Автор: Галазова З.Ф.  

Теги: аивад  

Год: 2011

Текст
                    УЄРЄСЕЙЫ ФЕДЕРАЦИЙЫ АХУЫРАДЫ ЄМЄ ЗОНАДЫ МИНИСТРАД
УЄЛДЄР ПРОФЕССИОНАЛОН АХУЫРАДЫ ПАДДЗАХАДОН УАГДОН
«ЦЄГАТ ИРЫСТОНЫ ХЕТЄГКАТЫ КЪОСТАЙЫ
НОМЫЛ ПАДДЗАХАДОН УНИВЕРСИТЕТ»
ТАГЪДДЗУРИНЄГТЄ
ЄМЄ
ЗЫНДЗУРИНЄГТЄ
АХУЫРДДОН-МЕТОДИКОН ЧИНЫГ
ДЗЄУДЖЫХЪЄУ
2011


ББК83.3 0сет.Я73 Т13 Т13 Тагъддзуринєгтє ємє зындзуринєгтє: Ахуырадон-методикон чиныг / Сарєзта йє Галазты З.Ф. - Дзєуджыхъєу: Цєгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдад, 2011.-40 ф. Сарєзтє йє: РЦИ-йы адємон артисткє, ЦИПУ-йы актерты дєсныйады кафедрєйы доцент ГалазтыЗемфирє Учебно-методическое пособие адресовано студентам факультета искусств, обучающимся по специальности «Актерское искусство», преподавателям и молодым актерам театра и кино. ББК83.3 0сет.Я73 © Цєгат Ирыстоны Хетєгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты рауагьдад, 2011
ПРЕДИСЛОВИЕ Данное пособие, подготовленное известным специ- алистом в области актерского искусства и сценической речи народной артисткой РСО-Алания, доцентом кафе- дры актерского мастерства факультета искусств СОГУ З.Ф. Галазовой, содержит скороговорки на осетинском язы- ке. Продуктивность этих скороговорок в немалой степени обеспечивается их вариативностью, учетом элементов эмо- циальности и образности. Слово, звучащее со сцены теа- тра, имеет особо важное значение, так как негюсредствен- но через слово актер воздействует на партнера и на зрителя. Эти скороговорки будут полезны студентам в воспитании голоса, помогут научиться правильно интонировать, выра- ботать хорошее произношение и дикцию. Автор с исчсрпывающей ясиостью излагает свои взгляды на значение и содержание скороговорок в сценической речи. Можно с полным основанием сказать, что это пособие по технике речи представляет собой первоначалыгую осно- ву, почву, на которой могут правильно развиваться приемы и разрабатываться соответствующие программы по овладе- нию основами техники речи. АЖ АЛБЕГОВ, старший преподавателъ кафедры актерского искусства СОГУ, Заслуженный артист РСО-Апания
РАЗНЫХАС Аив, рєсугъд дзыхы ныхасыл кусгєйє, суинаг актеры хъєуы ахєм єрмєг; кєцы хъуамє єххуыс кєна, цємєй рог змєлой былтє, євзаг. Уымє гєсгє, єнємєнг пайда кєнєм тагъддзуринєгтєй ємє зындзуринєгтєй. Бирє азты дєргъы, аив дзурьгаыл кусгєйє, нє єрмєг бабирє, фєлє уєдцєр агурєм ирон литературє ємє адємон сфєлдыстады гуырєнты, нє куысты бєзгє тексттє. Фыццаджыдєр спайда кодтам дыккаг студийы, Темыраты Давид Щукины номыл училищєйы разамынд кємєн лєвєрдта, уыцы тшъддзуринєгтєй, стєй райдыд- там агурыи иог єрмєг, кєм фєнды дєр: «Мах дуджы»- бузныг ын, журнал «Ногдзауы», чиныг « Хурзєрины». Уєлдай бузныг Даурєйєн. Раст цыма сєрмагондєй махєн фыссы. Єнєхъєн равдыст саразєм єрмєст йє сфєлдыстадєй. Бирє тексттє ссарєм Агънианмє, Къадзаты Станиславмє, Цєрукъаты Алыксандырмє, Хозиты Макармє, Фидараты Русланмє ємє иннєтєм. Сєрмагондєй нын ныффыста Къуымєлєггаты Мурат, цалдєр тагъддзуринаджы нын бацамьтдта йе фсымєр Бибо. Бирє тексттє єрбахєссынц, кєнє єрхъуыды кєнынц сєхєдєг студенттє. Арєх пайда кєнєм Хъодзаты Єхсары ємдзєвгє « Къаппа - къоппайє.» Ахєм фєлтєрєнты ємбырдгонд, єнємєнг, хъєуы канд актерты нє, фєлє, алкєйы дєр, йє куыст дзурьгаєй кємєн у, йєхиуыл чи кусы, йє дзырдарєхстыл чи ар- хайы. Сєйрагдєр та уый у, ємє тагъдцзуринєгтє ємє зындзуринєгтє сты хицєн жанр, ємє иумє ємбырдгонд
куы єрцєуой, уєд євзєр нє уыдзєн. Чиныг архайдтам аразын алфавитмє гєсгє, уымєн ємє нє студентты кусын кєнєм алы дамгъєйыл дєр. Фєлє нын бынтон афтє нє рауад, уымєн ємє иуєй- иу тексттє сты хєццє, ныхєстє афтє арєст сты, ємє вєййынц тагъддзуринаг дєр ємє зындзуринаг дєр. Бирє пайда кєнєм ахєм тексттєй, кєцы ран ис бирє мыртє «КЪ», «ХЪ», «ПЪ». Ацы мыртє хорз фєлтєрынц мидєггаг хъєлєсы нуєрттє. Уымє гєсгє бацин кєнєм, куы ссарєм ахєм єрмєг. Зєгъєм, Хозиты Макар иу дамгъєйє спайда кєны, ємє саразы єнєхъєн ємдзєвгє. Ис нєм иу аипп. Тексты баивєм зындєр дзурєн чи у ахєм дзырдєй, кєнє аппарєм пайда нын чи нєу, уыцы хай текстєн. Уый тыххєй курєм хатыр нє автортєй ємє ма уын иу хатт зєгъєм бузныг. Хорз уаид, куы нын фыссик- кат ноджыдєр.
Гєркъєраг - бєрбєраг Хєринаг фыхта, Йє цоты хынцта. Амєн дєр авєрдта, Амєн дєр авєрдта, Амєн та нє. Ды суг нє састай. Ды дон нє хастай. *** Дзєбугєй бахостон Къулы зєгєлтє. Расхьиудтой сєрстєй Къєрттытє, тєгєлтє. Сызмєстон ногєй Єзмис ємє чъыр, Байсєрстон фийагєй Къулы зыхъхъыр. *** Адаг єрхы хєрх и дон, Саулох бєхыл хєрхидон. *** Куыд нє басийы, євєдза, цъити. Сєрдєй, зымєгєй йє сєрыл мит и. V, 6 ^
Хъєлдзєг, рухсєй уыл ує уалдзєг Ал аз дєр цєуєд. Бузныг ує - иу ує уазєг Алы бон дєр уєд. *** Урс пакъуы чысыл бєлєгътє Симынц цады рєгътє, рєгътє. *** У є єртєх єртєх ды махмє, Ды єртєх мє хуымы хаххмє, Уалдзыгон єртєх. Бамбєхст дзынга цъынайы, Хєфсы лєппын хъуынайы, Тыртыраг ныббырыд цады. Донєй быдыртє єфсады. *** Кєны єппєлдєй лєг уєлхох, Фєвєййы дзы йє сахъат рох. *** Євзєры хин хєрєгуаргъ, Иувєлдах нє, дывєлдах.
Єри, єрєвєр єрми єхсєвєр. *** Бал ныммєра, бал ныппъєра. Бахуыскъ бал, бахус мал. Мин иунєгєй рауайы єфсад, Миниуєгєй рауайы сєрфат. *** Бєллєх ємє замана, Чъиллон - биллон абана. *** Бєройты Барис Балхєдта бабызтє. Бабызтє бапп-бапп Байдыдтой. Барис цын Бахєринаг радта. Бабызтє Банцадысты. Бибигат фєцєйтахт Бибипп-гєнгє. еуе
Бад мє зєрдєйы маст Бад мє зєрдєйы, ма ст. *** Боциты Барон быдыры бадти, Бєндєнтє бьтдта, бєхыл цє баста. Уырыл фєбыры тыппыр бур уыры, Къєппєг нє уыны, йєхи йыл къуьтры. *** Баххєст кодта хєдтулгє йє хєстє, Бапьтрх кодта уынгтє ємє фєзтє, Бафсєста та дидинджытє донєй. Хсєвєй кусгє, улєфгє та бонєй. Бирєгъ бирє уарзы цєл, Баййафынц йє фєрстє цъєл. Бєрбєрты Бєрбєр Баскуыхти булємєргъ. Бєстє байдзаг бєрбєрєй, Бацайдагъ быцєутє. с*/э
*** Бонєй бонмє, бєрєгбонмє, Бадтєн бон изєрмє Бал бєласы бын. *** Гиенєйы гєрзифтонг гвардийы Гуыппырсар гангстертє Гранаттєй, гаубицтєй Гєрєхтє, гуыпп, гуыпп. Гєнєхтє, галуантє гєныстон, гаффутт. *** Гуцъу, Гуцъу, Гуцъула, Лєппу нал у Дуртъула, Єнєхъєн хъєу єй уарзынц, Сабитє йемє хъазынц. *** Гєркъєргєнаг гєркъєраг Къєр-къєр кєны къєркъєр гєнєны. *** Один Дудин дугарачъи, Сырх гарачъи. Тєпєнєджы тъєпп - тъєпп, Уидыгєй сыллыпп - сыллыпп. 10
Джамбот Джеоргуыбайы бон Джимарайє Джызєлмє рацыд, Джызєлы арахъ уайтагъд Йє сєры бацыд Дзедзро-дзедзро дзедзыкка, Хорз лєппуйєн - иу - дзыкка. *** Диссагєй цы кєныс, Нє диссаджы диссєгтыл адєймаг Диссагєн дисгєнєг не ссардзєн, Афтємєй диссагєй диссагдєр фестєм. *** Аккє дыккє дывалыккє, Зєлгє-зєлгє зєрингуырдтє, Пахджынтє, кураджынтє. Тотырбегєн дуаргуыдьфєй Гуыдыры гуыпп. *** Дыдта быдта, цы быдта? Кау бьшын нє зыдта. Уєд ын Гьщци афтє зєгъы, Кєд нє зоныс кау быйын, Ауыз уєртє сабийы.
*** Дзуринаг дзургєйє Дзураг у дзурєг. Куринаг кургєйє Кураг у курєг. *** Даргъ урс дарєс, урс худ дары. Бон, єхсєвєй мєстєй зары Уалдзєг зєрдє хъыст зымєг. *** Дадо дынджыр дур Дуарєй Дєлбылмє ныддыввытт кодта. *** Дзыгы, Дзыгы, Дзыгыди, Дє мады ном куыд уыди? Мє мады ном — Косерхан. Дибє дидинджытє дидитау Ныббыдитт кодта. *** Дыуує, дыуує, дыууадєс Кєд скєнай дыууадєс Уєд дє кард єд кєрддзєм мєн.
Дзыцца дзырдта: «Дзєгъєлдзуйы дзьшпы дзала». *** Дзадджын дзырдтє: Дзидза, дзыкка, дзыкки, Дзєнєт, дзєнхъа. Дзывырєй дзаг дзаума. *** Джыджына джиппєй фыст, Джебогъау джихєй. *** Чидєриддєр кєцыдєридцєр кємдєриддєр уа Уадз нє удхєрдтєм кєсгєйє Зондджындєр кєна. *** Лєппу донмє дуртє калы, Дон уєлцъар тєлытє дары, Зиллакк зиллаччы бырсы, Мал цєтджинагау фыцы. *** Дзєргъєн ис дзєвгар хъыбылтє. Сырх сє былтє, сырх сє рустє. ' 13 ~
Урс хъыбылтєн дзидзи дары, Хъулон хъыбылты нє ары. *** Радавта чидєр кємєйдєр цыдєр, Ауєй йє кодта кємєндєр кєддєр. Давд давєггагєй кєд нал ис фєд дєр, Рабєрєг давєг фєстагмє уєддєр. *** Роберт Ирємє радзырдта рудзынгєй: Ирє єри рон, рон єри Ирє. Єрєджы кєнын рувынмє. *** Хорзєн йє хорздзинад къєхты бын ис, Зєххмє ныггуыбыр кєн ємє йє сис. *** Сусєгєй сыбар - сыбур хъуысы, Уєлдєф дидинджытєм хъуызы, Афтє уарзон уарзонмє хъусы, Уарзон уарзоны куы мысы. *** Цыхцырєг зар ємє зар! Уар уарын! Уар ємє уар! Бєлєсты, хєдзєртты най ємє най! Донвєдты денджызмє уай! 14
Лєгау - лєг - иудзырдон, Уєздан ус - иудзырдон. Кєд мєнг зєгъын, Уєд куыройы єргъєсчъы Мє иунєг сєрєн - цъист! Доны чызджытє-чызналджытє Рагъ фєстє єрцєуынц. Сє астєутыл цєвджытє, Сє уєхсджытыл лєздджытє, Чи сє хоны усгуртє, Чи сє хоны скъєфджытє. Сєр ує бахъуыд, чызджытє, Амбырд кєнут ує дымджытє Ємє хъєумє лидзгє! *** Зєронд зиууон зары, Зиуы зарєг зары. Зєронд зиууон зоны Зарє зєйцєн зайы. Зары, зары, зары, Зєронд зиуы зары. «V®
*** Мамазила - куырой зила, Иумє зилєм зиуы цъилау, Арв фєлидзы, зєхх фєлидзы, Мама зила - куырой зила. *** Уызынєн йє син - йє хызын. Уырыдзытєм сахуыр хъуызын. *** Фыны фынтє дзуры Сусєгєй нє хъєд, Дардмє зынтє суры Заргє, заргє хъєд, *** О чызджытє - чызналджытє, Доны мыстытє, сєлавыртє, Єрхъуыз - єрхъуыз зєрингуырдтє, Таппы-туптты лєдзєгджынтє. *** Тъєнджы мєй, Ирд райсом ихєн Хуры бон ницы у ихєн. *** Ир!дцєст Ирбєстє исджын.
Курдтаты комы куырєйттє Касыссад калынц куддєртє. *** Къуырисєры Къадаты къєдзєхы Къахєны къєбутыл къуыппытє Къуьфццытє гєнгє Къиуты къуырма Къоста къахєнєй къахта Къудзиты къодєхтє. *** Къуырисєры, къаты бон, Кънаттаты къленц къуырма Къуылых къєбырцц Къутєрты къудзиты Къєбицы къуымы Къалосты къахта Къуымєлы къєпытє. *** Къуырисєры Къадаты Къєдзєхы Къулы, Къєхєны Къєбутыл,
<-<**0§^р8^**~ Къиситы Къуырма Къоста Къахєнєй Къахта Къутєртєй Къодєхтє Къодзты Къисимє Къєлєу къуыбылецц кєны, Къєлєу къул къуыры. Къул фєкъул Къєлєу къулы бьга фєкъул, Бєхты къєхты къыбар - къыбур, Сармадзанты гыбар - гыбур, Топпыты къєр - къєр, Нємгуыты гєр - гєр, Иу ранєй хъуысы єхситт Иннє ранєй - къуыззитт. Чи кєны зыр - зыр, Чи сонтєй чыр - чыр. (г^4^)
*** Къуырттон карк мын Къуыртт - къуыртт гєнгє Къупп-къупп кодта къутуйы къул. Къорроты Къорро Къардоны къєридоры къуымты Къєбєлтє къуырдта. *** Къаннєг дзыгы Ме-хъе-хъе Слєууы фєстаг къєхтыл хъен. Йе взаг у дєрзєг рєсау, Къєдзил бур кєны фєскъау. Хъустє - Цъустє, Сытє - Цырд, Уайы цырд. Фыдгултє тєрсынц йє койє. Рмєст, дам, уыдоны рєхойы. *** Къаппа - къоппа къєбєлдзыг, Къаппа - къоппа хєтєлдзыд, Къаппа - къоппа дєлвєзы, Уєлвєзы дє гємєхсєр, Дєлвєзы та пєлєхсар.
Дымгє, дымгє, дымгє та дын Аскъєфта дє худ, Де мбал та дыл дєлвєзы фєхудт. Къаппа - къоппа футт. *** Акъани, бакъани, русени, стакъани, Ола, маса, хъадж, хъаджит. *** Сєнайы фырт -гєппыгє, Къєпи дурыл-тъєппытє. *** Уєлє хуымы -къєпиджынтє, Дагомы та-инджынтє. Икъа-икъа, цєй икъа, Рахиз къахыл цырд икъа. Галиу къахыл-євзидєн, Сургє-къуыргє нє зилєн. *** Акъла, дукъла Чара чамбохъ, Хинцъи - минцъи Дондри - писи. Къупп - къупп хъєдхой хойы, Къупп - къупп тєрс рєхойы.
*** Пъєра у цємєндєр нє кас, Пъєгъгъєтг гєнгє цас фєфыхт цас. *** Къуымых - къуымон, єртє къуымон. Къуыбыр сыкъа - къуыпп уадулон. *** Къоста Къорамє къуылых къамбецы Къахвєндагыл фєцєйкодта. *** Лєгау лєууы, Лыгфаст лєдзагау Лєппу-лєг, лєггаг. *** Лєгхуыз лєппутєн Лєгау лєджы лєггад. *** Скєн мын, нана, хъєбын. У мын чъири хєрьга зын. *** Пъырыпъыфау пурти Пъєртт ємє фєхєрд и. №*©
*** Пъонайы хъєуы цєрєг, Пъерсаты Пъаулейы Пъадвалы пъолы бынєй Хъуыстис пъырыпъыфы пъыф-пъыф. *** Парады парахат цин, Парады єдзух цєуин. *** Лєгєн йє номыл дарынц арм Єгъдау, цєсгом ємє єфсарм. *** Далыс дарыс-хєрх къуымбил Кафаг єлхуый, цьилау зил. *** Дыргъдонмє єрбатахтысты хъазтє Цинєй та цыл амардысты Къадзытє. Гєдыла бахъуызыд Кєркдонмє хъавгє. Мила йє рацахста Уасєджы давгє. 22
**# Цы лєц цы адєм Єндєр кємєндєр Кєна хъадаман, Гъе уый йєхєдєг Єфхєрд ссєстєй Цєрдзєн йє заман. *** Талынг ссивгє, тынг єртгивгє Тауы нкъардєй арвыл мєй. Ахуысс цєй. Тынг ссєнды, фын нывєнды, Авдєн найы уєлє мєй. Ахуысс цєй. **# Скастис хохы цъуппєй хур. Хєхтє, рєгътє дарынц бур. *** Мыстытє лыстытєй Скодтой хєдзар. Къултє єхсныфтєй, Єндзарєнтєй цар. 23
*** Тотыр дуртє донмє калы, Дон уєлцъар тєлытє дары, Зиллакк зиллаччы бырсы, Мал цєтджинагау фыцы. *** Ратъєбєртт, батъєбєртт, Тъєпєнхуыз тъєпєнєг, Тъыфылхуыз Фатъимєт Тъепатєй тъєлматє кодта. *** Мєлдзгуытє хєссынц дзєкъултє, Сты тымбылтє ємє зултє. *** Астъархан, дам, хъазахъаг уыд. Хъазахъаг уыд Хъараман дєр. Сапархан цын хъазаг хо уыд. Ратахт иу цєм хъєугєронмє. *** Хъази хъазмє взиды хъилєй, Хъаз Хъазийы къах єркъуырдта, «Сахъ» Хъази уєнгхъилєй Тєсчъы цур хъєрєй ныккуыдта. 24
Хъулон хъыбыл Хъємпыл хъазьщ. Хъара-хъарсаг Хъыбыл хъилєй Хъист. Хъєуыл хъуысы хъыбылы хъыллист. Олетє мє оппытє, Уєлє хъоппєг хъоппытє. Кєркуасєг дєр дидинєг, Циудзєхєра, чъиринєг. Зила, зила хъуырмєджы Мамазила куырмєджы. *** Хъєдгєронєй Хъахъхъєдурмє Хърихъуппытє хъахъ - хъахъ гєнгє Хъєдьт сєрмє фєцєйтахтысты. *** Хохаг Хємєт уыди Хєдєфсарм, худєндзаст. Хаста Хуымєтєджы хєлаф, хєдон, худ, Хордта хєрзфых хєринєгтє. 25
*** Ихєн ихєн мур дєр нєу. Хъазы йыл єнєхъєн хъєу. *** Зыхъхъыр мыстытєн сє сєдзєн, Нал хєры нє гєды мыст. Бафсєстис дзидза, єхсырєй, Зары мыстытєн хуыр-хуырєй. Сау сынт уасы, Сау сынт хъарджытє кєны. Тынг йє цєссыг, цєссыг Сау хохыл кєлы. Сау Хох дєр ызгъєлы. *** Хєлуарєг єрцахста мыст, Скодта йыл тынєй фєлыст. *** Хивєнд Хємпєлзачъе Хилдасєг Хєтъаты Хорз Хечъо
Хивєнд Хєрзхаст Хєрєгыл Хєрисджынєй Хєкъуьгаайы Хосгєрстмє Хурхєтєнты Хосдзаутєн Хєрдгєхуыд Хызыны Хаста Хєбизджынтє. Хєрєг Хєрдмє Хылди Хус Хєрисы Хихтыл. Хосдзаутє Хордтой Хєринаг Хуссарварс Хосыл. Хєргє- 27
Хєрын Худтысты Хечъойы Хытъынджын Хайуаныл. *** Тєрсы хсынєн ртывєрсыг Морє чысыл дурмєсыг. *** Чызджы дзыкку - зулфаст, Лєппуйы сєр-булкъдаст. *** Сасинкъа Сасайы, сасир асаста. Саса та Сасинкъайы урс сєныкк Сау писийє самєста. *** Сусу - бусу, уый кєй мус у. *** Хъыбылтє сты тымбылтє. Сырх сє рустє, сырх сє былтє. Рувас хъєдгєронєй каст, Арсєн кодта куыдзєй хъаст. 28
Илас бєлас ныссагъта. Йє фєд царды ныууагъта. *** Тєхуды,- загъта ехс - Єрцахс нєртон рєгъауы ефс, Дєхи йєм фехс, дєхи йєм фехс, Фєлє нєййес, нєййес. *** Артыл фєтых вєййы дон, Тарыл фєтых вєййы бон. *** Къєвда уары ємє уары, Уары быдыртєн бєркад Къанєуттєн цєрєнбон. *** Фуфє Фуфункъамє фєхєрам, Футтытє йыл фєкодта. Фуфункъа Фуфємє фєфыдєх. *** Фарон Фаризєт физонжытє хєргєйє Ферхєцыди, йє улєфєнтєй фєхъєрзыд. Физонєг нал хєры.
*** Фесєф, фесєф Фароны фистау. Фєстємє фездєх Фєсмон фєкєнгє. Фыркъа, Фыры фырты фырт Фыны, Фыры фарсєн - фєртг. *** Хъєдуры хъил, хъил хъєдурєн. *** Хъо-хъо-хъо-хъо, хъо-хъо-хъо-хъо Хъухъры-хъи, хъи-хъи-хъи-хъи, *** Хъобаны цєрєг, Хъаныхъуаты Хъєрєуы хъєддаг хъазты хъап-хъапп Хъуыстис Хъєнийы хъєуы хъєугєронмє. Хъороты Хъауры хъєууон хъазтє Хъєддаг хъазты хъєрмє хъєрахст хъєдмє систой. Хъєды хъазьгац тєрхъустє, Уыдон сты хъилхъустє, Иу хъилхъус ныхъхъєр кодта-
Нал тєрсын єз бирєгъєй, Ауадзут мє иунєгєй. *** Сагєн сагойау йє сытє. Уыдоны хьєуы хєссын дєр. *** Дычъе-дычъе, Дунал-дычъе, Кєфтыры кєфой, Рахау-бахау, Хъентє-ментє Цопаны сєр Єртє дихы. Дзєутє - мєутє, Хъєууат єхсинбар. Ємвєндєй Сєрєн къуырцц. *** Чъиу мын, чъиу мью, чъиу мын, чъиу Зары кауы михєй цъиу. Гал єм батылдта йє сєр- Чъиу мєм нєй! Цєгъдын сынєр.
Уырытє уынджы ссардтой уырыдзы, Лєппу сыл сардыдта урс къобор куыдзы. Асырдга уырыты хъєхъхьаг куыдз уыры, Иу хъулон уыры фємидєг ис хуыры. *** Уыры уыджы уынджы уыны, Уыг уырыйы уыны уынджы. Фийауы бєллиц - бирє фос, У дзуджы бирє - царды хос. Фидинаг фидджытє фидынхъом не сты, Карз єфхєрд баййєфтой, иваргонд фесты *** Райсомєй раджы Калачы парчы Мє тыхы руаджы рацахстон карчы. *** Ис нєм иу сыкъаджын фыр, Хъулон къєхтє, хъулон гуыр. *** Бєх єрхоста къахєй зєхх, Рахєссут мын ардєм цєхх. 32
*** Халон халмє хаста хал, Ахстон сарєзта, ысхъал Халон халонмє тєхы, Халон халонєн зєгъы- Цєй - ма, халон, ныр цы хєрєм, Сихорєн амал цы скєнєм. *** Зарынц цъиутє: «Ципп.. .цви...ци...» Зарынц цъиутє; «Цъипп.. .цви.. .цур...» Зарынц цъиутє; «Цъипп.. .цви...цунг...» Зарьгац цъиутє: «Ципп.. .цви.. .цорз». Цъєх доны был Цъєх хосы сєр Цъєх цъырцъыраг Цъыр - цъыр кодта. *** Цъиуты цъиу - цъиу, Цъал цъємалтты цъиу Цъыбыртты цъуйы цъуппєй Цъыбар цъыбур кодта. 33
Цъула-цьула, гуцъула, Фыдуаг лєппу Дуртъула. Къєрттєй не ппары цъула, Єнєхъєн хъєу єрхъула... *** Цъєх - цъєхид цъырцыраг Цъыхырыты цъуппыл Цъиуау цъыллинг-мыллинг кодта. *** Цопанаты Цыцыри цары цєвєрдта Цыргъ цєвєг, цємєй цуаны цєугєйє Цицыртє цєгъда. *** Цъєх цухъхъаджын цъырцъыраг, Сырт - сырт гєнаг чырчыраг, Чъиллон - миллон чъыртгымєн, Чъиз-чъимбыр йє дымєг. *** Цъиу цъыбырттєг цъиу-цъиу гєнгє Цъитийы цур цъуйы цъуппыл бады Ємє хоны иумє, алы цъуйтыл бадєг Цъиу-цъиу гєнгє цъиуты, зиумє. 34
Цъыбар-цъыбур, цырри - уыри! Уырри, цырри - мырри, ситт! Цъиппы-цъиппы, Цъыбарыгон, Цъыбар - цьыбур, Цъырцъырєг Цъєпп-цъєпгєнгє Цъєх цады дон Цъєх бырынкъєй Цъиры. Цъырцъыраг Цъынайы Цъуппыл Цъырдта Цъєх Цъиуы Цъар. *** Єз дзега дєн, дзьпъша Мє рагъ халас, гєбына. Хъулон - мулон мє къєхтє, 35
Мє цєстытє цырєгътє. Ныридєгєн мє роцъо Зєлдаг -дєстєг сырх боцъо, Мє рог кєрцєн йє тєрттє Сєхтєг єлвєст нуєрттє. Мє уалдзыгон бур сытє Фєззєг ивын єрцытєй. Мєстєймаргє - иу мє ма кєн, Йє дугъон дєн єз саппєн, Мє сыкъатє уырынгтєй. Хъєдласєны тєбынтє. Фосєй хибар нє лидзын, Фєлє мє дзуг єрривєд. Фийау райста йє уадындз, Уєд къуыбыртыл-мєхи фєнд, Рог къах-къухтє єрсадзын. *** Йєд мє пъцри, иуд мє цъури, Гакъа дєр нєй, гокъо дєр нєй. Тєрхъусы хуыст-хъилхъусєй, Хєлєртты хєрд иу касєй, Хъеллау, хъеллау хъєлєрдзы, Хъармєй, хъарммє дє кєрдзын.
Хъєриуы хох хъєбєр дурєй, Хъєр фєцыди Заманхъулєй. Арджы быны чехъо, Мелехъон, хъеуа, Мама хъеуа дыбыцы, Сє дзабыр махуа, Се ннє дзабыр Хъогє, Хъогємє сын тєллєттєгонд, Тьшпыро сын ємхєццєгонд. Ує Нана Тити. *** Цъититєй хєл - хєлєй, Кєдзєхты цыхцырєй, Уырдгуыты кєл-кєлєй, Ленчыты єхсырєй Уайы ємє уайы Тар єхсєвты, бонты. Циу, цы у фєллайын, Уый єппын нє зоны. Алчидєр ємбары- Дон фырцинєй зары. 37
Єрцыбыны Цъехъол, Мелехъон, Хауа, Хъогємиссє, хъог, Хъогєтты зыр-зыр. Єртуалла тырты мигъ, Мит мылазон лела, Лела гєсгє дыгъадон. Афтє ма мєм єрбайхъус: Мє иу лєппу Горда. Хабєимє ємхєццєгондєй. О, Нана Тити! Авдчена, Дыгъоцъыра, Мамыцъыра, Сим сихъус хєрєг. *** Алдым-былдым - былдаца, Былдацайєн цомарца, Цомарцайєн цомтерыкк, Терк, Терк Темырхъан, Бєстуцжы былмаца, Алыктеджы єлтыхъуыз, Хъуылытеджы Хъуылатє, Елевхацє быввє, е*да
Бывыцы дыгуыссє, Елагълон Ела. Йє иу лєппу Хабє, Иннє лєппу Горда, Горда та цын хєлєца, Тыппырон сьш ємхєццє, Ела сєбыввє, Сихъус хєрєг сиваннє, Бывыцы дыгуыссє, Андыры-биндыры, Цохцыры Хъызлары, Сє сау чызг Парємє, Уаси уєрєйдє Цъєгьємєти, Хъабизболат Бимболат, Єхсар нємыг феркком, Уєлє халон хъуахъ кєны, Турчы быдыр сау кєны, Уадта деда гуылмых кєны, Зєппадзы сєр лєугє кєны. *** Чъырттым батахт мєсчъы хуынчъы, Багєпп кодта цалхы чъилмє, Цалхы чъилєй тычъилєгмє, Уырдыгєй та чъыртт-чъыртт гєнгє 39
Багєпп кодта чъиппадонмє, Чъиппадонєй чъырамадмє, Чъырамадєй талачъимє, Асырдтон єй золочъийє. Хурджын саппыл Къаннєг аппєй Сзади къаппа, Къаппайыл та Худы гоппау Чысыл къоппа. Саппыл къаппа, Къаппайыл къоппа. Иу ныхасєй къаппа - къоппа. Иу ахємы дымгє сыстад. Уайтагъд - оппа! Атахт къоппа. Къаппа баззад, Саппыл баруад, Къаппайыл та Базыр базад. Къоппа дзаг уыд Сау єппытєй. Таудзєни сє Ног сєппытыл. (^•-«^)
Учебно-методическое издание Составитель: Земфира Федоровна Галазова СКОРОГОВОРКИ Компьютерная верстка Е.В. Осипова Подписановпечать31.08.2011. Лицеюия ЛР№020218. ФорматбумагибОхв^1/^. Бум. офс. Гарнитура шрифта «Тппез Ыегог Котап». Печапгъ ва ризографе. Уся.пл 1Д5. УЧ.-ЩД.Л. 1.16. Тираж 50 экз. Заказ № 168. С100. Издательство Северо-Осетинского государственного университета имени КЛ. Хетагурова, 362025, г. Владикавказ, ул. Ватутина, 46.