 1938 аз.
УТ ÆЦÆГ ÆМБÆЛТТÆГ Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ, сымах уе ’гас дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, зонут, 8 мартъи кæй у сылгоймæгты Æппæтдунеон бон. Уыцы бон ныр 25 азы дæргъы бæрæг кæнынц нæ райгуырæн бæстæйы сылгоймæгтæ, стæй æп- пæт бæстæты æмбаргæ сылгоймæгтæ, кусæг сыл- гоймæгтæ, коммунисткæтæ. Ис ахæм бæстæтæ„ æмæ уыдон æргомæй кæм рацæуынц уынгмæ,. фæлæ ис ахæм бæстæтæ дæр, фашизм хицауи- уæг кæм кæны æмæ æргомæй бæрæгбон кæны- нæн фадат кæм нæй. Ахæм бæстæты сылгой- мæгтæ æрæмбырд вæййынц сусæгæй æмæ æрны- хас кæнынц, сæ тыхтæ куыд хъуамæ баиу кæной, ууыл, хæст райдайыны фæнд чи кæны, хæст чи цæттæ кæны, уыцы хицауадтæн ных- къуырд куыд радтой, ууыл. 90
Фыдæбон йæ хай уыди сылгоймагæн махмæ, Уæрæсейы, Октябры агъоммæ, фыдæбон йæ хай у капиталистон бæстæты ныр дæр. 1861 азы онг Уæрæсейы уыди хъазайрæгтæ дарыны бар. Зæхкусджытæ помещиктæн уыдыс- ты сæхи исбон. Помещикæн йæ бон уыди йæ зæхкусджыты, уыдонæн сæ устыты, сæ сывæл- лæтты уæй кæнын æмæ æлхæнын, йæ бон сын уыди мæлæтдзаг над фæкæнын; йæхицæн сæ кусын кодта боныцъæхтæй суанг фæсахсæвæр- тæм. Зæхкусджытæ уыдысты æбар, æфхæрд, сæ устытæ та æбар, æфхæрд уыдысты нодлш" Дйу- уæ хатты тынгдæр. Уыдон иагьартæ уыдысты канд помещикæн нæ, фæлæ ма сæ мæйттæн дæр. Аргъуаны-иу сауджынтæ. сидтысты: «Ус хъуа- мæ тæрсгæ кæна йæ лæгæй!» Ус йæ лæгæн уыди цагъар, лæггадгæнæг, йе ’вастæй иу къахдзæф акæнын дæр йæ бон нæ уыдис. Лæг-иу йæ маст усыл акалдта. Помещик-иу йæ цагъарзæхкусæ- гæн рæстæй алывыд фæкалдтаид, бæхдоны-иу æй уистæй сцъæхтæ кæнын кодтаид, æмæ-иу уæд лæг фырмæстæй банызта, сæхимæ-иу расы- гæй æрцыд æмæ-иу йæ маст йæ усыл акалдта: фыднад ын-иу фæкодта, йæ къæхты бын-иу æй сæууæрста, хæдзарæй-иу æй атардта. Фæлæ ус хъыпп-сыпп дæр ма скæнæд,— йæ бон нæ уыди. Уæрæсейы цы адæмтæ цардис, уыдонæй иу- æй-иутæм уыди бирæгай устытæ дарыны æгъ- дау. Хъæздгуытæ-иу сæхицæн балхæдтой бирæ устытæ. Сылгоймæгтæй-иу базар кодтой. 91
1861 азы ивд æрцыди хъазайрæгтæ дарыны æгъдау, фæлæ ма, закъонмæ гæсгæ, сылгоймаг уæддæр нымад уыди йæ лæджы исбоныл: дзыр- дæн зæгъæм, сылгоймаджы куы бафæндыдаид, хъæуæй горæтмæ ацæуын фабричы куысты ныл- лæууыны тыххæй, уæд ын уый бакæнæн уыди æрмæстдæр’йæ лæджы бафæрсгæйæ. Фабричы-иу сылгоймаг нæлгаймаджы æм- хуызон куы куыста, уæддæр ын фидгæ кодтой къаддæр. Æппæтæй зындæр бынаты уыдис хъæууон сылгоймаг. Уым ма уæлдай фылдæр уыди ’зæроид æгъдæутты баззайæггæгтæ. Ис- куы-иуæй фæстæмæ лæгтæ сæ устыты нæмгæ кодтой. Лæг йæ хæдзармæ ’æрбацыдаид мæст- джынæй, расыгæй æмæ-иу хъæр систа: — Марья, мæ цырыхъхъытæ мын ралас! — Ныртæккæ, Иван Петрович,— коммæгæ- сæй дзуапп дæтты ус æмæ бавналы расыг лæгæн йæ цырыхъхъытæ ласынмæ, лæг та архайы цы- рыхъхъы фындзæй усы цæсгом стъæпп кæны- ныл. Горæты, фабричы сылгоймаг йæхæдæг иста мызд æмæ куысты мидæг лæгьот афтæ тынг баст нæ уыд, æмæ уым лæг, фылдæр хатт, йæ усьг афтæ тынг не ’фхæрдта. Фæлæ уæддæр уыцьг æвзæр æгъдау хъæутæй хæццæ кодта горæтмæ, æмæ ма дзы схуыст ныхас, устыты нæмын уæд- дæр арæх уыди. Гуымиры митæ адæмыл хæлиу кæнынц хæцгæ низау. 92
Интеллигенцийы æхсæн даер ахæм гуымиры ми кæнджытæ уыдис уæлдайджынтæй. Мæ зæрдыл лæууы, 1905 аз мах Ильичимæ уат баххуырстам иу стыр хæдзары. Нæ фарсмæ та царди — уый дæр фатерыбадæг — иу цавæр- дæр афицер; æмæ-иу уый алы изæр дæр йæ усы йæ дзыккутæй ралас-балас кодта къæлидоры. Хъæздыг адæммæ дæр сылгоймаг уыди ца- гъары бынаты, æрмæст чысыл æндæр хуызы. Лæг йæ усы нæмгæ нæ кодта, нæ йæ кусын код- та йæхицæн — куыстытæ кæнынæн ын хæдзары уыдис æххуырст сылгоймæгтæ, хæринаггæнджы- тæ,— фæлæ йæ усмæ касти, хъазæндзаумамæ кæсæгау: балæвар ын-иу кодта рæсугъд къаба- тæ, алы.дидитæ, брошкæтæ, къухдарæнтæ, сæр- васæнтæ, рæвдыдта йæ, адæймаг гæдыйы лæп- пыны кæнæ уатон къæбылайы куыд фæрæвдауы, афтæ. Сылгоймагмæ ахæм цæстæнгас лярыи тынг арæх у буржуазон бæстæты. Хъæуты чызджыты æппындæр на ахуыр код- той кæсын-фыссын зоныныл. Æнахуыргонддзи- надæн ныртæккæ дæр бынтон кæронгонд нæма æрцыди зæхкусæг сылгоймæгты æмæ кусæг сыл- гоймæгты æхсæн; фæлæ уæддæр, ныр цы ис æмæ фыццаг цы уыд, уыдон кæрæдзимæ тынг дард сты. Капиталистон бæстæты ис ахæм цæстæнгас, æмæ сылгоймаджы ницæмæн хъæуы нæлгойма- джы хуызæн бирæ истытæ зонын. Буржуазон бæстæтæн сæ фылдæры лæппутæ æмæ чызджы- 93
тæ ахуыр кæнынц хицæн скъолаты. Сылгоймæг- ты скъолатæн сæ программæтæ сты къаддæр, уыдон амонынц тынгдæр дины хъуыддæгтæ, му- зыкæ, исты мийыл ахуыр кæнын. Махмæ дæр 1917 азы революцийы размæ афтæ уыд: хицæн гимназтæ уыди лæппутæн, хицæн гимназтæ — чызджытæн. Октябры Стыр революцийы фæстæ махмæ æппæт скъолатæ, дæр систы иумæ хъо- мыл кæныны скъолатæ, чызджытæ, лæппутæ æмхуызон ахуыр кæнынц иумæйаг скъолайы. Коммунисттæ сылгоймагмæ кæсынц æмбалы цæстæй, уыдон тох кæнынц сылгоймагмæ зæ- ронд, цъаммар, буржуазон цæстæнгас дарыны ныхмæ. Сылгоймагмæ зæронд, капиталистон цæстæнгас чи дары, уыцы коммунист ницæйагу. Махмæ куыддæр Советон хицаудзинад æр- лæууыд, афтæ сылгоймагæн, закъонмæ гæсгæ, алцæмæй дæр лæвæрд æрцыд нæлгоймагимæ ярмууыяон баргæ, ис ын нæлгоймагимæ æмхуы- зон политикон бартæ, фæлæ ма нæ цардыуаджы мидæг ис зæронд æгъдæутты баззайæццæгтæ. Уæ алфамбылаймæ акæсут, цардмæ лыстæг- дæр æркæсут, æмæ ма уæд сымах бирæ фендзы- стут зæронд цæстæнгасты баззайæггæгтæ. Дзырдæн райсæм ахæм хъуыддаг. Махмæ æппæт скъолатæ дæр сты ’иумæ хъомыл кæныны скъолатæ. Фæлæ иуæй-иу скъолаты лæппутæ æмæ чызджыты æхсæн нæма ис, æцæг æмбæлт- (ты æхсæн чи хъуамæ уа, ахæм ахастдзинæдтæ. Чызджытæ æмæ лæппутæ -цæуынц хицæнтæ-хи- 94
цæнтæй. Чызджытæ ахуырæй уæгъд рæстæджы рацу-бацу кæнынц хибарæй, сæхи мидæг ныхæс- тæ кæнынц, лæппутæй кæцы «дзæбæхдæр» у, зæгъгæ, ууыл, тæрсынц лæппутæй, афтæмæй æнæуи та архайынц сæ уæлæ хуыздæр дарæс скæныныл, арæзтдæрæй цæуыныл, сæ былтæ ахорыныл, лæппуты зæрдæмæ фæцæуыны тых- хæй. Иудзырдæй, сæхи дарынц фыццаг заманы «уæздан» чызджытау. Лæппутæ дæр фæстæдæр нæ зайынц: мæстæй марынц чызджыты, фыс- сынц сæм æдылы ныхæстæ, архайынц исты ны- хæстæй чызджыты тынгдæр фелхыскъ кæныныл, афтæмæй та уæддæр райдайынц чызджытыл уарзондзинады æгъдауæй узæлын; иудзырдæй, сæхи дарынц, мæнæ-иу кæддæр æлдары фырт- тæ гыццылæй куыдтæ кодтой, афтæ. Сывæллæттæ пионерты къордмæ куы фæцæ- уынц, уæд уыдон кадджын дзырд раттынц Ле- нины хъуыддагыл, кусджыты къласы хъуыдда- гыл тох кæныны тыххæй. Ленин йæ цæргæ-цæрæнбонты тох кодта сыл- гоймагмæ цъаммар, хъазайрæгтæдарæг-буржуа- зон цæстæй кæсыны ныхмæ, тох кодта, сылгой- магæн нæлгоймагимæ æмхуызон бартæ цæмæй уа, ууыл, тох кодта сылгоймагæн йæ бæттæнтæ суæгъд кæныныл. Уый цин кодта, сылгоймаг революцион тохмæ, æхсæнадон куыстмæ, совет- ты куыстмæ тынгæй-тынгдæр кæй цыдн, ууыл. Домдта, цæмæй сылгоймæгты, суанг æппæты талынгдæрты, æппæты фæстæ чи баззади, ахæм-> 95
ты дæр фылдæрæй-фылдæр хоной кусджыты змæлдмæ, æхсæнадон куыстмæ, бæстæйæн уы- наффæйы хъуыддагмæ, социализм аразыны куыстмæ. Ууыл тох кæны æдзухдæр парти! Зьщаргъ сывæллæттæ, сымах фехъуыстат, сымах кастыстут чингуыты, кусæг сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иумæ паддзахы хицауады ных- мæ куыд тох кодтой, уый, сымах зонут, уый тыххæй сæ-иу куыд æрцахстой, ахæстоны иу-сæ куыд батардтой, Сыбырмæ-иу сæ куыд ахастой. Сымах зонут, мидхæсты заман сылгоймæгтæ куыд тох кодтой, сæ фырттæн, сæ лæгтæн æмæ се ’фсымæртæн куыд æххуыс кодтой урсгвар- дионты ныхмæ тохы, Советон хицаудзинадыл тохы. Советон хицаудзинад куы æрфидар ис, уæд уыдон райдыдтой стыр æхсæнадон куыст кæнын, социализмыл тох кæнын, бæстæйæн уы- наффæ кæныны хъуыддæгты цæуын. Пионертæ хъуамæ сæ цæст дарой уымæ, цæ- мæй уыдонмæ скъолайы, Пионерты хæдзæртты, лагерты æмæ аф. д. лæппуты æмæ чызджыты æхсæн уа æцæг æмбæлтты ахастдзинæдтæ, цæ- мæй ахуыр дæр аёмæ æхсæнадон куыст дæр кæ- ной æмдых-æмзондæй. Сывæллæттæ, сымах фæзæгъут, «Ленины хъуыддагыл тохмæ кæддæриддæр цæттæ стæм!», зæгъгæ. Уый уыл бирæ хæстæ æвæры, æвæры Уыл ахæм хæс, цæмæй раст ахастдзинæдтæ æр- фидар уой лæппуты æмæ чызджыты æхсæн. Сымах зонут, сылгоймæгты Æппæтдунеон 96
бон мах Советты Бæстæ æгасæй дæр салам кæй æрвиты æппæт бæстæты æмбаргæ сылгоймæгтæн, :>æсты ныхмæ, фашизмы ныхмæ чи тох кæны, со- циализмы фæуæлахизы фарс чи тох кæны, уыдо- нæн. Хъомылтимæ иумæ уыдонæн салам æрвит- гæйæ, сымах уæхимæ хæс исут, æмбæлттæн куыд фидауы, ахæм иумæйаг куыст лæппуты æмæ чыз- джыты æхсæн рæвдз сæвæрыны тыххæй. Ленины хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 1938 аз. 4 Писмотж пионертжм
ПИОНЕР, БИБЛИО 7ЕКÆМÆ! Кæс чингуытæ, библиоте- кæйæ куыд пайда кæнын хъæуы, уымæй фæзм Ле- нины, æххуыс кæн чин- гуытæ хæлиу кæнынæн. ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛ- .ТÆ! Мах, Библиоте- [ уынаффæйады кус- джытæ, хъуамæ сымахимæ. аныхас кæнæм иу стыр æмæ тынг ахъаззаг хъуыддаджы фæдыл. Сымах ныр бирæ цыдæртæ ахуыр кæнут скъолайы. Фæлæ адæймаг цас фылдæр базона, уыйас æй ноджы фылдæр базонын фæнды. Францмæ ис ахæм æмбисонд: «Хæрынмæ куы бавналай, æрмæст уæд бамбардзынæ, хæрын дæм куыд тынг цæуы, уый». Афтæ у чингуыты хъуыддаг дæр. Цас фылдæр базонай, уыйас дæ. ноджы фылдæр базонын фæнды. , Андерсенмæ ис ахæм аргъау: «Олео, дæ цæстытæ бацъынд кæн». Олео йæ и\Æ И’ЯР 98
цæстытæ бацъынд кæны, кæлæнгæнæг лæг йæ къæцæлæй февзиды, æмæ Олео йæ фыны уыны, кæлæнгæнæгимæ иумæ уыдон куыд атахтысты горæтты, хъæуты сæрты; кæсынц, адæм куыд цæрынц, куыд кусынц, куыд тухитæ кæнынц, куыд цин кæнынц, уыдæттæм; бакæсынц стыр хæдзæрттæм дæр æмæ чысыл сахъаритæм дæр, базонынц бирæ цыдæртæ. Æвæджиау хорз аргъау! Фæлæ уымæн уаид æндæр хуызы ныффыс- сæн. Дзырдæн зæгъæм, мæнæ афтæ: Петя йæ фыды фæрсы: «Куыд цæрынц, куыд ахуыр кæнынц сывæллæттæ иннæ бæстæ- ты?» Йæ-фыд ын дзуапп дæтты: «Ныртæккæ мæ демæ ныхас кæнынмæ не ’вдæлы, мæ куыстмæ тагъд кæнын, стæй йæ уыйбæрц хорз дæр нæ зонын. Уæртæ библиотекæмæ бауай æмæ дзы чиныг райс». Уынджы иннæ фарс сæ бакомкоммæ — сы- вæллæтты библиотекæ. Бон-изæрмæ гом вæййы. Араст и уырдæм Петя. Библиотекæйы кæлæн- гæнæг лæг кæнæ кæлæнгæнæг ус нæй, фæлæ дзы ис библиотекæйы кусæг Аннæ Ивановнæ: «Цавæр чииыг дæ хъæуы?» Петя йæ загъта. Ан- нæ Ивановнæ, библиотекæйы кусæг, кæлæндзыд къæцæлæй нæ февзыста, фæлæ бацыди тæрхæг- мæ, чиныг дзы райста, дæтты йæ Петямæ. Петя фæцæуы стъолы цурмæ, чиныг райгом кодта. «Петя, дæ цæстытæй ракæс!» Петя райдыдта чиныджы кæсын, æмæ тын- 4* 99
гæй-тынгдæр гом кæны йæ цæстытæ: афтæ бирæ ног цыдæртæ йын дзуры чиныг. Ныронг йæ фæ- сонæрхæджы дæр нæ уыд, немыцаг пионерты куыд тынг тох кæнын бахъæуы æмæ уыдон куыд хъæддых лæууын зонынц, сæ зонд, сæ фæндтæ бахъахъхъæнынмæ куыд арæхсынц, уый. Библиотекæйы никуы уыдысты. Нæ! Хъазын хъазын у, фæлæ хорз, дæсны фыст чиныг дæтты бирæ зоиындзинæдтæ, адæй- маджы сæры æвзæрын кæны бирæ хорз хъуы- дытæ. Библиотекæйы чингуытæ кæсын хъæуы. Æрæджы ахуыргæнджытæ бæрæг кодтой Мæскуыйы скъоладзауты æхсæн, сывæллæттæ се ’ппæт чингуытæ исынц библиотекæйæ æви нæ. Æмæ цы сбæрæг и? Уым сбæрæг и, сывæллæт- тæй бирæтæ сæ къах дæр кæй никуы бавæрдтой библиотекæмæ, суанг ма æхсæзæм, æвдæм кълæсты дæр ис, библиотекæйы чи никуы уыд, ахæм скъоладзаутæ. «Цæмæн хъæуы библиотекæмæ цæуын? — ахъуыды кæндзæни скъоладзаутæй исчи.— Фæл- тау мæ фыдæй æхца ракурдзынæн, ацæудзынæн æмæ чиныг балхæндзынæн». Махæн ма нæ бæстæ æнахуыргонд куы уы- дис, уæд чингуытæ кастысты æрмæст буржуйтæ, помещиктæ, службæгæнджыæ æмæ сæ цот, уæд чингуытæ уыйбæрц бирæ æлхæнæг нæ уыд, ныр та чингуытæ кæсынц адæм иууылдæр, æмæ 100
ахуыры чингуытæн, газеттæн, кæсыны чингуы- тæн гæххæтт фаг амал кæнын æнцон нæу. Æмæ гæххæттыл ауæрдын хъæуы. Цасфæнды бирæ йæ ныммыхуыр кæн искæцы чиныг,— уайтагъд сæ иууылдæр алхæнынц. Æмæ чиныгуæйгæнæн магазины не ’ссардзынæ, бакæсын дæ цы уац- мыс фæнда, уый. Æхца ис, фæлæ балхæнынмæ чиныг нæй. Библиотекæйы та уый æнцондæр ссарæн у. Уымæй фæстæмæ ма, искæцы чиныг куы ба- кæсай, уæд дæ бафæнддзæни уыцы хъуыддаджы фæдыл ноджыдæр бакæсын, — библиотекæйы ахæм чингуытæ æнцон ссарæн сты, æлхæнгæйæ та æрзилын хъæуы иу къорд магазиныл æмæ уæддæр не ссардзынæ. Стæй, цавæр чингуытæ ис, уьгй адæймаг зонгæ дæр нæ фæкæны. Биб- лиотекæйы кусæг дын баххуыс кæндзæни, чи хъæуы, уыцы чиныг ссарынæн. Библиотекæмæ! Библиотекæты раз ис кæсæндæттæ. Хæдзары арæх чиныг бакæсыны фадат нæ вæййы — дæ алыварс ныхас кæндзысты, минутæн дзырд дæм кæндзысты, æмæ дæ чиныджы каст къуылымпы кæндзæни. Библиотекæйы та дæ хъыгдарæг нæй, уым дын æххуыс дæр ма бакæндзысты, уым фæаразынц алыхуызон изæртæ, бакастытæ, ерыстæ. 101
Уым тынг хорз у! Алы скъоладзау дæр, алы пионер дæр хъуа- мæ æнувыд чиныгкæсæг суа библиотекæйы. «Пионер» — уый уырыссаг дзырд нæу; афтæ хуыдтой, æнæхæрд, зынцæуæн тар хъæдты-иу фыццагдæр къахвæндæгтæ чи айгæрста, фыц- цагдæр фæндæгтæ дзы-иу чи сарæзта, ахæм адæмы.. «Пионер» — уый у ног, пайдайаг хъуыд- дæгтæ райдайæг, сæрæвæрæн кæнæг. Æмæ мах пионертæн дæр сæ хæс у ног, пайдайаг хЪуыд- дæгтæн сæрæвæрæн кæнын. Уыдон хъуамæ сæ- хицæн æмæ æппæт иннæ сывæллæттæн фæндаг скæной библиотекæмæ. Л енин-чипыгкæсæг. - Сымах уæхи хонут æвзонг ленинонтæ. Сымах хъуамæ, куыд амал и, афтæ фылдæр зонат Ле- нины цард æмæ тохы хабæрттæ. Ленин уыдис тынг бирæ зонæг адæймаг, уый тынг лæмбынæ- гæй сбæрæг кодта, раиртæста æппæт бæстæты революцион змæлд, иттæг хорз зыдта, Маркс, Энгельс æмæ иннæ фæсарæйнаг революционер- тæ цыдæриддæр ныффыстой, уый, диссаджы хорз зыдта Уæрæсейы ныры хъуыддæгтæ æмæ ивгъуыд рæстæджы хъуыддæгтæ, хорз зыдта истори, хорз зыдта, техникæйы тыххæй, фабрик- ты, заводты, хъæууон хæдзарады тыххæй цы- дæриддæр фыст æрцыдис, уыдæттæ, хорз’зыдта 102
капиталистон бæстæты æмæ паддзахы Уæрæ- сейы закъоытæ, стæй ма бирæ æндæр хъуыддæг- тæ дæр. Зонындзинæдтæ йæ сифтонг кодтой, баххуыс ын кодтой, кусджытæ æмæ зæхкусджытæ цæмæй паддзахы, помещикты æмæ капиталистты аппа- рой æмæ социализм аразын байдайой, уый тыххæй цы кæнын хъæуы æмæ куыд кæнын хьæуы, уый бамбарынæн. Зонындзинæдтæ Ленинæн феххуыс сты фæл- лойгæнджыты æцæг фæтæг, дунейы пролетариа- ты фæтæг суæвынæн. Ленин куыд бирæ чингуы- тæ бакаст, сахуыр кодта æмæ бæстон равзæрста, уый бæрæг у уымæй, æмæ йæ чиныджы, «Капи- тализмы рæзындзинад Уæрæсейы», зæгъгæ, чи хуины,*уым ис 583 чиныджы кой. Зын банымайæн у, Ленин цал чиныджы ба- касти, уый. Уый йæ цæргæ-цæрæнбонты æдзух- дæр хаста чингуытæ библиотекæйæ, йæ царды æмбис арвыста библиотекæты хуылфы æмæ биб- лиотекон чингуытæ кæсгæйæ. Æмæ, библиотекæ- тæ куыд пайда сты, уый кæй уыдта, уымæ гæсгæ Ленин, хицаудзинады сæргъы æрлæугæйæ, æп- ттæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй махмæ, Советон бæстæйы, библиотекæты хъуыддаг æвæрд уа, куыд амал ис, афтæ хуыздæр, цæмæй библиотекæйы руаджы чиныг хæццæ кæна алы кæсæгмæ дæр. Уый мæт кодта ууыл дæр, цæмæй нæм фылдæр уыдаид сывæллæтты бцблиотекæ- тæ. 103
Дыууæ курдиаты. Ныр скъолаты арæзт цæуы хи библиотекæтæ. Уымæй фæстæмæ ис сæрмагондæй сывæллæтты библиотекæтæ. Сывæллæтты хайадтæ ис хъо- мылтæн арæзт библиотекæты, ис сывæллæтты библиотекæтæ колхозты, совхозты, жактты æмæ аф. д. Ноджыдæр æмæ ноджыдæр арæзт цæудзæн сывæллæтты библиотекæтæ, цæмæй уыдоны бон бауа, Ленин-иу куыд загъта, афтæ, «зонынмон- даг сывæллæтты се ’ппæты дæр бафсадын». Фæлæ сымах уæхæдæг дæр хъуамæ уæ къах иннæ къахыл æвæрдæй ма бадат. Сымах хъуа- мæ Библиотекæты управленийæн баххуыс кæ- нат. Æндæр писмоты ма уæм ныффысдзыстæм„ махырдыгонау, сымахæн цы кæнын æмбæлы,, уый тыххæй, ныртæккæ та уал уæм дыууæ кур- диаты. Фыццаг: скъолайы æмæ къордты æрны- хас кæнут, цæмæй сывæллæттæ се ’ппæт дæр библиотекæтæй чингуытæ кæсынмæ исой, уый тыххæй. Фыст дзы чи нæу, уый йæхи ныффыс- сын кæнæд, бацархайут ууыл, цæмæй æппæт сывæллæттæ дæр пайда кæнын райдайой биб- лиотекæтæй. Дыккаг курдиат: фыссут, сымах уе ’мбæлттимæ пайда кæнут æви нæ библиоте- кæтæй, фыссут хъуыддаджы хъæнты тыххæй, хæссут уæ фæндæттæ. 1933 аз. 104
ЧИНЫГ ХЪАХЪХЪÆН! Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ! Сымахæй алчидæр федта чингуытæ, касти сæ, фæлæ æз нæ зонын, сымахæй алчи зоны æви нæ, алы чи- ныгыл дæр цас адæм куыста, алы чиныгыл дæр цас хардзгонд æрцыди бирæ æмæ бирæ кусджы- ты, фысджыты, ахуыргæндты фæллой, мæт æмæ æнæхуыссæг æхсæвтæ, уый. Чингуытæ мыхуыргонд вæййынц гæххæттыл. Сымах зонут æии нæ, гæххæтт куыд кæнынц, уыцы куыст куыд вазыгджын хъуыддаг у, уый? Сымах, цымæ зонут, чингуытæ типографийы куыд æмбырдгонд, куыд мыхуыргонд цæуынц, уый? Æмбарут, цымæ, фыссæджы куыст цы у, уый? Сымах зонут, чиныджы фыст кæй ис тынг* диссаг, зæрдæрайгæ, зæрдæисгæ хабæрттæ: их- 105>
сæттæг нау «Красины» тыххæй дæр, Памирмæ балцы тыххæй дæр, тæхджыты тыххæй дæр, ре- волюцийы тыххæй дæр, партийы тыххæй дæр, уым ис бирæ-бирæ хабæрттæ. Уыцы чингуытæ чи фыста, уыдон тынг бирæ рæстæг бахардз кодтой ууыл, цæмæй æппæт уыдæттæ биноныг- дæр, бæлвырддæр базыдтаиккой, цæмæй æппæт уыдæтты тыххæй ныффыстаиккой хуыздæр, æн- цондæрæмбарæн хуызы. Къаддæр тыхтæ æмæ рæстæг нæ бахардз кæны, повесттæ æмæ радзырдтæ чи фыссы, ахæм фыссæг дæр: уый хъуамæ бирæ цæмæдæр- ты æрдара йæ цæст, бирæтæ йæ хъæуы сбæрæг кæнын. Алы чиныг дæр фæзынди бирæ адæмы иу- мæйаг куысты руаджы, æмæ уыцы фæллой хъуыдыйаг у, хъахъхъæнинаг у. Мæ зæрдыл лæууы, скъоладзаутæй иухатт цы писмо райстон, уый. Уыдон мæм бæстон фыстой, скъолайы цур цæхæрадоны уыдон æп- пæты фыццаг куыд сзайын кодтой ног зайæгой- тæ, уыцы зайæгойты тыххæй фыст кæм уыд, ахæм чиныг куыд ссардтой, куыд æй сахуыр кодтой, мыггæгтæ куыд ссардтой, бонæй-бонмæ сын сæ рæзтмæ сæ цæст куыд дардтой, куыд фыстой зайæгойты рæзынады боныг. Зайæгойтæ дидинæг æфтауын райдыдтой, афтæ сæм рауа- дис стыр бæллæх: скъолайы цæхæрадоны рæз- ты ’фæцæйцыди иу цавæрдæр æрыгон лæппу, цæуылдæр мæсты уыд — йæ чёмы нæ уыдис — 106
фæкомкоммæ и дидинæг æфтауæг зайæгойтæм, быруйы сæрты бахызт æмæ зайæгойты се ’ппæ- ты дæр бындзарæй стыдта. йæ маст уыдоныд акалдта æмæ дарддæр араст и. Куыд нæ фæ- хъыг кодтаиккой скъоладзаутæ! Æбуалгъ хъуыддаг куыд нæ у искæй фæллоймæ ахæм цæстæнгас дарын! Фæлæ-ма ныр ахъуыды кæнут: библиотекæ- йæ ист чингуытæ чи скъуыны, чи сæ чъизи кæны æмæ сафы, уый дæр, цымæ, раст ахæм къулба- дæг, æвзонг натуралистты зайæгойтае чи бай- сæфта, уыцы лæппуйы хуызæн къулбадæг нæу? Æз нæ зонын, ис æви нæ сæрмагондæй сы- вæллæттæн фыст радзырдтæ, повесттæ, чиныг куыд арæзт цæуы, уый кæм фыст у, ахæмтæ. Сывæллæтты библиотекæты чи кусы, уыдон æй, æвæццæгæн, зондзысты. Фæлæ мæнмæ афтæ- кæсы, æмæ ныртæккæ æмбæлы, цæмæй сывæл- лæттæ сæхæдæг æмдыхæй ныффыссой радзырд. «Библиотекæйы чиныджы истори». Ахæм чиныг уаид хрестоматиау æмæ сывæллæттæй алкæмæн дæр æнцон æмбарæн уаид. Уый бакæсгæйæ, ал- чидæр бамбарид, чиныг хъахъхъæнинаг цæмæн у, уый. Фæлæ æмбаргæ сабитæ ныртæккæ дæр зонынц, чингуытæ хъахъхъæнинаг кæй сты, уый. Библиотекæты кусджытæ сæвæрдтой ахæм æгъдæуттæ библиотекон чингуытимæ архайы- нæн: 1. Чиныг батух гæххæтты — йæ цъар нæ чъизи кæндзæн. 107"
2. Хæргæ-хæрын чиныджы ма кæс — науæд чъизи кæны. 3. Чиныджы хуылфы ма æвæр кърандæстæ, ручкæтæ æмæ æндæр ставд дзауматæ — уыдæт- тæй чиныджы цъар скъуынгæ кæны. 4. Чиныджы цъæрттæн сæ кæрæттæ ма ды- .дагъ кæ — дыдагъгонд кæрон аскъуыйы, æмæ чиныг хæлы; дæхицæн исты скæн чиныджы хуылфы æвæрынæн, кæм кастæ, уый зонынæн. 5. Чиныджы цъæрттæ ма скъуын, мацы дзы фысс, ма дзы кæ нывтæ, мацыхуызон бæрджы- тæ дзы кæ нæдæр чернилайæ, нæдæр къранда- сæй, нæдæр къухы ныхтæй. 6. Чиныг иннæрдæм ма дыдагъ кæн, кæннод йæ цъæрттæ хаугæ кæнынц. Чиныджы фылдæр хатт æвдыст вæййынц иу фыссæджы хъуыдытæ. Æмæ ис ахæм æмбисонд: «Иуы зондæй дыууæйы зонд — хуыздæр». Биб- лиотекæйы чингуыты æвдыст сты мингай адæй- мæгты хъуыдытæ, фæлтæрддзинад, æнкъарын- дзинæдтæ. Библиотекон чингуытæ уæлдай тынг- дæр хъахъхъæнинаг сты, уыдон сты æхсæнадон исбон. Библиотекæ иу адæймаджы фæллойæ нæ арæзы, фæлæ мингай адæймæгты фæллойæ; библиотекæйæ иу адæймаг нæ пайда кæны, фæ- лæ тынг бирæ адæм. Гыццылдæр æмбаргæ чи у, ахæм пионер, скъоладзау зоны, библиотекæйы чингуытæ хæлæттаг, раууат кæнын, афоныл фæ- стæмæ нæ хæссын куыд æнæныббаргæ хъуыддаг у, уый. 108
Пионертæ, скъоладзаутæ, хъахъхъæнут биб- . лиотекæ, йæ алфамбылай æнгомдæр æрбалæуут кæрæдзимæ, уе ’хсæнæй рахицæн кæнут «биб- лиотекæйы æвзонг хæлæрттæ»! Цы хъуамæ кæной «библиотекæйы æвзопг хæлæрттæ»? Раздæр-раздæр уыдон хъуамæ сæ цæст дарой, библиотекæмæ йæхи æрæджы чи ныффыста, ахæмтæм. Уыдон сын хъуамæ бам- <барын кæной, алы чиныгыл дæр цас фæллой, мæт, хъуыдытæ ацыдис, уый. Хъуамæ сын дзу- рой, библиотекæйы чингуытæн сæ тæккæ хуыз- дæрты цы хабæрттæ фыст ис, уый тыххæй. Хъуа- мæ сын дзурой, библиотекæйы чиныг куыд хъахъхъæнын хъæуы, фæстæмæ йæ афоныл хæс- сын кæй хъæуы, уый, хъуамæ сæ цæст дарой уымæ, цæмæй ног чиныгкæсджытæ æххæст кæ- ной уыцы æгъдæуттæ. «Библиотекæйы æвзонг хæлæрттæ» хъуамæ агурой ног чиныгкæсджытæ, баххуыс кæной библиотекæйы кусæгæн; уыдон хъуамæ афтæ бакæной, цæмæй сæ бон уа зæгъын сæ къордæн, се скъолайæн: «Ацы мæйы дæргъы махæн нæ библиотекæйæ иунæг чиныг дæр нæ фесæфти, иунæг чиныг дæр нæ нырраууат». 1933 аз.
ДЫ КУЫД ÆХХУЫС КÆИЫС БИБЛИО ТЕКÆЙÆН? Æ ЗЫНАРГЪ СЫВÆЛЛÆТ- ТÆ! Мæ дыууæ писмойæн уал цзуаппæн райстон æвдай дыу- уæ писмойы. Уыдонæн се ’мбис сты хицæн сы- вæллæтты писмотæ, иннæтæ та сты иумæйæг- тæ — сывæллæтты къордтæй æмæ пионерты къордтæй. Хицæн сабиты писмотæ фылдæр хатт со. дзаг вæййынц ахæм хъæстытæй, зæгъгæ, скъолайы нæй библиотекæ, кæнæ та дзы чингуы- тæ чысыл ис æмæ хорз чингуытæ не сты, кæиæ та библиотекæмæ дардмæ цæуын хъæуы, библиоте- кæ æвзæр кусы æмæ афтæ дарддæр. Коллективон писмотæ вæййынц бирæ хъæздыгдæр. Уыдонæй ис бцрæ хорздзинæдтæ базонæн. Хорз у, сывæл- лæттæ кæм цы ми кæнæг сты, уый базонын, цæ- мæй фадат уа кæрæдзийæ исты хорз æгъдæуттæ бафæзмынæн. 110
Выборджы районы 9-æм скъолайы 3-аг къор- ди сьтæллæттæ хъусын кæнынц, зæгъгæ, мæ писмойы ’фæстæ уыдон се ’ппæт дæр кæсын рай- дыдтой скъолайы библиотекæйы чингуытæ, иу- æй-иу сабитæ та чингуытæ канд скъолайы биб- лиотекæйæ нæ исынц, фæлæ ма заводтьгбиблио- текæтæй æмæ æндæр библиотекæтæй дæр. Сы- вæллæттæ фыссынц, чысыл сабитæн чингуытæ æрæмбырд кодтам æмæ библиотекæйы дежур- нæтæ сæвæрдтам, зæгъгæ. Æндæр ленинградаг скъолайы, Васильевскы сакъадахы чи ис æмæ 1-æм фæзминаг скъола кæй хонынц, уымæн йæ 4-æм къорды ахуыргæ- нинæгтæ фыссынц, зæгъгæ, се ’ппæт дæр фыст сты библиотекæйы, сæ бакаст чингуыты тыххæй фыссынц боныгтæ, æцæг сæм иу хъуыддаг рæвдз нæу, библиотекæйы чысыл йедтæмæ нæй чин- гуытæ, стæй тынг тæнæг чингуытæ сты. Уыцы скъолайæ ма — уый ис завод «Крас- ный металлисты» раз — сывæллæттæ, Кировы номыл къорды пионертæ, фыссынц, зæгъгæ, уы- дон сæ библиотекæмæ чингуытæ кæсынмæ цæ- уынц, сæхæдæг библиотекæйы кусыны тыххæй кæй рахицæн кодтой, уыцы Толя Журавлев сæ раздзог, афтæмæй. Уыдон докладтæ фæкæнынц сæ бакаст чингуыты тыххæй, уый фæстæ сыл фæныхас кæнынц. Докладты вæййынц ныййар- джытæ, заводты кусджытæ æмæ æндæртæ. «Къордæн йæхицæн ис гыццыл библиоте- кæ,— фыссынц уыдон.— Махæн уый радтой пре- 111
мийæн, нæ хорз ахуыры тыххæй, стæй нæм æп- пæт 1933 азы дæргъы ахуырæй иунæг фæцух, иунæг уайдзæф, иунæг фæстиат дæр кæй нæ- уыд, уый тыххæй. Æмæ йæ мах дæттæм не скъолайы библиотекæмæ, цæмæй иннæ пионер- тæн дæр фадат уа уыцы чингуытæ кæсынæн. Æмбал Киров Ленинграды пионертæм цы сидт ныффыста, уый бакæсгæйæ æмæ йæ дзæбæх равзаргæйæ, къорд йæхимæ хæстæ райста пар- тийы XVII съездмæ». Завод «Двигателы» (Выборджы район) 2-аг базæйы 2-аг къорды пионертæ фыссынц: «Мах афтæ æнхъæл стæм, æмæ библиотекæты раз; «библиотекæты æвзонг хæлæртты» къордтæ фæ- хуыздæр кæндзысты библиотекæйы куыст, бирæ йын феххуыс уыдзысты йæ куысты. Разы стæм Надеждæ Константиновнæйы уыцы хорз фæндо- нæй æмæ йæ æппæты разæй райстам мах. Афтæ сараздзыстæм, цæмæй ууыл биноныг æрныхас кæной нæ базæйы пионерты къордтæ се ’ипæг дæр. Библиотекæйы алыварс æрæмбырд кæн- дзыстæм хуыздæр пионерты, чингуытæ хъахъ- хъæд цæмæй цæуой, ууыл зæрдиагонæй чи кус- дзæн, ахæмты». Петрограды районы 1-аг фæлварæн скъола- йæ мæм фыссынц «кæсæндоны хæлæртты» къор- ды уæнгтæ: «Сывæллæттæн се ’ппæтæн газег рафыссын сæ къухы кæй не ’фты, уый зæрдыл даргæйæ, мах Дæ писмо ралыг кодтам газет 112
«Ленинские искры»-йæ æмæ йæ баныхæстам кæ- •сæндоны дуарыл (къæлидоры). Писмо бакастысты скъоладзаутæ се ’ппæт дæр, уый бæрæг уыд сæ къухæвæрдтæй. Скъола- дзаутæ сæ зæрдыл бадардтой Дæ ныхæстæ, æмæ кæсæндонмæ цæуын байдыдта фылдæр адæм. Æппæтмæ дæр хорз кæсы кæсæндоны дежурнæй уæвын, формуляртæ агурын, чингуытæ дæттын, кæсæндонмæ цас адæм цæуы, уый бæрæг кæ- нын æмæ, æгъдау хæлд цæмæй нæ цæуа, уымæ цæст дарын. Мах уарзæм литературон хъæзты- тæй хъазын. Хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ •æххуыс кæнынц кæстæртæн». Фæлæ кæд Ленинграды сывæллæттæа се скъолаты хорз библиотекæтæ ис, уæд Ленин- грады облæсты скъолаты хъуыддаг аевзæрдæр цæуы. ^ Мæнæ цы хуызы æвдисынц^хъуыддаг Кири- шы районы хМотоховы хъæусоветы Дубняйы скъолайы ахуыргæнинæгтæ: «Цыдæриддæр чи- ныг уыдис не скъол^иы — се ’ппæты дæр бакас- тыстæм. Мах бафгæ цæуæм библиотекæмæ, бæр- гæ бацин к^йæм цыфæнды чиныгыл дæр, æмæ ахуыргæнинæгтæй искæмæ цавæрфæнды чиныг дæр^л^ы разыны, уæд йæ бакæсынмæ æнхъæл- мæ фæкæсы æнæхъæн скъола». Чингуыты хъуыддаг æвзæр у Крестецкы районы Ракушины 1-аг къæпхæны скъолайы дæр, фæлæ сывæлæттæ ныфссаст нæ фесты æмæ 113
сæхæдæг амæлттæ кæнынц. Æвдисæнæн æрхæс- дзынæн уыдоны писмо æнæхъæиæй: «Зынаргъ Надеждæ Константиновнæ! Газст «Пнонерская правда»-йы 2 декабры номыры дын мах. Дæ писмо бакастыстæм. Ды сидыс æппæт пионертæм æмæ скъо^ ладзаутæм, цæмæй мах, ппонер-скъоладзаутæн куыд æмбæлы, аф- тæ ноджыдæр хуыздæр зилæм æмæ хъахъхъæнæм библиотекæтьг чингуытæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ. Мах, Ленинграды облæсгы Крестсцкы районы Ракушнны хъæуы 1-аг къæпхæны скъолайы ахуыргæнинæгтæ-пионертæ, Дæ писмойыл æрныхас кодтам нæ нумæпаг æмбырды æмæ уыпадыл нæхимæ исæм ахæм хæс: не скъолайы сараздзыстæм ленннон къуым. Стæй, не скъолайы æп- пындæр библпотекæ кæй нæй, уымæ гæсгæ мах рахастам а\æм уынаффæ, цæмæй чингуытæ æмбырдгонд æрцæуа ахуыргæнинæг- тæн сæхи æхсæн, æмæ уал нын абоны онг бантыстн 68 чиныджы æрæмбырд кæнын. Цы чннгуытæ æмбырдгонд æрцыдис, уыдонмæ каст цæуы ’хо^эз пионерон цæстæй. Алы пнонер-ахуыргæнииаг дæр- йæхимæ хæс райста йе ’мбалмæ йæ цæст дарыны тыххæй, цæмæй чиныгмæ æдзухдæр^кæсой хуыздæр цæстæй. Мах, Дæу амындмæ гæсгæ, сарæзтам «библиЬтекæйы æвзопг хæлæртты» къорд. Уыцьг куыстмæ мах рахнцæн кодтам^не ’мбæлтты æмæ Дын дзырд дæт- тæм дарддæры куысты тыххæй, Мау нæхимæ Дæу раз цы хæстæ райстам, уыдон кæй сæххæст кæндзы^тæм, пионертæн куыд æм- бæлы, афтæ, æмæ нæ цæсгом нæ фæчъизи^æндзыстæм. Нæхимæ* хæс исæм, нырæй фæстæмæ Демæ баст кæй уь>д^ыстæм, уый тых- хæй». ^^ Пнонерты æмбырды (24 адæймаджы) фæдзæхстмæ\рæсгæ Сæ къухтæ æрæвæрдтой:- 3. Тарасова, А. Сергеева, М. Розина, В. Нь^ вожилова, Е. Недошивпна, раздзог Ф. Куа- нецов. 1933 *азы 11 декабрь». Иовгороды 4-æм фæзминаг скъолайы 3-аг къорд «Встречнæй»-йы пионертæ фыссынц: 114
«Мах скъолайы ис хорз библиотекæ. Уым ис 6 мин чиныджы. Фæлæ уыдон дзæгъæл лæуд кæнынц. Рæстæмбис нымадæй дзы иу-фондзбононы дæргъы райстæуы æр- мæст 5 чиныджы. Нæ библиотекæйы куыст нывыл сæвæрыны тыххæй мах нæхн- мæ исæм ахæм хæстæ: 1. Алы пнонер дæр уыдзæн библиотекæйы уæнг. 2. Звеноты æмæ къордты æмбырдты кæсдзыстæм аивадон лите- ратурæ, бакаст чиныгавн-иу аргъгонд куыд æрцæуа йæ хъæд, йæ апмæ гæсгæ, афтæмæй. 3. Мах хынцдзыстæм, нæ къордты пионертæй библиотекæйы фыст чи у, уыдон. 4. Æнæорганизацигонд дзыллæты кæндзыстæм бпблиотекæмæ, уæнгтæй дзы куыд ныллæууой, афтæ. 5. Нæ бон цас уа, уыйас æххуыс кæндзыстæм скъолайы биб- лиотекæйы куыстæн. 6. Не скъолайы ахуыргæнджытæм æмæ админнстрацимæ ба- дзурдзыстæм æххуысмæ, скъолайы библиотекæйы куыст нывыл сæвæрыны тыххæй. 7. Скъолайы бпблпотекæйы куыстæн, куыд амал ис, афтæ тагъддæр æмæ хуыздæр баххуыс кæныны тыххæй мах сидæм со- циалистон ерысæй нæ базæйы къордтæм се ’ппæтмæ дæр». Куыд уынæм, афтæмæй Ленинграды скъола- дзауты æмæ пионерты писмоты хорз хъуыдытæ бирæ ис. Уыдон хъуыддаг ууыл нæ ахицæн код- той æмæ ома æрмæст писмотæ бакæсой, сразы сыл уой, махмæ дæр хъуыддаг æвзæр у, зæгъгæ фæоххытæ кæной. Уыдон уайтагъд активонæй бавнæлдтой куыстмæ, сæхæдæг архайынц хъуыддаг фæхуыздæр кæныныл. Уæлдай хуыз- дæр у Ракушины скъолайы хихъæппæрисдзинад. Библиотекæты управлени Ракушины скъолайæн æрвиты 300 сомы аргъ библиотекæ, сæхæдæг 115
афтæ тагъд цы хихъæппæрисад равдыстой, уы- мæн фæахъаз кæныны тыххæй. Сывæллæттæ, афон нæма у, цымæ, мæ иис- мотæн хъуыддагæй дзуапп раттын чи базыдта, Ленинграды æмæ ленинградаг облæсты уыцы скъолатимæ соцерысы бацæуынæн? Кусджыты хъуыддагыл тох кæнынмæ цæттæ ут! 1934 аз.
Ч И Н Ы Д Ж Ы И С: Н. Богданов. Раздзырд 5 Пионерты органнзацийы сæвзæрды тыххæй .... Ю Цæттæ у! 14 «Мæн у» æмæ «мах у» . » 18 Кæнут æхсæнадон куыст! 25 Хъуамæ зонат сæрæй æмæ къухтæй кусын 29 Æмбаргæ æгъдауы тыххæй 36 Æппæт н-ациты сывæллæтты æхсæн хæлардзинады тыххæй. 42 Ленины бонтæм . 50 Писмо колхозон сывæллæттæм 57 Куыд тох кæнын хъæуы цухтæ æмæ æрæджытæ кæнынимæ. 52 Ауæрдын хъæуы хи рæстæгыл дæр æмæ искæй рæстæгыл Д*ф 68* Дæ цардæи уаг сæвæр 73 Лагсрты царды тыххæй 76- Гыццыл сабитпмæ куысты тыххæй 81 Пнонер — æппæт сывæллæттæн сæ лымæн æмæ се ’мбал . $6 Ут æцæг æмбæлттæ! 90 Пионер, бпблиотекæмæ! д§ Чиныг хъахъхъæн! Ю5 Ды куыд æххуыс кæныс библиотекæйæн? . . . • П0>
НАДЕЖДА КОНСТАНТИНОВНА КРУПСКАЯ Письма пионерам Редактор И. Д. Урумова Художник В. А. Цагараев Художественный редактор X. Т. Сабанов Технический редактор 3. С. М и с и к о в а Корректор И. А. Дамбегова
ИБ № 1083 Сдано в набор 05.10.84. Подпнсано к печатн 13.02 85. ЕИ 00218, Формат бумапГ 70х1081/32. Бум. тнп. № 1, Гари, шрифта литературная, Печать высокая,- Усл. п. л. 5,25. Учетно-изд. листов 3,32. Усл, кр,-от, 5,41, Тираж 1000 экз, Заказ № 448. Цена 25 коп. Издательство «Ир» Государственного комнтета Ссверо-Осешнскоп АССР по делам издательств, полнграфнн и книжной торговли, 362040, г. Орджоникидзе, ул. Димитрова, 2. Книжная типография Государственного комитета Северо-Осетинской АССР по делам издательств, полиграфии и кннжноА торговли, 362011, ул. Тельмана, 16.
Цæгат Ирыстокы чиныгуадзæн «Ир» 1985 азы сывæллæттæн рауадздзæн гхæм чингуытæ: Куприн И. А. Диссаджы дохтыр. Ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. Тираж 3000 экз., аргъ 5 кап. Мыртазты Барис. Зджыды рæсугъд. Уы- рыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй. Тираж 10000 экз., аргъ 5 кап. Коцорайы аргъæуттæ. Ирон æвзагыл. Тираж 2000 экз., аргъ 15 кап. Къозаты Мурат. Мæ зæрватыкк. Ирон æвзагыл. Тираж 2000 экз., аргъ 10 кап. ~ Царахаты Таймураз. Тæрхъусæн цыбыр къæдзил цæмæн ис! Ирон æвзагыл. Ти- раж 2000 экз., аргъ 15 кап.