/
Текст
ФЫДÆАТЫ
МÆСЫГ
таурæгыпæ
æмбисæндтæ
хъæлдзæг ныхсестæ
Чиныг сарæзта
Цгъойты Хазби
<^
Дзæуджыхъæу
2008
82(2Рос-Осет)
Ц-54
Цгъойты X.
Ц—54 Фыдæлты мæсыг: Таурæгътæ, æмбисæндтæ — Дзæу-
джыхъæу: Ир, 2008 - 272 ф.
Цгоев Х.Ф.
Башня предков
15ВМ 5-7534-1149-5(978-5-7534-1149-5)
В кннге «Башня предков» отражены мудрость, морально-этнческая, мн-
ровоззренческая позицня осетннского народа, сформированная поколенн-
ямн, начнная со скнфов и кончая сегодняшннм днем.
В сборннк вошлп также предання, прнтчн, анекдоты — жнзнеутвержда-
ющне, правдолюбнвые, где добро побеждает зло. «Башня предков» как бы
зовет читателя: «Иди вперед, оглядываясь назад», пбо только крепкпе кор-
ни дают здоровые росткн...
^СЖУ8™ 82(2Рос-ОсеТ)
© ГУП РСО-Алання «Издательство «ИР», 2008
© Цгоев Х.Ф.,составленне, 2008
15ВМ 5-7534-1149-5(978-5-7534-1149-5) © Джикаев М.Ф., оформленпе, 2008
Ацы чиныгæн йæ фылдæр хай у нæ адæмы дзыхæй-
дзургæ сфæлдыстадæй ист. Уымæй дарддæр спайда код-
тои историйы фыд Геродот, Плутарх, рагон бердзеиаг
ахуыргоно Лукиаиы уацмыстæ, Козаты Авксентийы чи-
иыг «Анахарсис»-æй æмæ æидæр æрмæджытæй. Йæ ахад-
гæдæр хай та у, адæмæй мæхæдæг кæй фехъуыстои æмæ
кæй иыффыстон, уый. Уæлдайдæр та «Хетæджы тау-
рæгьтæ», «Æмбисонды хабæрттæ», «Бынæттимæ баст
таурæгьтæ», «Диссæгтæ-тæмæссæгтæ», «Цардæй ист
хьуыдытæ», «Афтæ цæмæн дзурæм?», «Цымыдисаг ха-
бæрттæ ирæтты тыххæй» æмæ æидæртæ.
Ирон адæмы æрдзон, хæдхуыз дзыхы ныхасы-иу мæ
зонд хорзæй, цымыдисагæй цы ацахста, уый фыстон гæх-
хæттыл. Бирæ хабæртты дзы ахæм арф хьуыды æвæрд
ис, æмæ сæ адæймаг цымыдисæй кæсы. Куыд фæзæгьыиц,
диссагæи дзуринæгтæ æмæ æмбисоидæи хæссииæгтæ.
Адæймагмæ æвзæрын кæнынц намысы. лæгдзинады æнкьа-
рæнтæ, хьæздыгдæр ын кæиынц йæ фæлтæрддзинад, абои
ирон царды, ирон фæсивæды хьомылады ахсджиаг чи у,
ахæм миниуджытæ.
«Фыдæлты мæсыг»-мæ цы уацмыстæ бахастон, уыдон
махмæ æрхæццæ сты нæ рагфыдæлтæй. Ацы таурæгьтæ
æмæ хаоæрттæ сты нæ дзыллæйы дзырдаивады хæзна-
тæй. Стыр ахьаз фæуыдзысты нæ рагои фыдæлты цард
æмæ зæрдæйыуаг бамбарынæн, ирон æвзаг хуыздæр ба-
зоныиæн. Æрмæг ист у нæ рагфыдæлты цардæй æмæ
зæрдæ, зонд дæр уымæн агайы, уымæн сæм хьары. Уый
фæрцы иыл хæрзаудæн кæны нæ фыдæлты курыхондзи-
над, сæ цард, фæлтæрддзинад, тауы ныл сæ кад, сæ
намыс, сæ оунеæмбарынад, сæ фарн нæм хæссы.
Чиныгаразæг
5
СКИФТЫ ХАБÆРТТÆ
Скифтæ ирон адсемы рагфыдæлтæ кæй уыдысты, уый
ахуыргæпдтæн дызæрдыггаг нал у. Стыр ахуыргæндтæ:
уырыссаг Вс.Миллер, немыцаг Макс Фасмер, чехаг Ладис-
лав Згуста, францаг Жорж Дюмезиль скифты æвзаг рахуыд-
той рагон ирон æвзаг. Абайты Васо та афтæ зæгъы: «В
этих именах легко распознаются такие употребительные
осетинские слова, как фарн — «благодать», ’хсар — «воен-
ная доблесть», андон — «сталь», алдар (ардар) — «госпо-
дин», лиман — «друг», фурт — «сын», фида — «отец», саг —
«олень», сар — «голова», стур — «болыиой» и др. Осетинс-
кий язык дает также ключ к разъяснению многих топони-
мов Северного Причерноморья и Приазовья, названий мест-
ностей, рек, населенных пунктов и т.д. Типичный пример —
название реки Дон. Именно в осетинском языке — и только
в нем — слово «дон» означает «река». Этот же элемент
распознается в названиях «Днепр», «Днестр».
Скифтæ ирон адæмы рагфыдæлтæ кæй сты, уый раха-
тæн ис рагон бердзеиаг ахуыргонд «историйы фыд» Геро-
доты чиныг «Мелыгомена» кæсгæйæ дæр. Уый фыст у мах
эрæйы размæ V æнусы. Геродот ацы чииыджы фыссы, скиф-
тæм цы федта æмæ фехъуыста, уыцы хабæрттæ, бино-
ныгæй дзуры сæ хъæбаглырдзинад æмæ æиæбасæттондзи-
надыл, сæ цардыуагыл, дииыл æмæ æгъдæуттыл. Уыдоны
азæлд фехъусæн, фенæн ис ирон адæмы абоны цардыуа-
джы æмæ æгъдæутты, адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр
та Нарты кадджыты.
Геродот скифтæм цы цымыдисаг хабæрттæ фехъуыс-
та, уыдонæй иу-цалдæр бахастам ацы чиныгмæ.
СКИФТЫ РАВЗÆРД
Скифтæ, сæхи ныхæстæм гæсгæ, равзæрдысты Сау денджыз
æмæ Азовы денджызы цæгатварс тыгъд быдырты. Скифты бæс-
тæйы фыццаг цæрæг уыд Таргитай. Йæ ныййарджытæ та, дам,
6
уыдысты, бердзентæ (грекъæгтæ) цы хуыцаумæ куывтой, уый —
Зевс æмæ цæугæдон Борисфены (Днепры) чызг.
Таргитайæн уыд æртæ фырты: Липоксаис, Арпоксаис æмæ
Колаксаис (афтæ сæ фыссы Геродот йæхи æвзагыл).
ХУЫЦАУЫ ЛÆВÆРТТÆ
Ацы æртæ ’фсымæры куы рахъомыл сты, уæд Скифты зæхмæ
уæларвæй æрхаудтой сыгъзæрин дзаумæттæ: гутон, æфсондз,
хæстоны фæрæт æмæ нуазæн къус (уацамонгæ). Фыццагдæр сæ
федта хистæр æфсымæр. Куыддæр сæм æргуыбыр кодта, сисон
сæ, зæгъгæ, афтæ цъæх фæздæг скалдтой. Лæппу дзаумæттæй
йæхи иуварс айста.
Дыккаг æфсымæр сæм куы бацыд, уæд дæр та — афтæ. Кæс-
тæр æфсымæр Колаксаис сæм куы бацыд, уæд сæ арт фæмынæг,
æмæ сæ ахаста.
Хистæр æфсымæртæ уый куы федтой, уæд æнæдызæрдыгæй
сразы сты паддзахад кæстæры бар бакæныныл. Уыцы дзаумæттæ
та скифтæм (стæй ирон адæммæ дæр) кадджын кæй уыдысты,
кувæндæтты сæ кæй æвæрдтой, уый бæрæг у, археологтæ дзы
сæ обæутты кæй ссарынц, уымæй дæр.
ГЕРАКЛ ÆМÆ СКИФТÆ
Скифты равзæрды тыххæй бердзенæгтæ та дзырдтой, зæгъгæ,
дам, Геракл Герионы галтæ хизгæ æрбатардта скифты зæхмæ.
Уæд дзы цæрæг нæма уыди. Ам ыл схъызыд, æмæ уазал кæнын
райдыдта. Домбайы цармæй уæйлаг кæрцгонды йæхи батыхта,
афтæмæй зæххыл æрхуыссыд æмæ афынæй. Уыцы рæстæг хи-
зынмæ цы ифтыгъд бæхты ауагъта, уыдон цыдæр æрбаисты.
Геракл куы райхъал, уæд йæ бæхтæ агурæг æрзылд ацы бæс-
тæйыл, фæлæ сæ не ссардта. Фæстагмæ æрбафтыд Гилейы зæхмæ.
Уым лæгæты фембæлд цыдæр æнахуыр цæрæгойыл: астæуæй
уæлæмæ уыд сылгоймаг, астæуæй дæлæмæ та — калм. Геракл æй
куы федта, уæд æй афарста, мæ бæхты мын нæ федтай, зæгъгæ.
Сылгоймаг-калм ын загъта:
— Дæ бæхтæ мæнмæ сты, фæлæ дын сæ нæ ратдзынæн, ца-
лынмæ мемæ не ’рæмуд уай, уæдмæ.
Геракл йæ бæхты ссарды цинæй сразы, æмæ æрæмуд сты сыл-
гоймаг-калмимæ. Фæлæ ус бæхтæ раттыныл нæ тагъд кодта, фæн-
дыдис æй, Геракл æм фылдæр рæстæг куы афæстиат уыдаид, уый.
Æппынфæстаг ын ус радта йæ бæхтæ æмæ йын загъта:
— Ацы бæхтæ сæхæдæг æрбацыдысты мæнмæ æмæ сын, цы
хъуыд, уый бафыстай. Дæуæй мын райгуырд æртæ фырты. Зæгъ-
ма, куы сыстыр уой, уæд-иу сын цы бакæнон? Ам сæ ныууадзон
æви-иу сæ дæумæ арвитон?
— Нæ фырттæ куы слæгтæ уой, уæд-иу, ме ’рдыныл мæ фат чи
аифтындза, мæ рон чи ’рбабæтта, уый-иу ам цæргæйæ ныууадз.
7
Куыд дын амонын, афтæ дзы чи нæ бакæна, уый та-ну æцæгæлон
бæстæм фæсур. Мæ ныхасмæ куы байхъусай, уæд дæхтщæй дæр
разы уыдзьшæ æмæ мæ фæндон дæр сæххæст кæндзынæ.
Ахæм ныхæстæ кæнгæйæ, Геракл анвæзта йе ’рдынтæй иу
(уæды онг йемæ хаста дыууæ ’рдыны), уый фæстæ равдыста,
рон астæуыл куыд бæтгæ у, уъга. Æрдъга, фат æмæ рон усмæ
радта (роны æргъæвæджы кæроныл ауыгьд уыд сыгъзæринæй
конд нуазæн къус) æмæ ацыд.
Фырттæ куы байрæзтысты, уæд сыл мад сæвæрдта нæмттæ:
хистæрыл — Агафирс, астæуккагыл — Гелон, кæстæрыл — Скиф.
Стæй йын Геракл куыд бацамыдта, афтæ бакодта. Хистæр дыууæ
’фсымæры Агафис æмæ Гелон Гераклы æрдыны фат аифтын-
дзын æмæ йын йæ рон сæ астæутыл æрбатухынмæ нæ сарæхсты-
сты, æмæ сæ йæ бæстæйæ фæсырдта.
Кæстæр æфсымæр Скифæн йæ къухы бафтыд йæ фыды хæс
сæххæст кæнын æмæ уым цæргæйæ баззад. Уымæй, дам, рав-
зæрдысты скифты паддзæхтæ, æмæ дзы алчидæр йæ роныл дары
сыгъзæрин къус.
Æртыккаг таурæгъмæ гæсгæ та скифтæ равзæрдысты афтæ.
Цæвиттон, цæугæцардгæнæг скифты знæмтæ хæтыдысты Цæгат
Азийы. Массагеттæ сыл куы рахæцыдысты, уæд скифтæ æрба-
хызтысты цæугæдон Араксыл æмæ ’рбахæццæ сты киммерийæг-
ты зæхмæ. Скифтæ сæм куы ’рбаввахс сты, уæд киммерийæгты
быны дон бацыд, æмæ уынаффæ кæнын райдыдтой, цы кæнгæ
сын у ахæм æфсады раз, зæгъгæ. Дыууæ дихы фесты. Хуымæ-
тæг адæмы нæ фæндыд знаджы æфсады ныхмæ æрлæууын, фæл-
тау, дам, сыстæм æмæ ардыгæй ацæуæм. Паддзæхты та сæ мулк
ныууадзын, сæ цардыуаг фехалын нæ фæндыд æмæ загътой,
цыфæндыйæ дæр хъæуы райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын,
зæгъгæ. Кæд сæ дыууæтæй алчидæр йæ фæндыл фидархæст уыди,
уæддæр паддзæхтæ фæуæлахиз сты. Фæлæ сæ дæлбар адæм нæ
бакоммæ кастысты, сфæнд кодтой сæ фыдæлты зæхх знагæн
æнæ схæцгæйæ ныууадзын. Паддзæхтæ та загътой, цæйнæфæл-
тау нæ сæртæ æфснайæг фæуæм, фæлтау мæлæт хуыздæр. Уыдон
хорз æмбæрстой, цы хъизæмæрттæ сæм æнхъæлмæ каст, уый.
Киммерийæгтæ дыууæ дихы фесты æмæ кæрæдзиимæ схæцы-
дысты. Уыцы хæсты сæ чи фæмард, уыдоны сæхæдæг баныгæд-
той цæугæдон Тирасмæ ’ввахс. (Геродот куыд фыссы, уымæ гæсгæ
дзы паддзæхты ингæнтæ фенæн ис нырма дæр). Уый фæстæ ким-
мерийæгтæ ныууагътой сæ зæххытæ, æмæ скифтæ æрцардысты
æдзæрæг бæстæйы — Хъырымы æрдæгсакъадахыл.
СКИФТЫ ТОХ СÆ ЦАГЪАЙРÆГТИМÆ
Скифтæ кæд киммерийæгты бæстæ æнæтох, æнæсхæцгæйæ
бацахстой, уæддæр сæ æвыдæй ауадзын сæ зæрды нæ уыд. Сæ
бинонты Хъырымы ныууагътой, сæхæдæг киммерийæгты фæсте
8
асырдтой. Киммерийæгтæ Сау денджызы былты цыдысты,
скифтæ та — Кавказы хурыскæсæн фæрсты. Афтæмæй скифтæ
адзæгъæл сты æмæ бафтыдысты Чысыл Азийы Мидийы зæхмæ
æмæ ныддæрæн кодтой мидийæгты паддзахад. Уыцы рæстæг
мидийæгты паддзахадæй тыхджындæр Азийы нæ уыд.
Аст æмæ ссæдз азы фæстæ скифтæ æрбаздæхтысты Хъы-
рыммæ, фæлæ фыдæнхъæл фесты. Сæ устытæ сæм уал азы
æнхъæлмæ кæсын нæ бафæрæзтой æмæ сæ цагъайрæгтæй сæхи-
цæн лæгтæ скодтой. Цы цот сын рацыд, уыдон уæдмæ сæ тыхы
бацыдысты æмæ скифты æрбаздæхтмæ лæппуйæ, чызгæй сæхи
хæстмæ цæттæ кæнын райдыдтой. Фыццаджыдæр уал сæ зæхмæ —
Хъырымы æрдæгсакъадахмæ æрбацæуæн къубалæгыл — Таврийы
хæхтæй Азовы денджызмæ — сарæзтой сыджыт быру. Уыцы быру
ма абон дæр ис Керчы.
Скифтæ куы æрбахæццæ сты, уæд сыджыт быруйы сæрты
нæ, фæлæ денджызы кæрæтты æрбабырстой. Æрыгон цагъай-
рæгтæ сæ размæ æрлæууыдысты æмæ сæ нæ бауагътой сæ зæхмæ.
Ахæм хæстытæ бирæ рауад се ’хсæн, æмæ скифтæ сæ басæтты-
нæн ницы фæрæзтой. Уæд сæ хистæртæй иу афтæ зæгъы:
— Цы кусæм, скифаг хæстонтæ? Уый нæхи цагъайрæгтимæ
куы хæцæм! Æмæ нæ искæй куы амарынц, уæд нæхæдæг лæ-
мæгъ кæнæм; мах сæ куы ныццæгъдæм, уæд та нын цагъайрæгтæ
нал уыдзæн. Гъе уымæ гæсгæ мæнмæ афтæ растдæр кæсы: ныууа-
дзæм нæ хотыхтæ, райсæм нæ ехсытæ æмæ сыл дзæбæх æрцæ-
уæм. Цалынмæ нæ хотыхтимæ уынынц, уæдмæ сæхи не ’мсæр
хонынц. Фæлæ нæ ехсытимæ куы феной, уæд бамбардзысты, нæ
цагъайрæгтæ кæй сты æмæ нæ ныхмæ æрлæууын сæ ныфс нал
бахæсдзысты.
Скифтæ уыцы фæндыл сразы сты. Æмæ æцæгдæр: цагъай-
рæгтæ скифты ехсытимæ куы федтой, уæд лидзæг фесты.
ПЕРСЫ ПАДЦЗАХ ДАРИЙЫ ÆРБАБЫРСТ СКИФТÆМ
Персы паддзах Дарий Вавилон куы байста, Азийы мулк æмæ
хæстон тых йæхи куы бакодта, уæд йæ ных сарæзта скифтæм.
Уыдон уый размæ мидийæгты кæй ныддæрæн кодтой æмæ са-
бырдзинады бадзырд кæй фехæлдтой, уый тыххæй сæ бафхæ-
рын уыд йæ зæрды. Скифты ныббырсты размæ Азийы паддзахи-
уæг кодтой мидийæгтæ.
Дарий уыцы ныббырстмæ бирæ рæстæг цæттæ кодта, йæ дæл-
бар адæмтæм арвыста фидиуджыты. Иутæй домдта æфсад
æрцæттæ кæнын, иннæтæй æркуырдта наутæ, аннæтæ йын Фра-
кийы Боспорыл хъуамæ хид сарæзтаиккой. Паддзахы æфсымæр
Гистапсы фырт Артабан ын дзырдта, скифтæм ма цу, нæ сæм
бахæццæ уыдзынæ, куы сæм бахæццæ уай, уæд дæр сыл нæ
фæуæлахиз уыдзынæ, зæгъгæ. Фæлæ йæм Дарий нæ байхъуыста
æмæ куы сцæттæ, уæд сахар Сусæй фенкъуысыдысты йе ’фсæдтæ.
9
Йæ дæлдæртæй иу лæг — персайнаг Эобазæн уыд æртæ фырты,
се ’ртæ дæр хъуамæ ацыдаиккой хæстмæ, æмæ лæг Дарийæ ку-
ырдта, цæмæй йын дзы иуы уæддæр ныууадза. Паддзах ын зæрдæ
бавæрдта, йæ хæлар кæй у æмæ йæм уæзданæй кæй хаты, уымæ
гæсгæ дын де ’ртæ фырты дæр ныууадздзынæн. Эобаз тынг ба-
цин кодта. Фæлæ дзæгъæлы. Дарий йæ фæсдзæуинтæн бардзырд
радта æртæ ’фсымæры дæр амарын. Фæсдзæуинтæ паддзахы
бардзырд сæххæст кодтой, æмæ афтæмæй æртæйæ дæр Сусы
баззадысты. Мæрдтæй!
Дарий скифты егъаудæр цæугæдон Истрмæ (Дунаймæ) нæма
бахæццæ, афтæ ныддæрæн кодта, сæхи æнæмæлæт чи хуыдта,
уыдоны — гетты, финикийæгтæ та сæхи æнæхæстæй радтой. Уый
фæстæ Дарий, Истрыл ионийæгтæ цы хид сарæзтой, ууыл ба-
хызт Скифты зæхмæ.
СКИФТЫ ПАДЦЗАХАД
Персы паддзах Дарий цыдæриддæр адæмты йæ дæлбар бакодта,
уыдонæй иу дæр скифты хуызæн тыхджын хæстон нæ уыд. Уæдæ
дзы скиф Анахарсисы хуызæн ахуыргæндгæ дæр никæмæ уыд. Аивадмæ
дæр тынг æмхиц уыдысты скифтæ. Куыд загьтам, афтæмæй уæлдай
тынгдæр та арæхстысты хæстон хьуыддагмæ. Сæ бæстæмæ сын-иу чи
ныббырста, уый дзы-иу йæ мæлæт ссардта, иуæн дæр дзы фæс-
тæмæ раздæхæн нæ уыд, скифты куы нæ фæндыдаид, уæд.
Скифтæ цæугæцард кодтой, дардтой фос. Сæ цард æрвыстой
саргьыл, уæрдæттæ æмæ цатырты. Уымæ гæсгæ нæ арæзтой са-
хартæ, фидæрттæ, æмæ сын хъахъхъæнинаг дæр нæ уыдысты.
Знаг сæм-иу куы æрбабырста, уæд-иу æй фыццаг рацу-бацуйæ
сфæлмæцын кодтой, стæй-иу ын бæрзæйсæттæн цæф ныккодтой.
Скифты тыгъд быдыртæ хъæздыг уыдысты цæугæдæттæ æмæ
фосхизæнтæй. Геродот скифты стырдæр цæугæдæттæй ранымадта
аст: Истр (Дунай), Тирас (Тиссæ), Гипанис (Днестр), Борисфен
(Днепр), Пантикап, Гипакирис, Герр æмæ Танаис (Дон).
ИУМÆЙАГ ЗНАГ
Дарий Истры сæрты скифты зæхмæ куы æрбахызт, уæд йæ
размæ ничи æрлæууыд. Скифты паддзæхтæ уыцы рæстæг æрæм-
бырд сты æмæ уынаффæ кодтой, ахæм гæрзифтонг æмæ бирæ-
нымæц знаджы ныхмæ тохы цы кæнын хъæуы, ууыл. Æмæ æрцы-
дысты иу хатдзæгмæ: лæгæй-лæгмæ хæсты йыл нæ фæуæлахиз
уыдзысты, уый тыххæй сæ сыхаг адæмты æххуыс бахъæудзæн.
Фæдзырдтой сыхаг адæмтæ: тавртæ, агафирстæ, невртæ, андро-
фагтæ, меланхлентæ, гелонтæ, будинтæ æмæ савроматтæм. Загътой
сын, знаджы ныхмæ æмдыхæй куы не ’рлæууæм, уæд нæ иугай
фæцæгъддзысты. Сæ фæндоныл сразы сты гелонты, будинты æмæ
савромаггы паддзæхтæ æмæ зæрдæ бавæрдтой, сæ фарсмæ кæй
10
æрбалæудзысты. Агафирсты, неврты, андрофагты, меланхленты
æмæ таврты паддзæхтæ та загътой: «Персайнæгты раздæр уæхæ-
дæг куы нæ бафхæрдтаиккат, уæд уæ фарсмæ æрлæууыдаиккам.
Æмæ Хуыцау дæр сымах æвварс уыдаид... Ныр та Персмæ уæхæ-
дæг куыд иунæгæй абырстат, афтæ уæм æрбабырстой уыдон дæр.
Махæй ницы маст зонынц, æмæ мах дæр сæ фыдæх нæ хъæуы. Нæ
бæстæм æрбабырсын та сæ мах нæ бауадздзыстæм».
Ахæм дзуапп фехъусгæйæ, скифтæ хурыскæсæнырдæм сæ фо-
сыл сабыргай ахæцыдысты, цъайтæ æмæ суадæттæ дурты бын
кодтой, арт æндзæрстой кæрдæгыл. Се ’фсад дыууæ дихы фæ-
кодтой. Фыццаг къорды сæргъы æрлæууыд паддзах Скопасис.
Уый йæ дæлбар бакодта савроматты дæр. Знаг уыдоны ’рдæм
куы фæуа, уæд сæ хæс уыд фæстæмæ-фæстæмæ суанг цæугæдон
Танаисы (Доны) онг æнæсхæцгæйæ ацæуын, перс фæстæмæ куы
фессæндой, уæд та сæ фæдыл рацæуын. Ацы æфсады уыдысты
скифты æртæ паддзахады æфсæддонтæ. Иннæ ’фсæддон къор-
ды дæр уыдис æртæ паддзахады æфсæдтæ. Фыццаг дыууæ стыр
паддзахады сæргъы лæууыд паддзах Иданфирс, æртыккаджы
паддзах та уыд Таксакис. Се ’фсæддон къордимæ ма баиу сты
гелонты æмæ будинты хæстонтæ дæр. Уыдоны хæс та уыд, Пер-
сы æфсадæй се ’хсæн бонцауы бæрц дæрддзæг куыд уа, афтæ
фæстæмæ-фæстæмæ цæуын, æмæ афтæмæй сæ хæстон хæс æххæст
кæнын. Персайнæгты хъуамæ сæ фæдыл басайдтаиккой скифтæ,
сæ фарс цы адæмыхæттытæ нæ рахæцыдысты, уыдоны зæххы-
тæм. Кæд сæ Дарийимæ бархийæ схæцын нæ бафæндыд, уæд
æнæбары куыд схæцыдаиккой, афтæ. Скифтæ та сæхи зæхмæ
куыд раздæхтаиккой æмæ, фæуæлахизæн фадат куы уа, уæд пер-
сы æфсадимæ дæр куыд схæцыдаиккой.
СКИФТЫ ДЗУАПП ДАРИЙÆН
Дарий йе ’фсæдтимæ скифты бæстæйы арфæй-арфдæр цыд.
Скифты æфсады куы суьтдта, уæд сæ фæдыл бафтыд, фæлæ
йæм уыдон бонцау дæрддзæгæй æввахсдæр нæ лæууыдысты.
Уыимæ сæ ных сарæзтой, Персы ныхмæ сæ фарсмæ æрлæууын
кæй нæ бафæндыд, уыцы адæмты зæххытæм. Афтæмæй хæсты
цæхæры баппæрстой меланхленты, андрофагты, неврты, агафирс-
ты. Стæй æрбаздæхтысты сæхи зæхмæ æмæ-иу рæстæгæй-рæс-
тæгмæ Дарийы æфсады хицæн къордты æрдæрæн кодтой.
Афтæмæй хæст ныддæргъвæтин. Уæд Дарий арвыста минæвар
скифты паддзах Иданфирсмæ ахæм ныхæстимæ: «Диссаджы лæг
дæ! Цы лидзыс мæ разæй? Кæд мæ ныхмæ фæлæууын дæ ныфс
хæссыс, уæд æрлæуу æмæ мемæ схæц. Кæд дæ ныфс нæ хæс-
сыс, уæддæр æрлæуу, æмæ куыд де ’лдарæн, афтæ мын лæва-
рæн æрбахæсс зæхх æмæ дон æмæ зæгъ дæ ныхас».
Скифты паддзах Иданфирс загъта: «Мæ уавæр ахæм у, пад-
дзах! Æз раздæр дæр никуы никæмæй лыгъдтæи æмæ дæуæй
11
дæр нæ лидзын. Демæ кæй не схæцыдтæн, уый та уымæн, æмæ
махмæ нæдæр сахартæ ис, нæдæр хуымгонд зæххытæ. Æмæ сын
нæ тæрсæм ныппырх кæнынæй, фæгæныстонæй. Фæлæ дæ кæд
тынг фæнды немæ схæцын, уæд нын ис фыдæлты ингæнтæ. Сса-
рут сæ æмæ бафæлварут сæ фехалын. Уæд базондзыстут, хæ-
цын зонæм, æви нæ. Ныр та, цалынмæ нæхи бафæнда, уæдмæ
сымахимæ не схæцдзыстæм. Уый дын, хæст æмæ æхсармæ цы
хауы, уый. Мæхицæн та æлдарыл нымайын æрмæстдæр Стыр
Хуыцау Зевс æмæ Гестияйы — скифты ус-паддзахы. Зæхх æмæ
дын доны бæсты арвитдзынæн æндæр лæвæрттæ, дæу аккаг чи
уа, ахæмтæ. Дæхи мæнæн æлдар кæй рахуыдтай, уый тыххæй та
мын додой дæ сæр кæндзæн!»
Ахæм уыдис скифты дзуапп Дарийæн.
СКИФТЫ ЛÆВÆРТТÆ ДАРИЙÆН
Иудзæвгар рæстæджы фæстæ, скифтæ куы бамбæрстой, пер-
сайнæгтæ сæ тыгъд быдырты æрдæгæххормаг, æрдæгæфсæстæй
сфæлмæцыдысты, уый, уæд Дариймæ фидиуæгимæ арвыстой лæ-
вæрттæ: цъиу, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. Персайнæгтæ 6а-
фарстой, ацы лæвæрттæ цы нысан кæнынц, зæгъгæ. Скифты ми-
нæвар загъта, йæ хæс кæй у лæвæртгæ раттын æмæ фæстæмæ фез-
дæхын. Лæвæртты нысаниуæг та, дам, хъуамæ уæхæдæг бамбарат.
Уыцы ныхæстæ персайнæгты сагъæсы бафтыдтой. Дарийы
хъуыдымæ гæсгæ, скифтæ ацы лæвæрттæй æмбарын кæнынц,
сæхи йæ дæлбар кæй кæнынц, уый. Æмæ йын уымæ гæсгæ æрба-
хастой зæхх æмæ дон. Ома, мыст цæры зæххы бын æмæ адæйма-
гау пайда кæны йæ бæркæдтæй, хæфс цæры доны, цъиу тагъд
кæй тæхы, уымæй у бæхы хуызæн, фаттæ та æвдисынц, скифтæ
семæ схæцыны фæнд кæй нал кæнынц.
Фæлæ Дарийы уынаффæгæнæг Гобрий йæ ныхмæ рацыд. Лæ-
вæртты нысаниуæг уый бамбарын кодта афтæ: «Кæд сымах, пер-
сайнæгтæ, цъиутау нæ атæхат, кæнæ мыстытау зæххы нæ абырат,
кæнæ хæфсытау цъымарамæ нæ ныггæппытæ кæнат, уæд фæс-
тæмæ нал аздæхдзыстут, уæ мæлæт ссардзыстут ацы фаттæй».
СÆРГОЙ ФÆЦИ ДАРИЙ
Уыцы лæвæртты нысаниуæг раиртасыныл персайнæгтæ куыд
сагъæс кодтой, афтæ скифты бæхджын æмæ фистæг æфсæдтæ
хæстифтонгæй фенкъуысыдысты персы ’рдæм. Скифты æфсæдтæ
хæстцомахъæй рæгъгай куы ралæууыдысты, уæд се’хсæнты тæр-
хъус агæпп ласта. Тæрхъусы ауынгæйæ скифтæ йæ фæдыл ный-
йарц сты. Афтæмæй сæ рæнхъытæ схъомпал сты, æмæ сæ лæу-
уæн бынатæй хъæрахст хъуысын райдыдта. Дарий бафарста, уый
цы^амоны, зæгъгæ. Скифтæ тæрхъусы кæй расур-басур кæнынц,
уый куы базыдта, уæд йе ’ввахс адæмæн, фылдæр хатт-иу
12
уынаффæ кæимæ кодта, уыдонæн загъта: «Ацы адæм нæ æппын
куы ницæмæ дарынц... Ныр мæ бауырныдта, Гобрий раст кæй
райхæлдта скифты лæвæртты нысаниуæг. Ныр æй мæхæдæг дæр
уынын, нæ хъуыддæгтæ цы уавæры сты, уый. Хъæуы нæ хорз
ахъуыды кæнын, цæмæй æдасæй фæстæмæ нæхимæ ацæуæм».
Гобрий йын афтæ зæгъы: «Паддзах! Æз æрыхъусæггагæй зо-
нын, ацы адæм æнæбасæтгæ кæй сты. Ныр мæ уый ноджы тынг-
дæр бауырныдта, куыд нæ хынджылæг кæнынц, уый уынгæйæ.
Гъе æмæ мæ фæндон ахæм у: æхсæвы, алыхатт куыд вæййы,
афтæ æртытæ скæнæм, стæй цалынмæ скифтæ Истрмæ нæ ба-
хæццæ сты æмæ хид нæ фехæлдтой, кæнæ ионийæгтæ нæ ныхмæ
исты фыдбылызы уынаффæ нæ рахастой, уæдмæ цæф хæстонты
æмæ хæрджыты ам бастæй ныууадзæм æмæ фæстæмæ аздæхæм».
Гобрийы фæндон Дарийы зæрдæмæ фæцыд, æмæ куыддæр
æрталынг, афтæ æртытæ ссыгътой. Стæй Дарий æхсæвы тары
рынчын æмæ цæф хæстонты баст хæрджытимæ сæ лæууæн бы-
наты ныууагъта, йæхæдæг цыма йæ сæйраг тыхтимæ скифтæм
ныббырсынмæ хъавы, уыйау цæугæдон Истрмæ йæ ных сарæз-
та. Цæф æфсæддонты хæс уыд æхсæвы дæргъы æртытæм кæ-
сын. Хæрджытæ та ныууагъта, цæмæй сын скифтæ, сæ уасын
хъусгæйæ, ма бафиппайой, Дарий лидзæг кæй фæци, уый.
Æхсæв-бонмæ дардмæ зындысты æртытæ. Уæдæ хæрджытæ
дæр иунæгæй кæй баззадысты, уый банкъардтой æмæ сæ уасын
фæтынгдæр кодтой. Æртытæ уынгæйæ æмæ хæрджыты уаст хъус-
гæйæ, скифтæ æнхъæл уыдысты, персайнæгтæ ма сæ бынаты сты.
Куы сбон, уæд, Дарий дзæгъæлæй цы хæстонты ныууагъта,
уыдон бамбæрстой сæ мæгуыры бон æмæ скифтæн лæгъстæмæ
фесты, радзырдтой сын, æхсæвы цы æрцыд, уый. Скифтæ Да-
рийы сайæн ми куы базыдтой, уæд се ’фсæдты дыууæ къорды
дæр баиу кодтой æмæ йæ фæсте асырдтой.
ДАРИЙ КУЫД АИРВÆЗТ
Дарийы æфсады, кæй зæгъын æй хъæуы, фистæджытæ æмæ
бæхджынтæ дæр уыд, фæлæ скифты зæххыл фæндæгтæ нæ зыд-
той æмæ фæстæмæ сæ раздæры фæдыл цыдысты. Скифтæ та
иууылдæр — бæхджын æфсад — цыбырдæр фæндаг равзæрстой
æмæ Истрмæ раздæр бахæццæ сты. Уым ионийæгтæн загътой,
Дарий уын цы æмгъуыд скодта, уымæй фылдæр рæстæг рацыд
æмæ хид фехалут, ма дзы тæрсут, мах æй æрдæрæн кæндзыс-
тæм, мах уæ ссæрибар кæндзыстæм, зæгъгæ.
Ионийæгтæ уынаффæ кæнын райдыдтой, цы бакæнæм, зæгъгæ.
Иони хицæн æлдарæдтыл дихтæ уыд, æмæ се ’лдæрттæ Дарийы
фæрцы æлдариуæг кодтой. Уымæ гæсгæ скифты фæндыл се ’ппæт
нæ разы кодтой. Уæлдайдæр та Милеты æлдар Гистией. Уый
фæндонмæ гæсгæ скифтыл сайдæй рацыдысты. Фехъусын сын
кодта, уæ фæндыл разы стæм, зæгъгæ. Стæй хид халын райдыдтой
13
скифты ’рдыгæй барæй. Фат кæдæм нал хауд, уыйбæрц хид куы
райхæлдтой, уæд скифтæм се ’взаг ауагътой: «Скифтæ, сымах нæм
æрбацыдыстут хорз фæндонимæ, бацамыдтат нын раст фæндаг,
æмæ уын кад æмæ радимæ лæггад кæндзыстæм. Уæхæдæг æй уынут,
хид куыд халæм. Афтæ цæмæй фæндыйæ дæр архайдзыстæм, цæ-
мæй ссæрибар уæм. Уыимæ, цалынмæ мах хид халæм, уæдмæ сы-
мах та персайнæгты бацагурут æмæ сæ мах маст дæр æмæ уæхи
маст дæр райсут, — уыдон уый сæхицæн бакуыстой».
Ионийæгтæ ныр дыккаг хатт хинæй цыдысты скифтыл. Уый
размæ сæм скифтæ æрбарвыстой, паддзах Скопасис разамынд цы
æфсады къордæн лæвæрдта, уый æмæ сын загътой: «Ионийæгтæ!
Мах зонæм, Дарий уын хид хъахъхъæнын æрмæст æхсай боны
æмгъуыдмæ кæй бабар кодта. Æмæ кæд уал бонмæ нæ раздæха,
уæд хид ныууадзут æмæ фæцæут уæ хæдзæрттæм. Афтæмæй ах-
хосджын нæдæр Дарийы раз уыдзыстут, нæдæр мах раз».
Ионийæгтæ цыма сæ фæндоныл сразы сты, уыйау сын зæрдæ
бавæрдтой. Скифтæ сыл баууæндыдысты æмæ фæстæмæ раздæхтыс-
ты. Ныр дæр та сыл баууæндыдысты æмæ та сайды фесты: куыд-
дæр скифтæ фæаууон сты, афтæ ионийæгтæ хид халын ныууагътой.
Персайнæгтæ хидмæ бахæццæ сты æхсæвыгон æмæ йæ хæлдæй
куы федтой, уæд ма фыртæссæй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой.
Дарийы æфсады разамынды уыдис иу мысыйраг, нæргæ хъæлæс
кæмæн уыд, ахæм. Истры был æй слæууын кодтой, ардыгæй Гис-
тиеймæ ныхъхъæр кæн, зæгъгæ. Гистией йæ фехъуыста. Йæ наутæ
æрбатардта, æмæ ионийæгтæ хид кæронмæ сарæзтой. Афтæ Дарий
скифты азарæй фервæзт. Ионийæгтыл та сбадт тæппуд æмæ уæй-
гæнæджы ном. Æмæ сæ скифтæ фидиссагæн дардтой.
ХÆРДЖЫТЫ УАСТ
Ацы хæсты-иу кæд Дарий æдзæрæг быдырты скифты фæдыл
цæугæйæ сфæлмæцыд, уæд скифты та хъыгдардтой персайнæг-
ты хæрджытæ æмæ хæргæфстæ. Сæ уастæй! Уымæн æмæ скифтæ
нæдæр хæрджытæ дардтой, нæдæр сæм хæргæфстæ уыд. Сæ
уасын дæр сын никуы фехъуыстой, æмæ скифты бæхджын æфса-
ды рæнхъытæ хæрджыты уасын змæста. Æддæг-мидæг-иу ауады-
сты. Бирæ хатт-иу скифты ныббырсты рæстæг сæ бæхтæ, хæр-
джыты уаст куы айхъуыстой, уæд-иу фæстæмæ фæзылдысты:
фырадæргæй-иу сæ хъустæ фæгæмæл кодтой. Сæ ас æмæ конд
дæр сæ тæрсын кодта. Фæлæ сыл тагъд ацахуыр сты, — Дари-
йæн уый дæр ницы баххуыс кодта.
АРЕСЫ КУВÆНДОН
Скифтæ куывтой Стыр Хуыцау Табити æмæ зæдтæм. Геродот
сæ бæтты бердзенты хуыцæуттимæ. Зæгъæм, Табитийы хоны
Гестия, Папей йын у Зевс, Гойтосир — Аполлон, Аргимпаса —
14
Уæларвон Афродитæ, Фагимассад — Посейдон. Æмæ кæд кувгæ
се ’ппæтмæ дæр кодтой, уæддæр дзы Аресæй дарддæр кувæндон
иуæн дæр нæ уыд. Цæвиттон, скифтæ-иу иу ран пыхс самадтой:
йæ бæрзæнд уыд йæ дæргъæй чысыл цыбырдæр, йæ сæрыл дæр
цыппæрдигъон фæзуат, æртæрдыгæй-иу йæ фæрстæ бынмæ уыды-
сты цæхгæр уырдыг, цыппæрæм фарсы ’рдыгæй йæм уыд схи-
зæн. Уарынты фæстæ иудадзыг æфсæргæ кæй кодта, уымæ гæсгæ
йыл алы аз дæр æфтыдтой 150 цæды пыхс. Алы ахæм обауыл
дæр сагъд уыд æфсæн цирхъ Аресы кадæн. Цирхъмæ-иу æрвы-
лаз дæр æрбакодтой нывæндтæ: бæхтæ, стуртæ, — иннæ зæдтæн
цы нывæндтæ кодтой, уымæй бирæ фылдæр. Кадджындæр ны-
вонд сæм уыд бæх.
Аресæн нывонды кусарт кодтой йæ кувæндоны цур.
СКИФТÆ КУСАРТ КУЫД КОДТОЙ
Æппæт бæрæгбæтты дæр скифтæ кусарт кодтой уыцы иухуы-
зон: нывонды раззаг къæхтæ-иу бæндæнæй бабастой æмæ-иу æй
афтæмæй æрлæууын кодтой кусартгæнджыты раз. Нывонд-иу
чи скодта, уый-иу лæууыд нывондæн йæ фæстæ бæндæны кæро-
ныл хæцгæйæ. Æмæ-иу хъуамæ бæндæн фæстæмæ аивæзтаид,
цæмæй-иу кусæрттаг зæхмæ æрхаудаид. Уыцы рæстæг-иу кувæг
лæг ссардта, нывонд цы зæдæн уыд, уый ном. Уый фæстæ йын-
иу йæ хъуырыл бæндæнæй цæггонд æртыхта, цæггонды-иу хъил
атъыста, фæзылдта-иу æй, æмæ-иу стур бауадзыг.
ГАЛ ФЫХТА ЙÆХИ
Скифтæ, сæ бæстæйы хъæдтæ хæрз чысыл кæй уыд, уымæ
гæсгæ кусарты фыд тыгъд быдыры сфыцынæн æрхъуыды код-
той диссаджы мадзал. Кусарты-иу куы бастыгътой, уæд ын-иу
йæ фыд стджытæй фæхицæн кодтой. Дзидза-иу бавгæдтой егъау
æрхуы агты: дыхъусыгты, цæджджинæгты æмæ ын-иу йæ быны
стджытæй арт бандзæрстой. Афтæмæй гал фыхта йæхи. Зæгъæм,
тыгъд быдыры сæм аг нæ разынд, уæд та-иу дзидза уæцъæфы
бавæрдтой, дон дæр ма-иу ыл акодтой æмæ-иу уæцъæфы бын
стджытæй арт бакодтой.
Фыдызгъæл æмæ-иу хуылфыдзаумæттæ куы сфыхтысты, уæд
дзы-иу чысыл хайæ зæды ном ссардтой, стæй-иу æй зæхмæ ап-
пæрстой. Иннæ фыдызгъæл æвæрдтой фынгыл.
СКИФТЫ ХÆСТОН ÆГЪДÆУТТÆ
Скифтæм уыд, абон адæймаджы зæрдæ кæмæй ныккæрзы,
ахæм æгъдæуттæ дæр. Скифаг хæстон-иу цы знæгты амардта,
уыдоны сæртæ хъуамæ ралыг кодтаид æмæ сæ æрбахастаид пад-
дзахмæ. Цал сæры æрбахастаид, уымæ гæсгæ йын хай уыд, цы
15
фос æрбатæлæт кодтой, уымæй. Сæр чи не ’рбахæсса, уымæн
ницы лæвæрдтой.
Уыимæ знæгты сæртæн сæ царм кодтой стигъгæ: хъусты фæр-
сты-иу кард æруагътой, сæрыхъуын кæм зад, уыцы хайы алы-
варс, стæй-иу сæрыхъуынтыл хæцгæйæ, сæр тыхтылд акодтой,
æмæ иу царм сæ къухты аззад. Æвæццæгæн, ирæттæм уæдæй
баззад ныхас, дæ сæрьг царм дын айсдзынæн, зæгъгæ. Уæдæ
Нарты кадджытæй зонæм, Сослан йе знæгты сæры цæрмттæ,
рихитæ æмæ боцъотæй йæхицæн кæрц куыд хуыйын кодта, уый.
Скифтæ дæр-иу сæры цæрмттæ галы фæрскæй ныссыгъдæг
кодтой, къухæй-иу сæ баууæрстой æмæ сæ дардтой сæ бæхты
идæттыл къухсæрфæнтæн. Фылдæр дзы-иу кæмæ уыд, уый кад-
джындæр уыд. Йæхицæн дзы пæлæзтæ чи бахуыйын кодта,
ахæмтæ дæр уыд скифтæм.
КАДЫ НУАЗÆН
Алы æлдар дæр æрвылаз иу хатт алыхуызон сæнтæ иу быркуы-
йы хæццæ кæнын кодта. Уырдыгæй сæн бануазын уыд кады
хъуыддаг, æмæ уыцы кады аккаг уыдысты, знæгтæй амарын йæ
къухы кæмæн бафтыд, æрмæстдæр уыдон. Знаджы амарын кæ-
мæн нæ бантыст, уыдон-иу бадтысты иу ран — худинаджы бан-
доныл. Скифтæм уымæй æгаддæр ницы уыд. Уый хыгъд-иу, знæг-
тæй бирæ чи фæцагъта, уыдонмæ бахастой кады дыгай нуазæнтæ,
æмæ дзы алчидæр сæ дыууæйы дæр хъуамæ банызтаид иумæ.
АРДБАХÆРД
Æфсымæрдзинад скæныны тыххæй скифтæ хордтой ард. Егъау
дурын къус-иу байдзаг кодтой сæнæй, стæй-иу, æфсымæртæ зæ-
гъынмæ чи хъавыд, уыдонæй алчидæр йе ’нгуылдзы туас фæтъыс-
гæйæ, туг рауагъта æмæ дзы-иу къусмæ ныттагъта. Къусы-иу ауагъ-
той цирхъ, фаттæ, хæцæн фæрæт æмæ арц. Уый фæстæ-иу ракод-
той æрдхæрæн ныхас æмæ-иу сæнæй банызтой. Сæнæй-иу ацахуы-
стой, ардбахæрдæн æвдисæн чи уыд, уыцы бæрнон лæгтæ дæр.
СКИФАГ ДÆСНЫТÆ
Скифтæм дæснытæ, зонынджынтæ, арфæтæгæнджытæ æмæ
кæлæнгæнджытæ бирæ уыд. Дæсны фарстой донхæрисы къалиу-
тæй. Егъау бæстытæ дзы-иу зæххыл æрæвæрдтой, стæй сæ-иу
иугай равæрдтой æмæ афтæмæй фарстой, дзырдтой рынчынæн
йæ низы аххосаг, цы ’рцæудзæн, уый. Уыцы дæсныйад сын баз-
зад сæ фыдæлтæй. Сыла-нæла нæлгоймаг дæснытæ та пайда код-
той сусхъæды хихты цъылынгæндтæй. Æртæ лыджы-иу æй акод-
той, се’нгуылдзтыл-иу æй стыхтой æмæ уыдон халгæйæ фарстой
дæсны.
16
МÆРДÆГЬДÆУТТÆ
Скифтæн-иу се ’лдар кæнæ паддзах куы амард, уæд уыдьгсты
тынг фыдох. Раздæр уал ын-иу, паддзæхты кæм ныгæдтой, уым
егъау ингæн скъахтой, стæй-иу æй уæрдоны сæвæрдтой æмæ йæ
ластой иу ранæй иннæ ранмæ. Афтæмæй-иу æй æрзилын кодтой,
æлдариуæг кæнæ паддзахиуæг цы зæххытыл кодта, уыдоныл.
Алы ран дæр-иу адæм лыг кодтой сæ хъустæй чъылбыз, сæры-
хъуынты бындзыг, кардæй кодтой сæ къухтыл тымбыл лыг, ныт-
тыдтой-иу сæ ныхтæ æмæ фындзтæ, сæ галиу къухтæ-иу фатæй
фæхуынкъ кодтой. Мард иу ранæй иннæмæ ластой, фæстаг хатт
кæмæ уыд, уыдон. Æппæт рæттыл дæр-иу зылд куы фесты, уæд-
иу æй аластой, ингæн ын кæм скъахтой, уырдæм. Уым æй хъæмп
лыстæныл æвæрдтой ингæны, йæ фæйнæ фарс ын-иу арцытæ
зæххы æрсагътой, æмæ-иу æй фæйнæджытæй бамбæрзтой.
Ингæны йын йемæ æвæрдтой йæ номылустытæй иуы, дзагда-
ры, хæринаггæнæджы, бæхгæсы, йæ хъахъхъæнджытæй иуы,
хабархæссæджы, бæхтæ æмæ æндæр хæдзарон цæрæгойты. Кæй
зæгъын æй хъæуы, раздæр-иу сæ ныххурх кодтой. Йемæ йын
æвæрдтой сыгъзæрин кæхцытæ (æвзист æмæ æрхуы мигæнæнтæ
сæм уæвгæ дæр нæ уыд). Уый фæстæ-иу уыдоныл сыджыт нык-
калдтой, сарæзтой-иу дзы егъау обау, уыимæ цас стырдæр уыда-
ид, ууыл архайдтой, — кадыл æй нымадтой.
Афтæ ныгæдтой сæ паддзæхты. Хуымæтæг скиф-иу куы амард,
уæд-иу уый дæр йе ’ввахс хиуæттæ æвæрдтой уæрдоны æмæ йæ
дыууиссæдз боны дæргъы ралас-балас кодтой æндæр рæтты цæ-
рæг хæстæджытыл, хæлæрттыл. Уыдонæй-иу ын алчидæр кодта
хист, уыимæ-иу цыдæриддæр æрцæттæ кодта, уыдонæй-иу æрæ-
вæрдта марды раз дæр.
Дыууиссæдз боны фæстæ-иу марды баныгæдтой. Сæхи та хи-
сты фæстæ сыгъдæг кодтой (ахæм æгъдау сæм уыд) афтæ: фыц-
цаг-иу сæ сæрыхъуынтæ зетийæ байсæрстой, стæй-иу сæ цæх-
садтой. Сæ буар та сыгъдæг кодтой абанайы: æртæ хъилы-иу
хæрдмæ кæрæдзийы æнцой слæууын кодтой, стæй сæ-иу сæ ны-
мæтæй æнгом æрбамбæрзтой. Ахæм цатыргонды астæу хъуамæ
уыдаид донæй дзаг егъау мигæнæн, уым-иу сырх зынг дуртæ
ныппæрстой, æмæ-иу цатыр доны тæфæй байдзаг.
ÆГЬДАУЫЛ МАРД СКИФТÆ
Скифтæ сæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ диныл иузæрдион
уыдысты. Гадзрахатæй сыл-иу чи рацыд, уымæн æй нæ барстой,
суанг йæ хæрз ’фсымæр куы уа, уæддæр, æмæ йыл марынæй нæ
ауæрстой. Уыцы азар басыгъта паддзах Скилы дæр. Уый уыд
бердзенты хæрæфырт æмæ сын се’гъдæуттæ, сæ дин сусæгæй
кодта. Уый тыххæй ма бердзенты сахар Борисфены йæхицæн
хæдзар дæр сарæзта æмæ дзы æрцæрын кодта, уыдонæй йын цы
ус уыд, уый. Арæх цыди бердзенты бæрæгбæттæм дæр.
2 Цгъойты Хазби
17
Скифтæ уый куы базыдтой, уæд йæ ныхмæ сыстадысты. Скил
Фракиймæ алыгъд æмæ уым йæхи бамбæхста. Фæлæ йæ уым
дæр йе ’фсымæр, йæ бæсты паддзахы къæлæтджыны чи ’рбадт,
уый — Октамасад —ссардта, баивта йæ Фракийы паддзахы знаг,
йæ мадыфсымæр Ситалкæй æмæ йын йæ сæр ахауын кодта.
Ахæм хъысмæт уыд зындгонд скифаг куырыхон лæг Анахар-
сисæн дæр. Фæстæмæ скифтæм куы æрбаздæхт, уæд æм сæ зæрдæ
фехсайдта, се ’гъдау, сæ дин йæ зæрдæмæ кæй нал цæуынц æмæ
сусæгæй бердзенты зæдтæм кæй кувы. Иуахæмы хъæдмæ, хибар
ран бердзенты дины ’гъдау скæнон, зæгъгæ, куы ацыд, уæд æй
чидæр бафиппайдта æмæ йын йе ’фсымæр паддзах Савлиймæ
фæхабар кодта. Паддзах уыцы бынатмæ йæхæдæг атагъд кодта
æмæ Анахарсисы кувгæ куы федта, уæд æй фатæй фехста. Афтæ
фæмард Анахарсис.
Анахарсис, йæ дин кæй аивта, уый тыххæй скифты æхсæн
нымады нæ уыд. Чи йæ зыдта, уый дæр-иу нæ саст, зоны йæ, ууыл.
АМАЗОНКÆТÆ
Фермодонты цардысты хæстцомахъ сылгоймæгтæ — амазон-
кæтæ. Скифтæ сæ нæлмарджытæ хуыдтой. Уымæн æмæ, цот
кæмæй уагътой, уыцы лæгты, стæй сæхæдæг цы лæппуты ард-
той, уыдон дæр кодтой маргæ. Сæ чызджыты та ахуыр кодтой
хæстон хъуыддæгтыл.
Иуахæмы бердзейнæгтæ семæ схæцыдысты æмæ сæ ныддæ-
рæн кодтой. Уацары дзы кæй райстой, уыдон æртæ науы бай-
дзаг кодтой æмæ сæ Сау денджызыл сæхимæ ластой.
Денджызы астæу амазонкæтæ сæхи ныццавтой бердзейнæг-
тыл æмæ сæ фæцагътой. Фæлæ наутæ куыд æмæ кæцырдæм
здахын хъуыд, арæзнæимæ, наупæлæзтимæ, фыййæгтимæ куыд
архайын хъуыд, уый нæ зыдтой, æмæ сæ денджызы уылæнтæ,
дымгæтæ рахæсс-бахæсс кæнын райдыдтой. Афтæмæй æрбаф-
тыдысты Меотиды цады (Азовы денджызы) былгæронмæ, сæри-
бар скифты зæхмæ.
Ам амазонкæтæ былмæ рахызтысты æмæ тыгъд быдыры цоп-
пай кæнын райдыдтой. Иу ран бæхрæгъауыл амбæлдысты, æрцах-
стой сæ, сбадтысты сыл æмæ Скифты зæхмæ хуыснæджы цæ-
уын райдыдтой.
Скифтæ дис кодтой, чи сты адон, нæдæр сын се ’взаг куы нæ
’мбарæм, нæдæр нын сæ уæлæдарæс зындгонд куы нæ у, кæцæй
нæм æрцыдысты, зæгъгæ. Лæппу-фæсивæд сын æнхъæл уыдыс-
ты æмæ семæ схæцыдысты. Хæсты фæстæ скифтæ амазонкæты
мæрдтæй цалдæры федтой æмæ базыдтой, сылгоймæгтæ кæй сты,
уый’. Æмæ уæд ныхасы бауынаффæ кодтой: сылгоймæгты маргæ
нал, фæлæ сæм арвитæм, амазонкæтæ цал сты, уыйбæрц æрыгои
лæппуйы. Уыдон сæм хъуамæ æввахс сæ цатыртæ райтындзой
18
æмæ сæ фарсмæ цæрой, амазонкæтæ цæмæй цæрынц, уымæй.
Амазонкæтæ сæм куы ныббырсой, уæд-иу семæ ма схæцой, фæлæ-
иу сæ разæй лидзæг фæуой. Амазонкæтæ сæ фæсте куынæуал
сурой, уæд фæстæмæ аздæхой æмæ та-иу сæ фарсмæ æрцæрой.
Скифтæ афтæ бакæнынвæнд скодтой, уымæн æмæ сæ хæстон
сылгоймæгтæй хъуыдис фидар цот — мыггаг.
СКИФТÆ ÆМÆ АМАЗОНКÆТÆ
Скифты æрвыст фæсивæд, сæ хистæртæ сын куыд бацамыд-
той,афтæ бакодтой. Æмæ куыддæр сылгоймæгтæ бамбæрстой,
тыхгæнæг не сты, уый, афтæ сæ æнцад сæ уагыл ныууагътой.
Афтæмæй дыууæты цæрæнбынæттæ кæрæдзимæ бонæй-бон
æввахсдæр кодтой. Лæппутæм дæр амазонкæтау бæхтæ æмæ
хæцæнгарз йеддæмæ ницы уыд, æмæ сæ цардыуаг уыд иу. Код-
той цуан, цыдысты стæры.
Æмбисбон-иу амазонкæтæ иугай-дыгай фæхицæнтæ сты æмæ
цыдысты аууон рæттæм сæхи хъуыдыйы, хи сыгъдæг кæнынмæ.
Скифтæ уый куы бафиппайдтой, уæд уыдон дæр афтæ кæнын
райдыдтой. Æмæ-иу лæппутæй исчи амазонкæйы хибарæй куы
баййæфта, уæд æй сургæ нал кодта, фæлæ-иу æрæмуд йемæ.
Ныхас кæнын, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бон нæ уыд, уымæн
æмæ кæрæдзийы æвзаг не ’мбæрстой. Амазонкæ-иу лæппуйæн
къухæй бацамыдта, райсом ардæм йе ’мбалимæ кæй æрбацæу-
дзæн æмæ-иу уый дæр искæй йемæ ракæнæд, зæгъгæ. Лæппу-иу
фæстæмæ куы ’рбаздæхт, уæд-иу æппæт дæр радзырдта, æмæ
дыккаг бон амынд бынатмæ цыд æмбалимæ. Уым-иу, кæй зæ-
гъын æй хъæуы, æнхъæлмæ кæсгæ баййæфтой дыууæ амазон-
кæйы.
Афтæ скифты фæсивæд се’ппæт дæр сæхицæн къæйттæ скод-
той. Уыимæ дзы алчидæр æрцард, фыццаг хатт цы сылгойма-
гимæ уыд, уыйимæ.
Лæгтæн сæ устыты æвзаг сахуыр кæнын сæ бон не сси, уый
хыгъд устытæ базыдтой сæ лæгты æвзаг. Æмæ кæрæдзи æмба-
рын куы райдыдтой, уæд лæгтæ загътой амазонкæтæн: «Махæн
ис ныййарджытæ, исбон. Дарддæр ахæм цард кæнын нæ бон нал
у æмæ нæ уымæ гæсгæ фæнды нæхиуæттæм аздæхын æмæ нæ
адæмимæ цæрын. Цомут махимæ, иунæг сымах уыдзыстут нæ
устытæ, æндæртæ нын нæ уыдзæн». Уæд сын амазонкæтæ рат-
той ахæм дзуапп: «Махæн нæ бон нæу уæ сылгоймæгтимæ цæ-
рын. Уымæн æмæ не ’гъдæуттæ, нæ цардыуаг иу не сты... Мах
фатæй æхсæм æмæ бæхтыл дугъы уайæм, сылгоймаджы куысты-
тыл ахуыр не стæм. Уæ сылгоймæгтæ та, кæй ранымадтам, уыцы
хъуыддæгтæ нæ зонынц, æххæст кæнынц сылгоймаджы куыс-
тытæ, бадынц æмбæрзт уæрдæтты, цуан нæ кæнынц, æппын ни-
кæдæм цæуынц. Гъе, уымæ гæсгæ, семæ нæ бафидаудзыстæм.
19
Кæд уæ фæнды, цæмæй мах уæ устытæ уæм, уæхæдæг та — раст
адæймæгтæ, уæд уæ ныййарджытæм фæцæут æмæ уæ фæллойы
хай рахæссут. Куы æрбаздæхат, уæд хицæнæй цæрдзыстæм».
САВРОМАТТÆ
Лæппутæ сæ устытæм байхъуыстой æмæ сæм фæстæмæ æрбаз-
дæхтысты сæ фæллойы хаимæ. Уæд сын амазонкæтæ афтæ зæ-
гъынц: «Мах куы ахъуыды кæнæм, ацы бæстæйы нæ цæрын
хъæуы, ууыл, уæд фыртæсæй нæхицæн бынат нал фæарæм,
уымæн æмæ уæ уæ бинонтæй фæхицæн кодтам, уæ бæстæйæн
стыр знаггад ракодтам. Фæлæ кæд сымах фæнды немæ цæрын,
уæд нæ цæрæнбынат аивæм æмæ æрцæрæм цæугæдон Танаисы
(Доны) фаллаг фарс».
Лæппутæ та ууыл дæр сразы сты. Ахызтысты Танаисы сæрты
æмæ æртæ боны цыдысты Танаисæй хурыскæсæны ’рдæм, æртæ
боны та — Меотиды цадæй цæгаты ’рдæм. Æрцардысты, Геродо-
ты заман кæм цардысты, уым. Æмæ сæ рауад ног адæмыхатт —
савроматтæ.
Савроматты сылгоймæгтæ бахъахъхъæдтой сæ рагон æгъдæут-
тæ: сæ лæгтимæ, стæй æнæ уыдон дæр бæхтыл цыдысты цуаны,
хæстмæ, дардтой нæлгоймæгтимæ æмхуызон уæлæдарæс.
Савроматтæ дзырдтой скифты æвзагыл, фæлæ иучысыл æндæр-
хуызон: йæ рæстæджы йæ амазонкæтæ хорз нæ базыдтой, æмæ
йæ сæ байзæддаг, куыд фехъуыстой, афтæ сахуыр кодтой. Сав-
роматтæм-иу чызг цалынмæ знæгтæй искæй нæ амардтаид, уæдмæ
йын чындзы цæуыны бар нæ уыд. Гъе, уый фыдæй-иу бирæтæ
сæ фыды уæларт базæронд сты. Уымæн æмæ уыцы æгъдау сæх-
хæст кæнын алкæй къухы не’фтыд.
СКИФАГ ÆРДХОРД-ÆФСЫМÆРДЗИНАД
Скифтæ кæд цæугæцард кодтой, скъолатæ æмæ сæм акаде-
митæ кæд нæ уыд, уæддæр ахуырмæ тырныдтой, æмæ сæ рацыд
бирæ зындгонд ахуыргæндтæ, бердзентæ (грекъ) æмæ иннæ
адæмтæ дæр æмбисондæн кæй хастой, ахæмтæ. Анахарсис та
нымад æрцыди, æппæты зондджындæр æмæ куырыхолдæр цы
авд лæджы уыди, уыдонæй иуыл. Анахарсис ахуыры фæдыл Бер-
дзенты бæстæмæ куы бафтыд, уæд базонгæ ахуыргонд скиф Ток-
саридимæ. Анахарсис паддзæхты мыггагæй уыд, Токсарид та —
хуымæтæг адæмæй. Токсарид кæд Бердзенты бæстæйы цæргæйæ
баззад, уæддæр йæ кад æмæ намысы кой скифтæм æрхæццæ.
Анахарсис дæр æй æрыхъусгæйæ зыдта. Æмæ кæрæдзийыл тынг
бацин кодтой. Анахарсисæн æхсызгон уыд, æцæгæлон бæстæйы
ахæм стыр ахуыргонд æмбæстагыл кæй фембæлд. Токсариды
20
зæрдæ та барухс, Анахарсисы фенгæйæ йыл йæ райгуырæн бæс-
тæйы комытæф кæй æрбакалд, йæ ныхæстæй та йæ фыдыбæстæ,
рагæй кæм нал уыд, уый йæ разы кæй сыстад.
Токсарид кæд бердзентимæ цард, уæддæр йæ удыхъæд нæ
аивта, скифæй баззад. Уымæн æвдисæн у рагон бердзенаг фыс-
сæг Лукианы (цард 120—180 азты) уацмыс «Токсарид кæнæ
æрдхорддзинад». Уым Токсарид бердзенаг ахуыргонд лæг Мине-
сиппимæ быцæуы скифты тыххæй дзургæйæ цы уарзондзинады
æнкъарæнтæ æвдисы, сæ цардæй æрдхорддзинады фæдыл цы
цаутæ дзуры, уыдон сæ бердзентæй сисынц уæлдæр. Ууыл ба-
сæтты Минесипп йæхæдæг дæр.
«Фыццаджыдæр дын радзурдзынæн, — зæгъы Токсарид Мине-
сиппæн, — мах, ома, скифтæ, æрдхæрдтæ куыд кæнæм, уый. Сы-
махау дзаг фынджы уæлхъус нæ, стæй иумæ кæй байрæзтысты
дыууæ ’мбалы, кæнæ сыхæгтæ кæй сты, уый тыххæй дæр нæ.
Адæймаджы хорзæй, хъæбатырæй, лæгдзинæдтæ равдисын-
хъомæй куы базонæм, уæд иууылдæр фæтырнæм, цæмæй дзы
æрдхорд скæнæм. Уый тыххæй алчидæр архайы æрдхорддзина-
ды аккаг хъуыддæгтæ кæныныл. Æмæ дыууæ ’мбалы стыр ард
бахæрынц, иумæ хæларæй кæй цæрдзысты, куы бахъæуа, уæд
та кæрæдзийы сæраппонд сæ цард дæр кæй ратдзысты. Æмæ сæ
ардбахæрд мæлæты бонмæ кадимæ æххæст кæнынц. Ард чи фæ-
хæры, уыдон се ’нгуылдзтæй туг рауадзынц къусмæ, сæнимæ йæ
схæццæ кæнынц. Уый фæстæ сæ цирхътæ кæрддзæмтæй сла-
сынц, кæрæдзиуыл фидар æрхæцынц æмæ афтæмæй сæны къус
иумæ бануазынц. (Ис, скифтæй чи баззад, згъæрæй конд ахæм
рагон фæлгонц, уым дыууæ лæджы кæрæдзиуыл ныххæцгæйæ
иу къусæй иумæ нуазынц). Ахæм ардбахæрды фæстæ, царды ахæм
тых нæй, уыдон чи фæхицæн кæна. Æрдхорд скæнæн та ис æрмæ-
стдæр æртæ адæймагимæ. Бирæ æрдхæрдтæ кæмæн ис, уый сæм
уæгъд сылгоймагæй кадджындæр нæ уыд. Мах афтæ хъуыды
кæнæм æмæ де ’фсымæрдзинад бирæтыл куы уарай, уæд дзы
тых нал вæййы», — зæгъы Токсарид.
ДАНДАМИД ÆМÆ АМИЗОК
Иу рæстæджы скифты иу хай цæугæдон Доны фæйнæфарс
æрбынат кодтой. Уæд æнæнхъæлæджы галиуварсы цæрджытæм
ныббырста, йæ бæхджынтæ дæс мины, йæ фистæг æфсад та æртæ
хатты фылдæр кæмæн уыдысты, ахæм тыхгæнæг. Тынг фыдбы-
лызтæ сын скодта. Ныббырст æнæнхъæлæджы кæй уыд, уый
аххосæй æвиппайды йæ ныхмæ æрлæууын нæ бафæрæзтой æмæ
дзы иутæ мард фесты, иннæтæ уацары бахаудтой, чи та Доны
иннæ фарсмæ лидзæг фæци. Знаг æмбырд кæнын райдыдта, ца-
тырты, уæрдæтты цыдæриддæр уыд, уыдон, сылгоймæгтæн тыхми
кодта, уацайрæгты бæстытæй иу ранмæ сыфцæй ластой.
21
Уацайрæгтимæ уыд Амизок дæр. Цыппар боны йеддæмæ нæма
цыд, Дандамидимæ ард куы бахордтой, кæрæдзийæ æрдхæрдтæ
куы загътой, уæдæй. Амизочы куы фæцæйластой, уæд йæ тых-
сты, йæ зын уавæры æххуысмæ сидт йе ’рдхорд Дандамидмæ.
Уый базыдта Амизочы хъæлæс æмæ атындзыдта йе ’рдхорды
фервæзын кæнынмæ. Доны фаллаг фарсмæ куы баленк кодта,
уæд æй фыдгæнджытæ æрцахстой. Сæ балхонмæ йæ куы бакод-
той, уæд дзы куырдта йе ’рдхорд Амизочы уацарæй суæгъд кæ-
нын. Цы ратдзынæ йæ сæрмæ, уыйбæрц хъæздыгдзинад дæм цы
ис, зæгъгæ, йæ куы бафарста балхон, уæд ын дзуапп радта: «Цы-
дæриддæр мæм хъæздыгдзинад уыд, уыдон сымах байстат. Гом-
æгæрццæй баззадтæн, кæд уын афтæмæй истæмæн бæззын —
табуафси. Кæд дæ фæнды, уæд мæн йæ бæсты бауром æмæ дæ,
цы фæнды, уый мын кæн». Уæд ын уый афтæ: «Мæ бон дæ
бауромын нæу, тыхгæнæг нæ дæ, курынмæ ’рбацыдтæ. Цы дæм
ис, уыдонæй исты ныууадз æмæ де ’рдхорды акæн».
Дандамид æй бафарста, цы дзы куры, уымæй. Уый дзы æр-
куырдта йæ цæстытæ.
Дандамид разыйы дзуапп радта. Йæ цæстытæ йын куы скъах-
той, уæд ын раттой йе ’рдхорд Амизочы. Дандамид æмæ Амизок
иумæ бацыдысты Доны былмæ, стæй кæрæдзийы фæдыл — ра-
зæй Амизок, афтæмæй фаллаг фарсмæ баленк кодтой.
Тыхгæнджытæ уый фенгæйæ, бамбæрстой, цы адæмимæ сæ
схæцын хъæудзæн, уый, æмæ, цы фæллой байстой, уый ныу-
уагътой, афтæмæй æхсæвы лидзæг фесты. Дыууæ лæппуйæн та
сæ хæлардзинад ноджы тыхджындæр фæци. Уæлдайдæр Амизок
йæ цæстытæ куы скъахта, уæд. Ме ’рдхорд Дандамид, дам, мæн
фервæзын кæныны тыххæй куы бакуырм, уæд æз та цæсты рух-
симæ цæрон? Скифтæ сæ æвæгæсæгæй нæ ныууагътой, æхсæны
фæллойæ сын хай кодтой, стыр кад сын уыд се’хсæн, сæ дисса-
джы хæлардзинад æмæ иузæрдиондзинад уыд сæ ныхасы сæр.
БЕЛИТТ ÆМÆ БАСТ
Иуахæмы дыууæ ’рдхорды Белитт æмæ Баст цуаны ацыдыс-
ты. Домбай сæ разы бабадт æмæ Бастыл йæхи ныццавта, бæхæй
йæ раппæрста, йæ быны йæ ракодта, йæ хъуыры йын йæ дæн-
дæгтæ ныссагъта, дзæмбытæй йæ фæйнæрдæм рæдувы. Белитт
йæ бæхæй æргæпп ласта, домбаймæ фæстæрдыгæй базгъордта,
ацахста йæ, æмæ, цæмæй йе’рдхорды фервæзын кæна, уый тых-
хæй йын йæ хъæлæсы йæ къух атъыста. Домбай Басты æрдæг-
мардæй фæуагъта æмæ Белиттыл йæхи ныццавта. Амардта уый
дæр, фæлæ ма Белиттæн бантыст домбайы риуы цирхъ нысса-
дзын. Афтæмæй æртæйæ дæр амардысты.
Скифтæ сæ бавæрдтой дыууæ обауы бын: иуы — дыууæ
æрдхорды, чысыл фалдæр та — домбайы.
22
АНАХАРСИС
Рагон грекъ бердзеитæ, скифты зыдгпой æхсарджын,
зондджын æмæ æнæбасæттон адæмæй. Скифаг философ-
тæй сæм уæлдай кадджындæр уыдысты Анахарсис, Скил,
Абарис æмæ Токсарис. Уыдонæн сæ зындгонддæр у Анахар-
сис. <<Анахарсис, Гнуры фырт, скиф. Афинтæм æрбацыд
Солоны рæстæг, нæ азнымады размæ, æвæццæгæн, 594
азы, — фыссы Плутарх йæ уацмыс «Фынджы фарсмæ ны-
хæсты», — иымад у дунейы авд куырыхондæртæй иуыл.
Æрхъуыды кодта æмæ сарæзта алыхуызон кусæндзау-
мæттæ, у зонды ныхæстæ — афоризмты автор>>.
Дунейы куырыхондæрты чиныджы Анахарсисы тых-
хæй фыссынц, кæй уыд скифтæй, æрхъуыды, дам, кодта
дурынтæгæнæи цалх, иауæнгуыр; зæгъынц, шашкæтæй
хъазын дæр, дам, уый райдыдта.
2000 азы Мæскуыйы рауагътой чиныг дунейы æппæт
философты тыххæй — иутомон энциклопеди, æмæ уым ис
хицæн сæргонд «Авд куырыхоны». Уыцы авд куырыхоны
номхыгъдмæ алы таурæгъты хаст вæййыиц бирæ фило-
софтæ, фæлæ фылдæр хатт ацы авд сты: Фалес — Миле-
тæй, Солон — Афинтæй, Периандр — Коринфæй, Пит-
так Хилон — Спартæйæ, Биант — Приенæй æмæ Анахар-
сис — Скифты бæстæйæ.
Аиахарсисы тыххæй дзы амынд ис: цард нæ азиымады
размæ VI æнусы фыццаг æмбисы, у скиф, паддзахы хæ-
дзарвæидагæй.
ГЕРОДОТ
Историйы фыд Геродот цард нæ азнымады размæ 484—425
азты. Скифтæм балцы уыд, Анахарсис куы амард, уымæй дзæв-
гар фæстæдæр. Уый йæ чиныг «Мельпоменæ»-йы фыссы:
«Скифтæ сæхи хызтой æцæгæлон бæстæйы æгъдæуттæй, уæл-
дайдæр та эллинты æгъдæуттæй. Уæлдай карздæр уыдысты, æцæ-
23
гæлон дин æмæ æгъдæуттæ чи фæзмыдта, уыдоны ныхмæ. Уымæн
цардæгас æвдисæнтæ сты Анахарсис æмæ Скилы хъысмæттæ.
Анахарсис бирæ бæстæтæ федта æмæ бирæ рæтты равдыста йе
стыр зонд æмæ куырыхондзинад. Фæстæмæ скифты бæстæм
здæхгæйæ, Геллеспонты денджызыл цыд æмæ йæ бахъуыд Ки-
зикы былмæ рахизын. Кизикæгтæ раст уыцы рæстæг бæрæг код-
той Хуыцæутты Мады бæрæгбон. Анахарсис зæдæн ард бахорд-
та, зæгъгæ, кæд сæхимæ æнæниз æмæ сæрæгасæй æрыздæха,
уæд ын æгъдаумæ гæсгæ скæндзæн, кизикæгтæм кæй федта, ахæм
нывонд æмæ йæ номыл — стыр бæрæгбон. Анахарсис Скифты
бæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд сусæгæй ацыд Гилеймæ (уыцы
бынат ис Ахиллесы фæтæны æмæ иууылдæр æмбæрзт у тар хъæ-
дæй). Гъе, æмæ Анахарсис араст уырдæм æмæ Кизикы бæрæгбо-
ны æгъдæуттæй цы федта, уыдон иууылдæр сæххæст кодта.
Уыимæ Анахарсис йæ уæлæ æрцауыгъта уыцы зæды чысыл су-
рæттæ æмæ цагъта тимпанæй (рагон бердзенаг музыкалон инст-
румент). Скифтæй йæ чидæр федта æмæ хабар уайтагъд паддзах
Савлимæ бахæццæ кодта. Паддзах фæфæдис æмæ Анахарсисы
тимпанæй цæгъдгæ куы ’рбаййæфта, афтæ йыл фат бауагъта æмæ
йæ амардта. Æмæ ма абон дæр скифты Анахарсисæй куы фæр-
сай, уæд дын зæгъдзысты, нæ йæ зонæм, зæгъгæ, уый, уымæн
æмæ æцæгæлон бæстæйы æгъдæуттæ райста. Анахарсис, Ариа-
пифыл аудæг Тимæй куыд базыдтон, афтæмæй уыд скифты пад-
дзах Иданфирсы фыдыфсымæр, Гнуры фырт, Ликы фырты фырт
æмæ Спарганифы фырты фырты фырт. Кæд Анахарсис æцæгæй
дæр уыцы хæдзарвæндагæй уыд, уæд бæлвырд у, йе ’фсымæр
æй кæй амардта. Уымæн æмæ Иданфирс уыд Савлийы фырт,
Савли та уыд Анахарсисы марæг».
ДИОГЕН ЛАЭРТАГ
Диоген Лаэртаг цард нæ азнымады æртыккæгæм æнусы. Ана-
харсисы тыххæй фыста афтæ: «Анахарсис, скиф, Гнуры фырт
æмæ скифты паддзах Кадуиды æфсымæр, йæ мад уыд эллинтæй,
æмæ уымæ гæсгæ зыдта дыууæ ’взаджы. Уый скифты æмæ эл-
линты цард æмæ хæстон æгъдæутты тыххæй ныффыста æмдзæв-
гæтæ — 800 рæнхъы; уæдæ дзырдарæхстæй та уыд ахæм, æмæ
уымæ гæсгæ æмбисондæн баззад: «дзуры растдæр скифаг лæгау».
Сосикрат зæгъы, зæгъгæ, Анахарсис Афинтæм æрбацыд 48
олимпиадæйы, Евкраты архонтады (паддзахиуæгады) рæстæг.
Гермипп зæгъы, зæгъгæ, уый бацыд Солоны хæдзармæ æмæ йын
йæ цагъартæй иуæн бафæдзæхста, цæмæй йæ хицауæн зæгъа,
Анахарсис кæй æрбацыд йæ фенынмæ æмæ, кæд гæнæн ис, уæд
куы суаид йæ хæлар æмæ йæ уазæг. Уый фехъусгæйæ, Солон йæ
цагъайрагæн бахæс кодта зæгъын, зæгъгæ, хæлæрттæ кæнгæ сты
хи райгуырæн бæстæйы. Анахарсис фæцарæхст æмæ загъта, Со-
лон йæ райгуырæн бæстæйы куы ис, уæд йæхицæн хæлар цæ-
24
уъшнæ хъуамæ скæна? Солоны зæрдæмæ йæ дзуапп фæцыд, ми-
дæмæ йæ ’рбахуьщта, æмæ ссис йæ хуыздæр хæлар.
Дзæвгар рæстæджы фæстæ Анахарсис æрбаздæхт Скифты
бæстæмæ. Фæлæ бердзенты цардуаг æмæ æгъдæуттыл æнувыд
кæй уыд, уый тыххæй йыл фæдызæрдыг сты, йæ фыдæлты æгьдæут-
тыл йæ къух систа, зæгъгæ, æмæ фæмард йе ’фсымæры къухæй.
Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Зонд мæ хъахъхъæдта Элла-
дæйы, хæлæг мæ бабын кодта мæ райгуырæн бæстæйы». Ныф-
фыстой йыл ахæм æмдзæвгæ:
Дард рсетты фæзилгæйæ, Анахарсис æрыздæхт Скифты бсестæмсе,
Цсемæй йе ’мтуг адсемы эллинаг гщрдыуагыл ахуыр ксена.
Фселсе ксеронмсе нсема бамбарын кодта йсе хъуыды,
Афтсе серхаудта, — базырджын фат æй æнусон дунемæ барвыста.
Куы йæ бафарстой, цæмæй расыггæнаг ма суай, уымæн цы
кæнын хъæуы, зæгъгæ, уæд загъта: «Дæ цæстытыл уайын кæн
расыггæнаджы æппæт æнæуагдзинæдтæ».
Уый загъта, сæнæфсиры къабуз, дам, ратты æртæ цупалы:
æхцондæттæг цупал, расыггæнæг цупал æмæ æлгъаггæнæг цупал.
Диссаг та куыд нæу, дзырдта уый, Элладæйы ерысты фæар-
хайынц хæрзарæхстджынтæ, тæрхон та сын фæкæнынц æнарæх-
стджынтæ. Эллинтæ налатдзинады ныхмæ закъæттæ уадзынц,
афтæмæй богæлттæн та хæрзиуджытæ дæттынц, кæрæдзи кæй
нæмынц, уый тыххæй.
Науы фæйнæджытæ цыппар æнгуылдзы фæтæн йеддæмæ не
сты, уый куы базыдта, уæд загъта: «Науы бадæг адæм ленк кæ-
нынц мæлæтæй цыппар æнгуылдзы фалдæр».
Зети рахуыдта æррагæнæн хос, уымæн æмæ, дам, зетийæ йæхи
чи байсæрды, уыцы хъæбысæйхæцджытæ сæ кæрæдзиуыл сæхи
ныццæвынц æрраты хуызæн.
Диссаг та куыд нæу, дзырдта уый, эллинтæ куывды райдиан
чысыл нуазæнтæй фæнуазынц, дзаг ахсæнтимæ та — стыртæй.
Куы йæ бафарстой, скифтæм флейтæ ис, зæгъгæ, уæд загъта:
«Нæй сæм суанг сæнæфсир дæр» (ома, флейтæйæ эллинтæ расы-
гæй фæцæгъдынц).
Цавæр наутæ æдасдæр сты, зæгъгæ йæ куы фарстой, уæд рат-
та ахæм дзуапп: «Былмæ кæй раластой, уыдон».
Эллинтæм æппæты диссагдæрæн цы федта, уый, йæ ныхæс-
тæм гæсгæ у, сугтæн сæ фæздæг хæхты кæй уадзынц, сæхи та
сын горæтмæ кæй ласынц (суджы æвзалы чи уæй кодта, уыдон
сæ хъæды сыгътой).
Куы йæ бафарстой, кæцытæ сты фылдæр, удыгæстæ æви
мæрдтæ, уæд бафарста: «Доны чи ленк кæны, уыдоны кæцы-
тимæ банымайæм?»
Афинаг ын йæ цæстмæ бадардта, скиф кæй у, уый, æмæ йын
афтæ: «Мæнæн мæ худинаг мæ райгуырæн бæстæ у, ды та дæ
райгуырæн бæстæйæн дæ худинаг».
25
Куы йæ бафарстой, уыцы-иу рæстæг адæймаджы хорз æмæ
æвзæрæй цы ис, зæгъгæ, уæд загъта: «æвзаг».
Уый дзырдта, хуыздæр у иу æцæг хæлар дарын, бирæ ницæй-
æгты бæсты.
Базар, дзырдта уый, у кæрæдзи сайæн æмæ кæрæдзийæ давы-
ны нысангонд бынат.
Сæнæфсæст лæппу йæ куы бафхæрдта, уæд афтæ: «Лæппу,
кæд ды æрыгонæй сæнæн нæ фæразыс, уæд дын зæрондæй дон
нуазгæ уыдзæн».
Куы йæ бафарстой, æппæты амондджындæр паддзах чи у,
уæд загъта: «Зондджыныл нымад æрмæст йæхи паддзахады чи
нæу, уый».
Цот дын цæуылнæ ис, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд загъ-
та: «Уымæн æмæ сывæллæтты бирæ уарзын»
Куы йæ бафарстой, адæм афтæ арæх цæмæн мæсты кæнынц,
уæд дзуапп радта: «Уымæн æмæ сын маст сты æрмæст сæхи
æнамонддзинæдтæ нæ, фæлæ ма искæйы æнтыстытæ дæр».
Крезмæ фыста афтæ: «Лидиæгты паддзах! Æз эллинты бæс-
тæм ’рбацыдтæн, цæмæй ардыгон уаг æмæ æгъдæуттæ сахуыр
кæнон. Сыгъзæрин мæн нæ хъæуы, фаг мын у, цы уыдтæн, уымæй
хуыздæр уон, афтæмæй Скифты бæстæмæ аздæхын. Æмæ мæнæ
æз цæуын Сардæтæм, уымæн æмæ, демæ зонгæ уон, уый мæнæн
у ахсджиаг».
* * *
Анахарсисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй цымыдисаг нау-
кон куыст рацыд 1982 азы Хуссар Ирыстоны рауагъдад «Ирыс-
тон»-ы. Йæ автор — ахуыргонд Козаты Авксенти. Чиныджы ре-
цензенттæ — философон наукæты кандидат Безанты М. æмæ ис-
торион наукæты кандидат Хæбæлаты И. Разныхас ын ныффыс-
та философон наукæты доктор, профессор Къæбысты Рутен.
Чиныгыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты адæм, уæлдайдæр та
сфæлдыстадон интеллигенци. Зæрдиагæй йæ агуырдтой Цæгат
Ирыстоны дæр, æмæ, Хуссары зонгæтæ кæмæн уыд, уыдоны
къухы бафтыд. Иннæтæ æнхъæлмæ кастысты, уæймæ йæ кæд
æрласдзысты, уымæ. Æмæ фыдæнхъæл фесты. Куы йæ æрлас-
той, уæд æй партийы обкомы бæрнон лæджы уынаффæмæ гæсгæ
фæстæмæ арвыстой. Фæлæ уæддæр, йæ фыдæлтыл иузæрдион
чи уыд, уыдон самал кодтой Козайы-фырты чиныг.
Чиныг у цалдæр сæргондæй арæзт: «От скифов до осетин»,
«Греко-скифские отношения в VIII—V вв. до н.э.», «Личность
Анахарсиса», «Творчество Анахарсиса». Ис дзы уæлæмхасæн
æрмæг дæр: «Некоторые изречения Анахарсиса». Уыдон ист сты
Диог^н Лаэртаг, Плутарх, Геродот, Цицерон, Лукиан, Стобей
æмæ æндæр бердзенаг æмæ ромаг фысджыты æмæ историкты
куыстытæй.
26
Анахарсисы зонды ныхæстæй бирæтæн сæ мидис у ирон æмби-
сæндты халдих, кæцыдæрты ссарæн ис Нарты кадджыты. Чи-
ныджы наукон редактор Къæбысты Рутен йæ разныхасы хуы-
мæтæджы нæ зæгъы, зæгъгæ, хъуамæ наукæйы фæзына ахæм
темæтæ: «Анахарсис æмæ ирон æмбисæндтæ», «Анахарсис æмæ
Нарты кадджытæ».
АНАХАРСИСЫ ЗОНДЫ НЫХÆСТÆЙ
Дæхи базоныныл архай.
Цы фехъусыс, ууыл-иу ахъуыды кæн.
Зон: а дунейы ды дæ уазæг.
Хуыцауыл æууæнд.
Дæ ныййарджытæн аргъ кæн.
Рæстдзинады сæраппонд æфхæрдæн дæр фæраз.
Тæрхон кæн, хъуыддаг куы базонай, уæд.
Ус ракурыны афон зон.
Адзалыл хъуыды кæн.
Дæ къонайæн аргъ кæн.
Дæхиуыл дæ бон цæуæд.
Дæ маст уромын зон.
Дæ зонд фæлтæр.
Развæлгъауы фæндæн аргъ кæн.
Хæлардзинадæн аргъ кæн.
Наукæйы архай.
Намыс агур.
Зондмæ хæлæг кæн.
Хорзы тыххæй дзур цæстуарзонæй.
Макæй æфхæр.
Хæрзгæнæгæй æппæл.
Рæстаг хъуыддæгтæ кæн.
Хæлæрттимæ зæрдæхæлар у.
Знæгтæй дæхи хъахъхъæн.
Дæ æрдзон курдиат фидардæр кæн.
Аиппытæй дæхи хъахъхъæн.
Адæмимæ дзурын зон.
Дæ исбон хъахъхъæн.
Искæй исбонмæ дæхи уром.
Æгъдауджын у.
Хæларæн æххуыс кæн, дæ бон куыд у, афтæ.
Уæлдай дæ ницы хъæуы.
Дæ рæстæг ма саф.
Фидæныл рагацау хъуыды кæн.
Курæгæн аргь кæн.
Дæ фыртты хъомыл кæн.
Ауд адæмыл, дæ бон куыд у, афтæ.
27
Хин æмæ мæнгардæй дæхи хъахъхъæн.
Хорз алкæмæндæр дæ цæст уарзæд.
Лæг амарынæй дæхи хиз.
Кур, гæнæн цæмæн ис, æрмæстдæр уый.
Зондджынты æхсæнмæ цу.
Адæймаджы зæрдæйы ахаст иртас.
Цы райсай, уый фæстæмæ дæтт.
Дызæрдыг макæуыл кæн.
Аивадмæ де ’ргом здах.
Раттын цы сфæнд кодтай, уый ратт.
Хорз ракæндæн аргъ кæн.
Макæмæ хæлæг кæн.
Дæхи хъахъхъæнын зон.
Ныфсæй æппæл.
Хахуыртæй дæхи хиз.
Зæрдæхæлар адæмæн аргъ кæн.
Зон, уæле Тæрхонгæнæг кæй ис, уый.
Амонды ад æнкъар.
Искæй бæрны цæуынæй дæхи хъахъхъæн.
Дæхихуызæттимæ æнгомдæр у.
Хорз хъуыддæгты у разæй.
Цы самал кæнай, уымæй дæхи рæвдау.
Æфсармæн аргъ кæн.
Бузныг зæгъын зон.
Хорздзинад кæнын дæ цæст уарзæд.
Дæ хъысмæтæй разы у.
Кæмæ хъусыс, уымæ кæс.
Быцæуæй дæхи иуварс лас.
Уайдзæфтæй дæхи хиз.
Дæ дзыхыл хæцын зон.
Æфхæрдæй дæхи хъахъхъæн.
Тæрхон кæн рæстагæй.
Æхцайæ архай, куы хъæуа, уæд.
Аххосджын кæн, æрмæстдæр дæ разы чи уа, уый.
Дзур, æрмæстдæр цы зоныс, уый.
Хъуыддаджы тыхы сæр ма ис.
Цæр зæрдæхъæлдзæгæй.
Сабыр ныхас кæн.
Алкæимæ дæр зæрдæхæлар у.
Дæ фыртты ма ’лгъит.
Де ’взагæн уаг зон.
Хорз кæн дæхицæн дæр.
Æгъдауджын у адæмимæ ныхас кæнгæйæ.
Дзуапп дæтт афоныл.
Архай афтæ, æвæсмон куыд уай.
Фæрæдыдтæ — æрфæсмон ыл кæн.
Искæмæн уынаффæ кæнынмæ ма тагъд кæн.
28
Хъуыддаг йæ цæфыл араз.
Хæлардзинад хъахъхъæн.
Хъуыддагæн рæстагæй аргъ кæн.
Тырн иу хъуыдымæ.
Сусæггаг ма æргом кæн.
Хицаудзинадæй тæрс.
Хуыздæр рæстæгмæ æнхъæлмæ кæс.
Тыхæппæлд ма кæн.
Фыд-зæрдæйæ дæхи хъахъхъæн.
Мулк амал кæн рæстагæй.
Дæ маст уром.
Æвæллайгæйæ ахуыр кæн.
Хъæлдзæг у æдзухдæр.
Уаз хъуыдытыл дис кæн.
Уарз, кæй хъомыл кæныс, уыдоны.
Дæ цуры чи нæ уа, уыимæ ма хæц.
Дæхицæй хистæрæн кад кæн.
Дæхицæй кæстæрæн зонд амон.
Мулкыл ма ’ууæнд.
Дæхицæн аргъ кæнын зон.
Искæй æфхæрын ды ма райдай.
Фыдæлтæн кад кæн.
Фыдыбæстæйы сæрвæлтау мæлæтмæ цæттæ у.
Цардимæ ма тох кæн.
Мæрдтыл ма худ.
Æнамонды фарсмæ балæуу.
Æххуыс кæн, фæлæ дæхи хъуагæй ма уадз.
Алцæуыл ма мæт кæн.
Цот рауадз уæздан усæй.
Зæрдæ макæмæн мацæмæй æвæр.
Хорздзинæдтæй пайда кæн, æнæмæлгæ дын нæй, уый зонгæйæ.
Амондыл ма ’ууæнд.
Лæппуйæ у хæдæфсарм, æрыгонæй — хиуылхæцгæ, карджынæй —
рæстаг, зæрондæй — куырыхон.
Амæл æнæ цæссыгæй.
Адæмы зæрдæмæ цæуыныл архай.
Æхсызгон дын у, æрмæст уый тыххæй ма дзур.
Дæ ныхасæн хицау у.
Истæуыл-иу дæ къух ауигь, гæнæн æмæ дын амал куынæуал уа, уæд.
Дæхиимæ ма тох кæн.
Цардæй ма фæлмæц.
Æдзух иннæты аххосджын ма кæн.
СÆТТИ ÆМÆ БÆТТИ
Ссетти æмæ Бсетти дыуусе сыхаджы уыдысты. Сæт-
ти —магусайсе цæлуарзаг, Бæтти та — усеззау куыстæй
дзæгъселгуыстгсенсег.
Сæттийæн уыд сахъари хæдзару Бæттийæн та — ка-
уыи хæдзар. Сæттийæн йæ ис-йæ-бис — иу зæронд куыдз,
Бæттийæн та — иу уасаг гæды. Сæтти — даргъ лæг} Бæт-
ти — цыбыр лæг. Сæттийæн — стыр сырх зачъе, Бæт-
тийæн — чысыл бур зачъе. Сæттийыл — урс дæлæсин
цухъа, Бæттийыл — бур уæлæсин цухъа. Сæттийыл —
къогъодзитæ, Бæттийыл — æрчъитæ. Сæ райгуырдæй сæ
амæлыимæ æнæ кæрæдзи дæр нæ фæрæзтой, кæрæдзиимæ
дæр нæ фидыдтой. Сæтти Бæттийыл худти, Бæтти —
Сæттийыл. Иу иннæмæй адæмæн æмбисæндтæ хаста.
СÆ МЫДЫ КЪÆМ БАХАУД
Сæтти æмæ Бæттийæн сæ мыды къæм бахауд, бустæ кæнынц
кæрæдзийæн. Сæтти фыс фæтæры базармæ, Бæтти йæ фæрсы:
— Кæдæм скъæрыс уыцы гуымыдза сæгъы?
— Куырм бадæ, фыс у, æмæ йæ дæ хистмæ кæнын.
— Уынын, фыс кæй у, уый, æмæ йæ фæрсын: кæдæм скъæры
дæу — сæгъы мыггаджы? — дзуапп радта Бæтти.
ХОНÆГ
Сæтти æнкъард æмæ æххормагæй бадт йæ кæрты. Бæтти
æмбæрста, йæ хæлар хонæджы фыдæй кæй сæфы, йæ уæлхъус
алæууыд æмæ йын афтæ:
— Цы фæдæ, Сæтти?!
— Мæнæ дæн, хъуамæ цы фæуон?! Зæронд никæйуал хъæуы,
удхæссæджы йеддæмæ... Фæлæ ды цыма хонæджы каст кæныс...
— Хонæг дæн, Сæтти, хонæг!
— Мауал мæ ныууадз иу бон мæ хæдзары! — мæсты хъæр фæ-
30
кодта Сæтти, — иу бон — хонæг, иннæ бон — хонæг. Уанцон нæу!
Бæтти ницыуал сдзырдта. Сæтти дæр ныхъхъус. Стæй афарста:
— Гъы, кæцæй дæ хонæг? Йе хисты бон у, йе — куывды?
— Кæцæй куы зæгъай, уæд... Мæрдты Барастырæй. Тагъд,
дам, Сæтти ам куыд сæмбæла!
Сæтти, хъазгæ та дзы кæй кæны, уый бамбæрста, æмæ йын
афтæ:
— Гъæй кæн уæдæ мæ разæй! Фæндаг амон.
ДЫУУÆ ФАРСТЫ
Сæтти Бæттийы бафарста:
— Зæгъ-ма, кæм цы зайы?
Бæтти йын загъта:
— Фыс — скъæты, картоф — быдыры, магуса — хъæуы мидæг.
— Уæдæ тæрсгæ та чи цæмæй кæны?
— Сæгъ — бирæгъæй, калм — битъынайæ, магуса — куыстæй.
ЗÆХХЫЛ ДЫУУÆ ХОРЗЫ
Сæтти фæрсы Бæттийы:
— Зæххыл дыууæ хорзы ис. Чи сты, нæ сæ зоныс?
Бæтти арф ныхъхъуыды кодта.
— Гъæ, дæ зондæн уай, Бæтти, куыд къуымых дæ... Æз æмæ
ды! — загъта Сæтти.
ДЫВÆЛДАХ АУЫНДЗÆН
Сæтти æмæ Бæттийæн рæдыдæй сауындзыны тæрхон рахас-
той. Ауындзгæ та сæ кодтой, цæугæдоны сæрты цы бæласы цонг
ацыд, ууыл.
Сæттийы уал куы сауыгътой, уæд бæндæн аскъуыд, лæг донмæ
æрхауд, фаллаг фарсмæ аленк кодта æмæ алыгъд.
Бæтти уый куы федта, уæд фæхъæр ласта:
— Мæнæн бæндæн дывæлдах бакæнут!
— Цæмæн? — бадис кодтой тæрхоны лæгтæ.
— Ленк кæнын нæ зонын, æмæ мæ дон аласдзæн.
Тæрхонгæнджытæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ уый дæр суæгъд
кодтой.
БАЗАРÆЙ ЗДÆХГÆЙÆ
Иухатт Сæтти æмæ Бæтти базарæй æрбацæйцыдысты. Сæтти
разæй, Бæтти — йæ фæдыл. Ныхасы цурмæ куы æрбахæццæ
сты, уæд сæ чидæр афарста:
— Базары фосæн хорз аргъ ис?
— Уæд ма ай мæ фæдыл ардæм ластаин?! — фæцарæхст Сæтти.
31
ХÆРАГ ЛÆГ
Сæтти æмæ Бæтти куывды бадтысты фæрсæй-фæрстæм. Бæт-
тимæ кард нæ уыд æмæ, Сæтти йæ кардæй фыдызгъæл куыд
æрлыг кæны, афтæ та йæм Бæтти фæлæбуры æмæ йæ ахæры.
Уæд æм Сæтти нал фæлæууыд æмæ йын афтæ:
— Бæтти, куыд дæ æййафон, афтæ хæр.
ДЫУУÆ УАЗÆДЖЫ
Сæтти æмæ Бæтти уыдысты уазæгуаты, æмæ сын хæрды
фæстæ къусты бас æрæвæрдтой.
Сæтти тæвд бас ахуыпп кодта, бас æй басыгъта, æмæ йæ цæс-
тытæ цармæ ныццавта.
Уæд æй Бæтти фæрсы:
— Цы дыл æрцыди, Сæтти?
Уый йæм дзуры:
— Мæ хæрæджы уæззау рынчынæй ныууагътон, æмæ йæм мæ
зæрдæ ’хсайы.
Бæтти дæр басæй хорз ныххуыпп кодта, бас æй басыгъта,
æмæ уый дæр йæ цæстытæ царыл авæрдта.
Уæд æй Сæтти фæрсы:
— Ды та цы кодтай?
— Дæ хæрæджы уасын мæм æрыхъуыстис, æмæ уымæ хъусын.
НÆМА БАФИДЫДТОЙ
Адто фæрсы Бидтойы:
— Сæтти æмæ Бæтти нæма бафидыдтой?
— Фæндгæ сæ бæргæ кæны...
— Фæлæ, цы?
— Фæстаг хатт цæй фæдыл фæхъæлæба сты, уый сæ ферох.
ХАЛОН ЦАС ЦÆРЫ?
Халон, дам, æртæ сæдæ азы цæры. Цымæ уый æцæг афтæ у,
зæгъгæ, Бæтти халон æрцахста æмæ йæ сæхимæ фæхæссы. Сæт-
ти йыл кæртмæ бахизæны хæрхæмбæлд фæци æмæ йæ фæрсы:
— Цы та сфæнд кодтай, Бæтти? Дæ дæлармы халон куы ис.
Къуыртт ын æвæрыс?
— Къуыртт дæр æмбæлы, фæлæ æндæр у мæ фæнд: халон,
дам, æртæ сæдæ азы цæры, æмæ цымæ æцæг афтæ у, уый хъуа-
мæ сбæрæг кæнон.
— Куыд?
— Уæртæ йæ сардахъы æхгæд цары бакæндзынæн æмæ йæм
мæ хъус дардзынæн.
— Æмæ дæхæдæг уæдмæ фæцæрдзынæ? — фæрсы та йæ Сæтти.
— Мæхæдæг? Æмæ æз ууыл куы нæ ахъуыды кодтон.
32
САНАТЫ СЕМЫ ХАБÆРТГÆ
Диссаджы зопыпджып, мæлгъæвзаг семсе адсемæн уарзои
уыд Санаты Сем. Адæмы уырныдта, цы зæгъа, уымсен
æнсерцæугсе нсей. Бирсе таурсегътсе, æмбиссеидтсе семæ зон-
ды ныхæстсе ныууагъта Сем йсе фсестсе.
Адсемои таурсегъмсе гсесгсе, Санаты^ Сем райгуырд 250
азы размсе Захъагомы Санаты хъсеуы. Йсе фыды иом хуынд
Бердыхъ, уыди Саиахъоты хсерсефырт. Ииисе таурсегъ-
тсем гсесгсе та, царди семсе амарди: Уселлаг Хъсенийы, Хохы
Санибайы семсе ма Цымытийы дсер.
СЕМЫ РАЙГУЫРД
Зындгонд таурæгъгæнæг Сланты Иликъо Семы тыххæй дзырд-
та афтæ:
— Лæцыхъæуы (Куырттаты комы) цардысты ус æмæ лæг, Са-
натæй. Ус æмæ лæгæн лæппу райгуырд æмæ куы рахъомыл, уæд
ын ус æрхастой. Лæппуйæн æхсæз азмæ æхсæз сывæллоны рай-
гуырди, фæлæ æхсæзæй иу дæр нæ фæцарди, куы-иу райгуыр-
дысты, уæд сæ хъæлæстæй зынджытæ хаудта, æмæ-иу сыл æвгъæ-
ды бадæг устытæ куы бадис кодтой, уæд-иу сæ кой дæр нал
фæзынд.
Æвдæм фæлтæр та лæппуйæн йæ ус йæхи бар нæ уыд, æмæ
йæ афон куы ’рцыд, уæд сæм фæзынди иу амондджын уазæг.
Уыцы рæстæджы чындз схъæрзыдта. Уæд уазæг æфсинмæ
фæдзурын кодта. Æфсин æм æрбацыд, æмæ йæ уазæг фæрсы:
— Куыд у дæ фæсвæд бадæджы хабар?
— Гуыргæ йын ракæндзæн, фæлæ та йæ гуырд цы фæуыдзæн,
уымæн цы бæрæг и?
— Тагъд мын хуыйы сой ссарут.
Хуыйы сой йын æрбахастой. Уазæг хуыйы сой схъарм кодта
æмæ загъта æфсинæн: «Ацы хуыйы сойæ сæрдут сывæллоны,
гуыбынæй куыд хицæн кæна, афтæ, æмæ нал фæдæлдзæх уы-
3 Цгъойты Хазбн
33
дзæн. Иннæ æхсæз дæр хуыйы сойæ сæрст куы æрцыдаиккой,
уæд сæм хæйрæджытæ нæ бауæндыдаиккой.
Сывæллон куы райгуырд, уæд æй хуыйы сойæ байсæрстой,
æмæ нал фæдæлдзæх. Уæд æфсин уазæгмæ бацыд æмæ йын цин-
гæнгæйæ дзуры:
— Нæ сывæллон фервæзтис, фæлæ йæ хъæлæсæй уæддæр зын-
джытæ хауы, æмæ йæ мады дзидзитæ судзы.
— Истæм радуцут мады æхсырæй æмæ йæ сывæллоны хъуы-
ры ауадзут, стæй йын ницыуал уыдзæн, æрсабыр уыдзæн йæ
тæвдæй.
Сывæллонæн йæ хъуыры æхсыр ауагътой, æмæ æрсабыр йæ
тæвдæй. Уазæг ыл ном сæвæрдта — Сем, стæй сæ хæдзармæ
ацыд.
Сывæллоныл æртæ мæйы куы рацыд, уæд дзыхæй дзурын
райдыдта.
ФÆДЫ ДЗЫВЫР!
Уалдзыгон изæр бинонтæ фос дуцынмæ ацыдысты. Сывæлло-
ны цур баззад зæронд лæг. Уæд лæппу цъæхахст райдыдта: «Ба-
сыгъдтæн, фæлæ мæ Лæцы Ныхасмæ ахæссут!»
Зæронд лæг сывæллоны систа авдæнæй, йæ кæрцы фæдджийы
йæ батыхта æмæ йæ Ныхасмæ ахаста. Уым дурын бандоныл
æрбадти. Сывæллон дæр йæ хъæбысы, фæлæ йæ æддæмæ нæ
зынын кодта. Лæцы уæлейæ уыд Къорайыхъæу, уым иу лæг
дзывыр сарæзта æмæ йын йæ гинон фидар кодта. Сем æй базыд-
та æмæ кæрцы бынæй хъæр кæны: «Мауал æй цæв, афæддзæн
дзывыр!» Лæг йæ цæвын нæ ныууагъта, æмæ афасти дзывыр.
Ныхасы бадæг адæм зæронд лæджы фæрсынц:
— Уый дæ хъæбысæй цы дзуры, раргом-ма йæ кæн?
Зæронд лæг раргом кодта сывæллоны. Уæд Сем ныхасы
адæммæ дзурьг:
— Ацæут æмæ йæ бабæрæг кæнут, кæддæра дзывыр фаст нæ
разынид, кæд уæ нæ уырны, уæд.
Ныхасы адæм арвыстой дыууæ лæппуйы бæрæггæнæг, æмæ
дзывыр æцæгдæр фаст разынд. Зæронд лæг Семы йæ кæрцы
батыхта æмæ йæ хæдзармæ схаста.
СЕМЫ ФЫНТÆ
Æртæ ’хсæвы æмæ ’ртæ боны куы рацыд, уæд та сывæллон
хъæр кæны авдæнæй:
— Басыгъдтæн, фæлæ мæ Лæцы Ныхасмæ ахæссут!
^æронд лæг та йæ Лæцы Ныхасмæ ахаста. Сем та йæхи рар-
гом кодта кæрцы бынæй Ныхасы адæммæ æмæ сæм дзуры:
— Байхъусут-ма, мæнæ хорз адæм, диссаджы фынтæ федтон
æмæ уын сæ радзурон. Дысон куы бафынæй дæн, уæд фыны
34
заинаг гадзайы сæрты ахызтæн, æмæ мыл йæ гуыбынæй йæ къæ-
былатæ рæйдтой, йæхæдæг мæм не сыстад.
Адæм æй фæрсынц:
— Уый цæмæ цæуы, уый-ма нын зæгь, Сем?
— Уый уымæ цæуы, æмæ ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ кæс-
тæр хистæрæн зонд амондзæн.
Уый фæстæ Сем йæ дыккаг фын дæр радзырдта адæмæн:
— Сæрак æмæ хуыдзарм бырыдысты бæласыл. Хуыдзарм йæ
цъупмæ ссыди бæласæн, сæрак та йе ’мбисæй рахаудта.
— Уый та цы уыдзæн, Сем?
— Уый та уый нысан кæны, æмæ сау æмæ уæздан нал уы-
дзæн. Адæм æмхуызон суыдзысты. Ахæм рæстæг скæндзæн, æмæ
адæмы тых нал уыдзæн, фæлæ хæхты хуынчъытæ кæндзысты,
арвы уæрæхы тæхдзысты æмæ хæдтулгæ уæрдæтты баддзысты.
Бæсты фæстаг тъæпæнсæрты кæндзæни æмæ уыдонимæ цæрын
хъæудзæни.
СЕМ ÆМÆ ФЫЙЙАУ
Сем куы рахъомыл, уæд дыууадæс æмбалимæ рацыдысты
бæстæ уынæг. Иу ран быдыры фыййау фос æрбаскъæры. Уыдон
æй æрбаййæфтой æмæ йæм дзурынц:
— Дæ фос бирæ уа, фыййау!
Уæд фосы фæстæ иу мæллæг уæрыкк баззад, æмæ йæм йæ
мад уасы:
— Цæуылнæ мæ æййафыс, ацы фосæй æз цæрдæгдæр куы
дæн æмæ дын æхсыр дæр фылдæр куы дарын?
«Бæргæ дæ æййафин, фæлæ ацы фосы цы амонд ис, уый мæ
къæдзилы ис, æмæ йæ нæ фæразын».
Сем фыс æмæ уæрыччы ныхæстæ бамбæрста æмæ йе ’мбæлт-
тимæ фыййауы хæдзары æрфысым кодта. Фыййау иу стыр фыр
æрбакодта кусæрттаг, фæлæ йæ Сем нæ бауагъта æргæвдын:
— Кæд гæнæн ис, уæд, абон фосы фæстæ цы уæрыкк баззад,
гъе уый нын аргæвд.
— Æмæ уый гыццыл у, æмæ йæ мæ цæсгом нæ хъæцы аргæв-
дын, — загъта фыййау, фæлæ фæстагмæ сразы.
Уæрыкк æрбакодта, æмæ йæ Сем йæхимæ байста, æз, дам, æй
аргæвдон.
Сем аргæвста уæрыччы æмæ йын йæ туг астæуккаг цæджындз-
мæ ауагъта. Фыййау æй фæрсы:
— Цæджындзмæ туг цæмæн ауагътай?
— Дæ фосы амонд ацы уæрыччы уыди æмæ ныр цæджындзы
баззайдзæн.
Стæй Сем стыр аг æрхаста æмæ уым нывæрдта кусарты. Ку-
сарт ахæм нæрст скодта, æмæ аг байдзаг. Æхсæвы сын хæрд нæ
фæци. Райсомы та сæ фысым хорз куы федта, уæд рацыдысты
уазджытæ сæ фæндагыл.
35
КЪÆВДА УЫДЗÆН
Сем Къабузтæм куы ’рцыд, уæд йе ’мхæрæфырт Уарихъан
мусы най кодта. Тынг хорз бон уыди. Арвыл иу мигъы къæм нæ
уыди. Санаты Семæн къæлæтджын рахастой æмæ йæ æрбадын
кодтой. Сем загъта:
— Уарихъан, дæ най бафснай, кæннод дын æй къæвда фесафдзæн.
Уый йын загъта:
— Ау, æмæ арвыл мигьы къæм куынæ ис, уæд цæй къæвдайы
кой кæныс?
— Æз дын афтæ зæгъын, æмæ дæ бар дæхи, — загъта Сем.
Уалынмæ къæвда ныццавта æмæ най былмæ акалдта.
ЗОНДЦЖЫН ÆДЫПЫЙЫ ЗÆРДÆМÆ НÆ ЦÆУЫ,
КÆНÆ ИУ СЕМÆЙ СЕМ НÆЙ
Сем Санибайы комы фæцæйцыди, æмæ йыл иу лæг сæмбæл-
ДИ.
— Дæ фæндаг раст! — загъта йын Сем.
Уый йæм æрбаздæхти æмæ йын, йæ арфæйæн дзуапп ратты-
ны бæсты, алывыд калын райдыдта.
Цæуынц иумæ. Сем хъусы, лæг алывыд калы. Хъæумæ куы
баввахс сты, уæд Сем ныллæууыд æмæ йын афтæ зæгъы:
— Дæ хорзæхæй, цасдæриддæр мæ æлгъитинаг дæ, уый мæ ам
фелгъит, кæннод хъæумæ куы бахæццæ уæм, уæд дыл адæм
фæхуддзысты.
СЕМЫ ДЗУАПП
Дыууæ «уæздан» къуыдиппы Семы «фелхыскъ» кæнынмæ хъавы-
дысты æмæ йын къæртамæ ацамыдтой:
— Куыд растдæр уыдзæн: «Дон мын рахæсс» æви «Дон мын авæр? »
— Сымахыл дзы иу дæр нæ фидауы.
— Уæдæ куыд?
«Донмæ нæ аскъæр», — дзуапп сын радта Сем.
КУЫРТТАТЫ КОМЫ
Иузаман Сем Куырттаты комы бæхыл фæцæйцыдис. Фæнда-
гыл баййæфта иу фистæгæй цæуæг ацæргæ лæджы. Сем, æгъдау-
мæ гæсгæ, рахызти йæ бæхæй æмæ зæронд лæгæн загъта:
— Дæ хорзæхæй, хистæр дæ æмæ сбад бæхыл.
Зæронд лæг нæ бакуымдта бæхыл бадын. Сем дæр нал сбадти
йæ бæхыл æмæ афтæмæй ныхæстæгæнгæ цыдысты сæ фæндагыл.
Иуцасдæр куы ауадысты, уæд та Сем лæгæн афтæ зæгъы: æри-
ма, уæд та дын дæ лæдзæг аивон, зæгъгæ. Æмæ та йын лæг загъта:
36
— Стыр бузныг, мæ лæдзæг рог лæдзæг у, хус лæдзæг у,
цæмæ йæ хъæуы ивын?
Цæуынц та дарддæр æмæ бахæццæ сты Дзывгъисмæ. Хъæуы
уыдис зиан. Сем зæронд лæджы фæрсы:
— Ацы зиан хъæуы зиан у, æви комы зиан?
Лæг та йын загъта:
— Зиан у æмæ йæ баныгæнын хъæуы, фæнды хъæуы зиан
уæд, фæнды комы, цы уæлдай у?
Цæуынц та дарддæр, уæдæ цы уьгдаид. Иуахæмы бахæццæ
сты Лæцмæ. Хъæуы уынгты фæцæуынц, лæг сæхирдæм азилы,
Сем дæр йе ’мзылд кæны. Бахæццæ сты лæджы хæдзармæ, æмæ
йын лæг æфсоны ныхас загъта, уазæг, мидæмæ, зæгъгæ. Фæлæ
Сем нæ бацыд.
Лæг хæдзармæ куы бацыдис, уæд йæ чызгæн афтæ зæгъы:
— Дæлæ дуармæ иу æдылы уазæг, æмæ-ма йæм акæс.
— Цавæр æдылы уазæг у уый та? — афарста чызг.
— Уæлæ комы æрбацæйцыдыстæм æмæ мын афтæ зæгъы, æри-
ма дæ лæдзæг дын аивон!
— Уый дын дæ лæдзæг нæ ивта, фæлæ дын дæ дзабырты
фæсал ивта, цæмæй дæ къæхтæн æнцондæр уыдаид.
— Уæд та Дзывгъисмæ куы ’рбахæццæ стæм, уæд дзы зиан, æмæ
мæ афтæ фæрсы, ацы зиан хъæуы зиан у, æви комы зиан?
— Уый дæ уымæн фарста, кæд хорз лæг уыдис, уæд у комы
зиан, кæд æвзæр лæг уыдис, уæд та — хъæуы зиан.
Уæд чызг Семмæ рацыдис, кæрæдзийæн салам радтой. Барæг
йæ ехс ехсы хъæдмæ йе ’нгуылдзæй нылхъывта, ома, дам, афтæ
æнгом цæрдзыстæм. Уæд чызг йæ дадалитæ йе ’нгуылдзæй сыз-
дыхта, ома, дам, ирæд уыйбæрц бафидын хъæуы. Уæд Сем йæ
бæхы барц æртæ дихы фæкодта, уыйас, дам, нæ, фæлæ мæнæ
уыйбæрц. Æмæ афтæмæй чызг æмæ лæппу бафидыдтой æмæ дзæ-
бæхæй, æнгомæй, кæрæдзи æмбаргæйæ фæцардысты.
СЫРДДОНЦЪИУТЫ НЫХАС
Иу сæрдыгон бон Сем фæцæйцыдис Куырттаты комы йæ сар-
гъы бæхыл. Хурбон уыдис æмæ сабыргай цыдис хъуыдытæгæнгæ.
Уалынмæ арвыл мигъы къуыбæрттæ фæзындис, æмæ бон ивын
райдыдта. Сем йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ Лæцмæ бахæццæ.
Уым цардис йæ хорз æрдхорд, æмæ йæ фенон, зæгъгæ, йæ бæ-
хæй сæ дуармæ æрхызт æмæ кæртмæ бахызт.
Кæрты астæу хурмæ кæттагыл уыдис хуртуан тыд. Кæрты
ничи уыдис, æмæ сырддонцъиутæ хуртуаныл хæлæф кодтой. Уæд
сырддонцъиутæй иу иннæмæ дзуры:
— Дæ хæрын уал фæуадз, фæлтау нæмгуытæ кæттагæй зæхмæ
кал, кæннод ныртæккæ хæдзары æфсин рацæудзæн æмæ хуртуан
мидæмæ бахæсдзæн.
Сем ныххудт. Уæдмæ хæдзары æфсин кæртмæ рахызтис. Семы
37
куы ауыдта, уæд тынг бацин кодта æмæ йæ фæрсы, уыцы зæр-
диаг худт цæуыл кæныс, зæгъгæ. Фæлæ йын Сем сырддонцъиу-
ты сусæгдзинад не схъæр кодта.
ХАЛÆТГЫ ÆВЗАГ
Цымытийы, дам, Сем бадти ныхасы. Сæ сæрты дыууæ хало-
ны кæрæдзи тонгæ æрбацæйтахтысты. Сем фæрсы лæгты:
— Цæуыл тох кæнынц уæлæ уыцы халæттæ?
— Æмæ сын чи цы зоны? — сдзырдта чидæр.
— Уыдон уæртæ Андиаты бæхы мардмæ тæхынц æмæ тох кæ-
нынц, нæ, æз ын къахдзынæн йæ рахиз цæст, нæ, æз, зæгъгæ.
Ныхасы адæмы нæ бауырныдта Семы ныхас æмæ Андиатæм
бæрæггæнæг арвыстой.
— Уæ бæх кæм ис? — бафарстой æрвыст лæгтæ.
— Нæ бæх рæгъауы хизы.
— Цом-ма бабæрæг æй кæнæм, — загътой лæгтæ.
Ацыдысты рæгъаумæ. Бæхы ссардтой комы мардæй, йæ рахиз
цæст — къахтæй.
СЕМ АНДИАТÆМ
Хуссар Ирыстоны Згъуыбиры цæрæг Саулохтæ Санаты Семы
фæхуыдтой сæхимæ. Сем ма йемæ акодта æмбæлттæ. Араст сты
æмæ Куырттаты комы Андиаты фыййауыл сæмбæлдысты. Фосы
астæуæй иу уæрыкк уасы, ратæх-батæх кæны, агуры йæ мады.
Стæй йæ мады куы ссардта, уæд банцад, уæдæ цы.
Сем йе ’мбæлттимæ æрфысым кодта Андиатæм. Фысымтæ сæм
хорз фæкастысты. Дыккаг бон, уазджытæ цæуынмæ куы хъавы-
дысты, уæд фысымтæ Семæн стыр лæвæрттæ кодтой, фæлæ уый
ницы бакуымдта, загъта сын:
— Кæд мын исты хорз фæуынмæ хъавут, уæд мын, знон фосы
астæу чи уасыд, уыцы уæрыкк аргæвдут.
Фысымтæ фыййауы афарстой, кæцы уæрыкк уыд, зæгъгæ.
Æмæ аргæвстой уыцы уæрыччы. Фæлæ йын æргæвдгæ-æргæв-
дын фыййауы куыдз йæ тугæй асдæрдта.
Уазджытæ сæхи хорз куы федтой уæрыччы фыдæй, уæд та
фысымтæ Семы æнæ лæвар нал уадзынц. Æмæ сын Сем афтæ зæгьы:
— Уæдæ мын кæд лæвар кæнут, уæд уæ куыдзы... Æндæр уæ
ницы райсдзынæн.
Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой, фæлæ Сем æндæр ницы ба-
куымдта. Уæд куыдз бауад æмæ тыргъы астæуккаг цæджындзыл
йæхи схъил кодта. Сем уый куы федта, уæд куыдзы дæр нал
ракодта. Загъта сын:
— Андиатæ, уæ амонд уæхи у æмæ уæхицæй никæдæм цæуы.
Æнамондæй тас уын нæу.
38
КЪОНАЙЫ МАСТ
Сем Ирыстоны хæхбæстыл куы зылд, уæд Хилакъæй Захъамæ
цæугæйæ, Стыр хохæй Абайтыхъæумæ рагъæй æркаст. Иу хæдзары
сæрмæ фæздæг зилдух кæнгæ хæрдмæ цæвы. Семы бафарстой:
— Уый цавæр диссаджы фæздæг у?
— Фæздæг кæцæй цæуы, уыцы хæдзары ис хуынд, — загъта
Сем. — Сæ бадты адæм уырдыглæууæгæн иу хай, иу нуазæн дæр
нæма радтой, æмæ къона мæсты кæны.
Æрцыдысты хъæумæ, æмæ æцæгдæр афтæ разынд.
САНАТЫ СЕМ ЦЪАЛАГОМЫ
Сем сфæнд кодта, хуссарварс цы ирæттæ цæры, уыдоны фе-
нын. Æппæты фыццаг Урстуалтæм æркасти Ресы æфцæгæй æмæ
алы хъæуæн дæр радта йæхи миниуæг. Ерманы æртæ хъæуæй
загъта: «Сæ ран, сæ уавæр хорз сты, фæлæ арвæй æлгъыст сты!»
(сæ хуымтæ сын бирæ хæттыты мит æрæййафы æнæкарстæй).
Уый фæстæ æркасти Къабузтæм (уым цардысты Буратæ æмæ
Тотратæ) æмæ загъта: «Йæ ран, йæ фадат хорз сты, фæлæ сты
адæмы разæй 6ыдираг,ома лидзинаг фæуыдзысты».
Челиатыхъæуæй та загъта: «Йæ ран æмæ фадат бæллиццаг нæу,
æмæ дзы лæг кæд фыргуыст кæна, уæд къæбæр хæрдзæнис!»
Едысыл куы афæлгæсыд, уæд загъта: «Йæ ран, йæ фадат хорз
у, фæлæ æрбацæуæггæгты зондæй æмæ сылгоймæгты хъæрæй
сæфт у!» (Æрбацæуæггæгтæ хицауиуæг кæнынц хъæуыл, сæ сыл-
гоймæгтæ та сты хылгæнаг æмæ хъæрæйдзураг).
Брытъатæй загъта: «Йæ ран, йæ фадат хорз сты, фæлæ магу-
сайæ сæфт у!»
Æркасти Згъуыбирмæ æмæ загъта: «Йæ ран, йæ фадат мæнæ-
мæнæ нæу, фæлæ дзы цъиу æфсæстæй нæ нь ззардзæнис!» (Уазæг
нæ уарзынц).
Сыбайæ та загъта: «Йæ ран, йæ фадат хорз, фæлæ хъал æмæ
æппæлойæ — сæфт!»
Уæд, дам, æркасти Сем Рукъгоммæ æмæ æртæ Рукъæй загъ-
та: «Сæ ран, сæ фадат хорз у. Цæрынц дзы фидар, хъæбатыр
адæм, фæлæ сæ цард, сæ уавæр ивд æрцæудзæнис!»
СЕМЫ ФЫН
Сем Хуссар Ирыстонмæ, Згъуыбирмæ куы æрцыди, уæд æй
уым хорз суазæг кодтой. Уый фæстæ йæ фæрсын райдыдтой
хабæрттæй. Сем дæр райдыдта дзурын:
— Дысон куы афынæй дæн, уæд фыны рауарыд фыццаг
æрсытæ, стæй — фыстæ, уый фæстæ та — рувæстæ æмæ би-
рæгътæ.
39
— Нæ дæ ’мбарæм, Сем. Уый цахæм фын у? — бадис кодтой
згъуыбирæгтæ.
— Уæдæ, æмбæрстæй дзурын раст нæу, — загъта Сем — фыц-
цаг адæм уыдысты æрсыты хуызæн зондæй дæр æмæ хъаруйæ
дæр. Ныр адæм сты сабыр, раст фыстæ æмæ фырыты хуызæн.
Мах фæстæ та уыдзæн сайаг, мæнгард, бирæгъ адæм...
СЕМ ÆМÆ ’РТÆ ФÆНДАГГОНЫ
Æртæ лæджы быдырæй хохмæ уæззау уæргътимæ сцæйцыды-
сты. Кæсынц, æмæ дын уæртæ Сем сæ размæ ’рбацæуы. Бæлц-
цæттæ зыдтой, Сем æрхъуыдыджын æмæ зондджын лæг у, уый,
фæлæ йæ уæддæр бафæлварын фæнд скодтой.
Сем сæ размæ куы æрбахæццæ,уæд ын салам радтой, ныхас
сыл бацайдагъ, стæй йæ бæлццæттæ бафарстой, се ’ртæйæ уæз-
заудæр уаргъ кæмæ ис, зæгъгæ.
Сем сын загъта, чи уæ цы хæссы, стæй кæдæм, уый мын зæгьут,
æмæ уын уæд дзуапп ратдзынæн. Уæд ын бæлццæттæй иу загъта:
— Мæ хæлар цуанон лæг у, æмæ йын æфстау зды хæссын.
Дыккаг загъта:
— Гулийагæй æфстау тын райстон æмæ йын æй ныр фæстæмæ
хæссын.
Æртыккаг загъта:
— Хъуг æлхæнын æмæ мæ хæларæй æфстау æхца райстон æмæ
ныр мæ хæдзармæ цæуын.
Сем се ’ппæтмæ дæр байхъуыста, стæй сын загъта:
— Æппæтæй рогдæр у здыйы уаргъ, æппæтæй уæззаудæр —
хъуджы аргъ.
Уый адыл сын фæндараст загъта æмæ ацыд.
Æртæ фæндаггоны та ма абон дæр хъуыды кæнынц Семы дзуаппыл.
КÆЦЫ ДЗЫ КУРОН?
Санаты Сем æрыгонæй дæр зындгонд уыд æнæхъæн Ирысто-
ны. Йæ хорз зонды кой байхъуыст Дыгургоммæ дæр. Уырдыгæй
дæр æм фæрсынмæ цыдысты. Иуахæмы та йæм Лæцмæ æрбацыд
иу лæппу. Хъæуы кæрон фæрсы лæцаджы:
— Ам Санаты Сем кæм цæры?
— Дæлæ фæзы ихыл хъулæй хъазы, — уыд лæцаджы дзуапп.
Фæзмæ ныццыд лæппу, æмæ хъулæй хъазджытæм чи каст, уый
фæрсы:
— Ам уæ Сем кæцы у?
— Уæртæ хъулæй тохситæ чи цæвы, уый.
— Семмæ фæрсынмæ æрцыдтæн, — загъта та лæппу.
Фæлæ йæм Сем йе ’ргом не здахы, йæ хъазты кой кæны.
— Æмæ цæй фæдыл у дæ фарст? — ныхæстыл æй дары хъазт-
мæкæсæг.
40
— Ус курын афон мын у, æмæ кæй ракурон? Ис мын зонгæ чызг,
фæлæ ма мын ис зонгæ сылгоймаг дæр. Уый дæр бирæ уарзын.
Æмæ дзы кæй равзарон, кæй ракурон, уый мын куы бацамонид...
Сем æм кæд йе ’ргом нæ раздæхта, уæддæр ын йæ ныхас
фехъуыста æмæ йæм æрбадзырдта:
— Чызджы куы ракурай, уæд бар — дæхи, усы куы ракурай,
уæд та бар — йæхи.
ФÆРÆТХЪÆД
Хохæгтæ цалдæр мæйы Гуры фидар æрхъулайы дардтой, фæлæ
йæ басæттын нæ фæрæзтой, æмæ уæд сфæнд кодтой Санаты
Семы бафæрсын. Æртæ лæджы арвыстой, уыдон Семмæ æрцы-
дысты æмæ йын уавæр бамбарын кодтой. Сем лæгтæм бирæ фæ-
каст, стæй сын загъта:
— Иу лæгæн цы зæгъай, уый æртæ лæгæн нæ зæгъдзынæ.
Ацыд, фæрæт æрбахаста, йæ хъæд ын йæ цæгатæй рафтыдта,
уый фæстæ фæрæт æмæ фæрæтыхъæд кæрæдзимæ бабаста æмæ
сæ уазджытæм радта:
— Курын уæ æмæ мæнæ ацы лæвар уæ раздзогæн мæ номæй
фæхæссут.
Хохæгтæ Семы лæвар сæ раздзогмæ бахастой. Уый лæвармæ
бирæ фæракæс-бакæс кодта, фæлæ цæуыл дзурæг уыди, уый нæ
бамбæрста æмæ йæ уæд Арцеуыхъæуы хистæр Къæззиты Реуазмæ
равдыста. Реуаз Семы лæвармæ æркæстытæ кодта æмæ загъта:
— Сем уын зæгъы: «Æрхъула сисут, гуйрæгтæй уæхицæн хæрз-
гæнджытæ ссарут æмæ уыдон æххуысæй фидар басæттут». Ома
бæлас акалынæн фæрæтæн хъæд хъæуы, фæрæты хъæдаг та бæ-
ласæн йæхицæй вæййы.
Хохæгты раздзог æрхъула систа, гуйрæгтæй хæрзгæнджытæ
скодта, стæй цасдæры фæстæ фидармæ ног ныббырст сарæзта
æмæ йæ басаста.
Уæдæй фæстæмæ Гуры цæрынц ирæттæ.
БИРÆГЬТЫ ФÆНД
Иуахæмы та Санаты Сем хохæп рацæйцыдис быдырмæ, йæ фæн-
даг уыдис хъæдрæбынты, æмæ айхъуыста бирæгъты ниуын.Уыдон
уынаффæ кодтой æхсæв фыййæутгы фосмæ бабырсыны тыххæй.
Сем бирæгъты «æвзаг» зыдта æмæ сын сæ фæндон бамбæрста.
Уалынмæ фьшпæутты дарæнмæ ныххæццæ. Тынг бацин кодтой
фыййæуттæ Семыл, æхсæв дæр æй нал рауагътой. Сæ уазæджы ка-
дæн кусарт акодтой. Æхсæвæр куы сцæттæ, уæд сын Сем афтæ зæгъы:
— Раздæр уал уæ куыйты бафсадут!
Уыцы ныхас кæстæртæм хорз нæ фæкаст, фæлæ сын сæ хис-
тæр загъта:
41
— Уазæджы фæндон сæххæст кæнут!
Куыйтæ куы бафсæстысты, уæд та сæхæдæг бахордтой æхсæвæр.
Æхсæвы сæм бирæгътæ куы балæбурдтой, уæд сæ æфсæст
куыйтæ хæстæг нæ бауагътой фосмæ.
Дыккаг бон Сем цæуынвæнд куы скодта, уæд ын фыййæутты
хистæр афтæ зæгъы:
— Нæ фос дæ руаджы æнæфыдбылызæй баззадысты, æмæ иу
фыс дæхицæн равзар.
Уæд дзуджы астæуæй иу мæллæг далыс бауасыд:
— Мæн равзар æмæ дын алы аз дæр дыууæ уæрыччы дæтдзынæн.
Семмæ тынг куы æрхатыдысты, уæд уыцы далысы равзæр-
ста. Фыййæуттæм уый диссаг фæкаст, æнæхъæн дзуджы амæй
хуыздæр не ссардта, зæгъгæ. Фæлæ сын Сем ницы дзуапп радта,
хæрзбон сын загъта æмæ йæ фæндагыл рараст.
СЕМЫ ИНГÆН
Сем йæ мæлæт зыдта æмæ, йæ мæлæн бонмæ бирæ куынæуал
баззад, уæд фæдзырдта Хохы Санибайы хистæртæм æмæ сын
бафæдзæхста:
— Мæнæн бирæ цæрæнбон нал баззад æмæ уæ курын иунæг
хъуыддаг.
— Хуыцау дæ бахизæд мæлынæй, фæлæ зæгъ дæ ныхас, —
загъта хистæртæй иу.
— Курын уæ, куы амæлон, уæд-иу мæ баныгæнут хъæуы сæр,
^мæ уын мæрдтæй дæр æххуыс кæндзынæн. Æндæр уæ ницы
курын.
Сем куы амард, уæд ын Санибайы хистæртæ йæ фæдзæхст
сæххæст кодтой: баныгæдтой йæ хъæуьт сæр уæлвæзы. Фæлæ
Семæн йæ ингæн кæм ис, уый абон ничиуал зоны.
* * *
Санаты Сем иу аргъуанмæ бацыди. Аргъуан адæмæй йе ’дзаг
уыди. Сем загъта: — Ацы аргъуан кæлдзæн æмæ сæфдзыстут.
Адæм загътой:
— Ацы лæг сайды фæци, цытæ дзуры?
Уалынмæ аргъуан нытътъæнг кодта æмæ ныккалди. Адæм фе-
сæфтысты.
* * *
Сем Захъайæ Куырттаты коммæ ралыгъд, рагъыл æрæнцад
æмæ загъта:
— ’Иннæ майрæмбоны Захъайы аргъуанæн — йæ кæлæн бон,
мæнæн та — мæ мæлæн бон.
Æмæ, дам, æцæг афтæ рауад.
42
СЕМЫ ЗОНЫНДЖЫН НЫХÆСТÆЙ
* * *
Уд дзы нæ уыдзæн, афтæмæй зæххыл лæсдзæн æмæ ласдзæн
хæхтæ æмæ бæстæ.
* * *
Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлыл æмæ дзырд хæсдзæн, цы
йæ хондзысты, уый нæ зонын.
* * *
Голлаг æмæ хызын уыдзысты æмбартæ.
* * *
Бæсты фæстаг уыдзæн дон æмæ уырысы.
* * *
Хохы фæстаг суыдзæн быдираг.
* # *
Лæппу-дзураг æмæ чызг-æфсины рæстæг æрцæудзæн.
* * *
Ахæм фæлтæр уыдзæн, æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн.
* * *
Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн.
* * *
Авд Гæналы — гæныстон, æстæм Гæнал — ривæддон, зæгъгæ,
дзырдта Сем, æмæ æцæг афтæ æрцыд. Гæналгомы Дæллаг Хъæ-
нийы бакомкоммæ царди аст Гæналы — хъæутæ. Майлийы цъити
сыл ракалди суанг комы райдайæнмæ, æмæ авд Гæналы фесæф-
тысты, æстæм Гæналы цæрджытæ алыгъдысты алырдæм æмæ
сæ хъæуы бынат ривæддонæй баззад. Гæналы хъæуты бынæттæ
ныр дæр ма бæрæг сты.
* * *
Куыд фæстагмæ зымæг æмæ сæрд сæмхæццæ уыдзысты.
43
ХЕТÆДЖЫ ТАУРÆГЬТÆ
Раджы замаи алаитæй къордтæ-къордтæ цæргæйæ баз-
зад Кæсæджы, Хъæрæсе æмæ Хъубаиы зсеххыл. Хъубаиы
доиы къабаз Стыр Зелеичукы был цард алайиаг къийаз Ииал.
Уыд ыи æртæ фырты: Бааслаи, Аслæибег æмæ Хетæг.
Биаслаи у Кæсæджы къийæзтæи сæ мыггаджы сæр. Аслсеи-
бег уыд æиæзæиæг. Ксесæджы пысылмои дии куы стых-
джыи, Зелеичукы зылды ирои чырыстои аргъуаи та цаудмсе
куы серхаудта, быитои куы сæдых, уæддæр Хетæг йæ
дииыл йæ къух иæ систа. Уый тыххæй йæм суаиг йæ би-
иоитæ дæр сфыдæх сты. Уæд Хетæг йæ сæр райста Иры-
стоимсе. Уый йе зиæгтæ куы базыдтой, уæд æй амарыи-
вæид скодтой æмæ йæ фæсте расырдтой.
Хетæг æрбаирвæзт Æрджыиарæгæй æмæ йæ иых са-
рæзта Куырттаты комы ’рдæм. Фæлæ, абои Суададжы
хъæу кæм ис, уырдæм хæстæг куы ’рбахæццæ, уæд æй
зиæгтæ дæр æрбацæйæййæфтой. Уыцы рæстæг æм Суа-
даджы сæрмæ хъæды фахсæй фехъуыст хъæр:
— Хетæг, хъæдмæ! Хъæдмæ!..
— Хетæг хъæдмæ иал бахæццæ уыдзæи, фæлæ хъæд —
Хетæгмæ! — дзуаип радта Хетæг йæ хæрзгæиæгæи.
Уый адыл хъæдæмбæрзт хохы фахсæй хъæд тыгуырæй
сыстад æмæ Хетæджы алыварс февзæрд.
Афтæ равзæрд Хетæджы къох, Хетæджы Уастырджыйы
кувæидои.
Зæгъыиц, Къохы астæу, дам, уыд сатæг суадои, Хетæг
фæлладæй йæ дойиы кæмæй басаста, уый. Ам афæдзы бæрц
фæцард, стæй Куырттаты комыл ахызт Нармæ. Къох
та сси Прыстоиы кувæидæтты ахсджиагдæртæй иу.
Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон вæййы сæрды мæнæугæр-
дæнты хæдразмæ, Кæхцгæнæнтæй къуыри раздæр. Фыдыбæс-
тæйы Стыр хæсты агъоммæ йæ бынмæ сылгоймаг нæ цыд, йæ
44
ном ын ныр дæр нæ дзурынц, Тымбылхъæды дзуар æй хонынц.
Сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ-иу мидæмæ, дзуары лæг дзы
скува, сæ бинонты, бæлццæтты, рынчыны йыл бафæдзæхса, уый
тыххæй барвыстой нæлгоймæгтæй искæмæн. Хетæджы бынмæ
нæлгоймæгтæ ефс бæхтыл дæр нæ цыдысты.
Хæсты тызмæг азты нæлыстæг тохы быдыры цагъды куы кодта
æмæ алчи йæ бæлццоны, мæлæтæй йын тæрсгæйæ, Хетæджы
Уастырджийыл куы фæдзæхста, уæд ирон сылгоймæгтæ ахыз-
тысты ацы æгъдауы сæрты. Ныййарджытæ, устытæ, чызджытæ
сæ хæстонты Тымбылхъæды кувæндоны Лæгтыдзуарыл фæ-
дзæхстой сæхæдæг.
* * *
Хетæджы къохы бæлæстæн æввахс хъæдты æмбал нæй: бæр-
зонд фæцыдысты, уæрæх ныззылдысты. Иуæй, йæ ран хъæздыг
у мæрæй, иннæмæй, кувæндон у, адæмы фарнæй — хайджын.
Цард-цæрæнбонты йæ ирон адæм цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой,
къалиу расæттын, сыф рахæссын дæр дзы нæ фæтчы. Къохы
алыварс ныллæг хъæдгæндтæ бирæ уыд. Уыдонæй, стæй стыр
хъæдæй дæр æм сырд арæх æфтыд, æмæ уый амарын дæр не
’мбæлд. Къохмæ хæстæг хъæды мард сырдæй та дзуары бын
кодтой куывд, хæдзармæ хæссæн дзы нæ уыд.
* * *
Хетæджы къохæй хæдзармæ сыфтæр дæр рахæссын кæй нæ
фæтчы, куы рахæссай, уæд та дæ был,æфсæр, цæстытæ кæнæ
бæрзæй кæй ныззылын уыдзæн, суанг куырм дæр кæй бауыдзынæ,
уый фæдыл бирæ хабæрттæ фехъусæн вæййы. (Цы дыргътæ: кæр-
дотæ, æнгузтæ, æхсæртæ, æхсынцъытæ æмæ æндæртæ дзы ис,
уыдонæй дæр хæрæн нс æрмæст уым, рахæссæн дзы ис къохы
алыварс хæстæг быдыртæм). Ацы ныхæстыл алчи не ’ууæнды,
æмæ, дам, иу æрыдойнаг ахуыргæнæг Хетæджы къохæй къалиу
рахаста, кæддæра, цытæ дзурынц, уыдон æцæг сты, зæгъгæ. Цал-
дæр боны фæстæ, дам, йæ бæрзæй ныкъкъæдз, джихтæ кæнын
райдыдта, кæдæмдæр-иу нымдзаст. Уæд йæ бинонтæ кувинæгтимæ
ссыдысты Хетæджы бынмæ. Хатыртæ фæкуырдтой, фæтабутæ
кодтой. Æмæ ахуыргæнæг фæдзæбæх, йæ раздæры гаччы сбадт.
* * *
Зæгъынц, дыууæ æгæнон лæппуйы кувæндоны мысайнæгтæй
рахастой. Сæ иу, дам, уайтагъд фæмард. Иннæйы æндзыг низ
æрцахста, ныкъкъæдзтæ, нымпылдтæ, афтæмæй хъизæмæрттæ-
гæнгæ зæронды бонмæ фæхитыдта.
45
* * *
Хетæджы Уастырджи дам, арæх йæ кувæн боны хæдразмæ
æхсæвыгон æрцæуы йæ къохмæ. Арвæй, дам, цæхæркалгæ æртæ-
хы, рухс фæкæны йæхæдæг дæр æмæ йæ бæх дæр. Фенынц æй
урсбоцъо зæронд лæджы фæлгонцы, урс кæрцы, комкоммæ ба-
кæсын æм ничи фæразы.
* * *
Иу æрыгон лæппуйы зæрды сæрдыгон æхсæв æрæфтыд Дзæу-
джыхъæумæ фистæгæй суайын. Транспорт та арæх нæма уыд,
æмæ фистæгæй рараст Цæлыччы-фырты номыл поселокæй. Суа-
дагыл нæ, фæлæ колхозы хуымзæххыты ’хсæн фæндæгтыл йæ
ных сарæзта Хетæджы къохы фæрсты. Къохмæ куы æрбахæс-
тæг, уæд кæсы, æмæ бæласы бын бады урсбоцъо зæронд лæг.
Мæйрухс æхсæв уыд, æмæ, дам, йæ къухты ныхтæ мæйы тын-
тимæ хъазыдысты, æвзист æрттывд кодтой. Лæппу фæтарст, сон-
тæй фæндагæй фæзылд æмæ хуымты стыр фæндагмæ ныййарц.
Иннæ хабар та ахæм ракæнынц. Дзæуджыхъæуæй, дам, Ала-
гирмæ иу лæг ныдздзырдта йе ’мсиахсмæ, уæд æмæ уæд куывды
фæцæуæм Хетæджы кувæндонмæ æмæ-иу сымах дæр уæ сывæл-
лæттимæ рацæут. Куыд баныхас кодтой, афтæ бакодтой, сæхи,
сæ цоты, хæстæг-хионы Хетæджы Уастырджийыл бафæдзæхстой.
Дыууæ хойы сывæллæттæ хъазыныл фесты. Уæдмæ талынг код-
та, æмæ цæуыныл ныллæууыдысты. Фыццаг сæхи машинæйы
ацыдысты алагирæгтæ, стæй дзæуджыхъæуккæгтæ сæ кувинæг-
ты хæйттæ куы сæвæрдтой, уæд уыдон дæр машинæйы цур сты-
гуыр сты. Фæлæ цотæй иу лæппу уым нæй. Мад æмæ фыд ахъу-
ыды кодтой, йе ’мхæрæфырттимæ Алагирмæ ацыдаид, зæгъгæ,
æмæ рараст сты горæтмæ.
Рацыд иу бон, дыккаг, фæлæ лæппуйы алагирæгтæ Дзæу-
джыхъæумæ нæ ласынц. Уæд мады зæрдæ фехсайдта æмæ Ала-
гирмæ телефонæй ныдздзырдта. Фæлæ лæппу уым нæ разынд.
Ныййарджыты уавæры знаг бахауæд. Уайтагьд ныффæдис код-
той. Æмæ лæппуйы æрбаййæфтой, цы куывддоны бадтысты, уым
хъазгæ.
Куыд рабæрæг, афтæмæй егъау бæлæстæм кæсгæйæ къохы
адзæгъæл æмæ йыл куыд æрталынг, уый нæ базыдта. Афтæмæй
дыууæ ’хсæвы уым баззад. Æхсæв-иу дын уазал нæ уыд, зæгъгæ,
уыцы фарстæн та, дам, ахæм дзуапп радта: «Æхсæв-иу мæм иу
урсбоцъо зæронд лæг хъæды астæуæй рацыд æмæ-иу мæ йæ хъарм
кæрцы батыхта».
Гъе, ахæм æмæ ма бирæ æндæр хабæрттæ фехъусæн вæййы
Хетæджы Уастырджийы тыххæй. Ахъазгæнæг уын уæд!
46
КЪОСТАЙЫ ХАБÆРТТÆ
Хетæджы мыггаг равзсерд Стыр Зеленчукæй æрбали-
дзæг ироп лæппу Хетсег семсе зсерсемсеггаг Бигьулаты чыз-
гæй. Нары сын райгуырд дыуусе фырты: Джеорджи æмæ
Гаджи.
«Уыдонæй рацыд дыууæ фыдыцот, — фыста Хетæгка-
ты Андухъапар, — Къоста у Джеорджийы, æз та — Га-
джийы цотæй. Уыдон сты Хетæгкатæ-Асатæ, мах та —
Хетæгкатæ-Гуыбатæй. Къостайæн йæ равзæрд у афтæ:
Хетæг—Мами—Гоцъи—Зида—Амран—Аса—Елызбар—Леуан
æмæ Къоста.
Дыууæ ’фсымæры Джеорджи æмæ Гаджийы цоты цоты
’хсæн хъуыддаг бакæныны бар рагæй уыд, æмæ уымæ гæсгæ
Къостайы мад Мария (Маргъо) уыдис Гуыбатæй. Гъе,
афтæмæй Къоста махæн, Гуыбатæн, уыд æфсымæр дæр
æмæ хæрæфырт дæр».
КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРД
Къоста райгуырд Нарыхъæуы, хъæдкъул скъæты, хъæмпын
лыст’æныл. Йæ райгуырды хæдфæстæ йæ мад Мария амардис,
Къоста сидзæрæй баззад. Уыдис æвадат, мæгуыр рæстæг, æмæ
йæ ныфс ничи хаста сывæллон хæссынмæ. Фæлæ уыцы хæс йæ-
химæ райста Дзапарты Чендзе (чызгæй Туаты чызг). Уый хъо-
мыл кæнын байдыдта Къостайы. Мæнæ куыд дзырдта Чендзейы
чындз 110-аздзыд Козиан Къостайы тыххæй: «Фыдбон æмæ
фыддуджы райгуырд Къоста. Æнæхъæн æртæ боны æмæ æртæ
’хсæвы фæцис «фæсвæд» йæ арыныл йæ мад. Æнæхъæн мыггаг
æмæ йыл хъæу æмбырдтæ кодтой.
Сывæллоны райгуырды хæдфæстæ амардис йæ мад. Фыд Ле-
уан фæхъыг кодта зианыл. Фæлæ йæ фæстæ цы сывæллон баз-
задис, уый фервæзын кæнынæн исты амæлттæ кæнын хъуыд,
уæдæ цы? Æмæ уæд Хетæгкаты мыггаджы устытыл зилын рай-
дыдта дыджызæ агурæг. Лæгъстæ сын кодта, цæмæй сæхицæн
47
базын кæной æмæ сывæллоны мæлын ма бауадзой. Фæлæ никæй
фæндыдис йæ сывæллоны йæ дзидзийæ раскъуынын æмæ дзы
искæй сывæллоны хъомыл кæнын. Чи цæмæй зыдта, сывæллон
Къостайы хуызæн рауайдзæн, уый?
Æнæмæлгæ нал уыд сывæллонæн, æмæ йæ уæд ме ’фсин Гыц-
ци райста йæхимæ. Дардта йын дзидзи. Мах, чындзытæ, дæр ын
кодтам æххуыс. Афтæмæй йæ бахъомыл кодтам.
Зындарæн сывæллон нæ уыд. Æвæццæгæн, зыдта йæ сидзæ-
ры бон, кæд мах цыфæнды архайд кодтам, йæ зæрдæмæ йæ цæ-
мæй ма хæсса, ууыл, уæддæр, æмæ-иу уыдис сабыр. Дыууæ-
æртæ азы йеддæмæ йыл нæма цыдис, уæддæр йæ фæлмæн зæр-
дæйæ, йæ сабырдзинадæй йæхи уарзын кодта, æмæ йæ мах дæр
уарзтам хи хъæбулы хуызæн».
ЙÆ ФÆНД НÆ АИВТА
Арæх-иу рауад быцæутæ Къоста æмæ йæ фыд Леуанимæ, стæй
йæ бинонтæ æмæ хæстæджытимæ. Уыдоны фæндыдис, Къоста
æфсæддон скъоламæ куы бацыдаид æмæ инæлар куы суыдаид.
Фæлæ Къоста уыцы фæндоныл нæ разы кодта, æз, адæмы бартæ
цъист кæнынæн арæзт чи у, уыцы æфсадмæ нæ цæуын, зæгъгæ.
Нæ уарзта Къоста, ирон ахуыргонд адæмæй паддзахы хицауа-
ды фарс чи хæцыд, уыдоны дæр, мæсты сæм кодта æмæ сæ
хуыдта «æхсины лæгтæ».
ФÆСТАГ ФОНДЗ СОМЫ
Тæригъæдгæнаг зæрдæ уыд Къостайæн. Иу хатт Нарæй горæтмæ
Дзанайты Садуллæимæ рацæйцыд. Иу чысыл куы рауадысты, уæд
сыл амбæлд иу ус бызгъуыртæ дарæсы, пырхытæ дзабырты. Йе
’ккой — фугæтæй стыр æргъом. Къоста йæ куы федта, уæд йæ
хъæлдзæгдзинад æрбайсæфт, фенкъард æмæ сдзырдта:
— Цымæ кæд фервæздзысты нæ хæххон адæм ацы хъизæмары
цардæй?
Усы куы баййæфтой, уæд Къоста баурæдта бæх, сæвæрдта
йын йе ’ргъом, стæй йæ дзыппыты фæцагуырдта, æмæ йæм цы
фæстаг фондз сомы уыд, уыдон ын балæвар кодта, дæхицæн
дзы дарæс балхæн, зæгъгæ.
АДÆМЫ СÆРХЪУЫЗОЙ
Къоста йæ цард снывонд кодта ирон адæмы, фæллойгæнджы-
ты, мæгуырты, сидзæрты сæраппонд. Бирæ дзырдта хицæутты
раз ирон адæмы сæрыл, сæ бартыл, нæ барста хæдхæцæг паддза-
48
хы фæсдзæуин Терчы зылды хицау инæлар Кахановæн дæр, æргом
йемæ тох кодта æмæ йæ уый Терчы бæстæй фæхæссын кодта.
Къоста Кахановыл хъаст балæвæрдта Бетъырбухмæ, Сенатмæ.
Сенат инæлары зылынæй ссардта, æмæ бирæ адæм — ирæй, кæ-
сæгæй — сæ риуыдзаг сулæфыдысты, ахæстæттæй рацыдысты.
ЙÆ МАДЫ НЫВ
Къоста стыр нывгæнæг дæр кæй уыд, уый адæм зонынц. Бирæ
аргъуантæ саив кодта зæдты сурæттæй. Ныууагъта нын йæ рæс-
тæджы зындгонд æмæ хуымæтæг ирон адæймæгты хуызтæ дæр.
Уæлдай цымыдисагдæр та у йæ мады ныв. Уынгæ йæ никуы
фæкодта, къам ын нæ баззад, афтæмæй йæ адæмы ныхæстæ æмæ
йæм йæ мид-зæрдæ куыд дзырдта, ахæмæй йын ныффыста йæ
сурæт.
Ныв, йæ мад Марияйы йын чи зыдта, уыдон куы федтой, уæд
сæ дисæн кæрон нал уыд — бынтон йæхи хуызæн рауад!
«ÆЗ КЪОСТА ДÆН»
Иуахæмы Къоста Куырттаты комы фæцæйцыдис æмæ иу хип-
пæлой фыййауыл амбæлдис.
— Дæ фос бирæ уа, хорз фыййау! — салам ын радта Къоста.
— Арфæгонд у, æмæ дæ фæндаг раст уæд! — дзуапп радта
куырттатаг фыййау.
Дыууæ лæджы кæрæдзийы афæрстытæ кодтой, стæй Къоста
афтæ:
— Бахатыр кæн, хорз лæг, фæлæ кæмæй дæ?
Фыййау йæ сæрыл уæлдæр схæцыд æмæ хъалхуызæй загъта:
— Кæмæй дæн, куы зæгъай, уæд æз дæн Хетæгкаты Къоста.
«Уæууа! — хинымæр бадис кодта Къоста. — Цымæ нæ мыгга-
джы цал Къостайы ис? Стæй йæ æз куыд нæ зонын?»
Æмæ та ногæй афарста фыййауы:
— Фæлæуу, фæлæуу, æмæ Хетæгкатæй кæй фырт дæ?
— Кæй фырт куы зæгъай, уæд Леуаны фырт. Мæнæ фыссæг
Къоста дæн. Ды йæ цæмæй зондзынæ...
— Хорз, хорз, — загъта бæлццон, къæдзæхдурæй сыстад, йæ
цухъа адзæбæхтæ кодта æмæ фæцæуы.
Уæд æм фыййау дзуры:
— Ды та чи дæ, хорз лæг?
— Нæ зонын, хорз фыййау...Ныронг æз дæр Хетæгкаты Леуаны
фырт Къоста бæргæ уыдтæн, фæлæ ныр нал зонын, чи дæн, уый:
Леуанæн иу Къоста йеддæмæ нæ уыд, — Къоста йæ мидбылты зына-
нæзына бахудт æмæ комкоммæ бакаст фыййауы цæстытæм.
Фыййауы цæсгом фæсырх, йæ дзых хæлиуæй аззад, стæй
бынмæ кæсгæйæ загъта:
4 Цгъонты Хазбн 49
— Бахатыр кæн...Афтæ...мæ фыруарзондзинадæй...
Къоста бацыд фыййаумæ æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта.
КЪОСТАЙЫ ДЗУАПП ÆЛДÆРТТÆН
Иухатт Къоста æлдæрттимæ цай цымдта. Цай цымд куы фес-
ты, уæд æлдæрттæ сæ агуывзæтæ тæбæгъты фæфæрсыл кодтой.
Æфсин цайдан систа æмæ та Къостайы агуывзæ байдзаг код-
та. Уæд ын Къоста афтæ зæгъы:
— Бузныг, æз нал цымын.
Æлдæрттæ йыл бахудтысты:
— Æмæ дæ кæд нал хъæуы, уæд мæнæ махмæ нæ кæсыс? Ды
дæр афтæ фæфæрсыл кодтаис дæ агуывзæ.
— Уый та куыд нæ зонын, нæ цытджын æлдæрттæ, фæлæ
мæн дæр, мыййаг, исчи хуы куы фæхона.
— Ау, уæдæ мах хуытæ стæм? — фæмæсты сты æлдæрттæ
Къостамæ.
— Æмæ æз сымах тыххæй куы ницы зæгъын, фæлæ афтæ хуы
фæкæны, куы бафсæды, уæд йæ тæгæна йæ бырынкъæй фæдæл-
гоммæ кæны.
САЛАМ УÆЛÆДАРÆСÆН
Къоста æмæ инæлар Хораны-фырт рагæй дæр нæ фидыдтой.
Фыццаг хатт куы фембæлдысты, уæд Къостайыл уыд хуымæтæг
уæлæдарæс, æмæ йын инæлар йæ къух райсын йæ сæрмæ не
’рхаста.
Дыккаг фембæлды Къоста уыд хæрзарæзт. Хораны-фырт æм
йæ къух куы æрбадаргъ кодта, уæд æм Къоста бадардта йæ куы-
рæты фæдджи.
Инæлар фæджихау.
— Айс æй, айс, ды салам мæнæн нæ дæттыс, фæлæ мæ уæлæ-
дарæсæн, — уыд Къостайы æлхыскъ ныхас.
КЪОСТА НИЗ ЦÆМÆЙ ССАРДТА
Куыд дзурынц, афтæмæй æлдæртты куывды бадт фæци Къо-
ста. Æнæуынон ын уыдысты фæллойгæнæг адæмы тугцъиртæ,
фæлæ æгъдау сырдты æхсæн дæр ис. Йæ зæрдæйы ахаст сын не
’вдыста. Мæнг цинтæ йыл кодтой уыдон дæр, фæлæ сæм уыд
фыдвæнд: нуазæны марг ныккодтой, афтæмæй йæм æй балæвæрд-
той.
Къоста æппæтдæр зыдта æмæ нуазæн цыдæр æфсонæй нæ
бакуымдта. Фæлæ та йыл æлдæрттæ мæнгардæй рацыдысты.
Зыдтой, Къоста æгъдауыл хæст кæй у, ирон царды фæтк æм
50
бæрзонд æвæрд кæй у, æмæ нуазæн ног чындзы къухы фæсагъ-
той. Уый йæ хъуамæ радтаид Къостамæ.
Æгъдау æрцахста Хетæджы-фырты: уырдыг сыстад, нуазæн
райста, арфæ ракодта ног чындзæн. Стæй йе знæгтæн комкоммæ
загъта:
— Ацы нуазæныл кæд марг конд ис, уæддæр æй æз райстон
сылгоймаджы къухæй æмæ йæ нуазын, аргъ ын кæй кæнын, уый
тыххæй.
Уæдæй фæстæмæ Къоста йæ къахыл нал слæууыд.
МÆНÆЙ ТЫХСТДÆР У
Къоста тынг рæдау уыд. Исчи иу дзы исты куы куырдта, уæд
«нæ» зæгъын нæ зыдта. Æмæ йæм-иу æхца куы фæзынд, уæд-иу
къухæй къухмæ æфстæутты ацыд. Афтæмæй та йæхимæ фыл-
дæр хатт, цай цæмæй бацымдтаид, уый дæр нæ уыд. Иу ахæм
зын рæстæджы йын йæ хæлæрттæй иу зонд амоны:
— Дæлæ æфстау кæмæн радтай, уыдонæй де ’хца бацагур!
— Уыдон, æвæццæгæн, мæнæй тыхстдæр сты, æндæр мын сæ
сæхæдæг нæ дæттиккой? — балхынцъ кодта Къоста.
«КÆРÆДЗИЙЫ УАРЗГÆЙÆ ЦÆРУТ, МЕ ’ФСЫМÆРТÆ»
Къоста мæлæтдзаг рынчын куы уыд, йæ уæззау низимæ тох
кæнынæй куы бафæллад, уæд дæр ма йæ сагъæс æмæ мæт Иры-
стон, ирон адæм уыдысты. Хорз сын зыдта сæ риссæгтæ, сæ
уды мæгуырдзинад: кæрæдзийыл æнувыд кæй не сты, кæрæ-
дзийы фаг кæй не ’мбарынц, æмæ йæ фæстаг ныхæстæ дæр уыды-
сты фæдзæхсты хуызы: «Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут, ме ’фсы-
мæртæ».
Йæ хо Ольгæ куыд фыссы, афтæмæй ма фæстагмæ арæх дзырд-
та æрмæст ацы ныхас, йæ былалгъыл уыд ацы ныхас, афтæмæй
амард.
ÆППÆТ АДÆМТЫ ХЪЫГ
Къоста амард Лабæйы 1906 азы 19 мартъийы, хуыцаубоны.
Хъæуы аргъуаны кæрты йæ йæ фыд Леуаны фарсмæ баныгæд-
той 22 маргьийы. Фæлæ ирон дзыллæтæ сæ сæрхъуызой, ду-
нейы адæмтæн сæ йæ зонд æмæ курдиаты фæрцы чи базонын
кодта, уый искæй зæххыл ныгæд уа, уый сæ сæрмæ не ’рхастой.
Уайтагъд æм нæ адæмы хуыздæрты минæвæрттæ ныццыдысты.
27 мартъийы йæ поезды сæрмагонд аив фæлыст вагоны Ирыс-
тонмæ сластой.
Поезд Дзæуджыхъæумæ схæццæ 29 мартъийы 11 сахатыл.
51
Вагзалы раз фæзы æрæмбырд тынг бирæ адæм: ирæттæ, уырыс-
сæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, дзуттæгтæ, тæтæйрæгтæ, чы-
рыстæттæ, пысылмæттæ, — горæты æппæт цæрæг адæмыхæтты-
ты минæвæрттæ. Уыйбæрц уыдысты, æмæ вагзалы фæзы къух-
бакæнæн нæ уыд. Алчидæр æнхъæлмæ каст поезды ссыдмæ, Къо-
стайæн фæстаг фæндараст зæгъын алкæй дæр фæндыди.
Вагонæй йæ сæ æрмттыл рахастой. Æмæ кæд мардласæн уæр-
дон æрцæттæ кодтой, уæддæр æй горæты уынгты суанг ирон
аргъуанмæ фæхастой сæ къухтыл. Хастой йæ студенттæ, афи-
цертæ, хуымæтæг адæм, мохевæгтæ æмæ суанг бынтон мæгуыр-
тæ дæр. Алкæй дæр фæндыд истыхуызы чырыныл андзæвын, иу
гуырдзиаг хъæздыг чырыныл æрытыдта зынаргъ æмбæрзæн.
Дидинджытæ дзы уыд дзæвгар. Хæсгæ-хæссын ыл аргъуыдтой
ирæттæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ — алчидæр йæхи
’взагыл, алкæмæн дæр дзы уыд сæхи зарæггæнджытæ.
Ирон Мады-Майрæмы аргъуаны марды уæлхъус уырыссагау
æмæ иронау раныхас кодта Гатуйы-фырт. Зиан кæртмæ куы ра-
хастой, уæд ыл пысылмæттæ скодтой дуа. Раныхас кодтой би-
рæтæ, се ’мдзæвгæтæ кастысты поэттæ.
Аргъуаны кæрты йæ бæрæг ран баныгæдтой фæсæмбисбон...
ÆМБИСОНДЫ ХАБÆРТТÆ
Æмбисоиды хабæртты æрмæг у иæ адæмы дзыхæйдзургæ
сфæлдыстады иу хай. Бирæты дзы ахæм арф хьуыды æвæрд
ис, æмæ сæ адæймаг кæсыиæй иæ фæллайы. Адæймаджы
хъуыдытыл æфтауыиц, æиæихъæлæджы йын йæ разы цар-
ды кæцы фæзилæи равдисдзысты, иæ фыдæлты дуиеæм-
барыиад кæуылты æххæссыд, уый йæ дисы баинары.
АДÆЙМАДЖЫ ХЪЫСМÆТ
Хуыцау цæрæгойты куы сфæлдыста, уæд адæймагæн бахай
кодта дæс æмæ ссæдз азы цæрæнбон. Адæймаг æнæфсис æмæ
æнæразы кæм нæу — чысыл æм фæкастысты йæ царды азтæ
æмæ Хуыцаумæ балæбурæгау кодта.
— Ахæм чысыл цæрæнбон мын цæмæн бахай кодтай? — тыхс-
тæй дзуры адæймаг.
— Кæд дын нæ фаг кæны, уæд дæлæ хæрæджы азтæй айс, —
загъта йын Хуыцау.
Рацыд адæймаг хæрæгмæ азтæ курæг. Радта йын дзы, фæлæ
йæм уыдонимæ дæр фаг нæ фæкастысты.
Хуыцау та йын афтæ:
— Дæлæ куыдзы азтæй дæр айс.
Райста куыдзы азтæй дæр адæймаг. Фæлæ уæддæр разы нæ
уыд Хуыцауы уынаффæйæ.
Бацыдис та йæм. Уый дæр та йын загъта:
— Омæ дын кæд фаг не сты, уæд-ма дæлæ маймулийы азтæй
дæр айс.
Райста та адæймаг маймулийы азтæй дæр. Фаг æм нæ фæкас-
тысты йæ цæрæнбонты азтæ уæд дæр, фæлæ Хуыцаумæ бацæ-
уын æмæ ма дзы ракурын йæ цæсгом нал бахъæцыд.
Уæдæй фæстæмæ адæймаг йæ царды бонтæ æрвиты лæджы,
хæрæджы, куыдзы æмæ маймулийы цардæй: сывæллонæй би-
нонтæн вæййы æлдары бынаты, цы хуыздæр бахæра, цы хуыз-
53
дæр скæнайыл фæархайынц. Йæ лæджы кармæ куы бацæуы,
уæд æй бадомы хæрæджы куыст. Уый фæстæ æнæбонæй никæй
уал фæхъæуы æмæ куыдзау алцæмæдæр æнхъæлмæ кæсы; бын-
тон зæрондæй, куы ныххæррæгъ вæййы, йæ зонд куы фæцæуы,
уæд та маймулийы цард фæкæны.
АДАМÆМÆЕВÆ
Хуыцау дунейыл фыццаг лæг Адамы куы сфæлдыста, уæд æй
дзæнæты цæхæрадоны æрцæрын кодта. Йæхæдæг уæларвмæ
атахт. Адамæн алцыдæр фаг æмæ уæлдайджынтæй уыд дзæнæты
цæхæрадоны, фæлæ Адам æнкъард кодта.
Иуахæмы Хуыцау бабæрæг кодта Адамы æмæ йæ фæрсы:
— Дæ цард дæ зæрдæмæ куыд цæуы, Адам?
— Æнкъард мын у иунæгæй, — бахъынцъым кодта Адам.
Хуыцау Адамы бафынæй кодта, йæ фæрсчытæй йын иу слас-
та æмæ дзы дунейыл фыццаг сылгоймаг Евæйы сарæзта. Стæй
Адамы райхъал кодта æмæ сæ иумæ ныууагъта.
Рæстæг рацыд, æмæ Хуыцау сфæнд кодта: «Цон æмæ ме сфæл-
дыст адæймæгты бабæрæг кæнон».
Æртахт зæхмæ. Кæсы æмæ Адам тыхст æмæ фæлмæстæй бады.
Хуыцауы куы ауыдта, уæд бацин кодта æмæ йæм æрхатыд:
— Дæ хорзæхæй, Евæйæ мæ фервæзын кæн, сфæлмæцыдтæн
йæ дзæнгæдайæ, йæ бустæ æмæ тæргæйттæй. Нæ мæ хъæуы ахæм
æмбал. Иунæгæй мыи хуыздæр уыд.
— Хорз, — загъта Хуыцау æмæ Евæйы йемæ акодта.
Рацыд та рæстæг, æмæ та Хуыцау зæхмæ æртахт. Адам дзæ-
нæты цæхæрадоны иу къуымы æнкъардæй бады.
— Дæ цард куыд цæуы, Адам? — фæрсы та йæ Хуыцау.
— Ратт мын фæстæмæ Евæйы. Йемæ мын зын цæрæн у, фæлæ
æнæ уый дæр нæ фæразын, — æфсæрмдзастæй загъта Адам.
Радта Адамæн Евæйы Хуыцау. Æмæ ма абон дæр лæг æмæ ус
кæрæдзийимæ дæр нæ фæразынц, хицæнтæй дæр нæ быхсынц.
ХЪÆБУЛЫ РИС МАДЫ ЗÆРДÆМÆ ЦÆВЫ
Иу мадæн йæ хъæбул хæрз чысылæй фесæфт. Бирæ йæ фæ-
цагуырдта, бирæ йыл фæмаст кодта, фæлæ йын йæ фæд дæр нал
ссардта.
Рацыд цалдæр азы. Лæппу йæхи зонынхъом фæци, базыдта
йæ хъомылгæнæг мады. Йæхи мады та рох фæкодта. Раст æй
уыцы рæстæджы мад ссардта, фæлæ йын æй схæссæг мад нæ
дæтты. Уый дæр æй йæхи хоны.
Сывæллон ратон-батойнаг ссис. Хъуыддаг Ныхасмæ бахæццæ.
Тæрхоны рабадтысты дзырддзæугæ лæгтæ. Цалдæр боны фæ-
тæрхон кодтой, фæлæ дыууæ мады æхсæн рæстдзинад ссарын
54
сæ бон не сси. Уæд сын фæстагмæ иу зæронд лæг афтæ: «Æртæйы
дæр-ма ардæм ракæнут!»
Ракодтой сæ. Зæронд лæг дыууæ сылгоймаджы сывæллоны
фæйнæфарс æрлæууын кодта æмæ сын загъта:
— Лæппуйæн йæ цæнгтыл ныххæцут, йæхимæ йæ чи алваса,
уый у йе ’цæг мад. Уый уыдзæн сывæллон.
Сылгоймæггæ фæлæбурдтой лæппумæ, ивазынц æй фæйнæрдæм.
Лæппу скуыдта, æмæ йæ йе ’цæг мад феуæгъд кодта æмæ
загъта:
— Радтут æй уымæн, мæ хъæбулæн йæ цонг атоныны бæсты
йæ фæлтау исчи схъомыл кæнæд.
Куырыхон зæронд йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ:
— Йе ’цæг мад ды кæй дæ, уый рабæрæг: хъæбулы рис мады
зæрдæмæ цæвы, æмæ дæу у. Ды йæ акæн.
ФЫРТÆССÆЙ МÆРДТÆ
Сахармæ фæндаджы иуварс бæласы бын сатæджы бадт зæ-
ронд лæг. Уыцы рæстæг фæндагыл сцæйцыд рын. Зæронд æй
фæрсы:
— Кæдæм цæуыс, рын? Кæйты къона хæлдзæн?
— Сахармæ цæуын, мин адæймаджы дзы хъуамæ амарон!
Афæдзы фæстæ рын здæхт горæтæй, æмæ та йыл уыцы ран
уыцы зæронд амбæлд. Лæг æм дзуры:
— Афтæ нæ загътай, мин адæймаджы марынмæ цæуын, зæгъгæ?
Æмæ дæс мины куы баисты.
— Раст дын дзырдтон: æз дзы амардтон мин адæймаджы. Ин-
нæтæ амардысты... фыртæссæй.
«МÆЛÆТ, МÆЛÆТ, МÆЛÆТ»
Адæмы цард æрдзæ сæдæтæй нымайгæ у. Царды цыды сыл
бирæ бæллæхтæ æрцыд.
Сæхи аххосæй, Хуыцауы азарæй. Уыдонæй æппæты хъазай-
рагдæр сты хъаймæт æмæ ахæрæт. Уыдис донæй хъаймæт. Уый
тыххæй фыст ис Библийы. Фæлæ ма уыдис артæй хъаймæт дæр.
Уæд зæххыл сыстад зынг, арты æвзæгтæ бавнæлдтой, цыдæрид-
дæр судзынмæ бæззыд, уыцы зайæгойты æмæ цæрæгойты буар-
мæ. Уыцы уавæры ма адæмæй алчидæр уыд, æрмæстдæр йæхи
сæр кæм фæцавтаид, ууыл. Згъоры быдыры иу сылгоймаг дæр
йæ дзидзидай сывæллонимæ. Арт æй фæсте суры, зæххы уæлцъар
судзы. Бафæллад сылгоймаг, фæлæ уæддæр йæ хъæбулы йæ
риумæ тынг нылхъывта, афтæмæй лидзы арты æвзæгтæй. Мæнæ
йæ æрбаййафынц, ацахсдзысты йын йæ къабайы фæдджитæ. Сау
мæры къуыбырыл ма алæууыд, фæлæ уый дæр йæ къæхты бын
фæнык фестад, æмæ йæ къæхты бынтæ ссыгъдысты. Уæд ус йæ
сывæллонмæ фæлæбурдта, йæ къæхты бын æй авæрдта æмæ йыл
55
алæууыд. Арт сæ дыууæйы дæр басыгътаид, фæлæ Хуыцауы
зæрдæ мады мийæ ныккæрзыдта æмæ йæ ралгъыста:
— Гъе, æмæ кæд цард афтæ бирæ уарзыс, уæд иннæ хъай-
мæтмæ фæцæр.
Цæры ма, дам, уыцы ус абон дæр. Ныхъхъырттæг хъаймæтмæ
æнхъæлмæ кæсгæйæ. Æдзух йæ былалгъыл дары иу дзырд: «Мæ-
лæт, мæлæт, мæлæт». Фæлæ йæм удхæссæг æввахс нæ цæуы.
УАСТЫРДЖИ ÆМÆ АДÆМ
Адæмæн уарзон æмæ адæмыл зæрдиаг аудæг у рагæй дæр зæл-
дагзачъе Уастырджи. Иухатт та йæхи уæларвæй æруагъта зæхмæ,
адæм куыд цæрынц, цы хъуаг сты, цæмæй сын баххуыс уа, уый
базоныны тыххæй. Кæсы æмæ зæххыл цард цæджджинагау
фыцы. Адæм цæрынц фæрныг æмæ райдзаст хæдзæртты-галуан-
ты. Куывдты æмæ чындзæхсæвты уынæр ивылы горæттæ æмæ
хъæутыл. Фынгтыл — диссаджы бæркад-бæрæчет.
Адæм цин кæнынц Уастырджийыл, хонынц æй сæ фынгтæм.
Дзурынц ын:
— Дæ фæрцы, дæ фæрцы у нæ цард! Хъуаг ницæмæй æййа-
фæм, ницæмæй хъаст кæнæм. Æрмæст ма нын алкæмæн дæр йæ
мæлæты бон куьт базонын кæнис. Цæмæй, цы цæрæм, уыцы рæ-
стæг хуыздæр æрвитæм.
Уастырджи сын загъта, уый зонын уæ нæ хъæуы, зæгъгæ,
хорзæй уын ницы æрхæсдзæн. Фæлæ йæм нæ байхъуыстой, сæ
курдиат-бæллиц тыхджындæр разынд, æмæ сын Уастырджи рад-
та сæ мæлæн бон зоныны хъомыс, стæй йе ’рткъахыг бæхыл
æврæгътæй фæуæле.
Рацыд иудзæвгар рæстæг. Дыууæ фæлтæры кæрæдзи апвтаик-
кой, афтæ Уастырджи сусæны мæйы сфæнд кодта, йæ мæлæн бон
чи зоны, уыцы адæмы бабæрæг кæнын, цы фесты, куыд цæрынц,
уый базонын. Æрхызт зæхмæ. Цæуы, фæлгæсы фæйнæрдæм æмæ
уыны: иу хуымон ногкарст кæрдæгæй аразы ницы-мацы халагъуд ,
лыстæнæн дæр дзы калы хуылыдз кæрдæг. Дзуры йæм Уастырджи:
— Байрай, хорз лæг! Ацы æнтæфы цы кусыс?
— Мæхицæн хæдзар аразын.
— Хæдзар дæр æмæ лыстæн дæр хуылыдз кæрдæгæй аразыс?
— О, — цыбыр дзуапп радта лæг.
— Кæрдæгæй хæдзар цасы фаг у? Хуылыдз лыстæныл та рай-
соммæ куы фæхуыссай, уæд фæрынчын уыдзынæ.
— Уадз æмæ фæрынчын уон, уæддæр райсом мæлгæ кæндзы-
нæн. Хæдзар дæр ахсæв мæ фаг у, райсом мæ фæстæ дур дæр
мауал уæд.
Уастырджи рамæсты, йæ бæх ехсæй æрцъыкк кодта æмæ дæлæ
фæтæхы. Æрзылд хъæутæ æмæ горæттыл. Ныдзæллаг сты, хæдзар
дзы хæдзары хуызæн нал у, ног хæдзар ничиуал аразы, зæронд
хæдзæрттæ цалцæг нал кæнынц. Хъæлдзæг ныхас никæцæй уал
56
хъуысы. Адæмы цæсгæмттæй мидбылхудт фæлыгъд, æрхуым,
сагъæссаг, мæрдон цæстæнгас æвдисынц. Зарæг бамыр бæстыл.
Йæ размæ рацыдысты хистæртæ, сæ зонгуытыл æрлæууыды-
сты. Æрхатыдысты йæм лæгъстæгæнгæ:
— Дæ сæрыл хаст фæуæм, Уастырджи, ныббар нын нæ рæдыд
хъуыды. Нæ раздæры уаджы нæ фæстæмæ сæвæр. Нæ нæ хъæуы
нæ мæлæн бон зонын. Зыдтам, зæххон адæймаг æнæ мæлгæ нæу,
фæлæ адзал ницæмæ дардтам, мæлæт ныл кæй нæ фæтых уыдзæн,
уый ныфсæй цардыстæм. Зарыдыстæм æмæ кафыдыстæм, галуан-
тæ арæзтам æнустæм нæ цоты цотæн, хæлæрттæ æмæ знæгтæ
дæр кодтам нæ фæстагæттæн. Ныр нын нæ мæлæн бон зонын нæ
ныфс, нæ хъару асаста, байста нын нæ хæлæртты, не знæгты, нæ
фæстагæтты. Цæрын нæм нал цæуы. Айс нын хъаймæтхæссæг
зонындзинад, ратт нын цардмæ, фидæнмæ уарзондзинад.
Уастырджи сразы сæ фæндоныл, æмæ та адæм аразын рай-
дыдтой æнусон хæдзæрттæ, галуантæ, цæрæддзаг зарджытæ æмæ
кадджытæ кæнын.
МАДМАДУ
Дзимыргомы дыууæ ’фсымæрæй кæстæрæн цот нæ уыд. Уæд
иуахæмы хистæр афтæ:
— Кæсын дæм, ме’фсымæр, æмæ дæ цардæй ницы хъаст кæ-
ныс, мæ чындзимæ а æмæ о-йæ цæрут, фæлæ уын æвæстагæй
зæрондæй зын уыдзæн... Дæ фарн фынæй уæд! Мæнæ та нæхи-
он йæхи бар нæу. Чындзæн зæгъ...Куы йын райгуыра, уæд æй
ноггуырдæй куы ахæссид... Уæхицæн æй схъомыл кæнут. Нæхи-
онимæ æз баныхас кæндзынæн.
Дыууæ ’фсымæры фæндыл файнустытæ дæр сразы сты. Аф-
тæмæй æвæстаг бинонтæ лæппуджын баисты.
Бонтæ, азтæ цыдысты. Лæппу хъазынхъом фæци. Хъазгæ та
йæхи æфсымæртæй зæрдиагдæрæй кæимæ хъуамæ кодтаид?
Уыдонæй-иу æй йæ къах нал хаста.
Уæд иуахæмы лæппуйы æвæндонæй йæ кæнгæ мад сæхимæ
’рбакодта. Фырбуцæн ын дзаджджын чъирийы гуыл йæ къухы
фæсагъта. Лæппу дзы ныккомдзаг кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Дзыцца, уыдоны гуылтæ адджындæр вæййынц.
Ус фæджихау, стæй йæ дзыхыдзаг ныккуыдта:
— Æ, дзыцца дæ нывонд фæуа, кæд искæй цотæй цот нæй. Уыдон
дæ мады конд вæййынц, æмæ мады къухæйдзаг æндæр ад кæны.
Уый адыл æй йæ мад æмæ йæ фыдмæ ныккодта.
ÆГÆР ФÆСТИАТГÆНÆГ УАЗÆГ
Иу хæдзармæ æрбафтыд уазæг. Бацин ыл кодтой, хорз æй
федтой. Дыккаг бон дæр афтæ... Æртыккаг бон дæр...
Къуыри рацыд, фæлæ уазæг цæуынвæнд нæ кæны. Фысым
57
ныккатай кодта, кæдмæ хæсдзынæн ацы æввонгхоры, зæгъгæ.
Иуæй, уазæджы хæлц æндæр у, иннæмæй йæ куыстытæй къуы-
лымпы кодта. Æмæ дын иубон изæрмилты йæ дзаума куы аивид,
сау фысдзарм худ дæлиау цæстытыл куы ’руадзид, былтæ басы-
лыхъæй куы æрбатухид, афтæмæй топп куы райсид æмæ, уазæг
цы уаты бадт, уый рудзынгæй топпы хæтæл куы æрбадарид.
Уазæг фæтарст, кæй зæгъын æй хъæуы, иннæ уатмæ ма йæ уд
йæ къæхтыл бахаста. Æхсæвæрыл уазæг ракодта йæ тарсты ха-
бар. Фысым рамæстыхуыз æмæ йын афтæ:
— Кæс-ма сæм, кæс! Уый, туджджын кæимæ дæн, уыдон сæ
туг исынмæ ’рбацыдысты æмæ мын мæ уазæджы марынвæнд скод-
той. Фæлæ тæрсгæ ма кæн, æз мæ уазæджы æфхæрын нæ бауад-
дзынæн!
Фысымы зæрдæвæрæн ныхас дæр ницæмæуал æрдардта уазæг,
райсом раджы цæуыныл ныллæууыд.
ДЗЫРДАРÆХСТ ХОХАГ
Мæрдты æхсæв æрцæуы хохаг лæг Куйаны уынгты. Ныхас
адæмæй — йе дзаг. Куы йæ ауыдтой, уæд кæрæдзимæ бакастыс-
ты æмæ сæ мидбылты худгæйæ дзурынц:
— Уый сыгъдæгæй дæр мæрдтæй цæудзæн, йæ бæх æгæр фæл-
мæцыд у.
Уалынмæ йæм Куйаны хъалтæй иу йæхи хæстæггомау баласта
æмæ йæ фæрсы:
— Ныххатыр кæн, барæг, фæлæ ма мах мæрдты кæм фæуагътай?
— Уалæ ма уым хæрæджы мардыл афæстиат сты, ныртæккæ
сæ ардæм хъæуы, — загъта хохаг, йæхæдæг йæ бæхмæ февзыста
æмæ уынджы дæлæмæ афардæг.
АРАХЪ - ХÆЙРÆДЖЫ ХОЙРАГ
Хæйрæг тар æхсæв комы дымæгыл бады æмæ арахъ уадзы.
Уастырджи йæм йе ’рткъахыг бæхыл æртахт æмæ йæ фæрсы:
— Цы кусыс, дæлимон? Цы фыдвæндыл дæ?
— Адæмæн ног хойраг æрхъуыды кодтон, — йæ къæдзил ныхъ-
хъандзал кодта хæйрæг, афтæмæй Уастырджимæ сыкъа дары. —
Айс-ма, ацаход дзы.
Уастырджи сыкъа райста, арахъ ануæзта. Йæ зæрдæмæ фæцыд.
— Иу-ма дзы ануаз, — хаты хæйрæг.
Дыккаг дæр та баныуæзта Уастырджи. Стæй æртыккаг дæр.
Æмæ загъта:
— Хорз у дæ хойраг. Æцæг дзы æртæйы онг чи нуаза, уый-иу
уæд мæн хуызæн. Уымæй фылдæр дзы чи нуаза, уый та — дæ
хуызæн.
58
ÆВЗÆР УС
Хъæды, фæндаггæрон бадтис абырджыты æрдонг. Кæсынц æмæ
фæндагыл æрбацæуы фидæрттæарæзт лæг йæ диссаджы сауло-
хыл, хæцæнгарзæй æххæст. Йæ бакаст ахæм уыд, æмæ йæм абыр-
джыты къорд сæ ныфс нæ бахастой.
Дыккаг бон та лæг фæстæмæ здæхт ацы фæндагыл. Йæ 6а-
каст уыд афтид нымæты хуызæн. Абырджытæ йын æнцонæй байс-
той йæ хæцæнгарз, йæ бæх.
Барæг сæм хаты:
— Амарут мæ.
Фæлæ абырджыты йæ амарын нæ бафæндыд. Æрæджиау æй
абырджыты хистæр фæрсы:
— Знон дын ахæм бакаст уыд, æмæ дæм нæ бауæндыдыстæм,
абон фæстæмæ здæхгæйæ та дæ нæ иу дæр нæ тарст. Цæмæн афтæ?
Æмæ сын загъта барæг:
— Æвзæр ус мын ис, ахицæн дзы уаин, фæлæ нæ сывæллæттæ
та цы фæуыдзысты?.. Знон уазæгуаты цæугæйæ, цин кодтон,
мæ бинойнагæй иу бон кæй баулæфдзынæн, æмæ мæ тых мæ-
химæ æрцыд. Абон та йыл ногæй фембæлдзынæн — уыцы хъуы-
ды мын мæ хъару асаста. Уымæн мæм бауæндыдыстут сымах
дæр. Амарут мæ, мæ тугæй кæд мæ худинаг ныхсин!
Абырджыты хистæр ын радта йæ хæцæнгæрзтæ, бæх æмæ загъта:
— Цæугæ дæ фæндагыл.
ЗÆГЪЫН-МА, ДÆ ДÆНДАГ РИССЫ
Уæйыгæн йæ дæндаг срыст, æмæ арвмæ асинтæ æвæрдта. Йæ
богътæ æмæ æрдиаг авд хохы сæрты йе ’фсымæрмæ байхъуыс-
тысты. Æфсымæр фæцагайдта фæдисы, уæдæ цы кæны, зæгъгæ.
Уæйыг кæсы, æмæ йе ’фсымæр цуртфæдисонау æрлиуыры
авд хохы сæрты. Худинаг æм фæкаст, йæ дæндаджы рисы тых-
хæй æгæр кæй хъæрзыдта, уый. Фæхуддзæн мыл ме ’фсымæры
зæрдæ, зæгъгæ, загъта æмæ йæ цæст скъахта.
Æфсымæр йæ уæлхъус алæууыд. Фæрсы йæ:
— Цы дыл æрцыд?
— Цы ма мыл æрцæуа, мæ цæст скъахтон, — загъта уæйыг.
— Зæгъын-ма, дæ дæндаг риссы!.. — сдзырдта æфсымæр æмæ
оффытæгæнгæ æрбадт йæ фарсмæ.
ЦЫТЫ НУАЗÆН
Хæрæфырт ирон адæммæ кадджын куыд нæ у. Байраг ын
лæвар кодтой. Иуахæмы иу æрыгон лæппу йæ хæларимæ йæ
мадæрвадæлтæм ацыд. Дæрддзæф хъæуы цардысты мадæрва-
дæлтæ, æмæ сæ хæрæфырт афтæ тагъд адынджыр, уый сын
æнæнхъæлæджы уыд. Фæцин ыл кодтой, йæ хæлары йын тынг
59
сбуц кодтой. Кусарт сын акодтой æмæ сыхы фæсивæды фæхуыд-
той. Фынджы хистæр цыты нуазæнæй ссардта хæрæфырты
æрдхорды ном. Хæрæфыртæн та мадæрвадæлтæ ралæвар код-
той бæх.
Фæстæмæ здæхынц хæрæфырт æмæ йæ хæлар. Хæрæфырт —
бæхыл хъазгæ, хæлар та — фистæгæй.
— Кæсыс, цы бæх мын балæвар кодтой, иу ран лæууын нæ
фæразы, йæ мидбынаты кафы, — йæхицæй ныббуц хæрæфырт.
— Бæх цы у, бæх?! Дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр — хайуан.
Цыты нуазæн кæмæ æрхаудта? Мæнмæ. Уымæй кадджындæр
ирон адæммæ цы ис?! — мæстæймарæгау бакодта хæлар.
Хæрæфырт фæсæццæгонд, хъуыдыты аныгъуылд... Стæй бæх
фæстæмæ фездæхта æмæ хъæумæ, йæ мадæрвадæлтæм фæцагайд-
та. Сæ кулдуары раз бæх абаста, мидæмæ фæдисы уад бакодта
æмæ барджынæй, уæндонæй, тæргайхуызæй загъта:
— Нæ мæ хъæуы уæ бæх, радтут мын цыты нуазæн!
БАСТ УИСОЙ
Иу лæгæн бирæ фырттæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты,
æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ.
Къуымæй сын уисой рахæссын кодта. Загъта:
— Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта,
уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.
Фырттæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыууæ кæныныл,
фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:
— Æриут-ма йæ ардæм.
Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын рай-
дыдта.
— Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи
ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй та уыл
алчидæр тых у, уæ хъомыс — къаддæр. Æмæ кæрæдзи уарзут.
Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.
ДЫУУÆ КЪУЫРМАЙЫ
Иу къуырма лæг йæ сæгътæ хизынмæ ауагъта. Изæры сæгътæ
не ’рцыдысты, æмæ къуырма сæ размæ ацыдис агурæг, фæлæ сæ
нæ ары. Уæд иу хуымгæнæгмæ бараст ис æмæ йæм дзуры:
— Байриай, хорз лæг!
Фæлæ уый дæр къуырма разындис æмæ йын афтæ зæгъы:
— Галтæй мæ фæрсыс? Ард дын хæрын, мæхи галтæ сты.
— Ауылты сæгьтæ цæугæ нæ федтай? — фæрсы та сæгъты хицау.
— Хуым дæр мæхи у, суанг уæртæ хъæдгæронмæ, — загъта та
хуымгæнæг æмæ йын дзомсæй ацамыдта хъæды ’рдæм.
Сæгъты хицау афтæ фенхъæлдта, мæ сæгътæм мын амоны,
60
зæгъгæ, æмæ хъæдмæ бацыдис. Кæсы, æмæ йæ сæгътæ уым ра-
зындысты, сæ иу фæкъуылых, афтæмæй.
«О, Хуыцау дын хорз ракæна», — ахъуыды кодта сæгъты хи-
цау. Хуымгæнæгмæ бацыдис æмæ йын арфæтæ кæны:
— Кæй мын сæ бацамыдтай, уый тыххæй дын хъуамæ ралæвар
кæнон мæнæ ацы къуылых сæгъ.
Хуымгæнæг афтæ фенхъæлдта, æмæ йæ азымджын кæны, мæ
сæгъы къах мын асастай, зæгъгæ. Дзуры йæм:
— Хуыцауæй дын сомы кæнын, æз æй нæ асастон æмæ дын
капекк дæр нæ бафиддзынæн.
Афтæмæй сын загъд бацайдагъ ис. Кæрæдзи хорз ныдздзæрна
кодтой. Стæй та сæгъы хицау дзуры:
— Кæд мæ нæмгæ фæкодтай, уæддæр æз дæуæй бузныг дæн,
мæ сæгътæ мын кæй бацамыдтай, уый тыххæй... Ацы къуылых
сæгъ дын уадзгæ кæнын.
— Хуыцауæй дын ард хæрын, — дзуры йæм хуымгæнæг, —
бирæгьтæ дын æй куы бахæрой, уæддæр дын ницы бафиддзынæн.
АФТÆ ДЗУР
Иу лæг йæ сыхаджы фæрсы:
— Мæ тохъхъыл фырнæрдæй цæуын нал фæразы, фæлæ йæ
мæ цæст аргæвдын нæ уарзы, æмæ йын цы кæнон?
Уæд ын сыхаг афтæ зæгъы:
— Аргæвд æй, æдылы, æмæ райсом ахъæр кæн, адавдæ мын
æй уыди, зæгъгæ,æмæ дын æй хъалагъуртæ бафиддзысты.
Æхсæвы тохъхъыл сыхаг йæхæдæг адавта.
Райсомæй лæг сыхагмæ бафæдис ис:
— Дысон мын чидæр мæ тохъхъыл адавта.
Уæд æм сыхаг дзуры:
— Гъе! Афтæ дзур.
— Бауырнæд дæ, æцæгæй мын æй адавди, æцæгæй!
— Гъе, гъе! Афтæ дзур, афтæ! Хорз дзурыс!
БÆХЫ СÆФТ
Иу лæг Даргъ-Къохы уынгты расыгæй саргъыбæхыл сцæйуа-
ди. Æфсæнвæндаджы станцæмæ куы схæццæ, уæд йæ бæх ваго-
ны дуарыл абаста, йæхæдæг буфеты смидæг, цудтытæгæнгæ.
Цалынмæ арахъ нуæзта, уалынмæ поезд араст æмæ саргъы-
бæхы йæ фæдыл аласта.
Лæг йæ сæр-йæ фад нал æмбæрста, афтæмæй рацыдис, йæ
бæх кæм ныууагъта, уым æрлæууыд æмæ ракæс-бакæс кæны.
Уæд æй иу зæронд ус фæрсы:
— Цы агурыс, хорз лæг?
— Диссаг! — загъта расыг лæг, — тæккæ ацы ран мæ бæх иу
хæдзары дуарыл абастон, æмæ сæ дыууæ дæр фæдæлдзæх сты!..
61
САНИБАЙАГ САРМАДЗАН
Раджы кæддæр джызæйлаг лæппутæ æмæ санибайаг лæппутæ
Джызæлы хъæуы сæр фæхыл сты. Джызæйлæгтæ фылдæр уыдыс-
ты æмæ санибайæгты æрдæрæн кодтой.
Санибайæгтæ Джызæлдонæй куы фæфале сты, уæд сæ маст
куыд райсой, ууыл сагъæс байдыдтой.
Мыхци загъта:
— Сармадзанæй сæ фехсæм.
— Æмæ нын сармадзан кæм уыдзæн? — фæрсы Хъылци.
— Нæхæдæг саразæм. Æхсгæ куыд кæны, уый æз Уырысы
æфсады федтон.
Æхсæвы Мыхци сæ уæрдон кæртæй ратылдта, Хъылци йыл
сæ хъуылæг сæвæрдта æмæ сæ ных сарæзтой хъæуы кæрон уæл-
былы уæлвонг ранмæ. Ам, рындзыл æрфидæрттæ кодтой уæр-
дон, хъуылæг топпыхосæй æрнадтой. Бызгъуыртæй йæ æрæм-
бæрзтой, æфсæйнаг сыбантъытæ йыл ныккалдтой. Стæй хъуы-
лæджы дзых Джызæлы’рдæм сарæзтой æмæ, джызæйлæгтæм
æртхъирæнгæнгæ, Мыхци топпыхосыл арт бандзæрста.
Топпыхосыл зынг схæцыд, æмæ хъуылæг тæгæлтæ фæхауд,
уæдæ цы уыдаид. Лæппуты срæмыгъды уылæн фæйнæрдæм
фæхаста, фæцæфтæ, фæкъуырматæ сæ кодта.
Уæрдоны дзыгъал-мыгъул та дæлбыл ссыд.
Иудзæвгар рæстæджы фæстæ лæппутæ æрчъицыдтой, æмæ
Хъылци уæлгоммæ хуысгæйæ хъæр кæны:
— Мыхци, цы фæдæ? Кæм дæ?
— Ам бæргæ дæн, фæлæ мæ цонджы рыстæй фæмæлын.
— Мæнæн та цыма мæ къах мæ уæлæ нал ис.
— Ам уыйбæрц фыдбылызтæ чи скодта, уый уагæры Джызæ-
лы цавæр бæллæхтæ сарæзта? — йæхицæй разыйæ балхынцъ кодта
Мыхци.
СОМЫ АРГЬ
Иу бонджын лæг æррынчын æмæ абон-райсом кодта. Фæлæ
мæлын нæ фæрæзта. Йæ бирæ мулк сси йæ сагъæс. Кæмæн æй
уадза? Йæ иунæг фыртæй йæ зæрдæ нæ рад —магусайæ цæлуар-
заг, йæ къух уазал доны никуы атылдта. Æмæ хорзæн бын ма
скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз. Бадзырдта йæм æмæ йын афтæ:
— Лæппу, тæрсын, мæ бынтæ мын дымгæмæ куы ныддарай:
фæллойæн аргъ кæнын нæ зоныс. Фæцу-ма райсом æмæ дæ уды
номыл иу сом бакус. Æмæ уæд æнæзæрдæдзургæ амæлдзынæн,
дæуæн та — мæ мулк.
Дыккаг бон лæппу рацыд сæ хæдзарæй. Хиирхæфсæн бынæт-
ты фæзылд æмæ изæры сæхимæ ’рбаздæхт. Мад æй афтидæй куы
федта, уæд ын иу гæххæттын сом йæ фыццаг скодта, дæ фыдмæ
йæ бахæсс, зæгъгæ, науæд дын йæ бынтæ нæ ныууадздзæн.
62
Фыд райста сом æмæ йæ æнæдзургæйæ арты баппæрста. Фырт
ницы сдзырдта, афтæмæй æддæмæ фæраст. Фыд йæ фæстæ ра-
хъæр кодта:
— Ацы сомыл ды нæ бафыдæбон кодтай, мæн дæ бакуыст сом
хъæуы! Райсом æй æрбахæсс.
Дыккаг бон дæр та лæппу йæ рæстæг æнцонæй арвыста. Изæ-
рæй йæ фыдмæ бацыд, йæ мад та йын цы сом радта, уыимæ.
Фыд дæр та йæ арты баппæрста æмæ йын бахæс кодта, райсом
æндæр сом куыд æрбахæсса.
Лæппу сагъæсы бахауд, ай мæ афтæмæй нал ныууадздзæн,
зæгъгæ.
Æртыккаг бон райсомæй раджы фестад æмæ куыстагур ацыд.
Кæм æй бакуыста, куыд æй бакуыста, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ
изæры фæлладæй иу сомимæ æрлæууыд йæ фыды раз. Фыд ын
йæ боны фæллой райста, йæ цæстытæм ын æдзынæг ныккаст
æмæ та сом артмæ бадаргъ кодта. Лæппу йыл сырдау йæхи ныц-
цавта, цы кусыс, абондæргъы мæ хид кæуыл фæкалдтон, уый
арты амæттаг цæмæн кæныс, зæгъгæ, æмæ йын сом йæ къухæй
раскъæфта.
Фыд йæ мидбылты бахудт.
ИРЫ ПАДДЗАХ
Ир ма цæнгæтау æнгом æмæ йæ хъаруйыл куы уыд, уæд ын
тыхгæнæг тых нæ ардта. Иуахæмы та йæм знаг ныббырста, æмæ
йын Ир бæрзæйсæттæн цæф куы ныккодта, уæд фидауынмæ
фæци. Æрбарвыста фидауджыты.
— Мах дис кæнæм уæ ныфс æмæ хъаруйыл! — загътой Иры
лæгтæн, сæ хæс куы сæххæст кодтой, уæд. — Кæцæй уæм цæуы
уыйбæрц ныфс æмæ хъару? Фæтасын куынæ комут.
— Нæ паддзах нæ афтæ домы, — уыдис сæ дзуапп.
— Æмæ йемæ фембæлæн, аныхас кæнæн нæй?
— Ныртæккæ фынæй кæны. Куы райхъал уа, уæд бæргæ, фæлæ
дзургæ нæ кæны.
— Уынын нын æй уæддæр фæкæнын кæнут, — ныллæууыдыс-
ты фидауджытæ.
— Хорз, — загътой фысымтæ æмæ цасдæры фæстæ иу сыл-
гоймагæн рахæссын кодтой йæ ноггуырд лæппуйы.
— Уый у нæ паддзах. Уый фидæныл хъуыды кæнгæйæ стæм
æнæбасæттон, ныфсджын. Уый нæ домы йæхи æмæ йæ зæхх
хъахъхъæнын.
МАДЫ ЗÆРДÆ
Кæддæр иу лæппу, усгуры кармæ куы бацыд, уæд тынг ба-
уарзта æндæр хъæуккаг чызджы. Чызг ын ницы ком лæвæрдта.
Лæппу æнцой нал зыдта, зылд йæ фæдыл, лæгъстæ кодта, йæхи
63
хъардта чызгæн. Уый йын йæ лæмæгъдзинад базыдта æмæ дзы
хъазыд. Иуахæмы йын хъазгæйæ афтæ:
— Дæ мады зæрдæ мын æрбахæсс, æмæ дын бакомдзынæн.
— Мæ мады зæрдæ?! Ау, уый та куыд?!
— Амар æй æмæ...
Лæппу чызджы ныхас æцæгмæ бамбæрста æмæ катайы бахауд.
Фæлæ чызгмæ йе ’нкъарæнтæ афтæ тыхджын уыдысты, æмæ йæ
мады рауæлдай кодта.
Зыр-зыргæнгæ йæ мады зæрдæ фæхæссы æгъатыр æмæ фыд-
зонд чызгмæ. Йæ къах скъуырдта æмæ размæ бахауд. Мады
зæрдæ йæм дзуры:
— Дæхи ма ныццæв, мæ хъæбул.
Лæппу уыцы ныхасмæ йæхи æрæмбæрста, цы бакуыста, уый
банкъардта æмæ йæхи рындзæй аппæрста.
ЦАЛЫНМÆ КАРК ФЫЦА
Иу хæдзармæ уазæг æрбацыд,æмæ йæ æлгъин æфсин æфсоны
фарст кæны:
— Хъайла дын акæнон æви карк аргæвдын кæнон?
— Цалынмæ карк фыца, уæдмæ хъайла акæн, — уыд æнæф-
сарм уазæджы дзуапп.
ÆРТÆ ТÆРИГЬÆДЫ ДÆР РАКОДТА
Раджы хæйрæг æмæ лæг лымæнтæ скодтой. Иу бон хæйрæг
лæгæн афтæ зæгъы:
— Кæд мæ хæлар дæ, уæд дын æртæ дзырды зæгъдзынæн,
æмæ дын дзы иу æнæ бакæнгæ нæй.
— Зæгъ, — загъта лæг, — цæттæ дæн.
Хæйрæг афтæ зæгъы:
— Йе дæ мад æмæ дæ фыды фæнæм, йе лæг амар, йе арахъ
бануаз.
Лæг ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Мад æмæ фыды фæнæмын стыр тæригъæд у, лæг амарын
дæр — афтæ, фæлæ арахъ бануазын цы хъыгдары?
Арахъ баныуæзта æмæ расыгæй йæ мад æмæ йæ фыды фæ-
надта, лæг амардта.
ÆФСЫМÆР ÆМÆ ÆРДХОРД
Дыууæ ’фсымæры фæзулдзых сты æмæ кæрæдзийы хæдзармæ
нал цыдысты. Се ’хсæн æцæгæлондзинады быдыр азæй-азмæ
уæрæхдæр кодта. Кæрæдзийы сæр сæ иуы дæр нæ хъуыд:
æрдхæрттæ ис, хæлæрттæ — бирæ.
Уæд иуахæмы кæстæр æфсымæр изæрдалынгты хъæдрæбын-
64
тьт æрцæйцыд, æмæ дын Хуыцау хорз ракæна — сæрджын саг йæ
размæ фæци. Лæппу айтæ-уыйтæ нал фæкодта æмæ саджы багæ-
рах ласта. Сырд фæуæлгоммæ. Æнæнхъæяæджы цуанон ын йæ
туг суагъта, фæлæ йæ хæдзармæ иунæгæн рахæссын йæ ныфс
нæ бахаста. Пыхс ракодта æмæ дзы саджы мард æрæмбæрзта,
йæхæдæг йæхи райста хъæуы ’рдæм, йæ хуыздæр æрдхордмæ
æххуысагур.
Зæрдæрай æмæ йæхицæй сæрыстырæй цæуы астымты, йе
’хсызгон хъуыдытæ йæ сæ уæлныхты хæссынц. Æмæ афæнд код-
та йæ хуыздæр æрдхорды, æфсымæры цард кæимæ кодта, уый
фæтæрсын кæнын. Фæсæмбисæхсæв æм дуар бахоста æмæ йæм
мидæмæ дзуры:
— Бабын дын дæн, ме ’фсымæр, бабын...
Æрдхорд æй мидæмæ бауагъта, цы дыл æрцыд, зæгъгæ, йæ
фæрсы.
— Æнæбары лæг амардтон... Де ’ххуыс мæ хъæуы.
— Лæг амардтай?! Æмæ дын мæ бон цы у? Дыууæ мыггаджы
фæтуджджын кодтай æмæ ма дзы æртыккаджы дæр тъыссыс?
Дæ хал, дæ бæндæн — дæхи.
Лæппу фæуыргъуыйау. Ахæм дзуапп фехъусын йæ фæсонæр-
хæджы дæр нæ уыд.
Уайтагъд мæстæйдзагæй федде. Уынджы йе ’муд куы ’рцыд,
уæд йе’фсымæр йæ зæрдыл æрбалæууыд, цымæ уый та йæхи
куыд равдисид, зæгъгæ.
Раст фыццаг кæркуасæнтæм хæстæг бахоста йе ’фсымæры
хæдзары рудзынг. Чи дæ, зæгъгæ, райхъуыст мидæгæй.
— Æз дæн. Дæ сæр мæ бахъуыд, ме ’фсымæр, æнæбары лæг
амардтон, — æнкъардæй бадзырдта мидæмæ.
Æфсымæр æм рауад æмæ йæ цыма йæ туджджынтæй æмбæх-
ста, уыйау мвдæмæ баскъæфта:
— Кæм?! Чи у?! — сонт фæрстытæ йæ кæны.
— Уæлæ хъæды кæрон, æнæзонгæ адæймаг.
— Цом æмæ йæ фенæм, чи у, кæимæ фæтуджджын стæм, туджы
фиддон кæмæй дарæм.
Дыууæ ’фсымæры фæдисы ссыдысты хъæды кæронмæ. Кæстæр
карст пыхсы цъыхырытæ аиуварс кодта, æмæ дзы — Æфсатийы
лæвар саджы мард. Æмæ та ’фсымæртæ æрæмбæрстой кæрæдзи.
Мæнг нæ фæзæгъынц: тугæй æввахсдæр ницы ис.
КАЛМÆМÆЛÆГ
Мæгуыр лæг кусынмæ фæцæйцыд æмæ калмыл сæмбæлдис.
Калм адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта лæгмæ:
— Хорз лæг, дæхиуыл мæ сбыръш бауадз æмæ дын стыр хорз
фæуыдзынæн.
Мæгуыр лæг ыл баууæндыд, æмæ йыл калм сбырыд. Йæхи
æртыхта лæджы къубалыл, стæй йæм дзуры:
5 Цгьошы Хазбн
65
— Гъеныр мæ хæсгæ кæн, хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уыр-
дæм, науæд дæ ныххурх кæндзынæн.
Мæгуыр лæг дæр æй рахæсс-бахæсс кæны. Фæлæ йæ кæдæм
фæхæсса, уымæн ницы зоны. Уæд Уастырджи сæ цуры февзæр-
дис æмæ лæджы фæрсы:
— Кæдæм цæуыс?
— Мæнæ калмы хæссын, хæрзгæнæг хорз кæм ссардта, уырдæм.
Уастырджи хабар бамбæрста æмæ загъта йæхицæн, лæджы
фервæзын кæнын хъæуы, зæгъгæ. Бакодта сæ иу стыр дурьг
цурмæ æмæ калммæ дзуры:
— Æрбыр. Мæнæ ам ссардта хæрзгæнæг хорз.
Калм æрбырыд, æмæ йæ Уастырджи амардта. Стæй лæгæн
афтæ зæгъы:
— Ныр æй кæдæм фæхастаис, хæрзгæнæг хорз куы никуы
ссардта, уæд?
МÆГУЫР ЛÆГ
Иу мæгуыр лæг ацыдис хъæдмæ, суг ласынмæ. Хъæды æгæр
афæстиат. Изæры хæрæгыл сугтæ самадта æмæ йæ хæдзармæ
æрбацæуы. Уæд æм чидæр хъæр кæны:
— А-т-т, уæлæ хъæддзау! Дæ цуры мын бирæгъ мæ сывæлло-
ны фæхæссы, æмæ йæ ма ауадз.
Бирæгъ йæ амæттагимæ хъæддзауы цурмæ куы схæццæ, уæд
æй уый дынджыр хъилæй ныссæрфта, æмæ бирæгъ йæ гæндзæх-
тæ ацагъта, фæмард.
Хæйрæджы лæппын фервæзт. Хæйрæг куыд нæ бацин кодта-
ид?! Хъæддзауæн фæхъæбыстæ кодта, стæй йын загъта:
— Уæлæ къуылдымыл обау уыныс? Æртыццæджы уырдæм
ссу, фылдæр дæ чи уарзы, уыимæ, æмæ дын хорз фæуыдзынæн.
Мæгуыр лæг сæхимæ куы æрцыдис, уæд хабар йæ усæн ра-
дзырдта: хæйрæджы лæппыны куыд фервæзын кодта, хæйрæг
ын куыд бафæдзæхста, фылдæр, дам, дæ чи уарзы, уыимæ ссу,
зæгъгæ. Уæд йæ ус афтæ бакодта:
— Нæ лæг! Æмæ дæ мæнæй фылдæр та чи уарзы? Мæн акæн
демæ.
Лæг сразы йæ усы фæндоныл æмæ йæ акодта йемæ. Обауы
цурмæ куы схæццæ сты, уæд мæгуыр лæг нæууыл йæхи æруагъ-
та æмæ фæлладæй афынæй. Уæд дын хæйрæг сæ цуры февзæр-
дис. Йæ уæлæ ирон цухъа, сыгъзæрин хъама, сыгъзæрин бæр-
цытæ, сыгъзæрин рон æмæ зæнгбæттæн. Мæгуыр лæджы усы
зæрдæ йæм куыннæ бахъазыдаид.
Уæд хæйрæг усмæ йæ мæлгъæвзаг ауагъта æмæ йын афтæ
зæгъы:
— Гъеныр ацы мæгуыр лæгимæ куыд цæрыс? Цардæй цы фен-
дзынæ? Гъа, мæнæ дын хъама æмæ йæ амар, æмæ иумæ цæрдзыс-
тæм.
Сылгоймаг хæйрæджы ныхæстыл сразы ис. Хъама райста æмæ
66
гъеныр ныррæхойа лæджы, афтæ йын хæйрæг йæ къухыл фæхæ-
цыд æмæ мæгуыр лæджы фехъал кодта. Мæгуыр лæг куы ракас-
ти æмæ уыцы æвирхъау ныв куы федта, уæд хорзау нал фæцис.
Хæйрæг ын загъта:
— Хъусыс? Ды мын мæ сывæллоны фервæзын кодтай мæлæ-
тæй, æз та дын дæхи фервæзын кодтон. Гъеныр кæрæдзийæ ни-
цыуал дарæм.
Гъе, афтæ хæйрæг мæгуыр лæгæн цæхджын сайд фæкодта.
Мæгуыр лæг — йæхи фæндагыл, хæйрæг — йæхи фæндагыл,
фæйнæрдæм ацыдысты. Уæд мæгуыр лæгæн йæ зæрдыл цыдæр
æрбалæууыд, фæстæмæ фæзылд хæйрæгмæ æмæ йæ фæрсы:
— Уæдæ кæимæ ссыдаин?
Хæйрæг ын загъта:
— Лæджы йæ куыдзæй фылдæр ничи уарзы, æмæ уыимæ ссы-
даис...
НОГ УС ÆМÆ ГÆДЫ
Лæппуйы зæрдæмæ иу фыдуаг чызг цыд æмæ йæ курыныл
ныллæууыд.
— Макæн, фæсмойнаг фæуыдзынæ. Уый, йæхæдæг кæй раку-
ра æмæ бæхбадт кæуыл скæна, ахæм агуры, — фыдбылызæй йæ
хызтой йæ хæлæрттæ.
— Тыхсгæ ма кæнут, æз æй æртасын кæндзынæн. Мæ алы
ныхасмæ дæр куыд хъуса, афтæ йæ сахуыр кæндзынæн, — фида-
рæй сын дзырдта лæппу. Фæлæ йæ ныфс цæмæй хаста, уый
никæмæн хъæр кодта.
Чындзæхсæв ахицæн. Фыццаг æхсæвы хæдразмæ йæ хуыз-
дæр хæлæрттæй иуæн афтæ зæгъы:
— Иу гæды æрцахс, æмæ куыддæр рухс ахуыссын кæнон, афтæ-
иу æй рудзынгæй æрбаппар. Дарддæр хъуыддаг мæхи бар уадз.
Хæлар, ногусджын ын куыд бафæдзæхста, афтæ бакодта. Гæ-
дыйæн йæ гуыпп куыддæр уаты астæу фæцыд, афтæ лæппу рага-
цау цæттæ æвæрд æхсаргард фелвæста æмæ дзы гæдыйы дымæг
æрдзæхст ласта. Гæды къудайæ аззад æмæ ма цы акодтаид, уый
нал зыдта, стæй фырадæргæй рудзынгыл йæхи ныххуырста.
Ног чындз фыртæсæй хуыссæны къуымы нытгымбылтæ, цы акод-
таид, уый нал зыдта, стæй йыл хæкъуырцц куыд бахæцыд. Йæ мой
фæздæг калгæ федде, æмæ йæм уыцы æхсæв æввахс нал æрбацыд.
Зæгъынц, абон дæр ма, дам, усы тарст не ’рцыд æмæ йæ лæгмæ
фæстæмæ фæкæсын дæр нæ уæнды.
АЛЫ БОН ДÆР АФТÆ...
Мæгуыр сидзæргæс ус фæбадт йæ иунæг фыртæн. Лæппу куы
бахъомыл, уæд ын хъуыддаг бакодта. Чындз æгъатыр, фыдсыл
разынд. Мæгуыр сидзæргæсы удæй хъазын райдыдта. Фырт бон-
67
изæрмæ куысты уыд æмæ, сæ хæдзары цытæ цыд, йæ ус ын йæ
мады удынарæджы кæй скæны, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд.
Мад бонæй-бон мæллæгдæр кæнын райдыдта. Чындз ын хæ-
ринаг нæ лæвæрдта, афтæмæй дзы цумайы лæдзæг сарæзта. Куыст
ын куы ницы уыд, уæд дæр æй æнцад бадъш нæ уагъта, кафын-
иу æй кодта. Йæ мой-иу куыстæй куы æрбацыд, уæд та-иу тсъæс-
савæлдæхт фæци.
Мадæн йæ уавæр йæ фыртæн радзурын йæ цæст нæ уарзта:
йæ зæрдæмæ йын маст бахæсса, уый йæ нæ фæндыд, иннæмæй
та йын йæ ныхæстыл куы нæ баууæнда æмæ йæм йæхи куы
фæтигъ кæна. Лæппу-иу йæ мады æнкъардæй бадгæ куы ’рбай-
йæфта, уæд-иу æй баййардта, цьг кæныс, цæуыл æнкъард дæ,
исты дæ кæд риссы, зæгъгæ?
Иуахæмы мад йæхи нал баурæдта æмæ йæ фыртæн афтæ:
— Кæд дæ, цы кæнын, уый базонын фæнды, уæд райсом,
цыма куыстмæ ацыдтæ, афтæ бакæн, дæхæдæг фæстæмæ сусæ-
гæй æрбаздæх æмæ скъаппы бамбæхс. Уæд дæхæдæг æппæтдæр
фендзынæ, фехъусдзынæ.
Лæппу афтæ бакодта. Æмæ мæнæ диссаг: чындз хуыссæнæй
куы растад, уæд мадмæ йæхп фæбирæгъ кодта, хъæртæ йыл кæны,
афтæмæй йæ донмæ æрвиты æмæ йæ æнæ донæй фæстæмæ зда-
хы. Æфсин йæ куыстытæ конд куы фæци, уæд йæхи фæхс бан-
доныл æруагъта. Чындз дын уый фена, цъылын ыл ныззолочъи
кодта, уæттæ мæрзгæ, зæгьгæ.
Уыцы куыст дæр та куы бакодта мад, уæд æй чындз цъылы-
нимæ кафыныл бафтыдта. Ус кафы æмæ та базары:
— Алы бон дæр кафгæ,
Гъе ныр мæ куыд уыныс, афтæ.
Чьгадз цы æнхъæл уыд, йæ мой скъаппы ис, æмæ мад ахæм
зарæг уымæн кæны.
Уæд фырт йæ маст нал баурæдта, йæ усæн йæ дзаумæттæ
амбырд кодта æмæ йæ федде кодта, мæ цæст дæр дæ куыд никуы-
уал фена, афтæ, зæгъгæ.
ДЫУУÆ МАДЫ
Уый раджы уыд. Фыдæлтæй æрыхъусгæ цау у, сидзæргæс ус
æмæ лæппынджын арс хъæды æнæнхъæлæджы хæрхæмбæлд куыд
фесты, уый тыххæй.
Цæвиттон, мæгуыр сидзæргæс ус уалдзæджы йе ’ртæ саби-
имæ курæггаг хæрæгуæрдоныл хъæдмæ хус къæцæлтæ ласынмæ
ацыд. Уæрдон сугтæй куы байдзаг кодтой æмæ хъæды иудзæв-
гар куы рауадысты, уæд сыл арс йæ лæппынтимæ хæрхæмбæлд
куы фæуид. Сидзæргæс, мæ арт бауазал, зæгъгæ, йæ цотæн фæ-
тарст æмæ ма цы акодтаид, уый нал зыдта. Стæй йæ уæллаггуы-
ры æгънæджытæ фæйнæрдæм арæдывта, йæ риутæ фегом кодта
æмæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта:
68
— Æрбакæс-ма, æз дæр мад дæн, мад! Мæнæн дæр дæуау цот
даринаг ис æмæ мæ мæ фæндагыл ауадз!
Арс сылгоймаджы цъæхахстæй тæрсгæ фæкодта, æви æфсæр-
мы фæци, уый бæрæг нæу, фæлæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæн-
гæйæ йæ лæппынтимæ пыхс йæ разæй ахаста.
ЗÆЙÆ МАРД
Хæппæй дæр чи тæрсы, ахæм лæг, йæ мæлæт цæмæй уыдзæн,
уый базонын æмæ дзы йæхи бахъахъхъæныны тыххæй фæцыд
дæсныфæрсæг. Дæсныйæн куы бамбарын кодта йæ курдиат, уæд
уый бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ загъта:
— Дæ мæлæт уыдзæн зæйæ, æмæ дзы дæхи хъахъхъæн.
Хæппой лæг йæ хæдзарæй налдæр зымæг цæуын уæндыд, нал-
дæр — сæрдыгон. Афтæмæй дзы фæныкгуыз рауад.
Иуахæмы йæ чьгсыл фырт пецæй фæнык ракалдта æмæ дзы
обау аразы. Обау куы сбæрзонд, уæд фефсæрста æмæ иуырдæм
æрлæбыры.
— Зæй! Зæй рацæуы! — фæнычы обаумæ кæсгæйæ, цъæхснаг
хъæлæсæй хъæр кæны сывæллон.
Лæг, зæй рацæуы, зæгъгæ, куьг айхъуыста, уæд фæтарст, йæ
зæрдæ аскъуыд æмæ æрбамард!
Гъе, афтæ: чи цæмæй тæрсы, уый йыл цæуы, æмæ тæрсын
ницæмæй хъæуы.
УÆЛБÆХÆЙ СÆ ЦЫ ÆРБАХÆЦЦÆ КОДТАЙ?
Сæрдыгон бон изæрырдæм чызджы фæдыл æрбацыд минæ-
вæрттæ. Æфсин æрбацæуджытæн уайтагъд кæрты сæнæфсиры
бын фынг æвæрыныл ныллæууыд. Иуахæмы уатмæ йæ ног
чындзмæ бадзырдта:
— Дæ разы-ма тæбæгътæ æмæ къустæ радг.в.
Чындз къустæ æмæ тæбæгътæ хус хæцьилæй тагъд-тагьд асæрф-
та æмæ сæ кæртмæ рахæссон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ кæсы,
æмæ дуарæй рахизæны сæ къамбецы егъау род дæргъæй-дæргъмæ
хуыссы.
Æрыгон сылгоймаг ыл аивæй схъæртæ кодта, фæлæ уый йæ
бьгаатæй нæ фезмæлыд. Уæд æй йæ къахæй бакъуырдта, фæлæ
та йæ къамбецы род хъуыдьг дæр не ’ркодта.
Сылгоймаг катайьг бацыд: йе ’фсин æм тæбæгътæ æмæ къус-
тæм æнхъæлмæ кæсьг, æмæ йьгн къамбецьг род оцани хæрæгау
фæндаг нæ дæттьг. Иу хатт ма ацархайдта йæ сьгстын кæныньгл,
фæлæ йæ къухьг нæ бафтьгд. Уæд айтæ-уыйтæ нал фæкодта,
фæлæ йæ сæрты ахизьтн куьг афæлварид. Æмæ йæ къах, родьг
сæртьг ахизон, зæгьгæ, размæ куьгд айста, афтæ къамбецьг лæп-
пьгн фæтарст æмæ фæгæгга кодта. Чьгндзы йæ уæлæ фелвæста.
Уьгй дæр ма йьга йæ иу къухæй йæ бæрзæйы хъис хъуьгнтыл
69
фæхæст, иннæ къухы та — тæбæгътæ æмæ къустæ. Афтæмæй йæ
къамбецы род кæрты астæумæ уазджыты цурмæ раскъæфта.
Æфсин ахæм ныв фенгæйæ иу уысм фæуыргъуыйау, стæй роды
йæ хъустæй ацахста æмæ йæ чындзæн афгæ бакодта:
— Æнæрай дæ ма уæд, кæд сæ уæлбæхæй цы ’рбахæццæ кодтай!
ЛÆГ ÆМÆ УДХÆССÆГ
Цардысты мæгуыр лæг æмæ ус. Лæг кусгæ бирæ кодта, фæлæ
сыл цард нæ хæцыди. Йæ куысты бæркад нæ уыдис. Фос та сын
æппын нæ рæстмæ кодта. Уæд иу бон лæг сфæнд кодта искуы-
дæм куыстагур фæцæуын. Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ ба-
фæллад æмæ иу бæласы бын аууоны æрбадти, систа йæ хызы-
нæй цыхт æмæ кæрдзын, скуывта Хуыцаумæ:
— О хуыцæутты Хуыцау, хуыздæр арфæ кæмæн ракодтай,
мæн дæр уый æмбал фæкæн.
Куыддæр кæрдзын æмæ цыхт æрсаста, афтæ йыл æрбамбæлди
иу барæг. Мæгуыр лæг фысым загъта барæгæн. Барæг æй фæрсы:
— Чи дæ, кæцæй цæуыс?
Лæг ракодта йæ царды хабæрттæ. Уæд ын барæг зæгъы:
— Æз дæн удхæссæг. Кæд дæ фæнды, уæд мемæ цом, дæхи
дохтыр скæндзынæ. Рынчыны размæ-иу куы бацæуæм, уæд кæс,
æмæ-иу рынчынæн йæ къæхты ’рдыгæй куы ’рлæууон, уæд зон,
рынчынæн ницы уыдзæн æмæ-иу æй дæхи дзæбæхгæнæг скæн.
Кæд æмæ рынчынæн æрлæууон йæ сæры ’рдыгæй, уæд зон, ацы
рынчын нал фервæздзæн. Æмæ-иу зæгъ, ацы рынчынæн мæнмæ
хос нæй, зæгъгæ.
Мæгуыр лæг сразы. Алыхуызон кæрдæджытæ æрæмбырд код-
та, бахус сæ кодта æмæ зилын райдыдтой алы хъæутæ æмæ са-
хартыл. Удхæссæг ын куыд бацамыдта, афтæ адæмы дзæбæх
кодта. Лæджы кой айхъуысти дардыл. Рынчын-иу куы сдзæ-
бæх, уæд-иу æй лæвæртты бын фæкодтой. Мæгуыр лæджы би-
нонтæ афæдзы бонмæ, мæгуырдзинад цы у, уый нал зыдтой. Сæ
исбонæн кæрон нал уыдис.
Азтæ азты ивтой, афтæмæй мæгуыр лæг йæхæдæг дæр базæ-
ронд, æрцыд хуыссæнуатмæ. Иу бон ын йæхимæ дæр фæзынди
удхæссæг:
— Дæ бон хорз, мæ хорз хæлар, — æрбадт йæ сæры ’рдыгæй.
Лæг уый куы федта, уæд йæ базмæ фæлæбурдта, фестад æмæ
йæ къæхты ’рдыгæй авæрдта, афтæмæй йыл йæ сæр æруагъта.
Удхæссæг бахудт æмæ сындæггай йæхи уыцырдæм айста. Лæг та
ногæй баз фелвæста, иннæрдæм та йæ авæрдта. Удхæссæг дæр
та — йæ фæстæ. Афтæ фæкатай кодта иуцасдæр рæстæг. Удхæс-
сæг ын фæтæригъæд кодта æмæ загъта:
• — Хорз уæдæ, мæ хæлар, цæр, цалынмæ зæххыл цæрæг уа,
уæдмæ, — æмæ ацыди.
Лæг цæрынтæ байдыдта. Батади, ныггыццыл ис. Афтæ бата-
70
дис, æмæ ма айчы хъузджыйас бынат ахсы кæмдæр зæххыл.
Удхæссæгæй адзал куры, фæлæ йæм уый хæстæг нал цæуы. Уд-
хæссæг дæр йæ ныхасæн хицау у.
НИЦЫ МЫН КÆНДЗÆНИ
Иу яæппу иу налат усы чызджы куырдта, æмæ йæ йе ’мгæрттæ
фæрсынц:
— Куыд уæндыс, йæ мад бирæгъ куы у, уæд дæ нæ бахæрдзæн?
Уыи сын афтæ:
— Йæ лæппын мæхимæ куы уа, уæд мын ницы кæндзæн.
АМОНД ЙÆ ХЪАХЪХЪÆНÆГ ÆВЗÆРÆН
Æртæ ’фсымæры куырой арæзтой. Сæ иу нукыл фыдæбон
кодта, иннæ духъæй фыдтæ хоста, æртыккаг та цæугæдоны был
змисыл къæцæлæй хъулæттæ кодта, иудзырдæй, магусайæ бона-
садæн кодта.
Уыцы рæстæг сæ сæрты зæдтæ æрбацæйтахтысты. Сæ хорз
зæрдæйыл уыдысты æмæ се ’фсымæртæй иуæн хорз ракæнын
бафæндыд. Кæсынц сæм уæле бынмæ æмæ тæрхæттæ кæнынц,
сæ хорзæхæй кæй фæхайджын кæной, ууыл. Куыройы нук æмæ
фыдтæ чи арæзта, уыцы æфсымæртæ кæд фæллад уыдысты, сæ
хид къоппæй калд, уæддæр ахæм разæнгардæй куыстой, æмæ се
’внæлдæй зæрдæ рухс кодта. Магуса та уæнгмард æмæ уæнтæхъи-
лæй бадт дурыл æмæ йæхи цы фæкодтаид, уый нæ зыдта.
— Ай нæ хорзæхæй куынæ фæхайджын уа, уæд фесæфдзæн, —
загъта зæдтæй иу. — Иннæтæ æнæ мах æххуысæй дæр фæцæр-
дзысты.
Йæ хъуыдыйыл сразы сты иннæтæ дæр. Сæ хорзæх æркалд-
той магуса ’фсымæрыл æмæ дарддæр атахтьхты.
АЛЫ БЫНАТÆН ДÆР ХИЦАУ ИС
Иу бæлццон изæрдалынгты хъæды къохмæ бахæццæ. Бæласы
бын йæ уæлæфтау æрытыдта, йæ худ систа æмæ йæхи йæ бына-
тыл бафæдзæхста:
— О бынаты бардуаг, табу дæхицæн, де уазæг мæ бакæн, дæ
быны æрулæфыдтæн æмæ дыл мæхи фæдзæхсын.
Бæлццон рæдзæ-мæдзæ кæнын куы байдыдта, уæд йæ хъустæ
цыдæр ныхæстæ ацахстой. Ныхъхъуыста дзæбæх. Фаллаг бæ-
лæстæй æрбайхъуыст:
— Ардæм рацу, нæ ныхасмæ.
— Нæ! Уазæг мæм ис, йæхи мыл бафæдзæхста, æмæ йæ куыд
ныууадзон? — дзуапп радта, цы бæласы бын æрхуыссыд, уый
сæрæй цыдæр.
Лæг фыццаг фæтæрсæгау кодта, фæлæ дзы, бæласы сæрæй
71
цы дзуапп фехъуыста, уый ныфс бауатъта, æмæуайтагъд афынæй.
Афтæ алы бынатæн дæр ис хицау, æмæ дæхи нæ уазæг куы
бакæнай, уæд дыл ауддзæн.
ХЪУЛОН ДЫГÆРДЫДЖЫ ЦАРМ
Джызæлы, дам, иу къæрных амард, æмæ дзы йæ ныгæнæн
бон хистæртæй чидæр йæ раныхасы æппæлыд. Уæд æм иннæ
бадзырдта:
— Цы дзы æппæлыс? Хуыснæг уыд! Хъæуы фос иугай фæдавта.
— Уанцон нæу! Хорз кæстæр уыд, — йæ сæрыл дзуры ныхас-
гæнæг.
— Уæдæ-ма уæлæ сарайы хъайванмæ скæс.
Лæг скаст хъайванмæ, æмæ уæлæ — йæ хъулон дыгæрдыджы
царм. Æмæ загъта:
— Ай æцæг ницæйаг куы уыд, æцæг.
УАСÆДЖЫ ЗОНД
Иу æлдары дæлбазыр мæгуыры цæрдтытæ кодтой мад æмæ
фырт. Лæппу æлдармæ æххуырсты цыд, æмæ цынæ тыхгуыст
æййæфта йæ сæр, ахæм нæ уыд. Иубон та хъæдмæ араст суг
кæнынмæ. Хъæды кæронмæ нæма бахæццæ, афтæ йæ разы фев-
з^æрд егъау сау калм æмæ йæм адæймаджы æвзагæй куы сдзурид.
Йæ лæппын фесæфт æмæ лæппуйæ куырдта, хъæды йын æй куы
бацагуырдтаид, уый.
Лæппу райдианы фыртарстæй фæсæццæ, стæй йе ’муд куы
æрцыд, уæд, хорз, зæгъгæ, загъта. Æндæр гæнæн та йын цы хос
уыд, æмæ калмæй тæрсгæйæ хъæды цъассыты агурын райдыдта.
Ссардта лæппыны æмæ йæ фæрæты хъæдыл калммæ рахаста.
Калм бацин кодта йæ лæппыныл, стæй лæппуйы фæрсы:
— Цы хорздзинад дын ракæнон, мæ хъæбулы мын кæй фенын
кодтай, уый тыххæй?
— Ницы мæ хъæуы, æрмæст мæ æвыдæй ауадз, — загъта лæппу.
— Хорз, ацу. Абонæй фæстæмæ зондзынæ мæргъты æмæ цæ-
рæгойты æвзаг. Æцæг дын дæ сусæгдзинад исчи куы базона,
уæд уыдзæн дæ мæлæт.
Лæппу ратагъд кодта сæхимæ. Фæндагыл йе ’муд куы æрцыд,
уæд æрыхъуыста йæ алыварс æрдзмæ æмæ диссаг: мæргътæ æмæ
цæрæгойтæ кæрæдзимæ цытæ дзырдтой, уый æмбæрста. Уыцы
рæстæг Æлдарыхъæуы ’рдыгæй æрбайхъуыст фидиуæджы хъæр:
— Паддзахы иунæг чызг уæззау ръшчын у ! Чи йæ сдзæбæх
кæна, уымæн æй усæн ратдзæн йæ паддзахады æмбисимæ!
Мæгуыр лæппу фидиуæджы ныхасыл хъуыды дæр нæ акодта-
ид’, йæ сæрты цы дыууæ зæрватыччы фæдæйтахт, уыдоны ны-
хæстæ куынæ фехъуыстаид, уæд. Иу дзы иннæйы фарста, уыцы
лæг цæуыл хъæр кæны, зæгъгæ. Уæд ъш иннæ афтæ:
72
— Адæм куыд æнæмбаргæ сты, куыд! Сæ паддзахы чызг фæ-
рынчьпг, æмæ йæ куыд сдзæбæх: кæной, уый нæ зонынц æмæ
цъиувæдкс систой. Уæлæ хъæдрæбын галæвзаджы хуызæн цы кæр-
дæг зайы, уый донæй куы фæхъæстæ уа, уæд адзæбæх уыдзæн.
Лæппу хъæугæронæй фæстæмæ аздæхт, хъæдрæбын уыцы
кæрдæгæй æртыдта. Сæхимæ дзы дон æрлæмæрста æмæ дыккаг
бон паддзахы хæдзармæ араст.
Паддзахы чызджы удынарæджы баййæфта. Кæрдæджы до-
нæй йын куы бадардта, уæд йе’муд æрцыд. Чызг куы сдзæбæх,
уæд паддзах йæ дзырд нæ фæсайдта. Иæ паддзахады æмбисимæ
йын æй усæн радта.
Спаддзах мæгуыр лæппу æмæ иуахæмы йæ усимæ абалц код-
той сæ паддзахады зæххытæ уынынмæ. Иу фæхæрдгæнæны сæ
бæхтæ — ефс æмæ нæл бæхы — тых хæст скæнын бахъуыд, æмæ
ефс дзуры нæлмæ: «Тынгдæр рахæц, æз заинаг дæн, уый нæ
зоныс?!»
Лæппу сын сæ ныхас бамбæрста æмæ ныххудт. Уæд æй ус
фæрсы, цæуыл худыс, зæгъгæ. Лæппу йын цы хъуамæ загътаид?
Фæлæ йæ ус кæм уадзы. Уæд ын афтæ зæгъы:
— Уый у мæ сусæгдзинад, æмæ дын æй куы зæгъон, уæд уы-
дзæн мæ мæлæт.
Нæ, зæгъ мын æй, зæгъгæ, ныццæхгæр фыдсыл. Хорз, зæгъгæ,
загъта лæг, æцæг æртæ боны фæстæ, мæхицæн хист куы æрцæттæ
кæнон, уæд. Æмæ фæстæмæ раздæхтысты.
Æртыккаг бон куы æрхæццæ фæсдзæуинтæ хист куы сцæттæ
кодтой, уæд лæппу сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй кæртмæ ра-
хызт хæдзарæй. Кæрты йыл йæ уарзон куыдз йæхи æрбауагъта,
фæлæ йæ уый дæр не ’ндæвта, æмæ куыдз иуварс кæрчыты ’рдæм
йæхи айста æнкъардæй. Уым æй уасæг фæрсы:
— Цы кæны, цы, нæ хицау? Йæ дзыхæй ныхас куынæуал
хъуысы?
Куыдз уасæгæн хабар ракодта. Уæд уасæг афтæ:
— Æмæ цы æнæмæнг хъуыддаг у уый? Ныр мæнæн ацы кæр-
ты цал усы ис, уыдонæй алкæмæн дæр мæ сусæгдзинæдтæ куы
дзурон, уæд мæ сæр куы бахъуыд.
Лæппу уасæджы ныхас фехъуыста æмæ йыл ныхъхъуыды код-
та, стæй йæхицæн афтæ: «Куыд æдылы дæн, уасæджы зонд дæр
кæмæ нæй». Йæ хуынд адæммæ фæдзырдта æмæ йæ хист куывд-
мæ раивта.
ДЫУУÆ ÆХХУЫРСТЫ
Иу бонджын лæгмæ уыд дыууæ æххуырсты. Æххуырстытæн
хæдзары хъуыддæгты сæ куыст иу уыди, сæ мызд та — алыхуы-
зон. Уæд иу бон, къаддæр мызд чи иста, уый фæрсы йæ хицауы:
— Ме ’мбалимæ нæ куыст иу куы у, уæд мæнæн къаддæр
цæмæн фидыс?
73
— Дæуæн къаддæр цæмæн фидын? — зæгъы бонджын, стæй
йын стыр фæндагмæ ацамыдта. Уым иу фыййау фосы дзуг фæ-
цæйскъæрдта. — Далæ-ма уыцы фыййаумæ бауай æмæ базон, йæ
фос кæдæм тæры.
Æххуырст ауад æмæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт:
— Сахармæ сæ скъæры уæй кæнынмæ.
— Базон-ма, иу фыс цас кæны.
Æххуырст та ауад æмæ хабар æрбахаста:
— Фыс кæны фондз сомы.
— Æмæ цал фысы уæй кæны?
Фæцыд та æххуырст фыййауы фæрсынмæ æмæ зæгъы йæ хи-
цауæн:
— Фондзыссæдз фысы.
Уый фæстæ лæг фæдзырдта йе ’ннæ æххуырстмæ æмæ йын
афтæ:
— Далæ-ма уыцы фыййаумæ бауай æмæ базон, йæ фос кæдæм
тæры.
Æххуырст ацыд, фæлæ уайтагъд фездæхт:
— Сахармæ сæ скъæры уæй кæнынмæ, фыс кæны фондз сомы,
уæййаг æм ис фондзыссæдз фысы.
Лæг, йæ мызд йæ зæрдæмæ кæмæн нæ цыд, уыйырдæм ра-
зылд æмæ йын афтæ:
— Бамбæрстай, уымæн цæмæн фылдæр фидын, уый?
ЙЕ ХÆРÆГ МÆЛДЗÆН, ЙЕ - ЙÆ ХИЦАУ
Иу бонджын лæг сфæнд кодта йæ цъæх хæрæджы чиныджы
кæсын сахуыр кæнын. «Ахуыргæнæгæн» хорз мыздæй зæрдæ
æвæрдта, фæлæ ахæм æдылыдзинадмæ йæ хъус ничи дардта.
Уæд иуахæмы фæзынд ахæм дæр. Æцæг рагацау бацагуырдта йæ
мызд æмæ загъта ахуыры æмгъуыд — фондз æмæ ссæдз азы.
Сразы бонджын.
Ахуыргæнæг ахуыргæнæн чингуытæ æлхæнынмæ дуканпмæ
куы бацыд, уæд ын дуканигæс афтæ:
— Æдылы дæ, æви цы? Хæрæг уасын йеддæмæ куы ницы
зоны, уæд æй чиныджы кæсын куыд сахуыр кæндзынæ?!
— Фондз æмæ ссæдз азхмæ йе хæрæг мæлдзæн, йе — йæ хицау, —
уыд ахуыргæнæджы дзуапп.
МУЛЧЫ УÆЗ
Цардысты æмæ уыдысты дыууæ сыхаджы. Сæ иу бонджын —
фосæй сæудæджергæнæг, иннæ мæгуыр — зæхкусæг. Хъæзды-
джЬ1 хæдзар уыд æддæгуæлæ, мæгуырæн та — чысыл къæс. Егъау
кæрт иудадзыг уыд æмыр, хъæлдзæг адæймаджы уынæр дзы
никуы райхъуыст. Мæгуыры кæртæй та хъуыст царды хъæр.
74
Бинонтæ æдзухдæр цыдæртæ архайдтой, хæдзары зылдтытæ
кодтой, цыдис сæм уазджытæ, хæстæджытæ, æмæ сæ хъæлдзæг-
дзинады хъæлæба сæ сыхæгтæм дæр хъуыст.
Бонджыны ус сæм сæ уæлхæдзарæй, йæхи къæлæтджыныл
ауадзгæйæ, уæлейæ бынмæ арæх каст, æмæ сæ хъæлдзæгдзина-
дæй йæ зæрдæ рухс уыд, хæлæг сæм кодта. Хъуыдыты-иу аны-
гъуылд, мах хъæздыг куы стæм, алцæмæй — æххæст, афтæмæй —
æрхуым, сагъæсхуыз, царды ад куы не ’нкъарæм; уыдон уæнг-
дыхы куысты куы рафтыдысты, мамæлайы къæбæрæй куы цæ-
рынц, уæд сæм уыцы цæрыны ныфс æмæ разæнгарддзинад кæ-
цæй цæуы? Иуахæмы уыцы фарст радта йæ лæгмæ, æмæ йын
уый афтæ:
— Уыдон хъæлдзæг уымæн сты æмæ мæгуыр сты. Мулчы уæз
æнцон хæссæн нæу. Фæнды дæ, æмæ сын æз сæ хъæлдзæгдзи-
над фæсурон?
— Куыд? Æвзæрдзинад сын мацы бакæн! — фæтарст ус.
— Нæ. Афæдзы æмгьуыдмæ сын ссæдз сыгъзæрин сомы æфстау
ратдзынæн, уæхицæн дзы исты фæпаида кæнут, зæгьгæ. Æндæр ницы.
Лæг куыд загъта, афтæ бакодта. Æмæ уайтагъд мæгуыр лæ-
джы кæрт æдзæм кæнын райдыдта. Бинонты катай æмæ сагъæс
систы уыцы ссæдз сыгъзæрин сомы. Иуæй дзы куыд фæпайда
кæной, ууыл хъуыды кодтой, иннæмæй та сын адавынæй тарс-
тысты æмæ мæты бацыдысты...
МÆРДТÆМДЗÆУÆГ
Иу зæронд усы низтæ сæ быны скодтой æмæ æдзух хъæрз-
гæйæ, куы амæлин, куы амæлин кодта. Бинонтæ йын йæ уавæр
фæрогдæры тыххæй, сæ амал куыд амыдта, афтæ цыдæр хостæ
кодтой. Иуахæмы йæ хуыздæр дохтыртæн фенын кæныны охыл
Мæскуымæ аластой.
Зæронд усмæ Мæскуыйы стыр уынгтæ, хæдзæрттæ диссаг
куыд нæ фæкастаиккой. Уæлдай дисы та бахауд, метромæ куы
ныххызтысты, уæд. Бынмæ цæугæйæ эскалаторы стæм адæй-
мæгтæ йеддæмæ нæ уыд, фæлæ электричкæ гуыр-гуыргæнгæ куы
’рбацыд æмæ сонтæй йæ дуæрттæ куы фегом сты, адæм дзы
æнæдзургæйæ тагъд-тагъд куы рагуылф кодтой, уæд хорзау нал
уыд æмæ йæ фырты фæрсы:
— Ай цы у, уыйбæрц адæм кæцæй лидзынц?
— Мæрдты бæстæй, æна, мæрдты бæстæй! — æнæрхъуыды
ныхас сирвæзт фыртæй. — Мах та йæм нæхæдæг цæуæм.
— Æмæ дзы адæм лидзгæ куы кæнынц, уæд æм мах цæмæн
цæуæм?
— Æппынæдзух куы амæлин, куы амæлин кæныс æмæ...
— Нæ, нæ, мæ хъæбул, ныр мæ уыцы ныхасы тыххæй маргæ
кæныс?! Цом фæстæмæ! — æмæ эскалаторы ’рдæм фæцæуæг.
75
ПУТ СЫГЪЗÆРИН
Иу паддзах, дам, йæ фырхъалæй цы акодтапд, уый нал зыдта
æмæ ахъæр кæнын кодта: «Йæ ныхæстыл мын, гæды дзурыс, зæгьгæ,
чи зæгъын кæна, уымæн мæ паддзахады æмбис ратдзынæн».
Уæд æм иу дзабырхуыйæг куы бацæуид æмæ йын гæды ны-
хæстæ кæны:
— Абондæргъы арвы скъуыдтæ хуыйын...
Паддзах æй фæурæдта:
— Хуыд дын нæ фесты, афтæмæй мæм цы æрбасхъæл дæ?
Æрдæбонсарæй йе скъуыдтæй уаргæ куы кæны.
Дзабырхуыйæг ма цы загътаид, уый нал зыдта æмæ сæргуы-
бырæй рацыд.
Фосы фæстæ чи рафтыд, ахæм фыййау дæр йæ амонд бафæл-
варын сфæнд кодта. Цы гæды ныхæстæй йæ фæрæдийын кæна,
ууыл дзæбæх ахъуыды кодта æмæ йæм бацыд:
— Мæ фыд дæр фыййау уыд, — дзуры паддзахæн — æмæ уый
мæ хуызæн лыстæджытæ нæ уыд. Ам дæ галуанты дæр нæ бацы-
даид. Лæдзæг та йæм ахæм стыр уыд æмæ-иу дзы мæйрухс æхсæв
арвыл стъалыты ракъуыр-бакъуыр кодта.
Паддзах йæхи фæтызмæг кодта æмæ йыл ныхъхъæр кодта:
— Дæ фыд дæр ницы æмæ дæхæдæг дæр. Цæугæ дæ фос-
рæгъаумæ!
Иуахæмы йæм бацыд иу мæгуыр лæг æмæ йæм дардæй дзуры:
— Паддзах, мæ хæс исынмæ ’рбацыдтæн.
— Цавæр хæс? — бадис кодта паддзах.
— Дæ фыд мæ фыдæй пут сыгъзæрин æфстау райста, æмæ сæ
бадзырдмæ гæсгæ йæ фидыны рæстæг æрхæццæ.
Паддзах фырмæстæй рафыхт æмæ фæхъæр кодта:
— Гæды дзурыс! Мæ фыд никæмæй ницы дардта, афтæмæй амард.
— «Гæды дзурыс. Гæды дзурыс» загътай, — сцин кодта мæгуыр
лæг. — Дæ паддзахады æмбис — мæн!
Мæгуыр лæгмæ паддзахады æмбис не ’рхаудта, фæлæ йын йæ
фыды «хæс» раттыныл сразы.
«АБОН ДÆР МА КУЫДТАИН?»
Иу чызг сабийæ хæсгардæй йæ цæст фæсахъат кодта. Йæхи
æмбарынхъом куы фæци, уæд йæ мады фæрсы:
— Æна, мæ цæст та цы кодта?
— Гъæ, æна дæ фæхъхъау фæуа! Дæхæдæг æй, гыццыл ма
куы уыдтæ, уæд хæсгардæй фæцагайдтай, — загъта мад.
— Æмæ хæсгард мæ къухтæм куыд бафтыд? Цы фыдбылыз
æй æрбахаста мæнмæ?
— Стъолыл æвæрдæй аззад. Ды йæ куы федтай, уæд кæуын
райдыдтай, нал æмæ нал æнцадтæ, ратт мæн æй, зæгъгæ. Æмæ
дæм æй раттон...
— Æмæ ма абон дæр куыдтаин?! — арф ныуулæфгæйæ загьта чызг.
76
ÆНÆФСОН МÆЛÆТ НÆЙ
Хуыцау зæдтæ æмæ дауджытæн сæ хæстæ куы байуæрста,
уæд Удхæссæг зæхмæ здæхгæйæ бирæ фæсагъæс кодта йæ хæ-
сыл, фæстæмæ йæм аздæхт æмæ йын афтæ:
— Не Скæнæг, æгæр стыр æмæ æгъатыр хæс мыл сæвæрдтай.
Адæмы удтæ хæссын æбуалгъ хъуыддаг у. Иннæтæн цы у?! Кæ-
мæн дзы хоры тыллæг бабар кодтай, кæмæн сырдтæ, кæнæ хæдза-
ры фос. Цас бæрнон сты Тутыры, Галæгоны, Донбеттыры æмæ
иннæты хæстæ?! Мæ куыст та уыдзæн æбуалгъ æмæ æлгъыстаг.
Хуыцау æм биноныг фæхъуыста, стæй йæ æрсабыр кодта:
— Тыхсгæ ма кæн, маргæ сæ ды нæ кæндзынæ. Дæ хæс уыдзæн
удтæ хæссын. Мæлæтæн æз æфсон ардзынæн.
«ХЪЫГДАРГÆ МÆ МА КÆН»
Хæсты фæстæйы азты-иу Ирыстоны быдырты бæркæдтæм
бæрнондæр цæстæй кастысты. Уый тыххæй-иу тыллæгæфснайæн-
ты зæхкусджыты уæлхъус æрбалæууыдысты партион æмæ сове-
тон бæрнон кусджытæ. Иу ахæм фæззæг Хъæдгæроны колхозмæ
дæр нартхорæфснайæнты рæстæг партийы обкомæй æрæрвыстой
бæрнон лæг. Йæ хæс уыд хъæуы цæргæйæ колхозы сæрдарæн
нартхортонæнты куыст хуыздæр рацаразынæн æххуыс кæнын.
Бæрнон лæг иу фæззыгон сæумæрайсом йæ уаты рудзынгæй
кæсы, æмæ бæстæ урс адардта. Тыхстæй йæ уатæй рагæпп код-
та, йæ уæлæдарæс акодта æмæ талф-тулфæй колхозы правле-
нийы балæууыд. Сæрдар æмæ иннæ бæрнон кусджыты уым бай-
йæфта, кæрты дæр бирæ адæм æрæмбырд. Сæрдарæй, колхозо-
нæй — се ’ппæт дæр сæ катай уыд, нартхоры тыллæг миты бын
кæй фæци æмæ йæ куыд æртоной, уый. Обкомы бæрнон лæг
сæм ракæс-бакæс кæны, сæ фарсмæ æххуысы охыл исты хуызы
куы балæууид, уый йæ фæнды, фæлæ цæмæй? Алы хъæуы цæ-
рæг дæр йæ хъæуы уавæртæ йæхæдæг хуыздæр зоны... Фæс-
тагмæ сæрдарæн афтæ бакодта:
— Цæмæй дæм фæкæсон? Кæм дын баххуыс кæнон, уый-ма мын
зæгъ?
Сæрдар æй цыма уынгæ дæр нæ кодта, уыйау ын, иуфарсыр-
дæм кæсгæйæ, тыхстæй афтæ:
— Хъыгдаргæ мæ ма кæн.
Æрцæуæг уыцы ныхас дæр æххуысыл банымадта æмæ кол-
хозонты сæхибар ныууагъта.
МÆНÆУ АДÆЙМАДЖЫ КУЫД БАЦИ
Раздæр, дам, калм æмæ адæймаг тынг хæлæрттæ уыдысты.
Калм базыдта, Хуыцаумæ диссаджы бæркадджын хор — мæнæу
кæй ис, æмæ йæ адæймаджы хъусы бацагъта.
77
Адæймаг сфæнд кодта Хуыцауæй мæнæу ракурын æмæ йæ
байтауын. Фæцыд уæларвмæ, Хуыцауы раз балæууыд.
— Цæмæ ссыдтæ? — фæрсы йæ Хуыцау.
Лæг рахъуыды-бахъуыды кæны æмæ йæ мæнæуы ном ферох.
Хуыцау зыдта, лæг æм мæнæу курæг ссæуы, æмæ йын фæнда-
гыл йæ ном ферох кæнын кодта.
Раздæхт фæстæмæ лæг. Æрхæццæ зæхмæ æмæ мæиæуы ном
йæ зæрдыл æрлæууыд. Уæларвмæ та фæцагайдта. Балæууыд та
Хуыцауы раз. Фæрсы та йæ Хуыцау, цæмæ ссыдтæ, зæгъгæ.
Æмæ та мæнæуы ном нал зоны лæг.
Æрыздæхт лæг зæхмæ. Йæ хъаст ракодта калмæн. Калм зонд-
джын кæм нæу æмæ йын бауынаффæ кодта: «Фæдæгъдæй лæ-
дзæг сараз, йæ хуылф ын йæ аппæй асыгьдæг кæн. Æз дзы ба-
бырдзынæн. Лæдзæг демæ ахæсс, æмæ дæ Хуыцау куы фæрса,
цæмæ ссыдтæ, зæгъгæ, уæд-иу лæдзæг дæ хъусмæ схæсс, æмæ
дын æй æз зæгъдзынæн».
Афтæ бакодта лæг. Хуыцау лæгæн мæнæу радта, фæлæ сын
се ’мвæнд базыдта æмæ сæ дыууæйы дæр ралгъыста: «Ацæут,
мæнæу ахæссут, фæлæ абонæй фæстæмæ кæрæдзийæн кард æмæ
фыд фестут».
Уæдæй абонмæ адæймаджы цард фæрныгдæр у мæнæуы фæр-
цы, калмимæ та сты фыдызнæгтæ.
«ЦÆЙ-МА, КАЛИНИН, ИРÆТТÆ НЕ СТÆМ?»
Кæддæр Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы куыста
хорз, уæздан уырыссаг лæг, йæ мыггаг — Калинин. Иронау тынг
хорз дзырдта, уæдæ не ’гъдæуттæ дæр^афтæ базыдта, æмæ йæ
ирæтты æхсæнæй нæ рахицæн кодтаис. Йæхæдæг дæр йæхи æцæ-
гæлоны хуызæн нæ дардта.
Иуахæмы та Калинин посты лæууы, йæ хъус дары, фæндæг-
тыл цæуыны æгъдæуттæ цæмæй хæлд ма цæуой, уымæ. Æвип-
пайды йæ цæст ацахста, æрра тахт цы машинæ кодта, уый. Куы
йæм æрбахæццæ, уæд æм йæ лæдзæггонд фæдардта. Шофыр
чысыл дæлдæр фæурæдта, йæ азым бамбæрста æмæ æд гæххæт-
тытæ æрбацæуы Калинннмæ.
— Фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ цæмæн халыс? Кæдæм тагъд
кæныс? — фæрсы йæ инспектор иронау.
— Хъуыдыты аныгъуылдтæн æмæ, æгæр тагъд кæй цыдтæн,
уый нæ бафиппайдтон, — æргом басаст йæ рæдыдыл шофыр.
— Гъемæ ивар бафиддзынæ!
— Цæй-ма, Калинин, ирæттæ не стæм, ацы хатт мын бахатыр
кæн.
Калинин æм комкоммæ бакаст, стæй бахудт æмæ йын афтæ:
— Цæй ирон дæ, дæхимæ-ма кæсæнмæ бакæс! Стæй, Ким, æз
дæр ирон нæ дæн, уырыссаг дæн!.. Айс дæ гæххæттытæ æмæ дæ
фæндаг раст.
78
Ким — Кæрдзыны хъæуы цæрæг, къарейаг, ирон адæмимæ
схъомыл æмæ йæ цардуаг дæр сирон. Уыцы ныхас ын куыд ра-
уад, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста æмæ худынмæ фæци.
ÆДЫЛЫ СÆР КЪÆХТÆН - ФЫДÆБОН
Хохаг тыхст лæг иу сæрдыгон хорз райсом йæ дард хосгæрстмæ
ацæуын афæнд кодта. Йæ цæвæг рагъæнæй райста, йе ’ккой йæ
баппæрста, хъæсдарæг — йæ дæларм. Хур нæма скаст, афтæ ба-
хæццæ бынатмæ. Къулгонд уыд, фæлæ дзы кæрдæг хорз зад,
хос дзы æрæфтауц кæн, стæй сæ зымæджы мæхъитыл фæдæле кæн.
Райсомы ирдгæмæ лæг йæхи аивæзтытæ кодта, стæй хосгæр-
сты кæрон æд цæвæг æрлæууыд. Бæрæг уыд, абон ын бирæ кæй
бантысдзæн — цæвæг уымæл кæрдæг сæрдасæнау даста, стæй йæ
риуыгъд дæр цыдæр æнцонæй цыд. Иу уис, дыккаг. Æртыкка-
джы райдианы цæвæг ацыргъ кæнын йæ зæрды æрæфтыд. Цыргъ-
гæнæн агуры, æмæ нæй... «Хæдзары мын тæрхæгыл аззад», —
февзæрд йæ хъуыдыйы, æмæ йæ сæр ныттылдта.
Цалдæр уисы ма тыхамæлттæй ныттыдта къуымых цæвæгæй,
стæй цæвæг æмæ хъæсдарæг ногкарст кæрдæджы бьшты амбæх-
ста æмæ мæстæйдзагæй цыргъгæнæн дур агурæг дæлæрдæм дур-
ты цæндтæм йæ ных сарæзта. Куы ницы дзы ссардта, уæд хъæмæ
фæцагайдта.
Фæллад æмæ мæстджынæй та схæццæ йæ хосгæрстмæ. Цыргъ-
гæнæн дурæй йæ цæвæг хорз сдаудта, фæлæ раздæры хуызæн
разæнгардæй кæрдын нал райдыдта. Бонрæфтæй чысыл рауад,
афтæ сихор скодта. Стæй, мæ цæвæгмæ куы азилин, зæгъгæ, йæ
хъæсдарæг карст кæрдæджы бын агурын райдыдта. Иу дзæвгар
æй нал æмæ нал ардта. Куы йæ ссардта, уæд та йæм дзæбуг нæ
разынд, æмæ цæвæг хъæсдарæгыл цæмæй рацагътаид? Атагъд та
кодта йæ хæдзармæ.
Дзæ6}т дæр та схаста, цæвæг рацагъта, цыргъгæнæнæй йæ
сдаудта. Фæлæ уæдмæ хур дзæвгар фæкъул. Цас ма бантыст
хосгæрсты хохаг тыхст лæгæн, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ тынг
фæлладæй æрыздæхт хæрздалынгты. Æхсæвæр куы бахордта,
уæд йæхи хуыссæнмæ байста. Йæ сæр базыл куы æруагъта, уæд
фесхъиуæгау кодта. Стæй баз фелвæста æмæ йæ тагъд-тагъд йæ
къæхты бын авæрдта.
— Сæр æдылы куы уа, уæд базы аккаг нæу, — загъта, — абон-
дæргъы рацу-бацуйæ мæ къæхтыл нал лæууын, бафæлладысты
æмæ уадз базыл æрулæфой. Æдылы сæр къæхтæн — фыдæбон.
«ХЪАМАДЖЫНТÆ»
Кæддæр Куырттаты комы Хæдарцаты мыггаджы рахъомыл
лæппу æмæ чызг. Лæппу хистæр уыд, йæ ныййарджытæн — сæ
ныфс, се ’нхъæлцау. Чызг — бирæ кæстæр, æмæ йæ иунæг мады-
79
зæнæгыл йæ ныййарджытæй — æнувыддæр, уымæн æмæ дзы
бирæ рæвдыд æййæфта. Куы бахъомыл, уæддæр ын чызджытæй
никæй аккаг кодта.
Цард цыди æмæ — уыдонмæ, йæ зынтæ йын æнкъаргæ дæр нæ
кодтой. Фæлæ рацæй-рабон, æмæ сыл фыдбæллæх æрцыд.
Æфсымæрыл, хылгæнджыты иргъæвгæйæ, кæйдæр хъама бауад,
æмæ дæ балгъитæг — афтæ.
Фæмарой кодтой мад æмæ фыд сæ хъæбулы сæфтыл. Мыг-
гаджвг, æхсæны адæмы æфсæрмæй ныхъхъæцыдысты сæ рисыл.
Барæй йæ нæ амардта, зæгъгæ, сын дзырдтой алырдыгæй, æмæ
туджджьштимæ бафидыдтой. Фæлæ хойы зæрдæ не ’рсабыр, нæ
разыкодта йе ’фсымæрымæлæтимæ. Хур æйналтавта, фæлмæн
ныхас æм нал хъардта. Æмæ сфæнд кодта йæ туджджыны, сæ
рæсугъд цард сьгн чк фехæлдта, уый амарын. Фæлæ кæм æмæ
цьг хуызы, уымæн амал нæ ардта.
Иуахæмы хъæуы чындзæхсæв уыд. Лæппуйы хойы дæр сыхы
чызджытæ семæ акодтой, иу чысыл дæхи аирхæфс, зæгъгæ. Æмæ
хъазты йæ цæст куы æрхæцид йе ’фсымæры марæгыл. Чызг айтæ-
уыйтæ нæ акодта, афтæмæй сæхимæ æрмидæг, йе ’фсымæры хъа-
ма йæ къабайы уæрæх дысы амбæхста æмæ та, куыд ничи йæ
бафиппайдтаид, афтæ хъазты балæууыд.
Чысыл фæстæдæр хъазтаразæг чегърейæн аивæй бамбарын
кодта, уæртæ-ма мæ уыцы лæппуимæ ракафын кæн, зæгъгæ. Чегъ-
ре цæмæй зыдта, чызджы сæры цы фæнд ис, уымæн. Искæй
фыд иннæтæй тагъд айрох вæййы. Сæххæст кодта чызджы фæн-
дон. Æмæ кафт куы стынг ис, уæд чызг лæппумæ æввахсдæр
басирдта. Цæстыфæныкъуылдмæ хъама йæ дысæй фæцъортт лас-
та æмæ йæ лæппуйы зæрдæйы ныссагъта.
Адæм сдзолгъо-молгъо сты, фæлæ дзы чызджы бафхæрын йæ
фæсонырхæджы дæр никæмæн уыд. Иуæй, сылгоймагмæ хæцæн-
гарз сисын худинаг уыд, иннæмæй, цæмæн æй амардта, уый ал-
чидæр æмбæрста.
Уæдæй фæстæмæ Хæдарцаты чызджыты Куырттаты комы
«хъамаджынтæ» хонын райдыдтой
ЕММАУСÆГТЫ ПЫСЫПМÆТТÆ КУЬЩ КОДТОЙ
Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæм хæхбæстьг куы цардыс-
ты, уæд иууылдæр хæст уыдысты ариаг диныл. Хæццæ сæм код-
та чырыстон дины тæваг дæр. Аланты стыр паддзахадæн йæ пад-
дзæхтæ æмæ иннæ уæлдæр адæмы фылдæр хай райстой чырыс-
тон дин æмæ йæ парахат кодтой адæмы æхсæн. Уый охыл цы
егъау аргъуантæ арæзт æрцыд, уыдоны кæлддзæгтæ абон сты
Хъæрæсейы зæххыл, сæ иу Суаны аргъуан — Къостайыхъæуы
(Лабæйы) сæрмæ бæрзондгомау хохы тъæпæныл. Уый фæзынд
ирæтты динон зондахастыл, æмæ тæтæрæй хæхтæм куы балыгъ-
дысты, уæддæр сæ нæ ферох. Ноджы уыцы хъуыддагыл стыр
80
зæрдиагæй кусын райдыдтой фыццаг гуырдзы, стæй та — уырыс.
Фæлæ уæддæр нæ фæцудыдта сæхи фыдæлтыккон дин. Уымæн
æмæ уый цыд сæ цардыуагæй, æнцой кодта се ’гъдæуттыл.
Ирæттæ фæстæмæ сæ фыдæлты быдыртæм лидзын куы рай-
дыдтой, уæдмæ сæ бацахстой æндæр адæмыхæттытæ, пысылмон
диныл хæст адæмтæ. Уыдон сæ сабыр цæрын нæ уагьтой, се
’мдин кæй нæ уъщысты, фылдæр уый тыххæй. Давтой сьш сæ
ис, сæ бис, мардтои сæ. Тыхæй сын исын кодтой пысылмон дин.
Уый аххосæй ма абон дæр быдырьг хъæутæй кæцыдыртæ сты
пысьглмон диныл хæст. Зæгъæм, Елхог. Мæнæ куыд фьгссынц
елхотæгтæ сæ хъæуы тыххæи 1999 азы уагьд чиныг «Елхот»-ы:
«Между тем разбои не прекращались. Грабители — татары и
кабардинцы — грабили одинаково как гяуров, так и приверженцев
ислама. Тогда, рассказывают, эльхотовцы, тщательно взвесив все
за и против, собрались однажды и сказали: «Известно ведь, что
селения Малой Кабарды, соседи наши, готовы вместе с нами отра-
жать нападения разбойничьих банд, что им даже предписано пра-
вительством, но они никогда не встают с нами плечом к плечу по
той причине, что мы люди другой веры... Не лучше ли, во имя
объединения против банд, принять и нам мусульманство?»
И порешили эльхотовцы построить у себя мечеть, выписав себе
муллу из Кабарды. Одновременно с открытием мечети в ней откры-
лась и мусульманская школа первоначального обучения — медресе».
Пысылмон дин райстой Арыхъхъы — Заманхъулы цæрджытæ
дæр. Уыдон та сабырæй цæрын æмæ кусын нæ уагътой мæхъæ-
лы абырджытæ. Заманхъуйлæгтæ абырджытимæ куыд тох код-
той, уый фæдыл нæ адæмон сфæлдыстады фæзынд ног зард-
жытæ æмæ кадджытæ. Сæ хъуыстгонддæр — «Тотрадзы зарæг».
Фæстæдæр сæ фарсмæ Куындыхаты Муссæйы хъæу — Еммаус,
ныры Раздзог, Куырттаты комы цæрæг хохæгтæ куы балхæд-
той, уæд уыдонæн дæр хъыцыдæттæ дарын райдыдтой: давтой
сын сæ фос, сæ тыллæг, мардтой сæ. Еммаусæгтæ куы сфæлмæ-
цыдысты, уæд иу бон сæ сыхаг æмирон заманхъуйлæгтæм æрха-
тыдысты: «Уе ’мдин куы сты, зæгъут-ма сын æмæ нæ нæ æлхæд
зæххыл цæрын бауадзой». Заманхъуйлæгтæ сын аныхас кæны-
нæй зæрдæ бавæрдтой æмæ сæм цыбыр рæстæгмæ ахæм фæндон
æрбахастой: «Уыдон дæр, дам, пысылмон дин райсæнт, æмæ сæ
уæд нал хъыгдардзыстæм».
Æрæмбырд та стьг Еммаусы чысыл хъæубæстæ сæ иумæйаг
ныхасмæ. Уынаффæтæ, тæрхæттæ кæнынц, уæдæ цы. Тыхы дур
уæлæмæ тулы. Цы сæ бон уыд мæгуыр зæхкусæг фæллойгæнæг
адæмæн гæрзифтонг лæбурджыты ныхмæ фæлæууынæн. Æмæ
сразы сты пысылмон дин райсыныл. Сæ тæрхон фехъусын код-
той заманхъуйлæгтæн. Уыдон та — иннæтæн. Æмæ сын уыдон
бахæс кодтой еммаусæгты спысылмон кæнын.
Уыцы хъуыддагмæ зæрдиагæй бавнæлдтой Заманхъулы молло
æмæ йе ’ххуысгæнджытæ. Амыдтой сын пысылмон дины æгъдæут-
6 Цгьоыты Хазби
81
тæ, кастысты Хъуыран. Сывæллæттæн райдыдтой сунæт кæнын.
Уæдмæ цард ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ ралæууыд ног сове-
тон дуг — динты цардæй иуварсгæнæг дуг. Æрфидар паддзахадон
закъон æмæ абырæгæн дæр бацамыдта йæ бон æмæ йæ бьшат.
Æхцонæй сулæфыдысты еммаусæгтæ дæр. Сабыр цард сын
æрцыд, пысылмон дины сæр сæ ницæмæнуал хъуыд æмæ йæ нал
райстой. Уый хыгъд, чысыл колхозтæй стырдæр хæдзарæдтæ
куы арæзтой æмæ сæ Заманхъулы колхозимæ куы иу кодтой,
уæд дзы иу асгомау лæг æмбырды сыстад æмæ хъæддыхæй загъ-
та: «Мах Заманхъулимæ æмдзæхдон нал кæнæм! Иу хатт сыл
нæхи бафæдзæхстам, æмæ нæ ныллыгтæ кодтой».
ХОРЗ УС - ЛÆГГÆНÆГ
Кад æмæ радимæ, намыс æмæ фарнимæ цард æмæ уыд иу зæ-
ронд лæг. Сых, хъæу æмæ йæ æнæхъæн ком цы хъуыддаджы нæ
агуырдтой, ахæм нæ уыд. Иудзырдæй, уыд комы лæг. Фæлæ хъыс-
мæт ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ йæ цардæмбал, йæ цоты ныййа-
рæг, йæ къæбæргæнæг амард. Æгъдауимæ йæ бавæрдта, кæй зæ-
гъын æй хъæуы. Æгас комбæстæ дæр дзы лæггадгæнæг уыдысты.
Рацыд рæстæг. Зæронд лæг дыккаг ус æрхаста. Æмæ иумæ
цæрынтæ систой. Гъе, фæлæ лæг ферох комбæстæй, хъæубæс-
тæй, сыхæй. Ничиуал æй фарста зондæй, æгъдауæй. Уымæн æмæ
йæ дыккаг ус разынд фыдсыл, æнæуаг æмæ йын йæ кад, йæ на-
мыс дымгæмæ ныддардта. Комбæсты ’хсæн æй ныххудинаг кодта.
Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц:
— Хорз ус лæггæнæг у, æвзæр ус та — æгадгæнæг.
ЗАМАНХЪУЙЛАГ КАЛАЧЫ
Заманхъуйлаг лæг раджы кæддæр иу рагфæззæг сфæнд кодта
йæ фосæй иу хай ныууæй кæнын. Фылдæр æхца бакусынæн-
хъæл йæ фæндаг сарæзта стыр Калакмæ. Уæйгонд ын фесты, æхца
йæ риуы дзыппы арф сæвæрдта æмæ трамвайы бабадт йæ бинон-
тæн горæты глази æмæ зæлдаг уæлæдарæс балхæныны тыххæй.
Уæд Калак къинтотæй (дзыпкъахтæй) бæз-бæз кодта. Куыд
нæ фæхатыдаиккой заманхъуйладжы. Иу дзы йæ фæдыл баф-
тыд. Трамвайы йын йе ’хцадон фæцъортт ласта æмæ цæугæ-цæ-
уын уынгмæ ралиуырдта. Уыды рæстæг хæдтулгæтæ арæх нæма
уыдысты, фæлæ дзы уæддæр къинтойы иу æрбаййæфта, æмæ
йæ быны дзыхъмард фæци.
Пъæлицæ сдзолгьо-молгъо сты. Марды роны ссардтой æхца-
дон æхца æмæ заманхъуйладжы гæххæттытимæ. Уайтагъд Дзæу-
джыхъæумæ фæхабар кодтой. Уырдыгæй — Заманхъулмæ.
Цалдæр боны фæстæ къинто Заманхъулы уæлмæрды къуыпп
адардта. Заманхъуйлаг базаргæнæгæн та йæ сæр йæ кой сси, —
æнæ ’хца, æнæ гæххæтт тæрсгæ-ризгæ рафардæг йæ фыдæлты
82
уæзæгмæ. Фистæгæй йæ цал боны бахъуыд цæуын, Хуыцау йæ
зонæг, фæлæ иу райдзаст бон æрхæццæ Заманхъулмæ.
Хъæуы кæрон æй йæ хъæубæстæй чидæртæ дардмæ базыдтой
æмæ сыхи-сых хъус-хъус айхъуыст, мæрдты бæстæй, дам, æрыз-
дæхт, æмæ дзы алчи йæхи æмбæхста. Хабар бæлвырдæй куы
базыдтой, уæд та худæгæй гуыбынхæлдтæ фесты.
КЪÆДЗÆХ ЫЛ РАФÆЛДÆХТ
Хохаг фосуарзаг бинонтæм бирæ фос уыд. Хæдзары хицау бон,
æхсæв нæ зыдта, йæ астæу нæ раст кодта фыргуыстæй. Иуахæмы
фæлладæй фаджысы рагъы рæбын йæхи æруагъта. Фаджысы рагъ
фефсæрста æмæ йыл зæйау рацыд. Лæг фаджысы бын йæ уд
исгæйæ, йæ дзых фæхæлиу кодта, æмæ йын фаджысæй айдзаг.
Зианы бон лæджы ус кæуы, йæхи мары, уæрджытæ æмæ
фæрстæ хойы. Хъарæг кæны:
— Уæ мæ фæрстæ дын фехæлой, мæ уæрджытæ бахуыскъ
уой. Сидзæрæй нæ уадзыс, фæлæ-иу мæрдты бæсты, фаджысы
бын амардтæ, уый уæддæр ма схъæр кæн. Зæгъ-иу, къæдзæх
мыл рафæлдæхт.
Уæд æм зæронд устытæй чидæр фæцарæхст:
— Гормон, гæды ныхас ын куыд дзурын кæныс, йæ дзых ын
уæддæр нæ уындзысты?
ДЫУУÆ ЧЪЫНДЫЙЫ
Дыууæ чъынды лæгæн сæ кой адæмыл айхъуысти.
Иу æхсæв сæ иу иннæмæ æрфысым кодта, æмæ цырагъы
рухсмæ бадынц, кæрæдзийæн сæ хъæстытæ кæнынц.
Фысым дзуры:
— Цæй, ныр нæ ацы рухс цæмæн хъæуы? Уæлдай фæлхас
цæуыл кæнæм? — æмæ цырагъ ахуыссын кодта.
Уалынмæ талынджы уазæгæн йе змæлын цæуы, æмæ йæ фы-
сым фæрсы:
— Цы ми кæныс, цы?
Уазæг дзуры:
— Мæнæ мæ хæлаф ласын, талынджы мæ цæмæн хъæуы, бан-
доныл дзæгъæлы ихсийы, æндæр...
ХУЫЗДÆР ЛÆГТÆ - ХУЫЗДÆР ХИЦÆУТТÆМ
Арвыкомы иухатт цавæрдæр хицауы размæ æвзæрст лæгтæ
рацыдысты. Ирон адæмæй дæр дзы иу зæронд фыдконд, гуы-
быр лæг фæци.
Хицау куы æрхæццæ, уæд ирон лæгмæ лыстæг ныккасти æмæ
йæ фæрсы:
— Дæуæй хуыздæр кæй рарвыстаиккой ирон адæм, уый сæм
нæ уыди?
83
Уый йæм дзуры:
— Бирæ дæр сæм ис.
— Ау, уæдæ цæуылнæ рарвыстой?
— Уыдон та хуыздæр хицæутты размæ рацæудзысты.
БÆЛАСЫ БЫН ЧИ ЛÆУУЫД, УЫЙ
Иу лæгæн йæ ус цæрынхъуагæй амард. Афæдзы хæрнæджы
фæстæ лæгмæ йæ хæстæджытæ хатын райдыдтой, ус ракур, иунæ-
гæй кæдмæ цæрдзынæ, зæгъгæ. Лæг нæ разы кодта, стæй загъта:
— Омæ кæд афтæ у, уæд, зианы бон бæласы бын цы бæрзонд
сылгоймаг лæууыд, уымæ хатæг арвитут.
Мæнг нæ фæзæгъынц, лæгæн йæ ус куы амæлы, уæд мæрд-
дзыгойы ’хсæн усаг фæагуры.
НЫРМА РАДЖЫ У
Дыууæ къæрныхы фæцæйцыдысты горæты уынгты.
Иу хæдзары дыккаг уæладзыджы балкъоныл ауыдтой рæсугъд
гауыз. Сæ зæрдæ йæм куыд нæ бахъазыдаид! Иу æм сбырыд
цыхцырæджы трубайыл. Куыддæр æй æриста, афтæ йæ хъусты
ныййазæлыд милиционеры къуыззитт.
— Цы кусыс уый? — афарста æхсæнадон æгьдау хъахъхъæнæг.
Уæд ын къæрных дзуапп радта:
— Не ’мбал хуыцаубоны ус хæссы, æмæ йын лæвар æрбахас-
там. Сæхимæ ничи ис, æмæ йын æй йæ балкъоныл æвæрæм.
— Æмæ нырма æртыццæг йеддæмæ куы нæма у, æгæр раджы
йæ не ’рбахастат? — фæрсы йæ милиционер.
— Æвæдза, уымæй раст дæ, — загъта къæрных æмæ гауыз
ахастой.
ÆХСИДАВÆЙ АРГЬУЫД
Иу лæгæн йæ фыд амарди, ныгæнын афон сауджынмæ арвыс-
той, фæлæ нæй æмæ нæй, нæ цыди сауджын. Уæд фырт фæмæс-
ты, марды æрæвæрын кодта кæрты, йæхæдæг дынджыр æхсидав
райста, марды алыварс æртæ зылды æркодта æмæ дзуры:
— Рухсаг у, мæ фыд! Сауджын дæр дыл уымæй хуыздæр нæ
саргъуыдтаид, кæд дæ уыцы аргъуыдæй мæрдтæ сæхимæ нæ уа-
дзой, уæд мæнæ дæ хæдзар, æмæ-иу фæстæмæ раздæх.
КАЛМ ÆМÆ ФЫЙЙАУ
•Хохаг фыййау бонрæфты йæ фос дардта лæгæты. Йæхæдæг
дæр йæ фæллад уагъта уым. Иу бон кæсы, æмæ лæгæты тарæй
рахылд калм. Фыййау æй амарынмæ хъавыд, фæлæ йæ фæнд аив-
та æмæ йын хъæдын къусы æхсыр æркодта. Калм æхсыр иууыл-
84
дæр тсуы банызта, уæд йæ дзыхæй раппæрста сыгъзæрин æхца.
Уæд фыййау ныхъхъуыды кодта: «Цæй, калмы амарон, йæ
хуыггом ын фехалон æмæ æппæт сыгъзæрин æхцатæ дæр мæн
уыдзысты». Æрлæууыд фыййау хуынчъы раз йæ лæдзæгимæ,
хъахъхъæны йæ. Иуахæмы калм рахылд, фыййау æй лæдзæгæй
æрцавта æмæ йын йæ къæдзил ахауын кодта.
Калм аирвæзт æмæ йæ хуынчъы абырыд. Уыцы цауы фæстæ
фыййау йæ ныфс нал бахаста калмы хуынкъ фехалынмæ. Йæ
маст мæ исдзæн, зæгъгæ, йæ фосы ривæды бынат аивта.
Калм æй уæддæр ссардта æмæ йын йæ сывæллоны авдæны
ныххурх кодта. Фыййау æй базыдта æмæ ахъуыды кодта: «Ай
мын мæ фосы дæр фæцæгъддзæн, фæлтау йемæ бафидауон».
Æрбацыд фыййау, калм кæм цард, уыцы лæгæтмæ. Калм æм
рахылд æмæ йæ фæрсы:
— Цы дæ хъæуы? Цæмæ ма æрцыдтæ?
— Фæрæдыдтæн, æмæ мын бахатыр кæн!
— Не ’хсæн фидыд никуыуал уыдзæн. Æз мæ къæдзил уын-
гæйæ мæ маст никуы бауромдзынæн, ды та дæ сабийыл сагъæс
кæнгæйæ — де ’нæуынондзинад. Фæлтау ардыгæй цæугæ дзæ-
бæхæй æмæ мæ дæхи хъахъхъæн.
Уæдæй фæстæмæ уыцы фыдæхы æнæууæнкдзинад цæры лæг
æмæ калмы ’хсæн.
КУЫВД УЫМ СКÆНДЗЫСТЫ
Иу бинонтæ сæ цæрæн бынат аивтой. Цы сыхы æрцардысты,
уымы нæлгоймæгтæ сæ ног сыхаджы нал æмæ нал уадзынц:
— Дæ ног бынатæн скув. Куывд скæн! Афтæ ’мбæлы.
— Куывд, кæцæй ралыгъдтæн, уым скæндзысты! — уыд ног
сыхаджы дзуапп.
НÆ СÆ БАУЫРНДЗÆН
Цыколайы иу зæронд лæг мæльиш къахыл ныллæуыд. Уый
уыд, раст ног цардарæзт куы æрфидар, уæд. Йе ’мгар зæронд
лæгтæ йæ алыварс бадынц æмæ йæ ныхасыл дарынц.
— Мæлгæ уын кæнын, мæлгæ, мæ хæлæрттæ, — хъæрзгæйæ
сæм дзуры уæззау рынчын.
— Тыхсгæ ма кæн, мах дæр дæ тагъд баййафдзыстæм. Ды
тæхудиаг дæ, ацы ног царды диссаджы хабæрттæ нæ зæронд
мæрдтæн фыццаг чи ракæндзæн, — зæрдæтæ йын æвæрынц лæгтæ.
— Ракæндзынæн, фæлæ Гогоццийы æвзæр хъæуыхицау сси,
уый сæ уæддæр нæ бауырндзæн. Æмæ сын уыцы хабар нæ ра-
кæндзынæн.
85
ЙЕМÆ ДЗЫ НИЦЫ АХАСТА
Фыд æмæ фырттæ фæбыцæу сты сæ мулкыл.
Фырттæ фæстауæрц ницæуыл кодтой, æмæ сын сæ зæронд
фыд уый нæ барста, сæ цæстмæ сын æй дардта. Дзырдта сын:
— Цы нæм ис, уый иууылдæр сымах у, æз дзы мæрдтæм мемæ
ницы ахæсдзынæн. Фæстауæрц кæнын зонут! Абон уæ цы хъæуы,
уый уæ райсом дæр хъæудзæн!
Иурæстæг фыд æррынчын. Мæлгæ-мæлын йæ сыхæгтæн ныф-
фæдзæхста:
— Чырыны мæ куы сæвæрат, уæд мын мæ къухтæ мæ риуыл
ма сæвæрут, фæлæ сæ-иу адаргъ кæнут, мæ армытъæпæнтæ гом
куыд уой, афтæ.
Амард лæг, æмæ йын сыхæгтæ йæ фæндон сæххæст кодтой.
Æрцæуæг хиуæттæм, мард чырыны куыд æвæрд уыд, уый раст
нæ фæкаст, æмæ сыхы хистæртæн сæ фиппаинаг загътой.
— Йæ къухтæ афтæ æвæрд йæхи фæдзæхстмæ гæсгæ сты, —
уыд сыхы дзуапп.
— Афтæ йæ уадзут, афтæ, — загъта хистæр фырт дæр. — Уый
йæ афтид æрмттæ махмæ æвдисы, ома мæрдтæм мемæ ницы хæс-
сын. Цардыл нæ ахуыр кæны...
ЙÆ ЗÆРДЫ ЦЫ УЫД?
Хъæдгæронмæ уазæг æрбафтыд. Хорз æй фæхынцтой, фæлæ
йæ бæх фысымты зæрдæмæ тынг фæцыд, æмæ йын æй бамбæх-
стой. Сæхæдæг ахъæр кодтой, адавдæуыд æй, зæгъгæ, æмæ сæхи
агурæг скодтой.
Уазæджы зæрдæ сæм фехсавдга. Мæсты кæны æмæ хъæрæй домы:
— Мæ бæх мын ссарут, науæд, мæ зæрды цы ис, уый кæнын!
Фысымтæ уыцы æртхъирæнæй фæтарстысты æмæ бæх æрба-
кодтой æмбæхсæнæй. Дзурынц уазæгмæ:
— Дæ бæх дын ссардтам. Хайыр дын уæд, фæлæ-ма нын зæгъ:
куынæ йæ ссардтаиккам, уæд дæ зæрды цы бакæнын уыд?
— Цы? Мæ саргъ ме ’ккой баппæрстаин æмæ нæхимæ афар-
дæг уыдаин.
НАД ХИ ХАРДЗÆЙ
Иу хъæуы фæсивæд фæндзгай сомтæ æрæвæрдтой, иу чысыл
нæхи аирхæфсæм æрдзы хъæбысы, зæгъгæ. Семæ акодтой сæхи-
цæй асдæр лæг, сæ хъæуккаг Ганджейы. Гандже, ома, мæ цæсгом
сырх ма кæна, зæгъгæ, уый дæр йæ фондз сомы бахаста.
Л&ппутæ Терчы был æрбынат кодтой, æмæ уайтагъд арты
фæздæг арвмæ спихылæйттæ калдта. Дзæбæх сæхимæ куы фæ-
кастысты, уæд кæстæртæй чидæр Ганджемæ къæйных ныхас скод-
та, æмæ йæ уый, афтæ аив нæу, зæгъгæ, афхæрдта. Лæппу айтæ-
86
уыйтæ нал фæкодта æмæ лæгыл ралæууыд. Куы йæ суагъта,
уæд, сæ алыварс чи амбырд, уыдонмæ уайдзæфгæнæджы каст
бакодта æмæ сын афтæ:
— Бузныг, лæппутæ. Хорз мын фестут. Фæлæ ма мæ ардæм
цæмæн ластат? Мæ фондз сомыл мæ нæхимæ нæ фæнадтаиккат?
МЫДЦАВÆГ
Иу лæгæн йæ мыды чыргъæд адавдæуыд. Уый бавдæлди, æмæ
хъæуыхицаумæ йæ хъаст бахаста. Хъæуыхицау адæмы къæнцы-
лармæ æрæмбырд кодта æмæ сæм дзуры:
— Ныронг нæм давд нæ уыди, ныр нæм фæзынд, æмæ уыцы
давæг ныртæккæ дæр не ’хсæн ис, нæ астæу бæрæгæй зыны,
сымах дæр æй уынут. Кæсут-ма йæм: йæ худыл бындзытæ куыд
æрæмбырд сты!
Давæг æцæгдæр адæмы астæу лæууыди: уыцы ныхасмæ худ
йæ сæрæй фелвæста æмæ йæм ракæс-бакæс кæнын байдыдта.
ÆЗ ДЗЫ БОН КУЫ НИЦЫ АРЫН...
Хуыснæг æхсæвыгон иу мæгуыр хæдзармæ бахъуызыдис.
Хæдзары хицау æй базыдта æмæ йæм дзуры:
— Уæ, туг дыл ныууара! Æз дзы мæхæдæг боныгон куы ницы
арын, уæд дзы ды æхсæвыгон цы ссарынмæ хъавыс?..
УС ÆМÆ ЛАЛЫМ
Ус йæ лæгæй нал фæрæзта: алы бон хæдзармæ цыдис расы-
гæй. Иу бон самал кодта лалым. Ныддымста йæ æмæ йæ хуыс-
сæны йæ фарсмæ сæвæрдта. Лæг сæ хæдзармæ æнафоны куы
’рбацыд æмæ усы фарсмæ хъæццулы бын къуыппæй куы ауьтд-
та, уæд арвы цæфау фæци. Æбуалгъ хъуыдытæ ныццавтой сæры
магъз. Æвиппайды сын раскъæфта сæ хъæццул. Йæ усы фарсмæ
лалым куы ауыдта, уæд фæуыргъуыйау.
— Ай циу? — нæма æууæндыд æххæст йæ цæстытыл.
— Дæ хæдивæг. Цы уæлдай уæ ис? Дæуау ма хуыр-хуыр уæд-
дæр нæ кæны.
РАСТ ЛÆГ
Цардысты æмæ уыдысты æртæ ’фсымæры. Уыдонæй дыууæ
уыдысты къæрныхтæ æмæ кодтой давыны куыст. Æртыккаг та
уыд раст лæг. Иухатт æй йæ ус иу ран нал уадзы:
— Ды дæр-ма исты радав. Де ’фсымæртæм нæ кæсыс?
— Хорз, — сразы лæг.
Иу æхсæв ацыд къæрныхы æмæ йæхи хъуг радавта, фæдзырдта
йæ усмæ æмæ йæ мæйдары аргæвстой. Лæг зæгъы йæ усæн:
87
— Цырагъ рахæсс æмæ йæ бастигъæм.
Ус цырагъ рахаста æмæ рухсмæ сæ хъуджы куы базыдта, уæд
йæ рустæм фæлæбурдта.
Уæд æм йæ лæг дзуры:
— Гормон, æз кæй хъуг радавон, уый дæр афтæ æрдиаг кæн-
дзæн æмæ тæригъæд у, тæригьæд!
КÆРÆДЗИЙÆН ЗОНДАМОНДЖЫТÆ
Рынчъгн бацыд дохтырмæ. Уый йæм дæлæ-уæлæ кæстытæ
акодта, стæй йын афтæ:
— Мæ хæлар, тæссаг низæй дæм ницы ис. Æрмæст дæ хъæуы
рæстæгæй-рæстæгмæ дзурын: «Æнæниз дæн, æнæниз дæн, æнæ-
низ дæн...»
— Стыр бузныг, дохтыр. Цас дæ дарын?
— Сомырдæг. Бахатыр кæн, сихор кæнынмæ тагъд кæнын.
— Тыхсгæ ма кæн, дохтыр. Стæй дæ ма ферох уæд рæстæгæй-
рæстæгмæ дзурын «Бафыста мын, бафыста мын, бафыста мын».
МАРДÆЙ ДÆР УС СКОДТА
Иу лæг Уæрæсемæ æхца кусынмæ фæцалх. Ацæуы, сæрд фæ-
кусы æмæ та фæззæджы Ног усимæ схæццæ вæййы.
Уæд иуахæмы йæ марды хабар сыхъуыст. Мыггаг æм фæфæ-
дис сты, Ирыстонмæ йын схæццæ кодтой йæ мард.
Мардæвæрæн бон йæ табæты фарсмæ рабадтысты йæ устытæ.
Фæлæ бандоныл кæройнаг чи уыд, уый адæм нæ зыдтой æмæ
кæрæдзи фæрсынц, ай та чи у, зæгъгæ.
Уæд сæнхиуæттæй иу афтæ:
— Йæ ног ус у, æндæр чи!
— Куыд, мардæй дæр ма ус скодта? — бадис кодтой сылгоймаг
мæрддзыгой.
НЫЛГЬЫСТА ЙÆХИ ДÆР
Иу барæг изæрмилты бахæццæ стыр хъæумæ. Цæй, кæд мæ
ам исчи ахсæв бавæрид, зæгьгæ, загъта йæхицæн æмæ хъæуы
стыр уынгмæ йæ бæх фездæхта.
Фæцæуы уынджы, ныххæццæ хъæуы астæу ныхасмæ. Йæхи
саламджьгаæй равдыста, фæлæ йын ам дæр фысым бакæ зæгъæг
нæ фæци. Барæг ныхасæй куы фæдæле, уæд фырмæстæй хъæуы
дæр нылгъыста æмæ йæхи дæр.
Ныхасы бадджытæй йæ чидæртæ фехъуыстой æмæ дисы ба-
хаудт;ой. Иу лæппу йæ фæсте асырдта. Куы йæ ныййæфта, уæд
æй фæрсы:
— Хорз лæг, хъæубæсты дисы баппæрстай. Кæй сæ фелгъыстай,
уымæй бамбæрстой, æнæгьдау кæй разындысты, фысым дын кæй
88
нæ загътой, уый тыххæй. Фæлæ ма дæхи та цæмæн ралгъыстай?..
— Мæхи? Мæхи та уымæн, æмæ мын ахæм стыр хъæуы иу
хæлар кæй нæй, уый тыххæй.
МÆГУЫРЫ ХÆРÆГ
Хæххон лæтæн нæ хæрæг былæй ахауди, æмæ йын йæ хъæу-
бæстæ зæрдæтæ æвæрдтой:
— Ма хъътг кæн, Хуъщау та дын æндæр хæрæг ратдзæн.
Уæд хæрæджы хицау дзуры:
— Нæ зонын, æз цы Хуыцауы зонын, уый мын æнæ фынддæс
сомы хæрæг радта?..
ДЫ СХИЗ РАЗÆЙ
Елхоты устытæ Кæрдзынмæ мардмæ цыдысты. Поезд Елхо-
ты станцæйы иучысыл фæурæдта, æмæ мæрддзыгойы устытæ
кæрæдзимæ хатын систой:
— Схиз, Госæзи!
— Мæ хæдзарыл, дæ разæй куыд схизон, Хадзыхъыз? Нæ,
никæд, мæ мæрдтыстæн.
— Уæд та ды схиз, Дзодзиан!
— Нæ, мæ хур, Тохсыроны разæй не схиздзынæн!
Уалынмæ æхситт фехъуысти, æмæ поезд араст и. Устытæ
кæрæдзимæ фесты:
— Гъеныр дын нæ дзырдтон, схиз, зæгъгæ?
— Мæ хæдзар байхæлд, æмæ дæу разæй куыд хъуамæ схызтаин?
МÆН НÆ БАХÆРДЗÆНИ?
Дыууæ ’фсымæры уарджытæ æркодтой сæ хистæр æфсымæ-
ры ахицæн кæныны тыххæй.
Уарджытæ куы рабадтысты, уæд хистæр йæ кæстæр æфсы-
мæрты фæрсы:
— Цæй-ма, зæгъут мын: цæй тыххæй мæ уарут?
Уыдон æм дзурынц:
— Мах дæуæй нæ байуариккам, фæлæ нæ дæ ус æгас бинон-
тæй бахордта.
Уый сæм дзуры:
— Уæ, Хуыцау кæмæн нæй, æмæ кæд сымах æгас бинонтæй
бахордта, уæд мæн иунæгæй нæ бахæрдзæни?
ТÆФÆРФÆС
Иу фæззыгон бон, куыстафон, ныхасы бирæ лæгтæ бадти.
Уазæг афтæ фенхъæлдта, зиан дзы ис, зæгъгæ, æмæ тæфæрфæс
кæнынмæ æрлæууыди.
89
— Зиан нæу, — дзурынц æм лæгтæ.
Уæд уазæг афтæ:
— Фæззыгон куыстафон уыйбæрц адæм дзæгъæл бадт кæ-
нæнт, уый зианæй фыддæр у.
НУАЗÆН
Иу кадджын лæг уазæгуаты иу хъæумæ бафтыд. Фæхынцыд-
той йæ иу бон, дыккаг бон, æртыккаг бон.
Цыппæрæм бон дæр ма йæ урæдтой, фæлæ цæуыны къахыл:
ныллæууыд.
Цæуы, здæхы хъæмæ мæтъæлæй, уæнгмардæй лæг. Цыдæр
æрхуым хъуыдытæ йæ ’вдæрзынц. Уæд иуахæмы фæстæмæ куы
фæзилид. Чи йæ афæндараст кодта, уыдоны хæдзармæ куы ба-
хæццæ уаид æмæ сын сæ кулдуар куы бахоид. Фысымтæ йæ куы
федтой, уæд фæдисау сты, ай йæ тыхæй куы урæдтам, æмæ
куынæ ныллæууыд, уæд фæстæмæ цæмæн раздæхт, зæгъгæ.
— Фæстæмæ кæй раздæхтæн, ууыл дис ма кæнут, — зæгъы
уазæг. — Æз дзæгъæлкъах æмæ æгуыст, мыййаг, нæ дæн. Æнæн-
хъæлæджы уæм æрбахаудтæн. Хорз мæ суазæг кодтат иу бон,
дыууæ боны, æртæ боны... Æнхъæлмæ кастæн: уазæджы нуа-
зæн мæм куы радтиккой, уæд мæ хæдзар бацагурин, зæгъгæ.
Æмæ мын æй æртæ боны дæргъы нæ саккаг кодтат. Цыппæрæм
бон уæм баззайын мæ цæсгом нал бахъæцыд, фæлæ æнæ нуазæн
ацæуын дæр мæ сæрмæ нæ хæссын.
Фысымтæ йын нуазæн се ’нæрхъуыдыйы аххосæй нæ раттой
æмæ цавддуртау фесты. Стæй йын дзæбидыры сыкъайы сыр-
сыргæнаг бæгæны рахастой — кадьг нуазæн.
ФЫДЫ ФАРН
Кæддæр, дам, иу ирон лæг балцы цыдис æмæ йæ мады фæрсы:
— Фæндаггаг мемæ цы ахæссон?
— Дæ фыды ном, дæ фыды фарн, — уыд мады дзуапп.
Æмæ лæппу балцы йæ фыды ном, йæ фыды фарнимæ фæнда-
раст кодта. Алы ран дæр ыл æмбæлдысты æхсызгонæй.
АБОН - У/Е ИУ, РАЙСОМ - УЕ ’НН/Е
Ног чындз кусыны æгъдауæй йæ къух уазал доны дæр никуы
атылдта: хæдзар не ’фснайдта, хæринаг нæ кодта, райсомæй афой-
надыл никуы сыстад. Уæд хæдзары хистæртæ — зæронд лæг
æмæ зæронд ус — сфæнд кодтой сæ чындзы афæлварын. Иубон
кæрты хъæрæй загъд кæнынц. Сæ хъæлæбамæ ног чындз уаты
рудзынгæй ракаст æмæ сæ фæрсы:
— Цæуыл хъæр кæнут, цы хабар у?
90
— Мæнæ нæ фидауæм, вæ иу дæр «дон æз сдавдзынæн» зæгъы,
не ’ннæ дæр «нæ, æз сдавдзьтнæн» зæгъы.
— Омæ абон уæ иу сдавæд, райсом та — уе’ннæ, æндæр дзы
æнæ хъæлæбагæнгæ хос нæй? — загъта чындз.
МИЛАЙЫ КОЙÆ
Фæсхохаг Химан дард балцæй сæхимæ фæцæйцыд. Хъæугæ-
рон ыл сæмбæлд йæ сыхаг Нестъор. Кæрæдзийыл фæцинтæ код-
той, стæй йæ Химан фæрсы, нæхимæ цы хабæрттæ ис, зæгъгæ.
— Æвзæр хабарæй ницы ис... Æцæг, мæгуыр, уæ куыдз Мила
амардис, — загъта Нестъор.
— Ау æмæ цы кодта? — катайы бацыд бæлццон.
— Цы кодта куы зæгьай, уæд уæ галы стæг йæ хъуыры ныссагъд.
— Æмæ нæ гал та цы кодта?
— Ницы, хистæн æй аргæвстой дæ бинойнагæн, рухсаг уæд,
рухсаг.
— Ау, æмæ цы кодта не ’фсин та?
— Æмæ ма цы кæна, мæгуыр! Уæ хæдзар ныккалдис, æмæ
уый быны фæцис.
— Уæ, Хуыцау дыл йæ бæллæх сæвæра, Нестъор, ай хæдзархæлд
куы фæдæн, уæд мын хабæрттæ Милайы койæ цы райдыдтай!
СÆ ХЪАЛАГЬУРТÆН - ХЪАЛАГЬУРТÆ
Иу хъæу сæхицæн хъалагъуртæ баххуырстой, фæлæ сæ давд
уæддæр къаддæр нæ фæци.
Иу æхсæв та сын сæ фос адавдæуыди, æмæ хъæу æмвæдис
фесты. Давджыты быдыры æд фос æрцахстой. Давджытæ кæд
разындысты хъалагъуртæ сæхæдæг. Уæд иу зæронд лæг обауы
сæрæй хъæр кæны:
— Хорз адæм, байхъусут-ма!
Адæм фæсабыр сты.
— Цæй æмæ нæ хъалагъуртæн хъалагъуртæ баххуырсæм!
АУАДЗУТ МÆ!
Иу усæн йæ лæг амарди. Марды ингæны куы цæвæрдтой, уæд
йæ ус дæр йæ фæдыл ингæнмæ гæпп кодта: «Ауадзут мæ, куыд
ма цæрдзынæн? Ауадзут мæ, нал цæрын æз дæр!»
Адæм æй сабыр кодтой, фæлæ ус никæмæ хъуыста.
Уæд дын сылгоймæгтæй чидæр афтæ зæгъы: «Ауадзут-ма йæ,
цы йыл ныххæцыдыстут? »
Мæрдджын ус йæ кæуынæй фæсабыр æмæ йæм уыциу къæпп
фæкодта:
— Куыд мæ уадзын кæныс, уæртæ лæппуты ус? — йæхæдæг
ингæнæй иуварс рацыд.
91
ЗИВÆГГÆНАГ ФЫРТТÆ
Мæгуыр кусæг лæгæн уыди авд фырты. Сæ иуæй иннæ æнæ-
низдæр, уæнгджындæр, фæлæ — æмхуызон зивæггæнджытæ.
Зæххыл сын фынæй кæнынæй адджындæр ницы уыд. Иу райсом
сæм хуыссæнмæ дзуры:
— Дæлæ Зæрæмæджы къахырты сæумæцъыккæй иу лæг ссар-
дта туман. Фестут-ма иу райсом сымах дæр раздæр!..
Фырттæ фыды ныхасмæ сæ хуыссæны змæлгæ дæр нæ ба-
кодтой. Сæ иу йæ ком аивæзта æмæ дзуры:
— Уыцы туман кæмæй ахаудта, уый ноджы раздæр фестади...
МАРД/ЕЙ РАЙГУЫРДТÆН
Цардис æмæ уыдис иу мæгуыр лæг. Йæ ус æмæ цотимæ сæ
царды бонтæ æрвыстой мæгуыр æмæ дæвдæгæй. Бонтæ цыдыс-
ты. Иуахæмы мæгуыр лæгæн йæ ус амардис. Фæхъыг ыл кодта
лæг, уæдæ цы. Уæдмæ та йыл ног бæллæх сæмбæлд — æваст
æрбамардысты йæ дыууæ сабийы. Æмæ иунæгæй аззад.
Бацыдис мæгуыр лæг дæснымæ, йæ царды хабæрттæ йын кæу-
гæйæ фæдзырдта:
— Æхсæвæй-бонæй хæрæджы куыст кæнын, уæддæр мыл хъуын-
æрду нæ хæцы, арвæй мæм иу рухсы цъыртт нæ кæлы. Куы
райгуырдтæн, уæдæй нырмæ адæмьг хуызæн мæ фæллад никуы
суагътон, иубок фынджы фарсмæ никуы фæбадтæн, агуывзæйы
дзаг арахъ кæнæ- бæгæны никуы банызтон.
Дæсны йæм æдзынæг фæхъуыста æмæ йын загъта:
— Фыдбылызтæ конд дын ис, æмæ дæ цæрæн бынат аив.
Мæгуыр лæг срæвдз кодта йæхи, хæрзбон загъта йæ сыхæг-
тæн, йæ фæндаг ракодта дæсныйыл, хæрзбон загъта уымæн дæр.
Дæсны ма йæ фæстæ радзырдта:
— Хъусыс, хорз лæг, фæндагыл дыл искуы куы баизæр уа,
уæд-иу уæлмæрдты ’хсæвиуат бакæн. Уым дын уыдзæн æдасдæр,
кæннод дæ исчи куы бафхæра, кæнæ дæ бирæгътæ куы бахæрой.
Чи зоны, цас фæцыдис мæгуыр лæг. Иу изæр бахæццæ иу
стыр уæлмæрдмæ. Уым æрæхсæвиуат кодта, къæбæр бахордта
æмæ фæлладæй бафынæй.
Райсом куы райхъал, уæд райдыдта цыртыты фыстытæ кæ-
сын æмæ дисы бацыд: чи дзы фæцард æртæ мæйы, чи — афæдз.
Иу ныхасæй, фондз азæй фылдæр дзы ничи фæцард.
Йæ хордзен йе ’ккойы акодта æмæ хъæумæ бацыд. Кæсы,
æмæ хъæуы диссаджы хъæздыг хæдзæрттæ, ныхасы бадынц боцъо-
джын зæронд лæгтæ. Мæгуыр лæджы æрбадын кодтой сæ
фарсмæ, бафарстой йæ хабæрттæй. Уый сын йæ царды хабæрттæ
ракодта, стæй сæ бафарста, æхсæвиуат кæм бакодта, уъщы уæл-
мæрдтæ кæй сты, зæгъгæ.
— Хъæуы уæлмæрдтæ, — загътой йын.
92
— Ау, — загъта мæгуыр лæг, — сымах зæронд лæгтæ куы стут,
афтæмæй уæм уæ цыртытæм кæсгæйæ иу дæр фондз азæй фыл-
дæр куынæ цæры?
Ныхасы зæронд лæгтæ ныххудтысты, æмæ сæ иу загъта:
— Махмæ ахæм æгъдау ис, æмæ адæймаг куы амæлы, уæд ын
йæ цард банымайæм, фынгыл цæл цас рæстæг фæкодта, æрмæст-
дæр уый æмæ йын æй йæ цъгртыл ныффыссæм.
Мæгуыр лæг загъта:
— Æз баззайдзынæн сымахимæ цæргæйæ, æхсæвæй-бонæй
кусдзынæн. Æцæг куы амæлон, уæд-иу мын мæ цыртыл стыр
дамгъæтæй ныффыссут, ацы лæг мардæй райгуырдис, зæгъгæ.
САСИРГУР
Иу зæронд ус сасиргур сæ сыхæгтæм бауади. Хæдзары зæ-
ронд лæг даргъ бандоныл хуыссыди æмæ, цæмæй ус ма фефсæр-
мы уа, уый тыххæй йæ цæсгом кæрцæй æрæмбæрзта.
Зæронд лæджы æфсин сасир куы радта, уæд хæрзиуæггурмæ
дзуры:
— Фæлæуу-ма, мæнæ иу арахъ аназ!..
Уый йын афтæ зæгъы:
— Нæ, нæ мæ ’вдæлы. Цæй, уæд та æри! — æмæ йæ анызта.
Дыккаг дæр афтæ.
— Иу-ма дзы аназ! — хаты та йæм зæронд лæджы ус.
— Уæуу, æна, тынг æнæвдæлон дæн, — зæгъгæ та йæ айста
æмæ йæ анызта.
Афтæмæй дзы фæд-фæдыл «æнæвдæлонæй» фондз анызта.
Уæд зæронд лæг кæрцы бынæй дзуры:
— Хорз ус, уагæры ма дæ æвдæлгæ куы кодтаид, уæд та дзы
цал анызтаис?..
ЗАРÆГ МÆНЫЛ КÆНЫН ÆМБÆЛЫ
Дзæрæхмæт фесгуыхтис, æмæ йыл лæппутæ зарæг скодтой.
Фæсивæд ссардтой мыггаджы хистæры, бацыдысты йæ кæртмæ
æмæ уым ныззарыдысты.
Зæронд лæг сæ размæ рацыд, арфæ сын ракодта:
— Бузныг, æгайтма нын нæ мыггагæн ахæм кад скодтат, гье,
æрмæст зарæг Дзæрæхмæтыл нæ хъуыд. Ууыл кæмдæр абыр-
джытæ сæмбæлдысты, йæ бæх ын истой, йæхи йын мардтой,
уый дæр сæм фæрæвдз ис, ныццагъта сæ, йæхæдæг дæр, рухсаг
уæд, знаджы нæмыгæй фæмард ис. Ахæм хабæрттæ ма уыдис
амæй размæ дæр. Фæлæ кæд нæ мыггагæй искæуыл зарæг код-
тат, — дзырдта дарддæр зæронд лæг, — уæд зарæг мæныл кæнын
æмбæлд, йæ авд фыртæй иу дæр йае коммæ кæмæн нал кæсы...
93
ХЪУЫРАНÆЙ АРДХÆРД
Иу къæрных адавта моллойы галтæ æмæ сæ базары уæй код-
та, афтæмæй йыл æрхæцыдысты. Молло æмæ къæрных загъд-
замана систой, æмæ сыл адæм æрæмбырд сты. Молло афтæ зæгъы:
— Ард бахæр Хъуыранæй, ацы галтæ мæн кæй не сты, ууыл.
Къæрных цыдæртæ тагъд-тагъд сдыгъал-дыгъул кодта, æмæ
кæд цы дзырдта, уымæн адæм ницы æмбæрстой, уæддæр йæ риу
афтæ зæрдиагæй хоста, ацы галтæ мæхи сты, зæгъгæ, æмæ йыл
адæм баууæндыдысты. Галтæ къæрныхæн баззадысты, адæм
фæйнæрдæм апырх сты.
Уæд молло къæрныхы афтæ фæрсы:
— Дæ хорзæхæй, ард хæргæйæ цытæ дзырдтай? Дæ ныхæс-
тæй дын иу дæр нæ бамбæрстон.
— Æмæ ды араббагау куы фæкувыс, уæд афтæ ’нхъæлыс,
мах фембарæм, æлгъитгæ нæ фæкæныс æви сайгæ, уый? Уæд
мæн дæр иу хатт куы нæ бамбарой адæм, уæд цас диссаг у?
ДЫУУÆ ГÆДЫ ЛÆДЖЫ
Дыууæ сыхаджы, Дæхци æмæ Тепсар, кæрæдзийæн æппын-
æдзухдæр гæды ныхæстæ кодтой. Афтæ сахуыр сты кæрæдзийы
гæды ныхæстыл æмæ сæхи дæр уырнын байдыдтой.
Иухатт Дæхци Тепсарæн дзуры:
— Мæ фыдæн ахæм даргъ скъæт уыди, æмæ-иу йæ дуармæ
ефс уырсмæ куы ссыди, уæд-иу цалынмæ рæбынмæ цыди, уæдмæ-
иу ныззади.
Уæд ын Тепсар афтæ зæгъы:
— Махмæ та ахæм даргъ хъил уыди æмæ-иу сыг уарын куы
рацæйцыди, уæд-иу æй нæ мад радавта æмæ-иу дзы мигътæ фæй-
нæрдæм асырдта.
Уæд æй Дæхци афарста:
— Ау, æмæ уыцы даргъ хъил æвæргæ та кæм кодтат?
— Уæ даргъ скъæты цары, никуы йæ федтай? — загъта Тепсар.
МОЛЛО ÆМÆ ФЫЙЙАУ
Иу фыййау йæ фос хызта фæндагмæ хæстæг. Йæ цурты фæ-
цæйцыди молло.
— Салам-алейкум, молло! — дзуры йæм фыййау.
— Уæ алейкум-салам, æмæ дæ фос бирæ! — дзуапп радта молло.
— Молло, чысыл раздæр мæм хæйрæг æрбацыд æмæ мын афтæ
зæгъы, молло, дам, ауылты фæцæйцæудзæн æмæ йын дæ фыс-
тæц сæ тæккæ нарддæр куы нæ радтай, уæд хæрзсæфт фæуы-
дзынæ. Цымæ цы дава уыцы ныхас?
Уæд ын молло афтæ зæгъы:
94
— Табу сæхицæн, сыгъдæджытæн! Уыдоны фæндон дызæр-
дыггаг нæу, æххæст кæнын æй хъæуы.
Æмæ молло нард фыс аласта.
Чысыл фæстæдæр молло фæстæмæ раздæхт, æмæ та фыййау
йæ размæ фæци æмæ йæм дзуры:
— Молло, уыцы хæйрæг та мæм æрбацыд æмæ мын загъта,
молло, дам, фæстæмæ куы ’рбацæйцæуа, уæд ын лæдзæгæй йе
’рагъæн æртæ хафты ныккæн! Цымæ уый та цæмæ цæуа, молло?
Молло уыцы ныхæстыл ныддис кодта æмæ йын афтæ зæгъы:
— Тобæ, тобæ, фыййау! Исчи дæр ма хæйрæджы коммæ кæсы?
Уый Хуыцауæй æлгъыст куы у. Ма сразы у хæйрæджы ныхæстыл!
Фæлæ фыййау моллойы рагъ йæ лæдзæгæй ныххоста.
РИФТАГ
Иу лæг, уæтæрмæ кæрдзынтæ фæцæйхæсгæйæ, фæндагыл кæй-
дæр уæрдоны абадти æмæ кæрдзынты рифтаг йæ уæхскыл дары.
Уæд æй уæрдоны хицау фæрсы:
— Дæ рифтаг уæрдоны цæуылнæ æрæвæрыс, хорз лæг?
Уый йæм дзуры:
— Нæ, мæ хур, уæд дæ бæхæн æгæр уæззау уыдзæни.
ФÆНДАГГАГ
Иу лæгмæ уазæг æрцыди æмæ йын хорз фæминас кæнын кодта.
Дыккаг бон райсомæй уазæг афтæ зæгъы:
— Дæлæ кæрдойыл цъиу абадти æмæ дзуры: «Уазæгæн фæн-
даггаг хъæуы!»
Уæд фысым загъта:
— Дæлæ ма йыл иу цъиу абадт, уый та афтæ уасы: «Фæндаг-
гон йæ фæндаггаг сæхицæй фæхæссы».
ЧЪЫНДЫ ЛÆГ
Иу чъынды лæг бадти сæ хæдзары æмæ кæрдзын мыдимæ
хордта. Бацыдис æм йæ зонгæ. Чъынды фæтыхсти, кæрдзын
амбæхста, фæлæ йын мыд амбæхсын нæ бантысти. «Цæй, ницы
кæны! — хъуыды кæны чъынды, — мыд айдагъæй нæ бахæр-
дзæн!» Йæхæдæг æм баввахс кодта мыд æмæ йын загъта:
— Мыд дæ хъæуы?
— Стыр бузныг! — бацин кодта уазæг æмæ райдыдта гуымрус-
тæй мыд хæрын. Чъынды исдуг йæхи урæдта, стæй загъта:
— Æгæр бирæ куынæ хæрис мыд, кæннод дзы зæрдæ рисдзæни.
Уазæг бахудти æмæ загъта:
— Кæй зæрдæ? Дæ зæрдæ?
95
НÆЙÆВДÆЛДИ
Фæсхохаг Бетъре, Куырттаты хъæуы кæддæр дыууæ азы кæмæ
бакуыста, ахæм хæдзары æрфысым кодта. Бшгонтæ йæ размæ
рауадысты æмæ йыл цинтæ кæнынц.
Бетъре сæ фæрсы:
— Дзабо та уын кæм и, Дзабо?
Уæд Дзабойы ус дзуры:
— Дзабо нын нал ис, мæ хур, нал!..
— Ау, цы фæци? Цы кодта?
— Уæлæ, мæ хур, горæты дæле Теркыл цæхгæрмæ æрбацæй-
хызти, æмæ йæ дон аласта.
Уæд фæсхохаг аджих ис æмæ дзуры:
— Уæ, йæ хæдзар фехæла, æмæ æххæст горæтмæ цæуылнæ
ссыди æмæ хидыл рахызтаид?
— Нæ йæ ’вдæлди, мæ хур, мæгуыр лæг уыди æмæ, йæ хæдза-
рыл тагъддæр цæмæй сæмбæлдаид, уый тыххæй ууылты рацыди.
— Æмæ йæ мардыл цас цæудзæни ныр?
— Йæ афæдз йæхи фæци.
Уæд та Бетъре дисгæнæгау загъта:
— Ау, æмæ афонмæ дæр нæма ’рхæццæ уыдаид?
БИРÆГЪБАДÆН
Иу лæг бафтыд æнæзонгæ хъæумæ. Кæсы, æмæ уынгтæ —
æнæфснайд, хъамылы бын фесты.
Фæндаггон иу хæдзары дуармæ æрлæууыд, бакасти кæртмæ.
Уым лæууыди цалдæр лæджы. Лæгтæ уазæджы куы федтой,
уæд йæ цурмæ рацыдысты.
— Æгас цу, уазæг!
— Фæрнæйдзаг ут, фæрнæйдзаг!
— Фысым бакæн, цæхх-кæрдзынæй дæ сбуц кæндзыстæм.
— Буцæй фæцæрут, буцæй. Хæрдхъуаг бæргæ нæ дæн, фæлæ
ацы хæдзары гæрзты мыггагæй ницы уаид?
— Ома, цавæр гæрзтæ?
— Гæрзтæ: топп, дамбаца... Хъама дæр фæуæд.
Лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты.
— Ома, галиумæ мæ ма бамбарут, лæбурæг нæ цæуын, фæлæ
мæ мæнæ ауылты дæлæмæ цæуын хъæуы.
— Ау, æмæ дæ хъæууынгты цæугæйæ гæрзтæ цæмæн бахъуыд?
— Далæ, зæгъын, уыцы хæмпæлты сырдæй тæссаг куы уа.
ДАБА ЗАГЪТА, УÆД ГОРÆТ У!
Иу бæрæгбон Даба сфæнд кодта йæ хæстæджыты бабæрæг
к&нын æмæ йе ’фсинмæ дзуры:
— Райсом Дзæуджыхъæумæ цæуæм, æмæ дæхи срæвдз кæн.
Ус срæвдз кодта сæ хæстæджытæн лæвæрттæ æмæ хуын.
96
Райсомæй раджы поезды сбадтысты æмæ рараст сты Даргъ-
къохæй.
Поезд Калонкæмæ куы схæццæ, уæд Даба даргъ труба ауыдта
æмæ йæ усмæ дзуры:
— Рахиз, схæццæ стæм горæтмæ.
Ус схъынцъым кодта, ай горæт нæу, зæгъгæ, фæлæ Даба хъæр-
дæрæй загъта:
— Æз загътон, уæд горæт у, æмæ рахиз!
Ус дæр рахызт, уæдæ цы кодтаид, афтæмæй карзинкæтимæ
фæхафтой Калонкæйæ горæтмæ.
ЛАМАЗ НÆ НÆ ХЪÆУЫ
Раджы-иу æвзæргæнджытæ фæндæгтыл бадтысты æмæ-иу
цæуджытæн сæ бæхтæ истой. Хъуысгæ та афтæ акодта, пысыл-
мон адæмы нæ хъыгдарынц, зæгъгæ.
Уыцы рæстæджы иу пысылмон лæг кæдæмдæр фæцæйцыди,
æмæ йыл фæндагыл æвзæргæнджытæ амбæлдысты. Баурæдтой
йæ æмæ йын йæ бæхтæ байстой.
Лæг сын лæгъстæ кæны:
— Ма мын аласут мæ бæхтæ! Æз дæр сымах хуызæн пысыл-
мои куы дæн.
Уыдон сæ куыст кæнынц.
Лæг куы бамбæрста, йæ ныхас сæм нæ хъары, уæд йæ дза-
быртæ фелвæста, цухъхъа зæххыл æрæвæрдта æмæ ламаз кæны-
ныл фæци.
Æвзæргæнджытæ бæхтыл абадтысты æмæ араст сты. Æваст
дзы иу фæстæмæ фездæхти, топпы бырынкъæй ламазгæнæджы
къæбут æррæхуыста æмæ йæм дзуры:
— Гъæ, пысылмон, мах бæхтæ хъæуы, бæхтæ, ламаз нæ нæ хъæуы!
ЗОНДДЖЫН КУЫРМ ЛÆГ
Мæйдар æхсæв куырм лæг фæцæйцыди уынгты, йæ къухы
цырагъ, афтæмæй. Йæ сыхаг лæг ыл сæмбæлд æмæ йæ фæрсы:
— Дис дыл кæнын, мæ сыхаг: дæуæн та талынгæй-рухсæй цы
хъауджыдæр ис? Цæмæн дæ хъæуы, цы дын æххуыс кæны цы-
рагъы рухс?
Куырм лæг бахудти æмæ йын дзуапп радта:
— Ацы цырагъ æз канд мæхи тыххæй нæ хæссын, фæлæ дæу
тыххæй дæр, цæмæй мыл дæхи ма скъуырай.
УСГУР ÆМÆ КУЫРДУАТЫ БАДÆГ ЧЫЗГ
Дыууæ мыггаджы бафидыдтой. Тагъд хъуамæ уыдаид чын-
дзæхсæв. Раст зæгъын хьæуы, лæппу чызджы уынгæ дæр нæ
фæкодта — уæды рæстæджы уый диссаг никæмæ каст. Дзæбæх
адæймаг у, зæгъгæ, йæ бахъуыддаг кодтой æнæ лæппу.
7 Цгъойты Хазбн 97
Уæд дын иу бон усгур йæ ног хæстæджытæм бацыд. Сарагон-
ды баййæфта æрыгон чызджы. Чызг йе ’взаг даргъ раласта æмæ
сирæйдзаг стуан астæр-астæр кæны.
Лæппу фефсæрмы, фæлæ йæ чызг хъуыды дæр не ’ркодта.
— Хорз чызг, дæ мад та кæм и? — æрæджиау æй афарста сиахсаг.
Чындзаг та йе ’взаг даргъ раивæзта æмæ стуан сысдæрдта,
стæй загъта:
— Уæлæ, мæн чи ракуырдта, уыдонырдæм фæуайы.
— Дæу чи ракуырдта, уый та дæуæй фыддæр! — загъта лæппу
æмæ цæхгæр фæзылд.
СЫМАХМÆ ДÆР ÆРДИАГ КÆНÆМ
Иу мæрдджынмæ æндæр хъæуæй æрцыди мæрддзыгой. Зиа-
ны лæууæг адæм дыууæ кæрты бацахстой, мидæгæй та дыууæты
’хсæн быру нæ уыди.
Мæрддзыгойы адæм сыхаджы кæртмæ барæдыдысты æмæ
кæуынц. Кæуынмæ сæ чындз хæдзары дуарæй йæ сæр радардта
æмæ сæм дзуры:
— Мах не стæм зианджынтæ, уæртæ фаллæгтæм ацæут.
Уæд æм кæуджытæй иу фæцырд æмæ йын афтæ зæгъы:
— Сымахмæ дæр кæуын хъæуы, сымахмæ, йæ кæртыл кау
сбийын чи нæ фæразы!..
ДЗУРАГ УСЫ ХЪАСТ
— Æмбал тæрхонгæнæг, æз домын, цæмæй мæ мæ лæгæй ахи-
цæн кæнат, — райдыдта сылгоймаг йæ ныхас, — афæдзы дæргъы
мæм иу ныхас дæр не скодта.
— Ацы усы ныхæстæ раст сты? — тæрхонгæнæг фæрсы лæджы.
— О, иттæг раст, — йæ сæр батылдта лæг, — раст зæгъы мæ
ус: нæ йæм сдзырдтон, уымæн æмæ уый иудадзыг дæр дзургæ
кодта, æмæ мæнмæ ныхасы бар не ’рхаудта.
АРСДЗАРМ
Иу лæг базаргæнæгимæ бафидыдта, зæгъгæ, дын арсдзарм ауæй
кæндзынæн. Рацыд æмæ иу хорз цуанон лæгæн балæгъстæ код-
та, арс марынмæ мæм фæкæс, зæгъгæ.
Ацыдысты æмæ хъæды иу ран арс баййæфтой. Цуанон æй
фехста, фæлæ арс нæ фæцæф. Æрбаздæхти сæм арс, æрцахста
цуаноны æмæ йæ сау над фæкодта. Базаргæнæг фыртæссæй бæ-
ласыл сбырыди æмæ уырдыгæй касти арсы митæм.
Арс цуаноны куы фæнадта, уæд хъæдмæ фæцæйцыди, фæлæ
фæстæмæ фездæхти, басмыста цуанонмæ, стæй йыл пыхсытæ
срæдзæгъд кодта æмæ афардæг. Арс куы ацыди, уæд лæг дæр
бæласæй æрхызти, пыхсытæ акалдта æмæ йе ’мбалы фæрсы:
98
— Арс фæстæмæ куы ’рыздæхти, уæд ма дын дæ хъусы цытæ
дзырдта?
— Арс мын дзырдта, цалынмæ, дам, арс амарай, уалынмæ йын
йæ царм ма уæй кæн.
ÆЛДАР ÆМÆ МÆГУЫР ЛÆГ
Иу æлдар бацыди мæгуыр лæджы дуармæ, дзуры йæм:
— Ацы лæг, иунæг фарстæн мын дзуапп ратт: базон-базон, мæ
бæхы къæдзилыл цал æрдуйы ис?
Мæгуыр лæг ахъуыды кодта æмæ загъта:
— Æртæ мины æмæ авд æрдуйы.
Уæд та йæ æлдар фæрсы:
— Цæмæй йæ зоныс?
— Æлдар, ды агуырдтай дзуапп иунæг фарстæн æмæ дын æй
радтон. Цæмæй йæ зонын, уый та дыккаг фарст у!
ÆЛДАР ÆМÆ СЫВÆЛЛОН
Иу мæгуыр лæг æлдары фæхонын сфæнд кодта. Фæцыди йæм
хонæг. Æлдар ын афтæ:
— Кæд дзы мæнæй æлдардæр уыдзæн, уæд дæм нæ цæуын.
— Нæ, нæ!.. — йæ удæй арт сцагъта мæгуыр лæг.
Æрбацыд æлдар мæгуыры къæсмæ. Дзаджджын фынгыл æй
æрбадын кодта лæг. Цæл райдыдта. Уалынмæ иннæ уатæй сы-
вæллоны кæуын райхъуыст.
— Æз дæ, мæнæй æлдардæр уæм ис, зæгъгæ, нæ фарстон?
— Уый сыв æллон у, æлдар.
— Сывæллон æлдарæй æлдардæр у, — загъта æлдар, сыстад
æмæ рацыд.
ДÆ СÆРЫЛ ДÆР ХОХÆГТÆ ФÆРАЦУ-БАЦУ КОДТОЙ?
Хохаг быдырмæ ралидзын сфæнд кодта. Йæ фосы муртæ ныу-
уæйы фæстæ иу быдираг хъæумæ хæдзар æлхæнæг бафтыд. Æр-
цæуы хъæуы уынджы, кæсы, æмæ тигьыл цалдæр лæджы лæууынц.
«Афæрсон сæ, кæд хæдзар уæййаг хæстæг сыхтæй искуы зо-
нынц»,— ахъуыды кодта йæхинымæры æмæ сæм бараст. Салам
сын радта. Стæй йæ цыды сæр бамбарын кодта.
— Дæ ныхасы уагмæ гæсгæ хохаджы каст кæныс, — дзуаппы
бæсты загъта лæгтæй иу.
— О, хохаг дæн.
— Æмæ хохаг кæм æрлæууы, уым кæрдæг дæр куы нал фæ-
зайы, уæд дын ам хæдзар чи хъуамæ рауæй кæна? — уыд быди-
раджы тызмæг ныхас.
Хохаг æм комкоммæ бакаст йæ гæмæх сæрмæ æмæ йын æнæн-
хъæлæджы афтæ:
— Æмæ дын дæ сæрыл дæр хохæгтæ фæрацу-бацу кодтой?!
99
ДУРДЗАРМ
Иу æлдар йе ’ххуырстмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:
— Абон мын уæлæ уыцы дынджыр дуры царм куынæ растигъай,
уæд дын дæхн царм растигъын кæндзынæн!
— Хорз, мæ буц æлдар. Æз фосимæ цæуын уæтæрмæ, тагъд
фездæхдзынæн, фæлæ зæгъ дæ иннæ æххуырстытæн, æмæ йæ
ме ’рцыдмæ аргæвдой.
— Гъе, уæртæ æдылы хæрæг! — фæхъæр ыл кодта æлдар, —
Искуыдæр ма федтай дур аргæвдгæ?
Уæд æм æххуырст афтæ дзуры:
— Ме ’рдыгонау, мæ буц æлдар, æргæвдæн цы дурæн нæй,
уымæй царм чи стигъын кæны, уый æппæтæй æдылыдæр у.
МÆСЫГ
Хъæздгуыты хъал фæсивæд æрæмбырд сты мæгуыр лæгыл
æмæ йын йæ бызгъуыртыл худынц, дзурынц æм:
— Уæртæ уыцьг мæсыг æндæр ранмæ ахæсс.
— Табуафси, — дзуапп радта мæгуыр лæг, — уымæй æнцондæр
та цы ис! Æрмæст мын æй ме ’ккоймæ сисут.
— Æмæ дын æй куыд сисæм де ’ккоймæ?
— Уæдæ йæ, гормæттæ, афтæмæй куыд ахæссон?
МÆЛÆТ ЦЫ У?
Рагзаман адæм, мæлæт цы у, уый нæ зыдтой, æмæ уыдысты
хъаруджын, тыхджын, къæдзæх сынæгæй фæлдæхтой, дуры уæз
не ’нкъардтой. Уыцы рæстæджы иу лæг мæсыг самайынæн йе
рагъыл æрбацæйхаста къæдзæхæй æфтыд егъау дур. Æрулæфон,
загъта йæхицæн, дур æрæвæрдта æмæ йыл æрбадт.
Уалынмæ йæ комы зонгæ лæг сæййæфта. Æрбадт уый дæр йæ
фарсмæ. Афæрстытæ кодтой кæрæдзийы. Стæй йын фæндаггон афгæ:
— Далæ Дæлвæзыхъæуы нæ хæстæг амард, æмæ уырдыгæй
цæуын.
— Амард? Уый та циу? — дисгæнгæ йæ афарста иннæ.
Фæндаггон ын марды уавæр биноныг куы радзырдта, уæд лæг
ныссагъæс кодта. Фæндаггон куы ацыд, уæд уый дæр сыстад,
дур мæсыгмæ схæссон, зæгъгæ, йыл схæцыд, фæлæ йæ нал сфæ-
рæзта, мæлæт цы у, уый зонын ын йæ хъару асаста.
Гъе, уый аххосæй нæ хæхты ис бирæ æрдæгамад мæсгуытæ
æмæ фидæрттæ.
РУХС ЗÆГЪЫН УДЫБÆСТÆ У
,Амард хæрз зæронд лæг. Фæстæдæр та бабын йæ фырты фырт —
æнахъом саби. Æмæ мæрдты æгъдауæй иумæ æрвыстой сæ рæс-
тæг. Зæрондмæ йæ хъæбулы хъæбул ныййæфта егъау быркуыйы
100
дзаг сæн. Йæ дадайæн дзы фынгмæ арæх хаста, фæлæ сæн къад-
дæр нæ кодта. Саби ну бон уый бафиппайдта æмæ хъуыдыты
аныгъуылд: «Ацы быркуыйæ сæн куы исын, кæнгæ дзы куы
иичи кæны, уæд йе ’мвæзад бынмæ цæуылнæ цæуы?» Йæ фарст
радта зæрондмæ дæр. Уый йын афтæ:
— Дада дæ нывонд, къаддæр кæнын куы райдайа, уæд дын æй
зæгъдзынæн.
Рæстæг цыд. Иуахæмы та лæппу быркуымæ сæн сисынмæ
æргуыбыр кодта æмæ хорзау нал фæци: сæны æмвæз дзæвгар
ныххауд. Саби уайтагъд фæфæдис:
— Дада, нæ быркуыйы сæн дзæвгар фæкъаддæр.
— Гъе, мæ лæппу, уæлæуыл нæ рох кæнын райдыдтой, нæ ном
нын фынгыл нал арынц, рухс зæгъæг нын нал ис, æмæ нæ быр-
куыйы сæн къаддæр кæны.
ЦÆХХ - ФЫНДЖЫ СÆР
Фæсæфсин æвзонг чызг йæ дадайæн фынг авæрдта.
Зæронд лæг фынгмæ æркаст æмæ йæ хъæбулы хъæбулæн афтæ:
— Дзыкъына, дæ фынг æххæст нæу. Æркæс-ма йæм, цы хъуаг у?
Чызг фынгыл йæ цæст ахаста, фæлæ ницы бафиппайдта.
— Бандоныл алæуу æмæ йæм уæле дæлæмæ æркæс, кæд аф-
тæмæй хуыздæр фенис.
Фæсæфсин бандонмæ схызт æмæ уайтагъд йæ цæсгом фæрухс:
— Цæхх ыл нæй, дада, цæхх!
— Афтæ, афтæ, дадайы дзыкъына. Цæхх фынджы сæр у! —
загъта зæронд æмæ йын ахæм æмбисонд радзырдта, зæгъгæ, иу
лæгæн уыд æртæ фырты. Æртæйы дæр бирæ уарзта, æрхъæцмæ
сыл нæ хъæцыд æмæ йæ иуахæмы бафæндыд, сæхæдæг та йын
куыд аргъ кæнынц, цас æй уарзынц, уый базонын. Фæрсы сæ:
— Лæппутæ, сымах мæ ныфс, мæ мæсгуытæ стут, уæ хорздзи-
надæн цæрын, фæлæ мæ фæнды, сымах та хтын цы аргъ кæнут,
уый базонын.
Фырттæ ныхъхъуыды кодтой, æмæ хистæр афтæ:
— Баба, æз дæ сыгъзæринæй фылдæр уарзын.
— Æз та — налхъуыт-налмасы бæрц, — фæцырд и астæуккаг.
Кæстæр ницы дзуры. Æмæ йæм уæд фыд æруырдыг, ды цæуыл-
нæ исты зæгъыс, зæгъгæ.
— Æз дæ, баба, цæххæй фылдæр нæ уарзын.
Фыдæн кæстæры дзуапп йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ
дзургæ ницы скодта.
Рацыд цасдæр рæстæг. Ахæм дуг скодта, æмæ цæхх ссарæн,
балхæнæн никуыуал уыд. Адæм æндæр бæстæтæм цыдысты, сæ
мулк, сæ фæллой ластой æмæ йæ цæххьгл ивтой.
Фæстагмæ цæхх сыгъзæрин æмæ налхъуыт-налмасæй дæр
фæзынаргь дæр.
Фыдмæ ныр бахъардта йæ кæстæр фырты дзуапп, ныр бам-
бæрста, йæ фырттæй зондджындæр чи у, уый.
101
Гъе, афтæ, дзыкъына, æнæ цæххæй фæцæрæн нæй адæйма-
гæн нæ, фæлæ сырдæн дæр. Цæхх у хойраджы сæр дæр æмæ
фынджы сæр дæр, фынг куы февæрынц, уæд ыл фыццаг цæхх
уымæн æрæвæрынц.
МÆ РАЗÆЙ КÆЦÆЙ ФÆДÆ!..
Тембол рагæй-æрæгмæ дæр цæрæг адæмтимæ нымады никуы
уыд. Фæлæ нæ уыд бынтон мæгуыртæй дæр: кæддæриддæр æм
уыд махсымæ æмæ, уырыссагæй, иронæй, тæтæйрагæй — иуы
дæр йæ дуæртты рæзты цæуын нæ ауагътаид, ныххæцыд-иу ыл:
— Рацу æмæ махсымæ баназ!
Йæ нартхоры кæрдзынæй дæр никуы схъуаг.
Иу райсом балцы куыд цыд Бирæгъзæнгмæ, афтæ, æххорма-
гæй цæуы нæ лæг, зæгъгæ, йын йæ ус къонайыл авæрдта кæр-
дзыны æрдæг, фæлæ йæм æвналгæ дæр не ’ркодта Тембол, —
араст уыцы хуызæнæй.
Йæ фысымтæн æй цы зонын хъуыд, уазæг æххормаг у! Æртыс-
гæн арты ацавта æфсин, къуымæл ын ахъарм кæнон, зæгъгæ, иу
кæрдзын та уал ын къонайыл йæ разы авæрдта.
Исдуг Тембол кæрдзынмæ кæсгæйæ баззад, стæй йын йе æ
’нгуылдз йæ тигъмæ æрхаста:
— Гъе, дæ бинонтæ амæлой, ныртæккæ дæ нæхимæ къонайыл
куы фæуагътон, уæд ардæм мæ разæй кæцæй фæдæ?!
ХУЫЛЫДЗ ХИСÆРФÆН
Дыууæ чындзы иу хæдзармæ æрцыдысты фæд-фæдыл. Уæд
дзы иуахæмы иу хъаст кæны иннæмæн:
— Ай цавæр хæдзар у, цавæр?! Адæймаг дзы йæхи хус хисæр-
фæнæй нæ ныссæрфдзæн.
— Райсомæй-иу раздæр сыст æмæ хус хисæрфæнæй дæхи сæр-
фай, — уыд иннæйы дзуапп.
ЛÆГ - НАРТХОРЫ НÆМЫГ
Иу лæг æнахуыр рынчын фæци æмæ йæхи нартхоры нæмыг
æнхъæлын райдыдта. Рынчындоны йæ дзæбæх кодтой. Иу бон
æм дохтыр фæдзырдта:
— Цæй куыд, дæхи ма нартхоры нæмыг æнхъæлыс?
— Нал, — дзуапп ын радта рынчын.
— Уæдæ уæд сдзæбæх дæ æмæ уæхимæ цæугæ.
Лæг цингæнгæ^ахызт дохтыры уатæй, фæлæ уайтагъд фæс-
тæмæ фæмидæг. Иæ зыр-зыр цæуы.
— Цы кæныс? Цы ’рцыд? — фæрсы йæ дохтыр.
— Дæлæ кæрты... карк... æрбацæуы.
102
— Æмæ нартхоры нæмыг кæй нæ дæ, уый куы зоныс, уæд дзы
цæмæй тæрсыс? — дзуры йæм дохтыр.
— Æз æй зонын, фæлæ йæ карк та цæмæй зоны?! — ныхъхъæр
кодта лæг.
ФЫДБЫЛЫЗ ÆМÆ СУГДЗАУ
Иу лæг хъæдмæ суг ласынмæ ацыд. Схызт иу стыр бæласы
цонгмæ. Сбадти йæ уæлæ æмæ йæ фæрæтæй лыг кæны йæ рæ-
быныл. Фыдбылыз æм кæсы æмæ афтæ зæгъы:
— Ныр ацы лæг уырдыгæй куы рахауа æмæ йæхи куы ныццæва,
уæд та адæмæн хъаст кæндзæн, фыдбылыз мæм æмхиц у, зæгьгæ.
ХОХЫ СÆ ХÆРДЖЫТÆ ХОНЫНЦ
Хохаг мæгуыр лæг, уæззау куыстæй чи ныкъкъæдз, хæхтыл
цæуынæй чи ныггуыбыр, уый быдираг хъæуы уынгты фæцæуы.
Хъæуы цæрджытæй йæ иу къуыдипп баурæдта æмæ дзы ахын-
джылæг кæнынмæ хъавы:
— Гъе, мæ хæлар хохаг, уый дæхи цæй онг æруагътай, фæт-
дзæгьдæны хъæд куы фестадтæ. Дæхи ма сраст кæн, гормон. Ирон
лæджы гуырвидауц æгад кæныс! Ирон лæг хъуамæ ахæм уа?!
— Уæдæ цахæм хъуамæ уа? — фæрсы йæ хохаг.
— Мæнæ мæ хуызæн, — быдираг йæхи хæрдмæ сивæзта æмæ
йæ гæлдæр ноджы тынгдæр разынд.
Хохаг æм кæсы æмæ дзуры:
— Лыстæгкъах, гуыбынджын æмæ стырсæрджын? Ахæмтæ
хæхбæсты дæр ис. Æцæг сæ махмæ хæрджытæ хонынц.
ХÆЙРÆДЖЫТÆ
Ирон динон уырнынадмæ гæсгæ адæймагæн йæхи амарын,
йæхимæ йæ къух сисын кæнынц хæйрæджытæ. Уыдон ын ахæс-
сынц йæ уд æмæ авд азмæ мæрдтыл нæ бафты, фæлæ — хæйрæ-
джытыл. Уый тыххæй-иу раздæр йæхи чи амардта, уыдоны уæл-
мæрдты нæ ныгæдтой, фæлæ — фæсуæлмæрдты.
Раздæр, дам, хæйрæджытæ æргом цыдысты, хæхбæсты, дам-
иу уæлхæдзæртты хъазт дæр сарæзтой. Дзырдтой-иу, химарыны
онг чи æрцæуы, уыдоны хæйрæджытæ фæцырын кæнынц: дæхи
раппар, ма тæрс, кардæй цæв дæхи, нæ дын фæрисдзæн, зæгъгæ.
Уæлдай цымыдисагдæр хабæрттæ уыдысты, йæхи-иу чи амард-
та, уыдоны-иу чидæртæ хæйрæджытимæ кæй федтой, уый. Ахæм
хабæрттæй иу ис, Алæгаты Алик сæ мыггаджы тыххæй цы чиныг
ныффыста, уым.
Хæххон сæрвæты, дам, иу фыййауы къæвда æмæ тыхдымгæ
103
æрцахстой. Ахæм уавæры фосæн тæссаг у, дымгæ сæ былæй куы
акала, уымæй. Æмæ фыййау йæ фос тых æмæ амæлттæй иу лæ-
гæтмæ батардта. Уæдмæ æрталынг. Талынджы та, уæлдайдæр
фæскъæвда хæххон фæидæгтыл æдасæн цæуæн нæй. Æмæ фыййау
лæгæты æрæхсæвиуат кодта. Йæхицæн хуыссæн æркодта, стæй
Бынаты бардуагыл йæхи бафæдзæхста:
— О Бынатыхицау, мæхæдæг дæр æмæ мæ фос дæр ахсæв —
дæ фæдзæхст.
Æрхуыссыд фыййау, фæлæ иуахæмы лæгæтмæ чидæр æрбахо-
ста. Лæг рабадт, æмæ дын хæйрæг Бынатыхицауимæ ныхас кæны.
— Хъæуы иу æрыгон чызг йæхи амардта, æмæ йæ нæ лæппу-
тæй иу куры. Чындзæхсæв ахсæв уыдзæн, æмæ дæ хонынц.
— Нæ, нæ. Мæнæн цæуæн нæй. Уазæг мæм ис, йæхи мыл
бафæдзæхста, — дзуапп радта Бынатыхицау.
— Ракæн уый дæр, — загъта хæйрæг æмæ æрбайсæфт.
Бынатыхицау фыййаумæ æргом рацыд æмæ йæм æрхатыд,
цæмæй уый дæр чындзæхсæвмæ йемæ ацæуа. Фæлæ йæ бафæ-
дзæхста, цæмæй чындзæхсæвы макæмæ мацы сдзура, фынгыл
мацы бахæра, мацы баныуаза. Кады нуазæн æм куы радтой, уæд-
дæр æй æнæдзургæйæ уымæ куыд радæтта.
Фыййау сразы æмæ чындзæхсæвмæ ацыдысты. Бынатыхицау
æй йæ фарсмæ сбадын кодта, фæлæ талынг кæй уыд, уый аххо-
сæй фынгмæ ничи æвнæлдта. Æнхъæлмæ кастысты, фæтæген
цырагъ кæд æрбахæсдзысты, уымæ. Æппынфæстаг цырагъ фæ-
зынд. Æрыгон хæйрæг — цырагъхæссæг — йæхи рæстытæ кодта,
адæмæй, дам, цырагъы тыххæй «нал и» ничиуал дзуры, «дзаг у,
дзаг у», кæнынц. Æрмæст, дам, ма иу ус срæдыд, нал и, зæгъгæ
æмæ уæд æз дæр уый цырагъ раскъæфтон.
Цырагъ куы ссыгътой, уæд фыййау федта, цы бæркадджын
фынджы фарсмæ бадт, уый. Фæлæ уый цы у?! Фынджы кæрон
чындзарæзтæй æрьтгон хæйрæджы фарсмæ кæд бады йæхи чызг.
Фæлæ йæ Бынатыхицау куыд бафæдзæхста, уымæ гæсгæ ницы
сдзырдта. Цыма ницы уыдта, ницы хъуыста, уыйау йæхи дард-
та. Кады нуазæн æм куы радтой, уæд уый дæр æнæдзургæйæ
Бынатыхицаумæ ралæвæрдта æмæ сбадт.
Лæгæтмæ куы æрбаздæхтысты, уæд æй Бынатыхицау карз-
дæр ныффæдзæхста, цы федта æмæ цы фехъуыста, уый фынд-
дæс азмæ куыд никæмæн радзура. Исты куы срæдийа, уæд сæр-
ра уыдзæн. Ацы сусæгдзинад фынддæс азы бамбæхсын куы ба-
фаераза, уæд та стыр дæсны суыдзæн. Ууыл фæхицæн сты.
Райсомæй бæстæ куыддæр раирд, афтæ фыййау йæ фосимæ
атагъд кодта хъæумæ. Сæ хæдзары йæ чызджы мардæй баййæф-
та, загътой йын, йæхи кæй æрцауыгъта, уый. Фæлæ æхсæвы цы
федта, уый тыххæй сыпп дæр не скодта. Афтæ фынддæс азы
дæргъы никæмæн ницы радзырдта уыцы æхсæвы балцы тыххæй.
Æмæ æцæгдæр дæсны фæрсын райдыдта. Йæ дæсныфарсты, дам,
уыйбæрц æцæгтæ дзырдта, æмæ йæ кой дæрдтыл айхъуыст.
104
ФÆЛТÆРТÆ КУЫРМÆЛХЫНЦЪ СТЫ
Иу хъæуы цæрджытæ хистæрты куырыхонæй ахæм раст зон-
дыл хæст уыдысты, æмæ сæ цард цæджджинагау фыхт. Хъуаг
ницæмæй æййæфтой. Гъе, æцæг сæ фæсивæд æгæр фæхъал сты,
куыстмæ сæ хъус нал дардтой, æнæгъдау, æнæуаг митæ кæнын
райдыдтой. Сæ фылдæр рæстæг цæлы фынгтыл æрвыстой. Æхсæв-
бонмæ-иу фæминас кодтой, фæкафыдысты, бон та — фынæй.
Хистæрты, уыдæттæ уынгæйæ, стыр мæт бацыд, сæ кæстæр-
ты раст фæндагмæ куыд раздахой, ууыл сагъæс сын æнцой нал
лæвæрдта. Фæлæ кæстæртæм хистæрты ныхас нал хъардта, сæ
уайдзæф сын æфхæрдыл нымадтой.
Иуахæмы та хъæуы фæсивæд æрæмбырд сты хибар ран. Ба-
дынц, минас кæнынц. Сæ бухъ цардæй, сæхицæй разы сты. Гъе,
æрмæст ма сæ сæ хистæртæ куы нæ хъыгдариккой...
Уæд дзы иу афтæ зæгъы:
— Сæ уайдзæф æмæ се ’лхыскъ ныхæстæй нæ бон нал у, зæрдæ
сæм фырмæстæй тъæпп хауы! Хъæугæ та нæ цæмæн кæнынц,
хъæугæ?!
— Æппындæр ницæмæн! — фæрæвдз иннæ.
— Хъыгдарыны хос нын сты! — загъта æртыккаг. — Кæдмæ
сын хъуамæ быхсæм?! Цæй æмæ сын кæрон скæнæм.
— Куыд?! — æмхъæлæсæй афарстой иннæтæ.
— Амарæм сæ!
Уыцы фæнд бирæты зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ сын сæ
«митæ», сæ «æфхæрæн» ныхæстæ иугай «хурмæ калын» куы
райдыдтой, уæд иууылдæр сразы сты. Æмæ дыккаг бон сæ фыд-
вæнд сæххæст кодтой: сухты цагъд фæкодтой сæ хистæрты, сæ
дарджытьг, сæ зондамонджыты. Æрмæст иу лæппуйы зæрдæ нæ
бакуымдта йæ фыды амарын. Зæронд куырм фыд ын уыд. Рæв-
дыд йеддæмæ дзы зулдзыхы ныхас дæр нæ зыдта. Бавдæлд æмæ
ныккæнд скъахта. Уым æй бамбæхста. Уырдæм ын сусæгæй хæ-
ринаг, дон хаста.
Бонтæ цыдысты, рæстæг ивгъуыдта. Цард йæхионтæ кодта.
Хъæуы фæсивæды хъыгдарæг нал уыд. Диссаджы цард. сын
æрцыд, куыддæриддæр сæ зæрдæ дзырдта, афтæ кодтой. Цæл
æмæ хъæлдзæгдзинад, ронбæгъд æмæ æбæрнон. Кусгæ нал код-
той. Æмæ сын сæ хистæртæй цы бынтæ баззад, уыдонæн уай-
тагъд сæ бынæй рухс суагътой. Фæстагмæ сæм, иумæйаг фын-
гæн нæ, фæлæ æхсæвæрæн цы бахордтаиккой, уый дæр нал уыд.
Уæдмæ уалдзæг дæр ралæууыд. Хуым кæнын, тауъгн хъæуы,
фæлæ сæм тауинаг нал баззад. Æрбамбырд та сты иу ранмæ,
уынаффæ кæиынц, дарддæр цы кæнгæ у, зæгъгæ, фæлæ сæ зонд
ницы ахсы, æххормаг мæлæтæй куыд аирвæзой, уымæн ницы у
сæ бон æрхъуыды кæнын.
Йæ зæронд куырм фыды ныккæнды чи бамбæхста, уый иумæ-
йаг æмбырдæй куы æрбаздæхт, уæд æм ныххызт. Кæрæй-кæ-
105
ронмæ йын радзырдта хъæубæсты хабæрттæ. Зæронд лæг ныс-
сагъæс кодта æмæ фæстагмæ йæ фыртæн зæгъы:
— Æвирхъау митæ бакодтат, кæстæртæ... Цы æрцыд, уымæн
раздахæн нал ис, фæлæ ма хъæубæстæй удыгас чи баззад, уыдон
æххормаг мæлæтæй аирвæзын кæнын хъæуы. Тауинаг уæм кæй
нал баззад, уымæ гæсгæ бавдæлут æмæ хуымзæххытæ нæ, фæлæ
фæззæджы быдыртæй уæрдæтты хор цы фæндæгтыл ластат,
уыдон бахуым кæнут. Уыцы фæндæгтыл ласгæ-ласын цы хоры
гагатæ фæкалди, уыдонæй Хуыцауы фæрцы, исты æвзартæ хъуа-
мæ сзайа. Уый у уæ иунæг мадзал.
Лæппу рацыди, хъæубæсты фæсивæды æрæмбырд кодта æмæ
сын бамбарын кодта, цы сæ кæнын хъæуы, уый. Бахуым кодтой
æрмæстдæр фæндæгтæ. Рæстæг рацыд. Кæсынц æмæ фæндæгтыл
мæнæуы æвзартæ фæзынд. Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæдтой.
Ралæууыд фæззæг. Банай кодтой сæ хор æмæ йæ бафснайд-
той. Сæ цинæн кæрон нал уыд, æххормаг мæлæтæй кæй аирвæз-
дзысты, ууыл. Фæлæ уæддæр, цы æвирхъау бæллæх æруагътой,
уый нæма бамбæрстой, нæма сæм бахъардта. Уæд æрæджиау чи-
дæр куырм зæронд лæджы лæппуйы сонт фарст акодта:
— Дæ Хуыцауы тыххæй, зæгъ-ма, куыд æрхъуыды кодтай,
фæндæгтæ хуым кæнын хъæуы, уый?
Лæппу йæ фыды хабар хъæр кæнынмæ нæ хъавыд, фæлæ сын
фæстагмæ радзырдта, йæ фыды кæй нæ амардта, ныккæнды йæ
кæй бамбæхста, фæндæгты дæр уый уынаффæ æмæ зондæй кæй
бахуым кодтой, уый.
Фæсивæдыл, уыцы ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд æртæфст
сæ рæдыд. Зæронд лæджы ныккæндæй схизын кодтой, йæ разы
сæ зонгуытыл æрлæууыдысты æмæ дзы хатыртæ курынц.
Зæронд лæг сын афтæ:
— Стыр æмæ æвирхъау рæдыд æруагътат. Хуыцауы раз рæ-
дыд стут. Хатыр дæр фыццаг Хуыцауæй курын хъæуы. Æмæ
уын Стыр Хуыцау уæ сонт рæдыд ныххатыр кæнæд. Дарддæры
царды сымах дæр æмæ сымах кæстæрты дæр Хуыцау бахизæд
ахæм рæдыдæй.
Афтæ у цард: хæдзары хистæр куырм, хуысгæ рынчын куы
уа, уæддæр йæ фарн бирæ у. Уæддæр ныфсы, хъомысы хос у
кæстæртæн. Фæлтæртæ кæрæдзиимæ куырмæлхынцъæй баст сты,
райхалæн, фæхицæнгæнæн сын нæй. Хистæры зондыл, кæстæры
хъаруйыл лæууы цард.
ÆРДХОРДЫ ХЪОМЫС
Кæддæр хæхбæсты иу æвзыгъд лæппуйы цæст гуыпхъазты
æрхæцыд æндæр хъæуккаг гуырвидауц саулагъз рæсугъд чыз-
гыл. Йе ставд быд дыууæ дзыккуйы кафгæ-кафын йæ фæсонтыл
æмызмæлд куыд кодтой, уый дæр ма бафиппайдта. Чегърейæн
аивæй бамбарын кодта, йемæ мæ акафын кæн, зæгъгæ. Акафы-
106
дысты. Зæрдæ зо^наг у, фæзæгъынц. Чызг фæфиппайдта тæлтæг
лæппуйы ахаст. Йæ зæрдæмæ фæцыд.
Цас рæстæг рацыд, чи зоны, фæлæ лæппуйæн æнæ уыцы сау-
рæсугъ.д, йæ бон цæрын нал уыд. Йæ къах æй уыцы хъæуæй нал
хаста. Йæ уавæр ын æмбæрстой йæ бирæ хæлæрттæ, йе ’рдхорд
æфсымæр. Хистæрты хъусты йæ бацæгъдиккой, фæлæ чызгæн
æнæмоймæдзыд хистæр хо уыд — нæма йæ радтаиккой. Æмæ
уæд сфæнд кодтой: «Аскъæфæм æй!»
Сæ фæнд сæххæст кодтой иу зымæгон бон. Дондзауты æхсæ-
нæй йæ фæхицæн кодтой, сау нымæты фæдджийы йæ бæхмæ
сæппæрстой, æмæ дæлæ барджытыл цæст нал хæцы.
Сæрдыгон хæхбæсты цъассыты кæмфæнды дæр бамбæхсæн
ис, æхсæвыгон дæр дзы не суазал уыдзынæ. Зымæг уыцы
уавæртæ къуындæг сты. Æмæ сæ фæстæ фæдисы чи рацыд, уыдо-
нæй сæхи бамбæхсын сæ къухы нæ бафтыд. Байстой чызджы,
æрцахстой лæппуйы. Иннæты ауагътой, адæм сын тæрхонгæнæг
уыдзысты, зæгъгæ.
Чызджы фыд æгъатыр лæг уыд, æмæ сфæнд кодта лæппуйы
бафхæрын. Амарид æй, æмæ адæймаг амарынмæ алкæй къух нæ
тасы. Изæрырдæм æй хохы рындзмæ скæнын кодта, æмæ йæ
уым бæласыл фидар бабастой. Чызджы фыд кæстæрты бафæ-
дзæхста, суæгъд кæнынмæ йæм куыд мачи ссæуа, афтæ. Карз
тæрхон ын рахаста: хохаг зымæгон хъызт æхсæвы бар ын бакод-
та йæ хъысмæт, æрдзы фæрцы йæ амарын уыд йæ фæнд.
Лæг райсомæй йæ амæттаджы бæрæггæнæг куы ссыд, уæд йæ
дисæн кæрон нал уыд: лæппу нæ ныссалд, нæ амард. Уый нæ,
фæлæ йæ цæстыты цæхæр дæр нæ фæмынæг.
— Цы зæд, цы дуаг дын баххуыс кодта, лæппу? — фæрсы йæ. —
Удæгас ма куы дæ... Куыд нæ ныссалдтæ?
— Мæ зæд æмæ мæ дуаг дæр у ме ’рдхорд æфсымæр. Дысон-
бонмæ мын арт кæны æмæ мæ йæ зæрдæйы артæй тавы.
Лæг рамæсты йæ кæстæртæм, æввахс æм макæй суадзут,
зæгъгæ, сын куы бафæдзæхстон, зæгъгæ. Лæппуйы алыварс акæ-
стытæ кодта арты фæд агургæйæ. Лæппу йæ бамбæрста æмæ
йын афтæ:
— Ам æй ма агур, уæртæ рындзы ныхмæ къардиуыл... Ныр
дæр ма уым ис. Йæ арты цæхæр мæ ныр дæр æндавы.
Чызджы фыд рындзы бакомкоммæ фаллаг фарс миты уæлæ
арты æвзæгтæ æмæ лæппуйы æрдхорды куы ауыдта, уæд йæ
зæрдæ къæссавæлдæхт фæци. Æрдхорддзинады тых дардмæ дæр
кæй ахады, йæ хъомыс зымæгон æхсæвы хъызтæй кæй бахъахъ-
хъæдта, уымæй йæ зæрдæ æрфæлмæн. Лæппуйы райхалын код-
та, йæ зын сахаты адæймаджы иунæгæй чи нæ уадзы, ахæм
æрдхæрдтæ кæмæн ис, уый мын сиахсæн цæуылнæ сбæздзæн,
зæгъгæ, æмæ йын загъта: «Цæугæ дæ хæдзармæ æмæ дæ минæ-
вæрттæ рарвит! Мæн дæуæй хуыздæр сиахс нæ хъæуы».
107
АРС
Кæддæр Куырттаты комы Цымытийы цард иу хорз цуанон,
Дзиго — йæ ном. Уый Дзири-дзуары хъæды æрцахста арсы лæп-
пын. Сæхимæ йæ æрмахуыр кодта, амыдта йын хъæбысæй хæ-
цын. Æмæ фæсивæд фæцалх сты йемæ абухыныл. Уæлдай тынг-
дæр ыл сæхи ирхæфстой бæрæгбæтты, хъæбысæй хæсты-иу рад-
гай йæ ныхмæ æрлæууыдысты.
Иуахæм бæрæгбоны хистæртæ фынгтыл куы бадтысты, фæ-
сивæд та кафынæй, зарынæй æмæ арсимæ хъæбысæй хæцынæй
сæхп куы ирхæфстой, уæд сæм æнæнхъæлæджы ныббырста
æндæр бæстæй знаг. Æнæхæцæнгарз адæм цас ныццæгъдинаг
уыдысты хотыхджын фыдгултæн! Æмæ сыл къуыхтæ кæнгæ ра-
зылдысты. Фæцæф сын кодтой сæ арсы дæр. Цæф арс сыл йæхи
рауагъта, сæ раздзæуæджы сын йæ бæхæй æриста æмæ йæ акъа-
бæзтæ кодта. Тыхгæнджыты æрдонг цалынмæ сæ балхоны арсы
дзæмбытæй истой, цалынмæ арсы мардтой, уæдмæ фæсивæдæн
фадат фæци сæ хæцæнгæрзтæ райсынæн, æмæ знæгты сæргой
фæкодтой сæ фыдæлты уæзæгæй.
Арсы фæрцы фыдбылызæй фервæзтысты куырттатæгтæ æмæ
йын Дзири-дзуары бын цыртдзæвæн сæвæрдтой - дурæй йын
йæ фæлгонц скодтой. Арсы фыд хæрын та сæм ссис нæфæтчнаг.
АХУЫР
Иу хæрæг, -дам, йæ хицауæй феуæгъд, ссæрибар дзы нс. Фер-
вæзт йæ хъизæмæрттæй. Фæлæ йын уæддæр цыдæр нæ фаг код-
та æмæ æнцой нæ зыдта. Афтæмæй иуахæмы рæхснæг уис ссард-
та, æмæ йыл хур ракаст. Систа йæ, æмæ дзы йæхи надта.
ХÆЙРÆГЫЛ ФÆУÆЛАХИЗ
Мæгуыр сидзæр лæппу бахъомыл. Цардæй ницыма федта,
æххуырсты куысты рафтыд. Ныр усгуры кары бацыд, фæлæ
кæдæм æмæ цæмæй æрхæсса ус?! Нæ йæм мулк ис, нæ йын
хæдзар ис. Кæйдæр фæсдуар схъомыл. Уæдæ цы фæуа, цы фæ-
кæна йæ уды иунæг тау-къоппа?! Фурды был бады, æмæ йæ
уæззау хъуыдытæ зæйау сæ быны фæкодтой.
— Гъæ! — къух ауыгъта, — хæйрæджы хай фæуæд, зæгъгæ
фæкодта æмæ, гъа ныр фурды йæхи баппара, афтæ хæйрæг йæ
фарсмæ февзæрд.
— Чи мæ агуырдта? Цы мын хай кæныс? — баййардта лæппуйы.
Лæппу йын радзырдта йæ уæззау царды хабæрттæ.
— Æз дын хæдзар дæр сараздзынæн, ус дæр ракурдзынæн,
цыдæриддæр дæ бафæнда, уый дын араздзынæн, æмæ дзæбæх
фæцæрдзынæ. Æцæг, куы амæлай, уæд дæ уд Хуыцауы нæ, фæлæ
мæн куыд уа.
108
Лæппу фæджихау:
— Уый та куыд?... Æмæ мæ фæндон куы нæ сæххæст кæнай,
уæд та?
— Уæд ды амбылдтай, цыдæриддæр дын самал кæнон, уыдон.
Куы амæлай, уæд та дæ уд уыдзæн Хуыцауы.
— Хорз, — загъта лæппу.
Æмæ хæйрæг йæ куыст райдыдта. Лæппу æрцард æддæгуæлæ
хæдза^эы. Йæ зæххы тьæпæнтæ æмæ йæ фосы рæгъæуттæй йæ зæрдæ
рад. Иæ куырой йæ зыррытгæй æхсæв дæр не ’нцад. Уæдæ мæнæ
йæ равзæрст чызг дæр йæ хæдзармæ фарны къах æрбавæрдта.
Æртыккаг æхсæв, усгур æмæ чь!ндзæн сæ фыццаг иумæйаг
æхсæв, лæппу æмæ чызг сæ кæрæдзийыл цинтæм куы бахæццæ
сты, афтæ сын хæйрæг сæ дуар бахоста. Лæппу фесхъиудта æмæ
дуары ’рдæм фæцæуæг. Фæсдуар ын хæйрæг афтæ:
— Цы акусон? Куыст мын нæй.
— Ацу, хъæубæстæн цыдæриддæр хосгæрст ис, уый æркæрд,
бахус æй кæн, хос бассив æмæ йæ самай!
Лæппу лын ахæм дæргъвæтин куыст барæй радта, цæмæй йæ
бирæ рæстæг мауал бахъыгдара. Фæлæ та сахаты æрдæджы
фæстæ дуары къупп-къупп фæцыд. Рацыди та йæм. Сдзурын
дæр æй нæ бауагъта хæйрæг, тагъд-тагъд ын ранымадта;
— Уыгæрдæнтæ ракарстон, кæрдæг ахус кодтон, хос бассыв-
тон, самадтон æй мæкъуылты...
— Уæдæ ныр та ацу æмæ, хъæубæсты зымæгмæ цасдæриддæр
суг хъæуы, уый фаллаг хъæды ракæн, æрлас сæ æмæ сын сæ
самай сæ кæртыты.
Хæйрæг та ауад æмæ та сахаты æрдæджы фæстæ дуар хойы.
Лæппу дæр та фæгæпп кодта æмæ та йын ног хæс авæрдта:
— Ацу æмæ хъæубæсты гонты цыдæриддæр хор ис — æрысс
сæ æмæ сын сæ се ссаддонты бафснай.
Лæппу йæ усмæ куы баздæхт, уæд æй тæргайæ баййæфта.
Иуæй йæм йæ фест-фест диссаг фæкаст (хæйрæджы хост уый
хъусгæ дæр нæ кодта, æрмæст йæ лæппу куыд хъуыстаид, ахæм
хост уыди). Иннæмæй та-иу лæппу куы æрбаздæхт, уæд йæ хъуы-
ды уыд, хæйрæгæн цы зындæр хæс радта, ууыл æмæ-иу æй йæ
усы барæвдауын ферох. Ныр æй, цы кæныс, зæгъгæ, куы ба-
фарста, уæд ъы уый сбустæ кодта:
— Кæд дæ нæ хъуыдтæн, уæд мæ цæмæн æркодтай?
Лæппу йæхи раст кæнынмæ фæци æмæ, цы хæйрæджы ахæс-
ты бахаудта, уый йын радзырдта. Ус ын афтæ:
— Мæ бар-ма йæ бауадз! Куы дæм æрбахойа, уæд ын æз рат-
дзынæн хæс.
Уæдмæ та дуары къуырцц-къуырцц райхъуысти.
— Ам та ис! — мæстыйæ загъта лæппу.
Чызг йæ дæлармæй иу æрду ратыдта (æрду уайтагьд акъæ-
бæлдзыг) æмæ йæм дзуры:
— Ацу æмæ йæм ацы здыхст æрду радт, сраст, зæгъ, æй кæн.
109
Лæппу дызæрдыггæнгæ бакаст йæ усмæ, уый цæй хæс у,
зæгъгæ, фæлæ уæддæр йæ коммæ бакаст.
Хæйрæг ацыд æмæ уыцы æхсæв нæ, дыккаг, æртыккаг æхсæв
дæр нал фæзынд. Уæдæ цы фæци, зæгъгæ, лæппу йæ агурæг
фурды былмæ, фыццаг хатт æй кæм федта, уырдæм ныффардæг.
Кæсы, æмæ кæддæр йæхæдæг цы дурыл бадт, хæйрæг ууыл æнкъар-
дæй бады æмæ æрду раст кæны. Куы йæ ауыдта, уæд ын афтæ:
— Амбылдтай мæ, лæппу. Ацы æрдуйæн цы нæ кæнын, фæлæ
къæбæлдзыгдæр цы фæци, æндæр нæ раст кæны. Дæхи фæндиаг
у, — æмæ фæтары и.
АЗÆЛД
Азæлд у уынæры бардуаг, уддзæфы бардуаг Уахъæзы æфсы-
мæр. Таурæгъмæ гæсгæ, сæ мад амард, Азæлд дзурын дæр нæма
зыдта, уæд. Æмæ баззад йæ иунæг æнахъом хо Уахъæзы æвджид.
Уый йын уыд хо дæр æмæ мад дæр. Йæ хъомыл кæнын иууылдæр
уымæ каст. Уый йæм йæ цæст дардта, рæвдыдта йæ, узæлыд ыл.
Ахуыр æй кодта дзурын, къахдзæфтæ кæнын. Сæ кæрæдзиуыл
æрхъæцмæ нæ хъæцыдысты. Цардысты æмæ рæзыдысты кæрæ-
дзийы цннæй. Фæлæ сæ удæнцойдзинад бирæ нæ ахаста. Фыд ус
ракуырдта. Уый фыдсыл разынд æмæ сидзæрты æнæмæт, зæрдæ-
рай цард фехæлдта, йæ мæрдты удхæссæг федта хо æмæ ’фсымæ-
рæй. Схуыст ныхас, рæхуыст йеддæмæ дзы иу рæвдыд ми нæ бан-
къардта Уахъæз. Сывæллон, дам, зæрдæ зоны: йæ иу фендæй дæр-
иу скуыдта Азæлд. Æмæ уымæй ноджы знæтдæр кодта фыдыус.
Уахъæз бонæй-бон тынгдæр мысын райдыдта йæ мады. Кæугæ-
дзыназгæ-иу, Азæлд йæ хъæбысы, афтæмæй балæууыд хъæуы-
сæр уæлмæрды, йæ мады ингæны уæлхъус-иу бирæ фæбадт, йæ
хъæстытæ-иу фæкодта. Иуахæмы та уæлмæрды кæуын æмæ дзы-
назынæй куы бафæллад, уæд йе ’фсымæры фарсмæ нæууыл
æрфынæй. Азæлд дзурын нæма зыдта, æрмæст-иу фæзмæгау иугай
ныхæстæ скодта. Зынтæй цыд къахыл дæр. Ныр дæр йæ хойы
кæуынмæ раздæр æрфынæй æмæ хъал дæр раздæр раци. Дыгъал-
дыгъулгæнгæ слæууыд йæ къæхтыл æмæ уæлмæрды кæрон
рындзмæ хъавгæ-цудгæ цыдæй араст. Араст йе сæфты фæнда-
гыл. Чи йæ баурома, йæ къух æм чи бадара, уый — йæ иунæг хо,
фæлæ ууыл куыдвæлладæй хуыссæг фæтых.
Азæлд рындзмæ бахæццæ, иучысыл фæцудыдта, æмæ дæ фыдгул
афтæ. Рындзæй асхъиудта æмæ дæлджинæгмæ фæтæхы. Кæцæйдæр
ма хаугæ-хауын йæ хойы номимæ йæ кæуын сыхъуыст. Уахъæз йæ
бынаты фесхъиудта, фехъал æмæ, йе ’фсымæры йæ фарсмæ куы нæ
ауыдта, уæд, хъæр кæцæй фехъуыст, уыцырдæм «Азæлд! Азæлд!»
хъæргæнгæ азгъордта. Хуыссæгхъæлдзæгæй йæ æрбайрох уæл-
мæрды кæроны рындз æмæ дзы йе ’фсымæры фæдыл асхъиудта.
Азæлд æмæ Уахъæзы агурæг хъæубæстæ фæфæдис сты, дæл-
110
джинæгæй сæ схастой, фæмарой сыл кодтой, стæй сæ баныгæд-
той сæ мады фæйнæфарс.
«Саби зæд у»,— фæзæгъынц ирон адæм. Сæ хъысмæтыл Хуы-
цауы зæрдæ дæр фæрыст æмæ сын се ’взонг удтæ мæрдты бæс-
тæм нæ ауагъта. Ныууагъта сæ зæххыл. Æмæ ма абон дæр иумæ
арвæй зæххы ’хсæн хæтынц. Систы уынæр æмæ уддзæфы бар-
дуæгтæ. Азæлд ныр дæр ма дзурын нæ зоны æмæ фæзмæгау
кæны алы уынæр дæр. Хъазы, худы, мах дæр йæ митыл цин
кæнын кæны. Уахъæз ыл ныр дæр у иузæрдион, йæ хъæбысы
йæ радав-бадав кæны хæхты, дæтты, быдырты сæрты, иумæ
фæмидæг вæййынц хæхты цъассыты, лæгæтты, нарæг, къуын-
дæг бынæтты æмæ та уырдыгæй райхъуысы уынæры бардуаг
Азæлды фæзмæгой хъæлæс. Уахъæз æй рæвдауы, узæлы йыл.
Йæ узæлд æнхъæвзы адæммæ дæр. Æнтæф бон ма Уахъæзы узæл-
дæй хуыздæр цы ис! Йæ аныдзæвд, йæ улæфт ын уддзæф хуы-
мæтæджы нæ хонæм — нæ удтæ нын рæвдауы. Азæлд та нын
фæзмы нæ ныхас æмæ нæ худын кæны нæхиуыл.
БАНАНТÆ ЧИ ХЪУАМÆ УÆЙ КÆНА?
Дзæуджыхъæуы базары иу рæстæмбис кары лæг картæфтæ
уæй кæны, хъары сæ адæмæн.
— Хорз картæфтæ! Лæхурæг картæфтæ! Хохаг картæфтæ!
Дæргъæвсаг картæфтæ! Балхæнут дæргъæвсаг картæфтæ! Фæс-
мон нæ фæкæндзыстут — фыхæй дзыхы тайынц.
Йæ хъæр-хъæлæба адæмы йæхимæ здахы, æлхæнынц ын йæ
картæфтæ. Уалынмæ йæм иу лæг бауырдыг æмæ йæ фæрсы:
— Хорз лæг, адæмы цæмæн сайыс? Ды дæргъæвсаг куы нæ
дæ, уæд цæй дæргьæвсаг картæфтæ уæй кæныс?
Адæм сæ дзолгъо-молгъойæ фæсабыр сты. Æнхъæлмæ кæсынц,
уыцы лæгæн уæйгæнæг цы дзуапп ратдзæн, уымæ.
Уæйгæнæг лæгмæ фездæхт.
— Æмæ уæд, дæумæ гæсгæ, банантæ хъуамæ æрмæст афри-
кæйæгтæ уæй кæной?..
ФЫНДЖЫ БЫН
Къуыдаргомæй иу лæппу Куырттаты коммæ уазæгуаты куы
цыд, уæд ын йæ фыд бафæдзæхста: «Уыдон — куырттатæгтæ —
дзырдарæхст сты, рæсугъд æвзагыл дзурынц, æмæ-иу уæлдай,
хъæуа-нæ хъæуа ныхас ма кæн. Цас къаддæр дзурай, уыйбæрц —
хуыздæр. Цæмæй дын дæ ныхасы уагыл ма фæхудой!»
Лæппу йæ фыды ныхас йæ зæрдыл бадардта æмæ уазæгуаты
йæхи тынг мадзура дардта. Суанг-иу æм сидт куы æрхæццæ, уæд
дæр æрмæст, Хуыцау, баххуыс кæн, зæгъгæ-иу загъта æмæ-иу
111
æй анызта. Уымæй дæр йæ ныхас йæ фарсмæ бадджытæй дард-
дæр никæмæ хъуыст. Хистæр уый бафиппайдта æмæ уазæджы
’рдæм йе ’ргом аздæхта:
— Кæстæртæ! Уазæг йе хæргæ нæ кæны, йе — нуазгæ? Йæ
ныхас куы нæ хъуысы.
— Мæнæн нæхичæй афтæ фæджæхст ис: бирæ, дам-иу ма жур...
Æмæ æз дæр чыбырæй фæзæгъын, Хуычау, баххуыс кæн, —
фæрæвдз уазæг йæхæдæг.
— Æмæ дæ нуазæн та цы фæвæййы, кæд дын кувæн нæй, уæд?
— Фынджы бын æй бакалын, — фæрæвдз та уазæг.
— Уанцон фынджы бын нæу!... — бадис кодта хистæр æмæ
фынджы бынмæ аивæй кæсы.
— Уырдæм нæ, хистæр! Мæхи фынджы бын.
ЦАРДЫ СÆЙРАГДÆР
Фæзæронд, фæкæлæх и лæг. Йæ уæнгтæ нал кæсынц йæ ком-
мæ, йæ сæр схъил кæнынæн нал у. Хуыссы уæлгоммæ йæ сын-
тæджы. Йæ сæрмæ, йæ алыварс хæлуарджытæ тыннывæндæн
кæнынц. Хъыгдарæг сæ нæй. Зæронды дæр не ’ндавынц. Уæззау
хъуыдытæ йын йæ сæр цæнгæт фестын кодтой, æмæ йæ зæрдæ
ницæмæй райы.
Уыцы рæстæджы йæм дуар чидæр æрбахоста.
— Чи дæ?! — фæсус хъæлæсæй рахъæр кодта лæг.
— Дæ рагуарзондзинад! Бауадз мæ, æмæ дын дæ туг скусын
кæнон.
— Цæмæн раздæхтæ?! Ды мæ нал æндавыс. Ацу фæстæмæ дæ
ранмæ.
Аздæхт уарзондзииад, æмæ та иу цасдæры фæстæ æрбайхъуыст
дуары кьуырцц-къуырцц.
— Чи дæ?! Цы дæ хъæуы?
— Дæ раздæры исбон. Æххуысмæ дæм фæзындтæн.
— Дæ сæр дæр мæ нал хъæуы. Ницыуал мын баххуыс уы-
дзынæ. Алцы дæ бон нæу! Цæугæ фæстæмæ!
Ныссабыр зæронды къæс, фæлæ та æрбахостæуыд дуар.
— Чн дæ!? Цы уæ хъæуы мæнæй! Мæлын мæ цæуылнæ уадзут?
— Æз дæ раздæры æнæниздзинад дæн. Бауадз мæ, æмæ дæ дæ
къæхтыл слæууын кæнон.
— Мидæмæ, мидæмæ! — бацин ыл кодта лæг, æмæ йæ цæсго-
мы æнцъылдтæ фæйнæрдæм ацыдысты.
Æнæниздзинадимæ рухсы цъыртт ныккасти йæ зæрдæмæ, йæ
уæнгтæ базмæлыдысты, фæфидар йæ зæнджы магъз. Æмæ та
йæм æрцыд цæрын, кусын. Æрыздæхтысты йæм мулк æмæ уар-
зондзинад дæр.
Æвæдза адæймаджы царды алцыдæр æнцой кæны йе ’нæниз-
дзинадыл.
112
ÆГЬДАУЫЛ КÆМ НЫЛЛÆУУАЙ,
УЫМ ДÆ УÆЛФАДÆЙ СГÆПП КÆНДЗÆН
Зианы фынгыл рухсаг зæгъын, хойрагæй саходын мардæн уды-
бæстæ хуыдтой нæ фыдæлтæ. Уымæ гæсгæ арæзт цæуынц хæр-
нæджы æмæ зæронд мæрдтæ æрымысæн бонты фынгтæ дæр.
Фæлæ ахæм фынгты фæткæн алчи аккаг аргъ нæ кæны, чидæртæ
зианы бон дæр ма хъæуа-нæ хъæуа сæхи хæрнæджы фынгæй
айсынц. Уый фæдыл бирæ ныхæстæ фехъусæн вæййы.
Иу лæг, дам, алы зианы дæр йæ лæггады хай кодта: æрмæ-
джы æхцайæ дæр æмæ лæггадæй дæр, фæлæ йæ фыдæбон мар-
дæн никуы ныххæлар кодта. Марды-иу куы ахастой, уæд-иу йæ
хæдзармæ цæуыныл ныллæууыд, хæрнæджы фынгыл никуы
æрбадт. Уый бафиппайдтой адæм.
Рацæй-рабон æмæ иуахæмы йæхиуыл дæр зиан æрцыд. Амард
йæ фыд. Хъæубæстæ, хиуæттæ йæ фарсмæ æрбалæууыдысты.
Марды бавæрдтой, фæлæ дзы иу дæр фынгыл не ’рбадт, мардæн
рухсаг у, зæгъгæ, ницæмæй загътой, хойрагæй нæ сахуыстой.
Сæ хæдзæрттæм фæфардæг сты, раст цыма дзырд бакодтой,
афтæ. Лæг йæ хъыг æмæ мæтимæ йæ фынгты уæлхъус иунæгæй
куы аззад, уæд бамбæрста йæ рæдыд, æрфæсмон ыл кодта. Æмæ
уæдæй фæстæмæ хæрнæджы фынгмæ здæхын райдыдта.
ÆВЗÆР АХУЫР ФЫДБЫЛЫЗ У
Иу хъæуы æрæнцадысты ног цæрджытæ цалдæр хæдзарæй.
Хæдзæрттæ аразынмæ, цæхæрадæтты куыстмæ февнæлдтой.
Бынæттон цæрджытæ дæр сæм амал æмæ гæнæнæй сæ хъус дард-
той. Уалынмæ фæззæг дæр æрцыд, тыллæг æфснайæн рæстæг.
Æмæ диссаг: бынæттон цæрджытæн сæ сæнæфсиры, сæ дыргъы
тыллæг æхсæвыгæтты сæфын райдыдта. Бахъахъхъæдтой сæ
къæрныхты. Уыдон кæд разындысты хъæуы ног цæрджытæ.
Цынæ сын фæкодтой хорзæй, тызмæгæй, ма давут, давын æвзæр
у, зæгъгæ. Фæлæ сæ нæ басастой.
Æрæмбырд сты зæронд цæрджытæ сæ уынаффæдоны æмæ
сагъæс кæпынц, уæдæ сын цы амал скæнæм, зæгъгæ.Уæд дзы иу
куырыхон лæг фæндон бахаста:
— Цæй æмæ сын сæ цæхæрадæтты сæнæфсиртæ ныссадзæм.
Сæхимæ дыргъ æмæ сæнæфсир куы уа, уæд налдавдзысты!
Сразы сты йæ фæндоныл. Сæ цæхæрадæтты сын ныссагьтой
алыхуызон дыргъбæлæстæ, сæнæфсир!
Рацыд æртæ азы. Уал азы сын, сомбон нал давдзысты æнхъæ-
лæй, быхстой сæ хуыснæгадæн. Фæлæ сæ дыргъцæхæрадæтты
æппæт дæр куы фæзынд, уæд дæр сæ ахуыр нæ ныууагътой.
Æмæ та сагъæсы бацыдысты бынæттон цæрджытæ.
Æвзæр ахуыр фыдбылыз у. Адæймаг дзы æнцонтæй нал схи-
цæн вæййы.
8 Цгьойты Хазби
113
СÆРЫ ДЗИДЗА
Кæддæр, дам, аланты æфсады балхонтæй иу уацары бахауд.
Адайнагæн йæ хъæбатырдзинад дæрдтыл хъуыстгонд уыд, æмæ,
уацары кæмæ бахауд, уыдоны паддзах йæхицæй ныббуц, ахæм
хъæбатыр лæг æм къалатийы кæй бады, уымæй. Йæ амарыныл нæ
тагъд кодта, фæлæ йын æххормагæй йæ хъару, йæ ныфс асæттын
сфæнд кодта. Хъоргъы йæ ныппарын кодта æмæ загъта: «Дæттут
ын æрмæстдæр уыцы-иу хæринаг, цæмæй дзы йæ зæрдæ сцъæх уа
æмæ хъизæмарæй мæла. Хæринаг та равзарæд йæхæдæг».
Аланты æфсадхонæн уавæр куы бамбарын кодтой, уæд уый
хæринæгтæй равзæрста сæры дзидза.
Бонтæ цыдысты, азтæ ивтой кæрæдзи, алайнаг хъæбатыр хæс-
тон бадт хъоргъы, цард айдагъ сæры дзидза æмæ донæй, фæлæ
знаджы фæндиаг нæ кодта: йæ хъару, йæ ныфс нæ саст. Уæд æм
иуахæмы паддзах уынынмæ бацыд, йæ бон ын базонын кодтон
æмæ йыл йæ сары бон мæ къах æркъуырон, зæгъгæ. Алайнаджы
удфидар æмæ цæттæ хæстонæй куы федта, уæд фырмæстæй йæ
цæстыты туг абадт, йæ фæсдзæуинтыл ныббогътæ кодта, нæл
гæдыйы хаст æй цавæр хæринагæй кодтат, зæгъгæ.
Фæсдзæуинтæ йын бамбарын кодтой, дæ бардзырдмæ гæсгæ
йын æрмæст иу хæринаг — сæры дзидза æмæ дон, æндæр кæй
ницы лæвæрдтой. Уыцы-иу хæринаг та, ды нын куыд бафæдзæх-
стай, афтæ равзарын кодтам йæхицæн, зæгъгæ.
Паддзах куы æрсабыр, уæд алайнаджы йæхимæ æрбакæнын
кодта æмæ йæ æрфарста, сæры дзидза цæмæн равзæрстай, зæгъгæ.
Уый йын радзырдта, йæ рагфыдæлтæй нырмæ йæ адæм кусарты
сæрæн куыд кад кæнынц, цы фарн æвæрд дзы ис, уый. Хистæр-
ты раз æй цæмæн æвæрынц... Стæй, дам, сæры дзидза ахъаз у
суанг стæг æмæ сæрымагъзæн дæр.
Паддзахы йæ уацайраджы адæмы зонд æмæ æрхъуыдыдзинад
фæцагайдтой, йæ зæрдæ фæфæлмæн æмæ алайнаг æфсадхоны
кад æмæ радимæ рафæндараст кодта йæ фыдæлты бæстæм.
НÆ ЛÆППУ УС КУЫ РАКУРА
Лæг изæры куыстыты фæстæ хæдзармæ куы бахызт, уæд
кæсы æмæ йæ ус къонайы фарсмæ кæуы.
— Цы кодтам, усай?! Цы ныл æрцыд? — фæрсы йæ.
— Нырма ницы.
— Уæдæ цæуыл кæуыс?
— Цæуыл кæуын, зæгьыс? — дзуры ус хъарæггæнгæ. — Мæнæ нæ
лæппуйæн ус куы æрхæссæм, æмæ йын фырт куы райгуыра, æмæ йæ
чындз мæ пирæны цур куы фæуадза, æмæ уый пирæнмæ йæ сæр куы
’рхæсса... Æмæ нын афтæмæй куы ’рбамæла, мæ арт бахуысса,
уæд ма цы кæндзынæн, куыд цæрдзынæн? — æмæ та ус скуыдта.
114
ЗАДАЛЕСЧЫ НАНА
Дыгургомы Задалесчы хъæуы фарсмæ лæгæты ис кувæндон.
Йæ кой йын, æвæццæгæн, алчидæр фехъуыстаид, фæлæ йын йæ
равзæрд алчи нæ зондзæн. Цыппæрдæсæм æнусы кæрон Тимур
(Тамерлан) зынг бафтыдта æгас Кавказыл. Иæ фыдбылыз ца-
рæфтыд бакодта кæддæры фидар æмæ тыхджын Аланты паддза-
хады дæр. Йæ быдырты йын йæ сахартæ æмæ хъæутыл дур ду-
рыл нал ныууагъта, адæмы цагъта стырæй-чысылæй, зæрондæй-
ногæй. Йæ фыдæх бахæццæ Дыгургоммæ бацæуæнтæм дæр. Адæ-
мæй ма йæ сæрæн чи уыд, уыдон сæхи айстой хæхтæм.
Уыцы рæстæджы, адæмы фарн æмæ Хуыцауы хорзæхæй хай-
джын алайнаг сылгоймаг, йæ ном Иронæ куыддæртæй удыгасæй
баззад æмæ хъæды знаджы сусæгæй æмбырд кæнын райдыдта
хæлд^æмæ сыгъд хъæутæ æмæ сахартæй æвæгæсæг сидзæр саби-
ты. Йæ уды хъармæй сæ барæвдыдта, цыдæр бызгъуыртæ сыл
баппæрста, хæринагæй^сæ фæхъуыртхъом кодта æмæ сæ хæхтæм —
Дыгургоммæ акодта. Йæ сабитимæ æрцард егъау лæгæты. Ныр-
тæккæ Задалеск кæм ис, раст уыцы ран. Ссис сын иумæйаг мад,
хонгæ та йæ кодтой Нана. Хъæддаг дыргь æмæ халсарæй сæ бахъо-
мыл кодта. Уый фæстæ лæппутæ устытæ ракуырдтой. Чызджытæ
дæр чындзы фæцыдысты æмæ хъæутæ сарæзтой.
Афтæ иу хуыцауысконд сылгоймаг бахъахъхъæдта æнæхъæн
комыдзаг адæмы фидæн æмæ баззад адæмы зæрдæты, зарæджы,
историйы хорзæй мысынæн. Бацыд нрон адæмы мады фæлгон-
цы, æмæ йæ æдзухдæр кадимæ, намысимæ æрымысæм.
Задалесчы цæрджытæн та уыцы лæгæт Нанайы фæдзæхстмæ
гæсгæ ссис кувæндон. Хонынц æй Задалесчы Нанайы кувæндон.
Ныр дзы музей дæр скодтой. Альт аз дæр ын скæнынц куывдтæ
æмæ йæ фарныл сæхи бафæдзæхсынц.
ÆНÆРÆДЫД ДУНЕ НÆЙ
Иу зæронд лæг, дам, Хуыцаумæ кувы, лæгъстæ йын кæны:
— Мæ царды бирæ рæдыдтытæ æруагътон. Фæсмон сыл кæ-
нын. Цас фæцардтæн, иу уыйбæрц цæрæнбон ма мын куы рат-
тис, уæд дзы иу рæдыд дæр нал æруадзин. Дзырд дын дæттын!
Хуыцау æм байхъуыста: иу уыйбæрц цæрæнбон ма йын радта.
Лæг та ногæй иу уыйбæрц фæцард. Йæ ныхасæн хицау ра-
зынд: раздæры рæдыдтытæй иу дæр нал æруагъта. Фæлæ æруагъ-
та æндæр рæдыдтытæ. Æнæрæдыд дуне нæй.
УАСТЫРДЖИЙЫ ДЗЫВЫР
— Чысыл ма уыдтæн, афтæмæй фехъуыстон ацы таурæгъ, —
дзырдта журналист Сечъынаты Солтан. — Æхсындты, урссæр
æгомыг къæдзæхтыл хуым кодта Уастырджи. Дзæвгар куы ба-
115
хуым кодта, уæд йæ галтæ суæгъд кодта, дзывыр та ауæдзы
ныууагъта. Дарддæр хуым нал бакодта, ацы къæдзæхтыл цавæр
хор æрзайдзæн, зæгъгæ, фæлæ йæ дзывыр хохæгтæн ныууагъта,
ахæм дзаума æрхъуыды кæнут, æмæ уæ чысыл хуымты гæп-
пæлтæ къухæй мауал къахут, зæгъгæ. Хæхбæсты цæрджытæ ба-
фæзмыдтой сыгъзæринбазыр Уастырджийы. Гъе, уæд хохæгты
хуыздæр кусæндзаума ссис дзывыр, уымæй хуым кæнын бай-
дыдтой сæ зæххы гæппæлтæ, бирæ фенцондæр сæ куыст.
Уастырджи йæ дзывыр кæм ныууагъта, уый æрбакомкоммæ
дынджыр къæдзæхыл хохæгтæ сарæзтой кувæндон. Хохæгтæй-
иу быдырмæ чи цыдис, кæнæ быдырæй хохмæ, уый-иу æнæмæнг
æрлæууыдис ацы кувæндоны цур, йæ худ-иу систа æмæ бакуыв-
та Уастырджимæ, цæмæй йæ фæндараст кæна. Уым æвзæрæй
ницы уыд. Фæлæ ну рæстæг уыдис ахæм, æмæ нæ хицауад тох
кæнын райдыдта зæдтимæ дæр. Ацы дур фехалынмæ цалдæр хат-
ты æрбацыдысты Цыколайы милицæйы кусджытæ, дуры бын-иу
бавæрдтой хоххалæн æрмæг. Къæдзæх ранæй-рæтты фескъуы-
дис, фæлæ йæ быитон фехалын сæ бон нæ бацис.
Ныртæккæ сусæгæй ничиуал кувы. Кувæндоны сарæзтой аив
цардахъ, ис дзы стъолтæ. Табуафси, сис дæ фæндаггаг, æрæвæр
æй сыгъдæг стъолыл, скув Уастырджимæ æмæ дарддæр дæ фæн-
дагыл амондимæ цу.
МАГУСА ХОСДЗАУ
Цард æмæ уыд иу магуса лæг. Исты бакусын уыд йе ’нæуынон.
Æппæты зындæр та йæм каст хос кæрдын. Гъемæ ныддæлæ-уæлæ
кодта æмæ фæрæз ссардта, цæмæй-иу алы аз дæр хос кæрдыны
куыстæй фервæза, уымæн. Хохы фахсыл ссардта калмы хуынкъ,
йæ марг тыхджын кæмæн нæ уыд, ахæм калмы ахстон. Æрвылаз
дæр-иу хосгæрдæнты афон магуса хосдзау калмы хуынкъмæ ба-
цыд, йæ къух-иу дзы батъыста. Калм-иу æй йæ маргхъæстæ дæнда-
гæй ныццавта, цæмæн мæм бырсыс, зæгъгæ. Æмæ-иу лæджы буар
ныррæсыд — фæрынчын-иу ис. Бинонтæ йæм-иу ахæм уавæры, цом
хос кæрдынмæ, зæгъгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нал бадзырдтой.
Лæг-иу сдзæбæх, фæлæ-иу уæдмæ хосгæрдæнтæ дæр фесты.
Иуахæмы та хосгæрдæнты афон магуса хосдзау йæ «ирвæ-
зынгæнæг» калммæ æххуысмæ фæзынд. Йæ къух та хуынчъы
батъыста. Лæг калмы цæф банкъардта æмæ хъæумæ бæргæ ра-
раст, фæлæ йæ хæдзар нал ссардта. Калмы ахстонæй чысыл дæл-
дæр йæ сæр разылд, йæ цæстытæ тартæ кæнын райдыдтой æмæ
фæдис систа. Адæм æм æххуысмæ фæзындысты, фæлæ дæ фыд-
гул афтæ фæуæд... Цы йыл æрцыд, уый сын бæргæ бамбарын
кодта, фæлæ йæ калмы марг ацы хатт цæмæн æрбамардта, уый
нал базыдта. Уый та уыд афтæ: хосгæрдæнтæй-иу цы калмы
фæрцы фервæзт, уымæ карздæр маргджын калм балæст, йæ хуыг-
гомæй йæ ратардта æмæ дзы йæхæдæг æрцард. Магуса хосдзау
116
уый цæмæй зыдта, йæкъух бадардта маргджын калммæ, æмæ йæ
уый амардта.
Мæнг нæ фæзæгъынц, цард куысты ис, æмæ йæ уым агур.
ÆНДÆРКОЙМАГ БИРÆГЬТÆ
Иу комы фосмæ бирæгътæ фæцалх сты, æмæ сæ цы амалæй
фервæзтаиккой, уый нæ зыдтой. Уæд сын иу дæсны афтæ:
— Алчидæр мын уæ иу фыс рахицæн кæнæд, æмæ бирæгътæи
æз сæ дзыхтæ мæ кæлæнтæй бабæтдзынæн.
Баууæндыдысты йыл. Йæ хъалон ын радтой, стæй сæ фос
æдыхстæй хизынмæ атардтой.
Иуахæмы та бирæгътæ кæцæйдæр фæзындысты, фосыл сæхи
рауагътой æмæ сæ æрдæг фæкодтой.
Фосы хицæуттæ балæбурдтой дæснымæ, цæмæн нæ ныссайд-
тай, зæгъгæ. Уæд сын уый афтæ:
— Нæхи комы бирæгътæ нæ уыдаиккой, æз уыдонæн сæ
дзыхтæ ныббастон. Æвæццæгæн, нæм æндæр коймæгтæ æрбацы-
дысты.
ТЫХ ИУДЗИНАДЫ ИС
Иу хъæуы дæлæсыхмæ, дам, знаг ныббырста æмæ æххуысмæ
фæдисы уæллаг сыхмæ сæрвыстой, рацæут æмæ æмдыхæй йæ
ныхмæ æрлæууæм, зæгъгæ. Уæд, дам, сын уæлæсых ахæм дзуапп
радтой:
— Кæд махмæ схæццæ уа, уæд ын мах фенын кæндзыстæм,
цы хъæуы, уый.
Знаг ныддæрæн кодта дæлæсыхы, стæй та — уæлæсыхы дæр.
Фæйнæрдæм хæцын хорзмæ, уæлахизмæ кæд кодта?!
НÆМГÆ НÆ, МАРГÆ!
Зæронд лæджы цæхæрадоны задис иунæг кæрдо бæлас. Иу
бон ътл йæ цæттæгæнæн афон баййæфта æрыгон лæппуйы.
Уæлæмæ йæм дзуры:
— Лæппу, цæмæн мын тоныс мæ кæрдотæ? Иунæг уыцы бæ-
лас мæм ис, æмæ ме скаст уымæ куы у, уæд цæмæн афтæ кæ-
ныс? Æрхиз æмæ дзæбæхæй ацу уæхимæ.
Лæппу æрхызт бæласæй æмæ æдасæй ацыд сæхимæ.
Дыккаг хатт дæр та зæронд йæ бæласыл баййæфта уыцы лæп-
пуйы. Æрхизын та йæ кодта æмæ йын йæ лæдзæгæй йæ синтæ
ныххоста.
Нæ та басаст лæппу уæддæр. Хуыснæджы та бацыд кæрдомæ
æртыккаг хатт дæр. Зæронд лæг дæр та йæ баййæфта æмæ йæм
тызмæгæй дзуры:
117
— Æрхиз дæлæмæ, куыдзы хъыбыл!
— О, æмæ мæ фæнæмай, — йæхи бакъултæ кодта лæппу.
— Нæмгæ нæ, маргæ! — фæхъæр кодта лæг. — Ныхас æмæ над
кæмæ нæ хъарынц, уый цæрынæн нæ бæззы æмæ маринаг у.
ДÆ МАДЫ МАРД ЗÆГЬ,
ЙÆ МАД КÆМÆН АМАРД, УЫМÆН
Иу æлдарæн йæ фырт амард. Бирæ йыл фæхъыг кодта, фæ-
куыдта, стæй зæрдæрыстæй хъæргæнæг арвыста, йæ фырт йæ
разæй мæрдтæм кæмæн бацыд, æрмæстдæр уыдонмæ.
Мæгуыр адæм зианджыны кæрты куы æрæмбырд сты, уæд
цас бирæ уыдаиккой, æмæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кæнынц,
куыд чысыл мæрддзыгой стæм, зæгъгæ, стæй дзы æлдæрттæй
куыд ничи ис? Æлдарæн сæ дызæрдыг хъуыдытæ цы базонын
хъуыд, йæхи фæндæй куы цыдысты, æмæ сын бамбарын кодта:
— Æлдæрттæм хъæргæнæг барæй нæ арвыстон. Уыдонæй ныр-
ма никæй хъæбул амард, æмæ сæ тынг куы фæнда, уæд дæр мын
дзы мæ рис ничи бамбардзæн, афтæ арф никæмæ бахъардзæн.
Нæ зонут æмбисонд: дæ мады мард зæгъ, йæ мад кæмæн амард,
уымæн. Сымах мæнау фæрыстыстут, хъæбулы сæфт ныййарæ-
гæн цас зын у, уый уæ удтæ бавзæрстой. Сымах, æрмæст сымах
мын банкъардзыстут мæ хъыг æмæ мæ маст...
ÆНÆУЫЙ ДÆР ДЫЛ БАУУÆНДЫДАИН
Хæсты фæстæ амард иу хæдзардарæг лæг. Хъæргæнæг арвыс-
той хъæубæстæм. Фæлæ сыхаг хъæумæ, сæ хæстæджытæм та чи
фехъусын кæндзæн, зæгъгæ, скатай сты. Уæд сыхаг æрыгон лæп-
пу, æртæцалхон мотоцикл кæмæ уыд, уый, афтæ:
— Æз бауайдзынæн, фæлæ, зæгъын кæмæн хъæуы, уыдон
кæмыты цæрынц, уый хорз нæ зонын, æмæ мын мемæ искæй
куы рарвитиккат.
Лæггадгæнджытæ йын ссардтой æмбал дæр — хиуæттæй, йæ
кары чи бацыд, ахæм лæг. Æмæ зилынц сыхаг хъæуы уынгты,
уый йын куыд амоны, афтæ. Кæм ын фæзæгъы, ам бауром, уым
та бауромы лæппу. Йе ’мбæлццон коляскæйæ расты, хæдзарон-
тæм бахойы, тæфæрфæсгæнæгау сæ разы алæууы. Уыдон дæр
та йын «мидæмæ» фæзæгъынц. Фæлæ хъæргæнæджы мидæмæ
не ’вдæлд. Æмæ йын-иу уæд кæрты лæугæйæ иу арахъ ануазын
кодтой. Афтæ йын бадзæвгар сты, æмæ цудын райдыдта. Фæс-
таг хæдзары дуары раз ма, ам бауром, зæгъгæ, бæргæ фæкодта,
фæлæ рахизын нал рафæрæзта. Æмæ уæд лæппу йæхæдæг фæ-
рæвдз. Бахоста кулдуар. Кæртмæ йæ бахуыдтой. Уым сын ра-
код’та марды хабар. Стæй фæцæуæг.
Хæдзары хицау йæ фæдыл ракаст æмæ, мотоциклы коляс-
кæйы расыг лæджы хаудæй куы федта, уæд лæппуйæн афтæ:
118
— Марды демæ цæмæн æрбаластай, гормон, æнæуый дæр дыл
баууæндыдаин.
ÆФСИС ЗОНЫН ХЪÆУЫ
Незаманты, дам, иу зæххъуаг мæгуыр лæг æрвылбон Хуыцау-
мæ куывта, хъуырыцъарæй дзы куырдта зæххы гæппæл. Хуы-
цау мæгуыр лæджы тыхстмæ æрфæлмæн æмæ йæм Уастырджийы
æрæрвыста. Загъта йын: «Фæцу уыцы лæгмæ æмæ йын зæхх,
цас æй хъæуы, уыйбæрц ратт».
Æртахт уæларвæй зæхмæ Уастырджи, бацыд мæгуыр лæгмæ,
йæхи йын бацамыдта, загъта йын Хуыцауы фæндон дæр.
Лæг Хуыцау æмæ Уастырджийы аудындзинадæй фæкуыддæр,
фæуыргъуыйау æмæ сæ, зæхх цас ракуырдтаид, уый нал зыдта.
Уæд ын Уастырджи афтæ:
— Райсомы хурыскастæй изæры хурныгуылдмæ дæлæ тыгъд
быдыры фæцу, цас зæхх дæ хъæуы, уымæн йæ алыварс æрзи-
лын дæ къухы куыд бафта, афтæ.
Лæг æхсæвы фырадæргæй рæстмæ фынæй дæр нæ бакодта,
хурыскаст ын куы аирвæза æмæ стыр зæххы алыварс æрзилын
йæ къухы куы нæ бафта, уымæй тæрсгæйæ. Æмæ куыддæр ху-
рыскæсæнырдыгæй арвыл хур йæ был сдардта, афтæ атындзыд-
та размæ. Бон-изæрмæ кæм згъоргæ, кæм цæугæ, — иу уысм не
’рулæфыд, хæргæ дæр цæугæ-цæуын кодта.
Фæсæмбисбон Уастырджи, лæг кæцæй араст, уым йæхи цъæх
нæууыл æруагъта, изæрмæ йæм банхъæлмæ кæсон, зæгъгæ. Хур
арвгæронмæ æрæввахс, фæлæ лæг зынæг нæй. Уастырджийы
зæрдæ йæм фехсайдта, йе ’ртыкъахыг бæхыл абадт æмæ фæца-
гайдта йæ агурæг. Быдыры йæ лæф-лæфгæнгæ згъоргæ баййæф-
та æмæ йæм дзуры:
— Хур аныгуылынмæ бирæ нал ис, дæ фæндаг фæцæхгæр кæн.
Фаг дын у.
— Нæу мын фаг! Нæу! Уæлæ ма тæрфытыл дæр æрзилон.
— Хурныгуылдмæ кæцæй рацыдтæ, уырдæм куынæ бахæццæ
уай, уæд дæ фыдæбон фæдзæгъæлы уыдзæн.
Лæг уæддæр нæ басаст, фæлæ ноджы тынгдæр атагъд кодта.
Цы тæрфыты кой кодта, уыдоныл æрзилын дæр йæ къухы баф-
тыд. Æмæ мæнæ фæхæццæ кæны, кæцæй рацыд, уырдæм. Бирæ
йæ нал хъæуы, бирæ нал хъæуы хуры æрныгуылдмæ дæр. Йæ уд
йæ хъуырæй схауы, фæлæ мæнæ... мæнæ, ныртæккæ сæххæст
уыдзæн йæ бæллиц.
Бахæццæ, кæцæй рацыд, уырдæм. Дыууæ къахдзæфы ма йæ
хъæуы, æмæ хур дæр æрвгæрон фæаууон уыдзæн, фæлæ йæ
къах айсын нал бафæрæзта æмæ размæ бахауд, йæ къух байвæз-
та, кæцæй рацыд, уый бæрæггæнæнмæ —æмæ загъта:
— Æгъи. Ныр мын фаг у! — æмæ йæ уд систа.
119
— Фаг дын у, фаг. Дæ бæрцæй фылдæр дæ нæ хъуыд, æфсис
чи нæ зыдта, уый! — загъта Уастырджы мæстджынæй æмæ фæ-
фардæг и уæларвмæ.
ÆВЗАГ
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
— Ацу æмæ мын æрбахæсс, адæмы кæрæдзийæн чи уарзын
кæны, ахæм хæринаг.
Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ ар-
выста, ныр та мын æрбахæсс, адæмы кæрæдзийæн чи сызнаг кæны,
ахæм хæринаг. Дыккаг хатт дæр та лæггадгæнæг æрбахаста æвзаг.
УÆРÆЙДÆ
Уый раджы заманты уыди. Знаг æрбалæбурдта ирон адæммæ,
туг кæлын райдыдта. Дыууæ адæмы ’хсæн бацыдысты номдзыд
лæгтæ бафидауыны фæдыл. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ ныхас
банцади ууыл, цæй, уæдæ, æрбабырсæгæй дæр æмæ ирæй дæр
бавзарæм фæйнæ тыхджындæр лæджы. Хъæбысæй рахæцæнт.
Чи фæуæлахиз уа, уый адæм нымад æрцæуæд уæлахиздзауыл,
иннæ та састы бынаты баззайдзæн.
Дыууæтæ дæр сразы сты уыцы фæндоныл. Тыхгæнæг уайтагъд
равзæрста йæ тыхджындæры, фæлæ ирон адæм — нæма. Разил-
базил кодтой хъæутыл, фарстой кæрæдзи, фæлæ никæй ардтой.
Уæд фæстагмæ иу зæронд лæг загъта, æз зонын ахæм адæймаджы,
зæгьгæ. Æцæг уæ курын, æмæ ма схъæр кæнут, æз æй кæй баца-
мыдтон, уый. Куы йæ бамбара, уæд ницы хуызы сразы уыдзæн.
— Чи у?
— Мæ чындз Уæрæйдæ.
— Ау, уый та куыд? Сылгоймаг?
— О, сылгоймаг, æз мæхп цæстытæй федтон, къамбец дыгьта, æмæ
йæ йæ род куътд хъыгдардта, уый. Уæд Уæрæйдæ кьамбецы роды
карчы цъиуау фелвæста æмæ йæ кауы сæрты иннæрдæм фехста.
Адæм сразы сты лæджы фæндоныл. Ацыдысты Уæрæйдæмæ,
фæлæ уый нæлгоймагимæ хъæбысæй хæцыныл нæ разы кодта.
Тынг æм куы æрхатыдысты, уæд сразы. Скодта нæлгоймаджы
уæлæдарæс, сæрыхилтæ бамбæхста худы бын, бæхыл сбадт æмæ
араст. Знаджы богалимæ ныхæй-ныхмæ куы æрлæууыдысты, уæд
ын Уæрæйдæ уайтагъд йæ къух ацахста æмæ нæ сонтæй рари-
уыгъта. Цонг фелвæст йæ хъулæтг æмæ дзедзыккайæ аззад.
Фыдгулы богалæн дарддæр йæ бон хæцын нал сси. Уыцы
рариуыгъды рæстæг Уæрæйдæйæн та йæ худ йæ сæрæй асхъиуд-
та, æмæ йæ дзыккутæ æркалдысты. Адæм æм фырдиссагæй кæс-
гæйæ баззадысты.
Уæд тыхгæнджытæ загътой, ирон адæмæн кæд сæ сылгой-
120
мæгтæ ахæм тыхджын сты, уæд уагæры сæ нæлгоймæгтæ та ца-
вæр тыхы хицау сты, зæгъгæ, æмæ лидзæг фесты.
Ирон адæм та Уæрæйдæйыл зарджытæ кæнын райдыдтой:
«Уæрæйдæ æмæ ой, тох, Уæрæйдæ!» Гъе, афтæ райгуырди за-
рæг «Уæрæйдæ».
НАЗ БÆЛАС
Иу лæппу фæрсы йæ фыды:
— Гоба, Ногбон та кæд уыдзæни?
— Уалæ кьæлиндары сыфгæ куы фæуой, уæд, — дзуапп радта фыд.
Уæд лæппу бацин кодта:
— Æз сæ ныртæккæ æртондзынæн. Цу æмæ мын наз бæлас
балхæн!
ХÆЛАРГОНД ХОЙРАГ
Зилгæйаг устытæ сæ уазджытимæ уæлмæрдæй цæугæйæ ны-
хасыл фесты.
— Бауырнæд уæ, марды фæдыл цы хойраг æрцæттæ кæнынц,
уымæй нæ саходын тæригъæд у, — райдыдта уазджытæй чндæр. —
Айразмæ нæ сыхæй иу лæг амард, æмæ йе ’ртыккаг сабатизæры
уæлмæрдмæ ацыдыстæм. Уæлмæрды, куыд æмбæлы, афтæ мар-
дæгъдау скодтам. Фых хойрагæй ма нæ фынгыл цы аззад, уый
нæ алкæуыл дæр адихтæ кодтам. Алчидæр йæ хай батыхта æмæ
йæ йæ хæдзармæ рахаста. Мæнмæ уый раст нæ фæкаст, æмæ мæ
хаймæ нæ бавнæлдтон, уæлмæрды йæ ныууагътон.
Æхсæвы куы бафынæй дæн, уæд мæ фыны нæ сыхаг мард
лæджы куы фенин. Нæ кæртмæ мæм æрбалæбурдта. Кардимæ
мæ расур-басур систа æмæ ма цы фæуыдаин, уымæн фæрæз нал
ардтон. Фырадæргæй фехъал дæн.
Дыккаг бон райсом раджы фестадтæн. Дыууæ чъирийы скод-
тон. Нозт ма сæм бафтыдтон, афтæмæй уæлмæрдмæ фæраст дæн.
Афтæ раджы мæ уæлмæрдмæ цæугæ чи уыдта, уыдон, цæмæй,
ай æрра фæци, зæгъгæ, ма ахъуыды кæной, уый тыххæй сын мæ
цыды сæр дзырдтон.
Уæлмæрды нæ сыхаг лæгæн мæ дыууæ кæрдзынæй рухс загъ-
тон, саходыдтон дзы. Цы ма дзы баззад, уыдон та рахастон нæ-
химæ.-Уæдæй фæстæмæ нæ сыхаджы никуыуал федтон мæ фыны.
— Уæдæ махмæ та цы хабар æрцыд, уый нæ фехъуыстат? —
бадиссаг зилгæйаг ус. — Æрæджы нæм иу æрыгон лæппу, сы-
хæн, хъæубæстæн уарзон чи уыд, ахæм фæмард. Иууылдæр ыл
тынг фæрыстыстæм. Бавæрдтам æй кад æмæ радимæ. Фæлæ йын
цы хойраг ныххæлар кодтой, уыдонæй стæм йеддæмæ ничи сахо-
дыдта — хисты æрбадын адæмы зæрдæ нæ бакуымдта, æмæ
фынгтæ æнæвнæлдæй баззадысты. Хойраг цæрджытыл байуа-
рын дæр æфсинты къухы нæ бафтыд: никæй зæрдæ йæ куымдта.
121
Дыккаг бон хисты хойраг Хуымæллæджы доны кæсæгтæн ка-
линаг фæци. Æмæ æхсæвы мæгуыр лæппуйы мад йæ фыны куы
фенид йæ хъæбулы. Хуымæллæджы доны былты, дам, даргъ
лæдзæгимæ рауай-бауай кодта. Мад æй фæрсы:
— Цы кусыс, мæ хъæбул, ам?
— Мæнæ мæ хæринæгтæ доны ныккалдысты æмæ сæ лæдзæ-
гæй ахсын.
Мад ойæ фынæйæ куы фехъал, уæд йæ цæссыгæй йæ баз ных-
садта. Йæ фын радзырдта йæ лæгæн дæр. Æмæ та ног кусарт
акодтой. Хъæубæсты æрхуыдтой, æрхатыдысты сæм, цæмæй сын
сæ фырты хæрнæджы хисты хойрагæй сæхи фæхъæстæ кæной.
Кæннод, дам, дзы нæ фыртмæ ницы хæццæ кæны.
ДЗУАРЫХЪÆУЫ НОМ КУЫД ИВТОЙ
Ирон адæммæ исты ногдзинады тæваг куыддæр бахæццæ вæййы,
афтæ йыл уайтагъд ацахуыр вæййынц, кæцæй æрбацыд, бæззы-
нæ бæззы, ууыл нæ ахъуыды кæнгæйæ. Афтæ уыд, чырыстон
æмæ пысылмон динтæ нæм куы хæлиу кодтой, уæд. Афтæ у ныр
дæр, Иеговæйы æвдисæнтæ нæ горæтты æмæ хъæуты уынгты
æнæфсармæй нæ фæдыл куы рауай-бауай кæнынц, нæ хæдзæрт-
ты, фатерты дуæрттæ нын сæ сæртæй куы кæнынц, уæд. Æнцо-
нæй, æнæахъуыды кæнгæйæ сæ фæдыл фæраст вæййынц чидæртæ,
сæхиуыл комдзог кæй цæуынц, сæ ирондзинад къæхты бынмæ
кæй æппарынц, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæ вæййы.
Афтæ уыд, дины ныхмæ тох куы расидтысты, уæд дæр. Ирыс-
тоны иу рæстмæ аргъуан кæнæ мæзджыт дæр нал ныууагътам.
Алагиры аргъуаны къултыл нывтæ Къоста кæй скодта, уый ха-
тыр дæр ын нæ фæкодтам. Уыцы рæстæг, сомихæгтæ сæ чиныг
бахъахъхъæнын куыд базыдтой, афтæ та ам, Дзæуджыхъæуы
дæр бахъахъхъæдтой сæ аргъуан. Æхсæвæй-бонæй нæ цыдысты
йæ цурæй. Мах, ирæттæ, та халæг нæхæдæг уыдыстæм. Нæ ауæр-
стам нæ рухс кувæндæттыл дæр. Хетæджы къохы та бындзарæй
фесафын сфæнд кодтам.
Иуахæмы нæ «зондджындæртæ» фæкомкоммæ сты Дзуа-
рыхъæуы номмæ дæр. Динимæ баст, дам, у. Республикæйы уæды
хицауад æй стынг кодтой, æмæ Дзуарыхъæуы цæрджытæ сæ хъæуы
ном аивыны тыххæй æмбырдтæ кæнын райдыдтой. Иу ахæм æмбыр-
ды чидæр фæндон бахаста — «Райдзаст» ыл сæвæрæм, зæгъгæ.
Хистæртæм, Дзуарыхъæуы чи райгуырд æмæ базæронд, уыдо-
ны зæрдæмæ хъæуы историон ном аивын, кæй зæгъын æй хъæуы,
хорз нæ каст æмæ мæсты кодтой. Се ’нæразыдзинад æвдыстой,
фæлæ сæм чи хъуыста. Ныр дæр та хъæу, «Райдзаст», зæгъгæ,
рахонæм, æрæджы дзы чи æрцард, ахæмæй куы фехъуыстой, уæд
рамæсты сты. Иу ас лæг дзы йæхи нал баурæдта, йæ бынатæй
фестад æмæ хылгæнæгау хъæрæй сдзырдга: «Цавæр «Айдзаст»-ы
кой кæнут?! Мах «Айдзаст» нæ хъæуы! Йæхи ном ын ныууадзут!»
122
Лæг ныхас рæстмæ нæ фехъуыста, æви йæ барæй афтæ фæив-
та, уый адæмæй ничи базыдта, фæлæ сын худæджы хос фæци.
Сæ худын нал æмæ нал урæдтой.
Дзуарыхъæуæн йæ ном куыд уыд, афтæмæй баззад — раст зонд
фæуæлахиз, фæлæ дзуарыхъæуккæгтæй абон дæр рох нæу, сæ хъæуы
ном сын куыд ивын кодтой æмæ сын сæ хистæртæй иуы мæстыгæр
здыхст ныхас йæ бахъахъхъæнынæн куыд баххуыс кодта, уый.
КРЕМЛЬ УАЛ ФЕХАЛУТ
Йæ мæлæты фæстæ Сталиныл цъыф калын куы райдыдтой,
йæ цыртдзæвæнтæ йын зæххы хай куы кодтой, уæд æрхъавыдыс-
ты Гуры йын йæ райгуырæн къæс дæр фехалын. Сæрмагонд лæг-
тæн бабар кодтой, адæм уыцы хъуыддагмæ цы цæстæй акæсдзы-
сты, уый базонын. Рафæрс-бафæрсы рæстæг сын иу ирон зæ-
ронд лæг афтæ:
— Кæд ахæм знаг уыд Сталин, уæддæр ам бирæ нæ фæцард,
фæлтау уæлæ Мæскуыйы, дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр цы
Кремлы фæкуыста, уый фехалут.
АЛЧИДÆР ЙÆ АМОНДМÆ ГÆСГÆ ЦÆРЫ
Паддзахмæ, дам, иу ус æххуысагур бацыд. Уæд æй паддзах
фæрсы:
—Хорз ус, æмæ дын ничи ис, мæнæй æндæр дын чи баххуыс
кæна, ахæм? Цот, хæстæджытæ?
— Куыннæ, куыннæ! Авд фырты мын ис, фæлæ сæ фадат
нæ амоны.
— Æмæ дæ авд фырты цæмæн бахъуыд? Мæнæ иу мæ хуызæн
фырт ныййардтаис æмæ дæ мæгуыргур цæуын нæ хъуыдаид.
— Дæ хуызæн? Дæ хуызæн фырт паддзахæй аргæ уыд. Ды
дæр дæ лæгдзинадæй паддзах нæ дæ, фæлæ дæ дæ мад паддза-
хæй ныййардта. Дæ амонд ахæм уыд, æндæр мæ фырттæ дæуæй
нæдæр не сты! Фæлæ сæ фыд зæхкусæг уыд. Сæ амонд ахæм у.
Паддзах усы æргом ныхæстыл арф ныхъхъуыды кодта, йæ
зæрдæмæ фæцыдысты æмæ йын баххуыс кодта.
цыгы чызг
Рагзаманты-иу туджджын мыггæгты æхсæн фидыд фидардæр
кæныны тыххæй, лæг чи амардта, уыдон зианджынтæн лæвæрд-
той чызг. Уый адæм хуыдтой Цыты чызг. Цыты чызг-иу зиан-
джын мыггаджы кæстæртæн ссис хойы хуызæн. Архайдта хæс-
тæгдзинад фидардæр кæныныл. Иугæр-иу цыты чызг лæвæрд
æрцыд дыууæ мыггаджы æхсæн, уæд-иу кæрæдзи туджджынтæ
нал хуыдтой, сæ фидыд уыдис æнустæм.
Мæнæ куыд фыста Хъайттаты Хъайтмырзæ цыты чызджы
123
тыххæй: «Кæддæр цъамадаг Хъайттаты дыууæ лæппуйы хæрæг-
уаргъæй суг хастой Субийæ. Ивджынты акомкоммæ сæмбæлдысты
Цæлладжы-фыртыл. Уый йæ гал æрцæйтардта Урсдоны Сух-
сæй. Фæндагыл лæппутæн загъд бацайдагъ. Æнæбары Цæлла-
джы-фырты къухæй хъамайæ рæхуыст æрцыд Хъайттаты лæп-
пу. Цæлладжы-фырт æмæ Хъайттаты иннæ лæппу цæфы бахас-
той Инджынтæм. Уæды заманы дохтыр цы Хуыцау лæвæрдта,
æмæ Хъайттаты лæппу зæфцы фыдæй йæ адзал ссардта.
Ацы хабар арвы нæрдау айхъуыст Уæлладжыры комы. Дыууæ
мыггаджы фæтуджджын сты æмæ кæрæдзимæ лæбурын райдыд-
той. Фæлæ адæм хорз сты. Комбæсты кадджындæр хистæртæ
бацыдысты Хъайттатæ æмæ Цæллагты ’хсæн. Бирæ рæстæджы
фæстæ Хъайттатæ радтой фидыды ныхас.
Дыууæ мьптаджы куы бафидыдтой, уæд Цæллагтæ Хъайттатæн
радтой цыты чызг, æрхуы егъау аг (ныртæккæ ис Цæгат Ирыстоны
бæстæзонæн музейы), æфсæйнагæй кæрдзынфыцæн дæлгьур.
Фæстæдæр Цæллагонæй Хъайттатьг Уазбийы фырт Хадойæн
райгуырд Малсæг, Доче, Дзыллæ æмæ Наги».
Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ къух барæй зынгмæ ничи бакæн-
дзæн. Мыггæгтæ-иу арæх фæтуджджын сты æнæнхъæлæджы.
Æмæ-иу хъæубæстæ, хæстæджытæ бацархайдтой, цæмæй фыд-
былызы цæхæр ахуысса, дыууæ мыггаджы-ну дарддæры бæл-
лæхтæй бахызтой. Æмæ уымæн стыр ахъаз уыд цыты чызг дæр.
ДОН - КÆСТÆРÆЙ
Ирон адæммæ хистæр кадджын у, æгъдауы бæрзонд æвæрд у.
Уый фæрсынц зондæй, фæлтæрддзинадæй, уый нымайынц, уый
æрхъуыды кæнынц фыццагдæр алы хъуыддаджы дæр. Æрмæст нæм
дон нуазгæ у кæстæрæй. Цæмæн? Уый фæдыл ис ахæм таурæгъ.
Кæддæр, дам, балцы цæуæг адæмы иу къорд тыгъд быдыры
бирæ фæцыдысты. Бафæлладысты, бастадысты, фæлæ фылдæр
сфæлмæцыдысты æнæ донæй. Хус быдыры нæ мæсчъы доныл
сæмбæлдысты, нæ — суадоныл, нæ — цъайыл, æмæ дойныйæ сæ
хъару батад, сæ ныфс асаст. Зæрондæй-ногæй, стырæй-чысылæй
дзой-дзой кæнгæ цыдысты, хылдысты размæ. Кæдæм уыд сæ балц,
уый сæ рох дæр фæци, æрмæст ма агуырдтой дон бануазынмæ.
Æмæ иуахæмы бахæццæ сты фæндаггæрон зæронд цъаймæ.
Дон дзы систой æмæ йыл фæхæлоф кодтой. Фæлæ сæ уæрдоны
сæ чысыл æртæаздзыд саби айрох. Сæ зæрдыл куы æрбалæу-
уыд, уæд ма йæм дон бæргæ баскъæфтой, фæлæ уый уæдмæ йæ
уд систа. Адæм куыддæр фæуыргъуыйау сты, сæ дойны кæй
суагътой, уый æхсызгондзинад дæр сын æрбайсæфт. Бирæ фæ-
фæсмон, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй
фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх ма-
кæуылуал æрцæуа!» Уыцы хъуыды ахæлиу æппæт ирон адæ-
мыл, æмæ нæм дон нуазгæ у кæстæрæй.
124
ДЫГУР ЧЫРЫСТÆТТÆ
ÆМÆ ПЫСЫЛМÆТТЫЛ КУЫД ДИХ КОДТОЙ
Рагæй-æрæгмæ ирон адæм сæ фыдæлты рагон диныл иузæр-
дион сты. Нæ йæ баивтой нæдæр чырыстон, нæдæр пысылмон
диныл. Фæлæ уæддæр сæ тæваг фæхæццæ ирон цардыуагмæ.
Уымæн æмæ сын сæ уыд тыхæй хъарджытæ дæр. Уьщы хъуыд-
даджы уæлдай разæнгарддæр уыдысты пысылмон дин парахат-
гæнджытæ.
Октябры революцийы агъоммæ ирон адæмæн хæхбæстæй Иры-
стоны быдыры хъæутæм ралидзынæн фадат куы фæцис, уæд-иу
Дыгуры кæмтты цæрджытæ дæр рæстæгæй-рæстæгмæ базмæлы-
дысты. Кæмтты нарæг фæндæгтыл-иу ныррæгъ сты хохаг уæр-
дæттæй чырæтæ. Дыгургомы дымæджы-иу сæ разы æрлæууы-
дысты цыколайаг моллоты минæвæрттæ. Æппæлыдысты сын-иу
Цыколайы цæрыны уавæртæй. Æмæ, дам, уын хъæуы æрцæры-
ны бар ис, кæд пысылмон дин райсат, æрмæстдæр уæд.
Хохаг цардæй фæлмæцыддæр æмæ æнцондæрдзырд бинонтæ-
иу сæ тыхстæй сразы сты сæ дин аивыныл дæр æмæ-иу æрцарды-
сты Цыколайы. Иннæтæ сæ балц дарддæр кодтой Чырыстонхъæу
кæнæ Мæздæджы ’рдæм. Афтæ-иу дыгур нæ, фæлæ дыууæ ’фсы-
мæры дæр фæдихтæ сты чырыстæттæ æмæ пысылмæттыл.
«МÆ ФЫДЫЛ КÆУЫН»
Базæронд лæг æмæ мæлæты къахыл ныллæууыд. Йæ фырттæ,
йæ чызджытæ, чындзытæ æмæ цоты цот ма йын цы акæной, уый
нал зонынц. Зæронды ныхмæ ницы хос ис, æмæ ма йæ ныхасæй,
хойраджы хорзæй рæвдауынц. Æнæбындур ныфсытæ йын æвæ-
рынц. Лæг, куырыхон лæг сæм хъусы æмæ кæд зоны, йæ адзал
æрцыд, уæддæр йæ мидбылты бахуды æмæ йæ сæр разыйы тылд
бакæны. Ома, дзурут, дзурут, æз мæ уавæр сымахæй хуыздæр
зонын. Сымах мæнæн ныфсытæ æвæрут, æз та сымахыл ауæрдын.
Иуахæмы зæрондæн йæ зæрдæ суынгæг, æмæ йæ цæссыг фе-
мæхст. Цот уый куы ауыдтой, уæд йæ алыварс атыгуыр сты.
Ныфсытæ йын æвæрынц, ма тыхс, уæлæ дæм стыр горæтæй абон
зындгонд дохтыры æркæндзыстæм, æмæ дæ уый фендзæн, уый
дын дæ низыхатт базондзæн æмæ йын хос ссардзæн, зæгъгæ.
Фыд сæ ныхæстæм йæхиуыл фæхæцыд, йæхи фæхъæбæрдæр
кодта æмæ сын афтæ:
— О мæ уарзон байзæддаг, зонын æй, тыхсут мыл, фæлæ
зæрондæн хос нæй, чи райгуыры, уый мæлгæ дæр кæны, æмæ
æрцыд мæ адзал дæр. Фæлæ æз мæхиуыл нæ кæуын. Мæ фы-
дыл кæуын! Уый дæр мемæ мæлы. Цалынмæ цардтæн, уæдмæ
йæ ном цард мемæ — мæ фыды фырт мæ хуыдтой. Ныр мæ ном
баззайдзæн сымахимæ, мæ фыды ном та цæуы мемæ.
125
ÆВЗÆРДÆР МАХМÆ ÆРХАУДТА
Раздæр хæхбæсты ирон адæм стыр бинонтæй цардысты. Цот
бирæ кодтой. Уыд-иу ахæм лæг æмæ ус, сæ байзæддаг дæс æмæ
ссæдзмæ кæмæн хæццæ кодта. Авд æмæ уымæй фылдæр фырттæ-
иу кæмæн уыд, уыцы бинонты фæрнджын хæдзар хуыдтой. Авд
хосдзауы, авд хъæддзауы, авд хæстоны цы хæдзары уыд, уый
ай-гъай уыд тæхудиаг; алцæмæй дæр æххæст: ныфсæй, хъаруйæ,
исбонæй. Бирæ бинонтæн æнцондæр аххæссæн уыд хохаг зын
æмæ æвадат царды куыстытыл, тыхмийы уагыл сæм ничи уæн-
дыд. Хуымæтæджы нæ баззад ныхасæн, иунæг мæгуыр у, алчи-
дæр ын тых кæны, зæгъгæ. Гъе уымæ гæсгæ-иу хæдзары лæп-
путæ устытæ курын куы райдыдтой, уæд нæ тагъд кодтой бай-
уарыныл, бинонтæй ахицæныл. Цардысты-иу иу цары бын хи-
цæн уæтты, сæ куыст, сæ хæрд та уыд иу. Чындзытæ цот код-
той, сæ хъомыл кæнын та фылдæр каст нана æмæ дадамæ. Уыцы
хъуыддагмæ сæхи хæдзары куыстытæй не ’вдæлд.
Бирæ бинонты ’хсæн сывæллæттæ дæр уыдысты алы куысты-
тыл хæст, æмхуызон сæ рæвдыдтой, йæ хъæбулæн дзы хъулон
митæ ничи кодта. Уæлдайдæр та сæ фыдæлтæ. Фыд йæ хъæбу-
лы йæ номæй дæр нæ хуыдта. Дзырдта йæм «лæппу», кæнæ
«чызг». Уый нанайæн, дадайæн уыдысты «урс уæрыччытæ»,
«дзыкъытæ» æмæ «фыркъатæ», фыды ахæм æнкъарæн равди-
сын æгъдау нæ уагъта. Æмæ-иу хатт лæппу кæнæ чызг йæ фыды
базыдта, куы-иу байуæрстой, уæд.
Иуахæмы, дам, Куырттаты комы иу стыр бинонтæ уарыныл
ныллæууыдысты. Хъуыддаг æгъдауыл, æнæзæрдæхудтæй ахицæн.
Фæлæ сывæллæттæй иу лæппу йæ зæрдæхалæн куыдæй уарджы-
ты йæхимæ æркæсын кодта æмæ йæ бафарстой, цы кæныс, цæ-
уыл кæуыс, зæгъгæ. Лæппу сын хæкъуырццæй кæугæйæ афтæ:
— Æвзæрдæр махмæ æрхаудта!..
Уарджытæ сонтæй нæ бамбæрстой лæппуйы дзуапп, фæлæ
бинонтимæ куы аныхæстæ кодтой, уæд рабæрæг, æфсымæртæй-
иу расыггæнаг кæй у. Лæппуйы зондахастæй уарджытæ бинонты
исбон нæ уæрстой, фæлæ æфсымæрты, æмæ расыггæнаг уыдонмæ
æрхаудта — йæ фыд разынд.
НЫР МÆХИ МАРГÆ АКÆНОН
Асæбе йæ цоты фыдуаг æмæ æнæсæрфат митæй сфæлмæцыд,
кæуыны онг æй æркодтой æмæ хъарæггæнæгау йæ сыхагæн дзуры:
— Мæ уд мын бахордтой сæ чысылæй абонмæ. Мæхи саби-
дуджы мæгуырдзинæдтæ хъуыды кæнгæйæ, архайдтон, уæдæ сын
уый дæр уа, мацæмæй фæцух уой. Мæхи ферох кодтон — æппæт
дæр.уыдонæн. Æмæ, уæлæ Æхсароны цотау ахуыр æмæ размæ
цæуыныл куы ныххæцыдаиккой, уæд фæсмонгонд, бæргæ, нæ
уаин...
126
— Асæбе, Æхсарон сæ сидзæртæй, æнæфыдæй фæхъомыл код-
та. Сидзæр цот та царды уæз раджы банкъарынц.
— Омæ ныр мæхи амарон? — ныууынæргъыдта Асæбе!
УÆЛМÆРДТЫ ХАЙ
Ирон адæм мæхъæлы зæххæй фæстæмæ куы лыгъдысты, уыцы
азты быдыры хъæуты фарсмæ фæзынд ног сыхтæ, уынгтæ æмæ
ма ноджы хицæн хъæутæ дæр. Æрцардысты дзы æрбалидзæг
ирон адæм. Уыцы рæстæджы зæронд æмæ ног цæрджыты ’хсæн
ахастдзинæдтæ нæма сфидар сты, æмæ ног сыхты, ног уынгты
цæрджытæ сæ иумæйаг хъуыддæгты мæт сæхæдæг кодтой. Кæмæ
рухсы тел нæ хæццæ кодта, кæмæ — доны хæтæл. Уæдæ хъæу-
тæй иувæрсыг чи æрцард, уыдон дæр сæ мард хъæуы сæрты
уæлмæрдмæ куыд хастаиккой. Æмæ хъæуты хицæуттæй сæхи
’рдыгæй уæлмæрдтæн зæххы хæйттæ бацагуырдтой. Иу ахæм
ног хъæуы минæварæн хъæуы иумæйаг хицау уæлмæрдтæн зæх-
хы хай фæсвæд ран куы рахицæн кодта, уæд æм чысыл фæкаст
æмæ бахъынцъым кодта:
— Махæн уый чысыл у!
Хъæуы хицау рамæсты æмæ йын афтæ:
— Уый уал байдзаг кæнут, æмæ та уын ыл бафтаудзыстæм!
РАДГÆС ЧИ АЦÆУДЗÆН
Дзуарыхъæуы Гулийы сых сæ фосæн хъомгæс нæ дарынц,
радыгай сæ хизынц. Рæгъаумæ чи цал стуры аскъæры, уал боны
сæ хизы. Иуахæмы та Тхостаты бинонты рад æрхæццæ, æмæ сæ
лæппу, радгæс цæуынæй чи сфæлмæцыд, уый йæ фыдæн афтæ
бакодта:
— Баба, нæ хъомвос æгæр сбирæ сты. Нæ рад ныддаргъ вæййы,
æмæ мæ хъомгæс рауайы. Уæдæ сын хос æркæрдын дæр цас
бахъæуы, уый дæхæдæг феныс. Ауæй дзы кæнæм. Зындард сты.
Фыд æм уæзданæй фæхъуыста, стæй йын схъæл ныхасæй
афтæ:
— Лæппу! Дæлæ хъæуæххæсткоммæ ныццу, æмæ дзы дæуыл
цал стуры фыст ис, уыдон ауæй кæн!
Цал дзы хъуамæ ауæй кодтаид лæппу, кæд æмæ сæ фос иууыл-
дæр хæдзары хицау — фыдыл фыст уыдысты, уæд?
Иудзæвгар рæстæджы фæстæ та ногæй æрлæууыд сæ рад,
æмæ та райсомæй фыд йæхи бæлццон арæзт куы кодта, уæд
фырт дæр, фыд æй куыд федтаид, афтæ йæ райст-бавæрд уæлæ-
дарæс райста.
— Лæппу, абон нæ радгæс цæуын хъæуы, уый дæ ферох?! —
фæрсы йæ фыд.
— Радгæс ацæудзæн, дæлæ хъæуæххæсткомы хъомтæ фыст
кæуыл сты, уый, — загъта лæппу.
127
АЛÆТЫ БУР
Дæргъæвсы комы Джимара æмæ Хъахъхъæдуры ’хсæн уыд хъæу
Æхсæйнаг. Ныр федзæрæг. Æхсæйнаджы Алæты Бур фæцард дыууæ
сæдæ азы. Мæлæтдзаг рынчын куы æрци, уæд æй иу лæг фæрсы:
— Бур, уыйбæрц бирæ фæцардтæ, бирæ цыдæртæ федтай хорзæй
дæр æмæ æвзæрæй дæр. Цы ма дæ бафæндид раздахын дæ цардæй?
— Ехх, тæхуды æмæ ма дæлæ Даргъ Лæгъзы уæрыччыты фæ-
дыл азгъор! — арф ныуулæфгæйæ загъта Бур.
ХАШ
Персы паддзахмæ уыдис цыты уазджытæ. Хорз сыл бацин
кодта, цæлы фынгтыл сæ фæбадын кодта, фæкаст сæм нозтæй
дæр. Уæдæ дзы йæхæдæг дæр æвыдæй нæ баззад.
Дыккаг бон æрæгмæ рабадт йæ хуыссæнæй. Буар рыст, сæр
тъæппытæ хауд. Иу ахæмы йæм йæ хæринаггæнæг æрбацыд æмæ
йæ фæрсы, аходæнæн дæ цы хъæуы, зæгъгæ.
Паддзахы хæрды мæт æппындæр нæ уыд æмæ йын афтæ:
— Хæрд нæ, фæлæ мын исты хос ссар. Нозтæй рынчын дæн.
— Мæхи конд хосыл баввæрсдзынæ? — фæрсы йæ хæринаггæнæг.
— Кæд мæ сдзæбæх кæндзæн, уæд цæуылнæ.
Хæринаггæнæг ауад æмæ йын кусарты тъæнгты æмæ къæхты
хъацæнджын фых æрбахаста. Паддзах дзы ныххуыппытæ кодта,
йæ хид акалд, стæй йæхимæ ныхъхъусгæйæ афтæ бакодта:
— Хаш! Хаш!.. (Ома хорз у, хорз...)
Уæдæй фæстæмæ тъæнгты æмæ къæхты фых хонынц хаш.
АЛКÆЙ ХÆС ДÆР У
Ирон ахуыргонд æмæ абадгæ лæппутæ бакъорд сты, сагъæс
кæнынц ирон адæмы хъысмæтыл, быцæу ныхас кæнынц национ
идейæйыл. Уыцы рæстæджы сыл æрыгон фыссæг бамбæлд,
æрыхъуыста сæ ныхæстæм, сæ сагъæстæм. Йæ цæст сыл ахаста,
алкæй цардвæндагыл дæр дзы ныхъхъуыды кодта æмæ куы ра-
хатыдта, сæ иуæн дæр дзы ус нæма ис, афтæмæй зæронд кæ-
нынц, уый, уæд сын тызмæгæй афтæ:
— Уæ ныхæстæ ма ныууадзут, ахуыргонд адæм куы стут, уæд
ныхасæй хъуыддаг нæ рæзы, уый нæ зонут? Алчидæр-ма уæ ус
ракурæд, æппынкъаддæр æртæ сывæллоны рауадзæд æмæ сæ
Ирыстоны аккаг бахъомыл кæнæд! Гъе, уый у уæ æрдзон хæс,
уæ быцæу æмæ цъæл ныхасæй ирон адæмæн — ахсджиагдæр.
ФОНДЗ АЗЫ ФÆСТÆ МÆ МАРГÆ КÆНЫ
Зæронд академикыл сæххæст 95 азы. Уый фæдыл уыд кадгæ-
нæн æмбырд, стæй та — цæлы фынг. Фынгыл куы бахъæлдзæг
сты, уæд æвзæгтæ зондæй феуæгъд сты æмæ, кæмæн куыд кар-
128
ста, афтæ сидтысты, дзырдтой æмæ дзырдтой. Иу рæстæмбис
кары лæг, æвæццæгæн, æй нозтджынæй, академикыл цас цæуы,
уый æрбайрох, æмæ скуывта:
— Æнæниз нын у! Хуыцау дæ сæдæ азы фæцæрын кæнæд!
Академик дæр нозты хъæстæ куыннæ уыдаид æмæ ахуыргон-
ды ныхæстæ йæ зæрдæмæ арф айста. Ныхъхъуыды сыл кодта,
стæй фемæхст æмæ лæбуры кувæгмæ:
— Кæс-ма уыцы дзæдæл ахуыргондмæ! Тагъд мæ фынгæй хаугæ!
— Цы кодтай? Цы дæм хъыг фæкаст? — сабыртæ кæнгæйæ
йæ фæрсынц алырдыгæй.
— Куыд цы кодтон? Ацы æвзæр мæ фондз азы фæстæ маргæ
кæны!..
МАУАЛ СУЛ/ЕФ
Рынчын дохтырмæ бацыд. Дохтыр æй рауын-бауын кæны.
Йæ фæсонтæ йын сæгом кодта. Йæ рæуджытæм ын сæрмагонд
хъусæнæй хъусы. Дзуры йæм:
— Сулæф... Арфдæр сулæф!.. Мауал улæф.
— Уый та куыд — мауал улæф?! Æмæ адæймаг æнæулæфгæйæ
фæразы?! Æви мæ æлгъитгæ кæныс!? — стыхстис рынчын æмæ
йæ сурхид акалд.
Дохтыр хорзау нал уыд æмæ ма афтæ бакодта:
— Дæ улæфт фæуром дын загътон. Цæмæй дын дæ рæуджы-
ты куыст хуыздæр фехъуыстаин.
НÆХИ - НÆХÆДÆГ
Ирон адæм æртынæм азты сæ хуыздæртæй кæй мæлæты хай
бакодтой, кæй Сыбыры къæйыбынмæ арвыстой. Уыцы уавæрыл
сагъæс кодтой Дыгургомы Одолайы хъæуы ныхасы дæр. Чи-
дæртæ дзырдтой, Сталин, дам, у аххосджын. Уæд сын Хæмыца-
ты куырыхон Нæуæг афтæ:
— Цы Сталин, Сталин кæнут? Ныр цымæ Сталин цæмæй зоны,
дæ-алæ Дыгургомы Одолайы хъæуы Хæмыцаты Нæуæг цæры,
уый?! Уæдæмæ нæхи нæхæдæг бахордтам, нæ хуыздæрты фæ-
нымыгътам, цæсты сæ бафтыдтам, æмæ сæ фæцагътой.
ЦЫ ДЫН ДЗЫРДТОН?
Дыууæ усы уæрдоны ныхасгæнгæ фæцæйцыдысты. Сæ дам-
думты афтæ арф аныгъуылдысты æмæ, цæугæдоны сæрты зылын
хидмæ куыд бахæццæ сты, уый нæ бафиппайдтой. Уæрдон хъыр-
рыст-хъыррыст кæнгæ хидыл батылд æмæ уайтагъд иуварс фæ-
хъил. Устытæ сæ ныхасы тæмæны уыдысты, æмæ сын сонтæй
сæхи бахъахъхъæныны фадат нал фæци, цæугæдонмæ ныххауд-
той æмæ фæдæлдон сты. Иу уысм дзы иу доны бынæй йæ сæр
9 Цгъойты Хазби
129
сдардта. Уæдмæ иннæ дæр тыхулæфт, йæ цæстытæ асæрф-асæрф
кæнгæ фæзынд. Йе ’муд нæма æрцыд, афтæ йæ фыццаг ус фæрсы:
— Цы дын дзырдтон, цы?..
НÆ СЫН БАКУЫМДТА
Сталин куы амард, уæд хабар ныххæццæ Чысангоммæ дæр.
Тынг ыл фæхъыг кодтой, уæдæ цы уыдаид, фæлæ сæм сæв-
зæрд иу фарст, йæ бынаты йын кæй сæвæрæм, зæгъгæ. Бирæ
фæрахъуыды-бахъуыды кодтой, стæй сæ иумæйаг фæнд æрæн-
цад колхозы хыгъдхæссæгыл. Уымæ куысты фæлтæрддзинад ис,
фæллойы бонтæ, æхца нымайын, дзуапп раттын зоны, зæгъгæ.
Бацыдысты йæм хатæг:
— Сталин амард, æмæ йын йæ бынаты дæуæй хуыздæр кæй
сæвæрæм? Æнæ дзуаппæй нæ ма арвит... Сразы у...
Хыгъдхæссæг сæм биноныг фæхъуыста, стæй сыл фæтъæнг ласта:
— Нæ! Æртæ тъаройы (гуырдзиагау — нартхоры æфсир) мæ
сывæллæттæн быдырæй мæ роны куы æрбахастон, уæд мæ æртæ
азы ахæстоны кæй абадын кодтат, уый уæ ферох?..
ХОРЗ АЛЧИ НЕ ’МБАРЫ
Горæты, уæлмæрд кæмæ хауд, ахæм куыстуаты хицау йæ хион
мæгуыр зæронд лæджы уæлмæрдгæсæй баурæдта. Куыст дзы
ницы уыд, мæрдтæн цæй гæс хъуыди, фæлæ йæ йæ хорз зæр-
дæйæ фæндыд, зæронд ма йæ чысыл пенсийæн уæлæфтуан иучы-
сыл мызд дæр куы исид, уый.
Зæронд лæг æрвылмæй дæр йæ чысыл мызд æнæ кусгæйæ
афоныл иста æмæ бузныг уыд йæ хæстæг хицауæй. О, уыд, ца-
лынмæ йыл æвзæр æмбæлæг нæ фæци, уæдмæ. Уый та уыд,
алкæуыл дæр æмæ алцæуыл дæр æдзух дызæрдыг чи кодта, йæ
уыцы сыхаг. Иу изæр сын сæ дуармæ фæхс бандоныл бадт куы
ацайдагъ, уæд æй дызæрдыджы бафтыдта, уæлмæрдтæн, дам,
хъуамæ цыппар хъахъхъæнæджы уа, ды та иунæг дæ, æмæ дын
мызд дæр иунæг мызд фиды, иннæ ’хца та йæхи дзыппы æвæры.
Лæг æхсæв-бонмæ йæ цæст нал æрцъынд кодта, хардзау æм
æркаст, цыппары мыздæй йын иу йеддæмæ кæй нæ фиды, уый.
«Æз ын райсом, цы хъæуа, уый зæгъдзынæн!» — æртхъирæн
кодта йæхинымæры.
Райсомæй фараст сахатыл балæууыд йæ хион хицауы уæл-
хъус. Хицау зæрондыл бацин кодта, баузæлыд, кæд, зæгъгæ,
бузныг зæгъынмæ ’рбацыд. Фæлæ лæг бузныгтыл нæ уыд. Уай-
тагъд йæ масты цæхæр скалдта:
— Ды цымæ æдылы кæй хоныс?! Уæлмæрдтæн цыппар хъахъ-
хъаЬнæджы хъæуы, ды та дзы мæн иунæгæй дарыс!
Хицау йæ мидбылты бахудт æмæ йын хъазгæйæ афтæ бакодта:
— Æмæ мæрдтæй исчи фесæфт?..
130
— Мæрдтæй ничи фесæфт, фæлæ иннæ æртæ мызды дæ дзып-
пы æвæрыс!
Хицау хорзау нал уыд, рамæсты, фæлæ зæрондмæ тызмæг не
сдзырдта. Загъта йын:
— Ацу уæхимæ, абонæй фæстæмæ дæ цыппары бæсты кусыны
сæр нал хъæудзæн. Уæгъд дæ дæ куыстæй.
СÆР ÆМÆ ЗÆРДÆЙЫ РЫСТ
— Хынцой куы бануазы, уæд дыккаг бон куы йæ сæр фæрис-
сы, куы — йæ зæрдæ. Цымæ цæмæн афтæ у? — дисгæнгæ фæр-
сынц Биттойы.
— Цæмæн афтæ у куы зæгъат, уæд йæ сæр фæриссы, искæй
хардзæй куы бануазы, уæд: лæвар хойрагыл æгæр фæхæлоф
кæны. Йæ зæрдæ та фæриссы, йæхи хардзæй куы бануазы, уæд.
СЫЛГОЙМАДЖЫ ХЪÆЛÆБА - ФАРНСАФÆГ
Рагæй-æрæгмæ цард æгъдауæй фидауы. Ирон адæм та æгъдау
домдтой суанг хъæдбыны дæр. Уымæ гæсгæ кæстæр хистæры раз
хъæрæй нæ дзырдта, хистæр кæстæримæ схуыст ныхас нæ кодта.
Сылгоймаджы хъæрæй ныхас та нæ фæтчыди — бæркад сафæг
уыд. Æмæ уымæй алчидæр йæхи хъахъхъæдта. «Мæ фыдгулы хæ-
дзарæй сылгоймаджы хъæлæба хъуыса». Уыцы хæдзары фарн
нæй», — дзырдтой-иу хистæртæ. Фарн кæм нæй, уым та бæркад
дæр нæй æмæ цард дæр. Уый тыххæй баззад ахæм таурæгъ.
Иуахæмы, дам, дыууын фондз барæджы æрфистæг сты иу
сидзæргæс усы кæрты. Ус сæ ’рбадын кодта фынджы уæлхъус,
æрхаста сын нозт, цыхты кæрстытæ æмæ сæм бахатыд:
— Чысыл фæгæдзæ кæнут, ныртæккæ уын дзул афыцдзынæн...
Хæдзары устыты ’рдыгæй фарс, къулмæ æнгом, рæгъ-рæгъы
æвæрд уыдысты æртæ къутуйы. Ус сæм бацыд æмæ дзы иуы
сæр систа. Уазджытæ уынынц, къуту йедзаг у ссадæй, фæлæ
уæддæр ус афтæ бакодта:
— Уый сын не сфаг уыдзæн...
Уазджытæм уый диссаг фæкаст, æмæ сæ хистæр усы цурмæ
бацыд. Ус дыккаг къутуйы сæр систа. Къуту æрдæгмæ ссадæй
над, фæлæ та ус афтæ бакодта:
— Уый дæр сын не сфаг уыдзæн...
Æртыккаг къутумæ ныккасти ус, æмæ ма дзы уыди иу армы-
дзаг ссад. Ус бацин кодта:
— Уый сын фагæй уæлдай у!...
Барджыты хистæр бадис кодта, фæлæ ницы сдзырдта. Ус
уыцы ссады тæппæй иу дзул ракодта, уæлкъæй йæ афыхта æмæ
уазджытæм бадзырдта:
— Адих æй кæнут, уæ нывонд фæуон, фæйнæ къæбæры уæм
дзы æрхаудзæн, æмæ уе стонг айсæфдзæн...
131
Уазджытæ бавнæлдтой хæрынмæ. Кæд стонг уыдысты, уæд-
дæр иу дæр йæ хай нæ фæци хæрд, сæ бон æй нæ баци — ахæм
бæркадджын разынд уыцы дзул.
Æрæджиау уазджыты хистæр бафарста фысымы:
— Бахатыр кæн, мæ мадыхай, фæлæ нын бамбарын кæн: дзаг
къутуйы ссадæй загътай: «Уый сын не сфаг уыдзæн», дыккаг
къутуйæ: «Уый дæр сын не сфаг уыдзæн», æртыккаджы ма иу
ссады тæпп уыд, æмæ уымæй загътай: «Уый сæ фагæй уæлдай
у». Æмæ раст разындтæ. Цæмæн?
Ус ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы:
— Диссагæй дзы ницы ис, мæ хъæбултæ. Дзаг къутуйы ссад
уæды хойраг у, чындзæн йæ ныхас артдзæстæй кæртмæ хъуы-
сын куы райдыдта. Уый æбæркад у... Дыккаг къутуйы ссад та
уæды хойраг у, чындзы ныхас артдзæстæй фæрссагмæ хъуысын
куы райдыдта... Уый дæр бæркадджын нæу... Æртыккаг къу-
туйы ссад та уæды хойраг у, чындзы хъæлæс артдзæстæй рæ-
хысмæ дæр куынæ хъуыст... Уый цы бæркад хæссы, уый та ныр
уæхæдæг уæхиуыл бавзæрстат... Афтæ у, мæ хуртæ, адæйма-
джы фарныл зайы йæ хойраджы бæркад дæр...
«ЧЫНДЗ ЦÆРА»
Иу мæгуырау бинонтæн сæ лæппу ус æрхаста хъæздыг хæдза-
рæй. Чызг йæ уарзондзинады фæдыл ацыд, æмæ йын йæ ный-
йарджытæ йæ фæндоны ныхмæ не ’рлæууыдысты. Дзæбæх æй
сфæлыстой, хорз æм фæкастысты хæдзары дзаумайæ, мулкæй,
æмæ уый мæгуыр бинонты цардыл дæр фæзынд.
Бинонтæ куывтой — æмæ сæ чындзмæ, сæ ног хæстæджытæм.
Бузныг сæ уыдысты æмæ сæ чындзыл бындз абадын дæр нæ
уагътой, фу-фу йыл кодтой. Фæстагмæ сомы дæр, «чындз цæра»,
зæгъгæ кæнын райдыдтой. Чындз дæр йæхи хорзæй æвдыста,
бинонты хъæр бамбæрста, се ’гъдæуттæ сын кодта. Æмæ уый
дæр «чындз цæра» сомы кæнын райдыдта.
МÆ НЫГÆНЫН ДÆУМÆ КÆСЫ
Фыд йæ кæстæр фырты чысылæй фæстæмæ алы хъуыддагæй
скъулбадæг кодта. Цы хуыздæр акæна, цы адджындæр бахæра,
цы хуыздæр рæвдыд фена, цы фылдæр ахъаза, цас къаддæр ба-
фæлмæца, бакусайыл æй ауагъта. Æмæ лæппу куыд стырдæр
кодта, афтæ налатдæр, æгоммæгæсдæр, æдзæсгомдæр кодта.
Фæстагмæ йæ фыды йеддæмæ никæмæ уал хъуыста, бинонты,
хиуæтты, сыхæгты ницæмæ уал дардта. Цыбыр ныхасæй, къу-
хæйфæхаудта. Лæппуйы уаг фыды зæрдæмæ дæр нал цыд, æмæ
иу йемæ зæрдæйæ-зæрдæмæ арæх аныхас кодта. Цыма-иу фæ-
132
цъула, хорз зонд æм æрцыд, афтæ-иу æм фæкаст æмæ йын-иу,
йæ уæхскыл йæ къух æрæвæргæйæ, афтæ бакодта:
— Афтæ, афтæ, лæппу. Мæ ныгæнын дæумæ кæсы...
Фæлæ уæддæр лæппуйæн йæ къух, йæ зонд хорзæрдæм нал
арæхстысты. Хуыскъастæуæй бахъомыл, йæ домæнтæ та бирæ
уыдысты, æмæ давыныл фæцалх. Иуахæмы милицæмæ дæр ба-
хауд. Фыд йемæ куы фембæлд, уæд ыл сбустæ кодта:
— Уый цы бакодтай, лæппу? Куы нæ фæхудинаг кодтай! Ба-
ныгæдтай мæ!
— Баба, æмæ уæддæр афтæ куы дзырдтай, мæ ныгæнын дæумæ
кæсы, зæгъгæ, — уыд йæ дзуапп фыртæн.
КЪÆРНЫХ ÆМÆ ХÆЙРÆГ
Ирон адæм сæ фидæнмæ цы цæстæй кастысты, уый хорз зыны,
сæ сабитыл куыд аудыдтой, куыд сæ хъахъхъæдтой, уымæй. Кæй
зæгъын æй хъæуы, алкæй къухы æппæт не ’фтыд, уæдæ æвæгæ-
сæджы, æххормаг æмæ бæгънæджы фыдæй дзы чи бабын, ахæмтæ
дæр уыд. Фæлæ уæддæр сæ дзæцц, се скаст уыдон уыдысты.
Уыдоны хъуагæй сæ хъуыры къæбæр нæ цыд, сæ уæлæдарæс
ногæй нæ ивтой. Сæ удтæ сын хъардтой, сæ сæрвæлтау цæттæ
уыдысты мæлæтмæ. Уыцы миниуæг æвдыст цæуы нæ адæмон
сфæлдыстады дæр. Ис дзы иу ахæм æмбисонд, къæрных æмæ
хæйрæг кæм фембæлынц. Сæ дыууæ дæр цæуынц иу хæдзармæ.
Къæрных — хъуг давынмæ, хæйрæг —сывæллоны уд хæссынмæ.
Къæрных фæрсы хæйрæджы, æз бахъуыздзынæн æмæ сусæгæй
хъуг рафардæг кæндзынæн, фæлæ йын ды йæ уд куыд рахæс-
дзынæ, зæгъгæ.
— Бацæудзынæн мидæмæ, сывæллоны æртæ хатты æрыхсныр-
сын кæндзынæн, кæд ын «цæр» зæгъгæ, ничи зæгъа, уæд ын йæ
уд рафардæг кæндзынæн. «Цæр» ын кæд исчи зæгъа, уæд ыл мæ
бар нæ цæуы.
Бацыдысты хæдзары размæ, дзурынц кæрæдзийæн: «Цу, ды
уал ракæн», «Цу, ды уал рахæсс». Къæрных бацыд, хъуджы
ракодта, хæйрæг дуармæ лæууы. Бацыд хæйрæг дæр мидæмæ,
сывæллоны иу хатт æрыхснырсын кодта, — ничи йын загъта
«цæр». Дыккаг хатт дæр æрыхснырста. Къæрных мидæмæ хъу-
сы, — ничи йын зæгъы «цæр», æмæ тыхсы. Æртыккаг хатт дæр
та æрыхснырста сывæллон. Къæрныхæн йæ зæрдæ нал фæлæу-
уыд æмæ фырадæргæй ныхъхъæр кодта: «Цæр! «Цæр! «Цæр!»
Хæйрæг дæр ныхъхъæр кодта: «Къæрных! Къæрных!»
Хæйрæг æрбатары, къæрныхмæ бинонтæ рацыдысты æмæ йæ
æрцахстой.
Къæрных басаст, сæ хъуджы сын кæй давта, ууыл. Загъта,
акодтаин æй, фæлæ уын хæйрæг уæ сывæллоны уд хаста, æртæ
æхснырсты фæстæ йын уæ иу дæр «цæр» кæй нæ загъта, уый
133
фыдæй. «Æртыккаг æрыхснырсты фæстæ мæ зæрдæ нал фæлæу-
уыд æмæ мæхæдæг ныхъхъæр кодтон: «Цæр! Цæр!» Уæд хæй-
рæг та «Къæрных! Къæрных!» фæхъæр кодта æмæ æрбатары.
Мæн æрцахстат...
Бинонтæ, сæ сывæллоны сын хæйрæгæй кæй фервæзын код-
та, уый тыххæй хъуг къæрныхæн балæвар кодтой.
ХЫЛ СЫН РАКЪАХТА
Цард æмæ уыд авд æфсымæры. Уыдонæй æхсæз уыдысты
хæрзæгъдау æмæ хиуылхæцгæ. Æвдæм схъæл, тæппал æмæ фыд-
зонд. Иуахæмы та кæимæдæрты хыл ракъахта. Æмæ йæ куы
æрнадтой, уæд æфсымæртæ йæ сæрыл рахæцыдысты. Хылы
æхсæзæй дæр фæмард сты. Фыд-зонд æфсымæр та æвыдæй баз-
зад. Йе ’хсæз æфсымæры мæрдты цур бады æмæ хъарæггæнгæ
дзуры:
— Ныр æз уæ разы цы аххосджын дæн? Хыл уын ракъахтон,
æмæ дзы хыл кæнын нæ базыдтат...
НЫХХАТЫР ЫН КОДТА
Куырттатыкомы Уæллаг Къорайы сæрмæ ис Æвзæндаджы бар-
дуаджы кувæндон. Кæддæр æм иу туджджын, йæ къух æнæбары
кæмæдæр кæмæн аирвæзт, ахæм лæг йæ тæригъæдтæ сыгъдæг
кæнынмæ цыд. Кæмæндæр йæ фæнд раргом кодта, æмæ йыл уый
гадзрахатæй рацыд: кæимæ фæтуджджын, уыдонæн хабар фе-
хъусын кодта.
Лæг кæй амардта, уый æфсымæр уайтагъд йæ тугисынмæ атагъд
кодта æмæ туджджыны разæй фæци кувæндонмæ. Йæ бæх æрхы
бамбæхста, йæхæдæг та кувæндонмæ æввахс дуры аууон æрæм-
бæхст. Уалынмæ туджджын дæр фæзынд. Алырдæм аракæс-ба-
кæс кодта, стæй систа йæ кувинæгтæ, йæ хæцæнгарз зæххыл
æрæвæрдта. Æфсымæр æм ныхъхъавыд дураууонæй, фæлæ йæ-
хиуыл фæхæцыд, кувын уал æй бауадзон, зæгъгæ. Туджджын
йæ зонгуытыл æрлæууыд æмæ Хуыцауæй, Æвзæндаджы бардуа-
гæй хатыр куры, мæ къух кæмæ аирвæзт, уый бинонты мæгуыр-
дзинадмæ цæйнæфæлтау кæсон, мæ мыггаг туджджын уа, фæл-
тау мын мæ цард айсут, æнæбары бæллæх бакодтон æмæ мыл уæ
цæхæр æркалут, зæгъгæ.
Тугисæг йе ’мбæхст бынатæй йæхи равдыста. Лæгæн загъ-
та: «Æз ардæм дæу марынмæ ссыдтæн, фæлæ мын мæ зæрдæ
дæ куывдæй фæцагайдтай. Хатыр дын кæнын дæ фыдракæнд».
Уым,' кувæндоны бын ард бахордтой, кæрæдзийæ æфсымæртæ
загътой.
134
ЦÆРÆГОЙТЫ ÆМБИСÆНДТÆ
Ацы æмбисæндты хабæртты архайджытæ кæд цæрæ-
гойтæ сты, уæддæр фæсномыгæй æвдисынц адæмы зонда-
хасты гæлиртæ, сæ аиппытæ æмæ æнæуаг митæ.
БУРДЫМ ÆМÆ БУЛÆМÆРГЬ
Зæдтæ æмæ дауджытæ изæрмилты æрæмбырд сты Уазы къуып-
пыл æмæ зарыдысты.
Бурдым æмæ Булæмæргъ дæр сæм ахуырмæ бацыдысты. Бур-
дым зарджытæм хæмпæлæй хъуыста æмæ уайтагъд афынæй. Бу-
лæмæргь сæм хæстæг ссыд æмæ æхсæв-бонмæ йæ цæст не ’рцъынд
кодта. Æхсæв-бонмæ фæзарыдысты зæдтæ æмæ дауджытæ. Бу-
лæмæргъ сын сахуыр кодта сæ зарджытæ.
Боныцьæхæй сугдзау хъæдмæ фæцæйцыд æмæ хæрæгыл фæхъæр
кодта, «гокыс», зæгъгæ. Бурдым хъæрмæ фехъал æмæ ма æрмæст
сугдзауы «кокыс» ныхас бадардта йæ зæрдыл.
Ныр Бурдым «гокыс-гокыс» кæны, булæмæргъ та зæдтæ æмæ
дауджыты зарджытæ зары.
ТÆРХЪУСТÆ
Тæрхъустæ æрвылæхсæв æрнæг пыхсы æрæмбырд вæййынц,
кæрæдзийæн фæдзурынц сæ хъæстаг хабæрттæ: бирæгъ сæ
æддæмæ ракæсын, хæрршаг амал кæнын кæй нæ уадзы, иугай сæ
куыд куынæг кæны. Тæрхоны рабадынц, марыны тæрхон ын ра-
хæссынц. Фæлæ та куы сбон вæййы, уæд тæрсгæ-ризгæйæ фæй-
нæрдæм апырх вæййынц...
135
УЫЗЫН
Уызын хуымгæнæнты галтæрæн уистæм ацыди хъæдмæ. Най-
гæнæнты фæстæмæ æрыздæхт, мусы сагойыл фæкалд æмæ мæс-
тыйæ дзуры:
— Мæ тæригъæд дæ уæд!.. Уд куыд тагъддæр тындза, афтæ
ноджы фæстиатдæр кæны!
БИРÆГЬ ÆМÆ КУЫДЗ
Бирæгъ мæстыйæ куыдзмæ дзуры:
— Хъуамæ дын карз тæрхон скæнон!
— Цæй тыххæй? — фæджих куыдз.
— Фыййау дæ хъаст кæны, мæ фос, дам, мын дзæбæх нæ хъахъ-
хъæны.
— Æмæ уæд фыййау, йæ фосы кæмæй хъахъхъæны, уымæй
нæ хъаст кæны?
САГ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН
Саджы лæппын дзуры йæ мадмæ:
— Диссаг мæм кæсы, дзыцца, ды куыдзæй бирæ стырдæр æмæ
цæрдæгдæр дæ, стæй ма дыл стыр сыкъатæ дæр ис дæхи ба-
хъахъæнынæн, уæддæр тæрсыс куыйтæй.
Саг бахудти æмæ загъта йæ родæн:
— Раст зæгъыс, мæ хур, раст, фæлæ мæм иу æнамонддзинад
ис. Æвæдза, куыйты хъæр фехъуыстон, афтæ мæ цæстытæ атартæ
вæййынц, æмæ æмбаргæ дæр ницыуал бакæнын, афтæмæй мæ
къæхтæ згъорынмæ фæвæййынц.
КАЛМ ÆМÆ УАЛЛОН
Калм хурмæ хъазыд. Уаллон æй ауыдта æмæ йын йæ дæргъмæ
бабæллыд. Йæхи ивазын райдыдта æмæ иннæ уаллоны фæрсы:
— Æркæс-ма мæм, мæ хæлар, калмы дæргъæн нæма дæн?
Уый бахудт æмæ афтæ зæгъы:
— Нæ, мæ хæлар, калмы дæргъмæ ма дæ бирæ хъæуы.
Уаллонмæ хардзау фæкаст уыцы ныхас æмæ загъта, уæдæ-ма
фæкæс ныртæккæ, зæгъгæ. Йæхи тынгдæр айвæзта æмæ дыууæ
дихы фæци.
Уый фæдыл æмбисондæн баззад: «Уаллон калмыл йæхи бар-
ста, æмæ йæ тъанг аскъуыд».
ÆРТÆ БОНЫ
Тæрхъус йæ лæппыны афтæ фарста:
— Аз дын дарон дзидзи, æви æртæ боны?
Лæппынмæ æртæ боны фылдæр фæкастысты, æмæ загъта:
136
— Æртæ боны.
Ныр, дам, тæрхъус йæ лæппыны æрмæст æртæ боны хæссы
йе ’хсырæй.
ЙÆ ХÆССЫН МÆНМÆ КÆСЫ
Хæрæг ныхъхъæр кодта:
— Уæлæ гал ратулы!
Уæд ын загътой:
— Ратулæд! Дæуыл та дзы цы цæуы?!
— Йæ хæссын мæнмæ кæсы, — загъта хæрæг.
КÆСАГ ÆМÆ УÆРЦЦ
Кæсаг æмæ уæрцц уыдысты лымæнтæ. Фæлæ уæрцц донмæ
нæ цыди, кæсаг — сурмæ. Сæ астæу хæфс минæвар ныллæууыд
æмæ куы донмæ фæцæуы кæсагмæ хонæг: куы та хуыскъмæ 6а-
цæуы уæрццы хонынмæ. Фæлæ уæддæр дыууæ лымæны абон
дæр не ’мбæлынц кæрæдзиуыл. Уый тыххæй ныхасæн баззад,
уæрцц æмæ кæсаджы лымæнау, зæгъгæ.
ТЕУА ÆМÆ ХÆРÆГ
Теуа æмæ хæрæг кусынæн нал уыдысты. Сæ хицау сæ ратард-
та. Уыдон иумæ æмбал скодтой, фæхызтысты-иу сакъадахы
аууоны. Хæрæг уайтагъд снард æмæ загъта:
— Теуа, уасын мæм цæуы!
— Дæ хорзæхæй, ма ныууас! Исчи нæ базондзæн æмæ та нæ
сау куыстæй бадомдзæн, хурхæй нæ амардзæн.
Хæрæг æм кæм байхъуыста, — йæ хъæлæсы дзаг ныууасыди:
— И-о-о! И-о-о!
Иу лæг фехъуыста уыцы хъæр, рацахста сæ æмæ сыл кусын
райдыдта йæхицæн...
Иуахæмы сыл лæг уæргътæ сæвæрдта. Фæндагыл хæрæг бас-
тад. Хицау ын йæ уаргъ теуайыл сæвæрдта. Æфцæджы сæрмæ
куы схæццæ сты, уæд теуа загъта:
— Хæрæг, мæнмæ кафын цæуы!
— Цы кæныс, теуа, дæ Хуыцаумæ скæс! Ма скаф. Ацы былæй
куы атæхон, уæд мын халон дæр ме стджытæ нал ссардзæн.
Фæлæ Теуа скафыд, æмæ зæронд хæрæг былæй атахт...
ДОМБАЙ ÆМÆ МЫСТ
Мыст домбайы дзæмбыты бахауд. Домбай йæ хæрынмæ куыд
хъавыд, афтæ йæм мыст дзуры:
— Ма мæ бахæр, æмæ дын æз дæ хорздзинад нæ ферох кæн-
дзынæн.
137
Домбаймæ диссаг фæкаст мысты ныхас æмæ йæм дзуры:
— Куыд дæм кæсын, афтæмæй худæджы мыст цыдæр дæ. Уый
йеддæмæ ды мæнæн цæмæй баххуыс кæндзынæ? — æмæ йæ ауагъта.
Уый фæстæ цуанон домбайæн ахсæнхыз цæвæрдта. Домбай
хызы мидæг стыхст æмæ ныббогътæ кодта. Мыст уый куы фе-
хъуыста, уæд бахсыдта хыз, æмæ домбай фервæзт.
Хорздзинад рох нæ кæны.
КАЛМЫ СÆР ÆМÆ ЙÆ КЪÆДЗИЛ
Калмы сæр æмæ йæ къæдзил быцæу кодтой, разæй сæ кæуыл
æмбæлы цæуын, зæгъгæ. Сæр загъта къæдзилæн:
— Ды разæй цæуынæн ницы бакæндзынæ. Уымæн æмæ дыл
нæ цæст ис, нæ хъус.
Къæдзил загъта:
— Кæд мыл цæстытæ æмæ хъустæ нæй, уæддæр мæм ис тых,
æмæ цæудзынæн. Ды та æнæ мæн иу къахдзæф дæр нæ бафæ-
раздзынæ.
Сæ ныхас кæрæдзийыл нал бадт, æмæ ахицæн сты. Къæдзил
сæрæй куы фæхицæн, уæд ма иудзæвгар ауад, стæй зæххы скъуыд-
мæ бафтыд æмæ уым ныххауд.
ХАЛОН ÆМÆ ДЗÆГЬЫНДЗÆГ
Иу хъулон-мулон дзæгъындзæг къалиуæй къалиумæ гæпп-гæпп
кодта, æмæ уыцы æнæрынцайгæ йæ къæр-къæр цыд. Халон бад-
ти чысыл дарддæр æмæ йæм æнцад хъуыста.
— Куыд ницы дзурыс, мæ лымæн саудзых? — фæрсы йæ дзæ-
гъындзæг. — Æви дæ нæ уырнынц мæ ныхæстæ?
— Тынг мæ нæ уырнынц, мæнг дын ма зæгъон. Афтæ бирæ чи
дзуры, уый, æвæццæгæн, мæнг ныхæстæ дæр фæкæны.
ХÆРÆГ ÆМÆ БÆХ
Иу лæгмæ хæрæг æмæ бæх уыди. Иу хатт фæндагыл иумæ
фæцæйцыдысты. Уæд хæрæг дзуры бæхмæ:
— Мæ уаргъ æгæр уæззау у, æмæ мын дзы иу чысыл айс,
кæннод æй нæ фæхæццæ кæндзынæн бынатмæ.
Бæх ын нæ баххуыс кодта.
Уалынмæ хæрæг бастад. Нал фæрæзта йæ уаргъ, æрхаудта
зæхмæ æмæ нал сыстад, мæгуыр, — амард. Сæ хицау ын йæ царм
бастыгъта æмæ бæхыл сæвæрдта хæрæджы уаргъ æмæ ма йæ
цар^ дæр.
Цæуы бæх йæ уæззау уаргъимæ æмæ фæсмон кæны:
— Хорз нæ бакодтон. Хæрæгæн куы баххуыс кодтаин, уæд нæ
амардаид, æмæ дыууæ уаргъы нæ хæссин...
138
РУВАС ÆМÆ ФЫРЫ ДЫМÆГ
Рувасæн йæ ахсæн фырыстонгæй бахус. Уæд дын йæ рæзты
иу стыр фыр йæ нард дымæг тилгæ æрцæуы. Рувас ын æрхауын
æнхъæл уыд, æмæ йæ фæдыл цæуынтæ райдыдта. Бирæ фæцыд,
чысыл фæцыд, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дымæг не ’рхауд. Уымæ
гæсгæ адæм æмбисондæн фæзæгъынц: «Рувас фыры дымæгмæ
æрхауынмæ куыд æнхъæлмæ каст, афтæ...»
ХОРГАЛМ ÆМÆ УЫЗЫН
Кæддæр хоргалммæ курæг æрбацыд уызын, рæстæгмæ мæ дæ
хæдзары цæрын бауадз, зæгъгæ. Хоргалм сразы. Уызын хæдзай-
раг сси, æмæ уæдæй фæстæмæ хоргалмы лæппынтæ сæхицæн
бынат нал ардтой — уызыны судзинтæ сæ хъыгдардтой æппы-
нæдзух. Уæд хоргалм загъта уызынæн:
— Æз дæ æрбауагътон рæстæгмæ. Ныр дæ судзинтæй мæ лæп-
пынты бон нал у, æмæ дæ курын: ардыгæй ацу.
Уызын загъта:
— Кæд искæмæй исты риссы, уæд ацæуæд, мæнæн ам дæр
æвзæр нæу.
БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС
Бирæгъы куыйтæ расырдтой. Уый иу стыр хуынкъмæ бауади.
Бамбæхсон дзы, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ кæсы, æмæ дзы ру-
вас бады. Рувас йæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодта æмæ дзуры
бирæгъмæ:
— Ма ’рбацу ардæм, ай мæ бынат у!
— Знаг амарди, — загъта бирæгъ. — Куыйтæ мæм афтæ хæстæг
куы нæ уаиккой, уæд дын æз бæргæ базонын кæнин, кæй бынат
У, уый!
ХЪÆДХОЙ ÆМÆ РУВАС
Хъæдхойæн бæласы сæр ахстон уыд. Йæ лæппынтимæ дзы
цард. Иу бон рувас, хин æмæ кæлæн кæм нæу, бæласы бын ба-
лæууыд æмæ йыл йæ къæдзил рахаф-бахаф кæны. Хъæдхой йæм
бæласы сæрæй дзуры:
— Цы кусыс, рувас?
— Мæнæ дын дæ бæлас йæ рæбыныл калын, цæмæй дын дæ
лæппынты бахæрон.
— Афтæ ма бакæн! — ныллæгъстæ кодта хъæдхой.
— Уæдæ мын дзы иу дæхæдæг раппар, — фæрæвдз æм рувас.
Хъæдхой йæ мæгуыр зондæй ахъуыды кодта: «Иууылдæр сæ
бахæрдзæн, фæлтау ын дзы иу радтон æмæ дзы фервæзон».
139
Йæ лæппынтæй иу раппæрста рувасæн. Рувас æй, кæй зæгъын
хъæуы, ахордта.
Цасдæры фæстæ та рувас февзæрд бæласы рæбын, йæ къæ-
дзил та йыл рахаф-бахаф кæны.
Хъæдхой та йæ лæппынтæй иу рауæлдай кодта. Афтæмæй хи-
нæйдзаг рувас хæрд фæци æнæзонд хъæдхойы лæппынты.
УЫГ
Цъиусур æмæ халон уыгыл амбæлдысты æмæ йæ фæрсынц:
— Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма мын, уыг, дæ пакъуы афтæ фæлмæн
цæмæн у?
— Сымах мæ нæ зонут, мæнæн мæ зæрдæ дæр афтæ фæлмæн у.
Æгайтма дын ахæм фæлмæн зæрдæ ис, зæгъгæ, бацин кодтой
цъиусур æмæ халон æмæ йæ акъабæзтæ кодтой. Фыдæлтæй
уымæн баззад: «Уыгау дæ зæрдæ макæмæн базонын кæн».
РУВАС ÆМÆ ТАХЫНÆГ
Рувас хъæдбыны тахынæг ссардта. Цинæй йыл марди, хъазын
дзы райдыдта, æппары йæ куы размæ, куы — хæрдмæ.
— Дæуæй та цы бахæрон? Йе ’нард куынæ дæ, йе дыл бырц
куы нæ ис, цæххъуаг дæр куы дæ, комыдæттæ дæр дæм куы нæ
цæуынц.
Фырщшæй йæ иухатг хæрдмæ афтæ тынг сæппæрста, æмæ тахы-
нæг бæласыл ацауындзæг. Куынæуал хауди, уæд æм хæрдмæ дзуры:
— Рахау, мæ хур, рахау, бырц дæр дыл ис, хъæдындзы ад дæр
кæныс, нард дæр дæ, цæххъуаг дæр нал дæ, комыдæттæ дæр
дæм цæуынц.
Фæлæ тахынæг бæласæй нал æрхауд. Рувас мæстæй мæлгæ
йæхи хъæды арфмæ айста.
УÆРЫЧЧЫТÆ
Хъæдрæбын фысты дзуг хызти. Дзугæй дыууæ уæрыччы
фæиппæрд и æмæ хибарæй хизынц. Зæронд фыс сæм дзуры:
— Фыдуаг ма ут, уæркотæ! Дзугæй дард ма цæут, кæннод
уæм исты замана кæсы.
Ныр сæм бирæгъ дæр къудзийы рæбынæй йæ цæст дары æмæ
сæм йæ дзьтх ауагъта:
-- Æгонгæй, уæркотæ! Уымæ ма хъусут, уый уæм хæлæг кæны.
Йæхæдæг базæронд æмæ уæ уымæн нæ уадзы хицæнæй хизын.
Ма йæм хъусут. Згъорут бархийæ быдырты!
Нал байхъуыстой уæрыччытæ зæронд фысмæ æмæ хизгæ-хизгæ
адард сты дзугæй. Бирæгъ сæм рагæпп ласта къудзийы рæбынæп
æмæ сæ ахаста.
140
РУВАС ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН
Карцайы рагъыл иу рувас йæ лæппынпмæ хъазыд. Æвиппайды
рувас йæ фæстæгтыл абадт, йæ раззаг къæхтæ та хæрдмæ ивазы.
— Уый куыд бадыс, дзыцца? — лæппын æм дзуры.
— Куыд бадын, куы зæгъай, уæд далæ Арыхъы рагъыл фый-
йæуттæ арт скодтой, æмæ йæм мæхи тавын.
Лæппынæн æвиппайды йæ хъыллист фæцыд æмæ йæ къæхтæ
тилы. Мад æй фæрсы:
— Цы кæныс, дзыццайы хур, цы тилыс дæ къæхтæ?
— Уыцы артæй стъæлфæн мæ къæхтыл сæмбæлд æмæ мын сæ
басыгъта.
— Ды та мæнæй мæнгарддæр, быдырæй хохмæ зынджы стъæл-
фæн кæй судзы, — загъта мад.
Мæнг нæ акæнынц: кæд ды рувас дæ, уæд æз та дæ къæдзил дæн.
ДОМБАЙ ÆМÆ РУВАС
Рувас никуы федта домбайы æмæ йыл фыццаг хатт куы сæм-
бæлд, уæд дзы фыртæссæй цы фæцадаид, уымæн ницыуал зыд-
та. Дыккаг хатт ыл куы сæмбæлд, уæд дзы афтæ тынг нал тарст.
Æртыккаг хатт ыл куы сæмбæлд, уæд та дзы тæрсгæ нæ, фæлæ
ма йемæ ныхæстæ дæр кодта.
БИРÆГЬ ÆМÆ ХЪÆДХОЙ
Бирæгъ хъæды сыллыик-сыллынкгæнгæ фæцæйцыд. Æвиппай-
ды йæ хъустыл цыдæр хъæр ауад æмæ фæтарст. Æрлæууыд, йæ
хъустæ фæхъил кодта æмæ йæ алывæрстæм кæсы: никуы æмæ ницы.
Уалынмæ бæласы сæрмæ фæкомкоммæ, æмæ хъæдхой бæла-
сы хъæд дзæбугæй хойæгау хойы.
— Дæ хуыздæр амæла, мæ уд мын куы ауайын кодтай, — дзуры
бирæгъ хъæдхоймæ. — Цæрынæй-хæрынмæ уыцы къуырцц-къу-
ырцц кæныс, æмæ дын æппын иу хæдзары къуым куы никуы ис!
— Дæ бинонтæй иу дæр мауал баззайæд! — дзуры йæм хъæд-
хой фæстæмæ. — Ды дæр дæ чысылæй дæ зæрондмæ «фос-фос»
кæныс æмæ дæлæ нæ уыныс: быдыры дæ фосыкондæй цæст
æрæвæрæн нал ис.
ÆППÆЛÆГ УÆ НÆЙ
Бирæгъ æппæлыд йæ мыггагæй:
— Мах кæмдæриддæр зонынц: хъæды дæр, хъæуы дæр.
Уыцы рæстæг æхсæрæг бæласы къалиуыл бады. Хъусы би-
рæгъы æтшæлæн ныхæстæм æмæ йæм дзуры:
— Зонгæ уæ кæнынц, уый æцæг у, фæлæ уæ иу æппæлæг нæй.
Бын бауат, хæлар кæмæн нæй.
141
АРС ÆМÆ МÆЛДЗЫГ
Уæд, зæгъы, дынджыр хъуынджын арс цуаны рацыд æмæ иу
стыр галы аргæвста. Арс цæрæнбонты æмбыдæй хæрын уарзы
æмæ галы марды дуртæ-къодæхты бын баныгæдта, йæхæдæг
хæстæджыты зилы. Уæдмæ мæлдзыджытæ галы мардмæ бабы-
рыдысты æмæ йæ сабыргай хæрынц. Арс йæ холыйы бонцухæй
бæрæг кæны. Куы йæм бацыд, афтæ мæлдзыджыты уыцы змæл-
гæйæ ауыдта æмæ сæм сабыр хъæлæсæй дзуры:
— Галы æз куы амардтон, уæд искæй фæллоймæ цæмæн æвналут?
— Ныгæнгæ та йæ мах зæххыл бакодтай, æмæ дзы махмæ дæр
хай хауы, — дзуапп ын ратта иу æнæнтыст мæлдзыг.
Арс куыннæ рамæсты уыдаид: ныббогътæ ласта:
— Иуварс абырут, æндæра уæ ныцъцъæл, ныммур кæндзынæн!
— Фæлæуу-ма, фæлæуу, арс! — ныфсхастæй та йæм дзуры
уыцы æнæнтыст, — ды стыр æмæ тыхджын дæ, мах та — чы-
сылтæ, фæлæ — бирæ.
— Иуварс ахъуытты ут! — къодæхтæ æмæ дуртæ кæрæдзиуыл
хойын райдыдта арс.
Мæлдзыджытæ фæйнæрдæм фæпырх сты. Арс йæ холыйыл
хæрынмæ куыд балæууыд, афтæ йæ къæхтыл сбырыдысты æмæ
йæ æмхуызонæй хъыдзытæ-æлхысчъытæ райдыдтой. Скатай арс.
Фæуагъта йæ холы. Кæм къæдзæхы тигъыл йæхи ахафы, кæм
бæласы хус цонгыл. Мæлдзыджытæ суанг сæрмæ сбырыдысты,
хъусты змæлынц. Фæстагмæ иу тæрфы йæ рагъыл атылд арс
æмæ лæгъстæтæ кæнгæйæ йæ цыппæртæ тилы:
— Ныууадзут мæ! Ницыуал мæ хъæуы! Зæхх дæр сымах у,
галы мард дæр сымах фæуæд!..
Æнæнтыст чысыл мæлдзыг йæ тæккæ фындзыл алæууыд æмæ
йæм уырдыгмæ дзуры:
— Гъемæ дын сабырæй куы дзырдтам, уæд цæуылнæ байхъуыс-
тай?! Стыр æмæ тыхджын куыннæ дæ, фæлæ уыцы гыццылтæй
мах та бирæ стæм, æмæ бирæмæ фылдæр тых вæййы!..
Цы ма загътаид арс, йæхи ацагъта æмæ хъæды афардæг...
БИРÆГЪ ÆМÆ ЗЫГЪАРÆГ
Бирæгъ уыйас зыд æмæ кæрæф у, æмæ хæрынæй никæуыл
ауæрды. Иуахæмы та уыцы тугмондагæй зыгъарæджы рацахста.
— Хæ-æ-æргæ дæ кæ-æ-æнын! — зæгъгæ, йæ цыргъ дæндæгты
къæс-къæс ссыди.
Уæд æм зыгъарæг сабырæй дзуры:
— Ау, уый та куыд? Уæздан мыггагæй куы дæ. Фыдæлты
æгъдау уал бакæн, стæй дын кæдæм ирвæзын?
— Ца-а-авæррр æгъда-а-ууу ма у уый та?! — дæндæгтæ фестад
æгасæйдæр бирæгъ.
— Уæ хорз фыдæлтæ-иу махæй искæй куы хордтой, — дзуры
142
зыгъарæг, — уæд-иу дзы бирæ фæхъазыдысты. Æртæ хатты-иу
æй уæлвæндагмæ сæппæрстаиккой, æртæ хатты — дæлвæндагмæ.
Бирæгъ баууæндыди зыгъарæгыл: куы йæ уæлвæндагмæ фех-
сы, куы — дæлвæндагмæ. Фæстаг æппæрстæн йæ хуынкъмæ хæ-
стæг æрхауд зыгъарæг æмæ дзы фæмидæг.
Бирæгъ хæлиудзыхæй баззад...
УÆРТДЖЫН ХÆФС ЦУМАЙЫ ЛÆППУ
Сырдтæ, дамг æмбырдæй бадтысты. Иуахæмы сæ рухс ахуыс-
сыд, æмæ кæрæдзи цырагъмæ æрвитынц. Æгæр куы сбыцæу сты,
уæд рувас афтæ:
— Уæртджын хæфс кæстæр у æмæ уый ацæуæд.
Иууылдæр сразы сты. Уæртджын хæфсæн дæр ма цы гæнæн
уыд: йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта æмæ рараст.
Уæртджын хæфс æрæгмæ зынд, æмæ сырдтæ дзæвгар талын-
джы куы абадтысты, уæд хор-хор кæнын райдыдтой: «Кæд уы-
дзæн уый? Цæмæн æй арвыстам? Фæрæдыдыстæм».
Уыцы рæстæг сæм уæртджын хæфс къæсæрæй дзуры:
— Бирæ куы дзурат, уæд æз ардыгæй фæстæмæ дæр аздæх-
дзынæн.
ЦÆРГÆС ÆМÆ ХАЛОН
Цæргæс халоныл фембæлд æмæ йæ фæрсы:
— Æртæ сæдæ азы, дам, цæрыс, фехъуыстон. Æмæ уый æцæг у?
— Æртæ сæдæ азы нæ, фæлæ ма мын фылдæр дæр антысы, —
сæрыстырæй ныхъхъуахъ кодта халон.
Цæргæс æм бахæлæг кодта æмæ йын мæгуырхуызæй йæ хъаст
ракодта:
— Уæдæ æз та æртын азы йеддæмæ нæ цæрын.
— Уый та куыд?! Æртын азы?! Хæрз чысыл! Æмæ хæргæ та
цы кæныс?
— Хæргæ? Мæхæдæг кæй æрцахсын æмæ аргæвдын, ахæм
цæрæгойы фыд. Ды та? — фæрсы цæргæс.
— Æз? Мæнæн мæ хæринаг æдзух дæр цæттæ у. Ныр дæр та
мæм йæ тæф æрбакалд, æмæ мæ цæсты туг абадт. Ратæх мемæ
æмæ дын æй фенын кæнон.
Халон атахт, цæргæс — йæ фæдыл. Кæйдæр стур фахсæй ра-
тылд æмæ хохы цъассы ныммард. Уырдыгæй йе смаг дардыл
æнхъæвзта. Халон йæ холы уайтагъд ссардта æмæ йæ хæрын
райдыдта. Цæргæс æм дисгæнгæ кæсы. Стæй уый дæр йæ фарсмæ
абадт, стыдтытæ кодта хæдмæл стуры фыдæй. Фæлæ дзы аныхъуы-
рын йæ бон нæ баци æмæ сдзырдта:
— Цæйнæ фæлтау æртæ сæдæ азы хæдмæл фæхæрон, фæлтау
ногæргæвст цæрæгойы фыд æмæ тугæй æртын азы цæрæнбоныл
дæр разы дæн!
143
Йæ фидар базыртæ фæтæн айтыгъта æмæ арвы тыгъдадмæ
йæхи систа.
ÆНДЫСНÆГ ÆМÆ ХÆЛУАРÆГ
Æндыснæг æмæ хæлуарæг иухатт иумæ абалц кодтой. Æрбаф-
тыдысты иу хъæумæ. Дзурынц кæрæдзийæн:
— Цæй, ам бахсæвиуат кæнæм.
Хæлуарæг æрфысым кодта иу хъæздыг лæджы хæдзары,
æндыснæг та бахылд мæгуыры къæсмæ.
Райсомæй куы фембæлдысты, уæд æндыснæг фæрсы хæлуа-
рæджы:
— Цæй, дæхи куыд æнкъарыс, дæ фысымтæ дыл куыд сæм-
бæлдысты?
— Цæмæй дын раппæлон, нæ зонын, æнамонды фæндагыл баф-
тыдтæн. Дысон-бонмæ сæ аив нывæфтыд тыргъыл диссаджы рæ-
сугьд тын фæнывæзтон. Райсомæй се ’ххуырст фæзынд æмæ мын
ме ’хсæвы фæллой иу сæрфтæн былæй акалдта. Мæхæдæг дæр
бынмæ атахтæн, æмæ чысыл ма бахъæуа, мæ бæрзæй ма асæтта.
— Уæдæ æз дæр фыдæхсæв куы фæдæн, — загъта æндыснæг. —
Мæгуыр лæджы синтæм бахылдтæн. Уый сыстад, пецы цырен
арт скодта æмæ йæм йæ синтæ сыздæхта. Арты тæккæ тæвдмæ
мæ ныддардта, æмæ мæ фæрстæ басыгъдысты.
— Цæй, ахсæв нæ бынæттæ баивæм, — фæндон бахаста æндыснæг.
Æмвæнд разынд хæлуарæг дæр. Æмæ æндыснæг араст хъæз-
дыгмæ, бахылд ын йæ бæрзæймæ. Хъæздыг лæг фырадæргæй
йæ сæры бын зæлдаг баз бакодта, æмæ æндыснæг бæрзæйы арф-
дæр бабырыд. Уымæй хуыздæр ма йæ цы хъуыд?!
Хæлуарæг та уыцы æхсæв æрфысым кодта мæгуыры хæдза-
ры. Йæ цары хуынчъыты йын алырдæм айтыгъта йæ тынтæ.
Мæгуыр лæг æй федта æмæ дзуры:
— Нывæнд, нывæнд æнгомдæр æмæ бæзджындæр! Цæмæй мæм
уазал хуынчъытæй ма хъара.
Æмæ куыд æнхъæл стут? Хъæздыг бынтон ныкъкъæдз, ныг-
гуыбыр, мæгуыр та цард æнцад æнцойæ йæхицæн.
ЗЫМ - ÆФСАТИЙЫ...
Иуахæмы сырдты бардуаг Æфсати æмæ мæргъты Кæрчигуы-
лой фæхъаугъа сты. Сæ быцæу та уыд тæрхъус æмæ зымыл.
Тæрхъус быдырмæ адзæгъæл æмæ мæргътимæ æрцард, зым та
дзæбидырты фæдыл бафтыд. Зæдтæй алчидæр агуырдта йæхи-
он, фæлæ тæрхъус тар хъæдыл суæлæхох, зым та — дæлвæзтыл.
Æфсати æмæ Кæрчигуылойы Хуыцау бафидауын кодта афтæ:
тæрхъусы ныууагъта Кæрчигуылойы бар, зымы та — Æфсатийы
бар. Уæдæй фæстæмæ зым дзæбидыртимæ цæры уæлвонг хæх-
ты, тæрхъус та — Кæрчигуылойы фосимæ дæлвæзты.
144
ХÆФСÆН ЙÆ ЛÆППЫН - ХУРЫ ТЫН
Хæфсæн йæ лæппын уæрдоны цалхы бынмæ бахауди æмæ
æрбамарди. Кæуынтæ йыл систа. Хъарæг кæны:
— Уæ мæ цæстырухс! Мæ иунæг цин! Мæ хъоппæгдзæст урс-
дæллагхъуыр хъæбул, мæ хуры тын. Уæрдоны цалхы амæттаг
мын цæмæн бадæ?! Ныр ма æнæ дæу куыд цæрдзыстæм!?
Ууыл бирæ рæстæг нæ рацыд, æмæ амард Хуры фырт. Хур
фырмæт æмæ сагъæсæй æддæмæ нал каст, йæ тынтæй нал æндæвта
зæхх, нал ын лæвæрдта йæ хъарм.Æмæ цæрæгойæ, зайæгойæ
уазалы фæлмæцын райдыдтой.
Уæд, йæ лæппын уæрдоны цалхы бын кæмæн фæмард, уыцы
хæфс куы сфæнд кæнид Хурмæ хатæг фæцæуын. Гæппытæгæнгæ
йæм бахæццæ иу афон æмæ йæ сабыртæ кæнын, хатын æм райдыдта.
— О Хурты Хур! Нæ царддæттæг Хур! Ды куыд æнхъæл дæ,
ахæм бæллæх æрмæст дæуыл æрцыд?! Уагæры дæ мæ лæппыны
хуызæн хъоппæгдзæст, урсриу, рæсугъд, йæ цыппар къахæй дæр
ленк кæнын чи зыдта, ахæм хъæбул куы фæхъуыдаид! Уæд,
æвæццæгæн, дæ цардыл дæр дæ къух систаис.
Хур йæхи нал баурæдта, йæ дзыхыдзаг ныххудт æмæ загъта:
— Кæд мæ фырт дæ лæппыны хуызæн дæр нæ уыд, уæд,
æвæццæгæн, абоны онг дæр мæхи дзæгъæлы хордтон.
Æмæ та хур раздæрау йæ цæстытыдзаг ракаст дунемæ æмæ
кæсы абон дæр.
Адæмы ’хсæн та æмбисондæн баззад: «Хæфсæн йæ лæппын —
хуры тын».
РУВАС ÆМÆ ЙÆ КЪÆДЗИЛ
Рувасы куыйтæ расырдтой æмæ тыхамæлттæй йæ хуыккоммæ
баирвæзт. Иæ тарст куы æрцыд, уæд йæ къæхты фæрсы:
— Цы мьш баххуыс стут?
— Мæлæтæй дæ рахастам.
— Цæстытæ, сымах та?
— Къæхтæн фæндаг амыдтам.
— Мæ къæдзил, ды та мын цы баххуыс дæ?
— Къалиутыл тыхстæн, размæ дæ нæ уагътон, фæлæ дын дæ
фæдтæ дæр сæфтон.
УЫЗЫНЫ ЗОНД
Иу бон уызын фæцæйцыд хъæды. Æваст иу арф дзыхъы ных-
хаудта. Бады æмæ хъуыды кæны:
— Ныртæккæ цæуын нæхимæ, асин æрбахæсдзынæн æмæ ар-
дыгæй сбырдзынæн.
10 Цгьойты Хазбн 145
ДЫУУÆ БИРÆГЪЫ
Бирæгъ бон-изæрмæ сыллынк-сыллынкгæнгæ холы агурæг фæ-
разгъор-базгъор кодта хъæды, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд.
Изæрырдæм хъæдгæронæй суыдта хъомрæгъау. Иунæгæй сын
кæй ницы бакæндзæн, уый зыдта, æмæ æмбал агурæг азгъордта.
Кæсы, æмæ мæнæ иу бирæгъы хуыкком. Фæмидæг дзы. Хуык-
комы хицау — нæл бирæгъ — уæлгоммæ хуыссы. Дзуры йæм:
— Дæлæ хъæдрæбын хъомрæгъау. Цом, нæ иу — сургæ, иннæ —
ахсгæ æмæ дзы иу æрфæлдахæм. Мæ ахсæн фырæххормагæй
сины стæгыл баныхæст.
— Æз æфсæст дæн æмæ мæ хуыссын бауадз, — дзуапп радта
фысым.
Бирæгъ ма фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæхи
йыл ныццавта, йæ цыргъ дæндæгтæ йын йæ бæрзæйы ныссагъта
æмæ йын йæ туг сцъырдта.
— Цы кодтай? Цы дыл æрцыд? Æрра фæдæ, — хъæр ыл кæны
нæл бирæгъ.
— Цы кодтон? Ды — æфсæст, æз — æххормаг. Ныр нæ дыууæ
дæр — æфсæст.
Ацы æмбисонд бирæтæн хъуамæ уа зонды хос. Бонджын мæ-
гуыры куы не ’мбара, уæд мæгуыр фырадæргæй лæбургæ кæны.
РУВАС ÆМÆ УЫЗЫН
Рувас æмæ уызын фæндагыл иумæ фæцæйцыдысты. Хъæугæ-
рон хъазы мард ссардтой æмæ йыл нæ бафидыдтой. Рахастой
ахæм уынаффæ: «Цæй, бафынæй уæм, æмæ чи хуыздæр фын
фена, уый фæуæд хъазы мард».
Бафынæй сты. Уызын раздæр райхъал æмæ хъазы мард ба-
хордта. Уалынджы рувас дæр æрыхъал æмæ дзуры уызынмæ:
— Цæй, цавæр фын федтай?
— Нæ, ды уал радзур.
— Хъус, уæдæ, — загъта рувас. — Дысон цыма бирæгъ Æлда-
раты фосмæ баирвæзт, цагъта сæ, фысты къæдзилтæ тыдта æмæ
сæ æппæрста. Æз та йæ фæдыл минасгæнгæ цыдтæн.
— Æз дæр дæ федтон, — фæцырд уызын, — æмæ ахъуыды
кодтон: «Рувас нард фысы къæдзилтæй бафсæст». Æмæ хъазы
мард бахордтон.
УАСÆГ ÆМÆ РУВАС
Уасæг бæласыл бады. Рувас æм бацыд æмæ уасæгмæ уæлæмæ
дзуры:
’- Ахæм рæстæг, дам, æркодта æмæ рувасæй, уасæгæй, куы-
дзæй — иууыл иумæ хъуамæ цæрой.
Уасæг дæр дæлæмæ-дæлæмæ хизын райдыдта, бауырныдта
146
йæ рувасы ныхас. Уалынмæ дын иу куыдз æрдугъ кæны, æмæ
рувас лидзынмæ куы фæуид. Уасæг æм фæсте дзуры:
— Кæдæм лидзыс, рувас?
Рувас æм фæстæмæ дзуры:
— Куыдз нырма ницы фехъуыста, стæй æнæуи дæр æнæм-
баргæ у.
ХÆЛЫНБЫТТЫР
Хæлынбыттырмæ мыстытæ бацыдысты æмæ йын зæгъынц:
— Гæдыйæ æддæмæ ракæсын нал уæндæм, иугай нæ куынæг
кæны æмæ йын исты схос кæнæм.
— Æз мыст нæ дæн, æз маргъ дæн! — уыд хæлынбытгыры дзуапп.
Уæд æм иуахæмы лыстæг мæргътæ куы бацæуиккой.
— Цъиусур нæ цæрын нæ уадзы, нæ сæр дзы нæ кой ссис,
æмæ нæхи бахъахъхъæныны тыххæй исты æрхъуыды хъæуы.
— Æз маргъ нæ дæн, мыст дæн, — загъта мæргътæн хæлын-
быттыр.
НÆХИМÆ ДÆР НЫН НИЦЫ КУЫСТ ИС
Бæх тынг базæронд, кусынхъом нал уыд, ифтындзынмæ нал
бæззыд, æмæ йæ йæ хицау суагъта, хъæугæронмæ йæ ратардта.
Бæхы ма тыхтæ æмæ амæлттæй йæ къæхтæ бахастой хъæдрæ-
бын сæрвæтмæ, фæлæ хизын дæр йæ бон нал ссис. Æрхгонды
ныффæлдæхт, мæгуырæг, афтæмæй йæ мæлæтмæ ’нхъæлмæ
кæсы, йæ цæссыг кæлы, уынæргъы.
Куы æрталынг, мæй арвы астæумæ куы схæццæ, уæд йæ сæр
систа. Йæ алфамбылай афæлгæсыд æмæ уыны: йæ алыварс би-
рæгътæ сæ фæстæгтыл куывды рабадæгау рабадтысты —
æнхъæлмæ кæсынц, йæ уд кæд сисдзæн, уымæ.
— Цы кусут ам? — фæрсы сæ.
— Дæумæ æнхъæлмæ кæсæм, — уыд сæ къæйных дзуапп.
— Ацæут уæхимæ, нырма нæ мæлын.
— Нæхимæ дæр нын ницы куыст ис, — дзуапп радтой би-
рæгътæ.
ÆЗ ХЪАМА АНЫХЪУЫРДТОН
Рувас хъæды астæу арсы уæлхъус ратас-батас кæнгæ алæу-
уыд æмæ йын йæхицæй райгондæй зæгъы:
— Æз хъама аныхъуырдтон!
Арс æм бакаст:
— Æмæ?
— Батади мын.
— Фæлæуу уал, йæ æддæмæцæуæн бон дын æй зæгъдзынæн.
147
ЦÆРГÆС ÆМÆ ЦЪИУСУР
Цъиусур цæргæсæн хъаст кæны:
— Нæ сæрæн нал стæм дзæгъындзæгæй, йæ къæр-къæрæй хъæ-
ды мæргъты сæрымагъз сæнкъуысын кодта. Уый нæ, фæлæ ма
нын нæ къуыртты æйчытæ дæр давы. Знон не ’фсинимæ хъæуы
’рдæм куы базылдыстæм, уæд нæ бахъахъхъæдта æмæ нæ ацы аз
æдзот фæкодта — иу айк дæр нын нал ныууагъта, бахордта сæ.
Цæргæс æм фæхъуыста, стæй йын афтæ:
— Æмæ сымах хъæумæ цæмæн атахтыстут? Сымах кæй цъиу-
тæ хæссут æмæ хæрут, уыдонæн уæлдай сты?
АРС ÆМÆ МЫД
Арсы йæ хъустæй мыдмæ ластой æмæ сын нæ куымдта. Аф-
тæмæй йын ласгæ-ласын йæ хъустæ атыдтой. Стæй мыдæй куы
ацахуыста, уæд сын фæстæмæ нал куымдта, æмæ йæ йæ дымæ-
гæй фæстæмæ ластой, афтæмæй йын йæ дымæг дæр атыдтой.
Уый тыххæй, дам, арс у æнæдымæг æмæ цыбырхъус.
ХАЛОН ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫНТÆ
Халон бæрзонд сусхъæд бæласы сæр ахстон сарæзта. Æйчытæ
дзы æрæфтыдта æмæ рауагъта цыппар лæппыны.Цасдæр рæс-
тæджы фæстæ тыхджын къæвдатæ скодта, дæттæ фемæхстысты
сусхъæд бæласы фæннæ фарс, æмæ тас уыдис, бæлас æд уидæгтæ
куы аласой, уымæй. Уæд халон йæ иу лæппыны фелвæста æмæ
йæ фæхæссы æдас ранмæ. Иуцасдæр куы атахтис, уæд фæрсы
йæ лæппыны:
— Ацы фыдæбæттæ мын цæмæй бафиддзынæ?
— Тæхынхъом куы фæуон, уæд дын алы бон цъиуы мæрдтæ
æмæ æндæр алыхуызон хæринæгтæ хæсдзынæн.
Халон айтæ-уыйтæ нал фæкодта æмæ йæ лæпиыны доны нып-
пæрста. Фæстæмæ аздæхт, дыккаг лæппыны та рахæссы æдас
ранмæ. Тæхы, тæхы, уæдæ цы, æмæ та фæрсы йæ лæппыны:
— Ацы фыдæбæттæ мын цæмæй бафиддзынæ?
— Тæхынхъом куынæуал уай, уæд дын алы хæринæгтæ хæс-
дзынæн.
Халон та уыцы лæппыны дæр доны ныпнæрста. Аздæхтнс
фæстæмæ æртыккаг лæппынмæ æмæ та уый дæр уыцы охыл
доны ныппæрста.
Мæнæ рахæссы цыппæрæм лæппыны. Тæхы доны сæрты. Дон
абухы, йæ хъæр арвмæ хъуысы. Фæрсы та халон йæ цыппæрæм
лæп’пыны:
— Ды та мын ацы фыдæбæттæ цæмæй бафиддзынæ, мæ уар-
зон лæппын?
148
— Ды дæ мад æмæ дæ фыды фыдæбæттæ цæмæй бафыстай,
æз дæр дын сæ уымæй бафиддзынæн...
Халон ницыуал загъта, фæлæ йæ лæппыны доны нал ныппæрста.
УАСÆГ ХУРЫСКАСТЫЛ ЦÆМÆН ЦИН КÆНЫ
Хур, мæй æмæ уасæг цардысты уæларвы. Иу бон хур рацыд,
адæмы батавон, зæгъгæ.
Цалынмæ фæстæмæ здæхт, уæдмæ мæй уасæджы зæхмæ рап-
пæрста.
Хур куы æрбаздæхт, уæд мæйы фæрсы:
— Уасæг кæм ис?
Мæй йын загъта:
— Æз æй зæхмæ аппæрстон.
Уæдæй фæстæмæ уасæг хуры скастмæ рацæуы æмæ йын зар-
гæйæ, дæ райсом хорз, фæзæгъы. Мæйы та нæ уарзы, йæ фенд
дæр ын зын у, æмæ йе скæсын агъоммæ бацæуы хуыссынмæ.
РУВАСЫ ЗОНД
Рувас цæугæдоны был йæ лæппынæн амыдта:
— Ныр рагуалдзæг у, æмæ доньт сæрты митæмбæрзт арынг их-
хидыл макуы бацу!
— Цæуылнæ? — фæрсы лæппын.
— Дæ быны ныссæтдзæн, æмæ ихдоны фæрынчын уыдзынæ.
Сæ ныхас сын бирæгъ фехъуыста, фæлæ йæ ницæмæ æрдард-
та æмæ митæмбæрзт доны сæрты йæ ных фаллаг фарсмæ сарæз-
та. Цæугæдонæн йæ астæумæ куы бахæццæ, уæд их йæ быны
ныссаст æмæ ма донластæй тых æмæ амæлттæй аирвæзт.
Йе ’муд куы ’рцыд, уæд йæхиуыл æрхудт æмæ йæ сæр ныххоста:
— Ныр æз цæй бирæгъ дæн, рувасы зонд дæр кæмæ нæй?!
АРС ÆМÆ ХЪÆДГÆС
Фæззыгон райдзаст бон хъæдгæс сырдты къахвæндагыл баф-
тыд. Хъæды тарфы цас арфдæр цыд, афтæ йæ хъустæ тынгæй-
тынгдæр ахстой уынæргъын. Цы хабар у,зæгъгæ, фæтагъддæр
кодта йæ цыд. Иуахæмы бахæццæ къаннæг æрдузмæ. Кæсы æмæ
стыр тæрс бæласы бын арс йæ фæстагыл бады, йæ дзæмбьт
хæрдмæ систа æмæ æрдиаг кæны. Хъæдгæс дисы бацыд, ай цы
хабар у, зæгъгæ.
Арс хъæдгæсы куы федта, уæд тынгдæр нырдиаг кодта, фæлæ
йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Хъæдгæс æм цалдæр къахдзæфы ба-
кодта. Æмæ федта: арсы раззаг дзæмбыйы бæласы схъис нын-
ныхст, йæ алыварс схæф, ныррæсыд æмæ йын фезмæлгæйæ рис-
149
сы. Хъæдгæс æмбары арсы уавæр, фæлæ йын куыд баххуыс кæна,
уымæн ницы амал ахсы йæ сæр. Сырд æй куыд бамбардзæн, уый
зын зæгъæн у, æмæ дæ фыдгул йæ дзæмбыты бахауæд.
Арс йæ цæстæнгас нал исы хъæдгæсæй. Цыма дзы æххуыс
агуры, афтæ фæкаст лæгмæ. Сырд тæригъæд у, фæлæ йæхицæн
дæр тæрсы. Иу рæстæджы йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ æввах-
сдæр бацыд арсмæ. Уый ныхъхъус. Хъæдгæс йæ хъамагонд кард
æрцæттæ кодта, йæ фæснагъæй синаг систа, куырмæлхынцъ дзы
ацарæзта æмæ бацыд арсмæ. Уый йæм йæ дзæмбы æрбадаргъгæ-
нæгау кодта. Лæг синаджы куырмæлхынцъ схъисыл æрæппæр-
ста, фидар æй алхъывта æмæ арсæй дарддæр алæууыд. Стæй
синагæй хъæды схъис сонтæй рариуыгъта. Арс ныббогъ кодта,
æмæ йæ хъæр хъæды анæрыд. Хъæдгæс лидзæг фæци. Иу чы-
сыл куы рауад æмæ йæ фæсте сурæг куы нæ уыд, уæд æрлæу-
уыд. Æмæ фæстæмæ хъавгæ раздæхт, арс цы баци, уый базоны-
ны тыххæй. Тулдзы бын æй æрбаййæфта йæ цыппæртыл лæугæ.
Арс лæджы куы федта, уæд азылд æмæ дæлæ фæцæуы. Фæлæ
дард нæ ацыд. Æрлæууыд æмæ хъæдгæсмæ ракаст, раст æм цыма,
мæ фæдыл рацу дзырдта, уыйау. Лæг цалдæр къахдзæфы акод-
та, æмæ та уæд арс дæр араст.
Афтæ хъæдгæс цасдæр фæцыд арсы фæдыл, æмæ йæ уый
æркодта хъæддаг мыдыбындзыты æвзæнмæ. Уый фæстæ сырд
зултæ-мултæ кæнгæ йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ фæаууон.
Хъæдгæс бæласы мæрайæ мыды фæзгъæртæ систа æмæ сæ йæ
хæдзармæ æрхаста.
Афтæ арс бузныг загъта хъæдгæсæн.
ÆРВГÆ
Ацы хабар æрцыд Дыгургомы. Иу уалдзыгон бон фыййæуттæ
уæлхох быдыры уæтæры цур дурты ’хсæн бафиппайдтой æрвгæйы
(мыстулæг афтæ хуыйны дыгуронау) æнахъом лæппынты. Сæ
бынат ахæм къуындæг уыд, уымæй дæр цыргъ дурты ’хсæн, æмæ
сын фæтæригъæд кодтой. Сæ лыстæныл сæ хъавгæ систой æмæ
сæ, рагацау сын цы фæлмæн ахстонгонд ацарæзтой, уым æрæ-
вæрдтой.
Мыстулæг уæдмæ кæцæйдæр фæзынд, йæ лæппынты сæ бы-
наты куы нал баййæфта, уæд сæррагонд: æхситгæнгæ дурты сæрты
схъиудтытæ кодта. Фыййæуттæ йæм сæ цæст дардтой, фæлæ
йын йæ лæппынты ног бынат бацамонынæн ницы фæрæз ардтой.
Æввахс æм бацæуын тæссаг уыд. Ахæм уавæры лæбургæ кæны,
æмæ йæ хæст маргхъæстæ у. Уалдзæг-иу куы фæзынд, уæд дзы
нæ фыдæлтæ, сывæллоныл куы фæхæца, нæ æхсыр нын куы
фæхъæстæ кæна, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ тарстысты. Æмæ йын
гуылтæ дæр йæ размæ уымæн хастой.
Фыййæуттæ аивæй хъахъхъæдтой æрвгæйы, сæ хорзракæн-
150
дыл фæсмон кæнын дæр ма райдыдтой. Фæлæ ма цы гæнæн
уыд?! Мыстулæг йæ лæппынты куы нæ ардта, уæд айтæ-уыйтæ
нал фæкодта, фыййæутты хæринæгтыл йæхи рауагъта, æхсырæй
дзаг гæбæты баомдта. Æмæ та дарддæр йæ лæппынты агургæ
уæтæрмæ ’ввахс итлахар систа. Æмæ сæ иуахæмы ссардта.
Æнæхъыгдард кæй сты, уый нæ, фæлæ ма фæлмæндæр лыстæ-
ныл кæй хуыссынц, уый куы бамбæрста, уæд уыцы-иу тахт ра-
кодта, æхсыры гæбæт кæм уыд, уырдæм. Йæхи йыл ныццавта,
тагъд-тагъд æй бынæй дæндагæй ахсыдта, æмæ æхсыр акалд.
Уый дæр та бафиппайдтой фыййæуттæ æмæ йæ диссагæн
дзырдтой.
ТÆРХЪУСЫ ÆРÆХСНЫРСТ
Иу рагуалдзæг хохы фахсыл пыхсбыны тæрхъус æрæхсныр-
ста. Раст уыцы рæстæг зæй коммæ фæцагайдта. Тæрхъус зæйы
цæлхъытæ фехъусгæйæ йе ’мбæлттæн йæхицæй æппæлы:
— Уый æз æрæхснырстон, æмæ зæй мæ хъæрмæ сыстад!
ДЫГОППОН
«Дыгоппон, дыгоппон, сцæттæ дæ ахстон!» — цин-иу кодтой
хъæууон сывæллæттæ уалдзæджы дыгоппоны æртахтыл. Бæла-
сы цонгыл бадгæйæ, йæ тъæпæн рæсугъд коцорайы систыл мæл-
хъы пæлæхсар къæдзилау фæйнæрдæм куы ахæцы, йæ дыхъу-
сыг къæдзил куы атъæпæн кæны, йæ кæркæ-мæркæ базыртæ
куы батилы, уæд ма уымæй рæсугъддæр цы уа! Адæймаг æм
кæсынæй нæ фефсæды.
Æмæ æрмæст сывæллæттæ нæ цин кодтой дыгоппоны æртах-
тыл. Уæлдай тынгдæр æм æнхъæлмæ кастысты, чызг-иу кæмæй
амард, уыцы бинонтæ. Дыгоппон, дам, раздæр чызг уыд, зæгъы
ирон таурæгъ. Авд æфсымæры кæстæр æмæ ма уымæй дæр иунæг
хо. Буц уыди йæ мад æмæ йæ фыдæн. Уæлдай буцдæр та — йе
’фсымæртæн. Æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыдысты, чи йæ тынгдæр
барæвдауа, ууьтл архайдтой. Æфсымæртæ-иу цыфæнды тых куыс-
тæй здæхгæйæ дæр хъуыды кодтой сæ хойы зæрдæ барухс кæ-
ныныл. Хиконд хъазæны хорзæй, чындзытæй, рæсугъд тыччы-
тæй дзаг уыди йæ хуыссæны алыварс. Уалдзæджы зæгъай, хос-
гæрсты афон, цы хуыздæр, хæрздæфгæнагдæр дидинæг хастой
сæ хойæн. Уæдæ цы халсары, хæринаджы, дыргъы хорз ахæра,
цы рæсугъддæр дзаума скæна — уыд сæ мæт.
Иуныхасæй, зæрдæхъæлдзæг, уæнгрог æмæ рæвдыдæй рæ-
зыд авд æфсымæры буц хо. Фæлæ йын цæрын бирæ нæ бан-
тыст. Иу æнамонд бон кæрты хъазгæ-хъазын фæкалд, йæ сæр
дуры тигъмæ æрхаста, маргъау йæ тыбыртæ ацагъта æмæ йæ уд
систа. Мад, фыд æмæ йæ авд æфсымæрыл цы фыд æрцыд, уый
151
уæз æвиппайды нæ бамбæрстой, стæй йæ сæ удтæй, сæ зæрдæ-
тæй куы банкъардтой, уæд сæхи марынмæ æрцыдысты, зæхх
сын нæ урæдта сæ хъыг. Фыдохы бон сæ хуры тыныл уæлмæр-
ды сыджыт ныккалой, уый сæ бон нæ уыд, æмæ сæ кæуын, сæ
еу-додой арвы кæрæттæм хъуыст. Сæхъуыст Хуыцаумæ дæр,
æмæ Уастырджийы рарвыста, ныццу æмæ базон, куыд сын фæ-
рог кæнæм сæ рис, зæгъгæ. Уастырджи æртахт зæхмæ, уавæр
федта æмæ Хуыцауæн загъта: «Зонын æй, де ’вастæй дунейыл
ницы цæуы, фæлæ æгæрон у сæ хъыг, сæ уарзон адæймаджы
сыджыты бын фæкæной, уый ныфс æмæ хъару сæм нæй. Исты
æрхъуыды кæн».
Уастырджийы лæгъстæ ныхас бахъардта Хуыцаумæ, æмæ авд
æфсымæры иунæг хойы уд маргъ фестын кодта. Уæлмæрды мæрд-
дзыгой адæмы цæстыты раз йæ табæтæй стахт. Адæмы сæрмæ
цалдæр зылды æркодта æмæ йæ коцора фæпæлæхсаргæнгæ атахт.
Мæрддзыгой æмырæй баззадысты, стæй кæйдæр ныхас рай-
хъуыст: «Уый йæ уд у, маргъ фестад æмæ атахт». Адæм се ’гуып-
пæгæй феуæгъд сты, сæ рис фæрогдæр æмæ чызджы баныгæдтой.
Уыцы бонæй фæстæмæ дзурынц, зæгъгæ, дам, чызг куы амæлы,
уæд йæ уд фесты тæхгæ маргъ дыгоппон. Уалдзæджы-иу мæргътæ
хъарм бæстæй тæхын куы райдыдтой, уæд-иу ахæм зианджын би-
нонтæ æнхъæлмæ кастысты сæ мард чызджы уды фæзындмæ. Хæ-
дзармæ æввахс къалиуыл-иу дыгоппон куы абадт, уæд-иу йæ ный-
йарæджы хъарæг дардмæ хъуыст, мæнæ нæм нæ зынгхуыст чызг
дыгоппоны хуызы æртахт, йæ зæрдæ ныл нæ ивы, зæгъгæ.
УАСÆГОЙ
Адæмон сфæлдыстады мæргътыл бирæ таурæгътæ ис. Уыдон
сын æвдисынц сæ мифологон равзæрд, се ’цæг миниуджытæ. Ис
уасæгойыл дæр ахæм таурæгъ. Зæгъынц, хорз, æфсармджын æмæ
фæрныг хæдзары бахъомыл рæсугъд, гуырвидауц, даргъдзыкку
чызг. Бинонты уарзон, мады хъæбысы хъомылгонд. Ницæмæй
йæ фæлмæцын кодтой. Суанг ма йын йæ даргъ сæрыхъуынтæ
дæр йæ мад фаста æмæ быдта.
Буцхаст, æнæрцæф чызг йæ чындздзон кармæ куы бахæццæ,
уæд йæ амопд хорзæй ссардта. Йæ мойы хæдзары бæрцæй цал-
дæр боны куы ацард, уæд йæ сæр цæхсын æрымысыд. Тæвд дон,
хуырх æрцæттæ кодта йæ уаты. Йæ сæр цæхсадта, фæлæ йæ
даргъ, зæвæттæм сæрыхъуынтæ куыд ныффаса, уымæн ницы амал
ардта.
Сæры астæуæй сыл сæрвасæн æруадзы, æмæ йын уæхсчытæй
дæлдæр нал комы, сæрыхъуынтæ ныссуйтæ сты. Уырдыгæй дæл-
дæрты сæм бавналы ^æмæ та чысыл дæлдæр сæрвасæн сæры-
хъуынты ныссæдзы. Йæ даргъ сæрыхъуынты райваз-байваз, ра-
тон-батон кæны, æмæ схъуырдухæн, фæлæ сын сæ ныллæгъз
кæнынæн ницы фæрæз ары.
152
Сфæлмæцыд сæ. Раст сыл хæсгард æрбауадз æмæ сæ уæхс-
чытæй дæлæмæ ахауын кæн, уыцы фæндон дæр æм фæзынд.
Фæлæ йæ мадæй нæ бауæндыд. Стæй йæ мойæ, æфсинæй дæр
æдас нæ уыд. Йе ’нæбондзинадæй йæ зæрдæ суынгæг, æмæ хæ-
къуырццæй кæуын райдыдта.
Уыцы рæстæджы йæ хицау къæлæтджыны бадт тыргъы. Йæ
чындзы хъынцъым йæ хъустыл æруад æмæ йæм уаты родзынгæй
аивæй бакаст. Уый хуыссæныл ныддæлгом æмæ кæуы. Йе ’рдæг-
фаст сæрыхъуынтæ йын бафиппайдта æмæ бамбæрста, йæ куы-
ды сæр цæуыл у, уый. Тыргъты йæ лæдзæгæй къупп-къупгæнгæ
рацыд, йæ чындз æй куыд фехъуыстаид, афтæ, стæй ныхъхъæр
кодта:
— Гъе, уæлæ фыййау! Дæ фос дæлейæ уæлæмæ раздах! Дæ-
лейæ уæлæмæ! О, о! Дæлейæ уæлæмæ.
Чындз райдианы йæ хицауы къæхты уынæр æмæ лæдзæджы
къупп-къупмæ йæ кæуын фæуагъта, уырдыг алæууыд. Стæй йын
йæ хъæр ныхас куы айхъуыста, уæд йæ уаты рудзынгæй хохы
фахсыл йæ цæст ахаста, фæлæ дзы фосы рæгъау не суыдта æмæ
ныхъхъуыды кодта, хицау кæмæ дзырдта, ууыл. Йæ зонд æрцах-
ста, фыййауы æфсон уымæ кæй дзырдта: чызг, дæумæ дзурын,
чындз, ды мæ бамбар. Ома, сæрыхъуынтыл уæле дæлæмæ нæ,
фæлæ дæлейæ уæлæмæ фасгæ ссæуын кæй хъæуы, уый.
Афæлвæрдта æмæ йæ зæрдæ барухс.
Йæ даргъ сæрыхъуынтæ фаст æмæ дыууæ дзыккуйы быд куы
фесты, уæд та йæ сагъæстæ сæ быны скодтой, ныр ма мæ хи-
цауы раз цы цæсгомæй æрлæудзынæн, афтæ æгуыдзæгæй æцæ-
гæлон хæдзары куыд цæрдзынæн, зæгъгæ. Йæ тыхсты хъуыры-
нарæгмæ куы сси, уæд скуывта:
— О Дунескæнæг, ме сфæлдисæг Хуыцау! Зæххыл цыдæрид-
дæр ис, уый — дæ фæрцы. Мæ тыхсты мæ иунæгæй ма ныууадз.
Æфсарм мæ ацы къæсæрæй ахизын нал уадзы, мæ хицауы раз
фæхудинаг дæн æмæ мын адæймагæй цæрæн нал ис. Тæхгæ маргъ
мæ фестын кæн!
Чындзы скуывд Хуыцаумæ фехъуыст. Фæтæригъæд ын код-
та æмæ йæ уасæгой фестын кодта. Маргъ уаты гом рудзынгæй
ратахт, тыргъы ма ногæхсад дзаумæттæ ауындзæн бæндæныл
абадт. Хицау ын йе скуывд фехъуыста æмæ базыдта, йæ чындз
Хуыцауы фæрцы тæхгæ маргъ кæй фестад, уый. Йæ чындзыл
æнувыд уыд, ауындзæн бæндæнмæ ма йæм батагъд кодта, ацах-
сон æй, атæхын æй ма бауадзон, зæгъгæ, фæлæ маргъ йæ цæсты-
ты раз ныппæррæст ласта æмæ атахт. Йæхи хæрдмæ систа æмæ
ма йæ хицаумæ бауасыд: «Ыхы-ыхы, нæ хицау! Нæ мæ æрцахс-
тай, нæ хицау!» Æмæ ма абон дæр уасæгой уыцы ныхæстæ фæл-
хатт кæны йæ уасты, гакк-гукк, гакк-гукк кæнгæ. У уыцы чыз-
гау рæсугъд, уæздан, фæлæ, йæхицæн ахстон дæр чи нæ кæны,
иу бынат чи нæ хъарм кæны, ахæм маргъ. Æгæр-мæгуыр æйчытæ
153
дæр æфтауы иннæ мæргъты ахстæтты. Уыдон ын сыл къуыртты
фæбадынц, цъиутæ сæ рауадзынц æмæ йын сæ схъомыл кæнынц.
Чызгæй йæ къух уазал доны дæр куыд нæ тъыста, маргъæй дæр
у ахæм. Ис ын дзыккутау даргъ къæдзил.
ололи
Кæддæр, дам, иу æвзонг сидзæр лæппу, йæ ном Ололи, иу
райдзаст бон йæ фос хызта комы уæлвонг ран, уæлвæзы. Фос
сабыр сæхицæн хызтысты, лæппу сæм каст иуварсæй, йæ лæ-
дзæгыл æнцой кæнгæйæ. Иуахæмы йæхи цъæх нæууыл æруагъ-
та. Хуры тынтæ йын йæ фæллад уæнгтæм ныккастысты, ахъард-
той сæ, хæххон ирдгæ йын мады æнгуылдзтау йæ къæбæлдзыг
бецыккæй хъазыд, узæлыд ыл. Афтæмæй йыл хуыссæг фæтых,
æмæ æрфынæй.
Цас рæстæг рацыд, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ лæппу куы рай-
хъал, уæд йæ фосыл йæ цæст нал æрхæцыд. Уæлвæзы ма раз-
гъор-базгъор бæргæ кодта, фæлæ никуы æмæ ницы. Кæйдæр фосы
кæм агура, уымæн ницыуал зыдта йæ мæгуыр сидзæр сæр æмæ
Хуыцаумæ скуывта: «О Хуыцау, ме скæнæг Хуыцау, тæхгæ маргъ
мæ фестын кæн, æмæ сæ æз, цалынмæ нæ баталынг, уæдмæ дæлæ
хæхты дагъты, дæлвæзты ацагурон!»
Хуыцау ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ маргъ фестын кодта.
Æмæ уæдæй абонмæ, «Мæ-æ рæгъау! Мæ-æ рæгъау!» уасгæ, ныл-
лæджыты ратæх-батæх кæны хæхты дагъты, кæмтты нарджыты.
ХÆРÆГ ÆМÆ ТЕУА
Хæрæг æмæ теуа уæргътæ хæссынмæ ацыдысты. Хæрæгыл
сцырхтой цæххытæ, теуайыл та — егъау голлаг — барданты бæм-
бæг. Афтæмæй рараст сты фæстæмæ. Бæмбæгæй над бардантæ
рог уыдысты, фæлæ бирæ бынат ахстой, æмæ сæ теуайы рагъыл
уымæн сæвæрдтой, цæххытæ та къаддæр бынат ахстой, фæлæ
уæззаудæр уыдысты. Æмæ хæрæг йæ уаргъæй фæлмæцын рай-
дыдта.
Иуахæмы цæугæдонмæ бахæццæ сты. Хæрæг загъта: «Мæ
уаргъ куы фæкъаддæр кæнин». Æмæ донмæ бахызт. Æрхуыссы-
ди дзы, йе рагъæй куыд акалдаид, афтæ, æмæ цæхх доны атад.
Фæстæмæ рогдæрæй рахызт хæрæг.
Теуайы дæр бафæндыди йæ уаргъ фæкъаддæр кæнын. Хæрæг
ын афтæ:
— Ма кæ, дæуæн уыцы мадзалæй ницы рауайдзæн.
, — Дæуæн дзы куы рауад, уæд æз дæуæй цæмæй æнæдæр дæн! —
рамæсты теуа æмæ донмæ бахызт. Бæмбæгæй над бардантæ дон
уыйбæрц сцъырдтой, æмæ теуа сыстын нал сфæрæзта.
154
ФЫРАНК ÆМÆ ГÆДЫ
Хъæды кæрон бурхъулон гæды æфсæстæй йæхи аппæрста егъау
кæлдымы рагъыл æмæ хуры хъарммæ рæдзæ-мæдзæ кæны. Фы-
ранк æй дардæй бафиппайдта æмæ йæм хъуызгæ ’рбацæуы. Уай-
тагъд йæ уæлхъус февзæрд. Гæды фехъал, фæлæ йæ уæдмæ
фыранк ацахста.
— Мæ хæлар, цæмæн мæ хъыгдарыс? — дзуры йæм гæды лæгъз
ныхасæй. — Мах æрвадæлтæ, иу туг, иу стæг стæм, уый дæ фе-
рох?
— Ды æмæ æз — æрвадæлтæ?! Гæды ныхæстæ. Махæн нæ
лæппын дæр дæуæй егъаудæр æмæ тыхджындæр у.
— О, уый афтæ у, фæлæ-ма мæм æрбакæс: æмхуызæттæ не
стæм? Уый мах адæймагмæ цагъайраджы фыдцардæй баууадыс-
тæм, ныггыццылтæ стæм, нæ хъару батад. Фæлæ уыйхыгъд мыс-
тытыл, уырытыл цуан кæнын, бæлæстыл рæвдз бырын базыд-
там. Кæд дæ фæнды, уæд дæу дæр сахуыр кæндзынæн.
— Цуан кæнын?.. — былысчъилæй бахудт фыранк, — мысты-
тыл, уырытыл?! О, фæлæ бæлæстыл бырын ахъуыдыйаг у.
Æз дæ сахуыр кæндзынæн, зæгъгæ, нал лæууы гæды, фыран-
чы дзæмбытæй фервæзыныл архайы.
—Хорз, — загъта фыранк. — Гъа-ма бакæсон дæм, кæддæра
куыд арæхсыс, — æмæ суагъта гæдыйы, кæдæм мын аирвæз-
дзæн, зæгъгæ.
Гæдыйы дæр ма æндæр цы хъуыдис: йæхи уыцы-иу зыгъгъуытт
фæласта æмæ рæхснаг бæласы сæр февзæрд.
Фыранк бæласыл йæ раззаг къæхтæ авæрдта, фæлæ уымæй
уæлдæр схизын нæ бафæрæзта. Гæдымæ ма иу хатт хæрдмæ скаст
æмæ, йæ рæдыд куы бамбæрста, уæд афтæ бакодта:
— Раст нæ дæ, мæ лымæн, бæласыл мын хæрдмæ бырын кæй
нæ бацамыдтай, уымæй. Æз дын дæ ран фенын кодтаин...
КЪУЫРМА БÆЛОН
Къуырма бæлон цæры хъæдрæбынты. Уыд, дам, рæсугъд,
гуырвидауц æмæ хъæлдзæг чызг. Бирæ уарзта хъазын, кафын,
арæх-иу хъазты ерыс кафты бацыд. Иуахæмы ерыс кафты цыре-
ны феваст æмæ фæхудинаг адæмы раз. Уый, дам, йæ худинагæн
нæ ныббыхста æмæ йæхи Хуыцауæн бæлон фестын кæнын код-
та. Атахт адæмæй иуварс хъæдрæбынмæ æмæ ма абон дæр йæ
худинагыл йæхи хæры. Йæ уасты йын адæм хъусынц: «Фæсмон-
гонд фæдæн... Фæсмонгонд фæдæн».
БЫНÆТГИМÆ БАСТ ТАУРÆГЬТÆ
Ирон адсемæн диссаджы сфæлдыстадон цсестсенгас ис
алцæмсе дсер, æрхъуыдыйæ ссе ничи амбулдзæн. Уымсен, кæй
зæгъын сей хъсеуы, севдиссен у дзыхæйдзургæ сфселдыстад.
Уый арвы ронау, алы хуызтæй æрттивы. Ацы сæргонды
бын дзы цы хуызы кой кæнын, уый уæлдай цымыдисагдæр
у, уымæн æмæ арæзт цæуы, зонд æмæ хъуыды цæстыл цы
ауайын кæнынц, уыдоны фæрцы. Цыбыр ныхасæй, бынæт-
тимæ баст таурæгътæ фæлдисгæйæ нæ фыдæлтæ сæхи
æвдыстой нывгæнджытæй дæр. Æмæ нын цы хæзнатæ ныу-
уагътой, уыдон налхъуыт-налмасау æрттивынц.
Бынæттимæ баст таурæгътæ дзæвгар ис алы комы,
алы хъæуы дæр. Уыдон мидисджындæр, рæсугъддæр кæ-
нынц адæмы цард æмæ уаг. Фæлæ, хъыгагæн, хæхты бирæ
хъæутæ æмæ кæмттæ федзæрæг с?пы, æмæ рох кæнынц
семæ баст аив, мыдисджын таурæгътæ.
АУЫГЪД ДУР
Куырттаты комы Дзывгъисмæ хæстæг иу бынат хуыйны Хъæ-
дæргъæвæн. Ам хæххон цæугæдоны галиуварс рагон хохæгтæ
къæдзæх-къулрæбын айгæрстой уæрдонвæндаг. Уæлбылмæ схи-
зæны тынг къæдз-мæдзытæ арæзт уыд. Хъæдæрмæг ласгæйæ дзы
галуæрдон нæ арæхст, æмæ фæзилæнты хъæд лæгдыхæй хæрдмæ
æргъæвтой. Уымæ гæсгæ йæ ном дæр афтæмæй баззад — Хъæ-
дæргъæвæн. Ссæдзæм æнусы æхсайæм азты йæ рæмудзæн æрмæ-
гæй фехæлдтой. Фæлæ ма иуæй иу ран йæ зæронд фæд зыны.
Ныр дзы бынты асфальтæй æмбæрзт, лæгъз фæндагыл маши-
нæтæ згъорынц. Ам донфыцæны тæккæ сæрмæ дыууæ къæдзæ-
хы арвыл æмбæлынц. Сæ цъуппыты æхсæн сагъдæй лæууы стыр
хохдур, æрдзон хид. Рагфыдæлтæ йæ Ауыгъд дур рахуыдтой.
Таурæгъ ыл баззад. Кæддæр, дам, хæхтæ ма сæ мидбынæтты
куы змæлыдысты, сæ кæрæдзи фырытау куы хостой, уæд, цæ-
мæй цæугæдоны фæд ма сæхгæдтаиккой, уый тыххæй Хуыцау
156
дур арвæй æрæппæрста дыууæ къæдзæхы æхсæнмæ. Уый къæ-
дзæхты æрбангом кæнын нал бауагъта, æмæ комы цæрæг адæм
доны сæфтæй фервæзтысты.
Ауыгъд дурмæ тынг зын схизæн у. Искуы-иу сæрæн лæппу йед-
дæмæ уырдæм йæ ныфс ничи хæссы. Йæ бынты абухгæ æмæ фæй-
лаугæ цæуы, фыцы Фыййагдон. Цыма стыр куыройы нучы ба-
хауы, уыйау æрбакъуындæг вæййы æмæ уыцы уавæрæй йæхи тоны
йе ’ппæт тыхтæй, стæй схъиугæ æмæ заргæ асхойы уырдыгмæ.
ТУДЖДЖЫНТЫ ФЕМБÆЛД
Кæддæр Хъæдæргъæвæны фæндагыл иу райсом раджы хæр-
хæмбæлд фесты дыууæ туджджыны, дыууæ барæджы. Цы акæ-
ной, уый сæ иу дæр нал зыдта. Сæ бæхтæ фæстæмæ фездахын
сæ сæрмæ не ’рхастой, фæлæ кæрæдзийы туг ныккалой, уый
дæр сæ нæ фæндыд. Кæрæдзи рагæй зыдтой, æмæ се ’хсæн хæ-
рамдзинад нæ уыд. Фæлæ сæ сæ фыдæлты карз æгъдау кæрæ-
дзийы фæрсты æвыдæй ахизын нæ уагъта.
Уæд дын, комы мидæмæ чи цыд, маргæ чи акодта, уыцы мыг-
гаджы лæппулæг йæ бæх цæхгæр уырдыджы Фыййагдоны ’рдæм
куы фездахид. Иннæ йæм кæсгæйæ баззад. Уымæн æмæ бæх
кæд фæбырдзæн æмæ сæрсæфæн рындзæй кæд асхъиудзысты,
знæт цæугæдоны уылæнты къæй дуртыл кæд ныппырх уыдзыс-
ты, уый бæрæг нæ уыд. Бæхы знæт æмæ тыхст хуыррытт Фый-
йагдоны уынæримæ баиу комы. Йæ фæстæгтыл æрхауы æмæ
дæлæ æд барæг фахсыл фæбыры, иу чысыл ма æмæ асхъиудзыс-
ты... Фæлæ та йæ раззæгтæй йæхи бауромы æмæ та йæ цыппæр-
тыл алæууы. Барæг дæр ын æххуыс кæны. Иуахæмы йæ цæугæ-
доны ’рдæм сарæзта. Балæгæрстой дзы, æмæ сæ уайтагъд къæй-
дурты сæрты схъиугæ уылæнтæ сæ быны афсæрстой. Барæг цал-
дæр хатты бæхæй рахауд, доны-иу æрбайсæфт. Бæх æмæ-иу ба-
рæг хицæнтæй тох кодтой доны уылæнтимæ, стæй та-иу баиу
сты. Афтæ лæгæрстой размæ доны ныхмæ комы мидæмæ.
Ирон æфсарм, ирон æгъдау дыууæ туджджыны уæлахизмæ
кодта, сæфын сæ нæ уагъта. Лæппулæг, йæ туджджын фæнда-
гыл кæм лæууыд, уырдыгæй иудзæвгар куы фæуæлдæр, уæд æд
бæх цæугæдонæй ралæст æмæ фæллад-фæлмастæй кæрдæгыл
æруагъта йæхи.
Уыцы рæстæг йæ хъустæ ацахстой бæхы къæхты хъæр. Фæн-
даджы ’рдæм фæкаст, æмæ уæлæ йæ туджджын æрцæуы! Куы
’рбахæццæ, уæд æм йæ къух æрбадаргъ кодта. Кæрæдзимæ ницы
сдзырдтой, æрмæст сæ мидбылты гæзæмæ бахудтысты. Сæ худтæ
куы систой, уæд кæсынц, æмæ сæ дыууæйы сæртæ дæр — урс.
Афтæ æгъдау æмæ æфсармы сæрвæлтау Хъæдæргъæвæны ра-
гъыл фыдæвзарæнтæ бафидауын кодтой дыууæ туджджыны, рав-
дисын сын кодтой лæгдзинад æмæ удыконды рæсугъддзинад.
157
РЕКОМ
Зæдтæ æмæ дауджытæ Нарты Батрадзы Хуры æххуысæй куы
амардтой, уæд æй Хуыцауы фæндæй уæларв Софиайы зæппадзы
хъуамæ бавæрдтаиккой, фæлæ йыл цалынмæ Тутыры гуырд дыууæ
уæныджы сифтыгътаиккой, уæдмæ сын дыууадæс цæды галтæн
мардæй дæр фенкъуысын нæ бакуымдта. Уæдæ йæ уæларв Со-
фиайы зæппадзмæ бæргæ сластой, фæлæ та йын зæппадзмæ ба-
хæссынæн ницыуал амал ардтой: йæ сæр-иу размæ куы уыд, уæд-
иу йæ рæмбыныкъæдзтæ ныббыцæу кодта зæппадзы дуармæ, йæ
къæхтæ размæйæ та — къæхтæ.
Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы: «Уый мæнæй лæвар агуры».
Æмæ йыл æртæ цæссыджы æрæппæрста. Афтæмæй Батрадз Со-
фиайы зæппадзмæ хæссын бакуымдта. Хуыцауы æртæ цæссы-
джы кæм æрхаудтой, уыдон та адæмæн систы кувæн бынæттæ —
кувæндæттæ: Таранджелос, Мыкалгабыртæ æмæ Реком.
Афтæ равзæрд Рекомы кувæндон.
Иннæ таурæгъмæ гæсгæ та, Уастырджийы бафæндыд ирон адæ-
мæн Цъæйы комы æвæджиау кувæндон саразын, цæмæй йын уым
йæ ном арой хæстон балцы цæугæйæ æмæ уæлахиз кæной. Уас-
тырджи йæ галтæ баифтыгъта æмæ сæ арвыста хæхты сæрты
хуссары хъæдмæ, æмбигæ чи нæ кодта, уыцы бæлæстæй хъæ-
дæрмæг ласынмæ. Хъæды бæлæстæ-иу сæхæдæг хъæдæрмæг код-
той æмæ сæхихъæдæй æвгæд цыдысты уæрдæтты. Стæй-иу цæды
галтæ æнæ искæй æххуысæй рараст сты цæгатмæ, рагъыл-иу цъи-
тийыл æрхызтысты, æмæ хъæдæрмæг йæхæдæг уæрдæттæй
æвдæлон кодта Рекомы абоны кувæндоны цъæх фæзы. Ам ку-
вæндон дæр арæзт цыд йæхæдæг, æнæ искæй æххуысæй, æнæ
иу зæгæлæй.
Иннæ таурæгъмæ гæсгæ та, Рекомы кувæндон уыд фæсхохы,
æмæ йæм адæм куывддоны арæх нал цыдысты, рох кæнын æй
райдыдтой, фаг аргъ ын нал кодтой, æмæ сæм йæ зæд фæтæргай,
цæгатмæ ратахт æмæ Цъæйдоны галиуварс егъау къæдзæхы рæ-
бын рæсугъд фæтæн фæзы æрбадт. Уый бафиппайдтой амы цæр-
джытæ, хабар айхъуыст алы кæмттæм, суанг Дыгургоммæ дæр,
æмæ дзы фæстæдæр хистæр куырыхон лæгты зондæй кувæндон
арæзт æрцыд.
Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам, Рекомы, фыццаг-
дæр кувæндон арæзт æрцыд XII æнусы хæхты хусарварсæй ласт
заз бæлæсты хъæдæрмæгæй. Уый иу рæстæджы басыгъд, æмæ
та йæ ногæй сарæзтой XVII æнусы. Кувæндон базилинаг кæй
сси, уымæ гæсгæ йæ XX æнусы рацарæзтой. Фæлæ та басыгъд
æмæ ссæдзæм æнусы кæрон ирон фæсивæды хъæппæрисæй æмæ
х^ъаруйæ ногæй арæзт æрцыд.
«Цæмæн басудзы Рекомы кувæндон: фыдгæнæджы къухæй,
æви æндæр истæй аххосæй? » Ацы фарста æнцой нæ дæтты ирон
адæмæн. Кувæндоныл иузæрдиондæртæ зæгъынц: «Рекомы Уас-
158
тырджийæн ирон адæм аккаг аргъ куы нал фæкæнынц, кувæндо-
ны бын сæхи дарын куы нал фæзонынц, уæд æй зæд йæхæдæг
басудзы, цæмæй йæм ногæй се ’ргом аздахой».
1936 азы профессор Л. Семеновы разамындæй археолог Е.Пче-
лина æмæ реставратор И. Щеблыкин кувæндоны кодтой рестав-
рацион æмæ иртасæн куыстытæ. Уыдон дзы ссардтой Ос-Бæгъа-
тыры фат, згъæр худ, хæцæнгарз, зды нæмгуытæ æмæ æндæр
цымыдисаг дзаумæттæ. Уыдонмæ гæсгæ дæр бæрæг у, Рекомы
Уастырджи ирæтты хæстон зæд кæй у, уый. Сæхи йыл фæдзæх-
стой хæстмæ цæугæйæ æмæ æрыздæхгæйæ дæр. Ам ирон лæп-
путæ ард хордтой æфсымæртæ кæнгæйæ, туджджынтæ фидыд-
той. Цуанон ыл йæхи фæдзæхста цуаны цæугæйæ. Кувæндоны
бын уый тыххæй æвæрдтой алыхуызон фæдзæхсæнтæ.
1936 азы онг Рекомы кувæндоны цъæх фæзыл сылгоймаджы
къах никуы æрлæууыд. Е. Пчелинайæн дæр Цъæйыхъæуы хис-
тæртæ Чызджыты кувæндонæй фалдæр бацæуыны бар нæ лæ-
вæрдтой, цалынмæ сæм, ахуыргæндтимæ цы ирæттæ уыд, уыдон
не ’рхатыдысты, уæдмæ.
Рекоммæ ссæуæн къахвæндагыл ма хъæды астæу Чызджыты
кувæндонæй дæлдæр ис Майрæмы кувæндон. Чызджыты кувæн-
донмæ цыдысты чызджытæ амондагурæг, сæ уарзондзинад ыл
фæдзæхстой, куыд нæ фæмæнг уа, йæ мойаг сæрæн æмæ адæмы-
уарзон куыд рауайа. Майрæммæ куывды цыдысты устытæ æмæ
чындзытæ, цæмæй сын æнæниз, хорз цот радтаид, сæ рынчынты
сын сдзæбæх кодтаид. Цот кæмæн нæ цыд, уыдон дзы хъуы-
рыцъарæй куырдтой, цæмæй сын хъæбулы ад бавзарын кæна.
Уыцы куывтыты фæстæ-иу чызджытæ, устытæ æмæ чындзытæ
дæр зæды зæрдæ балхæнынæн фæдзæхсæнæн сæ кувæндæтты
уагътой алыхуызон дзаумæттæ: фæрдгуытæ, къухмæрзæнтæ,
хъуымацы уадздзæгтæ, судзинтæ, сæрдзæвæнтæ æмæ æндæртæ.
МОЛАДЗАН ХОХ
Цъæйы комы Схъазы æмæ Цъæйы цъититæй цы цæугæдæттæ
цæуы (хонгæ дæр сæ Схъаздон æмæ Цъæйдон кæнынц), уыдон
кæм баиу вæййынц, уырдыгæй чысыл фалдæр хæрдмæ фæцыд
сау къæдзæх. Иуварсæрдыгæй бакæсгæйæ моладзаны хуызæн у.
Уымæ гæсгæ йæ туристтæ рахуыдтой Моладзан-хох. Бирæ тау-
рæгътæ æмæ хабæрттæ ис ацы хохы тыххæй дæр. Иу таурæгъ
дзы у ахæм. Цæвиттон, кæддæр, тынг раджы, ацы комы хъæдты
фæзынд сыгъзæринсыкъа саг. Цынæ хорз цуанон ахатти йæ фæ-
дыл хæхты æмæ хъæдты тæссагдæр рæтты дæр, фæлæ йæ ама-
рын никæй къухы æфтыд. Фæстæмæ-иу афтидæй, фæллад æмæ
уæнтæхъилæй æрыздæхтысты.
Уæд иуахæмы иу æвзыгъд лæппу-цуанон ныффæнд кодта йæ
амарын. Йæхи хорз барæвдз кодта, Рекомы кувæндоны бынмæ
159
æгъдауимæ бацыд, Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста, фæфæн-
дараст мæ кæн, зæгъгæ. Стæй адæмы раз ард бахордта, Уастыр-
джи йын сыгъзæринсыкъа саг амарынæн куы баххуыс кæна, уæд
ын йæ номыл сыгъзæрин сыкъатæ Рекомы кувæндоны кæй сæ-
вæрдзæн.
Фæцыд лæппу цуаны. Бирæ фæхатт, чысыл, Хуыцау йæ зо-
нæг, фæлæ саг Уастырджийы æххуысæй йæ къухы бафтыд. Куы
йæ æрфæлдæхта æмæ йæм æввахс куы бацыд, уæд сыгъзæрин
сыкъатæй йæ цæстæнгас нал иста. Фырцинæй йæ йæ ардбахæрд
дæр æрбайрох. Афтæмæй саджы сæр дæр ракодта, æрхаста йæ
сæхимæ, фæлæ сыгъзæрин сыкъатæ кувæндонмæ бахæссын йæ
цæст нал бауарзта.
Уастырджи йæм смæсты, йæ ардбахæрдыл гадзрахатæй кæй
рацыд, уый тыххæй, æмæ йæ къæдзæх хох фестын кодта.
МАДЫХОХ
Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы хуссарварс
чысыл дæрддзæфгомау бæрзонд фæцыд Мады хох. Зымæг æй
мит куы æрæмбæрзы, уæд йæ тъæпæн сæр урс хъуымацæй
æмбæрзт егъау фынджы хуызæн фæзыны. Гъе, уымæ гæсгæ йæ
200 азы размæ, уырыс Ирыстонмæ цæрынмæ лидзын куы рай-
дыдтой, уæд уырыссагау схуыдтой Столовая гора. Уыцы ном ын
фæстагмæ тых кæнын райдыдта йæ ирон номыл, æмæ ма йæ
ирæттæй дæр бирæтæ хонын райдыдтой Фынджы хох. Афтæ-
мæй та Мады хох цæмæн хуыйны, уый тыххæй ис рагон тау-
рæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ, раджы, тынг раджы, кæддæр ма,
дам, хæхты лæгæтты æмæ тархъæдты уæйгуытæ æмæ залиаг
кæлмытæ куы цардысты, уæд иу залым ныббырста Мады хохы
цæгатварсы паддзахадмæ. Фæтых ыл ис æмæ йыл сæвæрдта хъа-
лон: æрвылаз дæр ын уыцы-иу бон комæй йæ рацыдмæ йæ размæ
паддзахады æвддæсаздзыд чызджыты рæсугъддæры куыд кæ-
ной. Уыцы-иу рæстæг-иу рахылд залым йæ лæгæтæй, чызгмæ-иу
фæлæбурдта æмæ-иу æй аскъæфта. Адæмы рис, зæрдæскъуы-
йæн æрдиаг æмæ кæуын ницæмæ дардта.
Афтæ уыдис дзæвгар азты, æмæ йын никæйы бон ницы уыд.
Адæм сæхимæ ныхъхъуыстой, се ’нæбон, æгады бынатæй зæр-
дæрыст уыдысты, боны рухс сæ нал рæвдыдта, цин сæм нал
хъардта. Сæ сæйраг мæт уыд, цыхуызы дзы фервæзой, куыд æй
амарой. Фæлæ йын ницы фæрæз ардтой.
Æмæ мæнæ иуахæмы дард бæстæй æрыздæхтысты паддзахы
æвзæрст лæгтæ. Уыдон уыдысты дунейыл хъуыстгонд зонынджын
лæгмæ фæрсынмæ. Æмæ паддзахæн рахабар кодтой, фервæзæн,
дам, дзы ис афтæ: æвддæсаздзыд бæстырæсугъд æм уыцы бон
йæхæдæг куы базгъорид æмæ йæ хъæлæсы йæхи куы баппарид,
уæд залымæн æрцæуид йæ кæрон — йæ уд сисид йæхæдæг дæр.
160
Паддзах бацин кодта. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста. Уымæн
æмæ уыцы аз æвддæс азы сæххæст йæ чызгыл дæр. Æмæ йæ
рæсугъддзинад уыд дзуринæгты дзуринаг. Паддзах йæ хуыцауы
цæф базыдта æмæ йæ чызджы мæсыджы бакодта. Йемæ уыдыс-
ты йæ фæсдзæуин чызджытæ æмæ йе схæссæг мад — дыджызæ.
Уыдонæн дæр бафæдзæхста, цæмæй йын дæсныйы ныхас ма схъæр
кæной.
Паддзахы чызг бæстырæсугъд Зæринæ уæлдай тынгдæр тыхст,
йæ уарзон лæппу Сæнайы кæй нал уыдта, уымæй. Сæна паддза-
хы æфсады балхоны фырт уыд. Иу кæрты схъомыл сты. Гыццы-
лæй нырмæ кæрæдзийыл тынг æнувыд уыдысты. Сæна йæ фыды
фосрæгъæутты фыййæутгæм хæхтæм уазæгуаты цæуын бирæ уарз-
та. Иуæй йæм фосимæ архайын хорз каст, иннæмæй та йыл хæх-
хон æрдзы нывтæ базыртæ сагътой. Зæринæйы дæр-иу йæ ды-
джызæимæ искуы-иу хатт йемæ ауагътой. Сæна хабар базонгæйæ
йæхи айста хæхтæм.
Зæгъынц, сусæг хабар фехъусынмæ, дам, къултыл дæр хъустæ
базайы. Бæстырæсугъд Зæринæйы дæр кæд йæ фыд хабар базо-
нынæй хъахъхъæдта, уæддæр æм адæмы сусæг хъæрзын бахæццæ.
Бирæ фæсагъæс, фæмæт кодта йæ хъысмæтыл, Сæнайыл. Фæн-
дыдис æй йæ фенын, ныфсы ныхас дзы фехъусын. Фæлæ йын,
иуæй, фадат нæ уыд, иннæмæй йæ нæ фæндыд, сусæг хабар
уымæ дæр бахæццæ, уый Сæна базона. Уадз æмæ æнхъæл уа,
ницы зоны, æмæ йын æнцондæр уа. Йæхæдæг бацархайдта, ха-
бар кæй зоны, уый цæмæй мачи бафиппайдтаид, ууыл. Æмæ су-
сæгæй йæхи цæттæ кæнын райдыдта йæ адæмы сæрибардзинады
сæраппонд йæхи нывондæн æрхæссынмæ, æгады уавæрæй сæ фер-
вæзын кæнынмæ.
Ралæууыд та уыцы æнамонды бон. Адæм хъарæггæнгæ, æрдиаг-
гæнгæ цыдысты комы дымæгмæ. Семæ кодтой залымы амæтта-
джы. Цæмæй зыдтой, паддзахы чызг бæстырæсугъд Зæринæ йæ
фæсдзæуин чызджы уæлæдарæсы мæсыгæй рацыд æмæ семæ
цæуы.
Адæм куыддæр залыммæ æрбаввахс сты, афтæ паддзахы чызг
бæстырæсугъд Зæринæ размæ азгъордта æмæ йæхи залымы хъæ-
лæсы баппæрста. Бæстæ ныццарыдта æвирхъау уынæргъын, арты
æвзæгтæ уæларвмæ фæцыдысты, стæй æппæт дæр фæздæджы
бын фæци...
Бæстæ куы æрсабыр, фæздæг куы ахæлиу, уæд адæм диссæг-
ты дисæн кастысты, сæ разы цы хох сæвзæрд, уымæ. Хох та
уыд сæ паддзахы чызг бæстырæсугъд Зæринæ. Уый фæсонтыл
хуыссæгау йæ къæхтæ адаргъ кодта хурыскæсæны ’рдæм, йæ
къухтæ йæ риуыл рæсугъд æвæрд, йæ сæрыхъуынтæ Арвыкомы
’рдыгæй къæдзæхтыл бынмæ æркалдысты.
Уыцы рæстæг Сæна фыййæуттимæ фос хызта фаллаг хохы
бæрзонд фахсыл. Зыдта, абои та сæ чызджыты рæсугъддæртæй
иу залымы амæттаг бауыдзæн, æмæ йæ сагъæс хордта. Зæри-
11 Цгъопты Хазби
161
нæмæ хабар бахæццæ æмæ ахæм фæнд скодта, уый йæ фæсо-
нæрхæджы дæр нæ уыд. Фæлæ мæнæ фæздæг кæмтты нарджы-
ты куы æрбадт æмæ йæм йæ уарзоны фæлгонц куы разынд, уæд
ма йын хъуыддаг цы базонын хъуыд? Цæрынвæнд æм нал уыд
Зæринæйы фæстæ æмæ йæхи къæдзæхæй фехста. Æрмæст ма
ныхъхъæр кодта: «О Стыр Хуыцау! Дунескæнæг Хуыцау, кæд
мын дæ зæрдæ исты хорздзинад зæгъы, уæд мæн дæр хох фес-
тын кæн!» Æмæ уыцы уысм Сæна дæр хохы хуызы хæрдмæ
фæцыд арвы хъæбысмæ, дæрдты рафæлгæсыд иннæ хæхты сæр-
ты, йæ уарзоны агургæ æмæ йæм уæдæй абонмæ кæсы. Зæгъынц,
хур бонты, дам, йæ уындæй йæ зæрдæ афтæ фæрайы, æмæ йæ
цъупп тæмæнтæ фæкалы; мигъ бонты йæ нал фæуыны, æмæ йыл
сусæг хъынцъым бахæцы, мигъты куы иуырдæм, куы иннæрдæм
зыгъгъуыттытæ кæнын райдайы.
Мады хохы — Зæринæйы фæлгонцы — ирон адæм бавæрдтой
Ирыстоны Мады фæлгонц. Уый йæ фервæзын кодта залымæй:
тыхгæнæг æмæ хæрамдзинадæй, æгад æмæ дæлбардзинадæй.
Хуымæтæджы нæй йæ хуссарварс Дзæрæхы комы ’рдыгæй ирон
адæмы рагондæр кувæндæттæй иу. Абон æм кæд ирон лæджы
къах нал хæццæ кæны, уæддæр ныл йæ зæды хай ауды. Ауды
ныл Мады хох дæр. Ирон адæммæ сиды райгуырæн бæстæйы
сæрвæлтау удуæлдай тохы хъæбатыр, уæндон, æхсарджын æмæ
æнæбасæттон уæвынмæ, лæгдзинадмæ, сæрыстырдзинадмæ, уды
сыгъ д æгдзинад мæ.
ÆНУСТЫ СУСÆГДЗИНАД
Гуырдзыйы ус-паддзах Тамары лæг, ирон паддзахы фырт Со-
слан-Дауытыл бирæ таурæгътæ ис. Хуыцауæй разы, ахуыргонд
Тогойты Георги йын йæ историон цæсгом: йæ равзæрд, йе сгуыхт-
дзинæдтæ наукон æгъдауæй сбæлвырд кодта. Уый фæдыл ныф-
фыста æмæ мыхуыры рацыд сæрмагонд чиныг «Сослан-Давид».
Фæлæ абоны онг бæрæг нæу, Сослан кæм ныгæд ис, уый. Гуыр-
дзыстон йæ паддзæхты ныгæдта Гелаты. Уым бавæрдтой Сосла-
ны дæр. Фæлæ уым нал уыд, йæ фырт Лаша Георгийы дзы куы
ныгæдтой, уæд.
Сосланы мард цы фæци? Уæдæ йæ ус Тамар дæр кæм ныгæд
ис, уый бæрæг куы нæ у. Цалдæр æнусы дæргъы гуырдзы æмæ
ир дзурынц ацы фарстатыл, æмæ сын дзуапп раттын йæ бон
никæмæн у. Таурæгътæ та адæмы ’хсæн кæнынц сæ куыст. Уыдон
куыд зæгъынц, афтæмæй, дам, ус-паддзах Тамары фæндонæй
Цæразонтæ Сосланы мард сусæгæй ахастой йæ фыдæлты зæхх
Уæлладжырмæ. Уым æй Цъæйы комы Рекомы кувæндоны сæрмæ,
æврæгътæм бынмæ кæсæн кæцæй ис, ахæм лæгæты бавæрдтой.
Тамар ма, дам, Сосланы фæстæ фæцард фараст азы. Уал азы
йæхи цæттæ кодта мæрдтыбæстæм Сосланимæ фембæлдмæ. Йæ
162
цард ын ад нал кодта æмæ æнхъæлмæ каст мæлæтмæ. Уал азы
алы аз дæр йæхицæн кæнын кодта табæт. Фараст куы баисты,
уæд йæ зæрдæ йæхимæ фехсайдта æмæ фæдзырдта йæ паддзаха-
ды дыууæ хуыздæр зæрингуырдмæ: ирон æмæ гуырдзиагмæ.
Бахæс сын кодта Сосланы табæты хуызæн зырнæйзылд, сыгъ-
зæрин æмæ æвзистæй нывæфтыд чырын саразын. Табæт арæзт
куы фæци, уæд æруатон æмæ, йæ паддзахады тынгдæр кæуыл
æууæндыд иронæй, гуырдзиагæй, уыдонæй дыууæмæ фæдзырд-
та, семæ йæ фырт Лаша Георгий дæр. Загъта сын, йæ мæлæт
кæй æрхæстæг æмæ бафæдзæхста, куы амæла, уæд æй, ирон
æмæ гуырдзиаг зæрингуырдтæ цы табæт сарæзтой, уым куыд
нывæрой, стæй йæ сусæгæй йæ мой Сосланы фарсмæ лæгæтмæ
куыд ахæссой. Загъта сын, цæмæй иннæ фараст чырыны дæр
сусæгæй алырдæмты ахæссой. Тамары фæндон æххæстгонд
æрцыд, æмæ абоны онг ничи зоны, Сослан æмæ Тамар кæм ны-
гæд сты, уый.
Таурæгъмæ гæсгæ, Рекомы сæрмæ бæрзонд хохы фахсыл, раст
цæргæсты бадæнмæ ’ввахс, уыдис къаннæг лæгæт. Мидæгæй дзы —
бахизæн дыккаг лæгæтмæ. Уый уыдис моладзандон. Цардысты
дзы нæлгоймаг моладзантæ, Чырыстийы хъуыддагыл иузæрдион
чи уыд, ахæмтæ. Ахæм уыд Сослан-Дауыт дæр. Чырыстийы цы
дзуарыл байтыгътой, уый иу хай агурæг Палестинæмæ хуымæ-
тæджы нæ ацыд. Уым фембæлд Англисы къарол Ричардимæ (Ри-
чард Львиное Сердце). Сослан лæгæй-лæгмæ тохты иу хатт дæр
кæй нæ фæхæрд, уый тыххæй йын Ричард балæвар кодта йæ
цирхъ. Уыцы цирхъæй Цæразонтæ хордтой ард.
Рекомы сæрмæ лæгæттæй дыккагæй бахизæн ис æртыккагмæ,
адæймаджы къухæй аивгонд егъаудæр лæгæтмæ. Ардæм Гуыр-
дзыстонæй æрхастой Сосланы мард,уый фæстæ та — Тамары.
Лæгæты астæу æвæрд ис æртыкъахыг зырнæйзылд ирон фынг.
Йæ фæйнæфарс Сослан æмæ Тамары табæттæ. Фынгыл — рæ-
сугъд нывæфтыд лагъз. Йæ хуылфы — Сослан æмæ Тамары ны-
стуан ирон æмæ гуырдзиаг адæммæ ирон æмæ гуырдзиаг æвзæг-
тыл. Лагъзы фарсмæ кадæг «Стайы цармдарæг» Сосланы къух-
фыстæй, Тамарæн кæй балæвар кодта, уый.
Таурæгъмæ гæсгæ, Сосланы къухы Гуырдзыстоны сæрыл тох-
ты цы уæлахизтæ бафтыд, уыдоны-иу ныккалд ирæтты туг дæр,
æмæ уыдоны сæр хъуыды кæнгæйæ, Ирыстоны фидæныл мæт
кæнгæйæ, алы уæлахизы дæр йæ къухы цы хæзнатæ æфтыд,
уыдон дих кодта Гуырдзыстон æмæ Ирыстоныл. Ирыстоны хай
сусæгæй æфснайд цыд, фæстæдæр Тамаримæ сæ мæрдтæ æвæрд
кæм æрцыдысты, уыцы лæгæты. Бахъуыды сахат Ирыстоны пад-
дзахад сфидар кæнынæн сын райсæн куыд уыдаид, афтæ. Ам,
дам, æвæрд ис Ричарды лæвар цирхъ дæр. Æврæгъты сæрмæ
æртæ лæгæты сусæг-æргом бирæ фæхъахъхъæдтой моладзантæ.
Уæдмæ Ирыстоны паддзахад Тимуры азарæй бынтон бабытъай-
лаг æмæ ма, ирæттæй чи аирвæзт, уыдонæн сæ сæр сæ кой сси.
163
Моладзантæн фæдонтæ нал уыд. Цъæйы цæрджытæм фыдæй-
фыртмæ æрхæццæ, фæстаг моладзаны зæрдæхалæн хъарæг-за-
рæг ма сæм мигъты сæрæй бынмæ куыд хъуыст, уыцы хабар.
Зæгъынц, иуахæмы, дам, хохы сæрæй дурзæйы уынæр райхъуыст,
æмæ уæдæй фæстæмæ хох бамыр.
Моладзантæм уыд рæхыстæй конд æруадзгæ асинтæ. Сæ
уынæр куы нал хъуыст, уæд сæм чидæртæ схизыныл афæлвæрд-
той. Схизын дзы кæмæн бантыст, уыдон дæр нал ссардтой лæ-
гæттæм бахизæн. Хохы фахс æмбæрзт у дуры цæндтæй. Æвæц-
цæгæн, дам, моладзантæ рагацау дуртæ фæхастой лæгæтты сæрмæ,
стæй фæстаг моладзан лæгæттыл дурзæй рауагъта, йæхæдæг дæр
уым фæмард, афтæмæй.
Ацы таурæгъæй спайда кодта маскуыйаг фыссæг Лизетхан
Албек. Ирон адæмы историйæ уырыссагау ныффыста трилоги.
Йæ фыццаг хай хуины «Скала Сослана и Тамары», иннæтæ йын
къухфыстæй баззадысты. Йæ трилогийæн æрмæг æмбырд кодта
фылдæр Калачы архивты. Зындгонд революционер Камойы хоимæ
хæлæрттæ уыдысты. Уый схъомыл Калачы, хорз зыдта гуыр-
дзиаг æвзаг, зонгæтæ — бирæ, æмæ йын тынг æххуыс уыд Иры-
стоны тыххæй Гуырдзыстоны архивты æрмæджытæ агурынмæ.
Чи зоны, исты гæххæттытыл, фыстытыл фæхæст сты, ацы тау-
рæгъæн бындур чи у, чи нын æй бауырнын кæна, ахæмтыл. Тау-
рæгъ, уæлдайдæр та историон таурæгъ бынтон æнæбындур нæ
вæййы. Агурын хъæуы. Чи цы агуры, уый ссары, — зæгъы ирон
æмбисонд. Æмæ æрмæст æвзæр нæ, фæлæ хорз дæр. Таурæгъы
цы æртæ лæгæты кой ис, уыдон æцæгæй раргом кæнын къухы
куы бафтид, уæд рухсы цъыртт ныккæсид нæ фæлмæмбæрзт
историмæ, ирон чиныджы истори уал XII æнусмæ ахæссид, фæ-
бæлвырддæр уаид «Стайы цармдарæджы» автор.
ХЪЕЛЫ ЦАД
Ирыстоны бæрзонддæр хæхты фæсрагъ Дзимыргомы рæбын
уæлхох, бæлас кæм нæ зайы, ахæм ран зултæ-мултæ дæргъæй-
дæргъмæ айтынг диссаджы рæсугъд цад. Ардыгæй ахизæн ис
Гнугъмæ, Урстуалтæм, Тырсыгоммæ, Арагуимæ, Баджинмæ, Гор-
гамæ. Хъелы цадæй бынмæ коммæ кæлы Чысандон, Дзимыры
йæ Цъала хонынц. Уырдыгæй дæлæмæ йыл алы чысыл кæмттæй
æфтынц иннæ цæугæдæттæ, суадæтгæ, æвдадзы хосхæссæг суæрт-
тæ. Фæфæтæн, фæтыхджындæр вæййы, æмæ егъау дуры цæнд-
ты сæрты схъиудтытæ кæнгæ хæры къæдзæхты фæрстæ, нарæг
комæй йæхи рæдувы ахст сырдау. Уæлдай знæтдæр вæййы уал-
дзæджы кæрон.
Зымæг Хъелы цады лæгъз уæлцъар ныссæлы, стæй йыл уæле
мит ’дзæвгар фæуары. Мит та ам иу уардæн зæхх æрæмбæрзы
лæджы æмбæрц. Иу уард мит иннæ уард миты йæ быны æрæф-
164
сæры, æмæ афтæ фæлтæргай уалдзæгмæ рагъамадау фæлæууынц.
Уалдзæджы кæрон цады былтæ куы æртæфсынц, ихæй куы фе-
уæгъд вæййынц, уæд æргъомамад мит йæ уæзæй æд ихтæ фæ-
дæлдон вæййы. Ныццæлланхъ кæны цад, æмæ йæ дон йæ был-
тæй акæлы. Цæугæдонмæ уыйбæрц дон уыцы-иу калд ракæны
æмæ араугæ, гыбар-гыбургæнгæ йæ разæй æппæт дæр рахæссы.
Йæ уæлæ хид нал ныууадзы, йæ былтæ бынысдæрд бакæны, йæ
кæсаг былтæм ракалы. Бирæ фыдбылызтæ бакæны, суанг дзы
адæймаджы зиантæ дæр æрцæуы.
Хъелы цад диссагæн дзуринаг у. Ахæм бæрзонд ран ахæм егъау
цад! Уымæй дæр æй æнæбын хонынц. Кæддæр, дам, дзы сæрды-
гон тæвды галтæ бацыдысты æмæ фæдæлдон сты, стæй иннæ
комы Ерцъойы цады сзындысты.
1871 азы сæрды зындгонд этнограф Пфаф уыд Ирыстоны
Урстуалты Едысыхъæуы. Беджызаты зæронд лæджы ныхæстæй
Хъелы цады тыххæй афтæ ныффыста: «Нал фæрæзтой Дзимы-
ры адæм Ерыстау-æлдæртты фыдмитæй. Растадысты æмæ æд
бинонтæ сæхи систой Хъелы цады рæгътæм. Ерыстау-æлдæрттæ
æрæмбырд кодтой сæ чапарты æмæ цагъартæй аст сæдæйы бæрц,
схотыхджын сæ кодтой, бафтыди ма сыл сæдæ хъазахъхъаджы
æмæ балæгæрстой хæхтæм «æгоммæгæс» адæмыл æлдары къæ-
лæт ныффидар кæнынмæ.
Хъуыддаг æрцыд æрæгвæззæджы. Хæхты мит дæр æрæмбæрз-
та. Ерыстауы æфсад схызтысты Хъелы уæлхохмæ æмæ фæраст
сты цады былтыл. Цады алфамблайы фæхстæ афтæ хæрд не
сты, фæлæ йæхæдæг дæргъæй даргъ у, æмæ æфсад фæссихоры
улæфт æркодтой цады был.
Æвиппайды æнахуыр диссаджы тымыгъ сыстад, æмæ Ерыс-
тауы æфсады дзæвгар хай цады мидæг скуыси. Былыл ма чич
баззад, уыдон та æхсæвы дæргъы æнахуыр хъызты ныссалдыс-
ты. Ерманыхъæу фæфæдис сты æмæ ма дзы кæйдæрты удæга-
сæй сæййæфтой. Сæрды мæрдты цадæй фæ! стой æмæ сæ фæны-
гæдтой. Уый, дам, уыд, 1821 азы.
Хъелы цадмæ адæм уынынмæ цæуынц алы рæттæй. Раздæр-
иу ауылты сæ фæндаг акодтой туристтæ дæр. Нæ йæм фæзивæг
кодта нæ номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег дæр. Йæ зæр-
дæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ йæ къам йæ конд нывы фарсмæ
сисын кодта.
ЗÆРОНД ХЪУД
Арвыкомы цæрæг ирæтты адæмон сфæлдыстад хъæздыг кæй
уыд, ууыл дзурæг у, М.Лермонтов йæ поэмæ «Демоны» бынду-
рæн ирон таурæгъ кæй райста, уый. Уыцы таурæгъ ма, куыд æй
фехъуыста, афтæ ныффыста зындгонд ахуыргонд В. Потто. Мах
æй мыхуыр кæнæм ирон æвзагмæ тæлмацæй. Зæгъынц, арф ко-
165
мæн раст йæ тæккæ рæбын, Арагуйы дон хæхты цъассæй йæхи
кæм ратоны, уым æрæнцад ирон хъæу Хъуд. Алырдыгæй йыл
æрхъула кодтой бæрзонд егъау къæдзæх хæхтæ, афтæ зыны,
цыма йын ныртæккæ йæ мæгуыр къæстæ сæ быны ныцъцъæл,
ныммур кæндзысты. Фæлæ æнустæ ацæуынц, æмæ хæхтæ æнæ-
змæлгæ сæ мидбынаты лæугæйæ баззайынц, æрмæст дæрддзæф
бæрзондæй æрбайхъуысы æмыр гыбар-гыбур. Уый хæхты бар-
дуаг — Зæронд Хъуд йæ бæрзонд бадæнæй сæрсæфæнмæ згъалы
митæмхæццæ ихы фæзгъæртæ.
Уыцы хъæуы кæройнаг хæдзары кæддæр цардысты ирон мæ-
гуыр бинонтæ. Хуыцау сын радта иунæг цъæх чызг Нинæйы.
Æнæхъæн Ирыстоны дæр нæ уыд Нинæйы хуызæн рæсугъд сы-
вæллон, æмæ дзы Зæронд Хъуд дæр рæвдыдта йæхи, хъæуа-
нæхъæуа йыл аудыдта, йæ цæст æм дардта. Нинæйы-иу хохы
фахсыл хæрдмæ цæуын куы бафæндыд, уæд-иу фæндаг йæ разы
араст, алæгъз, дуртæ æмæ къæдзæхтæ-иу асинтæ фестадысты.
Йе ’мбæлттимæ-иу дидинджытæ, хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæ
агурæг куы ацыд, уæд ын-иу Хъуд сæ хуыздæрты амбырд кодта
æмæ-иу сæ дурты бын бамбæхста. Гыццыл гыкъына сæм-иу куы
баввахс, уæд-иу дуртæ цыдæр фесты, æмæ-иу йæ раз дидинæг-
дон фестад. Нинæйы цинæн ма-иу ныккæнæн уыд?! Хъуд йæ
фидар цæнгтæ къæйдур рæгътыл æрæвæргæйæ не ’фсæст чысыл
Нинæйы фæдыл кæсынæй. Фырцинæй-иу фемæхстысты йæ су-
сæг цæссыгтæ æмæ-иу æрсаха кодтой йæ даргъ урс боцъойыл,
схъиудтой дурты рæдзæгъдтæм æмæ къада дæттæй хæццæ код-
той хæхты рæбынтæм.
Адæм та дзырдтой: «Уалдзыгон хуры хъарм тынтæ та бандæв-
той хæхты цъуппыты ихтæ, æмæ тайынц!»
Афтæ рацыд фынддæс азы. Нинæйæ рауад диссаджы рæсугъд
чызг, æмæ арæхæй-арæхдæр бакæс-бакæс кæнын райдыдта сæ
сыхæгты лæппу Соскъомæ. Хъуды зæрдæ дывыдон арты сыгъ-
ди, мæсты кодта лæппумæ. Цуаны-иу æй фæцу æмæ ма ’рцуйы
фæндæгтыл бафтыдта, йæ развæд ын æмбæхста, мит-тымыгъ ыл-
иу сыстын кодта. Фæлæ Соскъо уыд фидар, рæвдз æмæ æвзыгъд
лæппу. Цыфæнды тæссаг ранæй дæр-иу рацы^ æвыдæй, æмæ-иу
уæд зæронд Хъуды маст йæ былтæй акалд. Йе ’дыхдзинад æй
æрра кодта æмæ-иу бæстæ йæ сæрыл систа, митæмбæрзт хæхты
цъуппытыл-иу йæхицæн бынат нал ардта, мит-тымыгъ-иу фес-
тад, бынмæ æвзылдта дуры цæндтæ, фæйнæрдæм зыгъгъуытт
кодта мит-хъæпæнтæ, сыстын-иу кодта бырдæн, æмбырд кодта
саувадыг мигътæ, цъыччытæ-иу кодта арвæрттывдтытæй. Адæм-
иу фыртæссæй сæ хæдзæртты бамбæхстысты, Зæронд Хъуд та
цæуылдæр смæсты, зæгъгæ.
Зæронд Хъуды уырныдта, Соскъойæ йæ маст кæй райсдзæн,
уарзæтты кæй фæхицæн кæндзæн. Æмæ иуахæмы Соскъо æмæ
Нинæ æнæнхъæлæджы хæдзары иунæгæй куы аззадысты, æмæ
сæ уарзон ныхæстæн фæуæн куы нал уыд, уæд сыл Хъуд мит-
166
зæй рауагъта. Хæххон къæс миты бын фæци, зæй сæ йæ быны
баныгæдта. Фыццаг уарзæттæ цин дæр ма бакодтой, ома сæ иу
чысыл рæстæг ничиуал бахъыгдардзæн, сæ ныхæстæ кæронмæ
зæгъдзысты, зæгъгæ. Бандзæрстой къонайы æмæ æдыхстæй
фæрсæй-фæрстæм арты раз æрбадтысты. Кæрæдзийыл цинтæ
кодтой, кæрæдзийæн адджын ныхæстæ кодтой.
Фæлæ уалынмæ сыстонг сты. Хæдзары къæбицы цы дыууæ
луасигонды æмæ цыхты чысыл къæртт ссардтой, уыдон дæр сын
бирæйы фаг не систы. Рацыд ма иу бон, æмæ уаты хъæлдзæг
ныхас æмæ цины худт нал хъуыст, миты бын ахст уарзæттыл
стонг фæтых: сæ уарзондзинадыл нал хъуыды кодтой, сæ мæт
сси хæринаг. Цыппæрæм бон æххормагæй бынтон стыхстысты.
Соскъо тыхст æмæ уырыдæй йæхицæн бынат нал ардта, иуахæ-
мы феррагонд æмæ йæхи Нинæйыл ныццавта, йе уæхскыл ын йæ
дæндæгтæй фæхæст...
Уыцы уысм сæм фæсдуарæй æрбайхъуыст адæмы хъæлæстæ,
стæй ферттывта рухсы цъыртт, æмæ дуар байгом. Нинæ æмæ
Соскъо сæхи баппæрстой сæ ирвæзынгæнджытыл. Кæрæдзийæн
та фестадысты уæнгæл æмæ æнæуынон.
Сцин кодта зæронд Хъуд, йæ хъæлæсы дзаг афтæ ныххудт,
æмæ хохамад дуртæ æркалдысты цъаламæ, Дæлимонты фæзмæ.
Йæ фылдæр фæзуат ныр дæр ма æнгом æмбæрзт у уыцы дурты
цæндтæй.
«Хъусут, куыд тыхджын ныххуды нæ бæгъатыр Хъуд!» —
фæзæгъынц ирæттæ ацы таурæгъ дзургæйæ.
ТУДЖДЖЫНЫ Л/ЕГÆТ
Дæргъæвсгомы Хынцæджы хъæууатæй Къæхтысæры æхсæн
къæдзæх хохы фахсыл цы лæгæттæ ис, уы;(онæн сæ иуы бацæ-
уæн у дурæй амад. Лæгæтмæ фахсыл æнцоп схизæн нæу, фæлæ
йæ дардмæ дæр чи фены, уый йыл йæ цæст æрæвæры æмæ дисы
бацæуы: «Нæ цæрынæн куы нæ бæззы, нæ мæсыгæн, уæд фах-
сыл лæгæтмæ схизæн æхгæныны сæр кæй цæмæн бахъуыд!?»
Бынæттон цæрджытæй искæй куы бафæрсай, уæд дын зæгъдзæн,
Туджджыны лæгæт у, зæгъгæ.
Туджджыны лæгæтыл ис таурæгъ. Адæм æй алыхуызæтты
дзурынц. Цагъаты Н. æй фысгæ дæр ныккодта æмæ йæ рауагъта
1963 азы чиныг «Памятники материальной культуры Северной
Осетии»-йы. Æз æй, цы хуызы фехъуыстон, афтæмæй йæ уæ
размæ хæссын.
Уый раджы уыди. Хынцæджы цæрджытæй иу лæгæн цуаны
йæ топп фæирвæзт йе ’мбалмæ. Фæтуджджын тыхджын мыгга-
гимæ æмæ йын йæ рæстдзинад кæй ницæмæ æрдардзысты, уый
зыдта. Уыцы заман-иу лæджы чи амардта, уый нæ, фæлæ кæй
хæцæнгарзæй мард æрцыд, уый дæр нымад цыд туджджыныл,
167
туджджыны фиддонтæ дзы домдтой. Æмæ цуанон лæг йæхи ба-
фæсвæд кодта. Бон æмбæхст уыцы лæгæты, æхсæв та йæ фи-
дæрттæ кодта — дуртæ йæм бæндæнæй ласта æмæ йын йе схи-
зæн æхгæдта.
Туджджынæн йæ хæдзары дыууæ хойы æмæ мад йеддæмæ
ничи уыд æмæ зыдта, уыдоны кæй ничи бахъыгдардзæн. Сыл-
гоймаджы туджы тыххæй ничи мардта. Уый худинагыл нымад
уыд. Æмæ ма йын-иу йæ хотæ сусæгæй хæринаг дæр схастой.
Уыцы хабар бафиппайдтой, дзæгъæл гæрахæй чи фæмард, уый
æртæ ’фсымæры дæр, фæлæ сæ хотæ не ’ндæвтой. Лæджы лæ-
гæтæй куыд расайой æмæ сæ туг куыд райсой, ууыл уыд сæ
сагъæс. Хотæ йын хæринаг схæссынц, уый дæр хорзыл нымад-
той — кæд сæм искуы дæлиау æрхизид, уæд ыл сæ хæцæнгарз
сæндзариккой. Æмæ æдзух фæлтæрæнтæ кодтой. Фæлæ сæ къу-
хы не ’фтыд. Цуаны ацæуы, уый дæр зыдтой. Йæ размæ дæр-иу
бабадтысты, дардæй-иу æй æхстой, фæлæ йæм æввахс бацæуын
нæ уæндыдысты, — хорз цуаноныл нымад уыд. Æфсымæрты
фæцæгъдынæн ын фадат арæх уыд. Уæлдайдæр æм-иу лæгæтмæ
куы бырстой, уæд. Фæлæ йæ туг ныккалын нæ фæндыд, æмæ
сæ-иу тæрсыны æхст кодта.
Æфсымæртæ сæхимидæг æмбæрстой цуаноны зæрдæйыуаг,
фæлæ сæ ничи ницы дзырдта. Тугисыны тызмæг æмæ æгъатыр
æгъдау сæ зонды мылазон мигъау ныббадт. Сæ сæртæ сисын, сæ
дзыхыдзаг сдзурын сæ нал уагъта. Худинаг сæм каст, нырмæ се
’фсымæры туг кæй нæ райстой, уый. Æмæ адæмы раз сæхи
æнкъардтой ныхкъуырдæй.
Уæд иуахæмы кæстæр, царды нысан удæй хорз чи нæма бан-
къардта, уый йе ’фсымæртæн куы райхалид, сæ худинаджы уавæ-
рæй фервæзынæн æм цы хъуыды фæзынд, уый.
Иу мæйрухс æхсæвы, зæгъы, æз арсы цармы мæхи стухдзы-
нæн, афтæмæй лæгæты ’рдæм сабыргай мæ ных сараздзынæн.
Нæ амæттаг мæ æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн, æрæхсдзæн мæ,
æз фыццаг æхсты фæстæ мæхи мардæфсон скæндзынæн. Уый,
цуанон уæвгæйæ, йæхи нæ бауромдзæн, йе ’мбæхсæн бынатæй
«арсы мардмæ» æрхиздзæн. Сымах уыцы рæстæг хъуамæ æмбæхст
уат, лæгæтмæ фæндаг уæм æхсты бæрцмæ хорз кæдæм зына, ахæм
ран. Æмæ-иу ыл ма бацауæрдут. Æз дæр æй æхсдзынæн.
Фæнд хорз фæнд уыд, фæлæ æфсымæртæ нæ разы кодтой сæ
кæстæры топпы дзыхмæ æрæвæрыныл, уæд та дæ фыццаг æхстæй
амардта, куыд рæстдзæвин у, уый нын амонын нæ хъæуы, зæгъгæ.
Фæлæ кæстæр æфсымæр уæддæр йæхи фæнд атардта. Æмæ æртæ
’фсымæры иу мæйрухс æхсæв араст сты сæ туджджыны марынмæ.
Кæстæр йæхи арсы цармы æрбатыхта æмæ арсы цыдæй фæцæуы
хохы фахсыл. Æфсымæртæ йæм сæ цæст дарынц. Уалынмæ йæ
цуанон дæр бафиппайдта. Ныхъхъавыд æм, æмæ мæйрухс æдзæм
æхсæвы топпы хъæрæй ныццарыдтой кæмтты нарджытæ. «Арс»
æрхаудта æмæ айнæгыл хуысгæйæ баззад. Цуанон иу дзæвгар
168
йæхи нæ равдыста, фæлæ та бæстæ куы ныссабыр, уæд лæгæ-
тæй йæ амæттагмæ рараст. Æфсымæртæ йæ дæлиау æруагътой,
фæстæмæ алидзын ын куыд нæ бантыстаид, афтæ. Стæй йæм сæ
дыууæ дæр æмхъавд фæкодтой, æмæ дæ балгъитæг — афтæ. Лæг
фæцудыдта, стæй сæрбихъуырæйттæ кæнгæ æртылд се ’фсымæ-
ры цурмæ.
Æфсымæртæ се ’мбæхсæн бынатæй фæгæппытæ кодтой æмæ
æз фæраздæронæй атагъд кодтой сæ кæстæры уавæр базонынмæ.
Асгæрстой йæ, æмæ дæ фыдгул уыйау уæд. Рæстдзæвин цуанон
нæ фæивгъуыдта иу æхстæй дæр. Чысыл фалдæр йæ мæрдон
хуызы хуыссыд йæхæдæг дæр.
Гъе, ахæм æгъатыр æмæ тызмæг æгъдæуттæ уыд нæ хæхты.
Уыдонæн æнусты æвдисæнæй лæууы Туджджыны лæгæт.
ЦЫРТЫТÆ
Куырттаты комы Гуысырайæ дзæвгар куы бауайай, уæд-иу
фæндаггæрон цæстытæ уайтагьд ацахсынц дурæй конд цалдæр
цырты. Фондз дзы кæрæдзнйы фарсмæ сагъд сты, иу — чысыл
æддæдæр. Ирон адæм цырт садзынц уæлмæрды марды ингæныл,
стæй ма адæймаг фæндагыл кæнæ дард искуы куы амæлы, уæд,
йæ уд кæм сисы, уыцы ран. Ам дæр ингæнтæ нæй, фæлæ кæй
номыл сагъд сты, уыцы мæгуыр адæм ам бабын сты.
Фыдæлтæй нæм куыд æрхæццæ, афтæмæй XIX æнусы Хуы-
риатæй фондз æфсымæры æмæ сæ хъæуккаг лæг ам æввахс ран
хос карстой. Къæдзæхы байбынгонды сæхицæн сихор аджы ба-
уæларт кодтой. Иуахæмы къæдзæхы фахсыл калм йæ зонгæ фæ-
дыл фæцæйхылд. Арты æвзæгтæ дур стæвд кодтой, уый цæмæй
зыдта, æмæ йæ дур судзын куы райдыдта, уæд йæхи атымбыл
кодта, фахсæй рахауд æмæ аджы ныххаудта. Хосгæрдджытæй
йæ ничи бафиппайдта, сæ уæззау куыстæй сæ агмæ нæ равдæлд.
Сихорыл фæлладæй маргхъæстæ хæринагæй бахордтой æмæ
æхсæзæй дæр æнустæм мæрдвынæй баисты.
Æхсæз хосдзауы, кæй зæгъын æй хъæуы, баныгæдтой хъæуы
уæлмæрды. Кæм бабын сты, уым та сын цыртытæ сæвæрдтой.
Уыдон сæ рох кæнын нæ уадзынц. Фæндаггонтæн дзурынц, ам
Хуыриатæй цы фондз æфсымæры æмæ æмхъæуккаг бабын, уыдо-
ны зæрдæриссæн хабар.
ЦИРХЪЫ ЦÆФ
Дыгургомы Нарыхъæуы ныхасæй кæсгæйæ цæгатырдыгæй
къæдзæх хохы фахсыл дæ цæст æрхæцдзæн дæ^гъæццон скъуы-
дыл. Уый, дам, Уастырджийы цирхъы цæф у. Иæ фарсмæ къæ-
дзæхы та — лæгæт. Уый та, дам, йæ арцы цæфæй фæхуынкъ.
Ацы бæрæг бынæтты фæдыл ахæм таурæгъ ис. Уастырджи,
169
дам, хохæгтæн йæ фыртимæ хъахъхъæдта, Хæресмæ ’ввахс цы
цæххы æвæрæнтæ ис, уыдон.
Иуахæмы Уастырджийы бахъуыд хъуыддаджы фæдыл кæдæм-
дæр ацæуын. Йæ фыртæн карзæй ныффæдзæхста, цæххы æвæ-
рæнтæ цæстыгагуыйау хъахъхъæн, æввахс сæм макæй бауадз,
зæгъгæ. Лæппу йæ фыды фæдзæхст æххæст кодта цырддзас-
тæй, фæлæ йыл Быдыры зæд хинæй фæтых. Уастырджи бынаты
кæй нæй, уый куы базыдта, уæд йæхи егар фестын кодта æмæ
цæххæй адавта.
Уастырджи йæ балцæй куы æрбаздæхт, уæд йæ фырты фæрсы:
— Æцæгæлон искæй федтай ам æввахс?
— Иу егар ам æрбацæйзгъордта, æндæр никæй, — дзуапп рад-
та фырт.
Уастырджи базыдта, егары хуызы сæм Быдыры зæд кæй æрба-
цыд цæхх давынмæ, æмæ йæ фæстейæ асырдта. Фыццаг æхст æй
куы фæкодта, уæд фат куыдзыл нæ сæмбæлд, фæлæ йæ цæ-
хæртæ зæхмæ æркалдысты æмæ Æхсæуыхъæуы фарсмæ кæрдо
бæлæстæ фестадысты. Дыккаг фат куыдзыл суагъта Зæдæлес-
чы цур æмæ та фæивгъуыдта. Фаты цæхæртæ фахсыл хъæды
къох фестадысты. Абон дæр уыцы хъæд ис, хуыйны Моргæ.
Уæд Уастырджи фырмæстæй йæ цирхъ фелвæста кæрддзæ-
мæй, хох дзы æрдаудта, æмæ фæфаст. Йæ арц къæдзæхы рæбы-
ныл ныццавта, æмæ къæдзæх лæгæты бæрц фæхуынкъ. Абон
дæр ма амы цæрджытæн ацы бынæттæ сты кувæндæттæ. Уымæн
æмæ сыл Уастырджийы фарн æфтыд ис.
КЪÆЦÆЛÆППАРÆН ДУР
Хъæбулмæ ныййарæджы уарзондзинады тыххæй бирæ ха-
бæрттæ фехъусæн вæййы, фæлæ Дæргъæвсы комы Хынцæгæй
Къæхтысæры æхсæн цы Къæцæлæппарæн дур ис, уыимæ баст
æцæг хабар зæрдæйыл æндæрхуызон æмбæлы, зонд æндæрхуы-
зон агайы.
Кæддæр, дам, дæргъæвсаг æрыгон сылгоймаг йæ ноггуырд
сывæллонимæ быдыры хъæутæй иуы йæ цæгаты хуындæджы бадт.
Сывæллон куы ныййардта, уæдмæ зымæг дæр ралæууыд, æмæ
боныхъæды хорзмæ каст. Йæ цæгаты æгæр бирæ кæй фæстиат
кодта, уый йæм худинаг каст, йе ’фсин æмæ хицауæй æфсæрмы
кодта.
Иуахæмы, куы фæбон кодта, уæд Хъобанмæ цæуджытимæ
фæбалц, Хъобанæй та иунæгæй уыд йæ фæндаг. Хуссар Хын-
цæгмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ йыл схъызыд. Фæндаджы
иуварс егъау дуры аууон балæууыд. Кæсы — æмæ дзы байбын-
гонд. Йæ нымæтæй хуыд гуыр раласта, сывæллоны дзы батых-
та, дуры хуылфы йæ йæ хъæбысы бакодта, афтæмæй æрбадт.
Афтæмæй сæ ссардтой, сывæллоны кæуын куы фехъуыстой,
170
уæд. Мад басыд æмæ амард, сывæллоны аирвæзын кодта йæ
нымæтын гуыр æмæ буары хъармæй. Кæугæ, ниугæйæ йæ ка-
димæ бавæрдтой уæлмæрды, фæлæ йæ удуæлдай уарзт йæ хъæ-
булмæ цæры æнусты. Уæдæй фæстæмæ уыцы дуры цур къæцæл
аппарын Дæргъæвсгомы ссис æгъдау: мыййаг ма искæуыл зымæ-
гон куы схъыза, уæд ын арт скæнынæн фадат уа. Дур дæр рахуыд-
той Къæцæлæппарæн дур.
ÆХСИНБАДÆН
Курттаты комы Хæрисджынæй фалæмæ Уæлæмæсыджы ку-
вæндоны бакомкоммæ Цъæззиудоны галиуварс айнæг къæдзæхы
астæу ис дурамад. Фыдæлтæй нырмæ йæ амы цæрджытæ хо-
нынц «Æхсинбадæн». Йæ бынмæ къæдзæхыл цæуы Хилакъмæ
фæндаг.
Ам, Фыййагдоны рахизфарс уæзæгыл цы стыр айнæг къæ-
дзæхдур ис, уый та хуыйны «Фатдзæф дур». Кæддæр, тынг ра-
джы, дам, ацы дуры цур цардис иуцæстон уæйыг. Уый алыхуы-
зы хъыгдардта амы цæрæг сылгоймаджы. Æмæ уæд æхсин Хуы-
цаумæ бахъаст кодта уæйыгыл. Хуыцау уæларвæй йæ минæвары
уæйыгмæ æрæрвыста. Уый йын рафæзмыдта Хуыцауы ныхас,
цæмæй ма хъыгдара æхсины æмæ адæмы, науæд æй йæ азар бай-
йафдзæн. Уæйыгмæ Хуыцауы ныхас нæ бахъардта. Уый нæ, фæлæ
ма сбустæ кодта, мæнæн Хуыцау чи у, зæгъгæ. Уæд æй Хуыцау
фатæй æрæхста, æмæ уæйыг æд хæдзар къæдзæхдур фестад.
Дурæн ма абон дæр йæ фарсыл фаты цæфы фæд зыны, «Фат-
дзæф дур» дæр æй уымæн хонынц. Йæ алыварс та, дам, рæ-
дзæгъдтæй лæууыдысты чысыл дуртæ —хæдзары мигæнæнтæ:
аг, саргъ æмæ æндæртæ, фæлæ сæ адæм Фыййагдоны дурлыггæ-
нæн цехмæ цыртытæн фæластой.
ДИССÆГТÆ-ТÆМÆССÆГТÆ
Ацы сæргонды бын цы æрмæджытæ ис, уыдонæн се 'п?гæ-
ты кæд арф хьуыды æвæрд нæй, царды æцæгдзинад не
’вдисынц, уæддæр цымыдисаг сты, ирон адæмы зонд, дуне-
æмбарынад, зæрдæйыуаг æвдисынц. Ирон адæмы кæстæ-
рæй хистæрмæ, сылгоймагæй, нæлгоймагæй хиуылхæцын,
хи хорз дарыныл, æгъдауыл, уагыл ахуыр кодтой æмæ рох-
гæнинаг не сты.
Сывæллон йæ афæдзы гуылы куывды цы дзаумамæ бавнала,
уымæ гæсгæ уыдзæн йæ фидæны дæсныйад.
* * *
Ноггуырд мæй афтид дзыппимæ куы фенай, уæд бирæ æхцамæ
ма ’нхъæлмæ кæс. Æхцаимæ йæ куы фенай, уæд та дыл æхца-
джын мæй ацæудзæн.
* * *
Ноггуырд сывæллонæн цæмæй цæстæй хай ма уа, уый тых-
хæй йын йæ цонгыл бабæттынц сырх æндах.
* * *
Ногзад хъуг æмæ род цæмæй ма фæцæстдзыд уой, уый тых-
хæй сын сæ къæдзилтыл бабæттынц сырх æндах, кæнæ сырх
хæцъилы уадздзаг.
* * *
Карк къуыртты куы нæ бада, уæд хъуамæ æфсин йæ разы, йæхи,
хъæрæй хылгæнгæ, йæ цæгатмæ лидзæг скæна. Афтæмæй йæ исчи
172
хъуамæ баурома. Уæд, дам, карк фæтæрсы, æфсин куы алидза,
уæд ма мын хæринаг чи дæтдзæн, зæгъгæ, æмæ æркъуыртт кæны.
* * *
Дзаг къæртатимæ (бедратимæ) — хæрзæмбæлæг, афтид къæр-
татимæ — фыдæмбæлæг.
Æхсæвыгон æхсæнтæ æддæмæ калæн нæй. Талынджы, дам,
уæд та æнæзæгъинаг (хæйрæг) дæ размæ фæци, æмæ йыл дон
бакалд, уæд дæ уый, бакуырм у, зæгъгæ, ралгъитдзæн.
* * *
Сыгъд кæрдзын куы бахæрай, уæд, дам, æхца ссардзынæ.
Рæзгæ адæймаджы сæрты хизын, йæ сæрты исты дæттын не
’мбæлы — йæ рæзынджытæ, дам, ын айсдзынæ.
* * *
Ногбоны æхсæв, дам, цæхджын гуыдынтæ (гуылтæ) бахæр
æмæ дæ уарзоны дæ фыны фенай — фыны дын дон æрбахæсдзæн.
Æхсæвыгон æхца æфстау ничи дæтты, стæй æфстау фидын
дæр не ’мбæлы.
Стъалытæ, дам, куы нымайай, уæд дыл бызычъитæ разайдзæн.
* * *
Каркæн йæ рæвдуан йæ бынæй куы айсай, уæд дзæгъæл айк кæны.
Артдзæст схъауын сывæллæттæн нæ фæтчы: æхсæв, дам, сæ
доныхуыпп нал фæуромынц.
* * *
Æхсæвыгон адгурæн ничи дæтты: хæдзары бæркад сæфы.
173
* * *
Ногбоны æхсæв йæ хæдзары мигæнæнтæй искæмæ ничи уагъ-
та. Стæй искæй дзаума хæдзары уадзын дæр нæ фæтчы, уæл-
дайдæр та хæс дарын.
* * *
Æнæскувгæ нæфæтчиагмæ чи ныхилы, уымæн, дам, йæ былтæ
хæлмаг кæнынц.
* * *
Æвзæр къах кæмæн ис, уый дыл куы фембæла, уæд фæнда-
растмæ ма ’нхъæлмæ кæс, — фæстæмæ раздæх.
* * *
Гæды, уæлдайдæр сау гæды дын дæ фæндагыл цæхгæрмæ
ахызт, уæд дæ худ фæстæрдæм кæн, кæннод æвзæр фæндагыл
бафтдзынæ.
* * *
Дæгъæлтæ стъолыл æвæрын нæ фæтчы, уæд, дам, дæ бæркад
сæфгæ кæны.
* * *
Усгур лæппу æмæ чындздзон чызгæн аджы бынтæ, йæ ха-
фæнтæ хæрын не ’мбæлы, уæд, дам, сæ чындзæхсæвты къæвда
бонтæ скæны.
* * *
Кард (хæрынкъа), йæ цыргъ уæлæмæ куыд уа, афтæ æвæрын нæ
фæтчы. Уæд, дам, хиуæттæй исчи амæлы. Стæй ма афтæ дæр фæ-
зæгъынц: хæйрæг дæ фæсайдзæн, æмæ йыл дæхи алыг кæндзынæ.
* * *
Топмæ хъавгæ æвналын хъæуы, афæдз, дам, иу хатт дæлимо-
ны фæндонæй æнæифтыгъдæй дæр æхсгæ кæны.
* * *
Ссад, хор искæмæн куы дæттай, уæд дзы иу тæпп де ссадыл,
хорыл фæстæмæ бакалын фæхъæуы, цæмæй дæ бæркад дæ хæ-
дзары баззайа.
174
Дæ комдзаг фынгыл ма уадз — дæ амонд къахыр кæныс.
* * *
Дæ рахиз æрфыг дæ хæры — хорз хабармæ æнхъæлмæ кæс,
галиу — æвзæр хабармæ.
* * *
Дæ галиу арм дæ хæры — æхцамæ æнхъæлмæ кæс, рахиз —
уазæджы къух исдзынæ.
* * *
Дæ фындз дæ хæры — арахъ нуаздзынæ.
* * *
Фыны дыл куыдз фæхæцыд — милицæимæ дæ хъуыддаг уыдзæн.
* * *
Дæ фыны сывæллонимæ архайдтай — мастмæ дын рацæудзæн.
* * *
Дæ фыны цъыфты куы цæуай, кæнæ чъизи доны куы ленк
кæнай — рынчын кæндзынæ.
* * *
Хуызджын фынтæ зæрдæрухсы, хорз хабæртты фидиуæг сты.
* * *
Фыны маргъау куы тæхай, кæнæ бæрзондæй куы хауай (уый
та вæййы æрыгонæй), уæд кæныс рæзгæ.
* * *
Æнæдæндаг сывæллоны талынджы æддæмæ хæссын не ’мбæ-
лы. Хæйрæджытæ, дам, ын батых кæндзысты, æмæ фæрынчын
уыдзæн.
Арæх-иу дзырдтой, саби, дам, авдæны æдде аззад, æмæ йæ
дыууæизæрастæу хæрам тых бацъæл кодта.
175
* * *
Изæрæй мидæмæ куы бацæуай, уæд, æнæдæндаг сывæллон
цы уаты уа, уырдæм дын бахизæн нæй. Уæд та, дам, хæйрæджы-
тæй де ’ддаг уæлæдарæсы фаринты, счъилты ис æмбæхст æмæ
демæ æрбаирвæзт, уæд сывæллонæн батых кæндзæн. Уый тых-
хæй æддаг уæлæдарæс ласын хъæуы æддаг уаты, стæй уым иу-
дзæвгар фæуын хъæуы.
* * *
Сывæллоныл цалынмæ дæндæгтæ фæзына, уæдмæ йын боны-
гон дæр, арв куы нæра, уæд æдде уадзæн нæй. Елиа йæ цæхæр
фаттæй хæйрæджыты расур-басур фæкæны, æмæ размæзæвæт-
джынтæн фырадæргæй сæ сæр сæ кой свæййы — се ’мбæхсæн
бынæттæй дæр лидзæг фæвæййынц. Ахæм рæстæг уæлдæф хæ-
рам тыхæй дзаг вæййы.
* * *
Ногбоны уæм фыццагдæр нæлгоймаг, уымæй дæр адæмы уар-
зон нæлгоймаг куы æрбацæуа, уæд уæм амонд æрбахаста. Но-
джы ма йемæ сугсæттæнæй æхсныфтæ, къæцæлтæ, кæнæ хæ-
тæлтæ, хъæмпыхæлттæ куы æрбахæсса æмæ сæ арты калгæйæ
афтæ куы зæгъа: «Ам цал æхсныфы (къæцæлы, хæтæлы, хъæм-
пыхалы) ис, уал хорзы уыл æрцæуæд. Адон куыд басудзой, афтæ
басудзæнт уе знæгты фыдвæндтæ дæр».
* * *
Ногбоны-иу хæдзармæ цалынмæ нæлгоймаг нæ бацыд, уæдмæ
сæм æндæр хæдзарæй сылгоймаг нæ цыд. Сылгоймагæн, дам,
æвзæр къах ис.
* * *
Ногбоны æхсæвы агъоммæ скъæтты рудзгуыты сындзытæ
æвæрдтой, сæ бахизæнты раз та сын цыргъагæй цæхгæрмæ иу
къулæй иннæмæ хахх кодтой. Афтæмæй фос куырысмæдзæуæ-
гæй хъахъхъæдтой.
* * *
Сывæллоны дзаумæттæ куы цæхсай, уæд сæ æхсæвыгон æдде
ауындзын нæ фæтчы. Хæйрæджытæ, дам, сыл сæ тæваг ныууа-
дзынц æмæ, ахæм дзаума сабийыл куы скæнай, уæд æхсæв нал
фæфынæй кæны, хæринаг нал фæхæры.
* * *
Кард, рон æмæ фындзыкæлмæрзæн лæвар кæнын не ’мбæлы.
Кæмæн сæ дæттай, уымæй суари райс, кæннод, дам, фæхыл уы-
дзыстут.
176
* * *
Уæлмæрдтæм æхсæвыгон цæуын нæ фæтчы. Æхсæв, дам,
мæрдтæм сæ удтæ æрцæуынц, æмæ сæ хъыгдарын нæ хъæуы.
* * *
Алчидæр райгуыры йæхи стъалыимæ æмæ куы амæлы, уæд
уый дæр йемæ ахуыссы.
* * *
Хæйрæг куы фенай, уæд дæхиуыл дзуар бафтау, æмæ ’нæ-
зæгъинаг фæцыдæр уыдзæн.
* * *
Тар æхсæв хæйрæджытæй куы тæрсай, уæд сын мæстыйæ
дзур: «Булчъы къæдзил — уæ къæдзил!» Æмæ, дам, дæм æввахс
не ’рбауæнддзысты.
* * *
Нæй макуы мацæмæй дзур. Уæд, дам, хæдзары бæркад хæй-
рæджытæ ахæссынц. Дзурын хъæуы «дзаг у».
* * *
Балцы цæугæйæ дæ хæссинæгтæй исты куы айрох уа, уæд
фæстæмæ ма здæх. Фæлтау æм искæй рарвит, кæннод, дам, фæн-
дараст нæ фæуыдзынæ.
* * *
Дæ фыны, дæ хиуæттæй, бинонтæй чи амард, уыдонæй искæй
арæх куы уынай, уæд ын йæ номыл дыууæ чъирийы скæн, ных-
хæлар ын сæ кæн, æмæ дæм фыны нал цæудзæн.
* * *
Хæкъуырцгæнгæйæ дæ зонгæты нæмттæ ранымай, æмæ дæ
хæкъуырцц кæуыл банцайа, уый, дам, дæ кой кæны.
* * *
Рынчын цыфæнды тыхст куы уа, уæддæр ыл кæуын нæ фæт-
чы, йæ сæрыл цы зæдтæ тох кæны, уыдонмæ хъыг фæкæсдзæн
æмæ йæ мæлæты æвджид фæуадздзысты.
* * *
Фæззæг-иу фыццаг хатт фосæн сæ кæвдæсты хос чи нывæрд-
та, уый сæм хъуамæ уалдзæгмæ дæр зылдаид. Ивын æй не ’мбæл-
ди. Уæд, дам, холладжы бæркад сæфы.
12ЦгьойтыХазбн 177
* * *
Æнæфсон дзуары кой кæнын нæ фæтчы, фæхæрам уыдзæн
æмæ дæм йæ чъылдым раздахдзæн.
* * *
Талынджы хæйрæджы хæйрæг хонын не ’мбæлы. ’Нæзæгыгааг
æй хон, науæд, мидæмæ кæцы хуынкъæй хъусы, уый бæрæг нæу,
æмæ йæ коймæ хæдзары февзæрдзæн, исты фыдбылыз ракæндзæн.
* * *
Не ’мбæлы куыдзы, хуыйы, калмы, арсы, бирæгъы, мысту-
лæджы, топп æмæ хъамайы сæ номæй хонын. Куыдзы хуыдтой
цуанон, хуыйы — бырынкъджын, калмы — хилæг, арсы — зы-
лынкъах, бирæгъы — цъæхой кæнæ дзагъырцæст, мыстулæджы —
æхсыргур, топп — хъæргæнæг, хъама — цыргъаг.
* * *
Фæсизæр хуыссынмæ куы цæуай, уæд, цон æрулæфон, схуыс-
сон дзурын не ’мбæлы. Цон ныссæйон зæгъ, æмæ дæм æдде
низтæй чи хъуса, уый зæгъдзæн, ай æнæуый дæр сæйгæ куы у,
цон æндæр ранмæ.
* * *
Авдæны сывæллонæн йæ нывæрзæн хæсгард кæнæ кард да-
рын хъæуы, цæмæй хæйрæджы фыдæхæй хызт уа.
* * *
Дыууæ, æртæ æмæ фылдæр адæймаджы иу ран куы лæууой,
уæд се’хсæнты ахизын не ’мбæлы. Æнæрхъуыдыйæ куы ахи-
зынц, уæд фæзæгъынц: «Уæ гæдытæ — уæхи».
* * *
Уасæг хæдзармæ мидæмæ уасы — уазæгмæ æнхъæлмæ кæс.
* * *
Чызджы фæстæ лæппу куы райгуыры, уæд чызгæн йæ къах
дзыккайы фæтъыссынц. Уымæн баззад ноггуырд чызгæн арфæ:
«Дзыккакъах фæу».
* * *
Æнхъæлцау сылгоймаг йæ фынты кæсæгтæ куы уына, уæд ын
чызг гуырдзæн, кæлмытæ куы уына, уæд та — лæппу.
178
* * *
Хæдзары, уаты æхситт кæнын не ’мбæлы. Уæд, дам, хæдзары
фарн, бæркад сæфгæ кæны, бынаты бардуаг та — лидзгæ.
* * *
Зæрватыкк æмæ дзывылдар куывддоны цъиутæ сты.
* * *
Мыстулæг маргæйдзаг цæрæгой у, хæдзары бинонтæй йæ исчи
куы бахъыгдара, уæд, дам, сын сæ урсаг: æхсыр, царв фæхъæс-
тæ кæны, æмæ дзы куы бахæрой, уæд фæцагъды уыдзысты.
Уымæ гæсгæ мыстулæгмæ ирон адæм хорз цæстæй кастысты,
хъыгдарын æй нæ уагътой. Устытæ йын-иу гуылтæ дæр ма скод-
той, æмæ уый дæр хæдзармæ мыст, уыры нæ уагъта.
* * *
Уæлмæрды мард куы бавæрынц, уæд фæстæмæ цæугæйæ кæ-
уын нæ фæтчы. Уый бинонтæн, хæстæджытæн ног фыдох хæссы.
* # *
Къæсæры сæрты къух исын не ’мбæлы: хылмæ сайы.
* * *
Искæй фыдæлгъыст кæнæгæн йе ’лгъыст йæхи сæрыл, стæй,
кæй цур æлгъита, уыдоныл цæуы.
* * *
Изæрыгон зæрватыччытæ арвыл уæлвонг куы цъыллинджытæ
кæной, уæд райсом хорз бон скæндзæн.
* * *
Фых хойрагæй адæмæн цы балæггад кæнай, уыдон, дам, мæр-
дты бæсты иууылдæр дæ разы уыдзысты.
* * *
Бæлас фæд-фæдыл цалдæр азы дыргъ куы нал ратта, уæд,
дам, æй акалынæй фæтæрсын кæн, йæ зæнг ын лæдзæгæй фæ-
нæм, æмæ та дыргъ ратдзæн.
* * *
Тутыры бæрæгбон-иу бинонтæй иу сылгоймаг райсом раздæр
æнæдзургæйæ сыстад, хæргæ нæ, фæлæ дон дæр хъуамæ ма ба-
нызтаид, афтæмæй сырх æндахæй алкæй дзаумайы рахиз уæхс-
179
чы дæр дзуарæвæрд сынчытæ акодтаид. Уæд, дам, бинонтыл
афæдзы дæргъы хæйрæджыты бар нæ цыд, фæсайынæй сын тæс-
саг нæ уыд.
* * *
Донгарзы доны сæр гомæй уадзын нæ фæтчыд. Хæйрæг, дам,
дзы исты кæлæн ныппардзæн.
* * *
Тыхст рынчынмæ гæды æввахс цæуы, уæд рынчынæн мæлæ-
тæй ма тæрс.
* * *
Дæ фадыг, дæ фæдджи сысчъил — искæимæ хыл кæндзынæ.
* * #
Æнафоны арв куы ныннæра, уæд уый хорзмæ нæ цæуы.
* * *
Карк уасæджы уаст куы ныккæна, уæд уый хæдзарæн хорзы
нысан нæу.
* * *
Кæрчытæ сæ иу къæхтыл куы лæууой, уæд зон: фæуазал кæн-
дзæн.
* * *
Сугтæ судзгæйæ къæрц куы кæной, уæд уый уазалмæ цæуы.
* * *
Мит бирæ ныууарыд — бирæ хор æрзайдзæн.
* # #
Цъæхдзаст сыгъд къæбæртæ куы хæра, уæд, дам, йæ цæс-
тытæ сау кæнынц.
* * *
Фынгæй хойраджы къæбæртæ къухæй сæрфын нæ фæтчы.
Уæд, дам, де ’фсинимæ нæ фидаудзынæ.
* # #
Зынгыл чи фу-фу кæны (сывæллæттæй), уый, дам, æхсæв йæ
доныхуыпп нал фæуромы.
180
* * *
Лæгмар йæ фыдракæндыл куы нæ фæсæтты, уæд æй марды
ингæныл слæууын кæнынц, æмæ, кæд аххосджын вæййы, уæд
ыл йæ тæригъæдтæ бафтынц æмæ фыдбылызты ахæсты бахауы,
суанг мæлгæ дæр акæны. Уымæ гæсгæ-иу йæ зæрдæ йæхиуыл
кæмæн худт, уыдон ахæм фæлварæнæй тæрсгæ кодтой æмæ-иу
сæ фыдракæндыл басастысты.
Уалдзæджы арвы нæрын фыццаг хатт куы фехъусай, уæд, дæ
синтæ, риу дурæй хойгæйæ, зæгъын фæхъæуы: «Мæ риу — ду-
рæй хъæбæрдæр! Мæ синтæ — дурæй хъæбæрдæр! Ме ’нæниз-
дзинад — дурæй фидардæр!»
* * *
Арвы роны сæрты чызг куы агæпп кæна, уæд лæппу фест-
дзæн, лæппу та — чызг.
* * *
Хæфс цæугæдоны, суадоны цур куы амарай, уæд, дам, æруар-
дзæн.
* * *
Гæккуыри куы амарай, уæд, дам, дын мæрдты бæсты дæ мады
дзидзитæ дæйдзæн.
Уалдзæг фыццаг уæрыкк хъазгæ куы фенай, уæд дыл афæдз
сабырæй ацæудзæн, сæныкк куы фенай, уæд та — æвзыгъдæй.
* * *
Ног хæдзармæ галиу къахæй бахизын не ’мбæлы. Рахиз рахи-
зæрдæм хъуыддæгтæ гæнæг у.
* * *
Хуыцауæхсæвы фынтæ æмбисбонмæ рацæуынц. Куы нæ ра-
цæуой, уæд сæ нысаниуæг фесæфы.
* * *
Фыдфынтæ куы фенай, афтæмæй куы райхъал уай, уæд ма
æрзил, афтæмæй æртæ хатты иуварсмæ атутæ кæн, æмæ дæ фын-
тæй ницы рацæудзæн.
181
* * *
Халоны уаст фыдбылыз хæссы.
* * *
Куыдзы ниуд хæдзарæн фыдохы нысан у.
* * *
Сывæллон йæ мадæй — цæстдзыд.
* * *
Фырдис мацæуыл бакæн, фырдис бæркадсаф у, æбæрæг цæлх-
дуртæ æвæры.
* * *
Хæфс куы амарай, уæд, дам, уæ хъуг æхсыр нал æркæндзæн.
* * *
«Уалдзыгои райсом уасæгойы уасын фыццаг хатт æххорма-
гæй куы фехъусай, уæд уыцы азы кæронмæ дæ къахыфындзтæ
дуртыл цæвдзынæ», — дзырдтой-иу мадæлтæ сывæллæттæн.
* * *
Уалдзæджы удыгас калм куы фенай, уæд афæдзы кæронмæ
уæнгрог уыдзынæ, мард калм куы фенай, уæд та — уæнгмард.
* * *
Уалдзæджы-иу арвы нæрын фыццаг хатт чи фехъуыста, уый
ма-иу, згъæр дзаума дæндæгтыл асæрфгæ, афтæ дæр загъта: «Ме
’нæниздзинад уыйау сфидар уæд». Фæндаггонмæ куы ницы ра-
зына, уæд къаннæг дурæй йæ ных бахойгæйæ фæзæгъы: «Мæ
сæр — дурæй хъæбæрдæр».
* * *
Хистæр æнгуылдзæн фæскъæбут, цонджы хъулы цы къаннæг
дзыхъ ис, уым дон æнæ акæлгæйæ авд æфцæджы сæрты ахæсс,
æмæ кæй мысай, уый мæрдты бæстæй æрцæудзæн.
* * *
Адæймаджы къæбут цас дзыхъдæр уа, уыйас, дам, чъынды-
дæр вæййы.
* * *
Фæздæг зивæггæнагмæ фæцæуы.
182
Ногбон æхсæв дæ дзаума искæмæ куы баззайа, уæд дзы куы-
рысы фæцæудзысты.
* * *
Зады кæнæ цæххы хæс чи нæ бафиды, уый мардыл, дам, сы-
стытæ дзугтæй фæхилынц. Ахæм марды сæрты хуымæллæджы
пакъуытæ афу кæн, æмæ хилджытæ айсæфдзысты.
* * *
Къæрных йæ хуыснæгдзинадыл куынæ фæсæтты, уæд бирæгьы
нуар ссудзынц æмæ йæ уый сæрты ахизын кæнынц. Кæд æцæг
давæг уа, уæд, дам, йæ къухтæ бампылынц.
* * *
Æхсæв дæ фос æдде куы баззайа, уæд фæрæты ком худы
хуылфы æнгом бабæтт æмæ, хайуаныл бирæгъ куы амбæла, уæд
фæдургом уыдзæн.
* * *
Зæххы æнкъуысты фæстæ хæдзары къæсæры дæргъ абар æмæ
кæд æртæ æнгуылдзы бæрц фæцыбырдæр уа, уæд, дам, хор-
джын аз уыдзæн, кæд уыйбæрц фæйнæрдæм ацæуа, уæд та, дам,
æвзæр аз уыдзæн.
* * *
Зынг хурныгуылды ничи лæвæрдта. Уæд, дам, къона уазал кæны.
* * *
Лæппу кæрдзыны сыгъд къæбæртæ куы хæра, уæд къулты
цæуынмæ уæндаг кæны.
* * *
Рагон адæмæн, ома, нæ фыдæлтæн, се стырдæр хæзнатæй иу
уыдис къуымбил. Уымæй кодтой алы дзаумæттæ, нымæттæ, хуыс-
сæнгæрзтæ æмæ æндæртæ. Æвæццæгæн-иу уымæн дзырдтой,
къуымбил давын нæ фæтчы, чи йæ адава, уымæн æй мæрдты йæ
фындзыхуынчъытæй ласдзысты, зæгъгæ.
Ноджы-иу йæ цæсгомыл кæнæ йæ буарыл стъæлф кæмæн уыд,
уымæй-иу загътой: «Сывæллоны мад гуыбынджынæй къуымбил
адавта».
* * *
Сырх хъулон кæй буарыл уыди, уымæй та-иу дзырдтой: «Сы-
вæллоны мад æнхъæлцауæй дзидза адавта».
183
* * *
Нæ фæтчыдис уæлартæй хæрын, уæд адæймаджы буар хæл-
маг кæны.
# * *
Арв цалынмæ нæ ныннæра, уæдмæ æртæ хатты пысыратæ ба-
хæр дæхæдæг дæр, дæ сывæллæттæн дæр дзы бахæрын кæн.
Арвы нæрын фыццаг хатт куы фехъусай, уæд донмæ атæх æмæ
дæхи ахс, афæдзы дæргъы уæнгрог куыд уон, зæгъгæ, скув, стæй
дæ къуту ныххой, афæдзæй-афæдзмæ йедзаг куыд уа, зæгъгæ.
Фыццаг хагг æхсæвиуат цы хæдзары кæнай, уым скув, мæ амонд
чи у, уый мæ фыны куыд фенон, зæгъгæ, æмæ йæ фендзынæ.
Афтæ дæр иу загътой, йæ сæр æмæхгæд кæмæн у, ахæм хъуы-
дыды нартхор куы бахæрай, уæд дæ амонд чи у, уый дæ фыны
фендзынæ.
Уалдзæджы хæфс фыццаг хатт доны куы фенай, уæд дæм
афæдзы дæргъы урсаг уыдзæн. Сурыл æй куы фенай, уæд та
хæдзар урсагхъуаг уыдзæн.
# * *
Тæригъæдыл нымад уыд дзул, кæрдзын зæхмæ æппарын.
# * *
Сывæллæттæ-иу дзуарæй рынчын куы кодтой, уæд-иу хæдза-
ры дзидза, айк нæ фыхтой. Уый нæ, фæлæ-иу сæ кой кæнын
дæр нæ уагътой. Æвæццæгæн, рынчын дзы куы бацагура, уымæй
тæрсгæйæ. Медицинæйы цæстæнгасæй акæсгæйæ уый дæр раст
уыд, рынчын æдде куыд фаст вæййы, йæ хуылфыдзаумæттæ
дæр, дам, афтæ фаст вæййынц, æмæ йын зынкусæн хæринæгтæ
нæ лæвæрдтой.
# * *
Искæмæ исты куы бахæрай, уæд æй æнæмæнг хæдзары зæгъын
хъуыдис.
# # #
Кувинæгтæ кæнгæйæ-иу дзурын нæ фæтчыд. Афтæ дзуары
бынмæ цæугæйæ дæр — бирæ ныхас кæнын.
184
* * *
Зæрватыкк куы æртæха æмæ йын фыццаг хатт йæ рагъ куы
фенай, уæд дзаумайæ арæзт уыдзынæ, йæ гуыбын ын куы фенай
раздæр, уæд та, дæм, хæринаг фылдæр уыдзæн. Афтæ-иу дзыр-
дтой дзывылдарæй дæр.
* * *
Дзидзидай сывæллоны мадæн даргъ ныхтæ хъуамæ ма уыдаид.
* * *
Нæ фæтчыдис сылгоймагæн йæ цæгатæй мæргътæ хæссын дæр.
Æртæ суарийы дæтгæ уыд, æлхæнгæ йæ кæнын, зæгъгæ.
* * *
Дард балцы куы цæуай, уæд дыл, дæ къæсæрæй рахизгæйæ,
фыццаджыдæр дæ мад хъуамæ сæмбæла. Уæд, дам, фæфæнда-
раст уыдзынæ.
* * *
Чызгæрвысты кусарты риуы къæркъуыр царыл кæнæ къулыл
куы ныццæвай æмæ хорз куы баныхæса, уæд, дам, хæдзары си-
ахс хорз вæййы.
* * *
Дзидзидай сывæллон фынæйæ худгæ куы фæкæны, уæд æй
зæдтæ фæрæвдауынц, кæугæ куы фæкæны, уæд та йын йæ мады
хæйрæджытæ фæцæйхæссынц.
* * *
Куыдз йæ мæлæт куы базоны, уæд хæдзарæй алидзы.
* * *
Гæдыйæн, дам, авд уды ис.
* * *
Дзыкка сойы куынæ сæвдылы, уæд, дам, хъугæн чидæр хинтæ
скæны.
* * *
Сылгоймаджы цур йæ хицауы, йæ лæджы мыггаджы хистæр-
ты кой куы скæнай, уæд хъуамæ уæлæмæ феста.
* * *
Зæрватыкк чи æрцахсы, уый къухыл бызычъитæ æрзайы.
185
* * *
Доны æрвдзæф дур куы ныппарай, уæд æруардзæн.
* * *
Хæдзар амайын куы райдайай, уæд ын йæ бындуры æртæ су-
арийы æвзист æхца æвæрын хъæуы, цæмæй хæдзар амондджын
æмæ бæркадджын уа.
* * *
Ног дарæсы фыццаг хатт мардмæ куы ацæуай, уæд дын æнæ-
низы дарæс уыдзæн, бирæ дын фæлæудзæн.
* * *
Мард ныгæнæн бон къæвда куы уара, уæд, дам, марды мидæг-
гаг дзаумæттæй æдде исты байтау, æмæ нал уардзæн.
* * *
Арв куы нæра, уæд дзурæн нæй: æрцæвдзæн дæ.
* * *
Адæймаг йæ зæрдæйæ кæм ахауы, уым ын йæ алыварс кардæй
зиллакк æрхахх кæнын фæхъæуы, кæннод та дыккаг хатт дæр
бавзæр уыдзæн.
Лæппу цы лæгæн райгуыры, уымæн йæ хъустæ фæивазынц,
цæмæй ма йын ноджыдæр лæппу райгуыра.
Ног мæйы бинаг тигъыл бедра æрцауындзæн куы уа, уæд мæйы
дæргъы дзæбæх рæстæг уыдзæн.
Аг ма стæр — дæ был ныззылын уыдзæн.
Дæ хъус ныззарыд (ныззæлланг кодта) — цыдæр хабар хъус-
дзынæ.
I * * *
Арты зынг хъен куы лæууа, уæд дæм уазæг цæудзæн.
186
* * *
Изæр цъымарайы хæфсытæ куы уасой, уæд райсом уаргæ
кæндзæн.
* * *
Кард дæ къухæй куы ’рхауа, уæд дæм нæлгоймаг уазæг зын-
дзæн, уидыг куы ’рхауа, уæд та — сылгоймаг.
Æхсæвыгон буары ныхст сындз бынмæ цæуы, æвналæн æм нæй.
* * *
Худ стъолыл æвæрын нæ фæтчы — дæ сæр рисдзæн.
* * *
Худ сынтæгыл æвæрын нæ фæтчы — сынтæгыл марды дзау-
мæттæ февæрынц.
* * *
Изæры фæрæт фæсдуар куы сæвæрай, уæд дæ уый фыдбы-
лызæй хъахъхъæны.
* * *
Сывæллæттæ кæм уа, уыцы хæдзармæ цæссыгæйдзаг цæсго-
мимæ цæуын нæ фæтчы.
* * *
Дæ дзабыр дæлгоммæ куы уадзай, уæд, дам, дæлгоммæ мард
кæндзынæ.
* * *
Йæхи чи амары, уый, дам, мæрдты бæстæм нæ бацæуы, йæ уд
ын хæйрæджытæ ахæссынц, æмæ уыдонимæ фæцæры. Йæ мард
ын-иу уæлмæрды дæр уымæн нæ ныгæдтой.
* * *
Бирæгъ, дам, дзагъырдзаст кæй у, йæ цæстытæ кæй нæ ныкъу-
лы, уымæ гæсгæ цуан кæны хæйрæджытыл — ахсы æмæ сæ хæры.
* * *
Мæймæ, дам, къухдарæны куы кæсай, уæд, дам, дзы иуахæ-
мы дæ фидæны амонд разындзæн.
187
* * *
Авдæн афтидæй узын нæ фæтчы, дæлимон, дам, дзы йæ лæп-
пыны абæтты, æмæ дзы уый фæстæ цы сывæллон бабæттай,
уымæн лæппын тых кæны, æнцой йын нæ дæтты, æмæ саби рын-
чынтæ кæны.
* * *
Де стур кæнæ фыс хизæнæй æхсæв хæдзармæ не ’рцыд, уæд де
стъолы къахыл кард бабæтт, цæмæй йæ бирæгътæ ма бахæрой.
* * *
Цуанон лæгæн-иу цуаны цæуыны размæ æхсæв йæ усимæ иу
уаты хуыссын нæ фæтчыди,йæ хæйрæджы хай, дам, æй фæнда-
гыл къуылымпы кæндзæн.
* * *
Хæдоны чи райгуыры, уый, дам, æй хъуамæ, цалынмæ цæра,
уæдмæ хæсса йемæ (хусгондæй): амонды хос ын у, фыдбылы-
зæй йæ хъахъхъæны.
* * *
Цыкурайы фæрдыг, дам, цы бинонтæм уа, уыдоныл ауды, сæ
амонд сын фылдæр кæны.
* * *
Гæды йæхи йæ рахиз къахæй æхсы — райсом хурбон скæн-
дзæн, галиуæй — уардзæн.
* * *
Тутырты конд хъæдæрмæгæй арæзтой æфсондзтæ, тæбынгтæ,
стивдзтæ, рæтæнгтæ. Фидардæр, дам, сты. Уый тыххæй-иу хæ-
дзары нæлгоймæгтæ райсом раджы сыстадысты æмæ хъæдмæ
сæрмагондæй цыдысты хъæдæрмæг кæнынмæ.
* * *
Мады æлгъыст хъæбулыл нæ цæуы: куы йæ фелгъиты, уæд,
дам, йæ дзидзитæ та, тобæ, æлло, фæзæгъынц.
* * *
Чындз кьæсæрыл арæх куы бада, уæд, дам, ын чызджытæ гуыры.
I * * *
Дæ хъустæ судзынц — чидæр дæ фыдгой кæны.
188
* * *
Сывæллон æргуыбыр кæнгæйæ йæ сагæхтæй фæстæмæ куы
кæса, уæд рæзгæ кæны.
* * *
Саст кæсæн, дам, амонд къахыр кæны. Химæ кæсын дзы нæ
фæтчы.
* * *
Хæдзары саст къус, тæбæгъ, цайцымæнæй пайда кæнын нæ
фæтчы.
* * *
Хуыцауы фыдæхæй, дам, марды фыдæх карздæр у.
* * *
Хæлуарæг дæ дзаумайыл сбырыд — искæмæй фыстæг исдзынæ.
* * *
Дæ буарæй дын сындз, хъæды схъис куы ласой, уæд дурмæ
кæс, æмæ дæ рис къаддæр уыдзæн.
* * *
Уонмæ кардæй куы бавналай, кæнæ йæ къухæй-къухмæ куы
адæттай, уæд раст нал фæамоны.
* * *
Кард фынгыл куы зилай, уæд хылмæ сайы.
* * *
Лæппуйы æрфгуытæ кæрæдзимæ ’ввахс куы уой, уæд, дам,
ус æввахс ранæй хæсдзæн, чызгæн куы уой æввахс, уæд уый та
чындзы æввахс ранмæ цæудзæн.
* * *
Дыууæ æрыгон адæймаджы æнæнхъæлæджы сæ сæртæ кæ-
рæдзиуыл куы бацæвой, уæд хъуамæ æртæ хатты атутæ кæной,
кæннод, дам, дзы искæй мад амæлдзæн.
* * *
Арты æртхутæг къæрныхы сæрыл бады.
* * *
Кусартгæнæг цалынмæ кусарты сæр ракæна, зынг ыл сдара,
уæдмæ йын дзурæн нæй — нæ фæтчы.
189
Нывондаг табуйаг у, — давæг дæр æй нæ давта.
* * *
Мыдадз бынтон лæвар ничи дæтты, уæд, дам, йæ цырæгъты
рухс дзуармæ нæ хæццæ кæны.
* * *
Дæ сæр куы алвынай, уæд сæрыхъуынтæ æддæмæ калæн нæй.
Хъуамæ сæ искуы бафснайай.
* * *
Æхсæвыгон ног дарæсæн арфæ кæнын нæ фæтчы, зыгъуыммæ
арфæ, дам, вæййы.
* * *
Уæлæкондæй дзаума æмпъузын, хуыйын нæ фæтчы, уæд, дам,
йæ хицау царды къуылымпытæ фæкæны.
* * *
Дæ къæбæр дæ къухæй æрхауд — æвæндонæй дын æй раттой.
* * *
Хуындзау йæ хаст хуынæй куы бахæра, уæд ын йæ уæлæда-
рæс мыстытæ хæрынц.
* * *
Фынджы фарсмæ стъолы тигъмæ чызг, кæнæ лæппу арæх куы
бадой, уæд, дам, авд азмæ чызг мой не скæндзæн, лæппу ус нæ
ракурдзæн.
* * *
Дæ къах скъуырдтай, — дæ уарзоны уындзынæ.
* * *
Зæрæхсиды фæстæ хурбон кæны, сæуæхсид йемæ къæвда хæссы.
* * *
Æмбæхст хæзнатæн, сыгъзæринæн, дам, маргджын калм схи-
цау вæййы.
* * *
Цал бызычъийы дыл ис, сау æндахыл уал æлхынцъы бакæн
æмæ йæ афтæмæй баныгæн. Æндах, дам, куы бамбийа, уæд бы-
зычъитæ дæр ахаудзысты.
190
* * *
Дæ бызычъитæ цæмæй ахауой, уый тыххæй дæ сæрты аппар,
цал бызычъийы дыл ис, уал тыччыйы — чысыл дуры.
* * *
Нæлгоймаджы сæры астæу, дам, цал зиллаччы вæййы, уал
усы ракуры.
* * *
Цы фыдбылызæй тæрсай, уый кой, дам, арæх куы кæнай,
куы йыл хъуыды кæнай, уæд, дам, дыл æрцæудзæн.
* * *
Нывонд кусарты фыдæй цалынмæ скувой, уæдмæ йын йæ ту-
джы пырхæнтæ куыйтæ æмæ гæдытæй æмбæхсын хъæуы, йæ
фынчытæ та артмæ калгæ сты.
* * *
Хъæддаг маргъы ахстонмæ, йæ æйчытæм æвналын сабиты нæ
уагътой, тæрсын-иу сæ кодтой: дæ къухтыл, дам, бызычъитæ
разайдзæн, схæлмаг дын уыдзысты.
* * *
Хуыцаубоны бакуыстæн, дам, йæ бæркад хæйрæджыты вæййы.
Гъе уымæ гæсгæ хуыцаубон уыд æнцойбон.
* * *
Фæйнагфарс лæппу, дам, куы райгуыры æмæ куы бахъомыл
вæййы, уæд ын тыхгæнæг тых нæ фæары. Хъомыл та цæмæй суа,
уый тыххæй хъуамæ мад æмæ фыдæй æндæр мачи базона, фæй-
нæгфарс у, уый. Æцæгæлон, дам, æй куы базоны, уæд амæлы.
* * *
Арс кæнæ бирæгъы дæндаг, дам, авдæны сывæллоны хъахъ-
хъæны хæйрæджытæй, æбæрæг æвзæр тыхæй. Уымæ гæсгæ дæн-
даг ауыгътой авдæны хъæдыл.
* * *
Бирæгъы дæндаг кæй дзыппы уыд, уый æдас уыд хæйрæджытæй.
* * *
Бирæгъы нуар кæмæ уыд, уыцы адæймаг фидар уыд ныфсæй,
хъаруйæ. Хуымæтæджы нæ баззад ахæм ныхас: «Ууыл ничи
фæтых уыдзæн, бирæгъы нуар æм ис!»
191
* * *
Адæймаг-иу куы сæрра, куы «фæхæйрæджджын», уæд æй
Хуссар Ирыстоны кодтой Джеры дзуары бынмæ. Ам-иу æй сбæ-
стытæ кодтой æмæ-иу æй сæрзилæн къардиуæй бынмæ ауагътой,
тæрсæн ныхæстæ йын кодтой, дæ хæйрæджыты нæмттæ зæгъ,
кæннод дæ феуæгъд кæндзыстæм æмæ къæйтыл ныппырх уы-
дзынæ, зæгъгæ. Рынчын-иу старст æмæ-иу цыдæр нæмттæ раны-
мадта. Уыимæ æрдиаггæнгæ, хæйрæджытæ, дам, мын сæ нæмттæ
дзурын нæ уадзынц, бынæй мæ уæлæмæ рæхойынц, уадз æмæ
дæ феуæгъд кæной, ницы дын уыдзæн, зæгъгæ.
Хæйрæджыты нæмтгæ-иу гæххæтгыл ныффыстой. Стæй-иу рын-
чыны уæлæмæ сластой æмæ йын-иу уыцы номхьпъд йæ цуры ба-
сыгътой. Зæгьынц, судзын, дам, сæ-иу нæ уагьта, хъæр-æрдиаг код-
та, фæлæ-иу номхыгъд сыгъд куы фæци, уæд æрсабыр, æрдзæбæх.
* * *
«Хæйрæджджынты» Цæгат Ирыстоны æмæ Джермæ дæрддзæф
ран цæрæг ирæттæ та дзæбæх кодтой бирæгъы нуарæй. Рынчы-
ны раз-иу бирæгъы нуар ссыгътой, æмæ, дам-иу ын уыцы тæф
йæ хæйрæджыты фæсырдта.
* * *
Хæйрæг, дам, бирæгъ æмæ хæрæгæн нæ быхсы. Бирæгъ æй
дзагъырдзастæй ахсы æмæ хæры. Гъе, фæлæ йын хæрæг цы код-
та, уый зын зæгъæн у. Хæйрæджыты сайд, ома хæйрæджджын-
иу чи сси, уый хæрæгæн йæхицæй нæ, фæлæ йæ ифтындзæн
дзаумæттæй дæр тарст.
Æхсæв, дам, чиныг гомæй куы баззайы, уæд дзы хæйрæджы-
тæ фæкæсынц.
* * *
Уазæгуаты дæ худ уæллозæй æрæппар, æмæ кæд тыппырæй
аззайа, уæд дæ фысымты хæндыг цыхтæй у йедзаг, кæд худ
тæбæккæй аззайа, уæд та — афтид.
* * *
Искæй фæсхæрд баййæфтай, зæгъгæ, уæд дын æнæмæнг зæгъ-
дзысты: «Дæ мад дæ фæсхæрд ныййардта».
* * *
Чи фæфæндараст вæййы, уымæй фæзæгъынц: «Рувас ыл ам-
бæлд».
* * *
Къусты хъæлæба бинонты хъæлæбамæ сайы.
192
* * *
Дæ къахыбынтæ дæ хæрынц — фистæгæй дард ранмæ цæудзынæ.
* * *
Искæйтимæ загъд-замана кæныс, уæд дæ æнæмæнг бафæрс-
дзысты: «Райсомæй хуыссæнæй дæ галиу къахæй рахызтæ?»
* * *
Дæ цæстытæ дæ хæрынц, уый цæссыгмæ цæуы.
* * *
Дæ хъустæ дæ хæрынц — къæвдамæ ’нхъæлмæ кæс.
* * *
Дæ фындзы рагъ дæ хæры — уазæг уæм цæудзæн.
* * *
Дæ бæлццон цæмæй фæфæндараст уа, уый тыххæй йын йæ
фæстæ къæртайы, бедрайы дон акал.
* * *
Хиуа дæм рахизырдыгæй куы бауаса, уæд дæ хъуыддаг
рæстмæ уыдзæн.
* * *
Мæйноджы къæвдагæнаг у.
* * *
Мадджын-фыдджыны арфæ цæуаг у.
* * *
Æнафоны уазæг фыдбылыз хæссы.
* * *
Æнхъæлцау сылгоймагæн йæ зæрдæ цы хæринаг бацагура, уый
йын куы нæ самал кæнай, уæд дын дæ уæлæдарæс мыстытæ
бахæрдзысты.
* * *
Сывæллон йæ сæтæй «бæндæнтæ» куы уадза, уæд ын сæ хæс-
гардæй фæлыг кæн, — уæд, дам, йæ сæт нал фæкæлы.
13 Цгьопты Хазби 193
Æртæ чъирийы куы скувынц, уæд сæ ма æрзил, афтæмæй сæ
алыг кæн. Уыдон Хур, Зæхх æмæ Дон кæй амонынц, уымæ гæсгæ,
дам, сæ куы æрзилай, уæд дæ уыдон дæр «ныззилдзысты».
* •* *
Фаззæттæй иу куы амæлы, уæд ын йæ чырыны йæ фарсмæ
фæдфæливæнæн къæцæлын «адæймаг» сæвæрынц. Уæд, дам, уды-
гасæй дзы чи баззайы, уымæн тагъд амæлынæй тас нал вæййы —
йе ’мфаззон æй йæхимæ нæ акæндзæн.
Аса хуыйны фысы фæстаг къахы чысыл стæг, — лæппутæ
æмæ чызджытæ асайы стæг æвæрдтой сæ нывæрзæн, цæмæй сæ
уарзæтты фыны феной.
Карк уасæгау куы ныууаса, уæд, дам, уый хæдзарæн æвзæр у.
* * *
«Нал дæ базыдтон — хъæздыг кæндзынæ», — фæзæгъынц ирон
адæм, рагон зонгæйы куы нал базонынц, уæд.
* * *
Райсомæй фæздæг пецы тохынайы хæрдмæ раст цæуы — хур
бон скæндзæн, зæхмæ пиллæттæ уадзы — уардзæн.
* * *
Зымæг мит бирæ фæуарыд — афæдзы тыллæг хъæздыг уыдзæн.
* * *
Дæ къухы ныхыл урс тæпп фæзындис — ног дзаума æлхæн-
дзынæ.
* * *
Де ’гънæджытæ раст нæ бафтыдтай — хъæздыг кæндзынæ.
, * * *
Дæ буары рагон хъæдгæмттæ, риссаг бынæттæ дæ хъыгда-
рынц — боныхъæд æвзæрæрдæм ивдзæн.
194
* * *
Мæргътæ сæ зарын ныууагътой — уарынмæ æнхъæлмæ кæс.
* * *
Сæрдыгон асæст бон цæугæдоны, суадоны, къранты дон фæ-
хъармдæр — къæвда æрбацæуы.
* * *
Фæсуарын арвыл урс æврæгътæ фæзьгад — рауарынæй мауал
тæрс.
* * *
Уæлмæрды цыртытæм къухæй амонын нæ фæтчы, мæрдтæ,
дам, мæсты кæнынц.
* * *
Дзыкка кæнгæйæ, дзурын нæ фæтчы, — нæ равдылдзæн. Стæй
дзыккагæнæджы цурмæ цæуæн дæр нæй: дæ къах куынæ фæ-
бæзза, уæд дзыкка фæтæргай уыдзæн æмæ нал равдылдзæн.
* * *
Райсомы æртæх хур бонмæ цæуы.
* * *
Зæххыл хæрæмигъ ныллæг куы бада, уæд уарынæй тас нæу.
* * *
Адæймагыл, уæлдайдæр та сывæллоныл фу куы кæнай, уæд,
дам, мæллæг кæны.
* * *
Мардæн йæ цырт раив-баив кæнын нæ фæтчы.
* * *
Арв, дам, куы фæнæры, уæд Уацилла хæйрæджыты рæхысæй
фæцæвы.
* * *
Ноггуырд-иу кæмæн нæ цард, уæлдайдæр лæппу, уыдон-иу
сæ цотыл æвæрдтой: лæппутыл — куыдзимæ баст нæмттæ: Сау-
195
куыдз, Хъæвдын, Гæбыла, Куыдзыгус, Цæрæгуыхъо, Сауных
æмæ æндæртæ, чызджытыл та — Фæрдыг, Налхъуыди, Хъуы-
динæ, Чызнал, Малидза, Цæмæхъуыд, Хъæстинæ, цæмæй хæрам
тыхтæй хызт уыдаиккой. Уыдон, дам, сын ахæм нæмттимæ адæй-
маджы хъæбултæ æнхъæл нæ уыдысты.
* * *
Ноггуырд-иу арæх рынчынтæ куы кодта, уæд æй хастой, цæ-
стдзыд чи исы, ахæм усмæ — арфæтæгæнæгмæ, тутæгæнæгмæ.
Æнæзæгъинæгты, ома, хæйрæджыты фыдæхæй та йæ ирвæзын
кодтой, пирæны хуылфы йæ иуæрдыгæй иннæрдæм айсгæйæ.
* * *
Уыдис ахæм цаутæ дæр: ноггуырд лæппу-иу кæмæн нæ цард,
уый-иу йæ фæстаг ноггуырд фырты «уæй» кодта искæмæн. Йæ
фырты-иу кæмæн ауæй кодта, уымæй-иу фæтчыхъæдæн сывæл-
лоны сæрмæ райста æхца кæнæ æндæр исты. Афтæмæй-иу сы-
вæллон дæр йæхимæ баззад. Æцæг æй чи балхæдта, уый йæм
цыд бæрæггæнæг, куыд йæхи сывæллонмæ, афтæ. Уыцы хæс-
тæгдзинад нæ хæлд мæлæты бонмæ.
* * *
Зæгъынц, æхсæвыгон, дам-иу, барæджы размæ хæйрæг куы
февзæрд, уæд-иу æй фыццагдæр бæх бафиппайдта æмæ-иу размæ
акъахдзæф кæнын нал куымдта, фæоцани-иу ис. Ахæм уавæрæй
фервæзынæн уыдис иу мадзал: дæ хæдонæй æгънæг ратон, æмæ
хæйрæг фæтары уыдзæн.
* * *
Гом дуарыл дыууæрдыгæй банцой кæнгæйæ лæууын нæ фæт-
чы, — бинонты фæндаг æхгæныс.
* * *
Стъолыл бадын нæ фæтчы, — йæ фарн, йæ бæркад ын сафыс.
* * *
Судзин искæмæ æнæ фæдзæлæй дæттын нæ фæтчы.
ЦАРДÆЙ ИСТ ХЪУЫДЬПТЕ
Цард адæймаджы фæлвары æмæ фæлтæры алыхуызон
зындзинæдтыл. Æмæ йæм уыдоны сæрты хизгæйæ æрцæуы
хъуыдытæ, цардфæлтæрд лæджы хатдзæгтæ. Уыдонæй
сты ацы сæргонды бын мыхуыргоид æрмæджытæ дæр.
* * *
Гæртамисæджы куы афæрсай, куыдзæн йæ къæдзил кæд сраст
вæййы, зæгъгæ, уæд дын ахæм дзуапп ратдзæн: «Холлаг ын куы
ахæрын кæнай, уæд».
* * *
Тæтæйраг иу æхсæв фыны цымгæ федта, æмæ йæм уидыг нæ
уыд. Иннæ æхсæв æд уидыг бафынæй, фæлæ цымгæ нал федта.
* * *
Дзæргъ дæр хордта æмæ сæгъ дæр. Сæгъæн йæ гуыбын аскъуыд,
дзæргъ ма уæддæр хордта.
* * *
Бæлла, ды сугтæм ауай! Тахо, ды та — хос ласынмæ! Æз та
дæлæ куывдмæ ныхъхъуыдты уыдзынæн.
* * *
Арахъ, дам, лæгæн афтæ: «Кæд иу баназай, уæд ды зоныс,
кæд дыууæ баназай, уæд та — æз».
* * *
— Бæрцæй-иу нуаз, нана дæ фæхъхау фæуа, бæрцæй, æмæ
дын нозт тых ма кæна.
— Бæрцæй дзы куы банызтон, нана, æцæг расыг уæд фæдæн.
197
* * *
Саг зайгæ-зайын сомытæ бакæны, æз ма цæумæ æввахс куы
бацæуон, фæлæ та йæ афон куы æрцæуы, уæд фæзæгъы: «Мæ
сомытæ — мæ къæдзилы бын!»
* * *
Раджы къуда рувасыл худтысты сырдтæ. Уæд сæм уый фæ-
зылди æмæ сын афтæ зæгъы: «Ау, æмæ йæ каистимæ цы лæг
цæры, уымæй худинагдæр дæн?»
* * *
Авд цæды къамбецтæ иуæрдæм ахæцыдысты, иу ус — иннæр-
дæм, æмæ, дам, сæ ус аласта.
* * *
Æфсондз, дам, галæн афтæ загъта: «Нал фæразын дæ рацу-
бацуйæ». Гал та, дам, ын афтæ: «Æз та дæу рахæсс-бахæссæй
нал фæразын».
* * *
Иу лæджы, дам, бафарстæуыд, дæ хуым цæуыл ратдзынæ,
зæгъгæ, æмæ, дам, уый афтæ: «Уалдзæг — æфсæныл, фæззæг —
цæвæгыл».
* * *
Номдзыд Абаци, дам, куы фæрасыг , уæд фæдзæхста йæ кæс-
тæртæн: «Расыг худинаг цы бæсты нæу, уырдæм мæ фæхæссут.
Ирон хъæумæ мæ ма бахæссут: худинаджы зарæг мыл скæндзы-
сты».
* * *
Хохаг быдырмæ рацыд. Фæсвæд ран цырыхъытæ ссардта æмæ
бацин кодта:
— Адон мын дзабыртæ дæр куы сты æмæ зæнгæйттæ дæр.
Æмæ цырыхъыты хъустæ ныллыг кодта.
* * *
Рагон лæг тъæнджы мæйы хуры цæст федта æмæ йæ кæрц
ауæй кодта.
* * *
Æвзæрæн фондзыссæдз къахы ис: иуæй дыл куы нæ ныл-
лæууа, уæддæр дыл иннæмæй ныллæудзæн.
198
* * *
— Зыгуымдон! Дæ дуар бакæн, æмæ дæм зыгуымтæ бакалон, —
загъта дымгæ.
— Мæхи зыгуымтæ мын куы уадзис, — дзуапп радта зыгуымдон.
* * *
Хæйрæджы фарстой: «Чи дæ фæнадта?»
Уый сын загъта: «Мæхи-мæхæдæг».
* * *
«Куыд уыдзынæн, цы уыдзынæн?» фæндагыл баззад. «Цы
фæдæн, уый фæдæн» бынатмæ фæхæццæ.
* * *
Хъæхъхъаг куыдзæн рæхыс хъæуы, фыдуаг лæгæн — ахæстон.
* * *
Халон бон-изæрмæ фæуасыд, стæй йæм изæры фæсмон æрцыд,
æмæ афтæ зæгъы:
— Ныр цымæ æнæхъæн бон цæуыл уасын?
Фæлæ та дыккаг бон дæр уасын райдыдта.
* * *
Сæныкк æмæ далыс доны был хызтысты. Далыс донæн ин-
нæрдæм агæпп кодта, æмæ сæныкк бахудт.
— Цæуыл худыс? — фæрсы йæ далыс.
— Дæ сыдз фегом.
— Æмæ дæуæн алы бон дæр гом куы у.
* * *
Кæмæндæр йæ бæх адавдæуыд æмæ, дам, афтæ:
— Амæттаг сын фод, уæддæр ыл иу цæфхад йеддæмæ нæ уыд.
* * *
Хæлынбыттыр куы мæргъты сайы, куы та — мыстыты.
* * *
Сау фыс загъта:
— Нырма не сурс дæн, нырма уæрыкк дæн.
Афтæмæй йæ дзыхы дæндаг дæр нал уыд.
* * *
Сæгъ æмæ, дам, бирæгъ дон нозтой. Бирæгъ — уæле, сæгъ —
дæлдæр. Æмæ, дам, ын бирæгъ афтæ:
— Мæ дон мын ма змæнт.
199
* * *
Бурдым бон-изæрмæ хуымон галы сыкъаты астæу фæбадт æмæ
изæры фæлладхуызæй афтæ:
— Оф, оф! Абондæргъы хуым кæнæм.
* * *
Иу лæг цæугæдоны ныххаудта æмæ хъæр кæны:
— Гъе, Уастырджи, баххуыс мын кæн!
Уæд æм Уастырджи дзуры:
— Дæхæдæг дæр-иу чысыл базмæл, дæхæдæг!
* * *
Мыст, дам, хуынчъы нæ цыд æмæ картоф йемæ ласта.
* * *
Æхсинæн фæныкгуызы уавæртæ сарæзтой, домгæ та дзы æхси-
ны митæ кодтой.
* * *
Уасæг ныууасыд, — сбон кæнын уый хъуыддаг нал у.
* * *
Æмбисæхсæвмæ лæг фæлæгъстæ кодта, бонмæ та — ус.
* * *
Кæй ницы уырны, уый сырд у, сырд та æмдзæринæн нæ бæззы.
* * *
Иу лæгæн йæ чъиримæ гæды бавнæлдта, æмæ йæ физонæгæй
цавта.
* * *
Тулаг дурæй къæрттæй фылдæр цы хауы?
* * *
Кæркдоны уасæг уасгæ куы нал фæкæны, уæд кæрчытæ рай-
дайынц уасын.
* * *
Сæрак дзабырау æй кæйфæнды къахыл дæр скæн, æмæ йæ
хуыз райсы.
200
* * *
Бадилатæ, дам, куывд кодтой æмæ се ’ххуырсты хонæг арвы-
стой. Æххуырсты нæ фæндыд, бирæ адæм æрбацæуа, уый. Цæ-
мæй куывды фынгæй æххуырстытæн фылдæр баззайа, уый тых-
хæй адæмы куыдфæндыйы хуынд фæкодта.
Хуынд адæм не ’рцыдысты, æмæ куывд иууылдæр æххуыр-
стытæн баззад.
* * *
Халонæн, дам, йæ лæппын амард, æмæ йæ уыгмæ баппæрста.
Уæд æй уыг фæрсы:
— Мæнмæ йæ цæмæн æрбаппæрстай?
— Дæуæн дæ сæр стырдæр у, æмæ йыл ды ку!
* * *
Усджын лæг фæцæры куыдзы цардæй, фæлæ амæлы лæджы
мардæй. Æнæус фæцæры лæджы цардæй, фæлæ амæлы куыдзы
мардæй.
* * *
Зылын æдзухдæр рæстдзинадыл дзуры, рæстаг та йæ рæст-
дзинад хъуыддæгтæй æвдисы.
* * *
Чи уарзы, уый уарэынц.
* * *
Иу цъиу, дам, авд æвзаджы зыдта, фæлæ йæ цъиусур куы
æрсырдта, уæд дзы йæхи æвзаг дæр ферох.
* * *
Халои, дам, фаджыс хордта æмæ дзы йæ базыртæн счъизийæ
тарст.
* * *
Хъæды бæлæстæ сусу-бусу кодтой, не сæфт, дам, æрцæудзæн
фæрæтæй, æмæ йын исты хос скæнæм.
Уæд сын сусхъæд афтæ:
— Йæ хъæд нæхицæй куынæ уаид, уæд нын, бæргæ, ницы кæнид.
Хъæбатыр хæсты уæлахиз кæны, зондджын хæст нæ райдайы.
* * *
Калмы, дам, дыдын фæрæхуыста, æмæ фырадæргæй йæ сæр
уæрдоны цалхы бын фæцавта.
201
Лæппу чи схъомыл кæны, уый лæг хъомыл кæны, чызг чи
хъомыл кæны, уый та — адæмы фидæн.
* * *
Адæймагæн йæхицæн цы нæ бантысы, уый фæдзæхсы иннæтæн.
* * *
Мæхъæлон, дам, мæймæ смæсты æмæ йæ топпæй æхста, тавгæ
дæр нæ кæныс æмæ давын дæр нæ уадзыс, зæгъгæ.
* * *
Кæмæндæр, дам, йæ хæдзар сыгъд, æмæ дон та сыхаджы хосы
мæкъуылыл калдта.
* * *
Къæрных, дам, йæхæдæг разæй згъордта æмæ «Хæцут ыл!
Хæцут ыл!» — хъæр кодта.
* * *
Галæн фыргуыстæй йæ бон нал уыд, йæ хицауы ныууагъта,
фæлæ, кæдæм фæлыгъд, уым дæр æфсондзы раз схуыссыд.
* * *
Цот кæмæн нæ уыд, уый дæр куыдта, æмæ цот кæмæн уыд,
уый дæр. Æцæг, цот кæмæн уыд, уый дыууæ хæкъуырццы фыл-
дæр кодта.
* * *
Фынджы бæркадæн стæг дæр хорз у.
* * *
Иу — æлгъыст, дыууæ — фæлдыст, æртæ — æнтыст.
* * *
Хуыскъæл æнæ мæкæрæз нæ зайы.
, * * *
Хорз сиахс кæмæн ис, уый фырт ссардта, æвзæр сиахсы хи-
цау та йæ чызгæй дæр æнæхай фæци.
202
* * *
Хъæдындз, дам, арахъæн афтæ: «Ды сæрмæ дæ тых сараз,
къæхтæ мæ бар уадз».
* * *
Хорз лæг йæ адæмæн йæ ныгæнæн бон дæр кад скæны.
* * *
Уый куыд раст у, афтæ Абæ дæр йæ цæххы пут куы ссарид.
(Абæ хохæй Алагирмæ æрцыд, цæххы пут балхæдта. Фæстæмæ
цæугæйæ йæ комы Æрыдоны доны сæрты бахизын хъуыд, фæлæ
цæугæдон уæдмæ раивылд æмæ хид аласта. Абæ доны фистæгæй
балæгæрста. Донимæ хъуырдухæны йæ цæххы дзæкъул бæргæ
не суагъта, фæлæ былмæ куы рахызт, уæд афтид разынд, цæхх
доны атад).
* * *
Хорз лæджы фырт адæмæй хæс дары.
* * *
Йæ зæрдæйы хъыдзыйæ йæ ахсæны хъыдзы фæтынгдæр.
* * *
Кæмæндæр, дам, йæ куырой ривæдæй фæзылд æмæ ма, дам,
йæ сасир дæр фехста.
* * *
Кæсаг, дам, афтæ загъта:
— Мæ дзыхы дон бакæлынæй куынæ тæрсин, уæд булæмæр-
гъæй рæсугъддæр зарин.
* * *
Уæрдон, дам, куы афæлдæхы, фæндаг уæд аразынц.
* * *
Мæсыг хылычъытыл раст лæууы.
* * *
Мæрдты гудайæ хъазæн нæй, уæлæуыл цы фенай, уый — дæхи.
203
* * *
Адæм (наци) йе ’взæр йæхи куынал фæхоны, уæд йæ хорзы
дæр нал фæзоны.
* * *
Чидæр, дам, къуымбилдзуан фæцыд, æмæ йын йæхи дæр сæл-
выдтой.
* * *
Лæгъз ныхас дуры гуыбынмæ дæр хъары.
* * *
Цæугæдоны иу фарс куы цæрай æмæ йын иннæ был дæр дæхи
куы нæ хонай, уæд, кæм цæрыс, уырдыгæй дæр сырды фæуы-
дзынæ.
* * *
Чындз, æнгуырстуан кæцы æнгуылдзыл бакæнын хъуыд, ууыл
нæ бакодта, æмæ йын æфсин афтæ:
— Æнгуырстуан уыцы æнгуылдзыл нæ фæкæнынц.
— Зонын æй, фæлæ цыма дæ къухыл хуыздæр сфидаудзæн, —
фæцырд чындз.
* * *
Бирæгъ, дам, афтæ загъта:
— Куыдзæн йæ рæйынæй куы нæ фæлмæцин, уæд мын ницы
ракæнид.
* * *
Хæрæг, дам, афтæ:
— Мæ сæфтджытæн асæттынæй куы нæ тæрсин, уæд дыууæ
бæхы уаргъ дæр ахæссин.
* * *
Карды комæй цы цæуы, уый фарсыл хæцьт.
Дзырдæфхæрд зæрдæйæн дурæфхæрдау у.
204
* * *
Хæрджыты дутъы хæрæг фæразæй вæййы.
* * *
Хъæубæсты фосьт тæф цы хæдзарæй нæ цæуы, уым бæркад нæй.
* * *
Иу хицау нæ куыстмæ афоныл цыд, нæ кусгæ кодта. Уый йын
йæ цæстмæ бадардта йæ хæдивæг.
— Æз кусгæ куы кæнин, уæд ды ам нал кусис, — уыд хицауы
дзуапп.
* * *
Иу зæронд лæг, дам, бæхмæ схизын не сфæрæзта æмæ афтæ
сдзырдта:
— Уæдæ æрыгонæй цы лæппу уыдтæн, цы!
Стæй йæ алыварс акаст æмæ куы никæй федта, уæд арф ныу-
улæфыд æмæ йæхицæн загъта:
— Æрыгонæй дæр ницы уыдтæн æмæ ныр дæр ницы дæн.
* * *
Тулгæ цалхау, зондæн дæр кæрон нæй.
* * *
«Мыст, мæ мæрт», «мыст, мæ мæрт», — уæрцц йæ æфстаумæ
æнхъæлцау цыд.
* * *
Дур дуцæн æмæ мыст æлвынæнмæ фæцæр (æлгъыст).
Хъæздыг йæ куырæт ныццагъта, уый бафæзмгæйæ мæгуыр та
йæ къæрит кæрцмæ бавнæлдта.
* * *
Рæстæджы цалх тагъд тулы.
* * *
Хуымы уæрццæн йæ цард йæ зæрдæмæ нæ цыд æмæ Хуыцауы
цардмæ хæлæг кодта.
205
Гобæ сæгъ дæндагæй лæбуры.
* * *
Халон йæхи номæй уасы.
* * *
Цæссыг зæрдæйы рыст къаддæр кæны.
* * #
Чидæр, дам, æххуырсты цæуын йæ сæрмæ хаста, йæ мызд
исын та — нæ.
* # #
Иу рæсуг цæугæдон, дам, йæ хуызæй сфæлмæцыд æмæ йæхи-
уыл нал æрвæссыд, æндæрхуызон суæвынмæ бæллыд. Уалынмæ
хохы фахсæй лæсæн рацыд, æмæ цæугæдон куы сызмæст, уæд
йæхицæй ныббуц...
* * *
Чидæр, дам, бæлас гуыппы тыххæй акалдта.
* * *
Хорз амонды хос нæу.
* * *
Кæмæндæр, дам, йæ хæдзары æгъдау нæ уыд æмæ хъæубæс-
ты æгъдау æвæрдта.
Зонд зондмæ цæуы, мулк та — мулкмæ.
* * *
Адæймаг цæры знон æмæ райсомы ’хсæн.
* # *
Зонды фæндаг даргъ у.
* * *
Хур алкæмæ нæ кæсы, фæлæ алкæйы дæр тавы.
206
Тызмæг ныхас зæрдæмæ фæндаг нæ ары.
* * *
Кæрæфдзинад адæймагæн йæ зонд æмæ æнкъарæнтæ исгæ кæны.
* * *
Знон чи нæ зоны, уый абоны дæр не ’нкъары, райсом та йæ
фæсонæрхæджы дæр нæй.
* * *
Æвзæр чи не ’мбары, уый хорз дæр нæ зоны.
* * *
Хуыцау галуæрдоныл цæуы. Фыддзинад куы ракæнай, уæд
дæ абон уа, райсом уа — уæддæр баййафдзæн.
* * *
Царды иутæ хъуыддæгтæ аразынц, иннæтæ та сын сæ конд
хъуыддæгтæм фаутæ хæссынц.
* * *
Иу мад, дам, йæ ноггуырд сабимæ дзыхæй нæ дзырдта, æмæ
сывæллон дзурынхъом куы фæци, уæд дзурыны бæсты, йæ мад
æм-иу дзидзидарынмæ цы дуарыл хызт, уый хъинц фæзмыдта.
* * *
Дæ рæмонбонтæ дæ тæфæбонтæй сæдæ хатты фылдæр уæнт.
* * *
Дуарыл цæуæн куы уа, уæд рудзынгыл ма хиз.
* * *
Дзыхджын-ныхджын адæмы рæстæг скодта.
* * *
Зондджын зонд агуры, æдылы зонд амоны.
* * *
Иу бинонтæ, дам, æхсæрдæсæй иу айк бахордтой.
207
* * *
Чидæр, дам, хоры нæмыгæй йæ уæлдай ныууагъта.
* * *
Бæх, дам, йæ уаргъ нæ фæрæзта, æмæ ма йыл барæг сбадыны
фæлварæнтæ кодта.
* * *
Адæймаг дыууиссæдз азмæ мулк æмæ зонд æмбырд кæны, уыр-
дыгæй æртиссæдз азмæ сæ уары, стæй та сæ кæны хъахъхъæнгæ.
* * *
Чъынды лæг кувæг æмæ аходæг дæр йæхæдæг у.
* * *
Фыдæлты уаргъ кæстæр фæхæссы.
* * *
Хорз лæг йа номмæ æххуырсты ис.
* * *
Де ’хсарæй дæ амонд тыхджындæр уæд!
* * *
Иу сыхы, дам, чидæр кæрчытæ давта, æмæ сæ рувæсты сых
рахуыдтой.
* * *
Бæх кæм стулы, уым дæр ма æрду аззайы.
* * *
Бæх афтæ ма фæкæлæд, æмæ ма йæ уаргъæй хæрæджы уаргъ
ма баззайа.
* * *
Иу æдылы ныхас загъта, æмæ йæ райхалынæн æстдæс куы-
рыхоны сæ сæртæ састой.
* * *
Йæ иу къах цалынмæ иннæйы фæстæ иса, уæдмæ йын æй
куыдз ахæрдзæн (ома, фездæхтæн нæу).
208
Цард зæххы ис, æмæ йæ сисын базон.
Хæдзаргæнæг калммæ дæр бæндæнæфсон æвналы.
* * *
Зианмæ йæ къух ничи бадаргъ кæны.
* * *
Мæ фыдгулæн зæрондæй йæ ус амæла, йæ бæх — балцы.
Баст хæрæг дæр æм нæ фæлæудзæн.
Дæ цæхдон кæм нæ уа, уым дæ къæбæр ма тул.
Уæйыджы хъусы уад уайы.
* * *
Уырдыг кæм уа, уым хæрды дæр суайын фæхъæуы.
* * *
— Сæр, чи дæ нæмы? — Дзых.
* * *
Зæрондæн йæ ныхæй сой тæдзы, йæ дзыхæй — мыд.
* * *
Мæргътæм дæр ма цъиу куы батæхы, уæд сæ базыртæ ба-
цæгъдынц.
* * *
Хорз рæстдзинадæй нæ тæрсы.
Царды сæр — рæстдзинад.
14Цгъопты Хазбн 209
Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны.
* * *
Æрыгонæй цы байтауай, уый зæрондæй æркæрддзынæ.
* * *
Иу азы фæллойæ нæ цардæуы.
* * *
Йæ зæрдæ йæ армы дары.
* * *
Цъайы цы ныдздзурай, уый дæм сдзурдзæн.
* * *
Уæззау хъуыддаг рог ныхæстæй нæ лыг чындæуы.
* * *
Рувæстимæ чи цæры, уыцы тæрхъус мæгуыр у.
* * *
Хуыйæн Хуыцау сыкъатæ нæ радта, æндæр дзы хæхтæ дæр
фæлдæхтаид.
* * *
Бирæгъ фысы цармы тыхтæй дæр бирæгъ у.
* * *
Хæрæджы бæркъа фиуы тыхт.
* * *
Искæй базыртæй тæхæн нæй.
* * *
Йæ гæрз мæцъæй аивта.
Бирæ сугтæ басыгъта, фæлæ дзы æвзалы нæ баззад.
210
* * *
Искæй æхсæвæрмæ, дам, æнхъæлмæ чи фæкæсы, уый æххор-
магæй зайы.
Иу хъæумæ, дам, дзывылдар нæ тахт, æмæ хуым нал кодтой.
* * *
Бирæгъы, дам, фарстой: «Чи у зæххыл тыхджындæр?»
Уый сын афтæ: «Адæймаг. Фæлæ йæм ис иу лæмæгъдзинад —
фæстæмæ кæсын нæ зоны».
* * *
Пауле, дам, хицау куы уыд, уæд адæмæн салам нæ лæвæрдта,
хицауы бынатæй йæ куы фæсырдтой, уæд та йын салам адæм
сæхæдæг нал лæвæрдтой.
* * *
Ирон адæм, кæй уæрдоны фæбадынц, æдзух уый зарæг кæ-
нынц, æмæ сæ сæхи уæрдоны бадгæйæ дæр сæхи зарæг рох кæ-
нын райдыдта.
* * *
Алы адæймаджы дæр хæйрæг бады, æмæ йыл фæстæмæ фи-
дар хæцын чи зоны, уый нæ рæдийын кæны; хæцын ыл чи нæ
фæразы, уый йæ хæйрæджы зонд æмæ удыхъæдæй хъæстæ кæны;
æппындæр ыл чи нæ хæцы, уый та йын йæ хуыз æмæ удыконд
райсы.
* * *
Хъæбæр фыдæн, зæгъы, хъæбатыр зæрдæ — йæ хос.
Арæг сылгоймаг йæ удæй уд æлхæны.
Хорз адæймагæн йæ райгуырæн бон бæрæгбон кæны, йæ мæ-
лыны бон — мысæн.
* * *
Фæдисы раззаг йæ сæр нывондæн хæссы.
211
Æвзæрмæ фылдæр тых и, фæлæ йыл уæддæр хорз уæлахиз кæны.
* * *
Гæртамхор æфсондзы галау йæ гутоны разæй æнæбары цæуы.
* * *
Цæхджьш хойраг здахаг у.
* * *
Йæ лæгимæ быцæугæнгæйæ чи цæры, уый нæлгоймаджы дæр
нæ зоны æмæ цард дæр.
* * *
Хуыцау дæ куы нæ мара, уæд зындонæй дæр раирвæздзынæ,
куы дæ мара, уæд дæ фынæйæ хуыссæны дæр амардзæн.
* * *
Хуыцау цы сфæлдыста, уыдонæй бинонтæй хуыздæр ницы ис.
* * *
Хъæбулы рис ныййарæджы зæрдæйы мыггагмæ хъæдгомæй
баззайы.
* * *
Цард авд авды куырмæлхынцъ у, æмæ сæ райхалын алкæй
къухы нæ бафты.
* * *
Род чъыллиппытæ кæнгæ йæ мадыл куы иу&рдыгæй рауадзы
йæхи, куы иннæрдыгæй. Хъуг дзы куы сфæлмæцыд, уæд æм
бауасыд æмæ йын афтæ:
— Фæлæуу, фæлæуу, ды дæр мæнау иу хатт ныззайай, уæд ма
цы ачъыллиппытæ кæнай, уый фендзыстæм.
Куыст мард у, лæг — удæгас.
^ * * *
Голлагæн дзæкъул — йæ барæн.
212
* * *
Хæринаджы ад æххормаг лæгæй хуыздæр ничи æнкъары.
* * *
Æфсарм чи нал зоны, уый адæймаг нал у.
* * *
Бирæ бавзарæг цæссыг нæ калы.
* * *
Бирæгъ, дам, йе ’ууæнк куы бахордта, уæд зæды кæнгæ цæс-
гом бакодта, афтæмæй уæтæрмæ араст. Фæлæ йæ фыстæ уæд-
дæр йæ сæппæй базыдтой æмæ дзы сæ сæртæ бафснайдтой.
Зындоны æмæ дзæнæты бадæг адæмæн, дам, радтой æмхуы-
зон даргъ уидгуытæ. Дзæнæты адæм хæргæ-хæрын кæрæдзийæн
æххуыс кодтой: кæрæдзийы дзыхтæм арæхстысты æмæ кæрæ-
дзийы æфсæстой. Зындоны адæмæй алчидæр æрмæст йæхи кой
кодта, афтæмæй сæ дзыхтæм нæ арæхстысты æмæ æххормагæй
баззадысты.
* * *
Адæймаг йæ цард-цæрæнбонты йæ уæхскыл хордзенау хæссы
рифтаг. Рифтагæн йæ иу дзæкъул йæ риуыл, иннæ — фæсонтыл.
Риуы ’рдыгæй дзæкъулы йæ цæстыты раз сты йæ хорздзинæдтæ,
æмæ сæ æдзухдæр уыны, фæсонты ’рдыгæй дзæкъулы та — йæ
аиппытæ, æмæ сæ нæ уыны.
* * *
Ирон адæм Хуыцауы сконд сты æмæ цыфæнды уавæры дæр
сæ адæймагдзинад нæ сафынц.
* * *
Фыццаг, дам, хæйрæджытæ æргом цыдысты. Фæлæ адæмимæ
нæ хæццæ кодтой. Ныр адæмы хуызы бацыдысты, æмæ адæй-
маджы хæйрæгæй фæхицæн кæнын сзын.
* * *
Хорз зæрдæйæ чи кæны, уымæй йæ хорзракæнд рох кæны.
Кæмæн æй ракæны, уымæн та æнусмæ йæ зæрдыл лæууы.
213
Рæзгæ фæлтæрыл чи нæ мæт кæны, уый йæ фидæн ныгæны.
* * *
«Нæ зонын» аипп нæу, «зонын мæ нæ фæнды» та уды сахъат-
дзинад у.
* * *
Ирон æгъдау тынуæфтау у.
* * *
Хæрæг доны йæ хуыз федта æмæ йæхицæй ныббуц.
* * *
Лæппу куыдзыл дур фехста æмæ хæрæгыл ауад. «Уымæн дæр
афтæ хъуыд», — ахъуыды кодта лæппу.
* * *
Судзыс, — уæд адæмы тавыс, фæздæг калыс, — сæ цæстытæ
сын къахыс.
* * *
Æцæг фыссæджы зæрдæ у йæ адæмы сагъæсты дзæнгæрæг.
* * *
Хъæздыгдзинад цæхджын донæй уæлдай нæу, адæймаг дзы
æфсис нæ зоны.
* * *
Закъон кæсагахсæн хызæй уæлдай нæу: хатгай дзы кæф аир-
вæзы, тъепа та аззайы.
* * *
Æнæкъæдзил гал рæгъауæн бындзсур ныллæууыд.
* * *
Халоны цæстмæ туджы цæджындз лæууы.
* * *
Фыдхæсджынæй фыдфиддон хуыздæр у.
214
Гæды гæдыйæн — къæссайы комыл хæцæг.
* * *
Сæрылхæцæджы уынаффæйæ хуым нæй.
* * *
Йæ фат фехсы, йæ æрдын бамбæхсы.
* * *
Зæрæстон зæхх — дурæппарæн.
* * *
Йæ иу комыкъулы зынг дары, иннæйы та — дон.
* * *
Ивгъуыд дугмæ акæсгæйæ, дæ худ бæрзонд сис æмæ дæ фы-
дæлтæн ныллæг акув, фидæнмæ акæсгæйæ та дæ дыстæ батул.
* * *
Хъæуы уæлмæрд цы уавæры ис, ахæм аргъ скæнæн ис хъæу-
бæстæн.
* * *
Адæймаг æнæ адæм хъæддаг кæны, адæмимæ та — хъæхъхъаг.
* * *
Даргъ ныхас — хъуыды ’мбæхсæн.
* * *
Бирæ дзуры, зæгъинаг кæмæ ницы ис, уый.
* * *
Адæймагæн йæ рæдыдтæ сраст кæнынæн иутæ æххуыс кæ-
нынц, иннæтæ та сæ пайда кæнынц.
* * *
Хорзæн аргъгæнæг нæй.
215
Адæймагæн йæ уд аскъуынын æнцон у. Нæй амарæн, цæуыл
хъуыды кодта, цы дзырдта æмæ цы фыста, уымæн.
* * *
Адæммæ ныййарæг мад цæйбæрц уæлиау æвæрд у, уыйбæрц
аргъ кæнынц цардæн дæр.
* * *
Адæмæй иутæ уæхскуæзæй царды фæрæз кусынц, иннæтæ та
йын æй, æвæлмонæй куыд хуыздæр асайой, ууыл архайынц.
* * *
Адæймагæн йæ тæрхон хъуамæ йæхимæ уа.
* * *
Хорздзинад дыууæ къæсæрыл хизы.
* * *
Фæндон уазæг фæлмæцыны хос нæу.
* * *
Æвзаг фæлмæн у, фæлæ туасау хуынкъ кæны.
* * *
Æвзагæй хæлд хъуыддаг къухтæ нал сараздзысты.
* * *
Æфсымæртæй дæр иу лæгдæр вæййы, галы сыкъатæй дæр
иуыл бæттæн хуыздæр лæууы.
* * *
Куыстуарзаг куыст агуры, магуса — æфсæнттæ.
* * *
Домбайы риуы тæрхъусы зæрдæ куы уаид, уæд ын йæ тыхæй
ничи тæрсид.
I * * *
Фыййауы куы бафæнда, уæд цъынар сæгъы дæр радуцдзæн.
216
* * *
Хицау йæ куыдзы куы ныццæва, уæд æй чындз хъуамæ йæ-
химæ бамбара.
Хорхъуаг хор цъæмæлæй не ’взары.
* * *
Бирæгъ хæрæджы куы фергæвды, уæд хæрæг йæ цæстытæ
бацъынд кæны.
* * *
Хорз æфсинæн йæ цæст тæраз у, йæ дзырд — адджын.
* * *
Цард æмæ амонд кургæйæ не сты.
* * *
Иу — куыдз, иннæ — куыдз, уымæй цард нæй.
* * *
Цард гæдыйы уавæрæн у: куы кæй къонайыл абады, куы — кæй.
* * *
Цард бархийæ нæу.
* * *
Хыдыр Хыдыры дардмæ уыны.
* * *
Тых хурыл дæр ис.
* * *
Хур дæр ма стъалымæ зынггур бацыд.
* * *
Æвзæрæн хорз ма ракæн — нæ йæ бамбардзæн æмæ ма дæ
масты дæр баппардзæн.
* * *
Ацы мæнг дунейы хорз усæй хуыздæр хорз нæй.
217
* * *
Хорз бæхæн дæр хъузæттæ хъæуы æмæ хорз лæгæн дæр.
* * *
Хæрæг æмæ хуы сæхи æрвадæлтæ хуыдтой.
* * *
Хуыздæр цæвæг — зиууæтты гуылисæг.
* * *
Хæфсæн калмы ком — йæ ингæн.
* * *
Хæфсæй рогдæр — цырд лæппу.
* * *
Хом хал — æнтысæг, фых хал — ахадæг.
* * *
Фыццаг хонæг — кадджын, дыккаг хонæг — æфсарм, æртык-
каг хонæг — æгад.
* * *
Зонд — дунебарæг хæзна.
* * *
Биасланты æлдæрттæ-иу дзырдтой: «Иронæн йæ фыццаг зонд
бындзарæй басудз, йæ фæстаг зонд та йын дæ хæдонæй балхæн».
* * *
Сæ бæгæны — къоппы дзаг, сæ худинаг — комы дзаг.
* * *
Фæсæфсин рæдау вæййы.
* * *
Фæрскæй фæлын хæстæгдæр у.
218
* * *
Фæрæт цыргъ у, фæлæ æрх дæр хъæбæр у.
* * *
Дыууæ знаджы иу фæнд нæ кæнынц.
* * *
Зонды фыдæй хæдзар фесæфт, фæнды тыххæй хъæу фесæфт.
* * *
Зонд — фæндаг, амонд — хæссаг.
* * *
Фæдисы фæсте баззайын — мæлæтæй фыддæр.
* * *
Уæрмкъахæгыл æмæ хуымгæнæгыл дари хæдон æмæ æхсад
къухтæ нæ фидауынц.
* * *
Тиу куыд уайсада, чындз дæр афтæ фæуайсады.
* * *
Уалдзæг — уадджын, фæззæг — мæкъуылджын.
* * *
Хорз уарæг йæхицæн хай нæ уадзы.
* * *
Фæстаджы бæх уайаг у.
* * *
Сыджыт рохгæнæг у.
* * *
Фæдисон йæ маст йæ ныхыл хæссы.
219
* * *
Æнамонд лæг теуайыл куы бада, уæддæр ын куыйтæ йæ къæх-
тæм лæбурынц.
* * *
Зæронд ус судзины бын куы нал фæуыны, уæд дзы фæдзæл
дары.
* * *
Галæн йæ фæдыл уæныг куы нæ уа, уæд нæ фæразы.
* * *
Æнæзивæджы къахыл — тахынæг баст.
* * *
Хъуыддаг хæрæг у: лæдзæг райс æмæ йæ размæ тæр.
* * *
Дзыккайы сой — сиры сæр.
* * *
Бæгæны хæрдæн хæрд у, нозтæн — нозт.
* * *
Бирæгътæ, дам, бирæгæйттæ зайынц, уæддæр фылдæр нæ
кæнынц, фос та иугæйттæй зайы æмæ уæддæр уыдонæй бирæ-
дæр кæны.
* * *
Фыды лымæн — фырты хæзна.
* * *
Кураджы бын — хуынкъ.
I * * *
Æвæрæз сындзы къутæрыл баст у.
220
* * *
Дыууæусон — дыууæвыдон, æртæусон — æнæхæлаф.
* * *
Ирон лæг цæфæй цæфы астæумæ дæр æнхъæлмæ кæсы.
* * *
Ирон лæг куы схъæздыг вæййы, уæд кæнæ лæг мары, кæнæ
Хуыцаумæ мæсыг амайы.
* * *
Ис æгъдау амоны, нæй æгъдау сафы.
* * *
Ирон тугæн æмбийæн нæй.
Цалынмæ ирон адæм йе ’взагмæ, Ирыстонмæ Къостайы цæс-
тæй кæсын нæ райдайой, йæ хъысмæтыл Къостайау нæ фæрис-
сой, уæдмæ сæ сæфты фæндагыл лæуд сты се ’взаг дæр æмæ
сæхæдæг дæр.
* * *
Арсы фæрсыс, фæлæ æрсгæсы нæ фæрсыс.
* * *
Адæм се ’ппæт дæр хæлын цæсгæмттæ куы бакæниккой æмæ
кæрæдзи куы нал зониккой, уæд се ’цæг зæрдæйыуаг рабæрæг уаид.
* * *
Кæстæры æнтыст — хистæры амонд.
* * *
Адæймаджы зонд йæ хъаруйæ тыхджындæр у.
* * *
Абоны цæстæй цардмæ кæсын рæдыд хъуыддаг у.
221
* * *
Сир — сыффытт, дзыкка — хъуыррытт.
* * *
Ивгъуыдæн фæстæмæ раздахæн нал ис, фæлæ йæ комытæ-
фæй йæ бон у адæймаджы удфидар скæнын, кæнæ йæ бындур-
зылд фæкæнын.
* * *
Иу джызæйлаг, дам, йæ сыхагæн хъаст кодта, йæ цæст кæй
риссы, уый тыххæй. Уæд ын уый афтæ:
— Мæнæн знон мæ дæндаг рыст, æмæ йæ сластон...
* * *
Стонг адæймаг, бафсæддзæн ма, уый æнхъæл нал вæййы,
æфсæст та — сæххормаг уыдзæн, уый æнхъæл...
* * *
Иу бæлас, дам, базæронд æмæ загъта: «О, адæм, æз зæххыл
хæцынæй бафæлладтæн æмæ фæлдæхын, фæлæ-иу мæ фæсфæды
æгады æппæрст ма акæнут, аууон уæм бирæ куы фæдардтон».
* * *
Адæймаг фондз æмæ ссæдз азмæ тагъд кæны — царды йæ
бынат ссарынмæ тырны, дыууиссæдз азæй фалдæр хъавгæ цæры,
фæндзай азæй уæлæмæ та фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæны, цы
ма мын баззад цæринаг, зæгъгæ.
* * *
Хъисæн — хъуытаз æмæ æрдуйæн — мырмыраг.
* * *
Рæстаджы зæрдæйы фарн цæры.
* * *
Хиуарзон иудадзыг адæмæй разы нæу.
* * *
Рухс куы нæ уа, уæд аууон дæр нæй.
222
* * *
Иу мæсыгæй, дам, æнæхъæн хъæу саразæн ис, æнæхъæн хъæ-
уæй мæсыг нæ самайдзынæ.
* * *
Æртæ ахсинаг тæрхъусæй, дам, иу ахст тæрхъус хуыздæр у.
* * *
Йæхæдæг чи ницы у, уый хъал у: чи — йæ фыдæлтæй, чи —
йæ мулкæй, чи та — йæ усæй.
* * *
Гыццылæн аргъ кæнын чи нæ зоны, уый стыры ад никуы бан-
къардзæн.
* * *
Ирон адæм фæзæгъынц: ныййарджытæ — цотæн хæринаг. Уый
афтæ у, уый царды цыд у, фæлæ сыл ауæрдгæ дæр хъуамæ кæной.
* * *
Адæймаджы раконд фыдбылыз æрдзы фыдбылызæй карздæр
æмæ æвирхъаудæр у; хатт сæ кæрæдзийыл абарæн дæр нæ вæййы,
уымæн æмæ æрмæст иу хæсты цас адæм фæцагъды вæййы, цас
бæллæхтæ æрцæуы, уый бæрц фыд нæ ракæндзæн зæххæн-
къуыст, донивылд æмæ цыфæнды тыхдымгæ дæр.
* * *
Хистæрты намыс æмæ кæстæрты хъомыс сты царды бындуртæ,
йæ размæцыды хъару.
* * *
Азтæ æнæрлæугæ тæхынц, æнæнхъæлæджы ссæндынц фæл-
тæрты цард, фæлæ уæддæр адæм ницæуыл ахуыр кæнынц. Уæд-
дæр лæбурынц кæрæдзимæ, стигъынц æмæ марынц кæрæдзи.
* * *
Адæймаг рæстæгæй-рæстæгмæ йæхимæ иуварсæй куы нæ ’рба-
кæса, уæд йæ митыл, йæ уагыл нæ хъуыды кæны æмæ йæхицæн
раст аргъ никуы скæндзæн.
223
* * *
Дæ хъæуæй дæ маст куы бацæуа, уæд дæ бинонтæм балидз-
дзынæ. Дæ бинонтæй дæ маст куы уа, уæд дæ усмæ балидздзынæ.
Фæлæ дæ маст дæ усæй куы уа, уæд та ма кæдæм фæлидздзынæ?
Æцæгæлон, æндæр адæмы удыхъæдæй цы дин равзæры, уый,
цыфæнды хорз куы уа, уæддæр æнцон райсæн нæу: зæрдæ йæ
нæ комы, уд æй нæ исы.
* * *
Адæймаг йæ æвзæр куы нал фембары, уæд йæ сæр сафы.
* * *
Бæллæх уый нæу, ирон лæппу æндæр адæмыхаттæй ус куы
ракуры. Бæллæх уый у, нрон фарн ыл куы нæ бафтауы. Уый
нæ, фæлæ ма дзы йæхæдæг дæр æмæ йæ цот дæр куы фæиппæрд
вæййынц.
* * *
Ныры ирон адæмæй бирæтæм «æз ирон дæн» зæгъыны ныфс
дæр нал ис. Æнæныфс адæймаг та знагæй тæссагдæр у. Кæцыр-
дæм фæуыдзæн, уый бæрæг нæу.
* * *
Æвыды-выдон рæстæг уæд æрлæууы, куырыхонæн æрра аргъ-
гæнæг куы свæййы, хæрджытæ дугътæ уадзын куы райдайынц,
æмæ уæлахиздзау дæр «хæрæг» куы вæййы.
* * *
Царды цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон цæуынц адæймаджы
зонд æмæ фæллойгæнæджы къухтæй.
* * *
Хистæры намыс æмæ кæстæры хъомыс сты царды бындуртæ,
йæ размæцыды хъару.
* * *
Куысты чи нæ фæллайы, уый йын йе ’хцондзинад не ’нкъары.
Царды чи нæ риссы, уый царды ад нæ зоны.
224
* * *
Зонд æмæ уæрммæ ныхмæвæрд миниуæг ис. Уæрмæй цас фыл-
дæр исай, уыйбæрц стырдæр кæны, зонды та цас фылдæр æвæ-
рай, уыйбæрц стырдæр кæны.
* * *
Хъæбулы хъæбул хъæбул нæ комы.
* * *
Чи ницы æмбары, уымæ афтæ кæсы, цыма бирæ зоны.. Уымæн
æмæ, кæй ницы æмбары, уый дæр нæ зоны.
* * *
Йæхи хъуыдытæ дзурыны ныфс кæмæ ис, æрмæстдæр уый у
сæрибар.
* * *
Цард тох у, æмæ дзы алчи хъæбатыр хæстон нæ вæййы, фæлæ
хуымæтæг рæнхъонæн уæддæр бæззы.
* * #
Мастисæг йæхицæй дæр хъауы.
* # #
Адæймаджы удыкондæй бирæ аразгæ у йæ хъысмæт.
* # #
Мадæн аккаг аргъ кæм нæ кæнынц, уыцы бæстæ зæдбадæн нæу.
* # *
Алкæмæ дæр, дам, ис йæхи рæстдзинад. О, фæлæ дæ рæст-
дзинад искæй рæстдзинадыл бæхбадт хъуамæ ма кæна.
* # *
Адæймаджы амондджын ничи скæндзæн, йæхæдæг куы нæ
бацархайа, уæд.
* # *
Ныры ирæттæй бирæтæ иронау дзурыны бæсты хатиаг æвзаг
дæр сахуыр кæндзысты.
14ЦгьойтыХазби 225
* * *
Зонд æмæ фарн иу не сты. Зондджын алы хатт фæрнджын нæ
вæййы, фæрнджын та — зондджын. Фæлæ зондджынæй фæрн-
джын хуыздæр у.
* * *
Адæймаг йæ адæймагдзинады иувæрсты куы ахизы, уæд цы-
фæнды хъæздыг кæнæ ахуыргонд куы уа, уæддæр хъæддаг кæны.
* * *
Цалынмæ нæм «ирон иронау дзурын æмæ фыссын нæ зоны»
худинаг не суа, уæдмæ не ’взаг лæудзæн сæфты къахыл.
* * *
Зондцух фæлвары йæхи зондджынæй æвдисыныл, æнæгъдау —
æгъдауджынæй, æгад — кадджынæй.
* * *
Цоты амондæй стырдæр амонд йæхицæн нæ зæгъы адæймаг.
* * *
Цыфæнды зондджын лæг дæр йæхимæ Хуыцауы хæстæ куы
райсы, уæд ын æнæфæрæдигæ нæй.
Тыхст адæймаг фылдæр йæхимæ хъусы. Зæронд дæр йæ уавæ-
ры раз тыхст у æмæ искæмæ хъусын дæр уымæн нал фæзоны.
* * *
Адæймагæн æнæ зæххæй цæрæн куыд нæй, афтæ разамонæ-
гæн та — æнæ адæм кусæн. Æмæ уыцы æцæгдзинад ницæмæ чи
æруадзы, уый йæхи къухтæй йæ «тæхæн базыртæ» алыг кæны
æмæ æнæнхъæлæджы дæлеау æрхауы.
* * *
Нæ хъæздгуытæ цас хъæздыгдæр кæнынц, уыйбæрц удыхъæ-
дæй — мæгуырдæр.
226
* * *
Бирæ æмæ хъæздыгæй фæцæрын диссаг нæу, царды ад куы
нæ ’нкъарай, йæ цин, йæ зын дын дæ зæрдæ куы нæ агайой, уæд.
* * *
Дызæрдыг чи кæны, хъуыдыйыл æфтыд, рæстдзинад агурæг
дæр уый у. Дызæрдыгдзинады равзæры æппæты растдæр хъуыды.
* * *
Царды йæ тыхы чи бацыд, уыдонмæ афтæ кæсы: æнусмæ
ахæм уыдзысты, цæрдзысты ахæм хъару, æнæниздзинад æмæ
ныфсимæ. Æмæ былысчъилæй кæсынц зæрæдтæм. Иуахæмы
уыдон дæр ахæм уавæры кæй уыдзысты, уый сæ фæсонæрхæ-
джы дæр нæй.
* * *
Цард ис знон æмæ райсомы ’хсæн. Æмæ йæ фæцæрын хъæуы
афтæ, цыма дæ фæстаг бон у: цы кусыс, уый — биноныгæй, цы
дзурыс, уый — зæрдæйæ; макæй тæригъæды бацу, æнæхъуаджы
макæй бафхæр, дæ зонд, дæ зæрдæйы хъарм дæтт адæмæн.
* * *
Бæрнон бынат адæймаджы хуыздæр нæ кæны. Адæймаг йæ-
хæдæг бæрнон бынат скадджын кæнæ сæгад кæны.
* * *
Ныхасæй — дзаджджын, хъуыддагæй — кьæрис.
Йæхицæй чи не ’фсæрмы кæны, уымæн хорзæй тас нæу. Уый
хыгъд æм цыфæнды фыдгæндмæ дæр æнхъæлмæ кæс.
* * *
Алы адæмæн дæр тулдз бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къа-
лиутæ. Уидæгтæ сты йе ’взаг, зæнг — йе ’гъдæуттæ, къалиутæ та
— йæ царды мидис.
Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ йæ уидæгтæ
фидар куы уой, уæд та зæнг ног къабузтæ рауадздзæн; йæ зæнг
ын куы алыг кæнай, фæлæ йæ уидæгтæ цардхъом куы уой, уæд
та тау суадздзысты, æмæ йын зæнг дæр уыдзæн æмæ къалиутæ
227
дæр. Гъе, фæлæ йын йæ уидæгтæ куы ныллыг кæнай æмæ куы
бахус уой, уæд æрцыд йе сæфт.
Ахæм хъысмæт ис алы адæмæн дæр: йæ абон, йæ фидæн аразгæ
сты йæ уидæгтæй — йе ’взаджы цардхъомдзинадæй. Уый æдзух-
дæр уæ зæрдыл дарут, ирон адæм, кæд уæ уе сæфт нæ фæнды,
уæд.
* * *
Йе ’взаг цы адæмы нæ хъæуы, уымæн фидæн нæй.
* * *
Мадæлон æвзаг мады ад кæны, мады æхсыримæ адæймаджы
уæнгты ахъары, зæрдæйы æрфытæм ныттæдзы, хуры тынтау
ныккæсы йæ къуымтæм æмæ сæ ныррухс кæны. Мадæлон æвза-
джы дзырдтæ хъуытаз дзæнгæрæджы зæллангау адæймаджы удыл
аудынц, налхъуыт фæрдгуыты халау рæвдауæг æрттывд кæнынц,
адæмон сфæлдыстады йын цыкурайы фæрдыгау æхцондзинад æмæ
амонды хос сты, уалдзыгон фæлмæн уарынау зæрдæйы хъарынц.
Иуæй-иутæ цардмæ кæсынц айдæнмæ кæсæгау æмæ дзы уынынц
æрмæст сæхи.
* * *
Адæммæ æнæрвæссон цæстæй чи кæсы, уый йæхæдæг æвзæр
у. Ирон æмбисонд хуымæтæджы нæ зæгъы: «Зулкъ æлгъæй мард».
* * *
Рæузонд йæ ныфс цы хъуыддагмæ бахæсса, ууыл зондджын
ныхъхъуыды кæндзæн.
* * *
Адæймаг хъуырыцъарæй цæмæ бæллыд, уый йæ къухы куы
бафты, уæд æй йе зноны уаг ферох вæййы.
* * *
Цыбырзонд адæймаг ногæй исты куы базоны, уæд æм афтæ
кæсы, уый йеддæмæ йæ ничи зоны æмæ йæхицæй ныббуц вæййы.
Зондджынмæ та — цыма йæ уымæй раздæр иннæтæ зыдтой æмæ
фефсæрмы вæййы, нырмæ йæ куыд нæ зыдтон, зæгъгæ.
228
Æцæг цардæй цæры рæстаг лæг. Мæнгард йæхи дæр кæны
сайгæ æмæ царды ад никуы бамбары.
* * *
Æвзæрæн хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай, — зæгъы ирон
æмбисонд, фæлæ хорз адæймаг йæ ми нæ уадзы.
* * *
Алкæмæн дæр йæ намыс тæрхонгæнæг куы суаид, уæд цымæ
йæ ахæсты адæмы кæцы хай бауид?
Цыфæнды зыны дæр адæймаг хъуамæ аххос фыццаджыдæр
агура йæхимæ, стæй та — иннæтæм.
* * *
Маст æмæ цин адæймаджы дзурын кæнынц. Уымæй, йæ фæ-
сонæрхæджы дæр чи нæ вæййы, ахæм фæрæзджын, нывджын
æмæ нуарджын æвзагæй.
* * *
Рæстдзинадыл æдзухдæр хъадамантæ æвæрд ис. Куы сæ ато-
ны æмæ куы ссæрибар вæййы, уæд рæстаг адæмыл хур ракæсы.
Фæлæ та хурхортæ куы стыхджын вæййынц, уæд ын йæ сæр
æрцæвынц, цицц, зæгъгæ, æмæ та йæ хъоргъы ныппарынц.
Размæ ацæуын кæмæн бантыст, уымæн йæ разы цæлхдуртæ
ма ’вæр, фæлæ бацархай йæ баййафыныл.
* * *
Куыстæн дæ зæрдæ, дæ хъару куы раттай, уæд дæ намыс
йæхæдæг ардзæн.
* * *
Раттаджы къух арты æвзагæй уæлдай нæу: рухс дæр кæны
æмæ тавгæ дæр.
229
* * *
Цыфæнды хъуыддаджы дæр кæй цы фæфæнды фенын, уый
уыны.
* * *
Ирон адæймаг йæ уаты къултæй дæр æфсæрмы кæны.
* * *
Цыфæнды карз хæсты дæр зæхкусæгæй тынгдæр хъыгдард
ничи баййафы, фæлæ дзы уæлахизæй дæр уый рацæуы. Царды
хъæдгæмттæ дæр уый бадзæбæхтæ кæны, æмæ та йæ сой къухы
фæрцы цард йæ тыхы бацæуы.
* * *
Уарзын чи зоны, уый цард æнкъары зæрдæйæ. Уый æрдзон
лæвар у, Хуыцауы комытæфæй цæуы.
* * *
Иу бинонтæм, дам, æртæ чызджы уыд: дыууæ хистæры —
фыдуындтæ, кæстæр та — рæсугъд, æмæ йæ æддæмæ ракæсын
нæ уагътой, цæмæй йæ хистæртæй раздæр мачи ракура.
Афтæмæй, дам, кæстæр дæр йæ фыды уæларт баззад.
* * *
Æппæты карздæр фауæг у, йæхæдæг чи ницы кусы, уый.
* * *
Адæймаг цас асдæр кæны, уыйбæрц йæ хæстæ фылдæр кæ-
нынц — йе ’мгæрттæй чи мæлы, уыдоны хæстæ дæр сыл æфтынц.
* * *
Тæригъæд нæ тайы, æмæ макæй тæригъæды цу. Рæсттæрхон,
рæстаг цардæй хайырдæр цард нæй.
* * *
Мулк ныууадзынæй ном ныууадзын хуыздæр у. Мулк ихсыйы,
ном кæны кадджынæй-кадджындæр. Уымæн æмæ ма йыл адæм
сæ фарн æфтауынц.
230
* * *
Зондджын адæймаг зонд агуры, æдылы та, йæхи «зонд» цы
фæкæна, уый нæ зоны æмæ йæхи стауы.
* * *
Адæм хорзæн бузныг зæгъын, æвзæрæн уайдзæф ракæнын
куы нал зоной, уæд уыдон адæм нал сты.
* * *
Æфсæрмы чи нæ кæны, ууыл суанг йæхи раз дæр ницы хæс
æвæрд ис. Æфсæрмæй цæуы æгъдау, æгъдауæй та — намыс.
* * *
Адæймаг йæхицæн адæмы ’хсæн цы ном скæна, уымæ гæсгæ у
йæ намыс. Намыс у адæймагæн йæ мидтæрхонгæнæг дæр.
Рахиз къухæй хорздзинад куы ракæнай, уæд æй галиу къухæн
дæр ма зæгъ.
* * *
Адæймаг фæндтæ кодта, Хуыцау та йыл худгæ кодта.
* * *
Исчи дын искæй фыдгой куы кæна, уæд зон: дæ фыдгой та
æндæрæн кæндзæн.
* * *
Рæстаг хъуыддагæн дæ зæрдæ, дæ хъару куы раттай, уæд дæ
намыс йæхæдæг ссардзæн.
* * *
Адæммæ рухс чи хæссы, уый йæхæдæг дæр рухсмæ тьтрны.
Рухс куы нæ уа, уæд аууон дæр нæй.
* * *
Ирон ныхасæй ныл цы фарн æрбакæлы, уый нæм нæ фыдæл-
тæй цæуы.
* * *
Æгъдауæн йæ рахæцæн — æнæгъдау митæ ма кæн.
231
Алчидæр йæхи барæнæй бары, æмæ йæ барæн кæмæн куыд
амоны, афтæ сты йæ бæрстытæ дæр.
Цы нæ зоныс, уымæ æппындæр ницы бар дарыс. Æмæ, æвæ-
дза, цас сты, адæймаг бар цы бирæ диссæгтæм нæ фæдары,
уыдон!.. Афтæмæй амæлы.
* * *
Цардæн йæ ад нæдæр стыр бынат бацахсгæйæ бамбарæн ис,
нæдæр мулчы фæрцы, удæй йæ куы нæ банкъарай, уæд.
* * *
Йæхиуыл чи уæлахиз кæны, æрмæстдæр уый у уæлахизхæссæг.
* * *
Адæммæ уарзондзинадæй стырдæр хæзна зæххыл нæй. Уый кæй
зæрдæйы ис, уый у хъæздыг. Æнæуый исбон фыдлæгмæ дæр ис.
* * *
Цымæ ма зæххыл хæрам уаид, фыдлæг цы фыдтæ кæны,
уыдон-иу раздæр йæхиуыл куы бавзарид, уæд?
* * *
Райсомæй цы фыддзинад ракæнай, уый дæм изæры дæ дуар
æрбахойдзæн.
Адæмы рисыл чи риссы, уыцы зæрдæйы фарн цæры.
* * #
Æхца адæймаджы цардæн фæрæз у, фæлæ йæ æгæрмæ фыд-
былыз æмхиц у.
Дæхи куы ничи хъæуа, уæд дæхæдæг та æппын никæй хъæуыс.
232
* * *
Цыфæнды æвзаг дæр базонæн ис, фæлæ йæ тæлфын дæ ту-
джы куы нæ ахъара, уæд æй зæрдæйæ нæ банкъардзынæ.
Адæймагæн йæ бон цы у, уымæй стырдæрмæ куы нæ тырна,
уæд, йæ бон цы у, уый дæр йæ къухы нæ бафтдзæн.
* * *
Адæймаг æмхиц у йæ азым искæй æфсон кæнынмæ. Уымæй
царды уæз йæхицæн рогдæр кæны.
* * *
Тути фæзмæгой маргъ у, фæлæ йæ куы нæ фæнда, уæд дын
тыхæй искæй сфæзмын нæ бакомдзæн. Уæд цы мæгуыры бон ис,
æдзух хицауы дзыхмæ чи кæсы æмæ йæ фæнда-нæ фæнда иуда-
дзыг чи фæзмы, ууыл.
* * *
Кæрæфдзинад адæймаджы сæрымагъзы мигъ бадын кæны.
* * *
Мæгуыры хъæздыг кæнынц æртæ миниуæджы: зæрдæйы хор-
зæх, æгъдау æмæ намыс.
Хъæздыджы дæр мæгуыр кæнынц æртæ миниуæджы: хæрам
зæрдæ, кæрæф æмæ мæнгарддзинад.
* # *
Рæстаг æмæ зæрдæхæлар адæймаг иудадзыг йæхимæ загъд кæны:
йæ хорз митæ, йæ хорз хъуыддæгтæ йæхимæ фаг, куыд хъуамæ
уой, ахæмтæй нæ фæзынынц, æмæ йæхицæй разы нæ вæййы. Аф-
тæмæй та цард уыдоны фыдæбон æмæ æфсармыл лæууы.
* * *
Искæмæй хорз ракæнд ма дом — дæхиуыл хæс æвæрыс.
Мæлæтæй тæрсын нæ хъæуы. Адæймаджы фæндаг йæ райгуыр-
дæй фæстæмæ уымæ арæзт у —нæ дзы фæивгъуыйдзынæ.
233
* * *
Адæмы цыфæнды рæсугъд ныхæсты бын куы фæкæнай, уæд-
дæр дæ зонындзинæдтæ æмæ фыдæбæттæн æвдисæн сты æрмæст-
дæр дæ хъуыддæгтæ.
* * *
Де ’цæг хæлар у, дæ хъыгыл дын чи фæрисса, уый нæ, фæлæ
дæ циныл зæрдæйæ чи бацин кæна.
* * *
Хæрам адæймагæн йæ курдиат дæр хæрам хæссы.
* * *
Царды дæ бынат ссарын дæр амонд у.
* * *
Хъусын чи зоны, зонгæ дæр уый кæны.
* * *
Адæймаг йæ мæлæтыл кæй нæ хъуыды кæны, йæ амонд уый у.
* * *
Хорз æмæ æвзæр царды иу æргъомы баст сты, иу тæрæзыл
æвæрд сты. Чи дзы фæуæззау вæййы, уый йæхирдæм аласы цард.
Куысты уæз йæхиуыл чи нæ бавзары, уый фæллойгæнæджы
фыдæбоны зын никуы банкъардзæн.
Алцæмæн дæр аргъгæнæг у адæймаг, суанг йæхи цардæн дæр.
Дзурын бирæ чи уарзы, уый искæй ныхасмæ хъусын дæр хъуа-
мæ зона.
Адæймаджы цард ихыл цæуæгау у, æмæ дзы рæстдзинадыл
куы нæ æнцой кæна, уæд кæд «фæбырдзæн», уый бæрæг нæу.
234
* * *
Адæм алцæмæй дæр алыхуызæттæ сты: чи дзурын рæстмæ нæ
зоны, чи — хъусын, чи та дзурынмæ дæр рæвдз у æмæ хъусынмæ
дæр. Æмæ йæ хъуыддæгтæ бæлвырд хуыздæр цæуынц. Æппæ-
тæй мæгуырдæр та дзы у, хъусын чи нæ зоны, уый. Уымæн
æмæ, гуырдзæй цы рахæссы, уымæй дард нæ ацæуы.
* * *
Быруйы сæрты дыууæрдæм хуыздæрæнхъæл чи рахиз-бахиз
кæны, уымæй дæ царды ныфс ма уæд, макуы йыл баууæнд.
* * *
Вæййы ахæм стыр хицæуттæ æмæ сæхæдæг хорз куы фæцæ-
рынц, уæд сæм афтæ фæкæсы, цыма сæ дæлбар адæм дæр хорз
цæрынц.
* * *
Хицæуттæ сты æртæ хуызы. Фыццæгтæ — аразджытæ, сæхи
фæхъарынц адæмæн исты хорзы бацæуыныл. Дыккæгтæ сты
къодæхтау: нæдæр сæхи фæриссын кæнынц, нæдæр се ’мкус-
джыты, æмæ семæ ныббутъро вæййы царды хъуыддаг дæр.
Æртыккæгтæ сты халджытæ: ногæй ницы саразынц, фæлæ гæр-
зармæй халыныл ныллæууынц.
Ирон æгъдæуттæ фауынц, чи сæ нæ зоны æмæ сæ базоныны
хъомыс дæр кæмæ нæй, ахæм адæм. Æз кæй нæ зонын, уый
ферох уа æмæ йæ мачиуал зонайы охыл сæм фаутæ хæссынц.
* * *
Йæ боны цы нæ бакæнай, уый сæдæ бонмæ дæр дæ къухы нал
бафтдзæн.
* * *
Сывæллон у бинонты хъазты фæндыр. Сывæллон цы бинон-
ты æхсæн нæй, уым хъазт никуы вæййы.
* * *
Чызг кæсæнæй уæлдай нæу, къухы фæд дæр ыл зынгæ кæны.
235
Хуыцау зæххыл адæмæй хæзнадæр ницы сфæлдыста.
# * *
Дунейы æрмæстдæр зæхмæ ис рæстдзинад. Уымæй растдæр
ми ничи æмæ ницы кæны: тыллæг дæтты магусатæн нæ, фæлæ
йæм чи æргуыбыр кæны æрмæстдæр уымæн.
# * *
Сылгоймаджы тыххæй-иу æвзæр зæгъынмæ чи фæхъавы, уый
уал-иу раздæр йæ мад, йæ хо æмæ йæ чызгыл куы ахъуыды кæнид.
# * *
Рынчын мæгуыр у. Уымæй мæгуырдæр — амæлæг. Магуса та —
удæгас мардæрцыд, нæдæр рынчынтæй у, нæдæр мæрдтæй, аф-
тæмæй йæхицæн цардфæрæзтыл хæст чи нæу.
# # #
Къæрныхы кæуыны удыбæстæ нæй.
Мæгуыры хъару хъæздыгмæ æххуырсты бацыд.
# # #
Искæмæн цы нал бæззы, уыцы дзаума иннæмæн ног нæ кæны.
# # *
Уарзæттæ кæрæдзийæн зæдты бынаты сты.
Адæм гуырдзæй дыууæ хуызы сты: иутæ дзы, цас зонынц,
уый бæрц зæгъын нæ фæразынц, иннæтæ та цы дзурынц, уый
сæхæдæг дæр нæ зонынц.
# # #
Фæндон хъуыддаджы райдайæн æмæ йе ’нтыст аразæг у.
# * #
Бæмбæгæй æргæвдæг нæ цардыл фæбæрæг.
Кадæй цард æфсир æфтауы.
236
* * *
Мæсыг чи амайы, уый йæ намыс фæстагæттæн уадзы.
* * *
Æнусон цыртдзæвæн чи аразы, уый йæ ном уæлæуыл ныууа-
дзыныл архайы.
* * *
Уарзæгой зæрдæ — амондджын зæрдæ, цардыл мыдадзау тайы.
* * *
Бинонтæн сæ къæбæры хæрд иумæ куы нал вæййы, уæд сæ
зонд дæр кæрæдзийыл нал фæбады.
* * *
Æвзæр куырдæн йе ’взалы — йæхицæй.
* * *
Адæймаджы фыдæбонæн æппæты карздæр тæрхонгæнæг у,
чи ницы кусы, уый.
Алцызонæг — ницызонæг.
* * *
Æмбисонд равзæры царды фæрсудзæнæй, фæлæ йæ уæддæр
æнцонæй сзыгъуыммæ кæнæн ис. Зæгъæм, «Æвзæрæн хорз ма
ракæн æмæ фыд ма ссарай»-йæ æвзæртæ сæ ном аппарынц, æмæ
дзы рауайы «Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай».
* * *
Уарзондзинад — царды адджындæр комулæфт.
* * *
Авдæны зарæг цæрæнбонтæм зæрдæйы зайы.
* * *
Амонд цардмæ куы æххæсса, уæд цард дидинæг калы.
* * *
Иуæй-иутæ сæхи равдисынмæ ахæм гæрзарм сты æмæ сæ хи-
уæтты марды кæндтæй дæр фæпайда кæнынц.
237
* * *
Дыууæ мады æвджид сывæллон — дзæгъæл сывæллон.
* * *
Хæрам тыхтæ куыд æнгом баст сты, афтæ хæлар тыхтæ куы
уаиккой, уæд рæстаг адæймагæн цæрын цы хъæуид.
* * *
Ныры дуджы ирон уæвын стыр бæрнондзинад у.
* * *
Истори у æнæбын, тар, талынг хъоргъ, æнæфсисæй ныхъуыры
æмæ ныхъуыры милуангай адæмы, адæмыхæттыты, чысыл æмæ
егъау паддзахæдты цард. Æмæ сæ фылдæрыл æфтауы мæрдырох.
* * *
Раздæр, дам, адæммæ зæдтæ æмæ дауджытæ æргом цыдыс-
ты, ныр та сæм бæстæйы исбон давджытæ æмæ фæллойгæнджы-
ты стигъджытæ рацыдысты æргом.
* * *
Йæ фыдæлтимæ бастдзинæдтæ цы адæмыхатт фесæфта, уый
сидзæр сывæллонау æнæбон, æнæныфс у.
* * *
Алы адæмæн дæр сæ фидæн сæхицæй аразгæ у.
* * *
Хъæхъхъаг куыдзæй ма тæрс, тæрс, сусæгæй чи хæцы, уымæй.
* * *
Æцæгæлон куыдз хæдзары рæбынмæ куы баирвæзы, уæд уый
бынæттонæй хæцагдæр кæны.
* * *
Йæ мадæлон æвзагыл иузæрдион чи у, уый æндæр адæмты
катай дæр бамбардзæн. Йæ мадæлон æвзаг, йæ адæмы ном чи
фесæфта æмæ кæйдæр «цæхæрадоны» чи æрцард, уый уыдонæн
дæр хорзы нæ бацæудзæн, сæхи дзы хъуамæ хъахъхъæной.
* * *
Адæймаг йæ удæй къæртт цы хъуыддаджы нæ бавæра, уый
адæмы зæрдæмæ нæ цæуы.
238
Зæрдæйæ дæ уарзы, дæ хъыгыл дын чи хъыг кæны, уый нæ,
]эæлæ ма дын дæ циныл дæр чи цин кæны.
* * *
Хорзы чи нæ хаты, уый æвзæры дæр нæ уыны.
* * *
Усгурæн йæ дзыхæй урс уæрыччытæ хауы.
* * *
Цы дзуармæ кувай, уый хъуамæ уæлиау уа.
* * *
Цард базонынæй адæмы базонын ахсджиагдæр у.
* * *
Ныры дуджы хицауæн дæр хицау æхца сси.
* * *
Амалджыны йе ’фсарм куы хъыгдарид, уæд ыл-иу ахæм ном
дæр не сбадид.
* * *
Рагæй-æрæгмæ æхца æмæ æфсарм кæрæдзийæн нæ быхсынц.
АФТÆ 1ДÆМÆН ДЗУРÆМ?
Ирон æвзаджы ахæм фидар дзырдбæстытæ ис, адæй-
маджы хъуыды цыбырæй зæгъынæн афтæ ахъаз сты, уымæй
фæлгонцджынæй, æмæ дæ уайтæккæ сæхиуыл ныддис кæ-
нын кæндзысты. Уыдонæй бирæтæ равзæрдысты царды
фæлтæрддзинадæй. Сæ фылдæрæн ма абон дæр рахатæн
ис сæ равзæрд, иннæты тыххæй афæлгæсын хъæуы фыл-
дæр азты æмæ æнусты сæрты. Зæгъæм, куыд равзæрдыс-
ты фидар дзырдбæстытæ: «Къутуйы бын уыдтæ?», «Ти-
бипгы рын>>, «Титыччы фæрдыг», «Мæ бон бакæла» æмæ
æндæртæ. Æнцондæр равзарæн дзы кæмæн ис, уыдонæй
иу-цалдæры тыххæй зæгъдзынæн.
ЧЪИРИЙЫ СÆРЫЛ - ЦЪУПП
Амоны равдисыны охыл кæнгæ ми. Дзырдбаст равзæрд царды
æцæгдзинадæй, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ азты мæгуыр
рæстæджы. Уыцы заман быдираг адæм фылдæр цардысты нарт-
хоры кæрдзын æмæ хæрынæн бæзгæ кæрдæджытæй. Стæм уыд
дзидза, урсаг, мæнæуы ссад. Фæлæ адæм уæддæр кодтой сæ
бæрæгбæттæ, куывдтæ, чындзæхсæвтæ. Уæд куывдтæ æмæ чын-
дзæхсæвтæм хиуæттæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ æхца нæ хастой,
фæлæ æртæ уæливыхы, карк (кæнæ æйчытæ) æмæ графин арахъ.
Уæливыхтæн цыхт нæ фаг кодта, æмæ чъиритæ цæмæй дзадж-
джындæр æмæ аивдæр зындаиккой, уый тыххæй сын-иу æфсинтæ
пецы бавæрыны размæ сæ тæккæ астæу цыхты цъупп авæрдтой.
ХЪÆДЦЗАУЫ ХÆРД БАКОДТА
Зыдæй бирæ чи бахæры, уымæй фæзæгъынц афтæ. Ныры
дуджы æрдзон газ бахæццæ рæбыны хъæутæм дæр. Æмæ уымæй
пайда кæнынц хæринаг кæнгæйæ. Раздæр та горæтты æмæ хъæу-
ты цæрджыты каст уыд хъæдмæ. Адæм галтыл æмæ бæхтыл цы-
240
дысты сугмæ. Сæумæдæвдæгæй галты кæнæ бæхты сифтындз
æмæ куы æрдæгæфсæстæй, куы æххормагæй — райсом раджы
хойраг алкæй зæрдæ нæ агуры, афтæмæй æдзыд фæндæгтыл —
хъæдмæ. Уым бричкæйы дзаг суг ракалын хъæуы фæрæтæй, бах-
сæдын æмæ самайын. Дæ хидæйдзаг хæдон дæ фæсонтыл нын-
дæгъд, афтæмæй изæрæрдæм сугты сæрыл сбадтæ æмæ фæцоб
кодтай хъæумæ. Уымæй æрмæст дæхицæн нæ ласыс суг, фæлæ
радгай колхозонтæй алы хæдзарæн дæр. Хъæддзауы куыст уæз-
зау фыдæбон кæй уыд, уый зыдта алчидæр æмæ йын-иу йе
’рцыдмæ, кæмæн куыд йæ бон уыд, ахæм хæринаг æрцæттæ код-
та. Бирæ бинонтæ-иу сын суг бричкæйæ ракалын дæр нал ба-
уагътой, сæхæдæг-иу февнæлдтой, холлаг-иу æрæвæрдтой хайуан-
тæн дæр.
Хъæддзау-иу йæхи куы æрфистæг кодта, йæ хидæйдзаг цæс-
гомыл-иу дон куы скалдта æмæ-иу фынгыл уыцы æххормагæй
куы æрбадт, уымæй ма-иу арахъ куы анызта, уæд уымæ бакæс —
хæрдæй йæ чи æфсæста. Æфсæст та æххормаджы не ’мбары.
Æмæ йыл æгæр тагъд æмæ бирæ хæраджы ном сбадт.
МÆ АРТ БАУАЗАЛ
«Мæ артыл дон бакалд», «Мæ зынг ахуыссыд», «Хæдзархæлд
фæдæн», «Царæфтыд фæдæн» æмæ ма æндæр ахæм дзырдбæс-
тытæ кæд комкоммæ хъуыды æвдисынц, уæд сæ фæсномыг ны-
сан та уымæй карздæр у. Раджы заманты артдзæстæй кадджын-
дæр, æвæринагдæр, бæрзонддæр хæс нæ уыд сылгоймагыл. Хæ-
дзары артдзæсты зынгмæ æфсин фаг цæстæнгас куы нæ дардта-
ид, уæд ын-иу ахъуызыд, æмæ йæ уæд сыхæгтæм цæуын хъуыд
зынггур. Зынггур цæуын та æнафоны нæ фæтчыд. Стæй дын
сыхаг куы нæ уа, хохы фахсыл иунæгæй куы цæрай, уæд та цы
кæндзынæ? Дæ сæрыхицау фæлладæй, æххормагæй куы æрыз-
дæха, дæ саби дын, стонджы мын у куы зæгъа, уæд ын цы акæн-
дзынæ? Хом дзидза, хом хыссæ, хом картоф чи хæры?! Уыцы
уавæр адæймаджы удынарæгмæ кæны. Æмæ уыцы уавæр сыл-
гоймагæй тынгдæр йæ зæрдæмæ ничи исы, уый бæрц нæлгойма-
гыл нæ уæз кæны æмæ, йæ бинонтæй, йæ хиуæттæй искæуыл
исты куы æрцæуы, уæд йæ рис бары уыцы уавæрыл. Ацы ны-
хæстæ дæр уый йеддæмæ уымæн ничи дзуры.
АЙ БОДЗÆН КÆРЦ НÆУ
Ирон адæмы мыггæгты хæстæгдзинады хабæрттæ иртасæг
зындгонд куырыхон лæг Хъайттаты Хъайтмырзæ куыд дзырдта,
афтæмæй, дам, Уæлладжыры комы Цъамады Черчестæм рахъо-
мыл уæйыгарæзт лæппу. Йæ ном — Бодз. Йæ ускурыны кармæ
куы бахæццæ, уæд иу зымæгон хъызт рæстæг сфæнд кодта хъуыд-
16 Цгьойты Хазбн
241
даг бакæнын. Раздæр адæм мæгуыр цардысты. Уæлдайдæр —
хæхбæсты. Нæ сын фаг кодта зæхх, хизæнтæ, фос. Сæ цин æмæ
зианы хъуыддæгтæ дæр кодтой кæрæдзийы æххуысæй. Суанг
усгуры дзаума дæр истой æфстау: райст-бавæрды хæлаф иумæ
уыд, хæдон — иннæмæ, къахыдарæс, куырæт, цухъа, худ — ан-
нæмæ. Æмæ-иу усгур хæрзарæзтæй агæпп ласта.
Усгуры дзаумайæ сцæттæ Бодз дæр. Æрмæст ма йæ, зымæг
кæй уыд, уымæ гæсгæ хъуыд кæрц. Æрзылди хъæуыл, фæлæ
дзы йæ аккаг кæрц никæмæ разынд. Йæ цæнгтæ сæ-иу бæргæ
атъыста, фæлæ-иу гуырыл нал æрбахæссыд. Æмæ та-иу Бодз
дæр афтæ бакодта: «Ай Бодзæн кæрц нæу».
Лæппу уый фыдæй йæ ус курыны фæнд уалдзæгмæ аивта. Йæ
чындзæхсæв куыд рауад, уый ничиуал хъуыды кæны, фæлæ
ныхас: «Ай Бодзæн кæрц нæу» æнусты баззад.
МÆГУЫР ЛÆГ - СОЙÆДЗАГ
Хæхбæсты цæргæйæ зымæгон хъызты, уæлдайдæр райсомæй
æмæ изæрыгæтты куыстыты, ирон æгъдæутты, ныхасы æнæ кæрц
уазалæн ничи фæрæзта. Æмæ мæгуыр лæг, цæмæй йæ кæрц фыл-
дæр лæууыдаид, уый тыххæй йæ фæлмæн кодта стуры сойæ.
Фынгыл бадгæйæ дæр-иу йæ сойæдзаг къухтæ хуыздæрæн йæ
кæрцыл æрсæрфта, æмæ йын-иу хурмæ æрттывта. Афтæмæй иуда-
рон кæрцы хицауыл сбадт ном «Мæгуыр лæг — сойæдзаг». Æмæ
ма ныр дæр ирæттæ кæрæдзи куы афæрсынц, куыд цæрыс,
зæгъгæ, уæд арæх фехъусæн вæййы: «Ницы мын у. Мæгуыр лæг —
сойæдзаг».
ЦГЬОЙТЫ БЕТЬРЕЙАУ ÆЙ ÆГЬДАУ ÆРЦАХСТА
Уæд ма Цгъойты зындгонд Бетъре æрыгон уыд. Ссæдзæм
æнусы ссæдзæм азты Майрæмададжы цард. Хъæуы зиан æрцыд
æмæ йæ Зæронд Бæтæхъойыхъæумæ бæхыл хъæргæнæг арвыс-
той. Марды хабар фехъусын кодта зианджынты хæстæджытæн
æмæ фæстæмæ Хуымæллæгыл йæ хæлар лæппутыл йæ фæндаг
ракодта. Уыдон æм æрхатыдысты, цом немæ Чырыстонхъæумæ
чындзхæссæг, зæгъгæ. Бетъре ма «нæ»-тæ бæргæ кодта, хъæр-
гæнæгæй мæ чындзхæссæг куыд кæнут, зæгъгæ, фæлæ йыл йæ
хæлæртты æфсарм фæтых, æгъдау æй æрцахста — æмæ семæ
араст.
Майрæмадагмæ Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй мæрддзыгой ссыд,
марды дæр баныгæдтой, фæлæ хъæргæнæг дыккаг бон дæр нæма
фæзынд. Хъæубæсты зæрдæ ахсайдта Бетъремæ, уæдæ цы фæци,
кæд ыл исты бæллæх æрцыд, зæгъгæ. А ныр æм агурæг арвитой,
афтæ Бетъре дæр æрбахæццæ. Сыхбæстæ бацин кодтой, æнæ-
фыдбылызæй æгас хæдзар кæй ссардта, уый тыххæй æмæ йæ
242
фæрсынц, кæм бафæстиат, уымæй. Æгъдау мæ æрцахста, зæгъгæ,
бакодта æмæ сын радзырдта йæ хабар. Адæммæ уый æнахуыр
хъуыддаг фæкаст æмæ уæдæй фæстæмæ баззад ныхас: «Цгъой-
ты Бетърейау æй æгъдау æрцахста».
БÆРОЙТЫ НАСАУ НЫННÆРСТ
Раджы кæддæр, дам, Бæройтæ сæ уæтæрты фарсмæ чысыл
цæхæрадон скодтой. Советон дуджы Ирыстоны фылдæр хæдза-
рæдты фермæты фарсмæ дæр конд уыд ахæм цæхæрадæттæ.
Сагътой дзы хъæдындз, нуры, картоф, хъæдур, хъуыдыдыйæн
нартхор. Бæройтæ дæр сæ уæтæры фарсмæ цæхæрадоны алы
халсартæ байтыдтой, ахуыйæнæн бæзгæ чи уыд, ахæмтæ, уыдо-
нимæ настæ дæр. Хъацæнæй, донæй æфсæст мæрыл сæ настæ
афтæ фесгуыхтысты, æмæ дзы иу уæрдоны гуыффæйы дæр нæ
цыд. Хъæумæ йæ куы æрбаластой, уæд ыл сæхæдæг куыд дис
æмæ цин кодтой, уымæй диссагдæр та фæци сыхбæстæн. Æмæ
уайтагъд хабар æнæхъæн хъæуыл айхъуыст. Адæм æм уынынмæ
цыдысты.
Уæдæй фæстæмæ æгæр чи схæрзхуыз вæййы, уымæй фæзæ-
гъынц: «Бæройты насау ныннæрст».
КУЫРМ ЦÆСТЫ ’РДЫГÆЙ ЙÆМ БАЦУ
Иуахæмы, дам, Тутыр уазæгуаты уыд Фæлвæрамæ. Хорз куы
фæминас кодтой, уæд хъулæй хъазынæй сæхи ирхæфстой. Хъазгæ-
хъазын сын ныхас ацайдагъ æмæ сын быцæу расайдта. Быцæу та
фесты, кæй фос сæ хуыздæр æмæ кадджындæр у, ууыл. Фæл-
вæра бузныг загъта Хуыцауæн, хæдзарон фос ын йæ бар кæй
бакодта, уый тыххæй. Адæмæн, дам, царды хос сты, æмæ сæ
дарынц, уарзынц сæ, стæй Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ æмæ
дауджытæ дæр нывондаг уыдонæй агурынц. Гъе, уымæ гæсгæ
Фæлвæра йæхи рахуыдта зæдтæй æппæты амондджындæр.
Тутырæн хъыгау уыдысты Фæлвæрайы æппæлæн ныхæстæ,
бахæлæг æм кодта, фæлæ йæ уаг нæ равдыста. Уый нæ, фæлæ
йæ бирæгъты сæрыл дзурын райдыдта, æрмæст сæ цæмæй рап-
пæла, уый нæ ардта. Иæ ныхас нæ рæстмæ кодта, стыхст, йæ
хæлæгдзинад фæтыхджындæр, æмæ уыцы уавæрæй куыд фер-
вæзтаид, уый нал зыдта. Фæстагмæ йæ фысымимæ хъазгæмха-
сæнты хъæбысæй хæцын райдыдта. Æмæ цыма барæй нæ уыд,
афтæ йын тымбыл къухæй йæ галиу цæст ахъаззаг бацафта.
Фæлвæра фæсохъхъыр: йæ галиу цæстæй нал уыдта. Тутыр
хорзау нал уыд, хатыр курын дзы райдыдта. Фæлмæнзæрдæ у
Фæлвæра, йæ фосæн тæригъæд кæнгæйæ, йæ номыл кусарт кæ-
нын дæр нæ уадзы, ирон адæм æм цыхтæй, дзыккайæ кувынц.
243
Тутырæн дæр та ныххатыр кодта йæ цæсты цæф æмæ йæ уый
нысанæн йæ хъæбысы æрбатыхта.
Уыцы ми дæр не ’рсабыр кодта Тутыры хæрам зæрдæ æмæ
фыд-зонд. Сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд фæдзырдта бирæгъты
раздзог Цъæхоймæ. Бамбарын ын кодта, Фæлвæрайы галиу цæст
кæй фæсахъат, уый æмæ йын бафæдзæхста, æппæт бирæгътæн
дæр куыд фехъусын кæна ацы хабар, цæмæй йын йæ фосмæ
лæбурой галиу цæсты ’рдыгæй.
Афтæ Тутыр гадзрахатæй рацыд Фæлвæрайыл. Адæмы æхсæн
та баззад ныхасæн, куырм цæсты ’рдыгæй йæм бацу, зæгъгæ.
Фæзæгъынц æй, хъуыддаг кæмæй аразгæ вæййы, уый ком куынæ
фæдæтты, уæд. Ома, истæмæй йæ балхæн.
«ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА»
Афтæ фæзæгъынц, искæмæн исты æфстау куы раттай æмæ
æппынфæстаг дæ къухы куы бафта, уæд. Ацы дзырдбаст нæ
ныхасмæ æрбацыд Нарты кадджытæй. Цæвиттон, Сырдон иу
лæгæй тын хæсджын фæци. Цыбыркъух лæг уыд Нарты Сырдон
æмæ, йæ хæс цæмæй бафыстаид, уый фадат ын нæ уыд. Æдзух
ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта.
Хæсдæтгæг та йæ иу æмгъуыды фæстæ бацагуырдта. «Ам нæй, —
загътой йын хæдзары. — Дæлæ хъæугæрон донхæрæн къахы».
Ацыдис хъæугæронмæ, Сырдон, мæ тын мын, зæгъгæ, йын куы
загъта, уæд ын уый дæр афтæ: «Æз дæр дæ кой кæнын. Донхæ-
рæн скъахдзынæн, дон æм рауадздзынæн, йæ былтыл ын сындз
ныссадздзынæн. Фос, хохмæ цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ, сын-
дзытыл сæхи хафдзысты, сæ хъуын сындзытыл баззайдзæн.
Уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын бауафдзынæн
æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн».
Ха-ха-ха, — зæгъгæ, хæсдæттæг ныххудт йæ дзыхыдзаг.
— Цæуылнæ худай? — загъта Сырдон, — дæ тын дæ къух
ссардта.
Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта æмæ афардæг йæ хæ-
дзармæ.
ЦЫ ЦОППАЙ КÆНЫС?
Нæ фыдæлтæ хæхбæсты тызмæг уавæрты цæргæйæ рæстмæ
фæрæз нæ ардтой æрдзы фæлдурæджджын митæй сæ цæрæн
бынат, сæ фос, сæ хуымзæххытæ бахъахъхъæнынæн. Зæххъуаг
хохаг ирон лæг уалдзæгæй фæззæгмæ, цалынмæ йæ хуымты тыл-
лæг гонты нæ ныккодтаид, уæдмæ хъуырыцъарæй лæгъстæ код-
та Хрры Уацшглайæн, тых уарынæй, их къæвдатæй, хурвæлтæ-
рæй нæ бахиз, куывдтæ дын кæндзыстæм, зæгъгæ.
Хоры Уацилла уæлдай кадджындæр уыд ирон адæммæ. Рæ-
244
сугъд нæлгоймаджы дæр ууыл барстой, Арвуациллайы хуызæн
у, зæгъгæ. Зæххыл хæрам тыхтимæ дæр уый тох кæны, расур-
басур сæ кæны, йæ цæхæрæй сæ дзæхстытæ кæны. Арвыл, дам,
мигъты кæрæттæ цæхæртæ, æрттывтытæ уымæн фæкалынц. О,
фæлæ-иу арвы цæф адæймагыл куы æруад, уæд дæр æй Уацил-
лайы аххос кодтой. Уациллайæ та ахæм нымд кодтой æмæ ма
дзы-иу хатыртæ дæр куырдтой, кувгæ-кувын-иу æй фарстой,
цæуыл нæм фæхъыг дæ, зæгъгæ. Кувдзыстæм дæм, нывондтæ
дын кæндзыстæм, æрмæст нæм фыдæх ма кæн, дæ азар ныл ма
кал, зæгъгæ-иу, куырдтой.
Арв-иу кæй æрцавта, уыцы адæймагыл кæуын нæ фæтчыд
Арвуациллайы тасæй. Уый хыгъд-иу уыдысты хъуыддагхуыз,
мардыл-иу сыджыт бакалдтой, стæй-иу нæлгоймагæй, сылгойма-
гæй кæрæдзийы цæнгтыл æрхæцыдысты æмæ дæларм-уæларм
Уацилламæ заргæ, кувгæ, кургæ, райгас æй кæн, зæгъгæ, йæ
алыварс кафыдысты. Уыцы æгъдау хуындис Цоппай. Æрвдзæф-
тæй-иу стæмтæ тынг хъыгдард нæ баййæфтой, æрвæрттывдæй
сæ-иу цы ток бацыд, уый-иу уымæл зæхх йæхимæ куы айста,
уæд-иу се ’муд æрцыдысты.
Цоппай кæнынц чырыстон аргъуаны кусджытæ дæр. Сæ ты-
рысатæ æмæ аргъуаны æндæр уаз дзаумæттæ уынгтæм куы ра-
хæссынц, иу аргъуанæй иннæмæ куы фæцæуынц, уæд уый дæр
хуыйны Цоппай, дзуары Цоппай.
Уыцы дыууæ æгъдаумæ гæсгæ, адæймаг, æнæсæрфат рацу-
бацу куы фæкæны, уæд æй афæрсынц: «Цы цоппай кæныс?» Ома,
æдзæлгъæдæй дæ рæстæг цы сафыс, цæуылнæ исты кусыс?
БÆТÆГАТЫ БÆХЫ НАД
Советон дуджы агъоммæ бæх ирон лæгæч йæ бинонты дарæг
дæр уыд æмæ йæ хъалгæнæн дæр. Хæлæг кодтой,саргъы, уæл-
дайдæр та, дугъон бæхтæ кæмæ уыд, уыдонмæ. Хорз бæх бинон-
тыл нымад цыд, æмæ-иу ыл исты бæллæх куы æрцыд, уæд ыл-
иу тынг фæхъыг кодтой.
Дугъон бæх, дам, уыд Бæтæгатæй иу хæдзармæ дæр. Бинон-
тæй йыл алчидæр узæлыд, хосы, холладжы хуыздæр ын лæвæр-
дтой, сыгъдæг æй дардтой. Найгæ йæ æгæр арæх кæй кодтой,
уый адæм бафиппайдтой, æмæ уайтагъд сæ ныхасы фæзынд дзыр-
дбаст «Бæтæгаты бæхы над». Дзургæ та йæ кодтой æмæ кæнынц
хъазгæмхасæнты. Искæмæ исты зылын ми куы бафиппайынц,
уæд мидбылхудгæ акæнынц: «Бæтæгаты бæхы над дын фæкæн-
дзынæн». Ома, рисгæ нæ, фæлæ æхцон над. Ам дзырд нады кæд
фылдæр мивдисæг нæмыны мидис хъуысы, уæддæр æй дзурæг
æмæ йæ кæмæн зæгъы, уыдон дæр бамбарынц, Бæтæгатæ сæ
бæхы нæмгæ нæ, фæлæ найгæ кæй кодтой.
Ахæм дывæр хъуыды æвæрд ис ацы дзырдбасты.
245
ЙÆ ХЪУЗÆТТÆ
«Уыдоныл ма ’ууæнд, уыдон йæ хъузæттæ сты». «Йæ хъу-
зæттæй йæ ныфс хæссы». «Йæ хъузæтты фæрцы бацахста уыцы
бынат». Æмæ ма æндæр ахæм ныхæстæ фехъусæн вæййы ирон
адæмæй. Цы у хъузон? Цы амоны? Афтæ цæмæн дзурæм? Хъу-
зон у рагон ирон дзырд, у дзырд æххуысгæнæджы синоним. Ра-
джы-иу бæхты дугътæ куы уыд, уæд-иу дугъы чи уад, уыдонæй
кæмæндæрты уыд хъузæттæ-æххуысгæнджытæ. Уыдон-иу сæ
бæхтыл дугъæтты размæ рацыдысты æмæ-иу йæ хæлары фæл-
лад бæхмæ чи ехсæй æвзыста, чи йын йæ идоны уæлдай рохтыл
размæ хæцыд. Афтæмæй йæ размæ схуыстой, æххуыс ын-иу код-
той иннæты разæй фæуынæн. Уыцы уавæр хорз равдыста Тугъан-
ты Махарбег йæ ныв «Рагон ирон дугъты».
Фæстæдæр дзырд хъузоны ирон адæм бавæрдтой æндæр хъуы-
ды дæр ма, фæуæрæхдæр ын кодтой йæ мидис. Бæхты дугътæй
йæ рахастой цардмæ, адæмы æхсæн ахастдзинæдтæм. Бафтыд-
той йыл æппæрццаг миниуæг. Ома, адæймаг зондæй, хъаруйæ
æмæ ахуыргонддзинадæй цы нæу, ахæм бынаты куы сбады, кæнæ,
цæй аккаг нæу, ахæм аргъ ын куы скæнынц, цы нæу, уымæй
йæхи уæндондæрæй куы февдисы, уæд ракæнынц йæ хъузæтты —
йе ’ххуысгæнджыты, фарсхæцджыты кой. Æмæ кæд дугъы рæс-
тæджы хъузæттæ дарын, уыдоны фæрцы разæй æрбацæуын
æмбæлд, уæд царды та уый у худинаг. Уымæн æмæ цард дугъ
нæу, дугъ иу хатт, иу бон вæййы, цард та бирæ бонтæ æмæ
азтæй нымайгæ у, æмæ уыйбæрц рæстæг искæй фæрцы цæрын,
уынаффæ кæнын худинаг у. Цард алкæмæй дæр домы фæлтæрд-
дзинад, фæразондзинад. Уыцы миниуджытæ кæмæ не сты,
уыдонмæ намыс никуы æрцæудзæн. Уымæн у æгад, йæ хъузæт-
ты аууон чи цæры, уый.
ГАБАНТЫ ХАРДЗÆЙ
Ссæдзæм æнусы райдиан Габантæй иу æвзыгъд æмæ зæрдæр-
гъæвд лæппу уæлдæр скъола каст фæци æмæ Бакуйы кусын рай-
дыдта инженерæй нефткусæн заводы. Уым йæхи хорзæй базо-
нын кодта æмæ йын кад уыдис кусджыты, стæй разамынды
æхсæн. Арæхстджын æмæ зонындзинæдтæй ифтонг кæй уыд,
уымæ гæсгæ хуымæтæг инженерæй бирæ нæ бакуыста, уайтагъд
ын йæ хæстæ фæфылдæр кодтой.
Лæппуйы хорзы кой айхъуыст горæтыл æмæ æрбахæццæ суанг
Ирыстонмæ дæр. Уыцы рæстæг Бакуйы ирæттæ дзæвгар цард, —
куыстагурæг афтыдысты уырдæм. Бафтыд ма сыл Габанты лæп-
пуйы1 фæрцы дæр. Уый сæ куыстмæ исын кодта, йæхæдæг кæм
куыста, уырдæм, стæй йæ хорз зонгæты куыстуæттæм. Æмæ йæ
хæстæджытæй, зонгæтæй, æнæзонгæтæй бирæтæ атындзыдтой
246
Бакумæ. Стыр улупа истой æмæ бæркадкъухæй здæхтысты Ирыс-
тонмæ. Ам сæ-иу дисгæнгæ фарстой:
— Де ’хцатæ иууылдæр куы схастай, уæд ма цæргæ та цæмæй
кодтай?
— Габанты хардзæй! — уыдис-иу сæ дзуапп.
Æмæ, æцæгдæр, Габанты инженер ирæттæн Бакуйы уыд сæ
фæрныг фысым. Фыццаджыдæр уымæ цыдысты æмæ-иу цалынмæ
кусын нæ райдыдтой, уæдмæ цардысты йæ хæдзары, йæ хар-
дзæй. Уæдæ-иу, кусын куы райдыдтой, уæд дæр-иу, цалынмæ
мызд нæ райстой, уæдмæ хæрæндоны сæ хæрд фыст цыд Габан-
ты инженерыл.
ХАЛОНЫ АЙКАУ НЫППЫРХ
Халон диссаджы маргъ у. Цы йæ бакаст, цы йæ митæ, цы йæ
зонд. Хъуыддагыл рагацау биноныг чи ахъуыды кæны æмæ раст
барæнтæ чи скæны, уыцы адæймагæй афтæ фæзæгъынц: «Хало-
нау йе уæны кæсы». Уый уымæн, æмæ халон холыйы, туджы
тæф дардмæ æнкъары, раст уæны акæсæгау, дам, æй фены, базо-
ны. Стæй ма, цас раст у, уый нæ зонын, фæлæ искуы стур къæ-
дзæхæй куы рахауы, уæд, дам, йæ цæстыл туджы хуыз абады
æмæ йæ кæцырдыгæй уыны, уыцырдæм йæ базыртæ айтындзы.
Дзурынц, халон, дам, æртæ сæдæ азы цæры.Фæлæ, кæй зæ-
гъын æй хъæуы, йæ азтæ йын ничи банымадта, бæлвырдæй зо-
нæм иу хъуыддаг: халон у, алцыдæр чи хæры, ахæм маргъ. Фа-
джысы рагъыл слæудзæн æмæ дзы уаллæттæ уидздзæн. Уымæй
йæ базыртæ уæлæмæ сисгæйæ: счъизийæ сын тæрсы. Хуымæ-
тæджы нæ фæзæгъынц, йæхи даргæ иухуызон чи фæкæны, йæ
митæ та æндæрхуызон кæмæн вæййынц, уыдонæй: «Халонау йæ
базыртæн счъизийæ тæрсы, чъизи та йæ удыхъæд у».
Халон цæры йæ гуыбынæн, йæ гуыбыны тыххæй, дам, зымæг
Мæскуыйæ Парижы онг батæхы. Халоны тыххæй бирæ хабæрттæ
фехъусæн ис. У къæрных, давы карчы æмæ тæхгæ мæргъты
æйчытæ, бацахсы сын сæ ахстæттæ. Йæхæдæг дæр бæрзонд бæ-
лæстыл аразы ахстон, фæлæ йæ цардыуаг куыд уæгъд æмæ быгъ-
дæг у, йæ ахстон дæр афтæ: гæмттæ æмæ йын хуынчъытæ вæййы.
Гъе уый аххосæй, йæ æйчытыл къуртты куы фæбады, уæд дзы
кæнæ хуынкъæй искæцы æрхауы, кæнæ уæлæнгай ахстонæй ра-
тулы. Æмæ дæ фыдгул афтæ! Гъе уымæ гæсгæ, исты куы асæт-
ты, уæд фæзæгъæм: «Халоны айкау ныппырх».
Халон зондджын маргъ у: алцыдæр цæттæйæ уарзы, искæй
фæллоймæ ныхилы. Фæлæ йыл джызæйлаг Уæлыгæсты Саркис
уаргъ сæвæрдта. Цæвиттон, цалдæр уалдзæджы-иу ын йæхи
æйчытимæ (æрæфтауы 4-5 айчы) карчы æйчытæ йæ ахстоны
сæвæрдта æмæ-иу уыдоныл дæр фæбадт. Æцæг-иу цъиуты бæла-
сæй афоныл райсын бахъуыд, науæд бæласæй куы рахауой, уæд
ныппырх уыдзысты.
247
АРСИМÆ КÆРДО ЦÆГЬДЫН
Ацы дзырдбасты хъуыды абон бирæтæн æмбæрстгонд нал у.
Уымæн æмæ горæтты цæргæйæ æрдзæй фæиппæрд стæм. Арс
фылдæр цæры æрдзы лæвæрттæй, хæры æвзаргæ кæрдæджытæ,
гагадыргътæ, дыргътæ, халсартæ. Æппæтæй фылдæр та уарзы
мыд æмæ кæрдо. Мæлдзыджытæ адджын сты, æмæ уыдоныл
дæр йæхи аирхæфсы. Уый тыххæй йыл ахæм æмбисонд ис: «Арсы,
дам, мыдмæ ластой æмæ йын йæ хъустæ атыдтой: нæ куымдта.
Фæлæ дзы куы ахордта, уæд та дзы комгæ нал кодта æмæ йæ
фæстæмæ куы ластой, уæд та йын йæ къæдзил атыдтой». Уый
аххос кæнынц йæ цыбыр хъустæ æмæ цыбыр къæдзил.
Арсыл ма ис æндæр æмбисонд дæр: «Арсау цымы бын баз-
зад». Афтæ фæзæгъынц, æнхъæлмæ кæсгæйæ фыдæнхъæл чи
фæвæййы, уымæй. Цым уалдзæджы дидинæг тынг раджы рака-
лы, йæ дыргъ та æрæгмæдæр сцæттæ вæййы. Гъе æмæ, арс дыргъ
бирæ кæй уарзы, уымæ гæсгæ цым бæласы уалдзæджы дидинæг
калгæ куы федта, уæд йæ цурæй нал ацыд. Фæлæ фыдæнхъæл
фæци: цалынмæ цым цæттæ кодта, уæдмæ иннæ дыргътæ хæрд
фесты.
Арс хъаруджын сырд у, бæлæстыл хилынмæ рæвдз у. Куы сæ
ныууигъы, уæд ма сæ уидæгтæ дæр базмæлынц æмæ сæ бынтæ
айдзаг вæййынц дыргътæй. Адæймагæн бæлас йæ бон афтæ тынг
ныууигъын нæу, арсимæ кæрдо цæгъдынæй быцæуы нæ фæуæ-
лахиз уыдзæн. Гъе уымæ гæсгæ адæймаг йæхицæй тыхджындæр,
амалджындæр, фæрæзджындæр лæгимæ куы сбыцæу вæййы, уæд
фæзæгъынц: «Арсимæ кæрдо цæгъды».
КУЬГГАЙЫ РÆДЫД ДЫЛ ÆРЦÆУÆД
Ссæдзæм æнусы райдайæны ирæттæ Дзæуджыхъæуæй Ка-
лакмæ цыдысты уæрдæтты æмæ бричкæты. Калакæй Дзæуджы-
хъæумæ ластой алыхуызон товар, æмæ сын сæ фыдæбонæн чы-
сыл цыдæртæ фыстой. Уæд иуахæмы чырæ-балцы архайджытæ
гуырдзыйы зæххыл иу хъæдрæбын æррæсæн кодтой, сæ фæл-
лад суагътой, къæбæр бахордтой. Хъæдмæ сæхи хъуыдыйы дæр
бауадысты.
Джызæйлаг Зыгъуытаты Куыта дæр уыдис семæ. Уый иннæ-
тæй уæлдай хъæды арфдæр бацыд. Уым йæ цæст æрхæцыд цы-
дæр æмбæхсæн бынатыл. Куы йæ асгæрста, уæд дзы чысылго-
мау чырын. Куыддæрты йæ байгом кодта, æмæ алы хæзна дзау-
майæ йе дзаг. Хæзнадон куыд уыди, афтæ йæ бамбæхста, йæхæ-
дæг йæ гуыбыныл хæцгæ йе ’мбæлттæм рацыд:
— >М' ахсæнæй мæлын, нæ фæндаггагæй мын цыдæр нæ фæ-
бæззыд...
Йе ’мбæлттæ йыл бамæт кодтой: чи йын цы амыдта, чи — цы.
248
— Нæ, нæ... Мæнæн дарддæр цæуын мæ бон нал у. Фæстæмæ
здæхын. Мæнæ уал мæ уæрдоны æрулæфон, кæд мын фенцон-
дæр уаид. Сымах уæ фæндаджы кой кæнут.
Ма кæ, Куыта, махимæ дын ницы уыдзæн, рæдийыс, зæгъгæ,
йæм æрхатыдысты йе ’мбæлттæ. Фæлæ Куыта къæрттæй цъула
нæ аппæрста: нæ сæм байхъуыста, нæ йæ басастой. Æмæ уæд
уыдон дæр сæ бæхтыл ахъæр кодтой Калачы ’рдæм. Чырæ куы
фезмæлыд, уæд дæр ма йæм дзы иу æрбахъæр кодта:
— Ма кæ, Куыта, рæдийыс.
Куыта уыцы ныхасыл йæ мидбылты бахудт æмæ йæхи уæрдо-
ны æруагъта. Бæлцæттæ куыддæр адард сты, афтæ йæ уæрдон
аууондæр ранмæ ныттардта, бæх æрбаста æмæ хъæды фæмидæг.
Тагъд-тагъд йæ басылыхъ йе ’рагъæй фелвæста æмæ куыддæр
æмбæхсæн бынатмæ бахæццæ, афтæ хæзнатæ уым тухын-æфсна-
йыныл фæци. Басылыхъ æд хæзнатæ йæ астæуыл æрбатыхта,
фидар æй бабаста, йæ мидхъуын кæрц йæ уæлæ ’рбакодта æмæ
та уыцы рæвдзæй фæстæмæ фездæхт. Йæ уæрдон Дзæуджыхъæуы
’рдæм æрзылдта, æмæ дыккаг бон дыууæизæры астæу æрхæццæ
Джызæлмæ. Бинонтæ изæры зылдтытыл уыдысты æмæ, нык-
кæнды куыд фæмидæг, уым йæ хæзнатæ куыд амбæхста, уый
зонгæ дæр ничи бакодта.
Йæ хæзнаты хабар Куыта йæ усæн дæр не схъæр кодта, стæй
йæм Калакмæ цæуыны фæнд дæр никуыуал æрцыд. Уый хыгъд
цалдæр хатты Ростовы балæууыд. Адæмæй-иу æфсонæн æфстау
æхцатæ райста, йæ хæдзары дукани байгом кодта æмæ дзы алы-
хуызон дзаума, хъуымац уæймæ равæрдта.
Иу-цалдæр азы куы рацыд, уæд Куыта Дзæуджыхъæуы або-
ны урс ахæстæтты дæле Æрыдоны уынджы зæххы хай балхæдта
æмæ дзы дæргъæй-дæргъмæ цъæхсæртæ ныззылдта. Дуканитæ,
алыхуызон æрмадзтæ дзы байгом кодта æмæ хъæздыгæй-хъæз-
дыгдæр кодта. Уæд рахъæр йæ сусæгдзинад дæр, æмæ адæм кæ-
рæдзийæн арфæ кæнын райдыдтой, Куытайы рæдыд дыл æрцæ-
уæд, зæгъгæ.
Ног цардарæзт Куытайы пайдайæн нæ фæци, йæ бирæ хæ-
дзæрттæ йын байстой æмæ сæ паддзахадмæ радтой. Алыхуызон
кусæндæттæ дзы бакодтой. Æрæджы дæр ма, цалынмæ сæ нæ
фехæлдтой æмæ сæ бынаты бирæуæладзыгон хæдзæрттæ нæ са-
рæзтой, уæдмæ дзы уыдис халсартæ цæхджынгæнæн цехтæ.
ЦЫМЫДИСАГ ХАБÆРТТÆ ИРÆТТЫ ТЫХХÆЙ
Ирои адæймаг цынæ уавæры бахауы, фæлæ йæ хорз
удыхъæды, йæ раст зоиды фæрцы йæ намыс никуы фæцу-
ды. Сыгъдæгæй, фæрнджынæй диссагæн дзуринагæн дзы
куыд рацæуы, уый тыххæй пын дзурынц ацы цымыдисаг
хабæрттæ.
ЦАРД ХÆСТЫ БЫДЫР НÆУ
Ацы хабар зонæм стыр нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы ны-
хæстæй.
Уæрæсе æмæ Турчы хæсты рæстæг иу мæйрухс æхсæв кæм-
дæр акъоппыты бадтысты ирон хæстонтæ. Тынг сфæлмæцыдыс-
ты иу ран æхсæвасадæн кæнынæй. Уæд, дам, сæ иу иннæмæн
афтæ зæгъы:
— Аслæнджери, дæ хорзæхæй, ацы мæйрухсы ам кæдмæ ри-
вæд кæндзыстæм? Ау, ирæттæ нал стæм, æви?! Цом азилæм,
афæлгæсæм, кæддæра Турчы паса цы ми кæны?
Гъе æмæ дын сæ къамандиры æвастæй æнæхъæн взводы бæр-
цæй ацыдысты сæ бадæн бынатæй. Иуцасдæр куы ауадысты,
уæд кæсынц, æмæ уæртæ Турчы ’рдыгæй æрбацæуы стыр чырæ:
бæхтыл, хæргæфстыл. Махуæттæ, зæгъы, айтæ-уыйтæ нал фæ-
кодтой, фæлæ фæсвæдтæм асæррæтт кодтой æмæ цалдæр ранæй
æхсын райдыдтой чырæ ласджыты. Уыдон, æвæццæгæн, фен-
хъæлдтой, уырысы æрхъулайы бахаудтам, зæгъгæ, æмæ ма цы
сæ бон уыд, уымæй лидзæг фесты, сæ фæллой уым фæуагътой,
афтæмæй.
Аслæнджериитæ куы базыдтой, туркæгтæ фæльпъдысты, уæд чы-
рæмæ сæхи байстой. Уæрдæтгæ æмæ бричкæтæ семыдзаг уыдысты
хæлц, уæлæдарæс, хæцæнгарз æмæ алыхуызон хæстон æрмæгæй.
— Цæй, ныр цы кæнæм, Аслæнджери? — фæрсы сæ иу, —
фæллой бирæ байстам, фæлæ ардæм къамандирты æвастæй ра-
цыдыстæм, æмæ?..
250
— Уæллæй, ацы хайуантæ æмæ хæцæнгæрзтæ Ирыстоны мæ
къухы сты, уæд, хъæлæк, базонин, цы кæнын хъæуы, уый, — йæ
синысæрыл хæцгæйæ дзуапп радта, Аслæнджери кæй хуыдтой,
уый.
Боныцъæхтыл хабар бахæццæ кодтой полчъы къамандирмæ.
Уый уыцы æппæт хъæздыг чырæ куы федта, уæд æвæстиатæй
Бетъырбухмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, тæккæ дысон ме ’фсæдтæ
хъазуат тохы знагæй байстой стыр чырæ æд хотыхтæ, æд хæлц,
æд дарæс, æд тырысатæ. Афтæмæй булкъонæн къуырийы
æмгъуыдмæ инæлары цин радтой.
Хæст куы фæци, уæд уыцы инæлар басидт ирон хæстонтæм
æмæ сын афтæ:
— Ирæттæ, хæсты быдыры кад æмæ намыс сымахимæ ссард-
тон æмæ ныр сабыр царды рæстæджы дæр цæуын сымахмæ,
Ирыстонмæ, уе ’хсæн кусын æмæ цæрынмæ.
Зæгъынц, уыцы инæлар, дам, æцæгдæр кусын æмæ цæрынмæ
ссыд Дзæуджыхъæумæ. Цалдæр азы дзы куы фæци, уæд иу бон
æрæмбырд кодта йе ’мхæстон ирæтты æмæ, дам, сын афтæ зæгъы:
«Æз табу кæнын Хуыцауæн, сымахимæ мын хæсты быдыры фес-
гуыхынæн фадат чи радта, фæлæ мæ Хуыцау бахизæд сымахæн
сабыр царды разамынд дæттынæй. Сымах хъæуа-нæ хъæуа алы
ран дæр æмхиц стут кæрæдзиимæ быцæу кæнынмæ, уый мæнæй
цæмæй хуыздæр у, мæ разæй цæмæн ис, зæгъгæ. Ахæм миниуæг
хæсты быдыры иттæг хорз у, фæлæ уæ тынг хъыгдары уæ са-
быр царды, кæрæдзи размæ цæуын нæ уадзут.
Афтæ мæм кæсы, æмæ уын уæхи паддзахад куы уаид, уæд уæ
паддзахыл хъаст кæниккат уырыссаг городовоймæ дæр. Паддзах
кæй у, æрмæстдæр уый тыххæй. Уымæн æмæ уæ алчидæр йæ
бынатмæ тырнид. Сабыр дуджы та афтæ хъуамæ ма уа! Цард
хæсты быдыр нæу. Разæй дæр дзы фесгуыхæн ис æмæ фæсте
дæр».
ЛÆДЖЫХЪÆДДЖЫН СЫЛГОЙМАГ
Ирон адæм кæддæриддæр буц æмæ сæрыстыр уыдысты сæ
сылгоймæгтæй. Уымæн æмæ сын сæ фарныл фарн æфтыдтой,
сæ кадыл — кад. Хуымæтæджы се ’взаг дæр мадæлон нæ рахуыд-
той. Мадæн аргъ нæй, нацийы фидæн уымæй аразгæ у. Æмæ йын
чи куыд аргъ кæны, уымæ гæсгæ базонæн ис, адæмыхатт дунейы
рæзты цавæр къæпхæнмæ схызт, уый.
Зондджын, æгъдауджын æмæ зæрдæджын сылгоймагæй-иу нæ
фыдæлтæ афтæ дзырдтой, уый лæджыхъæдджын сылгоймаг у,
зæгъгæ, æмæ йæ фарстой Ныхасы, тæрхоны. Йæхицæй хистæр
нæлгоймæгтæ дæр ын кад кодтой. Лæугæйæ йыл æмбæлдысты,
лæугæйæ йæ фæндараст кодтой. Уæвгæ, ирон нæлгоймаг сыл-
гоймаджы раз йæхи æнæуагæй никуы æвдыста, йæ цуры бандо-
251
ныл йæхи уæгъдибарæй нæ ауагътаид, æнæзæрдæмæдзæугæ ны-
хас не скодтаид.
Ирон сылгоймагæн йæ фарн бирæ у. Нарты Сатанайы фарн
ыл æфтыд у. Кадæджы Зæрисæры чызджы чызгæфсады сгуыхт,
историон Томирисы æфсады хæстон намыс æй бæрзонд æвæры.
Зæдæлесчы Нана æмæ Гокъонаты Киабæ дæр уыдонау зæрдæ-
джын æмæ лæджыхъæдджын уыдысты. Лæгдзинад равдыстой,
æмæ сæ нæ рох кæнæм. Лæджы æмсæр, лæджыхъæдджын уыд
Бæдтиаты Гадзи дæр. Йæ кадджын ном баззад Ирыстоны фæл-
тæртæн зонд базонынæн, фæзминагæн, сæрыстырдзинадæн. Уый
разагъды лæгты æмрæнхъ тыхст Ирыстоныл, ирон адæмыл æмæ,
йæ зонд, йæ ныфс, йæ зæрдæ цæй бæрц карстой, уый бæрц сын
æххуыс уыд. Фарст цыд стыр уынаффæты, хæстон хабæртты.
Йæ ныхас ахадыдта хъуыддаджы. Адæмæн уыд уарзон, ныфс.
Зæгъынц, фæцардис^ дам, 200 азы.
ХУСÆЙ ДАСДЖЫТÆ
Историйы цыды лæгдзинад кæм хъуыд, уым ирон адæм фæс-
те никуы лæууыдысты. 1877—1878 азты Болгарийы зæххыл Тур-
кимæ хæсты цы хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдыстой, уый
та æнустæм дзуринагæн баззад. Мæнæ куыд фыста уыцы хæсты
хъæбатыр урс инæлар М. Скобелев ирæтты тыххæй: «Поведение
осетин в эту кампанию по беспримерному самоотвержению и ры-
царской храбрости выше всякой похвалы...»
Ирыхъæуккаг Дзлиаты Бицко (Георгий) цард 1829—1922 азты.
Туркмæ хæстмæ ацыд ас лæгæй. Техникон наукæты доктор, про-
фессор Дзлиаты Ладе мын куыд радзырдта, афтæмæй хæстмæ
куы цыд, уæд, дам, ыл цыд 50 азы æмæ Ирыхъæуæй араст йæхи
бæхыл. Болгарийы уырыссаг-туркаг хæсты фæци йæ райдайæ-
нæй йæ кæронмæ. Бирæ хæттыты дзы фæцæфтæ. Ирыстонмæ
сыздæхт стыр хæрзиуджытимæ. Уæлдай кадджындæр дзы уыд
«Золотой Темляк». Уый, дам, кæмæ уыд, уый нымад цыд уæз-
дæттыл.
Бицкойы зæрдыл ма хорз лæууыдысты хæсты хабæрттæ æмæ
сæ кæстæртæн арæх дзырдта. Æз уын дзы Ладейы иыхæстæй
ракæндзынæн иу.
Шипкæйыл тохы ирон адæм стыр хъæбатырдзинад равдыс-
той. Цалдæры ном дзы Шипкæйы цыртдзæвæныл дæр ма фыст
æрцыд. Бицко дæр хъæбатырæй архайдта Шипкæйы хæстыты.
Иуахæмы хохы рагъыл иу абырстæй иннæйы æхсæн ирæттæ
фæкъорд сты. Сæ фæллад куы æрцыд, уæд сæхи адасын фæнд
скодтой. Раздæр нæ фыдæлтæ сæ сæртæ дасгæ кодтой, гомсæ-
рæи цæуын худинаг уыд æмæ æдзух худтæ кæй дардтой, уымæ
гæсгæ сæ сæртæ хид кодтой. Уый тыххæй балцы цæугæйæ ирон
лæг йæ хъамайы кæрддзæмыл фидаргонд дыккаг кæрддзæмы ха-
252
ста сæрдасæн кард. Хæсты дæр уыцы кæрдтæ семæ бæргæ уыдыс-
ты, фæлæ дон æмæ сапон та кæм самал кодтаиккой? Æмæ уæд,
хусæй адасæм нæ сæртæ, зæгъгæ, сфæнд кодтой. Сæ кæрдтæ
хорз адаудтой, стæй кæстæртæ хистæрты сæртæ дасын райдыд-
той. Хусæй дасгæйæ сæры царм, ай-гъай рыст, цæссыг-иу рус-
тыл æрцыд, фæлæ фæрæзтой.
Уыцы рæстæг зындгонд урс инæлар Скобелев зылд йе ’фса-
дыл: бæрæг сын кодта радон ныббырстмæ сæ цæттæдзинад. Ско-
белев йæ хъæбатырдзинад æмæ йæ зæрдæхæлардзинадæй зынд-
гонд уыд, хæстонты ’хсæн ын стыр кад уыд. Йæхæдæг ирæтты
хъæбатырдзинады тыххæй бирæ хорз ныхæстæ ныууагъта, хорз
цæстæй сæм каст, стыр аргъ сын кодта. Ныр дæр сæм æрбацыд
æхсызгонæй. Ирон хæстонтæ йæ уайтагъд ауыдтой, сæ сæртæ
дасын фæуагътой æмæ уырдыг алæууыдысты. Уый сын салам
радта, стæй афтæ:
— Что вы делаете, молодцы?
— Бреем головы, — дзуапп ын радта хистæр, Бицко. Дзæу-
джыхъæуы схъомыл æмæ уырыссагау зыдта.
Инæлармæ диссаг фæкаст сæ фæразондзинад æмæ та афарста:
— На сухую?
— Да. Воды нет.
— А вы можете меня побрить?
— Извольте, садитесь.
Урс инæларæн бандон ацæттæ кодтой. Уый æрбадт. Хусæй
йæ дасынц кæстæртæ. Бицко йæ фæрсы:
— Вам не больно?
— Конечно, больно. Но раз вы терпите, то и я потерплю.
Ахæм хъæбатыр æмæ зынтæн фæразон уыдысты нæ фыдæлтæ,
æмæ уымæй хæствæлтæрд инæлæртты дæр дисы æфтыдтой. Сæ
уæндон æмæ фидар удыхъæдæй, се ’гъдау æмæ уæздандзина-
дæй. Махæн, абоны, стæй фидæны фæлтæртæн сты æмæ уыдзы-
сты фæзминаг. Сæ фарн нын сæфт макуы уæд.Уæд царды уы-
дзыстæм ныфсджындæр, хъомысджындæр.
АДÆЙМАГ ЙЕ ТЪДАУÆЙ АДÆЙМАГ У
1906 азы Сабыр фурдыл Амырыкмæ цыд паддзахы æфсады
отставкæйы афицер. Науы цы бирæ адæм уыд, уыдонимæ уыды-
сты ирон бæхылбадджытæ дæр. Амырыкмæ цыдысты сæ аивад
æмæ арæхстдзинæдтæй æхца бакусынмæ. Æрыгон, æвзыгъд, гуыр-
видауц лæппутыл йæ цæст æрæвæрдта афицер. Се ’гъдауыл, сæ
фезмæлдыл дис кодта. Хистæрæн фæндаг куыд лæвæрдтой, ис-
кæимæ ныхас кæнгæйæ-иу раст куыд алæууыдысты, куыд бино-
ныг æм хъуыстой, ноджы, хионæн куыд лæггад кодтой, æцæгæ-
лонæн дæр — афтæ, даргъ æмæ зын фæндагæй иннæтæй уæлдай
фæлмæцыдхуыз куыд не ’вдыстой. Уæлдай диссагдæр та йæм
253
фæкаст, ацæргæ нæлгоймагæн бынат куыд радтой, уый. Ноджы
ахæм дæргъвæтин фæндагыл! Европæйæгтæ ацы зæронд лæгæй
загътаиккой, кæд ын бынат нæ уыд, уæд кæдæм цыд, зæгъгæ.
Ацы æнæзонгæ адæм та йын сæ бынат радтой æмæ ма йæм хионы
цæстæй дæр акастысты — лæггад ын кодтой.
Афицер йæхи нал баурæдта: бацыд æмæ базонгæ семæ. Уай-
тагъд иумæйаг æвзаг ссардтой. Суанг Амырыкмæ сæ нал фæхи-
цæн. Зæрдæ сын бавæрдта, Амырычы йын хорз зонгæтæ кæй ис,
æмæ сæм йæ хъус кæй фæдардзæн.
Нæ фæсайдта афицер ирон бæлццæтты. Уый нæ, фæлæ йæ
зæрдæмæ се ’гъдау, сæ удыхъæд афтæ тынг фæцыдысты æмæ
Уæрæсемæ куы ’рбаздæхт, уæд сфæнд кодта Ирыстоны бабæ-
рæг кæнын, ирæтты хуыздæр базонын, сæ цард сын сахуыр кæ-
нын. Æмæ та уыцы фæнд дæр сæххæст кодта.
Гъе, афтæ фæзынд фыссæг Владимир Яковы фырт Икскуль.
Паддзахы æфсады отставкæйы афицер уæвгæйæ уый цард Нейен-
гофы йæ фыды хæдзары. Литературон фæлварæнтæ кодта, фæлæ,
зæгъæм, Амырыкмæ цæугæйæ ирæттыл нæ фембæлд, уæд кæд
æмæ куыд хъуамæ ныффыстаид ирæтты, цæцæйнæгты, мæхъæ-
лæтты æмæ дагестайнæгты цардæвдисæг уацмыстæ «Святой Илья
горы Тбау», «Названые братья», цыппарархайдон драмæ «Имам
Гамзат» æмæ бирæ новеллæтæ.
Йæ адæмы хъæбул бæрæг дары алы ран дæр: чи — æвзæрæй,
чи — хорзæй, æмæ Икскуль науы цы ирæттыл фембæлд, уыдон
сæ адæмы куыдæй равдыстой, уый фæзминаг у абоны фæлтæр-
тæн дæр. Алы ирон дæр: нæлгоймаг уа, сылгоймаг кæмфæнды
дæр, уæлдайдæр та Ирыстоны æдде, йæ нацийы минæвар у, æмæ
йæ хъуамæ уый иу уысм дæр рох ма уа. Уый зæрдыл даргæйæ
йæ сæрмæ æгаддзинад не ’рхæсдзæн, æмæ йæ хорзы кой æнæ-
мæнг баст уыдзæн йæ раттæг адæмы номимæ.
Мæ хæлар зындгонд журналист Гутнаты Валодя мын ахæм
цау радзырдта. Советон дуджы, дам, фæсарæйнаг туристты иу
къордимæ ацыдтæн Хохы Дæргъæвсмæ, зæппадзтæ уынынмæ.
Уазджытæ рагон зæппадзты алыварс куы фæразил-базил код-
той, уæд та фæндаггæрон автобусы бабадтысты. Автобус нæма
азмæлыд, афтæ сæ цæст æрхæцыд дæргъæвсаг уæлыгæс скъо-
ладзауы кары сырхуадул лæппуйыл. Сæ кæрæдзийæн цыдæртæ
адзырдтой, сæхимæ йæм фæдзырдтой, уырыссагау æм цъæррæ-
мыхстытæй цыдæртæ сдзырдтой, фæлæ уæдмæ автобус скуыста
æмæ араст. Уазджытæ ма лæппуйæн фæндаггæроны хъæбæрмæ
æууилæн чъиу раппæрстой.
Автобус хъæуы сæрмæ ссыд, туристтæн цæугæ-цæуын хохаг
хъæу Дæргъæвс фенын кодтам æмæ фæстæмæ нæ фæндаг ракод-
та^. Дæргъæвсаг скъоладзауы йæ фосимæ кæм фæуагътам, уыр-
дæм куы ’рхæццæ стæм, уæд кæсæм, æмæ лæппу йæ сæгъимæ
хъуырдухæн кæны — æууилæн чъиу ын мæстыйæ йæ дзыхы тъыс-
сы. Туристтæ йæм диссагмæ кæсæгау рудзгуытæй ныккастысты.
254
Не ’мбарынц лæппуйы ми. Махæн та йæ цы базонын хъуыд,
чъиу ын куыдзæн æппарæгау кæй раппæрстой, уый йын йæ сæ-
рыстырдзинад кæй фæцагайдта æмæ йæ фыддæрадæн сæгъæн
кæй дæтты, исты хуызы дзы фервæза, ууыл кæй архайы. Мах
сын уый куы бамбарын кодтам, уæд, дисгæнгæ, хъуыдытыл фе-
сты. Чи зоны, æндæр рæтты дæр æууилæн чъиутæ сывæллæт-
тæн цæугæ-цæуын зæхмæ æппæрстой, æмæ сæ уыдон цингæнгæ
уыгътой. Ам Ирыстоны нæ адæмы хорз кæстæр уый йæ сæрмæ
не ’рхаста, æфхæрд æм фæкаст. Уымæн æмæ йæ адæмæй базыд-
та: адæймагæн йæ гуыбынæй йæ сæр уæлдæр у, æмæ йæ йæ
гуыбын хъуамæ ма худинаг кæна. Адæймаг хъуамæ йæ сæрыс-
тырдзинад ма сафа.
УАРЗОНДЗИНАД ЦЫ НÆ КÆНЫ
Болгарийы сæрыл Туркимæ хæсты хъæбатыр Цæлыккаты ном-
дзыд инæлар Данелбег бинонты хъуыддаг æрæджиау бакодта.
ÆфсæДдон службæйæ йæ ус курынмæ не ’вдæлд. Цыппор азы бæрц
ыл цыдаид, афтæ уырысы æфсады булкъон полкъæн командæ кæн-
гæйæ хъæбатырæй архайдта Болгари туркæгты дзæмбытæй суæгъд
кæныныл тохты Шипкæйы бынмæ. Иуахæмы Болгарийы хицауад
уырысы æфсады командирты кадæн сарæзтой хæлардзинады фынг.
Уым уыд Данелбег дæр. Афтæмæй базонгæ болгайраг кънйаз Ибра-
гим Хурамовичы чызг Зулеймаимæ. Кæрæдзийы зæрдæмæ фæцы-
дысты, æмæ сын-иу фадат куы фæци, уæд æмбæлдысты. Афтæ се
’хсæн стыхджын уарзондзинад. Уымæй дæр ахæм уарзондзинад,
басæттæн кæмæн нæ уыд. Се ’хсæн рæсугъд æнкъарæн кæй рав-
зæрд, уый бæлвырдæй сбæрæг фæстæдæр.
1878 азы Болгарийы скодта карз зымæг. Данелбеджы полкъ
знаджы ныхмæ бон бырста цалдæр хатты. Иу ахæм ныббырсты
йын туркаг гранат йæ бæхы фæйнæрдæм фæхаста, йе схъистæй
байдзаг сты Данелбеджы цæстытæ. Туркæгтæ уый куы федтой,
уæд ма сæ цинæн кæрон уыд?! Цæлыччы-фырты хъæбатырдзи-
над сын зындгонд уыд æмæ сæ бафæндыд æнæбасæтгæ булкъо-
ны сæ хицаумæ фæхæццæ кæнын, фæлæ сæ хъазахъ сæ разæй
ассыдтой æмæ сæ командиры фæсвæд ранмæ рахастой.
Данелбег госпитæлы куы æрчъицыдта æмæ куы бамбæрста,
цæстæй нал уыны, стæй дзурын дæр йæ бон нал у, уæд фыцца-
джыдæр, йæ уарзон чызг Зулеймайыл ахъуыды кодта: «Куыд æй
хъуамæ фенамонд кæнон, куырм æмæ къуытты лæгимæ йæ хъыс-
мæт куыд хъуамæ сбæдта?! Нæ, уымæн гæнæн нæй!» Йе ’ххуыс-
гæнæгæн бамбарын кодта, цæмæй чызгæн фехъусын кæна, бул-
къон Цæлыккаты Данелбег хæсты фæмард, зæгъгæ. Ахæм хабар
æнæуый дæр æфсадыл айхъуыст, бахæццæ кънйаз Хурамовичы
бинонтæм дæр, фæлæ йыл уæддæр Зулейма нæ баууæндыд. Æмæ
госпитæлты цæфты ’хсæн йæ уарзон адæймаджы агурын райдыд-
255
та. Ссардта йæ куырмæй æмæ къуыттыйæ, фæлæ йыл йæхи нæ
атигъ кодта. Уый нæ, фæлæ ноджы фæтыхджындæр йæ уарзон-
дзинад. Ууыл баууæндын кодта Данелбеджы дæр: æхсæвæй-бонæй
йæ цурæй нæ цыд, йæ цæфтæм ын зыдд, хæрдцух æй нæ уагъта.
Цасдæр рæстæджы фæстæ Данелбег фæдзæбæхдæр æмæ гос-
питæлæй рацыд. Йæ къахыл куы слæууыд, уæд Зулеймаимæ сæ
цард баиу кодтой æмæ ссыдысты Ирыстонмæ, æрцардысты Ног-
хъæуы. Ам Цæлыккаты хъæбатыр хæстон Данелбег Зулеймаимæ
цæргæйæ йæ цæстытæй ракаст, стæй сдзырдта. Уæвгæ, уарзон-
дзинад цы нæ кæны!
Цæлыччы-фырт Болгарийы зæххыл туркæгтимæ хæсты йæхи
хъæбатырæй кæй равдыста, уый нæ ферох уырысы æфсады уæл-
дæр командыгæнынадæй æмæ, куы базыдтой, фæдзæбæх, уæд
та йæм æфсадмæ фæсидтысты æмæ йын æртæ азы фæстæ саккаг
кодтой инæлар-майоры цин.
КУЫРТТАТАГ АКАДЕМИ
Хоранты инæлар Созырыхъойы уæздандзинад æмæ æддаг ба-
каст дзуринæгты дзурынц. Зæгъынц, æфсæддон уæлæдарæсы,
дам, афтæ хорз фидыдта, æмæ йыл Уырысы паддзахы хæдзары
сылгоймæгтæ сæ цæст æрæвæрдтой. Уæдæ йæхи куыд дардта,
уый та! Дис ыл кодтой, ай цавæр адæмы æхсæн схъомыл, кæм
сахуыр ис уæздандзинад æмæ ахæм хорз æгъдæуттыл. Æмæ йæ
иуахæмы куы бафæрсиккой, цавæр академи каст фæдæ, зæгъгæ.
Уый сын сæрыстырæй дзуапп радта:
— Куырттатаг академи, куырттатаг!
Чи йæ фарста, уыдон дзуапп фехъуыстой, фæлæ ма йæ истæ-
мæй бафæрсой, уымæ сæ ныфс нал бахастой. Уымæн æмæ сæ
куырттатаг академи иу дæр нæ зыдта, æмæ йæ кæй нæ зыдтой,
уый сæм худинаг фæкаст.
ДЫ ХЪÆР НЫККОДТАЙ
Иу райсом инæлар Хоранты Созырыхъо Æрыдоны уынджы
æрцæуы. Уыцы рæстæг йе ’мхъæуккаг та сцæйцыд йæ ныхмæ
уынджы иннæ фæрсты. Дардмæ дæр ын цы базонын хъуыд зынд-
гонд инæлары æмæ йæ куыд фсхъуыстаид, афтæ фæхъæр кодта:
— Дæ райсом хорз,, Созырыхъо!
Созырыхъо йын дзуапп нæ радта. Лæгæн уый, кæй зæгъын
æй хъæуы, фæхъыг, фæлæ ницыуал сдзырдта. Созырыхъоимæ
куы сиу сты, уæд ын инæлар уæзданæй салам ратта.
I— Созырыхъо, æмæ дын æз, дæ райсом хорз, зæгъгæ, раджы
куы загътон.
— Ды салам нæ радтай, хъæр ныккодтай, — дзуапп ын радта
Созырыхъо.
256
ХОРЗДЗИНАД НÆ СÆФЫ
Хох, дам, сæр у, быдыр — дæлфæдтæ. Кæрæдзийæн сты,
фæлæ хохæн æнæ быдыр фæцæрæн нæй. Гъе уымæ гæсгæ хо-
хæгтæн сæ зын царды æдзух сæ каст уыдис быдырмæ. Ссæ-
дзæм æнусы райдианы Тырсыгомы Абанайы хъæуæй Бызыкка-
ты Муссæ дæр йе ’ртæ фырты Дими, Лади æмæ Тотырбегимæ
уымæн ралыгъд быдырмæ. Æмæ æрцард Ирыстонæй дæрддзæф
ран Стъараполы губернийы. Ам абоны Къобы зæххытæ бал-
хæдта сауджынæй æмæ йæм 1910 азы уыд ссæдз мины фыстæ,
æхсай дуцгæ хъуццытæ, аст цæды галтæ, æхсæз — теуатæ æмæ
иу ахæм бæхтæ. Æххуырстытæ нæ дардта, фæлæ сæм-иу хо-
хæгтæй — йæ хæстæджытæй, йæ зонгæтæй фенынмæ чи æрцыд,
уыдон ын æххуыс кодтой. Уым æрцæрын-иу дзы кæй бафæн-
дыд, уымæн иу афтæ: «Ацу æмæ хъæуы дæхицæн хæдзары бы-
нат æмæ зæхх рахицæн кæн, фосæй та — фондз фысы æмæ иу
хъуг. Æппæт дæр — лæвар».
Афтæмæй Быдыры Къоб егъауæй егъаудæр кодта. Ралæууыд
Октябры революци, коллективизаци. Хъæубæстæйы æнгомдзи-
над ноджы фæтыхджындæр. Æмзондæй иу колхоз сарæзтой.
Муссæмæ иннæтæй кæд фос дæр æмæ зæхх дæр бирæ фылдæр
уыд, уæддæр æй кулак скæнын нæ бауагътой. Йæ ахæссыныл
Шелковскойы районы разамындæй чидæртæ куы ацархайдтой,
уæд хъæубæстæ йæ алыварс æрбалæууыдысты æмæ йæ æфхæ-
рын, æрцахсын нæ бауагътой, йæ хорздзинæдтæ сæ нæ ферох
сты.
КОЛЫТЫ АКСО ÆМÆ КУЫНДЫХАТЫ МУССÆ
Куындыхаты Муссæ пысылмон дин райста, афтæмæй Уыры-
сы паддзахы раз йæхи чырыстæтты фарсхæцæг скодта. Паддзах
ын инæлар-майоры цин радта æмæ йæ Терчы зылды ирæтты хи-
цауæй снысан кодта. Муссæйæн фадат фæци сусæг-æргомæй
ирæттæн сæ фыдæлты дин фауынæн æмæ сæ пысылмон динмæ
здахынæн. Хъæуты арæзта мæзджыттæ, æрвыста сæм моллотæ.
Дзæуджыхъæуы чырыстон ирæтты та Олгинскæмæ фæсырдта
æмæ, пысылмон дин чи райста, уыдоны Туркмæ алидзыныл аги-
таци кæнын райдыдта.
Архимандрит Иосиф æмæ Колыты Аксо йын уайтагъд йæ
хин рахатыдтой æмæ йыл уырысы паддзахмæ ныффыстой.
Иу бон Куындыхы-фырт амбæлд Аксойыл æмæ йæм æртхъи-
рæнтæ кæнын райдыдта:
— Ды мæ ныхмæ куы дзурай, уæд дын ме ’хсаргардæй дæ сæр
атæхын кæндзынæн!
Аксо Муссæйы æртхъирæнтæй нæ фæтарст, фæлæ йын са-
быргай афтæ бакодта:
17 Цгьонты Хазбн
257
— Мæ хъазы сис дын дæ къæхтæ раздæр атæхын кæндзæн,
ирон адæмы сæ уагыл куынæ ныууадзай, уæд.
Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Муссæйы, ирон адæмы пысылмон
диныл кæй æфтауы æмæ сæ Туркмæ лидзыныл кæй ардауы, уый
тыххæй йæ йæ бынатæй систой.
ИНÆЛАР - УЫРДЫГЫСТÆГ
1942 азы рагвæззæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты арты цæхæр
бæстæ араугæ, судзгæ сцæйхæццæ кодта Ирыстонмæ дæр. Адæм
суыргъуыйау сты, сæхи цæттæ кодтой знагæн ныхкъуырд рат-
тынмæ. Æрбацæуæнты, кæмттæм бахизæнты фидæрттæ арæз-
той, æрхытæ къахтой. Æппæт уыцы куыстытæн, кæй зæгъын æй
хъæуы, разамынд лæвæрдта бынæттон хицауад, сæ хъус сæм дар-
дта бæстæйы æмæ æфсады разамынд. Уæд Ирыстонмæ фæдисы
Мæскуыйæ бирæ бæрнон лæгтæ æрцыд, комкоммæ Сталины
æрвыст чи уыд, ахæмтæ дæр. Уыдонæй иу М.Суслов — Хъахъ-
хъæнынады советы уæнг. Йемæ — Мамсыраты номдзыд инæлар
Хаджумар дæр.
Адæм, æнæхъæн Цæгат Кавказы дзыллæтæ дæр æмбæрстой
сæ уавæр, иузæрдион уыдысты сæ Райгуырæн бæстæйыл æмæ
иу адæймагау цæттæ уыдысты йæ бахъахъхъæнынмæ. М.Суслов
разы уыд йæ балцæй, æмæ йæ иу æнцойбон Мамсыраты Хаджи
куыд фысым, ирон лæг, афтæ фæхуыдта сæхимæ Олгинскæмæ.
Уазæг — Хуыцауы уазæг, — фæзæгъынц ирон адæм, фæлæ йæ
бынтон Хуыцауы бар нæ ныууагътой Мамсыратæ. Уæды рæс-
тæджы ирон хъæууон бинонты къух цы амыдта, уымæй фæсвæд
нæ алæууыдысты. Æмæ уайтагьд цыты уазæджы фынг ацæттæ.
Ирон адæммæ йæ уазæджы сусæгæй ничи хынцта, кæй зæгъын
æй хъæуы, сыхæгты хистæртæй кæмæдæрты дæр фæдзырдтой.
Фынджы фарсмæ рабадтысты. Фыд Джиор — хистæрæн, йæ
фарсмæ рахизæрдыгæй дыккаг хистæрæн М. Суслов. Хаджи йæ-
хæдæг та арахъы цайданимæ уырдыг лæууыд. Уырдыгыстæг йæ
хъус дардта фынгæвæрдмæ дæр, лæггад кодта цæлгæнджытæн,
æххæст сын кодта сæ фæндæттæ.
Суслов дисгæнгæ каст Хаджийы фезмæлдмæ, фынджы æгъдау-
мæ, ахæм зындгонд æмæ бæрнон адæймаг хуымæтæг зæхкус-
джытæн куыд лæггад кодта, уымæ. Æмæ сæ йæ зæрдыл бадард-
та. Хаджумаримæ сæ хæлардзинад ахаста кæронмæ, рæстæгæй-
рæстæгмæ æмбæлдысты, æмæ Хаджумар йæхæдæг куыд дзырд-
та, уымæ гæсгæ йын-иу Олгинскæйы сæ фынджы бадт йæ зæр-
дыл арæх æрлæууын кодта. Хъазгæйæ, дам, мын-иу афтæ: «Ды
та цæй инæлар дæ, дæхæдæг колхозонты раз салдатау уырдыг
куы лæууыдтæ!» Цинтæ æмæ бынæттæй ирон æгъдау бæрзонд-
дæр кæй у, уый йæм диссаг каст.
258
КУЫЙТЫ ДÆР ХÆРЫН ХЪÆУЫ
Æртынæм азты зындгонд ирон фыссæг, газет «Растдзинад»-ы
редактортæй иу Бæдоаты Хъазыбеджы дæр æрцахстой. Хъазы-
бегыл ахæстоны разамынд йæ уæззау зонд æмæ уæздан ахасты
фæрцы баууæндыдысты, бабар ын кодтой рæгъаугæсы лæдзæг,
æмæ-иу бон-изæрмæ, фосы фæдыл цæугæйæ, уыд йæхи бар.
Уымæй иннæты хуызæн æххормаг не ’ййæфта, фос йæхи бар
уыдысты, æмæ æхсырхъуаг никуы уыд. Уый нæ, фæлæ ма йемæ
ахæсты чи уыд, уыдонæн дæр, йæ къух æмæ фадат куыд амыд-
той, афтæмæй цæмæйдæрты ахъаз кодта.
Адæмы ’хсæн дзуринагæн баззад йæ иу ныхас: «Махар, куый-
ты дæр хæрын хъæуы, хæрын». Уый Гатеты Махары тыххæй
загъд у. Иумæ бадтысты ахæстоны. Махар дæр æхсæнадон куы-
сты зæрдиаг архайæг уыд, фыста газеттæм уацтæ, æмдзæвгæтæ.
Уый дæр æнаххосæй æрцахстой æмæ адзалы къæсæрæй фæс-
тæмæ раздæхт. «Рæстдзинады» редакцимæ-иу арæх æрбауад, уыд
активон уацхæссæг. Æмæ йæ иуахæмы аивæй бафарстон, афтæ
цæмæн дзурынц, зæгъгæ. Уый йæ мидбылты гæзæмæ бахудт æмæ
радзырдта:
— Адæймагæн йæ адзал куы нæ уа, уæд амонд йæ фæдыл
цæуы. Хъазыбегæн, стæй мæнæн дæр нæ адзал нæ уыд, æндæр
мах цытæ бавзæрстам, уый радзурынæн дзырдтæ иу æвзаджы
дæр фаг нæ разындзæн. Тæхудиаг уыд ахæстоны Хъазыбег. Бон-
изæрмæ — æрдзы хъæбысы. Мах та... Иунæг хатт мæ рарвыстой
пыхсытæ æмбырд кæнынмæ. Иу къуыбырыл хæрдмæ хилын рай-
дыдтон, йæ сæрæй куы акæсон, уæд мæм цыма Ирыстон разын-
дзæн, афтæ мæм каст. Фæлæ мын нæ бантыст. Афтæ лæмæгъ
уыдтæн, æмæ мæ сæр разылд, фæцудыдтон æмæ бынмæ ратылд-
тæн.
Уый цæмæн дзурын... Æз абон Хъазыбеджы фæрцы дæн удæ-
гас. Алы изæр дæр æм, дзидзидай сывæллон йæ мадмæ куыд
æнхъæлмæ кæса, афтæ ’нхъæлмæ кастыстæм. Хорзæй нын йемæ
цы хаста? Алы изæр дæр ахæстоны куыйтæн фыхта хойраджы
фæлхæрттæй кас. Кас-иу куы æруазал, уæд-иу йе ’взæртæ йæ
быныл ныббадтысты, йæ сæртæ та кодтой хъæбæр, æмæ сæ су-
сæгæй хаста махæн. Уыдон дæр цас хойраг уыдысты, змисы
муртæ-иу нæ дæндæгты ’хсæн ныффидар сты. Фæлæ мах стыр
разы уыдыстæм Хъазыбегæй æмæ дзы домдтам касæй фылдæр
хæссын. Цард цыфæнды зынæй дæр цард у, æнæ хъæлдзæг ны-
хас марды уæлхъус бадын дæр нæ фидауы. Уый дæр мын иуахæ-
мы хъазгæйæ афтæ: «Махар, куыйты дæр хæрын хъæуы, куый-
ты!»
Ацы ныхас, кæй зæгъын æй хъæуы, хъазæн ныхас уыд. Фæлæ
нын уæзданæй бамбарын кодта, фылдæр рахæссын йæ бон кæй
нæ уыд.
259
«ЦЫ КÆНЫНЦ, ЦЫ?»
Тæбæхсæуты Бало йæ дæсныйадыл афтæ иузæрдион уыдис,
æмæ, дам, иу ролы хъазгæйæ, иу спектаклæй иннæмæ сценæмæ
йæ алы рахызт дæр баргæ-фæлваргæ кодта, иухуызон ын куыд
нæ рауадаиккой, афтæ. Аивад уыдис йæ цард дæр æмæ йæ бæл-
лиц дæр. Цы бынат дзы æрцахста, уый культурæ æмæ аивады
кусджытæй алкæмæн дæр зындгонд у. Стыр кад скодта ирон
адæмæн йæ аивадæй иннæ адæмты ’хсæн. Аивады бæрзæндæй
кæсгæйæ, дæле театры коллективæй чидæртæ кæрæдзийыл хъæс-
тытæ кæй фыстой, кæрæдзи кæй хордтой, уый уынгæ дæр нæ
кодта. Нæ йæм хъуыстысты, коллективы кусын чи нæ уагъта,
уыцы хъаугъатæ. Æмæ, дам, æм-иу сæ хъæр-хъæлæба куы
схæццæ, уæд-иу сывæллонау сабыр хъæлæсæй афарста:
— Цы кæнынц, цы?!
ЙÆ РОЛЫ ХЪАЗЫН НАЛ БАКУЫМДТА
Ирон адæмæй кинойы аивады стырдæр æнтыстытæ йæ къухы
бафтыд беслæныхъæуккаг Беруаты Вадимæн. Уый уыд Моссоветы
театры актер. Йæ ном суанг фæсарæнтæм дæр айхъуыст, аивадон
киноныв «Майор Вихры» сæйраг ролы куы ахъазыд, уæд. Сарæзта
дзы диссаджы зæрдæмæхъаргæ фæлгонц. Беруайы-фырт æнтыст-
джынæй куыста театры дæр. Уымæн æвдисæн у ахæм цау. Советон
Цæдисы адæмон артисткæ Фаинæ Раневскаяйы цард æмæ сфæлды-
стадыл ист документалон кинонывы адæмимæ йæ ахастдзинæдты
тыххæй дзургæйæ, ахæм хабар радзырдтой. Иу спектаклы, дам,
хъазыд Беруаты Вадимимæ. Беруайы-фырты хъазт йæ зæрдæмæ
афтæ тынг фæцыд, æмæ Вадим æвирхъауæй куы фæмард, уæд
æндæр артистимæ хъазын нал бакуымдта. Æнæхъæн бæстæйыл
дæр хъуыстгонд, зындгонд артисткæ, таурæгъты дзуринаг чи сси,
уый ахæм стыр аргъ кодта Беруаты Вадимы хъазтæн.
«ÆЗ ДÆР ИРОН ДÆН, ИРОН»
Æстайæм азты Хъоротæ сæ уæззау рынчыны аластой Мæскуы-
мæ. Ленины проспекты 10-æм хæдзары медицинон наукон цент-
рæн цы рынчындон ис, уым æм зылдысты дохтыртæ, цæттæ йæ
кодтой операцимæ. Рынчынæн Ирыстонæй йемæ цы хиуæттæ
ацыд, уыдон радыгай æхсæвæй-бонæй уыдысты йæ уæлхъус.
Иуахæмы къордæй кæрты бæлæсты бын бандоныл сæ фæл-
лад уагътой, зæрдæбын ныхас сын ацайдагъ иронау. Чысыл фал-
дæр бæласы бын цы ас лæг бадт, уый сæм хъуыста æмæ та-иу йæ
мидбйлты бахудт. Рынчынгæстæй йæ чидæр фæфиппайдта æмæ
афтæ бакодта: «Цымæ нын ацы хахойлаг та нæ ныхæстæн цы
’мбары, йæ мидбылты цы бахуды?»
260
Уæд æнæзонгæ лæг йæ бынатæй сыстад, æрбацыд сæм æмæ
сын афтæ: «Æз дæр ирон дæн, ирон!» Æмæ базонгæ сты. Уый
разынд мæскуыйаг ирон Хетæгкаты Хетæг. Уырдæм æввахс цард,
æмæ рынчындоны алыварс цы паркгонд уыд, уым бæлæсты бын
сыгъдæг уæлдæфы абадын уарзта. Сæхимæ сæ зæрдиагæй фæ-
хуыдта, æмæ хистæрты æфсарм æрцахста — бабæрæг ын кодтой
йæ фатер. Хетæгæн уыд уырыссаг ус, чызг æмæ лæппу. Сæ ирон
уазджытыл тынгæрфыгæй сæмбæлдысты, бацин сыл кодтой. Уым
ирон фынджы уæлхъус фысым Хетæгкаты Хетæг æмæ уазджы-
ты хистæр Хъороты Гришайæн биноныг ныхас райтынг. Дыууæ
цардфæлтæрд адæймагæн иумæйаг зонгæтæ дæр разынд. Хетæг
æрымысыд йе ’взонджы бонтæ: Мæскуымæ куыд афтыд æмæ
дзы цæргæйæ куыд баззад. Хатт-иу ыл йе ’нкъарæнтæ зæйау
рацыдысты, æмæ-иу йæ хъуыр ахгæдта, йæ ныхас-иу фенцад,
стæй-иу йæ цæссыгтæ йæ рустыл æргæр-гæр кодтой. Уымæн та,
гъай-гъай, уыд æфсон.
Цæвиттон, Октябры революцийы нысæнттæ бахæццæ сты
Ирыстоны хæхты цъассытæм дæр. Хохæгты зæрдæты дæр ба-
уагътой ныфс æмæ уæндондзинады æнкъарæнтæ. Адæм чысы-
лæй зæрондмæ се ’ргом аздæхтой ахуырмæ. Хъæууон райдиан
скъола хорз бæрæггæнæнтимæ каст чи фæци, уыдон раивылдыс-
ты быдырмæ дарддæр сахуыр кæныны фæдыл. Уыцы заман æртæ
хæлары — Нары зылды цæрæг æртæ æрыгон лæппуйы Хетæгкаты
Хетæг, Кучиты æмæ Хуытиты лæппутæ (Гриша сын сæ нæмттæ
нал хъуыды кодта) дæр сфæнд кодтой сæ ахуыр адарддæр кæнын.
Сæ хъустыл æрцыд Мæскуы æмæ Ленинграды, дам, кусæг скъола-
тæм мæгуырты æнцонтæй исынц. Уымыты хæстæг кæмттæй дзы
чи ахуыр кодта, ахæмты дæр зыдтой. Æмæ Нарæй рабалц кодтой
Мæскуымæ. Мæгуыр хохæгты уæлæ æмæ къахыдарæсы, сæ хы-
зынты ирон лæджы фæндаггаг — хæссынæн — рог æмæ хæрынæн —
адджын — хохаг цыхт æмæ хъæбæрхоры кæрдзын. Цыдæр чысыл
капеччытимæ, — сæ ныййарджытæ сæ бинонты хъуырæй кæй фел-
вæстой, уыдон цас хъуамæ уыдаиккой. Фæлæ сæм ныфс æмæ размæ
цæуыны тырнындзинад стыр уыд. Æрыгонмæ царды цæлхдуртыл
ахизын ауæдзтыл цæхгæрмæ ауайæгау кæсы.
Поезды куы бабадтысты æмæ куы араст сты, уæд ма уыдо-
нæй амондджындæр исчи уыд! Фæлæ сыл Мæскуы зæрдæрайæ
нæ сæмбæлд. Уым дæр адæм сæхи хуызæн мæгуыр уыдысты,
æцæгæлон сын разындысты æртæ ирон сæрæнгуырды. Иуæй,
сæ уæлæйы дарæс æмæ уындæй уыдон хуызæн нæ уыдысты,
иннæмæй уырыссаг æвзаг рæстмæ нæ зыдтой. Ахуырмæ сæ ни-
кæдæм райстой. Æмæ рахау-бахауы систы æртæ лæппуйы. Бон
сæ гуыбыны хардзыл сагъæс кодтой, æхсæв та — æхсæвиуатыл.
Сæ хуыздæр цæрæн бынæттæ систы вагзалтæ, парктæ. О, фæлæ
тагъд фæуазал кæндзæн, æмæ уæд цы кæндзысты. Хъуыдытæ,
сагъæстæ сæ быны æууæрстой лæппуты, фæлæ сæ ныфс нæ саст.
Æмæ иу ахæмы сæ зæрдыл æрæфтыд, Сталин ирон кæй у, уый.
261
«Цом æмæ уымæн нæ хъæстытæ иронау фæкæнæм. Кæд нæ бам-
барид, ам цы агурæм, ахуыр кæнын нæ кæй фæнды, уый», —
сфæнд кодтой лæппутæ æмæ араст сты Кремлмæ. Уыцы рæс-
тæджы Советон хицауадмæ бæстæйы алы рæттæй алы фарстаты
фæдыл бирæ адæм цыд. Æмæ сæм-иу æрыхъусæг уыд, сæ до-
мæнтæ, курдиæттæ сын æххæст кодтой. Уæд æцæг адæмон хица-
уад бадт Кремлы æмæ бынæтты дæр.
Кремлмæ бауагътой æртæ ирон лæппуйы дæр. Ноджы сын
сæ фадыварцмæ куы бакастысты, уæд цы базонын хъуыд, дар-
дæй кæй цæуынц, уый. Сталины уатмæ бахизæны сæ йæ секре-
тарь æрурæдта æмæ сæ фæрсы, кæцæй стут, цæмæ йæм цæут,
цы йын зæгъон, зæгъгæ. Фæлæ сæ цыды сæр бамбарын нæ фæ-
разынц, æмæ сæ лæг мидæмæ нæ уадзы. Лæппутæ рамæсты сты,
се ’рыгон туг рафыхт, айонг æрбахæццæ стæм æмæ ныр фæс-
тæмæ аздæхæм, зæгъгæ. Айтæ-уыйтæ нал фæкодтой æмæ Ста-
линмæ тыхæй бабырстой.
Сталин йæ секретары æмæ лæппуты хъæлæба куы айхъуыста,
уæд йæ бынатæй фæгæпп кодта. Чи зоны, тæрсгæ дæр фæкодта,
фæлæ лæппуты хохаг уæлæдарæсы куы ауыдта, уæд æрсабыр.
Не ’рсабыр сты æрбацæуджытæ: кæрæдзийæн ныхасы бар нæ
дæтгæйæ йын сæ хъаст кæнынц.
— Фæлæуут, фæлæуут! Сабыр æмæ радыгай дзурут, куыд уæ
бамбарон, афтæ, — лæгъзæй сæм ивазгæ дзуры иронау.
Лæппутæ фæлмæн ныхасмæ æрсабыр сты, хиондзинад дзы
банкъардтой æмæ йын хионы ныхæстæ ракодтой. Биноныг сæм
байхъуыста, стæй йе ’ххуысгæнæгмæ фæдзырдта æмæ сæ уый
бар бакодта, бафæдзæхста йын ахуырмæ сæ бакæнын.
Æмæ æртæйæ дæр уайтагъд изæрон кусæг скъолайы ахуыр
кæнын райдыдтой, цæргæ та кодтой æмдзæрæны. Ахуыр куы
фесты, уæд Хетæг æмæ Кучиты лæппу Мæскуыйы цæргæйæ баз-
задысты, Хуытиты уон та Ирыстонмæ æрыздæхт. Хетæг каст
фæци уæлдæр скъола дæр, сси инженер. Уæдмæ Фыдыбæстæйы
Стыр хæст райдыдта, æмæ тохы быдырмæ атындзыдта. Сæрæ-
гасæй дзы æрæздæхт фæстæмæ Мæскуымæ . Куыста егъау за-
водты бæрнон бынæтты, стæй рацыд пенсийы.
Хетæгкаты Хетæг уыд зындгонд ихсæттæг наутæ «Ленин» æмæ
«Арктикæйы» раздæры таурæгъон капитан, Цæгат полюсы бас-
гарæг, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийы мады
хæрз æфсымæр.
ХАНТЫ ЦАГЪД
(Кадæггæнæг Бæликъоты Аслæнджерийы мысинæгтæй)
Ссæдзæм æнусы райдианы уыдаид æви чысыл раздæр, бæл-
вырд нал у, фæлæ иу бон Дыгургомы Махческмæ быдыры хъæу-
тæй иуæй æрбацыдысты уазджытæ файтонтыл. Сæхи дарæсау
262
сæ бæхты фæлыст дæр хурмæ тæмæнтæ калдта. Уазджытæ уыды-
сты Бадилатæй, семæ цалдæр æрыгон чызджы æд фæндырдзæгъ-
дæг. Дзагойты Гаге сæ фæхуыдта, æмæ йæ дуармæ æрлæууыды-
сты.
Дзагойты мыггаг, стæй хъæубæстæ лæгæвзæрстæй рацыдыс-
ты сæ кадджын уазджыты размæ, бацин сыл кодтой, куыд æмбæл-
ди, афтæ, æмæ сæ мидæмæ бахуыдтой уазæгдонмæ. Фысымтæ
цæттæ уыдысты алцæмæйдæр кадджын уазджытæн æгъдау рад-
тынмæ. Хъæуы хистæртæ æмæ уазджыты хистæртæ æрбадтыс-
ты алы хорз хæринагæй дзаг фынгты уæлхъус æмæ диссаджы
рæсугъд сидтытæ кодтой, нуазæнтæ кæрæдзийы фæдыл цыдыс-
ты. Уыцы рæстæг хъæуы фæсивæд æмæ уазджыты кæстæртæ
хъазт сарæзтой æмæ ерысæй кафыдысты, иуæй иннæ аивдæр.
Иудзырдæй, Дзагойты Гагейы уæрæх кæрты хъазт стынг,
фæндыры цагъд æмæ тыхджын къухæмдзæгъд дардмæ хъуысы-
дысты, хæхтæ дыдзыхъæр кодтой. Фæндырæй цагъта уазæг чыз-
джытæй иу, йæ фæндыр хурмæ тæмæнтæ калдта, иу цагъды зæлтæ
иннæйы ивтой. Фæндырдзæгъдæг æнæрвæссонхуызæй касти
хъæуккаг чызджытæм, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыди: «Сымах
та чи стут æмæ цы зонут, мæгуыр сау адæм?»
Ацы цауы размæ-иу Махческы хъæуы цæрæг Икъаты хæдза-
рæй арæх хъуыстысты ирон фæндыры зæлтæ. Фæндагыл цæуæг
адæм сæм-иу хъусынæй не ’фсæстысты.
Хъазты лæппутæй чидæр, Икъаты чызг фæндырæй куыд цагъ-
та, уый зыдта æмæ йæ сфæнд кодта хъазтмæ æрбахонын. Уай-
тагъд дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызгæй фæраст сты Икъаты
хæдзармæ.
Иуцасдæр рæстæджы фæстæ хъазтмæ æрбахызтысты цыппа-
рæй дæр. Семæ уыд, цыппæрдæс-фынддæс азы кæуыл цыд, ахæм
саулагъз къæсхуыргомау æфсæрмдзаст чызг. Йæ дарæс уыд хуы-
мæтæг, йæ къæхтыл — ирон дзабыртæ, йæ хъæбысы зæрондго-
мау асттæнон ирон фæндыр. Хъазты фæсивæд, хъæуы цæр-
джытæ, уазджытæ цымыдисæй кастысты æвзонг чызгмæ, хъуы-
ды кодтой, цымæ куыд бауæнддзæн ацы гыццыл чызг уазæг чыз-
джы раз фæндыр аивазын?
Рацыди иуцасдæр рæстæг, чегъре æвзонг чызджы æрбадын
кодта уазæг чызджы раз. Уазæгæй хатыр ракуырдта, гыццыл
чызгæн та балæгъстæ кодта, нæ уазджытæн иу цагъд акæн, зæгъгæ,
Чызг ныфсæрмы, йæ цæсгом сырх афæлдæхт: ахæм бирæ адæмы
æхсæн фæндырæй никуыма цагъта. Фæлæ гæнæн нал уыд: адæм
æнхъæлмæ кастысты.
Чызг сабыргай аивæзта фæндыры тæнтæ, æмæ райхъуыстыс-
ты диссаджы зæлтæ. Адæм басабыр сты, басабыр ис æрдз дæр,
æрмæст ма хъуыстис мæгуыр хохаг чызджы фæндыры цагъд.
Чызг цагъд куы фæци, уæд ын фæсивæд къухæмдзæгъдæй æгъдау
263
радтой. Ацæргæ адæм æй сæ хъæбысты кодтой, афтæ диссаг сæм
фæкаст йæ арæхстдзинад.
Уыцы рæстæг уазæг фæндырдзæгъдæг æнкъардæй адæмы
цинмæ каст, йæ цæсгомыл цыдæр масты хуыз фæбæрæг, тагъд-
гомау фестад, йæ фæндыр бандоныл фæуагъта, йæ цæссыгтæ йæ
рæсугъд рустыл гæр-гæрæй æркалдысты æмæ хъазтæй алыгъд.
Хъазт дарддæр йæ куыст кодта, фæндырæй цагъта Икъаты
æвзонг чызг. Дыгургомы цæрæг адæм ацы цагъдæн радтой ном
«Ханты цагъд». Иуæй йæ фыццаг хатт ацагътой уæздæтты но-
мыл, иннæмæй, у тынг уæздан, аив цагъд.
ПЕРСЫ САХЫ КУЫД БАСАСТОЙ
Персы сах Ирыстонмæ куы ныббырста, уæд Уæлладжыры
Цъамады æмæ йæ алыварс хъæуты цæрджытæ йæ ныхмæ фидар
фæлæууыдысты. Фыццаг ныббырсты ма сæ сæргой дæр фæкод-
той. Фæлæ сæ дардæй æрбацæуæг знаг ууыл нæ ныууагъта —
ноджы фылдæр тыхтæ бакалдта Цъамадмæ, йæ ныхмæ ахæм
уæндонæй чи фæлæууыд, уыдон карзæй бафхæрынмæ. Знаг цæф
сырдау уыд æгъатыр, хъæуыл æрхъула кодта æмæ дзы цъиу ра-
тæхын дæр нæ уагъта.
Цъамады цæрджытæ сæхи бааууон кодтой Черчесты фондз-
уæладзыгон мæсыджы, уырдыгæй ныхкъуырд лæвæрдтой пер-
сайнæгты ныббырстытæн. Афтæ адаргъ рæстæг, æмæ дыууæтæ
дæр æнæ хæринагæй тыхсын райдыдтой. Æххормагæй амæлыны
бæсты Цъамады фæсивæд сæхи æппæрстой тохы хъæлæсмæ.
Уавæрыл сагъæс кæнгæйæ, хистæртæ загътой, исты хæстон
хиндзинад нæ æрхъуыды кæнын хъæуы, науæд нæ бындзагъд
фæкæндзысты, зæгъгæ.
Æмæ æрхъуыды кодтой. Иу райсом раджы хæтæнты чи фæ-
хатт, персайнаг æвзаг дæр чи базыдта, ахæм урсзачъе зæронд
лæг схызт мæсыджы тъæпæн сæрмæ æмæ персайнæгтæм æрха-
тыд сæ мадæлон æвзагыл:
— Мах, ирон адæм, уазæгуарз стæм, нæ хойрагæй кад кæнын
зонæм, кардæлвæстæй нæм чи æрбацæуы, суанг уыдонæн дæр.
Мæсыгæй зæххы бьшты фæндаг цæуы лæгæтмæ, æмæ уый руа-
джы махæн нæ бон хæцын у дæргъвæтин рæстæг. Сымахæн ба-
хæринаг ницыуал ис, æмæ уын, нæ уазджытæ кæй стут, уымæ
гæсгæ феххуыс кæндзыстæм.
Ацы ныхæсты фæстæ зæронд лæг мæсыджы сæрæй раппарын
кодта æргæвст галы мард. Æххормаг персайнæгтæ йыл сæхи ныц-
цавтой, фæйнæрдæм æй гæбазгай тыдтой.
Персы æфсады разамонæг зæронд лæджы ныхæстæ фехъус-
гæйæ æрхъула систа æмæ йе ’фсадыл ахæцыд хуссармæ.
Афтæ цъамадæгтæ фервæзтысты бынсæфтæй.
264
ЕВРОПÆЙАГ БÆСТЫРÆСУГЬД
Дагестаны горæт Буйнакскы мæ æфсæддон хæс æххæст код-
тон æмæ иу ахæмы, горæты мæ цалдæр ирон æмбалимæ тезгъо
кæнгæйæ, базонгæ стæм хъуымыхъæгтимæ. Ирæттæ стæм, уый
куы базыдтой, уæд ныл тынг бацин кодтой. Алчидæр дзы ра-
дзырдта йæ зонгæ ирæтты тыххæй, феппæлыдысты сæ, стæй
дзы иу афтæ бакодта:
— Æмæ сымах зонут, нæ фыдæлтæй-иу ирон ус æмæ кæсгон
бæх кæмæн уыд, уымæй кадджындæр кæй нæ уыд, уый? Ирон
чындзыты хорзы кой махмæ дардыл айхъуыст, æмæ сыл зарæг
дæр ма скодтой.
Мах дæр куыд нæ ныббуц уыдаиккам нæ ирон сылгоймæгтæй!
Уæдæ Æлдаттаты Еленæ ссæдзæм æнусы, ссæдзæм азты рай-
дианы Парижы рæсугъдты ’хсæн фыццаг бынат кæй бацахста,
уый дæр нæ рох нæу.
Æлдаттаты Дзегайы цыппар чызджы Еленæ, Тамарæ, Верæ
æмæ Валя райгуырдысты Октябры революцийы размæ. Ахуыр
кодтой, ирон адæмы намысджын хъæбул, сауджын, рухстауæг
Колыты Аксо ирон рæзгæ чызджытæн Дзæуджыхъæуы цы гим-
наз байгом кодта, Хетæгкаты Къоста инæлар Кахановы азарæй
кæй бахъахъхъæдта, уым. Каст æй фесты сæ цыппар дæр.
Октябры революцийы фæстæ Æлдаттаты бинонтæ афтыдыс-
ты Парижмæ. Фæндагыл сæ кæстæр чызг æнæнхъæлæджы æрба-
рынчын æмæ амард. Хистæр Еленæ та Европæйы рæсугъдты
Парижы конкурсы нымад æрцыд æппæты рæсугъддæрыл. Йæ
цæст ыл æрæвæрдта Францы уæды президент Пуанкарейы фырт
æмæ йæ ракуырдта. Амондджынæй цард Еленæ Парижы æмæ
æцæгæлон бæстæйы ныфс, æххуыс уыд йæ фыд Дзегайæн, йæ
хотæн.
Ирон адæймаг кæмфæнды куы сгуыха, уæддæр æхсызгондзи-
над хæссы йе ’мбæстæгтæн. Фæлæ ныл схæцыд, Секъайы загъ-
дау, «искæй хуымы цыргъ æхсырфы» низ: Ирыстон, цы адæм
дæ раттой, уый рох кæныны низ. Æмæ нæ чи цы бæстæйы фæ-
цæры, уый уым уалдзыгон митау батайы, йæ фæстæ цы цот ныу-
уадзы, уыдон нал фæфæнды сæ фыдæлты, сæ равзæрд зонын.
Уымæ зæрдæргъæвддзинад сæм нæ райтынг кæнынц сæ ныййар-
джытæ, æмæ сын æцæгæлон адæмы ’хсæн сæ фæд фесафынц.
Ирыстонимæ, ирон адæмимæ бастдзинад аскъуыд Æлдаттаты
бинонтæн дæр. Уымæн æмæ сæ нæ бауарзын кодтой сæ цотæн,
сæ ног хæстæджытæн. Æмæ абон фæзын Æлдаттаты бæстырæ-
сугъд Еленæйы къам, стæй Парижы йæ царды тыххæй æрмæг
ссарын.
265
ФÆНДАГСАР УАСТЫРДЖИ
Ирон литературæйы бирæ куырыхон фысджытæ ис. Сæ уац-
мыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам,
цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды
бирæ федта, Ирыстоны цы нæ къуым басгæрста, ахæм, æвæццæ-
гæн, нæ уыд. Ирон адæймаджы удыхъæд, йæ цардыуаг, йæ фы-
дæбæттæ йын хорз кæй зыдта, уый бæрæг у йæ уацмыстыл. Иæ
«Хорхæссæг» та сси диссагæн дзуринаг, ахуыр æй кæнынц скъо-
лайы.
Хъуыды кæнын, йæ фæстаг стырдæр уацмыс «Фæндагсар Уас-
тырджи» йын журнал «Мах дуджы» куыд хæлофæй кастыстæм,
уый. Куыдзæг «Рæстдзинад»-ы уæхскуæзæй бирæ фæкуыста,
йæ фыццаг редактор Гæдиаты Цомахъæй райдай æмæ иннæтимæ.
Уый тыххæй фыссы йæ мысинæгты. Æмæ йæ ирон адæмæн лæг-
гад кæнынæй та чи æфсæста! Йæ фæстаг боны онг та йын «Рæст-
дзинад» уыд хи хъæбулау. Арæх дзы мыхуыр кодта йæ уац-
мыстæ, арæх нæм-иу æрбауад. Уæздан, лæгъз ныхасгæнаг.
Æфсæрмдзаст, нымдгæнаг, кæстæрты рæвдауаг. Йе ’ргом,
æнæкъæм ныхасæй, хæрзæгъдаудзинадæй нын ноджы тынгдæр
бауарзын кодта йæхи, æмæ йын йæ уацау «Фæндагсар Уастыр-
джи» кæсгæйæ, Дзаххойы фæлгонцы уыдтон йæхи. Ахæм фæл-
гонц æрмæст Куыдзæджы бон саразын уыд! Уымæн æмæ йæхæ-
дæг дæр ахæм уыд: мæгуырты, тыхст адæмы ирвæзынгæнæджы
миниуджытæ йæм уыд.
Æмæ мын иу фарст æнцой нæ лæвæрдта: «Цæмæн, цæй тых-
хæй бадт ахæстоны ацы хуыцауысконд адæймаг, фысы комæй
хал куы нæ раласдзæн?» Æмæ йæ иуахæмы зæрдæйæ-зæрдæмæ
ныхасы бафæрсын мæ ныфс бахастон.
Куыдзæгмæ мæ фарст нæдæр маст сæвзæрын кодта, нæдæр
ын æнæнхъæлæджы уыд. Æмæ уыцы æнцонæй райдыдта:
— Революци революци у, мæ хур. Иронау фæфæлдæхт хуыйны.
Мæнæ ирон адæм, дуне рафæлдæхт куы фæзæгъынц, уымæй карз-
дæр, тæссагдæр, æмæ дзы раст, зылын чи у, уый зын рахатæн
вæййы. Нæ дзы фæрæдидзынæн чи зæгъы, уый уымæй дæр рæ-
дийы. Ивылд донау сонт у, цард дæр æмæ зонд дæр ссæндгæ кæны.
Цыбыр ныхасæй, куыд рæстаг уыд, афтæ рæстагæй мын йæ
хабæрттæ фæкодта. Дзестæ 1920 азы Урстуалтæй Цæгат Ирыс-
тонмæ куы æрлыгъдысты, уæд æрцардысты Ногиры. Куыдзæг
хæрзæрыгонæй дæр æмхиц уыд литературæмæ. «Рæстдзинад»-ы
дæр хуымæтæджы нæ куыста. Революцийы фæстæ азты рæстæг,
йæхи загъдау, æцæг уыд ивылд донау. Уæлдайдæр Куыдзæджы
хуызæн ахуыргонд фæсивæдæи. Абоны хуызæн уæд дæр партитæ,
хицæн зындгонд лæгты фарсхæцджытæ бабирæ сты. Дзесы-фыр-
ть! сæ фæдыл асайдтой Троцкийы хъуыдытæ, æмæ сси йæ фарс-
хæцæг. Уымæй йæ фæаххосджын кодтой, куы йæ æрцахстой,
уæд дæр.
266
— Ногиры колхозтæ аразын куы райдыдтой, уæд мах, троц-
кисттæ, — дзырдта мын уый, — тынг разæнгардæй архайдтам иу
колхозæн дзы Троцкийы ном раттыныл. Фæлæ йæ сталинонтæ
нæ бауагътой. Уæд мах æрхъуыды кодтам иу хин ми: Троцкий
Лев хуынд, æмæ йын йæ ном иронмæ раивтам — Домбай. Иу
колхозыл Домбайы ном сæвæрын нæ къухы бафтыд, фæлæ фæс-
комцæдисонтæ уайтагъд нæ сусæгдзинад бамбæрстой æмæ та йын
йæ ном аивтой. Алчидæр кодта йæ кæнон, йæ фæнд тардта, йæхи
политикæ уагъта царды. Уый охыл иутæ цæлхдуртæ æвæрдтой
иннæтæн. Æмæ дзы чи фæуæлахиз, уый иннæты ахста, уымæн
æмæ сæ хъыгдаргæ кодтой. Мах дæр куы фæуæлахиз уыдаик-
кам, уæд нын иннæтæн æнæахсгæ нæ уыд — кусын нæ нæ ба-
уагътаиккой. Афтæ домынц революцийы кæнонтæ. Цыбыр ныха-
сæй, æнаххосæй ахст нæ уыдтæн.
Дзесты Куыдзæг ахæстоны цы хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдон
йæхæдæг тынг биноныг фæфыста. Уым дæр йæ адæймагдзинады
сæрты никуы ахызт. Йæ зæрдæ адæммæ, ног цардмæ не схъæ-
бæр, хæрамæй нæ байдзаг, йæ цæст фыддзинад никæмæн уарзта.
Æрмæст «æнаххосæй ахст нæ уыдтæн» — уыцы ныхас зæгъынæн
дæр лæгдзинад хъуыдис. Æмæ йæм ахæм зонд, хъару, уды фарн
уыд. Ахæстонæй куы рацыд, уæд дæр ыл йæхи уымæн ничи
атигъ кодта. Йæхиуыл нæ, фæлæ йæ ирон адæм, йæ Ирыстоныл
уыдис йæ катай йæ фæстаг бонты онг дæр.
ÆХСАЙФОНДЗАЗДЗЫДÆЙ - СÆНАЙЫ ЦЪУПМÆ
1995 азы майы Цæгат Ирыстонæй æнæхъæн къорд схызт зæх-
хы къорийы бæрзонддæр хох Джомолунгмæйы (Эвересты)
цъупмæ. Къордæн йæ разамонæг уыд зындгонд ирон альпинист
Хæмыцаты Хъазыбег. Уый Кавказы хæхты бирæ бæрзонд цъуп-
пытæм схызт. Уыд Памиры дæр. Уым йæ къордимæ цы лæгдзи-
над равдыста, ууыл бирæ ныхас цыд радио, телеуынынад æмæ
мыхуыры. Джомолунгмæмæ йæ балц рауад ноджы бæллиццаг-
дæр. Йæ тæккæ цъуппыл ын æрсагътой Уæрæсейы Федерацийы,
стæй Ирыстоны тырысатæ.
Альпинизм Ирыстоны æвзонг спорт нæу. Нæ фыдæлтæ фыл-
дæр хæхты цардысты æмæ-иу цуан кæнгæйæ цы хохы цъуппæй
нæ ракастысты, цы цъитийыл нæ ахызтысты, ахæм нæ уыд. Фæлæ
сын се сгуыхтдзинæдтæ, цы лæгдзинад-иу равдыстой, уыдон се
’мхуызон цуанæттæ æмæ хистæртæй æндæр ничи зыдта. Сæ хорз
нæмттæй дæр стæмтæй фæстæмæ сæ фæстагæттæн зындгонд дæр
не сты. Уый хыгъд сæ къахвæндæгтæ архъан æрæппарæгау здых-
стæй баззадысты хæхты фæхстыл, рæгътыл, кæм та æрбайсæ-
фынц сæрсæфæны. Раздæр хорз цуанон уыд хорз альпинист дæр.
Æмæ ахæм кадджын лæг уыд алы комы дæр.
Ахæм уыд тменыхъæуккаг цуанон лæг Царахаты Тепсарыхъо
267
дæр. Уый цуан кæнгæйæ амы зылды цынæ хох, ком басгæрста,
ахæм нæ уыд. Ахызт-иу фæсхохмæ дæр. Уæды рæстæджы —
XIX æнусы Кавказы зындгонд ахуыргонд географ, топограф Ан-
дрей Пастуховимæ та схызт Сæнайы (Хъазыбеджы) хохы цъупмæ
æмæ йыл æрсагътой тырыса.
Тепсарыхъойы амы зылды — Тменыхъæу, Саниба, Хъæни,
Майрæмыхъæу, Дæргъæвс æмæ иннæ хъæуты хорз цуанонæй
зыдтой. Дис кодтой йæ цардыуагыл, йæ тых, йæ фæразондзина-
дыл. Æнцад бадын нæ зыдта. Æцæг иннæ хохæгтау уæззау куы-
сты — фосдарыныл йæ рæстæг не ’рвыста. Боныцъæхтæй изæр-
далынгтæм зылд хæхты, цуаны та-иу æхсæвæддæ дæр аззад.
Сырды фыдæй рæдауæй хынцта йе ’мхъæуккæгты. Дзæбидыр-
тыл цуангæнгæйæ сыл дзæбидыр никуы амардта, уый зæйц кæны,
зæгъгæ, сын сæ сæгъты хъахъхъæнгæ кодта.
Æрдз æмæ хъæддаг цæрæгойты бирæ уарзта Тепсарыхъо. Йæ
бон-иу бирæ хатт аивгъуыдта сырдты фæдыл зилгæйæ, сæ ми-
тæм, сæ цардыуагмæ кæсгæйæ: кæмыты хизынц, зымæгон дон
нуазынмæ кæдæмты цæуынц, сæ лæппынты куыд хъомыл кæ-
нынц. Цымыдис уыд алцæмæ дæр. Хистæртæ-иу диссагæн дзыр-
дтой, дзæбидыртæ йын йæ хосы мæкъуылтæ хохы рагъыл куы
бахордтой, уæд уыцы хабарыл маст нæ, фæлæ цинау кæй кодта,
уый.
Иу ахæмы та цуангæнгæйæ бафтыд цæф дзæбидыры фæдыл,
æмæ йæ уый бакодта Уæллаг Хъæрмæдоны тæвд суæрттæм.
Уыдон хæл-хæл кодтой цъитийы бынæй. Сæ тæфæй цъитийы
хуылфы сæвзæрд егъау лæгæт. Уым-иу зымæджы хъызтæй сæхи
æмбæхстой хъæддаг цæрæгойтæ, цыдысты йæм дон нуазынмæ.
Цæфтæн суæрттæ уыдысты æвдадзы хос. Уыцы æрдзон мини-
уæг цыдæрхуызы æнкъардтой сырдтæ æмæ-иу цæфæй, къуылы-
хæй сæ ных сарæзтой хъæрмæдæттæм.
Ацы хатт дæр та рауад афтæ, фæлæ цæф сырды Тепсарыхъо
уæгъд нал суагъта æмæ сын сæ сусæгдзинад бафиппайдта, рар-
гом æй кодта хъæубæстæн дæр. Уый цъитийы бынмæ ссыд зæх-
къахæн дзаумæттимæ, цадгонд дзы сарæзта, къæйдуртæй дзы
аууон бынæттæ самадта, æмæ йæм хæрджытыл, лæдзджыты
æнцой цæуын райдыдтой рынчынтæ. Фæстæмæ та здæхтысты
дзæбæхæй, сæхи къæхтыл.
Афтæ раргом сты Хъæрмæдоны дзæбæхгæнæн миниуджытæ.
Комбæстыл, ацы зылды хъæутыл айхъуыст цуанон лæг Цараха-
ты Тепсарыхъойы хорзы кой. Дзæуджыхъæуккаг ахуыргæнæг
Тлаттаты Бимболат Сæнайы цъупмæ схизын куы сфæнд кодта,
уæд æй æнæдызæрдыгæй æмбалæн дæр уымæн æрцагуырдта.
Фæлæ сыл Майлийы цъитийыл Сæнайы цъулмæ хæстæг тынг
схъызыд. Æмæ сæ бахъуыд фæстæмæ раздæхын.
Андрей Пастухов дæр Сæнамæ йæ зын балцы æмбал куы ба-
цагуырдта, уæд дæр Тменыхъæуæй йемæ ацæуын йæ ныфс æрмæ-
стдæр Царахаты Тепсарыхъо бахаста. Ныфс бахаста, зæгъгæ,
268
уæм диссаг ма фæкæсæд. Уæд Царахы-фыртыл цыд æхсай фондз
азы. Фæлæ йæ зæрдæйы арф æвæрд уыд, Тлатты-фыртимæ цы
фæндагæй раздæхтысты, ууыл кæронмæ ацæуыны тырнындзи-
над.
Майлийы цъитийыл ахизгæйæ, Бимболат тырыса кæм æрсагъ-
та, уырдыгæй фалæмæ сын уæлдай фæзындæр цæуын. Æртæ
æмбалæй ма баззадысты, иннæтæ раздæхтысты, æхсайфондзаз-
дзыд альпинистæн дæр йæ фындзы туг цæуын райдыдта. Пасту-
хов æй йемæ нал уагъта, ам лæуу, зæгъгæ, фæлæ йæм Тепса-
рыхъо нæ байхъуыста. Æмæ 1899 азы 29 июлы 16 сахатыл
æртæйæ: Пастухов, Царахаты Тепсарыхъо æмæ Лапкин Сæнайы
æппæты бæрзонддæр цъуппыл æрсагътой Сырх тырыса. Зæгъынц,
райдзаст бон, дам, ын фенæн уыд Дзæуджыхъæуæй биноклæй
кæсгæйæ.
Царахаты Тепсарыхъо кæд амард, уый бæрæг нæу. Цалдæр
азы размæ газет «Социалистическая Осетия»-йы зындгонд ахуыр-
гонд Хъуысаты Генри фыста: «Могила друга Пастухова Тепсари-
ко Царахова давно потерялась. Но остались его добрые дела. И
почему-то верится, что в Кармадоне поставят ему памятник, а
спортсмены Северной Осетии сделают традицией соревнования в
честь первого известного в истории осетина-альпиниста».
Тепсарыхъойы номыл арæзт ницыма ’рцыд æмæ ацы дыууæ
фæндоны хъуыдыйаг сты абон. Нæ хорз лæгты нæмттæ рохгæ-
нинаг не сты.
ЗЫГЬУЫТАТЫ КУЫРМ БИБО
Ирон литературæйы классик Къубалты Алыксандры «Æфхæр-
дты Хæсанæ» чи бакаст, уый, æвæццæгæн, кадæггæнæг куырм
Бибойы фæлгонц йæ зæрдыл бадардтаид. Куырм Бибо æрымысгæ
фæлгонц нæу. Уый ’уыд Ирыстоны зындгонд кадæггæнæг Зы-
гъуытаты Бибо. Къубалты Алыксандр æмæ куырм Бибойæн цырт-
дзæвæн æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы Аивæдты училнщейы
фарсмæ. Йæ автор — Ходы Никъала.
Тугъанты Махарбег Зыгъуытаты Бнбойы тыххæй фыссы афтæ:
«Куырм Бибойæн уыд зæрдæмæисгæ зæлланггæнаг хъæлæс, заргæ
та кодта йæ хъисын фæндыримæ. Фæндыры хъæд бынырдыгæй
уыд даргъ хъилы хуызæн, æмæ-иу æй зæххы æрсагъта, фæнды-
ры тæбæгъыл — æвæджиау егъау тымбылæгыл тыгъд уыд галы
царм. Уый фæндыры зæл кодта тыхджындæр...
Йæ репертуар ахæм хъæздыг æмæ æвидигæ уыд, æмæ адæмы
йæ кадджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ æмæ худæджы зар-
джытæй, хъæлдзæг дарын йæ бон уыд чындзæхсæвы къуырийы
дæргъы. Фæсивæдæн æм уыд хъæлдзæг кæфтыты цæгъдтытæ;
Нарты кадджытæ æмæ историон зарджытæ чи уарзта, уыдонæн —
мидис æмæ æвзагæй хъæздыг кадджытæ. Æфхæрдты Хæсанæ
269
æмæ иннæ хъæбатырты тыххæй æнкъард кадджытæм хъусæг адæ-
мы рустыл-иу цæссыг лæдæрсын куы райдыдта, уæд-иу Бибо
æвиппайды йæ цагъд фездæхта худæджы зарджытæм. Æрхæн-
дæг цæсгæмттыл-иу уайтагъд мидбылхудт анхъæвзта. Уыцы
хъуыддаджы йæ хуыздæр æххуысгæнджытæ уыдысты «чын-
дзытæ»: ирон уæлæдарæсы аив фæлыст куклатæ — «лæппутæ»
æмæ «чызджытæ». Йе ’мбæлццон лæппу-иу куклаты равæрдта
дæлгоммæ фæлдæхт егъау къусы сæр. Къусы фæрсты уыд лыс-
тæг хуынчъытæ. Бибойы хъæлдзæг цагъдмæ-иу куклатæ æвип-
пайды кафын æмæ зарын райдыдтой. Сау цыллæ æндæхтæ йæ
галиу къухы æнгуылдзтæй цыдысты дæлгоммæ фæлдæхт егъау
къусы бынмæ, уырдыгæй — къусы сагъд къæцæлтæм, уыдоныл
та фидаргонд уыдысты куклатæ æмæ сæ афтæмæй змæлын код-
та.
СОДЕРЖАНИЕ
Скифты хабæрттæ б
Анахарсис 23
Сæтти æмæ Бæтти 30
Санаты Семы хабæрттæ 33
Хетæджы таурæгътæ 44
Къостайы хабæрттæ 47
Æмбисонды хабæрттæ 53
Цæрæгойты æмбисæндтæ 135
Бынæттимæ баст таурæгътæ 156
Диссæгтæ-тæмæссæгтæ 172
Цардæй ист хъуыдытæ 197
Афтæ цæмæн дзурæм? 240
Цымыдисаг хабæрттæ ирæтты тыххæй 250
Литературно-художественное нздание
Составнтель ЦГОЕВ ХАЗБИ ФЕДОРОВИЧ
Башня предков
Предания, иритчи, анекдоты
Редактор 3. У. Дзуцева
Художник М. Ф. Джикаев
Художественный редактор Г.З. Чеджемты
Технический редактор Л.В. Ядыкипа
Корректор Э.Дз. Баяикоева
Компьютерная верстка 3. С. Мисиковой
Сдано в набор 17.07.08. Подгшсано к печатп 17.10.08. Формат бумаги 60x901 /ю.
Бум. офс. №1. Гарн. шрнфта «Кис^газЬоу». Печать офсетная. Усл.-п. л. 17. Учет-
но-изд.л. 13,15. Тнраж оОО экз. Заказ № 1144 С 38
Комнтет Республикн Северная Осетня—Аланпя по печатн и делам издательств.
ГУП РСО—Аланпя «Издательство «Ир», 362040, г.Владнкавказ, проспект Мнра, 25.
Отпечатано с готовых днапознтивов в ОАО «Издательско-полиграфическое пред-
прнятне им. В.А. Гассиева», 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана, 16.