/
Текст
Сарєзта йсе Салєгаты Зоя Дыккаг том Дыккаг баххєстгонд рауагъд Дзєуджыхъєу 2007
82.3B Рос. Сев)-6 И-62 Под общей редакцией В.И.Абаева Ирон адємон сфєлдыстад. Дыуує томы. Дыккаг том./Чиныг И—62 сарєзта Салєгаты 3. — Дзєуджыхъєу: Ир, 2007 — 655 ф. Осетинское народное творчество. /Сост. З.М. Салагаева „ 4702040000-42 __ __ И М131@3)-07 9"°7 82’3 BРоС’ Сев) © ГУП РСО-Аланпя «Издательство «Ир», 2007 © Салагаева З.М., составленне, 2007 15ВЫ 5-7534-0360-3 © Джпкаев М.Ф., оформленне, 2007
ГЄДЫ РУВАС Раджыма-раджы арс уыди, ємє йын єртє лєппыны уыди: ссыст ын сты, афтємєй сє хурмє рахаста ємє сын сє сыстытє мардта. Рувас дын кєцєйдєр єрбауади ємє йын загъта: — Цы кєныс, цы, арс? Уый йын: — Мєнє мє хъыбылты сыстытє марын. Рувас ын загъта: — Ды сын ницы бафєраздзынє: ацу ємє иу хєбизджын скєн ємє йє ахєсс уєлє уыцы цъупмє, єз дын сє дє єрцыдмє, хъєл ємє лєдзєгєй куыд хъазой, афтє скєндзынєн. Арс бацыд ємє иу хєбизджын скодта ємє йє ахаста цъуимє. Рувас баздєхт ємє аг уєларт сєвєрдта ємє хъыбылты уым баппєрста, йєхєдєг дуарєй рауад ємє єнцад сбадти. Арс єрцыд ємє йын загъта: — Кєм сты мє хъыбылтє? Уый йын загъта: — Хєдзары хъєл ємє лєдзєгєй хъазынц. Арс бацыд. Рувас афардєг ємє сбадти, ємє йє хєбизджын хєры. Кєцєй- дєр иу бирєгъ єрбауад ємє рувасмє дзуры: — Кєм дын уыди, кє, уыцы хєбизджын? 3
Рувас ын загъта: — Дєлє арс чындз єрхаста, ємє йын загътон: «Дє чындзєн дын лєппу райгуыра», — ємє мын ацы хєбизджын радта. Бирєгъ дєр цингєнгєйє ныууад ємє арсєн загъта: — Дє чындзєн дын лєппу райгуыра. Арс хъил райста ємє бирєгъєн мєлєты над фєкодта. Бирєгъ дын ралыгъди ємє рувасы сурын байдыдта, фєлє йє нє баййєфта. Стєй рувас йєхи єндєр хуыз фестын кодта ємє бєндєн бийын байдыдта. Бирєгъ ыл сємбєлд ємє йє фєрсы: — Уымєй цы кєныс, цы? — Цы кєнын, цы, — загъта рувас, — амєй мє сыдз бахуыйдзынєн ємє мын хєрд ахъаз кєндзєни. Бирєгъ ын загъта: — Дє хорзєхєй мєнєн дзы бахуый мє сыдз, кєннєуєд мын хєрд єппын ницы ахъаз кєны. — Цы кєнон, дє хуызєн лымєны коммє куыд нє бакєсон, — загъта рувас, ємє йын бєндєнєй йє сыдз бахуыдта. Бирєгъ дын ацыд ємє кємдєр иу фыс радавта ємє йє бахордта. Стєй йєм єддємє єрцыд ємє ахєц-ахєц кєнын байдыдта, фєлє ма кєм цы фєразы. Иухатт куы уыд, уєд дын ахєцыди ємє сыдзы фєрстє атыдта. — О-о! Додой мын дє сєр, рувас! — загъта бирєгъ. Афтємєй та иу хатт куы уыд, уєд та сємбєлди рувасыл ємє йє нє базыдта, рувас йєхи єндєрхуызон кєй акодта, уый тыххєй. — Уый цы кєныс, цы, рувас? — зєгъгє, йє бафарста. — Цы кєнын, цы, мє хур, мєнє къуту бийын. — Ємє дзы цы кєныс? — Мєхи дзы сбидзынєн, єлдараты фыстєм ныттулдзынєн, иу дзы мє къу- туйы цєвєрдзынєн ємє йє рахєсдзынєн. — Уєй, дє мєрдтыстєн, мєн дзы сби, — загъта бирєгъ. — Цы дын кєнон, кєд мын иуєй-иу хатт тых кєныс, уєддєр дын мє цєсты гагуы дєр нє бацауєрддзынєн, — загъта рувас ємє йє сбыдта къутуйы, стєй йє рахаста, къулєй йє ратылдта, йєхєдєг та ныхъхъєр кодта: — Єлдаратє, єлда- ратє! Бирєгъ уєм фєтулы. Єлдаратє рауадысты ємє бирєгъєн мєлєты над фєкодтой, тыххєй ма аир- вєзти. Бирєгъ дын рувасы сурын байдыдта, ємє рувас йє хуынкъмє куыд 6а- хєццє и, афтє йын йє къєдзил ратыдта ємє йын загъта: — Ныр та мын кєдєм цєудзынє, бєрєг куы дє. Бирєгъ уым куы нєуал уыди, уєд рувас рацыди ємє иу ран кєфтє ссардта. Уєд дын єндєр рувєстє єрємбырд сты ємє йє фарстой: — Кєм дын уыди ацы кєфтє? Уый сын загъта: — Дєлє доны мє къуди нытътъыстон ємє ацы кєфтє сластон. Уыдон дєр ныццыдысты ємє сє къудитє доны нытътъыстой, ємє сын уым єгас єхсєв ныссалдысты, стєй райсом куы схєцыдысты, уєд сє къудитє уым аззадысты ємє се ’ппєт дєр єнє къудитє фесты. Бирєгъ дын йє рувасы нал зыдта ємє иу доны сєрыл хъисєй хид скодта ємє загъта: — Ацы хидєй чи ныххауа, уый мє рувас у. Рувєстє дын уайын байдыдтой ємє гєды рувас чи уыди, уый доны ныххаудта, ємє иу кєсаг йє къахы бын фєци. Уєд дын бирєгъ схъєр кодта:
— Дєлє, дєлє мє рувас! — Бєгуы, бєгуы, дє рувас, єз мєнє кєсаг федтон, ємє уымє єргєпп лас- тон, — загъта гєды рувас. Афтємєй дын раст баззади. Уыдон єрцыдмє хорзєй фєцєрут. «Осетинские тексты», собранные Дан. Чонкадзе и Вас. Цораевым. Из- дал академик А. Шифнер. Санкт-Петербург, 1868, с. 64—67. РУВАС - НОМЄВЄРЄГ Рувас ємє арс иумє цардысты. Уєд иу бон сє куыстмє ацыдысты, хуымы куыстмє. Ємє рувас куы сєххор- маг, уєд афтє бакодта: -У-у! Арс єй фєрсы: — Цы кодтай, Буба? — Єлдаратєн лєппу райгуырд, ємє мє сєхимє хонынц номєвєрєгєн. Рацыди рувас уырдыгєй, ємє рувас ємє арсєн царв уыди сє хєдзары, иу дурын йє тєккє дзаг. Рувас сєхимє бауади ємє царвєй бахордта. Фєстємє куы аздєхт хуыммє, уєд єй арс фєрсы: — Цы йыл сєвєрдтай? — Былкъахыр, — загъта рувас. Сихор куы сси, уєд та рувас фєкодта: — У-у! — Цы та кодтай, Буба? — фєрсы йє арс. Рувас дзупп радта: — Мє ном сє зєрдємє нє цєуы: дыккаг ном, дам, ыл євєрын хъєуы, зєгъынц. — Ацу, Буба, ємє-иу тагъд раздєх фєстємє, — зєгъы йын арс. Ацыди рувас ємє та царвєн йе ’рдєг бахордта. Фєстємє ’рбацыд рувас, ємє йє арс фєрсы: — Гъы, цы ном ыл сєвєрдтай? — Астєунарєг-гуырвидауц, — загъта рувас. Гыццыл фєстєдєр та сєххормаг и рувас ємє та фєкодта: — У-у! — Цы та кодтай, Буба? — фєрсы арс. — Сє ном та сє зєрдємє нє цєуы, ємє та, дам, ыл ног ном сєвєр, — дзуры рувас. Арс ын загъта: — Ацу, ємє йыл ном сєвєр. Кєд сє зєрдємє цєуа — хорз, кєннод ыл єндєр ном нал сєвєрдзынєн, зєгъгє сын зєгъ. Рувас ацыд ємє бынтондєр бахордта царв ємє дурыны фєнык ныккодта. Ємє фєстємє єрбаздєхт. Арс єй фєрсы: — Гъы, Буба, цы ном ыл сєвєрдтай? — Быныстєрд, зєгъгє, йыл сєвєрдтои. — Уєдє хорз, — загъта арс дєр. Изєрєй сєхимє єрцыдысты. Ємє арс загъта: — Цу-ма, Буба, дє царв рахєсс ємє дзы фєлладєй ахєрєм. Буба царвы дурын рахаста ємє йє арсы цур єрєвєрдта. Рувас афтє зєгъы: 5
— Абон йє сєр гомєй баззад ємє йыл рыгтє фєбадтысты. Ємє дє цєстытє ныйирд кє ємє йыл ныффу кє. Арс йє цєстытє ныггом кодта ємє дурыны ныффу кодта, ємє йє цєстытє байдзаг сты. «Ай мє цєрын нал ныууадздзєн», — ахъуыды кодта рувас ємє алыгъди. Арс єй фєсте сурын байдыдта, ємє йє иу ран куы баййєфта, уєд ын йє къєдзилыл фєхєст ємє йын єй ратыдта. Рувас алыгъди. Уєд арс афтє зєгъы: — Цєугє, ныр мын нал аирвєздзынє, єнєкъєдзил рувас нєй дєуы йеддємє. Рувас уєд хъуыды байдыдта: «Мєрдты дєр мє нал ныууадздзєн, уый тых- хєй ємє єнєкъєдзил рувас мєны йеддємє никуал ис ємє исты єрхъуыды хъєуы». Кєсы ємє иу ран иу сывєллон йє авдєыы бафынєй, йє фарсмє, хъазгє кємєй кодта сывєллон, ахєм фєрдгуыты хал. Рувас сє йє хъуырыл бакодта. Уєд єй иннє рувєстє фєрсынц: — Мєнє цы рєсугъд фєрдгуытє ис! Кєм дын уыдысты, мах дєр сыл куы фєхєст уаиккам? Рувас загъта: — Уый хєрз єицон у. Дєлє донмє ныццєут ємє дзы ує къєдзилтє нытъ- тъыссут ємє сє бонмє уым фєдарут. Нытътъыстой сє уым. Уыдис зымєг. Бонмє уым фєбадтысты. Бонєй адєм зынын куы байдыдтой, цуанонтє куы фєзындысты, уєд рувєстє фєтарстысты, фєлє сє къєдзилтє ныйих сты, схєц-схєц кєнынц — нєй, ємє сє уєд атыдтой ємє алыгъдысты. Алырдыгєй дунейы єнєкъєдзил рувасєй байдзаг. Арс рувєстєй куы иуы єрцахсы, куы иннєйы єрцахсы, уєдє ды уыдтє «мє гєнєг», зєгъгє. Куы нал дзы фєрєзтой арсєй рувєстє, уєд мєгуыр лєджы тєскъ радавтой ємє йє схастой къуыбырмє. Стєй арсмє фєсидтысты ємє йын загътой: — Ардєм рацу. Арс сє фєрсы: — Ємє уын ацы тєскъ та цы у? Рувєстє загътой: — Мах ацы тєсчъы ныббырдзыстєм ємє дєлє уєтєрмє ныттулдзыстєм ємє уым фысы фыд хєрдзыстєм, цас нє хъєуа, уыйас. — Уєдє дзы мєн цєвєрут, — загъта арс. Арсы уым нывєрдтой, йє сєр ын куыддєртєй ныффидєрттє кодтой ємє йє къуыбырєй ратылдтой, сєхєдєг хъєр кєнынц фыййєуттєм: — Арс уєм фєтулы ємє уын хєрдзєн ує фос, фєлє хъахъхъєнут! Арсы уым ныммардтой фыййєуттє, рувєстє та єгасєй баззадысты. Ууыл ахицєн хъуыддаг. Радзырдта йє Икъаты Къоста Михалы фырт, Елхот. Ныффыста йє Брытъиаты Созырыхъо. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 248, папкє 55, ф. 8—11. РУВАС ЄМЄ ЙЄ ЛЄППЫН Иухатт рувас абадти хуссары. Кєсы ємє йєм хох-цєгатєй зыны арты рухс. Уєд єй йє лєппын фєрсы: — Уый та цы ми кєныс, Нана?
Рувас ын афтє: — Уєртє уыцы артмє мєхи тавын. Уалынмє лєппын євиппайды фестъєлфыд ємє йє мадєй дарддєр абадти. Цы кодтай, зєгъгє, йєм дзуры йє мад. — Цы кодтон, уартє мєм уыцы артєй зынг фесхъиудта ємє мє басыгъта, — дзуапп радта лєппын. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47—16, папкє 24. АРС, БИРЄГЪ ЄМЄ РУВАС Арс, бирєгъ ємє рувас лымєнтє скодтой ємє бадзырдтой: ардыгєй фєс- тємє цыдєриддєр ссарєм, уый иумє куыд хєрєм, афтє. Иу бон хъазы мард ссардтой ємє загътой: — Цєй, не ’ртєйы фаг нєу ємє йє нє иу бахєрєд. — Хорз, — сразы сты се ’ппєт дєр, — ємє йє чи хъуамє бахєра? — Гуырдєй хистєр чи уа, уый йє бахєрєд. — Ємє нє хистєр чи у? Уєд бирєгъ загъта: — Хуыцау сырдты Фєлвєрайы євджид куы бакодта, єз уєд райгуырдтєн. Уыцы ныхасмє рувас кєуын байдыдта. — Цы кодтай, цы дыл єрбамбєлд? — фєрсынц єй йе ’мбєлттє. — Раст уыцы рєстєджы мє хистєр зєрдиаг єрбамарди ємє мє зєрдє суынгєг. — Уєдє кєд єз знон райгуырдтєн, — загъта арс, — уєддєр єй єз хєрын ємє, лєг чи у, уый єрбацєуєд, — ємє хъазы мард смарзта. Радзырдта йє Закаты Гури, Цъсей. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 5, папкє 2, ф. 1—2. РУВАС ЄМЄ УЫЗЫН Рувас ємє уызын балымєн сты ємє загътой: — Ардыгєй фєстємє цыдєриддєр ссарєм, уый нын — ємбис. Уєд иу бон мыд ссардтой. Рувас хин кєм нєу ємє йєхинымєр хъуыды кєны: «Ныр ацы євзєрєн мыдєй хай куыд бакєнон?» — Цєй, — загъта рувас, — ацы мыд нє дыууєйы фаг нєу, ємє, хуыздєр диссаг чи радзура, уый йє бахєрєд. — Фод афтє дєр, — сразы уызын. — Ацы саухъєд фыццаг тала куы рауагъта, єз уєд райгуырдтєн, — радзырдта рувас. — Бын бауай, — загъта уызын, — єз уєд фыццаг зєнєгджын куы уыдтєн. — Цєй, фєйнє диссаджы ма радзурєм, — загъта та рувас. — Радзурєм, — сразы та и уызын. Рувас загъта: — Иухатт єлдары дєлбынты єрбацєйуадтєн, цырвы къєбєры къєрттыл ныл- лєууыдтєн ємє срасыг дєн. Уыцы ныхасмє уызын євиппайды фєтымбыл и ємє дєлє фєтулы. 7
Рувас йє фєдыл нызгъордта ємє йє фєрсы: — Цы кодтай, цы дыл єрбамбєлд? — Цырвы койє срасыг дєн ємє атылдтєн, — загъта уызын. Мыд уызын амбылдта ємє йє бахордта. Радзырдта йє Дзассохты Лким, Хърупс. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 5, папкє 64, ф. 14—15. ТЕУА ЙЕ ’НЄЗОНДЄЙ КУЫД ФЕСЄФТ Цардысты фондз ємбалы: арс, бирєгъ, рувас, зыгъарєг ємє теуа. Фыдзымєг сыл скодта, хєринаг сын нал уыди. Иу бон рувас афтє зєгъы арс ємє бирєгъєн: — Цєй, мєнє теуайы аргєвдєм, ємє нын єгас зымєгваг уыдзєн. Арс загъта: — Уый бєргє хорз фєнд у, фєлє нын кєм сразы уыдзєн? — Уый мє бар уадз, — загъта рувас, — єз єй бацырын кєндзынєн, зєгъгє, уалдзєджы кєрдєг куы ’рзайа, уєд та дє райгас кєндзыстєм, ємє уый йе ’ды- лыйє ницыуал зєгъдзєни. Арс ємє бирєгъ загътой: — Хорз, ацу йєм уєдє ємє нын єй сразы кєн, єндєр йе ’ргєвдын мах бар уадз. Рувас фєсидти теуамє ємє йын хибарєй райдыдта йє гєды євзагєй сайєн ныхєстє кєнын. — Теуа, ує, теуа, зєгъын дын зєрдєбын ныхас, фєлє та дє нє уырндзєн, стєй дє уымєй дєр фєрсын, мыййаг дын хъыг куы уа: ды, дзєбєх дын кєй загъдєуа, уый дєр зыгъуыммє ємбарыс. Теуа йын зєгъы: — Нє мын уыдзєн хъыг, стєй дє дзырдыл дєр ныллєудзынєн, єрмєст, зєгъинаг цы дє, уый мын зєгъ. Уєд дын рувас йєхинымєры бахудт ємє загъта: — Цєй, теуа, аргєвдєм дє ємє дє бахєрєм, стєй уалдзєджы кєрдєг куы сцъєх уа, уєд дє райгас кєндзыстєм. Мах дє куы аргєвдєм, уєд дє єгас дєр ракєндзыстєм: дєхи гъєдєй куы амєлай, уєд дын райгасгєнєн нал ис. Теуайы бауырныдтой рувасы ныхєстє ємє сразы ис. Єрбакодта йє рувас арс ємє бирєгъмє, ємє йє аргєвстой. Акъєртт єй кодтой, йє хуылфыдзау- мєттє йын ракалдтой, ємє сє рувас ємє зыгъарєг донмє ахастой. Ныхсадтой сє, ємє рувас физонєггєгтєй систа теуайы зєрдє, иугыццыл дзы зыгъарєгєн авєрдта, иннє йєхєдєг ахордта. Уєд ын зыгъарєг загъта: — Дє бон ныккалай, ныр нє арс ємє бирєгъ куы фєрсой, уєд сын цы зєгъдзыстєм? Рувас загъта зыгъарєгєн: — Дє цєстытє-иу мєм ныджджыгъгъытт кєн ємє афтємєй кєс, фєлє дзургє мацы скєн. Рахастой физонєггєгты. Арс ємє сє бирєгъ єрысгєрстой, ємє зєрдє уым нал, ємє сє дзыхы дзаг ныхъхъєр кодтой: — Тагъд, зєрдє цы фєци, уый нын зєгъут, єндєра додой ує къона кєны. Уєд зыгъарєг йє цєстытє ныджджьпъгъытг кодта ємє афтємєй кєсы рувасмє.
Рувас загъта зыгъарєгєн: — Куы хордтай, уєд мєм нє кастє, фєлє мєм ныр кєс. Азым зыгъарєджы фєцис, ємє йын арс ємє бирєгъ загътой: — Ацу, ацы хатт дын барст фєуєд, фєлє ма єндєр хатт куы фєрєдийай, уєд нын сар дє сєр кєндзєн. Радтой теуайы сєр зыгъарєгмє арс ємє бирєгъ, ємє йын загътой: — Ацу ємє йє сарау. Зыгъарєг ахаста сєр ємє йє сарыдта. Рувас йє фєдыл ауади, сєрєн йє магъз акъахта ємє йє ахордта, йєхєдєг єй афтємєй бахаста ємє йє арс ємє бирєгъы раз єрєвєрдта. Єруыдтой йє, ємє дзы магъз нал уыдис. Фєрсынц рувасы: — Цы фєци амєн йє магъз? Уєд рувас єдзынєгєй алєууыди ємє сын загъта: — Єй, арс ємє бирєгъы зондджын чи хоны, уымєн мард дєр ма уа ємє дзуар дєр: цєй магъз дзы агурут? Теуайы сєры магъз куы уыдаид, уєд йєхи єргєвдын кодтаид?! Бауырныдта рувасы дзырд арс ємє бирєгъы. Бындар фєуай, нє гєды рувас, диссагєн баззадтє рагєй єрєгмє. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 401—402. ЛЄГ ЄМЄ АРСЫ АРГЪАУ Царди ємє уыди лєг ємє арс. Бакодтой хъєдындзы хуым. Хъєдындзы хуым куы бакодтой, уєд ын сєрд йє сыфтє хордтой. Фєззєг, хъєдындз къахын афон куы єрцыди, уєд лєг бар дєтты арсєн, кєцытє дє хъєуынц, зєгъгє: йє 6и- нєгтє єви йє уєллєгтє. Арс, сєрды кєй хордтой, уыдон равзєрста, — хъєдындзы уєллєгтє. Арс хус сыфтє єркарста, лєг та сырх-сырхид ставд хъєдындзтє єркъахта. Иу бон уєд хъєдмє ацыдысты арс ємє лєг. Суг ракодтой. Сє уєрдон сцєттє ис, ємє, дам, ныр исты бахєрєм. Алчи дєр йє хєринаг систа: арс хус хєлттє, лєг ставд хъєдындзтє. Уєд єй арс фєрсы: — Кєм дын уыдысты уыцы хъєдындзтє? — Нє иумєйаг хуымєй. Арс ууыл игєрхєлд кодта. Єрцыдысты та сє бынатмє ємє ацы хатт бакодтой мєнєуы хуым. Йє кєр- дын афон куы ’рцыди, уєд та лєг арсєн бар дєтты, кєцытє дє хъєуынц, зєгъгє. Арс, бинєгтє мє хъєуынц, зєгъгє, загъта. Лєг мєиєу кєрдын райдыдта, ємє єфснайын нал фєразы сырх мєнєуы. Дыккаг хатт та хъєдмє ацыдысты. Сє уєрдоны куы сцєттє кодтой суг, уєд та хєрынмє ’рбадтысты. Хєрынмє та ’рбадтысты ємє та сє дзєкъултєй систой хєринаг: лєг урс дзул систа, арс та — хъємпыхєлттє сыджытимє. Ємє та йє арс фєрсы: — Кєм дын уыд уыцы дзул? — Нє иумєйаг хуымы, єндєр мын кєм уыди. Лєгмє смєсты и арс ємє йє хєрынвєнд скодта. Фєлє Уастырджи мєгуыр лєгєн єххуысгєнєг кєм нє вєййы. 9
Уєд рувас хъєр кєны мєгуыр лєгмє: — Гъа, ме ’рдхорд, арсы фыд нєма бахордтон, уыййеддємє цєй фыд нє бахордтон, ахєм нєй, ємє мє фєхъєстє кєн арсы фыдєй. Уєд арс дзуры лєгмє: — Сдзур-ма йєм, цымє кєм и арс. Лєг єм схъєр кодта, ємє йєм рувас дзуры: — Дє разы дє уєрдоны фарсмє. Уєд арс дзуры: — Афтє-ма зєгъ рувасєн, уый къодах у, къодах. Ємє уєд рувас фєстємє лєгмє дзуры: — Ємє къодах уєрдоны євєрд куы вєййы. Уєд єм арс дзуры, дє сугтє, дам, ракал уєрдонєй. Ракалдта сугтє лєг. Лєг дєр ын єххуыс кодта, афтємєй арс слєсти уєрдонмє. Уєд та йєм рувас хъєр кєны: — Гъе хорз лєг, дє уєрдоны цы євєрд ис? — Мє уєрдоны — къодах. Ємє та йєм рувас дзуры: — Ємє къодах бєндєнтєй баст куы вєййы. Лєг єй бєндєнтєй хорз ныббаста, ницыуал йє бон уыди арсєн. Уєд та йєм рувас хъєр кєны: — Гъе хорз лєг, дє уєрдоны цы євєрд и? — Къодах. — Ємє къодахы фєрєт сагъд куы вєййы. Лєг дєр фєрєт уєлиау систа ємє дє фыдгулы базайраг дєр афтє, йє тєккє дыуує хъусы астєу ын єй ныссагъта. Бєргє ма ныббогъ кодта арс, фєлє ницыуал. Рувас лєджы фервєзын кодта. Лєг арсы акусарт кодта. Йє гъєнгтє йын рува- сєн радта, иннєйы сє хєдзармє єрхаста. Афтємєй рувас арсы фыдєй фєхъєстє. Гъе уыдонєй цы нє федтам, єндєр маст, хєрамєй мацы фенут! Радзырдта йє Тайты Гена Сергейы фырт, 44-аздзыд, Калачы хъєу, 23 нюлъ, 1960 аз. Ныффыста йє Цагъаты Апастасия. ЦИГСИИ-йы архив. РУВАС ЄМЄ УЄРЦЦ Рувас ємє уєрцц єрдхєрдтє скодтой, пысылмон дин райстой ємє, нєхи хадзытє скєнєм, зєгъгє, Чабємє араст сты. Уєрцц нємгуытє уидзгє цыдис, фєлє рувас ницєуыл хєст кодта ємє тынг куы сыстонг и, уєд уєрцмє дзуры: — Мєнєн дєр ма исты бахєрын кєн, ме ’рдхорд, айдагъ дєхи кой ма кєн. — Уый дын мє быгъдуан, ныронг дєр цєуылнє загътай, цом-ма мє фєдыл, — загъта уєрцц. Уыцы сахат иу ус хосдзаутєн сихор єрцєйхаста. Уєрцц стахт ємє усы раз абадт ємє йе ’мцыд кєны. — Мєнє єрмахуыр уєрцц, — загъта ус, сихор зєххыл єрєвєрдта, ємє уєрцмє куы февнєлдта, єрцахсон єй, зєгъгє, уєд уєрцц дарддєр абадти, — ус йє фєдыл, афтємєй йє сайгє-сайгє рацыд. 10
Рувас бамбараг кєм нєу, ємє ус куы адард, уєд базгъордта ємє хосдзауты сихорєй хорз фєминас кодта ємє афардєг. — Хорз мє федтай, ме ’рдхорд, — загъта рувас уєрццєн, — ныр ма мє уыцы єфсєстєй хорз куы фєхудын кєнис, уєд диссаг уаид. — Хорз, уый дєр дын мє быгъдуан. Уєрцц атахт гутонгєнджытєм ємє галтєрєджы сєрыл абадт. Хуымгєнджытєй иу хъогъанцъы фелвєста, уєрццы нырриуыгъта, уєрцц атахт, ємє хъогъанцъы лєппуйы сєрыл єруад, ємє сєры пырх акалд. Рувасєн йє бон худєгєй ницыуал уыди. — Ныр ма мын тас куы фенын кєнис, уєд дє стыр бузныг фєуин, — загъта та рувас уєрццєн. — Нє, ууыл мє ма ардау, тас хорз нєу, фыдбылыз у, — загъта уєрцц. — Єнє бавзаргє йын нєй, сєфгє дзы куы кєнон, уєддєр, — загъта рувас. — Хорз, єрмєст-иу мє хъаст ма ракєн, мєнє ацы къудзийы бын сбад ємє єнхъєлмє кєс. Йєхєдєг атахт ємє цуанон куыйты рєзты єрбатахт ємє, куыйтє йє фєдыл куы фесты, уєд рувасы сєрмє къудзийыл абадт. Куыйтє рувасы куы ауыдтой, уєд ыл сєхи ныццавтой. Рувас лидзынмє фєци ємє аллах-биллєхтєй йє хуынкъмє ныйирвєзт. Куыд- дєр хуынкъмє ныггєпп ласта, афтє йє куыйтє дєр баййєфтой ємє йын йє дымєг атыдтой. Уєрцц рувасы хуынчъы былыл абадт ємє йєм дзуры: — Нє дын дзырдтон, ме ’рдхорд, тас фыдбылыз у. — Хуыцау дын єй ма ныббарєд, єнє дымєг мє фєкодтай, єддємє рацєуы- нєн нал дєн, нє дын бахатыр кєндзынєн ацы єфхєрд, єнє бафхєргє дын нал и, — ємє уєрццы йє дзыхы акодта. Уєрцц загъта: — Цы дє фєнды, уый бакє, ме ’рдхорд, бар дє ис, фєлє пысылмон стєм, ємє нє дины єгъдауєй єнє «бисмилла-гъи рахмани рахим» зєгъгє бахєрын не ’мбєлы. Рувас йє дзых куы фєхєлиу кодта «бисмилла-гъи» зєгъон, зєгъгє, афтє уєрцц ныппєррєст кодта ємє афардєг. Радзырдта йє Дзалаты Мєхємєт, Цъєй. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 5, папкє 2, ф. 13. УАСЄГ, КАРК, КАТАМИ, КАРЧЫРДЄГ ЄМЄ ДЗЫЛЫЙЫ АРГЪАУ Уыдис уасєг ємє карк, ємє катами, ємє карчырдєг, ємє Лисрийы хъу- гємтты хызтысты, ємє ахєм нард сысты, ахєм, ємє сын кєрон нал уыд. Уєд загътой: — Ныр цом ємє хєтєнты фєцєуєм, ацы нардєй ма нын чи цы кєндзєн! Ссыдысты Лєгєтгомыл, схєццє сты Адайы комы рагъмє. Уым сыл рувас фембєлди ємє сыл ныццинтє кодта. Охх, мє фыды лымєнтє, зєгъгє, сє йє хєдзармє бахуыдта. Дзидза сын ныфтыдта аджы ємє йє фыцы. Уєд рувас уасєгмє дзуры, цалынмє нє дзидзатє фыцой, уєдмє уал ар- гъуын-быргЪуынтєй ахъазєм. 11
Уасєг загъта: — Аргъуын-быргъуын мє фыд дєр нє зыдта, мєхєдєг дєр нє зонын. Рувас ын ууыл йє къубал сыскъуыдта ємє йє къуыммє баппєрста. Уєд та каркмє дзуры: — Гъы, карк, ды та? Уый дєр афтє: — Аргъуын-быргъуын мє фыд дєр нє зыдта, мєхєдєг дєр нє зонын. Ємє та йын йє къубал сыскъуыдта ємє йє къуыммє баппєрста. — Уа катами, ды та? Уый дєр афтє: — Аргъуын-быргъуын мє фыд дєр нє зыдта, мєхєдєг дєр нє зонын. Уымєн дєр йє къубал сыскъуыдта ємє йє къуыммє баппєрста. — Гъе, карчырдєг, ды та? Ды дєр нє хъазыс аргъуын-быргъуынтєй мемє? Уый дєр афтє: — Аргъуын-быргъуын мєнєн мє фыд дєр нє зыдта, мєхєдєг дєр нє зонын. Уымєн дєр йє къубал сыскъуыдта ємє йє къуыммє баппєрста. Ныр ма дзы дзылы уыд. Ємє дзылыйы фєрсы. Уый та йын загъта: — Єз дєр афтє, аргъуын-быргъуын мєнєн мє фыд дєр нє зыдта, мєхєдєг дєр нє зонын. Фєлє єз афтємєй хєрынєн євгъау дєы. Єз сыгъдєг фиу дєн. Ды стыр арт скєн, йє фарсмє сбад. Дє цєстытє бацъынд кєн, дє дзых бахєлиу кєн. Єз арты сєрты аратєх-батєх кєндзынєн, иугай єрдутє мыл и, уыдон ацараудзысты, ємє дє дзыхы ныххаудзынєн, ємє дын сыгъдєгєй мєйваг дєн. Афтє бакодта рувас. Стыр арт скодта. Йє фарсмє сбадт. Йє цєстытє бацъынд кодта. Йє дзых ныххєлиу кодта. Дзылыйєн йє бон цы уыди, уыцы єхсидав систа ємє йын єй йє дзыхы атъыста. Йєхєдєг ныппєррєст ласта ємє атахти. Уєд дзылы тєрхон кєнын райдыдта, уєдє цы бакєнон, мє тугтє цы ’гъда- уєй райсон. Уєд Зєрємєджы уєле Кєртыты Хъадатє цардысты. Ємє уыдонмє гацца уыди. Дзылы загъта, цон, гъе, уыдонмє фєцєуон. Уыцы гацца мын куы ницы амал скєна, уєд мєхєдєг ницы бакєндзынєн. Ємє йєм ссыди ємє йын загъта: — Гацца, мє тугтє мын райс. Гацца йын загъта: — Дзидзайє мє бафсад. — Куыд заманайы фєдєн, дзидза та дын кєцєй єрхєссон?! Уєд ын гацца загъта: — Уєдє мє фєстє цу. Ємє Хъадатєм рагъєфхєлд бєх уыди. Дзылы, гъе, ууыл сбадт ємє йє къахын райдыдта. Бєх сєрра ємє былєй ахауди. Гацца ныццыд ємє дзы йєхи хорз федта ємє фєстємє ссыди. — Цом ныр, мє тугтє мын райс! — Цытє дзурыс, афтємєй цєуєн нєй. — Уєдє? — Дзыкка, уєлибєхєй мє бафсад. — Омє куыд заманайы фєдєн, уыдон та дын кєцєй єрхєссон! Тєккє хосгєрдєн раййєфта. Хъадатєм зиу уыди, бирє хосдзаутє сын уыд. Ємє сын сє чызджытє, сє лєппутє сихор хастой: дзыкка, уєлибєхтє, дзулы луаси. Уєд та йын гацца загъта: 12
— Уєдє мє фєдыл цу. Чызджытє ємє лєппутєм куы бахєццє сты, уєд дзылы батахти ємє чызджы- тє ємє лєппутєн кєм сє тєбєгътыл абады, кєм сє къухтыл, кєм сє сєртыл. — Мєнє цы дзєбєх дзылы ис, цєй ємє йє єрцахсєм! Сє тєбєгътє єрєвєрдтой ємє дзылыйы фєстє нырраст сты. Уый сє йє фєдыл сайы. Гацца дєр тєбєгътыл йєхи ныццавта ємє йєхи хорз федта. Уєд ын дзылы зєгъы: — Цом ныр мє тугтє исынмє. — Афтємєй нє. — Уєдє? — Кєфы фыдєй мє бафсад. — Ує Хуыцау кємєн нєй! Кєфы фыд та дын кєцєй єрхєссон?! Зєрємєджы иу лєг, Къодотєй Зузє, алы Хуыцаубон дєр горєтєй кєфты єргъом хаста. — Уєдє рацу мє фєдыл, — зєгъгє та загъта гацца. Уєд рараст сты ємє Къасарамє ацыдысты. Уым дзылы гаццайєн афтє: — Дєхи бафєсвєд кєн ємє кєс, кєфты єргъом куы ’рывєра, уєд-иу єм цырд лєуу. Дзылы батахти ємє Зузєйєн куы йє кєфты єргъомыл абады, куы йє лє- дзєгыл, куы йє къухтыл.^Зузє дєр загъта, ацы дзєбєх дзылыйы мє лєппуйєн куы єрцахсин, зєгъгє. Йє кєфты єргъом єрєвєрдта. Дзылы йє йє фєдыл сайы, сайы, ємє фєаууон сты. Гацца кєфты єргъом аскъєфта ємє сє Уилсайы лєгєты бамидєг кодта. Дзылы дєр уый куы базыдта, ныр йє къухы бафтыдысты, уєд ныппєррєст ласта ємє уый дєр уым бамидєг. Уєд ын гацца афтє зєгъы: — Адон афтємєй бахєрынєн євгъау сты, фєлє ацу Хъадатєм ємє къусчы — къулгард, къуымы — алгъац ємє уыдон єрхєццє кєн. Цы бон єй уыд мєгуыр дзылыйы? Йє тыхтє сємбырд кодта ємє сє єрхєццє кодта. Уым єнєхъєн къуыри фєцардысты. Уєд ын загъта дзылы: — Цом гъеныр мє тугтє исынмє. — Афтємєй нє. — Уєдє куыд? — Худєгєй мє бафсад. — О, Хуыцау мє куыд федта! Худєг та дын кєцєй єрхєссон?! — Цом, уєдє, — зєгъгє, ссыдысты Зєрємєджы уєллаг хъєумє. Гакк ємє Бис- лан єфсымєртє уыдысты. Гакк наййєгтє скъєрдта найыл, Бислан та хъємп цагъта. Уєд гацца загъта: — Уалє мє цъынайы сєрмє сєргъєв ємє уырдыгєй кєсон. — Цємєн хизыс, мєнє сєм зєххєй кєс. — Нє, цъынайы сєрмє мє сєргъєв. Сєргъєвта йє. Дзылы йєхєдєг та атахт ємє Гаккы сєрыл абадт. Бислан єм дзуры: — Гъей, Гакк, сабыр, дє сєрыл дзылы. Йєхєдєг сагой раргъєвта, ємє дзы Гаккы сєрєн — хафт. Дзылы ныппєррєст ласта. Лєг найыл ахауд. Гацца фырхудєгєй цъынайы сєрєй рахауд ємє йє зєнг асаст. Ємє йын дзылы афтє зєгъы: — Гъеныр дын нє загътон, уырдєм та ма цємєн хызтє?! 13
Баздєхт ємє мєнтєджы сыфтє ємє хъємпы хєлттєй дзылы гаццайы къах стыхта. Уєд араст сты Адайы комы рагъмє. Ссыдысты Адайы комы рагъмє, уєдє цы уыдаид. Гацца йєхи, хъуын куыд уа, афтє ныттымбыл кодта: йє къє- дзил, йє сєр, йє къєхтє бамбєхста. Рувас єм рауад. Дзылы ныццинтє кодта рувасыл ємє йын афтє: — Мє фыды лымєн, мєнє дын хъуын єрхастон. Рувас йє алы фєрсты єрзылди ємє йєм кєсы. Уєд дзы куы никуыцєй ницы зынди, уєд єм єрєвналон, зєгъгє, афтє гацца сывнєлдта, йє хурхыл ын ных- хєцыд ємє хъєр кєны: — Гъєтт, дзылы, цы фєдє, дє тугтє исгє! Дзылы дєр йє хъєлыхсар фелвєста, єрриуыгъта ємє дзы єрду ємє єрдєг фєкарста, стєй загъта: — Уымєй уасєг рухсаг уєд. Дыккаг хатт нырриуыгъта, ємє та дзы єрду ємє єрдєг алыг кодта, ємє та загъта: — Уымєй карк рухсаг уєд. Єртыккаг хатт єрриуыгъта. Єрду ємє та дзы єрдєг фєкарста ємє загъта: — Уымєй катами рухсаг уєд. Цыппєрєм риуыгъдєн дєр та єрду ємє єрдєг фєкарста, уымєй та загъта: — Карчырдєг рухсаг уєд. Уый фєстє гацца рувасы хурхыл ныххєцыд ємє йє ныммардта. Радзырдта йє Дарчиты Атто, 60-аздзыд, 23 июлъ, 1960 аз, Лисри. Ныф- фыста йсе Цагъаты Анастасия. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 175, папкє 44. ХЄРЗГЄНЄГ ХОРЗ НЄ АРЫ Пиллон арт суагътой быдыртє. Сыгъд ссыди бєстыл. Удгоймагєй цыдєрид- дєр змєлыд бєстыл, уыдон лыгъдысты. Иу барєг тєргє бєхєй фєцєйцыд сыгъ- дєй, баййєфта калмы. — У, дє хорзєхєй, — загъта калм, — фервєзын мє кєн, — иу боны сєрєн дын феххуыс уыдзынєн. Калмы йє роны бавєрдта лєг ємє фєцєуы дарддєр. Сыгъдєй аирвєзт иу- дзєвгар, ємє йєм калм дзуры: — Дє хорзєх мє уєд, ємє мє дє сєрмє єввахс искуы єрєвєр: єнуд кєнын дє роны. Лєг систа калмы, суагъта йє сєрырдєм, ємє куыддєр єгъдауєй калм лє- джы хъуыры аирвєзт ємє лєджы ахсєны єрбынат кодта. Єдас ранмє ахызтысты. Лєг баурєдта йє бєх ємє дзуры: — Сыгъдєй тас нал у, ралєс єддємє. — Уайтагъд дын куыд нал алєсдзынєн ардыгєй! Хєрзгєнєг хорз кєм ссард- та, уырдєм мє фєхєсс ємє уєд абырдзынєн. Дунетыл фєзылди лєг, удгоймагєй кєй нє бафарста, иу ахєм нал баззад, фєлє хєрзгєнєг хорз кєм ссардта, уый ничи зонгє кодта, ничи хъусгє фєкодта. Гєды ма баззад єнєфарст. — Цєй, єххєст ма бафєрсон гєдыйы дєр, — загъта тыхст лєг, — цємєй мауал єхсайа уымє дєр мє зєрдє. 14
— Хєрзгєнєг хорз кєм ссардта, уый єз зонын, уєдє ма гєды цємєн дєн. — Кєм уєддєр? — бафарста йє калм. — Лєг єй бамбардзєн, — дзуры гєды, — дє сєр радар лєджы дзыхєй ємє дын єй зєгъон сусєгєй. Калм дын йє сєр ма радара! Гєды калмы сєр йє дзыхы акодта, лєджы хъєлєсєй йє радавта, ємє дє фыдгул афтє: калмєн йє пырх акалдта уыцы ран. Уєдєй фєстємє хєларєй цєрын байдыдта гєды адєймагимє. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. Йє радзурєг бєрєг нсеу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 30—12, папкє 73, ф. 30. ПИЛИ ТАУЄРЄХЪ Пил денгизи билємє бацудєй, єма дзи локо фєтгарстєй. Уєд имє пил дзоруй: — Ци кєни, цємєй фєттарстє? Локо ба ’ймє дзоруй: — Лєг дє рангъалдтон. — Єма лєг ба ци ’й? — Лєг 6а, уартє авд надей астєу лєуує, уєдта ’й базондзєнє. Авд надей астєумє бацудєй пил єма уоми лєудтєй. Єма ибєл еу битдзеу єруадєй. Пил имє дзоруй: — Ду лєг дє? — Нє, єз битдзеу дєн. — Мадта лєг 6а кєми ’й? — Ами лєуує, уєдта дєбєл єрцєудзєнєй. Уєд ибєл зєронд лєг єрцудєй єма ’й пил фєрсуй: — Ду лєг дє? — Бєргє лєг адтєн, фал нєбал дєн. — Мадта ци дє? — Зєронд. — Мадта лєг 6а кєми ’й? — Ами лєуує, уєдта дємє зиндзєнєй. Еу сахат рацудєй, уєдта ибєл лєг єруадєй. — Дє фєндаг раст. — Дє гъуддаг раст. — Ду лєг дє? — Лєг дєн. — Мадта лєги тухгин хонунцє, єма тох кєнєн. Уєд лєг дзоруй: — Мє тохєндзаумаутє мєхемє ку нє ’нцє. Мєнє мємє рєвєйнє єма фєрєтєй єндєр ку неци ес. — Мадта дє тохєндзаумаутє єрхєссє. Лєг имє дзоруй: — Ма мин фєлледздзєнє. — Нє фєлледздзєнєн. — Мадта дє мєнє бєласєбєл ниббєттон мєнє рєвєйнєй. Лєг заманай рєвєйыєй пили устур толдзє бєласєбєл исбаста, заманай нє- уєг федар рєвєйнєй. 15
Лєг ку нєбал тарстєй пилєн ратонунєй, уєд заманай циргъ фєрєтєй рав- налдта єма пилєн кєми є еу къабазє єрлух кєнидє, кєми ба е ’ннє къабазє. Уєд пил загъта: — Дє мадзал лєг єй, єндєра бєргє неци дє. Уотемєй єй рамардта. Уєдєй ардємє пил лєгєй тєрсуй. Ныффыста йє Темираты Данел. Йє радзурсег бсерсег нсеу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 14, ф. 68—70, панкє 7. ХЄРЄГИ АРГЪАУ Рагима-раги мєгур лєг цардєй. ’Ма ’ймє дуйнебєл хєрєгєй уєлдай нечи адтєй. ’Ма, мєгур, гъєдємє фєццєуидє, соги къуєцєлтє єрбахєссидє, ’ма арт єхецєн никкєнидє. Еу бон кєми адтєй, уоми є хєрєг раскъардта хезунмє. Хєрєг хумти хезуй, ’ма ’ймє берєгъ фелвєстєй. Берєгъ хєрєгєн загъта: — Хуєргє дє кєнун. — Ма мє хуєрє, бабайєн ба соги къуєцєл ка ’рбахєссєй? — Хуєргє дє кєнун, — зєгъгє, нєбал єй уадзуй. — Кєд мє хуєргє кєни, уєд дєлє ме ’скъели зєгєл е, ’ма мє ку бахуєрай, уєд дє хорхи исхєссєнєй. Кєд мє хуєргє кєни, уєдта дєлє Ирєфи билємє рацо, ’ма мє гъеуоми бахуєрє, — загъта хєрєг берєгъєн. Ирєфи билємє ’й ниххудта. — ’Ма мин мєнє ме ’скъели зєгєл исласє. Е ’скъели зєгєл ин ласуй ’ма Ирєфи билєбєл, дє фидгол уотє, нийгєрах кодта ’ма берєгъ Ирєфи равзурдєй. Хєрєг ба мєгур лєги хєдзари исємбалдєй. Мєгур лєгєн є хабєрттє єркодта, ’ма ’йбєл е чинитє кєнуй: — Дєу ма мин ку бахуардтайдє, уєд читє кодтайнє?! Радзырдта йє Хамихъоты Темболат Бекмєрзайы фырт, 80-аздзыд, 2 июнъ, 1972 аз, хъєу Секер (Ново-Урух). Ныффыста йє Цєголты Бэлє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1972 аз, № 35. ЗЄРОНД БИРЄГЬ Уыдис иу бирєгъ ємє фыдзєронд бацис. Иу бон афтє зєгъы йєхицєн: «Бирє фос фєцагътон, бирє зиан фєхастон адємєн, ныр хъуамє фєцєуон Чабємє, ссыгъдєг кєнон мє тєригъєдтє». Араст ис йє фєндагыл, уєдє цы уыдаид. Бирє фєцыдаид, цъус, чи йє зоны, фєлє бахєццє иу єрдузмє. Єрдузы астєу хызтис иу къуылых бєх. Бирєгъ єм йєхи хєстєг баласта ємє йєм дзуры: — Мєнє бєх, хєрдзынєн дє. — Уаих фєуай, зєронд бирєгъ, ємє мє куыд хєрыс, мє уєлє фыды ’ртау куынє ис, стєй мє къах дєр хъєдгом куы у, єрбакєс ма йєм хєстєгдєр ємє йє фен, — дзуры йєм бєх. 16
Бирєгъ бєхы къахмє кєсыныл куыд фєцис, афтє йє бєх рариуыгъта, ємє йын йє ныхыфєйнєг ныммур кодта. Уый фєстє ма иу лєгєтмє кєуылдєрты бабырыд ємє уыцы ран фєсад иуцасдєр. Бадзєбєх ис ємє та араст ис Чабємє. Иудзєвгар куы фєцыди, уєд бафтыд иу хъєды кєронмє. Хъєды кєрон хызтысты дыуує фыры. Бирєгъ сє куы ауыд- та, уєд йєхинымєры дзуры: «Цєй, ємє ма ацы фырыты бахєрон, цы уєлдай ма у, уєддєр Чабємє куынєма фєхєццє дєн». Йєхєдєг фырытєм хєстєг бацыд ємє сєм дзуры: — Мєнє фырытє, хєрдзынєн ує. — Уаих фєуай, зєронд бирєгъ, ємє нє афтємєй куыд хєрыс? — Уєдє куыд? — Уєдємє ды нє астєу єрлєуу, мах фєйнєрдєм фєцєудзыстєм, ємє дєм куы єрбазгъорєм, уєд, фєстейє чи аззайа, уый-иу раздєр бахєр, стєй та ин- нєйы. Бирєгъ сразы. Єрлєууыд астєуєй. Фырытє фєйнєрдєм фєцыдысты, стєй сєхи рауагътой дыууєрдыгєй ємє бирєгъы фєрсчытє ємцєф ныккодтой. Бирєгъ атылди, уєдє цы уыдаид, йє фєрсчытє ныммур сты, ємє уєлємє стын нал уыд йє бон. Цас фєсадаид, чи йє зоны, фєлє та уєддєр сдзєбєх ис ємє та сфєнд кодта Чабємє. Цєуынтє та байдыдта. Хъєугєрон иу дыгєрдыг хызтис. Бирєгъ єй куы ауыдта, уєд та уый дєр хєрынмє бахъавыдис. — Афтє хєрдєй ницы, — дзуры йєм дыгєрдыг. — Уєдє куыд? — фєрсы йє бирєгъ. — Уєдємє єз ныззардзынєн, ды-иу схъырн, стєй-иу мє уый фєстє бахєр. Дыгєрдыг ныббогъ-богъ кодта, бирєгъ нынниудта. Хъєу рафєдис кодтой сє хъєрмє ємє бирєгъы ныммардтой. Радзырдта йаг Беджызаты Леуан. Хуссар-Ирыстоны фолъклор, 1936, 493-494 ф. БИРЄГЪ ЄМЄ ЗЫГЪАРЄГ Бирєгъ зыгъарєджы єрцахста ємє йє хєрынвєнд скодта. Уєд єм зыгъарєг сдзырдта: — Бирєгъ, єгъдау бакє, єгъдау! — Цавєр єгъдау? — бафарста йє бирєгъ. — Ує фыдєлтє-иу махєй искєй куы хордтой, — загъта зыгъарєг, — уєд-иу дзы раздєр хорз фєхъазыдысты: єртє хатты-иу єй уєлвєндагмє сєппєрстой, єртє хатты — дєлвєндагмє. Бирєгъ єгъдау кєнын байдыдта ємє зыгъарєджы зыввыттытє кєнын систа. Зыгъарєг иу хатт йє хуынкъмє хєстєг єрхауд ємє хуынчъы смидєг. Бирєгъ хєлиудзыхєй баххад. Радзырдта йє Сохиты Дрис. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 5, папксе 2, ф. 7. 2 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 17
БИРЄГЪ ЄМЄ БЄХ Бирєгъ бєхыл сємбєлд ємє йє хєрынвєнд скодта. Бєх загъта: — Ног цєфхєдтє мыл ис ємє уал уыдон ралас, євгъау сты сєфынєн, истє- мєн дын сбєздзысты, уый фєстє-иу мє бахєр. Бирєгъ зыд кєм нєу. Сразы и. Цєфхадмє куыд февнєлдта, раласон єй, зєгъгє, афтє йын бєх зєвєтєй йє тєрных ныффєртт ласта, ємє бирєгъ фє- тымбыл и. — Афтє мын хъуыди, — загъта бирєгъ, — чи мє скодта цєфхєдтє ласєг, цємєн мє хъуыдысты? ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 5, папкє 2, ф. 4. КЬОБЛИЙЫ СЄГЬТЫ АРГЬАУ Раджыма-раджыма иу хъєуы царди иу мєгуыр лєг, йє ном Къобли. Уымєн уыдис ус, фєлє зєнєг нєма рацыди. Къобли ємє йє ус уыдысты фондз сєгъєй хєдзар, єндєр сєм цыппєркъахыгєй гєды дєр нє уыди. Къоблийы сєгътє єнєуи сєгъты хуызєн нє уыдысты: сє иуєн уыди иу гуыбын, дыккаг уыди дыууєгуыбынон, єртыккаг — єртєгуыбынон, цыппєрєм — цыппаргуыбынон, фєндзєм — фондзгуыбынон. Сєгъты руаджы Къобли ємє йє ус єнє ахуыйєн къєбєр нє хордтой; сє бєрєгбон сын арєзтой, сє хєстєг, се ’ввахсы цины бон, зианы сахат хыгътой; цины бон — бєрєгбойнаг хєсгє, зианы сахат — фыдохы кєрдзын. Къобли ємє йє ус, иуныхасєй, сє фондз сєгъы руаджы сє мєгуырдзинєдтє ницємє дардтой. Фєлє бинонты єнємаст цард бирє кєм хєссы. Ус-иу райсомєй радыгъта сєгъты ємє-иу сє хизынмє хъєдмє аскъєрдта. Уыцы ран-иу фєхызтысты, сєхи-иу бафсєстой. Раздєр-иу бафсєст иугуыбынон сєгъ, уымєн ємє иу гуыбыны дзаг кєрдєг ємє бєласы хихтє уыйбєрц зын ссарєн нє уыдысты. Иє фєздон-иу нал цыди йє сагєхты, афтємєй-иу єппєты разєй сє хєдзары балєууыд зыхъзыхъгєнгє. Иугуыбыноны фєстє-иу бафсєст дыууєгуыбынон ємє та-иу уый дєр хъє- дєй єфсєстєй, йє фєздон йє сагєхты нал цыди, афтємєй къєрцц-къєрцгєнгє ныффардєг сє хєдзармє. Фылдєр-иу бафєстиат хъєды фондзгуыбынон сєгъ; уый та уый тыххєй ємє фондз гуыбыны афтє єнцон байдзаггєнєн не сты. Бирє фєхызтысты уыцы хуызєнєй Къоблийы сєгътє, чи зоны. Фєлє иуахє- мы иу фыдєбоны бирєгъ, холы агургєйє, федта сєгъты. Зондджын бирєгъ уыди, фыдєбоны бирєгъ, цуаноны амєттаг куы фєцадаид, уастєн. Баздєхти ємє сбє- рєг кодта сєгъты фєндаг ємє єрцарєзта лєзгъєры тєккє был йє ахстон. Бады бирєгъ ємє хъахъхъєны, — райсомєй сє рауагъта йє рєзты. Дзуры йєхинымєр: «Тутыры фєндонєй абон єз уый хуызєн нард сєгъы фыдєй мє уєлдай дєр ма ныууадздзынєн». Уалынмє кєсы ємє уєртє иугуыбынон сєгъ хъєдєй рацєуы єфсєстєй, йє фєздон нал цєуы йє сагєхты. Бирєгъы комыдєттє єруадысты, сєгъы раз єрлєу- уыдємєдзуры: ь - — Єгас цу. 18
— Хорз цєр. — Кєм уыдтє? — Хъєды хизынмє. — Ємє дын уєд дє сєры астєу уыдон та цы сты? — Уыдон сагой-сыкъатє Къоблийєн. — Ємє уєд дє сагєхты астєу та? — Уыдон та мє дзыгыйєн къуыматє. Уыйадыл єй бирєгъ баласта йє ахстонмє ємє йє бахордта. Къоблийы са- гой-сыкъатєм нє бавнєлдта. — Єгъгъєд уал мын уєд абон, сом та — бон цєуы ємє фарн хєссы. Фырхєрдєй бухъхъытєгєнгє бирєгъ батылди йє ахстоны ємє уайтагъд бафынєй. Єризєр, афтє Къобли фєрсы сєгъты: — Ау, ємє иугуыбынон сєгъ кєм ис? — Куыддєр йє гуыбын айдзаг кодта, афтє йє дымєг бацагъта ємє рафардєг хъєдєй, иннє бонты куыд рафардєг вєййы, афтє. Мах ын ам єнхъєл уыдыстєм. Дыккаг бон дыууєгуыбынон сєгъ єфсєстєй рацєуы хъєдєй. Єрхєццє лєз- гъєрыл бирєгъы ахстонмє. Бирєгъ ын йє фєндаг єрцахста. — Кєм уыдтє? — Хъєды хизынмє. — Ємє дын уєд дє сєры астєу уыдон та цы сты? — Уыдон Къоблийєн сагой-сыкъатє. — Дє сагєхты астєу та? — Уыдон та мє дыуує дзыгыйєн къуыматє. Уыйадыл та бирєгъ йє ахстонмє бахаста Къоблийы сєгъы ємє дзы хорз федта йєхи. Къоблийы сагой-сыкъатє та ныууагъта єнє ’внєлдєй. Уыцы хуызєнєй ма бахордта бирєгъ Къоблийєн йє єртє ємє цыппаргуы- бынон сєгъты дєр. Иунєгєй єрызад фондзгуыбынон сєгъ. Фєцыди та хъєдмє, бафсєста йєхи ємє раздєхт сє хєдзармє. Бирєгъы ахстонмє та куы єрхєццє, уєд єм бирєгъ раласта йєхи, фєндаджы бєрєг астєу єрлєууыд, єдзынєг кєсы сєгъмє ємє дзуры: — Бафєрсын аипп ма уєд, фєлє кєм уыдтє? — Хъєды хизынмє. — Хъыг дєм ма фєкєсєд, фєлє уыдон та цавєр дзауматє уыдзысты дє сєрыл? — Уыдон та цавєр дзауматє сты, зєгъгє, куы бафєрсай, уєд сты бирєгъма- рєн дыуує цъєх арцы. — Хардзау дєм ма фєкєсєд, фєлє уєд дє сагєхты та уыдон цавєр мигє- нєнтє уыдзысты? — Хардзау мєм цємєн фєкєсдзєн, — уыдон та сты бирєгъєхсєн тымбыл дуртє. Бирєгъ фєтарст, йєхи айста фєндагєй, ємє фондзгуыбынон сєгъ дзєхст- дзєхстгєнгє, йє боцъотє атил-атилгєнгє, сє хєдзармє єрфардєг. Къобли йє фєрсы: — Иннє сєгътыл дє цєст, мыййаг, цы єрхєцыдаид? — Нє федтон, — загъта фондзгуыбынон сєгъ. — Фєлє нє хєдзармє куы єрцєйцыдтєн, уєд мє иу бирєгъ фєндагыл єрурєдта, фєрсынтє мє систа: — Дє сєры астєу уыдон та цы сты? Дє сагєхты та? 19
Єз ын радзырдтон: — Мє сєры астєу — бирєгъмарєн дыуує цъєх арцы, мє сагєхты — бирєгъ- єхсєн тымбыл дуртє. Уєд бирєгъ фєндагєй ахызт, ємє єз мє хєдзармє єрцыдтєн. Сєгъты уыцы бирєгъ ма бахєрєд? — Базондзынє ма бирєгъы ахстон? — Базондзынєн. — Хорз, уєдє йєм сом бон фєцєуєм. Райсомєй раджы Къобли єд бєндєн, йє сєгъ йє разєй, афтємєй бирєгъы ахстоны уєлхъус балєууыдысты. Сєгъ ацыди хизынмє, Къобли дзуры бирєгъмє: — Бирєгъ, хъуыддаг мє ис, ракєс мєм дуармє. Бирєгъ дын ракастаид, и, мєстджын Къоблимє уайтагъддєр! Уыцы дзырд єм фєкодта, фєлє бирєгъ змєлгє дєр нє фєкодта йє бынатєй. Къобли бирєгъы ахстоны раз єрбадт ємє йєхинымєр дзуры: — Додой фєци дє мєрдты къона! Искуы дє цєуын нє хъєудзєн. Уалынмє кєсы ємє фєндагыл иу лєг єрбацєуы хъєуы ’рдєм. Къобли йєм дзуры: — Гъей, уєртє лєг, дє хорзєх мє уєд ємє хъєумє куы бахєццє уай, уєд ме ’фсинмє ма базивєг кєн ємє йын-иу зєгъ: — Къобли дєм єрвиты, нє сєгъты нын цы бирєгъ бахордта, уый ахстон ссардта ’мє йє разы ’рбадт ємє йє хъахъ- хъєны. Фєлє дєуєн лєппу куы райгуыра, ємє уый куы схъомыл уа, уєд-иу, зєгъ, хъєдмє куыд ацєуа, уым бєлас куыд ракала, бєласєй къахєн ємє фыййаг куыд сараза. Уый фєстє єд къахєн ємє єд фыййаг мєныл ацы ранмє сємбє- лєд. Мах баздєхдзыстєм ємє бирєгъы йє ахстоны єркъахдзыстєм, сбєтдзыс- тєм єй ємє дзы нє сєгътє бацагурдзыстєм... Хорзау нал фєци бирєгъ, сагъєсыл фєци: «Искуы Къоблийы усєн лєппу гуырдзєн, искуы уый лєг кєндзєн, уый хъєдмє цєудзєн, фыййаг ємє къахєн араздзєн мєн ахсынмє, уєдмє, бирєгъ, ды ацы ран бад, хуры рухс мауал уын, мєйдары холы агургєйє сыллынк-сыллынк мауал акєн!.. Гъе уый дын цєрдудєй ныгєд, гъе. Цы уа, уый уєд. Кєд ма, чи зоны, аирвєзин...» Бирєгъ уыцы иу єхст фєкодта ахстонєй йєхи, фєлє йє Къобли змєлын дєр нал суагъта: бєндєн ын йе ’фцєджы баппєрста. — Нал фєцєудзынє, къуыбырхъус, мє сєгътє цы фесты, уымєй дє чи 6а- фєрсдзєн, уый — а лєппу, Къобли. — Бирєгъы йє хєдзармє нылласта, фидар ран єй бакодта. Єртє єхсєвы фєци бирєгъ Къоблийы хєдзары. Къобли хъуыды кєнын байдыдта: «Бирє пайда мын нє фєуыдзєн бирєгъ, ацы ран бастєй куы лєууа ємє сыдєй куы ныммєла, уєд. Мє мад, мє фыдыстєн, уый нє уыдзєн, — мє сєгътє хєрд, бирєгъ дєр дзєгъєлы сєфт». Барєвдзытє кодта йєхи, бирєгъєн бєндєн йє хъуырыл, афтємєй йє фє- ласы йє фєдыл. Иу хъєумє бафтыди ємє хъєр кєны: — Гъей, фосы Фєлвєра чи балхєндзєн? Иудзєвгар фєхъєр кодта, уалынмє йєм иугхєдзарєй иу лєг рацыди. — Фосы Фєлвєра уєй кєныс, зєгъыс? — Ай-гъай! Чидєриддєр єй балхєна, уымєн йє фос аздахынєн амал нал уыдзєн, уый бєрц ын бауыдзысты. Цєрєг лєг уыди лєг, йє фосєй фєкъорд кодта иу дзуг ємє йє Къоблийы фыццаг скодта, йєхєдєг та ахєцыд бирєгъы бєндєныл. Къобли куы раст кодта єд фос, уєд бафєдзєхста фосджынєн: 20
— Ахсєв-иу фосы Фєлвєрайы скъєты бакєн фосимє ємє-иу дуєрттє фидар сєхгєн. Райсом та ує кєстєр чындзєн єртєдзыхоны скєнын кєнут. Чъиритє-иу ахєссєд скъєты дуармє ємє сє-иу фосы Фєлвєрайєн скувєд. Фос афтє 6а- бирє уыдзысты, ємє скъєты дуєрттє кєнын нал фєраздзыстут. Уыйадыл Къобли рахъєр кодта йє фосы дзугыл ємє сє хєдзармє заргє єрфардєг. Фєрныг лєг, фосєй бафсис кємєн нє уыди, уый фосы Фєлвєрайы йє фосы скъєты бакодта, фидар ыл дуєрттє сєхгєдта. Сєударєй кєстєр чындз єртє єртєдзыхоны ракодта, скъєты дуармє бауад, фосы Фєлвєрамє сє скуывта, цємєй бирє бацадаиккой. Уый фєстє скъєты дуарыл бахєцыд, ємє гом кєнын нє комы. Бирєгъ фос ныссєрфта ємє сє скъєты дуармє самадта. Чындз бацыд хєдзармє ємє дзуры: — Нє фос уыйбєрц баисты ємє скъєты нал цєуынц, дуар гом кєнын нал комы. Бинонтє рауадысты, дуарыл бахєцыдысты. Дуарєй азгъєлдысты цагъд фыстє, ємє фегом. Бирєгъ ай-уый нал фєкодта, фєлє уыцы иу схуыст фєкодта ємє хъєды балєууыд. Радзырдта йє Ємбалты Аппе Бицайы фырт, 1 ноябрь, 1922 аз, Єры- дон. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928, 53—58 ф. ГЄЗЗАЙ АРГЬАУ Рагима-раги Гєзза адтєй. ’Ма ’ймє єртє сєгъи адтєй. Єхуєдєг зєронд лєг, зєнєг ин нє, уосє ин нє. Єртє сєгъи дардта, ’ма еуемєн — єртє хъєсти, иннемєн — дуує, єртиккагєн 6а — еунєг хъєстє. ’Ма сє раскъєридє гъєдємє. ’Ма изєрєй єрцєуионцє, ’ма си єхецєн єхсири къос єрдоцидє, ’ма єхсир ’ма кєрджин зєронд лєг бахуєридє. Еубон кєми адтєй, уоми 6а сє раскъардта гъєдємє, ’ма еухъєстон дзоруй духъєстонмє: «Цєуон, Гєзза мєгур єй, ’ма ин єхсири къосмє». ’Ма ’йбєл берєгъ рамбалдєй, ’ма бахуардта еухъєстони. Духъєстон дзоруй єртихъєстонмє: «Цєуон, Гєзза мєгур єй, ’ма ин єхсири къосмє». Уобєл дєр бабєй берєгъ рамбалдєй ма ’й бахуардта. Єртихъєстон рацу- дєй, ма ’йбєл берєгъ рамбалдєй. ’Ма ’ймє берєгъ дзоруй: — Атє дин чи ’нцє? — Етє 6а Гєззайєн єхсири къоппа. Є сєрмє ин амонуй: — Атє 6а? — ’Ма етє 6а берєгъмарєн кєрдтє. Сєгъє ка ’дтєй, е берєгъи рамардта. Уєд дуує сєгъи берєгъи губунєй рагєппластонцє. Єртемєй рандєнцє ’ма Гєззамє єрфусун кодтонцє. Гєзза єхсири къоппа єрдугъта. ’Ма ин єртихъєстон єрхабєрттє кодта: — Дє дуує сєгъи дин берєгъ бахуардта. Мєнєн ба загъта: — Атє дин чи ’нцє? — Етє 6а Гєззайєн єхсири къоппа. — Дє сєрбєл етє 6а чи ’нцє? 21
— Етє 6а берєгъмарєн кєрдтє. ’Ма берєгъи рамардтон ’ма дин дє дуує сєгъи раервєзун кодтон. Гєзза загъта: — Чи ма кодтайнє, сумах мин берєгъ ку бахуардтайдє. — ’Ма сєгъи еу єрдємє нихъхъури кєнидє, уєдта иннердємє. Арфитє ин кодта. Абони дєр ма цєрунцє. Радзырдта йє Хамихъоты Темболат Бекмєрзайы фырт, 80-аздзыд, 2 июнь, 1972 аз, хъєу Секер (Ново-Урух). Ныффыста йє Цєголты Бэлє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон универ- ситет. Уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1972 аз, 35. ДАЛИС ЄМА ДЄРКЪИ АРГЬАУ Цардєй єма адтєй мєгур лєг єма уосє. Адтєй сємє дєркъє єма далис. Дєркъє ’ма далис таги хизтєнцє. Ку бафсастєнцє, уєд еу бєласи сєрмє исхиз- тєнцє. Бєласи сєрбєл ниххустєнцє. Уєд еу афони єригъал єнцє; сє буни ниууидтонцє арс, берєгъ єма робаси. Сє еу иннемєн сосєггєй амонуй: — Дєлє уони уинис, нє буни ка ес — зєгъгє. Сєхуєдтє ба ма уолєфгє дєр туххєй кодтонцє сє фур мєстєй. Уєд далис дєркъємє дзоруй: — Ци кєнон, мезун мємє ку цєуй? Дєркъє ба ’ймє дзоруй: — Уой мадзал нє зонис? Дєхе уєлгоммє фєххат є ’ма дє гъуни рамезє! Уотє єхе фєххатта далис єма сєбєл бунмє ниххаудтєй. Уєд имє дєркъє дзоруй далисмє: — Гъєйтт, сє еуебєл хуєцє, инней ба мєнєн уадзє, — зєгъгє. Уотемєй арс, берєгъ єма робас ледзуни фєцєнцє. Далис бабєй иннердємє ледзун байдєдта. Уєд имє, дєркъємє, далис гъєр кєнуй. — Цирдємє ледзис? Мєнє аннердємє ледзунцє, ’ма сє бауорамє, уалдєни дємє єз дєр хъєртун! Уотемєй берєгъ, арс єма робас фєллигъдєнцє. Дєркъє бєласєй рахизтєй, далиси фєдбєл уайун байдєдта. Далис дєркъи ку базудта, мє фєсте єруайуй, зєгъгє, уєд єрлєудтєй, ’ма кєрєдзебєл фєццийнє кодтонцє, фєййервазтан, зєгъгє. Уотемєй тагрєбунти єма гъєдрєбунти хезгє сєхемє рандєнцє. Радзырдта йє Туаты Батєрбег Басайы фырт, 62-аздзыд, 3 июлъ, 1942 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, ф. Дзагурова Г.А., оп. 1, о. 35, ф. 98. УЄС, ДАЛИС ЄМА СЄГЪЄ (Зорати Заурбеги ємбесонд) Уєс, далис єма сєгъє еумє бацардєнцє; бон-изєрмє еумє хизтєнцє гъєд- рєбунти. — Нур, — загъта сєгъє, — есгєцєй нємє ести фидбилиз ку фелвєса, уєд уи кємє ци минеуєг ес, ци лєгигъєдє? 22
Уєс загъта: — Фондзинсєй мадзали ссердзєнєн єз. Далис загъта: — Мєнмє ес дуує уой бєрци. — Дєумє 6а, сєгъє? — Мєнмє 6а ци ес — неци, куд мєхуєдєг, куд мє лєгигъєдє! Раст еци будури еумє бацардєнцє, фєланг, арс єма берєгъ. — Йарєби, — загъта фєланг, — уєллєй гъєдрєбун нин еу синхонтє бєргє зиннуй; берєгъ, ду сємє ку сцєуисє єма си фиди хунє ку ракорисє. Берєгъ сцудєй, идардгомау ниллєудтєй єма гъєр кєнуй: — Байрайайтє! Уєс єма далис уайтагъд сєхе къотєррєбун баримахстонцє, сє думгутє ма зиндтєнцє єндємє. Сєгъє 6а уєлиау слєудтєй ’ма дзоруй: — Медємє, иуазєг, фусун дин ан! — Фиди хунє уємє кєд ес; мє хестєртє мє сєрвистонцє. — Уой бєрцє дєр дє ку гъєуидє, — зєгъуй сєгъє, — єхуєдєгга зєнхє є къахєй єртъєпп кєнуй, є сикъайєй февзедуй, єхе берєгъмє ласуй. — Фид нємє берє ес, берєгъи фидєй нє хъурмє иссан, медємє, медємє, иуазєг, медєгмє! Берєгъ дєр хуарзау нєбал фєцєй, сидзмудзи-сидзмудзи рацудєй єма них- хуаста е ’мбєлттємє. Е ’взаг — єлхуйни дєргъєн, лєф-лєфєй сємє фелвєстєй берєгъ. — Гъєй-гъєй, гъєй-гъєй, мє хестєртє, ледзєн ардигєй! Нє синхонтє уєхєн єнцє ’ма берєгъи фидєй єндєр неци хуєрунцє. Дзєбєхєй ма си ке раерваз- тєн, ами лєуунєй єз нецибал фєдтєн. Єртє дєр фестадєнцє ’ма идарддєрмє рагоц кодтонцє. — Бунбауйнєгтє, ралєсетє єндємє! Ледзєн ардигєй, ами махєн цард нєбал ес, банєхуєрдзєнєнцє, — уотемєй уєс, далис єма сєгъє дєр сє бадєн єндєр рауєнмє раййивтонцє, фал бабєй сє Хуцау фєланг, арс єма берєгъмє хєстєг єрхаста. — Уєлє бабєй, — загъта фєланг, — нє синхонтє фєззиндтєнцє: цидєр єй, нє фєд нин райстонцє; аци хатт ма сє бавзарєн — циуавєр єнцє, арс, фиу ма си ракорай! Арс дєр фестадєй ’ма зинадєгомау лєсун байдєдта сє синхонтємє. Изол ниллєудтєй кєлди аууон єма сємє бадзоруй: — Уєлє хуарз адєм, ує рєфтє хуарз. Еу фиуи морє уємє некєми уа?.. Уєс єма далис адєргєй зєнхєбєл нитътъєпєн єнцє, сєгъє ба є сєр исєр- гъувуй, є сиутєй цъєх арв стъєпп кєнунмє багъавуй, єртъєпп кєнуй къахєй зєнхє єма арсєн уотє: — Хєстєг дєр мємє єрбацо, мє хор, ци дзорис — дзєбєх не ’гъосун. Арс дєр єхенимєри: «Уомєй мє нє фєссайдзєнє», гъєрєй ба дзоруй: — Фиу мє гъєуй, нє хуарз синхонтє. — Боз Хуцауєй, фиу нємє арєх; єрсити муггаг ку сєхседа, омєн нє зонун, єндєра... арси фиуєй ку цєрєн мах — медєгмє, мє хор, медєгмє! Єхуєдєг ба сєгъє є сиутєй февзедуй єма байампъез кєнуй арсмє, арс дєр єхе фєстємє-фєстємє кєнуй, уєдта єваст ниммехъ кєнуй ’ма лєпп-лєппєй е ’мбєлтти астєумє єхе ниггєлдзуй: — Єз ує мєрдти иуазєг! Ледзєн ардигєй! Арси фиуєй ку цєрунцє... лед- зєнтє, ледзєнтє! Нуртєккє дєр сє ардємє гъєуй. 23
Ниууадзунцє бабєй еци рауєн дєр. — Хъєсти нез ує бахуардта, — зєгъуй сєгъє дєр, — систетє уєлємє! Федар рауєн байагорєн ахсєви, кенєдта нє сєвгєрддзєнєнцє. Къєхєни билєбєл — зєнхємє къолє — ниллєг бєласє: є сєрмє схезунцє сєгъє, далис єма уєс. Єрталингє уй, уотє сє бунмє єрбацєунцє фєланг, берєгъ єма арс, єрхуссунцє бєласи рєбун. Уєд дзоруй уєс сосєгєй: — Ци ма кєнон, сєгъє, дони хулуй мємє цєуй? — Ду фондзинсєй мадзали ку зудтай, — ходуй сєгъє, — нур ба дє дони хулуйбєл дєр мєн ку фєрсис! Уєлгоммє дєхе рахатє ’ма дє дони хулуй дє хурфємє рандє уодзєнєй. Уєс йєхе куддєр рахатта уєлгоммє, уотє ’й Хуцау єрхаун кодта берєгъи сєрбєл, берєгъи хъес-хъесєй далисєн дєр є тъупп арси сунтєбєл фєццудєй, уєд сєгъє дєр фєгъгъєр ласта. — Фєланги мєхе барє уагътє, аннетє ує дууей барє!.. Берєгъ єма арс сє фуртєссєй єрбамардєнцє, фєланг 6а єхе къєхєнєй рантъухта ’ма ниммурє ’й. <<Дигоронау зартє, кадєнгитє, ємбесєндтє», Туйгъани-фурт Махарбег. Владикавказ, типо-литография З.И. Шувалова, 1911 аз, ф. 25—27. ДЗЄРГЪ Дзєргъ уыди, єртє хъыбылы йын уыди, чидєр сын цєхджын кєф єрхаста, сєхи дзы нєддєнгєл кодтой ємє дойныйє фєцєймардысты; дзєргъ дын донмє ауад ємє куыддєр дон євгєнынмє хъавыд йє къєртайы, афтє бирєгъ йе ’ккой абадт. — Хєрын дє, дзєргъ. — Цы мє хєрыс, — загъта йын уый дєр. — Мє сєр дур у, мє фєрстє къєй сты, мє фєстаг єрдєг смаг кєны. Уый бєсты, кєд дє дєндєгтєн тєригъєд кєныс, уєд мын ис єртє хъыбылы, гуырдзиаг фєткъуыйы хуызєттє, ємє дын уыдонєй иу ратдзынєн. — Гъе, уєдє, дє хъуыддаг раст! — загъта бирєгъ, — сє нємттє та цы хуый- нынц? — Сє нємттє та: иу Нафон, иннє Фидар, єртыккаг та Хъармєг. — Хорз, — загъта бирєгъ ємє йє ауагъта. Дзєргъ дын ацыди, йє хъыбылтєн дон баназын кодта, йє дыуує дуары фи- дар сєхгєдта ємє йє хъыбылтимє хъарм схуыссыди. Уалынмє бирєгъ дєр єрбахъєр кодта: — О, Нафон! — Єнафоны дєм єддємє нал акєсдзынєн, — радзырдта йєм мидєгєй дзєргъ. Ноджыдєр та бирєгъ бадзырдта: — О, Фидар! — Фидар єхгєд мє дыуує дуары. Єртыккаг хатт бирєгъ бадзырдта: — О, Хъармєг! — Хъарм хуыссын мє хъыбылтимє, — зєгъгє, йєм радзырдта дзєргъ. 24
Бирєгъ дын фырмєстєй йє сєр єруагъта ємє иу ран ныффєлдєхти. Ду- нейы халєттєй цы уыди, уыдон дын єртахтысты ємє йє къуырцц-къуырцц кє- нын байдыдтой; уый дєр дын йє дєндєгтє фєзыхъхъыр кодта, ємє дзы иу рацахста: — Додой мын дє къона, — загъта бирєгъ, — мє мєстытє дєуєй исын. — Цы дє фєнды, уый мын кєн, — загъта халон, — кєд дє фєнды, маргє мє акєн, кєд дє фєнды, хєргє мє бакєн, кєд дє фєнды, доны мє баппар, дє бар дєхи, єрмєст дє иу курын, дє хорзєх мє уєд, ємє мє былєй ма аппар. — Єгайтма мын дєхєдєг загътай, цємєй тєрсыс, уый, — загъта бирєгъ ємє йын йє хъуырыл бафтыдта хъєдуры хъал ємє дзулы чъири ємє йє былєй аппєрста. Халон дын апєррєст ласта, иу стыр бєласы къабузыл абадти, йєхєдєг хъєдуры нємыг ахордта, дзулєй ахєры ємє ныхъхъєр кєны: — Хъахъхъ, бирєгъ! Дє цєрєнбон хорз! Хъахъхъ, бирєгъ, гъєппытє фєхау! Бирєгъ дєр дын, уыцы дыккаг сайд ыл кєй єрцыд, уый фырмєстєй ных- хєдмєл. «Осетинские тексты», собранные Даи. Чонкадзе и Вас. Цораевым. Издал академик А. Шифнер. Санкт-Петербург, 1868, с. 68—70. ХЪЄДХОЙ ЄМЄ БИРЄГЪ Бирєгъ фосмє єрбацєйхъуызыд ривєд афон, афтє хъєдхой бєласыл абадт ємє къуырцц-къуырцц кєнын байдыдта. Йє къуырцц-къуырцмє фыййау сыхъал и ємє бирєгъ лидзынмє фєци, фырмєстєй хъєдхоймє дзуры: — Дє хуыздєрау фєуай, дє цєрынєй дє хєрынмє хъєд уыцы хост кєныс ємє дзы иу хєдзар дєр никуыма скодтай. — Дєуєн дєр, — єрдзырдта йєм бєласєй хъєдхой, — дє гуыбыны цъар фосмє лєсынєй баихсыд, афтємєй дыл фысдзєрмттєй кєрц никуыма федтон. Радзырдта йє Зєнджиаты Огъалыхъ, 70-аздзыд, Салыгєрдєн. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 5, иаиксе 2, ф. 16. БИРЄГЪ ЄМЄ ФЫС Бирєгъ суадонєн йє тєккє гуырєны дон нозта, фыс та дєллоз. Бирєгъєн йє зєрдє бахъазыди фысмє ємє йєм дзуры: — Мє дон мын куы нє змєнтис, кєннод дєм иу замана кєсы. — Ау, уый та куыд, искуы ма дон хєрдмє фєцєуы, ды донєн йє сєрмє куы лєууыс — йє тєккє гуырєны, єз та мєнє дєллоз, — уєд дын дє дон чердєм лакъон кєнын, — загъта фыс. — Бирє куы нє дзурис, кєннод дє хєрын, — загъта бирєгъ. — Омє мє хєрынвєнд скодтай, ємє мє бахєр, фєлє ма єфсєндтє та цы кєныс, — загъта фыс. Ныффыста йє Цомайты Харламии, 1926 аз. Йє радзурєг бсерєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 347—16, иапкє 24. 25
АРС ЄМЄ МЫД Арсы мыдмє ластой йє хъустєй, ємє сын нє куымдта, афтємєй йын ласгє- ласын йє хъустє атыдтой. Стєй мыдєй куы ацахуыста, уєд та сын фєстємє нал куымдта, ємє йє йє дымєгєй фєстємє ластой, афтємєй йын йє дымєг дєр атыдтой. Уый тыххєй, дам, у арс єнє дымєг ємє цыбырхъус. Ныффыста йсе Цомайты Харлампи. Йє радзурєг бсерєг нсеу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47—16, папкє 24. САГ ЄМЄ УЫЗЫН Иу бон цуанонтє фєцєф кодтой саджы, ємє саг цєфєй алыгъди, ємє куы фєаууон и, уєд иу ран фєлєууыд ємє тыхулєфт кєны. Уєд єм уызын кєсы ємє дзуры: — Цы кєныс, цы кодтай, ме ’мбал? — Цуанонтє мє мардтой, ємє тыххєй раирвєзтєн. Ууыл ын уызын загъта: — Ой, ой, куыд єнамонд стєм, уєвгєйє та мах, топпы нємыг дєр нєм ємхиц у. Уєд ын саг афтє зєгъы: — Нє мыггаджы кєд дє хуызєттє ис, уєд нє раджы цєгъдын хъуыди. Ныффыста йє Цомайты Харлампи, 1926 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 47—16, папкє 24, ф. 200. САГ ЄМЄ УЫЗЫН (Вариант) Уызын загъта сагєн: — Ды — ме ’фсымєр! Мє хъуын — дє хъуыны хуызєн, нє къєдзилтє нє дыууєйєн — ємхуызєттє! Саг загъта: — Кєд де ’фсымєр дєн, уєд мє Хуыцау авд дєлдзєхы фєкєнєд. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 143, папкє 3. УЫЗЫН ЄМЄ ПАДДЗАХ Царди-уыди иу паддзах. Иухатт уый єрємбырд кодта адємєй, фосєй, йє къухы чидєриддєр уыди, уыдон се ’ппєты дєр ємє сын загъта: — Уе ’ппєтєй зондджындєр чи у, уый мын раттєд дзуапп ацы ныхєстєн: дунейыл хорз чи у, рєсугъд чи у ємє хъєздыг чи у? Сєхи зондджындєр єнхъєл чи уыди, уыдон балєууыдысты йє разы ємє йын зєрдє єлхєнєн загътой: — Хорз дє єрмєст ды, хъєздыг ємє рєсугъд дєр дє ды. 26
Паддзахєн єхсызгон уыди уыцы дзуапп, фєлє уєддєр нє фєлєууыд ємє сын загъта: — Кєд ма, мыййаг, исчи исты зєгъинаг у, науєд ма дзуапп чи раттид, уыдо- нєй исчи ам нєй? Уєд ын загътой: — Ничиуал ис єдде — дєлє ма кємдєр уызын єрбалєсы, фєлє уымє та цы єнхъєлмє кєсыс, уыцы євзєр та цы зоны? Уалынмє лєф-лєфгєнгє єрбахєццє уызын дєр. Паддзах єй бафарста: — Кєм уыдтє ныронг, куыд байрєджы кодтай, єз дєумє куы єнхъєлмє кастєн? Уызын йєхи бакъултє кодта ємє йын афтє зєгъы: — Ємє мєнмє та цы кастє, дє рын бахєрон, єз исты куы уаин, уєд адємы хуызєй хуызджын уєддєр уыдаин, фєлє мєхєдєг дєр ницы, мє конд дєр, мє уынддєр. Паддзах ын загъта: — Цыдєриддєр дє, уєддєр мын ды дєр хъуамє дзуапп радтай: хорз чи у, рєсугъд чи у ємє хъєздыг чи у, ууыл. Уызын исдугмє ныхъхъус и, стєй загъта: — Хорз у зєхх, адємы чи дары. Рєсугъд у уалдзєг, зєххєн йє хуыз чи скалын кєны, цъєх кєрдєг ємє йє алыхуызон рєсугъд дидинєджы мыггагєй чи сфєлынды. Хъєздыг та у фєззєг, быдыр хор ємє хосы рєгътєй чи байдзаг кєны. Паддзах стыр дис фєкодта уызыны зондджын дзуаппыл, стєй йын загъта: — Уєдє ма дє иу дзырдєй фєрсын, уымєн та мын цы зєгъдзынє: уєдє єгєстєй, мєрдтєй та фылдєр чи у? Уызын та йын загъта: — Мєрдтє фылдєр сты, уый уымєн ємє сєрд нымєт кємєн нєй, зымєг кєрц, уыдон дєр мєрдтыл хыгъд сты, стєй ус-ємвєнд лєгтє дєр мєрдтыл хыгъд сты. Уыдон цас уыдзысты, уый-ма ахъуыды кєн! Уєд ын паддзах загъта: — Дє ныхєстє иттєг раст сты, фєлє уєддєр мє кой хорзєй кєй ницємєй ракодтай, уый тыххєй дє єз єлгъитын: абонєй фєстємє хуынчъытє — дє цє- рєндон, адємы уындєй дє цєстытє куыд риссой, афтє ємє дє цъар сындзєй фєуєд, цыргъаг дє куыд нє кєрда. Ныффыста йє Цомайты Харлампи, 1926 аз. Йє радзурсег бсерєг пєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор47—16, папкє 24. УЗУНИ ТАУЄРЄХЪ Изєдтє еумє хєдзарє искодтонцє, дуйнейбєл хуєздєр хєдзарє некєми ад- тєй, уєхєн хєдзарє. Изєдтє кувд искодтонцє, єма дуйней адєнтє єринбур- дєнцє. Хєдзари фєххєтионцє ємє ибєл дес кодтонцє. Уєд єрєгиау узун єрба- цудєй ємє берє фєххаттєй хєдзари. Хатт ку фєцєй, уєдта ’й бафарстонцє: — И, куд єй, узун, хєдзарє? Узун єнай-єной фєккодта: — Цєй хєдзарє ’й, Сафа кєми нєййес, Майрєн кєми нєййес, цєй хєдзарє ’й? Иннє адєн ниддес єнцє, уой ци хонуй, зєгъгє. Уєд син еу загъта: 27
— Сафа хонуй рєхис — агє євєрєн, Майрєн ба хонуй уосє — хєдзари єфсинє. — Загътонцє: — Узун нєбєл фєхъхъєбєрдєр єй. Ныффыста йє Темирати Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 14, папкє 7, ф. 64—65. КУЙ ЄМА УАСЄНГЄ Куй єма уасєнгє баунаффє кодтонцє, — аци лигъз будури гъєу искєнєн, — єма пъєлантє євардтонцє. Уєд сє уолєфун єрхъєрдтєй рєфти, єма куй зєн- хи ниххустєй, уасєнгє ба бєласи сєрмє истахтєй єма уоми исбадтєй. Уєд робас єрцудєй єма хєрдмє уасєнгємє дзоруй: — Уасєнгє, єрхезє єма мин зєнхє исбарє мєнєн дєр, єз дєр ує хєтдзє цєрун. Уасєнгє имє дзоруй: — Дєлє мє хестєр хуссуй, єма уой бафєрсє, єма дин уєд исбардзєнєн зєнхи хай. Робас куймє бацудєй єма ’й райгъал кодта. Куй робаси ку рауидта, уєд єй расурдта, сорунтє ’й байдєдта, нє ’й раййафта. Уєд куй фєстємє ку раздахтєй, уєд имє робас фєстємє ракастєй єма куймє дзоруй: — Сумах адєни атє ку сорайтє, уєд берє гъєу искєндзиайтє. Уобєл сє гъєу кєнуни унаффє фехалдєй. Ныффыста йє Темираты Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 14, папкє 7, ф. 26. БЄГЪАТЄР ТИКИС Рагима-раги еумє цардєнцє арс, тускъа, берєгъ єма тикис. Тикис сє хєтдзє нє федудта єма си байурста. Бєгъатєр тикис рандєй еунє- гєй надбєл, иссердта надбєл єстигъд фуси мард ємє уой хурфи балєстєй. Уой фєсте берєгъ дєр рахецєн єй е ’мбєлттєй, рандєй еци надбєл єма иссердта еци фуси мард. Берєгъ хуєрунмє бавналунмє, ниххунц кєнунмє куд гъавта, уотє 6а ’ймє тикис ралєбурдта и хуалий хурфєй. Берєгъ фєттарстєй, фєллигъдєй є фитдзаг цєрєн хєдзарє — гъєдємє. Уоми ба дин бадуй арс єма тускъа. Берєгъ гъастгєнгєй радзурдта арс єма тускъайєн є хабєрттє. Сирдтє истасинцє тикисєй єма бафєндє кодтонцє уой зєрдє естємєй бал- хєнун, єрфєлмєн кєнун. Берєгъ загъта: — Єз фиййаутєй фус исдавдзєнєн, ду 6а, арс, муддартєй — муд, мєнє тускъа ба хєдзари зелєнтє бакєнєд, байєфснайєд, єма ’й дзєбєх фєххинцдзинан, кєд нємє є зєрдє фєффєлмєн уайдє, єндєра нин надбєл рацєуєн нєбал ес. Берєгъ єхуєдєг фус исхаста, арс — муд, уотемєй нєртон фингє исараз- тонцє. Сирдтє уотє гъудитє кодтонцє, тикис мах фингєбєл єрбаддзєнєй, ху- єрдзєнєй, мах ба уой фуси мард бахуєрдзинан. Сирдтєн сє фингє исцєттєй. Нур гъєуй тикисмє хонєг. Тикисмє хонєгєн сирдтє рарвистонцє берєгъи. Бе- рєгъ коруй тикисєй: 28
— Рацо нємє, нє хєдзарє нин фєууинє, ардєгєй фєстємє гъєуамє лимє- нєй цєрєн, ци нин нє хъєртуй? Ес нємє гъєлати фєрци алцидєр... Нур уой ку зонисє, мах дєуєн цєхєн фингє исаразтан, уєдта... — Цєун, цєун.... фал фестєгєй 6а неци бакєндзєнєн, — зєгъуй хєлєфєй тикис. — Финги коймє тикисєн є били дєнттє єруадєнцє. Берєгъ дєр ниццийнєй: — Кєд єрвєнсис, уєд мєнє ме ’усхъи рабадє єма дє сабургай бахъєртун кєндзєнєн нєхемє. — Нє мє бафєраздзєнє, хуєдмєлхуар! — Єрбахезє ме рагъмє, равзарон дє хєссун, кунє дє фєразон, уєдта єндєр ести фєрєзнє дєр кєндзинан. Тикис дєр гєпп, єма берєгъи рагъи рабадтєй. Фєццєуй берєгъ синк-синк- кєй гъєдрєбунти пихсити бунти єма дзоруй тикисмє: — Уєзєй рєуєг ку дє, уєд дємє уєхєн тухє кєцєй ес? Тухгин цємєн дє? Тикис дєр имє фєккомєги ’й, фетхалдта зустєй: — Рєуєг дєн?.. Барєнай, єз ба дєбєл мє уєзє єма мє тухє єруадзон. Тикис берєгъи фєсонти є нихтє ниссагъта. Берєгъ фестъєлфтєй, фєгъгъєр кодта: — Уау, уай!.. Ци уєззау дє, ци? Берє ’й, мєлун... мабал уадзє мєбєл дє уєзє! Тикис єма берєгъ надбєл дзєвгарє рафєстеуат єнцє. Арс єма тускъа са- гъєсти бацудєнцє: «Ци ’й а? Ци єрєгємє єнцє? Євєдзи нин тикис не ’мбали бахуардта, єндєра неци... Нур 6а ’й махмє дєр гъєуй, хуєргє нє кєндзєнєй. Нєхе баримєхсєн, кенє ба нє бахуєрдзєнєй. Тускъа фєсдуар єхе ругєпихси бугъи буни никкодта, є гъос 6а ма хєрдмє зингє ниууагъта, ’ма дзи игъуста думги, гъєди уодзєлмє. Арс ба исрєдєхстєй хєдзари тугурмє. Уалинмє єрхъєрттєнцє тикис єма берєгъ, бацудєнцє ме- дєгмє ’ма дин фєсдуар 6угъи-р}>ти бунєй тускъай гъос фезмалдєй. Тикис тускъай гъосбєл єхе ниццавта, є нихтє дзи єрсагъта, — мистє ’й рангъєл адтєй. Тускъа нихъхъес-хъес кодта, рагєпп ласта є хуссєнєй єма дин фєлледзуй пихси ємпурсєнтєгєнгєй. Тикис фєттарстєй тускъайєй єма тугурмє исгєпп кодта. Арс дєр бабєй фєттарстєй тикисєй, — уєххай хуєруй мє, мєнмє ислєу- ирдта и тикис, зєгъгє, єхе тугурєй гупгєнгє єргєлста, берєгъбєл фєцєй єма дин уартє єфсєнпурсєнтєгєнгєй фєттєхуй. Берєгъ єваст фєгъгъєла єй, ра- кєсє-бакєсє ракодта хєдзари къумтємє, уєдта е дєр фєлледзєг єй. Хєдзари ма єризадєй хидєгмє еунєгєй тикис, гъургъургєнгє єрхизтєй ту- гурєй, єрбадтєй идзаг фингєбєл єма нур дєр ма уоми хуєруй єма цєруй. Радзырдта йє Собиты Сергей Къалайы фырт, 9 май, 1928 аз, Чырыс- тонхъєу. Ныффыста йє Гарданты Михал. ЦИГСИИ-йы архив. Фолъклор № 163—6, папкє 50, ф. 61—66. ДУУЄ МИСТИ Будуйраг мистє єма хуєнхаг дигорон мистє лимєнтє искодтонцє. Будуйраг мистє дзоруй хуєнхаг мистємє. — Рауай, єз 6а дин ме ’вєрєнтє фєййинун кєнон! Дигорон мистє фєццудєй, ’ма ин е ’вєрєнтє фєййидта: йе ’хсєртє, є фєткъутє, є нартихуартє, є тєрситє, є хъєдорє, уєдта ин загъта: 29
— Рауай нур ба махмє дєр, єз дєр дин ме ’вєрєнтє амонун! Єрбайхудта ’ма ин фєййинун кодта е ’вєрєнтє: хуарєй, мєнєуєй, хъєдо- рєй имє є рєбунти цидєр адтєй, уони, єхуєдєг ба тикисєн бафєдзахста: — Тъєригъоси бадє — зєгъгє. Фєххаттєнцє дуує мисти хєдзари къумти. Уєд хуєнхаг дигорон мистє дзоруй будуйрагмє: — Рауай єма нин не ’фсийни къох райсє! Будуйраг мистє дєр бацудєй тикиси цормє, єма ин и тикис є сєр є гъєлє- си рацафта, фєйцъист кодта ма ’й є бєдєлттєн райурста. Уой фєсте ба дуує ивєрєни дєр дигорон мистєн байзадєнцє. «Памятгшки пародного творчества осетин», вып. 2, 1927, с. 117. МЫСТ ЄМЄ ЦЪИУЫ АРГЪАУ Мыст ємє цъиу уыди. Мыст ємє цъиу куы уыди, уєд сфєнд кодтой мєнєу бакєиын. Дзырд сын уыди, сє фєллой дыуує ємбисы куыд бакєной. Хуым афєлдєхтой, байтыдтой йє, адєгєй йє баластой. Куы равзєрд, уєд иу бон бадынц ємє бадзырдтой, хуым уал цъиу куыд хъахъхъєна, мыст та уал хи- зынмє куыд фєцєуа. Мыст хизынмє абалц кодта, цъиу мєнєуы хуым хъахъхъєны. Мєнєу сфардєг, завад кєнын байдыдта, тугыл аскъуыд, хъуыдыды фєци, уєдмє йє цъиу фєхъахъхъєдта. Уалынмє мыст дєр єрбалєууыд хизынєй. — Мыст, нє мєнєуы бирє нал хъєуы сцєттємє, ныр та йє ды фєхъахъхъєн, єз дєр ма ахизон иучысыл, — йє кєрдынмє мє фєллад куыд єрцєуа, намє сєрєн нал дєн. Мыст хъахъхъєнєг баззад, цъиу хизынмє атахт. Кєсы мыст, ємє куыддєр, євєдза, мєнєу хъєбєр хъуыдыды фєци, афтє дын хуымы къубалдзагъд кєны ємє йє єфснайы йє хуынчъыты — євєрєнтє кєны. Цъиу фєзынд, кєсы хуыммє, ємє никуыуал ємє ницы: иунєг єфсир дєр нал баззад сє иумєйаг хуымы. Уыйадыл сын загъд бацайдагъ, кєрєдзийыл сєхи ныццавтой, ємє дыууєйєн дєр сє пырх акалд. Цъиу мєстджынєй фєцыд хъєстгєнєг мєргъты паддзах-цєргєсмє, мыст та фыранчы уазєг бакодта йєхи. Фєзындысты мєргъты паддзах-цєргєс ємє фыранк, єрбадтысты тєрхоны, дзуры цъиу: — Иумє мєнєу бакодтам, мыст уадидєгєн йєхи фєласта кєдємдєр, єз хуым фєхъахъхъєдтон: єгєр-мєгуыр єм маргъ нє, фєлє гєлєбу батєхєг дєр нє бауагътон. Мє уд єрдуйє нарєгдєр ысси. Мє рєстдзинадмє мын єркєсут, цы мын ємбєлы, уый мын саккаг кєнут. — Єз хай бакєнинаг уєд уыдаин, ємє цъиу тєккє хуымгєрдєны куыстєй йєхи куы нє фєластаид. Євєдза, єз афойнадыл нє бавнєлдтон кєрдынмє, афтє хуым кєрдиппєрд фєуыдаид, бынтондєр азгъєлдаид, зєххы хай бацадаид ємє уєд хєрз сєфт кодтон єд лєппынтє. Цємєй цардаин зымєг-зымєджы дєргъы? Стєй йын хай дєр бакодтаин, фєлє йын уєд кєдєм? Нє йын хєдзар, кєй загъдєуы, нє йын къона. Дзєгъєл хєтєг! — Дзырд цєуыл уыдыстут, уыцы хай йын бакєн, намє дын дзєгъєл баззай- дзысты дє євєрєнтє, — єд лєппынтє цы фєуыдзынє, уый нал сбєрєг уыдзєн, дымды фєуыдзынє, — загъта цєргєс. 30
— Уый та дын цавєр євзаджы хатт у? — загъта фыранк. Єртхъирєнєй никуыма ничи амард: стєй мысты єфхєрын нє бауадздзынєн. Фыранк ємє цєргєсєн хъуыддаг загъдмє ахыст. Фыранк фємєсты, фєлє- бурдта цєргєсмє ємє йын йє базыртє бамуртє кодта, иуфарс єй фехста, йєхє- дєг уырдыгєй йєхи айста. — Мє рєстад ує фєдыл єфтыд фод, — загъта ма цъиу ємє атахт. Мєнєу мысты баци ємє афєдзєй афєдзмє минас фєкодта єд лєппынтє. Радзырдта йє Калоты Зауырбег. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 60, ф. 45—56. МЫСТ ЙЄ ФЫРТЄН УСГУР Кєд уыдаид, чи зоны, кєм уыдаид, уымєн дєр ницы бєрєг ис. Царди иу мыст, мыст куыд вєййы, раст ахєм; рихитє йын, мєнкъєй къуыбыр, цыргъ хъустє, цєрдєг цєстытє, цыбыр цыппар къахы ємє лыстєг даргъ къєдзил, тихалєджы хуызєн. Цыбыр дзырдєй, цы мыст-иу фенут, раст ахєм мыст. Уымєн уыди цєрєндон, рєсугъд хуынкъ, зєххы йєхєдєг кєй скъахта йє мєн- къєй дзємбытєй. Зєронд нанайы чьщгъєдєй радавта фєлмєн къуымбилтє ємє дзы йєхицєн фєлмєн лыстєн бакодта. Иє хєдзары уыди ноджы къєбицтє: уыдон-иу зымєгмє байдзаг кодта давєггаг хорєй, стєй хъєддаг єхсєртєй, тєрсытєй. Иуахємы йєм йє сыхаг мыстытє бауай-бауай кодтой, — йєхєдєг нал зынд єддємє: мыстєн кєд ралєууыд йє зайєн, ємє йєм сыхєгтє уадысты фєрсєг, євгъєдгєс. Уалынмє алырдєм уайынтє систой хєрзєггурєггєгтє. — Ує хєрзєггурєггаг мєн, нє мыст лєппын ныззади. Бирє цин фєкодтой мысты циныл йє хєстєг, йе ’ввахс, хуынтє йын фєхастой. Йє хъєбулы бирє уарзта мадєл мыст: хєфсєн йє лєппын — хуры тын, хъамбулуєраг, хъоппєгцєст. Хєссынтє йє байдыдта. Куы фєхъомыл, згъорын куы байдыдта мадєл мыс- ты хуры тын, уєд мад бавнєлдта лєппыны ахуыр кєнынмє дєр. Бирє мєйтє, бирє афєдзтє нєма рацыд, афтє мыстыты дзыллє дзурынєй фылдєр нал уыдысты, — лєппыны кой кодтой алы ран дєр. — Ахєм гуырд нєма уыди нє дзыллєйы, тєхудиаг, уый цы мад ныззади, — дзырдта иу мыст. — Раст зєгъыс, сымахыстєн, єз дєр афтє єнхъєл дєн, ємє дзы сгуыхт мыст рауайдзєн. — О, о! Єрмєст сымах нє, фєлє йє чи федта, уыдонєн се ’ппєты зєрдємє дєр цєуы. — Ує йє уынд, ує йє конд, иннє ахєм йе ’фсарм, йє зонд! — Стыр миниуджыты хицау у лєппын мыст: уый хуызєн къєрцхъус нє уы- дзєн, уымєй тагъддєр ничи фехъусдзєн гинойы уасын, уымєй хуыздєр ничи бамбардзєн, тас кєцєй уыдзєн нє дзыллєйєн. Ноджы уый хуызєн ничи арєхсы цард амалтєм: цєст нє хєцы йє уадыл, кусынмє та — арт. Къорд хатты сємбєлдтєн йемє хъуыддаджы, къутутє гєр- стам. Февнєлдта дын ємє уайтагъддєр цєрдхуынкъ фєкодта замманайы къуту йє лыстєг цыргъ дєндєгтєй, ємє зымєгмє хорз єфтауц єркодта сырх мєнєуєй. — Уєдє мєнимє сємбєлди хъєды: тєрсытє, єхсєртєм. Йє ахсджиаг амє- 31
ла, уымєн цас єнтыст иунєгєй, уыйбєрц не ’нтыст махєн къордєй. Замманайы сатєг єхсєрєй, тєрсєй євєрєнтє скодта сє къєбицты. Єхсарєй дєр єм уєдє дау нєй: мадєл карк єд цъиутє кєрты рацу-бацу кєндзєни, йє базыртє пых- цыл... «Къуыртт, къуыртт, къуыртт!», — фєсиды йє хъєбултєм, хєринаг ссар- гєйє. Гино дєр иу ран иваздзєн йєхи, йє рихитє базмєлынц, фєфєлгєсы алырдєм. Нє мысты лєппын, Арвы Уациллайау, йєхи ныццєвы карчы цъиуыл ємє йє цу, ды баййаф... Уайтагъд, цъиуцъиугєнгє, карчы хъєбул мысты хєдза- ры стєлфы. Карк ємє йєм гино кєсгєйє баззайынц. О, афонтє йыл ацыд мысты лєппыныл. Мады зєрды бафтыд ус ракурын йє лєппынєн. Чызджытєй бирєтє хєлєг кодтой, бирєтє йын сєхи дзыхєй хъард- той сє чызджыты мадєл мыстєн, аннєтє та сє хєстєджыты, сє зонгєты чыз- джыты. Мыстыты дзыллєйы фєхєт кєрєй-кєронмє, уєд дзы ахєм мыггаг нє разындаид, нє мысты лєппынєн йє чызджы табуафситимє чи нє раттаид. Ємє царды арєзт куыд уыди уыцы рєстєджы, уый хорз ємбєрста мадєл мыст: раджы заманы дєр алчи агуырдта бонджын, кадджын ємє тыхджын хєстєг. Ємє сфєнд кодта йє лєппынєн хуры чызджы єрхєссын, уымєн ємє ху- рєй тыхджындєр никєй хуыдтой дуне дзыллє. Зєхх зымєджы басєлы, бєстє ныддєвдєг вєййы. Халсар, хилєгой, тєхджытє, бирє сырдтє зымєджы байсє- фынц, аннєтє тарф фынєй бавєййынц, чи та дзы хъарм бєстєм айсы йєхи. Фєлє та уалдзєджы хур бєрзєндты хъазын куы байдайы цъєх арвыл, хъызт зымєджы фєстє та къєрцц уалдзєг куы ралєууы, уєд зєххы хъадамантє хурзє- рины хъарм тынтєй асєттынц, зєхх єрулєфы. Мард сау быдырты та уєд цард базмєлы: цъєх-цъєхид адарынц хєхтє, быдыртє, кєрдєг, зєхх, уєлдєф ємыз- мєлєг свєййы. Ємє араст и мыст хурмє. Фєндаг єм кєуылты ссардта, уый уын нє зєгъ- дзынєн, уымєн ємє йє мєхєдєг дєр нє зонын. — Дє бонтє хорз уа, хурты хурзєрин. — Єгас нєм цу, єгас, хъылдым мыст, фысым дын уыдзынєн, єхсызгон мын у дє фенд, - дзуры хур. — Єхсызгон хорз дыл єрцєуєд, — загъта хъылдым мыст. — Хъуыддагмє дєм єрбацыдтєн, хурты хурзєрин. — Дє хъуыддаг мын бамбарын кєндзынє, євєццєгєн. — Табу дє фарнєн, хурты хурзєрин, фєлє мын лєппын ис, лєппын. Арвы Уациллайы хуызєн. Йє афонтє сєххєст сты ємє йын мє зєрды ис хъуыддаг бакєнын — ус ракурын. Нєхи бєсты мын лєгъстєгєнєг сты нє мысты мыггаг иууыл, чызджытє, фєлє сын єз ницы ком дєттын, хєстєгєн сє аккаг нє кє- нын. Єз мє фыртєн агурын тыхджын чызг. Дєуєй тыхджындєр никєй хонынц дунейыл. Дє чызджы мын ратт мє хъєбулєн, — хєстєгєн дын бєззын, фєсмон- гонд нє уыдзыстут, нєдєр дєхєдєг, нєдєр дє чызг. — Тыхджынєй хъуамє тыхджын уыдзынєн, — дзуры хурзєрин, — мє чыз- гєй дєр дын нє нє зєгъин, фєлє ма ис мєнєй тыхджындєр. — Дєуєй тыхджындєр та ма чи разындзєн? — Асєст мигъ. — Уый та куыд? — Мигъ зєххєй мєн єхсєн бацєуы, арв бамбєрзы ємє мє бон нал вєййы мєнєн ницы: мє хъєбултєм кєсын мє нал фєуадзы. — Хєрзбон, уєдє, ды мєнєн хєстєгєн нє бєззыс. — Хуыздєрыл амбєл, хъылдым мыст. 32
Ємє та мигъмє балєууыд. — Мигъ, хєстєг кєнынмє єрбацыдтєн дєуимє. Дє чызджы дын курын мє фыртєн. Хєстєгєн агуырдтон хуры, тыхджын єй хуыдтон, фєлє мын уый йє- хицєй тыхджындєр хуыдта дєу. Бауырнинаг у уыцы хъуыддаг. Цємєйдєрид- дєр, дєу руаджы цєрєм мах зєххыл, дєу руаджы. Ды куынє уаис, уєд єнє донєй змєлєг нал баззаид. — Дєумє фау чи ’рхєсса, ахєм нє разындзєн, фєлє мє цы єнхъєл дє, уый нє хонын мєхи, аив мын нє уыдзєн. Хурєй, чи зоны, тыхджындєр разынон, фєлє ма ис мєнєй дєр тыхджындєр... — Уєд чи? — Мєнєй тыхджындєр дымгє. Уыцы иу футт куы фєласы, уєд мє куы иуырдєм, куы аннєрдєм йє уєлныхты ахєссы, портийау мє хъазы, къєдзєхтыл мє ныххойы, арвы кєрєтты мє єрзилын кєны. — Бузныг, де ’ргом ныхасєй. Хєрзбон. — Фєндараст. Ємє та кєм уайгє, кєм сиргє, афтємєй мыст балєууыд дымгєйы раз. — Дє чызджы мын ратт мє фыртєн, дєуєй тыхджындєр, дам, ничи у. Фє- цыдтєн хурмє тыхджын єнхъєл, ємє мын уый басасти, мигъы тыхджындєр схуыдта, мигъ та мє дєумє сардыдта. Дєуддзаг нєу дє тых. Єз дын єй мєхє- дєг дєр єнє зонгє нє дєн. Хур бєстє судзын куы сисы сусєнты, уєд ды кєцєй- дєр фєзыныс ємє къєвдайы мигътє єрбахєссыс. На ’мє уарынєй бєстє єппєт куы сфєлмєцынц, хуры цєст куы нєуал фєзыны, уєддєр та дєу руаджы арвы мигътє атайынц, цыдєр фєвєййынц. Дєу руаджы адєм кєрдзын хєрынц: уад- гуыройы стыр базыртє дє тыхєй базмєлынц, ємє куырой єрыссынц адєм; хай дзы фєвєййы мєн дєр. Дєу руаджы хоры кєритє ссыгъдєг вєййынц, наутє дыууєрдєм хєтынц денджызты. Уый дє дзєбєх зєрдєйыл куы вєййыс, уєд. Фєлє, євєдза, бамєсты дє, уєд стыр фыдбылызтє дєр саразыс. Куы рафутт кєныс дє мєсты футтытєй, уєд сау хъєд бындзарєй фєлдахыс, адємєн хор хорєн, хос хосєн нал ныууадзыс. — Хуыздєр нал ємбєлы, афтє мє раппєлыдтє. Арфєйаг у, фєлє ма уєд- дєр ис мєнєй тыхджындєр. — Дєуєй дєр ма тыхджындєр?! Уый та ма цавєр уыдзєн? — Уый гал. — Гал, зєгъыс? — О, гал хиздзєн быдырты, чъепп кєндзєн сойджын кгердєг. Єз уыцы дымд кєндзынєн, уый, марадз зєгъай, уєд та йє къєдзил атила; гал-бындзы аргъ дєр мын нє кєны. Цєуынтє та байдыдта кайысгєнєг мыст. Цєуы, ємє дын мєнє астєумє кєр- дєджы иу сау къобор гал хизы. Хизы, йе ’взагєй цъєх кєрдєг євзары ємє йє дасы йє фєтєн дєндєгтєй. Бындз абады йе рагъыл ємє та йє асуры йє дымєгєй. — Хєстєг кєнынмє дєм єрбацыдтєн, мє разагъд иунєгєн дє чызджы ку- рын. Тыхджынты тыхджындєры агурын хєстєгєн. Хурмє уыдтєн, ємє хурєй тыхджындєр мигъ разынд, мигъєй тыхджындєр — дымгє, дымгє та мын дєу бацамыдта йєхицєй тыхджындєрєн. Бауырнинаг ныхас у дымгєйы ныхас. Дє тыхджын бєрзєйы руаджы дзыллєтє хуым кєнынц, суг ласынц, балцы цєуынц, сє хєдзєрттє аразынц... Сау къобор гал йє сєр схъил кодта сойджын кєрдєгєй, бакаст мыстмє йє дынджыр фєлмас цєстытєй ємє дзуры: 3 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том зз
— Му-у! Стыр кад мын кєныс, кєй мыл єрвєссыс, уымєй. Фєлє мєм афтє зыны, цыма мє єгєр бєрзонд систай, єгєр мє цыма єппєлыс. Єдых нє дєн, уый мєнг нєу, фєлє рєдийыс, кєд тыхджындєры бынаты мєн євєрыс, уєд. — Уєдє ма дєуєй тыхджындєр чи у? — Мєнєй тыхджындєр гутон. Астєй йє ласын байдайынц мє хуызєн къо- бортє, зєхх фєлдахгє. Бирє бонтє нєма рацєуы, афтє нє тыхджын бєрзєйтє афхєлынц, дудын байдайынц. Хорз, кєд нын сє фысы дымєгєй бафєлмєн кє- нынц, намє, дєу чи нє уарзы, уый фєкєнєд, мах цы фєкєнєм. Нє тєнтє ныттєбєкк вєййынц, нє фєрстє кєрєдзиуыл амбєлынц. — Уєдє та мын дєуєй дєр хєстєг нєй! Хорз байрай, — загъта мыст. — Бємбєгыл дє фєндаг, — мє хєлар, — ємє та єруагъта гал йє дынджыр сєр кєрдєгмє, дымєг зивєггомау фехсы йе рагъмє, бындзытє уыцы гуппєрт- тєй айсынц сєхи сау къоборы рагъєй. Мыст агурын байдыдта гутоны.^гутон уыди хуымы. Хуымы кєрон єй рафтыдта гутондар, барєвдзытє йє кодта. Йе ’фсєн, йє дзыргъа йын сарєзта, дзанджиат бафидар кодта. Хуымы кєрон йє фєллад уадзы гутон, уыцы ран єй ссардта мыст. — Гутон, єгас дунейы тыхджындєр агурєг хєтын. Мє фыртєн ракурынмє хъа- вын тыхджындєры чызг. Сдзырдтон хуры чызгыл, ємє мигъ уымєй тыхджьшдєр; дзырдтон мигъы чызгыл ємє дымгє мигъєй тыхджындєр; бавзєрстон дымгємє дєр, ємє гал дымгєйє тыхджьшдєр, гал мын дєу бацамыдта тыхджьшдєрєн. — Уєдє ма тыхджындєр куыд вєййы! Уалдзєг ємє фєззєджы єз зєххы цъар уєлгоммє фєкєнын. Бирє бєстє нал ис зєххыл, искуы иу євзєр ранєй фєстємє, єз мє бырынкъєй фєд кєм нє акодтон. Суанг ма хохы сєртє дєр астыгътон, тєссєрггы, уырдгуьпы нєудзар сатєг-иу фестын кодтон. Дунейєн бєркад хєссєг єз дєн. Мє кой чи нє кєны єгас дунейыл дєр, ахєм нєй. Уацмыстє, кадджытє, зарджытє мєныл мысынц, бєрєг рєстєджы, цины сахат сє адєм зарынц сє зєрдєйы рухсєн. Дунейы дарєг ємє уромєг у мє бырынкъ. Єз дєн бєркадхєссєг, мє руаджы къутутє, гонтє байдзаг вєййынц хорєй, мє руаджы куыройы фыдтє зилынц дымгєйє, донєй, тєфєй. Адон иууыл- дєр ды дєхєдєг дєр зоныс, уымєн ємє дєхи хєстєг ласаг дє куырєйттєм, къєбицтєм, хуымтєм: пайда дын дзы тєдзы. Фєлє уєддєр афтє куы зєгъон, мєнєй тыхджындєр нал ис, уєд мын раст нє уыдзєн, хъуыды кєнын чи уарзы, уыдоны зєрдємє мын нє бацєудзєн, фєхуддзысты мыл. Єз та уарзын рєстєй цєрын, мєхицєн аргъ кєнын, уымєн ємє цєрын фєразын мєхи фєллойє, искє- мєн лєгъстє нє бакєндзынєн, уымєн ємє искєй фєллоймє не ’нхъєлмє кєсын. — Ау, уєдє ма чи уыдзєн, дєуыл ма чи фєуєлахиз уа тыхєй? — Байхъус мєм єнувыддєр, єгєр дє куы стыхсын кєнон мє ныхасєй, уымєй дєр тєрсын. — Дє хорзєхєй, дзургє, єхсызгон мын у дєумє хъусын. Ды фыдєлтыккон дє, бирє федтай, фыдєй дєр, хорзєй дєр. Дє зондєй кєд исты райсин єз дєр. — Уєдє дын єз радзырдтон мє тыхы уацхъуыд. Дарддєр мє ныхасы сєр уыдзєн, куыд єдых дєн, ууыл. Ємє мыл баифтындзынц аст къобор галы. Къорд вєййынц хуымгєнєг адєм: сєрыл хєцєг, галдєрджытє, гутон єхсєдєг, гутон дарєг. Гутоны къухтыл хєцєг вєййы адємєн сє арєхстджындєр. Ахєцынц галтє, зєхх фєлдахын байдайынц, зєххы бинаг фєлтєрєн хур фенын кєнын. Фєлє мыл зын сахат скєны. Зєрєстоны, хєтєлы куы фєцєйцєуын, уєд хє- тєлтє мє хъуыры фєбадынц ємє ауєдзєй фесхъиуын, дзомсєй єхсєдєг, гутон дарєджы бон дєр ницыуал вєййы. Уый дын уый. На ’мє нєуу фєлдахын, ауєдзтє 34
рєсугъд фєрсєй-фєрстєм иу мады фырттау хуыссынц уєлгоммє. Цєуын, цєуын ємє кєрдєджы уидаг, гєрзєхсєн мє размє фєци, уєд єваст фєлєууын: мє бон нал вєййы азмєлын. Мєнєй тыхджындєр куы нє уаид, уєд мє кєрдєджы уидаг нє уромид. Мадєл мыст афардєг гутонєй. — Цалынмє, тыхджын кєй хонынц, уыдон бамбарай, уыдонимє сємбєлай, уалынмє ничи базондзєн, алчидєр йєхєдєг цєй бєрц хъаруджын, цєй бєрц тыхджын у, — сагъєсыл фєци мыст. — Уый хєйрєг та чи уыди, уый та чи єнхъєлдта, ємє єппєтєй тыхджындєр єз мєхєдєг разынон. Хур тыхджын, хурєй тыхджындєр мигъ. Мигъ тыхджын, мигъєй тых- джындєр дымгє. Дымгє тыхджын, дымгєйє тыхджындєр гал. Гал тыхджын, галєй тыхджындєр гутон. Гутон тыхджын, гутонєй тыхджындєр уидаг, кєрдєд- жы уидаг. Афтємєйты, афтємєйты иууыл тыхджын єз мєхєдєг разындтєн. Ємє куыннє! Уидаг, тыхджындєрєн кєй зонынц єгас дунейы, уый єз мє цыргъ дєндєгтєй адзєнгєл ласын. Ємє тыхджын агурєг нал фєхатти мыст, фєлє баздєхт ємє йє иунєгєн сєхи мыггагєй мыстыты рєсугъддєр, хєрзєфсармдєр, хъаруджындєр чызджы йє иунєг фыртєн усєн єрхаста. Уыди сєрдыгон ирд єхсєв; мєй йє цалхыдзаг, афтємєй єрттывта арвы бє- рєг астєуєй; стъалытє цєхєртє калдтой. Єрфєныфєд дыуує дихы фєкодта арв. Фисьшмєцєуджытє уыцы сырд кодтой сє туджджын Хъазантемыры. Раст гъе уыцы єхсєв мадєл мыст чындзєхсєв сарєзта. Хорз фєминас кодтой хистєрєй, кєстє- рєй. Уый фєстє лєгъз мусмє рацыдысты ємє хъазт сарєзтой. Симды зиллаччы астєу иу зараг мыст уыди симд амонєг. Амыдта зєронд Гайсыны зарєг. Чи зоны, ємє уыцы симды сымахєй дєр исчи сємбєлдаид. Радзырдта йє Хъуылаты Бимболат Науийы фырт. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємы таурєгътє, каоджытє ємє аргъєут- тє»у цыппєрєм хай, Дзєуджыхъєу, 1930 аз, ф. 123—129. ЗЄРИН МУЛДЗУГ ЄМА МИСТЄ Зєрин мулдзуг єма мистє еумє цардєнцє; еу кєми адтєй, уоми 6а касє фунхтонцє єма уотє зєгъунцє: — Каси билтєбєл ракафєн, — зєгъгє. Зєрин мулдзуг дзоруй мистємє: — Ду ракафє, — зєгъгє. Мистє єркафта, уєдта зєрин мулдзуг дєр кафгє кодта єма ниххаудтєй каси аги. Мистє ниддодой кодта. Уєд имє дзоруй бєласє: — Мистє, цєбєл додой кєнис? Єз уобєл додой кєнун, єма зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Бєласєн дєр є цонг єрхаудтєй. Халон дзоруй бєласємє: — Цєбєл базур саст кєнис, бєласє? — Єз уобєл базур саст кєнун, мистє уобєл додой кєнуй, єма зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Халонєн дєр бабєй є базур єрхаудтєй. Зєнхє дзоруй халонмє: 35
— Цєбєл базур саст кєнис, халон? — Єз уобєл базур саст, бєласє уобєл цонг саст, мистє уобєл еу додой — зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Зєнхє дєр фескъудтєй. Дзоруй зєнхємє дор: — Цєбєл єскъудтє кєнис, зєнхє? — Єз уобєл єскъудтє, халон уобєл базур саст, бєласє уобєл цонг саст, мистє уобєл еу додой — зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Дорєн дєр е ’рдєг расастєй. Уєд согдзаутє дзорунцє дормє: — Цєбєл єрдєг саст кєнис, дор? — Єз уобєл єрдєг саст, зєнхє уобєл скъудтє, бєласє уобєл цонг саст, халон уобєл базур саст, мистє уобєл еу додой — зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Согдзаутєн дєр сє фєрєттє фєххаудтєнцє. Дондзаутє дзорунцє согдзаутємє: — Цєбєл фєрєтхаудт айтє? — Мах уобєл фєрєтхаудт ан, дор уобєл єрдєг саст, зєнхє уобєл скъудтє, бєласє уобєл цонгсаст, халон уобєл базурсаст, мистє уобєл еу додой — зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Дондзаутє дєр сє кусиндтє фєууагътонцє. Дон сємє дзоруй: — Цєбєл кусинсидзтє? — Мах уобєл кусисидзтє, согдзаутє уобєл фєрєтсидзтє, до уобєл єрдєг саст, зєнхє уобєл єскъудтє, бєласє уобєл цонгсаст, халон уобєл базурсаст, мистє уобєл еу-додой — зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Дон дєр ниццєхъал-мухъул кодта. Хорбадєни уоститє дзорунцє: — Дон, цєбєл цєхъал-мухъ^мт? — Єз уобєл цєхъал-мухъул, Дондза}^тє уобєл кусинсидзтє, Согдзаутє уобєл фєрєтсидзтє, Дор уобєл єрдєг саст, Зєнхє уобєл скъудтє, Бєласє уобєл цонгсаст, Халон уобєл базурсаст, Мистє уобєл еу-додой — Зєрин мулдзуг каси аги ниххаудтєй. Уєхєн устур фудтє фєййидтонцє зєрин мулдзуги фєдбєл. Радзырдта йє Хъиргъуты Тасо, 1902 аз, Уєхъєц. Ныффыста йє Тола- сты Георги. ЦИГСИИйы архив, фолъклор №17, папкє 9, ф. 54—55. СЫСТЄМЄ ЄХСЄНКЪ Раджыма-раджы сыст ємє єхсєнкъ уыди, афтємєй балцы фєцєйцыдысты; иу ран сє доны уайын хъуыди ємє єхсєнкъ афтє зєгъы: — Цєй ємє ацы доны сєрты агєпп кєнєм. 36
Сыст загъта: — Цєй. Єхсєнкъ агєпп кодта ємє фаллаг фарс фєци, сыст та доны ныххаудта. Єхсєнкъ рауад ємє хуымє суад ємє йын загъта: — Хуы, хъис ратт, єз мє цєдисємбалы сласон. Хуы загъта: — Уєдє мын гуыркъо єрхєсс. Тулдзмє ацыд ємє йын загъта: — Тулдз, гуыркъо ратт: гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдис- ємбалы сласон. Тулдз загъта: — Уєдє мын хъыргъы мє бын мауал сафєд. Хъыргъымє ацыди: — Хъыргъы, тулдзы бын мауал саф, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдисємбалы сласон. Хъыргъы загъта: — Уєдє мын айк ратт. Каркмє ацыди. — Карк, айк ратт айк хъыргъы ахєра, хъыргъы тулдзы бын мауал сафа, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдисємбалы сласон. — Карк загъта: — Уєдє мыст къуту мауал гєрдєд. Мыстмє бацыди ємє йын загъта: — Мыст, къуту мауал гєрд: къуту карк байгєрда, карк айк радта, айк хъыр- гъы ахєра, хъыргъы тулдзы бын мауал сафа, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдисємбалы сласон. Мыст загъта: — Уєдє мє гєды мауал ахсєд. Гєдымє бацыди ємє йын загъта: — Гєды, мыст мауал ахс: мыст къуту мауал гєрда, къуту карк байгєрда, карк айк радта, айк хъыргъы ахєра, хъыргъы тулдзы бын мауал сафа, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдисємбалы сласон. Гєды загъта: — Уєдє мын єхсыр єрхєсс! Хъугмє бацыди. — Хъуг, єхсыр ратт: єхсыр гєды астєра, гєды мыст мауал ахса, мыст къуту мауал гєрда, къуту карк гєрда, карк айк радта, айк хъыргъы ахєра, хъыргъы тулдзы бын мауал сафа, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахєра, хуы хъис радта, єз мє цєдисємбалы сласон. Хъуг єхсыр радта, єхсыр гєды астєрдта, гєды мыст нал ахста, мыст къуту нал гєрста, къуту карк байгєрста, карк айк радта, айк хъыргъы ахордта, хъыр- гъы тулдзы бын нал сєфта, тулдз гуыркъо радта, гуыркъо хуы ахордта, хуы хъис радта, єхсєнкъ йє цєдисємбалы сласта. Абон дєр ма цєрынц. «Осетинские тексты», собранные Дан. Чонкадзе и Вас. Цораевым. Из- дал академик А. Шифнер. Санкт-Петербург. 1868, с. 61—63. 37
ЦЪЕУ ЄМА СИНДЗЄ (Дуйней фєдес) Цъеу синдзєбєл бабадтєй, Синдзє є къахи фєннихстєй. Цъеу синдзємє дзоруй: — Ци кєнис, ци, синдзє?! Синдзє имє дзоруй: — Дзабур дин хуйун. Уалинмє ибєл цъеу ралидта. Синдзє имє дзоруй: — Ци кєнис, ци, цъеу?! — Зеууон цєлє дин кєнун. Цъеу хъєзємє дзоруй: — У-ут, хъєзє, мє сидзє мин расєрфє. Хъєзє: — Уо, дєу єсмаг сидзи сагъєс кємє ес. Цъеу: — У-ут, сєгъє, хъєзи рахуєрє. Сєгъє: — У-о, мєнє заманай цъєх кєрдєгєй Туппурєй мєлуы, єма мємє дєу Єсмаг хъєзи мєтє ес. Цъеу: — Уут, берєгъ, сєгъи рахуєрє! Берєгъ: — У-уо, мєнє заманай нард фусти Думгутє мє рази кєлдтитєй лєуунцє, єма Мємє дєу мєллєг сєгъи сагъєс ес. Цъеу: — Фєдес, гъєу! Мєнє берєгъи рамарє! Гъєу: — У-уо, мєнє ма нємє еунєг фат ес, ’Ма уой 6а берєгъбєл ку фесафидє гъєу... Цъеу: — Зинг, гъєуи басодзє! Зинг: — У-уо, мєнє ми еунєг єртхотуг Єрттевуй, єма уой 6а уобєл ку фесафинє... Цъеу: — У-ут, дон! Зинги ниххуссун кєнє. Дон: — У-уо, ци минкъий хупп ма ми ес, Уой 6а ма зингбєл ку байсафинє. Цъеу: — У-ут, гал, мєнє а дони исниуазє. Гал: — Ууо, мєнє заманай зургє сауєдонєй 38
Єфсесєй мєлун, нур ба ма дєу цъимара Дон дєр ку баниуазинє... Єндєр мєтє дєр мє нєййес. Цъеу: — У-ут, уес, гали фєннємє. Уес: — У-уо, мєнє ма мє къотєри еунєг къолдзах Йес, єма уой ба галбєл ку басєттинє. Цъеу: — У-ут, кард, уеси є бунтєй искєрдє. Кард: — У-уо, єз ма туххєй исциргъ дєн, нур 6а Дин уесбєл мєхе к^’ искъумух кєнинє. Цъеу: — У-ут, мистє! Мєнє дин кард, — єма ’й фєлласє. Мистє: — У-уо, кард мин мє коми къолтє нєма исигарста!.. Цъеу: — Уу-ут, тикис! Мєнє мистє... Райахєссє. Тикис: — Бєргє ’й райахєссинє. Кєми ’й, єз ба ’й рахуєрон? Тикис — мистємє; Мистє — кардмє; Кард — уесмє; Уес — галмє; Гал — донмє; Дон — зингмє; Зинг — гъєумє; Гъєу — берєгъмє; Берєгъ — сєгъємє; Сєгъє — хъєзємє; Уалинмє хъєзє цъеуи сидзє расєрфта. Цъеу є зартєй низзардта. Ныффыста йє Тєкъоты. Хъазыбег, 14 мартъи, 1928 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 163—6, папкє 50. ф. 2—6. ХУР ЄМЄ ХЄФС Раджы кєддєр хурєн йє лєппу амарди, ємє йє тынтє бамбєхста ємє зєхмє хуры цъыртт нал уагъта. Иу бон хєфс йєхи рабєлццон кодта ємє хурмє сфардєг ис. Балєууыди йєм, ємє йын зєрдєтє євєры: — О хур, афтє ’нхъєлыс, ємє дєуыл чи єрцыд, уый никєуыл єрцыд? Нє зоныс, адєм иууылдєр гуыргє ємє мєлгє сты. Ды уєд дє фырты фєстє дє зєрдємє куыд ныккастє, зєхмє иу хуры цъыртт дєр куыд ыє уал уадзыс! Уагєр дын мє лєппуйы хуызєн куы уыдаид, хъоппєгцєст, йє цыппар къабазєй дєр 39
денджызы алырдєм ленк чи кєны, уєд, євєццєгєн, ємє йє фєстє дєхи єгас нал ныууагътаис. Уєд хур фєхудти, ємє йын афтє зєгъы: — Кєд мє лєппу уый хуызєн дєр нє уыди, уєд єцєг дзєгъєлы куы мардтон мєхи хъизємарєй абоны онг, — ємє та уєдєй фєстємє кєсын байдыдта. Ныффыста йє Цомайты Харлампи, 1926 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор , 47—16, папкє 24. ф. 205. ДЫМГЄ ЄМЄ ЗЫГУЫМДОН Иу бон куы уыди, уєд дымгє єгас хъєубєсты арвистон скодта: хєдзєртты ємє сарайы сєртє фєхаста, бєлєсты къалиутє фєсаста. Иудзырдєй, кєм цы ардта, уыдон иууылдєр йє разєй сырдта. Мусы Зыгуымдон-иу аууоны къуымы нынныгъуылд, йє дуєрдтє фидар єхгєдєй. Дымгємє хардзау єркаст, ай ма єнєхъєнєй куыд ныууадзон, зєгъгє, ємє йыл футтытєгєнгєйє йє алыфарс зилахар кєны, фєлє йын уєддєр ницы фєра- зы. Фєстагмє йєм дзуры: — Дє дуар байгом кєн, Зыгуымдон, ємє дєм єз хъємпы муртє бакалон. — Мєхи муртє мын куы уадзис, — загъта Зыгуымдон, — уєд мє дє хъємпы муртє бєргє ницємєн хъєуынц, уымєн ємє искєй фєллойє мулк кєнєн нєй. Ныффыста йє Цомайты Харлампи, 1926 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47—16, папкє 24, ф. 224.
АШМЛГОАГ ммълшш ЄВДСЄРОН УРС УЄЙЫДЖЫ ЄМЄ ЗАРИАГ КАЛМЫ АРГЬАУ ыдис зєронд лєг ємє ус. Уыдонєн уыдис єртє фырты. Уєд, сє єртє фыртєй хистєр чи уыд, уый загъта: — Єз цєуын фєсхохмє: урс уєйыг дзы ис, ємє уый куы нє ама- рон, уєд єй нє ныууадздзынєн. Уєд цєуын райдыдта ємє фєхєццє и хуыгєсмє. — Єгас цу! — Хорз цєр! — Кєдєм цєуыс? — Фєсхохмє. Урс уєйыг дзы ис, ємє уый куынє амарон, уєд єй нє ныу- уадздзынєн. — Уєдє ацу ємє дєхицєн фєндаггаг дєр єрцахс. Ацы хуытєй хуыздєр чи у, уый єрцахс! Хуытєй євзєрдєр чи уыдис, уый єрцахста ємє йє аргєвста ємє бахордта. Фыййаумє бацыдис ємє йын загъта: — Дє бон хорз! — Хорз цєр! — Кєдєм цєуыс? — Фєсхох урс уєйыг ис, ємє уый куынє амарон, уєд єй нє ныууадз- дзынєн. Уый йын загъта: 41 ¦ ГгтТггтгпТТтмГГП
— Ацу ємє фыстєй хуыздєр чи у, уый єрцахс ємє йє аргєвд ємє бахєр. Уый ацыдис, ємє фыстєй євзєрдєр чи уыдис, уый єрцахста ємє йє аргєвста ємє бахордта. Уырдыгєй та ацыд ємє галгєсмє бацыди. Галгєс дєр ын загъта: — Уєдє дє цы хъєуы, уый ахєсс! Уєд бацыд бєхгєсмє. Бєхгєс ын загъта: — Дє бон хорз! Кєдєм цєуыс? — Фєсхохмє: урс уєйыг дзы ис ємє уый куынє амарон, уєд єй нє ныууадз- дзынєн. Бєхгєс ын загъта: — Ацу уєдє, ємє, бєхтєй хуыздєр чи у, уый єрцахс, ємє йыл ацу. Уый ацыд ємє, бєхтєй євзєрдєр чи уыд, уый єрцахста ємє йыл ацыди. Цєуын байдыдта ємє ныххєццє иу доны былмє. Уєд єм уєйыджы чызг ракасти ємє йє федта. Бауадис йє фыдмє ємє йын загъта: — Мє фыд, тыхгєнєг нєм єрбацєуы. Уєйыг ын загъта: — Кєс єм, ємє кєд донєн йє бєзджынты єрбацєуа, уєд єцєг тыхгєнєг у; кєд йє тєнєджы єрбацєуа, уєд мын — иу комдзаг. Уый уалынджы бацыдис. Чызг кастис ємє донєн йє тєнєджы єрбаскъєрдта. Уєд чызг фєстємє йє фыдмє бауадис ємє йын загъта: — Донєн йє тєнєджы єрбаскъєрдта. — Ныр та йєм уєладзыгєй ныппар ставд єлхуый ємє куыройы фыдєй уєдєрт- тытє ємє йын зєгъ: «Уазєг, уыдон ма мын сєппар». Кєд сє сєппара, уєд єцєгдєр тыхгєнєг у. Чызг йе ’лхуый ємє йє уєдєрттытє ныппєрста ємє йын загъта: — Уазєг, уыдон ма мєм сєппар! Уый йє бєхєй рахызт ємє сє не сфєрєзта. Уєд та чызг йє фыдмє бауади ємє йын загъта: — Нє сє сфєрєзта. Уалынджы тыхгєнєг ыссыди хєдзармє ємє уєйытимє кєрєдзийєн єгас цєуайтє фєкодтой. Уєд сєхицєн єхсєвєр скодтой саджыфыд ємє йє уєйыг бафарста: — Уєнггай хєрыс єви комдзаггай? Уый загъта: — Комдзаггай, мєнєн уєнггай хєрын цы Хуыцау дєтты?! Уєнггай хєрын мє бон нєу. Уєд хєрын райдыдтой, ємє уєйыг уєнггай хєры, уый та комдзаггай. Уєйыг стджытє уазєджы риуыл цєвы. Єхсєвєр хєрд куы фесты, уєд єй уєйыг бафарста: — Пылыстєг сынтєгыл хуыссыс єви бєхы кєвдєсы? Уый загъта: — Бєхы кєвдєсы, мєнєн та пылыстєг сынтєг цы Хуыцау дєтты?! Уєйыг дєр пылыстєг сынтєгыл схуыссыд, уый та бєхы кєвдєсы. Уєд ує- йыг райсом раджы сыстад ємє йє усєн зєгъы: — Стонджы мын у! Уый йын загъта: 42
— Уєртє бєхы кєвдєсы иу айк ємє уый бахєр! Уєд єм уєйыг бацыд ємє йє бахордта уазєджы. Уый фєстє астєуккаг єфсымєрыл дєр уый хъуыддєгтє єрцыдысты. Уєд сє кєстєр єфсымєр фат ємє ’рдынєй хъазынхъом куы фєци, уєд фехста ємє къулбадєг усы чызджы фєцєф кодта. Ємє йын къулбадєг ус загъта: — Кєд ахєм хорз лєппу рацыдтє, уєд де ’фсымєрты туг райс! Лєппумє тынг худинаг фєкасти, єрцыдис сє хєдзармє ємє йє мадєн загъта: — Мє мад, фєндаггєгтє мын скєн! Єз ме ’фсымєрты агурєг цєуын. Уєд цєуын райдыдта ємє фыййєуттыл ємє хъомгєстыл уый дєр афтє фембєлди, єрмєст-иу уый иууылдєр хуыздєртє равзєрста йєхицєн. Бєхгєсмє єрцыд, єрцахста йын йє бєхты хуыздєр ємє йыл сбадти. Ныххєццє та уый дєр доны былмє, ємє йє уєйыджы чызг федта ємє та йє фыдєн загъта: — Ахєм барєг нєм єрбацєуы ємє єцєгдєр тыхгєнєджы хуызєн у. Уєйыг та загъта: — Кєс єм, ємє кєд донєн йє бєзджынты єрбацєуа, уєд єцєгдєр тыхгє- нєг у, кєд ємє йын йє тєнєджы єрбацєуа, уєд та йє бахєрдзынєн. Чызг єм касти ємє донєн йє бєзджынты єрбаскъєрдта. Чызг йє фыдєн загъта:^ — Йє бєзджынты єрбаскъєрдта. Ємє та йын ноджыдєр загъта фыд: — Стыр єлхуый ємє де стыр уєдєрттытє ныппар. Кєд уыдон сфєраза, уєд єцєгдєр тыхгєнєг у. Уый сє ныппєрста ємє йын загъта: — Уазєг, уыдои ма мын сєппар! Уый уєлбєхєй февнєлдта ємє сє сыхста, ємє хєдзары къул бакалд. Уєд хєдзармє ссыдис ємє уєйыгимє єгас цєуайтє фєкодтой кєрєдзийєн, єхсєвєр сфыхтой, ємє йє уєйыг бафарста: — Уєнггай хєрыс єви комдзаггай? Уый загъта: — Уєнггай, комдзаггай чи бахєра, уый дын нє дєн! Уазєг уєнггай хєры, уєйыг та комдзаггай. Уазєг йе стджытє уєйыджы риуыл цєвы. Стєй та йє уєйыг бафарста: — Пылыстєг сынтєгыл хуыссыс єви кєвдєсы? Уый загъта: — Єз дын, бєхы кєвдєсы чи схуысса, уый нє дєн! Пылыстєг сынтєгыл схуыссыди, уєйыг бєхы кєвдєсы схуыссыди. Уєд єхсєвы лєппу зыдта, уєйыг єй маргє кєндзєн, уый, ємє хуыссєны хъєццулы бын къуыдыр бакодта, йєхєдєг та сынтєджы бын схуыссыд. Афтємєй уєйыг, єхсє- вы лєппу куы бафынєй, уєд бацыд ємє хуыссєн фєрєтєй къуыхтє кєнын байдыдта. Уєйыг афтє єнхъєлдта, лєппу уым хуыссы, ємє къуыдыр ныкъ- къуыхтє кодта. Райсомы уєйыг сыстад ємє афтє ’нхъєлдта: «Ныр мард уыдзєн ємє йє бахєрон». Уєйыг куы єрбацыд, уєд ын лєппу загъта: — Цєй чъизи хуыссєнтє дын и? Дысои-бонмє мє єхсєнчъытє бахордтой. Уєд уєйыг фєтарсти ємє загъта йєхииымєры: «Уыцы фєрєты цєфтє єхсєнчъы хєрд чи хоны, уый єцєгдєр тыхгєнєг у». 43
Уєд лєппу дєр сыстади ємє аходєн бахордта ємє загъта уєйыгєн: — Ме ’фсымєртє кєм сты? Уєйыг загъта: — Нє зонын. Уый та загъта: — Тагъд, куыд мын сє ссарай, афтє. Ємє райдыдта уєйыгимє хєцын; ємбисбонєй ємбисєхсєвмє фєхєцыдыс- ты. Афтємєй уєйыджы рабырста. Уєд дын уєйыг загъта: — Де ’фсымєрты дын бахордтон ємє дын сє фєомдзынєн. — Нєй, исчи мын сє дє омдзєгєйдзаг хондзєн. Ємє ракъєртт кодта уєйыгєн йє гуыбын ємє уырдыгєй радыгай йе ’фсы- мєрты райста ємє йын йе ’хсєз сєры ралыг кодта уєйыгєн, євдєм сєр ныу- уагъта ємє йе ’фсымєрты ракодта йемє. Уєд йе ’фсымєртєм худинаг єркасти ємє сфєнд кодтой: «Амарєм єй исты фєндєй!» Быдыры тынг арф уєрм скъахтой ємє йє уєлейє кєрдєджытєй бамбєрз- той. Уєд уыцы ран уыдис балир євєрд ємє йын загътой: — Дє бєх ма, гъе, ауылты агєпп кєнын кєн. Кєд хорз дє! Уєд уый йє бєх баскъєрдта ємє йын уєрмы ныххаудта. Уыдон ыл уєлейє сыджыт ємє дур ныккалдтой. Уый уєд йєхимидєг скуывта: — Цы Хуыцау мє рафєлдыста, уыцы Хуыцау, кєнє авд дєлзєххы цємєй фєуон, кєнє авд уєлзєххы, уый мын бакє! Уый авд дєлзєххы ныххаудта ємє цєуын байдыдта. Бацыдис иу хєдзармє ємє уым єрфысым кодта. Уєд ын кєрдзынтє кодтой ємє сєм дон нє уыдис. Афтємєй ссадыл ту кодтой ємє йє афтємєй змєстой. Уєд уый бафарста: — Цємєн афтє кєнут, туйє кєрдзын куыд кєнут?! Уыдон ын загътой: — Нє доны зариаг калм бады ємє нын уый дон хєссын нє уадзы. Афтємєй та йын алы мєй дєр чызг-хъалон фидєм, ємє йє бахєры чызджы. Уєд уый йє къухы фондз ведрайы ахаста ємє дон єрбахаста, ємє йын зариаг калм загъта: — Уый дын уазєджы хатыр, єндєр хатг ма дє кєд фенон, уєд дє бахєрдзьшєн. Уый йын загъта: — Хорз, фендзыстєм! Уєд уыцы лєппуйыл адєм дис кодтой: — Куыд уєндыс дон хєссын?! Уыцы хъєуєн та хъалон хъуамє бафыстаид паддзахы чызг, йє хал схаудта, ємє йє рацєйкодтой: хъуамє йє калм бєхєра. Уєд та лєппу бафарста: — Кєдєм єй кєнут ацы чызджы? Уыдон загътой: — Зариаг калмєн. Уый загъта: — Єз дєр цєуын ацы чызгимє. Уыдон ын загътой: — Дєхи куыд бахъахъхъєнай, афтє, кєннод дєу дєр бахєрдзєнис. Уый загъта: 44
— Мє мєт ма кєнут! Афтємєй ацыдысты чызг ємє лєппу доны былмє. Лєппу уым бафынєй. Чызг ын загъта: — Тынг дымгє куы кєна, уєд-иу уый зон, ємє єрбацєуы! Уєд райдыдта тынг дымгє кєнын, ємє лєппу нє хъал кєны. Уєд чызг ныккуыдта ємє загъта: — Мєнєн ме ’намонд єрцыдис, фєлє ацы лєппу та цємєн єрбацыд? Уый дєр бахєрдзєн калм! Уєд чызджы цєстысыг лєппуйыл єрхаудта, ємє лєппу фехъал и. Уєд ын чызг загъта: — Єрбацєуы зариаг калм! Лєппу чызгєн загъта: — Ацу ды фєстєдєр, ємє дєм куы дзура, уєд-иу єм ма ’рбацу! Ємє уый дєумє куы цєуа, уєд єй єз амардзынєн. Афтємєй йєм єрбацыдис ємє йєм дзуры: — Рацу, бахєрон дє! Уєд єм чызг нє цыдис, ємє калм сур зєхмє єрбабырыдис, ємє йє лєппу кардєй ныццавта ємє йын йє астєуккаг сєр алыг кодта. Гъестєй йє райдыдта лыг кєнын ємє йє дыууадєс сардзины самадта. Уєд ын хъєу ємє паддзах загътой: — Цы дє хъєуы, уый дын балєвар кєндзыстєм. Уый загъта: — Мєн лєвар нє хъєуы, фєлє кєд ує бон бауыдзєн, уєд мє авд уєлзєххы фєкєнут! Уыдон арвыстой стыр цєргєсмє, ємє уыцы стыр цєргєс єртахтис, ємє йє цєргєсыл сбадын кодтой. Иу галы мард ын йемє нывєрдтой. Уєд цєргєс загъта лєппуйєн: — Куы-иу схъуахъ кєнон, уєд мын-иу уыцы галы мардєй мє дзыхы атъысс. Тєхын байдыдтой ємє фєтахтысты, цєргєс фєхъуахъхъ кодта, ємє йын галы агъд йє дзыхы атъыста. Афтємєй иукъорд хєттыты хєрд фєци галы мард. Уєд єм ницыуал уыд хєринаг, ємє та цєргєс фєхъуахъхъ кодта. Уый йє зєнджы хєцъєф єрбалыг кодта ємє йє цєргєсы дзыхы авєрдта. Ємє уый цєргєс нє бахордта, йє дзыхы йє бамбєхста. Уєд стахти уєлзєхмє ємє йє уым єрєвєрдта, ємє лєппуимє кєрєдзийєн хєрзбонтє загътой. Уєд лєппу араст йє фєндагыл, ємє йын цєргєс загъта: — Цємєн къуылых цєуыс? Уый йын загъта: — Ма мын тєрс уымєй! Цєргєс фєстємє єрбаздєхта лєппуйы ємє йын загъта: — Цєй тыххєй къуылых цєуыс? Уый загъта: — Фєстаг хатт куы фєхъуахъхъ кодтай, уєд мєм ницыуал уыдис, ємє мє зєнгєй єрбалыг кодтон ємє дын уый радтон. Цєргєс єм фєдзырдта. Уый фєстє цєргєс йє дзыхєй фелвєста лєппуйы зєнджы фыдтє ємє йын сє фєстємє аныхєста. Лєппу єрцыдис йє хєдзармє ємє радзырдта йє мад ємє йє фыдєн йє хабєрттє иууылдєр. Ємє йе ’фсымєртє загътой: — Мах дє уынгє дєр нє фєкодтам. 45
Уый загъта: — Уєдє кєд єз раст нє дєн, уєд єз ацы єрдынєй фехсдзынєн ємє скув- дзынєн Хуыцаумє ємє зєгъдзынєн: «Хуыцау, кєд єз раст нє дзурын, уєд ацы єрдыны фат уєлємє иуєй ссєуєд ємє уєд мє сєры ныссєдзєд; кєд ємє єз раст зєгъын — дыууєйє єрцєуєд ємє ує дыууєйы сєрты ныссєдзєд!» Фехста ємє, уєлємє иуєй ссыд, фєстємє дыууєйє єрцыд ємє йе ’фсы- мєрты сєрты ныссагъди, афтємєй амардысты. Тыхгєнєг лєппу ныр дєр ма цєры, хєры ємє нуазы. Радзырдта йє Дзукайты Захар. ВШеп с!ег оззеИзсЫп УоИгзсИсЫипд. СезаттеИ ййегзеЬгЬ ипа* тй. Аттегкипдеп егЫиЬеН уоп Эг. Вегпкагй Мипкасзг. ВийарезЬу 1932, ф. 12—36. ФОСЫ ФЄЛВЄРАЙЫ ФЫРТ ДЗУДЗУМАР Фосы Фєлвєрайєн уыди гыццыл лєппу Дзудзумар. Ємє йын-иу фыстє ах- сын нє куымдтой, ємє йын-иу цъєх фысы єнє дыгъдєй ныууагътой. Уасхойы бєрзєндтыл-иу ривєд кодта алы бон дєр. Иу бон та ривєд кєны Уасхойы бєр- зондыл. Йє єрмахуыр цъєх фысмє ныссидти. Йє къус сисы ємє фысы єрдуцы. Къус куы байдзаг вєййы, уєд Хуыцау фысты фєтєрсын кєны. Къус дєр фєдєл- гоммє вєййы йедзагєй, лєппу дєр сє быны фєвєййы. — Мардєн ує ныццагъдєуа, цы уыл єрцыди иннє бонты хъауджыдєр? Дыккаг сидт єм ныккєны, дыккаг дзаг єй бакєны, хєрзтарст та уєд фєкє- нынц. Йєхєдєг дєр сє быны фєвєййы, къус дєр фєуєлгоммє. — Мардєн ує ныццагъдєуа! Ай бєстыл куы ницы и, арты хуызєн бон куы у. Єртыккаг сидт єм ныккєны. Дзагхъуаг ма йын єй бакєны йє къусы. Хєрз тарст єй уєд фєкєнынц. — Мардєн ує уєдє ныццагъдєуєд. Фєлвєрайы цъєх фос! Хизєнты фєл- мєнты ує куы хизын, ривєддонєн йє уазал сатєджы. Ныр мєнєн хаир нал стут. Хєрын мє куынє уадзут, уєд куыд? Йе ’взист И5’ырдєм цєлвасы, йє пєлєз иннєрдєм цєлвасы. Хъылмайы коммє сє єртєры. Уым сє ныууадзы дзєгъєл. Йєхєдєг тєргай фєлидзы. Хъєугєрон къулбадєг усыл амбєлд. — Кєдєм цєуыс, Фєлвєрайы Дзудзумар, тєргайы хуызєн мєм кєсыс? — Куыннє уон тєргай! Хєрын мє нє уадзынц Фєлвєрайы фос, тєрсынц цємєйдєр. — Фєлєуу-ма, мє хур, цємєй дын тєрсынц, уый дын єз бацамондзынєн. Хурєн авд чызджы уыди, єхсєз дзы залиаг калм бахордта, иу ма йын ис. Уєлє хохы сєр бады, мєсыджы мидєг, хъалондар у залиаг калмєн, дзаумайє хъалон- дар. Тагъд-тагъд хуыйгєйє, йє болат судзин куы стєвд вєййы, куы сзынг вєййы, уєд ын йє къухтє хъыгдарын байдайы ємє йє цъитийы баппары. Уый цъыс- цъысєй тарстысты дє фыстє. Лєппу фєцєхгєр кєиы хохы сєрмє. Мєсыджы алыварс єртє зылды єркє- ны. Хуры чызг — Азаухан-рєсугъд єм фєкомкоммє вєййы. — Дєлє дзєбєх лєппу, ам цы агурыс? Абон залиаг калмєн йе ’рцєуєн у. Ауай иуырдєм, бахєрдзєн дє. — Ницы кєны, дєу чи хєры, уый мєн дєр куы бахєра, уєд. — Ауай, мє хур, ауай, мєн дєр єгуыст ма кєн. 46
— Нє ацєудзынєн. — Уєд та ардєм рацу. — Ємє дєм йе асин куынє и, йе ссєуєн, уєд дєм куыд стєхон? Чызг єм дзуры: — Зєлдаг бєндєн дєм ауадзон єви сєхъис бєндєн? — Єз пєлєз єфцєггот дєн, сєхъис бєндєн мєм рауадз. — Уєлємє дє тыхласт хъєуы, ємє дын дє дєлєрмттє бахєрдзєн, сєхъис бєндєнєн євгъау дє. — Уєдє бар дєу. Зєлдаг бєндєн єм єруадзы, йєхи дзы єрбєтты — йє дєлєрмттє, йє фи- дєрттє. Йєхимє йє сласы. Кєм ма хуыд, кєм ма сынк! Кєрєдзиуыл дєллагхъуыр-уєллагхъуыр кєнынц чызг ємє лєппу. Уалынмє мєсыг йє бындзарєй сєнкъуысы. Лєппу дзуры: — Єнхъєлдєн ємє нє мєсыг кєлы. — Уый гауыр єрєввєхстє и, ємє уый дымгє у, ма тєрс. Дєрддзєф єрлєууы калм мєсыгмє ємє дзуры: — Мє хъалон мын! — Рацу, мєнє дє хъалон цєттє у. — Єнхъєлдєн ємє дє зєххон дзиглойы смаг цєуы? — Дє зєрды мє хєрын ис ємє мє бахєр. Цєуєнты ды куы цєуыс, хєтєнты ды куы тєхыс, бырєнты ды куы бырыс. Єз ардыгєй куы никуыдєм цєуын. Дє зєрды мє хєрын ис, ємє рацу ємє мє бахєр, єндєр мє цы фєрстытє кєныс. Єрбабыры калм мидєгдєр, рудзынгмє, йє хъалон єм кєуылты адєттынц, уырдєм. Лєппу рудзынджы иуфарс, аууоны єрлєууы. Калм йє сєр куыд єрбадары хъалонмє, афтє йын лєппу йє сєр кардєй ныцъцъыкк ласы. Сєр мидєгєй аззайы, иннє уырдыгєй атулы дєлємє, єрхытєм ємє ныххєрх вєййы. Лєппу ємє чызг кєрєдзийы къухтыл ныххєцынц, сє хъєуы сєрмє єрцє- уынц. Єрбадынц уыцы ран. — Цєй ємє ныр афєлгєсєм, дзєбєхдєр кєцырдыгєй у, уым нєхицєн хє- дзар скєнєм. Дзудзумар загъта уєд: — Ие нєм фєрєт куынє и, йе хъєддзаума куынє и. — Уый дє хъуыддаг нєу: цом, быдыры лєгъз мын бацамон ємє мє бар уадз. Єрцєуынц уырдыгєй кєронмє. Хуры чызг Азаухан-рєсугъд йє нымєтын ехс сисы, цыппарырдєм єй рахєссы, дунейєн єбуалгъы галуан дзы фесты. — Йє хуылфмє бацєуынц, нымєтын ехс та рахєссы, пылыстєгєй дзы бан- дєттє, пылыстєгєй дзы сынтєджытє фесты, хуыссєнгарзєй цы ємбєлы, уыдон дєр фестынц сє бынєтты. Єй-мардзє, зєгъгє, дзы дзєбєх цєрын райдыдтой. Царди уыцы хъєуы иу хъєздыг лєг, сєудєджергєнєг. Йє ус єй нал уадзы хъєздыг лєджы: — Нє лєг цєра, Фєлвєрайы Дзудзумаримє єрдхорд скє, нє хєлар куы уаид, уый мє фєнды. Иу бон куы уыди, уєд єй єрхонынц. — Єз ємє ды абонєй фєстємє дыуує єфсымєры, — загъта сєудєджер. Фєминас кодтой, йє хєдзармє сфардєг Фєлвєрайы фырт. Сєудєджеры та йє ус нал уадзы: 47
— Єрхон ма нын єй иу єхсєв ємє-иу зєгъ, йєхи агъуыстыты хуызєн агъуыс- тытє нын скєна. Уєдє ма цємєй хєлар стут? Єрхуыдта та йє. Цєуыныл сси Дзудзумар. — Кєд хєлар стєм, уєд дє агъуыстыты хуызєн агъуыстытє мєнєн дєр куы скєнис. Ницы сдзырдта Дзудзумар ємє ацыди сєхимє. Куы ссыди Дзудзумар сє- химє, уєд єй йє ус фєрсы: — Нє лєг цєра, де ’рдхордмє куы уыдтє, уєд єнкъард цємєн дє? — Куыннє уон, кєд мын кєнын кєны мєнє нєхи агъуыстыты хуызєн. — Ємє уымєн ницы фєнд зоныс? Хъєдєй дєснытєн баххуырс сє дєсны- дєрты, хардз уымєй, хъєды хорзыл ма бацауєрд, уый сє куыд єлхєна, афтє. Райдыдтой кусын. Дунейыл єбуалгъ фесты хъєздыг лєджы агъуыстытє. Дзу- дзумар ємє Хуры чызджы агъуыстытє сє разы нал ахадыдтой. Иу єхсєв та йє єрхонынц, фєминас та кодтой. Цєуыныл та сси сєхимє Дзудзумар. — Гъеныр ма дє агъуыстыты ис пылыстєгєй сынтєджытє, бандєттє, єндєр аив дзауматє. Курын дє, ємє мах агъуысты дєр ахємтє куыд уа, афтє. Ницы та загъта Дзудзумар, сфардєг вєййы сєхимє. — Нє лєг цєра, цєй єнкъардєй та ссыдтє де ’рдхордєй? — Куыннє ссєуон, куыннє: мєнє нєхи агъуысты цы бандєттє ємє сынтє- джытє-йедтє ис, кєд мын аразын кєны ахємтє.^ — Ємє уый тыххєй цємєн хъыг кєныс? Йє агъуыстытє йын чи скодта, уыдонєн ын бєлєгътє скєнын кєн, доны цъыртт сє дєлємє куыннє тєдза, афтє. Бєлєгътє скєнын кодта Дзудзумар сєудєджер лєджы хардзєй. Нозты зы- наргъ-иу балхєнын кодта. — Гъеныр дєлє иу ран пылтє цєуынц фєндагыл. Аласын ын кєны уырдєм уыцы бєлєгътє, уыцы нозтытє бєлєгъты. Пылтє банызтой уыцы карз нозтытє. Кєрєдзимє фесты пылтє, куы срасыг сты, уєд кєрєдзи агуыппытє ласынц. Байдзаг и бєстє пылыстєгєй. Хъєздыг лєг пылыстєг сласы сєхимє, цєй бєрц єй хъєуы, уый бєрц. Єрцєттє кодта бандонєй, сынтєгєй, цы хъєуы — алцы дєр. Сєудєджер скуынєг и. Зєронд хєстыл зилы. Иу єхсєв та йє єрхонынц. Цєуыныл та сси Дзудзумар Фєлвєрайы фырт. Ус йє лєгєн афтє зєгъы: — Гъеныр ма нын мєрдты дзєнєт ис, нєй, уый бєрєг куы рахєссид. Дзудзу- марєн уый куы загътой, уєд араст и ємє сєхимє єрцыди. — Нє лєг цєра, иннє ’хсєвты уєлдай хєрз єнкъардєй ссыдтє ацы єхсєв. — Куыннє уон єнкъард? Кєд мє єрвиты мєрдтєм: дзєнєт, дам, нын ис, уый бєрєг хєссынмє. — Ємє мын уый тыххєй та цы хъыг кєныс? Ацу ємє иу-дыуує цєджджи- наджы фєрсєй-фєрстєм сєвєрын кєн ємє йын сє къамбецы єхсырєй байдзаг кєнын кє. Сє быны сын арт скєнын кєн, куыд рафыцой, афтє. Дзыллє єрєм- бырд уыдзысты уыцы ранмє, дє алыфарс, куыд цєуы, цы цєуы, зєгъгє. Ємє-иу ныхъхъєр лас: «Мєнє хорз адєм, хєрзбон ут, єз ме ’рдхорды тыххєй мєрдтєм цєуын ємє мын мєнг ныхас, Хуыцау, ма рахєссын кєн». Куыддєр гъе уый дє дзыхєй ссєуа, мєнмє фехъуысдзєн дє хъєлєс. Єз мє 48
къухдарєн рафтаудзынєн ємє йє иннєрдєм єрбакєндзынєн. Адємєй афтє, цымє цєджджинаджы ныллиуырдтай, фєлє мє уаты фестдзынє. Єрцєттє йын кєнын кєны Дзудзумар дыуує цєджджинаджы. Амєлттєй ма сєудєджер дыуує цєджджинаджы дзаг ссардта къамбецы єхсыр. Хєдзар мє- гуырмє єрцыд. Цєджджинєгты бын арт бандзарынц. Фыцынц. Дзыллє уым єрємбырд сты. Дзудзумар хъєр кєны: — Мєнє хорз адєм, хєрзбон ут, єз мєрдтєм цєуын ме ’рдхорды тыххєй. Хуыцау мын гєды ныхас ма рахєссын кєнєд. Єртє боны мєм-иу єнхъєлмє кєсут. Йє ус йє къухдарєн рафтауы, иннєрдєм єй бакєны. Дзудзумар йє уаты фестади. Адємєй афтє та цєджджинаджы ныггєпп код- та. Адєм уырдыгєй нал цєуынц, єхсєвєй-бонєй уым бадынц. Єртыккаг бон куы ’рцыди, ус йє къухдарєн рафтыдта ємє йє иннєрдєм бакодта. Дзудзумар цы цєджджинаджы ныггєпп кодта, уым нє, фєлє иннєйы был фестад, цыма уырдыгєй сгєпп кодта, афтє. Сєудєджер ємє йє ус, ємє дзыллє дзурынц: — Цы хабєрттє ис мєрдты? — Єз уын се ’ппєт кєм фєдзурдзынєн, фєлє ацы лєг ємє усы тыххєй ацыдтєн. Стыр диссаг у, адонєн иу дзєнєт ис ємє! Адон мын амы цардєй цы кєнынц, уымєй диссагдєр ницы ис. Лєг ємє ус загътой: — Фєндаг кєуылты и? Адєм дзырд сєхимє айстой: — Уымєй та ма йє цы фєрсут? Нє федтат: иу цєджджинаджы ныххызти ємє иннємєй схызти. Лєг ємє ус фєйнє цєджджинаджы был єрлєууынц, алырдыгєй сєм сє хєстєджытє дзурынц: — Махєн дєр дзєнєт уыдзєн, нє уыдзєн, уымєй нын-иу хабєрттє рахєссут. Лєг ємє ус фєйнє фыцгє цєджджинаджы ныггєппытє ласынц. — Єрєгмє цєуынц, — дзурынц адєм. Куынє ємє куынє зынынц мєрдтєй, уєд сєм фыдистє ауадзынц ємє сын се стджытє сласынц цєджджинєгтєй. Радзырдта йє Сидахъаты Сандро, 26 февралъ, 1924 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 45—1, папкє 21, ф. 46—51. РАСТИ ФЄСТАГ НЕ СЄФУЙ Еу афони цардєй Бєстисєр-тухє єма ин райгурдєй єртє лєхъуєни. Уонєн сє кєстєр хундтєй Дзанболат. Еу къуар анзей фєсте Бєстисєр-тухє рамардєй, єма єртє лєхъуєни байзадєнцє седзєрєй. Сє фидєй уонєн байзадєй берє мулк. Фал сє гъудгєнєг н’ адтєй єма рєхги фесавдєнцє, сє фидє син ци ниууагъта, етє. Еу къуар анзей фєсте єртє лєхъуєни гъазунгъом ку бацєнцє, уєд етє алли бон дєр сє єндурти хєтдзє цудєнцє гъазунмє дони билтємє. Еу кєми адтєй, уоми Дзанболат еунєгєй є єндури хєтдзє рандєй гъазунмє дони билємє. Еци афони еу къєсибадєг уосє къустели хєтдзє рацудєй донмє єма, 4 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 49
къустелє донєй дзагєй ку исиста є рагъмє, уєд єй Дзанболат дєр фехста єнду- рєй єма, є къустелє расєтгєй, дон къєсибадєг уосєн є рагъи никкалдєй. Къє- сибадєг уосє неци сдзурдта, уотемєй рандєй сєхемє єма къустели хєтдзє бабєй раздахтєй фєстємє дон хєссунмє. Дзанболат бабєй єй гъєуай кєнун байдєдта. Къустелє бабєй къєсибадєг уосє донєй дзагєй є рагъмє ку исиста, уєд бабєй єй Дзанболат фехста єндурєй. Єма, къустелє расєтгєй, дон бабєй є рагъи никкалдєй. Къєсибадєг уосє неци сдзурдта, уотемєй бабєй рандєй сєхемє єма нєуєг къустели хєтдзє бабєй раздахтєй фєстємє донмє. Дзанболат бабєй єй єртиккаг хатт дєр фехста єма, бабєй къустелє расєтгєй, дон къєсибадєг уосєн є єфцєкъуати никкалдєй. Къєсибадєг уосє єнє сдзоргє нєбал фєггєдзє кодта єма ин загъта: — Кєд уотє хуарз лєхъуєн дє, уєд дє фидє дин ци бєх ниууагъта, єма дин уой ка фєлласта, уой баагорисє. Дзанболат уоци дзурдтє ку фегъуста, уєд ин раарфє кодта єма ин загъта: — Дє цєрєнбон берє фєууєд, єма дин Хуцау райарфє кєнєд. Єз ба ди уой ку агурдтон. — Єма єнкъардєй рандєй сєхемє. Є мадє уой ку фєууидта єнкъар- дєй, уєд єй тагъдгомау рафарста: — Цєбєл єнкъард дє? Дзанболат ин загъта: — Уєртє Нихаси битдзеутє цєкутє хуардтонцє, єма си єз ба курдтон, єма мин нє равардтонцє. Є мадє ба ин загъта: — Уобєл ма хъурмє кєнє мадта, єз дин нуртєккє хуарєй цєкутє ракєнд- зєнєн. — Єма еци сахатбєл мадє цєкутє кєнун райдєдта. Цєкутє єнхєстдєр нєма ратєвдєнцє, уєд Дзанболат нєбал лєудтєй єма єхе скєуєг кодта. Мадє дєр тагъд-тагъдєй цєкутє кєнун райдєдта, єма минкъи ку рафунх єнцє, уєдта ин, цємєй бал басабур адтайдє, уой туххєй йедуги єрдєг фунх цєкутє систа єма ’ймє дзоруй: — Гъа, мєнє бал едуги ани райсє, єз 6а бал дин иннети дзєбєхдєр рафицон. Дзанболат ба ’ймє дзоруй: — Євєдзи мє минкъийєй дєр едугєй фєххастай, єма атє минкъийєй дєр уомєн байзадтєн? Еци дзурдтє фегъосгєй, мади зєрдє тєнєг кєми нє фєууй, єма тєвдє цєкутє є къохмє сесуй ємє ’ймє сє тагъдгомау дєттуй. — Тагъд хуєцє, мє къохтє мин содзунцє, зєгъгє. Дзанболат дєр фєллєбурдта єма ин тєвдє цєкутє є къохти нилхъивта, єхуєдєг ба ин загъта: — Цалдєнмє баууєндун кєнай, нє фидє нин ести ниууагъта єви нє, Бєсти- сєр-тухє цємєн хундтєй, уалдєнмє дин дє къохтє не суадздзєнєн. Мади бєргє нє фєндадтєй дзорун, фал тєвдє цєкути содзунєн кунєбал фєразта, уєдта ин загъта: — Ує фидє ниууагъта сумахєн берє мулк, кєцитє уин нури уалєнгє хуєрд фєцєнцє. Уєдта ма уин ниууагъта еу бєх. Алли бон дєр байраг ка задєй уохєн. Єма дзєгъєл єскъард уогєй ’ймє ракєсєг н’ адтєй ує фиди рамєлєтєй ар- дємє ба. Єма нур кєми ’й, уомєн ба єз дєр дєуєй уєлдай неци зонун. Уєдта ин Дзанболат дєр є къохтє исуагъта єма ин загъта: — Мадта ди єз ба уой ку агурдтон, нур ба мин исонмє рагъєн рєуєг, хъєс- тєн ба дзєбєх, уєхєн хуаллаг искєнє. Мєнєн сєумєраги єнє уой багорунмє 50
цєуєн нєййес. Уотемєй єй кєдимайдима ’й иссеринє. Єма нин сог ласунмє дєр нє бєздзєнєй? Дуує хестєр єрвади уой ку базудтонцє, уєд сємє гъигє кєми нє фєккас- тєй, сє кєстєр агорунмє ке цудєй, етє ба сєхемє ке изадєнцє, єма ’ймє дзорунцє: — Мах дєуєй хестєртє ан, ду 6а махєн нє кєстєр дє, єма дєубєл цєун не ’мбєлуй, фал махбєл цєун ємбєлуй раздєр. Уєдта кєд махєй неке неци иссера, уєдта ду дєр фєццєудзєнє. Дзанболат 6а син уотє загъта: Нє, мєнбєл ємбєлуй, кєстєр ке дєн, уой туххєн. Уотемєй етє берє фєхъхъаугъа кодтонцє. Кунє федудтонцє, уєдта хєлттє исгєлстонцє, ке куд халє раздєр схауа, уотє раздєр куд фєццєуа, уотє. Исгєл- стонцє хєлттє, єма фитдзаг хестєри халє исуадєй, дуккаг 6а — дуккаг хестєри халє. Єртиккаг ба кєстєри халє. Дуккаг бонмє мадє хуєруйнаг искодта, єма сєумєрагиау хестєр рандєй Хъуми будуртємє бєх агорунмє. Ци фєццудєй, Хуцау зонуй, уєдта ’й Хуцау еу тагємє бахаста єма таги хурфємє бауидта еу бєх. Бєхи фєууингєй, є зєрдє исрохс єй лєхъуєнєн єма ’ймє єхе еци еууадєй рауагъта. Баймєхъєрттєй, єма е 6а, є мадє ин ци хузи бєх байамудта, еци бєх разиндтєй. Баймє цудєй, нийахєста єма ’й сєрфун байдєдта, минкъий ку фєс- сатєгдєр уа, уєдта ’йбєл рабаддзєнєн єма цєудзєнєн нєхемє, зєгъгє. Мин- къий хор ку ракъолє ’й єма бєхєн є зайун афонє ку єрхъєрттєй, уєд бєх єртє зелєни никкодта єма байраг разадєй. Еци афони зєнхи бунєй євдсєрон уєйуг фелвєстєй, є бєх дєр сау, єхуєдєг дєр сау, є хъєппєлттє дєр сау єма байрагмє сау нимєт бадардта єма ’й раскъафта. Лєхъуєн євдсєрон уєйуги куддєр рауидта, уотє ледзунти фєцєй єма єнє бєхєй сє хєдзари бамедєг єй. Сєхемє ку бахъєрттєй, уєд єй фєрсунтє байдєдтонцє, некєми неци иссердтай, зєгъгє, єма син е ба уотє: — Дзєгъєл агурд уи макебал кєнєд. Єз Хъуми будурти кєми нє фєххаттєн, уєхєн рауєн нєбал ниууагътон, єма мєбєл бєх нє, фал цуппєркъахуги номєн тєрхъос дєр некєми фембалдєй. Дуккаг хестєр ба ин зєгъуй: — Цидєр уа, уєддєр мєнєн дєр мє нивє єнє бавзарун нєййес, нур 6а мин, сєумємє мєнєн хуєруйнаг цєттє куд уа, уотє. Мадє бабєй хуєруйнаг исцєттє кодта єма дуккаг бон ба сєумєраги дуккаг хестєр рабадтєй бєхбєл єма е дєр рандєй Хъуми будуртємє бєх агорунмє. Ци фєццудєй, Хуцау зонуй, уєдта бабєй е дєр куддєр-муддєртєй еци тагємє баф- тудєй єма иссердта бєхи. Байфєсмардта, є мади дзурдтємє гєсгє, єма ’й сєр- фунтє байдєдта е дєр. Бєхєн бабєй є зайун афонє ку ’рхъєрттєй, уєд бабєй нигъгъєр кодта, єртє зелєни никкодта єма разадєй байраг. Байраг єнхєст нєма разадєй, уєд зєнхи бунєй фелвєстєй євдсєрон уєйуг: є бєх дєр — бор, єхуєдєг дєр — бор, є дарєс дєр — бор, єма ’ймє бор нимєт бадардта єма ’й раскъафта. Лєхъуєн бабєй — уєйуг ку фєууидта, уєд фєттарстєй єма сєхемє ледзунти фєцєй, бєх ба уоми ниууагъта. Сєхемє ку ’рбахъєрттєй, уєд бабєй уой дєр фєрсун райдєдтонцє: некєми иеци иссердтай, зєгъгє. Фал син е дєр є лугъуздзинадє куд раргом кодтайдє, єма син фитдзаг хестєр куд радзубанди кодта, е дєр уотє радзурдта. Хестєрєн, бєх ке не ’рласта, е ин єхцєуєи кєми нє адтайдє, е дєр уой лєгъузєи ке разиндтєй, уой туххєй. Сє кєстєр єрвадє, Дзанболат, єнкъардєй бадун байдєдта, еу єй уадзуйнаг дєр иєбал адтєнцє а 51
’стуртє кєми неци иссердтонцє, уоми ду дєр неци иссердзєнє, зєгъгє. Фал Дзанболат 6а син загъта: — Цалдєнмє мєхуєдєг фєццєуон єма ’й мєхуєдєг баагорон, уалдєнмє ин ниууадзуни мадзал нєййес. — Уотемєй єхе сєумємє исрєвдзє кодта єма иннє бон 6а сєумєраги бєхбєл рабадтєй єма рандєй агорунмє. Берє фєййагурдта, єма ку некєми неци ирдта, уєдта е дєр бабєй Хъуми будуртємє рафтудєй. Ци фєццудєй, Хуцау зонуй, уєдта е дєр бабєй бафтудєй, бєх кєми адтєй, еци тагємє. Цєун байдєдта таги хурфи єма еу сауєдони билємє бахъєрттєй. Єрхиз- тєй бєхєй єма баниуазта дон, уєдта къєхєни билємє исхизтєй єма гъєуай кєнун байдєдта, кєд ами ескєми ’й, зєгъгє, єма бауидта дони билєбєл еу бєх хезгє. Фєббадтєй бєхбєл єма дзурди сахатбєл уоми бамедєг єй. Ку бахъєрт- тєй, уєдта ’ймє єркєститє кодта єма е 6а, є мадє ин ци бєх бамудта, еци бєх хезуй дони били мурдтгун кєрдєгбєл. Єхе бєхбєл фєсахсєн искодта єма ’й рауагъта мурдтгун кєрдєгбєл хезунмє, єхуєдєг 6а бєхмє бацудєй, ни ’й ахєс- та єма ’й сєрфун байдєдта. Бєхєн бабєй є зайун афонє ку єрхъєрттєй, уєд нигъгъєр кодта єма, єртє зелєни никкєнгєй, байраг разадєй. Еци афони бабєй зєнхи бунєй фелвастєй авдсєрон уєйуг: є бєх дєр уорс, є дарєс дєр уорс, єхуєдєг дєр уорс, єма байрагмє уорс нимєт куддєр бадардта, уотє 6а Дзанбо- лат дєр фєххуєстєй байраги раззаг єрдєгбєл, єма ’й уєйуг дєр єхердємє ивазта, Дзанболат дєр єхердємє. Уотемєй етє берє фєттухтєнцє, уєдта єрєги- дурєги 6а Дзанболат фєхъхъєбєрдєр єй єма и байраг байста, уєйуг 6а фєтгар- стєй єма сєхемє фєллигъдєй ревєдєй. Дзанболат 6а єртє бєхей хєтдзє сєхемє єрцудєй. Бийнонтє Дзанболати сконд фонси ку фєууидтонцє, уєд дуйней сє ций- нєн кєрон нєбал адтєй, фал син Дзанболат загъта: — Мєнєн нури уалдєнгє айдзаг фонс ка фєххуардта, уони єнє багорун нєййес, нур 6а єз сєумєраги цєудзєнєн мєхе рєвдзє кєнунмє єма мин сєу- мємє хуєруйнаг рєвдзє куд уа, уотє. Дуккаг бон куддєр фєцъцъєх єй, уотє Дзанболат рабадтєй бєхбєл єма ран- дєй Курдалєгонмє єхецєн лєдзєг єма кард искєнунмє. Курдалєгонмє ку бахъ- єрттєй, уєд ин радзурдта, цєй туххєй имє исцудєй, уой, єма ин е ба загъта: — Цо, фєццо єма, дууадєс къамбецдзєди ке фєразунцє, уой бєрцє євзалу єрбаласє. Е дєр фєццудєй єма дууадєс къамбецдзєди ке рафєразтонцє, уой бєрцє є еунєг кєстєр єнгулдзєбєл єрбаласта єма дзоруй Курдалєгонмє: — Уєд єфсєйнаг ба? Курдалєгон 6а ин загъта: — Уобєл ма хъурмє кєнє, єфсєйнаг дє цєйбєрцєдєр гъєуа, уой дин єз иссердзєнєн, — єма Дзанболати уєдта кунцдумєнмє бахезун кодта, єхуєдєг 6а фитдзаг лєдзєг кєнун байдєдта. Лєдзєг ку сцєттєй, уєдта Дзанболат фєггєпп кодта єма имє фиццаг єркєститє кодта, уєдта, хонхи єстурдєр дор ка адтєй, уобєл єй ниццавта, єма лєдзєг єртє ємбеси рахаудтєй. Курдалєгон дєр 6а- бєй, Хуцау дин ма бакомєд, зєгъгє, нєуєгєй кєнун байдєдта. Ку исцєттє ’й, уєд бабєй єй Дзанболат хонхи къєдзєхбєл ниццавта єма бабєй дуує ємбеси фєххаудтєй. Курдалєгонєн дєр бабєй ци гєнєн адтєй. Єма нєуєгєй бабєй байдєдта, єма ку исцєттє ’й, уєдта ’й никкидєр бабєй ниццавта хонхи къєд- зєхбєл, єма хонхи къєдзєх сау фунук фестадєй. — Гъе, а мєнєн лєдзєгєн исбєздзєнєй, — зєгъгє, дзоруй Курдалєгонмє. Уєдта бабєй бацудєй єма єхуєдєг кунцє думдта, Курдалєгон 6а єхсаргард 52
кєнун байдєдта. Ку исцєттє ’й, уєдта бабєй Дзанболат фєггєппкодта єма ’й, єркєститєгєнгєй, ниццавта хъєсдаргъбєл, єма єхсаргад дуує єнбеси рахауд- тєй, єма сєститє фєстємє багєлста Курдалєгонмє. Е дєр бабєй сє фєстємє нєуєгєй єндадзун байдєдта, єма ку исцєттє ’й, уєдта ’ймє єхуєдєг багєлста: — Рамємардтай, Хуцау дин ма бакомєд, — зєгъгє. Дзанболат дєр фєггєпп кодта кунцити астєуєй єма ’й, є бон куд адтєй, уотемєй ниццавта хъєсдаргъбєл єма хъєсдаргъ дуує єнбеси рахаудтєй. Курда- лєгонєн Дзанболат єртє хатти зєнхємє ракувта, мєн ка срєвдзє кодта, зєгъгє. Е 6а ин загъта: — Мє хъиамєт дин хєлар Хуцау искєнєд, єма дє зєрди ци гъуддаг єфтуй- уй, уой дєр дин Хуцау бантєсун кєнєд, нур ба фєндараст уо: євєдзи дє цєун дєр фєнддзєнєй, — зєгъгє ин є къох райста. Е дєр ин хуєрзєбонє загъта єма рацудєй сєхемє. Сєхемє ку єрцудєй, уєд е ’рвадєлтєн зєгъуй: Сєумє махєн нє фонс агорунмє єнє цєун нєййес, нур 6а уєхе исрєвдзє кєнтє, райсетє ує хєтдзє дєр хуссєнтє, єма, сєумємє ує ести агорун куд нєбал гъєуа, уєхе уотє искєнтє. Уотемєй, Дзанболат син куд загъта, етє дєр уотє бакодтонцє, єма иннє бон ба єртемєй дєр сєумє раги рабадтєнцє бєхтєбєл єма ранєхстдєрєнцє сє фонс агорунмє. Ци фєццудєнцє надбєл, Хуцау зонуй, уєдта еу тагємє бахъєр- ттєнцє, єма, еу бєласи бунмє єрхизтєй Дзанболат є бєхєй єма сємє дзоруй: — Єрхезетє сумах дєр ує бєхтєй єма мєнє аци фєткъубєласи буни уєхе- цєн бунат искєнтє, а и бонє радзєгєрєг кєнуй, єхсєвє 6а рєзє єгъзєлун байдайуй, єма ин є рєзє уєхецєн хуєруйнагєн даретє, уєхуєдтє 6а мє хе- зетє, аци фєткъу цалдєнмє рєзє дєтта, уалдєнмє; на ’ма бахускъє ’й, уєдта мєнмє мабал єнгъєл кєсетє, єма ує сєрєн ци мадзал ерайтє, уой кєнетє. Уотемєй рабадтєй бєхбєл єма зєнхи бунмє над агорунмє рандєй. Ци бацудєй таги хурфи, уєдта еу рауєн зєнхи бунмє над рауидта єма ниццєфтє кодта є бєх єма зєнхи бунти рандєй. Дуккаг зєнхємє ку нихъхъєрттєй єма еу минкъий ку бацудєй, уєдта гъєуай кєнун байдєдта, кєд ескєми цєргутє фєуу- ининє, зєгъгє, єма идардмє бауидта еу уорс кесена хєдзарє. Уайунтє имє байдєдта, єз уой єнє бабєрєг гєнгє ку ниууадзон, зєгъгє, єма ’ймє ку бахъ- єрттєй, уєдта колдуари размє бацудєй, бєхи идонє бєхгєлдзєнбєл бабаста, єхуєдєг ба дуар бахуаста: — Єна! Кєд ами дє, уєд мин дуар байгон кєнє, — зєгъгє. Єма ин е дєр исистадєй єма ин дуар райгонгєнгєй зєгъуй: — Гъєй! «Єна» ку нє загътайсє, уєд дин бєргє, ци адтайдє, уой адтайдє. Фал гъа! Дє нивє фєффулдєр єй. Еци уосє 6а ка ’й, зєгъгє, ку бафєрсай, уєд е 6а єй, сє фонс син ка фєддавта, уонєй хестєр уєйуги уосє, єма є еу єнсур адтєй уєларв, е ’ннє єнсур 6а — дєларв; исбадгєй 6а є сугъзєринє дзиккотє сугъзєринє цетенємє рауадзидє. Уотемєй куддєр фєммедєг єй, уотє имє дзоруй Дзанболат: Єна, кєд дємє ’ести хуєруйнаг цєттє ес, уєд надбєл исєстонг дєн єма мин февєрай. Єма ин е дєр тагъдгомау рафингє кодта єма ин є рази февардта. Єхуєдєг 6а ’ймє дзоруй: — Тагъд рахуєрє, кенє 6а дє мє сєри хецау ами ку єрбаййафа, уєд дє бахуєрдзєнєй. 53
Дзанболат дєр єй, цума фєттарстєй, уотє хуєргє дєр нєбал кодта єма фєрсуй: — Рєхги єрбацєудзєнєй? Е 6а ин зєгъуй: — Сєумє раги рандєуй, изєрєй ба, є еу усхъєбєл саги мард, е ’ннє усхъє- бєл 6а єдкъала бєласє, уотемєй єрбацє}’й. Уони ма ин ку радзурдта, уєд Дзанболат є бунати дєр нєбал лєудтєй, фал фєггєпп кодта єма ’й тагъд-тагъд фєрсуй: — Уєд изєри ба кєбєлти єрбаздєхуй? Уотемєй надбєл єнахурєй ку фєр- рєдуйон єма мє надбєл ку иссера, уєд мє бахуєрдзєнєй. Е ба ин зєгъуй: — Уєртє еци циуан хед ка ’й, уобєлти єрбацєуй изєрєй, єргъаутє дєр є разєй, уотемєй, єма фиццагдєр-фиццагдєр хедмє єрбахъєртуй, еу нєл къам- бец, єргъаумє дєр уомєй єстурдєр къамбец нєййес, єма єнбохдзєнєй, є єнбо- хун гъєр дєр ардємє цєудзєнєй, єма, къамбец уотемєй хедбєл ку єрбацєуа, уєдта уой фєсте ба уєйуг бєх ниццєфтє кєндзєнєй, єма єртє гъєри уєхєн никкєндзєнєй, єма дє ци нє хонхбєл рахєтун кєндзєнєй є гъєрєй, уєхєн хонх нєбал байзайдзєнєй арви кєрєнтти. Гъе ’ма, ду 6а уєртє еци фарсмє надбєл фєстємє уєхемє уайє єма, дє сєрєн ци мадзал уа, уой кєнє. «Гъи, гъи, уасагє тикис мистє нє ахєссуй», — єхе меднимєр зєгъуй Дзанбо- лат, уєдта дзоруй єфсинємє дєр: — Дє цєрєнбон берє уєд, мєн ка фєййервєзун кодта, нур 6а бал хуєрзє- бонє рауо, — єма фєббадтєй бєхбєл єма ин ци циуан хед байамудта, уордємє уайун байдєдта. Ку бахъєрттєй хедмє, }’єдта хеди гъоси є бєхи ємбєрцє къагъд ракодта єма ’й уордємє нилласта, єхуєдєг ба хеди билєбєл ниллєудтєй єма къанбец гъєуай кєннун байдєдта: «Ку єрбацєуа, уєдта ’й рамардзєнєн єма ин є царєй гєрзитє ракєндзєнєн, гєрзитєй ба мєхе хеди гъоси цєгиндзтєбєл ниббєтдзєнєн єма кєд є гъєртєй хеди фєххєсса, уєд мєн дєр фєххєссєд». Хори ма минкъий ку гъудєй рафтуйунмє, уєдта къанбец єнбохгє єрбацу- дєй єма ’й Дзанболат дєр лєдзєгєй фехста, єма еци рауєн фєммардєй. Уєдта ин є мард цємєй нє фєууидтайдє уєйуг, уомєн єй хеди бунмє ниддавта єма ин є царєй єхсаргардєй еци сахатбєл гєрзитє ракодта єма хеди цєгиидзтєбєл єхе федаргомау исбаста. Еу минкъий ма ку рацудєй, уєдта уєйуг дєр, є еу усхъєбєл — саги мард, йе ’ннє усхъєбєл 6а єдкъала бєласє, уотемєй гъєртє- гєигє єрбахъєрттєй, уєдта хеди гъосмє ку єрбахъєрттєй, уєд є бєх ниххур- риттитє кодта єма ’й фєрсмє рахаста. — Дє мадє, дє фидє куййи 6ах}’єруйнаг, ду бабєй уєд цємєй тєрсис, махєн єзнаг ку некєми ес, уєд, уєлє нин уєларв єртє єзнаги ес єма уонєй ба дуує ку нецємєн бєззунцє, єртиккагєн 6а ма є хъумуз є дєндєгутєй ку кєлуй, уєд. — Єма бабєй ниццєфтє кодта бєхи нєуєгєй. — Иттєг кєд мє хъумуз мє дєндєгутєй кєлуй, уєддєр мєнє дєи єз, — зєгъгє єма ’й Дзанболат є къобос лєдзєгєй фехста, уєдта єхсаргардєй ба є бєттєнтє фєллухтє кодта, єма дууемєй дєр фєгъгъєбесєй єнцє. Берє фєххуєстєнцє, уєдта ’й єрєги-дурєги 6а Дзапболат є буни фєккодта єма ин єхсаргардєй є авд сєри дєр слух кодта єма си еу сєр є дзиппи ниввар- дта, иннети ба дони багєлста; уєдта є бєхбєл фєббадтєй єма фєстємє уайун байдєдта уєйуги уосємє. Ку бахъєрттєй, уєдта бєхєй єрхизтєй єма медєгмє бадзурдта: 54
— Єна! Ду мєн дє сєри хецауєй тєрсун кодтай, ку єрбацєуа, уєд дє баху- єрдзєнєй, нур 6а мин е дєуєй дєр ма лимєндєр разиндтєй єма мєн 6а раздєр єрбарвиста, дєуєн дєр євдесєнєн мєнмє фєткъу равардта, — єма є дзиппєй ин фєткъуй рєуаги исиста є лєги сєр. Уосє уой куддєр фєууидта, уотє имє є єнсуртє фєгъгъел кодта єма ’й хуєрунмє гъавта, фал ин Дзанболат є къобос лєдзєгєй є бєрзєй ниццавта, єма еци рауєн єзмєлгє дєр нєбал искодта. Уєдта рацудєй хєдзарєй, рабадтєй бєхбєл, єма уоддєр цєун байдєдта. Ци бабєй рацудєй, Хуцау зонуй, уєдта бабєй бауидта еу єндєр уорс кесена авар. Уайунтє ’ймє байдєдта єма ’ймє бахъєрттєй; еци авар 6а адтєй дуккаг уєйуги, єма еци уєйуги дєр фиццаг уєйуги хузєн рамардта; єма уой ку рамардта, уєдта бабєй єндєдєр уайун бай- дєдта єма, ци фєууадєй, Хуцау зонуй, уєдта бабєй єртиггаг уєйуги авармє дєр бахъєрттєй єма уой дєр фитдзаг дууей хузєн рамардта; уотемєй є єртє єзнагей бафснайдта, єма ма ин нурма зин гъуддаг адтєй Дзанболатєн и фонс иссе- рун. Дзєгъєл будурти е неци зонгєй берє фєххаттєй, уєдта еу авгин мєсуг бауид- та. Цємєннє бацийнє кодтайдє Дзанболат уой бауингєй! Бєх ниццєфтє кодта єма дзурди сахатмє уоми бастадєй, рагєпп ласта бєхєй єма над агоруй уєладзгутємє, фал над 6а нє еруй. Уєдта имє уєладзгутєй еу єртє кизги дзорунцє: — Ци ’й, ка дє? Цидєр єй, уєддєр е дєр мах хузєн мєгур адєймаг єй, медєгмє рауай. Дзанболат дєр єваст фєллєудтєй єма сє фєрсуй: — Бєргє бацєуинє, фал силгоймаг сайтан єй, єма уєбєл не ’ууєндун, уоте- мєй єй кєд ме знєгтєй ести ес єма мє єнє єргъудиєй ку рамара. Кизгуттє дєр ин ардхуєрун байдєдтонцє, уонєй єндєр си куд неке ес уобєл, єма ’й баууєндун кодтонцє. Дзанболат дєр ку баууєндтєй, уєд къобосгин лєд- зєгєй хєдзари фарс ниццавта, єма хєдзари фарс ракалдєй; уєдта бацудєй єртє кизгемє, сє хєтдзє дзубанди кєнун байдєдта. — Кєми адтайтє, ка айтє сумах? — зєгъгє сє фєрсуй фиццаг Дзанболат. — Мах адтан єлдари кизгуттє, єма еу бон ба къалацикъай рабадтан єма рандє ан будурмє. Еу тагємє ку рахъєрттан, уєдта аци уєйгутєй сє хестєр нє раскъафта єма нє уєдєй ардємє ба ами дарунцє, нур ба єгайтима нєхе адємєй есге фєууидтан, єма сє кєд єцєгєй рамардтай, уєд мах дєр дєу ан єма нє хонє дє хєтдзє. На ма сє нє рамардтай, уєдта нє аллибон дєр бєрєг фєккєнунцє, єма дє ами ку єрбаййафонцє, уєд дєу дєр бахуєрдзєнєнцє єма мах дєр. Дзанболат 6а син загъта: — Ма тєрсетє, єз уони куд рамардтон, сумах 6а ка нє уарзуй, е дєр уотє ку рамєлидє, фал ма мин нур 6а сє фонс ци рауєн хезунцє, уой ку баамониайтє, уєд сє єрбатєринє уони дєр. Етє ба ин загътонцє: — Уєртє еци дуує хонхей астєу хезунцє сє фонс еугурєй дєр. Фал сє ратєрун ба зин гъуддаг єй. Уонєн фиццагдєр-фиццагдєр ес гъєуайгєнгутєн сау мєргътє, єма дє хєтдзє райсє уонєн еу єртє меркъи хуар, єма дємє куддєр рагъєр кє- нонцє, дє мадє, дє фидє куййи бахуєруйнаг, ардємє цъеу-маргъ ку нє тєхуй, уєд ду ба кумє єрбахъєртгє, зєгъгє, уєдта син ракалє нади дуує фарсемє єртє хуари меркъи, єма дин, раарфєгєнгєй, зєгъдзєнєнцє: — Цо, фєндараст дє Хуцау фєккєнєд: мах айдзаг фонс ацал-ауал анзи кє- мєн гъєуай кодтан, етє нин, хуари меркъє нє, фал, цъатай къохидзаг дєр ма бавгъау кєнионцє ємє нин некєд равардтонцє. 55
Уєдта минкъий уоддєр ку бацєуай, уєд дємє єфсєндзух дуує берєгъи нади дуує фарсемє сєхе рауадздзєнєнцє, єма уонєн ба хєссє дє хєтдзє дуує фуси марди, єма дємє куддєр єрхєстєг уонцє, уотє ба син нади дуує фарсемє уони рагєлдздзєнє. Уотемєй хонхмє ку бахъєртай, уєд дуує хонхей астєумє ду- армє бахъєртдзєнє, єма ин дє тухєй неци бакєндзєнє, фал дє хєтдзє хєссє хъалацидзаг царв єма ин уомєй є зелєнтє сабургай байсєрддзєнє, уєдта, цар- вєй бафсєдгєй, дуар сабургай нихъхъєс-хъєс кєндзєнєй єма дин зєгъдзєнєй: — Цо, фєндараст дє Хуцау фєккєнєд: єз ацал-ауал анзи айдзаг фонс кємєн фєгъгъєуай кодтон, е мє царви хъалацєй нє, фал, уотид є сойнє къохтєй дєр ма некєд байсарста. Дуар ку байгон уа, уєд єгас ком фонсєй идзагєй дє рази бєрєг уодзєнєй, фал ма и єфсєн урс, хєлеу сє ка нє уадзуй, е дє хъурмє кєндзєнєй. Куддєр дє фєууина, уотє дємє єхе рауадздзєнєй, є цєфхєдти сигиттє уєллєй, сау ха- лєнттау, тєхдзєнєнцє, рєсугъд дєр уодзєнєй єма ’ймє хицє дєр єркєнд- зєнє, єгасєй єй мєхецєн бєхєн ку ниййахєссинє, зєгъгє, фал маймаиддєр еци сагъєстє дє зєрдємє ма бауадзє, єма дємє куддєр єрхєстєг уа, уотє ’й єнєрамаргє ма ниууадзє. Уой дєр ку бафснайай, уєд ма, бєхєргъауи астєу еу бийнагин лєг ес, єма уой рамарє. Уєд ма дин ка бадара гъигє, уєхєн нєбал уодзєнєй єма, и фонсєй ка ес, уони ратєрє; еци лєг ка ’й, е ба уотид гъєр кєндзєнєй єма дє гъости пъєстутє бацєвє єма ’ймє исцо, дє къахи финдзєй єй искъуєрє, єма фєхъхъан уодзєнєй єма ’й дє єхсаргардєй никъкъуєхтє кєнє. — Хуарз, — зєгъгє син загъта Дзанболат дєр єма дуггаг бонмє єхе исцєттє кодта фонс кєнунмє. Иннє бон сєумє раги Дзанболат райста є хєтдзє, кизгуттє ин ке амудтонцє уони, єма рандєй бєхбєл. Ци рацудєй, уєдта еу маргъ кємидєр адтєй, етє еугурєй дєр сєхе рауагътонцє Дзанболатмє, єма син е дєр, кизгуттє ин куд загътонцє, уотє хуари єртє меркъи ракалдта нади фєйнє фарсемє, єма хуармє фєцєнцє, сєхуєдтє 6а имє дзорунцє: — Цо, фєндараст о, еци фонс Хуцау дєу амонд искодта, мах нур ацал-ауал анзи айдзаг фонс кємєн гъєуай кєнєн, етє нин хуар нє, фал цъата дєр ма некєд рагєлстонцє. Минкъий єндєдєр ку бацудєй, уєдта бабєй нади фєйнє фарсемє дуує єфсєндзух берєгъи, єз фєрраздєр уон, зєгъгє, еци еу уадєй сєхе рауагътонцє; єма бабєй уонєн 6а нади фєйнє фарсемє дуує фуси марди рагєлста. Етє уони куддєр фєууидтонцє, уотє арфє кєнунти фєцєнцє єма ’ймє дзурдтонцє: — Стур амондгун лєг дє ду, айдзаг фонс ке нивєн фєгъгъєуай кодтан мах ацал-ауал анзи, нур ба цо, фєндараст дє Хуцау фєккєнєд. Дуує хонхей астєумє єфсєндуармє ку бахъєрттєй, уєд дуари зелєнтє цар- вєй исєрдун байдєдта. Царви ма минкъий ку гъудєй фєуунмє, уєдта дуар, нихъхъєс-хъєсгєнгєй, райгон єй єма ин загъта: — Фєндараст дє Хуцау фєккєнєд, єз нур ацал-ауал анзи цъеу-маргъ тєхун ке фонсмє нє бауагътон, етє мє царвєй нє, фал сє сойнє къохтєй дєр ма некєд байсарстонцє. Дуар куддєр райгон єй, уотє 6а єфсєндзух уос, хєлеу сє ка нє уагъта, е єхе рауагъта, є цєфхєдти сигиттє 6а уєллєй халєнттау тахтєнцє, єма ’ймє куддєр єрхъєрттєй, уотє ’й Дзанболат дєр къобос лєдзєгєй фехста, єма фєм- мардєй. Фонсмє минкъий хєстєгдєр ку бацудєй, уєдта ’йбєл бєхти астєуєй бийнагин лєг гъєртє кєнун байдєдта. Дзанболат дєр є гъости пъєстутє бацавта 56
єма, ’ймє бацєугєй, а къахи финдзєй єй искъуєрдта єма ’й єхсаргардєй лис- тєг къуєхтє никкодта. Уєдта ма ’й ка бахъурмє кодтайдє, уєхєн нєбал адтєй, єма и фонсєй к’ адтєй, уони еугурєйдєр ратардта, кизгуттє ци мєсуги бадтєнцє, уордємє. Мє- сугмє ку єрхъєрттєй, уєд ’ймє єртє кизги рауадєнцє єма уони дєр, дзаумау- єй сємє к’ адтєй, уони хєтдзє рахудта є хєтдзє єртє уєйугей аврєттєбєл, єма уони авєртти дєр мулкєй кадєр адтєй, уони дєр є хєтдзє райста. Уотемєй Дзанболат дуйней мулки хєтдзє ранєхстєр єй є хєдзармє. Зєнхи буни сє хєрдмє ку стардта, уєд дуує єрвади ледзун байдєдтонцє, бєхти къєхти гъєрєй фєттєрсгєй, єма сє Дзанболат дєр сорун райдєдта. Етє Дзанболати уайгє ку фєууидтонцє, уєд ма хъєбєрдєр ледзун байдєдтонцє, фал сє уєддєр єрєги- дурєги ба Дзанболат дєр баййафта єма син загъта: — Кумє ледзетє? Єз дуйней фонс ку истардтон, уєд, — єма сє є хєтдзє єрбахудта фєстємє сє бунатмє. Уєдта син загъта: — Мєнє аци єртє кизгемєй барє райсетє уєхецєн бийнонєгтєн єма бал ахсєви ами ниллєудзинан, сєумє 6а раги ранєхстєр уодзинан нєхемє. Фитдзагдєр барє хестєри адтєй, єма е хестєр кизги райста єхецєн уосєн, дуккаг 6а астєуггаги — дуккаг хестєр кизги, уєдта Дзанболатєн 6а ма єризадєй кєстєр кизгє, єма е 6а уой райста. Ку єризєр єй, уєдта алкедєр єхецєн уосонгє искодта, єма хецєнтєй ниххустєнцє. Дзанболат ку рафунєй єй, уєд дуує хес- тєр єрвади еу уосонгємє єрбацудєнцє Дзанболати рамаруни исфєндє кєнунмє. — Нур, зєгъгє, загътонцє етє, — мах гъєутємє ку бацєуєн, уєд нє адєм ку фєрсонцє: кутемєй сє иссердтайтє ує фонси, зєгъгє, ємє нє ку базононцє, дууемєй нури уалдєнмє таги ке бадтан, тєргє 6а сє Дзанболат ке искодта, уєд нєбєл ходдзєнєнцє. Уой бєсти 6а ибєл рамаруни фєндє искєнєн єма цєуєн, кєдимайдима ба нин изазнитєй є єхсаргард рахатун бакомидє, є ком уосонги дуарєрдємє уотемєй, єма уєдта фєгъгъєр кєндзинан: — Дзанболат! Ци фєддє? Мєрдхуссє никкодтай, нє фонс нин ку фєттардєуй, єндємє ракєсє! Єма уоте- мєй хуссихъєлдзугтєй рауайгєй, кєдимайдима 6а є къєхтє ракъуєридє. Уотемєй баунаффєгєнгєй, рацудєнцє изазнити хєтдзє сє хуєрзгєнєг єрва- ди рамарунмє єма єхсаргарди ком изазнитєй туххєй рахаттонцє Дзанболати рауайєн єрдємє; уєдта рабадтєнцє бєхтєбєл єма фєгъгъєр кодтонцє бєхє- рєгъаубєл, сєхуєдтє 6а ниффєдес кодтонцє: — Дзанболат! Ци фєддє, мєрдхуссє никодтай, нє фонс нин ку фєттардєуй; єндємє ракєсє!.. Дзанболат куддєр еци дзурдтє фегъуста, уотє єваст фєггєпп кодта єма ин, хуссигъєлдзугтєй рауайгєй, єхсаргард є зєнгити є уєраги сєртєй дєлємє рахаун кодта єма єхсаргардбєл фєстємє рахаудтєй, уєдта сємє дзоруй: — Хуцау уин ма бакомєд, єз нури уалдєнгє дєр сумахмє лєгъуз єрдємє некєд разилдтєн, нур 6а мєн уєддєр фесафтайтє, фал мєнє аци сабии ма ниу- уагътє. — Рацо ду 6а, — зєгъгє ’ймє дзурдтонцє етє дєр. Кизгє ба син загъта: — Мєнєн сумах хєтдзє фєццєуєн нєййес, уой туххєн єма уой кєми ра- мардтайтє, уоми мєнбєл дєр нє байаурддзинайтє, нур 6а, уадзє ’ма, а кєми рамєла, уоми єз дєр куд рамєлон, уотє! Фал ин Дзанболат загъта: 57
— Кєд мє уой бєрцєбєл уарзис, уєдта мин мє дзурдтємє дєр баигъосє: єз нур ами єнє рамєлгє нє фєууодзєнєн, єма мин мє хъиамєттє цємєй нє уинай, уомєй ба цо сє хєтдзє. Кизгє нєбал фєггєдзє кодта єма еци кєугє рандєй сє хєтдзє. Дзанболат еунєгєй ку байзадєй, уєд ин хуєруйнаг исцєттєгєнєг дєр ма кєми адтайдє, єма єхуєдєг є рєзти кєд ести цъеу-маргъ єрбатєхидє, уєд уой є лєдзєгєй фехсидє єма уомє є фазєбєл фєггуридє єма лєдзєг дєр єма, ке рамаридє, уони єрбахєссидє є бунатмє єма ’й хомєй бахуєридє. Уотемєй ци фєццар- дєй, уєдта еу кєми адтєй, уоми 6а ин є рєзти еу цонгой лєг дуйней рєубес- рєгъау єрбатардта є разєй, єма си ке куд єййафта, уотє 6а ин є єскъелтє є дєндагєй истонидє. Дзанболат уони куддєр рауидта, уотє сє є къобос лєдзєгєй фехста, єма си дууадєс еци рауєн фєммардєй. Цонгой уой куддєр фєууидта, уотє єваст сахлєуд фєккодта єма ракєсє-бакєсє кєнун байдєдта. Дзанболат єй куддєр фєууидта, уотє ’ймє дзоруй: — Рауай ардємє, єма мєбєл кєд єнвєрсис, уєд мє хєтдзє исємбал кєнє. Е дєр ’ймє бацудєй єма ин загъта: — Кєд мєбєл ду єнвєрсис, уєд дєбєл єз єнвєрсун, — єма отемєй дууемєй дєр банбал єнцє еумє. Уєдта ’й фєрсуй Дзанболат: — Нур ба мин зєгъє, ци лєгигъєдє дємє ес уой. Е 6а ин загъта: — Уєхєн лєгигъєдє мємє ес, єма дин дє рєзти, цид, єз єрсордзєнєн сирдтє єма сє уєдта ду ба цєгъдє. — Мадта е 6а хуарз, — зєгъгє, ин загъта Дзанболат. Уотемєй е рандєуидє єма сирдтє Дзанболати рєзти єртєридє. Дзанболат 6а сє фєрсєй мардта. Уєдта еу кєми адтєй, уоми дууемєй дєр етє уосонги ку бадтєнцє, уєд гъєди къєрццитє цєун байдєдта, єма гъєуай кєнун байдєд- тонцє. — Цума ци ’й е, зєгъгє. Уєдта єрєги-дурєги еу лєг будури лигъзмє рафтудта єма, еу рауєн лигъзи ниллєугєй, лєф-лєф кєнун байдєдта. — Цоуай, байбєрєг кєнє, цума ци муггаг адєймаг лєг єй е, дєхуєдєг 6а ’й ардємє єнє єрбахонгє на фєууо, — зєгъгє, дзоруй Дзанболат е ’нбалмє. Е дєр еци фєдбєл фєггєпп кодта єма ’ймє уайун байдєдта. Ку ’ймє бахъєрттєй, уєдта ’ймє дзоруй: — Ци ’й а, ци муггаг дє? Е 6а ин загъта: — Ци муггаг дєн — мєгур лєг дєн, хъєрєу лєг, єма гъєди бафтудтєн єма, бєласє мє тєрнихєй ку скъуєрун, уєдта фєхъхъан уй єма иннє бєласєбєл бахауй, уотемєй хъиамєт кєнун. — Мадта, мєнєн бабєй цєнгтє нєййес, уєртє ме ’ннє ’мбал 6а уосонги єй, єма уомєн бабєй къєхтє нєййес; уотемєй мах еугурєй дєр єнхузон гъєуаг- гинтє ан, єма нєбєл кєд єнвєрсис, уєд нє хєццє исєнбал уо. — Кєд мєбєл уєхуєдтє єнвєрсетє, уєд єз уи боз дєр ма уодзєнєн, нур 6а, Хуцау дин райарфє кєнєд, мєнбєл ка єнвєрсуй, хонгє мє бунатмє де ’ннє ємбали размє, — зєгъгє ин загъта хъєрєу. Уотемєй исеу єнцє къахой, цонгой ємє хъєрєу. Еу кєми адтєй, уоми ба син зєгъуй къахой: — Нур мах єртє єнбали бацан єма цєрєн, єз айдагъ мєхе уодєн ке скодтон, еци уосонги, єма нєбєл єнбєлуй нєхецєн єстурдєр єма хуєздєр авар искєнун. 58
Етє ба ин загътонцє: — Бєргє нєбєл єнбєлуй, фал кутемєй искєнєн, кєбєл ни къєхтє ку нє ес, кєбєл къохтє, кєбєл 6а цєститє, уєд? Къахой Дзанболат 6а син загъта: — Уобєл 6а ма хъурмє кєнетє, е 6а єнцон гъуддаг єй, ду бал мин, хъєрєу, зєгъє, ци лєгигъєдє дємє ес, уой. Е ба ин загъта: — Мєнмє еци лєгигъєдє ес, єма мє гъєди єстурдєр ци бєласє уа, уобєл ку ниххуєцун кєнайтє, уєд єй єдбунтє истондзєнєн, єма ’й зєнхєбєл ку ниц- цєвон, уєд согєн єгєр листєг, цирагъєн 6а єгєр єставд, уотє ’й ракєндзєнєн. — Мадта єз, — зєгъгє, загъта Дзанболат, — рабаддзєнєн цонгойбєл, ду ба, хъєрєу, нє думєггєгтєбєл хуєцє, єма маха цєуєн гъєдємє. Дзанболат рабадтєй, єма рандєнцє гъєдємє. Гъєдємє ку бахъєрттєнцє, уєд хъєрєуи къохти, єстурдєр ци бєласє адтєй, уой бакодтонцє, єма ’й е дєр єдбунтє ист}’дта, уотемєй сє сє бунатмє єрбахастонцє єма бабєй фєстємє раздєхионцє, уєдта гъєдємє. Хєдзари цєй бєрцє гъєдєрмєг гъудєй, уой бєрцє ку єрємбурд кодтонцє, уєдта сє еци єгєстєй ниввєрдтитє кодтонцє кєрєдзебєл єма ’й медєгєй рєубесдзєрттєй листєн никкодтонцє, єндегєй 6а ’й сєгдзєрттєй нимбарзтонцє. Ци ма сєбєл рацудєй хєдзари исцєттєй ардємє, уєдта сє сєрти еу халон хъуахъхъуахъгєнгєй єрбатахтєй, єма сє осонги сєрмє ку єрбахъєрттєй, уєдта сємє дзоруй: — Ци архайетє, ци, ами, уєртє мєгурдєйрєгтє, судєй мєлгє ку кєнтє, уєд? Уой бєсти, уєртє хан є кизги лєгмє єрветуй, єма уордємє цотє, е 6а уин ує губунтє бафсадонцє. Етє ба ’ймє дзорунцє: — Єма ду дєр, мах єндємє ке рагєлдзєн, уонєй ку цєрис, уєд мах 6а судєй куд мєлєн, уєртє хуєдмєлхуар! Уєдта бабєй минкъий сахат рацудєй, єма бабєй сє кєрєдземє дзорунцє: — Цєй, маха бабєй рабадєн єма цєуєн уордємє, кєдимайдима 6а нєхе- цєн кєрдзингєнєгбєл дєр фєххуєст уаинє. Дзоруй сємє Дзанболат: — Мах фиццагдєр ку бацєуєн, уєд, фулдєр адєн кєми уа, уордємє бацєуд- зинан єма нєбєл гириз кєндзєнєнцє, уєдта дзордзєнєнцє: — Уєлємє ма сє дзатмамє искєнетє, е 6а сє кизгє дєр фєууина, єма уєлємє ку исцєуєн, уєд кизгє, цємєй нє хуєздєр уина, уомєй къєразгє раигон кєндзєнєй єма є сєр радардзєнєй. Уєдта имє єз ба фєллєбордзєнєн єма ’й дєу нихти фєккєндзє- нєн, хъєрєу. — Мадта ’й мєн нихти фєккєнє, уєдта ’й єз некумєбал рауадздзєнєн, — зєгъгє дзоруй имє хъєрєу дєр. — Мадта уайун 6а мєн бєрагє уагътє: цалдєнмє етє бєхтєбєл сєргътє ивєронцє, уалдєнмє ує єз ує бунатмє бамедєг кєндзєнєн, — зєгъгє сємє дзоруй цонгой дєр. Уотемєй къахой Дзанболат, къохойбєл рабадтєй, хъєрєу ба ин є думєг- гєгтєбєл хуєстєй, єма рандєнцє хани кизгємє. Ку бахъєрттєнцє, єма сє адєн ку єруидтонцє, єма сєбєл сєхуєдтє гиризгонд ку фєцєнцє, уєдта сє еу дзоруй: — Уєлємє сє дзатмамє исхонетє, е 6а сє ностє дєр фєууина. Иссєхудтонцє дзатмамє, єма ностє къєразгєй є сєр куддєр радардта, уотє ба ’йимє Дзанболат фєллєбурдта єма ’й є макъустгутєй фелваста єма ’й хъє- 59
рєуи къохти фєккодта. Цонгой, кємє гъавтонцє, е сєхе ке фєцєй, уой ку базуд- та, уєд рагєпп ласта дзатмай сєрєй єма уайун байдєдта сє бунат єрдємє. Уоми ци адєн адтєй, уонєй сє еуетє уорамуйнаг адтєнцє, фал сє иннетє нє бауагъ- тонцє: — Расєуагътє, цума ци кєндзєнєнцє? Уєдта сє бєхтєбєл дєр, уа-нєуа, расордзинан, идард ку кєнонцє, уєд. Фал етє, адєн куд єнгъалдтонцє, уєхєн нє разиндтєнцє, єма минутти сахатмє дєр сє цєстити разєй фєййаууон єнцє. Ку нєбал сє рауидтонцє, уєд сє киндзєн кєми нє фєттарстайонцє єма бєхтєбєл фєббадтєнцє, киндзхонєй кадєр адтєй, етє, єма бєргє агорун байдєдтонцє, фал ма сє кєми ирдтонцє? Етє уєдмє Хъуми будурмє сє бунатмє рамедєг єнцє. Уотемєй киндзхонтє єнє киндзєй рандє ’нцє, етє ба ходгє кєбєл кодтонцє, киндзи хєтдзє сє бунати бадтєнцє. Бунат иссергєй, хъєрєу єма цонгой дзорунцє Дзанболатмє: — Ду махєн нє хестєр дє єма ’й райсє дєхецєн. Е ба син загъта: — Нє, єз нє райсдзєнєн уой мєхецєн сумахєй есге рази. Фал уонєй дєр неке кумдта. Уєдта син зєгъуй Дзанболат бабєй: — Цєйтє мадта ує кєд фєндуй, уєд єй нє астєу нєхецєн єнсувєрхуєрє искєнєн. — Арази ибєл ан уобєл ба мах дєр, — зєгъгє ин загътонцє етє дєр єма ’й сєхецєн хуєрє искодтонцє. Еу къуар бони рацудєй, уєдта сє фєрсуй кизгє: — Цєбєл атитє ниццайтє? Єма ин Дзанболат загъта: — Єз ме ’рваддєлтєй хуєздєр адтєн єма мємє содзаг кодтонцє, єма мин мє къєхтє ракъурдтонцє. Цонгой 6а загъта: — Єз дєр ме ’рваддєлтєй хуєздєр адтєн, балци уогєй, ку ниффунєй дєн, уєдта мин мє къохтє, фунєй уогєй, равгарстонцє. Хъєрєу ба загъта: — Єз дєр мадта ме ’рваддєлтєй хуєздєр адтєн єма, гъєдємє рацєугєй, ниффунєй дєн, єма мин мє цєститє искъахтонцє. Кизгє є фурхъурумєй дзорун нєбал исфєрєзта. Еу кєми адтєй, уоми Дзан- болат бабєй дзоруй е ’мбєлттємє. — Цєй, нур махєн ка бахуйа, уєхєн ес, єма атє фецейєй цєрунмє неци бакєндзинан, нур 6а цєуєн, хєстєгдєр нємє ка ’й, еци горєтмє єма нєхецєн хъєппєйлєгтє єрхєссєн. Єма ин етє ба зєгъунцє: — Єма цємєй балхєнєн, уєхєн нємє ку неци ес. Дзанболат 6а син загъта: — Єгириддєр нє неци гъєуй: горєтмє ку бацєуєн, уєд туканмє єз єма цонгой бацєудзинан, дєу ба, хъєрєу, єндегєй ниууадздзинан, уоми ба зєгъдзи- нан: «Не ’хцатє 6а єндегєй єнцє не ’ннє єнбалмє», — єма дєумє ба хъумєцтє рахєсдзинан, не ’нбалєн сє бавдесун кєнєн, зєгъгє, єма сє раскъєфдзинан єма ма нє уєдта сорєнтє. — Хуарз мадта, — зєгъгє ин загътонцє иннетє дєр єма бабєй фитдзаги хузєн, Дзанболат цонгойбєл рабадтєй, хъєрєу ба ин є думєггєгтєбєл хуєс- 60
тєй, уотемєй рандєнцє горєтмє. Горєтмє ку бахъєрттєнцє, уєд фиццагдєр еу туканмє бацудєнцє єма дзорунцє сомехагмє: — Хъумац нин рауєйє кєнє. Е ба син зєгъуй: — Єма єлхєнгє ба уєд цємєй кєнетє? Дзанболат ба ин загъта: — Сумах уєйє кєнтє, єндєра єхца ба мах гъуддаг єй. — Мадта хуарз, — зєгъгє ин загъта єма син хъумаци дзєбєхтє есун байдєд- та. Ка сє гъудєй, уони ку єресун кодтонцє, уєдта имє Дзанболат дзоруй: — Рахєссай бал сє, мах 6а сє уєртє єндегєй дєр не ’нбалмє бавдесєн єма, кєд уой зєрдємє цєуонцє, уєдта єхца дєр уомє ’нцє, єма дин єхца дєр раттєн. Е дєр син уотє: — Райсетє. Єма куд фєразта Дзанболат, ой бєрцє рахаста єма сє хъєрєуи къохти фєккодта, єма фєтътъєбєртт ластонцє гъєунги сє бунатєрдємє, сомехаг 6а ма нур дєр сє фєсте гъєр кєнуй: — Ме ’хца мин, ме ’хца мин! — зєгъгє. Сє бунатмє ба сє бєстє гъудєй, уайтагъддєр имє бахъєрттєнцє. Кизгє февналдта єма син хъєппєлтє рацєттє кодта. Уотемєй цєрунтє- хуєрунтє байдєдтонцє. Еу къуар боней фєсте 6а кизгє фудхуз кєнун байдєдта, єма ’й бафарстонцє: — Цєбєл фудхуз кєнис? Кєд дє уєхемє фєндуй, уєд дє маха уєхемє фєххонєн. Е 6а син загъта: — Єз фудхуз дєр нецєбєл кєнун єма мє нєхемє дєр нє фєндуй. Уєдта еу къуар боней фєсте ба кизгє фудхуздєр кєнун байдєдта, єма Дзан- болат загъта е ’нбєлттєн: — А кизгє ка ’й, е уотид нє фудхуз кєнуй, нур 6а ’й мах єнє багъєуай гєнгє нєбал ниууадздзинан аци хатт: кєд єй сєхемє цєун фєндуй єма нин зєгъун ба не ’ндеуй; уєдта уой туххєн 6а сумах дууемєй цотє аци хатт єма, мє гъєр уємє куд игъуса, уомєй идарддєр ба ма рацотє. Уотемєй айдагъ и дуує рандєнцє цауєни. Дзанболат ба єхе фєсдзєгат ба- римахста. Рєфти ба еу къєсибадєг уосє уєллєй єрцудєй, єма имє Дзанболат кєсуй сосєггєй. Уєдта къєсибадєг уосє уєлємє тугурмє исхизтєй єма кизгємє дзоруй: — Неке ес ами? Уєдта ин кизгє загъта: — Неке ес. Къєсибадєг уосє 6а ’йимє дзоруй: — Расоми кєнай мадта, Дзанболат рамєлєд, — зєгъгє. Єма ин е дєр, неци зонгєй, расоми кодта: — Уєд Дзанболат рамєлєд, ами си неке ес. — Кизгє уой куддєр исдзурдта, уотє къєсибадєг уосє тугурєй єргєпп кодта, є буни єй фєккодта єма ин є єскъелтєй є тог цъирун байдєдта. Дзанболат є фазєбєл дуари размє гєппитє- гєнгєй бахъєрттєй єма, дуари тєрвазєбєл исбадгєй, нигъгъєр кодта: — Ци фєцайтє! Лєг ка ’й е ардємє тагъд, мєнє нє тогесєг ами єй! — Єма еци сахатбєл хъєрєу цонгойбєл хуєцгєй уоми єрбамедєг єнцє. Куддєр єрбахъ- єрттєнцє, уотє сє Дзанболат дуарбєл бауагъта, єхуєдєг ба є къобосгини хєтдзє 61
дуари тєрвазєбєл бадтєй єма ’й єндємє ледзун нє уагъта; етє ба ’й къунти бєргє расорє-басорє кодтонцє, фал єй кутемєй ниййахєстайонцє? Сє еуемєн цєнгтє н’ адтєй, иннемєн ба цєститє, єма ибєл цонгой є дєндєгутєй ниххує- цидє, иннє ба гъєр кєнун байдаидє: «Мєнє ’й!» Уотемєй неци бакєндзєнєнцє, уой син ку базудта, уєд сємє дзоруй Дзанболат: — Мєн рєзти-ма ’й єрбасоретє! — зєгъгє, єма ’й етє дєр дуаргєрєнтти єрбасурдтонцє, єма ’й Дзанболат є дзигкотєй раахєста єма йин зєнхємє є сєр нивдуста. Къєсибадєг уосє є уодєн ку фєттарстєй, уєд син загъта: — Мє уоди амонди мин ма бацотє єма ує ує мадєй раигурєгау искєн- дзєнєн. — Кутемєй? — зєгъгє имє єрдєгцийнєй дзорунцє етє дєр. Е 6а син загъта: — Мє хурфємє радугай єрхезетє, єма ує уєдта фєстємє ба ує мадєй райгурєгауи хузєнєй исгєлдздзєнєн. Етє дєр сє кєрєдземє ракєсє-бакєсє кєнун байдєдтонцє, фал си єндеугє ба неке кодта. Уєдта сємє кизгє дзоруй: — Цєй, уєддєр мєнєн мє тог є губуни єй, єма єз раздєр ниххездзєнєн, — єма ниххизтєй, фєстємє 6а ’й фитдзаг куд адтєй, уомєй дєр хуєрзхуздєрєй исгєлста. Уой фєсте ба ниххизтєй цонгой єма уой дєр фєстємє цєнгти хєтдзє исгєлста. Уой куддєр базудта, уотє хъєрєу хезгє дєр некебал бакодта, уотемєй ниггєпп кодта, єма ’й фєстємє цъєх єстур цєстити хєтдзє исгєлста. Уой фєсте ба къєсибадєг уосє Дзанболатмє дзоруй: — Куд нє мємє бавналддзєнє, ку дє исдзєбєх кєнон, уобєл мин расоми кєнє. Єма ин Дзанболат расоми кодта. Уєдта Дзанболат є дєлєвзаг ниввардта еу хиринкъа єма ниххизтєй къєсибадєг уоси хурфємє; иннє дуує 6а дуарбєл ниллєудтєнцє дуаргєс. Къєсибадєг уосє, Дзанболат куддєр ниххизтєй, уотє єндємє ледзун євзурста, фал єй медєгєй Дзанболат хиринкъайєй ку багизта, уєдта уой дєр еци фєдбєл исгєлста. Еугурєй дєр сє уотемєй сє мадєй райгу- рєгау ку искодта, уєд ибєл иннє дуує маруни фєндє искодтонцє, адємєн лєгъ- уздзинєдтє ке кєнуй, уой туххєн, єма сє Дзанболат нє уагъта, фал єй уєддєр етє ба рамардтонцє. Уєдта уой фєсте 6а кизги дєр є хєдзарємє фєххудтонцє єма загътонцє, уоми ба, цємєн єй раскъафтонцє єма ’й сє хуєрє куд искод- тонцє. Уордигєй рацудєнцє етє еумє, єма над єртє ємбеси кєми кодта, уор- дємє ку рахъєрттєнцє, уєдта сє кєрєдзей къохтє раистонцє єма си алке дєр рафєндараст єй сє хєдзарємє. Гъєуємє ку ниххєстєг єй Дзанболат, уєд еу хугєсмє бахъєрттєй єма ’ймє дзоруй: — Дє фонс берє, хугєс! — Дє гъуддаг раст! — зєгъгє ’ймє дзорз^й е дєр. — Ахсєви-ма мє дє бунати бауадзє, — зєгъгє, бабєй ’ймє дзоруй Дзанболат. Хугєс 6а ’йин загъта: — Єма єз мєхуєдєг ци бахуєрон, е мємє ку нє ес єма мєхуєдєг дєр хистмє цєунмє ку гъавун. — Е бабєй уєд цєй хист єй? — зєгъгє ’ймє дзоруй Дзаыболат. Хугєс ба ’йин загъта: Бєстисєр-тухи фурттє сє фонс агорунмє ку рандєнцє, уєд сє кєстєр над- бєл мард фєцєй, єма уомєн хист кєнунцє дуує єрвади, єма уой бєсти 6а ду дєр рауайє мє хєтдзє, єма уоми ести бахуєрєн. 62
— На, єз неци фєццєудзєнєн; уой бєсти ду цо єма мин ардємє 6а ести рахєссє, єз ба дин дє хутє гъєуай кєндзєнєн. — Бєргє хуарз єй е дєр, фал хутє, хуарз лєг, уєртє хедбєл ку фєццє- унцє, уєд сє фєстаг єрдєгутєн ба фєккєнун кєнунцє, єма син ба дєр ракєн- дзєнє? — Цємєннє? — зєгъгє имє дзоруй Дзанболат. Єма хугєс рандєй хистмє, Дзанболат ба хути єргъауи хєтдзє баизадєй. Хедмє сє ку батардта, уєд си єстурдєр ху ка ’дтєй, е раздєр єрбауадєй єма имє є фєстаг єрдєг фєххатта рабакєнунмє. Дзанболат дєр ин къобосгинєй є сунтє ниццавта, єма е дони фєцєй; уєдта имє иннє ху єрбауадєй, — єма уой дєр уотє дони фєккодта; уотемєй сегасей дєр, ка фєммард уидє, ке 6а єрдєгмардєй дони фєккалдта. Уєдта єхуєдєг ба дони билтєбєл дєлємє рацудєй єма дони билємє еу уоси кєугє бауидта, є цєстити сугтємє 6а дуує къибилай ниввардта, уотемєй. Дзанболат єй куддєр фєууидта, уотє ’й бафєсмєрдта єма ’ймє кєсун байдєдта, цалдєнмє уосє є цєстити сугтєй къибилай баидзаг кодта єма уони ракалдта, уєдта уони идзаг 6а дон исиста, уалдєнмє. Дзанболат еци фєдбєл нєбал фєг- гєдзє кодта єма рандєй хистмє, є лєдзєг 6а будури ниууагъта, уотемєй. Хистмє ку бацудєй, уєдта ’й, иуазєг куд фєууй, уотє ’й уєлєгомау исбадун кодтонцє, єма игъуста адєнмє, «рохсаг уо, Дзанболат», зєгъгє, куд зєгъионцє, уомє. Адєн хуєрд ку фєцєнцє єма ку исистадєнцє, уєд загъта Дзанболат: — Корун уи, мєнє адєн, єма ма минкъий фєссабур уотє, — уєдта дзоруй дуує єрвадемє: — Цотє єма Дзанболати єндури фат рахєссетє. Єма ин рахастонцє фати. Уєдта сємє дзоруй: — Нур 6а мє фєйнє фарсемє єрлєууетє: (Дзанболат син уотє кєнун ку байдєдта, уєд тєрсун байдєдтонцє єма кєрєдземє бакєсионцє.) Уєдта є хъур фєббєрзондгєнгєй, загъта: — Мєнє хуарз адєн! Сумах нур ци Дзанболати хист бахуардтайтє, е мєнє єз дєн, мєнє атє 6а єнцє мєнєн ме ’рваддєлтє єма син фонс искодтон, уєдта мин сосєггєй мє зєнгитє ракъурдтонцє. Нур бабєй мє- бєл Хуцауи фєрци зєнгитє дєр єрзадєй єма, кєд єз аци дуує єрвадебєл ескєд зулун єрдємє зилдтєн, уєд мєнє аци фат єхсун, єма ’й, Хуцау, еунєгєй ’рцє- ун кєнє єма мє сєри ниссєдзгєй мє дуує ємбеси куд рахаун кєна; на ма мєбєл атє зулун єрдємє кєд зилдєнцє, уєдта ’й мєнє еунєгєй єхсун, єма ’й Хуцау дуує ємбесемєй єрцєун кєнєд єма, сє сєрти ниссєдзгєй, сє дуує ’мбе- сти куд рахаун кєна, уотє. Єма фат, є бон куд адтєй, уотемєй фехста, єма єрєги-дурєги ба дуує ємбесємєй єрцудєй єма дуує єрвадей сєрти ниннихстєй, єма сє дуує ємбеси рахаун кодта, ма адєн дєр сє хєдзєрттємє рандєнцє десгєнгє. Уєдта бафарста є уоси: — Хуарз дємє дзурдтонцє аци дуує уоси, єви лєгъуз? Е ба загъта: — Донхєссєг єма мє кєрдзингєнєгєн сєхецєн дардтонцє, сєхуєдтє ба ма мин алли фудтє никкалионцє. — Мадта хуарз, — зєгъгє, єма сє єнєдєнд дуує бєхей дунгутєбєл ниббас- та, єма ма сє етє нур дєр радавє-бадавє кєнунцє. Ку єризєр єй, уєдта ’ймє хугєс єрбахъєрттєй єма ’ймє дзоруй: — Мє хутє мин ци фєккодтай? Ка си єрдєгмардєй ку цєуй, ка ба си єги- риддєр ку некєми зиннуй. Дзанболат ба $т загъта: 63
— Мєнє дин єхца, єма хугєс ба мабал цо; хутєй ка фесєфа, уони дєр бафедє єма єрцо єма мє рази єрцєрє. Хугєс дєр федеуєг нигъгъєр кєнун кодта: — Алке є хутє фєттєрєд, — зєгъгє. Є хутє кємєн фесавдєнцє, уомєн єхца равардта, єма Дзанболати хєтдзє нур дєр ма цєрунцє єма хуєрунцє. Уони ци нє фєууидтан, єндєр рун, єндєр нез 6а нємє ма єрцєуєд. Ныффыста йє Гарданты Константин Соломоны фырт, Чырыстонхъєу. Дшорские сказания, по записям дигорцев И. Т. Собиева, К. С. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по востоковеоению издаваемые Лазаревским институтом восточ- ных языков, выпуск XI, Москва, 1902, с. 12—29. ФАЗЗЄТТЄ Лєг ємє усєн уыди дыуує фырты — фаззєттє: Сауи ємє Будзи. Лєг уыд хорз цуанон ємє цуан кодта, ус та єфсиндзинад ємє сабиты хъомыл кодта. Лєппутє цумахъом фесты, афтє сє мад амард. Лєг єндєр ус єрхаста. Фыдыус — фыдрын, зєгъгє, ус фыдсыл разынди: уысмєн над кодта сидзєрты, бєгънє- гєй, єххормагєй сє мардта, иуныхасєй сын сє уд єрдуйє нарєгдєр скодта. Куы сфєлмєцыдысты сывєллєттє, уєд сфєнд кодтой лидзын сє фыды хєдза- рєй. Цєй бєрц фєрєзтой, уый бєрц фєттє, фєйнє єрдыны, фєйнє карды райстой сє фыды гєрзтєй ємє иу єхсєв алыгъдысты. Дыуує боны ємє дыуує ’хсєвы цєуынц ємє, сырд нє, фєлє цъиуыл дєр никуы амбєлдысты. Єртыккаг бон райсомєй раджы иу стыр хъєдмє бахєццє сты. Хъєдгєронєй куыддєр бахызтысты, афтє сє размє иу тєрхъус фєци. Дыуує єфсымєры йєм ємхъавд куыд фєкодтой, афтє сєм тєрхъус дзуры: — Ма мє амарут, истємєн уын бабєздзынєн. Ныууагътой йє. Тєрхъус къудзимє багєпп кодта, ємє фєстємє дыууєйє рауадысты. Лєппутє разєй, тєрхъустє — сє фєдыл, афємєй фєцєуынц ємє — уєртє иу рувас. Уымє дєр та куыд фєхъавыдысты, афтє сєм дзуры: — Ма мє амарут, сбєздзынєн уын. Бєласы уидєгты бын хуынкъ, рувас уым ныллєст, ємє фєстємє дыууєйє рагєпп ластой. Уалынджы — бирєгъ, стєй уєд — арс, єппынфєстагмє — фыранк. Фондз къайы сырдтє, разєй лєппутє, афтємєй цєуынц. Иу єрдузы кєро- нєй бакастысты, ємє єрдузєн йє тєккє астєу иу сєрджын саг хизы. Фехстой йє дыуує ’фсымєры, ємє — дє фыдгул афтє: саг йє мидбьшаты ахъил. Бауадысты йєм ємє йє єрбаргєвстой, астыгътой йє, ауєнгтє йє кодтой ємє дзы сєхи хорз федтой лєппутє дєр, се ’мбал сырдтє дєр; йє єрчъиагєй та йын сєхицєн мусонг сарєзтой уыцы ран. Цуангєнгє, сєхи сырды фыдєй хєсгє, афтємєй бирє фєцардысты иу бына- ты. Ралєгтє сты. Иу бон куы уыди, уєд сфєнд кодтой фєйнєрдєм фєцєуын ємє алчи й’амонд бавзарын. Фєлє куыд базондзысты искєд бон кєрєдзийы хабар? Ныссагътой сє мусонджы астєуккаг цєджындзы къулгард, ємє сє кєд искє- уыл исты єрцєуа, уєд чердєм араст, уыцырдыгєй фарс сызгє уыдзєн; кєд ма йын фервєзынєн исты амал уа, уєд ма карды фарс ранєй-ран єрттивдзєн. Бай- уєрстой сє сырдтє, ємє дзы алкємє дєр алы къайє фєйнє єрхаудта. Уыйадыл фєйнєрдєм араст сты, алчи йє цуанон сырдтимє. 64
Сауи, — цал уыд, уал азы, — хъєдєй куыд сфєлмєцыд, уымє гєсгє бы- дырмє йє ных сарєзта ємє рахызт хъєдєй. Кєсы, ємє быдыры кєронєй бєр- зонд урссєр хєхтєй цъититє хурмє єрттивынц. Цєуын байдыдта, цєуын бай- дыдта, цас фєцыд, чи зоны, ємє иу изєрыгон хохрєбын иу стыр хъєумє бахєццє. Хъєуєн йе ’ддє — стыр тархъєд. Хъєу — стыр хъєу, хєдзєрттє урсєй цагъд, зєрдє сє райы, цєст сє хъазы. Сауи йє цуанон сырдтимє бафысым кодта кєройнаг хєдзары, ємє куыддєр єхсєвєр бахордта, афтє, куыд фєлмєст уыд, уымє гєсгє уайтагъд схуыссыд ємє тарф фынєй баци. Райсомєй хур йє был куыддєр сдардта, афтє Сауи дєр сыстад, єддємє рацыд ємє джихєй аззад, — хєдзєрттє сау-сауи- дєй лєууыдысты. Єрбаздєхт хєдзармє ємє фєрсы йє фысымы: — Ай та цы диссаг у: знон хєдзєртты урсмє зєрдє куы рухс кодта, уєд абон сау цємєн адардтой? Фысым єм єнкъард цєстєнгасєй бакаст ємє загъта: — Уый диссаг нєу, фєлє дє кєд нє хабар базонын фєнды, уєд дын єй єз радзурдзынєн. Сбадын кодта уазєджы, йєхєдєг дєр йє фарсмє сбадт ємє райдыдта дзурын: — Нє хъєуєн ис єлдар. Йє фосєн, йє хєзнатєн кєрон, ныккєнєн нєй. Уымєй бонджындєр никєй зонгє кєнєм, никєй хъусгє, фєлє У хєст хєйрє- гыл. Йє зєрдємє цы чызг фєцєуа, уый йєхицєн ус скєны, цасмє йє фєфєн- ды, уєдмє. Чызг йє зєрдємє куы фєцєуа, уєд ын йє бинонтєм баминєвар кєны; ахсєв мын ує чызджы єрєрвитут, зєгъгє. Ємє кєд чызг бархийє нє ныццєуы уыцы ’хсєв, уєд єй райсомєй, нє сєрмє цы хох ис, уый цъуппыл залиаг калм бады, ємє йє уымєн хєрынєн сєрвиты. Адємєн та уый фыдєнєн афєдзєй- афєдзмє нал сєхи фєуадзы быдырмє хуым кєнынмє, хос кєрдынмє, нал сє фосы хизынмє, нє сын — хъєдєй хай. Зноны бон єлдарєн йє зєрдє бахъазыд иу мє- гуыр лєджы чызгмє. Уый хуызєн рєсугъд, уый хуызєн къухєй арєхст, уый хуы- зєн кафаг бєстыл сылгоймаг нєма равзєрд. Єлдар єм куы ’рбарвыста, уєд йєхє- дєг, йє мад, йє фыд, сє хєстєджытє, стєй єгас хъєу дєр стєрхон кодтой: фєлтау єй залиаг калм бахєрєд, цєйнєфєлтау дзы єлдар фєхынджылєг кєна. Афєдзєй афєдзмє цы тыхсты уыдзысты адєм, уый гощємє дарынц, фєлє сын зын у сє бєсты рєсугъд, сє бєсты фидауц єнамонд сєфтєй кєй сєфы, ємє уый тыххєй сау дарынц; уымє гєсгє сау рацагъта алчи йє хєдзар. Лєг ныхъхъус, артдзєсты йє цєстытє ныццавта ємє йє дзырды сєрєй йє дзырды кєронмє йє сєр не схъил кодта, єндєрырдєм нє фєкаст. Сауи исдуг цавддур фестад, стєй уыцы иу стъєлфт фєласта йє бынатєй, карды сєрыл фє- хєцыд ємє фєхъєр кодта: — Ау, ємє ує хъєуы иу лєг нє разынд, адємы сєрыл йєхи чи ’рхастаид ємє єлдары чи амардтаид, ахєм? Фысым єрмєст йє былтє базмєлын кодта худєгау. — Иу нє, фєлє йє ємхуызонєй дєр бєргє амариккам, єрмєст ын мєлєт нєй, цалынмє залиаг калм амєла, уалынмє. Сауи ницыуал сдзырдта, йє гєрзтє єрбабаста, йє сырдты йемє айста ємє хохы рєбынмє бацыд. Абєрджытє кодта хохы сєрмє ссєуєнтє; уалынджы хъєу- гєронєй уынєр, кєуын ссыди: адємєй рахибар чызг ємє хохы рєбынмє єрба- цєуы, йє цєсгомєй хуртє ємє мєйтє кєсы, ахєм рєсугъд у. Куы ’рбахєццє чызг ємє куы федта лєппуйы єдгєрзтє, уєд йєхинымєр ахъуыды кодта: «євєц- цєгєн ай у залиаг калмы адємєй ємє йє мє размє рарвыста». Уыцы хъуыды- тєм гєсгє дзуры лєппумє: 5 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 65
— Цєй, кєм и фєндаг, уый амон. — Єз дєр фыццаг хатт дєн ацы ран, фєлє цом — фєндаг ссардзыстєм. Царды фєндаг ссарын зын у, сєфты фєндаг ссарын та тынг єнцон у. Чызг фембєрста, фефсєрмы ис. — Иу єгъгъєд у; ды лєвар сєфтєн євгъау дє, — лєуу фєлтау. — Дє хуызєн рєсугъд чызджы тыххєй иу лєппу куы фесєфа, уєд уый хабар дєр нєу, — загъта лєппу ємє араст разєй. Чызг куы базыдта, лєппуйы раздахынєн ницы амал ссардзєн, уый, уєд йє фєдыл схєрд кодта. Хохы цъупмє єххєст не схєццє сты, афтє уєхскауыл зали- аг калмы хєдзар, хєдзары дуармє стыр дур, дурыл фыст: «Ацы дур чи афєлдаха, уый залиаг калмы амарын дєр бафєраздзєн. Дуры куы афєлдахай, уєд дуры бын цад ємє цады дєхи ныннай, уєд дын калмы тєф дєр ємє туг дєр ницыуал тых бакєндзысты». Лєппу фыст куы бакаст, уєд дуры фесхуыста, ємє комы йє зыв-зыв ссыд. Дуры бын — цад, ємє дзы Сауи йєхи анадта, стєй хєдзармє бацыдысты, ємє калм уым нєй: уыцы афон уый цъитийы сєр хъазынмє вєййы. Сауи йын йє лєсєн сбєлвырд кодта ємє иу стыр айнєджы сєрмє йєхицєн былмє єввахс бынат єрцахста, рувас йє цуры чысыл уєлдєр, иннє сырдтє та хєдзары алы- фарс хъахъхъєнынц. Чызг хєдзары афынєй адєргєй. Хур дзєвгар акъул, афтє калм уєлбылєй ракаст ємє хъєр кєны: — Мє гуыбын цинєй мєлы, иуы бєсты авдєй кєй ссыдыстут, уый тыххєй. Калм йєхи раскъєрдта уырдыгмє єхситгєнгє. Йє дымгє къєдзєхтєй фєр- чытє тоны. Дурты гыбар-гыбурєй ємє калмы єхситтєй адєймаджы хъустє къуыр- ма кодтой. Сауи йєхи барєвдз кодта, кард суєлєнгай кодта ємє йын аивєй йє сєрыл хєцы, сє ныхас куыд уыди, уымє гєсгє, рувас калмы размє рауад, йє къєдзил ацъыллинг кодта ємє йє фєсайдта. Калм рувасмє йє сєр куыд фєхъил кодта, афтє йє Сауи кардєй ныцъцъыкк ласта ємє сєр атахт. Калмєн йє сєр йє уєлє нал, уєддєр ма йєм лєсы. Сауи дєр, гъе-мардзє, цъыччытє самадта. Калм єм куыд лєсы, афтє Сауи дєр кєрды. Нырриуыгъы Сауи, ємє та калмєй дзєвгар хай былєй асхъиуы. Уыцы хуы- зєнєй Сауи фєкарста фєсахсєвєртєм, цалынмє йє къєдзилы кєронмє ахєццє, уєдмє. Иє хид портийє калд, йє лєф-лєф, раст цыма Куырдалєгоны куырда- дзы куынцєй дымдта, уыйау цыд. Куыддєр фєци Сауи, афтє йєм рувас базгъордта, ємє йын йє сєры алыфарс йє къєдзил сцырын кодта ємє йын уайтагъд йє сєр ауазал кодта. Ныццыд Сауи айнєджы бынмє, сєрєй євзєгтє ракєнон, зєгъгє, ємє сєр єппєты бынєй фєци. Калын райдыдта фєйнєрдєм калмы кєрдєнтє. Суанг хурыскастмє йын нє фесты єхсєв-бонмє калд. Сєр сласта, йе ’взєгтє йын ракодта, къухмєрзєны сє бабаста, йє дзыппы сє нывєрдта, хєдзармє ссыд, цады та йєхи ныинадта, ныссыгъдєг кодта, чызджы рахуыдта ємє рараст кодтой хъєумє. Єрхызтысты фєзмє ємє фєцєуынц хъєуы ’рдєм. Хъєугєронєй сє куыддєр ауыдтой, афтє хабар уайтагъд айхъуыст хъєуыл, ємє адєм сє размє ныххєррєтт кодтой. Сауи равдыста адєммє калмы євзєгтє, йєхєдєг йє сырд- тимє с’ астєуєй агєпп кодта ємє єлдары кєрты балєууыд. Єлдар єй куы ауыд- та, уєд къєсєрыл алєууыд: — Чи куыдз, чи хєрєг, мє кєртмє євастєй чи ’рбацыд? — Куыдз дєр дєхєдєг ємє хєрєг дєр, — зєгъгє, йыл йє сырдты ацардыдта ємє йєм базгъордтой, къєхтыл фєйнєрдєм ахєцыдысты ємє фыранчы дзєм- быты йє иу єрдєг аззад, арсмє — иннє, уыцы хуызєнєй адємы астєу бамидєг 66
сты. Стєй уєд Сауи баздєхт ємє єлдары фос єрємбырд кодта, хєзнатє ракалд- та ємє сє мєгуыр адємєн байуєрста. Чызгєн йєхи дєр тынг куыд фєндыд, уымє гєсгє йє адєм ємхуызонєй саккаг кодтой Сауийєн. Уымєй стырдєр лє- вар, уымєй єхсызгондєр Сауийы ницы хъуыд, ємє йє усєн єрхаста. Адєм стыр цин фєкодтой, стыр куывдтє фєкодтой Сауийы цєрєнбоны тых- хєй. Адємы арфєимє, адємы уарзондзинадимє Сауи цєрын байдыдта уыцы хъєуы йє рєсугъд усимє. Адємы дзєбєхдзинадмє кєсгєйє хъєлдзєг уыдаид, бєргє, йе ’фсымєрмє йє зєрдє куы нє ’хсайдтаид, уєд. Йе ’фсымєры агу- рынмє уайтагъддєр хъуамє ацыдаид. Адєм кєд фырцинєй рєзыдысты, сє зєххытє кєй суєгъд сты, ууыл, уєд- дєр єнє суг, єнє хъєддзаумайє тынг тыхстысты. Сє хъєуы єддейє цы стыр тар хъєд зынд, уырдєм ничи уєндыд. Чидєрид- дєр-иу бацыд уыцы хъєдмє, фєстємє-иу нал єрыздєхт. Бирє хъєбатыр адєм єм фєфєлвєрдтой, фєлє иууылдєр уым фесєфтысты: фєстємє дзы хабар нє фєци. Єнє уыцы хъєд бабєрєггєнгєйє Сауи йє сєрмє нє хаста йєхи хъуыд- даджы фєдыл ацєуын, — Будзийы агурынмє. Бирє хєттыты-иу сфєнд кодта Сауи Хъєдмє цєуын, фєлє йє адєм нє уагътой, йє ус дєр єй къуылымпы кодта. Иу бон куы уыд, уєд йє гєрзтє бабаста, йє сырдты йемє айста, ємє йє усмє дєр нал байхъуыста, адємєй дєр хатырдзинад ракуырдта ємє араст хъєдмє. Адєм чысылєй, стырєй йє фєдыл ацыдысты хъєды кєронмє. Хъєды кєрєтты цыди дон, доны сєрты хид, ємє адєм хиды хъусыл ныллєууыдысты. — Єртє бонмє куы нє фєзынон, уєд-иу мєм єнхъєлмє мауал кєсут, — загъта адємєн Сауи. — Хєрзбон, — загътой кєрєдзийєн, хидыл бахызт, хъєды кєронєй бауад, ємє хъєды рєсугъд лєгъз фєндаг къєдз-мєдзытє бахаста. Фєцєуы фєндагыл Сауи, ємє иучысыл куы бауади, уєд йє размє иу саг февзєрд ємє фєндаг- фєндаг алыгъд. Сауи йє фатєй куыд фєцєйєхста, афтє саг зилєны аууон фєци. Сауи йє фєдыл базгъордта ємє та йє ауыдта, бєргє, фєлє та йє єхстмє нє баййєфта: саг та фєаууон ис. Афтєгай-афтєгай Сауи изєрмє фєцыд саджы фєдыл. Изєрєй саг фесєфт. Єризєр и. Сауи дєр тынг бафєллад. Кєсы, ємє йє разы фєндаггєрон иу стыр бєласы бын єртуат. Сауи сугтє рамбырд кодта, схон ємє зныгъ фелвєста йє чъиссайє, зынг єрцагъта ємє дынджыр арт скодта. Ныр баталынг и. Сауи єхсє- виуат кєнын сфєнд кодта уыцы ран, йєхи єруагъта арты фарсмє, йє сырдтє дєр йє цуры хуыссынц. Уалынмє хъусы, ємє бєласы сєрєй цєйдєр зыр-зыр цєуы. Сауи йє сєр фєхъил кодта, бєласы сєрмє скаст ємє арты рухсмє ауыдта: иу зєронд ус бєласы цонгыл бады ємє йє гєртт-гєртт цєуы. — Цы дє, цавєр дє? — зєгъгє йє фєрсы Сауи. — Уазалєй баргъєвстєн ємє мє дє артмє мєхи тавын бауадз, — дзуры ус. — Уыйас дєр куы тавис дєхи. Єрхиз дєлємє. Сауи фестад, арты сугтє бакалдта ноджыдєр, стєй усєн бєласы рєбын бадєн єрцєттє кодта. Зєронд ус єрхызт чысыл дєлдєр ємє уым єрлєууыд. — Дє цуанєттєй нє уєндын, ємє дын гъа мєнє сыфтєр, ємє сын сє бырынчъытє уымєй ракъуыр: сыфтєр мє къухєйдзаг у ємє мыл уєд кєд аца- хуыр уаиккой. Сауи сыфтєр райста зєронд усы къухєй, йє сырдтєн сє бырынчъытє ра- 67
къуырдта, ємє сырдтє гыццыл тымбыл уирагдуртє фестадысты. Ус ын йєхиуыл дєр сыфтєр єрєппєрста, ємє Сауи дєр ахєм дур фестад. Стєй ус єрхызт, дурты йє раздарєны сєвгєдта ємє сє иу лєбырды былмє ахаста над къахфєн- дагыл. Лєбырды бын стыр цєнд ахєм уираг хуыртєй, ємє зєронд ус ацы дурты дєр уырдєм фехста. Цєнд цъупп куыд уыди, уымє гєсгє фєстаг дуртє йе ’ддаг кєронмє єртылдысты. Адєм єртє боны ємє єртє єхсєвы хиды хъусєй змєлгє дєр нє фєкодтой. Куы нє разынд Сауи йе ’мгъуыдмє, уєд, цыма алкємєн дєр йє бинонты дзє- бєхдєр амард, уый куыд фєкодтой ємє єрбаздєхтысты сє хъєумє. Ємхуызо- нєй дєр хист скодтой, стєй уєд алчи йє куысты сєр єрлєууыд. Будзи бирє бєстєтыл фєзылди. Стыр хъєбатырєй, стырхъаруджьшєй равдыста йєхи адємєн. Дзыллєтыл айхъуыст йє ныфс, йє тыхы кой; дзыллєтєн баззад йє ном арфєйагєн. Уыцы хуызєнєй иу бон єрымысыд йе ’фсымєры. — Бабєрєг єй кєнон, — загъта Будзи ємє єрцыд хъєды астєу єрдузмє, сє мусонгмє. Бакаст кардмє ємє Сауийы ’рдыгєй фарс сырх-сырхид афєлдєхт згєйє. Карды буарєй ма єнє згєхєрд ранєй-ран єрттывта. Фєзылд уырдыгєй, ємє Сауи чердєм ацыд, уыцырдєм згъорын байдыдта ємє уайтагъд быдырмє рагєпп ласта. Лєгъзы цєуын байдыдта, цєуын байдыдта ємє иу афоны хъєумє дєр бахєццє, уєдє цы уыдаид. Хъєубєстє куы ауыдтой — иу лєг єд сырдтє єрба- цєуы, уый, уєд єй Сауи фєхуыдтой ємє дзыллє єгасєй дєр йє размє ракалды- сты. Ноджы хуызєй дєр, асєй дєр дыуує фаззоны афтє ємхуызон уыдысты, ємє ивддзаг фєуыдаиккой. Уым цинтє, хъєбыстє самадтой. Уайтєккє куывд, хъазт єрбацарєзтой, ємє адєм хъєлдзєгєй хъєлдзєгдєр кодтой, Будзи та єнкъардєй єнкъарддєр. Ємбаргє лєппу, ємє адємєн сє фыццаг сныхасыл фембєрста, Сауи йє кєй хонынц, ємє къаддєр дзургє, фылдєр хъусгє, афтє- мєй хъуыддаг євзарын байдыдта. Уалынмє куы анызтой, уєд Будзимє дзурынц: — Мах ма дыл зарєг дєр скодтам. Кєд дє фєнды, уєд єм байхъус. Ныззарыдысты ємє, Сауийы хабєрттє цыдєриддєр уыдысты, уыдон сєрєй бынмє иууылдєр зарєджы ракодтой. Залиаг калмы куыд амардта, єлдарєй сє куыд фервєзын кодта, зєххытє сын куыд суєгъд кодта, хъєды куыд фесєфт, єртє боны йєм куыд фенхъєлмє кастысты, хистытє йын куыд фєкодтой, йє рєсугъд ус йє фєдыл алы бон йєхи куыд мары — уыдон ын иууылдєр зарєджы рєсугъд, худ євєрды хуызєн, радзырдтой. Бирє куы фєхъазыдысты, куы фєкафыдысты, уєд Будзи изєрєй, мє къєхтє стєппєлттє сты, зєгъгє, йє дыуує дєлармы бын дыуує лєппуйы ныххєцын кодта, ємє йє уыдон Сауийы хєдзармє схєццє кодтой. Сауийы ус ын йє къєхтє ахсадта, уат ын єркодта, ємє Будзи схуыссыд. Ус хєдзар бафснайдта, йє дзау- мєттє раласта ємє Будзийы фарсмє йєхи куыд єрцєйуагъта, афтє Будзи фе- хъал, къулєй кард райста ємє йє хуыссєны авєрдта йєхицєй усы астєу. Ус єй фєрсы: — Цы кєныс, дєхимє мє хєстєг цєуылнє уадзыс? — Єз радтон дзырд: цалынмє хъєд бынтондєр ссыгъдєг кєнон, уєдмє мын ныссабыр нєй, зєгъгє. Райсом цєуын ємє йє єххєст куы ссыгъдєг кєнон, уєд раздєхдзынєн фєстємє. Ницыуал сдзырдта ус, ємє схуыссыдысты: кардєн йє иу фарсырдыгєй Бу- дзи, иннєрдыгєй — ус. Бон куыддєр фезмєлыд, афтє фестад Будзи, йє сырдты айста ємє хъєдмє 68
араст. Бахызт хидыл, фєцєуы фєндагыл хъєды, ємє та уымєн дєр саг йє размє фєци. Фєхъавыди йєм, ємє саг фєаууон. Ауыдта та йє, ємє єхстмє нє лєууы. Бамбєрста хабар Будзи. Саджы фєдыл цєуы, алырдєм цєстызул дары. Изєрєй та саг єрбайсєфт. Будзи дєр та єртуат федта. Кєсы, ємє єртуаты цур бєласы єнцой иу єрдын, єркаст єрдынмє, ємє йєхи єрдыны ємбал, Сауийы єрдын. Базыдта Будзи, йе ’фсымєрыл ам цыдєр бєллєх кєй сємбєлд, уый. Арт скодта, сбадт арты фарсмє ємє аивєй хъахъхъєны алырдєм. Иучысыл абадт арты фарсмє, афтє та усы сыф-сыф ссыд бєласы сєрєй. — Чи дє, цы дє, уым цы архайыс? — схъєр кодта Будзи. — Ихєнєй фємєлын ємє мє дє артмє тавын бауадз. — Єрхъуытты у дєлємє, кєд дын ихєн у, уєд. Чи дє нє уадзы дєхи тавын? Зєронд ус єрхызт, бинаг къалиуыл єрлєууыд, иу сыфтєр дары Будзимє ємє йєм дзуры: — Гъа, мєнє ацы сыфтєрєй дє цуанєтты былтє ракъуыр, науєд мыл фє- хєцдзысты. Будзи бамбєрста хин, цыма сыфтєр иста, уыйау єм сєвнєлдта, усы къухмє фєлєбурдта, єриста йє дєлємє, йє быны йє ракусарт кодта ємє йын йє хур- хыл кард єрбавєрдта. — Тагъд, ме ’фсымєр кєм и, уый мын зєгъ, науєд дє єргєвдын. — У-у, ма мє амар! Де ’фсымєр кєм и, уый дын зєгъдзынєн, єрмєст дє мад ємє дє фыдєй басомы кєн, куыд мє нє амардзынє. — Мє фыды рихийє дын сомы кєнын, нє дє амардзынєн, кєд дє фєсайон, уєд мын мє мады єхсыр туг фестєд. Зєронд ус баууєндыд ємє загъта: — Мєнє ам къахвєндагыл куы ацєуай, уєд ахєццє уыдзынє иу лєбырдмє, уым чысыл уирагдуртєй цєнд ємє дзы де ’фсымєр, стєй ма де ’фсымєры хуы- зєттє бирє. Алды бєласєн йє цєгатфарсырдыгєй цы сыфтє зайы, уыдонєй кєй- дєриддєр ракъуырай, уый чысыл уирагдур фесты, йє хуссарварс сыфєй йє куы расєрфай, уєд та цы уыд, уый фєстємє фесты. Будзи єнєхъєн къалиу ракодта бєласы цєгатварсєй, усы дзы єркъуырдта ємє къахвєндагыл ус уирагдур фестад, хуссарварс сыф ратыдта, уымєй йє ра- сєрфта, ємє та ус, куыд уыд, уыцы хуызєн фестад. Цинєй амард лєппу, дзуры йє сырдтєм: — Єз сомы бакодтон ємє йє нє амардзынєн, фєлє сымах та цы ми кєнут? Сырдтє йєм фєлєбурдтой ємє — дє балгъитєгыл уый ми куы єрбамбєлид: фыранчы хъєбысы усы сєр аззад, арсы дзємбыты йє иу єрдєг, бирєгъы дзыхы йе ’ннє ’рдєг. Будзи єнєхъєн къалиу ракодта бєласєй, къахвєндагыл ацыди ємє цєндмє ныххызт. Расєрф-басєрф кєнын байдыдта, алыхуызєн дзєбєх адєм уырдыгєй гєпп кєны, ємє чи куыд йє хуыз ары, афтє лидзы хъєдєй. Єппєты фєстє, єддаг кєронєй куыд уыд, уымє гєсгє, райгас Сауи йє сырдтимє. Дыуує єфсы- мєры кєрєдзийыл сєхи ныццавтой ємє фырцинєй сє дзыхы ныхас дєр нал єфтыд. Єппынєрєджиау Сауи загъта: — Цєй, нє хабєрттє кєрєдзийєн фєдзурдзыстєм нєхимє, ныр уал мын, єрмєст куыд єгъдауєй мє ссардтай, уый радзур. Цєуынц ємє Будзи цєугє-цєуын дзуры, — карды фарс куыд сызгє, хъєумє куыд бафтыд, адєм єй Сауи куыд фєхуыдтой, Сауийы хуыссєны куыд схуыссыд. Сауийы ус йє фарсмє дзаумаластєй куыд єрхуыссыд... 69
Куыддєр усы ’рхуысты хабар загъта, афтє Сауи кард фелвєста ємє йе ’фсы- мєры сєр ахауын кодта, йєхєдєг єм кєсгє дєр нал фєкодта, кард ныссєрфта йє фєдджийє ємє араст йє фєндагыл єд сырдтє. Будзийы сырдтє марды уєл- хъус сбадтысты ємє йє хъахъхъєнынц. Фєцєуы Сауи ємє йєхинымєры хъуы- дытє кєны: «Ус ссаргє у, фєлє єфсымєр ссаргє куынє у». Фєфєсмон кодта йє хъуыддагыл ємє раздєхт фєстємє. Єрбацыд марды размє ємє бадынц єнкъардєй йє алыфарс. Иудзєвгар куы абадтысты, уєд тєрхъустєй иу хєрдмє фєхауд. Фєрсынц єй, — цы кодтай, зєгъгє. Тєрхъус загъта: — Мє цєрєнбоны мє сєрмє зонд никуы ’рцыд, фєлє ныр єрхъуыды код- тон: цымє бєласєн йє сыфты уыйбєрц хъару кєм ис, уым йє уидаг ницємєн сбєззид? Куыддєр дзырд фєци, афтє иннє тєрхъус асенк ласта, бєласмє бахєццє, хыбар-хыбур, хыбар-хыбур ємє уайтагъд уидагєй иу къєртт єрбахєццє кодта. Уидаджы донєй айсєрстой лыгтє, сєр йє бынаты авєрдтой, ємє сєр аныхєсти. Будзи йє къєхтыл алєууыд... — Фєсмон фєкодтон мєхєдєг, бахатыр мын кєн ды дєр, — загъта Сауи. Будзи ахъуыды кодта ємє дзуры: — Мєхимє дєр бирє уыди ахєм єваст хъуыддєгтє. — Кєрєдзийєн ныхъхъєбыстє кодтой ємє араст сты хъєумє. Будзи ра- дзырдта Сауийєн, куыд єгъдауєй фєхуыссыд йє усы фарсмє, уый. Єрцыдысты хъєумє. Єцєг ємбисонды куывдтє фєкодтой дзыллє. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 313— 323. БАЙРАГ Рагима-раги цардєй єхсєз єнсувєри. Євдєймагєн 6а син райгурдєй бай- раг, фал є къахбєл нє рауадєй. ’Ма син къєсибадєг уосє уотє байамудта: — Ес еу рєсугъд кизгє, ’ма ’й гъеуомє фєлласетє. Ечи кизгє уин єй исдзє- бєх кєндзєй. ’Ма’й фєлластонцє и кизгємє, баймєдзурдтонцє, ’ма сємє рацудєй. ’Ма и кизги байраг ку раидта, уєд уєрдунєй рагєпп кодта ’ма никкафта. Уєд син и кизгє уотє дзєгъуй: — Ачи изєрєй мєнмє уагътє, сєумє 6а ’ймє єрбацєудзиайтє. — ’Ма ’й е ’нсувєртє ниууагътонцє уоми. Сєумє єнсувєртє ку єрбацу- дєнцє се ’нсувєр-байрагмє, уєд син и кизгє єхе корун кодта байрагєн. Фиццаг єнс}пвєртє нє арази кодтонцє, фєстагмє бафедудтонцє, ’ма ’й єрх}’д- тонцє. Сєхемє єрцудєнцє ’ма цєрун байдєдтонцє. Уєд дин еу сєумє кєстєр киндзє хестєр киндзити мєтъєлєй фєййидта ’ма сємє дзоруй: — Цєбєл мєтъєл айтє, єви, ує лєгтє цауєни ке рандєнцє, е уин зин адтєй? ’Ма ин етє 6а: — Дєу 6а чи гъуддаг ес, мах ма лєгти хєццє ку цєрєы, ду 6а, є бон кємєн нечи ’й, уєхєн байраги хєццє ку цєри. ’Ма син и кизгє уотє: — Єз уин єй фєййинун кєндзєн, ке хєццє цєрун. Ку єрєхсєвєй, уєд байраг є цар єргєлста ’ма рєсугъд лєхъуєн феста- дєй. И кизгє баздагъдєй ’ма сосєгєй ин є цар басугъта. И сугъди смагмє 70
лєхъуєн фегъалєй, ’ма ’й ку рауидта, уєд ин хъєбєр зин адтєй. Чъеу фестадєй ’ма ратахтєй, єрмєст ма є уосємє исдзурдта: — Ку мє агорай, уєд мє аргъуди мєсуги иссердзєнє. Сєумєй кизгє єхе исрєвдзє кодта, ’ма цауєни си кєчи єнсувєр цудєй, уой райста ємбалєн ’ма рандєй агорунмє. Ка ’й зонуй, цєйбєрцє фєццудєнцє, фал сєбєл рамбалдєй бєхгєс е ’ргъауи хєццє. ’Ма ’й и кизгє бафарста, ке бєхгєс єй, уобєл. Бєхгєс исдзуапп кодта: — Цауєйнон Хасани. Фєццєунцє идарддєр ’ма сєбєл рамбалдєй гали єргъау, фусти дзогє, ’ма етє дєр адтєнцє цауєйнон Хасани. Уєд дин бахъєрттєнцє Хасани хєдзарємє, ’ма дин кєсунцє, тургъи бастєй лєудтєнцє дуує хєрєги. Хасанмє бадзурдтонцє ’ма сємє рацудєй. Хасан иуазгути медєгмє бахудта, хуєруйнаг син ниввардта. Етє цалинмє хуардтонцє, уєдмє Хасан є хабєрттє ракодта. —Адтан лєг єма уосє, дзєбєх цардан, єз цауєни хаттєн. Еу бон мє уоси мєтъєлєй єрєййафтон ’ма ’й бафарстон, цєбєл мєтъєл дє, зєгъгє. ’Ма мин загъта: «Еунєгєй байзайун ’ма мин е зин єй». Иннє сєумє ба ’й мє хєццє рахудтон, рамардтан саг єма рєубес. Саг єз хастон, е 6а рєубес хаста, ’ма еумє цудан. Уєд нєбєл уєйуг рамбалдєй, ’ма мє уосє рєубеси уомє равардта, цємєй єй е хастайдє. Уєд фєстегєй изайун райдєдтонцє, ’ма мє нєбал єййафтонцє. Нєхемє єрбахъєрдтан, ’мє мє уєйгутє єнай-єнойти бєттєнєй єрбабастонцє, сєхуєдтє и фид бахуардтонцє, мєнєн ба єстгутє єркалдтонцє. Хуссун афон ку ’рцудєй, уєд мєн гъєфсєй єртъєпп кодтонцє, ’ма куй фестадтєн, сєхуєдтє 6а ниххустєнцє. Єз дєр єхсєвє ралигъдтєн. ’Ма еу уоси хєдзарємє бацудтєн ’ма ин є кєрджин фунукєй райстон, хуєрун єй ку байдєдтон, уєд мє и уосє єрбайй- афта, фал мин мє къєбєр нє райста, ’ма и уосємє цєрун байдєдтон. Фиййєуттє мє базудтонцє ’ма мє фусгєсєн ракурдтонцє. Фєммєластонцє, уосонги фарсмє мє бабастонцє ’ма мин цєлє никкодтонцє. Уєд єхсєвє еуєндєс берєгъи нинни- удтонцє: «Уа, Хасан, не ’рисхъє нин нє хъурєй ку сластай». Ма сємє бадзурд- тон: «Рауайтє, єз дєр ма уин ємбал». Сє фустє син ниццагътонцє, сєумє 6а мє ратардтонцє. Єрцудтєн и уосємє, ’ма бабєй мє єндєр фиййєуттє ракурдтонцє. Етє ба мє уєрдуни ниввардтонцє, єрбамєластонцє, хуарз мин бахуєрун код- тонцє. Изєри бабєй фєззиндтєнцє берєгътє, ’ма сємє радзурдтон, рауайтє, єрмєст еугєйттєй. Сєумє фиййєуттє ракастєнцє, ’ма фєййидтонцє берєгъти кєрє. ’Ма мє нєхемє єрбаластонцє и уосємє. И уосє мин дзагъта еухатт 6а: — Мєнмє дин дзєбєх бєргє й, цауєйнон Хасан, фал куййєй кєдмє хєтдзєнє. Уєхемє фєццо, ’ма, дє уосє ’ма уєйуг ку ниххусонцє, уєд багъузє ’ма тьєфсєй дєхе єркъуєрє ’ма лєг фестдзєнє. Уонєн 6а, чи дє фєндєуа, уой кєндзєнє. — Єз дєр уотє бакодтон. ’Ма, єндеггєй чи дуує хєрєги лєудтєнцє, етє єнцє мє уосє ’ма уєйуг. Хасан є тауєрахъ ку фєцєй, уєд ин силгоймаг є хабєрттє ракодта, ’ма ’й бафарста, кєми ’й ечи мєсуг. Хасан ниссагъєси ’й ’ма ин дзагъта: — Єз єй нє зонун, фал мє мади хуєрє цєруй минкъий изолдєр, ’ма уой бафєрсє. Мє мади хуєрєн є къахбєл сункъє ес ’ма ’й сосєггай фєкъкъєртг кєнє, уой фєсте дєхе баримєхсє, цалинмє дин є хуєри соми ракєна, уєдмє дєхе ма бавдесє. Ку расоми кєна, уєдта ’ймє дєхе бавдесє. Бадєримєхсдзєй, цалинмє е ’ртє ф}фти єрбатєхонцє, уєдмє. Хестєр ф)фт кєнуй арвбєл єртє зилди, астєук- каг — єхсєз, кєстєр — фараст зилди. Єнсувєрти мєсугбєл бафєрсдзинайтє. Хасан, куд загъта, и кизгє уотє бакодта. Кєстєр єнсувєр єй зудта, аргъуди 71
мєсуг кємий, уой. Є рагъбєл єй исбадун кодта ’ма ’й фєххаста мєсугмє. Мєсу- ги рази ’й єривардта ’ма ин дзагъта: — Дє лєг ку єрбатєха, уєд имє дєхе ма бавдесє. Є фунєй ин бахезє, уєдта ’й райахєсдзєнє. Ку дє фєййина, уєд фондз анзи нєбал єрбатєхдзєнєй. Сєумє 6а дємє єз єрбатєхдзєнєн. Уєд и чъеу єрбатахтєй ’ма ниххустєй. И кизгє ин є фунєй кєнун нє бахизта, ’ма ’йбєл єхе ниццавта. ’Ма ин ратахтєй, фондз анзи нєбал разиндтєй, уой фєсте 6а єрбатахтєй фєстємє, ’ма ’й и кизгє хизта, ку ниффунєй єй и чъеу, уєд єй райахєста, ’ма ин лєг фестадєй, уой адєбєл є лєги иссирдта. ’Ма ма нур дєр цєрунцє. Мах уони куд нє фєййидтан, уотє єнєнезєй цєретє. Радзырдта йсе Темираты Нафизат, 65-аздзыд, 1977 аз, Цыкола. Ныф- фыста йсе Хуадонты Л. М. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1977 аз, 58 №. КУЫРЫСМЄДЗОДЖЫ АРГЪАУ Раджыма-раджы цардис лєг ємє ус. Цот сын нє уыдис, ємє цоты бєсты дардтой кєрчытє. Сє кєрчытыл сын цєргєс сагъуыдис ємє сын сє иугай-дыгай хаста. Ус смєсты ис, йє лєгєн загъта: — Є, дє бинонтє амєлой, цотєн дєр нын уыдон куы сты ємє фосєн дєр, уєд уый фєтєрсын кєнынєн нє дє! Иу бон цєргєс куы єртахтис, уєд єй лєг марынмє хъавыд ємє йєм топп куы фєдардта, уєд єм цєргєс дзуры: — Ма мє амар, дє дзєбєх дын нє ферох кєндзынєн. Дыккаг бон дєр та єртахтис ємє та йєм лєг топп радавта. Цєргєс та йєм дзуры: — Ма мє амар. Лєг та йє ныууагъта. Єртыккаг бон дєр та єртахтис ємє та йє лєг фєцєй- мардта, Цєргєс та йєм дзуры: — Абон-ма мє ма амар, уыййеддємє дєм никуыуал єртєхдзынєн. Ємє та йє лєг ныууагъта. Стєй йєм цыппєрєм бон єртахтис ємє йын загъта: — Гъеныр єрбабад мє базырты сєр ємє цом! Лєг йє базырты сєр сбадтис ємє атахтысты. Цєргєс єй иу айнєджы сєр єрєвєрдта ємє йын афтє: — Гъеныр дє ам уадзын! Лєг загъта: — Ам мє куы ныууадзай, уєд цы фєуыдзынєн, ардыгєй куы ахауон, уєд мын халон ме стєг дєр нал ссардзєн. Цєргєс загъта: — Уєдє ды мєнмє топп куы радавтай, уєд мєнєн дєр афтє хъыг уыдис. Цом та ныр, — загъта цєргєс, — дарддєр. Систа йє ємє та йє бирєгъты єрдонджы цур єрєвєрдта. Ємє та йын загъта: — Гъеныр дє ам уадзын. Лєг та йын афтє: — Ємє мє адон куы бахєрой! 72
Цєргєс загъта: — Ды мєнмє топп куы радавтай дыккаг хатт, уєд мєнєн дєр афтє хъыг уыдис! Дарддєр та цом, — зєгъгє, йє ахаста, цъєх айнєджы сєр єй єрєвєрдта ємє йын загъта: — Гъеныр ам лєуу. Лєг йє цєссыгтє єркалдта ємє загъта: — Ныр ам куы фєбырон, уєд цы фєуыдзынєн?! — Цєй, ныр мауал тєрс, — загъта цєргєс. Ахаста ємє йє йє хистєр хойы хєдзары цур єрєвєрдта. Йє хо сєм рауад, мидємє, зєгъгє. Цєргєс ын афтє: — Кєд дє ехс євдєлы, уєд нын єй авєр. Уымє та уыдис ахєм ехс, ємє дзы дзыхєй цыдєриддєр загътаис, уый-иу фестадаид дє цуры... Йє хо йын загъта: — Ємє ма мєхєдєг та цємєй цєрон? Уырдыгєй рацыдысты ємє та йе ’ннє хойы хєдзармє бацыдысты. Уый дєр сєм дзуры: — Рацєут ємє исты бахєрут. Цєргєс загъта: — Хєргє ницы кєнєм, фєлє дєм къухдарєн амонынц ємє нын єй ратт. Кєд єй нє дєттыс, уєд цєугє кєнєм. Хо загъта: — Ємє ма мєхєдєг та цємєй цєрон? Уырдыгєй дєр та рацыдысты ємє йе ’ртыккаг хомє куы бацыдысты, уєд сє уый дєр хорз федта ємє сын радта йє сєрбєттєн. Уый ахєм сєрбєттєн уыдис, ємє дзы-иу, цот чи нє кодта, ахєм ус йє сєр куы бабастаид, уєд ын-иу цот рацыдис. Уырдыгєй йє цєргєс рахаста ємє йє сєхи доны был єрєвєрдта ємє йын загъта: — Уєртє дє хъєу ємє куыддєр бацєуай, афтє дын лєппу райгуырдзєн. Цєргєс лєджы доны был ныууагъта, лєджы хуыссєг єрцахста ємє уым бафынєй. Донєй куырысмєдзог лєг сбырыдис ємє йын йє сєрбєттєн адавта. Лєг куы райхъал, уєд ма сєрбєттєн агуырдта, фєлє ма кєм уыдис сєрбєттєн. Лєг єрдиаг кєнын байдыдта, уєд єм донєй куырысмєдзог дзуры: — Хорз лєг, цы агурыс? — Сєрбєттєн мєм уыдис ємє мын кємдєр ахаудта. Куырысмєдзог лєг загъта: — Уый дын мєнмє ис ємє дын єй куы раттон, ємє дын лєппу куы райгуы- ра, уєд лєппуйы кєд йє афєдзы бонмє єрхєсдзынє, уєд дын єй дєттын. Лєг загъта, єрхєсдзынєн, зєгъгє, ємє йын єй радта. Лєг куы єрбацыдис, уєд сын лєппу райгуырди. Лєг ыл мєт кодта, ус та йыл цинєй мардис. Иу єхсєв сєм куырысмєдзог лєг бадзырдта. Лєг рауадис ємє йын загъта, йє афєдз нєма у, зєгъгє. Лєг фєстємє куы бацыдис, уєд єй ус нал уагъта: — Цы дє кодта уыцы лєг? Лєг та йын єй хъєр нє кодта. Дыккаг єхсєв дєр та сєм бадзырдта. Лєг єм рауадис ємє та йын загъта: 73
— Райсом дын єй фєхєссын. Нє та йє ныххаста, ємє та сєм єртыккаг єхсєв дєр бадзырдта: Лєг загъта: — Райсом єй фєхєссын. Уатмє куы бацыдис, уєд єй ус нал уагъта: — Цы дє кодта? Лєг ын хабар радзырдта, ємє ус йєхи кєуынєй мардта. Райсом лєг йє усєн афтє зєгъы: — Лєппу нын афтємєй нє бакомдзєн, чъиритє куы нє скєнєм ємє куывды цєуєм, зєгъгє, йє куы нє басайєм, уєд. Ус чъиритє скодта ємє йє афтємєй расайдтой доны былмє. Ныццыдысты ємє уым скуывтой. Стєй лєг лєппуйєн афтє: — Ды ам лєуу, єз уєлє уым дон аназон. — Лєг уєлємє ссыдис, куырысмє- дзог лєг лєппуйы аскъєфта, мєгуыр лєг та кєугє сє хєдзармє ссыдис. Куырыс- мєдзог лєг ємє лєппу доны бын куы фєцєйцыдысты, уєд йє фыдимє хєлар чи уыдис, ахєм лєг сыл амбєлд ємє загъта: — Кємє цєуыс, уымєн ис дыууадєс чызджы ємє дын зєгъдзєн, уыдонєй дє кєцымє фєнды, уымє бацу, зєгъгє, ємє-иу кєройнаг уатмє бацу. — Лєппу ємє лєг куы ныххєццє сты, уєд лєг загъта лєппуйєн: — Кєцымє дє фєнды, уымє бацу. Лєппу кєройнаг уатмє бацыдис, ємє йын чызг загъта: — Ацу ємє дєхи цєхс, стєй дадамє бацу ємє йын афтє зєгъ: «Де ’зєр хорз уєд, дада, фєлє мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин». Лєппу йєхи цєхсадта, лєгмє бацыд ємє йын загъта: — Де ’зєр хорз уєд, дада, фєлє мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин. Лєг ын загъта: — Райсом дын фурдыл єфсєйнаг хид кєнинаг ис. Лєппу уатмє рацыд ємє мєт кодта: — Нырчкуы ницы зонын, уєд цы бакєндзынєн! Чызг ын загъта: — Ууыл та цы мєт кєныс! Мєнє ехс єркъуыр ємє хид фестдзєн, стєй йыл къухдарєн стул, фалєрдєм ыл ауай, ємє єфсєйнаг фестдзєн! Лєппу райсом раджы сыстад, доны былмє ацыд, ехсєй єркъуырдта, ємє хид фестадис. Стєй йыл къухдарєн атылдта, фалєрдєм ыл ауад, ємє єфсєйнаг фестадис. Дыккаг изєр дєр та бацыд лєгмє ємє та йын загъта: — Де ’зєр хорз уєд, дада, фєлє мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин. Лєг ын загъта: — Райсом дын дыууадєс ємє єртиссєдз дєсєтины кєнинаг ис, изєрмє сє тыллєг фєстємє къутуйы куыд ой, афтє! Лєппу рацыдис ємє та мєт кодта. Чызг ын загъта: — Цы йыл мєт кєныс, райсом ехс ахєсс, єркъуыр єй ємє дє куыд фєнда, афтє дын изєрмє куыстгонд фєуыдзысты. Лєппу райсом ехс адавта, ємє изєрмє къутуйы конд фесты. Єртыккаг изєр та лєппу бацыдис хєдзармє ємє загъта: — Де ’зєр хорз уа, фєлє мын райсом цы куыст ис, уый куы зонин. Уєд ын лєг загъта: — Райсом дын дыууадєс бєхєй дєхицєн бєх євзаринаг ис. 74
Чызг та йын загъта: — Уыдон мах стєм, ды дуртє дє фєдджийы дзаг бахєсс ємє-иу бєхтыл цєв, єз єнцад лєудзынєн ємє-иу зєгъ: «Уєртє єнцад чи лєууы, уый мє куы уаид». Райсом бєхтє быруйы цур лєууынц, лєппу фєдджийы дзаг дуртє бахаста ємє бєхты цєвын байдыдта. Иу дзы єнцад лєууыд, иннєтє ралидз-балидз код- той ємє загъта: — Уєртє єнцад чи лєууы, уый мє куы уаид! Лєг ын загъта: — Акєн єй. Цыппєрєм изєр дєр та йєм бацыдис, ємє йын лєг афтє: — Райсом дын доны был дыууадєс хъазєй дєхицєн хъаз євзаринаг ис. Уатмє куы рацыд, уєд та йын сє чызг бацамыдта. Райсом дыууадєс хъазы доны был лєууынц, ємє та лєппу загъта: — Уєртє єнцад чи лєууы, уый мє куы уаид! Лєг та йын загъта: — Акєн єй. Фєндзєм изєр дєр та йєм бацыд лєппу фєрсынмє, ємє йын загъта: — Райсом дын дыууадєс бєлонєй дєхицєн бєлон євзаринаг ис. Уатмє куы рацыд, уєд та йын сє чызг бацамыдта. Райсом дыууадєс бєлоны фєцєйтахтысты, ємє лєппу загъта: — Уєлє фєстейы чи баззад, гъе уый мє куы уаид! Лєг та йын єй радта. Стєй та йєм лєппу єхсєзєм изєр дєр бацыд, ємє йын лєг загъта: — Райсом дын ницыуал куыст ис, дєлє абанайы уєхи цынайут, єндєр. Чызг ємє лєппу абанамє куы бацыдысты, уєд сыл лєг дуєрттє сєхгєдта. Чызг абанайы къуымы єртє туйы ныккодта ємє загъта: — Мє бєсты єртє дзырды куыд скєнат, афтє. Стєй абанайы къуымы рудзынг фестад, ємє чызг ємє лєппу уырдыгєй алыгъдысты. Лєг-иу бадзырдта: «Нєма фестут", ємє йєм-иу ту радзырдта, нєма, зєгъгє. Єртыккаг хатт куы бадзырдта, уєд єртыккаг ту радзырдта, цыма тынг єххормагєй бафєлладысты, уый хуызєн. Лєг дуар байгом кодта ємє ма — цєй чызг ємє цєй лєппу! Єрдиаг кєнгє рацыдис, йє усмє бадзырдта: — Мє чызг мєхицєй кєлєнгєнєгдєр разындис, алыгъдысты мє чызг ємє лєппу. Ус ын загъта: — Тагъд уайгє сє фєдыл! Лєг уайын байдыдта. Уєд чызг лєппуйєн афтє: — Акєс, ємє комы сау къуымбилы хуызєн єрцєуы, уєд уый нє фыд у. Лєппу акаст ємє загъта: — Єрцєуы! Чызг къудзи фестад, лєппу та цъиу ємє къудзийыл гєппытє кєны. Лєг фєрсы цъиуы: — Цъиу, ам дєлємє чызг ємє лєнпу лидзгє пє федтай? Цъиу ын загъта: — Ам цалдєр азы дєн ємє пицы федтон. Лєг раздєхт ємє йє фєрсы йє ус: — Ницы ссардтай? 75
Лєг загъта: — Иу ран федтон цъиу, бафарстон єй ємє мын загъта, ницы федтон, зєгъгє. Ус ыл фєхъєр кодта: — Ацу тагъд, уыдон дє чызг ємє лєппу уыдысты! Лєг та сє фєдыл рацыд. Чызг лєппумє дзуры: — Акєс, ємє кєд дымгє рацєуы, уєд та уый нє фыд у. Лєппу ракаст ємє афтє: — Ахєм дымгє рацєуы, ємє диссаг у. Чызг зєронд аргъуан фестад, лєппу та зєронд сауджын ємє аргъауы. Лєг єрхєццє ємє йє фєрсы: — Ам чызг ємє лєппу алидзгє нє федтай? — Ацы ран цалдєр азы дєн ємє ницы федтон. Лєг та раздєхт, ємє йє фєрсы йє ус: — Ницы ссардтай? — Иу ран зєронд сауджын федтон, бафарстон єй ємє мын загъта, ницы федтон, зєгъгє. Уєд ын ус загъта: — Уыцы сауджын лєппу уыдис, аргъуан та дє чызг, єз мєхєдєг куы нє ауайон, уєд ды ницы. Ус рауадис сє фєдыл. Чызг та дзуры лєппумє: — Акєс-ма, ємє кєд комы цєргєсы хуызєн рацєуы, уєд уый нє мад у. Лєппу акаст ємє афтє, рацєуы, зєгъгє. Чызг денджыз фестад, лєппу та хъаз ємє денджызы хъазыд. Ус єрхєццє ємє загъта: — Єз ныртєккє дєу куы нє ахєрон! — Ємє дон нуазын байдыдта. Иу гыццыл ма йын дзы куы уыд, уєд ус нытътъєпп кодта ємє фехєлдис. Чызг ємє лєппу ацыдысты ємє сє хъєугєронмє куы бахєццє сты, уєд уым єрлєууыдысты ємє чызг загъта лєппуйєн: — Дє мад ємє дє фыд тынг базєронд сты, ацу ємє сє єркєн ардєм. Лєппу ссыдис ємє сє єркодта. Чызг сє ехсєй єркъуырдта ємє, фыццаг куыд уыдысты, афтє фестадысты. Бацыдысты иумє сє хєдзармє ємє абон дєр ма цєрынц ємє хєрынц. Радзырдта йє Быдтаты Фырдєуыз, Хохы-Дєргъєвс, 21 январь, 1929 аз. «Ирон адємон сфєлдыстао», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 370-375. ОХОХ ЄМЄ МЄГУЫР ЛЄДЖЫ ФЫРТ Раджыма-раджы цардысты-уыдысты зєронд лєг ємє ус. Стонг аз скодта, адєм хор хъуаг сысты, цы хордтаиккой, уый нал уыди. Лєг ємє ус дєр тєрсын байдыдтой хор хъуагєй. Иу бон зєронд лєг дзуры йе ’фсинмє: — Усай, бавдєл ємє нє гоны къуымы цы ссады рыгтє єрмєрзай, уыдонєй мын фєндаггаг ракєн: єз цєуын балцы, хонын нє иунєг бындары, — чи зоны, кєд єй исчи бауромид стонг заманы. Хєцєг ыл куы нє фєуа, уєд єй ауєй кєндзынєн: кєд йєхєдєг дєр аирвєзид, йє сєр єгасєй баззаид, стєй ма дзы мах дєр кєд исты фос фєкєниккам. Зєронд ус ссады къєрмєджытєй зєронд ємє лєппуйєн фєндаггаг бацєттє 76
кодта. Уєд лєг йє хєрєгыл саргъ бавєрдта, фєндаггаг ыл єрєфснайдта ємє балцы араст. Фєцєуынц фыд ємє фырт балцы. Бирє фєцыдысты, чысыл фєцыдысты, чи зоны, фєлє иу ран обаумє бахєццє сты, ємє фыд дзуры: — Ацы ран єрєнцайєм ємє нє фєллад суадзєм, иучысыл исты дєр саходєм. Хєрєг суагътой ємє хизыныл фєци. Лєппу ємє зєронд обауыл єрбадтысты. — Ох, ох! — дзуры лєг йє фєлладєй. Обауєй рацыд иу лєг ємє фєрсы: — Чи мєм дзуры? Цы ує хъєуы? — Куы ничи дєм дзырдта, — загъта зєронд лєг. — Ємє уєдє єз мєхи дыуує хъусєй куы фехъуыстон, «Ох, ох», зєгъгє. — Уый єз уыдтєн, — загъта лєг, — обауыл мєхи куы єруагътон, уєд фєллад куыд уыдтєн, уымє гєсгє ссыди мє дзыхєй «ох, ох!» — дзуры бєлццон. — Уєдє уый зон, ємє єз хуыйнын Охох, — загъта лєг. Уыйадыл сын дзырд бацайдагъ. Охох куы бамбєрста бєлццоны хъуыддаг, уєд єм дзуры: — Дє фырты мєм ныууадз иу аз, — єз єй алы хъуыддагыл, алы хин, алы кєлєныл сахуыр кєндзынєн. Афєдз куы фєуа, уєд мєм-иу фєзын. Єз дєм равдисдзынєн дє лєппуйы, ємє ма йє кєд базонай, уєд дын єртє хєрєгуаргъы хор, стєй дын хєлар дє фырт, акєн-иу єй дє хєдзармє. Куы нєуал єй базонай, уєд дє фырт мєн куыд бауа, стєй хорєй дєр куыд фєуай єнєхай. Мєгуыр лєг сразы, уєдє цы уыдаид, — єндєр гєнєн дєр ын нє уыд йє тыхстєй, — хєрєгуаргъ рахаста хор Охохєй, лєппу та уым баззади. Афєдзєй афєдзмє фєцахуыр кодта мєгуыр лєджы фырт обауы бын Охохмє. Уый афтє сахуыр, ємє-иу єй куы бафєндыдаид, уєд фестадаид алы сырд, алы маргъ, алы дзаума, иудзырдєй — алцыдєр. Афєдзы кєрон єрхєццє, афтє зєронд ус дзуры: — Лєгай, дє ємгъуыд єрцыди, цєугє ємє нє лєппуйы бабєрєг кєн. Зєронд лєг та афардєг ис йє хєрєгыл. Обаумє бахєстєг. Кєсы, ємє мєнє иу лєппу къєртаты дон фєхєссы. — Дє хурєй бафсєдєд дє дада, — загъта бєлццон. — Мєнмє та уый бєрц амонд кєцєй кєсы, ємє мє саби иу афєдзмє дєу хуызєн суа! — Дада, єз дє фырт дєн. А изєр дєм мє ахуыргєнєг Охох равдисдзєн мєн иу мєхи хуызєнимє. Мах афтє ємхуызон стєм, ємє дє фырты нє базондзынє. Фєлє хъынцъым ма кєн: иудзєвгар нєм куы фєкєсай, уєд єз мє сєр аныхдзы- нєн ємє уымєй фєбєрєг уыдзынєн. Лєппу ємє лєг фєхицєнтє сты. Лєппу бахаста хєдзармє йє къєртатє, лєг дєр обауы фарсмє суагъта йє хєрєджы. Охох фєцинтє кодта уазєгыл, єхсєвєр ын хорз скодта. Куы бахордтой, куы банызтой, уєд Охох радзырдта: — Дє фырт тынг хорз арєхсы; ахєм ємбаргє, ахєм єнєзивєг адєймаг никуыма сахуыр кодтон, кусын куы райдыдтон, уєдєй ардєм. Мєхєдєг цєй бєрц базыдтон, уый бєрц дє фырт дєр, ахєм сыгъдєг зонды хицау дын разынд, бирє дын фєцєра. Фєлє нє дзырд сєххєст кєнєм. Ныртєккє дын єй єрлєу- уын кєндзынєн дє разы. Уыйадыл бадзырдта: — Лєппутє, тагъд ардєм! Мєнє уыцы ран фєрсєй-фєрстєм єрлєуут, уе ’ргом махимє раттут, афтємєй. Дыуує лєппуйы Охох ємє уазєджы раз єрбастадысты ємє лєууынц цавд- 77
дуртєй; дыуує дєр кєрєдзийы цєрмєстыгъд бакодтой. Бирє фєкаст зєронд дыуує лєппумє, ницы фєразы, нє зоны йє фырты. Лєппу уєд йє сєр аныхта. Уыйадыл уазєг загъта: — Кєд ма исты зонын, уєд мєнє ацы лєппу уыдзєни мє фырт. Хорзау нал фєци Охох, фєлє дзырд радта ємє йын гєнєн нал уыди: Охох никуыма афєлывта йє дзырд йє цєргє-цєрєнбонты дєр. Єртє хєрєджы уаргъы хор рахаста зєронд лєг, йє хєдзармє акодта йє фырты дєр. — Дада, Хуыцауы фєндонєй афтє сахуыр дєн Охохмє, ємє никуыуал стыхс- дзыстєм ныронджы хуызєн, — загъта лєппу йє фыдєн фєндагыл сє хєдзармє цєугєйє. Єгас хєдзар ссардтой фыд ємє фырт, дзагармєй. Чысыл кєм фєцинтє код- таид мад йє иунєг хъєбулыл. Цас ацардаиккой уыцы хуызєнєй, Хуыцау йє зонєг, фєлє иуахємы ай- хъуысти бєстыл, Агуыры єфсад єрбацєуынц, зєгъгє. Ємє уєд лєппу дзуры йє фыдмє. — Дада! — Циу, дадайы хур? — Єз дын тохъхъыл фестдзынєн, рауай-бауай сисдзынєн Агуыры єфсєдты раз. Уыдон мє єлхєндзысты ємє-иу мє ауєй кєн дзєбєх аргъыл. Мєнєн ма тєрс, єз раирвєздзынєн. Агуыры єфсєдтє єрбацєуынц, хъєуы сє разєй узгє-узгє цєуы замманай нард тохъхъыл, арынгєй бирє стырдєр йє дымєг. Єфсєдты хицау бафыста тохъхъылы аргъ зєронд лєгєн. Хъєугєрон єрєнцад єфсад. Иукъорд єфсєддо- ны єрбафистєг кодтой сєхи ємє тохъхъылмє фесты єргєвдынмє. Кард ын єрбавєрой, євєдза, йє къубалыл, афтє тохъхъыл цыдєр єрбаци. Рохстєй азза- дысты єфсєддон адєм — єргєвдджытє. Ссыдысты зєронды хєдзармє, рацагур- бацагур фєкодтой кєрты, хєдзары къуымты, фєлє тохъхъыл — нал. Хєдзары зєронд ус ємє иу лєппу. Иукъорд боны та рацыд, афтє та лєппу йє фыдмє дзуры: — Дада, єз дын бєх фестдзынєн ємє-иу мє уєй кєнынмє фєлас. Єрмєст мє-иу Охохы хуызєн лєгєн ма ауєй кєн. Ємє бєхєй дєр ахєм бєх нє фестад мєгуыр лєджы фырт, ємє йєм адєй- маг кєсынєй нє бафсєстаид. Уєй кєнынмє аласта мєгуыр лєг бєхы. Адєм сє цєстытє єрєвєрдтой бєхыл, єлхєнєг єй сысты алырдыгєй адєм. — Цас кєныс дє бєх? — фєрсы йє иу лєг? — Дє дзыхєй цы зєгъыс, уый дын ратдзынєн, уєддєр єз а бєх нал ауадздзынєн. Аргъ загъта бєхы хицау, фєлє єлхєнєгмє куы бакаст єдзынєгдєр, уєд єм Охохы хуызєн фєкаст ємє євиппайды фондз хатты зынаргъдєрмє сєргъєвта бєхы аргъ, цємєй йыл мауал дзырдтаид ємє йыл фєлтєрєн нал кодтаид єлхє- нєг. Фєлє єлхєнєг иу ныхас дєр нал скодта, систа бєхы аргъ ємє йє радта бєхы хицауєн. Радта бєх, уєдє цы уыдаид, амал нал уыди. Стєй араст йє хєдзармє. Єлхєнєг бєлвырдєй дєр кєд разынди Охох. Фєласы єлхєд бєхы ємє дзуры: — Сар мын фєци дє къона. Ныр мын нал аирвєздзынє ємє дын єз цы хъєуа, уый базонын кєндзынєн, куыйты хєринагмє дє єртєрдзынєн! Ємє кусыи байдыдта Охох бєхыл. Цєхх ыл уаргъєй фєхаста, фыдкуыстєй 78
фєсвєд ницыуал баззад, се ’ппєт дєр ыл фєкодта. Раууатмє єрцыди бєх: йє царм йе стджытыл ныххус и, рагъ ын рагъєн нал баззад, барц барцєн, дымєг дымєгєн. Ємє иуахємы раирвєзти бєх Охохы хєдзарєй. Бирє нє рацыди бєхы ралидзынєй, афтє йє Охох дєр базыдта ємє йє фєдыл ныййарц ис. Лидзы єфхєрд бєх разєй, йє фєдыл Охох єрбацєуы. Куы йєм бахєстєг, уєд бєх рувас фестад, Охох та йє фєдыл егарєй агєпп ласта ємє йє фєсуры. Суры, суры рувасы ємє йє єрбахєстєджытє кодта. Ныр єм фєлєбура, афтє рувас бєлон фестад ємє удаистєй фєтєхы. Охох цъиусур фестади ємє бєлоны уєгъд нал уадзы, йє фєдыл фєтєхы. Хуыцау сє иу хъєумє бахаста. Бєлон иу гом рудзынгєй хєдзармє батахт ємє уыцы ран зєхмє фєткъуыйє єрхауд. Охох чысыл лєппу фестад ємє кє- уынтє байдыдта хєдзары дуармє йє фєткъуыйыл. А ныр фєткъуымє фєлєбура, афтє фєткъуы судзин фестад. Охох та фестад судзины фєдзєл. Судзин арты смидєг, фєдзєлы йє фєдыл баласта, ємє фєдзєл арты басыгъди. Уыйадыл Охохы къона байхєлди. Судзин артєй рахызти ємє та цы уыди, фєстємє уый фестади. Єрцыд йє ныййарджыты хєдзармє ємє та райдыдта кусын ємє фєллой кєнын. Афонмє дєр ма дзєбєхєй дары йє ныййарджыты. <<Ирон адємон сфєлдыстад>>, хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 365-369. УЫЛЫНГ ЄМЄ УЄЙГУЫТЫ АРГЬАУ Раджыма-раджы уыди лєг ємє ус. Уыдонєн райгуырдис иу лєппу цот. Бирє єнхъєлмє кастысты, ємє рєз нє хаста. Арєх єй барстой ємє дєргъмє — уылынг, уєрхмє — дисны, єндєр рєз нє хаста. Йє дєргъмє гєсгє йыл ном сєвєрдтой Уылынг. Мад ємє фыд тынг хъыг кодтой. «Кєдєм нын сбєздзєн, адєм ныл худдзысты. Хуыздєр у йє фесафын». Хъєдмє йє аластой, уым єй фесафєм, зєгъгє. Арф єй бакодтой хъєдмє. Уым сыл єрталынг ис. Фыд хъуыды кєны: «Куыд єй фєхибар кєнон мєхицєй?» Кєсы, ємє дардєй рухс цєуы. Уєд ын фыд загъта: — Єхсєв ам уазал уыдзєн, зынг нєхимє нєй ємє нє єрхєссын хъєуы. Кєнє дєуєн, кєнє мєнєн. Фыд зыдта, рухс кєцєй цыд, уый уєйгуыты хєдзар уыд. Ємє куы бахєццє уа, уєд єй уыдон бахєрдзысты. Кєнноддєр искуы фєдзєгъєл уыдзєн ємє фе- сєфдзєн. Фыд загъта: — Цон, єз єрдавон зынг. Уєд Уылынг фестад ємє загъта: — Ды — зєронд лєг, кєдєм цєуыс? Єз єрхєсдзынєн. Фыд загъта: — Цу тагъд уєдє. Уылынг ацыди зынг курынмє. Куыддєр уый нал зынд, афтє фыд дєр раз- дєхт йє хєдзармє. Уылынг ссыд уырдєм, рухсмє. Рухс цыд лєгєтєй. Бакастис уым лєгєтмє ємє дзы єхсєз уєйыджы бадынц йє алыварс артєн. Куы сє ауыдта, уєд тынг фєтарстис Уылынг. Єнхъєл уыд, цавєрдєр диссєгтє сты. Хєстєгдєр бабырыд, 79
бєлвырд сє базонон, чи сты, уый, зєгъгє. Бєлвырд сє раиртєста. Уыдон уыдысты уєйгуытє. Сє тыхєй дунетє тарстысты. Фєлє Уылынг тыхджынєй дєр нє тарст йєхицєн. Бирє нал фєхъуыды кодта Уылынг. Рєстєг фєцєуы, зєгъгє, ємє мє зынг хъєуы мє фыдмє хєссын. Бадзырдта: — Уе ’хсєв хорз! Уєйгуытє фехъуыстой лєджы хъєр хєстєгєй, фєлє уынгє никєй кєньпщ. Уылынг хєстєгдєр бацыд ємє йє федтой уєйгуытє. Тынг дис фєкодтой йє асыл Уылынгєн — куыд гыццыл у, ємє йын цы лєджы хъєлєс ис. Иу уєйыг сыстад ємє йє йє къухы систа, мєнє мын цы хъазєн ис, зєгъгє. Куы йє єрєвєрдта фєстємє, уєд загъта Уылынг, зынггур дєн, зєгъгє. Йє къухы йє чи систа, уыцы уєйыг загъта: — Сбад ємє єхсєвєр бахєр. Цин кєны, мєнє цы хъазєн ис, зєгъгє. Уєларт єхсєвєр фыхтис єнєхъєн саджы дзидзатє. Куы сфыхтысты, уєд уєйгуытє дыууєйє сыстадысты аг ай- сынмє. Уылынг сєм дзуры: — Уый цы кєнут? Кєд ує иу йє айсынєн нєу, уєд уыцы дынджыртє кєм сырєзтыстут? Уєд уєйгуытє схудтысты ємє загътой: — Ды ма йє айс! Уылынг фестад ємє айста дзидзатє. Уєд уєйгуытє дзурынц: — Афтє нє вєййы. Уєд Уылынг загъта: — Афтє вєййы, афтє. Єхсєвєр иу лєджы тыххєй дыуує нє фєисынц. Єз — єрдєг лєг, ємє мє фаг дєр нєу уе ’хсєвєр. Раттут мын зынг ємє цєуон. Кєннод сымах єхсєвєр єз бахєрдзынєн ємє сымах єххормагєй баззайдзыстут. Уєйгуытє загътой: — Ды уал бахєр, стєй мах дєр сфыцдзыстєм єхсєвєр ємє бахєрдзыстєм. Єрєвєрдтой сє Уылынгєн йє разы єнєхъєнєй, сєхуыдтєг єддємє рацы- дысты ємє бауынаффє кодтой, амарєм єй, зєгъгє. Куы сє бахєра се ’ппєт дєр, уєд уый тыххєй, ємє кєнє кєлєнгєнєг у, кєнє та хєйрєг у. Цалынмє уыдон фєстємє цыдысты, уєдмє Уылынг дзидзатє бахсєста се стджытєй. Дзидзатє уєрмы цєппєрста, стджытє єхсєстєй йє цуры єрєвєрд- та. Бас дєр уєрмы ныккалдта. Уєйгуытє єрбацыдысты ємє стджытє — єхсєст. Хъуыды кодтой, бахордта сє, зєгъгє. Фєрсынц єй: — Фаг бахордтай? Уылынг загъта: — Нє бахордтон. Зынг мын раттут ємє нє хєдзары бахєрдзынєн мє фаг. Уєйгуытє кєрєдзийы афарстой: — Ауадзєм єй? Нє йыл сразы сты ауадзын. Загътой. — Амарын єй хъєуы. Асайдтой йє хуыссынмє. Схуыссыди. Батыхтой йє нымєты ємє загътой: — Куы бафынєй уа, уєд єй амардзыстєм, ныр уал цомут. Уыдон куь^ацыдысты, уєд Уылынг сыстадис ємє йє бынаты нымєты суджы лыг батыхта. Йєхєдєг ацыд ємє єндєр бынаты бамбєхстис. Уєйгуытє куы 80
рацыдысты уый амарынмє — кємєн йє къухы фєрєт, кємєн лєдзєг, уєд лыс- тєг скарстой нымєт ємє суджы лыг. Уєйгуытє загътой: — Ныр нын тас нал у. Бацыдысты ємє схуыссыдысты. Райсомєй куы сыстадысты, уєд Уылынг дєр сыстадис ємє сєм дзуры: — Ує райсом хорз уа. Уєйгуытє уый куы айхъуыстой, уєд сыстадысты ємє алыгъдысты: «Уыцы цєфтєй чи нє амард, уый нє ам бахєрдзєн». Уєйгуытє уыцы заман хордтой лєджы дзидза ємє, Уылынг дєр лєджы дзидза хєры, зєгъгє, єнхъєл уыдысты уыдон. Уылынг рацагуырдта хєдзары хорздзинєдтє ємє дзы ницы ссардта йєхи аккаг, єрмєст дзы рахаста цыхт, фыд ємє цєфхад. — Цыхт ємє фыд бахєрдзынєн, цєфхад мє бєхєн ныссадздзынєн. Стєй фєнык хєцъилы батыхта, йє мидєг зынг. Йє фарсыл сє сбаста ємє рацыд уєйгуыты хєдзарєй. Єрцыд, йє фыды кєм ныууагъта, уырдєм, ємє йє фыд уым нал ис. Уылынг єнхъєл уыдис, ємє йє фыдимє кєрєдзийы агурынц. Кєсы, ємє хъєды иу уєйыг єрызгъоры. — Кєдєм цєуыс? — дзуры йєм Уылынг. Уєйыг кєсы ємє нє уыны, дзурын кєцєй цєуы, уый. Уылынг хєстєгдєр бацыдис ємє кєрєдзийы ссардтой. Афарста йє Уылынг. — Куыд тагъд цєуыс — фєдисоны хуызєн дє. Уєйыг загъта: — Фєдисон — єз. Хєдзары ныууагътон єхсєз єфсымєры, мєхєдєг цуаны ацыдтєн. Куы єрыздєхтєн, уєд уыдон хєдзары — нал. Ацы бєстыл ахєм нє уынын, чи сын батых кодтаид. Ємє никєй арын, кємєй сын сє маст райсон. Уылынг фєтарст, куы ссара мє фыды, уєд єй бахєрдзєн зєгъгє, ємє йєм дзуры: — Уєлє бєлас єртасын кєн, єз сбадон йє цъуппыл ємє акєсон. Хъуамє хъєды уой де ’фсымєртє. Уєйыг загъта: — Уый — хорз уынаффє. Єртасын кодта бєлас. Уылынг бєласыл ныххєцыд. Уєйыг куы ауагъта фєс- тємє бєлас, уєд Уылынджы сєлвєста ємє єддєдєр єрхаудта. Уылынг кєм єрхаудта, уым тєрхъус хуыссыд, ємє йє Уылынг єрбахаста уєйыгмє ємє дзуры: — Ставддєр бєлас куы єртасын кодтаис, уєд мє дарддєр сєлвєстаид ємє хъуамє де ’фсымєртєй искєй єрцахстаин. Уєд уєйыг загъта: «Ай мє рафєрсын хъєуы». — Ды цы дє, цємєй дєхи єфсадыс, цы ахуырдзинад зоныс? Уєд Уылынг загъта: ч — Цємєй дє фєнды, уымєй бавзарєм. Кєд дє фєнды — азгъорєм, ємє йє фєстє рыг кємєн сыста, уый амбылдта. Уєйыг сразы ємє загъта: — Ды уал азгъор. Кєд дє фєстє рыг сыста ацы кєрдєгєй, уєд дын ратдзы- нєн иу теуайы уаргъ єхца. — Хорз! Уылынг азгъордта, йє фарсыл фєнык райхєлдта хєцъилєй, ємє рыг йє сєрмє сыстад. Уылынг амбылдта єхцатє, ємє сє ахастой йє хєдзармє Уылын- гєн. Куы бацыдысты хєдзармє, уєд афон уыд хєрынєн. Уылынгєн йє мад ємє б Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 81
йє фыд хъєздыг нє уыдысты. Уылынг єфсєрмы кєны: уєйыджы фаг йє хєдза- ры нєй. Уылынг ємє мад бауынаффє кодтой афтє: Уылынг куы бафєрса мады хєринаджы тыххєй, уєд мад афтє куыд зєгъа: «Мєнє ма нєм баззад уєйыджы агъд ємє йє фаг нє уыдзєн». Уєд фєтєрсдзєн уєйыг ємє алидздзєн. Куыд загътой, афтє бакодтой. Уєйыг фестади ємє алыгъдис. Уылынг бирє фєхудт йє фєстє ємє загъта: — Дынджыртє, фєлє єнєзондтє. Уєйыг фєндагыл лыгъд, ємє йыл рувас сємбєлд ємє йє бафарста: — Кєдєм лидзыс? Уєйыг радзырдта иууылдєр хъуыддєгтє. Уєд рувас ныххудт ємє загъта: — Уыдон дєуєй фєтарстысты ємє уый тыххєй афтє дзырдтой. Баууєндын єй кодта уєйыджы ємє загъта: — Цом фєстємє ємє де ’хца райс. Кєд єфсєрмы кєныс, уєд мєнє бєндє- нєй нєхи кєрєдзиуыл бабєттєм ємє дє цыма єз тыххєй ласын, уый хуызєн бацєудзыстєм. Уєйыг сразы рувасы уынаффєйыл. Бєндєнєй кєрєдзийы бабастой — рувас разєй, уєйыг йє фєстє, ємє фєцєуынц. Куы сє ауыдта Уылынг, уєд ныхъ- хъєр кодта йє номєй рувасмє: — Ныр мын мє хєстє зєронд уєйгуытєй фидынмє хъавыс? Куыддєр уый айхъуыста уєйыг, афтє фєзылд фєстємє, ферох кодта рувасы дєр. Тыхджын азгъордта ємє рувасы зєххыл ныххоста, ємє амардис. Уєйгу- ытє дєр иугай ныппырх сты. Лєджы-иу кєм федтой, уым єй нал хъыгдардтой. Уылынг абон дєр ма цєры йє хєдзары, йє мадєлтимє. Фєлє рувасы хъуыдда- гыл худєгєй скъуыйы. ТехЬез оззеёез, гесиеШгз раг АгЫиг СкггзЬетеп. КоЪеппауп, 1921. с. 24— 34. АББАЙКУЫЦЫЧЧЫ АРГЬАУ Раджы уыди иу єлдармє єхсєз єххуырсты. Уыдонєй иу хуынди Аббайкуы- цыкк. Уыцы єххуырсты єлдар дардта єрмєст цуаны цєуынєн, иннє фондзы та — хєдзары кусынєн. Аббайкуыцыччы єлдар уарзта иннєтєй фылдєр, ємє сєм уый касти хардзау. Иу бон куы уыд, уєд фондз єххуырсты бацыдысты єлдармє ємє йын загътой: — Кєд Аббайкуыцыкк афтє хорз у, уєд ма уєлє фєсхох иу уєйыг цєры, ємє йєм ис иу зонынджын бєх, ємє дын, гъе, уый єрласєд. Изєры Аббайкуыцыкк цуанєй єрцыди, йемє єрхаста сырды мард, йє хуыл- фыдзауматє йын фелвєста, физонєг дзы акодта ємє йє єлдары раз авєрдта. Фєлє нєй, єлдар физонєгмє не ’вналы. Уєд єй Аббайкуыцыкк фєрсы: — Цы кєныс, цєуылнє хєрыс, ме ’лдар? Уый дзєвгар ныхъхъус и, стєй йын загъта: — Уєлє фєсхох цєры иу уєйыг. Ис єм зонынджын бєх, ємє мын, гъе, уый куы єрласис. Аббайкуыцыкк фєджих ис ємє загъта: — Уый дєуєн чи загъта, уымєн дунейы фарн єндєр хорз ма ракєнєд. Сбад, бахєр. Уымєн дєр исты амал уыдзєни. 82
Єлдар сбадтис ємє иумє бахордтой. Хєрд куы фесты, уєд Аббайкуыцыкк сыстади ємє араст фєсхохмє. Цєуы, цєуы ємє иу єрду хидыл ауади. Бєхєццє ис уєйыджы хєдзармє. Бацыди кєртмє. Кєсы ємє дуєрттє мидєгєй єхгєд. Аббайкуыцыкк рахъахъхъєдта скъєты алы фєрсты ємє дзы иу чысыл хуынкъ ссардта. Аббайкуыцыкк мєнєуы гага фестади ємє уыцы хуынкъєй скъєтмє ба- тылди ємє бєхы хъусы дзуры: — Ныр дє єз ахєм ранмє куы аласин, ємє арвы цєсгом кєм уынай, цъєх хос кєм хєрай, сапонєй рынгєвдылд кєм єййафай, уєд куыд уаид цымє? Ємє уыцы ныхєстє кєнгєйє бєхы рохтыл рахєцыди. Уєд бєх ныхъхъєр кодта: — Фєдис, Аббайкуыцыкк мє фєласы! Уєйыг йє хуыссєнєй фєгєпп кодта, скъєтмє балиуырдта, фєлє Аббайкуы- цыкк мєнєуы гага фестади ємє бырєтты батылди. Уєйыг рацагур-бацагур акод- та ємє куы ницы ссардта, уєд фєстємє бацыди ємє схуыссыди. Аббайкуыцыкк та бацыди бєхмє ємє та йын йє хъусы дзуры: — Диссаг у, ды ацы ран фєлмєцгє дєр куыд нє кєныс! Єз дє ахєм ранмє аласдзынєн ємє арвы цєсгом кєм уынай, цъєх хос кєм хєрай, сапонєй рын- гєвдылд кєм єййафай! Бєх та не сразы, афтємєй та йын йє рохтыл рахєцыди Аббайкуыцыкк. — Фєдис, Аббайкуыцыкк мє фєласы, — зєгъгє, та ныхъхъєр кодта бєх. Уєйыг дєр та йє хуыссєгєй фехъал ис, рагєпп та кодта, разил-базил акодта, фєлє та скъєты никєй ссардта. Аббайкуыцыккк та мєнєуы нємыг фестад ємє та бырєтты батылди. Уєд уєйыг райста уисой ємє дзы бєхы фєрстє схауын кодта, йєхєдєг бацыд ємє та схуыссыди. Аббайкуыцыкк та йєм бацыд ємє та йын йє хъусы дзуры: — Гъеныр куы бакуымдтаис, уєд дын уыцы над уыдаид? Ныр дє єз ахєм ранмє куы аласин ємє арвы цєсгом кєм уынай, цъєх хос кєм хєрай, сапонєй рынгєвдылд кєм єййафай, уєд дын хуыздєр нє уаид? Уєд бєх загъта: — Гъеныр цєуын. Ємє йын йє рохтыл рахєцыд ємє йє раласта. Хидмє куы бахєццє сты, уєд єй йє фєстаг къахєй нырриуыгъта, ємє хид ныххауди. Хидєн йє ацы фарс куы фесты, уєд ма бєх ныхъхъєр кодта: — Фєдис, Аббайкуыцыкк мє фєласы! Фєлє фєдисмє зынєг нал фєци. Аббайкуыцыкк бєхы єлдары раз балєууын кодта. Райсомы та Аббайкуыцыкк цуаны ацыди. Изєры та йемє сырды мард єрхас- та, йє хуылфыдзауматє йын фелвєста, физонєг дзы акодта ємє сє єлдары раз авєрдта. Єлдар та нє хєры. Уєд та йє Аббайкуыцыкк фєрсы: — Цєуылнє хєрыс? ’ Єлдар ын загъта: — Уый йє бєх кємєн у, уымєн ма ис хєдфыцгє аг ємє хєдисгє фыдис. — Уый дєуєн чи загъта, уымєн єй Хуыцау ма ныббарєд. Сбад, бахєр, уыдонєн дєр исты амал уыдзєни. Сбадтысты ємє та иумє бахордтой. Аббайкуыцыкк сыстад ємє та арасти ємє уєйыджы хєдзармє ссыди. Кєсы 83
ємє дуєрттє мидєгєй єхгєд. Хєдзары алыфарс рауай-бауай акодта ємє дзы иу чысыл зыхъхъыр ссардта. Аббайкуыцыкк та йєхи мєнєуы гага фестын кодта ємє зыхъхъырєй йєхи батылдта, дуєрттє бакодта ємє аг ємє фыдис йе ’ккой скодта ємє сє єлдармє єрхаста. Райсомєй та Аббайкуыцыкк цуаны ацыди. Изєры сырды мард єрхаста, йє хуылфыдзауматє та йын фелвєста, физонєг дзы акодта ємє та сє єлдары раз авєрдта. Єлдар та нє хєры. Уєд та йє Аббайкуыцыкк фєрсы: — Цєуылнє хєрыс, єлдар? Єлдар та загъта: — Уый йє бєх кємєн у, уыдон йє аг ємє йє фыдис кємєн сты, уымєн ма йєхи дєр куы фенин! Уєд єй Аббайкуыцыкк бафарста: — Ємє мє йєхєдєг нє бахєрдзєн? Сбад, бахєр, уымєн дєр та исты амал уыдзєн. Єлдар бахордта. Аббайкуыцыкк арасти ємє хъєргєнгє фєцєуы: — Уой, Аббайкуыцыкк амарди! Уєд уєйыг йє усмє дзуры: — Цу-ма акєс, дєлє чидєр куыд хъєр кєны: Аббайкуыцыкк, дам, амард. Уєйыг усмє дєр нал фєкаст, фєлє йєхєдєг ауад ємє Аббайкуыцыччы хъєды бєлас калгє сєййєфта. — Ємє уымєй та цы кєныс? — бафарста йє уєйыг. Уый йын загъта: — Аббайкуыцыкк амард ємє йын мєнє чырын кєнын. Чырын куы скодта, уєд дзуры уєйыгмє: — Єрхуысс-ма, цымє хорз у? Уєйыг єрхуыссыд, фєйнєрдєм ыл ахєцыд ємє йє атыдта. Уєд уєйыг йєхєдєг дынджыр бєласмє бацыди, акалдта йє ємє дзы чырын скодта. Чырын куы сцєттє ис, уєд та йын Аббайкуыцыкк загъта: — Гъеныр ма дзы єрхуысс. Єххєст ма йын йє сєр дєр фенон, — загъта Аббайкуыцыкк. Сєр дєр ыл єрєвєрдта. Стєй та йын загъта: — Єххєст ма дзы зєгєлтє дєр єркъуырон. Зєгєлтє дєр та дзы ныкъкъуырдта. Афтємєй уєйыгєй куы нєуал тарсти, уєд єй йе ’ккой скодта ємє йє єрха- ста єлдармє. Бацыди мидємє ємє дзуры єлдармє: — Уєйыджы дын єрхастон, ме ’лдар, ємє райсом куы сыстай, уєд-иу єй рацагур. Єз райсом раджы цуаны цєуын. Райсомы єлдар куы сыстади, уєд къуымты рацагуырдта ємє чырын ссардта. Аббайкуыцыкк дєр цуаны нал ацыди, фєлє єртє єддєгуєлє хєдзары сєрмє сбырыд ємє сєм уырдыгєй касти. Єлдар чырыны сєр куы сєппєрста, уєд уєйыг уырдыгєй сгєпп кодта ємє єлдары ахордта, стєй къуымты разылди ємє иннє бинонты дєр ахордта. Аббайкуыцыччы єртє уєладзыджы сєр куы ауыдта, уєд єм дзуры: — Кєуылты сбырыдтє, кє? Уый йын загъта: — Зєххыл дурєй кєй ссардтон, уыдон єддєгуєлє самадтон ємє уыдоныл схызтєн. 84
Уєд уєйыг дурєй кєй ардта, уыдон кєрєдзийы уєлє фєцамадта ємє ємби- сы онг куы схєццє, уєд єм Аббайкуыцыкк дзуры: — Гъеныр сгєпп кєн ємє дє єз ацахсдзынєн. Уєйыг сгєпп кодта, фєлє єххєст не схауди ємє зєххыл йє тъєпп фєцыди ємє уым ныппырх и. Аббайкуыцыкк уєладзыгєй єрхызти. Єлдары исбон иууылдєр уымєн базза- дысты ємє сыл абон дєр ма цєры ємє сє хєры. Ныффыста йє Цомайты Харлампи. Йсе радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архиву фольклор № 47—10, папкє 24, ф. 1—12. АРВЫ АЙДЄНЫ АРГЪАУ Цардысты ємє уыдысты лєг ємє ус. Уыди сын иунєг хъєбул. Иуахємы баздєхы лєппу йє ныййарджытєм ємє сын афтє зєгъы: — Кєдмє фєраздзыстєм ацы мєгуырєй? Бар мын раттут ємє искуыдєм фєцєуон, кєд ємє истєуыл фєхєст уаин, кєд ємє фырмєгуырєй нал хєрик- кам нє хъиутє. Исдуг нє разы кодтой мад ємє фыд сє иунєг хъєбулы фєндыл, фєлє сє куы нєуал уагъта, уєд єй иуахємы срєвдз кодтой балцы. Мад фєндагмє сарєзта, хєрынєн адджын, хєссынєн рог чи уыд, ахєм хєринєгтє. Лєппу бафснайдта йє фєндаггєгтє хызыны, хєрзбон загъта йє ныййарджытєн ємє араст амонд агурєг. Цєуынтє байдыдта, ємє цєй бєрц фєцыди, чи зоны, фєлє уалынмє схъуаг ис хєринагєй. Уєд бафтыд иу хъєдбынмє, кєсы, ємє дзы мєнє иу бирєгъ. — Бирєгъ, хєргє дє кєнын, — дзуры йєм бєлццон. — Ма мє бахєр, — загъта бирєгъ, — уый бєсты мын дє разы дє лєдзєгєй мє гуыбын ахаф, ємє дын иу боны сєрєн феххуыс уыдзынєн. Лєппу ахафта бирєгъы гуыбын ємє йє аскъєрдта. Цєуы та дарддєр йє фєндагыл, бахєццє иу цєргєсмє. Цєргєс ацархайдта тєхыныл, фєлє нє бафєрєзта. — Цєргєс, хєргє дє кєнын, — дзуры йєм лєппу. — Хєрыны бєсты мє фєлтау фехс хєрдмє ивазны бєрц ємє дын єз дєр иуахємы ме ’ххуысы хай бакєндзынєн, — загъта цєргєс. Лєппу фехста цєргєсы ивазны бєрц. Уыйадыл цєргєс атахт ємє кємдєр фєаууон, лєппу та кодта дарддєр йє цыды кой. Уалынмє цєугє-цєуын кєсы, ємє мєнє иу рувас ратул-батул кєны йе рагъы нуєрттыл. — Рувас, дєу мын нал ис єнє бахєргє. Нал фєразын єххормагєй, — загъта лєппу. — Ныууадз уыцы фєнд, лєппу. Рувасы бахєрд дын бирє нє ахєсдзєн, стєй дын хъуамє тайгє дєр ма бакєна мє фыд, — дзуры рувас. — Фєлтау баздєх ємє мын мє ком истємєй бахуылыдз кєн, чи зоны, искуы дє мє сєр бахъєуа. Рувасы ком ахуылыдз кодта лєппу ємє араст дарддєр. Цєуы, цєуы ємє иу денджызы былмє бахєццє. Денджыз рафєйлыдта, ємє иу кєф хуыскъыл аззади. Лєппу фєлєбурдта кєфмє ємє йє рацахста. — Хєргє дє кєнын, мєнє кєф, нал фєразын єххормагєй. — У-у, ма мє бахєр, — загъта кєф, — чи зоны, куыд вєййы, цы вєййы, 85
искуы зындзинады куы бахауай, уєд дын єз дєр дє хорз мє уєлє нє ныууадз- дзынєн. Фєтєригъєд кодта лєппу кєфєн ємє йє денджызы басхуыста. Цас ма фєцыдаид, чи зоны, фєлє уалынмє єлдары хъєумє бафтыд ємє къулбадєг усы хєдзармє бараст. — Нана, фысым мын фєут, — дзуры лєппу. — Куы ныл барвєссай, уєд дын мах — мєгуыр фысым, — дзуры къулбадєг ус. Лєппу бафысым кодта къулбадєг усмє, уєдє цы уыдаид. Ус єм базылд, йє хєдзары цы ссардта, уымєй. Фысым ємє уазєгєн дзырд бацайдагъ. Къулдабєг ус дзуры: — Не ’лдары чызгмє фєцыдысты курєг алы хєрзєджытє алы бєстєй, фєлє сє никємєн бакуымдта. Курджытєн-иу чызг ралыг кєнын кодта сє сєртє ємє сє кауы михыл єрсадзын кодта, иу сєр хъуаг ма фєци кау. — Ємє сє уєд цєй тыххєй ныццагъта, уыйбєрц мєсты сєм-иу цєуыл фєци? — бафєрсы лєппу. — Не ’лдары чызгмє ис арвы айдєн. Уый баздєхы ємє фєзєгъы курєгєн: «Єртє хатты бамбєхс, кєм дє фєнды, уым. Єз райсдзынєн мє арвы айдєн ємє дє агурын байдайдзынєн. Кєд ємє дє не ссарон, уєд мє Хуыцау радта дєуєн. На ’мє дє куы ссарон, уєд дын ракєндзынєн дє сєр ємє дын єй мє кауы михтєй иуыл єркєндзынєн». — Мє амонд мын єнє бавзаргє нєй, мє мадыхай, мєнєн дєр, — дзуры лєппу ємє дыккаг бон минєвар барвыста чызгмє. Єлдары чызг басидти къулбадєг усы уазєгмє: — Єртє хатты бамбєхс ємє дє кєд не ссарон, уєд єз — дє амонд, на ’мє дын ракєнын кєндзынєн дє сєр, иу сєр хъуаг ма у мє кау. Лєппу сразы, уєдє цы уыдаид. Араст денджызы былмє. Кєф єм фєйлаує- ныл рацыд ємє фєрсы лєппуйы: — Цы хорз дє хъєуы мєнєй? — Арфдєр цы ран у, уыцы ран мє бамбєхс: арвы айдєнєй кєсдзєн єлдары чызг, куыддєр мє ссара, афтє сєфын. Кєф фєхєлиу кодта йє дзых, лєппуйы аныхъуырдта ємє денджызы бынмє афардєг. Єлдары чызг райста арвы айдєн, бон-изєрмє уыцы агуырд фєкодта лєп- пуйы. Євєдза ныр хур єрныгуылы, афтє лєппуйєн дєр йе ссарын. Кєф єй рахаста доны бынєй хусмє, ємє лєппу уайтагъд єлдары чызгмє балєууыд. — Ссардтай мє, — дзуры лєппу. — Уєдє та бамбєхс райсом дєр. Цєргєсы уєлхъус баллєууыд дыккаг бон лєппу. — Дє сєр мє бахъуыди, цєргєс, — дзуры лєппу, — єлдары чызг мє агур- дзєн арвы айдєнєй, куы мє ссара, уєд мын ралыг кєндзєн мє сєр. Бамбєхс мє искуы. Цєргєс єй ахаста авд хохы сєрты ємє йє иу ран айнєджы бын бамбєхста. Єхсин-чызг та райста арвы айдєн, байдыдта алырдєм фєлгєсын ємє дзуры: — Кєсут-ма йєм, кєсут! Авд хохы фєсте йє иу айнєджы бын бамбєхста цєргєс. Уыйадыл та йє цєргєс фелвєста йє уєлбазырты ємє йє єхсины галуаны раз єрєвєрдта. — Лєппу, ссардтон дє, — дзуры чыз^. 86
— Ссардтай! — загъта лєппу. — Уєдє-ма райсом дєр бамбєхс, дє фєстаг ємгъуыды бон у. — Цы фєдє, бирєгъ? — дзуры лєппу, кєд ма мын искуы єххуыс кєнынмє хъавыс, уєд мє ацы сахатєй хуыздєр никуал бахъєудзєн де ’ххуыс. Бирєгъ єрбалєууыд лєппуйы раз ємє йє фєрсы: — Ме ’ххуысы хай дын цємєй бакєнон? — Арфдєр цы ран у, уыцы ран мє бамбєхс, — агурєг мє ис, куы мє ссара — байхєлд мє къона. Бирєгъ єм февнєлдта ємє йє дард сау хъєды къодєхты бын бамбєхста. Чызг-єхсин райсомєй куы базылд йєхимє, уєд райста арвы айдєн ємє фєлгєсын байдыдта алырдєм. Акасти дєлзєхмє, акасти уєлзєхмє — никуы зыны лєппу. Сарєзта айдєн сау къєдзєхтєм, урс хєхтєм — нє разынд уым дєр. Хур акъул, уєдє цы уыдаид. Чызг дын фєхъєр кодта: — Ссардтон єй! Сау хъєды астєу єй цъєх бирєгъ къодєхты єхсєн бамбєхста. Къодєхты бынєй йє бирєгъ ракъахта ємє йє уадидєгєн єлдары хъєумє єрбахєццє кодта. — Куыд зєгъыс, лєппу, ссардтон дє? — дзуры чызг. — Ссардтай, — загъта лєппу. — Дзырдмє гєсгє мыл ныр ємбєлы амєлын, фєлє ма дє курын — иу ємбєхсты бар-ма мын ратт. — Уыйбєрц хєлєрттє кємєн разынд сырдтєй, мєргътєй, раст ма денджызы цєрджытєй дєр, уымєн куыд нє ратдзынєн иу ємбєхсты бар! Райсомєй лєппу араст быдырмє ємє дзуры: — Рувас, ды ма мын куы нє баххуыс кєнай, уєд сєфт ємє сєфт! Рувас фестад лєппуйы раз: — Цы дзєбєх дын фєуон? — Кєм мє не ссарой, ахєм ран мє бамбєхс. — Цом мєсыджы бынмє, — дзуры рувас. — Уыцы ран уєрм ракъахєм. Уєр- мы ды бамбєхсдзынє, єз дыл сыджыт ємє дуртє ныккалдзынєн; мєхєдєг ус фестдзынєн, слєудзынєн уєрмы сєр ємє байдайдзынєн єлвисын. Бакодтой, рувас куыд загъта, афтє. Чызг райсомєй райста арвы айдєн, кєсынтє систа. Арвы цыппар къабазєй кєдєм нє фєкаст, ахєм нал баззад, фєлє дєрдтыл никуы ницы зыны.Уєд арвы айдєн хєстєджытєм сарєзта ємє фєлгєсы мєсыджы алфамблаймє. Фєкаст, фєкаст ємє федта: йє хєд мєсыджы ємбуар иу сылгоймаг ногкъахт уєрмы сєр єлвисы, уєрмы ємбєхст лєппу. Фєдис кодта чызг, ємє диссаг дєр та ма цы уыдаид! Уыйбєрц фєцарди, уыйбєрц єм фєцыдысты курджытє, фєлє а лєппуйы хуызєн лымєнтє ємє хєлєрттє никємєн разынди. Єнкъардєй бараст лєппу йє фысыммє, ракодта йє маст, йє хъаст къулба- дєг усєн. Усы зєрдє фєтєнєг йє уазєгєн. — Мє уазєджыхай, — дзуры къулбадєг ус, — афтє ма бакєнєм! — Уєдє куыд? — фєрсы лєппу. — Бафєлвар-ма иу хатт, цємєй ма дын єлдары чызг радта иу хатт бамбєхсы- ны бар. Чи зоны ємє дє амонд фєуєлахиз уа. Ма йєм бафсєрмы кєн. Радта ма чызг лєппуйєн ємбєхсыны бар. Уєд райсомєй къулбадєг ус ыыхас кєны уазєджимє: — Хъусыс, мєнє дє нымєтын ехсєй єрцєвдзынєн, ємє рєсугъд егар фест- 87
дзынє. Бахондзынєн дє єз чызджы мєсыгмє. Чызг дє агурын байдайдзєн дар- дыл зєгъай ємє хєстєгыл дєр. Фєлє-иу ды баздєх ємє чызджы фєстє слєуу ємє уый куыд зила, афтє зил ды дєр йє фєстє, цємєй дє ма ’рцахса арвы айдєн. Уыйадыл єй нымєтын ехсєй єркъуырдта лєппуйы, ємє лєппу егар феста- ди. Бараст къулбадєг ус чызджы мєсыгмє. Єхсин ємє йє алыварс адєм цинтє кєнын байдыдтой, рєвдыдтой йє. Куыдз маразєгъай ємє искємє фєкаст, чыз- джы фєстє слєууыд ємє змєлгє дєр нал кєны. Єлдары чызг райста арвы айдєн, байдыдта кєсынтє. Куыд зылди алырдєм, афтє егар зилы йє хєд фєстє, цємєй йє чызджы аууонєй арвы айдєн ма рацахса. Уыцы ракєс-бакєс фєкодта єлдары чызг арвы айдєнєй. Стыр сихор афон сси, чызг нє уадзы йє каст, хур дєр аныгуылд, уєддєр ма фєлвєрдта, цємєй ссардтаид лєппуйы, фєлє йє нал єрцахста арвы айдєн. Уєд дзуры єлдары чызг: — Нал дє ссардтон, рацу, мє ныв, євєццєгєн, ємє афтє уыди, цємєй фєуон дє хай. Уыйадыл къулбадєг ус мєсыгєй айста йєхи, ракъуырдта нымєтын ехсєй егары, егар фєстємє, цы уыди, уый фестади. Бирє хєзнатє балєвар кодта єлдар йє иунєг чызгєн, йє сиахсєн, арфє сын ракодта. Лєппу ємє чызг сбадтысты хєдтулгє уєрдоны ємє єд хєзнатє єрфардєг сты сє хєдзармє. Тынг базєронд сты лєппуйєн йє ныййарджытє. Лєппу сє єрцавта нымєтын ехсєй, ємє дыуує дєр саджы хуызєн фестадысты. «Ирон адсемон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 330-335. ЄЛДАРЫ ЄРТЄ ФЫРТЫ ЄМЄ ЄРТЄ ЧЫЗДЖЫ АРГЬАУ Уыдис иу єлдарєн єртє чызджы ємє єртє лєппуйы. Єлдар фєрынчын ис ємє мєлыны къахыл ныллєууыд. Єрбасидти йє фырттєм ємє сын загъта: — Єз мєлын, фєлє уын иу хъуыддаг фєдзєхсын — ує хотєм уын раздєр курєг чи ’рбацєуа, уыдонєн-иу сє радтут. Єлдар амарди ємє йє баныгєдтой. Къорд бонтє куы рацыд, уєд саг сє дуармє єрбалєууыд усгур. Хистєр єфсы- мєр схъєр кодта сагыл, фєлє кєстєр єфсымєр загъта: — Нє фыд нын афтє куы загъта, нє хотєм раздєр чи ’рбацєуа, уыдонєн-иу сє радтут, зєгъгє. Хистєр хойы радтой сагєн. Къорд боны та рацыд, афтє та сє дуармє єрбалєууыд сєгуыт. Радтой йын астєуккаг хойы. Цалдєр боны та ацыд, афтє сєм усгур єрбалєууыд бєлон. Кєстєр хойы та радтой бєлонєн. Єфсымєртє нє зыдтой, се сиєхстє кєм цєрынц, уый. Иу бон єртє ’фсымєры ацыдысты сєхицєн усгур, ємє уыдон дєр єрхастой 88
уыцы иу хєдзарєй єртє чызджы. Сєхимє куы єрцєйцыдысты, уєд кєстєр єфсымєрєн загъдєуыд: — Хъусыс, майрємбон макєдєм цу! Єфсымєртє та-иу алы бон дєр цыдысты цуаны. Иу майромбон куы уыди, уєд та єфсымєртє сцєттє кодтой сєхи цуаны цєуынмє. Кєстєр єфсымєрєй ферох ис сє фєдзєхст ємє уый дєр цуаны ацы- ди. Уєд уєйыг єрцыд ємє йын йє усы ахаста. Уєйыг та уыцы чызджы рагєй куырдта, фєлє йын єй нє лєвєрдтой. Изєры єфсымєртє цуанєй куы єрцыдысты, уєд кєсынц ємє кєстєр чындз хєдзары нєй. Кєстєр єфсымєр фєцыд къулбадєг усмє ємє йын радзырдта йє хабар. Ус радта лєппуйєн иу къуыбылой ємє йын загъта: — Атул єй ємє йє фєдыл цу. Лєпп^къуыбылой атылдта ємє йє бахєццє кодта саджы хєдзармє. Бацыди мидємє. Йє хо уыди уым. Кєрєдзийыл цинтє, мондєгтє фєкодтой. Уалынмє саг дєр цуанєй єрцыди, ємє йыл уый дєр тынг фєцин кодта. Лєппу радзырдта сагєн йє хабар. Саг ын загъта: — Абон арвы кєрєтты фєзылдтєн ємє никуы ницы федтон. Федтон иу ує- йыджы, бєстыл йєхицєй тыхджындєр уєйыг нєй. Фєцєйхаста йє дзыхы иу чызджы. Комєй коммє-иу єй афу кодта ємє та-иу єй фєстємє єрбафу кодта. Саг загъта лєппуйєн дарддєр: — Ма йєм ацу, кєннод дє бахєрдзєн. Лєппу та къуыбылой атылдта ємє бацыд сєгуытмє. Йє хо уыд хєдзары. Цинтє, мондєгтє фєкодтой кєрєдзиуыл. Уалынмє сєгуыт цуанєй єрцыди, дис- сагдєр цин та йыл уый фєкодта. Радзырдта та сєгуытєн дєр лєппу йє хабар. Фєлє та йын сєгуыт дєр зєрдє фєлєууынєн ницы загъта. Атылдта та лєппу къуыбылой йє разєй ємє йє бакодта бєлоны хєдзармє. Бацин ыл кодтой, фєлє йын йє зєрдєйєн ницы ныфс радтой. Уєд лєппу атылдта къуыбылой фєстаг хатт ємє йє бахєццє кодта, йє усы йын чи ахаста, уыцы уєйыджы хєдзармє. Бакасти рудзынгєй. Уєйыг лєууы фынєйє, лєппуйы ус бады йє фарсмє. Ус рауади, бєхыл абадти, ємє иумє ралыгъдысты. Уыцы уєйыг иу майрємбонєй иннє майрємбонмє нє хъал кодта. Фєлє йєм уыди єртыкъахыг зонынджын єфсургъ. Уый бацыд ємє уєйыджы хъусы ныу- уасыд. Уєйыг райхъал ис. Кєсы, ємє ус уым нал. Абадт йє бєхыл ємє лєппу ємє усы сурынтє байдыдта. Єрєййєфта сє ємє дзуры лєппумє: — Мауал мєм ссєуай! Байста }’сы ємє йє фєстємє ахаста. Лєппу дєр та йє фєстє балєууыд. Бакасти та рудзынгєй. Уєйыг хуыссы. Бадзырдта усмє. Ус ракасти, бєхыл абадтысты ємє та — лидзгє. Фєндагыл лєппу усєн зєгъы: — Бафєрс-ма уєйыджы, уыцы бєх ын кєм уыдис? Уалынмє та сє уєйыг єрєййєфта ємє усы байста фєстємє. Лєппу та ацыди сє фєстє. Бакасти та рудзынгєй ємє та уєйыг хуыррыттєй хуыссы. Бадзырдта усмє. Ус рауади, ємє та ралыгъдысты иумє. Ус лєппуйєн загъта: — Бафарстон єй ємє мын загъта: «Мє бєх у єфсургъ. Йє мад ис иу усмє дєлє денджызы был". Уалынмє та сє уєйыг єрєййєфта ємє лєппуйы бєхєй асхуыста. Бєх ахауд, ємє йє зєнг асасти ємє уыцы ран ныммарди. 89
Лєппу ацыди уєйыджы бєхы мадмє. Бафарста усы. Ус загъта: — Мєнє уыныс кауы михтыл ацы лєджы сєртє? Уыдон сты, ме ’фсургъы-иу хъахъхъєнын чи нє бафєрєзта, уыдоны сєртє. Лєппу загъта: — Єз єй бахъахъхъєндзынєн. Рацыди сєхимє, срєвдз кодта йєхи ємє хъахъхъєнынмє ацыди. Фєндагыл ыл сємбєлди, куыйтє кєй ныттыдтой, ахєм рувас. Єрцахста йє, барєвдыдта йє ємє йє ауагъта. Рувас загъта лєппуйєн: — Дє хорздзинадыл фєсмон ма кєн, искуы бон дын єз дєр феххуыс уыдзынєн. Бацыд бєхы хицаумє, раласта бєхы. Ус ын загъта: — Сихормє йє куыд єрбаласай, афтє. Бєхы бабаста ємє йє хъахъхъєны. Иныєрдєм фєкаст, ємє бєх цыдєр фєци. Катайы бацыди лєппу ємє рувасыл ахъуыды кодта. Рувас йє уєлхъус єрбалєууыд ємє йє фєрсы: — Цы хабар у? — Абон фыццаг бон — мє мєлєты бон, — загъта лєппу. Рувас ын афтє: — Ахєр уал сєнчытє, єз дєр дєм ныртєккє зындзынєн. Лєппу ауыдта иу дынджыр сєнк. Куыд єй фєцєйлыг кодта, афтє бєх сєнчы хуылфєй рагєпп кодта. Лєппу йыл абадт ємє йє єрбакодта йє хицаумє сихо- рєй раздєр. Дыккаг бон та йє раласта. Бабєстытє йє кодта ємє та йє хъахъхъєны. Иннєрдєм фєкаст, ємє та бєх фєцыдєр ис. Агурын та байдыдта, — нєй, бєх нє зыны. Ахъуыды кодта уєд лєппу цєргєсыл. Цєргєс уайтагъд йє разы єрба- лєууыдис ємє йєм дзуры: — Єрбабад мє уєлє. Лєппу абадти цєргєсы уєлє ємє тєхын райдыдтой хєрдмє. Цєргєс загъта: — Уєлє, гъе, уыцы мигъмє куы схєццє уєм, уєд-иу єй кардєй ныццєв. Мигъмє схєццє сты. Лєппу, мигъы ныццєвон куыд загъта, афтє мигъ бєх фестади. Єрласта бєхы сихорєй раздєр. Єртыккаг бон та раласта бєхы, бартхъирєн єм кодта ємє та йє хъахъхъє- ны. Иннєрдєм фєкаст, ємє та бєх єрбайсєфти. Бацыди та, кєфы донмє кєм батылдта, уырдєм. Кєф йє размє раленк кодта ємє йє фєрсы: — Цы хабар и? Лєппу загъта: — Абон фєстаг бон — мє мєлєты бон. Кєф загъта: — Фендзынєн, ємє ам кєд исты уа, уєд дєм хабар кєндзынєн. Аленк кодта кєф, єрбаздєхт фєстємє ємє йєм иу сызгъєрин кєсаг сєп- пєрста ємє йын загъта: — Ацы кєсаг уал бахєр, єз дєр дєм зындзынєн. Лєппу кєсаджы куы фєцєйкъєртт кодта, уєд кєсаг бєх фестади. Єрбаласта бєх сихормє. Уыцы бєхы хъуыддаг та афтє уыди: куы-иу ныззади, уєд ын-иу йє байраг єфсєндзых бирєгътє ємє єфсєндзых цъиахтє бахордтой. Уыдонєн та хъуыдис: бирєгътєн — дыууадєс къамбецы, цъиахтєн та дыууадєс голладжы еуу. Лєппу йе сиєхстєй єрласта еуу ємє къамбецтє. Къамбецты бирєгътєн рад- та, еуу та — цъиахтєн. Ємє цалынмє уыдон хєргє кодтой, уєдмє уый бєхмє бацыди. Байрагєн йє сєр куы разынд, уєд ыл идон афтыдта, йє астєу куы 90
разынд, уєд ыл саргъ авєрдта, йє къєдзил куы разынд, уєд та йыл дымитонг авєрдта. Байраг лєппуйєн афтє зєгъы: — Мє мады дзидзийє-ма мын иу хъуыртт акєнын бауадз. Бауагъта йє, ємє йє фаг бададта, стєй єхсыры цады йєхи анадта. Лєппу абадт йе ’фсургъыл ємє рафардєг ис. Уєйыгєн йе ’фсургъ єртыкъа- хыг уымєн уыдис ємє бирєгътєн хєринаг фаг нє радта ємє йын йє иу къах ахордтой. Лєппу ссыди уєйыгмє, бадзырдта йє усмє. Ус ракасти, сбадтысты бєхыл ємє рацыдысты сєхимє. Уалынмє сє уєйыг єрєййєфта. Лєппу йє бєхы баз- мєлын кодта ємє уєйыджы фєстыйау, дард, фєуагътой. Афтє фєхынджылєг кодта лєппу уєйыгєй. Уєйыджы бєх фєсте дзуры лєппуйы бєхмє: — Ує, гормон, фєлєуу-ма, иу бон хистєр дє уєддєр нє дєн? Уєд єм лєппуйы бєх фєстємє дзуры: — Ды мєнєн єфсымєр куы уаис, уєд уыцы хєрєджы де ’ккой нє хєссис, фєлє ссєуис уєлє уыцы бєрзонд къєдзєхмє, дєхи уыцы ран ныууигъис, ємє дє уєлє цы хєрєг бады, уый сау фєныкєй акалис. Бєх ссыдис ємє къєдзєхы сєр йєхи ныууыгъта, ємє уєйыг сау фєныкєй акалди. Лєппу уєйыджы бєхыл йєхєдєг сбадти, йєхи бєхыл та усы сєвєрдта ємє єрцыдысты сє хєдзармє, ємє ма абон дєр цєрынц ємє хєрынц. Ныффыста йє Цомайти Харлампи. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47—7, папкє 24 . ф. 24—33. ДУУЄ ФАЙНОСТИ Еу хєдзари, зєгъуй, дуує файности еумє цардєй. Еумє ку цардєнцє, уєд цидєр адтєй, еу рєстєги бауєззау єнцє, єма сє еруни рєстєг дєр еу бонмє єрцудєй. Еу бон кєми адтєй, уоми сє дууемєн дєр фєйнє наси райгурдєй. Файности- тєй сє еу баздахтєй єма є наси фєрєтєй фєдуує ’мбеси кодта. Ку ’й фембес кодта, уєд си цєгєрсєр кизгє райста. Иннє файностє ка ’дтєй, е ба є наси еци хузєнєй ниууагъта, Хуцау ке равардта, уобєл арази дєн, зєгъгє. Цєрунтє, хуєрунтє син раеудагъ єй. Цєгєрсєр кизгє гъазунгъом иссєй. Насє дєр хуссє- ни буни дардтонцє, єма ин є кой есге ку ракєнидє, уєдта разелидє, є мадє дєр єй фєстємє базелидє, нур абєл ци бєллах ес, къох, цєстє ибєл ку неци ес, уєд куд зелуй, зєгъгє. Еубон кєми адтєй, уоми бабєй насє разилдєй, мє хъєппєлтє єхснунмє цєун донгонмє, зєгъгє. Є мадє ’й нє уагъта, хъєппєлтє дєбєл ку неци ес, зєгъгє. Єрєги-дурєги 6а ин исарази єй єма ’й рауагъта. Насє зелун райдєдта єма, дони билємє ку єрзилдєй, уод уоми 6а сугъзєрийнєстгуггин кизгє феста- дєй. Дони билєбєл є уєледарєстє раласта єма сє єхснун райдєдта. Є хъєп- пєлттє куд єхснадта, уотемєй є сугъзєрийнє басмахътєй еу донмє ниххаудтєй єма ’й нєбал иссердта. Хъєппєлтє єхснад ку фєцєй, уєд сє ниссор кодта, є уєле сє искодта, уєдта, фитдзаг куд адтєй, уотє єхе фестун кодта єма сєхемє исзилдєй. Ци ибєл рацудєй, ка ’й зонуй, уєдта еу балцидзаутє, и кизгє є хъєппєлтє кєми єхснадта, уоми кєсалгдзауєн кодтонцє єма, и кизгєй донмє ци сугъзє- рийнє басмахъ ниххаудтєй, уой еу лєхъуєн иссердта. Єримєкєститє кодта и лєхъуєн, уєдта загъта: 91
Аци сугъзєрийнє басмахъ ке адтєй, еци кизги єнє ракорун нєййес, кємидєр єй, зєгъгє, єма еци бонєй фєстємє и басмахъи хєтдзє хєтун райдєдта. Еци басмахъи ємбал кємє адтєй, еци хєдзарємє бафтудєй єма син є хабар єрдзурдта: — Ауєхєн басмахъ дони хурфи иссердтон, єма мєхецєн иснет кодтон, аци басмахъ ци кизги адтєй, уой мин єнє ракорун нєййес, єма, гъеуой агорєг хє- тун. Нур ба кєд уєхемє ес уєхєн кизгє, уєд мин уой дєр зєгъетє; кенє ба кєд ує гъєубєсти медєгє есгємє зонетє, уєд мин уой байамонетє. Кємєн хабар кодта, етє ин загътонцє: — Уєхєн кизгє а гъєубєсти есгємє ес-нєййес, уой бєрєгєи дин неци зєгъ- дзинан, нєхемє ба ке нєййес, е ди Хуцауи номєй баруагєс уєд. Етє дзубандигонд ку фєцєнцє, уєд хуссєни бунєй сє размє насє разилдєй єма и лєхъуєнмє дзоруй: — Еци сугъзєрийнє басмахъ мєнєй фесавдєй ’ма, кєд єнгъезуй, уєд мин єй раттє! Етє дєр ибєл ниддес кодтонцє: — Нур айє цєбєл иселлєг єй, сугъзєрийнє басмахъ ци ’й, уомєн лєдєргє ку неци кєнуй, уєд. Цидєр адтєй, и насєй сугъзєрийнєстуггин кизгє рацудєй, єма єцєгєй є еу къахбєл сугъзєрийнє басмахъ, е ’ннє ба бєгъєнвад, уотемєй и лєхъуєни цормє єрлєудтєй єма ’й фєрсуй: — Дєумє ци басмахъ ес, ейє уой ємбал єй єви нє? Єрсємєкастєнцє, єма и басмахъ кизги разиндтєй. И хєдзарєн дєр єхцєуєн куд н’адтайдє, єгайтима нємє уєхєн кизгє ес, зєгъгє, єма и лєхъуєни хєтдзє раст еци бон бафедудтонцє. Ци ма рацудєй, ка ’й зонуй, уєдта є хонєн бон єрхъєрттєй, єма сємє киндзхонти хєтдзє єрцу- дєй. Фєммийнасє кодтонцє, уєдта сє киндзи байаразтонцє єма ’й алай-булай- єй рахудтонцє. И цєгєрсєр кизгє дєр рацудєй сє фєсте раєскъєрунмє. Є хєтдзє цєхгун губєрттє рахаста єма сє надбєл киндзєн бахуєрун кодта. И киндзє дєр исєдонуг єй єма цєгєрсєрєй дон корун равзурста. Е ба ин загъта: — Дон мємє ес, фал мин дє дуує цєсти кєд дєттис, єндєра дин нє ратдзєнєн. Уомєн дєр ци гєнєн адтєй, єма ин є цєститє равардта, єхе 6а донєй бафсаста. Цєгєрсєр и киндзи уєрдунєй єрхезун кодта рєуонєй єма єхе ний- тудта и киндзи бєсти. И лєхъуєн дєр єй нє базудта ’ма ’й єрхудта. И киндзє ба еци хъєрєуєй еу къєсибадєг уосємє бафтудєй. Къєсибадєг имє хъумєцтє єрхєссидє, е ба алли хъєппєли дзєбєх кодта. Еухатт кєми адтєй, уоми и кизгє искодта цохъа. И цохъа ба уєхєн цохъа адтєй, єма є реутєй єрдзєф кодта, є думєггєгтєй ба кафгє кодта. Къєсибадєг уосє єй базармє рарвиста, єхуєдєгка ин ниффєдзахста: — Єнє дуує цєстий мацєбєл макємєн раттє. Е дєр єй бахаста єма ’й базари гъарун райдєдта. Цєгєрсєр уоси лєг ибєл дзурдта, фал цєститє ба нє ирдта єма ’й цємєй балхєдтайдє? Еци хъонцгєнгє є хєдзармє єрцудєй, єма ’й уосєн радзурдта. Е ба ин загъта: — Уобєл ба ма тухсє, мєнмє ес дуує цєсти єма сє фєххєссє єма и цохъа балхєнє, — зєгъгє. 92
Лєхъуєн дєр и цєститє райста єма сє хєтдзє къєсибадєг уоси хєдзари исмедєг єй. И кизгєбєл сє ниссагъта, ’ма дин етє єхе цєститє. Уєд и кизгє єрдзурдта, хабєрттє кудтитє адтєнцє, уой. И лєхъуєн дєр є рєдуд куд не ’рлєдєрттєй єма хуарзау нєбал адтєй. И кизгє єхецєн бийнонтєн рахудта, цєгєрсєри 6а є кардєй никъкъуєхтє кодта, єма хєларєй цєргє байзадєнцє. «Ирон адємон сфєлдыстад», Хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф .430-433. ЦУАНОН ЛЄДЖЫ АРГЬАУ Уыдис иу цуанон лєг. Иу бон цуаны ацыд ємє амардта иу саг. Арт скодта йєхицєн, йє саг бастыгъта, суєнгтє йє кодта, сарєзта дзы физонєг. Физонєг куы фыхта, уєд саг райгас ємє фєцєйцыд. Цуанон йєхиуыл дзуар бафтыдта ємє загъта йєхицєн: «Ай та цы диссаг у, куы йє сфыхтон, уєд куы райгас ємє куы фєцєуы». Саг єм фєстємє дзуры: — Уый диссаг нєу, диссєгтє Гуллаты Гусамє ис. Лєг ацыд ємє бацыд Гуллаты Гусайы хъєумє. Хъєумє куы бахєццє, уєд иу лєг фєцєйласта дыуує хєрєгєй дон. Лєг єй фєрсы: — Гуллаты Гуса кєм цєры? Уыцы лєг ын загъта: — Цємєн дє хъєуы Гуллаты Гуса? Цуанон лєг ын загъта: — Амардтон иу саг, бастыгътон єй, суєнгтє йє кодтон, мєхицєн физонєг сарєзтон. Артмє йє куы фыхтон, уєд саг райгас ємє фєцєйцыд. Єз мєхиуыл дзуар бафтыдтон ємє загътон мєхицєн: «Ай та цы диссаг у, куы йє сфыхтон, уєд куы райгас ємє куы фєцєуы». Саг мєм раздєхт, ємє мєм дзуры: «Ай диссаг нєу, диссєгтє Гуллаты Гусамє ис». Рацыдтєн уырдыгєй, гъе уый тыххєй агурын Гуллаты Гусайы. Хъуамє йє ба- фєрсон, цы диссєгтє зоны. Уыцы лєг ын загъта: — Єз мєхєдєг — Гуллаты Гуса. Рацу мє хєдзармє, ємє дын фєдзурдзынєн иууылдєр мє диссєгтє. Бацыдысты хєдзармє, ємє дзурын байдыдта Гуллаты Гуса цуанон лєгєн йє диссєгтє. — Єз уыдтєн цуанон лєг ємє цыдтєн цуаны. Амардтон-иу сагтє, сєгуыттє, єрсытє ємє тєрхъустє. Єрхастон-иу сє мє хєдзармє ємє сє мє ус хєрын кодта адємєн. Нє хъєуы иу сауджын уыдис. Мє ус хуыссыди уыимє. Єз куы ’рцыдтєн цуанєй, уєд сє федтон иумє хуысгє. Мє ус мєм єрбацыд ємє мє ныццавта ехсєй. Фестадтєн нєл куыдз. Ацыдтєн быдырмє, ємє рацєйцыди иу сауджын. Сауджын мын кєрдзыны къєбєртє аппєрста. Рацыдтєн йє фєдыл, єрцыдыстєм сауджыны хєдзармє. Сауджын йєхєдєг цы хордта, уый лєвєрдта мєнєн дєр. Єхсєв мын-иу йє фосы цур уат бакодта гобанєй, хъєццулєй, ба- зєй. Лєвєрдта мын, цы мє хъуыди, уый, ємє хъахъхъєдтон фосы дзєбєх. Иу єхсєв фараст бирєгъы єрцыди, фарасты дєр аргєвстон. Ысцагъд сє кодтон кєрєдзиуыл. 93
Айхъуысти фыййєуттыл мє хорзы кой. Єрцыди иу фыййау ємє сауджынєн загъта: «Дє куыдзы мын ратт». Сауджын загъта: «Цы мын ратдзынє?» Фыййау ын радта дєс туманы. Фыййау мє акодта йемє. Бакодта мє йє фосы цурмє. Ныккодта мын хом ссадєй холлаг, базмєста йє лєдзєджы бырынкъєй, загъта мын: «Ахєр, куыдз». Бацыдтєн ємє ахордтон. Рахаста мын лыстєны муртє, загъта мын: «Схуысс, куыдз». Єз схуыссыдтєн. Єхсєвы єрцыди фараст бирєгъы. Бирєгътє нє уєндыдысты мєнєй фосмє. Єз сын загътон: «Єрбацєут ємє аргєвдут, цасдєриддєр ує бон у, уый». Єрбацыдысты ємє аргєвстой иууыл- дєр фосы. Райсом фыййау єрбацыд ємє йє фосы куы федта єргєвстєй, уєд систа иу лєдзєг ємє мє фєнадта. Мєлєтєй ма тыххєй фервєзтєн. Єркодта мє сауджынмє. Сауджын мын хостє кодта ємє сдзєбєх дєн. Єрцы- ди та иу бонджын лєг. Уыцы бонджын лєгєн йє чызг уыди єрра. Сауджынєн загъта: «Дє куыдзы мын ратт». Сауджын загъта: «Мє куыдзы ницы ратдзынєн. Иу бон дєр єй иу фыййау акодта ємє йє надєй мардта». Бонджын лєг сауджы- нєн загъта: «Ма тєрс, мєхуыдтєг цы хєрон, уый йын хєрын кєндзынєн уымєн дєр». Єз бацин кодтон, ай хорз фысым уыдзєни мєнєн. Бонджын лєг систа фондзыссєдз туманы, радта сє сауджынєн ємє мє йемє акодта. Куы бацыдыс- тєм йє хєдзармє, уєд аргєвста кєрчытє, сфыхта сє, скодтой хєбизджынтє, єрєвєрдтой фынг. Єркарстой хєбизджынєй, фыдызгъєлєй, цы ссардтой дзє- бєх хєринагєй. Єрєвєрдтой сє мє разы. Єрхастой нозт — арахъхъєй, бєгє- ныйє, сєнєй. Хуыцау цы радта хєринагєй адємєн, уыдон сегас дєр уыдысты фынгыл. Фєцєл кодтам изєрмє. Изєры бауат кодтой, ємє схуыссыдыстєм єрра чызджы цур. Ємбисєхсєв куы сси, уєд єрбацыди фараст хъуазы хуызєны. Єз дзы асты аргєвстон, фарєстємы куы єрцахстон, уєд мын загъта: «Ма мє ар- гєвд, исты хорз хъуыддаг дын сараздзынєн». Ауагътон єй, хъуазы. Райсом та сбон и, бонджын лєг єрбацыд ємє федта аст хъуазы єргєвстєй. Бакодта мє иу хєдзармє, бабаста мын мє хъуырыл цалдєр фондзыссєдз тума- ны. Єрцыдтєн сауджынмє. Сауджын мє фарста: «Хорз дєм нє базылд, цы?» Єз мє сєр банкъуыстон. Сауджын мыл бабаста ноджы фылдєр єхца ємє мын загъта: «Ацу дє хєдзармє ныр». Мєн нє фєндыди уырдыгєй рацєуын, фєлє мє уєддєр рарвыста. Єрцыдтєн мє хєдзармє. Мє ус мє куы федта, бакодта мє хєдзармє, сыхєлдта мын ме ’хца ємє мє фєстємє расырдта. Рацыдтєн иу быдырмє. Быдыры фєндагыл рацєйцыд иу рєсугъд ус. Мє- нєн мє зєрдє бахъазыд усмє. Ацыдтєн йє фєдыл. Ус мын загъта: «Ды цы куыдз дє, уый єз зонын, фєлє рацу хъєумє». Єз ацыдтєн йемє. Ныккодта мє йє хєдзармє. Рахаста ехс ємє мє ныццавта ехсєй. Фестадтєн лєг. Фєцєл мын кодта уыцы ран ємє мын загъта: «Иу хатт бонджын лєджы цурєй цы хъуаз рауагътай, єз уый дєн. Ацу ныр дє хєдзармє. Бацу райсом раджы сындєггай хєдзармє. Дє ус ємє сауджын хуысгє кєндзысты. Къулыл ауыгъд ис ехс. Райс єй ємє сє ныццєв сауджын ємє дє усы. Дє зєрдєйє цыдєрид- дєр зєгъай, уый фестдзысты». Єз рацыдтєн уырдыгєй. Єрцыдтєн мє хєдзармє. Бацыдтєн сындєггай, райстон ехс ємє ныццавтон мє ус ємє сауджыны. Фестадысты сыл хєрєг ємє нєл хєрєг, ємє сє кусын ныр. Дєлє уыдон сты. Фєрсы хєрєджы: — Єццєй хєрєг? Бєлвырд уыдис єви нє? Хєрєг йє сєр банкъуыста. 94
Гуллаты Гуса загъта: — Уыцы диссєгтє єрцыдысты мє сєрыл. Лєг рацыди уырдыгєй. Єрцыд йє хєдзармє. Абои дєр цєры йєхицєн ємє хєры. Радзырдта йє Кокойты Захар Кибайы фырт, Цъиарайы хъєуккаг (Хус- сар Ирыстон). ВШеп йег оззеИзскеп V о\к$йгск1ипд. СезаттеИ, йЪегзеЬгк ипй тИАптег- кипдеп ег\аи1ег1 ьоп Эг. Веткагй Мипкасзг. Вис\аре${. 1932, ф. 136—144. ХУЫЦАУМЄ ХЪЄСТМЄЦЄУЄГ МЄГУЫР ЛЄГ Дыуує ’фсымєры цардысты иумє. Иу сє куыста, иннє нє куыста. Ємє байуєрстой. Чи куыста, уый та ноджыдєр тыхджындєр кусын байдыдта, стєй йє усєн загъта: — Кєрдзын мын скєн фєндаггаг. Йє ус ын кєрдзын скодта. Ацыди мєгуыр лєг. Бирє фєцыди — цъус фєцы- дис, иу бирєгъыл сємбєлди. — Дє фєндаг раст уа, мєгуыр лєг. — Хуыцауы хорзєх дє уа. — Кєдєм цєуыс, мєгуыр лєг? — Хуыцаумє хъєстмє цєуын: кусын ємє мын ницы єнтысы цєрынєн. — Мєн тыххєй дєр-иу бахъаст кєи: иу бирєгъ йе рагъы нуєрттыл ратул- батул кєны ємє цємєн афтє у? Мєгуыр лєг уырдыгєй ацыдис, ємє та йыл сємбєлдис иу євзист гутон. — Дє фєндаг раст уа, мєгуыр лєг! — Хуыцауы хозєх дє уа, гутон. — Кєдєм цєуыс, мєгуыр лєг? — Хуыцаумє хъєстмє: кусын ємє цєрынєн ницы фєразын. — Мєн тыххєй дєр ма-иу бахъаст кєн: иу євзист гутон кусы ємє йын ницы єнтысы. Ацыди мєгуыр лєг ємє сємбєлди иу бєласыл. — Дє фєндаг раст уа, мєгуыр лєг! — Хуыцауы хорзєх дє уа. — Кєдєм цєуыс, мєгуыр лєг? — Хуыцаумє хъєстмє: кусын ємє цєрынєн ницы фєразын. — Мєн тыххєй дєр ма бахъаст кєн; иу бєлас иуырдыгєй сыфтєр єфтауы, иннєрдыгєй хуыскъ кєны. Уырдыгєй ацыди мєгуыр лєг. Сємбєлди иу бєхыл. — Дє фєндаг раст уа, мєгуыр лєг, кєдєм цєуыс? — Хуыцаумє хъєстмє. — Мєн тыххєй дєр ма-иу бахъаст кєн: иу бєх астєумє кєрдєджы хизы ємє нє нард кєны. Уырдыгєй ацыди мєгуыр лєг. Сємбєлди йыл иу лєг. — Кєдєм цєуыс, мєгуыр лєг? — Хуыцаумє хъєстмє. —Мєн тыххєй дєр ма-иу бахъаст кєн: иу лєгєн куринаг чызг ис ємє йє ничи куры. 95
Уырдыгєй ацыди мєгуыр лєг ємє иу сагыл сємбєлди. — Кєдєм цєуыс? — Хуыцаумє хъєстмє. — Хуыцаумє никєд бон фєхєццє уыдзынє, фєлє мєнє мє сыкъатыл сбыр. Мєгуыр лєг саджы сыкъатыл сбырыд, Хуыцаумє ссыди. — Єгас цу, мєгуыр лєг! Цы дє хъєуы? Мєгуыр лєг загъта: — Кусын ємє ницы фєразын цєрынєн. Хуыцау фєрсы мєгуыр лєджы: — Тыхджын зєнджын дє, цы? — Мєнєй зєнджындєр арвы бын нєй. — Ацу ємє дын паддзахдзинад уєд! Мєгуыр лєг йєхи хъєстаг куы фєци, уєд иннєты хъєстытє кєнын байдыд- та. Хуыцауєн загъта: — Иу бирєгъ иу ран йе рагъы нуєртгыл ратул-батул кєны, цємєн афтє у? Хуыцау загъта: — Єдылы лєгыл-иу куы сємбєла, уєд-иу єй бахєрєд. — Иу євзист гутонєй кусы ємє йын ницы єнтысы. Хуыцау загъта: — Уый та, адєм цємєй кусынц, уымєй кусєд ємє йын єнтыса. — Иу ран иу бєлас куы ис, иуырдыгєй сыфтєр куы єфтауы, иннєрдыгєй хуыскъ кєны. — Уый та, чердыгєй хуыскъ кєны, уыцырдыгєй єхцайы чила ис, исчи йє куы сисид йєхицєн, уєд дыууєрдыгєй дєр єфтауид сыфтєр. — Иу ран иу бєх куы хизы астєумє кєрдєджы ємє куынє нард кєны. — Уый та, исчи йє куы аласид ємє йыл куы кусид, уєд снард уаид. — Иу ран иу лєгмє куринаг чызг куы ис, ємє йє куы ничи куры. — Уый та, фыццаг чи єрцєуа, уымєн-иу єй раттєд. Мєгуыр лєг раздєхти фєстємє ємє єрцыди уыцы лєгмє. Уый йын загъта: — Цы бадє дє хъуыддагєй, мєгуыр лєг? — Паддзахдзинад мын рацыд. — Мє хъуыддагєй та цы бадє? — Фыццаг, дєм-иу чи цєуа, уымєн єй ратт. — Мєгуыр лєг, ды йє акєн. — Мєн дє чызг цємєн хъєуы? Рацыди мєгуыр лєг ємє бєхмє єрцыди. Бєх фєрсы мєгуыр лєджы: — Цы бадє дє хъуыддагєй, мєгуыр лєг? — Паддзахдзинад мын рацыд. — Мє хъуыддагєй та цы бадє? — Дєу та исчи куы аласид, уєд снард уаис. — Цєй, уєдє, мєгуыр лєг, ды мє алас. — Єз ма дєуєй цы кєнын? Рацыди уырдыгєй ємє єрцыди бєласмє. — Цы бадє, мєгуыр лєг, дє хъуыддагєй? — Паддзахдзинад мын рацыди. — Мє хъуыддагєй та цы бадє? — Хуыскъ чердыгєй кєныс, уым єхцайы чъила ис, исчи йє йєхицєн куы ахєссид, уєд сыфтєр єфтауис дыууєрдыгєй дєр. 96
— Ды йє ахєсс, мєгуыр лєг! — Мєн цємєн хъєуы де ’хца? Рацыди уырдыгєй мєгуыр лєг, єрхєццє гутонмє. — Цы бадє, мєгуыр лєг, дє хъуыддагєй? — Паддзахдзинад мын рацыди. — Мє хъуыддагєй та? — Дєуєн та де ’взистытє исчи йєхицєн куы ахєссид, уєд дын єнтысид кусын. — Ды сє ахєсс, мєгуыр лєг. — Мєн цємєн хъєуынц де ’взистытє? Рацыди мєгуыр лєг, бирєгъмє єрцыди. — Цы бадє, мєгуыр лєг? — Паддзахдзинад мын рацыдис. — Мє хъуыддагєй та цы бадє? — Ды та єдылы лєгыл куы сємбєлай, уєд єй бахєр. — Уєдє дєуєй єдылыдєр никуы ссардзынєн. Ємє йє бахордта бирєгъ мєгуыр лєджы. Радзырдта йє Кокойты Захар Кибайы фырт, Цъиарайы хъєуккаг (Хус- сар Ирыстон). ВШеп йег05$еИ$сЫп УоИгзаЧсШтд. СезаттеИ, йЬегзеЬгЬ ипа1 тИ. Аптегкипдеп егЫиЬегЬ ьоп Иг. Вегпкага* Мипкасвъ. ВийарезЬ. 1932, ф. 98—104. МЄЛИКК ЄМЄ ЦУАНОН Хорз мєликкєн хорз цуанон уыди. Бирє бонты фєцуан кодта цуанон мєлик- кы къухы. Иу бон єм дзуры мєликк: — Ахсєв мєм єнахуыр уазджытє єрцєуинаг и, ємє уыдон дисєн кєй фє- хєссой, ахєм сырд хъуамє амарай. Карк куы ныууасыд, уєд цуанон йє фат ємє йе ’рдын бафтыдта йе ’фцєджы ємє^ссыди сау хъєдмє. Бон-изєрмє байдыдта цуан кєнын. Йе ’намонд уыд цуанонєн уыцы бон, ємє ницы ссардта єппындєр. Рараст кодта изєры сау хъєды мидєг. Кєсы, ємє иу стыр цєргєс бєласы уєлє бады. Уєд єм цуанон дзуры: — Додой мын дє хєдзар фєци, уєлє цєргєс, єз абондєргъы цуан кєнын ємє ницы ссардтон єппындєр, ныр дєу уєддєр мардзынєн. Цєргєс єм фєстємє єрдзырдта: — Гъе, мєличчы хорз цуанон, ды мє амардєй ницы сараздзынє єппындєр, фєлє дын єз бацамондзынєн зонд ємє фєнд. Араст кєн ацы сау хъєды мидєг. Сау хъєды кєронмє куы фєхєццє уай, уєд уым ис єхсыры цад ємє уыцы ран тар халагъуд сараз дєхицєн. Райсом уєларвєй ратєхдзєн єртє бєлоны. Єхсы- ры цады цур абаддзысты ємє фестдзысты чызджытє. Єхсыры цады найдзысты сєхи ємє сєм ды талынг халагъудєй кєс. Єппєты фєстє чи раласа йє пысултє, уымєн сє радав. Уыдон сєхи над куы фєуой, уєд дыуує хойы сє пысултє акєндзысты сє уєлє ємє та бєлєттє фестдзысты, сфардєг уыдзысты уєларвмє. Сє кєстєр хо йє пысултє агурдзєн ємє баззайдзєн. Куы никуы сє ара, уєд дєм дзурдзєн: «Кєд мын лєг бамбєхста мє пысултє, уєд єз — дє чызг, ды — мє 7 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 97
фыд». Мацы йєм сдзур. Уый зєгъдзєн: «Кєд ус дє — ды мє мад, єз — дє чызг». Уєддєр-иу єм мацы сдзур. Уый фєстє дєм сдзурдзєн: «Кєд лєппу дє, уєд мє Хуыцау дєуєн загъта». Гъе, уєд-иу єрбахєсс йє пысултє ємє йын сє ратт. Уєд уымєн уєларвмє тєхєн нал ис, ємє баззайдзєн дєуєн. Стєй дын уый йєхєдєг амондзєн царды фєндтє. Уыцы хъуыддагыл єй бафтыдта цєргєс. Араст кодта цуанон сау хъєды ми- дєг. Сау хъєды кєронмє куы фєхєццє, уєд уыцы ран ис, єцєгдєр, єхсыры цад. Уый былыл сарєзта сау халагъуд, уыцы ран сбадти ємє кєсы. Хур куы ’рбакасти, уєд уєларвєй ратахти єртє бєлоны. Абадтысты єхсыры цады цур, фестадысты чызджытє. Чызджытєм кєсы цуанон, ємє сє пысултє ласынц. Єппєты фєстє чи раласта йє пысултє, уымєн сє радавта. Чызджытє сєхи над куы фесты, уєд алчи йє пысултє кєны. Дыуує хойы сє пысултє конд куы фесты, уєд бєлєттє фестадысты ємє сфардєг сты уєларвмє. Кєстєр .хо агуры йє пысултє ємє сє нал ары. Базыдта йє бон, уєларвмє йын фєндаг нал и, уый. Кєугєйє хъєр кєны: — Чи мын бамбєхста мє пысултє, уый куы нє зонын єз. Кєд лєг дє, уєд єз — дє чызг, ды — мє фыд, ємє мын сє ратт. Кєд ус дє — єз дє чызг, ды — мє мад, ємє мын сє ратт. Кєд лєппу дє, уєд ды мє мой, єз — дє ус. Уєд єм рахаста йє пысултє лєппу. Єрфарста йє чызг: — Кємєй дє, кєнє дє царды хабар куыд у? Лєппу йєм дзуры: — Єз дєн мєличчы цуанон, ємє уымєн цуан кєнын, єндєр мын никуы ницы ис зєххыл. Чызг ын загъта: — Уєдє мє Хуыцау дєуєн загъта, ємє цєуєм иумє. Рараст кодтой ємє цєуынц сау хъєды мидєг. Куы ’рєввахс сты мєличчы зєхмє, уєд єй чызг баурєдта ємє йын дзуры: — Гъеныр єз бєлон фестдзынєн, дє дзыппы мє нывєр ємє дє мєликмє бацу ємє йын зєгъ: «Єз цалдєр азы дє разы лєггад кєнын, цуаны цєуын ємє дєм никуы єрцыдтєн єнє сырды мєрдтє. Ныр єртє боны цуаны цєуын ємє цъиутєхєг дєр нал ссардтон: євєццєгєн, ме ’намонд єрцыд ємє демє цєры- нєн нал бєззын єз, ємє дын уыйбєрц фєлєггад кодтон, ємє дє зєххыл хєдзар кєм саразон, уый мын ратт». Уєд дын уый зєгъдзєн: «Ацу, ємє дє кєм фєнды, уым сараз». Къухфыст- иу дзы райс. Чызг фестад бєлон, ємє йє лєппу йє дзыппы нывєрдта. Рараст кодта цуанон, мєличчы размє бацыди ємє йєм дзуры: — Нє Хуыцау не ’вдисєн фєуєд, цалдєр азы дє къухы цуан кєнын єз ємє дєм никуы єрцыдтєн афтидєй. Ныр, євєццєгєн, ме ’намонд єрцыд, ємє мын нал и сырдтєй хай, ємє дын уыйбєрц фєлєггад кодтон єз, ємє мєхицєн дє зєххыл иу хєдзар кєм єрєвєрон, уый мын ратт. Уєд єм мєликк дзуры: — Ацу, кєд дє мемє цєрын нал фєнды, уєд, кєцыдєриддєр ран дє фєнды, уым сараз дєхицєн хєдзар. Рацыди цуанон уырдыгєй, къухфыст дзы нє райста, афтємєй. Быдырмє куы рахєццє, уєд бєлон йє дзыппєй стахти ємє фестади чызг: 98
— Цы дын загъта дє мєликк? — Бар мын радта, кєм дє фєнды, уыцы ран хєдзар саразынєн. Уєд чызг йє зєвєтєй єрриуыгъта быдыры астєу, ємє дзы фестади авд єддєгуєлєйы сыгъзєрин ємє євзистєй арєзт. Мєличчы адєм байдыдтой уымє цєуын, фєрсын ємє зонд амонынмє. Мє- личчы тєрхоны лєгтє дєр єрбадтысты цуаноны агъуысты мидєг, мєличчы пад- дзахад дєр бафтыди цуаноны къухы. Уєд мєликмє єркасти хъыг: «Уєдє мє паддзахад ницыуал у мєнєн». Йє тєрхоны лєгтєм басидти мєликк ємє сєм дзуры: — Ахєм тєрхон скєнут сымах, ємє уыцы цуанонєн йє ус дєр мє къухы куыд бафта ємє йє бєстыхєйттє дєр мєнєн куыд баззайой. Уыдон тєрхон байдыдтой, цы ’рхъуыды кєнєм, зєгъгє, ууыл. Басидтысты цуанонмє ємє йын зєгъынц: — Фєцу арвы кєронмє, уым ис арс єфсєйнаг рєхыстєй баст; уый кєд єркєнай, уєд дє агъуыстытє дєр дєхи, дє ус дєр дєхи, кєннод дын хъуамє баззайой мєликкєн; дєхєдєг хъуамє сыстай ємє фесафай дє сєр. Цуанон раздєхти фєстємє, кєугє бацыди йє усмє, ємє йє фєрсы йє ус: — Цы кодтай? — Мєликк дє исынвєнд скодта. Мєныл стєрхон кодтой: фєцєуон хъуамє, — арвы кєрон ис арс баст, ємє уый хъуамє єркєнон. Уєд єм чызг радта сыгъзєрин порти: — Ацу, сыгъзєрин порти аппар зєхмє, ацы къухсєрфєн ахєсс демє, порти тулдзєн йєхи єгъдауєй ємє ды йє фєстє цу. Цы агъуысты бын єрєнцайа, уыцы ран-иу йє цуры єрбад, стєй дєм уєд цєуєг уыдзєн. Араст кодта портийы фєдыл лєппу, ахаста къухсєрфєн йє къухы, байдыдта цєуын портийы фєдыл. Батылди иу стыр агъуысты дуармє. Єрбадти уый йє цуры. Къухсєрфєн систа лєппу ємє йє йє къухты дары. Уым царди йє хистєр хо чызгєн. Рауади йєм уыцы чызджы сывєллон, єгасцєуайтє йын ракодта, йєхєдєг фездєхти фєстємє ємє йє мадмє дзуры: — Дєлє нє дуармє иу уазєг, ємє кєд и дє кєстєр хойы къухсєрфєн йє армы. Уєд єм рахызти ус йєхєдєг, єрбадти йє цуры ємє йыл цин кєны, байдыд- та йє фєрсын хабєрттєй. Цуанон ын фєдзырдта йє хъуыддєгтє. Єхсєв єй куыннє бауазєг кодтаид! Райсом куы сбон и, уєд єм дзуры ус: — Ацу ацы портийы фєдыл. Арвы кєронмє куы баввахс уай, уєд. дарддєр цєуыны фєнд мауал скєн. Портийы-иу йєхи бар ауадз, ємє уый йєхєдєг цєу- дзєн, дєхєдєг-иу сбад уым. Уый ныххєццє уыдзєн арвы кєронмє сахаты єрдєгмє. Басмуддзєн єм арс, суадздзєн йєхи, рацєудзєн портийы фєдыл. Дєхєдєг дєр-иу размє цєуыны куыст кєн. Араст и цуанон портийы фєдыл. Арвы кєронмє куы баввахс и, уєд ыл сємбєлди арсы тєф. Ауагъта цуанон портийєн йєхи, йєхєдєг сбадти уым. Порти ныххєццє арвы кєронмє. Єрысмыстытє кодта арс портимє ємє суагъта йєхи — рараст кодта уырдыгєй йє фєдыл. Цуанон дєр арсы тєфєй куыннє уынгєг кєны ємє размє згъорыны куыст кєны. Арсы тєф куы сємбєлди мєличчы калакыл, уєд арсы тєфєй уынгєг байдыд- той калакстоны адєм ємє мєликмє дзурынц: — Арвит фєстємє тагъд, ємє уыцы арсы куыд акєна, ємє йє фєстємє куыд бабєтта. 99
Арвыстой цуанонмє лєг. Аздєхти порти, арвы кєронмє ахєццє. Уым бабаста арс йєхи. Порти фєстємє ратахти ємє йє цуанон нывєрдта фєстємє йє дзыппы. Єрцыди йє усмє цуанон фєстємє. Байдыдтой та мєличчы тєрхоны лєгтє тєрхон: «Уєдє ма цуанонєн цы тєрхон скєнєм?» Стыр тєрхон ын куыннє скодтой. Басидтысты дыккаг хатт цуанонмє ємє йєм дзурынц: — Фєцу, кєдєм — нє зонєм. Єркє, адєм кєй нє уыной, ахєм. Кєд єркє- най ахєм, дє бєстыхєйттє дєр дєхи, дє ус дєр дєхи. Кєд не ’ркєнай, — дє ус ємє дє агъуыстытє мєличчы хъуамє уой. Дєхєдєг та хъуамє фесафай дє сєр. Баздєхти кєугє цуанон фєстємє. Фєрсы йє йє ус: — Цы дын стєрхон кодтой? — Фєцєуон хъуамє, ємє єркєнон, адєм кєй нє уыной, ахєм. Ємє цы уыдзєн, зєххыл адєм кєй нє уыной, уый? Чызг та йєм сыгъзєрин порти радардта: — Гъе, уый фєдыл ацу. Байдыдта сыгъзєрин портийы фєдыл цєуын лєппу. Батылди порти стыр галуаны бынмє. Йє усы къухсєрфєн систа ємє дзы йє къухтє сєрфы. Йє усы хо йєм рауади ємє йыл бацин кодта, бахуыдта йє хєдзармє. Фєр- сы йє, кєдєм цєуы, уымєй. Радзырдта йын йє хабар ємє йын загъта: — Кєд дє къухы ис, уєд мын єй ратт. Уєд чызг дзуры: — Єз дєн сырдты хицау. Єрсидти сырдтєм. Байдыдта сє фєрсын: — Адєм кєй нє уыной, ахєм кємє разындзєн? — Махєй никємє и ахєм, фєлє хохы мидєг цєры къуылых рувас; кєд уа, уєддєр уымє. Єрсидтысты къуылых рувасмє, ємє сын уый дзуры: — Мєнмє ис рочкє*, ємє мє уый дары, уыййеддємє єз кусынєн ємє цєуынєн нє дєн. Уєд єм чызг дзуры: — Цуанонєн єй куыд раттай, афтє. Араст ис катайгєнгє рувас мєгуыр лєджы разєй. Цєуынц рувасы лєгєтмє, хохмє. Єрбадын єй кодта уым ємє дзуры: — Рочкє, нє къухтыл нын дон єркє ємє нын хєрд, нуєзт єрхєсс. Сє къухтыл сын дон чи ’ркодта ємє сын кєрдзын чи єрєвєрдта, уый нє уынынц. Уєд рувас дзуры: — Ды мєн нал дє, фєлє ацы цуаноны фєстє цу. Рараст и цуанон. Сдзуры: — Рочкє, кєм дє? — Мєнє дєн, ма тєрс. Єндєр єй цєстєй уынгє дєр нє кєны. Иу ран хидгєс хиды кєрон бады, ємє йєм дзуры цуанон: * Рочкє — уынєн кємєн нєй, ахєм сырды мыггаг аргъєутты мидєг. 100
— Байриай, хидгєс! Хидгєс ын дзуры: — Хуыцауы хорзєх! Сбад ємє кєрдзын бахєрєм. Єрбадти уыцы ран цуанон ємє дзуры: — Рочкє, нє къухтыл нын дон єркє ємє нын хєрд ємє нуєзт єрєвєр! Дон сын сє къухтыл єркодта, хєрд, нуєзт сє разы авєрдта, фєлє йє нє уынынц цєстєй. Уєд єм хидгєс дзуры: — Фенын мын кєн дє рочкєйы. — Кєд єй ды уыныс, уєд єз дєр. Хидгєс бацыд, къулєй дыууадєстєнон фєндыр райста. Бауєгъд ын кодта йє галиу хъис. Єрцджын хъазахъ цєуын байдыдтой фєндыры хуылфєй. Байдзаг сты быдыртє, нал цєуынц зєххыл. Баздыхта ноджы фєндыры хъис, ємє бакал- дысты йє хуылфы. — Ацы фєндырмє ацы миниуєг ис, цуанон, гъеуый єз дєуєн ратдзынєн, дє рочкє та мєнєн. Авд паддзахы куы сєфой, дє бон у уєд уыдон суадзын. Уєд єм цуанон дзуры: — Рочкєйы дын ницєй тыххєй ратдзынєн єз. Рочкє йєм сусєгєй дзуры: — Райс фєндыр. Ма тєрс. Єз уєддєр дєу дєн. Уый мє цєстєй нє уыны. Бєтгє мє нє бакєндзєн. Єз дє уєддєр аййафдзынєн тагъд. Райста фєндыр. Рочкєйы ныууагъта уым. Рочкє дєр єй ныййєфта фєнда- гыл. Фєндыр дєр йєхи баци цуанонєн. Цєуынц уырдыгєй, ємє иу зєронд лєг обауы сєрыл бады. Зєронд лєг єм дзуры: — Дє фєндаг раст, мєгуыр лєг. — Хуыцауы хорзєх. Єрбадти уый цур дєр. Рочкє та сын хєрд, нуєзт єрхаста. Уєд сын зєронд лєг сє разы аппєрста лєдзєг. Лєдзєг фестад єфсєйнаджы обау. Ратул-батул кодта йєхигъєдєй ємє бєс- ты-хєхты йє быны мур кодта. — Ацы лєдзєг дын ратдзынєн. Дє рочкє та — мєнєн. Баивтой, фєлє цуанон бакодта мєнг ивд. Рочкє та йє фєндагыл ныййєфта. Уєд цуанон фыццаг фєндыры гуыбынєй мєличчы калакыл ауагъта єфсєдтє, стєй аппєрста лєдзєг ємє сє бынтон гєныстон фєкодта. Йє ус цуанонєн йєхицєн баззад, йє агъуыстытє дєр ємє рочкє дєр. Радзырдта йє Гуыбаты Дзакко. «Ирон адємон сфєлдыстад», хресто- мати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 335—342. АСЄГО Нарти адєммє єнєзєнєг уосє ’ма лєг синтєстєй; етє 6а сє дин Хуцауєн єцєгдзинадєй хастонцє. Ку базєронд єнцє, мєнє лєг єма уосє куд базєронд уа, уотє, уєдта син Хуцау єртєрегъєд кодта, ’ма син лєхъуєн райгурдєй. Уой фєсте ба сє зєрдє уой бєрцє сдзєбєх єй, ’ма загътонцє: «Арєби, амєн бєрєг авдєнє байагорєн», єма рандєнцє гъєдємє, сувєллон дєр сє хєтдзє фєххас- 101
тонцє. Гъєдємє ку схъєрттєнцє, уєдта ’й уорс уєлдзари батухтонцє ма ’й бєласи буни ниууагътонцє. Сєхуєдтє ба рандєнцє ’ма дзєбєх бєласє агорун байдєдтонцє, авдєнє цємєй скодтайонцє, уєхєн. Ци рахаттєнцє, ка ’й зонуй, уєдта, сє зєрдє куд загъта, уєхєн бєласє ’ссердтонцє ’ма уомєй авдєнє кєнун байдєдтонцє. Ку сцєттє ’й, уєдта сє авдєнє рахастонцє, цєуєн, нє саби дзи бабєттєн, зєгъгє. Єрцудєнцє ’ма агорунцє сє сувєллон ’ма ’й нєбал ерунцє. Уа-нєуа дєр єй ку нє йирдтонцє, уєдта кєун байдєдтонцє: — Арєби, аллах, нє хъиамєт нин дзєгъєл ку фєккодтай; лєхъуєн нин ра- вардтай, ’ма нин дзєгъєл ку фєцєй; фал ци кєнєн? Хуцау! Алли гъуддаг дєр дє бєрагєй: дє лєвард адтєй ’ма ’й райстай. Уотемєй рараст єнцє сє хєдзарємє. Стур хонхи федари 6а бадтєй уєйуг. Еци уєйуг ба, цауєн куд кодта, уотемєй мєгур лєг єма уоси лєхъуєн иссердта. Еу сахат ибєл рацинє кодта, уєдта ’й є рони бацавта ’ма ’й є бунатмє фєххаста. Уоми ба ’й саги фид ємє хуйи хъан- зєй хєссун байдєдта. Ци рацудєй, уєдта сувєллон є къахбєл цєунгъом фєцєй. Еу бон кєми адтєй, уоми 6а уєйуг цауєни рандєй, сувєллон дєр є хєтдзє, уотемєй. Фєххаттєнцє бон-изєрмє, ’ма сє Хуцау нецєбєл симбєлун кодта. Изєрєй ба, афтедєй сє хєдзарємє ку єриздахтєнцє, уєд и уєйуг фєстємє фездахтєй ’ма хуарз стур бєласє єд едєгтє студта ’ма ’й фєццєйхаста. Лєхъу- єн имє десгєнгє кєсуй ’ма ’й фєрсуй: — Ци кєнис уомєй? Е 6а загъта: — Изєрєй нєхецєн арт цємєй никкєнєн, уой хєссун. Асєго дєр фездахтєй ’ма, дєс єма инсєй ивази є дєргъцє кємєн адтєй, уєхєн бєласє єд бунтє студта ’ма ’й є усхъи фєххєссуй: — Ци кєнис уомєй, — зєгъгє ’ймє дзоруй уєйуг. — Ду дзи ци кєнис, єз дєр уой, — зєгъгє, ’ймє дзоруй Асєго дєр. Хєдзари размє ку бахъєрттєнцє, уєд уєйуг є бєласє зєнхєбєл ниццафта, ’ма бєласє фєббуройнє єй. Асєго дєр єй ниццафта уомєй єнгъєддєр ’ма, артєн куд дзєбєх, уотє нимморє ’й. Уєйуг уомє ку ’ркастєй, уєд загъта: — Хуцау, дєуєй рази, ай мєнєн лєхъуєнєн сбєздзєнєй. Уотемєй, є тухємє ин ку ’ркастєй уєйуг, уєдта загъта:— Уєртє, еци гъє- дєй мин моси бєрцє єртонє. Асєго дєр бацудєй ’ма раст авд моси бєрцєбєл гъєдє ниллигъз кодта. Сєумє уєйуг ку ракастєй, уєд є зєрдє бадзєбєх єй ’ма бацинє кодта лєхъуєнбєл. Еци уєйуг авд уєйугемєн се ’нсувєри рамардта ’ма си уой фудєй, цєветтон, тог дардта. Бестауи бєрзонд ба син єнгъуд адтєй ’ма уордємє ранєхстєр єй. Асєго дєр уєларвон Курдалєгони конд хъама є астєубєл бабаста ’ма фєццєйцудєй уєйуги фєсте. Уєйуги Хуцау фєстємє фєккєсун кодта ’ма, Асєгой ку рауидта, уєдта ниллєудтєй, ’ма ’ймє дзоруй: — Кумє цєуис ду бабєй мє фєсте? Мєнєн авд уєйуги мє хорх фуси хорхау євгєрдгє ку кєндзєнєнцє. Мєнгєй Асєго дєр загъта: — Тєккє дєр єз цєун, ме ’скєнгє фидє, ’ма дє уоди бєсти мє уод дєттун. Еу сахат уотемєй фєдздзурдтонцє, уєдта уєйуг є уод єхецєн адгиндєр скодта ’ма фєстємє раздахтєй, мєнгєй Асєго дєр є бєсти Бестауи бєрзондмє сцудєй. 102
Уалєнгє авд уєйуги дєр сцудєнцє ’ма, ку схєстєг єнцє, уєд хестєр кєс- тєрмє дзоруй: — Цєугє, уєлє нин еци хонхаг цъеу єрхєссє. Сє кєстєр ба загъта: — Арєби, єз уой зонун ’ма ’ймє мє нифс нє хєссун, нур дєр уин зєгъун ’ма фєстаг бон дєр. Уотемєй кєстєр нє бакумдта. Уєдта сє хестєр є фурмєстєй фєннєхстєр єй ’ма фєгъгъєбес єй Асєгой хєтдзє. Асєго уєйуги ниррєуигътитє кодта ’ма ’й є хорхи уалєнгє рамедєг кодта зєнхи, уєдта є хъєма фелваста ’ма ин є сєр ракъуєрдта. Уой фєсте иннє фондзей дєр сє хестєри фєндагбєл рарвиста. Сє кєстєр ба ма байзадєй, ’ма ’ймє ку сцудєй, уєд єй Асєго мєстєй марун бай- дєдта, маргє ба ’й нє кодта. Е 6а ин загъта: — Арєби, цємєн мє марис, єз дєумє хєрандзинади ку нє цудтєн, цємєн мє марис? Уой ин ку загъта, уєд єй Асєго дєр исуагъта; ку ’й исуагъта, уєдта уєйуг загъта: — Стур хонхи уєйугєн єхе фурт бєргє нє дє, фал є фєрци 6а фєййер- вазтє; дєу кємєн равардта Хуцау, етє мєгур лєг єма мєгур уосє адтєнцє. Уой ку фегъуста Асєго, уєд раздахтєй фєстємє Стур хонхи уєйуги хєдза- рємє. Ку ’рхъєрдтєй, уєд є цєстисугтє калун байдєдта, уєйуг дєр єй фєрсуй: — Ци кєнис, ци дєбєл єрцудєй? — зєгъгє. Асєго ’ймє неци сдзурдта. Уєдта Уєйуг єрсагъєс кодта ’ма загъта єхе меднимєр: — Амєн є мадє ’ма є фидє баамундєй, ’ма є зєрдєбєл єрифтудєнцє. Бацудєй ’ма ’й ци уєлдзари тугъдєй иссердта, еци уєлдзар ин рахаста ’ма ин загъта: — Цогє, дєуєн дє мадє ’ма дє фидє Гори цєрунцє, ’ма уони бабєрєг кєнє; ку бахєццє уай, уєд дє мадє ’ма дє фиди бєрєг уотемєй иссердзєнє, ’ма и уєлдзар дин ка райса, ’ма уобєл ка никкєуа, етє дє мадє ’ма дє фидє уодзєнєнцє. Рандєй Асєго ’ма ку бахъєрттєй Гори федармє, уєдта рахєтє-бахєтє кє- нун байдєдта, уєлдзар ка балхєндзєнєй, зєгъгє. Еу гъєунги ку фєццудєй, уотє ба ’ймє еу уосє райцудєй, уєлдзари є къохи райста ’ма кєун байдєдта: — Цєбєл кєуис, хуарз уосє, — зєгъгє ’й фєрсуй хинєй Асєго. Е 6а загъта: — Цєбєл кєун, хуарз лєхъуєн? Мєнєн дєр дєу хузєн лєхъуєн адтєй, ауєхєн уєлдзари тугъдєй мин гъєди фесавдєй ’ма уобєл кєун! — Мадта єз дє лєхъуєн дєн, — зєгъгє, загъта Асєго. И уосєй дєр баруагєсєй ’ма ’й хєдзарємє бакодта. Асєго хєдзарємє ку ’ркастєй, уєд имє февналдта ’ма ’й єндєр хузєн ракодта. Є фидє 6а хугєс адтєй ’ма изєрєй хутє ку ’рискъардта, уєдта є хєдзарємє єрцудєй. Хєдзарє ’ндєр хузєн не ’сцєй, ’ма ’й нєбал бафєсмардта. Уотемєй еу-фондз хаттей бєрцє єрцєуидє ’ма бабєй, цид, фєстємє раздєхидє. Єхсєзєймаг зилди 6а ’й є уосє рауидта ’ма ’ймє радзурдта: — Медєгмє цємєннє єрбацєуис? Бацудєй ’ма кєрєдзебєл ниццинитє ’нцє. Єхсєвє ку ’рбон єй, уєдта Асє- го загъта є фидєн: «Єз дє бєсти хугєс цєун», — ’ма раскъардта хутє. Гъєдрє- бунмє сє стардта ’ма сє уоми ба еугурєй фєццагъта. 103
Изєрєй ба ку ’рцудєй є хєдзарємє, уєд єй фєрсунцє є мадє ’ма є фидє: — Алкємєн є хутє є хєдзарємє баскъардтай? — Баскъардтон, — загъта. Ку ’рталингєй, уєдта Асєгой фидємє фєйнердигєй уайун байдєдтонцє, нє хутє нин цємєн фєццєгъдун кодтай, зєгъгє. — Мах не знаг агорунмє цєуєн, ’ма єхсєви ардєгєй ци радавдєуа, е дєр дє федтон уодзєнєй. Асєгой фидє никкудтєй: — Арєби, ци ма кєндзєнєн, — зєгъгє. Асєго 6а ’ймє дзоруй: — Ма тєрсє, мєн уод єгасєй, дєуєн неци уодзєнєй. Алке ку ниххустєй, уєдта Асєго рацудєй ’ма Гори єфсєн дуар нихгєдта, єхгєд ба ’й уєхєн никкодта, ’ма ’й єхецєй єндєр ыеке райгон кодтайдє. Сєумє ба алке фєйнє кустемє цудєй, ’ма син рацєуєн ку нєбал адтєй, уєдта уоми ємбурд кєнун байдєдтонцє. Нартєн 6а с’ астєу хуарз хан цардєй, ’ма є дзурд рауагъта алли адємтєбєл: «Аци дуар ка байгон кєна, уомєн мє кизгє ратдзєнєн». Уой ку фегъу- ста Асєго, уєд єрбацудєй ’ма єфсєн дуар є галеу къохєй єртє цєфи фєккодта, ’ма єрбайгон єй. Хан є дзурдєн єцєг разиндтєй ’ма ин йе ’ртє кизгемєй барє бауагъта. Асєгойєн кєстєр є зєрдємє хуєздєр цудєй ’ма ’й уосєн сивзурста. Еци рєстєги Гори цардєй еу налат хинє уосє, ’ма еци уосє, Асєгой цємєй фесафа, уобєл зелун байдєдта. Баймєцудєй и уосє ’ма ’ймє дзоруй: — Кєд уотє хуарз лєг дє, уєдта уєлє гъєди астєу еци стур бєласєй ин є уазєгдонєн тугури фєйнєг єркєнє. Е дєр дуує гали фєййефтигъта ’ма дуує лєхъуєни хєтдзє рандєй гъє- дємє. Уоци гъєдєн ба адтєй дуує фєланги гъєуайгєс, ’ма маргъ, цид ку бацє- уидє гъєдємє, уєддєр нє ервазтєй. Гъєдємє ку схъєрттєнцє, уєд Асєго стур бєласє єд бунтє фелваста ма ’й уєрдуни февардта; дуує фєланги дєр имє ралєуирдтонцє, Асєго дєр сємє фєллєбурдта ’ма сє є дуує гали бєсти уєрду- ни фєййефтигъта. Уотемєй цєун байдєдта ’ма Горимє єрцудєй. Гъєу сє ку раидта, уєдта, уєртє нємє цєгъдгутє єрбахудта, зєгъгє, ледзун байдєдтонцє. Асєго дєр хани уазєгдони размє єркалдта є бєласє, дуує фєланги 6а ратардта сє бунатмє, ’ма адєми сорун байдєдта, єхуєдєгка ма сємє дзоруй: — Ма тєрсетє, єрбаздєхетє фєстємє. Єрбаздахтєнцє. Уой фєсте бабєй ин хинє уосє загъта: — Кєд уоййасє хуарз лєг дє, уєдта авд уєйугуй зєнхєбєл хумє єркєнє. Асєго дєр рандєй єдготон галти хєтдзє ’ма авд уєйугей зєнхєбєл хумє кєнун байдєдта. Авд уєйуги ку рауидтонцє, уєд имє сєхе рауагътонцє ’ма ку ’рхъєрттєнцє, уєдта сє Асєго готони галти бєсти фєййефтигъта ’ма си хумє кєнун байдєдта. Хумє конд ку фєцєй, уєдта авд анзи ци хуар лєудтєй євардєй уєйгутємє, еци хуар син є хуми байтудта. Хумє ку байтудта, уєдта сє уєрдун- бєл сбєститє кодта ’ма сє гъєумє єрласта. Гъєу бабєй фєлледзєг єнцє. Асєго уєйгутє рауагъта ’ма бабєй адєми фєстємє єриздахта. Хинє уосє бабєй зелун байдєдта, ци амалєй єй фесафон, зєгъгє, ’ма є фиди ибєл исардаун унаффє є зєрди єрифтудєй: — Є уоси цємєн уин нє хонуй, кєрдзин кєнун, дон хєссун, ку нєбал фєра- зетє, — зєгъгє син загъта. 104
Етє дєр, ку ’рцєуидє сє лєхъуєн, уєд имє дзоргє дєр нєбал кєниуонцє, єрхонє дє уосє, зєгъгє. Кєддєриддєр єй уотє хъурмє кодтонцє, уой бабєй нєма фєндадтєй є уосє хонун. Уа-нє-уа дєр, си ку нєбал фєразта, уєдта еу бон є гєрзтє сбаста ’ма загъта є мадє ’ма фидєн: — Хуєрзєбонтє, нєбал уи фєразун ’ма цєугє уєнун. — Уотемєй син ра- арфє кодта ’ма рандєй. Цєун байдєдта ’ма Бестауи бєрзондмє бацудєй. Уоми 6а еу лєхъуєн Бестауи бєрзондєй гъазта, мєнє битдзеу кинєй куд гъаза, уотє. Є сєргъи балєудтєй Асєго ’ма ’ймє дзоруй: — Дє бон хуарз, хуарз лєхъуєн. Цєхуєн тухгин дє, ци дзєбєх гъазис. Гъе 6а загъта: — Тухгин єз нє дєн, тухгин ка ’й, уой хуарзєнхє нин Хуцау раттєд. — Ма дєуєй тухгиндєр 6а ка ’й? — зєгъгє ’й фєрсуй Асєго. — Мєнєй тухгиндєр 6а Нарти Асєго, — зєгъгє, загъта лєхъуєн. — Єдта е ба єз мєхєдуєг дєн, — загъта Асєго, ’ма ниццинє ’нцє кєрєдзе- бєл. Кєрєдземєн єнбалтєн цємєн нє бєзтєнцє, ’ма ранєхстєр єнцє еумє. Ци ниццудєнцє, уєдта еумє лєхъуєнмє нихъхъєртгєнцє. Бєлєстє, цид, єртасун кєнидє ’ма сє суадзидє, уєд, цид, бєлєстє єнє цєнгтє изадєнцє. — Ци тухгин дє, ци дзєбєх гъазис, — зєгъгє, бабєй уомє дєр дзоруй Асєго. — Тухгин єз нє дєн, — зєгъгє, загъта е дєр, — тухгин Асєго єй. Єхе ин байамудта уомєн дєр Асєго ’ма син е дєр сємбал єй. Цєун байдєд- тонцє, хуарздзинадє кєми иссирдтайонцє, уой туххєй. Ци ниццудєнцє, Хуцау зонуй; уєдта еу рауєн Хъуми будури еу кесена ниуу- идтонцє. Уоми ба єртє кизги бадтєй; сє кондєн, сє уиндєн н’ адтєй бєрєг бєрцє, сє кєстєр ба — сугъзєринєстуггин. Кизгуттє сє ку рауидтонцє, уєд фєййерис єнцє, ка си тухгиндєр єй и єртемєй, уобєл. Кєстєр кизгє Асєгой ниййамудта, дуує хестєри бабєй иннє дууей. Ку сємє єрхъєрттєнцє, уєд фєгъ- гъєбесєй єнцє, ’ма дуує хестєр кизги Асєгой ємбалти рабуни кодтонцє; фал кєстєр ба мадзал нє ирдта Асєгойєн, Асєго дєр уотє. Берє фєххуєстєнцє, уєдта єрєгиау 6а Асєго рабуни кодта и кизги. Уотемєй хуєздєрдзинадє Асєгой фєцєй. Йе ’мбєлттє 6а гириззаг фєцєнцє дзурдмє гєсгє: «Уоси буни фєцєй», зєгъгє. Асєго е ’мбєлтти, ’ма є уоси хєтдзє рацудєй уордигєй. Дзєвгарє ниццудєнцє, уєдта, над дуує кєми кодта, уордємє нихъхъєрттєнцє. Уоми ба кєрєдземєн хуєрзєбонтє разагътонцє ’ма Асєго є уоси хєтдзє еу надбєл рандєй, е ’мбєлттє бабєй иннє надбєл. Кєрєдзей къохтє ку райстонцє, уєд син Асєго загъта: — Цотє, фал мє ма феронх кєнтє; Уазай бунєй тоги суадонє цєун ку бай- дайа, уєд мин-еу мє мєлєт уомєй базонетє ’ма мє агоретє. Цєун байдєдта Асєго є уоси хєтдзє, ’ма еу дони билєбєл еу єдзєрєг кесенамє схъєрдтєй ’ма уоми єрцардєй. Еци дони билєбєл, идард, цардєй еу хан. Еу кєми адтєй, уоми еци хани косєг-уосє донмє рацудєй ’ма, є къибилай дон куд исиста, уотє ин дзи еу єрдо Асєгой уоси сєрєй Хуцау бафтудта. Косєг уосє ку бацудєй фєстємє, уєд єй ханєн бавдиста. Хан ибєл берє фєццинє кодта, уєдта загъта: — Аци сугъзєрийнє єрдо ке сєригъунєй єй, еци адєймаг мє уосєн ку нє уа, уєд мєнєн мє цард адє нєбал скєндзєнєй. — Є косгутєбєл фєгъгъєр кодта: — Цотє, кємидєр єй еци адєймаг, исминєй еретє. Косєг уосє сє хєтдзє, уотемєй рандєнцє етє дєр ’ма дон-дон цєун байдєд- тонцє. Ци фєццудєнцє, Хуцау зонуй, уєдта схєстєг єнцє Асєгой кесенамє. Ку схєстєг єнцє, уєд косєг уосє загъта е ’мбєлттєн: 105
— Сумах атє лєууетє, єз ба бацєудзєнєн ’ма, мє мадзал куд уа, уотє косдзєнєн; м’ арми ести ку бафтуйа, уєдта арт никкєндзєнєн ’ма-еу уєд мєммє цєуни гъуд кєнтє. Ниццудєй косєг-уосє ’ма, Асєгой уосє еунєгєй куд бадтєй, уотє ’й нийй- афта. — Ци дє фєндуй, — зєгъгє, ’ймє дзоруй Асєгой уосє. — Мєгур, єнє къолє уосє дєн, — загъта е ба, — ’ма мє дєхецєн косєг уосєн ниууадзє. Єринтєрегъєд кодта Асєгой уосє ’ма ’й ниууагъта єхемє. Еу бон рацардєй косєг уосє, уєдта Асєго хєтунмє куд рандєй, уотє ин є уоси фєрсуй: — Дє лєг дє берє уарзуй єви нє? — Берє, — зєгъгє, загъта Асєгой уосє. — Єдта, кєд дє берє уарзуй, уєд є уод ци рауєн євєрд єй, уой дин байа- мудта? Нє, — зєгъгє ’ймє дзоруй Асєгой уосє. — Єдта дє нє уарзуй, єндєра дин єй байамудтайдє, — загъта бабєй ин косєг уосє, — ба ’й фєрсє, ’ма дє ку уарза, уєд дин єй байамондзєнєй. Изєрєй ку ’рцудєй Асєго, уєдта ’й уосє фєрсун байдєдта, є уод кєми євєрд єй, уобєл. — Ци дзи кєнис? — зєгъгє ’й, фєрсуй Асєго дєр, — ку нецємєн дє гъєуй, уєд. Уосє дєр ибєл єхе сбостєгєнєг кодта ’ма ’й хъурмє кєнун байдєдта. Асєго дєр, цємєй ниссабур уа, уой туххєй, ин єй мєнгєй тугури гъєдисєри ниййа- мудта. Сєумє 6а косєг-уосє хєлєфєй рафарста Асєгой уоси, є уод ци рауєн євєрд єй, уобєл. Е дєр ин єй тугури райамудта. Бєргє дзи райагурдта, фал дзи ку неци иссердта, уєдта бабєй єрцудєй Асєгой уосємє ’ма ’й ардаун байдєдта: — Бадєсайдта, уоми євєрд нєй, нє дє уарзуй, єндєра дин байамонидє, — зєгъгє. Е дєр, Асєго ку ’рцудєй, уєд бабєй кєун байдєдта. Асєго дєр бабєй ин єй мєнгє амунд кири бакодта. Сєумє косєг-уосє и кири дєр єй ку нє иссердта, уєд бабєй єй уомє єндагъддєр ниййардудта, ’ма лєгмє дзоргє дєр нєбал кодта. Ци кодтайдє Асєго? Ба ин єй амудта: — Мєнє мє мєкъури ’й, мє уарзон, дєхе мабал хъурмє кєнє, — зєгъгє. Ихуєрст уосє, кєми ’й, уой ку базудта, уєд еу єхсєвє, Асєго хусгє ку кодта, уєдта ин є уод є мєкъурєй фелваста ’ма ’й дони багєлста; уєдта рауадєй ’ма тургъи стур арт ракодта. Арти хъуєцємє хани косгутє дєр єрцудєнцє кеса- намє. Асєгой уосє сє ку рауидта, уєд цємєн нє фєттарстайдє! — Ма тєрсє, — зєгъгє, ин загътонцє етє дєр, — дє лєг рамардєй ’ма дин уомєй нецибал ес, фал дє хан уосєн агоруй ’ма рацо нє хєтдзє. Уой ку фегъус- та, уєд бєргє никкудтєй, є цєстисугтє дуує дуаремєй калдєнцє; фал ма ин ци мадзал адтєй, йе стур єнгъєлдзау є размє уодаистєй имє є къох нєбал радаргъ кєндзєй. Є фур хъурмєй є зєрдє ихалдєй, уотемєй єй рахудтонцє ’ма ’й хани мєсугмє бахудтонцє. Уоми ба ’ймє хан ку ’рбацудєй, уєд ин загъта Асєгой уосє: — Ци кєнєн, хан, мєн Хуцау кємєн радта, уой мин фєстємє райста: нур 6а, фиддєлтєй нин ци ’гъдау байзадєй, уєддєр ма мин еци єгъдау кєнун бау- 106 -
адзє. Афєй бони уалєнгє нємє сау дарунцє, ’ма мє лєгбєл сау ку нє дарон, уєд, уєлєбєл ми арази кєд адтєй, уєддєр ми мєрдти арази нє уодзєнєй. Уєди уалєнгє дин уосєн нє бєззун, уой фєсте 6а мє, кєд Хуцау дєуєн равардта, уєд арази. Хуцауєн табу, ци дессаг адтєй, ка ’й зонуй? Асєго мард куддєр фєцєй, уотє Уазай бунєй тог суадонє цєун байдєдта. Асєгойєн е ’мбалтє уой ку рауид- тонцє, уєд загътонцє: — Асєгобєл зиан симбалдєй, цєуєн єма ’й багорєн. Рацудєнцє, ’ма Хуцау зонуй, цємєй базудтонцє, є уод дони ’й, уой, єрцу- дєнцє донмє ’ма ’й байсусун кодтонцє. Ку байсустєй, уєдта еу гайа хурєбєл ратулє-батулє кодта ’ма ’й слухтє кєнунмє куд гъавтонцє, уотє 6а сємє дзоруй: — Ма мє маретє, хуарз адєм, сумах ке агоретє, уой уин иссердзєнєн. Уотемєй син Асєгой уод е ’взаги буни байамудта. Раистонцє ’й ’ма ’й Асє- гой мєкъури ниввардтонцє. Асєго рабадтєй ’ма ниууолєфтєй: — Ох, ох, цєйбєрцє фєххустєн, — зєгъгє. Ку ин єрдзурдтонцє, ци ’йбєл єрцудєй, уой, уєд є сєгъєдахъ райста Асєго ’ма рандєй є уарзон уосє агорунмє. Кємити фєххаттєй, ка ’й зонуй, уєдта ’й Хуцау мєсуги цормє єрцєун кодта. Кєсуй, ’ма мєсуги буни фалємбулай адє- мєй идзаг; лєхъуєн-адєм бєхтєбєл гъазунцє, сє лєгигъєдтє євдесунцє. Ба- сємєцудєй ’ма сє фєрсуй: — Уи, ци бєрєгбон уин єй? — зєгъгє. — Нє хан исон уосє хонуй ’ма уой киндзємє нєхе цєттє кєнєн, — зєгъгє, ин загътонцє. — Ка ’й є уосє ба? — зєгъгє, бабєй сє фєрсуй... — Сугъзєринєстуггинє уосє ’й, загътонцє, — є кондєн, є уиндєн нє ес, нури уалєнгє є лєгбєл сау дардта, нур ба є афєй єнгъуд єрхъєрттєй. Уой ку фегъуста Асєго, уєд загъта: — Мєн дєр фєндуй ує хєтдзє фєгъгъазун, фєхходун, ’ма мин бєх иссе- ретє. Бєх ин иссердтонцє райбєлбадтєй, ниццєфтє ’й кодта, єма є уосє цирди- гєй адтєй, уоци ’рдємє багъазта, цємєй єй бафєсмардтайдє, уой туххєй. Арв єма зєнхи астєу, цид, тєхгє рацєуидє. Є уосє дєр єй мєсуги сєрєй бафєс- мардта ’ма є зєрдє цємєн нє барохс адтайдє! Ци рагъазта, Хуцау зонуй, уєдта є бєх мєсуги горенмє фездахта ’ма ’йбєл багєпп кодта; никки дєр февзиста ’ма ханєн тєккє єхе авармє багєпп кодта. — Ци дє, ци дессаг дє, — зєгъгє ’й фєрсуй хан. — Єз дессаг нє дєн, — зєгъгє, загъта Асєго, — фал ду ке бафхуардтай, є уосє кємєн райстай, е дєн. — Неци дин єй райстон, — зєгъгє, загъта хан, — саудар уосє ку єй, уєд дєу 6а куд єй? — Єдта ка ни раст єма хєран єй, уой Хуцау рартасєд, — зєгъгє, загъта Асєго ’ма скувта: — О Хуцаути мєхе Хуцау! Кєд єз хєран дєн, уєд аци фат фєстємє еунєгєй єриздєхєд ’ма мє мард фєккєнєд, кєд єз хєран нє дєн, уєд єртемєй єриздєхєд ’ма хани є адєми хєтдзє фєццєгъдєд. Уой фєсте фехста, ’ма фат єртемєй єриздахтєй, еу си хани сєри ниннах- стєй, иннетє ба єндегєй ци адєм гъазта, уони цєгъдунмє февналдтонцє. Уой фєсте є бєх єрцєфтє кодта ’ма бабєй єндємєсуг фєцєй: є фат фелваста ’ма ’й, цид, ку фехсидє, уєд, цид, фат еу кєронєй иннє кєронмє єгас рєнгъє рахєссидє, уотемєй си змєлєг нєбал ниууагъта. Уєдта є уоси рахудта ’ма ра- 107
нєхстєр єй є фидибєстємє є мадє ’ма є фиди агорунмє. Хуарз єрзєронд єнцє, уотемєй сє иссердта. Дуує хонхи кєми тохунцє, уоми ци сауєдонє ес, уомєй син єрхаста, басинниуазун кодта ’ма дуує зєронди фитдзаг сє лєхъуєни бонти куд адтєнцє, уотє фестадєнцє. Цєрунтє, хуєрунтє байдєдтонцє. Уони єрцудмє цєретє, игъосугтє, сумах дєр. Радзырдта йє Туккаты Масикъо. Ныффыста йє Туккаты Солєман (Гєбудти). Рйп{ оззеИзске ЕггаМипаеп гп <Идоп$скет П1а\есЬ. Негаи$дедеЪеп уоп ]У. МШегипйК. Уоп 5Ьаске1Ъегд. 5Ь. РеЬегЪоигд, 1891, 1-15. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ УС (Вариант) Царди мєгуыр лєг ємє ус. Иу бон ус куыроймє ацыдис ємє уым лєппу ныййардта. Катайы бацыдис ус: «Ныр ме ссад хєссон ємє мє лєппу ам зайы, лєппуйы хєссон ємє ссад куыд уадзон». Уєд єм лєппу дзуры: — Єз дын де ссад схєсдзынєн, кєд, куы ссєуєм, уєд мын мєхийас гуыл скєндзынє, уєд. Уєд єм ус дзуры: — Ысхєсс єй, уыййеддємє дын дєхицєй дыууєйыйас гуыл дєр скєндзынєн. Лєппу йе ’ккойы ссад акодта ємє йє схаста. Куы схєццє сты, уєд ын йє мад йєхийас гуыл скодта, ємє йє лєппу ахордта. Дыккаг райсом ус ємє лєг сывєллоны хъулон уєлдзармы батыхтой ємє йє хъєдмє ахастой, уым ын кєд авдєн саразиккам, зєгъгє. Схєццє сты хъєдмє. Хур фыццагдєр цы дынджыр бєласмє єрбакастис, уым єрєвєрдтой сє сывєл- лоны. Сєхєдєг агурынц сє сывєллонєн авдєйнаг. Амєй ай дзєбєхдєр авдєй- наг, афтємєй адзєгъєл сты хъєды. Сау хохєй уєйыг рацыдис ємє сын сє сывєллоны ахаста. Мєгуыр лєг ємє ус сє сывєллонєн хорз авдєйнаг ссардтой ємє фєстємє єрбаздєхтысты. Хур єппєт бєлєстєм дєр єркастис ємє, сє сывєллоны цы бєласы бын нывєрдтой, уый дєр ємє сывєллоны дєр нал арынц. Кєугєйє єрцыдысты фєстємє. Сывєллонєн уєйыг єрмєстдєр хєрын кодта хуыйы сой ємє маргъы єхсыр. Сывєллон куы рахъомыл ис, уєд ын уєйыг загъта: — Абон иннє уєйгуытєн сихоры хєринаг дєн єз. Фєлє кєд ды ам цєрыс, уєд дын мєнє мулк ємє цєр. Кєд ємє дє мад ємє дє фыдмє цєуыс, уєд демє мацы ахєсс, фєлє-иу уєртє хъулон царм дє къухы ахєсс ємє, кєй уай, уый дє базондзєнис. Лєппу уєйыджы афарста: — Ємє дєм уєйгуытє кєуылты єрбацєудзысты? — Уєртє єфсєн фєндагыл, — дзуапп радта уєйыг. Лєппу йє царм дєр нє рахаста, афтємєй рацыди єфсєн фєндаджы былмє. Кєсы, ємє иу уєйыг єрбацєуы. Дзуры йєм лєппу: — Кєдєм з’айыс, уєйыг? — Уєртє нын уым иу уєйыг хєринаг ис ємє уымє, кєд дзы мє хай ратонин. — Ємє йын ницы мадзал ис ныууадзынєн уыцы уєйыгєн? — дзуры та йєм лєппу. 108
Уыцы фарстыл уєйыг нал баурєдта йє маст ємє лєппуйыл йєхи ныццав- та. Фєхъуырдухєн сты. Лєппу йє зєххыл ныццавта ємє йє амардта. Афтє- мєй авд уєйыджы цыдысты йє цурты ємє сє радыгай мардта. Лєппу йєхицєн дзуры: «Хєрєг хъустє агур ацыди ємє йєхи хъустє дєр нал єрхаста. Уыйау адон дєр». Раздєхтис фєстємє. Кєсы ємє уєйыг цъєх нєууыл бады, кєм єй хъуамє бахордтаиккой, уым. Ныр єй бахєрдзысты, уєд єй бахєрдзысты, зєгъгє, єнхъєлмє кєсы. Бахєццє лєппу уєйыгмє. Дзуры йєм: — Цом, уєйыг, нєхимє. — Нє, мєнєн нєхимє цєуєн нєй, нєхимє дєр мєм ссєудзысты ємє ма дєу дєр бахєрдзысты. Ацу, ємє дын абон куыд загътон, афтє-иу бакєн. — Цом, уєйгуыты єз ныццагътон дєлє єфсєн фєндаджы цур. — Гєр ємє сє куыд амардтай, нє мє уырны! — Цом ємє сє фен. Єрцыдысты ємє єцєгдєр федта уєйыг авд уєйыджы марды. Фєстємє раз- дєхтысты сє хєдзармє. Лєппуйы єрфєндыдис йє мад ємє йє фыды фенын. Райста йє хъулон царм ємє араст и. Цєуы лєппу, ємє єлдары хъєумє єввахс иу сылгоймаг хуытє хизы. Лєппу йє хъулон царм тилгє бахєццє ис хуыгєсы цурмє. Хуыгєс-ус йє зонгуытыл єрхаудта, ыскуыдта ємє сдзырдта: — Гъе Хуыцау, ахєм цармимє махєй иу лєппу фесєфтис ємє абон дєр кєм ис, уый бєрєг нєй! Лєппу йєм дзуры: — Мєнє уєдє єз ує лєппу. — Ды кєй дє, уый фєндиаг у, фєлє махєн кєм фесєфтис, уый бєрєг нєй. — Єз ныры онг уєлє уєйыгмє цардтєн. Ацы царм кєй у, уый лєппу дєн. Ус лєппуйы бакодта йє хєдзармє. Бацардис. Иукъорд рєстєджы кєй 6а- куыстой, уый сын-иу лєппу изєрєй бахордта. Уыцы зын цард уынгєйє лєппу рацыди ємє єлдармє єххуырсты ныллєууыд. Єлдармє дзуры: — Цы мын фиддзынє афєдзы ємгъуыдмє? — Гуыбыны дзагыл ныллєуу. — Нє, ємбыд уєцъєф, ємє єз дєуєн гуыбьшы дзагыл куыд ныллєууон? — Уєдє мын афєдз хос ныккєрд ємє, цы фєразай мулкєй, уый дын, — загъта єлдар. Сразы ис мєгуыр лєджы фырт. Саразын кодта йєхицєн йєхийас цєвєг ємє єрлєууыдис кусыныл. Кусгє та афтє тынг кодта ємє ма єлдармє цы дыууадєс єххуырсты уыдис, уыдон-иу єнєхъєн бон кєй ныккарстой, уый-иу йєхєдєг си- хормє фєцис ємє та йє цєвєджы аууон єрбадти. Кусгє куыд кодта, хєргє дєр афтє. Хєринаг хєссєг-иу хєрєгыл цы хєринаг рахаста дыууадєс єххуырстєн, уыдонмє-иу ныууадис ємє-иу сє ахордта. Уымє гєсгє йыл єххуырстытє бахъаст кодгой. Єлдар йє мулкєн хєрынєй старстис. Куыд ма дзы фервєзон, зєгъгє, къулба- дєг усы бафарста. Къулбадєг ус ын бацамыдта: — Дыуує галы рауєлдай кєн ємє йє, дєлє хъєддаг хуы цы хъєды ис, уырдєм сугмє арвит ємє йє хуы бахєрдзєнис. Єлдар сразы ис уыцы фєндыл. Дыккаг бон лєппуйы єнє фєрєтєй хъєдмє арвыста. Мєгуыр лєджы фырт єрлєууыдис хъєды, бєлєсты єд уидєгтє рєму- дзы ємє сє уєрдонмє калы. Хъєддаг хуы йєм фєзылдис ємє йєм дзуры: 109
— Чи куыдз, чи хєрєг, ацы зєххыл цъиу куы не ’рлєудзєнис, уєд ды цы ми кєныс ам? Лєппу йє куыст фєуагъта, хуыйы йє дыуує хъусєй єрцахста, йє галтє суагъта ємє йє уєрдоны сифтыгъта. Дынджыр тєгєлтє йыл ныппєрста. Галтє афтидєй хъєумє схєццє сты. Адєм галты куы федтой, уєд загътой: «Хъєддаг хуы йє бахордта». Чысыл фєстєдєр лєппу єрбазындис, хуыйы йє разєй тєргєйє. Єлдары хъєу сыстадис ємє дзурынц лєппумє: — Дє мад, дє фыды хорзєх, ма нє фесаф, хъєддаг хуыйы ауадз ємє дын фєйнє галы. Лєппу хъєддаг хуыйы ауагъта ємє єлдары хъєуы адємєй фєйнє галы фєиста. Єлдар ноджы тынгдєр фєтарстис. Бафарста та къулбадєг усы. Уый та йын бацамыдта. — Арвит та йє дыуує галимє фєсхох хуым кєнынмє. Кєд єй уым авд уєйыджы бахєриккой. Ацыдис та лєппу хуым кєнынмє. Фєзындысты йєм уєйгуытє. — Чи куыдз, чи хєрєг, ацы зєххыл цъиу куы никуы ратахт, уєд дзы дєуєн хуым кєныны бар чи радта?! Лєппу йє галтє феуєгъд кодта, уєйгуытєм фєлєбурдта ємє сє радыгай изєрмє хуым фєкодта, уый фєстє сє уєрдоны сифтыгъта ємє єлдары хє- дзармє рараст ис. Йє галтє разєй єрхєццє сты афтидєй, ємє та адєм дзырд- той, уєйгуытє йє бахордтой, зєгъгє. Лєппу та єрбазындис уєйгуыты йє разєй тєргєйє. Єлдары хъєуы адєм та йєм єрхатыдысты: — Дє хорзєхєй, уєйгуытє нє бахєрдзысты ємє сє фєстємє аздах, ратдзыс- тєм та дын фєйнє галы. Уєйгуыты фєстємє аздєхта, фєйнє галы та радта йє фыдєн. Лєппуйєн йє єххуырсты кєрон єрцыдис. Єлдаримє куыд бадзырдта, афтємєй цы фєрєз- таид, уый хъуамє йе ’ккойы ахастаид. Йе ’ккойы рахаста єлдары хъєуы ємє йє лєгъз быдыры єрєвєрдта. Радзырдта йє Суранты Сави, Кировыхъєу. Ныффыста йє Мамытты Илья. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 108—2, папкє 11, ф. 89—93. СИДЗЄР ЛЄППУЙЫ АРГЬАУ Раджыма-раджы цардис иу лєг ємє ус. Райгуырдис сын лєппу. Лєппуйыл иу афєдз куы ацыди, уєд йє мад амардис, ємє лєг дыккаг ус єрхаста. Фыдыус ын-иу єнтыд къєйыл ныхъхъєбєр кодта, йє хызыны-иу ын єй цєвєрдта, ємє- иу фыййау ацыд. Уым лєппу бон-изєрмє кєуынєй нал єнцад. Уый фєстє дыккаг усєн дєр лєппу райгуырдис. Лєппу куы схъомыл ис, уєд ын-иу ус цєрвджын хєбизджын скодта ємє-иу уый дєр фыййау арвыста. Иухатт куы уыд, уєд гыццыл лєппу загъта иннє лєппуйєн: — Цєй-ма, рацу ємє исты бахєрєм! Хєрыныл єрбадтысты, ємє, сидзєр лєппу гыццыл лєппуйы хызын куы фед- та, уєд ныккуыдта ємє загъта: 110
— Дєуєн цєрвджын хєбизджын ис, фєлє ма мє хызынмє ныккєс. Гыццыл лєппу сидзєр лєппуйы хызынмє ныккаст ємє йє фєрсы: — Цємєн афтє у? Сидзєр лєппу загъта: — Цы бакєнон, дє мад мын єндєр ницы дєтты. Сыстадысты хєрынєй, ємє сидзєр лєппу хъуыдытє байдыдта дарддєр ємє йын кєуынєй банцайєн нал уыдис. Иухатт куы уыдис, уєд єм фыр єрбацыд ємє йє фєрсы: — Цы кодтай, куы нєуал фєразєм алы бон дє кєуынєй? Лєппу загъта: — Цы бакєнон, сидзєр дєн ємє сыдєй мєлын алы бон дєр! — Хорз, уєдє! Дєлє нє айнєджы былмє аскъєр, ємє уым єнцад хиз- дзыстєм, уєхєдєг-иу рындзыл сбадут! Лєппу фыстє рамбырд кодта ємє сє айнєджы былмє аскъєрдта. Йєхєдєг гыццыл лєппуимє рындзыл сбадтис. Уєд бур фыр уєле йєхи рауагъта, гыццыл лєппуйы скъуырдта, ємє кємдєр ныххєррєгъ. Сидзєр лєппу та хъарєг самадта: — Ныр ма цы кєндзынєн, изєры мє маргє кєндзысты, нє лєппу демє куы уыдис, уєд нын цы фєцис, зєгъгє. Фыр єм бацыдис ємє йын загъта: — Ма тєрс, ма ку, куы дє фєрсой, уєд-иу мєнєй зєгъ, бур фыр єй амардта, зєгъгє. Мєн уєд хистєн єргєвддзысты, дєу та къєхтыл хєцєг скєндзысты, ємє мын куыддєр кард мє хурхыл єрбавєрой, афтє-иу мє феуєгъд кєн ємє-иу цыма мєн сурыс, уыйау-иу мє фєдыл згъор. Фыр лєппуйєн бамбарын кодта, куыд хъуыди, афтє. Уалынмє єризєр, ємє лєппу тєрсы, уєддєр єрцыд ємє йє бинонтє фєрсынц: — Де ’мбал та цы фєцис? Лєппу кєуын хъєлєсєй загъта: — Абон уєлє айнєджы сєрыл бадтыстєм, ємє уєртє бур фыр лєппуйы ныкъкъуырдта ємє ахауд? — Ауай, уєдє, ємє бур фыры ардєм ракєн, мах єй хистєн аргєвдєм! Лєппу фыры ракодта, йєхи къєхтыл хєцєг скодта. Єрбаргєвдєм єй, зєгъгє, афтє лєппу фыры феуєгъд кодта, ємє лидзын байдыдтой. Сау хъєдмє бацыдыс- ты, ємє йын уым фыр загъта: — Бєрзонд бєласы сєрмє схиз ємє дє-иу куы хъєуон, уєд мєнє уыцы уадындзєй ныууас, ай у кєуыны уадындз, мєнє уый та дын — зарыны уадындз. Афтємєй йєм дыуує уадындзы радта, стєй йын алы хєрд, алы нуєзт ныу- уагъта. Йєхєдєг ацыд авд хохы фалемє, хизынмє. Лєппу-иу уадындзтєй куы уасыди, уєд єм лєг хъусынєй не ’фсєстис. Иухатт єлдары фырттє рацыдысты фыййау. Уыцы лєппуйы уадындзы уастмє сє фыстє хъєдмє бацыдысты, ємє сын сє бирєгъ ныццагъта. Сєхимє ацыдыс- ты ємє сє фыдєн загътой: — Нал фєразєм, сау хъєды астєу иу лєппу уадындзєй уасын байдайы, ємє уымє хъусынєй нє фыстє дєр фесєфтысты! Єлдар загъта: — Уыцы лєппуйы мын чи єркєна, уымєн дыуує мины єхца. Къулбадєг ус загъта: — Уєдє йє єз єркєндзынєн! 111
Сєгъ балхєдта, ацыдис сєгъимє уыцы бєласы бынмє, райста кард ємє йє куы сєгъєн йє тєны фєтъыссы, куы та йє гуыбыны. Лєппу сєгъы тєригъєдмє куы нал фєрєзта кєсын, уєд єрхызтис ємє сєгъ аргєвста. Къулбадєг ус фыд сфыхта ємє хєрыныл куы ’рбадтысты, уєд лєппуйєн ануазын кодта, ємє лєппу уайтагъд бафынєй. Уєрдоны йє сєвєрдта ємє йє єлдары хєдзармє єрласта, уым єй авд цєнгєт дуары мидєг бакодта. Лєппу куы райхъал, уєд ныккуыдта. Стєй халон фєтєхы, ємє йєм лєппу дзуры: — У-у-у, уєлє халон, сау хъєды бєрзонд кєрдо бєласы сєр мє дыуує уадын- дзы ємє зарыны уадындзы дєхицєн райс, кєуыны уадындз та — мєнєн! Халон загъта: — Уєдє-уєдє, ує хуртуаны цур куы абадын, уєд мє фєцєйхєрут, уссиу- уссиу, зєгъгє! Стєй та бєлон єрбатєхы, ємє йєм дзуры: — У-у-у, дє хорзєхєй, уєлє бєлон, сау хъєды астєу кєрдо бєласы сєрыл мє дыуує уадындзы, ємє зарыны уадындз дєхицєн уадз, кєуыны та — мєнєн! — Уєдє-уєдє, сисыл куы абадын, уєд мєм аууєтты куы єрбацєйхъуызут! Уалынмє зєрватыкк єрбатєхы, ємє йєм дзуры лєппу: — У-у, уєлє зєрватыкк, сау хъєды астєу кєрдо бєласы сєр мє дыуує уадындзы ємє сє єрхєсс. Зарыны уадындз дєхицєн уадз, кєуыны уадындз та — мєнєн! Зєрватыкк атахтис, єрхаста сє ємє йын дыуує дєр радта. Лєппу ныууасыд кєуыны уадындзєй. Фыр єй авд хохы фалейє айхъуыста, згъорын байдыдта. Лєппу та ныууасыдис. Фыр уыцы иу згъорд бакодта ємє цєнгєт дуар ныггуыпп кодта. Євдєм дуар куы ныггуыпп кодта, уєд єм лєппу рауад, кєрєдзийыл ныццинтє кодтой ємє фєцєйлыгъдысты. Фєндагыл къулба- дєг ус сє размє фєци ємє сєм мидбылты худгєйє дзуры: — Кєдєм уайут, ує фєхъхъау фєуон, махмє уал рацєут. Фыр айтє-уйтє нал фєкодта, фєлє йє уыцы иу гуыпп ныккодта ємє — дє балгъитєг афтє! — ус йє гєндзєхтє бацагъта. Фыр ємє лєппу абон дєр цє- рынц дзєбєхєй. Ныффыста йє Хъазбегты Хъазбег. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрес- томати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 342—345. ХЪЄДЫН БЄЛОН (Хъєдєй дєсны ємє зєрингуырд) Зєрингуырд ємє хъєдєй дєсны (зырнєй зилєг) фєбыцєу сты: алчидєр сє стыдта йє куыст. Хъєдєй дєсны загъта: — Мє куыст дє куыстєй бирє пайдадєр у дзыллєйєн, ноджы ды дє куысты уыйбєрц нє арєхсыс, єз куыд арєхсын мє куысты. — Уый раст нєу, — загъта зєрингуырд. — Дє куыст дєуєн ставд куыст у, стєй цы дзаума саразай, уый афтє бєллиццаг дзаума дєр нє вєййы: хєзнайы цєстєй йєм ничи акєсдзєн. Мє куыст мєнєн лыстєг куыст у. Мє хъуыддаг мєнєн хъєдимє нєу, — хъєдєй арєхдєр, хъєдєй фылдєр, уымєй єгаддєр дунейыл хъуамє мацы уа. Єз єдзухдєр архайын зынаргъ ’фсєнтимє (згъєр- тимє), євзист ємє сызгъєринимє; уыдонєй цы дзаума скєнай, уый цы ран нє фендзынє, ахєм нєй. 112
— Чи зоны ємє зынаргъєй зынаргъ уыдзысты, ды кєй скєнай, уыдон, фєлє дуне єнє сызгъєрин ємє євзистєй бафєраздзысты фєцєрын, єнє хъєд та сын фєцєрєн нєй, — загъта хъєдєй дєсны. Нал фидыдтой дыуує дєсныйы, ємє сє быцєу раст паддзахы онг бацыди. — Равзар нын, паддзах, ды нє хъуыддаг: зєгъ нын — чи нє у пайдадєр, чи нє у дєсныдєр, — загътой быцєугєнджытє. — Хуыздєр дзаума ує чи сараза, уый дєсныдєр, — радзырдта паддзах, — уый амбылдта. Сє хєдзєрттєм фєцыдысты хъєдєй дєсны ємє зєрингуырд. Хъуыды кє- нын сє байдыдта алчи дєр. Нє бацауєрстой сє зондыл, сє къухтыл, чысыл нє фєкуыстой! Зєрингуырд баздєхти ємє сарєзта єхцадон. Уый уыди ахєм єхца- дон ємє йє иу фарсыл царди стыр сахар (калак-хъєу), аннє фарс та — сєрвєт, ємє дзы хызти хъом, єнєхъєн рєгъау. Хъєдєй дєсны сарєзта бєлон. Уый хуы- мєтєджы бєлон нє уыди: абад ыл, євєдза, ємє йын фездух йє хъандзал, уєд дє цєстыфєныкъуылдмє кєдємдєриддєр фєндыдаид, уым балєууын кодтаид. Єрхастой сє паддзахмє, уєдє цы уыдаид. Паддзах сєм бирє фєкаст, ра- уын-бауын сє фєкодта, стєй байдыдта хъуыды кєнын. Бирє фєхъуыды кодта ємє фєстагмє загъта: — Хорз дзаума цєуылнє у ацы єхцадон, йє иу фарсыл цєргєхъєу кємєн єрынцад, аннє фарсыл та — єнєхъєн рєгъау кємєн хизы. Фєлє ацы бєлонмє цы миниуєг разынд, уый бирє зынаргъдєр ємє диссагдєр у єхцадоны миниу- джытєй. Хъєдын бєлоныл абад, ємє дє кєдєм фєнда, уырдєм ахєссєд! Єз ахєм диссаг уынгє дєр, хъусгє дєр нєма фєкодтон. Хъєдєй дєсны амбылдта. Паддзахы лєппу фехъуыста бєлоны миниуджытє ємє йє бафєндыд бєло- нєй ахъазын. Уыйадыл абадти бєлоныл, фєзылдта йын йє хъандзал, ємє лєппу євиппайды фєаууон. Фєаууон, уєдє цы уыдаид. Паддзах фєтарст йє фыртєн. Єрцахсын кодта хъєдєй дєсныйы ємє йє ахєстонмє баскъєрдта. Зєрингуырд араст йє хєдзармє. Уєд хъєдєй дєсны фєрсы паддзахы: — Паддзах бирє фєцєра, ахєстоны мє цємєн бакодтай, мє сєрєн куы ницы зонын? — Дє бєлон мыы фєхаста кєдємдєр мє фырты. Тєрсын, кєд мын єй искуы амардта. Ємє, цалынмє єгас разына ємє фєстємє раздєха, уалынмє ахєсто- ны бад. Цанєбєрєджы барухс уыдаид ахєсты зєрдє уыцы ныхєстєй, ахєстоны цардєй! Паддзахы фырт бєлоны уєлє атахти єндєр паддзахадмє ємє уыцы ран хъєды астєу єрынцади. Уыцы хъєдмє цуаны рацыд сє паддзахы фырт, сєм- бєлди уазєгыл хъєды астєу, бафарстой сє кєрєдзийы ємє єрдхорд єфсымєртє скодтой. — Мє хєлар, мє бєсты кєм сємбєлдыстєм, уым мє уазєг дє ємє цом, єз дє мє фыды хєдзармє фєкєнон, нє бинонтєн дє базонын кєнон. Паддзахы хєдзары бацин кодтой уазєгыл, сбуц єй кодтой. Дыккаг бон райсо- мєй дыуує лєппуйы фєцыдысты цуаны ємє дыуує къуырийы бєрц хєдзармє не ’рцыдысты, цуан фєкодтой хъєды. Стєй бєлоныл сбадтысты ємє араст сты сє хєдзармє. Єрхєццє сты паддзахы галуантєм, мєсыджы рєзты фєцєйцыдысты, ємє уазєг лєппу фемдзаст и иу чызгмє — мєсыджы сєр стъалыйау чи єрттывта. — Ме ’рдхорд, уый та цы ферттывта мєсыджы сєр? — бафарста уазєг. 8 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 113
— Ау, ємє кєд ныронг уый нє базыдтай, уєд ма мын цєй єрдхорд дє? Уый уєлє мє хо, євєццєгєн, йе ’хсєнтє ракалдта ємє уыдон ферттывтой. Уазєг лєппу уєд дзуры: — Єгєр бирє бафєстиат дєн а бєсты, агурдзысты мє нєхимє, сагъєс мыл кєндзысты: кєдєм рацыдтєн, уый нє базыдтой. Хєрзбон уал у, ме ’рдхорд, єз цєуын нє хєдзармє. — Фєндараст, мє уазєг, — загъта йын паддзахы фырт, ємє уыйадыл фєхи- цєн сты. Лєппу хъєдын бєлоныл сбадти, фездыхта йын йє хъандзал ємє хъєдмє батахт фєстємє. Бон-изєрмє уыцы ран бафєстиат, стєй сбадт йє бєлоныл ємє атахт паддзахы галуантєм. Атахт, уєдє цы уыдаид, ємє мєсыджы рудзынгыл чызгмє бацыд. Паддзахы фырт ємє паддзахы чызг бацыдысты кєрєдзийы зєрдємє, балы- мєн сты. Єхсєв-бонмє мєсыджы баззади лєппу. Райсомєй Бонвєрнон хурыс- кєсєны куыд фєзынд, афтє абадт бєлоныл, рудзынгыл ратахт ємє та хъєды бафєсвєд кодта йєхи. Уырдыгєй фєстємє паддзахы фырт фєцагъуыд бєрєг мєсыгмє ємє хъєл- дзєгєй єрвыста алы єхсєв дєр паддзахы чызджимє. Цєй бєрц фєцыдаид лєп- пу бєрєг мєсыгмє, чи зоны, фєлє иу афоны чызджы фєсдзєуинтє ємє цєл- гєнджытє ныхас єрєфтыдтой: — Ахєм диссаг ма уыдзєни! Хуыцау, ды базонай, кєд нє паддзахы чызг искуы уыйбєрц бахордта ємє йє тєбєгъыл фєзына; цыма-иу єм єппындєр нє бавнєлдта, афтє уыди йє хєрд. Фєлє ныр, єрєгєй ардєм, тєбєгъы ’взагыл цы адарай, уый дєр нал аззайы, фынгисєггаг нє фєлє. — Єцєг, єцєг, єнахуыр хєрд кєнын байдыдта не ’хсин, бафсис ын нал ис, — загъта дыккаг. — Ам цыдєр ис, дзєгъєл хуымєтєджы нє уыдзєн. Ноджы кєд йє хєрд фєфылдєр, уєддєр йє хуыз уєлдай нє фєци, — загъта єртыккаг. — Уєдє цавєр диссаг уа, уый куыд сєргом кєндзыстєм? — Уымєй єнцондєр єппындєр ницы ис! Цомут дєлє къулбадєг усмє. Уый цы нє зоны, ахємєй та цы разындзєн зєххыл? Райсомєй раджы араст вєййынц къулбадєг усмє, радзырдтой йын се ’хсины хабар, фєрсынц єй: — Цавєр ємбисонды диссаг у нє паддзахы чызджы диссаг? Ма нын єй басу- сєг кєн, єргом нын єй зєгъ. — Ницы уын єй басусєг кєндзынєн. Диссагєй хъуыддаджы мисхалы бєрц дєр нєй, — загъта къулбадєг ус. — Чызг йє хай раздєр хордта йєхєдєг, ныр та йє хєрын байдыдта ємбалимє, ємє йын уый тыххєй нал єххєссы. — Ємбалимє? — Уый та куыд? — Ємє йє уєдє мах куыд нє базыдтам? — Уымєн єз ницы зонын, фєлє уе ’хсинмє алы єхсєв дєр лєг кєй цєуы, уый гуырысхойаг нєу, йе сбєрєг ує кєд фєнды, уєд уын уымєн дєр фєнд скєндзынєн, — загъта къулбадєг ус. — Фєнды та дын цавєр ныхас у! Мах хъуамє дзупп радтєм уый сєрыл паддзахєн. Исты йыл куы ’рцєуа, уєд нын паддзах арфє нє ракєндзєн!.. — Уєдє баздєхут ємє йєм, алы єхсєв чи цєуы, уымє бабадут; куы йєм бабадат, уєд фендзыстут, иу лєппу йєм хъєдын бєлоныл кєй єртєхы. Базонут, 114
кєцы рудзынгыл баззайы хъєдын бєлон. Уый куы базонат, уєд рудзынгыл єнє- дон сасм ныккєнут. Бєлон ныххєцдзєн рудзынгыл ємє лєппуйєн райсомєй атєхын нал бауыдзєн йє бон. Єхсины цєлгєнджытєн къулбадєг ус кєй загъта, уый сєххєст кодтой. Сєударєй лєппу, цєуын афон мын у, зєгъгє, байста йєхи хъєдын бє- лонмє, фєлє йын бєлон сисын нал бакумдта: ныххєцыди рудзынгыл єнєдон сасмєй. Лєппу мєсыджы баззад, уєдє цы уыдаид! Єхсины чызджытє бафєдис код- той паддзахмє. — Нє паддзах, уєлє дын мєсыджы лєг єрцахстам дє чызгимє. — Лєг, зєгъут? Мє чызгимє? — загъта паддзах. — Тагъд сє ракєнут ардєм, мах сын, цы хъєуы, уый бакєндзыстєм. Хорзау нал фесты єхсин ємє паддзахы фырт, фєлє ма цы амал ис! Уайтагъд сє паддзахы раз балєууын кодтой. Паддзах єрбасидын кодта фидиуєгмє ємє йын дзуры: — Цєугє ємє ныхъхъєр кєн хъєубєстыл: топпєй єхсынхъом чи у, лєдзє- гєй цєвынмє чи арєхсы, дурєй єхсын чи зоны, уыдон иууылдєр хъазєн лєгъзмє єрємбырд уєнт! Фидиуєджы хъєрєй хъазєн лєгъзмє бирє хорз адєм єрємбырд. Паддзах уырдєм адємы размє акєнын кодта чызг ємє лєппуйы, цємєй сын скєной тєрхон. Чызг ємє лєппу єрлєууыдысты дзыллєйы раз хъазєн лєгъзы. Єрбадтысты тєрхоны, паддзах сє астєу. Сє дзырд кєрєдзийыл нє бадт, фєсаджилтє ис сє зонд. Иутє дзырдтой: «Мах сєм хєрамєй, зылынєй ницы арєм — сывєллєттє євзалытє хєрынєй фылдєр цы кєнынц, фєлє уыйбєрц хъару кємє разынди, ахєм хєзна бєлон кєй къухы бафтыд, уый нын искуы исчердыгєй сахъаз уыдзєн: уый амарын зиан у нє бєстєн». Иннєтє дзырдтой: «Єгъдау фесєфтой, бєстє фєхудинаг кодтой, сє мадєлты цєсгом, нє паддзахы ном фєчъизи кодтой, стєй сєрєвєрєн фєуыдзєн аннє фєсивєдєн дєр ємє дунейы арєзт хєлдмє цєуы... Марын сє хъєуы!» Нал фидауынц ємє нал дзыллє. Уєд паддзахы фырт бєлоныл фєхєст ємє, адєм кєрєдзимє куыд фесты, афтє уый сбадт бєлоныл, чызджы дєр айста йє дєларм ємє атахт хъазєн лєгъзєй, адєм сє фєдыл кєсгєйє баззадысты. Лєппу єд чызг сє хєдзары балєууыд цєстыфєныкъуылдмє. Чысыл нє фє- цин кодта паддзах: уый уыди ємє єгас хєдзар ссардта йє фырт, аннємєй йын чындз дєр єрбахаста, хуртє ємє дзы мєйтє кастысты, ахєм рєсугъд чындз. Хъєдєй дєсныйы ахєстонєй рауагъта паддзах. Чындздзон дарєстє бахуыдтой ног чындзєн. Хорз чындзєхсєв сарєзтой ємє дзы иннабонєй иннабонмє фєми- нас кодтой сє хъєубєстє. Уый фєстє цєрын байдыдтой лєппу ємє чызг паддзахы хєдзары. Иукъорд азмє сын зєнєг дєр рацыди — єртє лєппуйы. — Уєдє мє кайысты дєр куы басгарин, — загъта паддзахы фырт. Ємє бай- дыдтой хуын аразын. Єстдєс къамбецы цы аластаиккой, уый нозт рауагътой, иу ахєм та хєрд. Сцєттє кодтой, уєдє цы уыдаид, ємє сє арвыстой чындзы цєгат паддзахы хєдзармє. Сиахс бєлоныл абадт хуындзауты разєй, єртахт йє кайыс- ты хєдзармє ємє дзы зилєнтє систа, сиахсы зилєнтє. Бинонтє дисы бацыдысты. Уалынмє хуындзаутє дєр єрбазындысты. Уєд паддзах фидиуєджы арвыста фехъусын кєнынмє: «Хуын єрбахастой 115
паддзахєн йє кайыстє, хъєубєстєй цєуынхъом чи у, уый цєугє єрбакєнєд, цєуын йє бон кємєн нєу, уый та хєсгє єрбакєнєнт ємбырдмє». Фєсфєд ничиуал баззад хъєубєстєй — цы уыдысты, уымєй ємбырд уыдыс- ты паддзахы хєдзары. Бадынц, хєрынц, нуазынц. Сиахс уыди уырдыглєууєг; ємбырды иуырдыгєй кєрон бады фондз лєджы ємє уыдонєн нозт дєтты. Куы анызтой, куы ахордтой, уєд къорд дзурын бай- дыдтой, сиахсы кой єрєфтыдтой. Сиахс сє уырдыгстєг уыди, уый нє зыдтой. — Євєдза, єнє диссаг нєу, ай бєрц хєрд, ай бєрц нозт сцєттє кєнын чи бафєрєзта, уыйбєрц исбоны хицау чи у, уымєн аккаг нє уыди нє паддзахы чызджы ахєссын; рог адєймаг уыди, цы уын єй ємбєхсон, мєнєн уыди мє хєзгул, — загъта къордєй иу. Уый фєдыл стауын байдыдтой аннєтє дєр сєхи; сє дзырдтєм гєсгє, уыдо- нєн дєр паддзахы чызг уыди сє искєй ус. Сиахс сєм дары йє хъус. Койгонд куы фесты, уєд сє фєрсы сиахс: — Уанцон нєу! Ємє уєдє ує фондзєн дєр ує искєй ус уыди, зєгъут? — Афтє, ай-гъай! — ємдзыхєй загътой къорд фондзєй дєр. — Єцєг зєгъут? — фєрсы сє сиахс. — Єцєг зєгъєм! — Цєй, уєдє, афтє ма фєуєд, фєлє хєснєгтє скєнєм: кєй фыдгой кєнут, уый мєнєн у мє бинойнаг ємє басгарут мє хєдзар. Ємє кєд, сымах дзы куыд дзурут, уыцы ’гъдауєй ує искєй суазєг кєна, уєд ацы хъазєн лєгъзы сурыл єз хъуамє наутє ацєуын кєнон, кєд ємє ує никєй суазєг кєна, уєд та хъуамє сымах афтє саразат, ємє ацы хъазєн лєгъзы наутє дыууєрдєм куыд цєуой. Цы ма загътаиккой єппєлой лєппутє! Сє хистєр бєхыл сбадт ємє араст лєппуйы усмє. Куы бахєццє паддзахы хєдзармє, уєд єрцєфтє кодта йє бєх, чындзы рудзынджы бынты бахъазыд йє бєхыл ємє йєм дзуры: — Гъєйтт, цы фєдє, мє сыхаг? Чызг єм радзырдта: — Мидємє, мидємє, Тепсыр, фысым дын уыдзыстєм. Єргєпп кодта Тепсыр йє бєхєй ємє хєдзармє бацыд. Єризєр, афтє йын єхсєвєр скодтой, хорз єй суазєг кодтой. Стєй йын фєсахсєвєр хуыссєн бакодтой. Уазєг єрбадти хуыссєныл, йє къах адаргъ кодта чындзмє. Чындз уазєг лєппуйєн раласта йє иу къахы фадыварц. Адаргъ кодта аннє къах дєр. Уєд чындз уазєджы фєхъил кодта фєстємє, ємє уыцы хуызє- нєй уєрмы стєлфыди. Чындз ыл дуар єрєхгєдта. Ахєм ми бакодта чындз аннє цыппарєн дєр. Ныр фондзєй дєр уыцы сусєг уєрмы дауынц єппєлой лєппутє. Хорз сєм бєргє нал касти сє хъуыддаг, фєлє ма сын хуыздєр амал кєм уыди быхсынєй дарддєр. Уалынмє лєг дєр бєлоныл єрбатахти. — Мє уазджытє цы фесты, цы сє фєкодтай? Дєумє сє куы рарвыстон, — загъта лєппу. — Ма фєтєрс, ницы сын у, стєй дард дєр не сты. Лєг мидємє бацыди, бандоныл єрбадт ємє та фєрсы йє бинойнаджы: — Уєдє кєм сты нє уазджытє? — Дєлє сусєг уєрмы кєрєдзийєн сє хъаст, сє маст кєнынц, чи сє кєм сысгуыхт, цємєйты сысгуыхт, уыдон кой кєнынц. Лєг сусєг уєрмы дуар сыгом кодта ємє дзуры йє ахст уазджытєм: — Ємбылд стут єви нє? 116
— Ємбылд стєм, — загътой уазджытє. Сусєг уєрмєй схызтысты уазджытє, уєдє цы уыдаид! Фысым сє хорз фед- та, стєй сын сє зєрдыл єрлєууын кодта сє дзырд: йє кайысты зєххыл, хъазєн лєгъзы, наутє куыд атєрой дыууєрдєм. Хуыздєр амал сын нє уыди: сиахс рацыд семє йє кайыстєм, ємє уыцы ран єнєбары хъазєн лєгъзы нау дыууєрдєм ратєр-батєр фєкодтой. Паддзахы фыртєн йе ’ртє лєппуйы байрєзыдысты, сє сєрєн фесты. Иу бон куы уыди, уєд баздєхтысты єртє єфсымєры сє фыдмє ємє йєм дзурынц: — Ує баба! Нє цєрєнбынат нє зєрдємє уыйас нє цєуы. Мах фєнды, цємєй ныууадзєм нє зєронд цєрєнбынат ємє искуы хуыздєр ран бацагурєм, нє цард хъєлдзєгдєрєй, єнцондєрєй кєм єрвитєм. Фыд уєлдай нал загъта фыртты фєндыл. Бамбырд кодтой сє ис-сє бис, срєвдз кодтой єппєтєй дєр сєхи, дзырд радтой сє кусджытєн, уыдон дєр сєхи куыд баифтонг кєной лидзынмє. Ємгъуыды бон араст сты бынат агурєг, сє хъєдєй дєсны дєр семє. Цєуынтє байдыдтой, цєуынтє; бафтыдысты иу рєсугъд бєстєм: нє уыди йє хъєдєн ємбал, нуазынєн хєлар — йє дєттє, кєрон нє уыд сєрвєттєн, хуым- зєххєн, уыимє хорз йє бєстыхъєд: зєрдє дзы рухс кодта, уєнгтє — рог. — Ацы ран єрбынат кєнєм, — загътой дыуує кєстєр єфсымєры дєр. Уєд хистєр єфсымєр райста иу тєбєгъ ємє йє фехста. Тєбєгъ кєуылты єрзылди, уыцы ран фестади стыр галуантє. Дыккаг фєсымєр дєр фехста стырдєр зиллаккыл йє тєбєгъ, стырдєр галуан фестади уыцы зиллаккыл дєр. Фехста ноджыдєр стырдєр тъєпєныл йє тєбєгъ кєстєр єфсымєр дєр. Єцєг ємбисонддєр уыцы зиллаккыл фестади хорз га- луантє, стєй єртє уєладзыджы хєдзар. Єрцардысты єртє єфсымєры уыцы бєстыл, уєдє цы уыдаид. Цєрынтє байдыдтой, цєрынтє. Нымєц нал уыди сє фосєн, ныккєнєнтє нал уыди сє хорєн. Тынг сцєрєг сты сє кусєг адємимє. Цєй бєрц ацардаиккой, чи зоны, фєлє иу бон кєстєр єфсымєр хурварс бады. Уалынмє сє рєзты рацєуы иу зєронд лєг, цєуєнты чи фєцыд, хєтєнты чи фєхатг. Зєронд єрлєууыди ємє кєсынтыл фєци галуантєм, агъуыстытєм ємє дис кєны: — Хуыцау, ды иу кєй дє, уый мє рагєй уырны. Єз мє цєргєцєрєнбонты чысыл нє фєхаттєн, чысыл нє федтон, фєлє адоны хуызєн галуантє, хєдзєрттє нєма федтон. Уєдє ма адєймаг тынгдєр цєуыл бадис кєндзєн! Ує сє ас, ує сє аив — єрдхєрєн сты, єрдхєрєн! Хуыцау ма куы саккаг кєнид ємє агъуысты сєрыл куы цєгъдид нєртон фєндыр ємє бур-бур, стєй сє цагъдмє куы кафид сызгъєрин хъаз. Уыйадыл араст зєронд йє фєндагыл. Кєстєр єфсымєр фехъуыста зєронды ныхєстє, бацыди хєдзармє ємє фєндаггоны ныхєстє рафєзмыдта йє фыдєн. Уєд фыд загъта: — Уыдонєн єнє ссаргє нєй! Єртє ’фсымєры араст сты фєндыр, бур-бур ємє сызгъєрин хъаз агурєг. Цєуын байдыдтой ємє бахєццє сты хохы рєбын комы дымєгмє ємє уыцы ран ныллєууыдысты: тєрхон кодтой, чи кєцы фєндагыл ацєуа. — Ацы кємттєй галиу ком абырджыты ком у, — загъта хистєр єфсымєр; — астєуккаг ком — ацу ємє ма ’рцуйы ком; єртыккаг та — ацу ємє єрцуйы ком у. Уый фєдыл баздєхєм ємє хєлттє сєппарєм, кємєн цы ком схауа йє хал, ууылты араст уєд. 117
— Ацу ємє ма ’рцуйы фєндагыл єз цєуын єнє халєй, — загъта кєстєр єфсымєр. Хистєр сразы рахиз комыл, астєуккаг та — галиуыл. Куы раст кодтой сє фєндєгтыл, уєд дзырд радтой сє кєрєдзийєн: — Чи зоны, фєстємє нє исчи куы раздєха, уєд аннєты ацы кємтты агурєд. Алчи дєр сє самадта цєуынтє йє фєндагыл. Кєстєр єфсымєр иу стыр къєдзєхрєбынмє бахєццє, ємє уыцы ран ныллєууыди йє бєх, нал цєуы размє. Лєппу йє бєхимє куыд архайдта, афтє йыл дыуує лєджы єрбафтыди. — Дє фєндаг раст, лєппу! — Ує хъуыддаг раст! — Ницы дєм ис хєринагєй?— фєрсынц єй дыуує бєлццоны. — Сыдєй мєлєм. — Ує хъал мыл куы нє каликкат, єз адєргєй цы ракєнон, уымєн ницыуал зонын мєхєдєг дєр, — загъта лєппу. — Дє разы ма нын дє бєх аргєвд. Лєппу февнєлдта ємє єрбаргєвста йє бєхы. Дыуує лєджы євналгє дєр нє бакодтой бєхы фыдмє, фєлє бафарстой лєппуйы: — Кєдєм дарыс дє фєндаг? — Фєндыр-уадындз, бур-бур ємє сызгъєрин хъаз агурєг хєтын, — загъта лєппу; — цалынмє уыдоныл фєхєст уон, уалынмє нал райсдзынєн мє царды сєр. — Уыдонмє дын фєндаг бацамондзыстєм, — загътой бєлццєттє. — Цєуын куы байдайай ацы фєндагыл ємраст, уєд дє бахєсдзєн иу донмє. Уыцы дон ахєм маст у, ахєм, ємє дзы аназєнтє нєй. Фєлє-иу ды баздєх ємє дзы-иу раппєл, — йе ’ххуысы хай дын бакєндзєн дон. Дарддєр сємбєлдзынє рєсугъд фєткъуы бєласыл: бахєр-иу ын йє фєткъуытєй. Уый фєстє амбєлдзынє єфсєн- дзых бирєгътыл, бахєццє уыдзынє єфсєндзых хъєрццыгъамє, стєй залиаг калмы мадмє, фєстагмє та иу фидары дуармє. Ахєсс-иу демє цєхджын фєхсын, зали- аг калмы мадєн-иу баппар йе уєхсгытыл глеси сыф, єфсєн дуары зилєнтє-иу байсєрд царвєй; дуар байгом уыдзєн, ємє уєд сызгъєрин хъаз баззайдзєн дє бар. Лєппу суадоны анадта йєхи, ахордта адджын фєткъуы бєласєй, стєй йын дыуує бєлццоны цы бафєдзєхстой, уыдон сєххєст кодта сєрєй бынмє. Лєп- пуйы бар баззад хъаз, уєдє цы уыдаид, ємє йє рахаста фидарєй. Цєуынтє байдыдта ємє йє фєндаг ракодта фєндыр-уадындз ємє бур-бу- рыл. Райста уыдон дєр, уєдє куыд уыдаид, ємє єрхєццє комы дымєгмє, ам- бєлд йе ’фсымєртыл. Уыцы ранєй єртє єфсымєры єртє хєзнаимє фєцєуынц сє хєдзармє. Фєндыр-уадындзы цагъд, стєй бур-буры зєланг куы нал хъуыста, уєд залиаг калм фєдисы рацыд йє хєзнаты фєстє. Цєугє бєргє ракодта, фєлє йє хъуыддаг хорз нал ацыд: доны бацєугєйє фємард и. Єртє ’фсымєры єрхас- той єртє хєзнайы, сєвєрдтой сє галуанты сєрыл, сє фыд сєм куыд бєллыд, уымє гєсгє. Фєндыр-уадындз ємє бур-бур цєгъдынц ныр дєр ма, сызгъєрин хъаз та кафы єнє банцайгєйє сє цагъдмє. Уыдонєй цы нє федтат, рын-сонєй дєр єндєр мацы фенут. Радзырдта йє Хьуылаты Хасєхъо Дзегъайы фырт, 1924 аз, Дзсеу- джыхъєу. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко, «Ирон адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», цыппєрєм хай, Дзєуджыхъєу, 1930 аз, ф. 85-93. 118
МЄГУЫР ЛЄДЖЫ ЄРТЄ ЛЄППУЙЫ АРГЪАУ Царди иу мєгуыр лєг, ємє йын уыд єртє лєппуйы. Мєгуыр лєг куы мар- ди, уєд йє лєппутєн загъта: — Єртє ’хсєвы мє-иу бахъахъхъєнут! Уый амарди, ємє йє хидмє єввахс баныгєдтой. Фыццаг єхсєв хистєр лєппуйы рад уыди хъахъхъєнын, фєлє уый тарсти ємє нє цыди. Лєгъстє кодта адємєн: — Мє кєстєр єфсымєры мын рарвитут хъахъхъєнынмє. Адєм арвыстой кєстєр єфсымєры йє фыды хъахъхъєнынмє. Кєстєр лєппу хъахъхъєнын байдыдта. Ємбисєхсєв куы сси, уєд урс уєйыг рацєйцыд ємє хиды хъусмє куы ’рбахєццє, уєд йє бєх фєтарсти. Уєйыг йє бєхмє дзуры: — Гъєчо, гъєчо! Фєлдыст фєуай! Кємєй тєрсыс?! Мєгуыр лєджы фырттє дыууєйє євзєртє сты, кєстєрєн йє хъуымыз йє дзыхєй кєлы. Мєгуыр лєджы фырт ын загъта: — Мє мад-мє фыдыстєн, мєнє дєн, хєстєг рацу! Сырх уєйыг рахызти йє бєхєй, ємє хъєбысєй хєцын байдыдтой. Мєгуыр лєджы фырт уєйыджы абырста. Ралыг ын кодта йє сєр, раласта йын йє пы- султє, бабаста сє бєхы фєсарц. Бєхы сласта ємє йє бабаста скъєты. Бацыд хєдзармє ємє єрхуыссыди. Куы баизєр ис, уєд та ацыдис хъахъхъєнынмє йє фыдмє. Ємбисєхсєвмє фєхъахъхъєдта, стєй урс уєйыг єрбацєйцыд. Хиды хъусмє куы ’рбахєццє, уєд йє бєх фєтарсти. Уєйыг єм дзуры: — Гъєчо, гъєчо! Фєлдыст фєуай! Кємєй тєрсыс? Мєгуыр лєджы фырттє дыуує дєр євзєр сты, єртыккагєн йє хъуымыз йє дзыхєй кєлы. Мєгуыр лєджы фырт ын загъта: — Єввахс рацу! Мє мад-мє фыдыстєн, мєнє дєн! Урс уєйыг рахызти йє бєхєй ємє хъєбысєй хєцын байдыдтой. Єрфєл- дєхта йє мєгуыр лєджы фырт уєйыджы, ралыг ын кодта йє сєр. Раласта йын йє пысултє, бабаста сє бєхы фєсарц. Бєхы сласта ємє йє бабаста скъєты. Бацыдис хєдзармє ємє схуыссыд. Изєры куы сыхъал ис, уєд та ацыди йє фыды хъахъхъєнынмє. Ємбисєх- сєвмє фєхъахъхъєдта, стєй євдсєрон сау уєйыг єрбацєйцыд. Хиды хъусмє куы єрбахєццє, уєд йє бєх фєтарсти. Уєйыг йє бєхєн дзуры: — Гъєчо, гъєчо! Фєлдыст фєуай! Кємєй тєрсыс?! Мєгуыр лєджы фырттє дыууєйє євзєртє сты, єртыккагєн йє хъуымыз йє дзыхєй кєлы. Мєгуыр лєджы фырт ын загъта: — Єввахс рацу! Мє мад-мє фыдыстєн, мєнє дєн! Сау уєйыг рахызти йє бєхєй, ємє хъєбысєй хєцын райдыдтой. Бирє куы фєхєцыдысты, уєд єй мєгуыр лєджы фырт абырста ємє йын йє сєр ралыг кодта. Йє пысултє йын раласта, бабаста сє бєхы фєсарц, сласта бєхы скъєтмє ємє йє бабаста. Бацыди хєдзармє ємє сбадти. Дыккаг бон, сє паддзахєн єртє чызджы куринаг уыдис, ємє паддзах сарєз- та авд єддєгуєлєйы бєстыхєйттє, єрємбырд кодта йє адємы ємє сын загъта: — Гъе, уырдєм уєлбєхєй чи ссєуа, чызг — уый. Райсом адєм ємбырд кєнын куы байдыдтой, уєд мєгуыр лєджы фырттє дєр цыдысты ємє нє уагътой сє кєстєр єфсымєры. 119
— Ды та кєдєм цєуыс, євзєр, — загътой. — Чи дє бауадздзєн уыдон фе- нынмє?! Ды нын изєрмє цєхдєттє ємє кєрдзынтє сцєттє кєн не ’рцыдмє. Уыдон куы ацыдысты, уєд мєгуыр лєджы фырт йє урс бєх сифтыгъта ємє йыл сбадти ємє ацыди. Фєндагыл сє баййєфта, ємє йын уыдон ныззоныгыл кодтой ємє йєм дзурынц: — Ай цы Хуьщау, цы зєд дє?! Ма нє фесаф, баххуыс нын кєн. Уый сын загъта: — Єз нєдєр Хуыцау дєн, нєдєр зєд, фєлє дєн зєххон адєймаг. Бацыди, паддзахы чызг кєм уыд, уыцы бєстыхайы дуармє ємє сыскъєрдта уасиныл йє бєх. Єрдєджы онг куы ссыди, уєд ныллєууыди ємє раздєхт фєс- тємє. Рацыди йє хєдзармє, бєх бабаста ємє хєдзармє бацыди. Цєхдєттє ємє кєрдзынтє сцєттє кодта изєрмє йе ’фсымєрты ’рцыдмє. Йе ’фсымєртє куы ’рцыдысты, уєд сын кєрдзын ємє цєхдон єрхаста. Куы бахордтой, уєд сє фєрсын байдыдта: — Цы федтат абон уым диссагєй? Йе ’фсымєртє йын загътой: — Диссаг куыд нє уыди! Иу урс бєхджын уєлбєхєй сыскъєрдта уасиныл ємє єрдєджы онг куы сыскъєрдта, уєд йє бєх ныллєууыди. Раздєхти фєс- тємє ємє рацыди. Сє кєстєр єфсымєр сє фєрсы: — Райсом дєр ма ємбырд кєндзєн, цы? Уыдон ын загътой: — Цалынмє уасинєн йє сєрмє уєлбєхєй сыскъєра исчи, уалынмє єлдар алы бон дєр ємбырд кєндзєни. Райсом та куы цыдысты, уєд сын дзырдта: — Мєн дєр ауадзут уемє, ємє єз дєр фенон уыцы диссаг! Уыдон ын загътой: — Дєу та чи бауадздзєн уырдєм кєсын?! Уыдон ацыдысты уырдєм. Мєгуыр лєджы кєстєр фырт йє сырх бєх сиф- тыгъта ємє ацыди уый дєр сє фєстє. Бацыди паддзахы бєстыхайы дуармє ємє уасиныл сыскъєрдта уєлбєхєй. Йє сєрмє ма гыццыл бахъуыди, стєй йє бєх ныллєууыди ємє раздєхти фєстємє. Рацыди йє хєдзармє, бабаста йє бєхы скъєты ємє сцєттє кодта изєрмє кєрдзынтє ємє цєхдон. Изєры йе’фсымєртє куы ’рцыдысты, уєд сын єрхаста кєрдзын ємє цєхдон. Хєрд куы фесты, уєд сє фєрсын байдыдта: — Цы диссаг федтат абон? Йе ’фсымєртє йын загътой: — Диссаг куыд нє федтам уым?! Иу сырх бєхджын єрцыди ємє ма йє уасиныл гыццыл бахъуыди йє сєрмє, стєй йє бєх ныллєууыд ємє раздєхти фєстємє ємє рацыди. Єртыккаг бон йе ’фсымєртє ноджы ацыдысты ємбырдмє ємє йє ныууагъ- той хєдзары. Уыдон куы ацыдысты, уєд йє сау бєх сифтыгъта ємє ацыди сє фєстє. Бацыди паддзахы бєстыхайы дуармє ємє уасиныл схызти иууылдєр уєлємє, авд єддєг^єлє бєстыхайы уєлємє. Стєй раздєхти уырдыгєй ємє рацыди хєдзармє. Иє бєх скъєты бабаста, сцєттє кодта цєхдон ємє кєр- дзынтє изєрмє йе ’фсымєртєн. Изєры єрцыдысты йе ’фсымєртє, єрхаста сын цєхдон ємє кєрдзынтє. Хєрд куы фесты, уєд сє фєрсын байдыдта: 120
— Цы диссаг федтат абон уым? Уыдон загътой: — Абон иу сау бєхджын єрцыди уырдєм ємє уасинтыл схызти иууылдєр уєлємє авд єддєгуєлє бєстыхайы сєрмє. Стєй раздєхт ємє ацыдис. Єндєр бон паддзах чындзєхсєв кєнын єрымысыд. Єрємбырд кодта адємы ємє сє сбадьш кодта, єрєвєрдтой фынгтє, єрхастой кєрдзынтє, цыхтытє ємє фыдызгъєл. Йє чызджытєм радта фєйнє нуазєны ємє сє рарвыста: — Ацєут, алчидєр сбадєд йє лєджы фарсмє! Рацыдысты чызджытє ємє дыуує хистєры сбадтысты сє лєгты фарсмє, фєлє кєстєрєн йє лєг уым нєй. Кєстєр фєстємє баздєхти йє фыдмє ємє йын загъта: — Ам нєй мєнєн мє лєг. Паддзах фєдзырдта йє искєйуєттєм: — Чи ма нєй ам?! Уыдон ын загътой: — Иу хуыгєс зєронд лєг ма нєй ам ємє мєгуыр лєджы кєстєр фырт. Уый сын загъта: — Ацєут ємє сє єркєнут ардєм! Ацыдысты уыдон ємє ракодтой мєгуыр лєджы кєстєр фырты ємє хуы- гєсы. Мєгуыр лєджы фырт фєндагыл єрцахста иу тєрхъус. Бацыдысты ємє сбадтысты адємы ’хсєн. Рацыд кєстєр чызг, йє нуазєн йє къухы. Мєгуыр лєджы фырт єм тєрхъус фєдардта, чызг фєтарсти, алыгъди фєстємє. Загъта йє фыдєн: — Цыдєр єм ис ємє мє тєрсын кєны. Йє фыд ын загъта: — Дє цєстытє фєцъынд кєн ємє йє цуры сбад. Чызг рацыди ємє йє цєстытє бацъынд кодта ємє сбадти йє цуры. Паддзах рацыди йє сиахсы уынынмє. Йє кєстєр сиахсы куы федта, уєд смєсты ємє загъта йє искєйуєттєн: — Акєнут сє дыууєйы дєр ємє сє бакєнут кєркдоны. Бакодтой сє кєркдоны. Чындзєхсєв куы фєци, уєд паддзах рынчынєфсон скодта ємє йє сиєхстєн загъта: — Єхсыры цады иу хуы ис, ємє мын уый игєртє єрхєссут, єндєра єз амєлдзынєн! Уыдон райсом ацыдысты, ємє кєстєр чызг йє мадєн загъта: — Иу бєх ма мє мойєн дєр раттут, ємє уый дєр ацєуа хъєдмє. Радтой уымєн дєр бєх, ємє бацыди хъєдмє. Амардта єхсыры цады хуыйы ємє рахаста йє игєртє. Рацыди ємє сбадти иу фєндаггєрон. Рацыдысты йе ’мсиєхстє ємє йын ныззоныгыл кодтой: Дзурынц ын: — Ай, цы Хуыцау, цы зєд дє, ма нє фесаф. Уый сын загъта: — Єз нєдєр Хуыцау дєн, нєдєр зєд, фєлє ує цы хъєуы, цы агурут? Уыдон ын загътой: — Паддзах рынчын у, ємє єхсыры цады иу хуы и, уый игєртє хосєн агуры. Уый сын загъта: — Уымєн йє хицау єз дєн. 121
Уєд ын загътой: — Ратт нын сє. — Цы мын ратдзыстут? Уыдон ын загътой: — Цыдєриддєр дє хъєуы, уый дын дєттєм. Уый сын загъта: — Ує хъустєй мын фєлмєнтє ралыг кєнут. Уыдон дєр ын сє ралыг кодтой ємє радтой. Уый сын радта хуыйы игєртє, єрхастой сє паддзахмє, ємє сє паддзах бахордта хуыйы игєртє. Паддзах йе сиєхстєн загъта: — Ме сиєхстє, райсом мє ує сєр бахъуыди, фаллаг паддзахы хєцын фєнды махимє. Сцєттє кєнут уєхи ємє райсом схєцєм. Райсом куы сбон и, уєд ацыдысты хєцынмє. Кєстєр сиахс ацыд ємє ссыди иу бєрзонд хохмє. Йєхи сцєттє кодта хєцынмє, йє бєх сифтыгъта. Бєх ын дзуры: — Иу хайы мын ды цєгъд, дыуує хайы та єз. Паддзєхтє хєцын куы райдыдтой, уєд ныццыди ємє ныццагътой фаллаг паддзахы адємы. Алыг кодта йє кєстєр къух, ємє паддзах систа йє хисєрфєн, бабаста йын йє къух, рацыдысты фєстємє. Сє хєдзармє куы ’рбацыдысты, уєд кєстєр сиахс схуыссыдис кєркдоны. Йє ус єй федта, йє къух паддзахы хисєр- фєнєй баст уыди. Хєдзармє бацыд ємє йє мадєн загъта: — Дє мойы хисєрфєн дєлє ує кєстєр сиахсыл баст и. Йє мад йє мойєн загъта: — Дє хисєрфєн кєм и, лєгай? Лєг ын загъта: — Мє хисєрфєн?! Абон нын иу зєд баххуыс кодта єд бєх, ємє йє къух алыг кодта, мє хисєрфєн уымєн радтон. Ус ын загъта: — Дєлє дє кєстєр сиахсмє ис! Паддзах ацыд ємє федта. Райхъал єй кодта ємє йын загъта: — Рацу нєм хєдзармє. Бацыди лєппу хєдзармє. Паддзах єрхаста хєринєгтє, нуазинєгтє, ємє хорз фєцєл кодтой уыдон. Кєстєр сиахс фєрсы паддзахы: — Дє сиєхстє сє худтє цємєн къул дарынц? Паддзах ын загъта: — Фырхъалєй. Уый йын загъта: — Гъа-ма, адон сє хъустыл фен, кєддєра уыдонєй сты єви нє? Паддзах райста хъусты гєппєлтє ємє сє федта хъустыл. Загъта йын кєстєр сиахс: — Хуыйы игєртє дєм куы ’рхастой, уєд сын сє єз радтон уыдонєн, ралыг сын кодтон сє хъустє. Уый сын куы фенын кодта хъустє, уєд паддзах йє паддзахдзинад уымєн радта, ємє хєры ємє цєры, гъеныр дєр ма йєхицєн паддзахдзинад кєны. Радзырдта йє Кокойты Захар Кибайы фырт, Цъиарайы хъєуккаг (Хус- сар Ирыстон). 122
ФЄНЫКГУЫЗЫ АРГЪАУ Цардысты ємє уыдысты иу хъєуы єртє єфсымєры. Дыуує хистєры єрхас- той устытє. Кєстєр уыд Фєныкгуыз. Фєныкєй-иу кєрдзынтє куы райстой, уєд- иу гуылыл йєхи ныццавта ємє-иу єй ахордта. Сывєллєттє та-иу кєугє кодтой гуылыл. Сфєлмєцыдысты дзы устытє. Иу бон єй дуармє раппєрстой ємє йє мидємє нал бауагътой. Фєныкгуыз бадзырдта йє чындзытєм: — Мидємє мє нал уадзут, фєлє мын иу дзєкъулы дзаг фєнык, иу ногахст цыхт, йє сылы куыд миза, афтємєй, ємє иу туас радєттут. Устытє йын йє дзырд сєххєст кодтой. Райста сє ємє цєуы йє фєндагыл: йєхєдєг дєр єй нє зоны, кєдєм цєуы, уый. Бирє фєцыди, цъус фєцыди, уєддєр бахєццє иу стыр доны цурмє. Донєн йє фаллаг фарс бады уєйыг ємє куы ныуулєфы, уєд бєстє базмєлы. Фєныкгуыз бахъєр кодта уєйыгмє: — Уєртє уый, цы дє? Рацу ємє мє ахєсс, єндєра дєм куы бацєуон!.. Уєйыг фєгєпп кодта ємє ныхъхъєр кодта: — Куыд бауєндыдтє ды, куыдзы хъыбыл, мєнєн уыцы ныхас! — Рацу ємє мє ахєсс де ’ккой, єз дє уымєй нє фєрсын, — загъта йын Фєныкгуыз. Уєд уєйыг фємєсты, дуртє фелвєста ємє сє йє къухты аууєрста — лыстєг бырон ныйисты. Фєныкгуыз дєр йє цыхт фелвєста, балємєрста йє, ємє йє сылы єркалд, йє дзєкъул зєххыл ныццєвы, ємє йє фєнык акєлы. Уєйыг тынг катайы бацыд: «Цы диссаг уыдзєн ай? Дурєй дон чи лємары, дурєй фєнык чи кєны, уымє исты хъару уыдзєн, євєццєгєн». Єрбалєгєрста уєйьпг доны ємє сыккой кодта Фєныкгуызы. Донєн йє астєумє куы бахєццє сты, уєд уєйыг фєрсы: — Уєз дє куы нє ис, уєд цємєй тыхджын дє? — Ахєсс мє, єндєра дыл мє уєз куы єруадзон, уєд зєххы аныхсдзынє ємє сєфыс! — загъта йын Фєныкгуыз. — Мє уєз у уєларвмє баст єфсєн рєхыстєй. — Чысыл-ма мыл єй єруадз, — загъта уєйыг, — ємє мє бауырна. Фєныкгуыз туас фелвєста ємє йын єй йє дыуує уєны єхсєн аскъєрдта. Уєйыг єм дзуры: — Мауал мыл єй єруадз, фємєлын. Ахызтысты доны иннє фарсмє. Лєппу цєуы. Цъус фєцыд, бирє фєцыди, уєддєр бахєццє авд уєйыджы хєдзармє. Уєйгуытє йє бавєрдтой уазєгау, дзурын дєр єм ницы уєндыдысты, афтємєй. Єхсєвы йын артдзєсты бауат кодтой. Схуыссыдысты. Фєныкгуыз дєр бахуыс- сыд. Уалынмє уєйгуытє сыстадысты ємє, цыдєриддєр сє алыварс хъєд ємє дур уыд, уыдон єртымбыл кодтой ердойы цур. Фєныкгуыз кєм бафынєй уыдаид: тарст ємє йыл хуыссєг нє хєцыди. Уєйгуытє рацыдысты ємє йыл хъуамє дуртє уырдыгмє ныккалой. Уый сє базыдта ємє йє хуыссєнтє фелвєста ємє єндєр ран ауат кодта. Уєйгуытє ердойы калын байдыдтой дур ємє хъєд ємє суанг цармє схєццє сты. Уєйгуы- тє дзурынц сє кєрєдзийєн: — Афонмє дурты бан ныммардаид. Цин кєнынц. Схуыссыдысты. Райсом рухс кєнынмє куы хъавыд, уєд Фє- ныкгуыз фестад ємє дурты сєр бауат кодта. Уєд уєйгуытє ракастысты, ємє — 123
фынєй кєны се знаг єнцад-єнцойє. Катайы бацыдысты. Уалынмє Фєныкгуыз дєр райхъал ємє дзуры: — Ує Хуыцауы тыххєй, дысон-бонмє мє єхсєнчъытє куы бахордтой, уєд уый цы уыд? Уєйгуытє бынтон старстысты. Ємє сын сє хистєр дзуры: — Цомут, єхсыры цадмє ацєуєм ємє йє бурє нєл хуыйы раз бауромєм, ємє йын хос кєндзєн. Єрлєууыдысты цуаны цєуыны къахыл. Уєйгуытє нывєрдтой сєхицєн кєр- дзын. Фєныкгуызєн дзурынц: — Ацу ємє ды дєр рахєсс кєрдзын ємє цуаны хъуамє фєцєуєм. Бацыд Фєныкгуыз ємє кєрдзын рацєйиста ємє йыл рахауд ємє йє быны фєцис. Уєйгуытє йєм єнхъєлмє кєсынц; єрєгмє куы цыд, уєд єм рарвыстой сє кєстєры. Бакаст, ємє уєртє кєрдзыны бын хуыссы. Уєйыг єй фєрсы: — Цы ми кєныс? Фєныкгуыз загъта: — Цы ми кєнын, цы, мєнє кєрдзын мє гуыбыныл барын, кєддєра мє фаг уаид. Айс-ма йє ємє мын єй мє гуыбыныл дзєбєх єрєвєр. Уєйыг райста кєрдзын ємє йын єй йє гуыбыныл єрєвєрдта. — Хорз, мє фаг уыдзєн. Айс єй ємє йє ныр нывєр, — загъта Фєныкгуыз. Рацыдысты уырдыгєй. Бирє фєцыдысты, чысыл фєцыдысты, уєддєр 6а- хєццє сты єхсыры цадмє. — Цєй, сургє ракєндзынє єви йє разы єрлєудзынє? — Сымах єй расурут, — загъта Фєныкгуыз. Ацыдысты уєйгуытє ємє расырдтой бурє нєл хуыйы. Бурє нєл хуы ра- цєуы, ємє бєстє ємризєджы ризы. Єрхєццє, Фєныкгуыз кєм уыд, уырдєм ємє йє хъуамє йе ссырєй срєхуыс- таид, фєлє Фєныкгуыз бєласы аууон амбєхсти. Бурє нєл хуы йє срєхуыста, йе ссыр бєласы аныхсти ємє йын уым ныффидар ис. Фєныкгуыз фєсте бауад, йє дымєгыл ын нєххєцыд ємє хъєр кєны: — Цы фестут, єрцахстон єй! Уєйгуытє єрызгъордтой ємє йє фєрсынц: — Куыд єй єрцахстай? — Куыд, куы, йє фєстаг къахєй йє рацахстон ємє йє куы ныззылдтон, уєд йе ссыр хъєды аныхстис. Єргєвдгє, ємє йє хєдзармє ахєссєм, — загъта Фє- ныкгуыз. Хєдзармє куы ’рцыдысты, уєд Фєныкгуыз цєуын єрымысыд. Уєйгуытєн радзырдта: — Тагъд сцєггє кєнут, дыууєйє цы афєразат, уый, — євзист ємє сызгъєрин. Уєйгуытє сцєттє кодтой, цы сєм уыд сызгъєрин ємє євзистєй, уый. Цєуыны къахыл ныллєууыд ємє зєгъы: — Дыууєйє уєргътє хєссут, иннє та мын мєхи хъуамє ахєсса. Уєйгуытєн дєр ма цы гєнєн уыд! Хєдзарєй куы рацыдысты, чи йє зоны, цас фєцыдысты, уєддєр иу коммє ныххєццє сты, ємє Фєныкгуыз уєйыджы єккойє рахызт. Уалынмє бахєццє сты иу ранмє, ємє комєн йє иу фарсєй ракалди бєлас ємє иннє фарсмє хид євєрєгау ныффєлдєхт. Уєйгуытє агєппытє кодтой йє сєрты, Фєныкгуыз йє алыварс рауай-бауай кєны: йє бон ахизын нє уыд бєласы сєрты. Уєйгуытєй йєм сє иу єрбадзырдта: — Цы ми кєныс, рацу, цєй! 124
— Куыд мыл хъєр кєныс, куыдз! Мє фыдєн ай хуызєн лєдзєг уыд, ємє йыл фыст уыд ємє уымє кєсын. Єрцу ємє ма йыл схєц, єз єй фенон, чи зоны, бынєй йыл фыст ис, — загъта Фєныкгуыз. Уєйыг єрбацыд ємє бєласы систа. Фєныкгуыз йє бынты рабырыд ємє загъта: — Єруадз єй, нєй йыл фыст. Уый єфсон фервєзт фыдбылызєй. Дарддєр сє цыды кой кєнынц. Ныххєццє сты Фєныкгуызы хєдзармє. Уєйгуыты сауджын федта, афтємєй сє фєсте расырдта ємє сын дзуры: — Цєуыл фесєфтат уєхи? Уый фєныкгуыз куы у, уєд дзы цємєй тєрсут? Уєйгуытє йын ємдзыхєй загътой: — Ныууадз нє дє Хуыцауы тыххєй. Мах кєй базыдтам, уымє фєныкгуызєй ницы ис. Сауджын Хуыцау ємє сыджытєй ард бахордта: — Уымє ахєм тыхєй ницы ис, ємє кєд нє уєндут, уєд мєнє мє астєуыл уєхи бабєттут ємє, сымах куы хєра, уєд мєн дєр бахєрдзєн. Уєйгуытє сразы сты ємє сауджыны роныл сєхи фидар бабастой. Раздєхтысты фєстємє, сауджын семє, афтємєй, ємє бацыдысты Фєныкгуызы хєдзары дуар- мє. Сауджын бахъєр кодта Фєныкгуызмє: — Єддємє нєм ракєс, ма бамбєхс! Фєныкгуыз рауад фєныкєйдзєгтєй, афтємєй сыл фєхъєр кодта: — Єрцыдыстут та мєм, хєрджытє? Уєйгуытє фєтарстысты ємє сауджыны семє аскъєфтой. «Ирон адємон сфселдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф.402-406. ЄРТЄ ’ФСЫМЄРЫ Мєгуыр лєг ємє мєгуыр ус цардысты. Ємє сын уыдис єртє лєппуйы. Єртє лєппуйє дыуує куыста, єртыккаг нє куыста, ємє дзы байуєрстой. Куы уєрстой, уєд фєхыл сты. Сє мад сє иргъєвта, ємє йє лєппутєй чидєр ныццав- та. Ус амардис. Кєстєр лєппу йє уєрдоны цєвєрдта, сифтыгъта йє галтє уєр- доныл ємє йє аласта горєтмє. Хиды хъусмє йє нылласта ємє баурєдта йє галтє уыцы ран. Йєхєдєг фєцєйцыд горєтмє. Загъта адємєн: — Галты мын ма фєтєрсын кєнут. Адєм галты фєтєрсын кодгой ємє доны бацыдысты галтє. Дон аласта усы марды. Лєппу фєстємє раздєхтис ємє хыл кєнын байдыдта адємимє: — Паддзахы мад уыдис, ємє ныр мєн дєр сафдзєни ємє сымах дєр. Адєм ын загътой: — Рацу ємє, кєцы рєсугъддєр ємє хуыздєр чызг у, уый акєн. Бацыд ємє равзєрста, хуыздєр ємє рєсугъддєр кєцы чызг уыд, уый. Сє- вєрдта йє уєрдоны ємє йє раласта йє хєдзармє. Хєдзармє куы ссыди, йе ’фсымєртє йє куы федтой, уєд єй бафарстой: — Кєм дын уыди ацы дзєбєх чызг? Уый сын загъта: — Горєты мард єгасєй ивынц. Уыдон ын загътой: 125
— Уєдє-ма нын нє устыты амар. Уый та сын загъта: — Нє мады дєр сымах куы амардтат. Уыдон ацыдысты, систой лєдзджытє ємє амардтой сє устыты. Сєвєрдтой сє уєрдєтты ємє се ’фсымєры бафарстой: — Куыд-иу дзурєм горєты? — Мард єгасєй чи ивы-иу дзурут. Ацыдысты уыдон горєтмє. Горєтмє куы ныццыдысты, уєд дзырдтой: «Мард єгасєй чи ивы?» Адєм сєм рацыдысты ємє сє фєнадтой. Ссыдысты сє хє- дзармє, се ’фсымєр фєтарсти ємє йє усимє алыгъди хъєдмє. Уыдон ын йє хєдзарыл арт бандзєрстой. Лєг йє хєдзар судзгє куы федта, уєд єрцыди ємє йыл дон ныккалдта. Сарєзта дзы євзалы. Байдзаг кодта голлєгтє, нылласта сє горєтмє ємє хидыхъусы баурєдта йє галтє. Адємєн загъта: — Ма фєтєрсын кєнут галты, паддзахы єхца къазнамє ласын. Лєг куы ацыди, уєд галты фєтєрсын кодтой, ємє доны бацыдысты галтє. Голлєгты дон фєласта. Раздєхтис фєстємє уый ємє адємимє хыл байдыдта: — Цємєн фесєфтат єхца, паддзах сымах дєр ємє мєн дєр мардзєн. Уыдон ын загътой: — Рацу ємє дє голлєгтыл голлєгтє бамхасєн кєн ємє дын сє єхцайє байдзаг кєндзыстєм. Уый бацыд ємє йын байдзаг кодтой єхцайє йє голджытє. Йє хєдзармє сласта уыцы єхца. Йе ’фсымєртє йє куы федтой, уєд єй бафарстой: — Кєм дын уыд уыйєппєт єхца? Уый сын загъта: — Горєты євзалыйє єхца ивынц. Уыдон загътой се ’фсымєрєн: — Нє хєдзєрттыл-ма нын арт бафтау, уєдє. Уый сын загъта: — Мєнєн дєр єй сымах куы басыгътат. Уыдон ахастой зынг ємє басыгътой сє хєдзєрттє. Байдзаг кодтой голлєгтє євзалыйє. Нылластой сє горєтмє ємє хъєр кодтой: «Євзалыйє єхца чи ивы?» Адєм сєм рацыдысты ємє сє фєнадтой. Ссыдысты сє хєдзармє. Ємє се ’фсымєры єрцахстой. Загътой йын: — Хъуамє дє амарєм. Уый сын загъта: — Ємє мє амарут. Быдыры дынджыр бєрз бєлас ис ємє мє ууыл бабєттут. Уєхуыдтєг хуылыдз лєдзджытє ракєнут хъєды ємє мє амарут. Уыдон дєр єй акодтой быдырмє. Бабастой йє бєрз бєласыл ємє ацыдысты лєдзджытє кєнынмє. Фыййау єрбацєйскъєрдта бєрзы бынмє йє фос. Ємє куы федта, йє уєлє лєг бады, уєд загъта: — Ай чи куыдз, чи хєрєг, цы агурыс мє быласы уєлє? Уый йын загъта: — Адєм мє паддзах уромынц ємє сын нє лєууын ємє мє хъуамє амарой. Уый йын загъта: — Мєн бабєтт уєдє бєласыл, єз ныллєудзынєн паддзах. Айєппєт фос ас- къєр дєхицєн. Бабаста фыййауы бєласы уєлє ємє йын загъта: 126
— Куы єрцєйцєуой, уєд хъєр кєн: «Єз ныллєудзынєн паддзах». Уыдон куы ’рцєйцыдысты, уєд хъєр кодта: — Єз ныллєудзынєн паддзах. Уыдон ын загътой: — Куыдз, ныр та паддзах лєууыс? Єрцыдысты ємє йє амардтой. Баппєрстой йє доны мидєг. Рацыдысты сє хєдзармє. Се ’фсымєр сын фєндаггєронмє фос хизгє єрбас- къєрдта. Ємє йын загътой уыдон: — Кєм дын уыдысты айєппєт фос? Уый сын загъта: — Доны мє куы ныппєрстат, уєд уый нє зыдтат, доны цы ис. Уис ємє лєдзєг нє баппєрстат мемє, єндєра бирє фос раскъєрдтаин. Уыдон ын загътой: — Мах дєр-ма амар ємє нє баппар доны. Уый сын загъта: — Ємє мєн дєр сымах куы амардтат. Уыдон кєрєдзиуыл ралєууыдысты лєдзджытєй нємыныл ємє амардысты. Кєстєр сє баппєрста доны ємє сын загъта: — Гъеныр раскъєрут фос. Уый абон дєр цєры ємє хєры йєхицєн. Радзырдта йє Кокойты Захар Кабайы фырт, Цъиарайы хъєуккаг (Хус- сар Ирыстон). РОНЫ КЄНЄ ЄЛДАРЫ АРГЪАУ Єлдар куы марди, уєд бафєдзєхста йє фыртєн: — Єз мєлын, фєлє искуы мє фєстє куы схъуаг, куы смєгуыр уай, уєд-иу фєцу мє хєлармє, ємє дын уый баххуыс кєндзєн. Єлдар амарди, фырт єй баныгєдта, єлдарєн куыд ємбєлди, ахєм ныгє- дєй. Йєхєдєг цєрынтє, хєрынтє систа. Цы уыди, куыд уыди, єлдары исбон куынєг кєнын байдыдтой, ємє єрєджиау йє дзыхмє йє къухтє схєссынхъом нал уыди фырмєгуырєй. Ємє фєцыди уєд йє фыды хєлармє. Тынг бацин кодта єлдары хєлар уымєн йє фыртыл. — Єз уый єнхъєл куы нє уыдтєн, ємє ма ахєм фырт, ахєм бындар баззад мє хєларєн. Ардыгєй афєдзы бонмє дє нє ауадздзынєн мє хєдзарєй. Дє хєдзарєн дєр тас нє уыдзєн: никуыдєм фєлидздзєн. Афєдзы бон куы єрхєццє, уєд хєдзары хицау дыуує бєхы єрбакєнын кодта. Иуыл дзы саргъ сєвєрдтой бадынєн, аннєйыл, цы фєрєзтаид, уый уєргътє сєвєрдтой сыгъдєг сызгъєринєй. Стєй загъта хєдзары хицау лєппуйєн: — Мєнє дын, цємєй цєрай, уый. Фєлє хъус, цєугє-цєуын фєстємє ма ракєсай — уєд дын фєндаг нал уыдзєн. Єлдары фырт арфє ракодта йє фыды хєларєн, уыйбєрц єххуыс, уыйбєрц єгъдау ын чи радта, уыйбєрц аргъ чи скодта йє хєлары цєсгомєн мєрдтыбєс- тєм, стєй араст йє фєндагыл. Цєуынтє систа, цєуынтє. Бирє фєцыд, чысыл фєцыд, чи йє зоны, фєлє лєппу нал баурєдта йєхи, ракаст фєстємє ємє йє развєндаг ахгєдта, тар хъєд фестад йє размє. 127
Лєппу нал зыдта, цы кодтаид, уый, катайыл сси: фєндаг ын нал ис нє размє, нє фєстємє. Єлдары єрдхорды хистєр єфсымєр зонынджын адєймаг уыди. Уый базыд- та, єлдары фыртєн фєдзєхст цы уыди, уый кєй нє сєххєст кодта, фєстємє кєй ракаст, фєндаг ын кєй нал ис. Йє бєхыл йєхи баппєрста ємє єлдары фырты уєлхъус балєууыди. — Хорз нє бакодтай, лєппу. Фєлє ныр уайдзєфєй ницыуал. Ай дын мєнє рон. Рон дє астєуыл єрбабєдт, ємє дын уый руаджы фєндаг суыдзєн тархъє- ды. Хъєдєй ахиздзынє, фєзмє бафтдзынє. Фєзы єрхуы мєсыг ємє єфсєн уазєгдон. Уазєгдоны фысым бакєндзынє. Уырдєм єрбацєудзєн дєумє мєсы- джы хицау чызг-єхсин. Бирє йєм фєцыди уыцы єхсинмє курджытє, уазджытє, фєлє дзы иу дєр фєстємє нал сємбєлди йє хєдзарыл. Єхсинмє чи єрфысым кєна, єхсин уазєгдонмє кємє рацєуа, уымє нє фєдзуры, фєлє уый єртє хатты чи сдзурын кєна йєхимє, уыйбєрц чи сарєхса, уыйбєрц зонд кємє разы- на, уыцы амондджыны бауыдзєн чызг-єхсин ємє йє ис-йє бон. Дєумє рацєудзєн, нє дєм дзурдзєн. Ємє-иу уєд дє рон райхал, фынгмє- иу єй баппар, стєй-иу зєгъ: «Дзургє, рон, иу таурєгъ нын єрхєсс, хєдзары хицау ницы дзуры, євєццєгєн, гоби у». Афтє бакєн єртє ’хсєвы, кєд дєм сдзура, — д’ амонд, намє дын дє сєр ракєнын кєндзєн ємє йє кауы михыл єрсадздзысты. Рон єртє таурєгъы єрхєс- дзєн ємє дє алы хатт дєр фєрсдзєн дзуаппєй. Ды-иу раздєх ємє йын куыд не ’мбєлы, ахєм дзуапп ратт. Єлдары фырт рон єрбабаста ємє йын фєндаг фєци сау хъєды. Єрхуы мєсыг, єфсєн уазєгдон. Цанєбєрєджы барухс уыдаид лєппуйы зєрдє. Фєлє цы уа, уый уєд: адєймагєн цы хал схауа, уымєй хъуамє уа разы, єндєр ницы амал ис. Єризєр, афтє чызг-єхсин уазєгдонмє фєзынди. Рєсугъдєй та уыди афтє рєсугъд, ємє йє адєймаг дойныйы нуазєны банозтаид. Єлдары фырт салам радта, чызг нє дзуры ’мє нє дзуры. Уєд лєппу райхєлдта йє рон, фынгмє йє баппєрста ємє дзуры: — Рон, исты таурєгъ нын єрхєсс; хєдзары хицау нє дзуры, ємє уал нє ды искуыд аирхєфс. Уєд рон сдзырдта фєстємє: — Ємє дын єз цы таурєгъ єрхєссон? Єз бон д’ астєуыл баст вєййын, єхсєв — дє нывєрзєн. — Фєрєз нєй, цыдєриддєр у, уєддєр нын исты радзур. Уыцы ныхасмє чызг йе ’рфгуытє хєрдмє систа, йє хъустє схъил кодта. Рон байдыдта дзурын: — Єртє ’фсымєрмє уыди иу гал. Уыдонєн сє иу хъахъхъєдта галєн йє хордзон, аннє — йє дондзон, єртыккаг — йє сєр. Иуахємы, галы фєстєрдыгєй чи хъахъхъєдта, уый уайын байдыдта йе ’фсымєрмє, — галєн йє мизг чи хъахъ- хъєдта, уымє. Райсомєй йєм стыр сихорафонмє бахєццє ємє дзуры: — Нє гал єддємє нал цєуы. Дыккаг єфсымєр загъта: — Уєдє мизгє дєр куы нал кєны. Цом ємє не ’фсымєрмє фєцєуєм ємє йын исты бауынаффє кєнєм. Дыуує ’фсымєры уайынтє систой ємє, изєрєй хур хєхты_фєстє куыд єрцєйуагъта йєхи, афтє бахєццє сты се ’фсымєрмє. 128
— Нє гал єддємє нал цєуы, нал мизы, — загътой дыуує ’фсымєры. — Уєдє хєргє дєр куы нал кєны, — загъта єртыккаг єфсымєр, — євєццє- гєн ємє йын дойны у. Цомут, дон ын бадарєм. Фурдмє йє фєластой. Гал фурды дон уыцы иу хуыпп скодта ємє фурды цєрджытє хуыскъыл аззадысты. Фурдєй иу кєф слєбурдта, ємє галы уыцы иу ныхъуырд акодта. Хєхтєй цєргєс ратахт, кєфы йє ныхтє ’рсагъта, систа йє бєрзонд ємє йє фєхєссы. Цєргєс єрєвєры кєфы хохыл, ємє хох фєнык фесты, єрєвєры йє бєласыл, ємє йє бєлас дєр нє уромы. Рахєсс-бахєсс єй фєкодта, хъахъхъєны йє, доны был фыййау ривєд кєны йє фосы къорд. Нєууыл хуыссы цєу, йє сыкъатє фесты дзуарєфтыд, ємє цєргєс єд кєф цєуы сыкъатыл єруагъта йєхи. Бахордта кєфы. Галы куыд хордта, афтє галы уєны стєг єрхауди ємє фыййауы цєсты бахауди, фыййау хуысгє куыд кодта, афтємєй. Єризєр, афтє фыййау єртардта хъєумє йє фос. Хєдзармє куы бацыд, уєд дзуры йє єртє хомє: — Абон ривєд афон афынєй дєн ємє цыдєр бахауди мє цєсты, асгарут єй. Хотєй иу афистєг кодта йє цонг, рємбыныкъєдзмє йє атъыста цєсты. Ра- цагур-бацагур фєкодта, фєлє ницы ссардта. Дыккаг хо дєр та агурынтє байдыд- та, уый дєр та никуы ’мє ницы. Єртыккаг хо фелвєста йє дарєстє, баленк кодта цєсты ємє галы уєны стєг уырдыгєй радавта. Уєны стєджы фаджыстимє хъєугєронмє раластой ємє йє уыцы ран ап- пєрстой. Дзєвгар фєлєууыди уєны стєг хъєугєрон, нєудзар сєвєрдта. Иуахємы чырєласджытє дыууадєс уєрдонєй хъєугєрон суагътой, єхсєви- уат дзы бакодтой. Ємбисєхсєв куыд фєци, афтє рувас хъєугєронмє єрбацєй- цыди истєй єфсон. Уыцы растєй фєкомкоммє, уєны хъуымбылыл цы фыды згъєл аззади, уымє, фєхєст ыл ис ємє зилдух кєнын байдыдта уєны стєг ємє чырєдзауты дєр. Чырєдзаутєн сє иу цуанон разынди. Уый баздєхт ємє рувасы амардта. Дыууадєсєй баздєхтысты ємє стигъын байдыдтой сырддзарм. Сырддзармы ’рдєг бастыгътой, афєлдахынмє йє хъавыдысты, фєлє сын рувас афєлдахын нал ба- куымдта. Дыууадєс чырєдзауы сырддзармы ємбисєй сєхи сє сєрєй сє къахмє сфє- лыстой. Райсомєй куы сбон и, уєд иу чындз рацєйцыди дон хєссынмє. Чындз рува- сы мард скъуырдта йє къахєй ємє дзуры: — Ай та цєвєр у? Рувасдзармы ’рдєг сыстыгъта, дон єрбахаста ємє рувасдзармы ’рдєгєй кєр- дынтє байдыдта й’ афєдздзыд сабийєн худы былтє, фєлє йын дзы нє рацыд. — Уый дын мє таурєгъ, — загъта рон. — Ныр баздєх ємє мын дзуапп ратт: таурєгъы мидєг чи уыди стырдєр? — Цєргєс, єндєр чи, — загъта лєппу. Уєд чызг бахудти ємє дзуры: — Ємбаргє адєймаджы каст кєныс, фєлє дє дзуапп раст нєу. Таурєгъы лєппуйє стырдєр ємє диссагдєр нєй, уыйбєрц сєры хицау чи уыди афєдзмє. Уыцы хуызєнєй чызг иу рєдыд фєкодта. Єхсєвы бахуыссыди єлдары фырт, райсом куы сбон и, уымєй изєрмє йєхи фєирхєфста. 9 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 129
Изєры та йєм чызг-єхсин єрхуы мєсыгєй йєхи єруагъта уазєгдонмє, сбадти та уыцы ран ємє дзуапп нє дєтты лєппуйы саламєн. Єлдары фырт та райхєлдта йє рон, фынгмє йє баппєрста ємє дзуры: — Рон, дє сєр мє бахъуыди, исты таурєгъ нын єрхєсс. — Цы таурєгъ дын єрхєссон, бон д’ астєуыл баст вєййын, єхсєв та дє нывєрзєн, — загъта рон. — Нєй, єндєр амал нын не ’рцєудзєн, — загъта єлдары фырт, — єхсєв даргъ у, хуыссєг н’ ахсы. Ємє та уєд рон байдыдта дзурын: — Єртє ’фсымєрмє уыди фосы дзуг; хъахъхъєдтой сє радыгай, иу рєстє- джы сє хызта хистєр єфсымєр. Єхситгєнгє аскъєрдта йє фосы дзуг хъєдрє- бынмє. Фос хизынц й’ алыварс. Уєд баздєхт ємє, дзєгъєл цємєй нє бада, єнкъард цємєй нє кєна, уый тыххєй байдыдта иу бєласы фарсыл ныв аразын. Сарєзта ємє изєрєй єрыс- къєрдта сє фосы къорд сє хєдзармє. Дыккаг райсом сє аскъєрдта астєуккаг єфсымєр. Уымєн дєр та фосы къорд фесты хъєдрєбынмє тард. Фыййау федта, уый агъоммє бон йє хистєр єфсымє- ры конд чызджы ныв. — Уєдє ма амєй аивдєр чызджы ныв куыд уыдзєни, — загъта фыййау, — тєхуды, ныр ацы чызджы нывыл амєй ай рєсугъддєр дидинєг хуызєй къаба скєн, аннємєй хєдон, стєй йє фєлыст, ноджы йын рєсугъддєр ємє аивдєр цы ахорєнтє ис дунейыл, уыдонєй йє цєсгом сахор. Ємє байдыдта кусын чызджы нывыл. Куы єризєр, уєд та йє фосы къорд єртардта сє хєдзармє. Райсомєй фыййау кєстєр єфсымєр ацыди. Уый дєр та Хуыцау хъєдрє- бынмє бафтыдта. Фєкомкоммє бєласыл чызджы нывмє ємє сагъдауєй баззади — афтє рєсугъд, афтє аив уыди уыцы ныв. Уєд фыййау загъта: цєрынєй хєрынмє кємє бєллыдтєн, ууыл фєхєст дєн. Йєхи йєм бауагъта, ємє чызг ныв разынди. Лєппу уєд кувынмє фєци: — Хуыцауты Хуыцау, мєхи Хуыцау, кєд мє истємєн скодтай, уєд ацы нывы, — нє хистєр єфсымєр бєласыл ахєм єнаипп кєй сарєзта, астєуккаг єфсымєр уый хуызєн хорз кєй сарєзта алы дидинєг, алы ахорєнєй — уд бауадз. Ємє уыцы ран ныв удєгас чызг фестад. Чызджы лєппу йє хєдзармє єркодта, ємє йыл єфсымєртє нал фидауынц: алчидєр єй бакєнынмє хъавы йєхи. — Кєуыл сє ємбєлы уыцы чызг єртє єфсымєрєй? — бафарста рон єлдары фырты. — Хистєрыл, — загъта лєппу. — Уый сєрмє куы нє ’рцыдаид чызджы ныв саразын, уєд чызг дєр нє уыдаид. — Рєдийыс, — загъта чызг-єхсин. — Чызг кєд ємбєлы, уєд ємбєлы кєстє- рыл, уд дзы чи бауадзын кодта. Удєй хистєр хъуамє мацы уа зєххыл дєр ємє уєларв дєр. Дыккаг рєдыд фєкодта єхсин-чызг. Єртыккаг бон дєр єризєр, уєдє цы кодтаид. Чызг-єхсин та фєзынди єфсєн уазєгдонмє. Уазєджы раз та уыцы єдзєм бадт єркодта, дзырд йє дзыхєй нє хауы. Уєд та єлдары фырт райхєлдта рон йє астєуєй, фынгыл єй євєры ємє дзуры: 130
— Иу таурєгъ нын єрхєсс, мєнє рон, єхсєв даргъ у, хуыссєг н’ ахсы, нєхи цємєй аирхєфсєм. — Бон дє астєуыл баст, єхсєв дє нывєрзєн єфснайд, афтємєй дын цєй таурєгъ єрхєссон єз, цы зонын? Фєлє кєд єндєр амал нал ис, уєд мєм єрбай- хъусут: — Ємє ахєм рєсугъд чызг уыди єлдар ємє йє усєн, ємє дзы мєйтє ’мє стъалытє сєхи уыдтой. Дон-иу куы нозта, уєд-иу йє даргъ хъуыры бєрєг дард- та, нуазгє-нуазын дон йє хъуыры куыд згъордта, уый. Єлдар ємє йє ус къах- дзєфмє дєр нє хъєцыдысты сє буц чызгыл. Цєргє дєр кодтой уымєн, хєргє, нуазгє дєр уымєн. Уєд єй иуахємы авд уєйыджы, авд єфсымєры аскъєфтой, тыххєй ахастой єлдары иунєг чызджы. Дє фыдгул уый куы кєнид, чызджы мад ємє фыд цы кодтой фырсагъєсєй. Уєд та-иу чызг уєйгуытєй исты єгъдауєй бафтыд сє къу- хы, фєци-иу сєм бон, дыуує боны, ємє та-иу єй уєйгуытє ахастой фєстємє. Єлдары хъєуы царди къулбадєг ус, уыдис ын єртє фырты, никуы уыди хъаруйє уыдон хуызєн. Сє сєрєн куы нал уыдысты єлдар ємє йє ус сє чызджы мєстєй, уєд баминєвар кодтой къулбадєджы фырттєм, єртє сгуыхт єфсы- мєрмє. — Кєд ме ’мсєр не стут, уєддєр уын аккаг кєнын мє чызджы, уєйгуытєй мын єй куы фервєзын кєнат, уєд. Къулбадєджы фырттє сразы сты уєйгуытєй чызджы рахєссыныл. Араст сты. Хъєуєй куы фєхицєн сты єртє ’фсымєры, уєд бакастысты кє- рєдзимє ємє дзурынц: — Ныр єлдары бєрны цєугє бакодтам, фєлє нє кємє цы хъару ис, чи цємє арєхсы, уый куы нє зонєм. Уєд хистєр загъта: — Єз єлдары чызджы рахєсдзынєн уєйгуыты астєуєй, нє мє базондзысты, афтємєй. Астєуккаг загъта: — Єз куы фєхєст уаин чызгыл, уєд мє цыфєнды уад дєр нал баййафид, уєйгуытє нє фєлє. Кєстєр загъта: — Фєдис куы фєуа нє фєстє, уєд єз уый бафєразинаг дєн ємє фєдисєй йє хєдзарыл иу дєр удєгасєй нал сємбєлдзєн, се ’ппєты дєр ныссєрфдзынєн. Араст сты дарддєр, уєйгуыты цєрєнбынатмє ’ввахс бахєццє сты. Уыцы ранєй хистєр араст иунєгєй уєйгуыты хєдзармє, аннє дыуує йєм кастысты ’нхъєлмє. Хистєр єфсымєр рахаста єнє базонгє єлдары чызджы авд уєйыджы хє- дзарєй, астєуккаг єфсымєр єй айста хистєрєй, ємє уадау ахаста чызджы йє уєлныхты єлдары хєдзармє. Єртыккаг фєдисмє ныллєууыд ємє — ує хєраммє бєллєг уыдонау — фєдисдзауты уыцы ран ныссєрфта, иу дєр дзы нал ссардта йє хєдзар. Єртє ’фсымєры єрбаздєхтысты сє хєдзармє ємє нал фидауынц єлдары чызгыл. Кєуыл ємбєлы єлдары чызг єртє ’фсымєрєй, уымєн та тєрхонгєнєг ды фєу, — загъта ма рон. — Кєуыл ємбєлы? Єлдары чызг ємбєлы хистєрыл, уєйгуыты хєдзарєй йє чи рахаста, — загъта єлдары фырт. 131
Дзуапмє та єрхуы мєсыг ємє єфсєн уазєгдоны хицау чызг-єхсин бахудт ємє дзуры: — Лєппу, дє уынд куыд у, євєццєгєн, ємє дє зонд афтє нєу. Єлдары чызг ємбєлы къулбадєг усы фырттєй кєстєрыл. Чызджы раскъєфын уєйгуыты хє- дзарєй уыйбєрц стыр хъуыддаг нєу, иу хатт чызджы чи ахаста йє фыды хєдза- рєй, уыдон та йын исты амал скодтаиккой дыккаг хатт дєр ахєссынєн; фєлє иугєр скъєфджытє, тыхгєнджытє куы нал уой, уєд тас нал у чызгєн. Чызг кєстєрыл ємбєлы. Єхсин-чызг уыйадыл єртє рєдыды фєкодта. — Хуыцау мє дєуєн сныв кодта, — загъта уый єлдары фыртєн. Уыцы ран чындзєхсєв хорз сарєзтой, ус ємє лєг сысты, замманайы цєрєн фадєттыл єрынцадысты ємє ма афонмє дєр цєрынц ємє хєрынц. Уыдон єрцыдмє дзєбєхєй цєрут, рын, сонєй мацы фенут. Радзырдта йє Баскаты Тазрет Болайы фырт, 59-аздзыд. 7 июлъ, 1923 аз, Єрыдон. Ныффыста йсе Ємбалты Цоцко. «Ирон адсемы таурєгътсе, кадджытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928 аз, ф. 47—53. ХУЫЗДЄР ДЗАУМА СЄ КЄЦЫ УЫДИ? Цардысты ’мє уыдысты ус ємє лєг. Уыди сын иу чызг. Чызг уыди ахєм рєсугъд, ємє йєм уыцы иу рєстєджы єрбацыдысты курєг єртє ’лдары фырты. Чызггурты суазєг кодтой, хорз сє федтой. Єркастысты сєм чызг дєр, чыз- джы фыд дєр ємє сдызєрдыг сты: єртє дєр уыдысты афтє зєрдємєдзєугє, ємє катайыл сси чызг дєр ємє фыд дєр. Уєд фыд рацыди єртє ’лдары фыртмє ємє сын дзуры: — Ємхуызон адджын стут уе ’ртє дєр мєхицєн дєр, мє чызгєн дєр, сыма- хєй искєй рафауын, йе ує искємєй уєлдай раппєлын — стыр тєригъєд уыдзєн, мах єй нєхимє нє исєм. Фєлє мє уазджытє стут, аргъ мын кєнут, хєстєгєн мє агурут, Хуыцау ме ’вдисєн, єз дєр сымахєй хуыздєр хєстєг нє агурын. Мє сєрєн зонын иу хос, цємєй мє сєр тєригъєдджын ма фєуа. Мєнє уын фєйнє сєдє туманы, уыдонєй балхєнут фєйнє дзаумайы, єрба- хєссут сє ардєм ємє ує хуыздєр дзаума балхєнын кємєн бантыса, уымєн сразы уыдзєн мє иунєг чызг. Єртє єлдары фырты, усгуртє, араст сты. Куыд нє бахъардтаиккой сєхи. Балхєдтой дзаума: сє иу сє балхєдта гауыз, иннє — айдєн, єртыккаг — агуывзє. Кєм баиу сты фєстємє цєугєйє, чи зоны, фєлє дзурынц сє кєрєдзимє: — Алчидєр нє балхєдта иу дзаума, чызджы фыд нын куыд фєдзєхста, афтє- мєй, фєлє євзєр нє уаид, куы радзуриккам ацы ран, цы миниуєг ис не ’лхєд дзауматєм. Уєд гауызы хицау загъта: — А гауызыл бадт бафєрєзтай, уєд дє цєстыфєныкъуылдмє арвы кєрон фестын кєндзєн. Айдєны хицау дзуры: — Арвы цыппар къабазы кєдєм ацыдысты, уыдонєй ацы айдєнєй кєдєм акєсай, уыцы ран дзы, цы дє фєнда, уый фендзынє. Єртыккаг, агуывзєйы хицау, загъта: 132
— Адєймаг, євєдза, йє уд исыныл сси, хицєн кєны ацы рухс дунейє, уєд ын ацы нуазєнєй исты нозт ауагътай йє хъуыры, уєд, йє мад єй куыд ныййар- дта, уыйау фестдзєн. Уєд та дзурынц: — Цєй-ма, уєдє, акєсєм нє айдєнєй ємє базонєм, кєддєра цы ми кєны, кєй курєм, уыцы чызг. Акастысты айдєнєй. Чызг фєсєйгє рынчын ємє йє уд исыныл сси. Єртє лєппуйы абадтысты гауызыл ємє уайтагъд чызджы уєлхъус балєууы- дысты. Нуазєны хицау радта мєлєтдзаг рынчынєн цавєрдєр нозт йє нуазєнєй, ємє чызг уайтагъд саджы хуызєн єнєниз сси. Тєрхоны єрбадтысты ємє ’взарынц, кємєн ємбєлы чызг, кєцы хуыздєр дзаума разынд чызджы фервєзынєн. Айдєн нє уыди, уєд рынчыны хабар нє базыдтаиккой; гауыз нє уыди, уєд афойнадыл нал сємбєлдаиккой рынчыныл; нуазєн куы нє уыдаид, уєддєр ын нє уыди єнє мєлгє. Бадынц тєрхоны ныр дєр ма, євзарынц ныр дєр ма, фєлє нє фєразынц равзарын, хуыздєр дзаума сє кєцы уыди. Радзырдта йє Саламты Агуыбечыр Тєтєрийы фырт, 52-аздзыд, 5 де- кабръ, 1927 аз, Єрыдон. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928, ф. 102—103. ЄЛДАРЫ ФЫРТ МЫСТЫХЪУСЫ АРГЪАУ Раджыма-раджы иу єлдар уыди. Иухатт куы уыд, уєд дын балцы ацыди ємє фєндагыл єндєр єлдаримє сємбєлди ємє йын загъта: — Фєндараст! Уый дєр ын загъта: — Дє хъуыддаг раст. Иучысыл куы ауадысты, уєд, сє иу чи уыди, уый иннємєн загъта: — Цєуыл єнкъард дє? Уый йєм ницы сдзырдта. Дыккаг хатт дєр та йє бафарста: — Цєуыл афтє ’нкъард дє? Уый та йєм уєддєр ницы сдзырдта. Єртыккаг хатт єй куы фарста, уєд ын уый дєр загъта: — Ды дєхєдєг цєуыл єнкъард дє? Уый йын афтє зєгъы: — Мєнєн мє ус сывєрджын у, ємє єз ууыл єнкъард дєн. Уєд ын иннє дєр афтє зєгъы: — Уєдє єз дєр, мє ус сывєрджын кєй у, ууыл єнкъард дєн. Стєй уыцы ран Хуыцауєй сомы бакодтой: нє иуєн чызг куы райгуыра, нє иннєйєн та лєппу, уєд сє ус ємє мойєн чи нє радта, зєгъгє. Балцєй фєстємє куы раздєхтысты уыцы єлдєрттє сє хєдзєрттєм, уєд сє иуєн чызг райгуырд, сє иннєйєн та лєппу. Чызг ємє лєппу куы схъомыл сты, уєд чызджы йє фыд моймє єндєрєн хъуамє радтаид. Иннє єлдар чи уыди, 133
уымє уыцы уацхъуыд куы єрхєццє, уєд єм иттєг хъыг фєкасти. Иу бон куы уыд, уєд дын йє дуармє єнкъардєй бады, ємє йын цы лєпппу райгуырд, уый рауади ємє йын зєгъы: — Цєуыл єнкъард дє, дада? Уый йєм ницы сдзырдта, дыккаг хатт дєр та йєм ницы сдзырдта, єртыккаг хатт ын афтє зєгъы: — О, дада дє рынтє бахєра! Ды ма дє мады гуыбыны куы уыдтє, уєд єз иу єлдаримє балцы уыдтєн, ємє уымєн дєр йє ус сывєрджын уыди ємє ард бахордтам, нє иуєн чызг куы райгуыра, нє иннємєн та лєппу, уєд сє ус ємє мойєн чи нє радта, зєгъгє; ныр йє чызджы єндєрєн дєтты ємє уый тыххєй єнкъард дєн. Лєппу йын афтє зєгъы: — О дада! Уый тыххєй єнкъард єппын ма кєн, єз уымєн хос ссардзынєн мєхєдєг. Иу-дыуує боны фєстє дын лєппу ацыди ємє йє фыды єрдхорд єлдары хъєумє бацыд ємє єлдарєн загъта: — Родгєс не ’ххуырсыс? Уый дєр єй цингєнгєйє баххуырста. Иу боы куы уыди, уєд дын уыцы лєппу родтє быдырмє атардта. Уыцы бон ахєм ихуарын єрцыди, ахєм, ємє быдыры фос єппєт фєцагъта, уыцы лєппу та йє родтє бєласы бынмє баскъєрдта, йєхєдєг та бєласы мєрайы ныббырыди; стєй уарыы куы банцади, уєд йє родтє раскъєрдта ємє зарджытє кєны. Уалын- джы дын кєсы, ємє уєртє иу хєйрєг йє дон калгє єрцєуы ємє лєппумє куы єрхєццє, уєд ын афтє зєгъы: — О, дє бинонты хуыздєр амєла! Єз хєйрєг нє дєн, єцєг хєйрєг ды куы дє; афтє хусєй куыд баззадтє? Куы уарыди, уєд кєм уыдтє? Уый йын афтє зєгъы: — Цємєн дын зєгъон, цы пайда мыл бахєцдзєн уымєй? Хєйрєг ын афтє зєгъы: — Зєгъ мын єй, ємє дын мєнє ацы сыфтєр радтон. Уый афтє зєгъы: — Ємє йєм цы миниуєг ис уыцы сыфтєрмє? Хєйрєг ын загъта: — Дє зєрдєйы цы бафєнда, уый бакєндзєни. Стєй йын загъта лєппу, кєм уыди, ємє сыфтєр йєхицєн райста. Лєппу дын изєры куы ’рцыди, уєд ыл єлдар цинтє фєкодта, уый тыххєй ємє йєм уыцы родты йеддємє фос нал баззад, — их сє фєцагъта. Уыцы изєры та єлдар йє чызджы єрвыста. Куыддєр єрцыдысты чындзхєсджытє, афтє єлдары ус йє чызгмє бауади ємє йемє ныхєстє кєны; уыцы лєппу дєр йє сыфтєр иннєр- дєм фєфєлдєхта ємє чызг ємє мад кєрєдзийыл аныхєстысты. Стєй єлдар рауад ємє йє усєн афтє зєгъы: — Рацу-ма, уєртє дєумє кєсынц, — афтємєй та уый дєр уыдоныл аныхєсти. Уый фєстє, уым цы адєм уыди, уыдон иууылдєр сє кєрєдзийыл нынныхєстысты. Уєд єлдар лєппуйєн афтє зєгъы: — Ацу ємє молло єркєн. Уый дєр ацыд ємє моллойєн загъта. Молло йє бєхыл сбадти ємє рацыды- сты. Цєуынц дын, ємє мєнє иу ран фєндагыл хуыдзармы гєбаз лєууы, ємє йє молло йє ехсєй акъуырдта; лєппу дєр уєд йє сыфтєр фєфєлдєхта, ємє хуы- дзарм моллойы ехсыл нынныхєсти. Молло афтє зєгъы: 134
— Амєн та ма цы кєнои? Лєппу йын афтє зєгъы: — Дє бєхы сыдзєн апъа кєн, ємє хуыдзарм ахаудзєн. Йє бєхы сыдзєн пъа куыд кодта, афтє та лєппу сыф фєфєлдєхта ємє молло йє бєхы сыдзыл нынныхєсти, афтємєй йє лєппу єлдармє єркодта ємє йыл, уым цы адєм уыд, уыдон худєгєй фємардысты. Стєй дын єлдар лєппуйы дєсны усмє арвыста. Уыцы ус дєр рацыди, ємє сє иу ран доны цєуын хъуыди. Уєд лєппу усєн афтє зєгъы: — Єз ацєудзынєн доны фаллаг фарсмє, ємє уєлгоммє ныххуысдзынєн, ємє ды та, дє фєдджитє куыд нє ныххуылыдз уой, афтє сє-иу уєлиау скєн ємє рацу. Уыцы ус дын йє фєдджитє уєлиаугомау скодта ємє куыддєр доны рацєй- цыди, афтє лєппу йє сыф фєфєлдєхта, ємє усєн йє фєдджитє, куыд сыл хєцыди, афтємєй баззадысты; ємє йє ацы хуызєнєй єлдармє єрбакодта; ємє та адєм сє артєнтє худєгєй фєкалдтой. Уєд єлдар лєппуйєн загъта: — Дє хорзєх нє уєд, ємє нын исты хос ссар; мє чызг дєр дєу фєуєд. Лєппу дєр дын сыф фєлдахын байдыдта ємє уыцы адєм єппєты суєгъд кодта, молло ємє дєсны усы йеддємє. Уыдон дєр ын лєгъстє кєнын байдыдтой ємє йын загътой фєйнє бєхы уаргъ єхца; ємє та уыдоны дєр суєгъд кодта. Уый фєстє дын уыцы лєппуйы єлдар хєдтулгє уєрдоны сбадын кодта йє усимє, бирє хєзна сын радта: афтємєй уыцы лєппу йє хєдзармє єрбафардєг, иннє абонєй иннє абонмє чындзєхсєвтє фєкодта. Цард уыди, хорз уыди, уыдон єрцыдмє хорзєй фєцєр. «Осетипские тексты» собраниые Дан. Чонкадзе и Вас. Цораевым. Из- дал академик А. Шифнер. Санкт-Петербург, 1868, с. 99—104. РАСТ ЛЄГ ЄМЄ ЗЫЛЫН ЛЄГ Уыдис дын раст лєг ємє зылын лєг. Иухатт балцы ацыдысты. Раст лєгмє фєндаггаг уыдис мыдамєстытє, зылын лєгмє та єнтыдджынтє. Бирє куы фєцыдысты, уєд сєххормаг сты ємє єрбадтысты кєрдзын хєры- ныл. Зылын лєг афтє дзуры раст лєгмє: — Цєй, дє мыдамєстытє уал бахєрєм. Єнтыдджынтє ницы бєллиццаг сты, ємє уал сє фєстєдєрмє уадзєм. Сразы ис раст лєг. Систа йє мыдамєстытє, бахордтой сє, ємє та дарддєр цыдысты сє фєндагыл. Иудзєвгар куы фєцыдысты, уєд раст лєг дзуры зылынмє: — Цєй-ма, де ’нтыдджынтєй ахєрєм, сєххормаг дєн. — Ємє дын, кєй сєххормаг дє, уый мє цєф у? Кєд дє кєрдзын хъуыд, уєд дєхимє дєр куы уыди фєндаггєгтє, цєуылнє сыл фєцауєрстай? — загъта зы- лын лєг, йєхєдєг систа йє єнтыдджынтєй ємє хєры, раст лєджы хъуыды дєр нє кєны. Йє бон куы нал уыд раст лєгєн єххормагєй, уєд ын лєгъстє кєнын байдыдта: — Мєлын сыдєй, ємє мын иу къєбєр авєр, стєй дєхи дзых дє тєрхон, цы зєгъай, уымєй дын єй бафиддзынєн. 135
Зылын лєг загъта: — Єри мын дє иу цєст ємє дын уєд ратдзынєн, кєннод — нє. Раст лєгєн гєнєн ємє амал куы нє уал уыди, уєд сразы, ємє йын зылын лєг йє цєст скъахта, йєхєдєг ын иу къєбєр радта. Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къєбєр! Уайтагъд та сєххормаг ємє та бай- дыдта лєгъстє кєнын: — Мє мыдамєстытє иумє куы бахордтам, уєд цас диссаг у, де ’нтыдджынтєй мын куы авєрай, уєд? Зылын лєг ын загъта: — Єри мын де ’ннє цєст дєр, кєннод мєнмє кєрдзын нєй. Скъахта йын йе ’ннє цєст дєр, ємє раст лєг бынтон бакуырм и. Зылын лєг єй уым ныууагъта, йєхєдєг афардєг ис. Раст лєг куырмєй бырын байдыдта, афтємєй иу саппы цурмє бахєццє. Саппєн йє разы уыд мидємє къахт, ємє лєг ууылты бабырыд. Афтємєй дзы мидєгєй разынд євєджиау рєсугъд хєдзєрттє. Лєг катайтє байдыдта: «ай кєдєм єрбафтыдтєн», стєй уєд сынтєджы бын бабырыди. Уалынджы єрцыдысты арс, бирєгъ ємє рувас. Бацыдысты хєдзармє єртє дєр ємє ныхас єрєфтыдтой, кємє цы фєллой ис, ууыл. Арс загъта: — Мєнєн уєлє бєласы ис мыд, ємє исчи цєст цух куы уа, рынчын ємє уыцы мыдєй йєхи куы фєхъєстє кєна, уєд цы уыд, авд ахємы хуыздєр фестдзєн. Рувас загъта: — Мєнєн уєртє фєсдуар дзєкъулы дзаг єхцатє ис, ємє мидємє куы цє- уын, уєд сє бацєгъдын, єддємє куы цєуын, уєд дєр, ємє мє зєрдєйєн єхсыз- гон вєййы. Бирєгъ загъта: — Уєдє єз иу фыййау зонын ємє йєм куы бацєуын, уєд мын йє цуанон, фыййауы фосєй хуыздєр чи вєййы, уый мє фыццаг скєны, ємє йє бахєрын. Ацы ныхєстєм куырм лєг хъуыста сынтєджы бынєй. Арс, бирєгъ ємє рувас куы ацыдысты, уєд лєг сынтєджы бынєй рабырыд ємє раздєр бацыди, мыд кєм уыд, уырдєм. Мыд куы ссардта, уєд дзы йє цєстытє айсєрста, ємє цы уыдысты, авд ахємы хуыздєр фестадысты. Уый фєстє єхцаты йемє рахаста ємє рафардєг ис йє фєндагыл. Бахєццє ис иу фыййаумє: фыййау кєуы ємє дзыназы. Уый бафарста: — Цєуыл кєуыс, цы фыд дыл єрцыд? Фыййау загъта: — Мє фосы сєрты бон-изєрмє цъиу атєхєг нє ауадзын, фєлє сыл цыдєр сагъуыд, ємє ахєм бон нє ацєудзєн, иу кєнє дзы дыуує цы бон нє фесєфа, ємє ууыл кєуын. — Єз дын сє куы фервєзын кєнон, уєд мыы цы ратдзынє? — Се ’рдєг дєу фєуєд. — Уєдє дє гаццайы амар: уый бирєгъєн хєрын кєны дє фосы, ємє йє ды нє зоныс. Фыййау байхъуыста фєндаггонмє, сєххєст ын кодта йє ныхас, ємє, єцєг- дєр, уыцы бонєй фєстємє йє фосєй иу дєр нал фєхъуыд. Раст лєг дын єд фос, єд єхца єрцыд сєхимє. Афтємєй йыл єрбамбєлд зылын лєг ємє йє фєрсы: — Кєм дын уыдысты атєппєт фєллой? 136
Уый йын радзырдта, куыд сє ссардта, уый. — Уєдє єз куы фєцєуин, ды кєм уыдтє, уырдєм, уєд дзы мє къухы ницы бафтид? — бафарста йє зылын лєг. — Куы ацєуай, уєд, чи зоны, бафта, — загъта йын раст лєг ємє йын фєндаг бацамыдта, кєм уыд, уырдєм. Зылын лєг дєр дын ныццыд ємє уыцы сынтєджы бын бабырыд. Изєры арс, бирєгъ ємє рувас куы ’рцыдысты, уєд єрдиаг байдыдтой сє фєллойыл. Сєхєдєг дын сынтєджы бынєй лєджы раластой. Афтємєй йє ныцъ- цъєл, ныммур кодтой ємє йє дымгємє ныддардтой. Радзырдта йсе Беджызаты Нинє. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрес- томати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф. 377—389. ХЪАРАМАН-ПАДДЗАХЫ АРГЪАУ Уыди Хъараман-паддзах. Иу бон дзырд радта йє адємтєн: — Хєтєны цєуын, ємє бєхєвзєрст ємє лєгєвзєрстєй куъщ рацєуат мемє. Єрємбырд сты паддзахыстоны адєм. Цєуын байдыдтой ємє ссыдысты сау хохы сєрмє. Єрєнцадысты уым. Кєсєнцєст систа Хъараман-паддзах ємє йє бєсты кєрєттєм кєсы. Стєй загъта: — Мє бєсты кєрон ис сау хъєд, хъєды ис цъєх єрдуз, ємє уым ахєм лєппу хуыссы, йє дзыхєй йє хъуымыз кєлы, йє цєстытє галы къєлєтты йєстє, йє бынатєй цъєх арт, цъєх фєздєг уадзы. Мє адємтєй уый мє къухы чи баф- тауа, уымєн уыдзєн йє хъаймєты бонмє мє къазнатєм фєндаг. Уєд иу лєппу йє размє балєууыд ємє загъта: — Дыууадєс ємбалы мын рарвитут мемє. Дыууадєс теуайыл хъисєн мырмы- раг, єрдуйєн хъуытаз скєн. Араст кодтой єртындєс ємбалєй дыууадєс теуаимє. Ныххєццє сты бєсты кєронмє. Базмєлын кодтой дыууадєс теуайы. Уарийы ахст, цєргєсы цъєхахст фєкодтой. Уыцы диссаджы лєппуйєн уыдис дыууадєс домбайы хъарагъул. Фєтарстысты домбєйттє хъєрєй, фєлыгъдысты хъєдмє. Лєппу баззади иунєгєй. Єртындєс ємбалєй схєц-схєц кєнынц лєппуйыл ємє йє нє фєразынц теуайы рагъмє. Єрхуыссын кодтой теуайь^ємє лєппуйы теуайы рагъмє батылд- той. Єрхастой йє Хъараман-паддзахмє. Йєхи усєн дєр уыдис авдєны лєппу. Дыуує лєппуйы хъомыл байдыдтой. Йе ссаргє лєппуйыл сєвєрдта ном Аста- ногълы, йєхи лєппуйыл — Хъарабогълы. Дыуує лєппуйы байдыдтой цуан кєнын. Тыхгєнєг тых нал кєны Астано- гълыйєн. Уєд иу бон загъта: — Ме ’фсымєр, Хъарабогълы, мах байдайєм цуан кєнын. Нє иу дєр-иу єрхєсдзєн бинонтєн єхсєвєрваг. Радгай байдыдтой цуан кєнын. Иу бон ацыд Астаногълы. Хъараман-паддзах дзуры йє усмє: — Мє калакмє цєуын єз, мєнєн ис аст уаты. Авд уаты дєгъєлтє фєнды бафснай, фєнды ма бафснай. Єстєм уатмє мє фырттєй куыд ничи бахиза: уым цы ис, зоныс єй дєхєдєг. 137
Паддзах ацыди калакмє. Бафынєй йє ус. Йє фырт Хъарабогълы загъта: — Мє фыды уєттє куы фенин абон. Уєттыл зилын байдыдта, ємє уєтты дуєрттє — єхгєд. Уєтты дєгъєлтє йє мады дзыппы агуры фынєйє. Йє мады дзыппєй систа авд уаты дєгъєлтє. Авд уаты кєнын байдыдта. Сыджыт ємє Хуыцау хорздзинадєй кєй сфєлдыстой, — уыцы авд уаты мидєг сты. Єстєм уаты дєгъєл нєй йє къухы. Байдыдта лєппу катай кєнын: «Ох-хай, ацы єстєм уаты дєгъєл куыд єфснайд у». Йє мады дєлармы хуыдєй ссардта єстєм уаты дєгъєл. Бакодта єстєм уат: йє сєфт ємє не ’намонд куыннє уыд! Аракєс-бакєс кодта уаты, ємє уаты къу- лыл чызджы ныв, єндєр дзы ницы ис. Чызджы ныв куы федта, уєд загъта: — Тєхуды, ды мє куы уаис, мєлєтєй дарддєр єндєр гєнєн дзы нал ис. Дєгъєлтє нывєрдта ємє йєхєдєг байдыдта кєуын. Йє бон куы нє уал уыдис кєуын, уєд ацыди йє бынатмє ємє уыцы ран схуыссыди. Уыцы ран хъєрзы. Уалынмє сыхъал ис йє мад дєр. Ацыди йєм йє мад ємє йє фєрсы: — Цы кодтай, мє лєппу? Уый йєм дзуры: — Фєрсгє мє мауал кєн, мє мад, єз дєн адзалы къахыл лєуд. Уалынмє ссыди йє фыд Хъараман-паддзах, ємє йєм дзуры йє ус: — Нє фырт рынчын у тыхджын. Йє фыд єм бацыд ємє йє фєрсы: — Цы кодтай, лєппу, єз дє абон дзєбєхєй куы ныууагътон? Уый йєм дзуры: — Фєрсгє мє мауал кєн, дада, мєлєтєй дарддєр мын нал ис гєнєн. Уєд йє фыд Хъараман-паддзах къулбадєг усмє бацыд фєрсынмє. Къулба- дєг усєн зєгъы: — Мє фырт рынчын у. Цємєй рынчын у, уый мын зєгъ, ємє цємєй фєцє- рай, уый дын ратдзынєн. Къулбадєг ус єм дзуры: — Дє фырт рынчын дєр нєу, фєлє де ссаргє лєппуимє, Астаногълыимє, цуан кодтой иумє ємє нє уыд йе ’мдых ємє йе ’марєхст, уєд єй фєнадта хохы сєр ємє мєт айста лєппу йє зєрдємє. Хъараман-паддзах раздєхт фєстємє мєстєйдзагєй. Изєры Астаногълы ’рцы- ди хохєй цуанєй, саджы мєрдтє єрласта йемє, хєдзармє бацыди, ємє йє мад ємє йє фыд бадынц єнкъардєй, кєуынц. Уый сын зєгъы: — Цєуыл єнкъард стут, мє мад ємє мє фыд? Уыдон єм дзурынц: — Де ’фсымєр Хъарабогълы мєлы. Уый загъта: — Ємє йє дзєбєхєй куы ныууагътон, уєд ыл цы ’рцыд? Хъараман-паддзах єм дзуры: — Де ’мдых ємє де ’марєхст нє уыди ємє йє фєнадтай кємдєр. Ныккуыдта лєппу ємє загъта: — Хуыцау, сыджыт не ’вдисєн фєуєнт, кєд єй искуы мє разєй цєуын дєр ауагътон. Мєнєн райгуырєн ма уєд, дє лєппу цы кєны, уый куы нє рабєрєг кєнон. Фєкуыдта ємє йє уаты схуыссыди єххормагєй. 138
Райсом карк куыддєр ныууасыд, афтє фестад йє уатєй Астаногълы йе ’фсы- мєр Хъарабогълымє бауад ємє йын загъта: — Сыст, дє цуаны рад у, ємє куыд ацєуай, афтє! Хъарабогълы йєм дзуры: — Хуыцау мын дє хорзєх раттєд! Єз адзалы къахыл лєуд дєн, цєуынмє мє нал євдєлы. Астаногълы йын ноджы зєгъы: — Єддємє ракєс ємє дын рынчыны туг ис єви нє, уый фенон. Стєй йєм бауад ємє йын йє къабазыл фєхєцыд ємє йє радыввытт ласта єддємє: — Ды рынчын дєр нє дє ємє иу дєр. Фат ємє йын єрдын йе ’фцєджы баппєрста. Йє разєй йє кєнын байдыдта, ємє схєццє сты сау хохы сєрмє. Уым єм кард фелвєста ємє йын загъта: — Тагъд, цы кєныс, уый мын зєгъ, єндєра дє ныкъкъуыхтє кєндзынєн. Уый мєлєтєй куы старстис, уєд ын загъта: — Маргє мє ма акєн. Мє фыд Хъараман-паддзахы єстєм уаты федтон чызджы ныв. Уый цалынмє мє къухы бафта, уалынмє мєнєй дєуєн нал ис єфсымєр. Уєд Астаногълы ныххудтис ємє загъта: — Ие, мєгуыр дє бон куыд фєцис, ме ’фсымєр, уыцы чызджы мєтєй мєлгє чи кєны. Єппындєр мын мєт ма кєн: кєд уыцы чызг уєлзєххыл ис, — йє фєстаг къахєй йє єрласдзынєн, дєлзєхх кєд ис, — йє коцорайє йє сласдзынєн. Хъарабогълы йє зєрдємє айста рухсдзинад. Цуан кєнын байдыдтой бон изєрмє. Изєры саджы мєрдтє ахастой ємє фєстємє єрцыдысты. Астаногълы хєдзармє бацыди ємє загъта: — Мє тєригъєд фєхєссут. Ує фырт цємєй рынчын уыд, уый базыдтон абон. Йє фыд Хъараман-паддзах єм дзуры: — Уєдє цємєй рынчын у, уый-ма мын зєгъ. — Ує уаты чызджы ныв федта ємє уый мєт айста йє зєрдємє. Хъараман-паддзах йє уєрджытє ныццавта ємє йє усмє дзуры: — Мєнєн дын мє фєдзєхст уый куы уыд, уыцы чызджы ныв сє куыд никуы ничи фена. Астаногълы загъта: — Мє фыд, мєнєй дєр зєгъыс, уыцы чызг мєнмє дєр фєкєсдзєн диссаг? Рахєссут ма йє, ємє йє фенон. Рахастой йєм єй, ємє йє цєсгомы рухсєй ныррухс и бєстє. Уый йєм єркєстытє кодта, тыхджын зєрдєйє ныккуыдта ємє дзуры: — Ацы чызг, ды кєм цєрыс, уырдєм Астаногълы куы нє фєцєуа, уєд мє- нєн тагъд уыдзєн мєлєт. Ныв батыхта ємє йє нывєрдта йє дзыппы. Уый уыди арвы кєроны єстдєс уєйыджы хо. Уєд йє фыдмє дзуры Астаногълы: — Дє калактєм ныхас ратт, єндєр паддзахєн дєр фехъусын кєн, ємє дын ратдзєн єххуысдзинад. Єфсєйнаджы мыггаг кємдєриддєр ис, цєфхады зєгєл дєр мауал ныууадз, ємє сє быдырмє ’рбаласын кєн. Ємєнкъуыст скодтой паддзахстоны адєм. Ренсытє ємє машинєтєй ємпъу- хын байдыдтой єфсєйнєгтє адєм быдырмє. Бєстє сє уєзєй ємдзеллау, ємєн- къуыст байдыдта. Сє уєзєй бєстє тондзєн, ємє донєй сєфдзысты адєм. Хъара- ман-паддзахмє єрвитын байдыдтой йє адєм: 139
— Дє паддзахдзинад ма цы уыдзєн, донєй сєфдзысты дє адєм. Уєд Астаногълымє єрбасидти ємє йын дзуры: — Чындз дєр мє нал хъєуы, фырттє дєр мє нал хъєуынц, мє адєм сєф- дзысты донєй. Ныууадз єй, уыцы єфсєйнєгтє мауал ласын кєн. Астаногълы йєм дзуры: — Мєн єппындєр дє паддзахдзинады мєт нєй! Єз аразын мєхи фєндаг. Єфсєйнєгтє ласт куы фесты, уєд єм сєрвыстой: — Астаногълы, єфсєйнєгтє ласт фесты. Єрцу, ємє сын цы ми кєныс, уый нын зєгъ. Уєд йє фыд Хъараман-паддзахмє дзуры: — Фесты ласт єфсєйнєгтє єви нє? — Фесты ласт, мє къухы єфсєйнаг нал ис, — загъта Хъараман-паддзах. — Уєдє ноджы дыккаг хатт дзырд ратт, ємє дє къухы куырд ємє куынцды- мєг цы ис, уыдон куыд єрємбырд уой. Байдыдтой ємбырд кєнын куырдтє. Куы єрємбырд сты адєм, уєд сєм Астаногълы ныццыд йєхєдєг ємє сын загъта: — Пиллон-гуымирыты рєстєг у, тыхы рєстєг, єз балцы цєуын ємє мє къухы кєй ахєссон, ахєм лєдзєг мын сє саразут. Ныккатай кодтой куырдтє ємє загътой: — Єхсидгє йє бакєндзыстєм, фєлє йє сфєлдахынєн, йє сынкъуысынєн ницы бакєндзыстєм. — Фидар цєлхытє саразут, ємє уын єй уыдон уєлє єрєвєрдзынєн єз. Уєд ыл радтой авд комєй авд євдиуы, ємє ссыгъди бєстє. Йе ’хсидєн зынгєй паддзахы горєттє судзынц хъєугай ємє сыхгай. Хъараман-паддзахмє байдыдтой єрвитын дыккаг хатт. — Басыгъдысты дє горєтты хуыздєртє, ємє куыд ныууадзын кєнай ацы зынг. Астаногълымє дзуры: — Нал мє хъєуы чындз. Куыд ныууадзат уыцы зынг. Сєфы мє паддзахад. — Мєн єппындєр паддзахады мєт нєй, — загъта йын лєппу. Сарєзтой йын йє лєдзєг, сєрвыстой йєм: — Астаногълы, дє лєдзєг сцєттє, ємє йєм куыд єрцєуай. Ныццыди ємє лєдзєджы систа, ємє йє сєппары, ємє йє куы йє иу къу- хєй ацахсы, куы иннємєй. Уый уыдис єхсєз милуан путы. Рахаста лєдзєджы, ємє йе ссыдмє паддзахы кєртытє байдзаг сты єрцджын хъазахъхъєй. Єрбаластой сармадзантє семє. Уый йє фыдмє дзуры: — Хъараман-паддзах, адон бындзытє куы сты, цємє сє єрємбырд кодтай? Уєд єм уый дзуры: — Чызджы фєдыл куы цєуыс ємє тыхы рєстєг куы у, уєд дє єфсєдты къорд нє хъєуы? Астаногълы йєм дзуры: — Хуыцау дыл мє тєригъєд ныккала, мє фыд, ємє адон бындзыты хуызєн куы сты, уєд єз хєсты куы бацєуон, уєд адон хъахъхъєнон єви хєцгє кєнон? Аздах сє: адон мєнєн фыдбылызы йеддємє пайда не сты. Аздєхтысты єфсєдтє фєстємє, йєхєдєг араст и: — Єз цєуын м’ адзалы фєндагыл, ємє уыцы чызг кєд мє къухы бафтинаг у, уєд тагъд! 140
Йє фыд єм дзуры: — Уєдє ус кємєн курыс, уый дєр нє уадзыс демє? Уый загъта: — Уый дєр мын фыдбылызы йеддємє пайда нєу. Уєд ын Хъараман-паддзах дзуры: — Ацу уєдє, фєндараст, дєхицєн фєуєд, ус дєхицєн курыс. Астаногълы загъта: — Оххай, цєй рєдыд кєнын... Уєддєр хистєрєн йє фындз амєрз ємє йє зондєй бафєрс. Рарвит єй уый мемє! Рараст кодтой иумє — Хъарабогълы ємє Астаногълы. Фєцыдысты бирє бон- ты, бафтыдысты єнєдон быдырмє, ємє сыл хуры цєст тар кєнын байдыдта. Уєд Хъарабогълы дойныйє мєлын байдыдта. Афтыдысты стыр фидары цурмє. Йє хуылфєй доны хъєр цєуы, фєлє йєм дуар никєуылты ис. Хъарабогълы Астаногълымє дзуры: — Дойныйє мє бон нал у цєуын, ємє ацы фидары хуылфєй доны хъєр цєуы, фєлє йын дуар нєй. — Ды-иу мын дон ссар, уыййеддємє йєм фєндаг єз ссардзынєн. Уый йєм бацыд ємє йєм хъусы: єцєгдєр дзы доны хъєр цєуы. Астаногълы йє лєдзєджы чъилєй басхуыста, ємє фидары фарс фегом ис. Бацыдысты ємє суадоны цур єрбадтысты ємє банызтой дон. Йє хуылфы уыдис сызгъєрин арєзт галуантє ємє хєдзєрттє. Астаногълы йє лєдзєг йє нывєрзєн єрєвєрдта ємє афынєй ис. Уым цардис авд уєйыджы, авд дєр уыдысты тыхгєнєг. Йе ’фсымєр, Хъара- богълы, цєхєрадєтты рацу-бацу кєны. Авд уєйыджы уыдысты хохы цуаны, сє хо ємє сє мад та уыдысты хєдзары. Уєйгуыты хо рауад ємє ракаст єддємє. Куы сє федта, уєд фездєхти фєс- тємє ємє йє мадмє дзуры: — Федтон диссаг, нє цєхєрадонмє єрцыди кєцєйдєр дыуує хєххон цъиуы. Мад ын загъта: — Оххай, тыхгєнєг ма уєнт. Фестад, уєдєртт ємє єлхуый райста ємє разгъордта йєхєдєг дуармє. Йє уєдєртт аппєрста былєй ємє дзуры: — Ує, дєлє хєххон цъиу, мє уєдєртт ма мын сєппар. Уый йєм єрбацыд ємє йыл схєстытє кодта уєлємє. Уєд ын базыдта ус йє тых ємє йєм нывнєлдта єлхуыйы бырынкъєй, йє дыуує уєны ’хсєн ын єй єртъыста, систа йє йєхимє ємє йє къутуйы бынмє баппєрста: «Адон, изєры мє авд уєйыджы куы єрцєуой, уєд сын уыдзысты хъєрмхуыпваг». Уалынмє єрцыдысты хохєй авд уєйыджы, ємє сєм мад дзуры: — Абон нє цєхєрадонмє дыуує хєххон цъиуы єрцыди, сє иу дєлє суадоны цур амарди, иннє та мєнє къутуйы бын и, ємє уый дєр схєссут ємє уын дыуує уыдзысты єхсєвєрваг. Уєд сє иутє єртытє кєнынц, иннєтє уєхстытє кєнынц. Єртє кєстєр уєйыджы азгъордтой Астаногълымє ємє єркєстытє кодтой, лєдзєг йє нывєрзєны, ємє єркатай кодтой тыхджын: — Оххай, кєд ацы лєппу ацы лєдзєг єрхаста, мыййаг, уєд нє мыггагскъуыд кєндзєн. 141
Нє йє бауєндыдысты сыхъал кєнын ємє фєстємє раздєхтысты, се ’фсы- мєртєм дзурынц: — Удєгас у, мард нєу, йє нывєрзєн єфсєйнаг лєдзєг ис ємє сыджыты ныллєсти йє уєзєй. Се ’фсымєртє сєм дзурынц: — Куыйтє, нє йє бауєндыдыстут сыхъал кєнын! Азгъордтой хистєртє сєхуыдтєг, ємє йє скъуырдтытє кодтой къахы 6ы- рынкъєй. Фехъал и Астаногълы ємє сєм дзуры: — Цы стут? Уыдон загътой: — Мах стєм уєйгуытє, фєлє ды цы дє? Уый акєстытє кодта, ємє йе ’фсымєр уым нал. «Оххай, ме ’фсымєры мын бахордтой, сєрєй». Фєсєррєтт кодта ємє уєйгуыты хєдзармє згъорыныл фєци. Уєйгуыты мад хєдзарєй єддємє рацєйуади, ємє йєм Астаногълы дзуры: — Ме ’фсымєр цы фєци, тагъд? Уєд єм ус дзуры: — Де ’фсымєрєй цы кєныс, дєхи дєр дын хєргє куы кєнєм, уєд? Хъарабогълы къутуйы бынєй сдзырдта: — Мєнє дєн, бєргє, фєлє мє аргєвддзысты. — Гъєтт, тєрсгє мын ма кєн, єз дын єгас куы уон, уєд! Бауад ємє йє радавта къутуйы бынєй ємє йєм дзуры: — Исты дын кодтой, мыййаг? Уєд єм лєппу дзуры: — Сє мад мын йе ’лхуыйы бырынкъ мє дыуує уєны ’хсєн єртъыста ємє мє афтємєй систа йєхимє. Уєйгуыты мадмє бацыд уый ємє йє тымбыл къухєй ныццавта, ємє сау фєнык фестад. Стєй йє лєдзєгмє ныццыди ємє йє систа ємє авд уєйыгмє дзуры: — Рєгъєй-ма єрлєуут, єз уын бацамонон зонд. Уєйгуытє єрлєууыдысты рєгъєй, уыдон зєрдєйє, зонд сын амоны. Уый сыл фехста лєдзєг, ємє сє зєхмє туджы цъыртт нал єрхауд. Хєрзцагъд сє фєкодта. Байдыдтой уырдыгєй цєуын. Бафтыдысты єнєдон быдыры, ємє сыл хуры цєст тар кєнын байдыдта. Уєд Хъарабогълы дойныйє суынгєг и тыхджын, ємє та ахєццє сты иу галуаны цурмє. Уырдыгєй та доны хъєр цєуы. Хъарабогълы йє алыварс зилы, ємє йєм дуар никєуылты и, ємє дзуры Астаногълыйєн: — Дойныйє та мєлын ємє та ацы галуаны дон ис, ємє йєм дуар нєй. Уый та йє лєдзєджы чъилєй ныццавта, ємє галуаны фарс фегом. Бахызтысты та йє хуылфмє: сыгъдєг сызгъєрин, нарєг фынгтє йє мидєг ис, йє рухсєй цєстытє тартє кєнынц. Разил-базил кєнынц йє хуылфы, ємє дзы змєлєг никєцєй зыны. Астаногълы Хъарабогълымє дзуры: — Не сєфт цєудзєн ам, ай хуымєтєджы лєджы кєй нєу, уый зонын хъєуы. Кєсєнцєст систа ємє арвы кєрєттєм кєсы: фєзынди хурыскєсєнырдыгєй сау мигъы къуымбил ємє рацєуы арвыл. Уєд Астаногълы дзуры: — Ме ’фсымєр, амєн йє хицау у Араби, уєларвы уыд хєтєны ємє єрцєуы ныр. Уый дзуры: 142
— Уєдє лидзын хъєуы ардыгєй. — Мєнєн лидзєн нєй, єз хъуамє схєцон йемє, фєлє дыууадєс ивазны уєрм скъах дєхицєн ємє уыцы раи ныггєпп кєн тагъд. Уый арцы бырынкъєй сфєйлау-сфєйлау кєны зєхх. Астаногълы йєм худ- гєйє кєсы ємє йєм дзуры: — Цы ми кєныс, цы? — Мєнє мєхицєн цєрдудєй ингєн къахын! Астаногълы лєдзєджы чъил єрєвєрдта зєххыл, єрхєцыд ыл уєле, ємє сє ныссыдта къєдзєхєй, хохєй уєле бынмє. Уалынмє сласта лєдзєг фєстємє ємє йєм дзуры: — Ныггєпп кєн тагъд. Хъарабогълы йє алыфарс зилы ємє йєм кєсы, ныхъхъав-ныхъхъав кєны. Астаногълы йєм дзуры: — Ныггєпп кєн, цємє йєм кєсыс! Уый йын зєгъы: — Ам куы ныггєпп кєнон, уєд кєнє мє бєрзєй сєтдзєн, кєнє мє астєу. Уый йыл фєхудти ємє йє лєдзєджы чъилыл ныууагъта бынмє. Йєхєдєг йє синтєм йє лєдзєг сєвєрдта ємє галуаны хуылфы рацу-бацу кєны. Уєд Араби єрєввахс зєхмє ємє йєм дзуры: — Чи куыдз, чи хєрєг дє уый, цы разил-базил кєныс, цыма дє фыды цєхє- радон у, уыйау? Уый йєм дзуры: — Куыдз дєр дє ємє хєрєг дєр. Цымє бєрзондєй уымєн дзурыс, кєд фєтєрсид ємє алидзид, мыййаг? Араби йєм єрыскъєрдта йєхи. Ныццавтой кєрєдзийыл сєхи ємє байдыд- той хєцын. Астаногълы йє ныххуырста зєххыл. Араби йє быны цєхєры тъы- фыл ныккалдта ємє фестади сыгъзєрин дзыккуджын чызг. Уєд єй феуєгъд код- та лєппу, фєстєдєр фєлєууыд ємє йєм дзуры: — Цы зєдыхай дє, баххуыс кє, єнє зонгє бырст мын фєдє. Уый йєм дзуры: — Єз зєд дєр нє дєн ємє дзуар дєр, єз дєн Хуыцауы хєрєфырт, ємє ис Хуыцауєй дзырд: чи мыл фєтых уа, уый йеддємє мын мой скєнєн нєй. Ныр мє абырстай ємє мыл кєд єввєрсыс, уєд мє Хуыцау дєуєн загъта ємє мє фєкє, дє хєдзар кєм ис, уырдєм. Уый йын зєгъы: — Єз дєуєн аккаг нє дєн, єз дєн чъизи мєгуыр лєг, фєлє йє бон ныкка- лєд, мемє ис ме ’фсымєр, усгур. Уый хєцынтєм йеддєм нє дары йє сєр. Уєртє сыгъзєрин къєлєтджыныл бады ємє йє єрбакєнон. Єрбакєсут кєрє- дзимє. Кєд кєрєдзи зєрдємє фєцєуат, уєд уый дєуєн — лєг, ды уымєн — ус, єз та дєуєн — тиу. — Ацу ємє йє ракє, уєдє. — Астаногълы бацыд ємє систа йе ’фсымєры уєрмєй ємє йє єрбакодта. Бакасти Хъарабогълы чызгмє ємє Астаногълыйєн загъта: — Цы чызджы фєдыл цєуєм, уый нєу. Уєд араст кодтой уырдыгєй ноджы, ємє чызг дзуры: — Фєлєуут-ма, кєдєм цєут, уый мын зєгъут. — Мах стєм Хъараман-паддзахы фырттє, нє фыды уаты ис чызджы ныв, ємє уый фєстє цєуєм, уый хъуамє нє къухты бафта, єндєр гєнєн нєй. 143
Уєд чызг ставд цєстысыгєй ныккуыдта ємє дзуры: — Мєгуыр ує ныййарєджы бон, сымах цы мад, цы фыды разєй рараст стут ємє фєстємє кємє нал фєцєудзыстут. Астаногълы йєм дзуры: — Цємєн афтє зєгъыс, мє хойыхай? — Уыцы чызг ис арвы кєрон ємє у єстдєс уєйыджы хо. Хуыцау адємтєй куы сфєлдыста мыггаг, уєд уыцы єстдєс уєйыгєн загъта: «Сымахєн тыхгєнєг тых ма ссарєд». Уыдон сты Хуыцауєй арфєгонд, ємє сын ис цыппар хойы. Хистєр хо у Сау хохы авдсєрон Сау уєйыджы ус. Иннє у Урс хохы Урс уєйы- джы ус. Кєстєр хо у Сырх хохы Сырх уєйыджы ус. Ис ма сын се ’ппєты кєстєр хо, кємє цєут, уый. Уыдон сты тыхгєнєг ємє ує бахєрдзысты, фєлє фєстємє аздєхут. Кєд ує мєныл исчи єввєрсы, уєд єз цєуын уемє. Се ’фсымєртыл куы фєтых уат, се сиєхстыл куы фєтых уат, уєддєр уыцы цыппар хойы сты хингє- нєг, ємє ує ахєм хохмє басайдзысты, ємє уыл хохы дуєрттє сєхгєндзысты. Ставд цєссыгєй кєуы чызг ємє йє разы цєппузырєй єнхъизы. Уєд єм Астаногълы дзуры: — Єз мє фыды разєй уыцы єгъдауєй нє рацыдтєн, ємє єнє мє фєндон сєххєстгєнгєйє фєстємє аздєхон. Цєуыны къахыл куы ныллєууыдысты, уєд чызг йє амонєн къухєй рафтыдта сыгъзєрин къухдарєн ємє йєм єй радта: — Уыцы къухдарєн дє къухыл бакє: гъеныр дєм цы тых ис, иу ахєм тых дєм єрцєудзєн ноджы. Лєппу хєрынкъа систа ємє йє радта чызгмє. — Уыцы хєрынкъа къуырийє къуыримє дє армытъєпєны зил. Кєд дє ар- мытъєпєнєй єхсыр цєуа, уєд уый зон, єз удєгас дєн, кєд дє армытъєпєнєй туг схъара, уєд уый зон, удєгас нал дєн, ємє-иу мой скєн. Байдыдтой уырдыгєй цєуын. Бафтыдысты стыр єнєдон быдыры ємє сыл хуры цєст байдыдта тар кєнын. Ахєццє сты фидар амад галуаны цурмє, ємє та дойныйє суынгєг ис Хъарабогълы. Уый уыдис єстдєс уєйыджы галуан. Хъара- богълы дзуры: — Дойныйє мєлын, ацы галуаны хуылфєй доны хъєр цєуы ємє йєм дуар нєй. Астаногълы йє лєдзєджы чъилєй ныццавта галуаны ємє ныккалди йє хуылф- мє. Бахызтысты йєм ємє дзы рацу-бацу кєнынц. Уєд єстдєс уєйыджы хо рацыдис дуармє ємє йє цєсгомы рухсєй ныррухс и бєстє. Хъарабогълы йє федта ємє дзуры: — Астаногълы, цы чызджы фєдыл цєуєм, уыцы чызг уєлє уый у, фєлє дє ныр тыхы сєр бахъуыди! Чызг фєстємє фездєхт ємє йє мадмє дзуры: — Тыхгєнджытє нєм єрцыд, нє фидєрттє нын ныппырх кодтой. Ус фестад, ныццавта уєдєртт ємє єлхуыйыл йєхи. Раппєрста уєдєртт бы- лєй ємє сєм дзуры: — Ує, хєххон цъиутє, гъеуыцы уєдєртт ма мєм сєппарєд исчи. Уєд єм Хъарабогълы фезгъоры, ємє йєм Астаногълы дзуры: — Фєлєуу, мєн єм ауадз, ды йє не сфєраздзынє, кєд дєу дєр мє хуызєн єнхъєликкой. Уєдєртмє базгъордта ємє йєм дзуры: — Фєлєуу, мє мадыхай, єз дєм єй сєппардзынєн. Уєдєрттыл фєхєцыд ємє йє фехста усыл: єгєр мєсты єхст ын фєцис,
ємє усы фєивгъуыдта, фєлє галуанты ныппырх кодта. Уєд сє базыдта ус, адон єцєг тыхгєнджытє сты, ємє ма «хєххон цъиу» хєйрєг срєдийєд, фєлє сєм дзуры: — Ує фєхъхъау єрбауон, мє дзєбєх уазджытє! Єз дєн єстдєс уєйыджы мад. Мє лєппутє сты хохы, цуаны. Уєртє мє цєхєрадоны ис фєткъуы, ємє дзы єрцєгъдут ємє дзы бахєрут. Дзуры йєм Астаногълы: — Кєд мын дзы єртє єхсты бар дєттыс, уєд дзы бахєрдзынєн, кєннод дзы нє хєрын! Ус єм дзуры: — Амєй изєрмє дєр дзы цєгъд! Астаногълы бацыд ємє йє лєдзєгєй иу єхст фєкодта: фєткъуыйы срє- мыгъта астєуєй уєлємє, ємє дзы сыфтєр нал єрхаудта зєхмє. Дыккаг єхст єй фєкодта: йє бындзєфхадєй ма чысыл аззад, уєддєр дзы ницыуал єрхауд. Єртыккаг єхстєн єй єд уидєгтє срємыгъта бынтон, уєддєр дзы ницы єрхауд бынмє. Хєрдмє йєм кєсы ємє дзуры: — Ує, ды кєй фєткъуы дє, уыдон мад ємє фыд афтє-уфтє фєуой! Цєгъдгє дє куы кєнын, ємє дє уырдыгмє куы ницы хауы. Фєткъуыйы цєнгтє, хохы сєрыл єстдєс уєйыджы бадынц, ємє уыдон сєр- ты зыр-зыргєнгє тєхынц. Єстдєс уєйыджы сєм кєсынц ємє катайы фесты: «Ох-хай, тыхджын тыхгєнєг нєм єрцыд — акєсут-ма нє фєткъуыйы цєнгтєм». Уєд хєхтє ныххостой кєрєдзиуыл ємє бєстє єрвнєрєгау кєны. Раппєрс- той уырдыгєй сєхи. Єстдєс уєйыджы мадмє дзуры Астаногълы: — Бєстє куы єнкъуысы, хорз ус, уєд уый циу? — Уый ме стдєс фырты єрцєуынц, хєхтє ныххостой кєрєдзиуыл, ємє уыдон гыбар-гыбур у. Дзуры йєм Астаногълы: — Ау, уыцы куыйтє цы къєдзєхтыл кафынц, исты сєгътє сты, мыййаг! Уєд сє мад йє рустє тонгє сє размє згъорын байдыдта. Бахєццє сєм ємє сєм дзуры: — Не сєфт єрцыди ємє ує «хєххон цъиу» мачи срєдийєн. Уєд єй фєрсынц йє фырттє: — Цал сты тыхгєнджытє, кєнє сє тых циу? — Дыууєйы йеддємє не сты, фєлє нє быны сєфт кєндзысты. Єстдєс уєйыджы згъорын байдыдтой размє ємє єрбахєццє сты. Астано- гълы сє размє лєууы йє лєдзєджимє. Уєд уєйгуытє фєхъєр кодтой: — Єгас цєут, уазджытє! Астаногълы сєм дзуры: — Куыйтє, цы мыл хъєр кєнут, исты мє ує фыды цєхєрадоны куы нє ссардтат! Єстдєс уєйыджы єрхастой єд къала бєлас ємє саджы мєрдтє семє, дзу- рынц лєппутєм: — Уазджытє, кусєртытє кєнут єви арт? Астаногълы сєм дзуры: — Адон йеддємє уєм кусєрттаг ницы ис, адонєй цы аргєвдон єз? — Гъеуыдон саджы мєрдтє сты, ємє уыдонєй уєлдай махмє кусєрттаг нєй. — Уєдє арт скєнут, уыдон цъиуты хуызєн аскъуыдтє кєндзынєн єз. 10 Ирон адємон сфєлдыстлд, 2-аг том 145
Астаногълы сагєн йє къубал фєуыгард кєны, ємє царм иуырдєм ахауы, фыд — иннєрдєм: уєнггай сє скъуыдтє кєны къухєй ємє сє цєджджинаджы калы. Уєйгуытє йєм кєсынц ємє катай байдыдтой: «Ох-хай, бынтон сєфт кєн- дзыстєм, ай нє хєрдзєн бынтон». Уєд сєм Астаногълы дзуры: — Куыйтє, кєсгє мєм цы кєнут? Арт кєнут, єз кусєртытє кєнын. Цєджджинєгтє бауєларт кодтой, хєдзары єрбадтысты рєгъєй. Єппєты уєле єртє хистєры, уыдон дєле Астаногълы ємє Хъарабогълы бадынц. Кєстєр уєйыг, цырагъєвєрєг, дзуры: — Уазджытє, єнє хъуыддаг не ’рцыдаиккат сымах, уый зонын хъєуы. Астаногълы йєм дзуры: — Хуыздєр фєу, дєумє лєджы туг хєццє кєны. Мах єрцыдыстєм ує хомє курєг. Уєд єм фєстємє дзуры цырагъдарєг: — Мах уын нє хойы афтємєй нє ратдзыстєм. — Уєдє куыд? — Кєд ахсєв не ’мхєрд ємє не ’мнуєзт ує бон бауыдзєн, уєд уын єй ратдзыстєм, кєннод нє. — Куыйтє, ємє сымах ує цєрєнбонты фєллой иу хєрд кєнут, ємє єз дєр афтє дєн? Єз хєрдєй нє архайын, єз архайын тыхєй. Кєд ує хойы бархийє дєттат— хорз фєуєд афтє, кєннод тыхєй дєр фендзыстєм, ємє кєуыл цы сєм- бєла, уый йын хєлар уєд. Уыцы афон чызг амбєхсти кємдєр. Хъарабогълы дзуры: — Астаногълы, сє чызг кєм ис, єрбакєнын-ма йє кєн. Бакєсон єм, кєд нє къухы бафтдзєн, уєд. Астаногълы сєм дзуры: — Ує хо кєм ис, ракєнут єй тагъд, кєннод ує быны сєфт кєнын. Нал сын уыд гєнєн, ємє йєм ацыдысты кєстєртє. Єрбакодтой чызджы, ємє йє рухсєй хєдзары къуымтє ныррухс сты. Астаногълы йє єрбадын кодта йє тєккє раз ємє йе ’фсымєрмє дзуры: — Кєс єм ды гъеныр дзєбєх. Уалынмє єхсєвєр дєр сцєттє ис. Ацыдысты фараст уєйыджы, скъахтой єнєхъєн быркуы сєн, хєдзармє йє ’рбахастой ємє йє єрєвєрдтой артдзєсты. Астаногълы сєм дзуры: — Уый та цы ’рбахастат, уый та циу? Уєд єм дзурынц уєйгуытє: — Уый у сєны быркуы. Астаногълы сын загъта: — Ємє йє фенынмє єрбахастат? Фестад єм ємє йє ахуыпп кодта иу къусау. Быркуыйєн йє хъус баппєрста къуыммє ємє сєм дзуры: — Нє бєззы ує сєн, науєд рєгъытє та ацы куысийє кєндзыстєм?! Уєйгуытє кєуын байдыдтой: «Ох-хай, не сєфт єрцыд». Ацыдысты єстдє- сєй ємє скъахтой авд мусуаты быркуы, ємє йє уєлємє кєуылты сисой, уымєн ницы зонынц, йє алыварс катай кєнынц. Єрєгмє цєуынц, ємє сєм Астаногълы єнхъєлмє кєсы. Ацыди сєм ємє сын зєгъы: — Ує, куыйтє, уым єй ма баназут, мєнєн дєр ма дзы фєуадзут. 146
Уєд єм дзурынц: — Дє фыдєхєй фесєфєм, нуазгє ницы кєнєм, фєлє йє нє фєразєм уєлємє сисын. Уєд сєм азгъордта йєхєдєг ємє сєм дзуры: — Ау, куыннє йє фєразут єстдєс уєйыгєй, тыхгєнєг куы хонут уєхи?! Йєхєдєг ын йє дыуує хъусыл фєхєцыд ємє йє стыдта къєдзєхєй. Єрба- хаста йє ємє йє єрєвєрдта хєдзары. Уєд єрбадтысты бєстон. Байдыдтой хє- рын. Байдыдтой нуазын. Астаногълы сєм дзуры: — О, куыйтє, єрхєссут уєздан куыси гъеныр! Єз єрдєбон быркуы уый тыххєй ахуыпп кодтон, ємє ує кєстєр афтє кєй загъта — ахсєв не ’мхєрд ємє не ’мнуєзт кєд ує бон бауыдзєн, уєд уын ратдзыстєм нє хойы, кєннод нє. Фєхордтой, фєнуєзтой ємбисєхсєвмє. Ємбисєхсєв уєйгуытє сє устытєм дзурынц: — Уазджытєн уєттє бакєнут. Уєттє кєнын байдыдтой сыгъзєрин уєладзгуыты. Астаногълы сєм дзуры: — Куыд уєттє кєнут, куы? — Куыд уєттє кєнєм, куы, дє быны дари гобєттє, дє уєлє дари хъєццултє. — Єз ууыл нє дзурын, єз нєхимє дєр фєнычы фарсмє фєхуыссын, фєлє ує хо ємє ме ’фсымєрєн иу ран цєуылнє уат кєнут? Уєйгуытє нынкъуыстой сє сєртє ємє сын бауат кодтой иу ран. Нал сын уыд гєнєн. Йе ’фсымєрмє дзуры Астаногълы: — Куы дє ’ргєвда, куы дє мара, мыййаг, ахсєв уыцы чызг, уєд ын-иу зєгъ: — Сардаудзынєн дыл ме ’фсымєр Астаногълыйы. Уєд дын йєхєдєг лєгъстє кєндзєн. Схуыссыдысты иу ран чызг ємє лєппу, фєлє йєм чызг ємгєрон нє цєуы. Хъарабогълы йєм дзуры: — Ма кє, кєннод дє сардаудзынєн ме ’фсымєрыл, ємє ує быны сєфт фєкєндзєн. Уєд єм чызг дзуры: — Ардаугє мє ма скєн, уыййеддємє дє цы фєнды, уый кєн. Бон дєр єрбарухс. Сыстадысты се ’ппєт дєр, ныхсадтой сєхи. Аходєн ба- хордтой. Цєуынц хохмє цуаны. Єстдєс уєйыджы дзурынц Астаногълымє: — Мах хохмє цєуєм, а нє чызг ємє не сиахсы ныууадзєм фєстейы, ды рацу немє. Уый «цєуын» загъта. Нудєсєм уєйыг уыди къуылых уєйыг; уый хєдзарєй єддємє нє цыди. Уыцы къуылых уєйыгмє дзуры Астаногълы: — Єз цєуын єртє боны цуаны. А ме ’фсымєр ємє ує хойы кєрєдзийє куы фєхицєн кєнат, уєд дын аскъуындзынєн дє къубал. Єстдєс уєйыджы акодтой Астаногълыйы семє. Иунєг Хуыцау ын єрбайрох кодта йє лєдзєг фєстейы. Байдыдтой цєуын Сау хохы сєрмє. Уыдонєн сє хо уыди Сау хохы авдсєрон Сау уєйыджы ус. Бахєццє сты Сау хохы бынмє. Иу фєндаг ацыд — фєцу ємє ма ’рцуйы фєндаг. Иннє фєндаг — фєцу ємє ’рцуйы фєндаг. Уєйгуытє бафтыдтой Астаногълыйы фєцу ємє ма ’рцуйы фєндагыл. Базыдта йє Астаногълы: «цєуын єз ме сєфты фєндагыл», — фєлє йє кєм хаста йє сєрмє «нє цєуын» зєгъын. 147
Байдыдта йєхєдєг Сау хохы сєрмє цєуын. Хохєн йє фидармє куы схєццє, уєд йє разы фестади сызгъєрин саг. Уый уыди єстдєс уєйыджы хо ємє йє разы хины сырд фестади. Астаногълы йє сурын байдыдта хохы фидарыл размє ємє йє не ’ййафы єхстбєрцмє. Хохы фидармє куы бахєццє, уєд єм саг йєхє- дєг єрлєууыд ємє йєм дзуры: — Фехс мє ныр, єввахсмє мєм мауал цу! Астаногълы йє фехста, ємє фєцєф и саг. Йєхи йыл єрбахгєдта хох Аста- ногълыйыл ємє фезмєлєн ничердємуал ис. Ахєстытє ма кодта хохыл йе уєхс- чытєй, ємє хох лыстєг скъуыдтє ныйис, фєлє йє нал рафєрєзта стонын. Уєд баззад хохы фидары лєугєйє. Уыцы ран єхсыны йє къухы фыдтє мєстєй. — Гъє, мєгуыр, ме ’фсымєр, уыцы куыйтє кєй єргєвддзысты, — дзуры Астаногълы. Сау хохы Сау уєйыг царди уым. Астаногълы хъусы хохєй мидємє, ємє дзы бинонты хъєлєба цєуы, єстдєс уєйыджы хо хєдзары къуымты рауай-бауай кєны, ємє йєм йе ’фсин дзуры: — Цы кєныс, чындз, цы катайы дє? Уый йєм дзуры: — Єз ницы кєнын, фєлє иу лєппуйы єрбасайдтон ємє мє фехста, цєф дєр фєдєн, фєлє йыл сєхгєдтон хохы дуєрттє, мєгуыр йє ныййарєджы бон, уый кємєн уыд ємє кємєн нал уыдзєн. Мє зєрдє йыл суртє кєны: фесєфынєн євгъау у. Уєд єм йе ’фсин дзуры: — Єнєнцой фєуєд уый, де ’фсымєртєм дын тыхгєнєг чи єрцыд, уый у. — Зонын єй, бєргє, фєлє йыл мє зєрдє нє лєууы. Уєд чызг дзуры Астаногълымє хохєй єддємє: — О уыцы лєппу, кєд ма уым дє, уєд дє Хуыцауєй уыцы амонд куы уаид, ємє дє галиу къухєй куы авналис фєстємє, єфсєн дзєккоры хъєдыл куы фє- хєст уаис, куы дзы ныццєвис хохы, хох йє быныл лыстєг згъєлєн куы ныууаид ємє уырдыгєй куы аирвєзис! Лєппу йєхиуыл дзуєрттє бафтыдта: «Ме сфєлдисєг Хуыцау, єгады сєфт мє ма фєкєн». Єфсєн дзєккор йє къухы февзєрдис. Хох дзы ныццєфтє кодта, ємє йє быны схъисгай ныццис. Йєхєдєг згъорын байдыдта уырдыгєй. Йє рєстєг дєр єввахс кєны. Ныр ын йе ’фсымєры хъуамє аргєвдой уєйгуытє, радєргъ єй кєнынц фьшгыл ємє йын йє хурхмє кард ныддарынц: къуылых уєйыг йєхи хурхмє кард ныддары: — Бафєдзєхста йє мєнєн єртє бонмє, ємє йє уєдмє нє бауадздзынєн єз єргєвдын. Искуыцєй куы фєзына, уєд нє бахєрдзєн уєнггай. Астаногълы ’ввахс кєнын байдыдта. Йє єртє боны дєр сєххєст сты: «Гъе- ныр мын мє ныццыдмє ме ’фсымєры єргєвддзысты». Фєцєуы сау хъєды ’хсєн, стыр тєрс бєласы єд уидєгтє срємыгъта, йє сєр ын фємур кодта ємє йє фехста ємє єстдєс уєйыджы галуантыл сємбєлди ємє сє єрдєгєй уєлємє ныппырх кодта. Уєд къуылых уєйыг сцин кодта: — Гъе, мє хуртє, ує лєджы зыввытт єрхєццє ис. Йе ’фсымєры йын куы аргєвстаиккат, уєд быны сєфт нє кодтат! Єрбадавтой чызг ємє лєппуйы ємє сє єрбадын кодтой уєле. Цин сыл кєнынц. Уалынмє Астаногълы дєр єрхєццє. 148
— Хуыздєр фєут, цєй хорз сыл цин кєнут! — Єрбадти сє уєле ємє йе ’фсымєрмє дзуры: — Кєд ує ницємєй хъыгдардтой, мыййаг? Хъарабогълы йєм дзуры: — Куы ацыдтє, уєдєй нырмє нє не суагътой єппындєр уєлємє стын. Байдыдтой єхсєв-бонмє хєрын ємє нуазын. Райсомы куы сбон, уєд єстдєс уєйыджы хохмє цєуынц цуаны ноджы. — Куы рацєуис, Астаногълы, немє. — Цєуын, — загъта Астаногълы ємє къуылых уєйыгмє дзуры: — Додой мын дє къона фєцис, єз цєуын єхсєз мєйы цуаны. Ацы чызг ємє лєппуйы кєрєдзийє куы фєхицєн кєнат, уєд ує єнє бынтон фесафгє нє ныу- уадздзынєн ам. Араст кодтой. Йє лєдзєг айста йемє. Цыдысты Урс хохы бынмє. Се ’ннє хо уыд Урс хохы Урс уєйыджы ус. Уым дєр иу фєндаг ацыд фєцу ємє ма ’рцуйы фєндагыл. Бафтыдтой Астаногълыйы фєцу ємє ма ’рцуйы фєндагыл. Йє лєдзєг йє синтєм сєвєрдта ємє байдыдта Урс хохыл цєуын. Схєццє ис Урс хохы сєрмє. Єрбадти Урс хохы сєр. Кєсы фєйнєрдєм ємє никуцы ницы ис єппындєр. Уалынмє быдыры февзєрди єстдєссион саг. Єрбацєуы ємє йє дыуує сыкъайы єхсєн єрбахєссы хєхтє ємє бєстє: ныр єй ныццєва хъуамє Урс хохы сєрмє, ємє хъуамє сау фєнык феста. Саг єм єввахс цєуын байдыдта. Астаногълы йє лєдзєджы сєрыл ныххєцыд, ємє йєм куы ’рбахєццє, уєд єй фехста йє лєдзєгєй. Сагєн йє сєр ныппырх ємє афєлдєхт саг: уый уыди єстдєс уєйыджы хо; йє фєстаг къахыл ын ныххєцыд ємє йє ласын байдыдта. Нылласта йє йе ’фсымєрты хєдзармє. Саджы мард кєрты фєуагъта, йєхєдєг єстдєс уєйыджы хєдзары смидєг ємє єстдєс уєйыгмє дзуры: — Акєсут-ма, куыйтє, дєлє цы стыр саг амардтон єз. Єстдєс уєйыджы йє зонынц, сє хойы сын амардта, уый, фєлє сє бон сдзурын ницы уыд. Уєд сєм дзуры Астаногълы: — Афыцут єй ємє йє бахєрут тагъд. Райсомы цуаны цєуыны къахыл ныллєууыдысты. Астаногълы къуылых уєйыгмє дзуры: — Додой мын дє къона фєци, єз цєуын афєдз цуаны. Ацы лєппумє ує исчи схуыст ныхас куы скєна, уєд ує сау быныцагъд фєкєндзынєн. Йє лєдзєг йемє ахаста. Байдыдтой цєуын. Бахєццє сты Сырх хохы бынмє. Иу фєндаг ацыд фєцу ємє ма ’рцуйы фєндагыл. Байдыдта Астаногълы йє хъаймєты фєндагыл цєуын. Схєццє ис Сырх хохы сєрмє, єрбадти уым. Кєсєнцєст систа ємє кєсы арвы кєрєттєм. Иу ран фестади туджы быдыр: уый уыди єстдєс уєйыджы хо ємє фестын кодта йєхи туджы быдыр. Дис байдыдта: «Ох-хай, ай цавєр диссаг у?» Араст кодта туджы быдырмє. Ныххєццє ис туджы кєронмє. Бацыди туджы мидєг ємє уєраджы чъиритєй дєлємє цавддур фестади. Дыккаг къахдзєф бакодта ємє астєуєй дєлємє фестади цавддур. Єртыккаг къахдзєфєн дєлєрмттєй дє- лємє цавдцур фестади. Баззади лєугєйє ємє байдыдта кєуын. Ныр уыцы иннє чызг, хєрынкъа кємєн радта, уый йє армытъєпєны ныз- зылдта хєрынкъа ємє дзы иуырдыгєй фєзынд туг, иннєрдыгєй єхсыр. Уєд чызг ныххудти ємє загъта: «Ох-хай, амєн йє иу єрдєг у єгас, йє иннє єрдєг 149
— мард». Афтємєй Астаногълы афынєй уєлхъєдєй ємє йєм єрбадзырдєуыд фыны: «О Астаногълы, Хуыцау дє нє сафы, фєлє дє размє єрєвнал ємє фєхєст уыдзынє сызгъєрин пуртийыл. Фехс єй, ємє ацы быдыры астєу ис туджы цады єхсєн туджы цєджындз, уый слєууыд зєххєй уєларвмє дє тє- ригъєдєй, сызгъєрин пурти куы сємбєлид уыцы туджы цєджындзыл ємє бы- дыр цы уыд, уый куы фестид, — сызгъєрин пурти». Пурти сємбєлы туджы цє- джындзыл, ємє туджы быдыр горєт фестад. Бараст кодта йєхєдєг горєты ми- дєг, ємє йє Хуыцау къулбадєг усмє бахаста. Цин ыл кєны къулбадєг ус: «Мєнє цєй єнахуыр уазєг єрцыд». Астаногълы фєрсы къулбадєг усы: — Ацы горєт цы хорз у, гъеныры йеддємє дзы никуы уыдтєн. Къулбадєг ус ын зєгъы: — Ацы горєты паддзахы ус уыди єстдєс уєйыджы хо, ємє йын йє бєстєй туджы быдыр фестын кодта, паддзахєй та — цавддур. Уєд ын Астаногълы загъта: — Дє хорзєхєй, фенын мын єй кєн паддзахы усы. — Єз йє размє нє бауєнддзынєн цєуын, фєлє дєлє аргъуаны раз йє мой цавддурєй лєууы, ємє цом уырдєм. Уый цур бад, хур куыддєр єрбакєса, афтє йє ус, быдыры єхсыры цад ис, ємє уырдєм цєудзєн йєхи найынмє. Куы ныххєццє уа уырдєм, уєд нымєтын ехс сисдзєн ємє дзы ныццєвдзєн йє мойы ємє зєгъдзєн: «Цы уыдтє, уымєй лєуу», ємє йє уєд фендзынє. Астаногълы ныццыди ємє дуры цур єрбадт. Уалынмє хур єрбакаст. Кєсы лєппу, ємє ус дєр єрцєуы. Цырты цурмє куы ныххєццє, уєд єй нымєтын ехсєй ныццавта ємє дзуры: — Цы уыдтє, уымєй лєуу. Уєд єй ацахста Астаногълы ємє йын атыдта йє нымєтын ехс, ныццавта дзы цырты ємє загъта: — Цы уыдтє, уый фест. Паддзах уыд, ємє паддзах фестад. Аивєзтытє кодта йєхи ємє загъта: — Ох-хай, куыд фынєй бадєн. Уєд єм Астаногълы дзуры: — Ды фынєй нє уыдтє, фєлє дє мєнє дє ус цавддур фестын кодта. Гъеныр цы ми бакєнон, уый мын зєгъ. Паддзах єм дзуры: — Єз дє мад-дє фыды уазєг, удєгасєй йє мауал ауадз! Уый йє нымєтын ехсєй ныццавта ємє загъта: — Ацу ємє гєбєр гадза фест! Уый гєбєр гадза фестади. Астаногълы єрбадти паддзахы цур ємє йын йє фыдєбєттє радзырдта. Паддзах єм дзуры: — Уыцы єстдєс уєйыгєй мыггаг куы ауадзай, уєд дє хъуыддагєн лєгъз ацєуєн нєй. Уалынмє йє афєдз байдыдта хєццє. Згъорын байдыдта йє лєдзєджимє: «Ох-хай, ме ’фсымєры ма удєгасєй кєнє ныййафдзынєн кєнє нє». Уєд йє лєдзєг фехста ємбис фєндагєй. Лєдзєг мигъєй єврагъы єхсєнты байдыдта тєхын, єстдєс уєйыджы галуаныл йє фєртт фєцыд ємє йє ахаста єрдєгєй уєлємє. Уєйгуытє ємризєджы барызтысты: «Ох-хай, не знаг амарди куы єнхъєлдтам ємє куы ’рцєуы». Єрбадавтой чызг ємє лєппуйы, абадын сє кодтой уєле ємє сыл цин кєнынц. 150
Уалынмє ныххєццє ис Астаногълы. Бакасти къєсєрєй ємє сєм дзуры: — Хуыздєр фєут, хорз сыл цин кєнут. Єрбадти сє уєле ємє Хъарабогълымє дзуры: — Ме ’фсымєр, кєд дє ницємєй бахъыгдардтой ацы куыйтє, мыййаг? — Зєххыл бадын дєр мє нє уадзынц, ды куы ацєуыс, уєд. Уєд уєйгуытєм дзуры: — Искуы ма уын исты ис? Райсом ма цуаны цєуєм?! Уыдон єм дзурынц: — Фесєфтай нє. — Уєдє чындзєхсєвтє кєнгєут тагъд, єз цєугє кєнын райсом. Иннабонєй-иннабонмє байдыдтой чындзєхсєвтє кєнын. Куы цыдис, уєд уєйгуытєм дзуры: — Рабадут рєгъєй ємє уын бацамонон зєндтє. Рабадтысты уєйгуытє рєгъєй ємє сыл ралєууыд нымєтын ехсєй ємє сє цавддуртє фестын кодта. Уєд Хъарабогълы йєхи нынкъард кодта. — Цы кєныс, ме ’фсымєр, цємєн нынкъард дє, ус дын дзєбєх куы хєссын? — Хорз каистє мын уыдис, ємє мын сє фесєфтай бынтон. — Уыдон дє єнє мєн куы ссарой ам, уєд дын баназдзысты дє туг дойныйєн. Рахастой єстдєс уєйыджы хойы ємє араст сты сєхимє. Уєларвєй сєм цы чызг єртахти, уый рахаста Астаногълы йєхицєн, єрфардєг сты сє фыд Хъара- ман-паддзахмє єд устытє. Чындзєхсєвтє скодтой ємє цардысты сєхицєн. Радзырдта йє Губаты Дзакко. <<Ирон адємон сфєлдыстад», хрестоматн, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф .34 5-365. ЄНЄЦЄНГТЄ КИЗГИ ТАУЄРЄХЪ Мєгур лєг єма уосє Нарти гъєуи цардєнцє. Лєг цауєйнон адтєй ’ма цаує- нєй ке ’рхєссидє, гъе, сє царди нивє уомєй адтєй. Еубон кєми адтєй, уоми и лєг цауєни рацудєй, є хъєрєймаг е ’рагъи, уотемєй Нарти гъєунги. Нарти хъал фєсевєд цауєйнонєн є зєронд є цєстємє бадардтонцє, гириз ибєл кодтонцє, є хъєрєймаг ин є рагъєй райстонцє ’ма ин єй дортєбєл фєххуастонцє. Цауєйнон зєронд лєг фєстємє єрєздахтєй є хєдзарємє, є цєстисуг єгъзал- гєй, ’ма є уосємє дзоруй: — Нартигъєуи Нарти хъал фєсевєди єхсєн махєн цєрєн нєбал ес, ’ма нє дзауматє рамбурд кєнє, мах 6а цєуєн есгумє нє сєри исєвдмє. Уосє є дзауматє рамбурд кодта, лєг ба є хъєрєймаг е рагъи ракодта, є фєрєт ба є суйни рацафта, уотемєй рацудєнцє. Цєйбєрцє фєццудайуонцє, уєдта идардмє денгизи билєбєл устур бєласє ниууидтонцє. Цєун ймє байдєдтонцє ’ма ’ймє єрхъєрттєнцє. Єнєкєрон ус- тур бєласє, къєхєни сєри денгизмє єхе єркъолє кодта, уотемєй лєудтєй. Цауєйнон зєронд лєг є сунтєй є фєрєт исиста ’ма и бєласє лух кєнун байдєдта. Бєласє дзєвгарє ку бакъєртт кодта, уєд къєс-къєс кєнун байдєдта ’ма денгиз єрдємє рахъан єй. Устур бєласє бєрзонд къєхєнєй ниййауиндзєг єй, е стур цєнгтє денгизи хурфи рацафта, уотемєй. Зєронд цауєйнон лєг є уосємє дзоруй: 151
— Бахезє нур бєласємє, мах ба нє сєри исєвдмє денгизмє рахауєн. И уосє є дзаумати хєтдзє бєласємє бахизтєй, зєронд цауєйнон лєг дєр є хъєрєймаг е рагъи, уотемєй бєласємє бахизтєй ’ма бєласє ма ци мєнгєйбєл фєххуєстєй є уедєгтєбєл, уони ин є фєрєтєй ралух кодта, ’ма зєронд лєг єма уосє устур бєласи хєтдзє денгизмє рахаудтєнцє. Уст}ф бєласє сє денгизи астєумє є сєрбєл райста, уотемєй сєбєл єрєх- сєвє ’й. Ємбесєхсєви рєстєги ба сєбєл устур дунгє єрбацудєй ’ма сє єд бєласє бони фєррохси уєнгє фєлласта, уєдта сє еу сакъадахмє рагєлста. Бєласєй сакъадахмє рахизтєнцє, зєронд лєг єма уосє, ’ма дзи рахат- тєнцє, ци уавєр бєстє ’й, уой базонєн, зєгъгє. Фєссихаттєнцє, ма*си адєм цєрєг некєми иссердтонцє, фал сирдтєй 6а гъєздуг сакъадах адтєй. Бацийнє кодтонцє: — Айє махєн цєрєн бєстєн исбєздзєнєй, — зєгъгє, — айдагъ сирди фидєй дєр нєхе фєддардзинан. Уотемєй си уосонгє ракодтонцє ’ма си єрбунат кодтонцє. Зєронд цауєйнон лєг є уосємє дзоруй: — Еу-єртє губори ракєнє, єз ба Хуцаумє исковон, мє кувд цєуагє ’й мєнєн, — зєгъгє. Уосє дєр цємєннє ракодтайдє єртє губори, лєги размє сє февардта. Цау- єйнон зєронд лєг ковун райдєдта: — Йа Хуцаути Хуцау, мєхе Хуцау, зєронд лєг єма уосє ан ’ма нє євєстаг ма искєнє, нє ном нин ма фесафє. Зєронд лєг цауєни хєтун байдєдта, ’ма уотемєй сирди фидєй сєхе хас- тонцє. Уалинмє син лєхъуєн єма кизгє райгурдєй, ’ма зєронд лєг єма уосє цийнє кодтонцє, уєддєр нє номбєл есгетє байзайдзєнєй, Нарти хъал фєсевєди фєндєуагє нє фєцан, зєгъгє. Уони дєр сирди фидєй хастонцє, ’ма уайтагъддєр рагъомбєл єнцє. Уалинмє зєронд лєг фєссєйгє ’й ’ма лєхъуєнмє фєдздзурдта: — Еунєг гъуддаг дєбєл уосиат кєнун: цалинмє дє хуєри лєгмє рарветай, уалинмє уосє ма ракорє; на-нєуа дєр ку корай, уєдта цъєхцєстє ’ма борхелє ма ракорє. Уотемєй сє фидє, и зєронд лєг, рамардєй. Уєд бабєй сє мадє, и зєронд уосє дєр, фєссєйгє ’й ’ма е дєр є кизгємє фєдздзурдта ’ма ин загъта: — Еу уосиат дин зєгъун, ’ма мин єй ма феронх уо, ис мин єй єнхєст кєндзєнє: цалинмє лєгмє фєццєуай, уалинмє де ’нсувєрєн уосє корун ма бауадзє; на-нєуа дєр гєнєн ку нєбал уа, уєдта ин уєддєр цъєхцєстє, борхелє кизгє корун ма бауадзє. Уотемєй бабєй сє мадє дєр рамардєй. Фєхъхъурмитє кодтонцє и лє- хъуєн єма и кизгє, уєдта и лєхъуєн є фиди хъєрєймаг райста ’ма цауєни рандєй. Разилдтитє кодта, уєдта гъєддон байраг, берєгъ єма арс є разєй сє хєдзарємє єртардта. И кизгє ’ймє рауадєй ’ма ’йбєл цємєннє фєццийнє кодтайдє, зєгъгє, нур ба сирддон фидєй дзєбєх цєрдзинан. Уєд еу бон и лєхъуєн є хуєрємє дзоруй: — Цєй, єз ба нє фиди райгурєн бєстє бабєрєг кєнон, — зєгъгє. И кизги нє фєндє адтєй, є мади уосиат є зєрдєбєл єрлєудтєй ’ма ’йин уомєй тєрсгє кодта, фал, хуєри зєрдє єнсувєрмє тєнєг єй, ма йин загъта: — Фєццо, — зєгъгє, — мєнєн мацємєй тєрсє. 152
Лєхъуєн є гъєддон байрагбєл саргъ февардта є фиди хъєрєймаг е рагъи ракодта, райбєл бадтєй, ни й цєфтє кодта ’ма ецигєпп бакодта денгизи. Уай- тагъддєр денгизєн е ’ннє билємє ислєуирдта. Цєун байдєдта ’ма Нартигъєумє єрцудєй, є фиди райгурєн бєстємє. Бєх- бєл Нартигъєуи гъєунги куд нє федудтайдє; Нарти фєсевєд имє рауадєнцє ’ма ’й, киндзє ка єрхудта, еу уєхєн хєдзарємє бахудтонцє. Устур гъазт дзи куд н’ адтайдє, ’ма еугурхуєсти ку єрхуєстєнцє, уєд и лєхъуєни зєрдє еу цъєхцєстє, борхелє кизгємє фехсайдта, ’ма є хєтдзє еугур- хуєсти єрхуєстєй. И кизги зєрдємє дєр лєхъуєн бацудєй, уотемєй сє кєрєд- зей зєрдиуаг базудтонцє. Нарти фєсевєд ин зєрдє байвардтонцє и кизгєй, фал є фиди уосиат є зєрдєбєл єрлєудтєй ’ма фєммєтъєл єй. Гъазт ку рахєлеу єй, уєд и лєхъуєн є бєхбєл рабадтєй ’ма сєхемє ран- дєй. Кизгє (є хуєрє) дєр єй єртє уєладзугей сєрєй куд нє гъєуай кодтайдє, ’ма лєхъуєн ку єрбацєйцудєй мєтъєлєй, уонтєбєрзонд єма сєргубурєй, уєд єй балєдєрдтєй, цидєр бєлах ибєл ке єрцудєй ’уой; Байлєдєрдтєй, євєдзи Нартигъєуи є зєрдємє есге бацудєй, зєгъгє. Цийнєгомауєй имє тургъємє рауадєй ’ма ’ймє дзоруй: — Ци кєнис, ме ’нсувєр? Есге дє бафхуардта? Кєд Нартигъєуи дє зєрдємє есге бацудєй, уєд нє мадє ’ма нємє нє фиди уосиатєй ци тєрегъєд єрхъєрдта, уой єз мєхемє есун, ’ма дє ци фєндуй, ’уой бакєнє. И лєхъуєни зєрдє фєррохсдєр єй. Цєйбєрцє рацудайдє, уєдта бабєй и лєхъуєн є бєх, єхе барєвдзитє кодта ’ма бабєй Нарти гъєумє рандє ’й уосє корунмє. Рєсугъд куд нє федудтайдє є гъєддон байрагбєл, Нарти фєсевєд имє алли- єрдигкєй кєсунмє уадєнцє. Є зєрдємє ци кизгє бацудєй, уой хєдзари исме- дєг єй. Уоми ’йбєл Нарти фєсевєд рамбурд єнцє. Є хабар син куд нє загъ- тайдє. Исинарази єнцє. Ра ’йин єй євардтонцє. Лєхъуєн єй є хєдзарємє єрбахудта. И кизгє бабєй ’ймє цийнєкєнгє рауадєй є размє, ’ма йин цъєхцєстє, борхелє кизги є хєтдзє ку бауидта, уєд сє мадє ’ма сє фиди уосиат є зєрдєбєл єрбалєудтєй ’ма єхе меднимєр загъта: — Уайтагъддєр ин уомєй ку фєттарстєн! Фал хуєри зєрдє єнсувєрмє тєнєг єй, ’ма сєбєл игъєлдзєгєй цийнє кодта. Цєрунтє райдєдтонцє. Лєхъуєн цауєни хаттєй ’ма сє сирди фидєй хуарз хаста. Райдайєни сє цард хуарз адтєй и кизгє ’ма и ностєн, сє кєрєдзе- мєй єфсєдгє дє нє кодтонцє. Уалинмє афонтє рацудєй, ’ма и ностє и кизгємє єзнаг кєнун райдєдта. Фесафун унаффє ’йбєл искодта ’ма ’йбєл и лєхъуєни ардаун байдєдта. Уалинмє син лєхъуєн дєр райгурдєй. Уєд еу бон кєми адтєй, )’оми, лєхъ- уєни ци амалєй хъєбєрдєр исєзнаг кєнон, зєгъгє, є хуєрємє ’ма йин цауєни куд адтєй, уотє е ’рцудмє є ахур гъєддон арси хорх балваста бєндєнєй ’ма ’й уотемєй ниммардта. Изєрєй и лєхъуєн цауєнєй ку єрхъєрттєй ’ма є арси мардєй ку єрєййафта, уєд є уосємє дзоруй: — Ци кодта мє арс, — зєгъгє. Е ба ин загъта: — Уєртє дин єй дє хуарз хуєрє ниммардта, — зєгъгє. И лєхъуєн є хуєрємє уєлдай зєрдє нє райста, цума неци бакодта, уотє ’йбєл фєццийнє кодта. Дуккаг хатт бабєй цауєни ку рандє й, уєд бабєй йин е ’рцудмє є уосє є гъєддон ахур берєгъи бєндєнєй балваста ’ма йин єй ниммардта. 153
И лєхъуєн бабєй цауєнєй ку ’рцудєй ’ма берєгъи мардєй ку єрєййафта, уєд бабєй є уоси фєрсуй: — Ци кодта мє берєгъ, — зєгъгє. — Уєртє дин єй, — зєгъгє, — дє хуєрє ниммардта. Лєхъуєн бабєй уєддєр є хуєрємє не смєстгун єй, уєлдай зєрдє ’ймє нє бадардта, хъєбєр ибєл фєццийнитє кодта. Єртиккаг хатт бабєй и лєхъуєн цауєни ку рандєй, уєд бабєй ин є уосє е ’рцудмє є уарзон гъєддон байраги хорх бабаста бєндєнєй ’ма ’й уотемєй ним- мардта. Цауєнєй бабєй ку єрхъєрттєй и лєхъуєн ’ма є байраги мардєй ку єрєййафта, уєд хъєбєр ниггузавє ’й ’ма бабєй є уоси рафарста: — Ци кодта мє байраг, — зєгъгє. Е бабєй ин загъта: — Уєртє дин єй дє хуарз хуєрє ниммардта, — зєгъгє. Лєхъуєн бабєй уєддєр уєлдай зєрдє нє райста є хуєрємє, фитдзагєй дєр ’йбєл єндахдєр фєццийнє кодта. И уосє амал нєбал ирдта, єдта ма ’йбєл лєги є хуєрєбєл кутемєй хъєбєр- дєр исардауон, зєгъгє. Цуппєрєймаг хатт и лєхъуєн цауєни ку рандє й, уєд є цъєхцєстє, бор- хелє уосє є еунєг битдзеуи хорх авдєни хурфи бєндєнєй балваста, ’ма є цєс- гом ниссау єй, уотемєй єй рамардта, єдта ’йбєл єй нур ма ку исардауон, уєд- дєр не смєстгун уодзєнєй, зєгъгє. Цауєнєй ку єрхъєрттєй и лєхъуєн ’ма є еунєг битдзеуи, є цєсгом сєнт- сау, уотемєй єй мардєй ку єрєййафта, уєд є цєстисугтє єставд тумбултєй єркалдєнцє ’ма є уосємє дзоруй. — Ци кодта нє еунєг битдзеу, — зєгъгє. — Уєртє дин єй, — зєгъгє, — дє хуарз хуєрє рамардта. Уєдмє дзи не ’руагєс кодта, фал дзи уєдта є уоси ардуд байрагєс єй ’ма е ’цєгєй бангъєл адтєй, мє хуєрє мємє лєгъуз зєрдє даруй, зєгъгє, ’ма се ’хурстмє дзоруй: — Исон єз цауєни цєудзєнєн, — зєгъгє, ’ма ин є бєрєг бунат ниййамудта сау гъєди, уордємє мин мє хуєри фєлласдзєнє ’ма дємє, кєд, гъе, еци афонмє фєззиннон, уєд хуарз, кенєдта ин є дуує цонги сє тєккє рєбунтєбєл єрлух кєндзєнє, єхе ба ин уоми гъєди ниууадздзєнє. Ихуєрстєн куд загъта, уотє бакодта. Сєумє и лєхъуєн цауєни ку рандє ’й, уєд ихуєрст и кизгєн загъта лєхъуєни фєдзєхст. И кизгє дєр загъта: — Арази дєн, кєд мин ме ’нсувєр уотє исаггаг кодта, уєд. Фєйласта ихуєрст и кизги сау гъєдємє, и лєхъуєн ин ци рауєнмє баамуд- та, уордємє, ’ма ин, ци афонємє загъта, еци афонємє лєхъуєн ку нє фєззин- дтєй, уєдта и кизгєн є дуує цонги сє тєккє рєбунтєбєл єрлух кодта ’ма ’й уотемєй уоми ниууагъта. И кизгє сау тар гъєди кєугє берє фєххаттєй, уєдта еу мура бєласє иссер- дта ’ма уоми балєстєй. Уотемєй бонє дзєдурбунтєбєл хаттєй ’ма уонєй єхе хаста, єхсєвє ба є бєласи мурай балєсидє. Цєй бєрцє афонтє рацудайдє, уєдта є цєнгти лухи гъєнтє исдзєбєх єнцє. Уотемєй цєрун байдєдта сау гъєди хурфи, бєласи мура — є хєдзарє, дзєдурє ба — є хуєруйнаг, уотемєй. Уєд еу бон кєми адтєй, уоми хани фурт Нартигъє- уєй е ’фсєдти хєтдзє сау гъєдємє цауєни рацудєй. Сау гъєди арфмє ку ис- 154
хъєрттєнцє, уєдта дин, и кизгє ци мура бєласи хурфи бадидє, уобєл цауєйнон куйтє рамбурд єнцє ’ма ’йбєл зилдєгєй єрлєудтєнцє, уотемєй рєйунцє. Хани фурт дєр е ’фсєдтємє дзоруй: — Бєласєбєл зилдєгєй єрлєууетє, — зєгъгє, — аци бєласи мурай цидєр сирд ес, хумєтєги ’йбєл не ’римбурд єнцє куйтє. Уалинмє сємє и кизгє дзоруй бєласи мурай хурфєй: — Сирд дєр нє дєн, сайтан дєр нє дєн, Хуцауи исконд адєймаг дєн. ’Ма сємє бєласи мурай хурфєй єнєцєнгтє, є кондєн, є уиидєн н’ адтєй, уєхєн рєсугъд кизгє рахизтєй. Хани фурт йбєл ниццийнє ’й, хуарз хъєппєлтємє ин фервиста сєхемє, ’ма ’йбєл сє ку ракодтонцє, уєд бустєгидєр є конд исєвдиста. Хани фурт є фур цийнєй цауєни дєр нєбал фєххаттєй, фал сєхемє єрєз- дахтєй єнєцєнгтє кизги хєтдзє. И кизгє хани хєдзари цєрун байдєдта. Цєйбєрцє афонтє рацудайдє, уєдта хан є фуртєн уосє корун унаффє искодта. Хани фурт уой ку базудта, уєд загъта є фидєн: — Кєд мин уосє корис, уєд мєнє мєхуєдєг ке хастон, еци єнєцєнгтє кизгєй фєстємє мє неке гъєуй. Хани нє фєндадтєй, фал гєнєн нєбал адтєй ’ма ин исарази єй. И кизгємє барвистонцє, ’ма син нє арази кодта: — Єз уой, — зєгъгє, — мєхецєн єнсувєрєн ку нимайун, хан єма є уоси 6а мєхецєн мадє ’ма фидєн ку нимайун, уєд е куд уодзєнєй, — зєгъгє. Дуккаг хатт бабєй имє барвиста и єнєцєнгтє кизгємє хани фурт. Кизгє фєссагъєс кодта ’ма исарази єй. Єрєйхудта. Хани фурти хєтдзє цєрун байдєд- та. Цєйбєрцє сєбєл рацудайдє — и кизгє бауєззау єй. Уалинмє хани бєстєбєл еу паддзахи єфсєдтє єрбансастонцє ’ма хани фурт е ’фсєдти хєтдзє тугъдмє рандє ’й. Тугъдмє ку рандє’й, уєд ин є фєсте ба єнєцєнгтє кизгєй лєхъуєн райгурдєй. Хан єма є уосєн сє цийнєн кєрон нєбал адтєй, нє фуртєн лєхъуєн рай- гурдєй, зєгъгє, ’ма еу лєг хабархєссєг рарєвдзє кодтонцє ’ма ’й сє фуртмє рарвистонцє. Хабархєссєг рандє ’й, ’ма йин Хуцау е ’хсєвеуат єнєцєнгтє кизги єнсувє- ри хєдзари фєккодта. И лєхъуєни цъєхцєстє, борхелє уосє рафєрститє кодта, хабархєссєги ’ма базудта, циуавєр адтєй, уой, уєдта циуавєр хабар хаста хани фуртмє, уой дєр. Хуєруйнаг, ниуєзтє ин рарєвдзє кодта, хуарз єй фєууидта, ’ма ку рафунєй єй, уєдта ин є гєгъєдитємє єркастєй, ци хабар кємє хъаста, уой базудта, ’ма ин еци гєгъєди ранимахста, єхуєдєгка єндєр гєгъєдий рафинста хани номєй: Де ’нєцєнгтє уосєн, зєгъгє, — хелагє райгурдєй, ’ма йин ци кєнєн? ’Ма ’й хабархєссєги дзиппи ниввардта. Хабархєссєг сєумєраги фестадєй ’ма рандє ’й є надбєл. Цєйбєрцє фєцщдайдє, уєдта хани фуртмє бахъєрттєй ’ма ’ймє гєгъєди равардта. Гєгъєди райаргъудта ’ма фєстємє дзуапп рафинста є мадє єма є фидємє: «Мє номбєл цидєр рантєстєй, ейє, кєд хелагє ’й, уєддєр єй ме ’рцудмє уагътє». Хабархєссєг бабєй еци гєгъєдий хєтдзє фєстємє раздахтєй ханмє. Над- бєл бабєй е ’хсєвеуат єнєцєнгтє кизги цєгати єркодта, ’ма ’й е ’нсувєри уосє бабєй рарасуг кодта. Хабархєссєг ку рафунєй єй, уєдта бабєй ин є гєгъєди 155
райаргъудта, ’ма ин уой ранимахста, єндєр гєгъєди ба ин є бунати уой бєсти февардта уєхєн финсти хєтдзє: «Ме ’нєцєнгтє уоси нєхемє куд нєбал ниййафон, уотє, фал єй, сау гъєди ахур адтєй, ’ма уордємє фєлласетє ма ’й уоми ниууадздзинайтє». Хабархєссєг ханмє єрхъєрттєй ’ма сємє еци гєгъєди балєвардта. Хан еци гєгъєди ку райаргъудта, уєд є уоси хєтдзє кєун байдєдтонцє, єнєцєнгтє уосє сє ралєдєрдтєй ’ма уотє єнгъалдта, кєд сє фурт ести кодта, зєгъгє, ’ма сємє бауадєй. Уонєн 6а еци финст зин адтєй, єнєцєнгтє уосє хъєбєр хуарз адтєй, ’ма дзи сє зєрдє не ’ртєстєй, сє фурт сємє ци ниффинста, уой бабєй син єнє кєнун н’ адтєй. И уосє гєгъєди стъолєбєл ку єруидта, уєд єй єхуєдєг райста ма ’й райаргъудта. Ку ’й райаргъудта, уєдта хан єма и уосєн загъта: — Ма хъурмє кєнетє, уєхе ма євгєрдетє, єз уєддєр мєгур адтєн ’ма нур дєр мєгур уодзєнєн; уотє кєми ниффинста ує фурт ’ма ’й кєми нєбал гъєун, уоми мє рарвететє сау гъєдємє ’ма цєрдзєнєн бабєй уоми мєгурбонєй. Уєрдун ин райефтигътонцє ’ма ’й ихуєрстєн фєлласун кодтонцє є битдзеуи хєтдзє сау гъєдємє. Сау гъєди ’й є тєккє арфи рагєлста. Мадє є битдзеуи хєтдзє кєугє-неугє байзадєй. Уотемєй ибєл уоми єрєхсєвє ’й, ’ма ’йбєл ємбес єхсєви рєстєги уарун уєхєн єрцудєй, ’ма дуйней кємтти дєнттє гурф-гурфєй калдєнцє. И уосємє дєр ивулд дон исхъєрттєй ’ма йин є биццеуи раскъафта. Є фєсте бєргє фєццєй- уадєй, фал ибєл къохтє н’ адтєй ’ма ’й цємєй раахєстайдє, уой нє зудта, уєдта ’ймє є дєндєгутєй фєллєбурдта, фал ибєл нє фєххуєст єй. Никкидєр имє фєллєбурдта, уєддєр бабєй ибєл нє фєххуєстєй. Уотемєй берє фєгъгъезємарє кодта, дони февдулдєй, уєдта уєлбилємє ислєуирдта ’ма аххєй кєун байдєдта. Є кєунгъєрєй ин берєгътє фєйнердємє лигъдєнцє, сау гъєдє ба низмєлидє. Уотє 6а ’ймє еу бєхгин фелвєстєй ’ма ’ймє дзоруй: — Хуарз уосє, дє битдзеуи дин дон ку фєлласуй ’ма ’й цємєннє райахєссис? — Мє мєгур дєр феронх дєн, фал уобєл кєун, бєргє ’й райахєссинє, фал мєбєл къохтє нєййес. — Уайгє, — зєгъгє ’ймє дзоруй бєхгин дєр, — фєммайимє лєборє, кєди- майдима ’й райахєссисє. Уосє бабєй имє ниццєйуадєй, ку нихъхъєрттєй, уєдта ’йбєл къохтє фес- тадєй ’ма є биццеуи раахєста ’ма ’й фелваста. Є фурцинєй ма куд райарфє кодтайдє бєхгинєн, уой нє зудта, бєхгин дєр имє дзоруй: — Гъе, нур ба дєлє де ’нсувєри гъєу Нартигъєуи асє иссєй, ’ма цо уордємє ’ма гъєунгти нигъгъєр кєндзєнє, ка мє байхуєрса, зєгъгє, уєдта, Хуцауи ка фєндєуа, е уодзєнєй. Куд йин загъта, уосє уотє бакодта; є сувєллон є къохи, уотемєй е ’нсувєри гъєумє єрцудєй ’ма нигъгъєр кодта: — Ка мє байхуєрса, — зєгъгє. ’Ма ’ймє е ’нсувєри цъєхцєстє, борхелє уосє радзурдта: — Мах дє байхурсдзинан, — зєгъгє. Басємєцудєй ихуєрсти, е ’нсувєри уосє ’й нєбал бафєсмардта; куд ма ’й бафєсмардтайдє, єнєцєнгтє адтєй, уєдта фитдзаг куд адтєй, уомєй хуєздєр єссєй. Єхуєдєг куста, є битдзеу ба єндегєй кєвдєси дардта, уотемєй єй хаста, — медємє ин єй нє уагътонцє. 156
Цєйбєрцє афонтє рацудайдє, уєдта тугъд фєцєй, ’ма хани фурт фєстємє цудєй сєхемє е ’фсєдти хєтдзє ’ма уомєн є еу єхсєви єхсєвеуат е ’фсєдти хєтдзє уоми фєцєй. Хани фурт е ’фсєдти хєтдзє хуарз рєфтад искодта, уєдта е ’мбєлттємє дзоруй: — Єригондєр єма мин хуєздєр тауєрєхъ ка ракєндзєнєй, зєгъгє. Хани фурт уосєбєл фєггурухсєй: — Айє мєн уоси хузєн ку єй, ’ма ейє єнєцєнгтє ку адтєй, абєл 6а цєнгтє ку ес, зєгъгє. Єхе меднимєр єхецєн уотє дзоруй. Е дєр имє комкоммє є цєсгом не ’вдиста, уотемєй 6а є размє рауай-бауай кодта. Неке неци дзурдта, уотє ба, и єнєцєнгтє уосє ка адтєй, е дзоруй: — Єз уин хъєбєр дессаг єригон тауєрєхъ радзордєнєн. И цъєхцєстє, борхелє уосє дєр йимє дзоруй: — Сабур цємєннє дє, ихуєрст дє ’ма косгє кєнє, єндєр дєу неци гъуддаг ес. Е дєр нигъгъос єй, нецибал исдзурдта. Уєд хани фуртєн є зєрдє єхсайдта ’ма бабєй дзоруй: — Радзорє, кєд ести хуарз тауєрєхъ зонис, уєд. Ихуєрст уосє дєр єхе фєббєгъатєрдєр кодта ’ма дзоруй: — Мадта мємє байгъосетє. Еу мадє ’ма фидєн єнсувєри хєтдзє кизгє седзєрєй байзадєй, ’ма син сє мадє ’ма сє фидє уосиат куд ниууагътонцє, уой куд не ’нхєст кодтонцє; е ’нсувєрєн уосє куд ракорун кодта, єхе ин сау гъє- дємє куд фєлластонцє, є цєнгтє ин куд єрєвгарстонцє, хани фурт єй куд иссердта ’ма ’й куд єрхудта, єфсади куд рандє ’й, лєхъуєн ин куд райгурдєй... — уотемєй сє кєрєй-кєронмє, фєдздзурдта є райдайєнєй ба, гъе, уоди уєнгє куд адтєй, уой, ’мацидєр адтєй, уой. Нур син раздєр ба фингє єрєвєрун кодта сє размє ’ма си дзурд райста: — Уотє н’ адтєй, кадєр исдзора, — зєгъгє, е ба, — зєгъгє, фингєбєл мин соми єхца куд єрєвардтайдє, уотє. Цъєхцєстє, борхелє уосє є алли дзурди дєр уотє фєккєнидє: — Уотє н’ адтєй, — зєгъгє. ’Ма фингєбєл мин соми єрєвєридє. Хани фурт єхуєдєг дєр, уотє ку исдзурдта и уосє, зєгъгє, хани фуртмє є мадє ’ма є фидє ку ниффинстонцє, лєхъуєн дин райгурдєй, зєгъгє, уєд е ба сємє ниффинста, гъєдємє ’й фєлла- сетє ’ма ’й уоми рагєлдзетє, зєгъгє, уєд «Уотє н’ адтєй», зєгъгє фєккодта. Уотемєй уосє дзурд ку фєцєй, уєдта загъта: — Гъенур ба мєнє дин айє ме ’нсувєр, мєнє дин айє ба, кємєй тарстєн, еци цъєхцєстє, борхелє, ме ’нсувєри уосє, мєнє ду 6а, хани фурт, мє лєг, уєртє кєвдєси 6а дє битдзеу лєууй. Хани фурт, уєдта кизги єрвадє єнхузонєй фєгъгъєр кодтонцє: — Тагъд єнєдєнд бєх раласетє ’ма ’й уой думєгбєл бабєттетє. Єнєдєнд бєх раластонцє ’ма цъєхцєстє, борхелє уоси уой думєгбєл баба- стонцє ’ма ’й уомєн ниббурцитє кєнун кодтонцє. Хани фурт єхуєдєгка є уосє єма є лєхъуєни хєтдзє є фиди хєдзарємє єрцудєй, ’ма абони уєнгє дєр ма дзєбєхєй цєрунцє. Радзырдта йє Тихилты Георги, 1927 аз, Чырыстопхьєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 60, 667—679 ф. 157
ЄРТЄ ЧЫЗДЖЫ АРГЪАУ Цардис иу лєг ємє иу ус. Ус амарди, ємє йын баззад єртє чызджы. Лєг дыккаг ус єркодта. Дыккаг ус чызджыты нє уарзта. Иу бон куы уыд, уєд йє лєгєн загъта: — Ацы чызджытє ницємєй єфсєдынц. Махмє уыдоны фаг хор нєй ємє сє кєнє маргє акєн, кєнє сє искєдєм фервит. Йє лєг ын загъта: — Мєн ус уымєн хъуыди, ємє мын мє чызджытєм зила. Ды та мын сє марын кєныс. Йє ус ын загъта: — Мєнєн мє бон нєу уыдонимє цєрын. Лєг ацыди хъєдмє ємє ссардта иу дынджыр зад фєткъуы. Йє быны йын скъахта уєрм, бамбєрзта йыл нымєт, йєхєдєг фєткъуы ныццагъта. Стєй єрцыд йє хєдзармє, акодта йе ’ртє чызджы йемє. Бакодта сє фєткъуымє ємє сын загъта: — Иумє багєпп кєнут нымєты астєумє! Єртє чызджы иумє багєпп кодтой нымєты астєумє ємє ныххаудысты уєрммє. Сє фыд сыл ныккалдта уєлейє хъєдтє. Лєг рацыди йє хєдзармє. Єртє чызджы баззадысты уыцы ран уєрмы. Цал- дєр боны фаг фєткъуытє уыдысты чызджытєн, стєй куы сєххормаг сты, уєд кєрєдзийєн загътой: — Цєй, нє дєндєгтє фенєм ємє адджындєр кємєн уой, уый бахєрєм. Федтой хистєр чызджы дєндєгтє, уыдысты маст. Стєй та федтой астєуккаг чызджы дєндєгтє. Уымєн дєр маст уыдысты. Кєстєрєн сє федтой ємє уыдыс- ты адджын. Дыуує хистєры йын загътой: — Хъуамє дє бахєрєм. Кєстєр хо сын загъта: — Мє бахєрдєй цы сараздзыстут? Хуыцаумє скувєм ємє нын ратдзєни бел, джирка ємє исчердєм акъахєм. Уыдон дєр скуывтой Хуыцаумє ємє сын Хуыцау радта, цы куырдтой, уый. Къахын байдыдтой ємє акъахтой иу єлдары скъєтмє. Єлдар-иу йє бєхтєн хєринаг куы ныккодта, уєд-иу чызджытє ’рбацыдысты ємє-иу ахастой бєхты хєринаг. Бєхтє смєллєг сты, ємє сє єлдар куы федта, уєд йє кусджытєн загъта: — Цємєн мєллєг кєнынц нє бєхтє? Кусджытє йын загътой: — Нє зонєм, мах сын сє фаг хєринаг кєнєм, ємє цємєн мєллєг кєнынц, уый нє зонєм. Єлдар сын загъта: — Фєфылдєр сын кєнут хєрд. Кусджытє дєр фєфылдєр кодтой бєхтєн сє хєрд. Бєхтє уєддєр уєлдай нарддєр нє фесты. Єлдар сын загъта кусджытєн: — Єхсєв сє хъахъхъєнут. Кусджытє бацыдысты ємє хъахъхъєдтой єхсєвы бєхдон. Иу єхсєв хєри- наг куы ныккодтой бєхтєн, уєд чызджытє ’рбацыдысты ємє фєцєйхастой бєх- ты хєринаг. Кусджытє єрцахстой єртє чызджы. Бакодтой сє єлдармє ємє йын загътой єлдарєн: 158
— Адон хастой дє бєхты хєринаг. Райсом куы сбон и, уєд єлдар фєрсы єртє чызджы. Хистєры бафарста: — Цы зоныс дєсныдзинадєй? Хєдон кєрдын єви куырєт кєрдын? Чызг ын загъта: — Иу арсин мєм хъуымац куы радтай, уєд дзы дєс лєгєн хєдєттє бахуый- дзынєн. Астєуккаджы бафарста: — Ды та цы зоныс? Чызг ын загъта: — Мєнмє иу агуывзєйы дзаг арахъхъ куы радтай, уєд дзы дєс лєджы фєра- сыг кєндзынєн. Кєстєр чызджы бафарста: — Ды та цы зоныс? Уый йын загъта: — Єз єппындєр ницы зонын. Єлдар єй фєрсы: — Уєддєр исты зондзынє? Кєстєр чызг ын загъта: — Мєнєй дєхицєн ус куы скєнис, уєд мє гуыбыны сызгъєрин сєрыхъуын чызг ємє лєппу ис. Ємє куы райгуырой, уєд уыдон дєу уаиккой. Єлдар чындзєхсєв скодта. Хистєр чызгмє радта иу арсин хъуымац ємє дзы иу хєдон дєр ыє бахуыдта. Астєуккагмє радта иу агуывзєйы дзаг арахъхъ, ємє дзы нє фєрасыг кодта иу лєджы дєр. Єлдар смєсты ис ємє дыуує чызджы баурєдта йєхицєн лєггадгєнджытєй. Йє ус ын иу бон загъта: — Абон макєдєм ацу, мє рєстєг єрцыдис зайынєн. Єлдар ын загъта: — Мє бєх зонынджын у, иу дзєгъгєрєг ныццєгъд, ємє єрцєудзынєн. Дыуує хистєр чызджы бацыдысты бєхмє ємє йын йє хъусты бємбєджытє ныннадтой. Єлдар ацыдис цуаны. Ус куы зади, уєд дзєгъгєрєг бирє фєцагъта, фєлє єлдары бєх єппындєр ницыуал фехъуыста. Ус йє дыуує хойы фєрсы: — Нє мад-иу куыд зади, сымах єй зондзыстут? Уыдон ын загътой: — Нє мад-иу ердомє схызти ємє-иу уырдыгєй ныззади. Бынєй-иу єм дард- той нымєт. Ус схызти ердомє ємє ныззади уырдыгєй. Єлдарєн ма уыдис иу заинаг гадза, ємє ныззади уый дєр уыцы бон. Ус цалынмє ердойє хєдзармє цыд, уалынмє дыуує чызджы єрбахастой гадзайы бынєй къєбылатє ємє сє єрєвєрд- той нымєтыл. Сызгъєрин сєрыхъуын лєппу ємє чызджы ахастой гадзайы бынмє. Изєры єлдар єрцыди. Ємє куы федта йє усєн къєбылатє, уєд иу къамбец аргєвста ємє йє дзєкъулыстыгъд бакодта. Йє усы дыуує къєбылаимє нывєрд- та уыцы цармы мидєг, єрцауыгъта йє дуарыл. Дуармє чи цыд, уый дєр ыл ту кодта, ємє хєдзармє чи цыд, уый дєр. Дыуує чызджы иу мєгуыр усєн загътой: — Гадза ємє дыуує сывєллоны искєдєм фєкєн. Мєгуыр ус акодта гадза ємє дыуує сывєллоны. Ныууагъта сє иу хъєды. Гадза тєрхъустє ахста ємє сдынджыр кодта чызг ємє лєппуйы. Дыуує хойы уый куы базыдтой, уыцы дыуує сывєллоны цєргє кєнынц, уєд бацыдысты ємє мєгуыр усєн загътой: 159
— Цы ми бакодтай, удєгасєй сє цємєн ныууагътай? Сдынджыр уыдзысты ємє єрцєудзысты ардєм. Єлдар сє куы фена, уєд мах амардзєн. Мєгуыр ус ацыд ємє ссыдис чызг ємє лєппумє. Загъта чызгєн: — Иунєгєй куыд цєрыс? Чызг ын загъта: — Цы саразон, кєй єркєнон? Мєгуыр ус ын загъта: — Изєры де ’фсымєр куы ’рцєуа, уєд ын зєгъ: «Єхсыры цады иу хуы ис ємє мын уый дзоныгъ єрхєсс». Ємє дын уый єрхєсдзєн. Изєры йе ’фсымєр куы ’рцыди, уєд ын загъта: — Иунєгєй мє бон нєу цєрын. Єхсыры цады иу хуы куы ис ємє мын уый дзоныгъ єрхєсс. Лєппу райсом сыстад ємє ацыд. Бирє куы фєцыд, уєд бафтыд иу хєдзары дуармє ємє загъта: — Цы цыд фєкодтон. Цы фєллад бадєн, єна. Ус ын загъта: — Єнайы ном мыл куы не сєвєрдтаис, уєд дє ахордтаин. Бакодта йє хєдзармє, кєрдзын ын бахєрын кодта ємє йє фєрсын байдыдта: — Кєдєм цєуыс? Лєппу йын загъта: — Єхсыры цады иу хуы ис ємє уый дзоныгъ хъуамє єрхєссон мє хойєн. Ус ын загъта: — Райсом раджы сыст ємє бацу єхсыры цады бьымє. Хур куыд цєуа уєлємє, афтє хуы дєр цєудзєни уєлємє єхсыры цады. Йє ных куы сзына, уєд йє ныхы тєккє астєу єртє урс єрдуйы ис. Кєд уыцы єртє єрдуйы фєцєф кєнай, уєд амєлдзєн, кєннод дын дєхи бахєрдзєн. Лєппу бацыди ємє сбадти єхсыры цады был. Хуы куы сцєйцыд уєлємє, уєд єй лєппу фехста фатєй. Фєцєф ын кодта йє ныхы урс єртє єрдуйы. Хуы амарди ємє йє лєппу раппєрста цады кєронмє. Ралыг ын кодта йє дзоныгъ ємє йє рахаста йє хєдзармє. Йє хєдзармє йє ’рхаста, єрцауыгъта йє къулыл. Райсом лєппу цуаны ацыд, мєгуыр ус ссыдис уыцы чызгмє ємє йын дзуры: — Куыд цєрыс иунєгєй? Ницы хъазгє, никєимє худгє фєкєндзынє, никє- имє дзургє. Чызг ын загъта: — Цы саразон, кєй єркєнон? Мєгуыр ус ын загъта: — Авд хохєн єддейы хохы бадєг бур чызг ис. Де ’фсымєрєн єй усєн єркє- нын кєн, ємє хз^дгє дєр кєндзыстут ємє хъазгє дєр. Изєры йе ’фсымєр куы ’рцыди чызгєн, уєд ын загъта: — Мєнєн иунєгєй цєрын нєу мє бон, фєлє дєхицєн ус єркєн. Лєппу загъта йє хойєн: — Кєй єркєнон, никєй зонын. Йє хо йын загъта: — Авд хохєн єддейы хохы бадєг бур чызг ис, ємє уый єркєн дєхицєн усєн. Лєппу райсомєй сыстад ємє ацыд хохы бадєг бур чызгмє. Бадзырдта йєм дуарєй: — Хохы бадєг бур чызг, єддємє ракєс. Рацыди йєм чызг ємє йє фєрсы: 160
— Цы дє хъєуы, ме ’фсымєрыхай? Лєппу йын загъта: — Мєхицєн дє усєн хъуамє акєнон. Чызг єй ралгъыста: — Хъил дур фест! Ємє лєппу хъил дур фестад. Лєппуйы хо дыуує къуырийы фєкасти лєппумє єрцєуынмє, стєй куы не ’рцыд, уєд ацыди йєхуыдтєг чызг. Бацыди хохы бадєг бур чызджы дуармє. Бадзырдта йєм: — Хохы бадєг бур чызг, єддємє ракєс! Уый йєм радзырдта: — Цы дє хъєуы, кєцы дє? Лєппуйы хо фєхъєр кодта чызгыл: — Хохы бадєг бур чызг, єддємє ракєс, гадза! Рацыдис єм єддємє. Лєппуйы хо йє фєрсы: — Ме ’фсымєр цы фєци? Уый йын загъта: — Єз нє федтон де ’фсымєры. Чызг єм февнєлдта хъєбысєй, єрбырста йє ємє йын дзуры: — Ме ’фсымєр кєм и, уый мын зєгъ. Хохы бадєг бур чызг ын загъта: — Ысуадз мє стын ємє дын єй райгас кєндзынєн де ’фсымєры. Ысуагъта йє стын. Уый бацыд ємє райгас кодта лєппуйы. Лєппуйы хо йын загъта: — Рацу дєхуыдтєг дєр усєн ме ’фсымєрєн. Рацыдысты уырдыгєй єртєйє иумє. Єрцыдысты сє хєдзармє. Сє чындз сє фєрсы: — Амєй хуыздєр хєдзар уын нєй? Чызг ын загъта: — Нєй нын хуыздєр хєдзар. Мадєн дєр ацы куыдз базыдтам ємє фыдєн дєр. Сє чындз сын загъта: — Рацєут мсмє, єз єй зонын, ує хєдзар кєм и, уый. Куы фєцєйцєуат хєдзармє, уєд дуарыл ту кєнын кєндзєни ує фыд, фєлє ма бату кєнут. Єрцыдысты єлдары хєдзармє. Хєдзармє куы фєцєйцыдысты, уєд сєм єлдар дзуры: — Дуарыл бату кєнут. Уыдон нє бату кодтой дуарыл. Бацыдысты ємє сбадтысты хєдзары. Єлдар смєсты ємє сын загъта: — Цємєн нє бату кодтат дуарыл? Чындз фєрсы єлдары: — Цємєн ту кєнын кєныс дуарыл? Єлдар ын загъта: — Мє ус мыи загъта сызгъєрин сєрыхъуын чызг ємє лєппу ємє мє фєсайдта. Ныййардта дыуує къєбылайы. Єз єй къамбецы цармы ныппєрстон єд къєбы- латє^ємє йє єрцауыгътон дуарыл ємє йыл уымєн ту кєнын кодтон дуарыл. Йє чындз ын загъта: — Фен-ма мєнє уыцы чызг ємє лєппуйы, сє сєртє кєддєра сты сызгъє- ринхъуын, єви нє? 11 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 10I
Єлдар бацыд ємє федта лєппуйы ємє чызджы сєртє. Йє чындз ын загъта: — Уыдон дє чызг ємє лєппу, єз та — дє чындз. Дєлє уый та — дє гадза. Єлдар рацыд ємє дуарєй райста усы мард ємє йыл асєрфта сыгъзєрин хисєрфєн. Ус цы уыд, авд ахємы хуыздєр фестад. Куывд скодта йє Хуыцауы- хайєн, сєхнцєн цєл кєнынц абон дєр ма. Радзырдта йє Кокойты Захар Кибайы фырт. Цышрайы хъєуккаг, (Хус- сар Ирыстои). Вш1еп йег о$$еЫ$скеп УоШзсИсМипд. СезаттеИ, йЪегзеЬгЬ ипй тгЬАптег- кипдеп егЫиЬегЬ ьоп Иг. ВеткаЫ Миикаезг. ВийарезЬ. 1932 аз, ф. 72—88. АВД ЄФСЫМЄРЫ ЄМЄ ИУ ХО Раджыма-раджы уыдис авд єфсымєры ємє иу хо. Авд єфсымєры уыдысты цуанонтє. Уыдис сыи авд усы. Иу бон єфсымєртє ацыдысты цуаиы. Чындзытє нє уарзтой сє ходыгъды ємє сє фєндыди уый амарыи. Цуаны куы цыдысты єфсымєртє, уєд чындзытє зєгъынц: — Цєй, хъєбын хъуыррыттєй ахъазєм. Скодтой дзыхон ємє уый дзыхы та нывєрдтой єнгуырстуан. Чызг єй аны- хъуырдта, ємє єнгуырстуан йє хъуыры нынныхсти, ємє фєсур и, ємє йє бахастой хєндыгмє ємє йын йє сєр бынмє ауагътой хєндыджы. Изєры авд єфсымєры цуанєй куы ’рцыдысты, уєд сє устыты фєрсынц: — Нє хо кєм и? Уыдон ємхуызонєй дзуапп радтой: — Кєм та дзєгъєлдзу кєны, чи зоны. Уєд кєстєр єфсымєр чи у, уый къєбицмє бауади ємє йє хо Мысырханы, йє къєхтє уєлємє, афтємєй уыны. Фєстємє богъ-богъгєнгє рацыди: нє хо амард. Адєм єрємбырд сты ємє Мысырханы баныгєдтой. Цыхтытєй йын цырт скодтой, дзуллагєй та — ингєн. Уєд къулбадєджы къєбыла Мысырханы уєлмєрдмє фєцахуыр и. «Ай цыхт лєх ємє дзуллаг лєх цємєй кєны, махмє цыхт дєр ємє дзуллаг дєр куынє ис?» — хъуыды кєны ус. Иу бон къулбадєг ус йє къєбылайы къахыл къуыбылой бабаста ємє къєбы- лайы фєстє цєуын байдыдта ємє Мысырханы уєлмєрдмє бацыди. Уєд єй скъахта ємє йє єрхаста. Ємє йє єлдары мєсыджы сєры сєвєрдта, йє къухыл ын къумбилы цонг бакодта, цыма єлвисгє кєны, уыйау. Мєсыджы бынмє лєппутє хъулєй хъазынц. Єлдары лєппу йєм уєлємє йє кєрц сєппєрста. — Ахуый-ма мын мє кєрц. Къулбадєг ус зєгъы: — Єз дын єй мєхєдєг ахуыйдзынєн, уый не ’вдєлы. Дыккаг бон та хъазынц, ємє йєм єлдары лєппу йє хєдон сєппєрста, ахс мын єй, зєгъгє. Къулбадєг ус та йє йєхєдєг ныхсадта. Уєд єлдары лєппу бацыдис ємє дадайы бандоныл йєхи цєфтє кєны. 162
— Цы кєныс, дадайы хур? Дєхи цєуыл тых цєфтє кєныс? Лєппу ницы дзуры. Ноджы фыддєр кєны. — Цы кєныс? — Єлдары мєсыджы сєрыл ахєм рєсугъд чызг ис ємє мын єй ракурут. Адємы єрємбырд кодта єлдар ємє йє фыртєн къулбадєг усы ^пызджы єрхаста. Єхсєвы йєм йє лєг куы бацыдис, ємє куы схуыссыдысты хуыссєны, уєд єм чындз чъылдыммє фєлдєхтєй хуыссыд ємє йє лєппу басхой-басхой кєны, раздєх, дам. Мысырхан ницы дзуры. Иу хатт куы уыд, уєд єй лєппу мєсты цєф ныккодта, ємє єнгуырстуан йє хъуырєй ысхаудта. Уєд єй йє лєг фєрсы: — Уый та дын цєй дзєгъ-дзєгъ уыди? — Ницы, мєнє мє дзыппєй єнгуырстуан схаудта. Райсомєй єлдары кєрты ахєм хъазт уыдис, ємє уєларвєй єхсидав куы ’рхаудаид, уєд зєххыл нє сємбєлдаид. Мысырхан дєр кєсы йє рудзынгєй ємє дзы ауыдта йє кєстєр єфсымєры ємє йєм арвыста. Єфсымєр єрбацыди, ємє йєм Мысырхан худєгєй мєлы: — Нє мє зоныс? Лєппу дзуапп радта. — Ємє дє цємєй зонон? Мысырхан стєй йє дзыхыдзаг ныккуыдта: — Уєдє єз дє хо дєн. Кєрєдзийы ныхъхъєбыс кодтой: — Ємє дє мах ныгєнгє куы бакодтам. Куыд єрбахаудтє ардєм? Мысырхан ын радзырдта: — Сымах цуаны куы уыдыстут, уєд мє авд чындзы нал уагътой, хъєбын ныхъуырынтєй ахъазєм. Ємє єртєдзыхоны къуымы бакодтой єнгуырстуан, ємє мє хъуыры куы ауади, уєд мє ныууагътой ємє мє хєндыджы нытътъыстой. Стєй мє баныгєдтат. Мєнє мє къулбадєг ус ссардта, ныр та єлдары фыртмє єрцыдтєн ємє йєм дєн. , Лєппу уырдыгєй рацыдис. Йе ’фсыфмєртєн радзырдта йє хойы хабар. Авд єфсымєры авд бєхы ракодтой, ємє алчидєр бєхы къєдзилыл бабаста йє усы, ємє сє алы къуыппыл, алы саппыл ралас-балас фєкодтой ємє сє ныппырх кодтой. Радзырдта йсе Бдтаты Райса, 42-аздзыд. Ныффыста йє Хємыцаты Тамарє. 24 июль, 1959 аз, Дєргъєвс. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 250, папкє 117. МЄГУЫР ЛЄДЖЫ ФЫРТ Царди иу лєг, мєгуыр лєг, ємє йє чысыл лєппуимє хуым кєнынмє ацыди. Лєппу уайтагъддєр ауєдзы афынєй ємє фын федта. Фыд єрбацыди лєппумє ємє йє райхъал кодта, бауайдзєф ын кодта — цємєн бафынєй дє кусгє кусын? Лєппу йын загъта: — Цємєн мє райхъал кодтай, диссаджы фынтє федтон. — Цавєр фынтє? — Нє дын сє зєгъдзынєн. 163
Фыд йє лєппуйы фєнадта ємє йє атардта хєдзарєй. Лєппу алыгъди. Бирє фєлыгъдаид, чысыл, чи зоны, фєлє иу ранмє бафты- ди, паддзахы хъєумє, бацыди паддзахы галуантєм ємє галуанты дуармє єнхъєлмє кєсы, рауай-бауай кєны, ємє та єнхъєлмє кєсы. Паддзах єй федта, йє фєсдзєуинтєм фєдзырдта ємє загъта: — Тагъддєр єй єрбакєнут ємє йє бафєрсут, мє дуармє цы ми кєны. Ацыдысты йєм, бафарстой йє: цы ми кєны галуанты дуармє. Цємє єнхъєлмє кєсы? Лєппу загъта: — Мє фыд мє нєхицєй ратардта ємє алыгъдтєн. — Цємєн? — Ауєдзы афынєй дєн, фын федтои ємє йын, мє фыны цы федтон, уый нє радзырдтон. Бафарста мє, фєлє йын цы загътаин, бахудтєн єндєр? — Ємє уагєр цавєр фынтє федтай? — Уыдон уын нє зєгъдзынєн, фєлє ує паддзахєн зєгъут ємє мын исты куыст ратта. Цы нє фєкодтой паддзахы фєсдзєуинтє, нє сын загъта, цы фын федта, уый. Фєсдзєуинтє паддзахмє ссыдысты ємє йын радзырдтой лєппуйы ныхєстє. Ныхєстє куы рафєзмыдтой, уєд єм паддзах бадзурын кодта, мєхєдєг єй ба- фєрсон, зєгъгє. — Ам цы ми кєныс, лєппу? — бафарста паддзах. — Мє фыды хєдзарєй ралыгъдтєн, ємє мын исты куыст ратт. — Куыст дын раттын кєндзынєн, фєлє цы фынтє федтай, уыдон мын радзур. — Нє радзурдзынєн, — загъта лєппу. — Нє радзурдзынє? — фємєсты ис паддзах. — Тагъд єй ахєстоны бакєыут, бынєй, ныккєнды, ємє, цалынмє йє фын нє радзурда, уєдмє йє ма рауадзут, хєринаг дєр, дон дєр ын ма раттут. Акодтой лєппуйы. Ныккєндмє йє цєппєрстой. Паддзахєн єртє чызджы уыд, иу иннємєй рєсугъддєр. Ємє кєстєр чызг хъуыста, паддзах — йє фыд — лєппуйы куыд фарста ємє йє ахєстоны цєй тыххєй бакодта, уый. Стєй лєппу дєр йє зєрдємє тынг цыди. Ємє йын уыцы чызг иннєты сусєгєй хаста дон ємє кєрдзын, ма амєла, зєгъгє. Уєд паддзахєн уыд ну фырт, ємє йын ус ракурын сфєнд кодтой. Єндєр бєсты паддзахмє минєвєрттє арвыстой, йє чызджы паддзахы фыртєн куыд радтаид, афтє. Иинє паддзах йє чызг радтыныл сразы, фєлє загъта: — Єз цы зєгъон, уыдон куы базона, раст дзуаппытє мын куы радта мє дыуує фарстєн, уєд ын мє чызджы дєттын, кєннод нє. — Хорз, — загътой минєвєрттє, — цавєр базонтє дын сты. — Мє фыццаг базон: мєнє уын дыуує айчы. Базонєд паддзахы фырт, нє чызджы чи куры, уый, ацы дьг^є айкєй кєцыйы ис уасєг ємє кєцыйы ис карк. Минєвєрттє ’рбаздєхтысты ємє паддзахєн рабєрєг кодтой, цы базон сын загътой, цы дзуапп сын радтой иннє паддзахмє, уый. Рахъуыды-бахъуыды кєнынц, фєлє кєм цы базыдтаиккой паддзах ємє йє усгур фырт. Уєд та паддзахы кєстєр чызг лєппуйєн дон ємє къєбєр ныххаста ємє йын сє балєвєрдта рудзынджы цєстєй ємє йын радзырдта хъуыддєгтє иууылдєр, уыдонимє иннє паддзахы базон дєр. Мєгуыр лєджы лєппу ныххудт ємє загъта паддзахы кєстєр чызгєн: — Уымєй єнцондєр та цы хъуамє уа! Дыуує айчы доны цєппарєнт, къєр- 164
тайы, ємє доны уєле чи баззайа, уыцы айчы уыдзєн уасєг, доны бынмє чи ацєуа, уым та карк. Чызг галуаны уєладзгуытєм куы ссыд ємє йє бинонты уєнтєхъил ємє сєргуыбырєй куы сыййєфта, уєд сын загъта: — Ууыл та цы бирє мєт кєнут? Къєртайы доны уєле цы айк ленк кєна, уым уыдзєн уасєг, бынмє чи ацєуа, уым та карк. Паддзах бацин кодта. Минєвєрттєн дзуапп загъта ємє сє фєстємє арвыста иннє паддзахмє. — Раст у, — загъта иннє паддзах, базонєн дзуапп куы раттой, уєд. — Ныр уын мє дыккаг базон та уыдзєн мєнє ахєм: иумє гуырд дыуує хєрзємхуызон байрагєй хистєр кєцы у? Раздєхтысты та фєстємє паддзахы минєвєрттє ємє иннє паддзахы дыккаг базон рафєзмыдтой. Паддзахы фырт дєр, паддзах йєхєдєг дєр нє радтой дзуапп ацы базонєн дєр. Паддзахы кєстєр чызг лєппуйєн радзырдта дыккаг базон. Лєппу ныххудти ємє загъта: — Хєрз єнцон у уый. Дыуує байраджы скъєты бакєнын хъєуы. Иу-єртє боны єнє донєй куыд фєуой. Уый фєстє сын дуар фегом кєнын хъєуы, ємє байрєгтєй дуарыл раздєр чи рагєпп кєна, уый райгуырди иннємєй раздєр. Арвыста паддзах йє минєвєртты. Иннє паддзахєн та загътой йє дыккаг базоны дзуапп. Ємє бацин кодта, уєдє мє ног сиахс зондджыи лєг уыдзєни, зєгъгє. Ємє минєвєрттєн загъта: — Разы дєн мє сыхаг паддзахимє хєстєг бакєныныл, мє чызджы йє фыр- тєн раттыныл. Єцєг рарвитєд йє минєвєртты мє галуантєм, сє фєдыл та чындзхєсджытє куыд єрбацєуа. Паддзахы минєвєрттє фєстємє раздєхтысты, паддзахєн ракодтой иннє паддзахы ныхєстє. Ныхъхъуыды кодта паддзах, минєвєртты разєй цємєн хоны, кєд та дзы исты базон ис, зєгъгє, стєй асагъєс кодта, минєвєрттєн кєй арвита, ууыл дєр. Уыдєттє та паддзахы кєстєр чызг сєрєй-бынмє радзырдта мєгуыр лєджы лєппуйєн, дон ємє йын къєбєр куы ныххаста иннєты сусєгєй, уєд. Лєппу загъта: — Кєйфєнды арвитєнт минєвар ємє чындзхєссєг, уєддєр цєлхдуртє сє- вєрдзєн йє размє. Фєлє мєн куы арвитид къухылхєцєг, ємдзуарджын ємє мєхи кєй бафєнда, ахєм єртє лєджимє, чындзхєсджытє та уал фєсте куы баззаиккой, уєд дзы исты рауаид. Стєй ма ноджыдєр паддзахєн иу ныхас зє- гъон, ємє мын уый куы сєххєст кєна, уєд. Ссыди та уєладзыгмє ємє йє фыдєн радзырдта лєппуйы ныхєстє. Рамєсты ис паддзах: — Ахєм ныхєсты тыххєй йын єз йє сєр ракєндзынєн ємє йє цыргъ михыл єрсадздзынєп. Уєд чызг йє фыдєн дзуры, басасти: — Уыцы лєппу нын куы нє уыдаид, уєд иннє паддзахы базоитє нє базыд- таиккам. — Ємє дзы лєппу та цы єххуыс фєци? — Єз-иу цы загътон, уыдон мын лєппу дзырдта. Паддзах уый куы фехъуыста, уєд дзырд радта йе ’фсєддонтєн ємє ахєстоны хицєуттєн, лєппуйы суєгъд кєнут тагъддєр, зєгъгє, ємє йє ардєм ракєнут. Лєппуйы, мєгуыр лєджы фырты, паддзахмє куы скодтой галуаиты уєла- дзыгмє, уєд та паддзах загъта: 165
— Разы дєн дє ныхєстыл. Ацу къухылхєцєг ємє ємдзуарджынимє, ємбєлт- тєн-ма демє акєн, дєхи кєйты фєнды, уыдон. Фєлє ма мын ноджыдєр цы зєгъынмє хъавыс? Лєппу йын дєлгоммє ныхєстєй, цєстєнгасєй ємє хъєлєсы ахастєй бам- барын кодта, йє кєстєр чызджы йын кєй ракурид, уый. Паддзах ын зєгъы: — Кєронмє дєр нє хєдзарыл де ’нувыддзинад куы равдисай, уєд хєстєг бакєнын дєр ємбєлы. Паддзахы кєстєр чызг, уый фехъусгєйє, ныссырх ємє иннє уатмє алыгъд, мєгуыр лєджы фырт та йє цєстытє дєлємє єруагъта. Куыд вєййы, цы вєййы, фєлє мєгуыр лєджы фырт паддзахы фырты къу- хылхєцєг ємє ємдзуарджынимє бєхтыл сбадтысты ємє араст сты иннє пад- дзахмє. Цєуынц, ємє иу ран фурды был лєууы иу лєг, фурд уыцы иу хуыпп скєны, ємє фурд ахус вєййы, стєй та йє фєстємє рачъыртт кєны. «Ай нын бабєздзєн», — ахъуыды кодта лєппу ємє йє йемє минєварєн акодта иннє паддзахмє. Цєуынц ємє та мєнє иу ран, лєгъз быдыры астєу, иу лєг хуыссы зєххыл ємє зєхмє хъусы. «Ай та цы мигєнєг у?» — ахъуыды кодта мєгуыр лєджы лєппу. Куы йєм бахєстєг сты, уєд дзуры: — Байриай! — Райгє ут. — Цы ми кєныс уый? — Дєлзєххы кємдєр кєлмытє тєрхон кєнынц, ємє уыдонмє хъусын. «Бабєздзєн нын», — ахъуыды кодта лєппу ємє йєм дзуры: — Минєварєн немє нє ацєуис иннє паддзахмє? — Ацєуин, — загъта. — Цом, уєдє. Ємє раст и семє. Цєуынц ємє та иу хохрєбынмє бахєццє сты. Кєсынц, ємє иу цуанон фатєй ныхъхъавы ємє фєлєууы. — Уєдє нын ацы цуанон дєр пайда уыдзєн», — загъта лєппу ємє йє фєрсы: — Цємє хъавыс, хорз цуанон? — Авд хохы єдде дзєбидыртє хизынц, ємє уыдонмє хъавын. — Махимє минєварєн рацу, кєд аккаг кєныс, уєд. — Кємєн цєут минєвар ємє кємє? — Паддзахы фыртєн иннє паддзахмє. — Сымах хуызєн сєрєнтимє куыннє ацєудзынєн! — фєкодта цуанон ємє семє араст. Иуцасдєр та фєцыдысты. Кєсы лєппу, ємє фєндаджы цур бады иу лєг, йє уєрагыл куыройы фыдтє баст, афтємєй тєрхъус рацахсы ємє та йє суадзы. «Ацы лєг дєр нын йє афоныл феххуыс уыдзєн», — ахъуыды кодта лєппу ємє уый дєр семє акодта минєварєн. Ныр баисты авд лєджы. Бирє фєцыдысты, фєлє бахєццє сты иннє паддзахы галуантєм. Кєсынц, ємє бирє уєладзыг єрхуы галуан сырх зынгєй лєууы ємє дардмє цєхєртє калы. Мииєвєртты размє галуантєй рауадысты паддзахы фєсдзєуинтє, сє фє- дыл паддзах дєр, ємє сє хонынц сырх зынг галуантєм. 166
«Уым куыд басудзєм, афтє, — йєхинымєр загъта мєгуыр лєджы фырт, — фєлє йын мах хос ссардзыстєм, — ємє фурд иу хуыппєн чи кодта, уый хъусы бадзырдта: «Галуаныл-ма фурд бачъыртт кєн». Уый дєр фурд уыцы иу чъыртт бакодта сырхзынг галуаныл, галуан сцъыс- цъыс кодта ємє уайтагъд ауазал. Уєд паддзахы минєвєрттє мидємє, уазєг- донмє бацыдысты, ємє лєппу афтє зєгъы: — Цы сатєг уєм у, цы! Ницыуал загътой паддзахы фєсдзєуинтє, иннє паддзах йєхєдєг загъта: — Амбылдтат та нє ацы хатт дєр, фєлє ныр та дугъы рауайєм: сымахєй иу лєг, махєй дєр. — Хорз, — загъта мєгуыр лєджы фырт. Уєд иннє паддзах йєхимє єрбакєнын кодта къулбадєг усы ємє йын загъта: — Нє минєвєрттыл хъуамє фєуєлахиз уєм. Уазджытєй дугъы уайдзєн, йє уєрагыл куыройы фыдтє баст кємєн ис, уый. Ємє цы бауыдзєн йє бон — ницы. Уєд махєй та чи хъуамє уайа дугъы? — Єз, — дзуапп радта къулбадєг ус, — єз мєхєдєг. Єз мемє ахєсдзынєн авд авджы фыццєгтєй. Ємє дзы нє уазджыты фєрасыг кєндзынєн. Паддзах сразы усы фєндоныл ємє йын хорз лєвар ракодта. Уєд дыуує дугъоны, иннє паддзахы дугъон — къулбадєг ус ємє паддзахы минєвєртты дугъон — куыройы фыдтє баст цы лєгыл уыдысты, уыдон фєцагайд- той; єртє быдыры єдде хохы рєбын афєстиат сты, ємє къулбадєг ус рєсугъд ус уыди; уый лєгєн иу авг аназын кодта, уый фєстє дыккаг, єртыккаг, цыппєрєм, фєндзєм ємє єхсєзєм, євдєм авг та йын йє нывєрзєны єрєвєрдта, фєгєпп ласта ємє згъорын байдыдта, фєразєйоны тыххєй. Уєд лєппу фєрсы, дєл- зєхмє чи хъуыста уыцы лєджы: — Нєлгоймаджы къєхты хъєр хъусыс єви сылгоймаджы? Уый зєххыл йє хъус авєрдта ємє байхъуыста, стєй зєгъы: — Сылгоймаджы къєхты хъєр уайы мє хъустыл. Лєппу цуаноны афарста: — Акєсут-ма нє дугъонмє, цємєн єрєгмє зыны. Уый акаст ємє уыны: куыройы фыдтє баст цы лєппуйыл уыдысты, уый хуыррыттєй хуыссы, йє нывєрзєны та арахъхъы авг. Ус та згъоры ємє хъуамє тагъд ам єрбалєууа. Цы федта, уый лєппуйєн рафєзмыдта. «Ау, нєхи састыл банымайєм?! — ахъуыды кодта лєппу ємє та цуаноимє дзуры: — Райхъал кєн нє дугъоны. Цуанон фат суагъта, ємє лєджы нывєрзєны нозты авг ныппырх и; лєг фесхъиудта, аракєс-бакєс кодта ємє йє разы усы куы нал федта, уєд фестад ємє цєстыфєныкъуылдмє ’рбахєццє, къулбадєг ус єрдєг фєндагмє дєр нєма єрбахєццє, афтємєй. Хорзау нал фєци иннє паддзах ємє йє фєсдзєуинтє дєр. Фєлє ма йын цы гєнєн уыд! Паддзахы минєвєрттє йыл фєуєлахиз сты, амбылдтой алцємєй дєр. Ємє сразы йє чызг раттыныл паддзахы фыртєн. Уєдмє єрбахєццє сты чындзхєсджытє дєр. Фєныхас, фєминас кодтой иннє паддзахмє иу иииабонєй иннє иннабонмє, стєй чындз рахастой ємє ра- цыдысты. Уєд єртє пахуымпары тынг хєлєг кодтой паддзахы фыртмє, ахєм рєсугъд 167
чызг кєй ракуырдта, уый тыххєй. Ємє сфєнд кодтой йє фесафын. Загътой: «Йє хъазтмє йын єрра бєх барвитдзыстєм. Ууыл куы сбада, єрхъазон ыл, зєгъгє, уєд лєппу амєлдзєи. Уый куы нє фєрєстмє уа, уєд та єндєр исты єрхъуыды кєндзыстєм. Нє ныхєстє нын чи фехъуса ємє лєппуйєн чи радзура, уый цавддур фестєд». Хъазтмє бєх барвыстой, ємє йыл паддзахы фырт бадынмє куыд хъавыд, хъазты схъазон, зєгъгє, афтє йєм лєппу бауад, йє къабазыл ын фєхєцыд. Кєд паддзахы фырт амєсты, уєддєр бєхыл єндєр чидєр абадт ємє уый дзыхъмард фєци; уый фенгєйє паддзахы фырт сцин кодта, лєппуйє фєбузныг. Уый фєстє та лєппумє исчи дамбаца куыд радтид, ємє уый куы фехєлид, афтємєй йє фємард кєнид, зєгъгє, бауынаффє кодтой пахуымпартє. Ємє паддзахы фырты къухы дамбаца февзєрд. Лєппу йын йє къух єрцавта, дамбаца рудзынгєй асхъиудта ємє єдде фехєлди. Уєд та єртє пахуымпары загътой: «Паддзахы фырт йє усы фарсмє, йє сывєллон (уєдмє йын лєппу райгуырди) йє хъєбысы, афтємєй йєм залиаг калм куыд бабыра ємє йє куыд бахєра». Єхсєвы паддзахы фырт, йє ус ємє йє сывєллон тарф фынєй куы уыдысты, уєд залиаг калм галуанты фестад ємє, гъа ныр бахєрон паддзахы фырты куыд загъта, афтє мєгуыр лєппу уым фєзынд, уымєн ємє уый хъуыддаг раздєр зыдта. Уым фестад, паддзахы фырты кард къулєй ратыдта ємє залиаг калмы скъуыхтє кодта ємє дзы сардзинтє самадта. Єхсаргард фєстємє йє бынаты сауындзон куыд загъта, афтє паддзахы фырт фехъал. Фестад, ємє мєгуыр лє- джы фырты къухы йе ’хсаргард куы федта, уєд загъта, ай мє марынвєнд кодта, зєгъгє, ємє тынг хъаугъа кєнын райдыдта. Лєппу йє сабыр кєны, фєлє ма кєм єнцайы паддзахы фырт, єртхъирєн єм кєны, дє сєр дын алыг кєндзыс- тєм, зєгъы, мєгуыр лєджы фыртєн та нє кєстєр хойы дєттынмє хъавыдыс- тєм, афтємєй йє бамбийын кєнын хъуыд талынг ныккєнды, зєгъгє, дзуры. Лєппу йє сабыр кодта: — Курын дє, — загъта, — басабыр у. Єз залиаг калмы куы амардтон, дєу ма бахєра, єз дыи бирє єндєр хорздзинєдтє куы фєдєн. Бакодта йє, залиаг калмєй сардзинтє кєм самадта, уыцы уатмє дєр. Куы нал ємє нал єнцад, уєд ын лєппу ноджыдєр зєгъы: — Єз дын єцєгдзинад куы радзурон, уєд байсєфдзынєн — ма мє саф. — Ємє иу дє хуызєн никуы фесєфт? — загъта паддзахы фырт. Єндєр гєнєн нал уыд, ємє лєппу паддзахы фыртєн радзырдта, єртє пахуымпары цытє дзырд- той, куыд єй мардтой, уый. Уый куыддєр радзырдта, афтє лєппу цавддур фестади. Куыннє бахъыг кодтаиккой паддзахы фырт, паддзахы бинонтє, уєлдайдєр та паддзахы кєстєр чызг. Уый йє цєссыгтєй йєхи цєхсадта. Уый фєцыди дард ранмє, дыуує хохы астєу чи царди, уыцы дыуує зєрондмє: зєронд лєг ємє усмє, фырзєрондєй сє фындзтыл зокъотє кємєн єрзад, уыдонмє. Ракодта сын йє хъаст ємє загъта: — Фервєзын кєнут мєгуыр лєджы фырты, хъєбатыр ємє зондджын гуыр- ды, паддзах ємє йє адємы — фєсдзєуинты ныфс чи у. Зєронд лєг ємє ус загътой: — Цавддур райгас кєнєн ис єрмєстдєр зынтєй: паддзахы тугєй. Йє сывєл- лоны йын сой тад скєнєит ємє йє уыцы иу дєлгом єркєнут цавддурыл, фыцгє- фыцын. Афтє куы иє бакєнат, уєд йє тєригъєдєй паддзахы бинонтє иууылдєр цавддуртє фестдзысты. 168
Паддзахы кєстєр чызг, уыцы ныхєстє фехъусгєйє, фєстємє раздєхт єнє дзургєйє, йє фєсдзєуинтє йє фєдыл цєугєйє. Сє галуантєм куы ’рцыд, уєд радзырдта, зєронд лєг ємє зєронд ус цы загътой, уый. Сє ног чындз фынєй куы уыд, уєд ын йє къухтєй йє сывєллон райстой, сойтад єй скодтой, ємє аг фыцгє-фыцын цавддурыл єрфєлдєхтой. Мєгуыр лєджы фырт фыццаджы хуызєн аци, райгас, уыимє ног чындзы сывєллон йє хъєбысы худгєйє лєууыди. Куыннє бацин кодтаиккой. Ємє паддзах йє кєстєр чызджы радта мєгуыр лєджы фыртєн. Ємє уый дєр раздєхт йє фыды хєдзармє ємє йє зєронд фыдєн радзырдта, куыд фес- гуыхтис, уый. — Уыдон уыдтон мє фыны, фєлє сє дєуєн зєгъын нє бауєндыдтєн, — загъта лєппу. Ємє уєдєй фєстємє йє зєронд фыд ємє ног усимє амондджынєй цє- рынтє систа. Радзырдта йє Созанаты Гагуыдз Атєбийы фырт, 65-аздзыд, Суадаг, 5 декабръ, 1951 аз. Ныффыста йє Брытънаты Созырыхъо. ЦЄРГЄС Кєло, имонау сувєллон адтєй є ниййергутєн. Етє сє еунєг фурти хъєбєр берє уарзтонцє. Кєло дєр берє уарзта є мадє, є фиди. Уотє-еу зєгъидє Кєло сувєллонєй є ниййергутєн: — Нана, баба, єз сумах хъєбєр берє уарзун... Мєнє ує аци хєдзари дзаг уарзун. Ку фєгъгъомбєл єй, уєдта ма є дзурдтєбєл бафтудта: — Мєхецєй дєр ує фулдєр уарзун... Мєлєтмє ку єрцєуа рєстєг, уєд єз ратдзєнєн сумах туххєй ме ’нагъом цард... Раййисафдзєнєн сумах сєраппонди. Єрхъєрттєй еци дзурдтєн се ’нхєстгєнєн рєстєг: Бєрзонд хонхєй ратахтєй лигъз будуртємє еу зєронд цєргєс. Єрбадтєй е авд надей астєу, кастєй нєдтємє мєгурвєлгєсєй: є базуртє єруагъта дєлєуєз є зєнгитємє; єнкъард єй мєлєг маргъи гъєр, гъєрзунау хъуахъ-хъуахъ кодта алли цєуєгмє дєр. Гъуди дєр єй иеке кодта, ємгєрон дєр имє неке цудєй. И нєдтєбєл ба цудєй алли хузи адєм. Цудєнцє уонєбєл зєрєндтє, нєугутє, сувєллєнттє, гъонбєлттє; хъалтє, бонгинтє; силгоймєгтє, нєлгоймєгтє, лєхъ- уєнтє, кизгуттє — цудєнцє, цєргєси гъєрзунмє ба є гъос неке дардта. Цєргєси хъуахъ-хъуахъ дєр не ’нцадєй — гъєрзтєй єрдєг асєст гъєлєсєй: — Єз дєн зєронд цєргєс, судєй мєлун; єстонг, єнєхуєргєй мє нифс ра- мардєй, мє хъаурє басастєй, мє тухє рахаудтєй. Мє замани адтєн єгас адємтєн сє дарєг... Кадєр мє бафсада, — баинєй феддзинєн, — нє ’й феронх уодзєнєн. Цєугутє раевгъуионцє цєргєси рєзти, цума ’й нє уидтонцє не ’гъустонцє цєргєси гъєрзун, уотемєй. Уалєнги астєуггаг падбєл фєццєйцудєй сувєллєнтти къуар. Цєргєс уоиємє дєр нидєн гъєлєсєй ниууаста, єхуєдєг ба сємє и надєрдємє гакки-маккитєй рацудєй, киудтитєгєнгєй. Сувєллєнттє еци-еу гулфєй сєхе бакалдтонцє цєргєсмє, єрєйахєстонцє, 169
дууемєй ин є базуртє хєрдмє исивазтонцє, ра’й худтонцє сє надмє сєхецєн ємбалєн. Уєд сємє и цєргєс фєккомєги ’й, дзоруй сємє адєймаги гъєлєсєй, євзагєй: — Єз адтєн єгас дзиллити дарєг цєргєс. Нур 6а базєронд дєн, єстонгєй батухстєн, ’сєнєхъаурє дєн... Естємєйти мє бафсадетє, мє хортє, уєдта уин, мусийнє, єз дєр еци хуарз нє феронх кєдзєнєн... Кєддєр ми цидєр корайтє, е уин уодзєнєй... Єрмєст мин-еу мє кой искєнетє, — исдзордзинайтє-еу: «Зєронд цєргєс, кєми дє? Дє сєр нє багъудєй». Сувєллєнттє єрбалимєн єнцє цєр- гєси хєтдзє, ниццийнитє єнцє єнахур дессаг — ємбесєнддаг маргъбєл, хъу- ритє, батє ин кєнунцє, сє фєндаггєгтє ин є гъєлєси тъунсунцє. Єстонг цєр- гєс дєр сє зудє къурццитєй (хъурццитєй) лєперуй, нихъуруй фидєй, дзолєй, сойнифунхєй. Цєргєс єхе никъкъєбот кодта, бафасаста), єхе бацагъта, є базур- тєбєл є зулун-къєлєт финдз радаудтитє кодта єма игъєлдзєгєй фєццєуй над- бєл сувєллєнттти ємдзойєй. Уєд дин Нєрємон дзоруй цєргєсмє, єнахур дессаг иуазєгмє: — Зєронд цєргєс, дє гъазєнти рагъазай-ра, кєд ма дємє дє лєги гъєдтєй ести ес, уєд!.. Сувєллєнттє над равардтонцє цєргєсєн. Цєргєс дєр рафєлгєститє кодта є фєрстємє, є базуртє бацагъта, еу-єртє- цуппар гєппи ракодта єрдєг єргъувд базуртєй, уєдта ниппєррєст ласта єма ниййаууон єй цъєх арви єрттеваги сау гъєди сєрти хуєнхтємє. Сувєллєнттє дессаг, ємбесєнддаг маргъи фєсте кєсунцє, уинунцє, е аййев зелєнтєгєнгєй, сє сєргъєй идардєй-идарддєргєнгє куд цудєй, уой. Сувєл- лєнттє кєсгє байзадєнцє сє медбунат нади лигъзбєл. Нєрємон сємє дзоруй: — Гъєла адтан єма нин зєронд цєргєс нє фєндаггєгтє исцъой кодта... Мєн- гард, єнєдзурд зєронд нин нє фєндаггєгтє расайдта, рахуардта сє, нур ба е єфсестєй є гъар хєдзари исбадтєй, мах ба ами авд надей астєу, будури лигъзи, судєй мєлгєй байзадан... Цотє нур 6а ин є думєгбєл цєнхє никкєнетє!.. — Зєронд цєргєс, кєми дє? Дє сєр нє багъудєй, мєстгунєй дзоруй Кєло. Дуйней ниррохс єй — хортє, мєйтє фєззиндтєнцє. Думгитє уалєнги низ- малдєнцє. Сау гъєди сифє єгъзєлуй; зєронд бєлєстє єд уедєгтє сє бунтєй хъантє-хъантє кєнунцє. И сувєллєнттє авд надей астєу, будури лигъзи, кє- рєдзебєл дзугуртє-дзугуртєй никкалдєнцє. Цєргєс єртахтєй єма сємє дзоруй игъєлдзєгєй: — Ци митє кєнтє, мє хєлар лимєнтє?!.. Мє сєр ує цємєн багъудєй?.. Сувєллєнттє никъкъех єнцє, — нє си єруагєс кодта цєргєси уиндє. Уєд имє Кєло дзоруй: — Нє хъазар лимєн, уадєндзо цєргєс! Мах дєр фєндуй, ду кємити зелис, цитє уинис, уонєми хєтун, уони фєууинун... Кєд дє бон, дє хъаурє ести єй, уєд нин еци бєстити, денгизти фєууинун кєнє. — Хуарз. Е мєиєн хъєбєр єнцон єй. Рабадетє еугурєй дєр мє базуртє мє фєсонтєбєл єма сє фєууиндзинайтє. Сувєллєнттє сєхе бакалдтонцє цєргєси усхъитємє. Цєргєс ниппєррєст ласта еци-еу пєррєстєй, арви кєрєнтти єрзилдєй єртє хатти, фєууинун кодта є ервєзунгєнєг сабийтєн єгас дуйней будуртє, гъєдтє, хуєнхтє, денгизтє, сахартє, гъєути, уєдта сє єрбайвардта сє бунати дзєбєх, игъєлдзєгєй. 170
Сувєллєнттє хъєбєр боз фєцєнцє сє дессаг иуазєгєй єма дзурдтонцє, цємєй е єрцудайдє уонємє, сє гъєумє, иуазєгади, уой. — Иуазєг зин дарєн єй, цємєн ує гъєуй? Зин уин уодзєнєй мєн байуазєг кєнун. Єз цєрун адємєй, хуєрун адєймаги фид... Єндєр мин бафсєдєн нецє- мєй ес. Єндєр хуєруйиаг мин асхує нє хуаруй (єндєр хуєруйнаг мин уотє нє тайуй, зєрдє нє даруй). — Рацо нємє... адєймаги фид дєр дин иссерєд дє фусун... Кєд махєй єй уєд... — исдзурдта сувєллєнтти номєй Кєло. — Арази, арази, Кєлой загъдбєл арази! Адєймаги фидмє кєд уотє єрма- рахст (тулаваст) дє, уєд дин махєй фусун ка уа, е дин єхуєдєг хуєруйнаг, — исдзурдтонцє сувєллєнттє ємгъєлєсєй. Кєло хъєбєр фудхуз сабий адтєй єма єнккєтемєй гъєрдєрєй дзурдта. Е некєд єнгъєл адтєй, адєми фидхуар цєргєс уой хузи некуцонмє ке бафусун кєндзєнєй, уой. — Арази, — загъта зєронд цєргєс. — Фєууєд, сумах куд зєгъетє, уотє. Цєун уємє ахсєви иуазєггади... Мє фусун ба фєууєд Кєло. Сувєллєнттє райарфє кодтонцє цєргєсєн. И лимєнтє уайтагъддєр рартє- стєнцє кєрєдземєй. Дуує изєрей єхсєн сабийтє єриздахтєнцє сє хєдзєрттємє игъєлдзєгєй; єнкъардгомау адтєй айдагъ Кєло. Цєргєс дєр ниффардєгєй є хєтєнтємє. Раст ємбесєхсєвє. Адєм бацудєнцє сє тарф фунти. Бєститє нийдзулдєнцє. Сабийтє сє дессаг иуазєги єрцудмє сєхе цєттє кєнунцє: хєссунцє Кєлой хєдзарємє алли хузи хуєруйнаг, ниуазуйнаги дзєбєхтє. Хєссунцє хъаз, бабуз- ти, карк, гогузти мєрдтє; єстор, фуси, уєри мєрдтє; сє цитгин иуазєги єрцудмє фингє аразунцє. Цурхунцє ’йбєл сойнифунхєй, єхцинєй, фидгунєй дунейтє. Уєд уоми айкєй, цигъдєй, хъалиатєй ци адтєй!.. Банимайєн син нєййес! Сє цитгин иуазєги єхсєвєр гъєуамє уа хъазар... Уалєнги цєгатон єфтуйєнєй цєргєси базурти сєр-сєр игъусун байдєдта. Уой фєдбєл єрбадумгитє кодта. Медгъєу зєронд каутє, горентє, хєдзєрттє, игонвєрстє, уєрдунгєндтє, саратє хъантє кєнунцє, къєр-къєр, дзєгъдзєгъ- гєнгєй сє хурфи кєлунцє. Унгтє байдзаг єнцє скъєтти ємбєрзєн гъємпєй... Думгє-уади єскъот єма цъес-цъесєй устур таси бацудєнцє баргъомтє, балє- стєнцє фєйнє къумеми. Айдагъ сувєллєнтти къуар игъєлдзєгєй ємбурд код- тонцє Кєлой хєдзарємє: сабийтє тундзунцє уордємє єд хуєруйнєгтє се уазєг- бєл рамбєлунмє. Цєргєс дєр устур ампъезтєгєнгєй исмедєгєй Кєлой хєдзари, сабийти ємбурдмє. Цийнитє кєнунцє сабийтє сє нєртон дессаг иуазєгбєл, хинцунцє ’й алли дзєбєхагєй. Фєсахсєвєрти цєргєс є къембур расєрфта, є базуртє 6а- цагъта єма еци-еу иєррєстєй хєдзари тугургъєдємє истахтєй єма єрбадтєй уобєл єхсєвеуат кєнунмє. Сувєллєнттє раарфитє кодтонцє се ’уазєгєн, сє кєрєдземєн єма сє хєд- зєрттємє рандєнцє. Хєдзари єризадєй Кєло еунєгєй, хуссєг єй иєбал ахєс- суи, бадуй медтъєригъос, артєнгєрон. Тъєригъоси ба єхседарф фунукєй цъетуй нидєнгомау. Ци рацудєй, уєдта и цєргєс єртахтєй є бадєнєй, исцудєй Кєломє єма ’ймє дзоруй. — Мє фусун, дє цитє, дє намусєй дин єз дєн боз, фал судєй мєлун... ує 171
хуєруйнєгтє мин неци єхсухує (єхсонхуєрдє) дарунцє, — адєймаги фидбєл ахур дєн єхсєвєрєн. — Мєнєй ци стонай, уєхєн мєбєл нєййес... Нєрємонмє дє цєун гъудєй єхсєвеуати, — е хъєбєр нард тумбул битдзеу єй. Єрба дин єй хонон? — Нє... Дєхе дин хуєрун... — Мєн бєсти 6а дин мєнє нє медєггаг уати мє мадє, мє фидє — заманай нард дєнгєлтє... уони бахуєрє. Кєло євдесуй є ниййергути цєргєсєн. — Уинис, цахєн тохъулитє ’нцє? Хуєрє, кєд єнє адєймаги фид нє лєу- уис, уєд; мєнєй ба дин ци сцъирай, уєхєн тоги тъинкк дєр кунє ратєдздзєнєй. Єнєдзоргєй дуйней фегъуста Кєлой дзурдтємє єма загъта: — Мєлєти сахат исбєрєг уй адєймаги уарзєг... Цєргєс дєр єринкъард єй єма загъта: — Мах хуєдмєлхуартє дєр ма сє ниййергути, се ’мєстєг, се ’мтог мєргъти фид нє хуєрунцє... НъкЪфыста йє Гарданты Михал. Радзырдта йє Гецаты Тотрухь, ок- тяоръ, 1930 аз. ЦИГСИИ-йы архпв, фолъклор № 163—6, папкє 51, ф. 81—93. УЗЕЧЫ АРГЬАУ Узекмє уыди иунєг хъуг, уыцы хъуг алы афєдз дєр кодта авд зады. Афєдз дєр Узечы хєдзары хъомыл кодта авд роды. Уыимє ємбисонд уыди йє урсаг: цыхтєн, царвєн бакєнєнтє дєр нє уыди Узечы къєбицы. Уєд йє хуырх ємє йє сылы уый бєрц уыдысты, уый бєрц, ємє сыл куырой разылдаид. Цы уыдаид, куыд уыдаид, чи зоны, фєлє иу афєдз куы уыди, уєд Узечы хъуг авд хатты нал ныззади. Уый ма ныккодта иу зад. Иу ноггуырд род дадта авд роды єхсыр ємє уый руаджы скодта ахєм гал ємє-иу быдыры хизы, зєгъгє, уєд єххєст хохы бєрзєндтєм дєр. Иуахємы бєрзонд къєдзєхтєй ратахт стыр цєргєс, зилгє-зилгє єруагъта йєхи галмє. Галы фєсонты ныссагъта йє ныхтє, систа йє ємє йє рахєсс- бахєсс кєнын байдыдта: єрєвєры йє хохыл — хох єй нє уромы, єруадзы йє къєдзєхыл — къєдзєх рыг фесты — ницы йє уромы. Фыййау ривєд кєны йє фос Терчы былыл. Цєу доны былыл хуыссы ємє сынєр цєгъды; фыййау цєуы сыкъаты аууон, уєлгоммє єруагъта йєхи. Уєд цєргєс зилгє-зилгє сабыргай єртєхы ємє цєуы сыкъатыл єрєвєрдта гал, ємє йє хєрынтє байдыдта. Куыд уыдаид, чи йє зоны, фєлє галы уєны стєг раирвєзт цєргєсєй ємє фыййауы цєсты бахауд. Фыййау уыйадыл хъєумє ныффєдис кодта, ємє хъєуы дзыллє єд фый- йєгтє, єд халамєрзєнтє фыййауы раз балєууыдысты. Рахафтой фыййауы цєст, ємє уєны стєг рахауди. Цєй бєрц фєлєууыдаид уєны стєг Терчы был, чи зоны, фєлє уыцы ран нєуу-зєхх євєрдта ємє зєххы ємхуызон сси. Хъєу єрцардысты галы уєныл. Иу єхсєв рувас холы єнхъєл зылди хъєугєрєтты. Фєкомкоммє уєны хъуымбылмє ємє йыл, цы гєзємє фыд-єрхъистє аззад, уыдонмє. Ратон-батон кєнын байдыдта рувас уєны фидар хъистє, хъєуы фезмєлын 172
кодта йє бынатєй ємє йє єндєр ранмє аласта. Райсом хъєу куы рабадтысты, уєд загътой: — Цымє цавєр диссаг уа ай! Нє бынат єндєр ран куы уыди, уєд нє ардєм чи єрбаластаид? Єхсєвгєстє єрєвєрдтой сє хъєуєн. Иу єхсєв та рувас єрбацыди ємє та куыд бавнєлдта йє куыстмє, афтє йє амардтой. Хъєугєстє сєхи єрбафистєг кодтой ємє бавнєлдтой сырды царм стигъынмє. Стигъынц, стигъынц ємє йын бастыгътой йє иу фарс. Иннєрдєм єй афєлда- хєм, зєгъгє, йыл байдыдтой архайын. Уыцы архайд фєкодтой, фєлє сырды мард афєлдахынєн ницы бафєрєзтой. Райсомы хъєуы иу хєдзары кєстєр чындз донмє рацєуы, йє дыуує къухы дыуує къєртайы. Чындз рувасы мардмє куы ’рбахєццє, уєд єй скъуырдта йє къахєй. Рувас иннєрдєм афєлдєхт. Чындз рувасы цармы єрдєгмє єрєвнєлдта ємє йє гєрзєй-гєрзмє растыгъта. Ацы аргъау чи бакєса, уый ма базонєд — тыхджындєр сє чи разынд уыдо- нєй: цєргєс, фыййау, цєу, рувас, єви чындз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 80—2.
швшаон ЄЛДАРЫ ЧЫЗГ КЄНЄ ДЫУУЄ ЄРДХОРД ЄЛДАРЫ Шынг адджынєй цардысты дыуує єрдхорд єлдары. Стыр єууєнк уыди сє астєу, кєрєдзийы цєра кодтой, афтємєй єрвыстой сє бонтє. Сє хєрд дєр, сє нозт дєр — иу: айк дыуує ’мбисєй хордтой, сє иуы маст, сє иуы цнндзинад аннємєн уыдысты маст ємє циндзинад. Єлдєрттєй сє иуєн уыди лєппу ємє чызг, аннє та уыди єнєзє- нєг. Уыцы хуызєнєй ацардаиккой иу къорд азы, афтє зєнєгджын єлдарєн амард йє ус. Єлдар уыйадыл дзырд радта, иуєй сау кєй бадардзєн афєдзы бонмє, аннємєй Чабємє кєй фєцєудзєн, цємєй дзы басгара Мєхємєты зєп- падз^ємє дзы ракура пехуымпарєй удыбєстє йє мард єфсинєн. Йе ’рдхорды хєдзары ныууагъта йє чызджы, йєхєдєг єд фырт араст Ча- бємє. Цєрынтє систа чызг йє фысымтєм. Буц єй дарынц єлдар ємє йє ус, чызг дєр, раст зєгъыи хъєуы, сє зєрдєтхудт ницємєй исы. Уєд єлдар ємє єлдары ус хъазт скодтой, цємєй сє уазєг хъыг ма кєна. Бирє фєсивєд єрємбырд сты хъазтмє, хъєлдзєг кєиынц адємы дєр, сєхи дєр. Чысыл дзы нє уыди рєсугъд чызджытє, фєлє дзы уазєг чызгєй рєсугъд- дєр ємє аивдєр нє разынд. Фєсивєдєй иукъорд лєппуйы зєрдємє тынг бацы- ди, курын єй байдыдтой ємє дзырд ныууагътой єлдармє. Сє цєст єрєвєрдтой адєм єлдары чызгыл, уымєй єппєлынєй фылдєр нал уыдысты алы раи дєр ємє-иу дзырдтой: «Уындєй дєр, лєджыхъєдєй дєр нє 174
уазєг чызджы хуызєн нєма уыди, гуыргє дєр нє ракєндзєн. Ничи скєндзєн, ничи бахуыйдзєн уый хуызєн, уый кєрдзыны скондєн ємбал нє уыдзєн; уєд єфсармєй, єгъдауєй та ахєм єфсармджын, ахєм уагджын ємє бафєзминаг у алы чызгєн дєр». Ємє та єлдар хъазт сарєзта. Фыццаг хъазтєй дзы фылдєр фєсивєд єрєм- бырд — євзаргє чызг ємє євзаргє лєппуйє. Хъазты дзыллєйєн сє акаст уыди уазєг чызг. Хистєрєй, кєстєрєй сє зєрдє пиллон арт уагъта йє уындєй; кафы- нєй нал фєллайынц, хъусынєй йє зардмє. Ноджыдєр та йыл фылдєр адєм фєсивєдєй дзурын байдыдта. Єлдары хєдзар фєфидыдта уазєг чызгєй. Кєстєриуєг кєны єлдары чызг хє- дзары хицєуттєн — лєг ємє усєн, зєнєджы ад ыл базыдтой уыдои дєр. Базмєлєнтє нал уыди євзаргє фєсивєдєй єртыккаг хъазты: арвєй єхси- дав куы ’рхаудаид, уєд зєххыл нал сємбєлдаид. Нє разынди ныр дєр уазєг чызгєн ємбал утєппєт чызджы рєгъауєй. Хъазт райхєлд, фєсивєдєй та би- рєтє дзырд ныууагътой єлдармє чызджы тыххєй. Єрєнкъард єлдар, сагъєсыл сси. Бон єм арвы рухс нал зыны, єхсєв єй хуыссєг нал ахсы. Катайыл сси йєхинымєр. Хєдзары хъуыддєгтєм нал дєтты йє зєрдє; хєринаг ын ад нал кєны. Бинонтє уынынц, єлдар йєхи уагыл кєй нал у, фєлє цємєн афтє єрєнкъард, уый бафєрсєг єй нєй: ничи йєм хєссы йє ныфс. Бирє хъуырдухєн кодта єлдар, фєлє ницы бафєрєзта, єрєгєй ардєм йє зєрдєйы мидєг цы ’ндавындзинад сєвзєрди, уый басєттынєн. Хєйрєджы хай йыл фєуєлахиз. Єлдар ємє йе ’рдхор єфсымєры астєу цы ’ууєнк уыди, дзыллєйы ’хсєн дзы цы ’фсарм, цы кад уыди — се ’ппєтєй дєр уарзондзинад тыхджындєр разын- ди. Йє уазєг чызджы бауарзта єлдар. Фадат ран єлдар ской кодта чызгєн йє сагъєстє, йє фєнд. Арв єй цыма єрцавта, уыйау фєци чызг, фєлє ма афтє равдисын йє бон баци, цємєй йыл єлдар нє фєгуырысхо уыдаид, йє зєрдєйы ’ууєлтє йын нє бамбєрстаид. «Зондєй саразын куы ницы бафєразон, — дзуры чызг йєхицєн, — цємєй єлдары уарзондзинадєй баиргъєвон мєхи, уєд рєстырдєм нє ауырдыг сты мє хъуыддєгтє». Ємє дзуры єлдармє: — Єлдар цєра, мє фыд ам нєй, мє иунєг єфсымєр дєр — уый хуызєн; хорз уыдаид, уыдон єрбаздєхынмє куы фєкєсис. — Хорз чызг, уымєн амал не ’рцєудзєн: мє бар мєхиуыл нал цєуы. Дєхє- дєг дєр єнє уынгє нє дє, мє сєрєн кєй нал дєн, кєд уыцы раымє цємєн єрцыдтєн, уый дын єргом нє уыди, уєддєр. Ныр уый бамбар, єз дє афтє бауарзтон ємє мын, євєдза, исты зєрдє нє бавєрдтай, уєд мє царды сєр нал райсдзынєн. — Мє фыд уый куы базона, єз дыккаг усєн фєцыдтєн, уєд ын куыд маст, куыд уайдзєф уыдзєн уыцы хъуыддаг, уый йе ’рдхорд ємгарєй хуыздєр ничи бамбардзєн, стєй єз дєр аккаг куыд скєндзынєн мєхицєн ємє мє разагъды фыд, мє иунєг єфсымєрмє уайдзєф єрхауа, ємє дзыллєйы ’хсєн ныхкъуыр- дєй цєрой мє сєраппонд. Аннємєй уыйбєрц кєимє фєцардтє, дєхицєн ад- джынєн, уарзонєн кєй бацагуырдтай, дзырд кємєн радтай, уый бафхєрын хъуамє ма бахєссай, ма, дє сєрмє. Хуыцауєй дєр єй нє бауєнддзынє. — Лыггонд мын у уыцы хъуыддаг дєр: кад ємє йє радєй арвитдзынєн йє фыды хєдзармє, єгъдау куыд амоны, афтє. 175
Уыйадыл єлдар усы арвыста йє цєгатмє. Чызг бамбєрста, зын фадаты кєй бахаудта, зынєй кєй фервєзын кєндзєн йєхи, зынєй кєй нє бачъизи кєндзєн йє фыд ємє йе ’фсымєры цєсгом дєр. Уєд ма йє сєрєн уыцы хос ссардта ємє єлдары галуаны бамбєхсти, авд дуары дзы сєхгєдта йєхиуыл ємє нал касти єддємє. Єлдар куы тызмєгєй, куы сабырєй євзаджы хатт єруадзы, хатын єм сисы, лєгъстє йын кєны, фєлє чызг ком нє дєтты. Зындзинєдтє євзары чызг мєсыджы адв дуары фєстє: тыхсы єнє хєрина- гєй дєр, дойныйє дєр, уыцы уынгєг ран єй фыдєхсєвтєй сыст бахордта; фыр- мєстєй хаттєй-хатт кєуын байдайы ємє йє цєссыг налхъуыт-налмас фєрдгуы- тє абузын сисы. Иу бон єлдарыл дзырд сємбєлд, йе ’рдхорд Чабєйє кєй єрбаздєхы, стєй дзы кєй куры, цємєй єлдар чабєдзауы размє сємбєла иу бонцау, цємєй уыцы ран бацин кєной кєрєдзиуыл. Уацхъуыдєй єлдары зєрдє цанєбєрєджы ба- рухс уыдаид, фєлє йын уєддєр єдзєугє амал кєм уыди. Кєрєдзийєн салам радтой дыуує єрдхорды, ємє чабєдзау дзуры: — Цєй тарєрфыгєй кєсыс, цы кодтай? Дєхи хуызєнєй дєм куы ницыуал баззади єппыыдєр. Бирє мєгуырдзинєдтє бавзєрстам мє фыртимє: кєм єххор- маг, кєм єнє дон, кєм тасы бын абырджытєй, єдзєрєг, єнтєф бєсты. Фєлє, бауырнєд дє, бауырнєд, ахєм рєстєг мыл никуы скодта, мє зєрдыл кєд нє лєу- уыдтє, кєд дє нє мысыдтєн. Мє хєдзармє, мє иунєг чызгмє афтє не ’хсайдта мє зєрдє, дєумє куыд єхсайдта. Ныр дєр дєм ме ’рвысты сєр уыди уымєн, цємєй дє федтаин тагъддєр. Уєд мєм уыимє цы цєстєй кєсыс! Афтємєй та мыл, Хуы- цау ме ’вдисєн, єрхъєцмє нє хъєцыдтє, дє цард дын ад нє кодта єнє мєн. — Мє хєлар, хатыр дє курын, дєхицєн уыцы зын скєн. Иу чысыл мєм єрбайхъус, єз дын радзурдзынєн, мєхи хуызєн цємєн нал дєн, мє зєрдє дыл цыма сивтон, афтє дєм цємєн зыны, уыдонєн сє аххосаг. Фєлє дєм бахатин, дзурынмє дын кєй хъавын, уыдон арф євєрєны мєхимє, мє риуы, мє зєр- дєйы мидєг куы баззаиккой, уєд бирє хуыздєр уыдаид. Нє сє тєры, нє, мє зєрдє дєуєн радзурын: стыр низ дын куы скєной, уымєй дын тєрсын. — Сомбон кєй базонон, фєстєдєр кєй фехъусон, уый мын ды, мє иунєг єрдхорд, раздєр куы радзурай, уєд растдєр ємє пайдадєр уыдзєн. Сєинаг цы низєй уон, уымєй хъуамє раздєр басєйон, мє хєс зынєй дєр раздєр хъуамє бафидон. Зєгъ мын дє зєгъинаг! Єз дєм хъусын. — Уєдє фєуєд дє фєндон. Дє иунєг чызг царди мє хєдзары йєхи хєдза- ры хуызєн. Дыуує уыдыстєм, ємє ныййарджытє сєхи хъєбулмє афтє нє ба- фєрєзтаиккой кєсын, зилын, афтє йєм зылдыстєм, кастыстєм. Нє хєдзары цы ардтам, уымєй йын ницы бацауєрстам. Чызг, раст зєгъын хъєуы, иу-дыуує боны рєсугъдєй равдыста йєхи. Фєлє стєй... стыр зын мын у йє зєгъын дєр... стєй євиппайды афєлывта йє хуыз. Зєххыл нє разындзєн ахєм єнєгъдаудзи- над, ахєм єгаддзинад, уый йє сєрмє цы нє ’рхаста. Ус ємє лєг уыдыстєм ємє нє кєрєдзийєн кард ємє фыд фестын кодта йє фыдєвзагєй: мєнєн иу дзырд, нє хєдзары єфсинєн аннє дзырд. Уый дын йє иу хъуыддаг. Аннємєй афтє суагъта йє цєсгом ємє фєсивєдєй бирєтєн ныфс євєрдта, аккаг цємєй нє уыди, ахєм хъуыддєгтєй. Цу, цу! Ємє цєй бєрцытє нє бахъєцыд йє цєсгом! Мєнєн дєр, дє иунєг єрдхорд єфсымєрєн, баздєхт ємє кєд хъардта йєхи. Дє цєсгом бахєрай, зєгъгє, йын єй бауайдзєф кодтон, бартхъирєн єм кодтон дє номєй. Уыйадыл нын афтє фєтєргай ємє бацыди мєсыджы, авд 176
дуары сєхгєдта йєхиуыл, нє размє нал євдисы йєхи. Уыцы ран цы мигєнєг у, цємєй цєры, Хуыцау йє зопєг. Дє иунєг чызджы бавєрын дын кєй нє бафє- рєзтон, мє хєдзары дын євзєр уаг кєй райста, уымєй дє стыр къємдзєстыг фєдєн, мє иунєг ємгар, стыр зылын хонын мєхи дєр, мє хєдзары єфсины дєр. Уєд чабєдзау єлдар баздєхт ємє єрвнєрєгау байдыдта дзурын йє иунєг фыртмє: — Мє фырт, де ’фсымєр хо ємє мє иунєг чызг цытє бакодта, уыдон фехъуыс- тай мє хєлары дзыхєй дєхи хъустєй. Цєугє тагъд ме ’рдхорды хєдзармє, мєнє ацы сылыхъ дєр айс демє. Аргєвд де ’фсымєр хо ємє мє иунєг чызджы. Йє тугєй мын єрхєсс ацы сылыхъы дзаг. Єз цалынмє мє иунєг чызг, мє хъєбулы тугєй мє дойны басєттон, уалынмє нє басабыр уыдзєн мє маст, уалынмє фєцєуииаг нє дєн мє хєдзармє, адєммє нал равдисдзынєн уалынмє мє цєс- гом. Цєрынєй-хєрынмє уыцы ’вєрд (хъахъхъєд) фєкодтон мєхицєн, никуы ницємєй бачъизи кодтон мє цєсгом, кад ємє радєй дзыллєты астєу фєхаттєн. Ныр мын мє иунєг чызг, мє уарзон хъєбул мє сєр ралыг кодта зєрондырдєм, фєхудинаг мє кодта, цєрдудєй мє бафтыдта мєрдтыл. Къємдзєстыгєй баззад мє иунєг єрдхорд дєр єнаххосєй... Зєнєджы маст, цєй зын уромєн дє, цє!.. Тагъд бакєн, єнхъєлмє дєм кєсдзынєн ацы ран. Цєхєртє калгє фырмєстєй балєууыди єлдары фырт йє фыды єрдхорды хєдзары. Тызмєг дзуры чызгмє, дуар ын куыд бакєна. Чызг, хъуыды циу, уый дєр єй нє кєны. Уєд єм єфсымєр байдыдта лєгъзєй дзурын. — Ма тєрс, мє хо, ма тєрс, дуар мын бакєн, єз де ’фсымєр дєн. — Кєд ємє єцєгєй дєр мє иунєг єфсымєр дє, уєд мє мады къухдарєн єрбаппар, намє дєм фєстємє дєр нє акєсдзынєн, дуар дын нє бакєндзынєн. Єфсымєр єм къухдарєн бапиєрста, чызг єй бакодта йє къухыл ємє уєла- дзыгєй рагєпп кодта йе ’фсымєры хъєбысмє. Єфсымєр єй уыцы хуызєнєй ракусарт кодта зєххыл, кард ын єрбавєрдта йє хурхыл ємє ныр сєргєвда чызджы, афтє йєм уый дзуры: — Цы кєныс, цы, ме ’фсымєр, цы Хуыцау дє ныццавта? Дєумє ємє мє фыдмє кєсыиєй куы сурс сты мє цєстытє, єз мє былыцъєрттє куы хордтон ує уындмє; мє зєрдє сымахыл куы дардтон, мы зындарєнєй мє фервєзын кєн- дзыстут, мє маст мын райсдзыстут, зєгъгє, уєд мын ай цы хъуыддаг у? Лєппу ’руагъта йє кард, чызджы слєууын кодта йє къєхтыл. Чызг сєрєй бынмє радзырдта йє зындзинєдтє иууылдєр. Єфсымєры зєрдє фєтасыди, фє- тєригъєд кодта йє хойєн. Кєрты иу карк рацахста, єрбаргєвста йє, сылыхъ карчы тугєй айдзаг кодта. Бєхыл сбадт, чызджы йє фєсарцмє сєргъєвта ємє араст єлдары галуантєй. Цєуы, цєуы ємє фєндагыл фєсвєд иу пыхсы ныууагъта йє хойы. Йєхє- дєг уыцы тєргєбєхєй ныххоста йє фыдмє. Єрхызт бєхєй, сылыхъ балєвєрд- та йє фыдмє. Уый «Бис-мил-ла» загъта, сылыхъ сдардта йє дзыхыл ємє уыйа- дыл суагъта йє тыпныртє, стєй араст сты сє хєдзєрттєм. Єлдары чызг пыхсы бады ємє сагъєс кєны, цы уыдзєни, ууыл. Уалынмє йыл цуанон куыйтє бамбырд сты ємє йыл рєйынц. Куыйты рєйынмє цуанонтє єрбауадысты ємє дзурынц чызгмє, фєлє сєм уый фєстємє дєр нє кєсы. Сє уєлвєд пыхсы астєумє йє бєх єрбатардта єлдар дєр. Цуанєттє ємє куыйтє дєр цуан кодтой уыцы єлдаримє. 12 Ирон лдємон сфєлдыстад, 2-агтом 177
Єлдар хъуыддагмє куы ’ркаст, уєд дзуры чызгмє: — Цы дє, цавєр дє? Тагъд мын дзуапп ратт, намє дє мє куыйтє куыд акъабєзтє кєной, ахєм ми дын кєиын. — Хорз єлдар, єртхъирєнєй никуыма ничи амарди, стєй єртхъирєнєй чи фєтєрса, уыцы адєймагыл нє сємбєлдтє: ды цы дє, ахєм чызг бєргє уыдтєн єз дєр, кєд мє ацы сахат зын вадаты ссардтат, уєддєр. Мєхи та дєм уый тыххєй не здахын ємє дарєсєй рєвдз нє дєн — єфсєрмы кєнын. Єлдар цыдєртє фелвєста йє дарєстєй. Чызг сє ’рбакодта йє уєлє ємє цы уыдысты, уымєй араст сты єлдары хєдзармє. Чызгєн уєлєдарєсєн цєйбєрц хъуыди, уыйбєрц єлдар алыхуызоы зынаргъ хъуымац уайтагъд балхєнын кодта. Барвыста хуыйджыты чызгмє, цємєй йын сбарой йє гуырыконд, йє ас. — Мє гуырыконд баринаг нєу, — загъта чызг, — єз искєй хуыд мє уєлє не скєндзынєн. Мєхимє мын рахєссут, мє фєлыстєн цы хъєуы, уыдон; рахєссут мын хєсгард, судзин ємє ’ндєхтє. Єрбадти чызг. Болат хєсгард райста, хъуымєцтє акарста ємє уайтагъд йєхи сфєлыста йє къахєй йє къухмє. Уыцы аив дарєсты єлдары чызг равдыста йє конд, скалдта йє хуыз. Йє даргъ дзыкку саулох бєхы дымєгау йе счъилтыл хоста йєхи. — Хъуаз фєрєтмє єрцыди, — загъта єлдар, — рагєй-єрєгмє кємє бєллыд- тєн, уымєй ма хуыздєрыл дєр фєхєст дєн. Чындзєхсєв сарєзта ємє ус ємє лєгєй цєрын байдыдтой єлдар ємє єлда- ры чызг. Цєрынтє байдыдтой, кєрєдзийы уарзгєйє, кєрєдзийы нымайгєйє, цыкурайы фєрдыджы хуызєн сын дыуує лєппуйы райгуырди. Иу єхсєв йє хуыссєн уаты єлдары ус ныуулєфыди йє къєхты бынєй. — Уанцон нєу, ємє уагєры уыцы улєфт цєуыл кєныс? — бафарста йє єлдар. — Цєуыл улєфын, цє, мє сабитє дєр дє хуызєн куы разыной, — єнєм- баргє, єдылы: уыдон дєр дє тугєй равзєрдысты. Сындзы бынєй сындз євзєры. — Ємє мын ахєм стыр уайдзєф цєй фєдыл бафєрєзтай, усай? — Ємє дє єфхєргє дєр куыд нє бакєнон: хъаст хъєствєндагєй чындєуы. Ацал-ауал азы цєрын дє хєдзары; дє дыуує фырты тагъд дє сєрты акєсдзысты, фєлє дєуєн дє хъуыдыйы никуы єрцыди мєн бафєрсын: євадатєй дє цы ран ссардтон, уырдєм уєларвєй єрхаудтай, пыхсы иу къудзийы бынєй сєвзєрдтє, єви дуры хуылфєй рацыдтє? — Дє хорзєхєй, мє хорз єфсин, ємє кєд дєуєн ныййарджытє ис, хєстєг єввахс дын ис, уєд ма мєн стырдєр хорз цємєн хъєуы? Мє амондыл ма уєлдай амонд бафтыд. — Фыдєй ємє мадєй райгуырдтєн єз дєр, ис мын єфсымєр дєр. Мє мад амард, фєлє мє фыд ємє ме ’фсымєр — цардєгас. Фєнды мє, куы сє басгарин, мє сабиты сын куы равдисин. Єлдар цєуылнє барєвдзытє кодтаид йе ’фсины: хєрд, нозт, лєвєрттє цы хъуыди ємє цы ємбєлди, уыдон иууылдєр. Кєуыл єууєндыд, иу ахєм ємбаргє адєймаджы йын сбадын кодта йє фарсмє, фондзыссєдз барєджы сын бафтыдта сє фєдыл; дыуує сабийы дєр арвыста сє мадырвадєлтєм. Цєуынтє байдыдтой, цєуынтє. Дзєвгар-дзєвгар куы ацыдысты, уєд иу ран доны былмє бахєццє сты. — Ацы ран нє фєллад суадзєм, исты дєр ахєрєм, стєй та нє фєндаг дєр дардзыстєм, — загъта ус. 178
Єрынцадысты, бахордтой, банозтой. Барджытє ємє лєппутє доны аууон ран нєууыл сєхи єруагътой ємє єрфынєйтє сты. Бєхтє астєумє кєрдєджы хизынц. Ус ємє єлдары хєлар лєг бадынц ємє сє цєст дарынц сє адєммє. Уєд лєг дзуры усмє: — Рагєй дєр мын уыдтє тынг адджын, мє зєрдємє дєуєй фылдєр сылгой- маг никуы бацыд. Аккаг скєн ємє ємуд куыд єрцєуєм кєрєдзимє. — Ард дє фєдыл єфтыд фєуєд, кєд дє мє сєрыхицау уый тыххєй нє рарвыста мемє. Ахєм єнаккаг ныхас дє куыд нал сирвєза, афтє. Єрдхорд та ма дзы хуыздєр цы вєййы! — Мє фєндон мын сєххєст кєн, намє дє хъєбултєй ацы ран иуы єргєвдын. — Сє дыууєйы дєр мын куы ’рбаргєвдай, уєддєр, сєрмє бахєссинаг цы хъуыддаг нє уа, уый нє бахєсдзынєн мє сєрмє. Нє фегад кєндзынєн мє сєрыхицауы! — Уєдє ком нє ратдзынє, зєгъыс? — Ницєй тыххєй! Лєг фестад, кард фелвєста ємє дыуує лєппуйы къубєлттє єрбаргєвста. Ус барджыты дарєстєй лєджы фєлыст рамбырд кодта ємє доны уыцы фарсмє аленк кодта. Уыцы ран сєрыхъуынтє єрбамбырд кодта, худєй сє єрємбєрзта ємє лєджы дарєстє єрбакодта йє уєлє. Уыцы хуызєнєй араст, иу хъєумє бафтыд, єххуырсты бынат агуры. Сєм- бєлди йыл иу ацєргє лєг. — Хорз, єз дє бауромдзынєн, — загъта лєг. — Мє фосмє мын зилынц мє уєтєры иуєндєс лєджы, иу лєг ма мє хъєуы, ныллєуу мєм, мыздыл бафидау- дзыстєм. Єлдары ус сразы. Цєрынтє байдыдта. Єркаст фыййєуттєн сє хъуыддєг- тєм, уєтєрты рєвдзытєм. Уайтагъд сын раиртєста сє хъуєгтє ємє уынаффє райста йєхимє. Фос адихтє кодта, алы фыййауєн дєр бєрєг куыст радта, хуыз- дєр сє чи цємє арєхсти, ууыл єй бафтыдта, уаг сын сєвєрдта сє цардєн. Ноджы баздєхт ємє фыййєутты цєрєнтє, уєтєртє цадєггай аивта. Уыдон уыдысты уисєй быд, ємє сє уый хъєдєй ємє дурєй ног сарєзта. Бирє фєхуыздєр фосгєсты цард, бирє фєхуыздєр фосмє зылд. Бєрєгдєр уыдысты аннє уєтєртєй, аннє фосгєстєй. Цух нал кодтой уазєгєй. Ахєм уазєг сєм нє сємбєлдаид, кусарт кємєн нє акодтаиккой, хорз кєй нє федтаиккой. Фєлє сє фос уыйбєрц сысты хорз зыл- дєй, ємє сыл бирє хардз дєр нал зынди. Фыййауы кой дєрдтыл айхъуысти. Фосджын єлдєрттє, уєтєрджынтє хє- лєг байдыдтой, єлдары ус єххуырсты кємє уыди, уыцы фосджынмє, ахєм адєймаг кєй уєтєры уынаффє кодта. Єлдєрттє иуахємы кємдєр баиу сты. Сгуыхт фыййауы кой єрєфтыдтой. Дзырд радтой уыцы ран, цємєй басгарой єлдары уєтєр ємє феной сєхи цєсты- тєй, цытє бакодта разагъды фыййау. Фєхабар кодтой єлдармє, єнхъєлмє сєм куыд кєса бєрєг афонмє йє уєтєры. Єлдар худын байдыдта йєхиуыл: «Кєйдєр євджид бакодта йє ис-йє бис, дзыллєтыл айхъуыст йє фосгєсты хорзы кой, фєлє сє иу сгєрст нєма бакодта уый йєхєдєг, цы гєнєг сты, уый иє федта». Ємгъуыды бон євиппайды єрхызтысты уєтєры єлдар ємє йє уазджытє. Фыййєутты хистєр зилєнтє кєны, лєггад кєны уазджытєн. Иу нард гал аргєв- 179
ста, барєвдзытє кодта алы хєрд, алы нозт ємє хорз цєуылнє федтаид йє буц уазджыты. Фєсхєрд уєтєры арєзтытєм, фосы дардмє єркастысты уазджытє. Кєрои нал уыди сє дисєн, уыйбєрц хорз сєм фєкастысты, цы федтой уєтєры, уыдон. Уєд уазджытє фєрсынц сє фысым єлдары: — Чи у дє фыййєутты хистєр, кєм федта, кєм базыдта, бакєнын цы бафє- рєзта, уыдон, єви сє йєхи сєрєй сарєзта йєхєдєг? Єлдар сын ницы дзуапп радта — уый тыххєй ємє ницы зыдта йє фыййауєн. Єлдєрттє єрбасидын кодтой уєд хистєр фыййаумє ємє йє фєрсынц: — Зєгъ-ма нын, зєгъ, чи дє, стєй кєй сарєзтай, уыдон дєхи сєрєй райстай єви сє искєуыл базыдтай? — Чысыл нє федтам мах, ис нє алкємє дєр фос, уєтєртє, фыййєуттє, фєлє, дєуєн цы бантысти, уый никємєн ма бантысти, фосы кондєй ємє уєтєрты арєз- тєй. Стєй дє фєнд, дє куыст куыд фєзынди дє хицауы хєдзарыл, афтє никєй фєнд, никєй куыст фєзынди иу хєдзарыл дєр. Кєрон нал ис дє хицауы фосєн. — Хорз адєм, сымах цы бафєнда, уый сєххєст кєнын хєсыл нымайын єз мєхицєн. Фєлє уын цалынмє, чи дєн, уый сєргом уа, уалынмє ує курын, куыд мєм байхъусат, афтє. Єз уын єрхєссон иу чысыл таурєгъ. Єрмєст мын єууєнк раттут, мє ныхас мын къуылымпы чи кєна, єргом мын єй чи фауа, уый ацы ранєй куыд арвитат ємє єндєр ран урєд куыд єрцєуа, цалынмє нє радзурон, уалынмє. Фыййауы ныхасыл сразы сты. Уєд єлдары усыл цы єрцыди, уыдон радзырдта, цыма єндєр кєуылдєр. Ус йє таурєгъ куыд кодта, афтє фыццаджыдєр єддємє рарвыстой ємє бєрєг ран баурєдтой уымєн йє фыды єрдхорды, йє фыд Чабємє куы цыди, уєд кєй хєдза- ры царди ємє йын уыцы єфхєрдтє чи бакодта, хєтєгхауєг кєй руаджы фєци. Уый фєстє рарвыстой уымєн йє мойы хєлары, йє лєппуты йын чи аргєв- ста доны былыл, ус йє цєгатмє куыд фєцєйцыд, афтє. Таурєгъ фєци дзырд. Фыййау систа йє худ ємє уый хуызєн сєрыхил єркал- дысты худы бынєй. — Стыр єфсєрмы кєй фєкодтой, лидзєг чи фєци йє фыды хєдзарєй, йє хъєбултє саузєрдє лєг кємєн сєргєвста, уыйбєрц зынтє чи федта, уый єз дєн. Ныр у ємє мє хъаст хєссын сымахмє — тєрхонгєнєг сымах фєут. Тєрхоны єрбадтысты, уєдє цы кодтаиккой. — Хъєдын хырхєй сє цыппєргєйттєй афадєм, єндєр тєрхон сын нєй. — Уый нє уыдзєн, — загъта иу єлдар. — Цыппєргай дихєй дєр мард мард у ємє ує агурдзєн йе ’гъдау: марды кєнд, ныгєнын, фєллой сыл ис. Мє бєхрєгъау- мє ис єнєдомд уырсытє, саргъ євєрд кєуыл нєма уыди. Уыдонєй сє дыууєйы къєдзилыл бабєттын хъєудзєн, куыйхъєд, куыйдур сє куыд бакєной ємє се стєг- дар дєр куыд нал сбєрєг уа. Уый та сын мє тєрхон. Єлдєрттє фєстаг тєрхоныл сразы сты. Дыуує єлдары уырсыты дымджытыл ныббастой, ємє сє уыдон ныппырх кодтой. Кєрєдзийыл фєциитє кодтой єлдары ус, йє фыд, йє мой. Ус ємє та йє мой цєрынтє байдыдтой, зєнєг дєр та сын рацыди ємє та амондджынєй єрвыстой царды бонтє. Радзырдта йє Баскаты Темболат, 55-аздзыд, 14 мартъи, 1921 аз, Єры- дон. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємон таурєгътє, кад- джытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928 аз, ф. 113-121. 180
ХУРЫСКЄСЄН ЄМЄ ХУРНЫГУЫЛЄН ЄЛДАРЫ АРГЪАУ Ємє хурныгуылєн єлдарєн ныззади йє ефс. Ногзад байраг разынди єфсургъ. Єфсургъы кой сабыргай-сабыргай айхъуысти фыццаг хєстєг хъєутыл, стєй ата- уыз и байраджы кой дардыл дєр. Цингєнєг уыдысты єфсургъыл хурныгуылєн єлдар йєхєдєг дєр ємє йє адєм дєр. Ємє цин дєр куыд нє кодтаиккой: ныфс сє бацыди — ногзад єфсургъєй аивдзысты сє бєхты мыггаг, єфсургъ сарєх уыдзєн сє бєсты. Єлдар ємє дзыллєйы цин бирє нє ахаста. Ногзад єфсургъы кой байхъуыст хурыскєсєп єлдармє. Єлдар єнцад нал кодта, — рагєй бєллыди уый дєр єфсургъмє, фєлє йыл нє хєст кодта. Уєд минєвєрттє арвыста хурныгуылєн єлдармє. Минєвєрттє йєм бацыдысты ємє йын загътой: — Хурыскєсєн єлдар нє рарвыста дєумє. — Цємєн? — бафарста минєвєртты єлдар. — Хурыскєсєны хизгєйє не ’лдары уырс ныууасыди, хурыскєсєн уырсы уасын дє ефсы хъустыл єрцыди. Ефс уыйадыл фєзаинаг и ємє дын єфсургъ ныззади. Ныр дєм не ’лдар єрвиты, — єфсургъ ємбєлы ууыл, йє уырсєй кєм рацыд, уымє гєсгє. Ємє дє куры, дзєбєхєй йын єй єгъдауыл, єнє хъау- гъайє, єнє загъдєй куыд барвитай, афтє. Намє дєм єфсад єрбакєндзєн ємє єфсургъ дєр акєндзєн, стєй дє ууыл дєр хъуамє нє ныууадза, йє дзырды сєрты кєй ахызтє, уый тыххєй. Єлдар загъта минєвєрттєн: — Табуафси уын кєнын ємє мын єлдарєй ракурут, цємєй мын ємгъуыд скєна байраг баласынмє иукъорд мєйы. — Фехъусын кєндзыстєм єлдарєн, бахатдзыстєм, цємєй дын фєлєууа ємгъуыдмє, дєхицєй бєрєгмє. — Ємє минєвєрттє хєрзбон загътой хурны- гуылєн єлдарєн ємє аздєхтысты сє бєстєм. Хурныгуылєны єлдар єрсидти йє адєммє, цы сєрєн сєм єрсидти, уый сын радзырдта. Фєтєрхон кодтой єлдар ємє дзыллє. Равзєрстой, єлдар сын тых кєй кєны, сє байраг сын байсын кєй сфєнд кодта. — Ницы гєнєн ис, — загътой фєнды лєгтє ємє єлдар, — кєй нє єфхєры, уый ємбарєм, фєлє амал нєй; хєцын нє бон нє бауыдзєн, — фєтыхджындєр уыдзєн, фылдєр єфсєдтє ис уымє. Фєлє сєвзарєм лєгтє ємє сє арвитєм, кєд нын хурыскєсєн єлдар бахатыр кєнид. Ничи куымдта єлдармє минєвары, бирє фєракє-бакє кодтой. Фєстагмє єртє лєджы тых ємє фыдєй єнєбары сразы кодтой. Минєвєрттє бацєттє кодтой сєхи балцмє, сбадтысты сє бєхтыл ємє араст сты хурыскєсєн єлдармє курєг. Цыма сє зындонмє єрвыстєуыд, уыйау уыди сє зєрдє, уымєн ємє хурыскєсєн єлдар куыд карз адєймаг уыди, уый сын єнє зынд нє уыди. Цєуынц, цєуынц ємє иу хъєумє бахєццє сты. Уыцы ран єртє уынджы астєу кєсынц, ємє иу лєппу къєцєлтє, бырєттє рамбырд кєны ємє сє арт скєны, стєй хъєр кєны алырдєм: — Арт! Арт! Арт! Ардєм, ардєм, тавгєут уєхи! Фєдис кодтой минєвєрттє, єнахуыр хъуыддаг сєм фєзынди лєнпуйы хъуыддаг. 181
Куы йєм бахєццє сты, уєд фєурєдтой сє бєхтє, ємє йє фєрсы сє иу: — Цы ми кєныс ай єртє уынджы астєу? Хъєубєстє куы судзыс. — Хъєубєстєн ма тєрсут, — загъта лєппу ємє та ноджыдєр ныззєлланг кодта: — Арт! Арт! Тавгєут уєхи! — Ємє ай єппєт судзгє куы кєны хуры тєвдєй, уєд ма дє арты сєр та кєй хъєуы? — Арт! Арт! — хъєр кєны лєппу ємє та бырєттє рамбырд кєны ємє та сє бакалы артмє. — Цавєц диссаг уа ай? — дзурыиц сє кєрєдзимє минєвєрттє, сє бєхтыл бадгєйє. — Иє зонд йєхимє кємєн нєй, ахєм ма разынєд, уєд хъєуыл єндзары. Ємє та йє фєрсынц: — Фыд дын ис? — Ис. — Ємє кєм ис? — Абон сєударєй загъд агурынмє ацыди. — Дє мад та? — Мє мад єфстау мєрддзыгойы. — Кєд дын єфсымєр, мыййаг, ис? — Иу єфсымєр мын ис ємє дєлє уым нє хєдзары фєскъул гємєх быдыры цуан кєны. Кєрєдзимє бакастысты барджытє, ницы бамбєрстой лєппуйы дзырдтєй ємє араст сты сє фєндагыл. Лєппу та байдыдта хъєр кєнын: — Арт! Арт! Арт! Минєвєрттє цаиєбєрєджы ауадаиккой, афтє дзурын байдыдтой: — Лєппу арт цємєн кодта, уый нє бамбєрстам. — Уый ницы у, фєлє «Арт! Арт!» цємєн хъєр кодта, уый у диссагєн дзуринаг. — Уєдє йын, мєнмє гєсгєйє, йє дзуаппытєй мах иу дєр нє бамбєрстам: — Фыд — загъдагур, мад — єфстау мєрддзыгойы, єфсымєр та гємєх быдыры цуаи кєны. Цомут фєстємє ємє сбєрєг кєнєм, цы ныхєстє йын сты уыдон. Фездєхтысты фєстємє ємє йє фєрсынц: — Дє фыд загъд агурєг цы ’гъдауєй ацыд? — Авд фєндаджы астєу нын ис иу нєууы гєппєл ємє бон иєма фєцъєх, афтє йєм фєлдахынмє ацыди. Бахатыр кєнут, фєлє авд фєндаджы астєу цы хуым бакєнай, уый цєуджытє єнє хъыгдард кєм ныууадздзысты? Авд фєнда- гыл цал цєуєджы уа, уал хатты йє хыл кєнын хъєудзєн, уымєн ємє йын зиан кєндзысты йє фєллой. Кєрєдзимє бакастысты минєвєрттє. — Ємє уєд єфстау мєрддзыгой та цы хоныс? — Иу лєпиу амарди, ємє мє мад уырдєм фєцыди, райсом єз куы амєлон, уєд та мє мадмє єрцєудзысты хъыгтє кєнынмє. Уый єфстау у, уєдє йє цы схондзыстут? — Гємєх быдыры цуан кєны де ’фсымєр, уый та уєд куыд ємбарын хъєуы? — Дєлє нє хєдзары фєскъул йє хєдон раласта ємє дзы змєлджытє агуры. Минєвєрттє єрхызтысты сє бєхтєй ємє йын радзырдтой, кєдєм цєуынц, цєй фєдыл цєуынц, иыфс сє кєй нє ис хурыскєсєн єлдарєй дєр, стєй сєхи- цєй дєр: куы ницы сарєхсой, стєй сын исты фыдбылыз дєр ма куы скєна, уымєй дєр єдас не сты — стыр фыдбылызы адєймаг у єлдар. 182
— Лєпиу, чи зоны ємє ды исты бакєнис? — Хъуыддаг саразынмє мє ныфс хєссын, мєн єм сминєвар кєнут. — Хорз, уєдє, цом фєстємє хурныгуылєи єлдармє. Єлдар єркаст лєппуйы єууєлтєм, хъуаг єй ницємєй уагъта, буц єй дард- та, хорз уазєджы куыд дарай, афтє. Уєд иуахємы лєппу раиртєста, цыма єлдар стыр сагъєсы бацыди, уыйау, ємє йє фєрсы: — Бахатыр кєн, єлдар, фєлє мєм афтє зыны, цыма цєуылдєр єрєнкъард дє. — Раст у, — загъта єлдар, — хурыскєсєны єлдарєн ємгъуыд скодтон, цємєй мє уєдмє бауагътаид мєхи бар ногзад єфсургъы тыххєй; ныр ємгъуыд ивгъуыйы, єз та ницы хуыздєр єрхъуыды кодтон байраг баззайыиєн. Тєрсын, куы мєм ныббырса, уымєй: уєд — байраг дєр єлдары, стєй ма мын єнє уый дєр цы хъом бауыдзєн, уымєи дєр бєрєг нєй. Катайыл сдєн. — Уый тыххєй дєр мєты бацыдтє! Хъуыддаг мє бар кєнын. Мєнєн уыйбєрц бантысдзєн ємє байраг дєр дєхи бауыдзєн, Хурыскєсєи єлдар дєр дын дє зєх- хы кєрєтты дєр нал ауайдзєн. Єрмєст єм мєн сминєвар кєн. — Єндєр хорз ницы ракурин Хуыцауєй: мє ис-мє бисєн дын йе ’мбис раттин, — загъта єлдар. — Уєдє цєуын єз хурыскєсєн єлдармє минєвар. Фєлє дєуєй дєр цы курон, уый мын сараз мє балцєн. — Цыдєриддєр зєгъай, цєттє дын уыдзысты, кєдмє зєгъай, уєдмє, — загъ- та єлдар. — Хорз, уєдє. Иу стыр теуа ємє иу, стыр боцъотє кємєн уа, ахєм цєу мын ссар, ноджы мын фондзыссєдз барєджы бафтау мемє, — уыдон дын, мє балцєн чи хъєуы, уыдон. Араст кодта лєппу хурыскєсєн єлдармє. Фондзыссєдз барєджы йє фєдыл, теуа ємє зачъеджын цєу. Цєуынц, цєуынц, чи зоны, цєйбєрц фєцыдаиккой. Фєстагмє хурыскєсєн єлдары хъєумє баввахс вєййынц. — Хъєугєроп дыуує дихы фєуыдзыстєм. Ые ’мбис тєргє бєхтыл хъєууынг- ты єруайдзысты; хъєуы куыйтє сє фєдыл фєуыдзысты, цы сты, уымєй; уєд сымахєн ує аннє ємбис куыйты айсдзыстут фєстейє; куыйтє ує астєуєй куыд фєуой, афтє. Кєсут, євєдза куыйтє ує астєуєй фесты, афтє сыл ралєуут, иу дєр дзы удєгасєй куыд нєуал аирвєза, афтє. Уый фєстє єрхиздзыстєм єлдары уазєгдоны. Кєй зєгъын єй хъєуы, дзыллє уєм смєсты уыдзысты, дзуапп ує агурдзысты, фєлє ує мачи мацы срєдиа! Цасдєриддєр уєм нє дзурой, мачи ує срєдийєд. Куыд сфєнд кодтой, афтє кєнгє дєр бакодтой. Хъєуы уынг тъыбар-тъыбур, куыйты рєйын фестади єваст. Хъєуы куыйтє єваст барджыты астєу фесты; барджытє сын хєрз цагъд ныккодтой, сєхуыдтєг ницы ракєноны хуыз райстой ємє хурыскєсєн єлдары уазєгдоны ’рхызтысты. Дзыллє фєфєдис сты, уазєгдоны раз рамбырд сты, ємє бєстє єппєт сдзол- гъо-молгъо. Хъєубєстєй чи афтє: «Марын сє хъєуы, нє куыйты маст сє рай- сєм», чи та афтє: «Єлдары євастєй сєм куы бавналєм, уєд, йє ахаст ын зонут — куы смєсты уа. Бауырнєд ує, нє куыйтє куыд нє уыдысты, фєлє нє уыдон маст дєр нал бандавдзєн: нє хъєуы ’мбис нын цєгъдгє дєр ныккєндзєн, арт дєр ыл бандзардзєн. Зонут, зиан скєнєг уазєг бакодтой сєхи». «Уєдє куыд?» «Уєдємє сисєм лєгтє нє астєуєй ємє сє барвитєм єлдармє. Уыдон ын хъуыддаг бамба- рын кєндзысты ємє уєд сбєрєг уыдзєн, цы кєнын хъєуа, уый». 183
Минєвєрттє бацыдысты єлдармє, хъуыддаг ын фехъусын кодтой. Єлдар сын загъта: — Ацєут ємє сє бафєрсут — цємєн фєцагътой хъєубєсты куыйты? Цы сын ракодтой? Уазєгдонмє бацыдысты ємє фєрсынц. Уазджытєй ничи ницы дзуры. Ми- иєвєрттє кєрєдзимє бакєсынц. Уєд лєппу ныхас кєнын байдыдта, ахєцыд ємє ахєцыд, ахєм койтє сын ракодта ємє хъуыддагмє ’ввахс дєр нє бацыдысты. Минєвєрттє дзуапи єнхъєлмє фєкастысты, стєй баздєхтысты єлдармє ємє йыи радзырдтой: — Уазджытє сты иу лєппу ємє фондзыссєдз лєджы. Фарстам сє ємє фон- дзыссєдз лєгєй иу ныхас дєр ничи скодта, цавддурты лєуд кодтой. Фєлє лєппу, стъєлды фєуа, зєххєй уєлємє тыххєй зыны, — дзурынтє байдыдта и, — цу, цу! Кєуылты нє ахєцыди. Дзуапмє фенхъєлмє кастыстєм, фєлє никуы ємє ницы. — Цєугєут ємє сын зєгъут: дзуапп уын стыр гуыр ємє чысыл сєр кємєн уа, ахєм лєг куыд радта, афтє. Уымє сын лєппу теуа єрбаласын кодта ємє сын загъта: — Ай хуызєн стыр гуыр кємєн разына, стєй ай сєры арєзтєн чысыл сєр не ссардзыстут иу лєгєн дєр єгас дунейыл дєр. Фєлє уын йє гуырмє гєсгє дзуапп дєр радта, уый у гуырысхойаг. Єлдар йє сєр акъахта, лєппуйы дзуапп ын куы фехъусын кодтой, уєд. — Зєгъут сын, цємєй уын дзуапп радта зачъеджын лєг. Ємє уєд лєппу ’рбахонын кодта минєвєртты размє цєуы. — Бауырнєд дє, мєнє ацы цєуы зачъетєй стырдєр ємє аивдєр зачъетє бирє не ссардзыстут, иу афєдз куы фєцагурат, уєддєр. Фєлє ’нхъєл дєн, ємє йє дзуаппыл уыйбєрц нє бадомдзыстут. Бахастой та єрвыст лєгтє лєпнуйы дзырдтє хурыскєсєн єлдармє. Ныттылдта єлдар йє сєр ємє загъта: «Хуымєтєджы уазєджы ахєсты нє фєдєн. Цон сєм мєхєдєг». Єгасцуай загъта уазджытєн єлдар, єрбадт, кєм ыл ємбєлд, уыцы ран, стєй фєрсы: — Цємє гєсгє ныццагътат хъєубєсты куыйты? Фондзыссєдзєй єнцад лєууынц, лєипу дзырд айста йєхимє: — Ємє уєдє куыд бакодтаиккам, дє хорзєхєй, єлдар? Кєсыс нєм, айбєр- цєй цуаны рацыдыстєм, иу ран иу хъєдмє баввахс стєм, хурныгуылєнырды- гєй. Кєсєм ємє хъєдгєрон хур йєхи єрцауыгъта, афтє фондзыссєдз саджы астєумє кєрдєгыл хизыиц, сагтє, сєрджын сагтє се’пиєт дєр. Нєхи бацєттє кодтам, фєйнє сагмє бахъавыдыстєм ємє сє ныр рафєлдахєм, зєгъгє, афтє ує хъєуы куыйтє срєйдтой; сагтє фєтарстысты ’мє сє нє цєст дєр нал ауыдта. Цы бакодтаис, єлдар, ды мах бєсты? Цєгъдын сыл не ’мбєлди, мах утєппєт сагтєй єнєхай чи фєкодта? Єлдар иуцъусдуг ахъуыды кодта, стєй загъта: — Фєуєд афтє дєр; фондзыссєдз саджы ссардтат хъєдгєрои, дард кємдєр, хурныгуылєны, фєлє ма ує бафєрсон — куыйты рєйын та уый бєрц дард ранмє куыд байхъуыстаид, бєхджын єм къуыри куынє фєхєццє уыдзєн, уєд? — Єлдар, уый фєдыл дын єз иучысыл ємбисоид єрхєсдзынєн, байхъусын мєм дєхицєн аккаг куы скєнай, уєд, — загъта лєппу. — Хъусын дєм, байдай дзурын, мє уазєджыхай, — дзуапп ын радта єлдар. — Кємдєр, дард, арвєн йє иу кєрон, хурныгуылєнырдыгєй євзєр байраг 184
ныззади єлдары ефс. Уыцы хабар байхъуыст єндєр єлдармє, уый та царди арвєн иннє кєрон, хурыскєсєнырдыгєй. Фєстаг єлдар єрдау кодта байрагыл, ємє йыл дау дєр цємє гєсгє єркодта, уый дын куы радзурин. Баздєхт ємє барвыста, байраг кєй уыди, уыцы єлдармє: «Мє уырс ныууасыди денджызы былыл, хурыскє- сєны, хурныгуылєны йє дє ефс фехъуыста ємє дын байраг ныззади. Байраг мє уырсєй кєм у, уым мєныл ємбєлы ємє мыл єй тагъд сємбєлын кєн». Ныр дєм, єлдар, єз дєр бауєнддзынєн, кєд фєстаг таурєгъ бауырнинаг у, уєд раззаг тау- рєгъ цємє гєсгє нєу бауырнинаг? Єви єгас хъєубєсты куыйты хъєр иу уырсы хъєры хуызєн иє айхъуыса? Єлдар хорзау нал фєци. Стєй єрєджиау загъта: — Иунєг чызг буцєн фєхастон ацал-ауал азы, мє зєрдємє чи бацыдаид, ахєм лєпнуйыл никуы фєхєст дєн ныры онг. Фєлє єнхъєл дєн, ды мын хєс- тєгєн сбєздзынє. Мє иунєг буц чызджы дын аккаг кєнын. Хурныгуылєн єлда- рєн дєр амєттаг уєд йє байраг. Лєппу хурыскєсєн єлдары чызджы рахаста ємє єлдары бынтыл єрєнцад. Хурныгуылєн єлдар чындзєхсєв скодта. Адєм дзы хъєлдзєгєй минас фєкодтой. Радзырдта йсе Саламты Илас Убєйы фырт, 6 ноябрь, 1922 аз. Ныф- фыста йє Ємбалты Цоцко. <<Ироп адємы таурєгътє, кадджытє семаг аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928 аз, ф. 77—83. ЄЛДАРЫ ЧЫНДЗЫ АРГЪАУ Царди ’мє уыди иу єлдар. Туг дзы дардтой, туг, фєлє йє туг райсын йє бон нє уыди. Тыхджын уыдысты йе знєгтє, ємє сын хинєй куы ницы сарєзтаид, уєд єргом тыхєй ницы бафтыдаид йє къухы. Хъуыды кєнын байдыдта єлдар, цы амалєй райса йє туг, цы фєрєз ын скєна. Бирє фєхъуыды кодта, бирє, ємє єрєджиау сєвзєрыди фєнд йє сєры. Фєнд та уыди ахєм фєнд, ємє йє сєххєст кєнынєн хъуыди ахєм адєймаг, єлдары фєсномыгєй чи ємбєрстаид. Єлдарєн уыди ус ємє иунєг фырт, фєлє уыдон, фєспомыг ныхас чи ємбєрс- та, ахєм нє уыдысты. — Бавзарон мє амопд, — загъта єлдар, — мє фыртєи ус ракурон, чи зоны, ємє мє чындз разындзєн, мє хъуыддагєн мє чи хъєуы, ахєм адєймаг. Ус єрхаста йє фыртєп. Иу рєстєджы ацардысты. Ємє єлдар зєгъы йєхи- нымєр: «Бавзарон мє чындзы». Єрбасидт йє фыртмє ємє йын дзуры: — Дєхи бацєттє кєи балцы: ємбисєхсєв раст кєнєм, бєхтє рєвдз куыд уой, афтє. Лєппу сыстад ємбисєхсєв, аифтонг кодта бєхтє, ємє араст сты балцы фыд ємє фырт. Хъєуєй иудзєвгар ацыдысты, афтє фыд дзуры йє фыртмє: — Лєппу, нє фєндаг нын ацыбыр кєн. — Фєндаг бєндєп нєу, куыд єй ацыбыр кєион? — загъта фырт. Фыд баздєхт ємє фыртєн адємєн ємбисонды пад скодта, уыйадыл фєс- тємє сє хєдзармє єрбаздєхтысты. Єризєр. Адєм схуыссыдысты, єлдары бинонтє дєр афтє. Уєд єлдар фырт ємє чындзы уатмє йєхи аивєй баласта, ємє сєм хъусы. Уаты цєуы дзурьш: 185
— Къуыри балцы куы цыдыстут? — загъта чындз фєрсєгау. — Цєй балц ємє цєй єндєр, уый йє зєрды мєн нємын уыди, ємє мєм хорз базылди фєндагыл йє ехсєй, — загъта єлдары фырт. — Ахєм лєджы хєрєгєн ма ныддардєуа, — загъта чындз, — исчи ма дє карджыи адєймаджы, ноджы йє иунєг фырты афтє єфхєры? Райсомєй єлдар дзуры йє усмє: — Нє чындз ахсєв мє хєдзары куыд нєуал схуысса, афтє бакєн, уымєй махєн чыидз нєй. — Цы дын кодта, єгєр дзєбєх адєймаг у? — Ахсєв мє хєдзары цємєй иал схуысса, уый бакєн, — загъта та єлдар. Арвыста єфсин йє чындзы, ємє та сє фыртєн єрхастой єндєр чызг. Бонтє та сыл аивгъуыдта. Єфсин ємє чындз кєрєдзийы єруарзтой. Уєд та єлдар єрбасидти йє фыртмє ємє йын дзуры: — Ємбисєхсєв бєхтє цєттє куыд уой, афтє, раст кєнєм къуыри балцы. Араст та кодтой фыд ємє фырт балцы. Цєй бєрц ацыдысты, чи зоны, фєлє та фыд дзуры йє фыртмє: — Лєппу, єнє донєй аг куы рафыцын кєнис. — Ау, ємє дын єнє донєй аг куыд рафыцын кєнон? — загъта фырт. Єлдар та фєнадта йє фырты, ємє раздєхтысты сє хєдзармє. Єхсєвы, адєм куы схуыссыдысты, уєд єлдар хъусы, фырт ємє чындз цы дзурдзысты, уымє. — Цєй тагъд фездєхтыстут? — загъта чындз, — къуыри балцы цєуынмє куы хъавыдыстут? Лєппу радзырдта йє усєн сє балцы хабар, куыд єй сиадта, цєй тыххєп йє снадта, стєй ма загъта: — Нємынмє мє асайдта, єндєр єй балцы мєт уыди цы! — Хєрєг ыл ма слиуыра ахєм зєрондыл? Исчи ма афтє єфхєры йє иунєг бындары? — загъта ус. Єрбабон та ис, афтє та єлдар дзуры йе ’фсинмє: — Нє чындзы арвит йє фыды уєлартмє, ахсєв нє хєдзары куыд нал уа, афтє. — Цы дыл єрцыди, дє хорзєхєй, стєй дє цы хъєуы чындзимє? Чындзыл цытє ємбєлы, уыдон єгєр хорз дєр ма кєны. Ноджы иу арвыстам, ныр та дыккаг, — дзуры єфсин. — Уый зон, ємє ма нє чындз ахсєв нє хєдзары куы схуысса, уєд дєуєн дєр ам бынат нал ис. Арвыстой та чындзы йє фыды уєлартмє. Єлдар катайыл сси, хъуыды кєнын та байдыдта ємє сфєнд кодта. Єрбасидт йє фыртмє ємє йын дзуры: — Баздєх ємє нє фыр дє фыццаг атєр: хъєутыл єй єрзилын кєн, бахъар єй, кєд єй исчи балхєнид. Ауєй йє кєн фондз сомыл, йє сєр, йє дыуує фарсы нєхимє куыд уой, афтємєй. Фєндаггаг дє нє хъєуы: дєхи-иу бацамон ємє дє фысымтє цєттє уыдзысты, кєдєм бацєуай, уыцы ран. Бирє рахєт-бахєт фєкодта єлдары фырт фыр хъаргєйє, фєлє йє єлхє- нєг нє уыди. Єлдары зонгєтєй та бирєтє сагъєсы бацыдысты. «Никуыма єрцыди ахєм уєй. Чи балхєидзєн фыр уыцы аргъєй, ноджы сєр ємє дыуує фарсы уєйгєнєджы. Цыдєриддєр у, уєддєр рєдыд хъуыддаг у хъуыд- даг. Фєлє лєппу йєхєдєг рєдийы, єви йє фыды зондєй, уый бєрєг дєр нєй». Афєдзмє ’ввахс фєхатт єлдары фырт, фєлє фыры єлхєнєг нєй. Фєс- 186
тагмє раздєхт сє хєдзармє. Йє фєндаг цыди, сє хъєумє хєстєг чи уыди, ахєм хъєуыл. — Єххєст ма йє ам дєр бахъарон, — загъта лєппу. Фєцєуы уынгты, амбєлди мад ємє иу чызгыл. — Ує бон хорз. —Дє уд фидар уєд, — загъта мад. — Мє фыр мын балхєнут, — фондз сомы йє аргъ; сєр ємє йє фєрстє мєхи. — Нє, нє балхєндзынєн уыцы аргъєй — зынаргъ у, — загъта мад ємє араст йє фєндагыл. Уєд єм дзуры йє чызг: — Райс єй, зынаргъ нє, фєлє нын лєвар кусєрттаг Хуыцау єрхаста. — Налат, дє фєндиаг — лєпиуйы зєрдє куы балхєниккам, цємєй дєм ракє- са дзєбєх цєстєй, — загъта чызгєн мад. — Нана, зєгъын дын, кусєрттаг лєвар у: фидгє дєр ницы бакєндзыстєм, минас дєр фєкєндзыстєм кєйдєр фосєй. Фєсасти мад ємє лєппуйы сє хєдзармє бакодтой. Чызг дзуры лєппумє: — Махмє кусарт чи акєна, ахєм нєй, фєлє зивєг ма бакєн ємє нын єй аргєвд, єз дєм фєкєсдзынєн. Райсом дын Хуыцауы фєндонєй, дє кусарт дє къухты бакєндзыстєм ємє дє афєндараст кєндзыстєм ує хєдзармє. Хорз федтой сєхи уыцы ран. Райсом чызг кусартєн йє дондзон (мизг) ємє хєлцон (єйчытє) бєлвырд батыхта хєцъилы мидєг ємє дзуры уазєгмє: — Мєнє дын уый дє кусарты аргъ, хъусыс, фєхєсс сє ємє сє ратт дє фыдєн. Лєппу єрцыди йє хєдзармє. Фысы аргъ радта йє мадмє. Мад сє райхєлд- та ємє бардиаг кодта, хєцъилы тыхт куы федта, уєд. Кєм сє уєнды фыдєы схъєр кєнын!.. Иу бон рацыд єви фылдєр, афтє фыд фєрсы йе ’фсины: — Нє лєппу куы ’рцыди, фыр куы нєуал єрласта, уєд йє аргъ кєм и? — Чидєр нын єй цєхджын сайд фєкодта: фыры аргъы ’фсон ын чидєр йє къухы скодта ахєм цыдєртє, ємє дєм сє єфсєрмы кєнын равдисын, — загъта мад. — Рахєсс ємє сєм єркєсєм, — дзуры фыд. Гєнєн нал уыди ємє сє рахаста, ємє сє єлдармє радта, йєхєдєг сагъє- сыл сси: — Мардзєн мын мє иунєг хъєбулы, куы сє фена, уєд. Фыд райхєлдта хєцъилы баст, єркаст фыры дондзон ємє хєлцонмє, ємє кєрон нал уыди йє цинєн. — Фєхєст дєн, — загъта єлдар, — цы хуызєн адєймаг агуырдтон, уый хуы- зєныл, кєд мын єй Хуыцауы цєст бауарза, уєд. Басидт йє фыртмє ємє йын дзуры: — Сомбон, дє фыр кєм ауєй кодтай, уыцы хъєумє нє хъєуы фєцєуын, — дє бєхтє цєттє куыд уой, афтє. Єлдар ємє фырт уыцы ифтонгєй бараст кодтой сє сыхаг хъєумє, єрхызты- сты къулбадєг усы хєдзары фысыммє. Суазєг сє кодта къулбадєг ус, йє бон цємєйты уыди, уыдонєй. Стєй йын єлдар дзуры: — Нє цыды сєр цємєн уыди дєумє, уый дын хъусын кєнын, ємє мєм єрбайхъус. Фєнды мє демє хєстєг бакєнын, ємє нє аккаг скєн ды дєр дєхи- цєн хєстєгєн — дє чызджы дын курын мє фыртєн усєн. 187
Ской кєнын дєр єй нє уадзы къулбадєг ус: — Єлдар, уыцы хъуыддаг не суыдзєн, суинаг дєр нєу. Ды — єлдар, єз — къулбадєг ус. Ды хъуамє бацагурай де ’мхуызон єлдары хєстєгєн ємє уыимє бакєн хъуыддаг, єз дєр иу мєхи ’мхуызоны ссардзынєн, кєд Хуыцауы фєнда, уєд. Уазєг дє скодтон, мє бон цємєй уыди, уымєй, фєлє мє уый бєрц єгады бынаты сєвєрдзынє мєн, сидзєргєс усы, уый єихъєл нє уыдтєн. — Дє чызг мє хєдзары єфхєрд нє уыдзєни, єлдары фыртєн цы бинойнаг єрхєссай, уымєн цы кад, цы рад ємбєлы, уыцы кад, уыцы рад уыдзєн мє хєдзары дє чызгєн. Къулбадєг ус ма бирє фєдзырдта, фєлє фєстагмє сразы. Чындз та єрхаста єлдар. Бирє та рацыд, чысыл чындзыл, афтє та дзуры єлдар йє фыртмє: — Къуыри балцы цєуєм, ємбисєхсєв нє бєхтє цєттє куыд уой, афтє. Єлдары фырты зєрдє бауазал къуыри балцы койє, раст йєхи марыны онг сси, фєлє уєздан туг кєй уыди, уый тыххєй ницы бафєрєзта йє фыдмє. «Мє фыд у — маргє мє кєна, нємгє мє кєна — йєхи хъуыддаг у, йє бар мыл цєуы», — загъта лєппу йєхинымєр. Ємбисєхсєв ног хаст чындз фестад, бєхтє арєвдз кодта, йє сєрыхицауы райхъал кодта ємє йєм дзуры: — Уєлємє, бєхтє рєвдз сты; дє фыды райхъал кєн ємє ує балцы кой бакєнут. Єлдар ємє та фырт абалц кодтой, иудзєвгар та куы ацыдысты хъєуєй, уєд та фыд дзуры фыртмє: — Лєппу, нє бєхтє нын анард кєн. — Ємє сє цармы дзаг куы сты, уєд ма дын сє чердєм анард кєнон? Єцєг ємбисонды над ын скодта фыд йє фыртєн єртыккаг хатт. Раздєхтысты сє хєдзармє. Изєры та єлдар хъусы йє фырты уатмє. Уыр- дыгєй цєуы дзурын: — Цєй тагъд фездєхтыстут, стєй цєй єнкъард дє? — фєрсы ус йє лєджы. — Єнкъард нє, фєлє мєнєй єндєр афонмє йєхицєн исты фыдбылыз са- рєзтаид, мє фыд ємє мє мадєн фегадєй куы нє тєрсин, уєд. Ныр мє єртыккаг хатт, балцы цєуєм єфсонєй асайы, хъєуєй куы аиртєсєм, уєд мє уыцы ран снємы, ємє та фєстємє єрбаздєхєм нє хєдзармє. Уый дын йє балц, уый дын йєхєдєг. — Багъєц, ємє дє уєд цы сєрєн снємы? — бафарста лєппуйы чындз. — Цы сєрєн, куы зєгъай, уєд фєстаг хатт куы фєцєйцыдыстєм, уєд мєм дзуры: «Лєппу, нє бєхтє нын анард кєн». Єз ын загътон: «Нє бєхтє фырнєрдєй тъєпп куы хауынц, уєд ма дыи сє чердєм нард кєнон», — радзырдта єлдары фырт. — Ємє дє уєд фыццаг дыуує хатты та цємєн бафхєрдта дє фыд, — ноджы- дєр фєрсы йє мойы ус. Фыццаг хатт єваст дзуры: «Нє фєндаг пын ацыбыр кєн». Фєндаг бєндєн иєу, тухєн ын нєй. Дыккаг хатт та мын афтє: «Єнє донєй аг рафыц». Мєнмє гєсгє, йє сєрымагъз кємєн фенкъуысыди йє бынатєй, уый кєндзєн ахєм ныхєстє. Чындз байхъуыста лєппумє, ахъуыды кодта ємє загъта: — Фыдмє, мє хицаумє, аххосагєй мисхал дєр нєй; диссаг у, маргє дє куыд нє акодта, уый бєрц йєхиуыл хєцын куыд бафєрєзта. Нє бамбєрстай ды дє фыды ныхєстє, афтємєй зын бамбаринаг нє уыдысты. Фєндаг ацыбыр кєн дын 188
куы загъта, уєд ын исты таурєгъ єрхастаис, иу зарєг ын ракодтаис, ємє ує фєндаг фєцыбыр уыдаид, дє фыд дє разыйє баззадаид. Єнє донєй аг рафыцын кєн дыи куы загъта, уєд ын йє лулє йє ронєй фелвєстаис, асыгъдєджытє йын єй кодтаис, тамако йын дзы акєн, зынг дзы авєр (арт ыл андзар), ємє аг єнє донєй рафыхтаид. Фєстаг хатт дын куы загъта: нє бєхтє нын анард кєн, уєд дє бєхєй рагєпп кєн, єрхизын кєн дє фыды, бєхты сєргътє фелвас, сахсєнтє сыл авєр ємє сє хизынмє аскъєр. Дєхєдєг нымєт кєрдєгыл єрытау, дє фы- дєн саргъ йє нывєрзєн акєн. Бєхтє дєр, уєхуыдтєг дєр ує фєллад суагътаик- кат ємє дарддєр євєлмєстєй дардтаиккат ує фєндаг. Райсом бонєй єлдар дзуры йє бинонтєм: — Дард балцы цєуын ємє мє барєвдзытє кєнут. Барєвдзытє кодтой єлдары. Кєдєм цєуы, цємєн цєуы, уымєй ницы схъєр кодта бинонтєн. Иукъорд рєстєджы аивгъуыдта, фєлє єлдар зынєг нєй. Уый баздєхт ємє ацыди, цємєй сбєрєг кєна, йє туджджынтєй йє туг куыд амалєй райстаид, уый. Фєлє єлдары туджджынтє базыдтой, єрцахстой йє, рафистєджытє йє кодтой ємє йє хъоргъы ауагътой. Сфєнд ыл кодтой, искуыдєм єй куыд ныууєй кєной, афтє. Єлдар бады хъоргъы ємє сагъєсы бацыди — иуєй йє туг иє райста, пыр та йын йє фыдызнєгтє ныууєй кєндзысты йєхи дєр. Цыдєриддєр уыди, уєддєр иуахємы єлдар єрбасидын кодта йє туджджын- ты хистєртєм ємє сын дзуры: — Ныфс мє ис ємє уєхицєн аккаг не скєндзыстут уе ’мсєр адєймаджы фегад кєнын єнєхъуаджы. Бон бадгє нал кєнын, єхсєв мє хуыссєг нал ахсы фыр мєтєй, — мє сєрєн мын цы ємбєлы, ахєм аргъ куы нє скєнат. Курын ує ємє, мє сєрєн аргъгєнєг мєхєдєг куыд уон, уыцы бар раттут, уыцы хатыр мын бакєнут, уыцы ’гъдау уе знагєн скєнут. — Дє дзых дє тєрхон фєуєд, — загъта йын туджджынты зєгъєг лєг. — Уєдє уын ай мє сєры аргъ: стдєс стдєсы иусион галы, стдєс стдєсы дыууєсион галы. Ноджы нє хєдзары єртє сызгъєрин цєджындзы. Баздєхєнт ємє иу къулгард райсєнт къулєй, фєсдуар єй сау дурыл ассєнт. Хєдзары астєу єртє цєджындзєй дыуує уыцы ран ралыг кєнєнт, апнє єнєхъєнєй рафтауєнт ємє йє уыцы хуызєнєй ардєм раласєнт. Курын ує, ує мыггаджы хуыздєртєй єртє сминєвар кєнут мє хєдзармє, цємєй фехъусын кєной уыдоп мє бинон- тєн сє лєджы хъуыддаг. Туджджынтє разыйє баззадысты єлдарєй. Сє хуыздєртєй єртєйы сминє- вар кодтой єлдары хєдзармє. Єрємбырд сты єлдары хєстєджытє єлдары хєдзармє. Єрбадтысты тєр- хоны. Бадынц, бадынц, хъуыды кєнынц. Уыцы рахъуыды-бахъуыды фєкодтой, фєлє минєвєртты ныхас, єлдары иыстуан єлдары сєры аргъєн бамбарынєн ницы фєразынц. Кєй нє бафарстой, ахєм нал баззади, фєлє иу дєр нє бамбєр- ста єлдары ныстуан. Фєстагмє мыггаджы хистєртє сминєвар кодтой єлдары ногхаст чындзмє: — Зонд хистєрєй кєстєры сєрыл нєу, сылгоймаг ємє нєлгоймагєй дєр нєу. Нє хєстєг, не ’ввахсєй иу нал баззади, кєй нє бафарстам, ахєм, фєлє иу дєр дзуапп нє радта єлдары ныстуаиєн, ды дєр ма йє куы нє бамбарай, уєд цы бакєнєм, уымєн ницыуал хос зонєм нє сєрєн. — Єз бирє дєр нєма рацардтєн, уынгє дєр чысыл фєкодтон, зонгє дєр 189
бирє нєма кєнын. Хистєртє, хєтєнты чи фєхатти, цєуєнты чи ацыди, уыдон кєй нє бамбєрстой, уый єз кєм бамбардзынєн? Фєлє уєддєр, хистєрты цы фєнда, уый сєххєст кєнын стыр хєс у мєнєн. Чындз ахъуыды кодта иудзєвгар, стєй байдыдта дзурын: — Иусион галтє сты — стдєс стдєсы арцджын хєцєг адєм, дыууєсион галы — стдєс стдєсы кард ємє уартєй чи хєцы, ахємтє, стдєс стдєсы — фатєй чи схєцдзєн, ахємтє. Єртє цєджындзы сты єртє уазєджы — минєвары. Къулгард у — уєхєдєг, ує фєнд, ує зонд, фєсдуар сау дур, уый та єз дєн. Єлдар фєрсын кєны мєн, цємєй уын єз радзурон, йє ныстуан цы амоны, уый. Єлдары хъєуы єфсєддон адєм: стдєс стдєсы — єрцджынтє, стдєс стдєсы — кард ємє уарт- джынтє, стдєс стдєсы — фатджыитє. Ноджы зєгъы, єртє уазєгєй дыууєйы ує тугмє уал куыд амарат, аннєйы єфсєддон адєм куыд акєной семє фєндаг амо- нєг, уєд єлдарєн йє хъуыддаг сєххєст кєнын бафтдзєн йє къухы. Чындз куыд загъта, афтє бакодтой мыггаджы хистєртє. Хєцєг адєм єлда- рыл сємбєлдысты ємє уый, куыд ємбєлди, афтємєй йє туг райста йе знєгтєй. Уырдыгєй фєстємє зонынджын чындзєн єлдары хєдзары мыггаджы ’хсєн, дзыллєйы астєу уыди уєлдай кад, уєлдай єгъдау йє зонд ємє йє хъаруйы руаджы. Радзырдта йє Баскаты Тазрет, Єрыдои. Ныффыста йсе Ємбалты Цоцко. «Ироп адємы таурєгътсе, кадджытє ємсе аргъсеуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъсеу, 1928 аз. ф. 41—47. ЛЄППУ ЄМЄ ЧЫЗГ КУЫД БАФИДЫДТОЙ Иу єлдар фєцєйцыди йє хєдзармє. Фєндагыл єлдарыл амбєлд иу лєппу- лєг. Салам радтой кєрєдзийєи. Лєппу-барєг йє бєх єрцавта ємє єлдары галиу фарс цєуын байдыдта. Цєуынц, цєуынц ємє єлдар лєппу-лєгєн «аздєх» нє зєгъы. Цєй бєрц фєцыдаиккой, фєлє уалынмє фєндаг фесєфт пыхсбыны. Лєппу дзуры хистєрмє: — Фарн дєм дзурєд, мє бєрзонд хистєр, фєлє мын бар куы раттис, уєд дын єз фєндаг акєнин. Ницы сдзырдта єлдар, йє цыды кой кєны, — къудзитыл, бындзєфхєдтыл къуырттытєгєнгє сєхицєн фєндаг амалтєй арынц. Фєндаг куыд фєстємє зын- дєрєй-зындєр кєны, афтємєйты иу цъыфдзастмє бахєццє сты. Лєппу та дзу- ры хистєрмє: — Мє бєрзонд хистєр, фарн дєм дзурєд, фєлє мын бар ратт, ємє єз хид акєнон. Єлдар йє бєх єрцєфтє кодта ємє цъыфдзасты фєлєгєрды, уєдє цы уыда- ид. Бирє нєма рацыд, афтє дзы ныхсын байдыдта. Лєппу йє бєх бєласы цонгыл афидар кодта, йе ’ддаг дарєстє феппєрста ємє фыццаг цъыфдзастєй раласта лєджы уєлбылмє. Уый фєстє та басєррєтт ласта цъыфдзастмє, бєхєн йє къєхтє хєрдмє фєцарєзта ємє йє раласта йє рагъыл. Фєсалєй басыгъдєджытє кодта барєджы, бєхы, сбадын єй кодта, ємє та араст сты. Цєуынц, цєуынц ємє мєнє дуне адєм мард фєласынц. Сє бєхтєй єрхызтысты бєлццєттє, єрлєууыдысты, мардєн єгъдау радтой. Уєд лєппу-лєг фєрсы: 190
— Бахатыр кєнут, фєрсєг сонт у, фєлє ує мард хєдзары мард, хъєуы мард, єви комы мард у? Адємєй иу рахицєн ємє дзуры: — Мард у комы мард, ємє ком уый тыххєй сызмєлыд. Лєппу-лєг ахєм дзуапп куы фехъуыста, уєд марды уєлхъусмє кєугє бацыд, йє сєр ехсєй нємгєйє. Араст сты сє бєхтыл ємє иу афон єлдары кєрты дуармє єрхызтысты. Єлдар уазєджы уазєгдонмє бакодта, йєхєдєг бацыд йє хєдзармє. Єлдарєн уыди иунєг чызг, фєцинтє кодта йє фыдыл, стєй йє фєрсы: — Дада, ємє уєд уазєг та ма чи у? — Ємє чи у?!. Фєндагыл мыл амбєлд, мє галиу фарс цєуєг йєхи акодта; иу хъєдбынмє куы ’рхєццє стєм, уєд мын дзы хъавыди фєндаг кєнынмє, — цыма мєн уыдєттєм євдєлди... — Дада цєра, ємє кєд ує фєндаг євзєр уыди, уєд уый зєгъынмє хъавыди пыхсы фєндаг рацагурын, цємєй єдыхстєй цыдаиккат ує фєндагыл. — Нє цыды кой куыд кодтам, афтє иу цъыфдзастмє бахєццє стєм. Уыцы ран та мын уыцы єрра кєд хъавыди хид ацаразынмє, цємєй мє бєхы сєфт- джытє дєр сыгъдєгєй баззадаиккой... — Дадайыстєн, уый дын фєндаг агурынмє хъавыди, ємє дын єй фєсномы- гєй ємбарын кодта. Ды йє коммє нє бакастє ємє лєсєны ныссагъдтє... — Ємє йє уєд ды та цємєй базыдтай, уым, мыййаг, куы нє уыдтє?.. — Дада цєра, хъуыддаг афтє рауадаид ємє дєм уый йєхи фєфистєг кодта ємє дє цъыфдзастєй раласта, мєлєтєй дє фервєзын кодта єд бєх. — Дарддєр мард фєласынц, уый мєрддзыгойы фєрсы: «Мард хєдзары мард уыди, хъєуы мард, єви комы мард?» Ахєм єнємбаргє никуы федтон... Ємє йын адємєй иу афтє: «Мард уыди комы мард». А фєстаг дєр уый бєрц ємбаргє нє разынд, єндєра ма комєн та цєй мард и? — Дада цєра, дє уазєг афтє зєгъынмє хъавыд: ємхуызон не сты лєгтє: чи дзы хорз у, чи — євзєр. Дарддєр хєрзтє дєр ємхуызон хєрзтє нє вєййынц; ис ахємтє ємє йє хєдзар цудын ницємєй уадзы, мыды къусчы хуызєн єй дары, архайы йє тыхмє, йє фадатмє гєсгє, йєхи хєдзарєн, йє бинонтєн. Єндєр дарддєр дзы ницы єфсєрм ис... Уый у хєдзары лєг, хєдзарєн хорз лєг, хєдзар- дарєг. Ис єндєр хорз лєг дєр: рох дзы нєу йє хєдзар уымєй дєр, фєлє ма уый йє хєдзарєй дарддєр стыр пайда у єгас хъєуєн дєр, йє зонд, йе ’фсарм ємє йе ’хсарєй. Уый у хъєуы лєг, хъєуы хорз лєг, йє мард та — хъєуы мард. Комы мард та ахєм лєджы мард уыдзєн ємє єгас комы дзыллємє йє зонд, йє фєнд кємєн єххєссы; єгас комы рєсугъд фєндагыл чи арєзта, фыдбылызєй сє чи хъахъхъєдта. Уый у комы лєг, уый у стыр лєг йє дзыллєйєн... — Куы базыдта мє уазєг, ме ’мбал, лєг дзыллєйы, комы лєг кєй уыди, уый, уєд баздєхт ємє йє зєнгойы хъусєй ехс сласта ємє мардмє йє сєр хойгє, єрдиаггєнгє бацыд. Єрра у, бынтон єрра, єндєра йє цы хъуыддаг ис адємы мєрдтимє? — Дада цєра, ємє єгас адєм, комы адєм кємє хъусой, єгас дзыллє кєй фєндєй, кєй зондєй самондджындєр уой, уый єцєгєлон мард нє уыдзєн, нє, уымєн ємє уый дзыллємє єцєгєлоны цєстєй нє кєсы, фєлє алкєуыл дєр у мєт ємє сагъєсгєнєг, ємє кєд афтє у, уєд уыцы лєгєй алкємє дєр хъуамє цєуа хай: йє цинєй дєр, йє зианєй дєр... Ныр у, дада, ємє мын аккаг скєн ємє йын єз єгасцуай зєгъон уазєгдоны, нє цєхх, нє кєрдзынєй куыд сахода. 191
— Кєд дє уый бєрц фєнды, уєд куыд зоныс, афтє бакєн. Єрмєст та дын зєгъын: йє зонд йєхимє кємєн нєй, уый ахєм адєймаг у. Ємє чызг арєвдз кодта алы хєринаг, алы нуазинаг. Иє фыды кой акодта. Уый фєстє фынг ахаста уазєгдонмє. Єрєвєрдта фынг ємє салам зєгъы уазє- гєн. Уазєг сыстад ємє лєууы. — Єрбад, дє хорзєхєй ємє нєм исты саход. — Уазєгєн нєй сбадєн, цалынмє дзырд рацєуа єхсинєй. — Ис дын бар, єрбад. Уазєг сбадт. Чызг рауагъта иу нуазєн ємє йє радта уазєгмє. Уазєг баныз- та нуазєп ємє йє атылдта уазєгдоны зєххыл. Чызг систа нуазєн, байдзаг єй кодта ємє та йє радта лєпиу-лєгмє. Уый банызта нуазєн ємє йє фєнычы баппєрста. Чызг нуазєн систа ємє йє ныссєрфта, ємє та дзы рауагъта нозт. Уазєг банызта єртыккаг хатт ємє баз- дєхт, ємє нуазєн къонайы дєлтъурыл ныххафт ласта, нуазєн базгъєлєнтє, йе згъєлєнтє фєнычы стєлфыдысты. Чызг нуазєны згъєлєитє єрємбырд кодта, сыгъдєг сє ныссєрфта йє кєр- дєнєй, иу тигъ дзы аскъуыддзаг кодта, стєй сє йє роны арф бафснайдта. Уазєгєн йє хєрд йєхи куы фєуа, уєд дуармє кєсы. Чызг фынг афснайдта, бєхыл саргъ авєрдта. Уазєг сбадт бєхыл ємє йє рахиз къухєй фєндаджы ’рдєм ацамыдта. Чызг систа йє къух ємє йє рахаста йє дадалитыл. Лєппу-лєг ехс барцыл адаудта, стєй йє дєс єнгуылдзы равдыста чызгмє. Афардєг уазєг, чызг хєдзармє бацыд. Фыд єм єлхынцъєрфыгєй дзуры: — Амалтєй ма баурєдтон мєхи нє уазєгмє, фєлє йын ды куыд ныббарстай, уый мєм дис кєсы. Мє цєсты зул дардтон уазєгдонмє. Дє нуазєн дын иу хатт зєххыл атылдта, аннє хатт єй фєнычы баппєрста, єртыккаг хатт нын хєрз пырх нылласта нє нуазєн. Нуазєны састыл афтє хъыг нє кєнын — бирє зиан нєу, фєлє єфхєрд у мєнєн дєр ємє дєуєн дєр... Цыбырхъуыр куы уыдаин, уєд уыцы къулбадєгєн лєг циу, лєджы хєдзар, уый йын бацамыдтаин! Фєлє йє амонд хуыздєр фод. Уазєджы хатыр ын. — Дадайыстєи, єфхєрынмє нє куы хъавыдаид йє митєй, уєд єй єз дєр єнє бамбаргє нє фєцадаин, ємє йын уєд дє чызг дєр цы ємбєлдаид, уый бакєнын бафєрєзтаид. Фєлє мын бахатыр кєн, дада, нал дын єй басусєг кєн- дзынєи, дє уазєгєй мєн астєу цы ’рцыди, уый. — Ємє дзы уанєбєрєджы уєд цытє єрцыдаид, мє цєсты зул уєм куы дардтон єз дєр? — Дада цєра, дє уазєг афтє єдылы адєймаг нє разынд: уый дзырдта фєсно- мыгєй, ємє дє чызг дєр чысыл гєзємєтє єнємбаргє нєу фєсномыг ныхас. Бар мын кєд уыдзєн, уєд радзурдзынєн, цы зєгъынмє хъавыди дє уазєг, ємє йын цы дзуапп лєвєрдта дє чызг. — Цєй-ма, цєй, уєдє, хъусын дєм. — Дє уазєгмє куы рацыдтєн, куы йєм бакастєн, уєд мє уазєг уайтагъд бамбєрста, мє зєрдємє кєй бацыд. Фыццаг нуазєн куы атылдта, уєд уый уыди мє зєрдєйы курдиатєн ахєм дзуапп: «Тулгє дурыл хъуына пє хєцы, ома мє- гуыр дєн, ницы мєм ис, дзєгъєлдзу дєи». Єз ын нуазєны асєрфтытєй бамба- рын кодтон фєстємє: «Ницы кєны, ссардзыстєм». Фєныкмє нуазєн куы батылд- та, уєд уымєй та загъта: «Єз чъизи адєймаг дєн, єнєгъдау, єнєфсарм». Єз нуазєи сєрттивын кодтон. Уымєй та йын єз загътон, хорз фєндагыл єй кєй сараздзынєн. Нуазєн дєлтъурыл куы ныппырх ласта, уєд мын уымєй дзырдта: 192
«Нуазєнєн куыд нал ис саразєн, афтє нал ис мєнєн дєр саразєн». Стыр хєз- найау єз єрємбырд кодтон нуазєны згъєлєнтє ємє сє бафснайдтон арф мє роны. Уымєй та йын єз загътон: «Цыдєриддєр нє уай, єз дє бавєринаг дєн, зынаргъ хєзнайау». Уазєг бєхыл сбадт ємє мын йє къухы євзыстєй амоны: йє хєдзармє уыцы сахат цємєй ацєуон. Єз ын мє дадалитєм євнєлдєй загътон: мє сєрєн худинаг кєй у єнє ирєд; ирєд та, мє дадалиты цал єрдуйы ис, уал истємєй, ирєд цємєйты фєфидынц. Уєд уый ехс расєрфта бєхы барцыл: ома дадалитє нє, фєлє бєхы барцы цал єрдуйы ис, уал. Равдыста мєм ноджы йє дєс єнгуылдзы: ома дєс бонмє не ’мгъуыд. Дєс афєдзы фєзындысты ємгъуыды дєс боны єлдары чызгмє. Дєсєм бон аивєй айста йєхи фєндагмє, къухы аууонєй кєсы, кєд, мыййаг, цєуєг фєзы- нид. Кєсы ємє — бєстє рєгъєуттєй: бєх, гал, хъуг, фысвос рєгъєуттєй-дзуг- тєй байдзаг ємє єлдары хєдзармє сє ных сарєзтой. Ныррухс кодта чызг йє цєсгом, єрбацыд йє хєдзармє, дзуры йє фыдмє: — Дада, акєс дуармє: де сиахс дын дє ирєд — мє сєры аргъ єрбатєры, быдыртє алыхуызон фосєй змєлєг сысты. Радзырдта йє Хъаныхъуаты Баддже, 22 сентябръ, 1926 аз, Дзєуджы- хъєу. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», цыппєрєм хай, Дзєуджыхъєу, 1930 аз. ф.63—66. ХЄХХОН ЄЛДАРЫ ФЫРТЫ ЄМЄ БЫДЫРОН ЄЛДАРЫ ЧЫЗДЖЫ АРГЪАУ Иу хєххон єлдары фырт фехъуыста, иу быдырон єлдарєн хєрз рєсугъд чызг кєй ис, уый, ємє йєм курєг ацыди. Куы рараст и, уєд ыл, курєг кємє фєцєйцыд, уыцы єлдар сємбєлди ємє йє бафарста: — Кєй онг, лєппу? Уый йын загъта: — Иу єлдармє хорз чызг фехъуыстон ємє уымє курєг цєуын. Єлдар ын загъта: — Цєуєм уєдє иумє. Цєуын дын байдыдтой ємє иу цъыфдзаст ранмє куы бахєццє сты, уєд лєппу загъта єлдарєн: — Фєлєуу, хид дын дзы акєнон. Ауыл ын єлдар загъта: — О, дє хуыздєр амєла, цєй єрра дє, цалынмє ды ам хид кєнай, уалынмє ам бадон? Афтємєй дзы єлдар бацыди, ємє дзы йє бєх ныссагъди йє хъусрєбынтєм; лєппу бацыд, цъыфєй йє сласта, ныссыгъдєг єй кодта, йє бєхыл єй сєвєрдта, ємє та цєуын байдыдтой. Єлдары хъєумє євваахс куы бахєццє сты, уєд кє- сынц, ємє хъєуєй иу лєджы мард рахєссынц, ємє лєппу єлдары бафарста: — Єлдар, єлдар, дє фарн-дє зєдыстєн, уыцы лєг єгас хъєуы лєг уыди, єви иу хєдзары лєг? Єлдар та йын загъта: — О, дє хєдзар фехєла, мєнє лєппу! Єрра дє єви сонт? Лєг иу хєдзары лєг вєййы, уыййеддємє иу лєг єгас хъєуы лєг никуы вєййы. 13 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 193
Афтємєй єрбацыдысты хъєумє ємє йє єлдар йє уазєгдонмє бахуыдта ємє уым єрхызти лєппу. Єлдар хєдзармє бацыди ємє загъта: — Уазєгєн кєрдзын скєнут. Єфсин бацыди къєбицмє ємє хєбизджын скодта, стєй єйчытє афыхта ємє сє уазєгєн арвыста: кусєг фынг куы фєцєйхаста, уєд єйчытєй иу ахордта ємє бацыд уазєгдонмє ємє фынг єрєвєрдта уазєджы раз. Уазєг хєрд куы фєци, уєд кусєгєн загъта: — Фынг ахєсс ємє хєдзармє куы бацєуай, уєд зєгъ: «Мєй йє цалхы дзаг уыд, фєлє стъалытєй иу фєхъуыд». Кусєг фынг ахаста ємє хєдзармє куы бацыди, уєд загъта: — Уыцы уазєг уый загъта: «Мєй йє цалхы дзаг уыди, фєлє стъалытєй иу фєхъуыд». Єлдар худєгєй мєлын байдыдта ємє загъта: — Ємбисонды єрра лєппу. Абон дєр ма фєндагыл рацєйцыдыстєм ємє иу ран цъыф уыди ємє афтє зєгъы: «Фєлєуу, хид дын акєнон». Уырдыгєй рацы- дыстєм ємє, мєнє, нє хъєуєй иу лєджы мард рахєссынц, ємє та мє бафар- ста: «Уыцы лєг єгас хъєуы лєг уыди єви иу хєдзары». Уый тыххєй єз афтє єнхъєл дєн, єрра у. Єлдарєн йє чызг сыстади, иу авджы дзаг арахъхъ райста ємє йє агуывзє- имє йє роны бакодта, стєй єппын єнє дзургє уазєгдонмє бацыди, йє ронєй авг райста, иу агуывзє дзы рауагъта ємє йє лєппумє авєрдта; лєппу йє аныз- та, рауагъта та дыккаг агуывзє ємє йє йєхєдєг анызта; ноджы та рауагъта ємє йє лєппумє авєрдта, лєппу йє цъыфмє аппєрста; чызг систа агуывзє ємє йє ныссєрфта ємє та рауагъта арахъхъ ємє йє йєхєдєг анызта; ноджы та рауагъ- та ємє йє уєд лєппу анызта; ныр кєрєдзимє ницы дзурынц; стєй лєппу йє дєс къухы хєрдмє схъил кодта, йє бєхыл абадт ємє афардєг и. Чызг фєстємє єрбацыд ємє єлдарєн загъта: — Ды, Єда, уыцы лєппуйы єрра хоныс, фєлє уымєй зоидджындєр нє бєсты бирє не ссардзынє. Єрбайхъус: абон сымах фєндагыл куы цыдыстут ємє цъыфмє куы єрбахєццє стут, ємє дын афтє куы загъта: «Фєлєуу, хид дын дзы акєнон», зєгъгє, уєд ды афтє єнхъєлдтай, єцєг дын хид кєнынмє хъавыди; уєдємє дзы фыццаг фыццаджыдєр йєхєдєг бацыдаид ємє дзы куы ныссагъ- даид, уєддєр уый лєппу у ємє уымєн хабардєр нє уыд; фєлє дєуєн худинаг уыдаид уым ныссєдзын; уый дын иу. Дыккаг: уырдыгєй куы рацыдыстут ємє хъєуєй иу лєджы мард куы хастой ємє дє куы бафарста: «Уыцы лєг иу хєдза- ры мард у, єви єгас хъєуы?» Ды та йыл худын куы байдыдтай, уєд дын уый уымєн загъта, ємє кєд хорз лєг уыди, уєд єгас хъєуы лєг уыди; кєд євзєр лєг уыди, уєд йє хєдзары мард уыди. Єртыккаг, ардєм куы єрбацыд ємє уазєгдонмє куы бацыд, ды та хєдзармє куы єрбацыдтє ємє «уазєгєн кєрдзын скєнут» куы загътай, стєй Єна хєбизджын куы скодта ємє йє єйчытимє кусє- гєн куы бахєссын кодта, уєд кусєг фєндагыл иу айк ахордта! «Мєй йє цалхы дзаг у, фєлє стъалытєй иу фєхъуыди», зєгъгє, та уый тыххєй загъта, ома, кусєг иу айк ахордта. Ныр єз авджы дзаг арахъхъ ахастон ємє куы бацыдтєн ємє йєм иу арахъхъ куы авєрдтон, уый та йє куы анызта, уєд йєхинымєры загъта: «Уыйас дє уарздзынєн, мє зєрдєйы євзєрст»; єз та ноджыдєр рауагътон ємє йє мєхє- дєг куы анызтон, уєд загътон мєхинымєр: «Єз дєр дє уарздзынєн, мє хурычы- сыл». Ноджы та рауагътон ємє йєм єй куы авєрдтон, уєд єй уый цъыфмє 194
ныззыввытт ласта ємє йєхинымєр хъуыды кодта: «Куы нє бєззай, уєд та дє афтє аппардзынєн». Єз та йє цъыфєй систон ємє йє ныссєрфтон, ємє дзы рауагътон ємє та йє мєхєдєг куы анызтон, уєд мєхинымєр загътон: «Уый дє зєрдє ма хъуыды кєнєд, мє бон, ємє тєрсгє дєр ма кєн, бєзгє дєр кєндзы- нєн ємє дє уарзгє дєр кєндзынєн, нє мє аппардзынє». Уый фєстє йє дєс къухы хєрдмє куы скодта, уєд загъта йєхинымєр: «Уєдє дєм дєс боны фєстє курынмє єрцєудзынєн». Ныр єз — йє ус, уый — мє мой. Єлдар загъта йє чызджы дзырдты фєстє. — Єцєг, єцєг дєсны куы у. Дєс боны фєстє лєппу йє чындзхєсджытимє єрцыди, ракуырдта чызджы, єртє боны ємє єртє ’хсєвы минас фєкодтой, сє уды цас фєндыд, уыйас, стєй йє ахастой. Сє хєдзары дєр дунейы диссаг минас фєкодтой. Цард сын уыди, хорз сын уыди. Уыдон єрцыдмє хорзєй фєцєрут, аргъаумє хъусджытє! <<Осетииские тексты», собраппые Дан. Чоикадзе и Вас. Цораеоым. Издал академик А. Шифнер. Санкт-Петербург, 1868. с. 92—97. ИУ ЛЄГ ЙЄ ФЫРТЄН ЗАГЪТА (Вариант) Иу лєг йє фыртєн загъта: «Ацу ємє дєхицєн чызг ссар». Лєппу ацыд, уєдє цы. Фєндагыл сємбєлд иу лєгыл ємє дарддєр иумє ацыдысты Лєджы хъєумє. Фєцєйцєуынц ємє дын лєппу лєгмє дзуры: — Хорз лєг, идадзы бєх ма мєнмє ратт. Лєг єй нє бамбєрста, лєппу дзы цы куры, уый. Дарддєр та фєцєйцєуынц ємє иу ран цъыфдзаст. Лєпиу та лєгмє дзуры. — Хорз лєг, фєлєуу, єз дын хид ацаразон. Євєццєгєн ай афтє єнхъєл уу ємє мын цалынмє хид араза, уєдмє йєм єз ам єнхъєлмє кєсдзынєн, ємє йє бєх цъыфдзасты баскъєрдта ємє цъыфы ныссагъд. Лєппу йє аргъєвта. Хъєуы кєронмє бахєццє сты ємє дзы — зиан. Лєппу та фєрсы лєджы: — Уыцы зиан хєдзары зиан у, єви хъєуы зиан? Ницы та йын бамбєрста лєг йє ныхєстєй. Бахєццє сты лєджы хєдзармє. Лєппу уазєгдонмє бацыд, лєг та хєдзармє бацыд ємє йє чызгмє дзуры: — Чызг, уєртє уазєгдонмє иу къулбадєг лєппу бацыд ємє йєм ауай. Чызг ауади, фєстємє єрбауади ємє йє фыдмє дзуры: — Баба, уый къулбадєг лєипу куы нєу. — Ау, куыд нєу? Иемє фєцєйцыдтєн ємє мын афтє зєгъы, хорз лєг, идадзы бєх, дам, ма мєнмє ратт. — Уый дє кєстєры фєидаг агуырдта. — Уєдє цъыфдзастмє куы бахєццє стєм, уєд та мын афтє: фєлєуу, єз дын хид ацаразон. — Уый хуыздєр фєндаг зыдта ємє дє йє фєдыл цєуын кодта. — Уєдє мє мардєй та афтє фарста, ай, дам, хъєуы зиан у, єви хєдзары зиан? — Уый дє фєрсгє кодта, хорз лєг амарди, єви євзєр лєг,ємє кєд хорз уыдаид, уєд єм баздєхтаид ємє йын рухсаг загътаид. — Гъеуєдє йєм ацу ємє йын, цы кєныс, уый йын кєн. 195
Чызг ацыд ємє уазєгєн куыд ємбєлы, афтє єгъдау радта. Лєппу цєуын- вєнд скодта, ємє чызг йє фыдимє йє фєстє рацыдысты. Лєппу йє бєхыл абадти ємє йє ехс уєлємє систа. Уєд чызг йє иу дадали баздыхта. Уєд лєппу бєхбарц иннєрдєм аппєрста, ємє ацыд йє фєндагыл. Уєд чызг йє фыдмє дзуры: — Дада, єз уыцы лєппуимє бафидыдтон. — Ау, куыд афидыдтай, кєд ємє ує дыууєйє иу ныхас не схауд. — Уый, йє ехс хєрдмє куы систа, уєд афтє загъта, кургє дє кєнын, зєгъгє. Єз мє дадали аздыхтон, уєдє мє кєд курыс, уєд уыйас фос, зєгъгє. Уый та бєхбарц иннєрдєм аппєрста — уыййас нє, фєлє дам, мєнє уыййас. Радзырдта йє Томайты Ахмырзє Аслємырзєйы фырт, 92 аздзыд, 1984 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Бидеты Индирє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1984 аз. НАРТЫ ХИСТЄР ЙЄ ФЫРТЄН УС КУЫРДТА Нарты хистєр йє фыртєн ус куырдта. Ємє загъта йє фыртєн, къухылхє- цєг ємє ємдзуарджынєн: «Мєнє ацы фыры акєнут ємє ацы фырєй физонєг чи скєна, йє аргъ ын чи бафида ємє йын йєхи удєгасєй фєстємє чи радта, ахєм чызг ссарут». Араст сты єртє лєджы, агурын байдыдтой ахєм чызг, фєлє йє ныфс ничи хєссы. Иу гыццыл хъєуы астєу цалдєр чызджы єрцєуы. «Цєй, адоны дєр ма бафєрсєм єххєст, кєд сє йє ныфс исчи хєссы». Иу чызг загъта: «Єз Нарты хистєры фырты аккаг нє дєн, фєлє бафєлвардзынєн». Фыры акодта, йє хъєппытє йын сласта ємє сє физонєг скодта, уый фєстє фысы алвыдта, къуымбилєй цъындатє акодта ємє йє аргъєй фєфылдєр сты. Стєй рацыди лєгтєм: «Мєнє уын физонєг, мєнє уын ує фысы аргъ, мєнє уын ай та йєхєдєг удєгасєй». Лєппу йын загъта: «Ныр мє фыд куы амєла, уєд бартє мєнмє лєвєрд уыдзысты ємє ме ’вастєй исты куы бакєнай, уєд дє дє хєдзармє куыд арвитон, афтє». Чызг загъта: «Єнє цєргє нєй ємє, чи зоны, куы фєрєдийон, мыййаг, уєд мын хєдзарєй иу бар куыд уа, афтє». Фыд амард. Лєг балцы ацыд. Уыцы хъєуы єхсєвиуат бакодтой дыуує лєджы. Иуєн дзы нєл бєх, иннємєн ефс бєх. Єхсєвы ефс бєх ныззади, ємє байраг нєл бєхы бынмє бацыд. Уыйадыл нєл бєхы хицау байраг куы нал дєттид, кєд мє бєхы бын и, уєд мєн у, зєгъгє. Дыуує лєджы загътой, цом ємє нє Нарты хистєры фырт бафидауын кєна, зєгъгє. Чындз сєм рауади ємє загъта: «Лєг ам нєй, уєртє нын сау хохы хъєбєр- хор конд ис ємє йє кєфтє хєрынц ємє хуым хъахъхъєны». Ємє йын нєл бєхы хицау афтє зєгъы: «Ау, кєфтє донєй куы рацєуынц, уєд мєлгє куы кєнынц?!» Ємє йын чызг дєр дзуры уєд: «Нєл бєхтє байрєгтє цы аз фєа- рынц, уыцы аз кєфтє дєр нє мєлынц, донєй куы рацєуынц, уєд». Лєг куы ’рцыди, уєд усы фєрсы, цємєн фєрєдыдтє, єнє мєн дзуапп цємєн радтай, зєгъгє. Чызг загъта: «Фєрєдыдтєн, ємє ма цы бакєнон, бахєр исты, ємє єз мє хєдзармє цєуон». Лєг куы бафынєй ис, уєд чызг йє лєджы уєрдоны сєвєрдта фынєйє ємє араст сты. 196
Иу ран лєг райхъал ємє йє фєрсы: «Кєдєм цєуєм, ам цы ми кєнєм? Чызг ын загъта: «Мє хєдзарєй мє не ’рвитыс? Ємє афтє нє баныхас кодтам, куы фєрєдийон, ємє мє нєхимє куы ’рвитай, уєд мын хєдзарєй иу бар куыд уа? Ємє єз дєр дєу раластон мемє». Радзырдта йє Томайты Ахмырзє Аслємырзєйы фырт, 92 аздзыд; 1984 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Бидеты Индирє, Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1984 аз. ДЫУУЄ АМОВДЫ Уыди тынг хъєздыг лєг ємє загъта, куы ацєуин хєтєнты ємє быдырты, куы бабєрєг кєнин, цымє ма ме ’мсєр адєм искуы и. Бєхыл саргъ сєвєрдта ємє ацыди быдырты. Цєуын байдыдта, цєуын байдыдта ємє йыл єрталынг и. Быдыры кєронєй рухс цыди. Уыцы рухсмє йєхи сарєзта ємє бацыди. Уым уыди иунєг ус: уымєн дєр йє лєг уыди хєтєны. Ус та євгъєды бадти. Лєг єфсєрмы кєны ємє йє бєх бабаста, йєхєдєг цармє схызти. Уым лєууы ємє зєдтє ноггуырдєн дєттынц амонд. Сє иу дзуры: — Мєнєн уал бар раттут! Уыдон ын афтє: — Дє хорзєхєй! Уєд уый дзуры: — Уєдє нєм уєлє царєй чи хъусы, гъе, уый амонд ацы лєппуйы фєуєд! Лєг уый куы бамбєрста, уєд хуысгє нал кєны, фєлє архайы ноггуырды амарыныл. Райсом раджы фестад ємє йє хєдзармє уыцы мєстєй судзгєйє ацыд. Уый фєстє ма сємбєлд уыцы хєдзары. Лєппу хъазынхъом куы фєци, уєд ыл бєрєггєнєнтє скодта. Лєппу рєзти. Йє ускурын афон куы ’рцыди, уєд йє амонд уыд уыцы лєджы чызг. Лєппу бєхыл саргъ сєвєрдта ємє уыцы хъєздыджы чызгмє усгур рацєуы. Ныр єй лєппу цємєй зыдта, уыцы лєг ыл амарын архайы, уый. Чызджы фыд дєр та рацєуы, цємєй уыцы лєппу йє къухы бафта марынмє. Сємбєлдысты лєджы хъєумє хєстєг. Уым ын марєн нє уыди. Лєппу ницы зоны ємє йын салам радта. Лєг єй фєрсы: — Кєдєм цєуыс? Лєппу бацамыдта уыцы лєгєн йєхи хєдзар. Лєгєн та ма уыцы чызгєй уєлдай уыди дыуує лєппуйы. Йє фырттєм гєххєтт афыста: «Ацы лєппу куыд- дєр бацєуа, афтє йын йє сєр акъуырут, кауы михыл єй єркєнут, йєхи та йын хуырты бын бакєнут!» Куы бахєстєг и лєппу, уєд, цы чызгмє цыди, уый та донмє рацыди. Кє- рєдзиуыл фембєлдысты ємє кєрєдзимє бахудтысты. Чызг зонынджын уыди. Лєппуйы фєрсы, кєдєм цєуыс, зєгъгє. Лєппу йын загъта. Уєд ын чызг бамба- рын кодта, уыдон мах стєм, зєгъгє. Чызг єй базыдта, уый йє мойаг кєй у, уый. Лєппу йєм гєххєтт радта ємє йє чызг айхєлдта; ємє йє куы бакаст, уєд єй аскъуыдтє кодта. Йєхєдєг та, цыма йє йє фыд фыссы, афтє лєппутєм афыста: «Ацы лєппу куыддєр бахєццє уа, афтє, мєнмє ма фєкєсут, фєлє йын ує хойы раттут ємє чындзєхсєв саразут!» Лєппу бацыди. Єфсымєртє ныхъхъєр кодтой хъєуыл, нє хойы моймє дєт- 197
тєм, зєгъгє. Кусєрттє акодтой ємє чындзєхсєв сарєзтой. Фыды єрцыдмє чызг ємє лєппу иумє цєрын райдыдтой. Фыд єрбацыд ємє сє фєрсы: — Гъы, куыд бакодтат? Уыдон ын загътой: — Куыд загътай, афтє. Чындзєхсєв сарєзтам, ємє уєртє ныртєккє дєр нє хо ємє не сиахс уаты бадынц. Уєд фыд хъуыды кєны: «Цы хин ын саразон, цємєй йє амарон». Йєхи рынчынєфсон скодта ємє йє лєппутєм дзуры: — Ацєут дзєбєхгєнєн суадонмє. Ахсєв уым сбадут. Чифєнды дєр уєм бацєуа, амарут єй ємє йє хуырты бын ныккєндзыстут. Лєппутє сє хъримєгтє сифтыгътой. Ацыдысты. Сєхицєн бынєттє єркодтой ємє єнхъєлмє кєсынц. Уый фєстє фыд йе сиахсмє фєсидти ємє йын афтє: — Гъєйтт, ме сиахс, мєлын! Ахсєв дзєбєхгєнєн суадонєй куы нє ’рхєссай, уєд мын фервєзєн нал и. Уымєй куы рацыди, уєд єй йє ус фєрсы. — Цы дє кодта мє фыд? — Рынчын у дє фыд, ємє мє ’рвиты дзєбєхгєнєн суадонмє донмє. — Ацу ємє уєлє уаты схуысс. Лєппу уаты схуыссыд. Єфсымєртє єхсєв-бонмє суадоны раз хъримєгтє єргъєв- дєй фєбадтысты. Фыд та фенхъєлмє каст: ныр мєм єрбадзурдзысты, амардтам єй, зєгъгє. Єрєгмє куы цыдысты, уєд лєг сыстад, ємє йєхєдєг араст суадоны былмє: уєдє сє бабєрєг кєнон, афонмє йє хуырты бын ныккодтой, зєгъгє. Куы бахєстєг и, уєд єй лєппутє ныггєрах кодтой, ємє лєг фєуєлгоммє. Єрбацыдысты. Лєгыл схєцыдысты ємє сє фыды куы базыдтой, уєд лєп- путє кєрєдзимє фесты ємє сє кєрєдзийы амардтой. Райсомєй хабар хєдзармє куы єрбайхъуыст, уєд мадєн йє зєрдє аскъуыд. Афтємєй хъєздыг лєджы мулк баззади йє чызг ємє сиахсєн. Ємє дзы уыдон амондимє цєргє баззадысты. Радзырдта йє Кучиты Никъала Тимофейы фырт, 24 июлъ, 1960 аз. Тиб. Ныффыапа йє Цагъаты Анастасия. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 175, папкє 44. УСТУР ДИГОРИ Хєреси хуасгєрдгути зеу заргє, фєззєги заргєнгє рацудєнцє єма надбєл адєймаги сєри єстєг иссердтонцє. Лєги сєри єстєг єй, уоси єстєг єй, уой нє зудтонцє єма сагъєс кодтонцє, ци мадзалєй базондзинан єй. — Єз єй равзардзєнєн, — фєгъгъєр кодта сє еу. — Єлдаратє кувд кєнунцє єма кувдмє рацотє! Сєри єстєг нє фезмалдєй. Уєд се ’ннє фєгъгъєр кодта: — Задєлески нана рамардєй єма мардмє цєун гъєуй. Уєд сєри єстєг фєагайдта єма сє разєй фєннєхстєр єй,— єма ’й уомєй базудтонцє, уоси сєри єстєг ке адтєй, уой. Ныффыста йє Темираты Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 14, папкє 7. ф. 466—467, 198
МЄГУР ЛЄГИ ТАУЄРЄХЪ Рагима-раги адтєй єма цардєй мєгур лєг єма уосє. Иссин єнтєстєй сувєл- лєнттє. Цардєнцє фуд мєгурєй. Уєд лєг бафєндє кодта: — Фєццєуон еу афєй ихуєрсти єма есгєми бакосон. Рандєй ’й лєг єма бацудєй еу ханмє ихуєрсти єртє сугъзєрийнє гъолє- бєл. Є афєй ку ’рхъєрттєй, уєд райста є мизд єма ранєхстєрєй є хєдза- рємє. Фєндаги ’йбєл исєнбалдєй еу бєхгин, єма цудєнцє еумє. Бєхгин дзоруй. — Хуарз лєг, тауєрєхъ ракєнє, маха нє над цубурдєр кєнєн. Дзоруй мєгур лєг. — Єз тауєрєхъ кєнун нє зонун. Єз афєй ихуєрсти фєххаттєн ханмє, нур ба мє хєдзарємє цєун. Е дин мє тауєрєхъ. Фєлтау дєхуєдєг ратауєрєхъ кєнє... — Єз ба ратауєрєхъ кєндзєнєн, фал мє тауєрєхъ зинаргъ єй, — еу сугъзє- рийнє гъолє, — зєгъгє, загъта мєгур лєги єнбал. Мєгур лєг ба ин загъта: — Ратдзєнєн дин, ратауєрєхъ кєнє. — Мадта мємє листєг игъосє, єз ба дин ратауєрєхъ кєнон, — загъта бєхгин, — ка ’й зонуй, ку фєцєйцєуай єнєдон бєсти, уєд уоми єхсєвеуатгєнєни исєн- бєлдзєиє еу цадєбєл, уомє фєххезунцє кезугай, фал си уєлбилємє берє нє хезуй. Ку дєбєл єрєнтєса еци кезу, уєд ниххездзєнє цъаймє, уоми уосє є цєнгтєбєл даруй кизгє єма битдзеу. Фєрсдзєнєй дє: — А кизгєй, битдзеуєй ка хуєздєр єй? Ду зєгъдзєнє: — Мадє ’ма фидє фулдєр ке уарзунцє, єма си ке иснивгундєр кодта, е. Е, уотє ин ку бафєразай, уєдта дин лєвєрттє кєндзєнєй, фал маци бакомє є фарсбєл исєрдєндонєй уєлдай. Уобєл фєцєй мє тауєрєхъ. Мєгур лєг ин равардта сугъзєрийнє гъолє. — Нур ба дє кезу... — Дєхуєдєг ма ратауєрєхъ кєнє. — Мєнєн ба мє тауєрєхъи аргъ ку зонис. — Ратауєрєхъ кєнє, радинєтдзєнєн, — зєгъгє, загъта мєгур лєг е ’нбалєн. — Мєнєн ба мє тауєрєхъи аргъ ку зонис. — Ратауєрєхъ кєнє, радинєтдзєнєн, — зєгъгє, загъта мєгур лєг е ’нбалєн. — Ка ’й зонуй, иадбєл цєугєй ести мулк ку иссерай, уєд дзи дєхецєн мулк макєд искєнє єнє багъаргє. Уобєл мє дуккаг тауєрєхъ дєр фєддєн. И мєгур лєг бабєй ин равардта и сугъзєрийнє гъолє. И бєхгин ма курдта мєгур лєгєй тауєрєхъ, фал ин е ба загъта: — Дєхуєдєг ма ратауєрєхъ кєнє. — Мадта игъосє. Єнє расагъєсгєнгє масти фєдбєл ма рацо. Фєддєн бабєй уобєл. И єртиккаг гъолє дєр бабєй ин равардта. Еу сахат ма рацудєнцє, уєдта фєйнє надебєл рартєстєнцє. Ци рацудєй, уєдта и мєгур лєг исєнбалдєй. Ду- уадєс уєрдунгинебєл єрфусунгєигєй, еу 6а си адтєй єхе синхон. Сє бунат разин- дтєй еци цъайєн єхе билє. Лєг рауадзионцє, фал фєстємє нєбал исхезидє. — Цєй, мадта мєн рауагътє, — загъта мєгур лєг єма ниххизтєй цъаймє. Ку ниххизтєй, уєдта, раст е ’нбал ин куд дзурдта, уотє уосє бадтєй, є 199
къохти кизгє ’ма битдзеу, є размє 6а уєйуг хъємай хєтдзє. Мєгур лєгєн е ’нбал куд бафєдзахста, уой загъта: — Мадє ’ма фидєн ка уарзондєр єй єма ка нивгундєр єй, е. Уєд уєйуг загъта: — Хуцау дин ма бакомєд дєхецєн дєр єма дє байамонєгєн дєр. Каує адтєй цъайбєл єма ма ’й еу сєр гъудєй. Єз абони уалдєнгє дєр еци загъд хизтон, фал мин єй неке бафєразта зєгъун. Гъенур ба дин барє ес. Галєр- гъауєй, бєхєргъауєй дє кєци фєндуй, уой дин дєттун. Кенє ба дє кизгєй, лєхъуєнєй ка гъєуй... — Єргъєутти фєсте мин ка хєтуй. Кизгє ’ма лєхъуєн дєр ке ’нцє, уомєн цєрєнтє, фал мин кєд лєвар кєнис, уєд мин дє фарсбєл исєрдєндонє раттє, — зєгъгє, загъта мєгур лєг. — Гъа, дєу фєууєд! Єз 6а абонєй фєстємє ами гєс нєбал уодзєнєн. Мєгур лєг галти дєр, лєгти дєр донєй бафсаста. Сєумє ба фєссагъєс кодта и мєгур лєг єма загъта: — Єгас афєй ихуєрсти фєххаттєн єма нур нєхемє єнє нецємєй куд цєу- он — зєгъгє, єма и исєрдєндонє равардта и синхонмє: «Уєддєр син сувєллєн- ттєн аци гъазєн ратдзєнє». Рандєй идарддєр. Бафтудєй еу дони билємє. Дон ласта фєткъутє. Мєгур лєг бацийнє кодта єма сє ахєссун байдєдта. Хуєрунмє сє куд гъавта, уотє ба е ’нбали тауєрєхъ є зєрдєбєл єрбалєудтєй єма дони билєбєл цєун байдєдта. Исєнбалдєй еу устур азгъунститєбєл, сє дзєхєрадонє дони билєбєл. Басємє- дзурдта: «Хєдзаронтє». Райимє уадєй унаут: — Ци дє гъєуй, хуарз лєг? — Мєнє еу фєткъутє дон ласта єма сумах єнцє, — загъта мєгур лєг. Унаут бауадєй єма радзурдта ханєн. Ханєн ба адтєй кизгуттє, етє 6а хат- тєнцє бєлєуи хузи єма сє еу фєццєф єй, єма ин хуасє адтєй еци фєткъутєй. Еци бєлєстє ба бонє єрзайиуонцє, єхсєвє ба ин сє ниттониуонцє, нигъзєлиу- онцє. Гъєуай кєнун ба ин сє неке фєразта. — Єрбайкєнетє медємє, — дзуапп равардта хан. Байкодтонцє, кизгєн фєткъутєй рахуєрун кодта, єма и кизгє є хуссєни рабадтєй. Хан ин лєвєрттє кодта алли хузи дєр, ’ма ин мєгур лєг загъта: — Єз дєу берє мулкєй ци кєнун. Ка сє хєссуй. Дє кизгє дєр дєхецєн фєрнєй цєрєд, мєхе бинонтє дарун ку нє фєразун... Уєд ин хан равардта сугъзєрийнє єхцай голлагє, єма уой хєтдзє ранєх- стєрєй є хєдзарємє. Исєрдєндонє исєнбалдєй є хєдзарєбєл. И уосє ’й айуангєнгє фегон код- та, а дин є афєдзи хардз, зєгъгє. Є алли фегони дєр си хаудтєй єртє сугъзє- рийнє гъоли. Байдзагєй сугъзєрийнєй. Се ’лдари цъєх сєр хєдзєрттє ’ма хумтє балхєдта уосє. Мєгур лєг гъєумє бахъєрттєй, уоми ба уєсигєс є фурцинєй заруй, хєп- полти єсхъеуй. — Цєбєл цийнє кєнис, битдзеу? — Куд нє цийнє кєнон, уєртє еци косгутєн мєгур лєги уосє зеу ракодта, єма син гал євгарст уодзєнєй ’ма уобєл цийнє кєнун. И мєгур лєг сагъєсти бацудєй: «Єз мє хєдзари мєгурєй ку ниууагътои, судєй мєлгє, мєгурєй, уєд етє махмє куцєй єрхаудтєнцє», — єма битдзеу рафарста: 200
— Етє 6а мєгур лєги уосємє куцєй єрхаудтєнцє? — Є лєг ин берє исєрвиста ’ма сє уонєй балхєдта, — рєуєггомау дзуапп равардта битдзеу. Мєгур лєг єхе медєг исхъурдохєн єй: — Мє сєр мин нивгарста... Хєзголтє фєддардта єма уомєй исмулк кодта. Бацудєй гъєумє ’ма ймє ракалдєшдє сєхецєй є каййестє, е ’нсувєртє, адєни сєргъи зелєн кодтонцє. Нийбєлцинєнцє. Є уосє дєр имє рауадєй тургъємє ций- нєгєнгє: є уаргъ єргєлста мєгур лєг єма ’й лєгурмє єрбаскъавта: — Мєнє налат, ду 6а цитє бакодтай. Є тауєрєхъ бабєй є зєрдєбєл єрбалєудтєй єма є къохєй єрхаудтєй лєгурмє. Загъта мєгур лєг. — Мадта цємєй исмулк кодтай? И уосє бауадєй єма исєрдєндонє радавта єма ин є мулк бавдиста. Райгон- байгон єй ракодта ємє сугъзєрийнє гъолтєй сє рази искєрє ’й. Мєгур лєг є голлаги дзаг єхца адєнєн байурста, гъуддаг си ку байрагєс єй, уєд хуєрзєнгорєггаги. Еци бонєй фєстємє мєгур лєг єма уосє сєхецєн хуєргє ’ма цєргє байза- дєнцє. Радзырдта йє Бетрозты Емєза, 24 декабрь, 1940 аз, Лезгор. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 46, 3, ф. 51—55. ОХЪАЗТЫ НАЛОЙ Уыди мєсыг амайєг уыцы Налой раджы рєстєджы. Ємє исты бакусон, зєгъгє, сфєнд кодта. Ацыди Туалтєм мєсгуытє амайынмє. Самадта иу къорд мєсыджы, бакуыста иу афєдзы бєрц. Стєй фєстаг мєсыг куы самадта, уєд Туалтє загътой: «Амєн йє фос дєр нєхи куы сты ємє йєхєдєг дєр». Уый куы бамбєрста Налой, ахсдзысты мє, зєгъгє, уєд райсомєй рацыди, ємє мєсыджы тигътєм ракєс-бакєс кєны ємє загъта: — Гъєйтт, уєууєй, ай зєрырдєм мє худинаджы дуг куы ’рцыди. Ємє йє фєрсынц Туалтє: — Цы кодтай? — зєгъгє. — Цы ма кєнон, — загъта Налой, — зылын мєсыг самадтон, уый чи фехъуса, уый мын цы зєгъдзєнис, мє мєсыг фєзылын ис. Уєд єй фєрсынц Туалтє: — Ємє йын ницыуал хос ис? Уый сын загъта: — Бєргє йын ис, мє мєсыг аразєнтє мєхимє куы уаиккой, уєд. Уєд єй Туалтє фєрсынц: — Ємє кєм сты дє мєсыг амайєнтє? Уый сын загъта: — Нєхимє бєргє сты ємє сєм иу-єртє лєджы куы арвитиккат. Уымєй къаддєр нєй єрвитєн, тас заман у. — Мах дын дєхи нє ауадздзыстєм, фєлє мєнє адонєн зєгъ, цы зєгышаг дє, уый, ємє сє єрхєсдзысты. — Єз мєхєдєг цєугє дєр нє акєндзынєн, зєронд лєг дєн єз, фєлє уын 201
бузныг, кєй єрвитут, уый тыххєй. Ныццєуєнт мє хєдзармє ємє зєгъдзысты: «Налой куры сєттєнтє ємє бєттєнтє, йє мєсыг фєзылын ис». Єрцыдысты єртє лєджы ємє Охъазты Къуылдыммє бацыдысты. «Налойы хєдзар кєм и», зєгъгє, бадзырдтой. Ракастысты сєм, єгас цєут, зєгъгє, ємє сє бафарстой, кєм уыдысты, уымєй. Уыдон дєр загътой: «Налой куры бєттєнтє ємє сєттєнтє». — Гъа, уєдє уын бєттєнтє мах ратдзыстєм. Цы ’мбарын ма сын єй хъуыд — мєсыджы сє фємидєг кодтой ємє сє уым бабастой. Фехъусын кодтой Туалтєм, уе ’ртє лєджы сты Дыгуры, зєгъгє, ємє сын аргъ фидын хъєуы, зєгъгє, ємє сє астєу хєтын байдыдтой минєвєрттє ємє Налойы йє мєсгуытє амайєггєгтимє рауагътой, єртє лєджы дєр рауагъ- той. Ахєст єргътє баззадысты уат уаты. Мєсыг амайєг раирвєзти зондєй. Радзырдта йє Дзусаты Пленка, 24 декабръ, 1921 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 33, ф. 41—42. ДЖАБАГЪЄЙИ ТАУЄРЄХЪ Еу хатт Джабагъє, мєнкъєй биччеу уогєй, еу биччеути къуари размє баф- тудєй. Биччеутє фєххилєнцє ’ма сє еуемєн расуд кодтонцє. Джабагъє ба сємє дзоруй: — Олий суди хузєн ку ракодтайтє. Ечи рєстєги 6а Олий єрбацудєй сє рєшти ’ма ке биччеу єй, зєгъгє, бафар- ста. Ечи мєгури биччеу, зєгъгє ин єй байамудтонцє. Олий сєхемє ку рандєй, уєдта ’ймє фєдздзурдта ’ма ’й бафарста: — Хуарз биччеу, чи мин зони, єз хуарз суд не скодтон, уомєн? — Мудгєстєн хуарз суд не скодтай. Уони гъуддаг 6а уотє адтєй, ’ма мудгєстє хуаллаги хєтдзє косєрттєгтє хастонцє, ка уєр єрхєшшидє, ка ба дєркъє єрхєшшидє. Сє мєгурдєр ка ’дтє, е 6а дєркъє єрхаста. Дєркъєн є цуппар къахи дєр фєйнє хужи адтєнцє, ’ма сє и цуппар лєги байурстонцє, е дєу къахи хай, е ба дєу къахи хай, зєгъгє. Дєркъє куд хилєй, уомє гєсгє кауи є къах рахастєй ’ма басастєй, сє еуей хай ка ’й, е. Мудгєстєн рєфтємє сє бєдбєнттє хъєбєр цудєнцє ’ма хъєбєр бакус- тонцє. Рєфтєй фєстємє 6а хуєргє ’ма хусгє кодтонцє. Ку бахуардтонцє, уєд- та ниххустєнцє. Дєркъє ба арти фарсмє исбадтєй ’ма є цєф къахбєл бафтудєй жинг. Жинг є къахбєл ку бафтудєй, уєдта ралигъдєй ’ма мудти астєу рауайє- бауайє кєнуй, ’ма сєбєл жинг бафтудєй гъємпинсєр бєдбєнттєбєл ’ма кєрєй- кєронмє басугъдєнцє. Уєдта судмє балєвардтонцє, уой къахи хай, уой жинг нє басугъта, зєгъгє, Олиймє. Єсшин суд кодта: єртє мудгєсемєн бафедє сє зиан, дєу къахи хай адтєй саст, ’ма сєбєл е бафтудта жинг. Гъе, омє гєсгє загъта Джабагъє Олий суди хузєн суд ку скодтайтє, зєгъгє, биччеутєн. — Мадта, биччеу, ду ба куд єссуд кодтайсє? — Єз ба куд єссуд кодтайнє, чи къєхтєй давтонцє, етє ’й бафедєнтє. Є цуппар къахи саст ку адтайонцє, уєд є бунати басугъдайдє. 202
И судгонд є зєрдємє бацудєй Олийєн ’ма бафєндє кодта: — Ачи биччеу ку єслєг уа, уєд мєн унаффє кєнун нєбал бауадздзєнєй, уой бєшти мєхе райсон ардєги. Ке уарзта, уонєн балєдєрун кодта, ма уордєги рандєй. Радзырдта йє Хъєбєлойты Афил Сламєрзайы фырт, 9-єм септябръ, Озрек, 1956 аз. Ныффыста йє Цагъаты Апастасия. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 175, папкє 44, ф. 3—4,. ЄФСЄРМИГЄНАГЄ ИУАЗЄГИ ХАБАР Ей гъєунги хъєрєу лєг фєццєуй ’ма еу лєппомє дзоруй: — Де ’зєр хуарз! — Єгассо, ранємє хєстєг уо, ранємє фестєг уо. — Бєргє рафестєг уинє, фал зиндарєнгомау дєн, ’ма мє ку нє бафєра- зайтє байуазєг кєнун. — ’Ма дє уанєбєрєг чи гъєуй? — Єхсєвєрєн мє нєлфус гъєуй, мє бєхи ба — ласєг. — Барєн мє фиди рафєрсон. Є фидє ба ин загъта: — Мах бон нє бауодзєнєй уєхєни исиуазєг кєнун, уєлдєр цєуєд. Уєлдєр бабєй иссудєй ’ма бабєй уоми дєр еу лєхъуєнмє дзоруй: — Уе ’зєр хуарз! — Єгассо, ранємє фестєг уо. — ’Ма зиндарєнгомау иуазєг дєн, ’ма мє ку нє бафєразайтє байуазєг кєнун. — Гєр, чи дє гъєуй уанєбєрєг? — Єхсєвєрєн мє нєлфус гъєуй, мє бєхи 6а — ласєг. Е дєр є нифс нє бахаста уо!л байуазєг кєнунмє ’ма бабєй уєлдєр рандєй. Исхъєрттєй гъєуи сєрмє. Гъєуи сєри ба єлдар цардєй. Єлдари ихуєрстмє дзоруй: — Де ’зєр хуарз! — Єгассо, ранємє хєстєг уо. — ’Ма зиндарєнгомау иуазєг дєн, ’ма мє ку нє бафєразайтє байуазєг кєнун. — Уанєбєрєг дє чи гъєуй, єлдари тургъи дєу фагє куд нєййе?! — Єхсєвєрєн мє нєлфус гъєуй, мє бєхи ба — ласєг. — Барєн, єлдари рафєрсон, — зєгъгє, ихуєрст хєдзарємє бацудєй. Єлдарєн єй радзурдта ’ма єлдар 6а загъта: — Байкєнтє иуазєгдонємє, є бєх 6а ин хуаси рагъмє рауагътє. Байиуазєг кодтонцє. Єхсєвє 6а ин фєхсунгонд барвистонцє. Еу фус баху- ардта. Бєх дєр ласєг бахуардта. Сєумє 6а’ймє єлдар бацудєй ’ма фєрсуй: — Нур дє хуєрдє куд єй, дє хъаурє дєр уотє ’й? — Нечи хъаурє мємє ес, лєгмє лєг дєи єндєр. Єлдармє 6а адтєй дууадєс лєги тонаугєнгутє. Єлдар ин сехуар дєр нєбал равардта. Рандєй е дєр. Є фєсте 6а ин є тонаугєнгутє фервиста. Фєууайунцє, ’ма еу рєстєги 6а фєстємє ракастєй ’ма и соргути уинуй. Єхецєн загъта, атє мєн зеууєнттє ’нцє, зєгъгє. Фєлледзєги ’й. Етє ба є фєсте ниррєнгъє ’нцє, 203
уєдта сємє єхе фєззилдта ’ма сє еугай-дугай зєнхємє фєккалдта. Бєхтє 6а инайбаст ракодта ’ма сє єлдари тургъємє баскъардта. — Атє сумах гъєуккаг єнцє, євєджи, ’ма сє райсетє, мєн нє евдєлуй. — ’Ма анєн сє бадгутє 6а чи фєцєнцє? — Уєртє сє минкъий рауурстон ’ма зиндзєнєнцє. — ’Ма мин уотє нє загътай, лєгмє лєг дєн, зєгъгє? — ’Ма дин уєхєн лєгтєй загътон! Мєнєн мє цєстє ка скъахта, єз уєхєнєй загътон, єндєра сумах лєгтєй 6а мєн нихмє дууадєс мини гъєуй. Радзырдта йє Хъєбєлоты Хъанамат Даукуйы фырт, 6-єм сентябръ, 1956 аз, Озрек. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия. ЦИГСИИ-иы архив, фольклор № 175, ф. 9—10, папкє 44. ЦЄХДЖЫН ХОЙРАДЖЫ АРГЬ Цардис мєгуыр лєг йє фыртимє. Иу бон мєгуыр лєг йє фыртмє фєдзырд- та ємє йын афтє зєгъы: — Цалынмє ма удєгас дєн, уєдмє фєцу мє рагон хєлармє ємє дзы мє хєс дєр єрхєсс. Дє фєндаг дард уыдзєн ємє дын фєдзєхсын, фєндагыл уа, бына- ты, уєддєр кєрдзын иунєгєй макуы бахєр. Сцєттє кодтой лєппуйєн фєндаггаг ємє ацыд балцы, уєдє цы уыдаид. Цас фєцыдаид, чи йє зоны, фєлє бахєццє иу суадонмє. Суадоны цур бады иу зєронд лєг, хєринаг єм ницы, йє фєллад уадзы. Мєгуыр лєджы фырт систа йє фєндаггаг ємє дзуры зєронд лєгмє: — Барвєсс, зєронд лєг, мє хус къєбєрыл, цєхджын хойраг адємєн ємхуы- зон у. Зєронд лєг арфє ракодта лєппуйєн, ємє бахордтой аходєн. Цєуынтє райдыдтой ємє изєры бахєццє сты, лєппу цы хъєумє цыди, уырдєм. Зєронд лєг хъєугєрон фєдєлдзєх ис, ємє лєппу иунєгєй бацыд йє фысымтєм. Хорз суазєг кодтой лєппуйы йє фыды хєлєрттє. Радтой йын хєсы ’хца, скод- той йын хорз фєндаггєгтє, ємє та дыккаг бон лєппу рараст йє фыды хєдзармє. Иудзєвгар куы рауадис хъєуєй, уєд та кєсы, ємє уєртє зєронд лєг фєцєуы. — Аипп ма уєд, ме ’мбєлццон, фєлє кєй фєхицєн дє, уый мын хъыг уыди. Мє фысым нє дыууєйы дєр суазєг кодтаид. — Афтє у, лєппу, фєлє єз дєр дє фысыммє уыдтєн. — Ау, уєдє дє єз куынє федтон. — Лєг нє дєн єз, — загъта зєронд, — удхєссєг дєн єз ємє дє фысымы уд исынмє уыдтєн. Ныронг дєр єм цыдаин, фєлє йын хатыр уыд, афтє куывта, Хуыцау, хєсджынєй мє ма амар, зєгъгє. Лєппу фєхъыг кодта йє фысымы зианыл, фєлє ма дзы цы рауадаид. Аходєн афон куы ’рцыди, уєд та кєрдзын иумє бахордтой, ємє уєд лєппу фєрсы: — Уєдє мын мє уд хєссынмє та кєд єрцєудзынє? — Лєппу, хуыздєр уыдаид, уымєй мє куы нє фєрсис, уєд. Дє зєрдє йемє дзурдзєн, ємє дын зын уыдзєн. — Кєм фембєлдыстєм, уым уєлдай нал у, зєгъ мын єй. — Ус куы ракурай ємє йє куы ’рхєссай, уєд ног чындзы сєрзєдыл куыд- дєриддєр бафєдзєхсой, афтє єрцєудзынєн дє уд хєссынмє. 204
Лєппуйєн йє ускурын афон єрцыди, фєлє кєм куымдта ус курын. Хєстє- гєй-хицонєй йєм єрхатыдысты ємє йын гєнєн куы нал уыд, уєд сразы. Уд- хєссєг ын куыд загъта, уый зєгъын та йє сєрмє нє хаста. Єрхаста ус, уєдє цы уыдаид. Ног чындзы сєрзєдыл куыддєриддєр бафє- дзєхстой, афтє удхєссєг лєппуйы уєлхъус февзєрд. — Єххєст ма мє фыдимє аныхас кєнон, — зєгъгє, лєппу бар ракуырдта уд- хєссєгєй ємє йє фыдмє бацыд. Радзырдта йын, удхєссєг єм кєй єрцыд, уый. — Єнхъєлдєн, лєппу, цы дын фєдзєхстон, уый дє зєрдыл нє бадардтай. — Мє Хуыцау — ме ’вдисєн, дыуує хатты фембєлдтєн ацы зєронд лєгыл ємє дыуує хатты дєр иумє бахордтам кєрдзын. — Уєдє йєм бацу ємє йын зєгъ: «Цєхджын хойрагєн ницы аргъ кєныс?» Лєппу бацыд ємє загъта удхєссєгєн, йє фыд ын куыд бацамыдта, афтє. Удхєссєг уымєн дзуапп раттын нє бафєрєзта ємє фєцыд мєрдты бєсты ємє Хуыцауы тєрхоны лєгтєм. Иннє абонєй иннє абонмє фєтєрхон кодтой ємє нє бафєрєзтой саргъ кєнын цєхджын хойрагєн, уый бєрц зынаргъ сєм фєкаст цєхджын хойраг. Уыйадыл ног усджын удєгасєй баззад. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949 аз, ф.375. ЄРТЄ ФСЫМЄРЫ КУЫД ССАРДТОЙ СЄ ДАВД БЄХТЄ Єртє ’фсымєры уыди. Уыдысты сєхи уды фєллойє цєрєг, искєй хєрамы нє цыдысты. Уалдзєджы куыстытє уыдысты сє тєккє тынгыл, афтє сын се ’ртє бєхы иу єхсєв адавдєуыд. Єфсымєртє сагъєсыл сысты: цы бакєной, куыд бакєной. Сє иу загъта: — Бацагурын хъєуы бєхтє. Иннє загъта: — Бацарєфтыд уыдзыстєм, уалдзєджы куыстытє афойнадыл куы нє бакє- нєм, бєхты фєдыл куы ацєуєм, куы бафєстиат уєм уыдон агургєйє. Єртыккаг загъта: — Уєдє єххєст куыстытє куы фєуой, уєд абалц кєндзыстєм нє бєхты фєдыл. Куыстытє уалдзєгєй фєззєгмє нал ихсыдысты: иу куыст-иу фєци, афтє та- иу иннє куыст єрбаййєфта. Єрєгвєззєгмє атыхст афтємєй сє хъуыддаг; рай- сомєй халас євєрын байдыдта. Єртє єфсымєры сє бєхтыл сєргътє сєвєрдтой, єрцагуырдтой, раг- уалдзєджы єртєхыл цы бєхтє адавди, уыдонєн ныр єрєгвєззєджы халасыл сє фєд. Фєд хєссынц, афтємєй иу єлдары хъєумє бафтыдысты. Єртє єфсымєры куыд раиртєстой, афтємєй бєхты фєд єлдары галуантєм бацыд. Єлдары уазєгдоны раз бєхбєттєныл сє бєхтє бафтыдтой ємє уазєгдонмє бацыдысты. Єлдарєн фехъусын кодтой уазджыты хабар. Єлдар суазєг кодта єртє ’фсы- мєры: кусарт, цєхх, кєрдзынєй сє хорз федта, схуыссын сє кодта, стєй — хуыздєр бон ныл Хуыцау скєнєд, зєгъгє, уазджытєн загъта: «Хєрзєхсєв». 205
Хєдзармє куы бацыд, уєд басидт йє кєстєриуєггєнджытєй иумє ємє йын дзуры: — Уазєгдоны дуармє аивєй бацу ємє сєм байхъус, кєддєра цы дзуриккой. Стєй мєм уайтагъд єрбацу ємє мын сє бєлвырд ракєн. Єнхъєлмє дєм кєс- дзынєн. Хъусы єлдары лєг уазєгдоны дуарєй єртє ’фсымєрмє. Хъусы дзурын. Ємє загъта хистєр: — Диссаг мєм фєкаст ацы бон иу хъуыддаг: се ’лдар сау лєджы хуызєн у. Загъта астєуккаг: — Єз та афтє бафиппайдтон ємє дзул мєрдон тєф кєны. Єртыккаг загъта: — Уєдє єз уый раиртєстон, ємє сє фыд куыдзы фыды ад кєны. Сє ныхас ууыл банцади єфсымєртєн ємє бафынєй сты. Лєг бацыд єлдармє ємє йын радзырдта, уазджыты ныхас кєрєй-кєронмє куыд уыди, афтє. Єлдар батєвди уазджыты ныхєстыл, нал баурєдта йєхи ємє йє мадмє басидт: — Мє мад, сау лєджы хуызєн мє куы хонынц нє уазджытє, уєд уый цавєр ныхас у — фаугє мє кєнынц, єви раст циу, уый зєгъынц? — Нанайы дє сєрыл нывондєн єрхєссєнт. Уый уыди афтє: дє фыдєн ма уыди номылус. Мєнєн чызджытє цыди алы хатт дєр, номылусєн та лєппутє. Ємє ды номылусєн куы райгуырдтє, уєд мєнєн та уыди ноггуырд чызг. Баз- дєхтысты ємє дєу мє дєлфєдтєм авєрдтой, мє чызджы та дє мады дєлфєд- тєм. Хъуыддаг уыди афтє. — Дзулы тыххєй та цы зєгъдзынє, мєрдон тєф, дам, куы кодта? — Ємє дыы бирє цєрєнбонтє Хуыцау раттєд уый єрцыдмє. Єндєр хъєуы сємбєлдтєн мєрддзыгоимє. Фєстємє куы раздєхтыстєм, уєд фєсвєндаг уєны стєгыл ауыдтои мєнєуы єфсиртє кєрдинагєй. Зын мєм фєкаст сє ныууадзын, ратыдтон сє, азгъєлстон сє, мє роны кєрон сє абастон, ємє нє хєдзармє куы ’рбацыдтєн, уєд сє тауинагыл бакалдтон. — Хорз, — загъта єлдар ємє ’рбасидын кодта фыййаумє. — Зєгъ-ма мын, уазджытєн цы кусарт акодтам, уый цавєр уыди? Радзур мын йє хабар. — Иу фыс ныззади уєрыкк ємє уыцы сахат йє уд систа. Уєрыкк сидзєрєй баззад. Уыцы рєстєджы нєм уєтєры уыди ногзад гадза дєр. Сидзєр уєрыкк бафтыди гадзайы фєдєгыл ємє уый єхсырєй схъомыл. — Фыдєбоны уазджыты ахєсты фєдєн, — загъта єлдар. Райсом раджы єртє ’фсымєрєн сє давд бєхтє раласын кодта, сєргътє сыл сєвєрын кодта йєхи хєдзарєй ємє афєндараст кодта уазджыты. Радзырдта йє Ємбалты Аппе Бицайы фырт, 1-єм ноябръ, 1922 аз, Єры- дон. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. «Ирои адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928 аз, ф. 57—58. ГУЫРДЗИАГ КЪЄРНЫХ ЄМЄ ИРОН ХУЫСНЄГ Иуахємы гуырдзиаг уазєгуаты єрцыди йє ирон єрдхордмє. Рагєй нал фед- той кєрєдзийы. Сє цинтєн, сє мондєгтєн кєрон нал уыди. Куы ’рсабыр сты, уєд ирон єрдхорд фєрсы гуырдзиаг єрдхорды: 206
— Хуры уынды хуызєн мын дє уынд, фєлє кєд исты хъуыддаджы тыххєй, мыййаг, єрцыдтє. — Нє рєдийыс, — загъта гуырдзиаг єрдхорд, — ныронг растєй фєцардтєн, мєхи фєллойє дарддєр фысы комєй, хал циу, уый дєр никуы раластон. Ныр мє зєрдє райста давын, уєнгєл мын фестад кусын. Сахуыр мє кєн къєрных кє- нын: давынєй єндєр мє зєрдє ницыуал зєгъы. — Єндєр хорз хъуыддєгтє зын сты, фєлє давын — сахуыр кєндзыстєм. Цєй бєрц рацыдаид, чи йє зоны, фєлє иу бон ацыдысты хєтынмє. Кєсынц ємє хъєддзау дыуує галыл суг єрбаласы, сє уєлє бадгє ємє єхситтєй заргє. Гуырдзиаг дзуры: — Уєртє нє уыцы дыуує галы куы уаиккой. — Дє хуыздєрау фєуай, кєд дзєгъєлы цы дзурыс! Сугты сєр бады нєртон саг лєг, уыцы цыдєй цєуынц йє дыуує галы; хъєддзау уыдонмє кєсын, уыдон тєрынєй єндєр ницы кусы, — уєд та ма уыдон къухы бафтой? Хєйрєг куы фестай, уєддєр сын ницы амал єрцєудзєн. — Фенд зоны, — загъта гуырдзиаг хуыснєг ємє фєндаджы разєй фєци ємє йє иу дзабыр фєндагмє баппєрста, йєхєдєг фєсвєндєгты йє уады куыст кєны; ємє та иудзєвгар рауад, афтє та аннє дзабыр дєр фєндаджы астєумє фехста. Хъєддзау, «гъєй» гєнгє, уєрдоны сєрєй хъахъхъєны йє развєндагмє. Уалынмє єрбахєццє раззаг дзабырмє. Лєг дзуры йєхинымєры: «Иу дзабыр уєрдоны сєрєй ахизыны аргъ дєр нєу», — ємє дарддєр йє цыды кой кєны. Єрбахєццє євєдза дыккаг дзабырмє, уєд: «Гъо, гъо, къобортє!» зєгъгє, галтє єрурєдта, уєрдонєй єрхызт, дзабыр фелвєста ємє иннємє фєцєуы. Гуырдзиаг къєрных галтє феуєгъд кодта уєрдонєй ємє сє фєсвєндаг ам- бєхста. Лєг дыуує дзабыры систа ємє уыдонимє єнє суг, єнє галтє сє хєдзармє єрфардєг — галты ма кєм ссардтаид. Дис фєкодта ирон хуыснєг гуырдзиаг къєрныхыл ємє загъта: — Мє хєлар, д’ арєхст куыд у, уымє гєсгє дє хуыснєгыл бирє ахуыр нє бахъєудзєн. Бадынц ємє та фєлгєсынц сє рындзєй. Уєд та дын дєлє хъєдгєрєтты иу лєг фєндагыл сєгъ фєласы, синаг йє хъуырыл, афтємєй, сєгъы фєстє згъоры йє сєныкк. Ємє та гуырдзиаг къєрных дзуры ирон хуыснєгмє. — Дєлє мын уыцы лєджы сєгъ ємє сєныкк єнє радавгє хос нєй. — Уый та куыд уыдзєни? — загъта ирон, — бєндєн — сєгъы ’фцєгыл, бєн- дєныл лєг хєцы йє къухтєй. — Фендзыстєм, — загъта гуырдзиаг, — ємє та фєаууон, лєджы разєй пых- сыты фєци ємє єрбадти рындзыл ємє кєсы лєгмє. Бирє нє фєбадт, уайтагъд лєг єд сєгъ єрбахєццє йє размє. Гуырдзиаг пыхсы къалиутє сєныкмє бадардта фєсвєдєй. Сєныкк уыдонмє куыд фездєхт, афтє, — дє фыдгулы базайраг уыйау, — гуырдзиаг рацахста сє- ныкк, кєрдєджы гуцъула йын йє дзыхы атъыста, цємєй ма уаса, йє къєхтє йын мєцкъорєй єрбаста ємє йє пыхсыты баппєрста. Уыйадыл та фезгъоры пыхс-пыхс размє фєндаджы былтыл. Лєг иудзєвгар куы рауад, уєд сєгъ бауасыд йє сєныкмє. Лєг фєстємє фєкаст ємє — сєныкк нал. Лєдзєг фєндагыл єрсагъта, сєгъ ыл абаста, йєхє- дєг «цы дєлдзєх та фєци», зєгъгє, фезгъоры фєстємє. 207
Гуырдзиаг къєрных єндєр цы хъахъхъєдта! — Сєгъмє фєлєбурдта ємє йє пыхсы арфгомау амбєхста. Лєг сєныкк дєр нал ссардта, сєгъєй дєр єнє хай фєци. — Абонєн уал нын єгъгъєд фєуєнт, — загъта гуырдзиаг. — Дє арєхстєн ницы у, мє хєлар, — загъта ирон, — хъуыддаг єнєкъуылым- пыйє афтє куы цєуа, уєд истємєйты нєхи дардзыстєм, стєй дє мєн ахуыр кєнын дєр нал бахъєудзєн. Ирон хуыснєг царди єлдары хъєуы, хъєуы астєуты цыди дон, доныл иу ран хид. Єлдар уыди стыр хъєздыг. Йє дыуує мєсыгєй иуы сызгъєрин кєри, ан- нєйы — ’взист. Дыуує хєлары зыдтой уыцы хабар, фєлє сын бєлвырдєй бєрєг нє уыди, кєцы мєсыджы ис сызгъєрин кєри. Иу бон куы уыд, уєд та гуырдзиаг дзуры иронмє: — Мє хєлар, єлдары сызгъєринєй фєфос кєнєм. — Фєлтау дє куы нє ссыдаид ахєм ныхас: сырєзєн цы хъуыддагєн нє уа, уый кой кєнын дєр не ’мбєлы лєджы хуызєн лєгєн. — Ємє уєд цєуылнє хъуамє сырєза хъуыддаг? — бафєрсон дє. — Иуєй, єлдары мєсгуытєм маргъ дєр нє батєхдзєн, аннємєй бєрєг нєу — сызгъєрин кєри кєцы мєсыджы ис. — Уыдєттє уал фєуадз, фєлє мєм єнувыдєй єрбайхъус. Цом ємє доны дыуує фарсы нєхи фєкєнєм; хидырдєм нєхи сараздзыстєм ємє цєугє-цєуын кєрєдзимє єртхъирєн кєндзыстєм, алывыдтє дзурдзыстєм, быцєу кєндзыстєм. Хидыл куы баиу уєм, уєд нє кєрєдзимє фєлєбурдзыстєм ємє... нємыс ма — нал! зєгъгє, кєрєдзийы фєрстєм ахъаззаг базилдзыстєм. Адєм єрбафєдис кєн- дзысты иргъєвынмє, фєрсдзысты нє — нє хылы сєр цєуыл у, уымєй. Ємє-иу уєд ды зєгъ: «Мєнє ацы гуырдзиаг хєрєг афтє зєгъы, єлдары сызгъєрин уєл- лаг мєсыджы ис, єз та йын афтє зєгъын ємє дєллаг мєсыджы ис», афтємєй рабєрєг уыдзєн сызгъєрины євєрєн. Утєппєт адємєй исчи єнє зонгє нє уы- дзєн сызгъєрин євєрєн. Гуырдзиаг куыд загъта, афтє бакодтой. Иу — донєн йє иуырдыгєй, аннє — иннєрдыгєй єртхъирєнтєгєнгє, афтємєй хидыл баиу сты ємє кєрєдзиуыл ралєууыдысты. Хидыл цєуджытє сыл єрємбырд сты ємє сє иргъєвынц, уай- дзєфтє сын кєнынц. — Ємє куыннє! Хєрєг дєр єм мєстєй тъєпп ахаудзєн ацы гуырдзиаг хєрєгмє! Єз ын афтє зєгъын, єлдары сызгъєрин уєлє мєсыджы ис, уый та мын афтє, — нє, дєлє мєсыджы ис. — Искєй фос кєм сты, уый базоныны тыххєй уыл кєрєдзийы афтє бафхє- рын не ’мбєлди, хєлєрттє, — загътой сын иргъєвджытє, стєй сын бацамыдтой, кєцы мєсыджы ис євєрд єлдары сызгъєрин кєри. Ай-уый нал фєкодтой, фєлє дыуує хєлары цы агуырдтой, уый куы ссард- той, уєд сє хєдзары цингєнгє балєууыдысты. Хъєугєрон уыди тар пыхсытє, аууон рєттє. Дыуує хєлары уырдыгєй зєххы бынты къахыныл ныллєууыдыс- ты. Мєсыджы бынмє куы бакъахтой, уєд дзы єхсєвыгон рахастой, цєй бєрц фєрєзта иу лєг хєссын, уый бєрц. Єлдар фосуарзаг лєг, зыд лєг, — алы бон дєр бєрєг кодта йє хєзнатє се ’ппєт дєр. Иу райсом єм афтє фєкасти, цыма сызгъєрин кєри фефсєрста. Єрбасидти хистєр адєммє ємє сє фєрсы: — Цымє сызгъєрин кєри ’фсєра? 208
— Єфсєрдзєн, — загътой хистєртє, — уый тыххєй ємє тынг уєззау у сыз- гъєрин. Къулбадєг усмє дєр барвыста фєрсєг. Къулбадєг ус загъта: — Єфсєргє нє ныккодта, фєлє єлдары сызгъєринєй давгє ачынди. Єнє дон сасм ауадз мєсыджы ємє уєд сбєрєг уыдзєн мє дзырдты єцєгдзинад. Єлдар афтє бакодта: єнє дон сасм ауагъта, сызгъєрин кєри кєм уыди, уыцы ран. Рацыдысты дыуує хєлары сызгъєрин хєссынмє єлдары мєсыгєй. Ирон лєууы бацєуєны ємє хъахъхъєны, гуырдзиаг бацыди мидємє ємє єнє дон сасмы астєу ныссагъди. Ракє-бакє ма кєны, фєлє цас фылдєр архайдта, уый бєрц фылдєр сагъди єнє дон сасмы. Єрєгмє куы зынди гуырдзиаг мєсыгєй, уєд єм йє хєлар хєстєгдєр бацыд ємє йєм дзуры: — Цы фєдє? Цєй єрєгмє зыныс? — Мєнє бєргє дєн, фєлє мє азмєлєнтє мє бар нал сты, ардыгєй мын аирвєзєн нал ис. Фєлє Хуыцауы хатыр, дє мад-дє фыды хатыр бакєн ємє мын мє сєр ралыг кєн ємє йє искуы бафснай. — Амєлєт уыдзєн, уєддєр уый нє бакєндзынєн. Мє хєлар, ме ’рдхордєн єз мєхи къухтєй йє сєр ракєнон? Хуыцауы зєрдє мыл фєхуддзєн, мє зєрдє дєр єй нє бакомдзєн. — Кєуынєй мє мауал буц кєн, райсоммє мє уєлє куы баззайа, уєд мын цы бакєндзєн єлдар, уый нє зонын... Хєлар мын нє уыдзынє, кєй дын зєгъын, уый куы нє бакєнай, уєд. Єнєбары кєугєйє ралыг кодта ирон йє хєлары сєр, рахаста йє ємєхсє- вєджы ємє йє бафснайдта йє ныккєнды. Райсомєй айхъуысти хъєубєстыл: «Єлдары сызгъєрин фєдавта єнє сєр лєг». Уєд къулбадєг ус загъта єлдарєн: — Хуыснєгєн уыди сєр, фєлє йын єй рачынди. Єлдар баздєх ємє єнє сєр лєджы, авд фєндаджы кєм баиу вєййынц, уырдєм ахєссын кєн, хъахъхъєн- джытє йын скєн. Ємє сын бафєдзєхс — мардыл хъыггєнєг, тєригъєдгєнєг йєхи чи скєна, уый куыд єрцахсой. Уый дє зонын хъєуы, ємє йын йє сєр чи ахаста, уый йын йє гуыр дєр нє ныууадздзєн, зындзєн єм. Марды скъахтой, авд фєндаджы кєм баиу сты, уым єй єрєвєрдтой ємє йє хъахъхъєнынц. Ирон хуыснєг фехъуыста йє хєлары хабар. Хєрд, иозт сцєттє кєнын код- та, хєрєгыл сє сєвєрдта, нымєты гєбазєй сє єрємбєрзта. Хєрєджы къє- лєуы ныккєнды бабаста ємє бафєдзєхста йє мадєн. «Цыдєриддєр афон дєм нє фєзына хєрєг, уайтагъд-иу єй ныккєнды афснай йє къєлєуы раз ємє йыл дуєрттє сєхгєы». Уыйадыл хуыснєг араст йє хєдзарєй. Єризєр, афтє авд фєндаджы цы ран баиу вєййынц, уырдєм бахєццє. — Ує изєр хорз, — дзуры марды хъахъхъєнджытєм. — Дє фєндаг раст, — дзуапп ын радтой єнє сєр лєджы хъахъхъєнджытє. — Цы ми кєнут ацы ран? — Мєнє єлдары сызгъєрин чи фєдавта, уый хъахъхъєнєм. — Фыддєртє дєр ма йын хъєуы уыцы Хуыцауы єлгъыстєн. Нє йєм кєсут, не ’лдары сызгъєринтє давгє сбадт. 14 Ирон пдємон сфєлдыстад, 2-лг том 209
— Ємє уєд ды та кєдєм цєуыс? — Мєнє маргас хєссын мєрдты тыххєй. Хорз уаид ємє рухс куы зєгъиккат мардєн. Ануазут фєйнє нуазєны, кєдєм єй хєссын, уым дєр уєлдай хъуыддаг нє уыдзєн. Цєуылнє анызтаиккой хъахъхъєнджытє марды рухсаджы тыххєй? Лалым- тєй уадзын байдыдта арахъхъ, бєгєны ємє дєттє, хатгє хъахъхъєнджытєм. Уыдон нуазгє ємє хєргє. Уалынмє сыл банафон. — Ныр цон хєссон мє маргас. — Кєдєм ма фєцєудзынє ай хуызєн мєйдары. Ам лєуу, райсом афєндараст уыдзынє. — Тєрсгє кєнын. — Ємє уєд цємєй? — Мє хєрєг мын адавдзєн єнє сєр лєг, ємє ма уєд мє хєдзар цємєй фєдардзынєн? — Ма тєрс, махєй халон стєг дєр нє фєхєсдзєн. Намє дын ыл исты куы ’рцєуа, уєд дзы нє сєр нє фиддон. Єхсєвы уым баззад. Йє нымєты гєбазєй йєхи єрємбєрзта ємє уайтагъд йє хуыр-хуыр ссыд — ома тарф фынєй бадєн. Иу афон куы уыди, уєд нымєт феппєрста ємє рахъахъхъєдта алырдєм. Єнє сєр лєджы хъахъхъєнджытє нозтвєлладєй мєрдфынєй баисты. Лєг фєгєпп кодта уєлємє, єнє сєр лєджы хєрєгыл авєрдта ємє хєрє- джы єрцєфтє кодта. Хєрєг базмєлыди ємє сє хєдзары дуармє ємєхсєвєджы уасгє-уасгє балєууыди. Хуыснєджы мад єм разгъордта ємє йє ныккєнды фє- мидєгєй кодта. Марды хъахъхъєнджытє райсомєй єрыхъал сты. Кєсынц, ємє мард дєр, хєрєг дєр уым нал. Хєрєджы хицау хуыссы хуыр-хуырєй, нымєт йє уєлє, афтємєй. Зивєг єм кєнынц райхъал кєнынмє. Райхъал маргас хєссєг ємє бардиаг кодта, йє хєрєг уыцы ран куы нал разынди, уєд. — Бабын мє кодтат, царєфтыд фєуєнт ує хєдзєрттє. Нє уын дзырдтон, фыдєбоны єнє сєр лєг мын адавдзєн мє хєрєг! Цємєн мє баурєдтат, куы нє лєууыдтєн? Лєг нал ємє нал сабыр кєны. Хъахъхъєнджыты дєр мєт куыд нє бацыда- ид. Дыууєрдєм рауай-бауайыл фесты. Хуыснєг йє нымєты гєппєл йє уєлє баппєрста ємє сє хєдзармє йєхи айста. Хъєубєстыл айхъуысти хабар. Адєм дзырдтой: — Єнє сєр лєг фыццаг уыди ємє єлдары сызгъєринтє фєдавта, ныр та хєрєг адавта ємє цы фєци, уый бєрєг нал ис. Єлдар єрбасидти къулбадєг усмє ємє йын загъта: — Уєддєр афтє загътай, — єнє сєр лєг, дам, нє фєдавта мє сызгъєринтє. Кєс-ма, ныр та хєрєг дєр адавта. — Хъєлєкк ницы адавта єнє сєр лєг, фєлє дын куыд загътон, афтє ’рцыди хъуыддаг: йє сєр ын чи ралыг кодта, йє гуыр дєр ын уый бафснайдта. — Ємє ма йє ц’ амалєй ссардєуа? — Дыуує теуайы дєм ис. Ахсєв сє єнафоны раскъєр ємє кєй кєрт сфа- джыс кєной, уый у дє къєрных. 210
Єрєхсєв, афтє єлдар єнафоны раскъєрдта дыуує теуайы. Теуатє уайтагъддєр хуыснєджы кєрты балєууыдысты ємє дзы сфаджыс кодтой. Лєппу рацыди кєртмє ємє куы ’ркаст теуайы єууєлтєм, уєд тасаг уис фелвєста ємє сє райста йє фыццаг. Дыуує теуайы куы иу кєрты, куы иннє кєрты балєууын кєны, афтємєй сє иу къорд уынджы єрзилын кодта. Теуатє алы кєрты дєр сє фєд ныууагътой фаджысєй, стєй сыл рахъєр кодта ємє сє йє ныккєнды бакодта. Куы сбон, уєд єлдар арвыста лєгтє, цємєй сбєрєг кєной зылыны. Бацє- уынц иу кєртмє теуаты фєд-фєд ємє дзы фаджыс, бацєуынц иннємє, уым дєр афтє. Уыцы хуызєнєй басгєрстой бирє кєртытє ємє алы ран дєр дыуує те- уайы фєд ємє ног фаджыс. Єрвыст лєгтє баздєхтысты фєстємє єлдармє ємє йын радзырдтой, єлда- ры дзырд кєй сєххєст кодтой, стєй кєртыты цы разынд. Смєсты єлдар. Єрбасидти къулбадєг усмє ємє йын дзуры: — Хынджылєггаг мын скодтой мє сєр; мє айразмєйы зиантє мын єгъгъєд нє уыдысты, фєлє ма мє дыуує теуайы дєр дєу руаджы кєйдєр хай баисты. Мє маст єппєт мын єнє райсгє нєй дєуєй: марын дє хъєуы. — Єлдар, єлдар, де зєд, дє фарны стєн! Тагъд ма бакєн. Єз дын никуыдєм алидзинаг дєн ацы бєстєй. Иу ма дын зєгъын: бирє зиантє баййєфта дє сєр, фєлє мє уырны, фєстаг хатт ма бавзар, кєй дын зєгъон, уый. Куы ницы дзы рауайа уымєй дєр, уєд дє бар нє дєн, нє! — Цы зєгъынмє ма хъавыс? — Къєрныхєн нєй єнє ссарын. Баздєх ємє дє чызджы арвит, авд фєнда- джы кєм баиу вєййынц, уыцы ранмє. Сєдє барєджы йын арвит хъахъхъєн- джытєн. Дє чызгмє ратт болат хєсгард. Єлдар, уыцы митє дын чи бакодта, уый дын дє чызгмє дєр зындзєн авд фєндаджы баиу кєнынмє. Ємє бафєдзєхс дє чызгєн, цємєй къєрныхєн аивєй йє зачъе алыг кєна рахизфарсырдыгєй. Дзырд дын дєттын, уєд кєй агурыс, уымєн нал бауыдзєн йє бон бамбєхсын. Сарєзта єлдар йє иунєг чызджы, болат хєсгард єм радта; хєсгардєй цы бакєнын хъєуы, уый чызгєн бамбарын кодта. Сєдє барєджы євзаргє адємєй арвыста чызгимє. Єлдары чызг ємє сєдє барєджы єрынцадысты, авд фєнда- джы кєм баиу вєййынц, уыцы ран. Єризєр, афтє ахєм тымыгъ скодта, ємє сєдє барєджы цы фєуыдаиккой, уымєн сє сєрєн хос нал ардтой. Сєфынєй куыд фєтарстысты сєхицєн, афтє дзы алчидєр йєхи сєры кой бакодта, бафснайдтой сєхи. Ирон хуыснєг рауагъта йєхи ємє чызджы уайтагъддєр ссардта. Цас фєуыдаиккой иумє, чи зоны, фєлє къєрных иуцъусдуг авєрдта кєрє- дзиуыл йє цєстытє. Єлдары чызг болат хєсгард фелвєста ємє дзы хуыснєджы зачъе рахизырдыгєй алвыдта. Нєма єрбабон, афтє лєппу фехъал ємє араст йє хєдзармє. Цєй бєрц ауадаид, чи зоны, афтє йє къухтє йє зачъетыл єрхаста. «Бынтон куы бацарєфтыд дєн ай, — мє зачъейы ємбис мє уєлє куы нєуал ис. Цєй ми мын бакодта, цєй! Фєлє мыл лєджы ном ма уєд, єз исты фєрєз куы нє скєнон, цємєй фесєфа мє фєд». Фєстємє балєууыд єлдары чызгмє. — Хєрзєхсєв дын нє загътон ємє ма уый тыххєй фездєхтєн, стєй ма, єнхъєл дєн, тагъд нєма сбон уыдзєн. Афєстиат та єлдары чызгимє. Чызг афынєй. Лєппуйы єндєр хуыздєр ницы хъуыди. Болат хєсгард ын йє нывєрзєнєй фелвєста. 211
Фынєй адємыл разылд ємє сын сє рахиз єхсєрфєрстє болат хєсгардєй алвыдта. Уыйадыл єнцад-єнцойє сє хєдзармє бафардєг єд болат хєсгард. Єлдар йє маст уромын нал фєрєзта. — Мє фос дєр давды фесты, мє сєр дєр єгады бынатмє єрхауди. Утєппєт адєм мын кєд мє иунєг чызгєй фєхынджылєг кодтой, уєд єм бєрєг уыдзєн! Сар мын кєны дє къона, къулбадєг ус! Фыдбылызєй, єгаддзинадєй цы бавзєр- стон, уыдон єгасєй дєр дєуєй бузныг дєн. Ды мын уыдтє, ды! Ємє басидын кодта къулбадєг усмє. — Дєхи ницємєйуал сраст кєндзынє — маргє дє кєнын. — Єлдар, де зєд, дє фарны стєн! Раст загътай: єз мєхи нал сраст кєндзы- нєн ємє раст дєр нал кєнын мєхи. Фєлє дє бафєрсон: мєн куы амарай, уєд дын дзы цы пайда єрцєудзєн? — Мє маст ссєудзєн. — Єлдар, дєхи фєтєригъєдджын кєндзынє дзєгъєлы, дєуыл ємбєлы дє уды кой бакєнын. Фєлтау баздєх ємє дє чызджы саккаг кєн, уый бєрц чи сарєхсти, уый бєрц лєджыхъєдтє кємє разынди, уымєн. Сиахсєн дын бєззы. Уєлдай нал загъта єлдар. Дзырд радта, єлдарєн уыцы митє чи бафєрєзта, уый йєм фєзынєд, ємє йын ратдзєн йє чызджы. Къєрных фєзынди; єлдар чындзєхсєв сарєзта ємє йын йє чызджы йє фыццаг скодта. Къєрных єрсабыр, йє сєрмє нал хєссы давын, єнєгъдаудзи- нєдтє, ємє ма ныр дєр цєрынц «гъа» ємє «гъо»-йє єлдары чызгимє. Радзырдта йє Рємонты Гаспо, 9-єм ноябрь, 1922 аз, Єрыдон. Ныффы- ста йє Ємбалты Цоцко. «Ирон адємы таурєгътє, кадджытє ємє аргъєуттє», єртыккаг хай, Дзєуджыхъєу, 1928, ф. 83—90. ЄРТЄ НГАРИ Еу гъєуи адтєй єртє ’нгари, лєхъуєн-лєгтє; еумє сирєзтєнцє єма сє фуруарзонєй кєрєдзебєл бухст дєр нє фєразтонцє. Битдзеутєй еумє гъазтонцє, ку исирєзтєнцє, уєддєр еумє хаттєнцє. Хуарз ракєнунмє уєд, лєгъуз ракє- нунмє уєд — сє еу иннемєй хуєздєр адтєй. Еу кєми адтєй, уоми сє еу иннебєл гъєунги фембалдєй, єма сфєндє кодтонцє се ’ртиккаг лимєни бабєрєг кєнун. Сцудєнцє ин є хєдзарємє ’ма ’ймє багъєр кодтонцє. Сє гъєрмє рауадєй є уосє ’ма син загъта: — Ує лимєн ами нєй, гъєдємє рандєй, фал є хєдзарє 6а ами ’й, ’ма рацотє медєгмє. Басєхудта хєдзарємє ’ма сє хуарз фєййидта. Бахуардтонцє, баниуазтонцє, райарфє кодтонцє ’ма рандєнцє сє хєдзєрттємє. Уалєнгє сє лимєн дєр гъєдєй єрцудєй ’ма ин є уосє загъта: — Дє лимєнтє дєбєл нєбал бухстєнцє ’ма дє агурдтонцє; єз сє медєгмє бакодтон ’ма сє, мє бон куд адтєй, уотє фєййидтон. Лєг ниххудтєй ’ма загъта: — Єз мє лимєнти зонун: сабур бадунєй бауєгє ’нцє ’ма лєгъуз, ракєнун сє зєрдєбєл єрифтудєй. Зєгъє, ами ку бадтєнцє, уєд ци ’рдємє фулдєр кастєнцє? — Фулдєр тохонамє кастєнцє, — зєгъгє, загъта уосє, — цума єфсєрми кодтонцє, уотє. 212
Лєг ниххудтєй ’ма загъта: — Єз зонун мє лимєнти ’ма етє дзєгъєлкаст тохонамє нє кєндзєнєнцє; єресє цєхгун фарс уордигєй ’ма ’й кири баримєхсє, кенєдта ’й, исон ку ’рбон уа, уєд нєбал иссердзєнє. Уосє фарс єриста ма ’й кири нихгєдта. Єрєхсєвє ’й, ’ма лєг єма уосє ниххустєнцє. Дуує лимєни к ’адтєнцє, етє єдєуагє сфєндє кодтонцє и цєх- гун фарс радавун ’ма дзи сахсєвєр кєнун. Бахизтонцє, цалєнмє сє лимєн бафунєй єй, уєдта сцудєнцє ’ма сє еу схизтєй тохонамє, — уоми агорун бай- дєдта цєхгун фарс. Ку нє ’й ссирдта, уєд є зєрдє фаггурусхєй, байримах- стонцє, зєгъгє. Єрлєстєй тохонайєй хєдзарємє ’ма талинги туххєй иссирдта лєг єма уоси сє хуссєни. Сабургай сємє бабурдєй, єхе єркъолє кодта ’ма сосєггай и уосєн є гъоси дзоруй: — Ци фєккодтай нє фарс, байримахстай, єви байронх дє? Уосє хуссигъєлдзєгєй кєми базудтайдє, є лєг єй фєрсуй, єви нє, ’ма дзоруй: — Нє байронх дєн; байримахстон кири, ма ’й нихгєдтон. Е дєр бабєй єй фєрсуй: — Дєгъєлтє 6а кєми ’нцє, кєми сє банимахстай? — Уєртє къелабєл, — зєгъгє ’ймє дзоруй уосє. Къєрних сабургай бацудєй къеламє, райста дєгъєлтє ’ма кирєй цєхгун фарс сласта: слєстєй бабєй фєс- тємє тохонай, ’ма е ’мбали хєтдзє сабургай рафардєг єнцє. Къєрних ку фендє ’й, уєд хєдзари хецауи дєр Хуцау фегъал кодта ’ма є уоси схуайуй: — Кєми ’й нє фарс, байримахстай? — зєгъгє. Уосє рамєстгун єй ’ма ’йбєл фєгъгъєр кодта: — Ниммєуадзє хуссун. Нуртєккє дин ку загътон, байримахстон, зєгъгє. Лєг фаггурусхєй ’ма рагєпп кодта є хуссєнєй, бауадєй кирємє, ма дзи ци ссирдтайдє? Ныффыстой йє Туккаты Солєман ємє В. Миллер. Йє радзурєг бєрєг нєу. Дигорские сказания, по записям дигорцев И. Т. Собиева, К. С. Гарданова и С.А. Туккаева с переводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по воспюковедению, издаваемые Лазаревским инстшпутом Восточных язы- ков, выпуск XI. Москва, 1902, стр. 47—48. ЄХСЄУУОН ЄМА НАРОН КЪЄРНЄХТЄ Еу єхсєууон єма дуує нарон къєрнєхи фєййерис єнцє, ка ни кємєй ра- давдзєнєй, зєгъгє, уобєл. Єхсєууон къєрнєхмє адтєй тохъули єма ’й нивгарста, є фидтє ин кири бафснайдта ’ма ’йбєл къума исєвардта, дєгъєлтє 6а є мадємє ниууагъта ’ма єндєр гъєумє давунмє рандє ’й. Еци хабар нарон къєрнєхтє фегъустонцє, єхсєвє Єхсєуємє иссудєнцє, єма єхсєууон къєрнєхи хєдзарємє тикиси уаст бакодтонцє. И мадє дєр еу усмє неци исдзурдта, ку нєбал си фєразта, уєдта сєбєл фєгъгъєр кодта: — Учит, дє бундар фєдтє, фидтє сумах рази уагътон, єрбауасетє, зєгъгє. Етє дєр бабєй бауастонцє, е дєр бабєй нєуєгєй: 213
— Учит, нє тохъули фидтє кири, дєгъєлтє ба мє нивєрзєн ниввардтон, сумах исонмє дєр уасетє, — зєгъгє, єхуєдєгка ниффунєй єй. Къєрнєхтє дєр бацудєнцє єма уоси нивєрзєнєй дєгъєлтє райстонцє, кирє исигон кодтонцє єма фидти хєтдзє ниффардєг єнцє. Є фурт ку єрцудєй, уєдта ин радзурдта: — И тикистє мин мє фидтє базудтонцє єма мє цард нє уадзунцє. Уой и лєг ралєдєрдтєй єма и дєгъєлтє агорунбєл иссєй, фал фидтє уоми нєбал адтєнцє. — Хуцау ди ма исбоз уєд, — зєгъгє, єма и къєрнєхти фєсте уайунмє фє- цєй єма еу рауєн, сє еу фєснадмє куд ниххизтєй, уотемєй єй ниййафта. Баймє уадєй єма, цума єхе ємбал адтєй, уотє талинги є фидтє расайдта: рабал дє єййевон, зєгъгє. Нарон фидтє єхсєууонмє ниууагъта, єхуєдєгка дєлнадмє ниххизтєй єхе гъуди. Єхсєууон ба и фидтє фєстємє исхъєртун кодта. Наронтє дєр уой куд нє балєдєрдтайонцє єма кєрєдземє ниццєнцє. Єхсєу- уон ба є мадєн ниффєдзахста: — Мабал баууєндє, — зєгъгє. Иннє єхсєвє бабєй єхсєууон рандєй єндєр гъєумє. Наронтє ба иссу- дєнцє єма, и уосєн фитдзаг єхсєви куд бакустонцє, уотемєй бабєй ин є фидтє радавтоицє. Уєд бабєй єхсєууон уой ку базудта, уєд сє фєсте рандє ’й єма сє Мєцути ниййафта, єма унаффє кодтонцє, єхсєвє єма бон кєрєдземєй куд цох код- тонцє, уотє: — Фєббои єй єма бал мєнє еци уобаймє балєсєн, — зєгъгє. Єхсєууон, етє ци уобаймє загътонцє, уордємє балєстєй єма єхе марди хузєн никкодта, є цєсгом ба сикъитєй ниххурста. Наронтє уобаймє бацудєнцє єма фезонгутє кєнунбєл истумугъ єнцє, сє цирагъ ба еци марди гъєлєси ниццавтонцє. Еу рєстєг сєбєл ку рацудєй, уєд єхсєууонбєл цирагъи къеує єртагъдєй єма е’ цєгєй «уєу», зєгъгє, нигъгъєр кодта. Наронтє фєттарстєнцє, мєрдтє исєрра’нцє, зєгъгє. Ледзуни фєцєнцє єма уобайи дуарбєл ниххастєнцє. Єхсєууон ба сєбєл лєги хъєппєлтєй хєфтитєй ралєудтєй, уєдта раерваз- тєнцє. Єхсєууон ба фидтє фєстємє райста, єма ’йимє уєдєй фєстємє на- рєнттє нєбал бандиудтонцє. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 433— 434
1ШЯДВ1Ш МЄГУЫР ЛЄГЄМЄ ХЄЙРЄГ |ЯШВЗ| ардысты-уыдысты хєйрєг ємє мєгуыр лєг. Иу хатт куы уыд, уєд ||Н|Н хєйрєг мєгуыр лєгєн радта сєгътє лєскъ ємє йын загъта: 1И1Н — ^а дзы аРгєвд мадєр сау, мадєр урс, мадєр цъєх, мадєр сырх. шпшйинш! Ужд мєгуыр лєг фембєрста — ай йє сайгє кєны, ємє зєгъы: ИнидидШВ _ Уєдє мєм ма єрцу мадєр къуырисєры, мадєр дыццєджы, ма- дєр єртыццєджы, мадєр цыппєрємы, мадєр майрємбоны, мадєр сабаты, мадєр хуыцаубоны. Уєд хєйрєг нымайы бонтє ємє, кєцы бон ацєуа, уымєн ницы зоны. Мє- гуыр лєг дєр кєсы сєгътєм ємє дзы, кєцы аргєвда, уымєн ницы зоны. Мє- гуыр лєгєн афтємєй йє сєгътє сбирє сты ємє схъєздыг ис. Хєйрєг смєсты ємє лєгєн зєгъы: — Ацу уєдє, єз дзурдзынєн ємє мын кєд мє дзырдмє дзырд арай, уєд сєгътє дєу, кєннод сєгътє дєр мєн ємє хизгє дєр лєвар. Сразы ис мєгуыр лєг, ємє йын хєйрєг зєгъы: -Иу — Иу мєхицєй хуыздєр иєй. — Дыуує? — Дыуує — мє кєсєицєстытє. — Єртє? — Єртє сисон фат уєларвмє дєр хауы ємє дєларвмє дєр. 215
— Цыппар? — Цыппардзєфхадон бєх хохы дєр цєуы ємє быдыры дєр. — Фондз? — Фондз єнгуылдзы мє куы уаид, уєд доны кєсаг нє уадзин. — Єхсєз? — Єхсєзыссєдзы мє сау хъом куы уаид, уєд мєгуыр цємєн уаин? -Авд? — Авд уагъд усы ме знаджы хай уєд. — Аст? — Єстєм хатт ам нє уыдтєн: Терчы уыдтєн, Турчы уыдтєн. — Фурды цєуыл рахызтє? — Къуылых дзынга рацахстон, мє зєнгбєттєнєй йын єхтєнгтє ацарєзтон, мє худєй — баз, мє ронєй — идон. Абадтєн ыл, рахаста мє. — Кєд гыццыл фурд уыдис? — Гыццыл кєцєй уыдис: йє иу кєронєй цєргєс ратахтис, кєронмє нє фєрєзта, ємє йє астєу хъил дур уыдис, ємє уым абадтис. — Кєд гыццыл цєргєс уыдис? — Гыццыл кєцєй уыдис. Нарты хъєуыл стыр къєвда єркодта, ємє сє йє иу базыры бын бакодта, ємє сєм єртєх не ’рхаудис. — Кєд гыццыл хъєу уыдис? — Гыццыл хъєу кєцєй уыд: йє астєуєй хєрєг ныууасыдис ємє йє кє- ронмє нє хъуысти. — Кєд гыццыл къєлєу уыдис? — Гыццыл къєлєу кєцєй уыдис: Калакєй єртє цєххы дуры єрбахаста. Цъахты хєрды тєрхъусы ссырдта ємє йє єрцахста. — Кєд гыццыл тєрхъус уыдис? — Гыццыл тєрхъус кєцєй уыдис: йє цармєй Нарты хистєрєн кєрц ємє худы былтє рацыдис. — Кєд гыццыл хистєр уыдис? — Гыццыл кєцєй уыдис: йє уєлфадєй уасєг ныууасыдис ємє йє сєрмє нє фехъуыстис. — Кєд къуырма уыдис? — Къуырма кєцєй уыдис: дєлдзєх дыуує мєлдзыджы хыл кодтой, ємє сєм хъуыста. —Кєд зондджын уыдис? — Зондджын кєцєй уыдис: єнєзондєй куы ныммардис. Басастис хєйрєг, мєгуыр лєгєн та баззадис сєгъты дзуг. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 108—1, 2, папкє 30, ф. 141—143. СЕКЪИНАТИ САЙТАНИ ТАУЄРЄХЪ Айгомуги-дони рахес билєбєл ес устур дортє. Еуебєл си ес сау гъолєнттє, ’ма ечи дор адєн хонунцє Секъинати Сайтани дор — є къохи фєдтє байзадєнцє дорбєл. Е ба мєнє куд адтєй: Еухатт Секъинати лєгтє хуасє кєрдунмє рацудєнцє игуєрдєнмє. Єваст игуєрдєни фєззиндтєй сайтан. Лєгтє чи кодтонцє, е дєр уони фєсте уой кодта: єхсєри бєласєй искодта єхецєн цєвєг ’ма кєрдєг карста. Хуасгєрдгутє уолєф- 216
тєнцє, сайтан дєр исбадтєй ’ма уолєфтєй. Уєд лєгтє бєттєнтє райстонцє ’ма си ниббастонцє сє къєхтє. Сайтан дєр кєрдєгєй бєндєн ракодта ’ма си нибба- ста є къєхтє. Хуасгєрдгутє цєвгутєй сє бєттєнтє фєллух кодтонцє, фал сай- танєн 6а є къохи е нє бафтудєй — є цєвєг гъєдєй конд адтєй. Гъеуотемєй ниййахстонцє Секъинатє сайтани. Є сєр ин нилвидтонцє ’ма байзадєй Секъи- натємє. Иссєй син хєдзари косєг. Алли майрємбони дєр ин єлвидтонцє є сєр, ’ма байзаидє иннє майрємбонмє. Еухатт 6а си байронхєй, ’ма сайтан ралигъ- дєй: дони иннє фарсмє багєпп кодта, дорбєл исхуєстєй ’ма є буни фєцєй. Дорбєл 6а ниууагъта є къохи фєдтє. Радзырдта йє Будайты Афай, 1977 аз, Стур Дигорє, Ирєфы район. Ныффыстой йє Абайты Р. ємє Хайманты С. Цєгат Ирыстоны иад- дзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафеорєйы архив, 1977 аз, 47 №. САГКАТЫ ХЄЙРЄГ, КЄНЄ СЕЧЪЫНАТЫ ХЄЙРЄГ (Вариант) Сечъынатє ємє Сагкатє хос карстой, ємє хєйрєг єрцыди уыгєрдєнмє ємє йєхицєн хєрисєй цєвєг акодта ємє, уыдон куыд кодтой, уый дєр афтє кодта; уыдон-иу улєфгє куы кодтой, уєд-иу уый дєр улєфыди: уыдон-иу сє цєвджытє цыргъ куы кодтой, уєд-иу уый дєр йє хєрис цєвєг цыргъ кодта. Ємє йєм куы ’ркастысты, уыдон цы кєнынц, уый дєр уый кєны, зєгъгє, уєд се ’ппєт дєр хосы бєндєнтєй сє къєхтє бабастой. Уый дєр сбєндєн кодта ємє уыдои куыд сбастой, афтє йє къєхтє сбаста. Стєй сыл иннєтє цєвджытє сдард- той, ємє фєлыг сты бєндєнтє ємє сє къєхтє феуєгъд сты. Уый хєрис цєвєг сдар-сдар фєкодта, фєлє йє бєндєн нє алыг ємє йє къєхтє бастєй баззадыс- ты. Уыдон дєр єм єрцыдысты ємє йын йє сєр сєрдасєндзєф фєкодтой ємє уєлєуыл баззад ємє семє куыста. Ємє-иу єй донмє куы арвыстой, уєд-иу райсомєй ємбисбонмє донмє кас- ти, ємє-иу, цы донмє хъавыд, ууыл куы фєхєсти, уєд-иу єй фелвєста, донєй євзаргє кодта. Афтємєй цєрын байдыдта ємє алцыдєр куыста. Єрмєст ын майрємбонєй майрємбонмє йє сєр сєрдасєндзєф кодтой. Иу майрємбоны сын єнє сєрдасєндзєфєй баззади, алыгъди ємє Махчидкы доны фале иу дуры бын фємидєг, ємє уєдєй фєстємє фесєфт. Уєдєй фєстємє ємбисондєн баззад Сагкаты хєйрєг, зєгъгє, ирон адємы єхсєн. Дыгур та йє хонынц Сечъынаты хєйрєг. Уыцы хєйрєгєн йє куысты єгъдєуттє иннє адємы хуызєн нє уыдысты. Кєри-иу куы ’ппєрста, уєд-иу иу фыййаг мусмє калдта, иннє фыййаг та-иу єддємє єипєрста. Куырєйттє дардта ємє-иу йє цалх, адємы куырєйттє чер- дєм зылдысты, уыцырдєм нє, фєлє-иу зылди галиуырдєм. Йє сєр майрємбоны єнє сєрдасєндзєф уымєн баззад ємє бирє бинонтє уыдысты ємє кєрєдзимє гєсгє. Радзырдта йє Дзусаты Пленка, 28 декабръ, 1921 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 33, паикє 21, ф. 47—48. 217
ХЄЙРЄДЖЫТЫ ЄМБИСЄНДТЄ Лєджийы-фырт Дзамболат уыди хорз цуанон. Араст кодта иу бон цуаны, бацыди сау комы бынмє, уым фєцуан кодта бон- изєрмє, амардта єстдєссион саг. Изєр ыл талынг байдыдта, ємє уыцы ран єрєхсєвиуат кодта. Саг бастыгъта ємє дзы физонджытє скодта, бахордта, стєй йє иымєт йє уєлє байтыдта. Ємбисєхсєв куы фєци, уєд комы рєбынєй цъєхахст цєуы. Дзамболат єм хъусы. Уалынмє йєм куыд єввахс байдыдта хєйрєг, афтє йєм хъєр кєны: — Лєджийы-фырт Дзамболат, мє лєппуйы мын бирєгъ фескъєфы, фєлє де уазєг фєуєд, ма мын єй ауадз, исты хос мын ын скєн. Єрємбєхсти Лєджийы-фырт Дзамболат ємє йєм кєсы: хєйрєджы лєп- пуйы раскъєфы бирєгъ йє дзыхы. Куы рахєццє ис йє размє бирєгъ, уєд єй єркъуырцц ласта Дзамболат, бирєгъ фєуєлгоммє ис, лєппу йє дзыхєй ахауди. Єрызгъордта йєм Дзамболат лєппумє ємє йє хъуамє фелвєстаид йє къухмє. Уєд єм хєйрєг хъєр кєны: — Ма бавнал, Лєджийы-фырт, уєд дзы мєнєн єфтиаг нал ис, дє къухтє йєм куы бахєццє уой, уєд. Лєджийы-фырт дєр єй фєуагъта. Уалынмє йєм рахєццє ис йє мад. Систа йє ємє йє йе тары ныппєрста. Йєхєдєг Лєджийы-фыртєн йє къух райста ємє йын «єгасцуєйттє» ракодта: — Ды мєнєн амардтай ме знаджы. Цом мемє нє хєдзармє. Єз дєн стыр биноыты чындз. Мєнєн ис файнусттє ємє тиутє. Лєджийы-фырт бакатай кодта: «Куыд фєцєуон ныр хєйрєджыты хєдзармє», — йє зєрдєйы мидєг ныдздзырдта. Хєйрєг єй бамбєрста: — Тєрсгє ма кєн єппындєр ды, рацу мє фєдыл. Араст кодта Лєджийы-фырт йемє. Фєцєуынц комы талынджы мидємє. Уєд Лєджийы-фырт Дзамболат сдойны, иу ран фєгуыбыр кодта ємє дон нуазы. Хєйрєг єм дзуры: — Афтємєй ма баназ, гормон! Дє дзыхєй куыд нывнєлдтай, гал дє єви бєх? Хєйрєг йє цєнгтє фєфистєг кодта ємє йє цєнгтє цєхєртє ныккалдтой: йє къухтєй йын адардта хєйрєг дон. Лєджийы-фыртєн єм йє зєрдє бахъазыд йє фыр рєсугъдмє, йє зєрдєйы мидєг ныдздзырдта: «Тєхудиаг, цы рєсугъд дє!» Хєйрєг єй бамбєрста: — Ды кєй зєгъыс дє зєрдєйы мидєг, уый єз бєргє ємбарын, ємє дын «нє» нє зєгъин, фєлє дын уєд дєхи усєй пайда нал ис». Уєд Лєджийы-фырт фефсєрмы ис йєхинымєры: «Куы ницы сдзурын, уєд мє куыд бамбары». Райдыдтой уырдыгєй цєуын. Баввахс сты хєйрєджыты хєдзармє. Уєд хєйрєг дзуры Лєджийы-фыртмє: — Тєрсгє ма кєн єппындєр. Мєнєн ис бирє файнусттє ємє бирє тиутє, фєцин дыл кєндзысты ахсєв-бонмє. Лєвєрттє дын кєндзысты райсомєй, фєлє- иу мацы баком єппындєр. Єрмєст дзур: «Мєхион мєхи». Лєджийы фырт катайы фєци: «Єз хєсгє куы ницы акєнон, уєд цы уыдзєн «мєхион мєхийє». Хєйрєг єй бакодта сє хєдзармє. Йе тарєй йє лєппуйы фелвєста чындз ємє йє йе ’фсины хъєбысмє баппєрста: 218
— Лєджийы-фырт мын ме знаджы амардта, ємє уєм єй мєнє ’ркодтон. Куыд хистєрєй бадынц бинонтє, хєрынц ємє нуазынц. Фєцин кодтой Лє- джийы-фыртыл тынг ємє адзырдтой кєстєртєм: — Уазєджы нєхи хуызєн акєнут! Лєджийы-фырт бакатай кодта йєхимидєг. «Бєлвырд мє сєхи хуызєн кє- нынц». Цы чындз єй єрбакодта, уый йєм дзуры: — Тєрсгє ма кєн, зєрдєйы мидєг цы зєгъыс, уымєй. Сымахмє расыг адє- мы ’хсєнмє євронг лєг куы бацєуы, уєд афтє фєзєгъут: «уазєджы дєр нєхи хуызєн акєнут». Уыдон расыг сты, ды та євронг; ємє дын куы адарой, уєд ды дєр уыдон хуызєн арасыг уыдзынє. Райдыдтой йыл цин кєнын Лєджийы-фыртыл єхсєв-бонмє. Ємбисєхсєв куы фєци, уєд сєм цырагъ нал уыд, ємє цырагъєвєрєджы рарвыстой цырагъ хєссынмє. Єрєгмє здєхы цырагъєвєрєг фєстємє. Уалынмє єрцыдис ємє йє къу- хыдзаг єрхаста кєцєйдєр ирон хус цырєгътє. Хистєртє хыл кєнынц: — Куыд єрєгмє цыдтє?! Цырагъєвєрєг сєм дзуры фєстємє: — Єз цы кєнон, «нал» ничи дзырдта, «дзаг дзы у» йеддємє. Стєй иу цыра- гъєвєрєг загъта: «Цырагъ дзы нал ис, фєлє схуыссут». Адон ма дзы уыд, ємє сыл єз мєхи ныццавтон ємє сє раскъєфтон. Лєджийы-фырт бадис кодта йєхинымєры: «Нє фєллой хєйрєджыты къух- ты куы пс, ємє йє куы нє зонєм мах». Райсомы куы сбои ис, цєуыны къахыл куы слєууыдис Лєджийы-фырт, уєд єм алыхуызон диссєгтє хєссынц лєвєрттєн. Уый дзуры: — Мєхиои мєхи, єндєр мє ницы хъєуы. Уєд хєйрєджыты єфсин йєхи нынкъард кодта, ємє йєм цєуынц бинонтє радыгай хатынмє: — Ратт ын Лєджийы-фыртєн йєхион. Нє разы кєны ус. Фєстаг хатт єм бацыдис йєхи мой ємє йєм уый дзуры: — Ратт Лєджийы-фыртєн йєхион, Ходы Дзуккойты бєркад мє къухы ис ємє йын лєвєрд фєуєд, єз лєг дєн, ємє єрхєсдзынєн єндєр искєцєй бєркад. Уєд єм бадзырдта хєйрєджыты єфсин Лєджийы-фыртмє: — Дє бєркад мє къухы ис, Лєджийы-фырт, мє чындз дын єй бацамыдта бєлвырд, єидєра йє ды цємєй зыдтай. Абоиєй фєстємє дєхи фєуєд дє бєр- кад, єз дын єм ницыуал бар дарын. Рараст ис уырдыгєй Лєджийы-фырт, сє хєдзармє катайгєнгє цєуы, «куы ницы рахастон, зєгъгє, мемє, уєд мєхион мєхи», уымєй мыл цы бафтдзєн. Ацы хъуыддаг куы нє бафєлварон, уєд мын єндєр гєнєн нєй. Єрхєццє ис сє хєдзармє, ємє йє усмє дзуры: — Кєрдзын ма скєн тагъд. Йє ус ссад балуєрста арынджы: дон ыл ныккодта, ємє хыссє нал цєуы арынджы. Уєд Лєджийы-фырт базыдта, йє бєркад йєхи баци, уый. Арвыста куыроймє хор, ємє йын йе ссадєн хєссынєн ницыуал фєразы. Аходєнмє-иу хуым куы бакодта, уєд ын дзы афєдзы фаг хор єрзад. Нє бєркад нын хєссынц хєйрєджытє. Йє фєллойє «нєй» мачи зєгъєд, «дзаг дзы ис» йеддємє. Лєгєн ис дыуує хєйрєджы: иу ын дзы ис рєстмєгєнєг, иннє фыдбылызгє- нєг, ємє цєуынц йемє. Кєд йє зыгъуыммєгєнєг тыхджындєр уа, уєд йє алы 219
хъуыддаг зыгъуыммє цєуы, йє фєндаджы хабар дєр ємє йє куысты хъуыддаг дєр. Кєд йє рєстмєгєнєг тыхджындєр уа, уєд йє хъуыддаг рєстмє цєуы, йє фєндаджы хъуыддаг дєр ємє йє куысты хабар дєр. Радзырдта та Гуыбаты Дзагко, дзомагъаг, 18 июнь, 1926 аз, Чьреба. Ныффыста йє Гаглойты Дауыт. «Хуссар ирон адсемы уацмыстє», II чиныг, Цхинвал, 1929, ф. 107—111. БЫТЬЄЙЫ ТАУРЄГЪ Бытъє царди Дєргъєвсы, скодта хъєд Дзысджиу. Ємє-иу єй хъахъхъєдта, дзєгъєл цєгъдын єй нє уагъта, гєс ын уыд йєхєдєг. Иу изєр куы уыди, уєд рацыди, баталынг ыл и, афтємєй. Ємє хъєды астєуєй арт цєуы, цъєх арт. «Уєдє ай куы нє бабєрєг кєна, уєд Бытъє цєй лєг у», — зєгъгє, загъта Бытъє. Єрцыди уырдєм єд гєрзтє — ирон топп, ирон дамбаца, хъама йє фарсыл, афтємєй. Уым чи уыд, уыдон ын загътой: — Дє гєрзтє аппар, кєннод дын ардєм цєуєн нєй. Уыдон уыдысты хєйрєджытє. Бытъє аппєрста йє гєрзтє ємє бацыдис сє астєумє ємє єрбадти. Алы нозт, алы хєрд сє фарсмє. Хєрынц, нуазынц. Бытъємє дєттынц, фєлє сыл уый не ’ууєнды, нє сє комы, сє коммє нє кєсы. — Ацы хєрд-нозт уєм кєцєй цєуы... куынє кусгє кєнут, куынє єндєр? Сє хицау загъта: — Ныртєккє, фєлєуу, єз дын єй фенын кєндзынєн. Дыуує хєйрєджы єрбацыд. Иуєн голлаг йє дєларм афтидєй, иннємєн — йедзагєй. — Ємє адон цы сты? — бафарста Бытъє. Сє хицау загъта: — Єфсинтєй «нєй-нєй» чи кєны, уыдоны бєркад йе ’ккой єрбахаста, ємє гъеуымєй цєрєм. Афтид голлаг чи єрбахаста, уымєн йє къухы ницы бафтыд. Радзырдта йє Бєдтиаты Джетъеса, 96-аздзыд. Ныффыста йє Мам- сыраты А., 23 июлъ, 1959 аз, Дєргъєвс. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, папкє 117, ф. 139. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ ХЄЙРЄДЖЫТЄ Мєгуыр лєг Уастырджимє башыди адгур. Уастырджи йын радта мел, хур- жинтє ємє иу мєцъис. Рахаста сє мєгуыр лєг ємє хєйрєджыты падджахадмє ныччыди. Мейданыл тымбыл хахх єркодта ємє йє астєу сбадти. Хаххєй єрба- хизєн нє уыди — нєдєр топпы нємыгєн, нєдєр къахєн: тых єрбахєссєн єм нє уыди. Уєд хєйрєджыты падджах лєгмє йе ’фсєдты єрбарвыста, фєлє йын хаххы сєрты тых нє арынц. Мєгуыр лєг хуржинты ком айхєлдта ємє скуывта: «Ме зєд, мє дуаг! Ам хєйрєджы ’фсадєй шыдєриддєр ис, мє хуржины шы ныккєлой!» Хєйрєджытє хуржины фестадысты. Сє ком сын абаста ємє сє мєцъисєй 220
нємын байдыдта: кємєн йє шонг асаст, кємєн йє зєнг, чи мєлгє акодта. Хєй- рєджытє хуржинєй кувын байдыдтой: — Шы зєд, шы дуаг дє? Шєгъдгє нє ма фєкє, уыййеддємє горєт дєуєн ныуу аджджыстєм. Ауагъта сє. Хєйрєджытєй удєгас чи баззади, уыдон падджахмє башыдысты ємє йєм хъаст кодтой. — Дє фыдєхєй фесєфєм! Тыхгєнєг ын тых нє ары. Фєлижыны йеддємє нын хос нал ис. Падджах загъта: — Диссаг нє уыджени, лєг хєйрєгыл куы фєтых уа! Барвыста йєм ноджы йє тыхджындєр єфсєдты, фєлє сє мєгуыр лєг фыд- дєр фєшагъта. Уєд сыстадысты ємє фєлыгъдысты падджах ємє йє адєм. Горєт мєгуыр лєгєн баззад. Мєгуыр лєг йе ’мсєр адємы єршєрын кодта горєты. Мєрдтєм куы башыди мєгуыр лєг, уєд єй уым дуаргєс скодтой. Мєрдты тєрхонгєнджытє джы минєвар сарєзтой удхєссєгмє, зєгъгє: — Ашу ємє, єртєазжыд сывєллон кєм ис, уыдон ныччєгъд. Мєгуыр лєг удхєссєгєн зыгъуыммє башамыдта, зєгъгє: — Ашу ємє зєххыл лыстєг хъєд ныччєгъд. Уый тыххєй мєгуыр лєгєн зындон аскъуыдджаг кодтой. Зындоны джы йє шагъд хєйрєджытє фєтарстысты ємє йє фєндыры хъє- рєй дуармє асайдтой. Бахъаст кодта мєгуыр лєг мєрдты хистєр Барастырмє, ражырдта йын йє рєстджинад, ємє йын уєд джєнєты бынат радтой. Радзырдта йє Наниты Андо, 30 мартъи, 1952 аз, Чъреба, «Хуссар ирон адємы уацмыстє», II чииыг, Цхинвал, 1929, ф. 112—113. ХЄЙРЄГ МЄНЄУЫ КУЫД САЙДТА Хєйрєг мєнєуєн загъта: — Адєм зєхх скъахдзысты, гутонєй йє бакєндзысты ємє дє уым нытътъыс- дзысты. Мєнєу загъта: — Ємє цы кєны, ныссадзєнт мє, рєсугъд уидаг ауадздзынєн фєлмєн зєх- хы ємє цъєх-цъєхидєй сєвзєрдзынєн. — Ємє дє ууыл дєр нє ныууадздзысты, фєлє куы сцєттє уай, уєд єфсир рафтаудзынє ємє дє ныллыгтє кєндзысты. — Ємє цы кєны, мє нємыг мын єфсиры хъусыгєй фєхицєн кєндзысты ємє уыдзынєн уєгъдибар. — Єфсирєй дє ныцъцъєл кєндзысты хъомты къєхты бын ємє зыгуым ємє цъємєлимє схєццє уыдзынє. — Ємє цы кєны, дымгємє мє сдардзысты, мє зыгуым мын ахєсдзєн, мє цъємєл мын расєрфдзысты ємє мє сыгъдєгєй къутуты бафснайдзысты. — Ємє дє ууыл дєр нє ныууадздзысты, фєлє дє куыроймє фєхєсдзысты, куыройы фыдты єхсєн дє ныцъцъєл кєндзысты, ссад дє скєндзысты, єрба- 221
хєсдзысты дє ємє дє арынджы мидєг снємдзысты; дзул дє скєндзысты, чъи- ритє, фєнычы бын дє бакєндзысты ємє дє цєхєры сфыцдзысты. — Ємє цы кєны, рєсугъд дзз^лєй мє адджынєй бахєрдзысты. — Ууыл дєр дє нє ныууадздзысты, фєлє єхсєвєй райсоммє куы баззайай, уєд дє дыккаг хатт дыдзы хъарм скєндзысты. Уыцы дзырдмє ницыуал дзуапп ссардта мєнєу ємє скуыдта. Радзырдта йє Саухалты Надя, 5 сеитябрь, 1931 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор А& 45 — /, папкє 21, ф. 17. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ ХЄЙРЄГ Иу мєгуыр лєг хєрєгыл суг фєцєйласта ємє єваст ауыдта, бирєгъ хєй- рєджы куыд расур-басур кодта, уый. Лєг фєрєт фелвєста ємє йє бирєгъыл баппєрста, бирєгъ єм куыд фєкас- ти, афтє хєйрєг цыдєр єрбаци. Лєг дарддєр цєуы ємє йыл иу ран хєйрєг єрбамбєлд. Хєйрєг ыл тынг ныццин кодта, арфєтє йын фєкодта, мєлєтєй йє кєй фервєзын кодта, уый тыххєй. Стєй йын афтє: — Єз хъуамє дєуєн исты хорздзинад бакєнон. Райсом-иу раджы ацы 6ы- натмє ’рбацу, демє иу ракє, фылдєр кєй уарзыс, уый. Лєг ацыди сєхимє ємє єхсєв-бонмє хъуыды кодта, уєдє кєй фылдєр уарзы, зєгъгє. Фєстагмє сфєнд кодта йє усы йемє ракєнын. Бон цъєхтє кє- нын нєма райдыдта, афтє рараст сты лєг ємє ус, хєйрєг сын цы бынатмє загъта, уырдєм. Лєг иу рєстєджы ауыдта, семє сє куыдз дєр кєй рацыд, уый, фєлє йє фєстємє нал аздєхта. Бахєццє сты ємє уал сє фєллад суадзынфєнд скодтой, лєг иу бєласы рєбын йє сєр бакъул кодта ємє єрфынєй, ус дєр йє фарсмє єрбадти. Р1уцасдєр рєстєг рацыдаид, афтє ус кєсы ємє йє цурмє иу рєсугъд лєппу ’рбацыди, йє къухы фєрєт ємє усмє дзуры: «О, рєсугъд єхсин, куыд цєрыс ды ацы зєрондимє. А, мєнє дын фєрєт ємє йє амар». Усєн йє зєрдє куыннє атадаид ахєм лєппуйы ныхєстєм, фєрєтмє фєлєбурдта ємє йє лє- джы сєр куыд єрцєйцавта, афтє йыл куыдз йєхи баппєрста. Лєг фехъал, йє усы къухы фєрєт куы ауыдта, уєд йє маст рафыхти ємє йє усы амардта. Уєд лєппу хєйрєг фестад ємє лєгєн афтє: «Гъе, федтай, чи дє уарзы, уый, цу уєдє ємє фєрнєй цєр. Гъе уый та дын мє хорздзинад!» Радзырдта йє Мсойты’ Алексаидр, 51аздзыд, 16 октябрь, 1973 аз, Црау. Ныффыста йє Бутаты Розє А. Цєгат Ирыстоиы паддзахадои университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1973 аз, № 43. БЫДЫРЫ АСТЄУ Быдыры астєу уєтєртє скодтой. Мєгуыр лєг дєр бырутє скодта, фосєй йєм цы уыдис, фєлє уєддєр. Уастырджи, бирє фос кємє уыдис, уыдонмє бацыд, фєлє йын иунєг уєрыкк дєр ничи аргєвста. Иугай-дыгай мєлын райдыдтой сє фос. Стєй уєд мєгуыр 222
лєгмє бацыд. Бакатай кодта мєгуыр лєг: «Мє сєпыкк аргєвдин, ємє мє далыс цы уыдзєн. Мє далыс аргєвдин, ємє мє сєныкк цы уыдзєн?» Фєлє уазєг — Хуыцауы уазєг у, зєгъгє, ємє йє далыс аргєвста. Уастырджийы хорз федта. Цєуынвєнд скодта Уастырджи ємє лєгмє дзуры: — Дє дуар бакє, дє дуар! — Ємє мын куынє комы гом кєнын. Йє бырутє фосєй байдзаг сты ємє йє дуар бакєнын дєр нал куымдта. Радзырдта йє Томайты Ахмырзє Аслємырзєйы фырт, Хъорайы хо- хєй раладзгє, 92-аздзыд, 1984 аз, Дзєуджыхъєу. Нысрфыста йє Биде- ты Иидирє. Цєгат Ирыстоиы паддзахадон уииверситет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1984 аз. УАСГЕРГИЙИ ДОР Уасгерги єй Хуцауи малектєй єма рацудєй Хъобани авд єнсувєрей рєзти, онємє адтєй дууадєс мини фустє. ’Ма сємє дзоруй: — Фонс берє! Фусун мин фєууотє. — Хъобани авд єнсувєри, ами цидєр фахъєра цєуа, уонєн фусун нє уод- зєнцє, — дзуапп равардтонцє єнсувєртє. Цєуй идарддєр Уасгерги, ’ма къудари ба зєронд лєг адтєй єртє сєгъей хєццє ’ма ’ймє дзоруй: — Фоис берє, фусун мин фєууо. — Иуазєг — Хуцауи иуазєг. Исбадун єй кодта. Раинєвгарста є сєгътєй еуей. — Иуазєг, ести бахуєрє. — Цємєн бакодтай уотє? — Єз иуазєги туххєй дєн ами. Еу афони гур-гур иссудєй. Зєронд лєг рацудєй ’ма инуй — ревєд уєтєрттє байдзаг єнцє уорссєр фонсєй. Иннє бон ба ракастєй ’ма Хъобани авд єнсувєри фестадєнцє дорин циртидзєвєнтє, сє фонс ба — хури цєндтє. Радзырдта йє Габеты Георги, 82-аздзыд, 1977 аз. Стур Дигорє, Ирє- фы район. Ныффыстой йє Абайты Р. ємє Хъайманты С. ЦЫЛЛЄЙЫ КЄЛМЫТЄ Уастырджи иу хатт фєцєф ис. Ємє йє цєф скєлм ис. Уєд уый загъта: «Уєдє адємєн царды хос фєут». Уєдєй нырмє адєм кєлмытєй цыллє кєнынц. Радзырдта йє Абысалты Минкє, 78 аздзыд, 1971 аз, Елхоты хъєу. Ныффыста йє Гариты С.И. Цєгат Ирыстоны наддзахадои университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 20. 223
УАСГЕРГИЙ КАРДИ ЦЄФ ЄМА МУДЗУРАЙ РЄГЬУСТ Хонхи изєд Уасгергийєн къєдзєхи цъаси адтєй цєнхистонє. Уоми є цєн- хєн гъєуайгєстє ниввардта. Еци рєстєги цєнхє кадавар уидє. Еу кєми адтєй, уоми бабєй Уасгерги ранєхстєрєй є бєхбєл балций є идард хєтєнтємє. Уой базонгєй, будури изєд Никкола, Уасгергимє фудєнхє уогєй, куй фестадєй єма куйи хузи багъузтєй цєнхистонємє, уотемєй цєнхє радавта. Уалдєнги Уасгер- ги ку ’рхъєрттєй є балций фєндагєй, уєдта кєсуй, єма цєнхє уоми нєбал єй. Гъєуайгєстємє фездахтєй єма сєбєл фєгъгъєр кодта: — Ци ма косетє, цєнхє ами кунєбал єй! Гъєуайгєстє ниддес єнцє, гєр єтта ци фєцайдє, зєгъгє. Уасгерги бабєй сє фєрсуй: — Ами ка адтєй? — Неке си адтєй, єрмєстдєр си еу куй рауайгє фєййидтан. Уасгерги гъуддаг уайтєкки ралєдєрдтєй: — Гъе єдта еци цъумур Никкола адтєй, куйи хузи єндєр неке єрбацудайдє. Ами єй ку ’рбаййафтайнє, уєдта ’й мєнє аци кардєй мєнє уотє ниррєуигъ- тайнє, — зєгъгє, Уасгерги є кард фелваста єма хонх дуує ’мбеси рафаста. Уєдта є мудзура дєр фелваста ’ма, уотє ’й рарєтъузтайнє, зєгъгє, хонх барє- хуста. Абони дєр ма Уасгергийєн є карди лух єма мудзурай рєтъуст бєрєг єнцє Задєлески цори хонхи цєгатварсбєл. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт, 1940 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив. УАСГЕРГИЙ ТАУЄРЄХЪ (Вариант) Хонхи Уасгерги хонхи берє уарзта. Цєнхиголєн загъта: — Єз дин хуарз бунат иссердзєнєн, — єма ’й Хєреси ниссагъта. Уоми є зєрдє нє бадтєй Цєнхиголєн — єма ’й нє єнцойнє кодта. Уасгерги ин Задє- лески унгєги хъалагъуртє ниссагъта. Сирдон разагъта: — Мєн гаццай рєууєнттєй ку нє раервєзай, уєдта дє рамардзєнєнцє. Цєнхигол Сирдони гаццай цари бацудєй ’ма уотемєй хъалагъ}фтєбєл раевгъу- дєй. «сирдони гацца єй!» зєгъгє, уотемєй Цєнхигол єрбадтєй, нур кєми ’й, уоми. Уасгерги єрцудєй ’ма хъалагъурти бафарста: — Абєлти цєуєг ести рацудєй? — Сирдони гаццайєй єндєр неци фєййидтан, — зєгъгє, загътоицє. — Єтта ує Хуцау фесафєд! — хъалагъуртєн загъта. — Єз уин уотє ку загъ- тон, цєуєг ма рауадзетє! — єма Уасгерги є кард фелваста є мастєй єма хонх ниццавта: — Атєй цємєннє нє цавтайтє? — Хонх фєдууех єй Задєлески сєрмє, уєдта є мудзура дєр фелваста, ’ма хоих фєцъцъасєй: — Атє ’й цємєннє барєхустайтє? Є цєфтє нур дєр бєрєг єнцє Задєлески. Всеволод Миллер, «Осетинские этюды», часть I. Ученые записки имп. Моск. университета, вып. 1., Москва, 1881 г., стр 102. 224
БИНДЗИТЄ КУД РАНТЄСТЄНЦЄ ДИГОРИ, УОЙ ТАУЄРЄХЪ Биндзитєн сє райгурєн Капкай єй, Дигорємє ба єрбафтудєнцє Кєсєгєй. Капкайи рахес єрдєгєй ес хонх, Ахмєти хонх. Еци хонхи цори раги цардєй еу хуцауиуарзон пахампар. Еу хатт ку адтєй, уєд ибєл Хуцауи зєрдє фєххудтєй єма ’ймє рарвиста уорс золкъитє, єма ин етє є бауєр бахуардтонцє. Кєд хъєбєр хъиамєт кодта, уєддєр Хуцауєй гъаст нє кодта; фал ка рахауидє, уой дєр є къохєй исесидє єма бабєй єй банихасидє є бауєрбєл. Уой ку фєййидта Хуцау, уєд єй бафарста: — Цємєн сє нихаси бабєй фєстємє? Пахампар ин загъта: — Хуцау, ду мє сфєлдистай, дє бєрагє дєн, єма, ци дє фєндуй, уой мин кєнє. Уой ку фегъуста Хуцау, уєд ин єртєрегъєд кодта єма загъта золкъитєн: — Цєй, базургин исотє єма тєхетє, лєгєн хъиамєти бєсти агъаз куд кє- найтє, уотє. ’Ма ’цєгєй уой фєсте кєлмитєбєл базуртє єрзадєй єма Ахмєти хонхмє фєттахтєицє. Еу сєрдє еци хонхи цори рафецауєн кодта еу сирдмар; фєккастєй хонхмє єма уинуй: цидєр биндзитє хонхи цъасєй ратєхє-батєхє кєнунцє. — Дессаг, циуавєр єнцє етє? — загъта сирдмар, хєстєгдєрєй сє фєййинун єй бєргє фєндадтєй, фал бєрзонд адтєнцє єма ин гєнєн ку н ’адтєй, уєд єрбахудта еу кадгин лєг, єма дуййемєй сє гъєуай кєнун байдєдтонцє єгас дуує мєйи. Нанєуадєр, с’ арми ку неци бафтудтєй, уєдта скодтонцє даргъ асинє ’ма уотемєй схизтєнцє биндзитємє. Ку никкастєнцє, уєд дин ниййид- тонцє муди гъостє ’ма фєллєбурдтонцє фєйнє гъосемє, не ’нгъєл уогєй уой, ’ма син биндзитє ести кєндзєнєнцє; фал сє биндзитє цєфтє кєнун ку байдєд- тонцє, уєд етє фєггєлстонцє сє муди гъостє ма, кєбєлти єргєппитє кодтонцє, уой дєр нєбал базудтонцє. Зєнхи ба ку ’рхизтєнцє, уєд єркастєнцє сє къох- тємє ’ма ниййингин єнцє мудєй. Къохтє ку растардтонцє, уєд сємє уотє адгин фєккастєй ’ма дуйне ниддес єнцє. Бєргє ма сє фєндадтєй схезун, фал нєбал бандиудтонцє биндзитєй ’ма рандєнцє, кєрєдземєн ниссомигєнгєй, куд некємєн зєгъдзєнєнцє, ци ссирдтонцє, уой. Зумєг фєййевгъудєй ’ма, уалдзєг ку єрцудєй, уєд сирдмартє фитдзаг ан- зєй дзєвгарє єрєгємєдєр єрцудєнцє бабєй еци хонхи цормє. Еци хатт цъасє тъунсгє идзаг исцєй. Уєлємє дєр ма кастєнцє муди гъостємє, ’ма хори тєв- дєй и муд ка ’адтєй, ейє зєнхємє тагъдєй. Уой ку фєййидтонцє сирдмартє, уєд нєуєгєй бабєй схезунвєндє скодтонцє, єма, уа-иєуа, уєддєр сє куд єре- сонцє, уотє. Фитдзаг єристъигътонцє балий цъарє єма дзи сємбу скодтонцє. Уой фєсте 6а сє сєртє єрбатухтонцє баслухътєй ємє сє сємбуйи хєтдзє схиз- тєнцє мудибиндзитємє, єрсємбурд кодтонцє сємб^^мє, се ’лдар сє хєтдзє (єнє се ’лдар фєллигъдайонцє) єма сє єрхастонцє гъєумє; еу минги син муд дєр райстонцє сє хєтдзє. Гъєуи ба сє исарст бєтманмє никъкъуєрдтонцє. Бєтма- ни биндзитє сєхецєн ралєсєн цъасє скодтонцє ’ма, цид, косєгбиндзитє уордє- гєй минги сахат ратєхионцє сєхецєн зумєгмє муд ємбурд кєнунмє, фал єнху- єц євдесєн ба нє кодтонцє сє нєуєг хєдзарєбєл. Уалдзєг ку ’рцудєй, уєд и бєтман рацудєй, ’ма нєуєг цуди дєр хецєн бєтмани никъкъуєрдтонцє; уоте- мєй бадуує єнцє. Фитдзаг, бєтмєнттє, дан, етє адтєнцє, зєгъгє, зєгъунцє 15 Ирон адємон сфє.тдыстад, 2-аг том 225
муддартє. Уєдєй ардємє дигорон лєг цитгин кєнуй мудбиндзитє ’ма ковуй сє фєлвєра Аниголєн. Анигол ка єй, уой бєлвурдєй неке зонуй. Еуєй-еуетє зєгъ- унцє уєларвон хуєрзгєнєг, дан, єй; ка бабєй Анигол — фитдзаг сє ци сирдмар иссирдта, е, дан, єй; ес уєхєнттє, уотє ка зєгъуй, Анигол, дан, адтєй базургин золкъитє ке ирагъєй фєттахтєнцє, еци пахампар. Ка фєндуй, уєд фал муддартє ин є зєрдихудтєй хъєбєр тєрсунцє ’ма алли анз, мудтє будурмє ку фєлласунцє, уєд ин кувд кєнунцє. Къуар муддари, еумє ка ласа уєхєнттє, нард фус балхє- нунцє, нийєвгєрдунцє, ’ма цємєй мудзад фєууонцє уой туххєй баковунцє. Аци тауєрєхъ єнє мєнгє ке ’й, уобєл зєронд муддартє соми кєнунцє ’ма Дигори муддарєн ходуйнаг дєр єй уой нє зонун; фал аци дзубандиєй єндєр ба дигорон лєг биндзити туххєй неци зонуй, кєд сє хуєздєр хєдзардар фонс єнцє, уєддєр. Всеволод Миллер, «Осетинские этюды», часть I. Ученые записки, имп. Моск. университета, вып. I. Москва, 1881 г., с. 94—96. АНЄГОЛИ ТАУЄРЄХЪ Анєгол адтєй хуєнхаг фиййау лєг. Еу бон кєми адтєй, уоми, є фустє ку єрбадтєнцє, уєд хонхмє кєсуй єма фєууидта еу рауєн хъєбєр берє мудибин- дзитє. Берє сємє фєккастєй, ци дессагєй, ци уонцє, зєгъгє. Уєд єндєр єрдємє рагъєуєйттє кодта єма фєууидта, хонхєй цидєр еци биндзити разєй рєсугъд тагъдєй. Берє ’ймє фєккастєй, хъєбєр ибєл фєддес кодта, ци дессаг єй, зєгъгє. Уєд исфєндє кодта Анєгол: — Єнє фєууинун єма ин єнє базонун нєййес, маргє мє ку киндєуа, уєддєр! Бацудєй є размє єма ’ймє фєккастєй єма єхе меднимєр дзоруй: — Циуавєр єй? Цємєй ин є бєрєг базонон, ку дзи рамєлон, зєгъгє, ку дзи исахуадон, уєд? Єнє уой ба ин є бєрєг куд базонон? Уєд загъта: — Цєй, ци фєддєн, уой фєддєн, єнє исахуадун ин нєбал ес, — зєгъгє. Уєд дзи е ’нгулдзи кєрон ратулдта єма ’й е ’взагбєл бадардта. Адгин имє фєккастєй, хуарз имє фєккастєй, уотемєй еу къуар хатти растардта, ци дессаг єй а, зєгъгє, ци адгин єй, зєгъгє. Муди тайнагъ кумє уадєй, уоми дзи дзєвгарє єрємбурд єй, єма дзи Анє- гол еу авгє байдзаг кодта єма авгидзаг є хєтдзє райста є бунмє. Є бунатєй йєй, сєхемє ку цудєй, уєд є хєтдзє єрхаста ма ’й сє бинонтєн дєр бахуєрун кодта. Бинонтє дєр ибєл хъєбєр дес кодтонцє: — Ци хъєбєр дессаг адгин єма хуарз єй, — зєгъгє. Анєгол сємє дзоруй є бинонтємє: — Ує зєрдємє бацудєй, — зєгъгє, сє фєрсуй. Етє ’ймє дзорунцє: — Бустєги хъєбєр хуарз єй, кєд ма есгєми ес, уєд, зєгъгє. Анєгол сємє дзоруй: — Ести дзаума рахєссетє, єма ує кєд гъєуй, уєд єрхєссайтє. Уотемєй син еу минкъи гъосин рахєссун кодта: — Мєнє уой рахєссетє, — зєгъгє. Къос дєр син ниввєрун кодта, цємєй нивгєндзинан, зєгъгє. 226
Иссєхудта, муд кєми тагъдєй, уордємє. Сє гъосин син єрбайста ’ма син єй байдзаг кодта. Уотемєй сє исєрвиста гъєумє, єхуєдєгка уоми байзадєй. Е адтєй уалдзєг, бєтмєнттє ци афони фєццєунцє, еци афони. Мудєй куд байдзаг єй, биндзєй дєр уотє байдзаг єй, єма биндзитє къотєртє-къотєртє кєнунцє урдугмє. Уєд Анєгол зундгин адтєй, єма єрсагъєс кодта: — Аци адгин ка ’й, аци хуарз ка хєссуй, етє аци биндзитє ’нцє. Нур 6а син ести мадзал искєнон, зєгъгє, е ба мин ести пайда уонцє. Уотемєй Анєгол єрсагъєс кодта: — Мадта сє цєми никкєыдзєнєн, — зєгъгє, єма бєтмангонд искодта. Исєрдун нє зудта, фал биндзитє єндємє цємєй иє лєстайуонцє, уой тух- хєй бєтманбєл єндеггєй цидєртє истухта. Уєд биндзитє кумє калдєнцє, уор- дємє бацудєнцє, ма ’й хуарз бєтмани бєрцє биндзитє никкодта. Уотемєй йєй ниввардта, хуарз єй нимбарзта, дуар син игон ниууагъта биндзитєн, єнєуой 6а ’й хуарз ыимбарзта, уарун имє куд нє гъардтайдє, дзєгъєл рохс имє куд нє цудайдє, уотє. Уєд, євєццєгєн, еу-дєс боней бєрцє рацудайдє, уєд ниццудєй, єз ба бєтман фєууинон, зєгъгє, бєтманбєл исхуєстєй єма ’ймє уєззау фєккастєй. Исєйхатта, єма бєтмани ємбесєй фєффулдєр єй биндзити куст. Уєд Анєгол єхе зєрдтєй загъта: — А кєнуйнаг гъуддаг єй, — зєгъгє, єма никкидєр бєтмєнттє исбидта. Уотемєй еу-дєс бєтманей бєрцє исбидта, биндзитє си никъкъуєрдта. Уони дєр бабєй уотє еу-дєс боней бєрцє ниууагъта, уєдта сє фєууидта. Етє дєр бабєй уотє хуарз бакустонцє, єма загъта, мєнє дессаг, мєнє ци хуарз єнцє, зєгъгє. Фитдзаг ци бєтман никъкъуєрдта, уой дєр бабєй фєууидта, исибєлхуєс- тєй, фал є цєнгтє рандєгъдєнцє, туххуєцє ’йбєл багъудєй, гъома: исхъаурє- гин єй, исуєззау єй. Уєд єй исхатта бєтмани, є гъостє єрємбалдєнцє сє сєрбєл, мудєй є тєккє билтємє байдзаг єй. Ци йин бакєнон, зєгъгє, расагъєс кодта Анєгол ’ма загъта є зєрдтєй: — Аци мадзал мин ес! Еу гъуддаг є зєрди єрєфтудєй — цєй, єз ба ин є сєр исесон — зєгъгє. Є сєр ин исиста, є сєри ниррєстє ба ин зєнхє искъахта ’ма ’й ниввардта, нимбарзта йєй рєвдзє ’ма ’й ниууагъта. Уєд бабєй бацудєй, муд кєцєй тагъдєй, уордємє; авгє байдзаг кодта єма уєлємє є фиййаутємє рандєй. Уотемєй, бєтмєнттє ка ’дтєй, етє сегасєдєр сє тєккє билтємє єрхъєрт- тєнцє, басєбєрєг кодта, єма. Єрцудєй єма бабєй байдзаг кодта мудєй єма сєхемє рандєй. Сєхемє ’ймє дзорунцє: — Аци хуєруйнаг кєцєй єрхастай, уордємє ма нє еу хунд фєккєнє, маха ма дзи єрхєссєн, — зєгъгє. ’ Ма син никкидєр еума гъосин рахєссун кодта єма син Д}’ує гъосини байдзаг кодта. Уотемєй бєтмєнттє, ку єрфєззєг єй, уєд сєхемє єрласта, тухуаст уєз- зау иссєнцє, уотемєй. Уєд фєззєг фєххуардтонцє. Кєдмє син хъєрттайуонцє? Зумєг єрдємє 6а сє муд хуєрд фєцєй. Муд сємє нєбал адтєй. Уєд сє фидє Анєголєн лигъстє кєнун байдєдтонцє: 227
— Еци хуєруйнагєй ма нє ку уайдє, — зєгъгє, — дессаг, ци хуарз адтєй, — зєгъгє. Уєд Анєголи дєр єрфєндадтєй, биндзити куст куд єй, уой базонун, єма загъта: — Мєнє уин еу бєтман, ке єрхастон, уонєй єрихалдзєнєн, — зєгъгє. Уєд фєссагъєс кодта, ци мадзалєй ин биндзитє рацох кєнон, зєгъгє, ’ма еу мадзал є зєрди уотє єрлєудтєй: — Зєнхє искъахон, бєтмани сєр иссердзєнєн єма ’й еци къагъдбєл дєл- гоммє ниввєрдзєнєн, уолєвд имє куд нє цєуа, уотє, уєд биндзитє фенод уод- зєнєнцє Иннє мадзал ба уой єргъуди кодта: — Биндзмарєн къозо сєбєл нихъхъуєцє кєндзєнєн, — зєгъгє, єма сє уомєй дєр рамардзєнєн. Уотемєй биндзмарєн къозо єрбахаста єма бєтмани єррєстє ракъахта; къо- зо дзи ниввардта уоми, ни ’йасугъта, уотемєй єй єнгон нимбарзта, хъуєцє дзи куд нє уагътайдє, уотє. Уєд єй еу сахатти єрдєги бєрцє бауагъта, уєдта ’й фєстємє исхатта єма дзи еунєг биндзє дєр нєбал байзадєй. Бєтманєн є мудигъостє єхецєй берє арфдєр єрцудєнцє єма адтєнцє хъєбєр рєсугъд. Нєуєгкуст бєтман хъєбєр уорс адтєй, рєсугъддєр ма куд адтайдє? Никки 6а ма исєрст н’ адтєй, фал тугъд єндеггєй, єма ’й ку райхалдта, уєд хъєбєр рєсугъд адтєй є хурфє, є фур рєсугъдєй имє нийхалунмє є къох нє тастєй. Уєд загъта: — Цєй, атє Хуцауи лєвар єнцє, єма еу єртє къерей искєнтє, єма бако- вєн, уотемєй йєй нийхалєн мах ба. Єфсинє февналдта єма єртє къерей ракодта. Уалдєни хецау дєр єрбацу- дєй сє хєдзарємє, єма ’ймє є уосє дзоруй: — Нє лєг, исцєттє кодтан къеретє, кєд мєммє кєсис, уєд... Лєг є къохтє нихснадта, єрбадтєй, є рази йин фингє дєр ма єривард- тонцє, ^къеретє ’ма бєтман. Никкувта: — Йа, Хуцау, — загъта. — Дє лєвар фонс єнцє, єма аци фонси хатт мєн нонбєл куд уонцє, уотє! Абонєй фєстємє мє къохєй куд исахедонцє, уєдта мєнєй фєстємє дєр ма адєммє дєр куд бафтуйонцє! Уотемєй бєтман дєр єрбайста є размє єма уой дєр искувта: — Хуцау єй адєнєн царди фонс фєккєнєд, — зєгъгє. — Хуцау ує махєы дєр єнєнези хуаллаг фєккєнєд, — загъта, уотемєй бєтмани гъосєй еу бедзи морє истудта єма ’й артбєл багєлста: — Нє кувд Хуцаумє єхцєуєн фєккєсєд, — зєгъгє. Уотемєй тєбєгътє є размє єривєрун кодта, бєтман єрсаста єма уорс му- дєй тєбєгътє байдзаг кодта. Бєтманєн е ’ртиккаг хайєй єндєр нєма фєцєй, иннє ба ма є хурфи, єма е ’фсинємє дзоруй: — Єфсинє, устурдєр дзаума рахєссє, берє ма дзи ес, — зєгъгє. Анєгол имє дзоруй: — Уєлє устур тєбєгъ єресє, зєгъгє. Устур тєбєгъ ин єриста, єма уой байдзаг кодта, иссєєвєрун кодта, ке исис- та, уони; бєтмани ма ка ’дтєй, уони муд ба бинонтєн байуарста. Хъєбєр дессаг адгин сємє фєккастєй бинонтємє уорсгъос муд. Єма сє Анєгол фєрсуй: — Куд єй а бабєй, инней хузєн єй, — зєгъгє. 228
Уєд имє кизгуттєй кєстєр дзоруй: — А хуєздєр єй, зєгъгє, мєнмє хуєздєр кєсуй. Анєгол мудєй єхуєдєг дєр хуардта, бинонтє дєр. Анєгол дзоруй: — Єдєуагє, атемєй хуєрунмє хуєздєр єй, зєгъгє, тад муди бєсти. Уєд зумєг єрхъєрттєй, єма Анєгол бєтмєнттє бафснайдта, биндзитє ма ниммєлєнтє, зєгъгє. Ку єруалддзєг єй, уєд сє раиста, хъаруєгин бєтмєнттє уєззауєй рацу- дєнцє, сє фєззигон хъаурє си нє рахаудтєй, уотемєй. Фєссагъєс кодта Анєгол, ци син бакєнон, зєгъгє, єма сє сє фиццаг бу- натмє фєлласта єма сє уоми ниввардта, ба сє єфснайдта, єхуєдєгка баздахтєй єма бєтмєнттє бийун байдєдта; фєддєснидєр єй бєтмєнттє бийунмє дєр єма исбидта еу-дууадєс бєтмани бєрцє. Бєтмєнттє сикъитєй байсарста. Уайтиккєдєр хъаруєгин бєтмєнттє цєун- вєндє искодтонцє. Уєд сєбєл Анєгол хуєздєр ахур кєнун байдєдта. Биндзити астєу еу се ’лдар ке адтєй, уой дєр базудта Анєгол єма сємє исдєсни єй. Бєтман цєунвєндє ку искєнуй, уєд даргъ къопитє искєнуй, єма, гъе, уонємє исєнтєсунцє єлдартє, уогє 6а бєзгє ’лдар еунєг фєууй, ’ма ’й уайтєккєдєр сєхецєн рартасунцє хецауєн, иннети ба биндзитє сєхуєдтє ниммарунцє. Уотемєй син сє цєунафонємє бєтмєнттє исрєвдзє кодта ’ма сємє е ’нгєс дардта. Бєтман ку рацєуидє, уєдта ’ймє єндєр мадзал нєма адтєй, ма къотєр- бєл ниббадуй, уордигки ба ’й бєтманмє никкєнидє, сємбуй ’ймє нєма адтєй. Уотемєй є бєтмєнттє бакой кодта, є фараст бєтмани иссєнцє дєс єма дууинсєй, бустєги хуарз ин фєцєнцє, Иннє дєс бєтмани 6а, хонхєй ци бинд- зитє калдєй, уонєй байдзаг кодта. Уотемєй сє бафснайдта дууинсєй бєтмани дєр ’ма сє ниууагъта єфснайдєй. Рандєй сєхемє, дуує гъосини рахєссун кодта є битдзеутєн, є сувєллєнт- тєн, ’ма бабєй син сє мудєй байдзаг кодта, єхуєдєгга раздахтєй фєстємє бєтмєнтти размє. Еци фонси муггаг фитдзагдєр Кєсєгмє бахаудтєнцє Анєголи къохєй. Нур бєтман ку рацєуй, уєд имє, сємбу даргєй дєр, кєсгонау дзорунцє: «Мудє гъакъує!», «сємбумє», «сємбумє», — зєгъгє. Уотемєй сєбєл кєсєг фєййахур єнцє: уонєй ба махмє дєр єрбахауд- тєнцє. Уєдєй ардємє сє дарун байдєдтонцє мах адєн дєр. Гъе, уотемєй мудти гуддаг фєххєлеу єй дуйнебєл. Анєгол сє иссердта фитдзагидєр, уой къохєй фєххєлеу єнцє адєнбєл. Уомє гєсгє 6а Анєголєн ковун байдєдтонцє, се ’зєди хай йєй, зєгъгє, фал Анєгол 6а адтєй хумєтєги косєг лєг. Уєдєй ардємє байзадєй дзубанди, мудибиндзитє єнцє Анєголи лєвар, зєгъгє. Бєтман ку рацєуй, уєд дєр муддар никковуй: — Анєгол, дє лєвар фонс єй, єма ’й исрєвдзє кєнє, — зєгъгє. Къуар сє медастєу фингєбєл ку єрбадунцє, уєд дєр сє фитдзаг кувд Анє- голмє фєууй. Радзырдта йє Туаты Батєрбег Басайы фырт, 62-аздзыд, 19 июлы, 1942 аз, Дзєгуджыхьєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, ф. Дзагурова Г.А., оп. 1., д. 35, 43—49 ф. 229
ЄФСАТИЙ ТАУЄРЄХЪ Хуцау дуйней ку ’сфєлдиста, уєд є фонсєй алкедєр си равардта фєйнє изєдемє: нури хєдзарон фонс — фонси Фєлвєрайєн, тиллєг — хуари Уацеллай- єн, мудибиндзитє — Анєголєн, сирдтє — Єфсатийєн, уєдта никкидєр гъеотитє. Уєд адєм ку сфєлдиста Хуцау, уєдта изєдтє єримбурд єнцє ’ма баунаффє кодтонцє, нє фиди лєвєрттє, зєгъгє, адємєн раттєн. Уотемєй изєдтє, Хуцау син ци лєвєрттє бакодта, уони еугурєйдєр адємєн равардтонцє, Єфсатийєй фєстємє. Е ба загъта: — Єз мє фиди лєвар не сигадє кєндзєнєн, ’ма ’й єз, зєгъгє, некємєн дєттун. Изєдтє ин фєллигъстє кодтонцє, фал сємє уєддєр нє байгъуста, ’ма уєдта етє дєр сє гъаст Хуцаумє бахастонцє: — Мах, — зєгъгє, — изєдтє, ду нин ци лєвєрттє ракодтай, уони адємєн равардтан. Єфсати 6а уобєл не сарази єй, дє лєвар фонс адємєн нє дєттуй, ’ма нин уомєн, зєгъгє, ести унаффє искєнє. Хуцау ба син загъта: — Єфсатийєн єз равардтон мєнгєй фонс, е 6а сє нурба хъєбєр берє искод- та, ’ма ин син мєн бон дєр райсун нєбал єй, фал ибєл уєхуєдтє архайетє, ’ма кєд сумах унаффєбєл е дєр рацєуидє, еци барє уємє дєттун, — зєгъгє, — ’ма ин зиндзинєдтєй алцидєр фєййинун кєнтє, маргє 6а ’й куд нє ракєнайтє уотє, ’ма уин уотемєй ку бафєлмєца, уєд кєд исарази уайдє сумах унаффєбєл. Хуцауи загъдмє гєсгє изєдтє єрємбурд єнцє, Єфсатибєл еци унаффє- тєрхон рахастонцє: хєтгєй ин зєнхє зєнгбєттєнти уєнгє куд тудтайтє, уотє. Єфсатийєн зєнхє тонун байдєдта зєнгбєттєнти уєнгє, уотемєй берє афонти фєххаттєй. Уєддєр син не сарази єй є лєвар раттунбєл адємєн. Нєуєгєй бабєй єрємбурдєнцє изєдтє ’ма бабєй Єфсатийєн нєуєг тєрхон рахастонцє — хєтгєй ин зєнхє є астєуи уєнгє куд тудтайдє, уотє. Уотемєй дєр бабєй берє афонти фєххаттєй, фал син уєддєр бабєй не сарази єй є фонс раттунбєл. Єфсатийєн уєхєн тєрхон рахастонцє: къагъд искодтонцє, уоми Єфсатий }юдє- гасєй банигєдтонцє, є еунєг цєстє ба ма ин єнємбарст ниууагътонцє. Уоте- мєй дєр бабєй єй берє афонтє фєддардтонцє, уєддєр бабєй не сарази єй: — Єз, — зєгъгє, — мє фиди лєвар не сєгадє кєндзєнєн, ’ма ’й некємєн ратдзєнєн, цидєр зиндзинєдтє мин кєнайтє, уєддєр. Єрбабєй ємбурд єнцє изєдтє нєуєгєй ’ма бабєй Єфсатибєл нєуєг тєр- хон рахастонцє: — Сирдтєй, — зєгъгє, — цєфєй ка райервєза, уонєн лухмахакем куд уа, уотє. Єфсати дєр еу афони ба алли бон дєр є хєтєлєй ниццєгъдидє, ’ма кєми ци цєф сирд адтєй, етє ємбурд кєнун райдаионцє, сє гъєдгинтє син фехснидє, сє хєфтє син фєккєдзос кєнидє, уотемєй сєбєл гъезємарєй єхе мардта. Цєй- бєрцє сєбєл фєккустайдє, уєдта сєбєл багъигє ’й, ’ма Хуцаумє єхуєдєгга гъєстмє фєццудєй ’ма загъта: — Мє фидє, дє лєвар дин єз не ’сигадє кодтон, мє фонси хатбєл хъєбєр фєккустон ’ма сє исберє кодтон, фал мин сє нурба адєм маргє дєр кєнунцє, уєдта мин си цєфтєй ка раервєзуй, уони гъуд кєнун, сє цєфтє син єхснун, хъєбєр сєбєл гъезємарє кєнун, ’ма ди уомє гєсгє ба корун, мє фонсєй цє- мєй, цид, ка райервєза ейє фиццагидєр ци цадємє бахъєрта, уоми єхе, цид, ку равдола, уєд дзєбєх куд кєна, уотє. 230
Хуцауєй ци курдта Єфсати, уобєл ин исарази єй ’ма уєдєй фєстємє цєф сирд єхе цади ку равдолидє, уєд ин є цєф нецибал хилє кєнидє, ’ма исдзєбєх — еу уайдє. Уомєй дєр бабєй ин изєдтє амал не ’ссирдтонцє, ’ма уєдда бабєй нєуєг тєрхон, — фєстагдєр тєрхон рахастонцє уотє: «... Адємєй сирдти фєсте зєрдиуагєй ка хєта, уомєн си хай куд уа, уотє, зєрдиуагєй ка нє хєта сє фєсте, уомєн ба си хай куд нє уа, уотє». Гъе, ’ма еци бонєй абони уєнгє еци тєрхон сирдтєбєл адєми астєу байза- дєй: зєрдиуагєй ци цауєйнєнттє фєххєтуй, етє сирдтє рамарунцє, зєрдиагєй сє фєсте ка нє хєтуй, етє ба ревєдєй єрцєунцє фєстємє. Радзырдта йє Бєзаты Майрєм Айтеджы фырт. Ныффыста йє Тола- сты Апдрейу 30 март, 1927 аз, Чырыстонхъєу. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 15, 82 папкє, 114—116 ф. РУЙМОН Рєуес ку низзайуй, уєд єваст идардмє рауайуй єма идардєй є бєдолємє єркє- суй: єхе хузєн ку уа, уома сабур ку уа, уєд саг єй єма дзи тас нєййес, фєстємє ’ймє єрєздєхуй дзедзе дарунмє. Фал рєуес алли сауєнгє уєхєн нє зайуй. Еуєй-еу хатг низзайуй хелаги хузєн: руймон, зєгъгє, хуннуй махмє. Ема фитдзаг, минги фєууй, є цєститєй дєр нє фєккєсуй. Нанєуадєр сабур нє йєй, — бєлєстє єд къадотє рєдовуй, зєнхє є дєндєгутєй хуєруй. Руймонєй є мадє идард ледзуй. Уорс Елиа ба адєми сагъєс кєд нє кодта? Руймон адєми знаг ке ’й, уой зонуй, єма ’ймє є цєстє даруй. Куддєр райгура, уотє, цалинмє є цєститєй ракєса, уалинмє ’ймє уєларвєй Елиа єфсєн рєхис мегъи хєтдзє рауадзуй, є хъурбєл ин єй рафтауй єма ’й уєлємє ласун бадайуй. Є цєстити ракастмє ба ин уомєн хєлєф кєнуй, єма є цєститєй ракєсгєй, цидєр бєстє рауина, уоййасє раирєзуй. Уєларвмє ’й ку фєлласуй, уєд єй гъєри бон ку фєууа, уєддєр айдагъ є гъєрєй, ка ’й фегъоса, уонєбєл нез растун кєнуй. Уєларвмє ’й ку сесуй, уєдта ’й уотемєй сє єхсаргєрдтєй лухтє кєнунцє єма ’й мєрдти уодтєн иуарунцє. Етє 6а ’й фицунцє, єма ин є басєй ка бацумуй, йе ба куд рамардєй, уотє бабєй фестуй. Адєймагєн є адзал ку ’рхєстєг уа, уєд уосєн сбадунцє тєрхони цуппар уоси, лєг ку уа, уєд лєгєн ба єхсєз лєги ’ма ин уотемєй тєрхон скєнунцє. Уоци тєрхони фєсте лєг є тухи нєбал фєууй, фал уотє уодхарє кєнуй. Е ’нгъуд ку ’рхъєртуй, уєдта ин уодесєг є уод исесуй. И уод ка ’й, е цалинмє єй байвєронцє, уалинмє марди сєрти тєхуй. Мард ку рахєссунцє, уєд є уод дєр є сєрти тєхуй; ку ’й ниввєрунцє цирти, уотє ба и уод дєр ниххезуй циртмє єма и марди бабєй бацєуй. Мард єхе єртє хатти рахъел кєнуй. Уой фєсте уод фєстємє раздєхуй єма сдзоруй: «Ций а? Нурмє дєр куд хастон аци толдзє къудурон!» Уотемєй ратєхуй єма уєларвмє фєттєхуй. Уоми ба ’й рєхиси авд цъасеми раласунцє єма ци хузєн адтєй, уоци хузи бабєй бацєуй. Ныффыстой йє Туккаты Соломоп ємє В. Миллер. Йє радзурєг бєрєг нєу. Дигорские сказаиия, по записям дигорцев И. Т. Собиева, К.. Гарданова и С.А. Туккаева с иереводом и нримечаниями Всев. Миллера. Труды ио востоковедению, издаваемые Лазаревским институтом Вос- точных языков, вынуск XI, Москва, 1902, с. 60—61. 231
чызджыты хох (Вариант) Кєддєр, дам, дзы (Чызджыты хохы) чызджытє цавддур фесты. Сидзєр чыз- джытє хосдзаутєн кєрдзын ахастой. Уарын сє єрєййєфта, мигъ сыл ныббадт, ємє фєндаг нал ардтой нєдєр хосдзєуттєм, нєдєр фєстємє хъєумє. Уєд Хуыцаумє скуывтой: «Хуыцау, ам нє цавддуртє фестын кєн!» Ууыл цавддуртє фестадысты. Уєдєй нырмє уыцы хох хонынц «Чызджыты хох». Радзырдта йє Царахаты Уырызмсег Хъайтыхъойы фырт, 39аздзыд. Ныффыста йсе Цагъаты Анастасия, июлъ, 1959 аз, Тменыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, панксе 117, ф. 44. чызджыты хох (Вариант) Хосгєрдєнты хосдзаутєн кєрдзын фєцєйхастой чындз, чызг ємє куыдз. Куы нал фєрєзтой, уєд Хуыцаумє скуывтой, цємєй цавддур фестой. Ємє цавддуртє фестадысты. Хєрєг дєр уыди семє. Уый дєр цавддур фестад. Радзырдта йсе Бадзуаты Цыипу. Ныффыста йсе Цагъаты Анастасия, июлъ, 1959 аз, Дсергъєвс. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 250, напксе 117, ф. 44. чызджыты хох (Вариант) Тменыхъєу єрынцад хохы фахсы, Санибайы комы. Йє сєрмє єнусон цъи- титє цєхєртє калынц. Уыцы ран цардысты лєг ємє ус. Уыдис сыи дыуує чыз- джы. Дардтой фос. Хуымгєнды зєхх сын уыдис стєм. Уыдис сєрдыгон бон. Арвыл мигъы къуымбил нє уыд. Бон дзир-дзур куы кодта, уєд лєг ацыд хос кєрдынмє, урс хохмє. Йє бинойнагєн ныффєдзєхста: «Чызджытєн-иу хєринаг рарвит хє-. рєгыл». Райсомы куыстыты фєстє йє бинойнаг хєринаг єрцєттє кодта, хордзены сє нывєрдта, ємє чызджытє араст сты. Сє куыдз дєр семє. Цєуынц, цєуынц ємє схєццє сты хохы фахсмє. Євиппайды арв хъулєттє кєнын райдыдта ємє сау мигътє єрємбєрзтой бєстє. Чызджытє сє фыдмє хъєр кодтой, фєлє сын дзуаппдєттєг нє уыд. Зилынц хохы фахсыл, фєлє та- иу кєм уыдысты, уырдєм єрцыдысты. Кєстєр хойєн йє бон нал уыд. Бафєлладысты, бастадысты дыуує хойы. Ємє сєм єххуыс никуыцєй фєзындзєн, уый куы бамбєрстой, уєд сє уєрджытыл єрхаудысты ємє Хуыцаумє скуывтой: «Хуыцау, кєд нє ды сфєлдыс- тай, уєд нє фервєзын кєн ацы хъизємєрттєй. Фестып нє кєн цавддуртє!» Євип- пайды арв цєхєртє акалдта, мигътє фєйнєрдєм ахєлиу сты. Арв раирд, єрмєст хохы фахсыл дыуує хойы, куыдз ємє хєрєг цавддуртєй лєугєйє баззадысты. Єрдз цыма ногєй райгуырд, уый хуызєн цєхєртє калдта. Фыд бирє фенхъєлмє каст аходєнмє ємє суанг изєрмє хос фєкарста. Изєры куы єрцыд, уєд йє бинойнаджы фєрсы: «Єфсин, ацы бон мын аходєн куыд нє рарвыстай?» Єфсин бадис кодта: «Уый та куыд? Кєм сты чызджытє, хєрєг ємє куыдз?» Хъєу фєфє- 232
дис ємє сє ссардтой цавддуртєй. Уєдєй фєстємє урс хох схуыдтой Чызджыты хох. Хох дыуує комы цєрджытєм дєр зыны. Радзырдта йсе Тебиаты Дакаи, 74-аздзыд. Ныффыстой йсе Дзестелты Л. семє Дулаты 3. Цєгат Ирыстоны иаддзахадои уииверситеш, уырыссаг литературсейы кафедрсейы архив. ТРАНОН ЄФЦЄГ Куырттатєй Уєлладжыры ’хсєн ис Транон єфцєг. Ис тынг бєрзонд ран. Къухылхєцєг ємє ємдзуарджыи чындз рацєйхастой уыцы єфцєгыл ємє фыд- вєнд скодтой. Гъемє уыцы тєккє ран цавддуртє фестадысты єртєйє дєр. Ныр уыцы ран хонынц Чындз ємє чындзємбєлтты рагъ. Абон дєр ма уыцы єртє дуры уыцы ран сты. Радзырдта йсе Томайты Ахмырзє Аслсемырзсейы фырт, Хъорайы хо- хсей ралидзгсе, 92-аздзыд, 1984 аз, Дзєуджыхъсеу. Ныффыста йсе Биде- ты Иидирсе. Цсегат Ирыстопы иаддзахадои уииверситет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1984 аз. ТАУЄРЄХЪ, ИРЄФИ ДОН КЄД ЄМА КУД ФЄЗИНДТЄЙ, УОБЄЛ Рагима-раги кєцєйдєр Устур Дигорємє єрбацудєй еминє, лєги дарєс ис- кодта, уотемєй. Ечи рєстєг ба гъєуєй рацудєй еу лєг бєхбєл єма надбєл фем- балдєй ечи єнєзонгє адєймагбєл. /Ерлєууп кодта еминє и лєги ’ма ’ймє дзоруй: — Кумє цєуис, єз сумахмє иуазєгуати ку цєун, уєд? Лєг ба ин уотє: — ’Ма чи, цо нє хєдзарємє, ка дємє ракєса, уєхєн си ес. Єз дєр нуртєк- ки фєстємє єрбацєудзєн. Лєг єй базудта, еминє ке єй, уой ’ма цубурдєр надбєл фєстємє иссудєй сєхемє. Радзурдта сєхемє, еминєбєл ке фембалдєй, уой, ’ма нихгєнун кодта дуєрттє, къєрєзгитє, куд неке єрбацудайдє, уотє. Фал сє хєдзари адтєй нє- уєг киндзє, ’ма єгъдаумє гєсгє гъєр нє дзурдта єма хестєртєй єхе римахста. Киндзє ин нечи зудта, єма емипє ку ’рбахуаста, уєд ин дуар байгон кодта. Ку єрбацудєй, уєд коми тулфє фестадєй єма алкєбєл дєр иез бафтуйун кодта. Ралигъдєнцє сє хєдзарєй єма нигъгъєр кодтонцє, сє хєдзари еминє ке ес, уой. Адєн уой ку райгъустонцє, уєд єрємбурд єнцє гъазєндонємє. Уоми бад- зубанди кодтонцє, еуетє си Уасгергимє ковдзєнєнцє, иннетє 6а Идауєгмє, зєгъгє, уотє. Уєд син хестєр загъта: — Фехсєн, єма фат кєми єрхауа, е уодзєй єдас бунат. Фат єрхаудтєй Идауєги рази, єма єгасдєр уоми єрємбурд єнцє. Емини бон ’н адтєй адєнмє хєстєг єрбацєун, Идауєг єй нє уагъта. Мегъєй бацєу- идє, фал єй Идауєг расоридє. Берєгъєй єрбацудєй, фал бабєй фєззиндтєй 233
сєдє куййи ’ма ’й хєстєг не ’рбауагътонцє. Уєд еминє бєласи саситє содзгєй єрбахєстєгєй. Фалє бабєй хоихєй ракалдєй дон, ’ма схудтонцє ечи бєрєг- бєнттє Фацбадєнтє. Райдаионцє ечи бєрєгбєнттє январи мєйи. Фєууй къує- ре. Ечи рєстєг гъєуамє гъєуєй маке рацєуа єма маке єрбацєуа. Уотемєй фєззиндтєй Ирєфи дон. Радзырдша йє Къелойты Георги, 1977 аз, Куссу, Ирєфы район. Ныф- фыстой йє Абайты Р. ємє Хайманты С. Цєгат Ирыстопы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1977 аз № 47. ЕМЫНЄ Раджы заманы Уєлладжыры комы сыстади емынє ємє цагъта адємы. Цєра- зонты мыггаг ныффєнд кодтой скувын Хуыцаумє ємє йє зєдтєм. Єрємбырд сты Цъуалийы (Буроны) Уастырджийы кувєндоны бынмє. Аргєвстой галтє, скод- той физонджытє. Сє хєдзєрттєй єрхастой єртыгай чъиритє, иумє скодтой бє- гєныйы цєджджинаг. Скув, зєгъгє, зєронд лєгмє бахастой єртє кєрдзыны ємє уєхст. Зєронд лєг кувын райдыдта, афтє йє бакомкоммє къєдзєх рагъ єрцыди ємє дзы єрцєйцыди гєдыйы хуызєн цыдєр уасгє. Зєронд лєг фєтарст, йє бєгєныйы куыси ємє уєхст єрцєйхаудысты, лєу- уєг фєцырд ємє сє ацахста: «Кувгє, мацємєй тєрс». Зєронд лєг кувы. Сидє- ны Мыкалгабырты бынєй цєргєсы хуызы ратахти ємє гєдыйы хуызєны уауу- уауу кєнгє Гуырдзыстонмє ахаста. Уыцы бонєй фєстємє емынє фесєфти, ємє баззади Цєразонты мыггаджы астєу куывды мидєг: «Раджы заманы Мыкалгабыртє Цєразонты мыггагєн цы арфє ракодта, уыцы арфє нын ракєн». Радзырдта йсе Мамытты Симон Дєхцыхъойы фырт, 1970 аз, Алагир. Ныффыста йє Тыджыты Розє Михаилы чызг. Цєгат Ирыстоиы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1970 аз, № 49. БАДЫ ХЪЄУЫ РЕКОМ ЦЄРАЗОНТЄН ЦЫ ЄХХУЫС БАКОДТА, УЫЙ ТЫХХЄЙ Ам бирє азты дєргъы адєм сєфтысты цыдєр низєй. Уыцы низ єфтыдта иу сау рувас. Адємєи сє бон куы нал уыди, цы ма кєной, уый куы нал зыдтон, уєд кувын байдыдтой Мыкалгабыртєм. Адємы куывд фехъуыстєуыд. Иу хатт Рекомы бынатєй ратахти цєргєс. Уыцы сау рувасы рацахста ємє йє ахаста. Адєм фервєзтысты. Уєдєй нырмє кувынц Мыкалгабыртєм. Радзырдта йє Хосаты Агуыбе Ибыры фырт, 61-аздзыд, 1979 аз, Ала- гир. Ныффыстой йє Лолаты Зєлинє ємє Суанты Маргаритє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1979 аз. 234
САНИБАЙЫ ДЗУАР СИДЄМОНТЄН ЦЫ ЄХХУЫС БАКОДТА, УЫЙ ТЫХХЄЙ Єрхон ємє Дєйыхъєуы астєу уыди стыр нєзыхъєд. Сылгоймаг-иу дзы иунє- гєй ацєуын нє уєндыд. Уый-иу хъуамє фєхєццє кодтаид нєлгоймаг, ємє-иу ын сылгоймаг бахуыдта хєдбын дзабыртє ємє зєнгєйттє. Тєтєры єрбабырсты рєстєджы ам єрынцад сахы ’фсад. Адєм єппындєр ацєуын нал уєндыдысты. Уымєн куывтой Санибайєн. Иу хатт дзуарєй цєргєсы хуызєн цыдєр ратахтис. Йє базыртыл рахаста цєхєр, цєхєрєй басыгъдысты хъєд ємє єфсад. Адєм фервєзтысты. Уєдєй нырмє Санибайєн кувынц. Радзырдта йє Хосаты Агуыбе Ибыры фырт, 61-аздзыд, 1979 аз. Ала- гир. Ныффыстой йє Лолаты Зєлинє ємє Суанты Маргаритє. Цєгат Ирыстоны наддзахадон университет, уырыссаг лгипературєйы кафедрєйы архив, 1979 аз. ДЗЫВГЪИСЫ ДЗУАРЫ РАВЗЄРД Куырттаты комы уыдис стыр доны раивылд, Гуытыгомєй Комынарєджы дон фехгєдта ємє мал кєнын байдыдта. Хъєутє доны бын фесты. Адєм фєфєдис сты. Иу хєдзарєй дон раласта авдєн єд сывєллон. Дзывгъисы дзуары бынаты авдєн цъилау зилыи байдыдта, зєхх цєрдхуынкъ фєци, ємє дон дєлємє ацы- ди, авдєн та уєлє баззадис. Уыцы ран скодтой куывддон. Йє ном ын схуыдтой Дзывгъисы дзуар. Радзырдта йсе Хуырымты Гоба Тєтєрийы фырт, 76-аздзыд, 1979 аз. Фиагдон. Ныффыстой йє Лолаты Зєлинє ємє Суанты Маргаритє. Цєгат Ирыстоиы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1979 аз. МИГЬДАУЫ ДЗУАР (Скъуыддзаг) Мигъдаумє куывтой Урсдон, Донысєр, Дагом, Цъамад, Инджынтє, Зын- цъар, Быз ємє ма ноджыдєр єндєр хъєутє. Ацыдысты-иу йє бынмє. Мигъдауєн йє кувєндон вєййы Ичъынайы. Ичъы- на та вєййы мєй фєстєдєр Фыдуанейє, хуыцаубоны. Мигъдау уыд ахєм дзуар ємє туджджынтє кєм фидыдтой: уым-иу сє фєттє асастой ємє сє-иу уым ныууагътой нысанєн, кєй бафидыдтой, уый тыххєй. Ис Хъєриуы хохы дєллаг кєрон, коммє хєстєг — хохы фахсыл. Мигъдау уыдис Хъусєгонты кувєндон, фєлє йєм Сидємонтє ємє Цєра- зонтє дєр цыдысты. — Ос-Бєгъатыры цот куы уєрстой, уєд хистєр — Цєразон райста йєхицєн бєх ємє, дам, уыдон бєхарєхстдєр сты уый тыххєй ныр дєр ма. Сидємоны та фєци гєрзтє — хотыхтє, ємє, дам, уыдон та гєрзарєхстдєр сты. Дзырдтой ма ноджы, зєгъгє, уымє гєсгє-иу уыдысты хъахъхъєнєг, комхъахъхъєнєг, стєй 235
Майрємы цур былыл. Уым-иу арт скодтой, фєдис-иу куы уыд, уєд. Иинє хъахъ- хъєнєн та уыд Бызы. Хъусєгоны та, дам, фєци тъєпєнєг, хъусджын тъєпє- нєг, ємє сын єппындєр афтид нє кодта. Уыцы тъєпєнєг євєрд уыд Мигъдауы єдде — Дзагдарєны. Мигъдауы куывд фєкєнынц радєй алы мыггаг дєр. Ємбалтє ємє Дзугатє. Ємбалтє райдайынц Уєлєсыхєй: Елмєрза, Ханджери, Гагуыдз, Сабаз, Гаго... Гал балхєны фысым ємє йє куы аргєвдынц, уєд ын фєстємє раттынц єрчъиаг ємє ахсєн. Дзидза бакєнынц 5 хайы. Йє 2-3 хайы сфыцынц ємє сє куывды бахєрынц, иннє дзидза арвитынц хомєй хєдзєрттєм. Алчи дєр єрхєссы 3 чъи- рийы ємє сє уым дзидзаты цур єрывєрынц. Бєгєны скєнынц єхсєны къусба- рєй. Мигъдауєн куывд афтємєй фєкєнынц. Мигъдауєн йє кувєндон вєййы Майрємы размє хуыцаубоны. Майрєммє єрцєуынц иннє хъєутєй дєр. Алчи дєр єрхєссы йемє фарсфизонєг, 3 чъи- рийы ємє афтємєй куывд скєнынц. Йсе радзурєг бєрєг нєу. Ныффыста йє Хъайттаты Сергей. — Хъайт- таты Сергей. Фыдєлты хабєрттє. 1982—1983 (къухєйфыст) ф. 317— 318. Цєгат Ирыстоны кулътурєйы наукон-методикон гєнтры архив. АДЄМ РАДЖЫ ЗАМАНЫ ЦАРДЫСТЫ ХЄХТЫ СЄРЫЛ... Адєм раджы заманы цардысты хєхты сєрыл, иннє бєстє та уыдис денджыз. Єрджынарєг (иу ком) куы атыдта, уєд дон гыццылгай цєуын райдыдта. Уєлла- джыры комы царди иу зєронд лєг йє фырты фыртимє (фыййауимє). Иу бон лєипу бацыд йє бабамє ємє йын загъта: «Абон фыстє куы хызтон, уєд нє нєл сєгъы боцъо цыдєр змєлын кодта, ємє уыцы диссаг цы уыди?» Зєронд лєг загъта: «Уый дымгє у, ныронг никуы уыди, євєццєгєн ам цєрынмє нал бєз- зы». Уымє гєсгє адєм єрцыдысты дєлдєр хєхтєй — тыгъд быдыртєм, ємє єрцардысты уым. Радзырдта йє Къарджиаты Царицє Гадзыбейы чызг, 69-аздзыд, 12 июлы 1983 аз, Куырттат. Ныффыста йє Цакъоты Ларисє. Цєгат Ирыстоны паддзахадоп упиверситет, уырыссаг литера- турєйы кафедрєйы архив, 1983 аз. ПУСУЛМОН АДЄМ ЧУШКАЙ ФИД ЦЄМЄННЄ ХУЄРУНЦЄ Хуцау еунєг єй, ємбал ин нєййес. Табу фєууєд єхецєн. Фиццагидєр Ху- цау зєнхєбєл є адєми ку равзурун кодта, уєд син равардта хуарз цард. Алци- дєр сємє адтєй берє. Еу хатт ку адтєй, уєд Хуцау є фєсдзєуинттєй еуей, худтонцє’й пахампар — Хуцауи хуарз салам єй уєд — рарвиста ємє ин равардта уєхєн ихєс: — Цо єма мин мє зєнхон адєм бабєрєг кєнє, ме ’сфєлдист адєм цємєй цєрунцє, ци гъєуагє єнцє, уомє єркєсє. Рацудєй пахампар єма райдєдта є балцє Хуцауи адємбєл. Еу рауєнмє 236
дєр бацєуй, єма адєм бадунцє идзаг стъолти сєргъи, берє си ниуєзтє — сєнє, чушкай фид дєр, єнєуой фиртони фид дєр. Бадунцє єма хуєрунцє, ниуа- зунцє. Иннє адємихатмє дєр бацєуй ’ма етє 6а уонєй дєр дессагдєр цєрунцє. Уотемєй пахампар, — Хуцауи хуарз салам єй фєууєд — єрхаттєй єгас адєнбєл ’ма єхе исцєттє кодта Хуцауєн раппєлунмє, фал... Раздєхгєй нєуєгєй є хєдзарємє, Хуцауи хєдзарємє, є над адтєй, кє- бєлти єрбацудєй, ци адєми рєзти цудєй, уобєлти. Єрбахъєрттєй є зонгє адєми размє єма уинуй сау зєнхє нє, фал сурх зєнхє, сурх 6а адтєй адєми тогєй. Хуєрдєфсес єма ниуєзтєфсес адєм кєрєдземє сє къохтє исистонцє, єма кєрєдзей єгъатєр мард ракодтонцє. Уотемєй адєм, хуарз бахуєргєй єма баниуазгєй сєнє, еу инней исцох кодта є цардєй, кєд єма син цард ци Хуцау равардта, есгє дєр син єй е ракодтайдє уєд. Хуцауи сконд адємєй ма байзадєй еугєйттє. Уєхєн хабар циуавєр єхцєуєндзийнадє єрхастайдє Хуцауєн — табу ин фєууєд. Ку ин єй радзурдта пахампар, чушкай фид єма сєнєй ке єрцудєй еци єнамонд гъуддаг, уєд Хуцау загъта: «Абонєй фєстємє зєнхон адєймагєй мєн исконд єхе ка хона ’ма мєн динбєл федар ка хуєца, уомєн чушкай фид єма сєнє хєран куд уонцє. Сєни єртах ку єрхауа фондз къерейєй тєккє сєрггаг- бєл, уєд бунггаг дєр куд уа хєран». Еци хабар фегъосгєй зєихон адєм фє- цєнцє дуує къуари. Еу къуар — Хуцауи дзурдбєл арази ка адтєй, етє, иннетє 6а — ка нє адтєй, етє. Арази ка нє адтєй, етє байзадєнцє чушкай фид хуєргє єма сєнє ниуазгє, иннетє ба сє Хуцауи дзурдєй сєхецєн исхєран кодтонцє — єма син Хуцау равардта ном Мєхємєти-пахампарти адєми ном — пусулмєнттє, зєгъгє, иннетєн 6а — киристєнттє, зєгъгє. Радзырдта йє Цориты Бидзеу, 90-аздзыд, 1968 аз, Цыкола. Ныффыс- та йє Цориты Фатимє. Салєгаты Зояйы ємбырдгопдсей. ХУЫЦАУ ЦЄРЫНЫ АЗТЄ КУЫ ЛЄВЄРДТА... Хуыцау цєрыны азтє куы лєвєрдта, уєд лєгєн стєрхон кодта дєс ємє ссєдз азы цєрєнбон. Лєг ахъынцъым кодта, ома куыд гыццыл цєрєнбон мын радта, зєгъгє. Уый фєстє хєрєгєн афтє зєгъы, ома, ды, дам, цєрдзынє дєс ємє ссєдз азы. Хєрєг дєр бахъуыр-хъуыр кодта, ома ахєм хєрєджы цардєй мє цємєн хъєуы ахєм бирє азтє, зєгъгє. Уєд лєг фєрєвдз ємє афтє зєгъы: «Дє уєлдай азтє мєнєн ратт, уєдє». Ємє йын хєрєг йє царды бонтєй радта ссєдз азы. Мєнєн, дам, дєс азы хєрєджы цардєй фаг сты. Дарддєр Хуыцау фєдзырдта куыдзмє ємє йын афтє зєгъы, ды, та, дам, цєрдзынє дєс ємє дыууиссєдз азы. Куыдз бынтон фємєсты, цємєн, дам, мє хъєуы куыдзы цардєй ахєм бирє азтє. Уєд та лєг фєрєвдз и ємє та куры куыдзєй дєр йє уєлдай цєрєнбонтє. Радта та йын дзы куыдз дєр дєс ємє ссєдз азы. Афтємєй лєг лєджы цєрєнбонтєй цєры дєс ємє ссєдз азы, уырдыгєй дєс ємє дыууиссєдзы-єртиссєдзы цєры хєрєджы цєрєнбонтє ємє хєрє- 237
джы куыст кєны. Єртиссєдзы — цыппарыссєдзы та сты куыдзы цєрєнбонтє, ємє лєг уыцы карєнмє куы бацєуы, уєд йє зонд фєкъаддєр вєййы, ємє куыдзы рєйд байдайы, йє кєстєртєй йєм ничиуал фєхъусы. Радзырдта йє Бирєгъты Разден, 75-аздзыд, 1972 аз, Рассветыхъсеу. Ныффыста йє Хуриты Маргаритє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1972 аз. №11. ЦЄМЄН БАЗЗАДИС НЄ ФЫДЄЛТЄЙ КУЫВДЫ ЄРТЄ КЄРДЗЫНЫ... «Цємєн баззадис нє фыдєлтєй куывды єртє кєрдзыны, хисты та — дыуує кєрдзыны?» — ахєм фарст радта Буца. Ємє зєгъы йєхи хъуыды: «Мєнмє гєсгє уымєн, ємє, адєймаг ма єгас куы вєййы, уєд ын вєййы єртє сєйраг предметы — Хур, Дон, Зєхх. Ємє куы амєлы, уєд та йє Хуры хай ахауы ємє йын дыуує кєрдзыны дєр уымєн кєнынц». Радзырдта йє Хъайттаты Буца, Црау. Ныффыстой йє Дзеранты Фа- тимє ємє Хестанты Ирииє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. УАРЗОНДЗИНАДИ АРГЪАУ Е адтєй незамани, Хъах-хъахай рєстєги. Єрзадєй мєнєує Силтанухъи бу- дури. Єфсери нємуг адтєй гогузи айки асє. Хъах-хъаха паддзах є паддзахади дєс анзи, еунєг еци анз ци хуар єрзадєй, гъе, уомєй фєццардєнцє. Паддзах Хъах-хъаха загъта: — Ка ’й базона, цємє єрзадєй уойбєрцє хуар еунєг анзмє, уомєн дєттун мє паддзахади єрдєг, мє хєзнати єрдєг. Фєззиндтєй еу рацєргє лєг паддзахмє ’ма ин загъта: — Цєун балций єма ’й базондзєн. ’Ма ин паддзах ба загъта: — Ку нє ’й базонай, уотемєй фєстємє ку раздєхай, уєд дин дє сєр кауи мехбєл єривєрдзєн! Лєг рандєй балций. Цєунтє байдєдта, цєунтє байдєдта. Бахъєрттєй Са- харай будурмє, фєййидта идардмє еу гъєу. Бараст имє єй. Гъєуи кєрон фитд- заг хєдзарємє бахуаста. Раимєкастєй, є закъє уорс-уорсид є астєуи уєнгє, уєхєн зєронд лєг. — Иуазєг, медємє, иуазєг — Хуцауи иуазєг. Бахизтєнцє медємє. Сбадє, зєгъгє ин загъта зєронд лєг, єма е дєр сбадтєй. — Хуарз иуазєг, ци Хуцау дє єрбахаста? Кєд дє ести фєндуй? — бафарста зєронд лєг. — Хъах-хъахєй паддзахади єрзадєй мєнєує, єма е ’фсери еу нємуг адтєй гогузи айки асє, єма мє рарвиста, цємєн уєхєн мєнєує єрзадєй, уой базо- нунмє. Ема ду куд хестєр, уотє мин банхус кєнє, зєгъє мин єй, ду берє фєййидтай ’ма. 238
Зєронд лєг ин загъта: — Уартє минкъий уєлдєр цєруй мє хестєр єнсувєр, єма дин ейє зєгъдзєнєй. Єрцєуєг ин райарфє кодта єма рараст єй хестєрмє. Уонємє дєр бахуас- та. Лєг имє ракастєй єма загъта: — Хуцауи иуазєг, медємє. Є хабар ин радзурдта иуазєг. Еци єнсувєр ба адтєй єригондєр. Є сєри адтєй еу минкъий уорс гъунтє. Лєг ин загъта: — Уєлдєр цєруй мє хестєр єнсувєр єма дин ейє ку нє банхус кєна, уєд дин мєн бон неци єй. Рараст бабєй єй ардємє иуазєг. — Медємє, иуазєг Хуцауи иуазєг єй. Хабармє байгъуста. Иуазєг ниддес єй. Се ’гасемєй адтєй бакасти єригон- дєр, є сєри адтєй еунєг уорс гъун. Иуазєг бафарста: — А ци дессаг єй, адтєн уорс закъє лєгмє. Уєлдєр иссуддєн ’ма загъта, мє хестєр єнсувєрмє цо. Е ба адтєй єригондєр уомєй. Нур 6а уинун дєу, єма дє лєхъуєни хузєн. Цємєн уотєй е? Фусун ин дзуапп равардта: — Мах ан єртє єнсувєри. Єз зин некєд фєууидтон. Иуазгутє нємє адтєй еу хатт єма загътон не ’фсинєн : «Харбуз рахєссє». — Рандєй єфсинє, єрбаха- ста харбуз, мє зєрдємє нє фєццудєй ’ма бабєй єй рарвистон. Уотє єртє- цуппар хатти. Е ба адтєй еци еунєг харбуз. Мє уоси єрдигєй єз єфхуєрд некєд фєууидтон. Уой тухєй єригон дєн. Еунєг уорс гъун ке ес мє сєри, е ба єй уой туххєй, єма еухатт рєфтон хуст кодтон. Уотемєй 6а нє синхонти хєдзарє ис- цєфстєй. ’Ма мє мє уосє райгъал кодта єма еци еунєг уорс гъун уой туххєй єй. Нур 6а дин зєгъун идарддр еци мєнєуи хабар. Адтєй дуує уарзони Хъах- хъахай паддзахади. Сє бон н’ адтєй еумє ун. Уой фєсте ба адєми фарнєй баеу єнцє. Єма ке баеу єнцє, уой туххєй Хуцау балєвар кодта адємєн мєнєує Хъах-хъахай паддзахади. Иуазєг райарфє кодта фусунєн. Фєстємє раздахтєй и паддзахмє єма ин радзурдта хабар. Паддзах ке загъта, уой ин равардта. Радзырдта йє Тотойты Афєхъо Хадзимурзы фырт, 65-аздзыд, 7 янва- ры, 1968 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Хахъийты Алетє Б., Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй.
ХАН ЄМА МЄГУР ЛЄГ у хан є косгути єримбурд кодта єма син загъта: — Дуйнебєл мєн кардєй кєрдагєдєр есгєми уодзєнєй? — Єгас дуйнебєл ба дєу кардєй хуєздєр куд некєми разиндзє- нєй! — зєгъгє ’ймє є косгути мєгурдєр дзоруй. Хан є цєститє тоги разилдта єма є косєгмє карди хєтдзє єхе батардта. Маргє ’й кодта, фал єй косгутє туххєй бауорєдтонцє. — Мадта мєн бєхєй уайагєдєр 6а есгєми уодзєнєй? — зєгъгє, бабєй фєр- суй хан є косгути. — Дєу бєхи хузєн ба єгас дуйнебєл куд нє разиндзєнєй! — зєгъгє, бабєй еци мєгур лєг загъта. — Ка бабєй йєй е, мєнмє уотє єндиудєй ка фєразуй дзорун? — исбунт кодта хан. — Рамєуадзетє, єз ба ин є сєр ракъуєрон. Адєм бабєй єй бауорєдтонцє. — Є, мадта, мєн уоси хузєн мадзора єма хуарз есгєми разиндзєнєй, е ба некємєй байрагєс уодзєнєй, — зєгъгє, хъєбєрєй загъта хан. — Дєхе цидєр фестауай, дєу уоси хузєнттє ма разиндзєнєй, — зєгъгє, єндиудєй загъта еци мєгур лєг. — Кєд аци лєг мєн нихмє уотє ниллєудтєй, уєд євєдзи еститє зонуй, єма йин ємгъуд дєттун. Кєд еци ємгъудмє, кедєр загътон, уони иссера, уєд хуарз, 240
нанєуа сє не ссердта, уєдта йин є сєр кауи мехбєл кєндзєнєн, е ’мбал косгути ба ин гъєуи куд басодзон. Гъе, уохєн дзуапп равардта хан є косгутєн. Хани косгутєн ци хуєздєр гєнєн адтєй? Исарадзи ’нцє еци фєндонбєл. Мєгур лєг сєргубур єма бєрзонд иуонтєй рацудєй. Ци фєййагурдта, ка ’й зонуй, уєдта авд надей єхсєнмє баф- тудєй, єма ’йбєл еу бєхгин къулух-къулухєй єрбацудєй, дзоруй йимє: — Байрайай, хуарз лєг! — Хуарз дє хай, — дзуапп равардта мєгур лєг. — Рацо єма бал мє фєсабєрцє исбадє, маха дзєнгєда кєнгєй цєуєн. — На, ниххатир кєнє, хуарз лєг, дє бєх къулух ку ’й, дууемєй йибєл куд исбаддзинан? — райарфє кодта мєгур лєг фєндаггонєн єма фестєгєй є хєтдзє рараст єй. — Ци кєнис, мє лимєн, ци хъєбєр єнкъард каст кєнис? — зєгъгє, фєндаг- гон бафарста мєгур лєги. — Ци кєнон мадта? Еу хан мах, косгути, єримбурд кодта єма є кардєй дєр, є бєхєй дєр, є уосєй дєр єхе єстаун байдєдта, уони хузєн некєми ес, зєгъгє. Єз ин єртє хатти дєр загътои, уонєй хуєздєртє ма разиндзєнєй дуйнебєл, зєгъгє. Маргє мє кодта, фал мє косгутє нє бауагътонцє, уєд мин баунаффє кодта, єртє къуєрейемє сє куд иссерон, кенєдта мин мє сєр кауи мехбєл кєнд- зєнєй. Ємгъуд єрхъєрттєй, єз ба нецєбєл фєххуєст дєн, зєгъгє, мєгур лєг дєлиауєй нийнєфтєй. — Уобєл тухсгє ма кєнє! Кунєг еститє нє рауайуй царди! Иуазєг мєгур лєги хєтдзє єрбацудєй хани гъєумє. Хан фєууидта мєгур лєги, неци иссердта, зєгъгє, ’ма косгути єрємбурд кодта єма мєгур лєги сєр къуєрунмє єхе цєттє кодта. — Ци кєнтє, хуарз адєм, аци мєгур лєгєн? — дзоруй адєммє иуазєг. ’Ма неке неци дзурдта. — Мадта еци мєгур лєг кємєй загъта, е єз дєн. Равзарє, хан, дє кард мє карди хєтдзє. Хан иуазєги хонхи асє дормє бакодта: — Цєвє дє кардєй аци дор! — Фитдзаг барє дєу єй! Хан устур дорбєл єруагъта є кард єма ’й дзєвгарє ницъцъола кодта. Уєд иуазєг дєр ниррєуигъта кардєй дор, єма хонхи асє дор сау фунук фестадєй. Хан нийнєфтєй єма загъта иуазєгєн: — Хуарз лєг, дє кардєй мє басастай, фал ма дє бєх бавзарє мє бєхи хєтдзє. Догъи рауайдзєнєнцє Сарєкоми єфцєгмє, уоми мєнєн ес уотєртє, уони рази ес цадє єма си дуує сугъзєрийнє кєсалги гъазуй, уонєй еуей ардємє раздєр ка єрбахъєртун кєна, е — хуєздєр. Рандєнцє, єма хани бєхтєн сє фєсте цудєй иуазєг. Ку исхєстєг єнцє, уєд нє барєг є бєх ниццєфтє кодта, куйтє дє бахуєрєд, ду уонєй ку фєффа- стагдєр уай, уєд, зєгъгє. Сє фєрсти еци тєхгє исцудєй. — Ци изєд, ци идауєг дє?! — Єз неци изєд дєн, фал бал ує бєхтєй мєн єййафетє. Уайтагъд цадмє исхъєрттєй, сугъзєрийнє кєсалгє райахєста єма сєбєл фєстємє рауадєй. Ханєй бабєй байрагєс єй, є бєхєй уайагєдєр бєхтє ке ес, е. — Мадта ма нє уоститє бавзарєн, — загъта хан єма и иуазєги хєтдзє балци рацудєй є хєдзарємє. 16 Ирон адємон сфєлдыетад, 2-аг том 241
Ци фєццудєнцє, ка ’й зонуй, уєдта єрхъєрттєнцє. И лєги єфсийнє сє- бєл бацийнє кодта. — Тагъд, не ’фсийнє, хуєрдє, ести! — зєгъгє, лєг є уосємє дзоруй. Силгоймаг єхе фєззилдта єма син дзєхєрадонєй харбуз єрбадавта. — Хуєздєр харбуз си нєййес? — зєгъгє, фєззуст кодта є )’осєбєл. Е дєр нєуєгєй рауадєй єма єндєр єрбадавта. — Хуєздєр си куд нєййес, зєгъгє, бабєй нєуєгєй є уоси рарвиста. Уоте- мєй єй еунєг харбузмє дєс хатти фєццєун кодта, уєддєр силгоймаг єхе дєр нє балєкъун кодта. Уєд и лєг фестадєй єма єндємє рацудєй. — Мадта єз ба мєхе уосєй хуєздєр фєстємє не сдзоруни туххєй неке єнгъєл адтєн, — зєгъгє, загъта хан и уосєн. — Єз мє лєгбєл мєхе ци бон балєкъун кєнон, хилтє кєнун ци бон райдайєн, еци бонєй фєстємє мє цард адгин нєбал искєндзєнєн. Лєгмє силгоймаг цє- рунмє єрцєуй. Гъєуамє, куд ємбєлуй, уотє цєронцє, єндєр си хилє, хъаугъай туххєй лєгмє цєун цємєн гъєуй, — загъта мєгур лєги уосє. Хан ниммєтъєл єй. Е ’мбали хєтдзє сєхемє ранєхстєр єй. Хани косгутє сєбєл єримбурд єнцє дессаги туххєй. Уєд иуазєг загъта: — Сумах дзєгъєли мєгур лєги сєр цємєн къуєрдтайтє? Цємє гєсгє уотє устур кєсетє уєхемє, — зєгъгє, хани сєр є кардєй ракъуєрдта. Иннетєн 6а загъта: — Мєнє уин гъєу, зєнхє, єма уєхе фєндон сабур цард кєнетє. Мєгур адєм ин фєййарфитє кодтонцє. Єхуєдєг ба є хєдзарємє раздахтєй. Радзырдта йє Гєуисты Сапдыр, 1938 аз, Сырх-Дшорє. Ныффыста йє Бекъуырты Аврам. ЦИГСИИйы архив, фолъклор №10. МАГУСАТЄ Єлдар ємє фєрсаг лєг араст сты балцы. Фєндагыл фєрсаг лєгєн йє бєх ныззади. Єлдар дын афтє: — Байраг мєн у, мє бєх єй ныззади. — Хуыцауєй куыннє тєрсыс, искуы ма уый єрцыди ємє нєл бєх байраг ныззайа! — Байраг мєн у, уый дын зайа ємє нє зайа, — загъта єлдар. Йє хъаст бахаста фєрсаг лєг тєрхоны лєгмє. Тєрхоны лєг йє хєдзары нє разынд, фєлє сєм рацыди йє чызг. Фєрсаг лєг чызгєн ракодта йє хъаст, йє маст ємє йє фєрсы: — Уєдє кєдєм ацыдаид дє фыд ємє тагъд єрбаздєхдзєн? — Мє фыд, — загъта чызг, — ацыди уєлхох быдырмє. Нє мєнєутєм нын денджызєй кєфтє фєцагъуыдысты ємє сє байсєфтой. Хъахъхъєнынмє ацыд мє фыд нє мєнєуты. — Дє уынд ємє конды фєхъхъау єрбауай, мєнє чызг! Искуы ма уый єрцыд ємє кєфтє денджызєй уєлхох быдырмє цєуой мєнєу хєрынмє. — Єлдар цєра, мє дзырд дєм афтє диссаг, афтє єнєууылд ма фєзынєд, — загъта чызг. — Кєд ємє нєл бєхтє байрєгтє зайын байдыдтой, уєд кєфтєн денджызєй уєлхох быдырмє цєуын цас диссаг хоныс? Єлдар фефсєрмы, радта байраг фєрсаг лєгєн ємє араст кодтой сє фєндагыл. Тєрхоны лєг фєзынди йє хєдзармє, фєрсы чызджы: 242
— Мыййаг мє исчи агуырдта? Чызг ын радзырдта єлдар ємє фєрсаг лєджы хъуыддаг, тєрхоны кой дєр ын ракодта. — Дє тєрхонмє дау ничи єрхєсдзєн: раст тєрхон у. Фєлє єлдар ємє фєрсаг лєджы раз фєкъємдзєстыг кодтай, бафхєрдтай дє фыды. — Баба мын цєра, ємє уєд куыд єгъдауєй? — бафарста йє чызг. — Дє фыды хуымгєсєй хуыздєр цы схуыдтаис, уый не ’рцахста дє зонд. Нє дын єй бахатыр кєндзынєн адзалы бонмє дєр, стєй дын цы ємбєла, уый кєнгє дєр бакєндзынєн. Тєрхоны лєг єрбасидти адєммє ємє тєрхоныл єрбадт йє чызгєн. — Мє чызг йє фыды кєй бафхєрдта, хуымгєс єй кєй скодта, уый тыххєй йын кєнын ахєм тєрхон: дунейы євзєрдєр чи разына, уымє чындзы куыд фє- цєуа, афтє. Иукъорд лєджы ує сє бєхтыл сбадєнт ємє дунейыл євзєрдєр чи разына, уый мєм ардєм єрбахонут. Сє бєхтыл сбадтысты иукъордєй. Цєуынтє байдыдтой, цєуынтє — євзєры агурєг. Чысыл кєм федтаиккой єгуыдзєг, єнєсєрєн адєм нє дунейыл, фєлє цы хуызєн агуырдтой, ахємыл нєма ємбєлынц. Уалынмє иу ранмє бацыдысты. Кєсынц, ємє иу лєг фєткъуы бєласы бын комхєлиуєй уєлгоммє хуыссы. Бє- ласы къалиутє єлємау єртасыдысты фырзадєй, рєгъєд фєткъуытє згъєлынц зєхмє. Лєг уыцы хуыстєй хуыссы, кєсы єнхъєлмє, кєд ємє рєгъєд фєткъуы єрхауид йє дзыхмє, хаттєй-хатт сдзуры: — Мєлын сыдєй! Барджытє єрынцадысты йє цуры, кєсынц єм ємє йєм дзурынц: — Рєгъєд фєткъуытє — дє алыварс, дє къух фезмєлын кєн, рауидз дзы ємє бафсад дєхи. — Ує хъал мыл куынє каликкат, мєгуыр лєг ує хуымы кєрєтты дєр никуы ауад, євєццєгєн, — загъта лєг, — ємє мын уыцы зын ує цєст цємєн уарзы — кєд ємє иу фєткъуы єрхауид мє дзыхмє. — Ай кєй агурєм, ахєм разынди, куыд єм кєсєм, афтємєй, — загътой барджытє, хорз ыл єрцыдысты сє ехсытєй ємє йє семє ракодтой. Цєуынц ємє та бахєццє сты доны былмє. Дон фєсаджил ємє саджилы сакъадахыл лєг хуыссы. Йє алыфарс дои, афтємєй хъєр кєны: — Дойныйє мєлын! Дисыл дис чындєуы. Барджытє фєдис кодтой. Хєстєг єм бацыдысты ємє лєгмє низєй єрдуйы бєрц дєр нєй. — Дє хуыздєры ма фенай, цы лєг дє! Дон дє алыфарс бєстє ласы, ды та дон, дон кєныс! Уєлємє сыст ємє дзы баназ. — Ємє мын чи сты уєлємє, уый та кєй бон у! Ныууадзут мє мє мєгуырыл. Айсутуєхи. — Ай дын диссаг євзєр, — загътой барджытє. Фестын єй кодтой ехсытєй ємє та уый дєр айстой ємє ацыдысты. Ацыдысты донєй, бахєццє сты хуымтєм. О, мардзє! Адєм уыцы архайд кєнынц; сє мєнєутє кєрдыныл архайынц. Уєд фєкастысты ємє хуымы хуыссы иу лєг: куырис йє нывєрзєн, куырис йє къєхтєм, дыуує куырисы йє фєрстєм. Зад хуым єнє карстєй лєууы. — Цы ми кєныс, лєгай, цы дыл єрцыд, цєуылнє кєрдыс дє мєнєу? — фєрсынц єй барджытє. Нє сєм дзуры хуымон зивєджы адєргєй. 243
— Дєу куы фєрсєм, къуырма дє Хуыцау бакодта! Хуымон сєм кєсы, фєлє сєм нє дзуры: зивєг кєны. — Афтємєй дє нє ныууадздзыстєм, — загътой барджытє, — мах дє сдзурын кєндзыстєм, — ємє йыл ралєууыдысты сє ехсытєй. Лєг фєсєррєтт кодта, уєдє цы уыдаид. — Мє бон нєу кєрдын, ай єнтєфы мын чи архайы. Єнцад мє куы ныууа- дзиккат мє хуыссєны. Барджытє хуымоны дєр аластой сє фєдыл ємє єртєйы дєр бакодтой тєр- хоны лєгмє. Куыд уагєй сє базыдтой, уыдон ын радзырдтой, стєй йын загътой: — Адонєй євзєрдєр чи у, уый раиртасын мах бон нє баци, єрбакодтам сє дєхимє, цємєй сын равзарай се ’взєрдєры дєхєдєг. Тєрхоны лєг ды дє: равзар єй дєхєдєг. Бєласы бын та йєхи єруагъта сє иу хєлиудзыхєй, рєгъєд фєткъуытє згъє- лынц, фєлє лєг хъєр кєны: — Сыдєй мєлын! Иу ує єрхауєд мє дзыхмє. Аннє доны был схуыссыд ємє хъєр кєны: — Мєлын дойныйє! Уєд сєм єртыккаг дзуры: — Цавєр диссаджы адєм стут, — зивєг куыд нє кєнут дзурынмє. Тєрхоны лєг хъуыддаг равзєрста ємє тєрхон рахаста: дзурынмє зивєг чи кєны, уый се ’взєрдєр. Мє чызг йє хай фєуєд. Магуса ємє чызг цєрынтє байдыдтой. Мєнєугєрдєны єхсырф райста лєг ємє хуыммє ацыди. Цыппар куырисы акарста, хуыссєн єркодта йєхицєн ємє йыл афєлдєхти. Ус сагъєсы бацыд: «Ох-хай, мє лєг йє єбєрєгон хъуыддаг куынє ныууа- дза, уєд сєфєм: нє хуым єнє карстєй баззайдзєн ємє уєд амєлдзыстєм єнє хєринагєй». Уыйадыл йєхи алы ахорєнєй сахуырста ємє араст хуымты. Сє хуыммє баввахс уыдаид, афтє хъєр кєны: — Магусаты удхєссєг фєцєуы! Єз дєн, єз магусаты удисєг! Мєлєты лєгау фєсєррєтт кодта магуса. Бирєгъау фєлєбурдта хуыммє ємє йє ракарста, мєкъуылтє йє єрбацамадта. Изєрєй сє хєдзармє єрцыд хєстулєфтгєнгє ємє дзуры: — Усай, мє сєрєн дын нал дєн, бафєлладтєн, лєг куыд бафєллайы, афтє, фєлє нє хуым дєр карст фєци. — Ємє уєд цєй тагъд? — бафарста ус. — Абон хуымтыл зылди магз^саты удисєг. Куыддєр ын йє хъєр айхъуыстон, мє уд мын исдзєн, зєгъгє, нардуатєй єрлєууыдтєн нє хуымєн йє иу кєрон ємє аннє кєронєй акастєн. Чысылтыл ма дын фервєзтєн. Уєдєй ардєм ємбисондєн баззад нє Ирыстоны: євзєр йє удєн тєрсы. Ныффыста йє Ємбалты Цоцко. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архав, фольклор № 30—12, папкє 73, ф. 26—29. СЕДЗЄРГЄС УОСЄ ЄМА Є ФУРТ Хъєбєр мєгур уосєн еунєг битдзеу адтєй. Стонг анз сєбєл искодта зумєг, ци ма кодтайонцє, уой нєбал адтєй. ’Ма сємє еугурєй дуує гали адтєй. Мадє загъта: — Рамєлуни бєсти нє еу гал равгєрдєн. 244
Битдзеу 6а загъта: — Нє ’й нивгєрддзинан, уалдзєг ма хумє цємєй єркєндзиан. — Єз мєхе исефтиндздзєн, — загъта мадє. Гал нивгарстонцє, зумєг раервазтєнцє, Уалдзєг ку ’рцудєй, уєд хумє кє- нун райдєдтонцє. Даргъ єфсой искодтонцє ’ма фулдєр тухє галєрдємє нибба- стонцє, минкъийдєр ба уосирдємє, уотемєй хумє кєнун райдєдтонцє. Еу лєг саргъи бєхбєл єрбацудєй ’ма сє фєууидта. — Байрайай, хуарз битдзеу! — Дє гъуддаг раст. — Ци ’й, ци хабар єй, битдзеу, дє мади ку сефтигътай хумє кєнунмє гали хєтдзє. — Ци кєиєн, мєгур ан, тиллєгбєл тох кєнун гъєуй, гал 6а нємє нєййес, ’ма мєхуєдєг мєхе исефтигътон. Мєгурєй цєруни бєсти бахъиамєт кєнун ху- єздєр єй, — дзоруй уосє. Лєг загъта: — Кєд ести бакєндзиайтє ма ’й исахур кєндзиайтє, уєд мє єргъауи еу гал ес, ахур кєнун ка нє комуй. — Бєргє ’й исахур кєнианє, — загътонцє мадє єма фурт. Битдзеуи є хєтдзє фєххудта ’ма ин єргъауи астєу гал ниййахєста. Битдзеу гали сєхемє єрбаласта. Хумгонди хурфи єй ратєрє-батєрє кєнун райдєдта, исфєлмєцун єй кодта ’ма ’й исахур кодта. Мєгур уоси фурт еци гъолон галєй цубур растєгмє даргъауєдзє фєтєн сау хумтє єркодта. Еу рєстєги ба сємє и лєг єрбацудєй бєрєггєнєг. Даргъау- єдзє фєтєн хумтє ку ’руидта, уєд є зєрдє барохс єй. Лєг загъта: — Хуарз, ує цєрєнбон берє фєууєд. Мадє ин дзуапп равардта: — Ци кєнєн, косгє берє кєнєн, мєгур ан. Аци дзамани уосє ракорун дєр нє битдзеуєн нє бон не суодзєнєй, уой туххєй ’ма ’й єлхєнун гъєуй. Лєг син загъта: — Кєд єй исахур кєндзиайтє, уєд уин мє кизги дєттун. Є конд, є уиндєн нєййес уєхєн, єрмєст магоса єй, косуи нє комуй; кєд исарєхсдзиайтє є хєтдзє, уєд уин єй дєттун. Мєгур уосє загъта: — Єгомуг, єиєдзора фонс ку ахур кєнуй, уєд адєймаг, дзоргє ка кєнуй, е 6а цємєннє сахур уодзєй, исєйахур кєндзиан. Лєг син є кизги равардта. Исхудтонцє ’й сєхемє. Еци кизгєн е ’гъдау уотє адтєй: бахуардтайдє, баниуазтайдє, уєдта бєрзонд урундухъбєл гобєнтти сєрбєл бєзтє ниввєридє ’ма уонєбєл ба бадтєй єнє дзоргєй. Єрбайхудтонцє хєдзарємє, куддєр медєгмє єрбацудєй, уотє бєзти сєрмє исхизтєй ’ма уоми бадтєй. Сєумє мадє загъта: — Битдзеу, єхсєвєр искєнєн. Ду хуарз бакустай, ’ма дин мєнє хуарз хай, єз ба минкъи фєлмастдєр бакустон, ’ма минкъидєр хай мєн. Мєнє а ба и киндзи хай єй, ’ма и киндзє 6а неци бакуста, ’ма ин еунєг морє дєр хуєруйнаг нєййес. И киндзє фєстємє урундухъмє исхизтєй ’ма єнє хуєргєй байзадєй. 245
Сєумє бабєй куститє райурстонцє. — Киндзє хуссєнтє бафснайдзєй, — загъта мадє. Бакустонцє бабєй и бонє. Изєрєй єрємбурдєнцє. Мадє хєйттє єривард- та, ’ма сє кустмє гєсгє райурста. И мадє ’ма битдзеу сє хєйттє хуєрунцє, киндзи разєй хай исистонцє ’ма ’й исивардтонцє, а косгє нє кєнуй, зєгъгє. Уотемєй и киндзє мєлєтмє єрєфтудєй єдонуг єма єстонгєй. Сєумє бабєй кустмє рандєнцє мадє ’ма битдзеу. Етє куддєр рандєнцє, уотє и киндзє бєрзонд урундухъєй єхе гупгєнгє рагєлста, рагон устур гъєдин къибилайдзаг дон єрбахаста ’ма зєнхє ’хсун райдєдта. Єризєр єй. Єрбацу- дєнцє мадє ’ма фурт. Зєнхє — хуєрз єхснад , къостє — єхснад, урундухъ — єфснайд, ’ма ин єрдєг хай ракодтонцє. — Мєнє дєуєн дєр хай, мєнєн дєр, мєнє и киндзє дєр еу минкъи ракус- та, ’ма ин хай раттєн. Рахуардта и киндзє є хай, фєццєрдєгдєр єй. Иннє бон бабєй кустмє рандєнцє мадє ’ма фурт. И киндзє бел райста ’ма тургъи даргъ татхєтє єркъахта, хєдзарє бафснай- дта. Изєрєй єрємбурд єнцє бинонтє. Мадє и киндзєн равардта дуує хайи. Уордигєй идарддєр косун райдєдта и киндзє. Адєми єхсєн устур кадгинєй цєрун райдєдта. Уалєнги ’й є фидє бєрєггєнєг єрбацудєй бєхбєл. — Уе ’зєр хуарз! — Єгас нємє цо, нє хєстєгихай! — зєгъгє ин дзуапп равардтонцє. И кизгє ’ма фидє хєдзари райзадєнцє. Ма ’ймє є кизгє гъєдзиндзитє єрдавта. — Баба, мєнє аци гъєдзиндзитє растъегъє, аци хєдзари єнє косгєй хує- руйнаг нє дєттунцє. И мадє ’ма и битдзеу ку ’рбацудєнцє, уєд син єй фидє радзурдта, ’ма ходєгєй къєл-къєлєй разилдєнцє. Мадє загъта фуртєн: — Еу косєрттаг єрбаласє иуазєгєн. ’Ма ин нєл сєгъє єрбаласта, косарт ракодтонцє, фєццинє кодтонцє кєрєд- зебєл. Радзырдта йє Сєбанты Багке Фацбайы фырт, 25 август, 1954 аз, Орджоникидзе. Ныффыста йсе Салєгаты Зоя. САУДЖЫН ЄМЄ ЗОНДАБИ Цардысты иу хъєды тынг мєгуырєй лєг, ус ємє сє чысыл лєппу. Лєппу- йыл иукъорд азы куы рацыд, уєд амардис йє мад, ємє тыхстдєрєй цєрын байдыдтой фыд ємє фырт. Фыд бацыд єххуырсты иу хъєздыг сауджынмє. Сау- джын мєгуыр лєджы куы єххуырста, уєд йемє бадзырдта афтє, ємє мєгуыр лєг нскуы куы смєсты уыдаид, уєд хъуамє сауджынєн куыстаид лєвар, стєй йын уымєй уєлдай бафыстаид єртє сєдє сомы єхцайє. Мєгуыр лєг сразы, уєдє цы кодтаид ємє кусын байдыдта сауджынмє. Уєд иу хатт мєгуыр лєг ацыдис сауджынєн хуым кєнынмє. Бон-изєрмє фєкуыста, фєлє йын сауджын хєринаг нє рарвыста, ємє єххуырст, мєгуыр йє бон, єххормагєй йє къєхтыл лєууын нал фєрєзта. 246
Изєры уыцы фєлладєй хъєумє куы раздєхти, уєд сауджын йє размє ра- цыди, йє къухы дурыны дзаг дон, афтємєй. Мєгуыр лєджы фєлладхуызєй куы ауыдта, уєд йє дзыхы дзаг ныххудтис ємє йєм дзуры: — Сойджын хєринєгтє фєхордтай абондєргъы, євєццєгєн, сдойны дє ємє дын дон рахастон. Мєгуыр лєг йє маст нал баурєдта ємє сауджынєн уыцы ран фєлдахгє нал скодта. Сауджынєн зын куыд нє уыдаид, фєлє худєгєй мєлгєйє загъта мєгуыр лєгєн: — Кєсыс, фєнадтай мє, уєддєр єз нє мєсты кєнын, фєлє ды кєм смєсты дє, уым мын хъуамє бафидай єртє сєдє сомы, куыд дзырд уыдыстєм, афтє. Цы ма хуыздєр гєнєн уыдис мєгуыр лєгєн? Ауєй кодта йє хєдзєрттє. Цыдєр амєлттєй єрємбырд кодта єртє сєдє сомы ємє сє радта сауджынєн. Уєд фыдмє дзуры йє фырт, Зондаби: — Тєрсгє ма кєн, мє фыд, фєлє ды базєронд дє, єххуырсты кусын афон дын нал у ємє ныр та мєн ауадз сауджынмє єххуырсты. Фыд Зондабийы ныхасыл сразы ис ємє уєд фырт єххуырсты бацыд сау- джынмє. Єцєг єм єххуырсты куы лєууыдис, уєд бадзырд кодтой афтє, ємє сауджын ємє лєппуйє чи смєсты уа, уый иннємєн єртє фондзыссєдз сомы куыд бафида. Ныллєууыд єм уыцы дзырдєй ємє кусын райдыдта. Иу хатт та Зондаби ацы- дис хуым кєнынмє цыппар галєй. Иучысыл ахуым кодта ємє йын, сауджын хєринаг куы иє єрвыста, уєд суагъта йє галтє. Иуы дзы ауєй кодта єртє фон- дзыссєдз сомыл, иннєйы аргєвста ємє дзы хорз сихор сарєзта йєхицєн. Єрхуыдта, быдыры хуымгєнєгєй цыдєриддєр уыдис, ємє сє хорз федта. Цы дыуує галы ма йєм уыдис, уыдон хизынмє ауагъта. Йєхєдєг уєрдоны уєлгоммє схуыссыд ємє бон-изєрмє фєхуыссыд. Изєры та куы райхъал, уєд ма сихорєй цы аззад, уыдо- нєй йєхи хорз федта, стєй йє дыуує галы сифтыгъта ємє хъєумє рацыд. Фєн- дагыл ыл сємбєлд сауджын єд доны дурын ємє йєм худгєйє дзуры: — Лєппу, абондєргъы сойджын хєринєгтє фєхордтай, фєлє дын дон нє уыдис, ємє дын дон рахастон. Лєппу цингєнгєйє рагєпп ласта уєрдонєй, сауджыны дурын авдєлон код- та, йєхєдєг арф ныуулєфыд ємє йєм дзуры: — Уєллєгъи, сауджын, дє галтє єгєр нард сты, ємє сє фыд хєрынєй фєллад дєн, дойны дєр тынг сдєн, ємє стыр хорз бакодтай, мє размє мын дон кєй рахастай, уымєй. Сауджын джихєй аззад ємє афарста лєппуйы: — Ємє цы кодтой мє галтє? Куыд сын бахордтай сє фыд? — Хєринаг єрєгмє куы хастай, уєд, зєгъын, кєд гал єргєвддзєн, зєгъгє, загътай, ємє мын уый тыххєй нє хастай хєринаг. Афтє банхъєлдтон ємє дын дє галтєй иу єргєвдгє акодтон, иннєйы та кєрдзыны аргъыл ауєй кодтон. Сауджын фємєсты ємє лєппуйыл хъєртє байдыдта, фєлє Зоидаби йє дзы- хы дзаг ныххудтис ємє сауджынмє дзуры: — Дє дзырдмє гєсгє кєй смєсты дє, уый тыххєй та мын хъуамє бафидай єртє фондзыссєдз сомы. Бафыста сауджын єхца, уєдє цы гєнєн уыдис, фєлє лєппуйєн бамбарын кодта, уыцы зианы тыххєй йєм мыггагєй мыггагмє єнє мыздєй кєй кусдзєни. Єнє сразы гєнєн дєр цы хос уыди лєппуйєн, ємє кусын райдыдта. Иухатт сауджын йє усимє йє каистєм цыдис, уыцы бон єрбаздєхыны дзырдєй, ємє 247
лєппуйєн бафєдзєхста, се ’рбацыдмє куыд фєхъахъхъєна хєдзар, хорз хєри- наг сын куыд скєна, стєй єхсєвыгон цєудзысты ємє сын хидыл цєугєйє сє фєндаг куыд ныррухс кєна. Лєппу баззад, уєдє цы кодтаид, ємє йын цы бафєдзєхстой, уыдон єххєст кєнынмє бавнєлдта. Аджы дзаг хъєрмхуыпп скодта, стєй^ хєдзарыл арт бан- дзєрста, йє рухс суанг хиды єддємє куыд цыдаид, афтє. Йєхєдєг сауджыны чырыпы цыдєриддєр єхца ссардта, уыдон йє дзыппыты ємє йє рєтты байдзаг кодта, зынаргъ дзаумайє йєм цы ссардта, уыдон йє дєлєрмтты рахаста ємє уынгты хъєргєнгє рацыд. — Гъей, хорз адєм, сауджын нырєй размє кєй фєсайдта, уыдон ардєм рацєуєнт. Адєм єрємбырд сты йє алыварс ємє сын байуєрста сауджыны єхцатє ємє дзауматє, уыдонєп сє сєхицєй кєй фєсайдта сауджыи, уымє гєсгє. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 108, папкє 18, ф. 210—212. САУДЖЫН ЄМЄ МОЛЛО Иу мигъ бон, арв хєццє куыд уыди, хъуынджынєрфыгєй куыд каст, афтє Уастырджи йє къуылых бєхыл єрцєйцыди фєндагыл. Сауджын ыл амбєлд, салам ын радта ємє йє фєрсы: — Сауджын, дин амоныс, ахуыргонд лєг дє ємє ма мын зєгъ: уардзєн єви пє? Сауджын арвы єууєлтєм скасти ємє дзуапп радта: — Уардзєн. — Хуыцауы хатыр бакєн, цы Чырыстийєн кувыс, уый хатырєй дє фєрсын ємє мын раст зєгъ: къєвда уыдзєн єви нє уыдзєн? Сауджын та арвы кєрєттыл йє цєст рахаста ємє та дзуры: — Нєй йын єнє уаргє! — Кєд мєнг зєгъыс, уєд нєл хєрєг фест. Уыйадыл сауджын иєл хєрєг фестад ємє єртє уасты ныккодта. Уастырджи йыл рахъєр кодта йє разєй. Цєуы, цєуы, арв змєнты, ємє та дын мєнє молло єрбацєуы. — Дє фєндаг раст, молло! — Дє хъуыддаг раст, бєлццон. — Эфепды, дє хорзєх мє уєд, зєгъ-ма мын: уардзєн єви иє? Молло уыцы иу єлвєстєй дзуры: — Уардзєн. — Дє дин-дє иманы хатыр, раст мын зєгъ: къєвда кєндзєн єви нє? — Єнє ’руаргє йын хос нєй, — загъта та молло. — Кєд раст нє загътай, уєд сыл хєрєг фест. Молло сыл хєрєг фестад. Сыл хєрєг ємє нєл хєрєг йє разєй фєтєры Уастырджи. Цєуы ємє кєсы — хохєй иу лєг рацєуы, йє дєларм цыппар афтид къєссайы. — Дє фєндаг раст, — дзуры йєм Уастырджи. — Дє хъуыддаг раст, мє хуры хай, — дзуры йєм хохаг лєг. — Хорз лєг, нє мын зєгъдзынє — уарын уыдзєн, єви нє уыдзєн? — Уымєн дын, мє хур, мє бон дзуапп раттын нє бауыдзєн: Хуыцау йє уынаффєтє мєнєн никуы базонын кодта. 248
— Хуыцауы хатыр бакєн ємє мын зєгъ: єркъєвда кєндзєн єви нє? — Хуыцауєн мє уд нывоид фєуєд, фєлє дын зєгъын: Хуыцауы уынаффє- тєй мєнмє ницы ис, ницы сын ємбарын. Єрмєст дын зєгъдзынєн: вєййы афтє, ємє хур бон кєд єруары; афтє дєр єрцєуы, ємє къєвда бон хур кєд ракєсы. Хуыцауєн зын нєй. Кєнє уардзєн, кєнє нє уардзєн. — Ємє уєд дє фєндаг та кєдєм дарыс? — Быдырмє, кєд искуы хор мє къухы бафтид, — стонг баййєфтой мє би- нонтє. — Дє дєларм та уєд цы хєссыс? — Къєссатє. — Ємє фистєгєй цы ’рбахєсдзынє? — Кєд искуы ссарон єххуырст бєхтє, хєрджытє, уєд фистєг нє уыдзынєн; намє мєхєдєг цы ’рбафєразон лєгуаргъєй, уый єрбахєсдзынєн, уд фєлєу- уєн. — Єрбайхъус-ма мєм: дард балцы цєуын ємє мын ацы хєрджытє сты тых- сты хос. Баздєх ємє сє дє хєдзармє акєн, фєкус сыл иу афєдз дєхєдєг дєр, стєй ма сє дєхи єдде дєтт дє сыхєгтєн дєр. Стєй сє афєдзы бонмє ацы ран сємбєлын кєн. Уый фєстє мєгуыр лєгєн йє дыуує къєссайы ныккалдта мєпєуы нєм- гуытє, ємє дыуує къєссайы сє тєккє дзєгтє фестадысты мєнєуєй. Хъєды єрдузєй хадзонджытє ракодта, уаргъхєссєнтє дзы ацамадта, хєрджытыл сє авєрдта, ємє хохаг лєг дыуує къєссайы хєрджытыл уаргъ євєрд акодта. Арфє ракодта йє хєрзгєнєгєн ємє сє уыйадыл алчидєр араст йє фєндагыл. Заргє-заргє бафардєг хохаг лєг йє хєдзармє. Нал ауєрста кусынєй, — бон дєр нал бадт, єхсєв дєр нал хуыссыди. Замманайы нард, єгуыст хєрджытєн бафєлмєцєн нє уыди. Афєдзмє сыл хєрєджы фєдыл згъорып байдыдта рє- сугъд ногзад хєрєджы къєлєу, даргъхъусджын. Афєдз аивгъуыдта, афтє мєгуыр лєг ємгъуыды бонмє хєрджыты єд къє- лєу, нєл къєлєу, раскъєрдта бєрєг бынатмє. — Єгас цу! — Хорз цєр. — Уєд ма сын уый та сє фєдыл циу? — Уый та уєлємхасєн. Сыл хєрєг ныззади. — Уєдє ма афтє бакєн, ємє ма сыл иу афєдз дє куыстытє фєкєн, мєн уыдонмє нєма євдєлы. Хєххои дзигло та дыккаг аз дєр фєкуыста, стєй та йын сыл хєрєджы фє- дыл дыккаг къєлєу азгъордта, сыл къєлєу. Ємгъуыды бон та сє бєрєг бынаты балєууын кодта. Уастырджи уыцы ран лєууы ємє дзуры хохаг дзигломє: — Дыуує уєлємхасєны дын хатыр уєнт, цєугє дє хєдзармє, бахъомыл сє кєн ємє сыл кус. Уый фєстє хєрджытє йє фыццаг райста, ємє фєндаг пыхсмє кєм ба- хєццє, уым нєл хєрєджы фєстємє сауджын фестын кодта. — Уастырджи кєй дє, уый базыдтон, фєлє дын єй Хуыцау ма ныббарєд, єгєр мыл абырыди хєххон дзигло. Иучысыл дарддєр куы фєци, уєд та сыл хєрєджы фєстємє цы уыди, уый фестын кодта. Ємє йын молло загъта: 249
— Сырх цєст Уастырджи кєй дє, уый базыдтон, фєлє дын Хуыцаумє хорз ма фєкєсєд: єгєр мыл бакуыста хєххон дзигло. Уастырджи уыйадыл фєаууон. Радзырдта йє Дзугкойты Цєппо, 4 иоябръ, 1922 аз. Єрыдои. Ныффыс- та йсе Ємбалты Цоцко, «Ирои адємы таурєгътє, кадджытє ємє ар- гъєуттє», єртыккаг хай. Дзєуджыхъєу, 1928, 75—77. САЙЄДЖЫ САЙД Иу сауджыымє уыди єххуырст, ємє йын цємєй фылдєр куыстаид, уый тыххєй цы нє хин кодта, ахєм ын нє уыди. Цы гєнєн уыд єххуырстєн дєр, ємє быхсыд сауджыны фыдмитє. Хосгєрдєн куы ’рцыди, уєд та сауджын бавдєлд ємє цыдєр хин сфєнд кодта єххуырстєн. Фєсидти єххуырстмє ємє йєм дзуры: — Райсом хос кєрдынмє цєуєм, фєлє-иу раджы сыст. — Хорз! — загъта єххуырст. Райсом єххуырст нєма сыстад, афтє сауджын фєгєпп ласта, єххуырсты дєр сыхъал кодта ємє йєм дзуры: — Цєй, аходєн ам бахєрєм, уыгєрдєнмє ма йє цы хєссын кєнєм. — Хорз, — зєгъгє, загъта єххуырст ємє аходєн хєрыныл єрбадтысты. Хєрд куы фесты, уєд та сауджын дзуры: — Ємє уєдє єххєст сихор дєр ныр бахєрєм ємє сихорыл уєлдай фєстиат мауал кєнєм. — Хорз, — загъта та єххуырст ємє ма єнєбары цыдєртє ахордтой, сауджы- ны ус сын сихорєн цы єрєвєрдта, уымєй. — Цєй, бавдєлєм ємє ма єххєст єхсєвєр дєр бахєрєм, уєддєр уыгєрдє- ны єхсєвиуат кєндзыстєм ємє ма єхсєвєр хєрыныл та цы фєстиат кєнєм. — Хорз! — зєгъгє, та загъта єххуырст. Фєйнє комдзаджы цыдєр ма систой, єхсєвєрєн сын цы хєринаг єрєвєрдтой, уымєй, єндєр сє нал хъуыд. Хєрд куы фесты, уєд єххуырст єиєдзургєйє сыстад, йє нымєты бызгъуыр йє дєларм атыхта ємє дєлє фєцєуы. — Кєдєм фєцєуыс уый? — дзуры йєм сауджын. — Єххєст ма хуысгє дєр ныр скєнєм, тєккє хосгєрдєны фєсахсєвєр бадыи хорз нєу! — зєгъгє, рацыд єххуырст ємє йє нымєт уєлхєдзары райтыд- та ємє йыл єрхуыссыд. Сауджын хєлиудзыхєй баззад. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 108, папкє 18, ф. 216. ЗОНДДЖЫН ЄФСЫМЄР ЄМЄ ЄДЫЛЫ ЄФСЫМЄРЫ АРГЪАУ Уыдис дыуує єфсымєры ємє сын бахєринаг ницы уыдис. Иу дзы уыди зондджын, иннє єдылы. Ацыдысты дыуує єфсымєры иу уєйыгмє, ныллєу- уыдысты исгєйуєттєй. Єдылы хызта сєгъты, зондджын та йын йє мадмє зыл- ди. Уєйыг йєхуыдтєг цыди цуаны. Амардта-иу сагтє, сєгуыттє, єрсытє ємє тєрхъустє, єрхаста сє-иу йє хєдзармє. Цардысты иу дзєвгар афтє дзєбє- хєй. Иу бон куы уыд, уєд дыуує єфсымєры фєхыл сты. Єдылы загъта зондджынєн: 250
— Ды цємєн никуы скъєрыс сєгътє хизынмє? Зондджыны єрфєндыд. Сыстад ємє аскъєрдта сєгътє хизынмє. Єдылы хєдзары баззад ємє зєро^д усєн тєвд донєй йє сєр ныхсадта. Ус басыгъди тєвд донєй ємє амарди. Йє дєндєгтє баззадысты зыхъхъырєй. Єдылы афтє єнхъєлдта, мєстєй йє мары. Систа дынджыр дур ємє йын єй йє сєрыл ныц- цавта. Йєхєдєг єй батыхта хуыссєнгєрзты. Изєры зондджын єрыскъєрдта сєгътє ємє фєрсы єдылыйы: — Хорз нє бахєрын кодтай уыцы зєронд усєн? Єдылы йын загъта: — Хєргє єппындєр ницы бакодта. Зондджын бацыд ємє федта зєронд усы. Базыдта йє, кєй йє амардта, уый. Рацыд ємє йе ’фсымєримє фєхыл ис: «Ныр нє изєры уєйыг мардзєни». Изєры уєйыг куы ’рцыд, уєд єрхаста йемє саджы мард. Сфыхтой йє ємє хєрынц. Уєйыг хєйттє систа ємє загъта: — Марадз, зєронд усєн бахєссут фыдызгъєл. Єдылы бахаста ємє сє бахордта йєхєдєг. Райсом куы сбони, уєд аскъєрдта єдылы сєгътє хъєдмє ємє иу ран ссардта иу зад фєткъуы. Ныццагъта йє сєгътєн ємє йє куы цагъта, уєд сєгътєм дзырдта: — Мє хай ма бахєрут. Сєгътє цы ємбєрстой уый ныхєстєй. Сєгътєм уыдис иу дзуарса цєу. Ємє иу фєткъуы ныссагъди йє сыкъаты. Єдылы ныххызти ємє дзуарса цєуы йеддємє ныццагъта иннє сєгъты. Ракодта цєуы хєдзармє. Куы йє ’рбакодта, уєд ын йе ’фсымєр загъта: — Иннє сєгътє цы фесты? Уый йын загъта: — Абон иу фєткъуы ссардтон хъєды ємє сыы єй ныццагътон. Єз єй куы цагътон, уєд сын дзырдтон: «Мє хай мыи ма бахєрут». Уыдон мын бахордтой мє хай. Ацы цєу мын нывєрдта иу фєткъуы. Єз єрхызтєн ємє ныццагътон сєгъты». Зондджын ын загъта: — Афтє. Цом. Єрхєссєм сє ардєм. Ацыдысты уыдои ємє єрхастой сєгъты мєрдтє скъєтмє. Сєхгєдтой дуар. Бацыдысты ємє сбадтысты хєдзары. Изєры уєйыг куы ’рцыди, уєд єрхаста йемє саджы мард. Сцєттє кодтой єхсєвєр ємє куы хордтой, уєд єдылыйєн арвыстой зєронд усмє фыдызгъєлы хєйттє. Єдылы сє йєхуыдтєг бахордта. Єрбацыд. Сбадти фынгыл ємє дзуры: — Мєнєн цъус дєр цємєн радтат фыдызгъєл? Єз абон дыгєйттє иумє куы ’рхастон. Уєйыг бафарста зондджыны: — Цы ’рхаста уый та? Уый йын загъта: — Сугтє єрхастам абон. Єхсєвы куы схуыссыдысты, уєд сыстадысты дыуує єфсымєры. Рацєйцыды- сты, ємє зондджын єдылымє дзуры: — Дуар рахгєн. Єдылы афтє фенхъєлдта дуар рахєсс мєм дзуры. Ємє рафтыдта дуар ємє йє рахаста. Иудзєвгар куы фєцыдысты, уєд єм дзуры єдылы: — Гъа-ма, ахєсс єй ацы дуары. Уый йын загъта: 251
— Цєй дуар хєссыс? Єдылы та йын загъта: — Дуар куы рахєссын кодтай, уєд єй ныр нал зоныс, цы? Бацыдысты иу дынджыр бєласы бынмє. Уыцы бєласы бын та адєм дын- джыр куывд кодтой уыцы бон. Дьтуує єфсымєры схызтысты бєласмє. Сє дуар дєр схастой семє бєласы цъупмє. Адєм куы єрємбырд сты, ємє куы єрбадты- сты фыпгтыл, ємє куы єрєвєрдтой хєрд ємє нозт, уєд сыл уєлейє раппєрстой дуар. Адєм фєтарстысты ємє алыгъдысты хъєдмє. Дыуує єфсымєры єрхыз- тысты ємє сбадтысты, ємє хєрьтнц ємє нуазынц. Зондджын акаст ємє федта, уєйыг кєй єрбацєйцыди. Старсти, мардзєн нє ныр. Ссыди уєйыг, хъєбысєй хєцын байдыдта зондджынпмє. Єдылы сєм дзуры: — Фалдєр ацєут, исчи }’є мє къусы йє къах тъыссы! Зондджын уєйыджы єрбахаста єдылыйы размє ємє йє фесхуыста. Лкалдта єдылыйы хай. Єдыльт сыстади ємє амардта уєйыджы. Дыуує єфсымєры сбад- тысты уьтцы раи ємє сєхицєн хєрынц ємє цєрынц абон дєр ма. Радзырдта йє Кокойты Захар Кибайы фырт, Цъиарайы хъєуккаг (Хус- сар Ирыстои). В1Шег йег о$$еЫ$скеп Уо1к$с1гск1:шгд. Се$аттеИ, йЪег$е121 ипё тИАптег- кипдеп ег1йи1ег1 юоп Пг. Вегкпагй Мипкбс$г. Вийаре$Ь. 1932, ф. 146—150. СОНТХЕЛА ЄМА БАРЄСБИ Соптхела єма Барєсби дуує єнсувєри адтєнцє. Уонєн адтєй еунєг мади зєроид. Уотемєй мєгур цард кодтоицє. Сонтхела зундгъєуагє лєг, Барєсби ба минкъи єхебєл хуєцагєдєр. Сонтхела фєццудєй гъєдємє согмє. Соги уєрдун ку єркодта, уєд ранєх- стєр єй надбєл єма надбєл иссердта содзииє. Содзинє уєрдуни согти хєтдзє ниввардта. Ку иссудєй, согтє уєгъдє ку кодта, уєд агоруй уєрдупи, ма ’ймє Барєсби дзоруй: — Ци агорис, Сонтхела, — зєгъгє. — Ци агорун? Содзинє иссердтон єма ’й согти хєтдзє ниввардтои ма ’й иур ба нє ерун, — зєгъгє. Уєд имє Барєсби ба дзоруй: — Ує, гъєуаггин, — зєгъгє, — есге содзинє согти хєтдзє євєруй, дє реуи ’й ииццафтайсє, — зєгъгє. Уєд бабєй гъєдємє рандєй Сонтхела ємє иссердта фєрєт. Є реуи ’й ииц- цафта, єма тш уєлємє цєугєй ба фєрєт є реу ницъцъєрємухститє кодта, єма є тог калдєй. Ку иссудєй, уєд єй Барєсби фєууидта єма ’й фєрсуй: — Дє реу бабєй ци кєнуй, — зєгъгє. — Мєпє, — зєгъуй, — фєрєт иссердтон єма ’й мє реуи бакодтон, єма мє уотє фєккодта. Уєд имє Барєсби дзоруй: — Єма, гъєуаггин, есге є реуи фєрєт цєвуй, дє суйни ’й ниццавтайсє, — зєгъгє. Ниффєдзахста ин Барєсби: — Есгєд ма уєхєн фєрєт ку иссерай, уєд єй дє реуи мабал ниццєвє, — зєгъгє, — фал єй дє суйии-еу ииццєвє! 252
Уєд бабєй Сонтхела гъєдємє рандєй, соги уєрдуи єркодта єма надбєл сє- хемє цєун райдєдта. Надбєл еу къєбуци рауайуй єма, а дессаги хуарз къєбуци єй, зєгъгє, ма ’й ку ниййахєссинє, зєгъгє, ма ’й сайуй, фал ахєссун нє комуй. Уєд є зєрди єрифтудєй, ’ма ин кєрдзини къєбєр рагєлста, 6а ’й сайдта єма ’й ниййахєста. Къєбуцийєн є раззаг къєхтє исбаста єма ’й фєстегєй є ронєбєл бабаста. Къєбуци ин фєстегєй є хъєппєлтє нискъудтє кодта, уєдта ин є бауєр нигъгъєндзуинтє кодта, уотемєй сєхемє є тогкалгє иссудєй. Уєд имє Барєсби дзоруй: — Дє сунтє бабєй ци кєнуй, — зєгъгє. — Мєнє къєбуци иссердтон — зєгъгє, єма ’й райхалдта. Уєд ин Барєсби уотє зєгъуй: — Єма есге дєр ма къєбуци уотє бєттуй є сунтєбєл? Дє фєсте йєй уагътайсє, єма дє фєсте уадайдє, «къєбуци, къєбуци» ’ймє ку дзурдтайсє, уєд. Куй сємє н’адтєй, ’ма ’й хєссун байдєдтонцє. Барєсби Сонтхеламє дзоруй: — Еу соги къуєцєл нємє ку нєбал ес, єма бабєй гъєдємє фєццо, зєгъгє. Гъєдємє ку фєццудєй, уєд соги уєрдун єркодта єма рацудєй. Кєсуй, єма Х0РаУУ0Н є фєсте цєуй, загъта: — Мєнє мє фєсте цидєр ку цєуй, — зєгъгє, єма ’ймє дзоруй хораууонмє: — Гєбуци, гєбуци, — зєгъгє, єма хораууон є фєсте цєуй. Уєд еу рауєн хор фєййаууон єй, єма хораууон дєр фесавдєй. Є рази еу бєласи мура фєцєй, євєццєгєн, ардємє єрбацудєй, зєгъгє, єма бєласи мура ниццєфтє кодта фєрєтєй. Бєласи мура ба уєхєн бєласи мура разиндтєй, єма мудибиндзитєй єма мудєй идзаг ка ’дтєй. Сонтхела ’ймє дзоруй: — Куд дин єй? Дє тєллєх дин дзєбєх ку ракалдтон! Ду дєхе ами нимахстай, — зєгъгє, — гъенур ба уотемєй лєуує, мє фєсте мабал цо, зєгъгє. Є фєрєт бафснайдта уєрдуни, мудєй ислєхъерє ’й, уотемєй, єма сєхемє рацудєй. Исхъєрттєй сєхемє. Соги уєрдун єруєгъдє кодтонцє. Сонтхела ме- дємє бацудєй. Ку бахуардта къєбєр, уєд єй Барєсби фєрсуй: — Ци хабар ес, зєгъгє. Сонтхела ба ’ймє дзоруй: — Согтє ку єркодтон, уєд кадєр мє фєсте цудєй, єма ’ймє дзурдтон. Уєд мин, — зєгъуй, — еу бєласи мурай фєммедєг єй; бєласи мурай фєрєти мєкъу- рєй ниццєфтє кодтон, мє фєсте ка цудєй, уой дєр ниллицъє кодтон, є тєллєх ракалдєй , уотє, уєртє мє фєрєт дєр ма лєхъери, зєгъгє. Уєд Барєсби сагъєс кєнуй, ци уа е, зєгъгє, єма ин загъта: — Дє фєрєт рахєссай, — зєгъгє. Фєрєт ин єрбахєссун кодта. Фєрєтмє єркастєй. Е ба разиндтєй, мудєй ка ислєхъерє ’й, уєхєн, єма дзоруй Сонтхеламє: — Ує, гъєуаггин, е, — зєгъуй, — мудибиндзити муд адтєй, єма ку фєццє- уєн, уєд єй нєбал иссердзєнє? Уєд имє Сонтхела дзоруй: — Цємєннє ’й и ссердзинан, — зєгъгє, — исєййердзєнєн, зєгъгє. Уотемєй сє хєтдзє еу гєбєт райстонцє, ни’ймєхъєрттєнцє, єма дин уоми ба разиндтєй муди бєтман. Ємбурд ин кєнун байдєдтонцє є муд єма гєбєт байдзаг кодтонцє. 253
Никкидєр ма голлаги дєр исластонцє, єма Сонтхеламє дзоруй Барєсби: — Ує, буммез, буммез! А муд ке адтєй, уой нє зудтай, — зєгъгє. Уотемєй цєрун байдєдтонцє. Уєд сє гъєуи устур хист адтєй, гъєухист. Барєсби уордємє цудєй, Сонтхела 6а ’ймє дзоруй: — Мєн дєр рауадзє, — зєгъгє. — Кумє цєуис, — зєгъгє йин загъта Барєсби. — Мєнє нє дуар дзєгъєл ма ниууадзє, уєдта нє мади сєр ниффасдзєнє! Уотемєй Барєсби рандє ’й хистмє. Адєн бадунбєл куд адтєнцє, уотє кє- суй Барєсби, ємє дин Сонтхела є фєсонтєбєл дуар исбаста, уотемєй иссєуй. Барєсби ’ймє єхе исласта єма ’ймє дзоруй: — Дуар бабєй дє фєсонтєбєл куд исхастай, — зєгъгє, — куд адтєй айє? Сонтхела ’ймє дзоруй: — Уотє мин нє загътай, дуар дзєгъєл ма ниууадзє, зєгъгє. Уєд єй Барєсби фєрсуй: — Нє мади сєр ииффастай? — Ниййинєйфастон, — зєгъгє. Уотемєй сєхемє єрцудєнцє, єма мардєй єриййафта є мади Барєсби, є сєр ин Сонтхела фєрєтєй ниффаста, уотемєй. Барєсби ин уотє загъта: «Сєрва- сєнєй нє мади сєр ниффасє», зєгъгє, Сонтхела ба баздахтєй єма є мади сєр фєрєтєй ниффаста. Уотемєй Сонтхела єма Барєсби цєргє байзадєнцє. Абони дєр ма цєрунцє. Радзырдта йє Туаты Батєрбег Басайы фырт, 62-аздзыд, Дзєу- джыхьєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г А., оп. 1, дело 36, ф 14—14. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ УС Мєгуырєй цардысты лєг ємє ус. Лєг хъомгєс бацыд ємє Терчы былыл уєтєртє хызта. Хєрды фєстє йє къєбєртє донмє єппєрста. Алы хатт єм иу кєсаг цыди. Мєгуыр цардєй куы сфєлмєцыди лєг, уєд загъта: — Арєби, уыцы кєсаджы куы бабєрєг кєнин, мє къєбєртєй йє куы фє- хастон. Кєсаг єм ’рбацыди: — Де ’мгъуыд куы фєуа, уєд мєм фєзын. Лєг єм єрбацыди. Кєсаг ын зєгъы: — Алы маргъы євзагєй базондзынє. Ацыди дисгєнгєйє лєг. Бєласы бын цырты раз єрбадти. Єрбатахти дыуує дзегъайы. Иу дзы зєгъы: — Цєй, ацы лєгєн йє цєстытє скъахєм. Иннє зєгъы: — Нє, єрцахсдзєн нє ємє нє амардзєн. Лєг сє бамбєрста ємє дзегъайы єрцахста. Иннє дзегъа дзуры: — Єз дын нє загътон. Не ’взагєй куы зонид, уєд цырт аппарид, цырты бын ссарид єрхуы аг алы хєзнайє йедзагєй ємє дє ауадзид. Лєг сє ємбєрста, ємє дзегъайы ауагъта. Акъахта. Ссардта дунейы дис- сєгтє. Фєлє сє цєуыл єрбаласа? 254
Йє сыхагєн загъта: — Бєх мын ратт, сугтє єрбаласон. Йє усы дєр йемє акодта. Фєлє ус йє дзых нє уромы, ємє дзы тарсти, искємєн сє куы радзура. Исты єрхъуыды хъєуы! Балхєдта кєсаг ємє рувас. Кєсаг къєппєгыл бакодта, рувас та єнгуырыл ємє сє усєн равдыста. Йєхєдєг дєр дис кєны, цыма сє йєхєдєг нє бакодта. Рахастой сє семє ’мє сє нывєрдтой. Уый фєстє цырт скъахтой ємє дзы аг сластой. Цєрынтє райдыдтой, сєхи сарєзтой. Ємє усы донмє ацєугєйє къахын райдыдтой. Ус сє радзырдта. Єлдармє йє єрбакодтой. Лєгмє дєр фєдзырдтой. Лєг загъта: — Мє ус єрра у. Єз бакуыстон фыййауєй ємє балхєдтон. Уєд сєм судмє фєдзырдтой. Бацыдысты уырдєм. Ус лєгмє дзуры: — Куыд нє, фєндагыл нє къєппєг кєсаг куы ныййахста, не ’нгуыр та — рувас, уєд сє не ссардтам? Суд ныххудтысты: ай єцєг єрра куы у, зєгъгє, ємє сє рауагътой. Радзырдта йсе Бєдтиаты Джетєгъєз, 96-аздзыд. Ныффыста йє Хє- мыцаты Тамарє, 23 июль, 1959 аз, Дєргъєвс. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, № 250, папкє 117, ф. 94. АРС ЄМЄ ХУЫЙЫ ЄМБИСОНД Арс єрємбырд кодта йєхицєн сау хъєды бєласы бын кєрдойы кєри. Афтє- мєй йєм хуы сагъуыдис. Арсєн хъыг уыди фыццаг бон. Дыккаг хатт кєрийы єрбарстой ємє йыл дзєбєх фидыдтой. Арсы фєллой дыууєйє иумє хордтой хуы ємє арс. Иуахємы райсомєй цуанон сє дардєй федта ємє сєм бирє фєкастис. Цуа- нон хєлєг кєм нє у? Хєлєггаг дєр уыдысты. Арс ємє хуы цуаноны куыд єхсызгон хъєуынц, уый чидєриддєр зоны. Алырдєм дєр хъуыды кєны цуанон: «Куыд мє къухы бафтой? Фехсин сє ємє иу йеддємє иннє аирвєздзєн. Стєй, чи зоны, кєцы аирвєза, уый мын мєхи амара. Фєллойаг дєр у, афтє дардєй сє куы фехсон, куынє сє акъуырон, уєд дыуує дєр куы аирвєзой, уымєй. Фєлтау лыстєг єрхъуыды ємє равзарын хъєуы». Кєсы ємє хуыйєн йе ссыртє цыргъ ємє даргъ куы уыдысты, уєд загъта: «Хуыздєр уыдзєн, хєстєгдєр бабырон ємє цєвон хуыйы, уєд уый йє мєстєй арсыл йєхи баппардзєн ємє йє амар- дзєни йє цыргъ ссыртєй». Куыд єрхъуыды кодта, афтє баххєст кодта. Изєр хуы ємє арс фєйнєрдєм куы ацыдысты, уєд цуанон, кєрдо кєцєй згъєлд, уыцы бєласы сєрмє схызт. Райсомєй хуы ємє арс сє хєрын афон хєрынмє єрцыдысты ємє та иумє хєрын байдыдтой. Арс федта цуаноны, фєлє хуымє знагдєр куыд уыдис, йє кєри йын кєй хордта, уый тыххєй цуаноны йє зєрдєйє ємбалы хуызєн баны- мадта, ємє уый хуыимє стох ис. Хуы-иу єй сынєгєй куы сцавта, уєд-иу єй арс дєр атыдта, єндєр кєрєдзи нє мардтой. Иу хатт єгєр куы стох сты, уєд цуанон дєр хуыйы фехста: хуы йє цєф ємє йє рис куы бамбєрста, уєд арсыл йєхи баппєрста ємє йын йе ссыртєй йє тъєнгтє ракалдта. Цуанон сєм єрбырыд бєласєй, ємє йє цємєн хъуыдысты, уымєн сє къаддєр кєнын байдыдта. ТехШ оззеЬез, геспеИН^ раг АгЬпиг СкпзЬетеп. КоЪеппа^п, 1921, ф.Зв—38. 255
БИРЄГЪЫ ХИНТЄ ЄМЄ ЦУАНОНЫ РАСТ ГЄРАХ Майрємададжы доны был уыдис ахєм суадон, ємє йєм цыдысты сырдтє нуазынмє. Цуанонтє-иу скодтой сєхицєн уыцы ран бадєнтє ємє-иу мардтой сырдты уыцы цєхджын доны был. Майрємададжы доны вєййы стыр мєлттє сєрдыгон. Хъобанєй уырдєм иу цуанон ацыди, Хъаныхъуаты Хабос Дудары фырт. Уыдис сєрдыгон єнтєф бон. Єрбадти суадоны был, єнхъєлмє кєсы, кєд искуыцєй сырд фєзынид, зєгъгє. Уалынмє доны фаллаг фарсєй стыр саг єрбацыд, єрбахызт малмє ємє дзы схуыссыд. Цуанон єнхъєлмє каст, саг сыстдзєн ємє хєстєгдєр єрбацєудзєн цєхджын донмє. Саг хуыссы доны, фєлє йє фєстє єрбацыд бирєгъ, уєлдєр ыссыд бирєгъ, ратыдта залмысыф, єрєппєрста йє доны, дон раласта залмысыф. Саджы цурмє куы ’рхєццє, уєд саг фєтарст ємє фестад, залм фєдєле, саг фєстємє єрхуыссы. Бирєгъ та єртыдта дыккаг сыф ємє та йє рауагъта доны, саг та фєтарст, фєлє стгє нал скодта. Єртыккаг та єрбахаста бирєгъ, аласта йє дон саджы цурмє, саг єм февнєлдта ємє йє ахордта. Єртыдта бирєгъ цыипєрєм ємє йє йє дзыхы єрбахаста донмє, йєхєдєг ныббырыд доны бынмє ємє залмы уєлейы дон фєйлауы, ныр бирєгъ уєлємє нє зыны, цєуы доны бынты — єрхєццє ис саджы цурмє. Саг февнєлдта залмысыфмє, бирєгъ та фєлєбурдта ємє саджы хурхыл ных- хєцыд. Саг ємє бирєгъ тухєн кєнынц доны астєу. Цуанон, куыд єй фєндыд, афтє ныхъхъавыд, фехста ємє нємыг бирєгъєн йє сєрыл сємбєлд. Сагєн йє бєрзєй асаст. Мєгуыр цуанон йє иунєг гєрахєй саг ємє бирєгъ єрхаста. Єрєджы дєр ма сын сє цєрмттє нє сєфта. Ныффыста йаг Хъаныхъуаты Батырбег, 8 январъ, 1924 аз, Хъобан. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор Аг9 3, напкє, 2, ф. 7. ГЪУЦЪУНАТИ ГАБИЦ Гъуцъунатєн Дзєгъеппарзи бєрзондбєл борхуар хумє адтєй, єма уой кєр- дунмє рацудєнцє авд єнсувєремєй; сє хєтдзє ба адтєй авдєйнон сувєллон, еу- аст мєйи кєбєл цудєй, уєхєн. Сувєллонєн є мадє дєр є хєтдзє єма ’й авдєни ку ниххуссун кодта, уєд иннети размє бор хуари хумє кєрдунмє рандєй. Гъуцъунатє сє кусти тумугъи бацудєнцє. Уалдєнги сувєллонмє хелагє бабурдєй. Авдєни є реубєл ку бабур- дєй, уєд єй, зєгъуй, и сувєллон єрахєста, ци ’й єнгъєлдта, ка ’й зонуй, єма ’й є гъєлєси сєрєрдємє бакодта, уотемєй єй цъирун райдєдта. Хелагєй ма еу улинкъи єрдєги бєрцє куд адтєй, уотемєй ба, мади зєрдє сувєллонмє дзорагє куд нєй, єма, цєуон мє сувєллон рабєрєг кєнон, зєгъгє, єрбауадєй. Сувєллони гъєлєси залийаг хелагє ку рауидта, уєд є уєргутє єрху- аста єма нирдеуагє кодта, ци цау нєбєл єрцудєй, зєгъгє. Уой кєун ку райгъу- стєй, уєд иннетє дєр сє кєрдун фєууагътонцє єма ’ймє уайун райдєдтонцє. Мадє ка ’дтєй, е, зєгъуй, фєллєбурдта, єма ма хелагєй сувєллони гъєлєси ци минкъи єрбаййафта, уой фелваста єма ’й нинтъухта. 256
Уалдєнги син Хъарадзаути Бурнац бонгєси туппурмє сє гъєр, се ’рдеуагє куд нє фегъуста, уайун сємє райдєдта, цума ци хабар уа, зєгъгє. Єрбасємє хъєрттєй єма сє фєрсуй: — Ци кєнтє, Гуцъунатє, ци уєбєл єрцудєй, цєбєл єрдеуагє кєнтє? Етє дєр ин сє гузавє куд нє радзурдтайонцє, атє ’ма атє, нє сувєллон хелагє бахуардта, зєгъгє. Хъарадзауи-фурт ба син загъта: — Хуцау уин ма бакомєд, єнхєст игурд уємє єнтєстєй, єма ’й уєхуєдтє фердєг кодтайтє. Йеци минкийєн хелагє єнхєстєй хуєрун ку бауагътайтє, уєд уой хузєн игурд дуйнебєл н’ адтайдє, фал нур дєр тєрсгє ма кєнтє, Хуцау ке зєгъа, йе уодзєнєй, — зєгъгє уотемєй сувєллонбєл ном сивардта, є хъєрєймаг ин равардта єма загъта: — Абонєй єндємє аци сувєллон ме ’нє райгургє лє- хъуєн фєууєд, зєгъгє. Уалдєнги, євєдзи Хуцауєн єхецєй дзурд адтєй, сувєллон нибберигъдєлтє кодта, йе уєнгтє райваздєлтє кодта, єма, зєгъуй, авдєни фєрстє фєйнердємє ратундтитє кодтонцє. Битдзеу ка ’дтєй, йе ирєзун райдєдта, єма зєгъуй, ку рацєпполєппо йєй, уєд ин є раз єгириддєр неке иста куд кондєй, уотє зундєй дєр, уєдта хъаруєй дєр. Уєд є зєрди єрєфтудєй цауєни фєццєун; єхецєн авд ємбали искодта, єма рараст єнцє устур гъєдємє, уєртє нур Хъогъалухъти гъєу кєми цєруй, уой разєй йеци гъєдємє, гъема, зєгъуй, сирдти цєгъдун райдєдта; йеу загъдєй, зєгъуй, тєхгє-тєхгє маргъи цєстє нє йевгъудта, уотє рєстдзєф адтєй. Є авд ємбалемєн саги цєрттєй уосєнгтє искодта, рєубеси гъунєй ба син — листєнтє. Єфсатий фонси хатт имє, зєгъуй, сєхуєдтє сєхе къахєй цудєнцє, фал, ин уєддєр йе ’мбєлттє фид бахуєруни мадзал нє йердтонцє. Сєхе имє єрхатионцє: Саги цєрттєй нин уосєнгтє ку скодтай, рєубеси гъунєй ба листєнтє, сирди фид 6а нє хєрсєнтє хєссунгъон кунєбал єнцє, уєд нин фид цємєннє хуєрис? Гъе ба син загъта: — Цалдєнги, уєлє фєрує къохи ци устур дзєргъє хезуй, уой рамарон єма уой уєцъєфєй, борхуарєй ке бахуардта, уой ракалон, уєдмє мин фид бахуєрєн нєййес. Уєд йеу бон кєми адтєй, уоми и дзєргъє єнсєрдтє буройнєгєнгє ємбохгє єрбацудєй. Габиц є размє бабадтєй, фєййєхста, єма — дє сирди хай уотє... Фєгъгъєр кодта йе ’мбєлттємє, єма и дзєргъи марди бафснайдтонцє. Авд ємбали ка ’дтєй, йетє загътонцє Габицєн: — Цєй, Габиц, аци дзєргъє марунмє нин ку ’нгъуд кодтай, нур 6а нин райдайє фид хуєрун. Габиц ба син загъта: — Нє, нє уин бахуєрдзєнєн уєдмє, єма цалдєнги, уалє Къєлєрдай бєр- зонди ци устур къєлєтсєртє хезуй, уонєй нє хєрсєнтєбєл нєтгє уєргътє иса- майон, уалдєнги. Берє нє рацудєй, Габиц бабєй къєлєтсєрти фидєй хєрсєнтєбєл толгє уєргътє исамадта. — Цєй, Габиц, нур ма нин ци рєуагє кєндзєнє, дє дзурд ку сєнхєст кодтай? Габиц 6а син загъта: — Берє єнгъудтє уин бакодтон, єфсєрми кєнун дєр уи райдєдтон, нур 17 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 257
фєстаг єнгъул кєнун, єма ма уой уц сєнхєст кєнон, уєд хуєрун райдадзєнєн. Сирди ургєй уин фєйнє уаргъи ку скєнон, уєдта уєлє Сосєги сєри хезуй сєрдигон саг, єма уой ку рамарон, уєд хуєрун райда1дзєнєн. Ци рацудєй,^Хуцау зонуй, уєд бабєй Габиц йе ’мбєлттєн сирди ургєй фєйнє уаргъи искодта. Йеу бон ба цауєни рацудєй, єма ’й Хуцау Сосєг єрдємє исєф- тудта. Уотє рєхги ба дин кєсуй, єма и сєдсигон саг є сиутєй бєлєсти цєнгтє буройнєгєнгє, рухгє єрбацєуй. Габиц дєр бунгардбєл фенцойнє кодта єма ’й фехста. И саг ка ’дтєй, уомєн є тєрнихи минкъий дзєгъар адтєй, єма раст тєрнихи дзєгъари фєцєй є фат. И саг ка ’дтєй, йе нидздзилли-уйли кодта єма гупгєнгє рахъан єй. Гъема зєгъуй уєдта Габиц низзардта: «Гъєйт мє авд ємбали, Ме ’нгъуд уин нє фєссайдтон, Сєдсигон саг уин рамардтон!» Саги мард ка ’дтєй, уой раластонцє сє хєтдзє сє бунатмє, уоми ба, зєгъуй, хуєрдє, ниуєзтє єррєвдзє кодтонцє єма мийнасє кєнун райдєдтонцє. Габиц сикъа єрбайста єма ракувта: — Фонси кустмє уи ке зєрдє дзоруй, уомєн Хуцау берє фонс раттєдєд. Зєнхи кустмє уи ке зєрджє єхсайуй, уомєн тиллєг — берє. Цауєни уи ка уа, йе дєр Єфсатий фонсєй єнє хай куд нє уа, уєхєн лєвар ин Хуцау ракєнєд. Уотемєй є сикъа ка ’дтєй, уой єд бунтє раниуазта. Гъе, уєдта, зєгъус, уой фєсте ба сирди фидтє ка ’дтєй, уони хєрсєнтєбєл єрветун райдєдта єма, зєгъуй, айдагъ йе ’мбєлттє ’ма єхе муггаг нє, фал ма єгас гъєубєстє дєр фидєй єнє гъєуагє искодта. Гъе, Гъуцъунати Габиц уєхєн лєг адтєй! Радзырдта йсе Тубеты Дзєрдєг, 10 июль, 1933 аз, Лескен. Ныффыста йє Цъеуты Израил. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 20, папкє 70, ф. 25—28. ГУЦЪЫНАТЫ АВД ЄФСЫМЄРЫ БЄЛЛЄХЫ ТЫХХЄЙ Хуымгєнєг адєм Гуцъынаты авд єфсымєры цардысты Дыгуры комы. Хис- тєр єфсымєр куы хуынди Афєхъо, кєстєр куы хуынди Габиц. Фєлє сын зєхх куы нє уыди, ємє куы цыдысты Секеры сєрмє хъєбєр зєхх хуым кєнынмє. Афтємєй иу заман Гуцъынаты авд єфсымєры куы араст сты єд бинонтє хуым кєнынмє Секеры сєрмє. Семє куы ахастой сє кєстєр єфсымєр Габицы сывєллон дєр авдєны бастєй. Сє бон аходєн куы бакодтой, сє хуымы ныхмє стыр тулдз бєласы бынмє Гуцъынаты кєстєр чындз куы рахаста къусы бєгєны ємє йє куы радта сє хис- тєры къухмє. Гуцъынаты хистєр куы скуывта Хуыцаумє: — Ує, иунєг Хуыцау! Хорз боны нє бавналын кєн нє бур хор кєрдынмє! Ує, Хуыцау, нє уазєджы хай ємє нын нє бирєгъы хай ма фесаф! Афтємєй Гуцъынатє сє куысты бацыдысты, сє сывєллоны та, дам, куы ферох кодтой. Фєлє, дам, мады зєрдє кєм нє вєййы тєнєг. Ємє Гуцъынаты кєстєр чындз куы сминєвар кодта Гуцъынаты хистєрмє, ємє йєм афтє куы дзуры: «Кєд ємбєлы, уєд мын саккаг кєн мє сывєллоны бабєрєг кєнынмє». 258
Хистєр хатыр куы ракуырдта чындзєй. Уый йєм афтє куы бадзырдта: — Бахатыр кєн ,чындз. Нє куыст куы сразєй кодтам, ємє нє нє сывєллон та куы ферох ис. Мад йє сывєллонмє куы бацыди ємє йє куы баййєфта, йє гыццыл дзыхы сау калм ныббырыди, афтємєй. Мад куы фєтарсти ємє йе ’ргом куы разылдта Гуцъынаты хистєры ’рдєм. Уый куы ферох кодта, уайсадгє йєм кєй кєны, уый ємє йєм афтє куы бадзуры: — Мєнє дын мє дзурєггаг! Ує сывєллоны уын сау калм куы бахордта! Гуцъынатє, хистєрєй кєстєрєй куы єрбафєдис сты бєласы бынмє. Уыдон ма куы федтой, гыццыл сывєллоны дзыхєй калм йє къєдзил куыд ратил-батил кєны, уый. Уыдон цы нє амал кодтой калм сласыны тыххєй, уєддєр куы ницы амал ардтой. Уалынмє, дам, фєндаггон барєг урс бєхыл, урс зачъетимє сє рєзты куы ’рцєйцыдис ємє йє бєх иуварс куы ’рлєууын кодта. Уый Гуцъынатєм афтє куы бадзуры: — Ує бон хорз, кєрдзындєттаг, уазєг уарзаг Гуцъынатє! Хорз бон уыл ыс- кєнєд! Дон ма мын радавут! Кєстєр єфсымєр Габиц бурхоры къуымєл къусы дзаг фєндагмє рахаста: — Цєй, єз кувын мє Хуыцауыхаймє. Йє, Хуыцау, єнє маст ыскєн Гуцъы- наты авд єфсымєры. Йє, сыгъдєг Уастырджи, баххуыс кєн Гуцъынаты авд єфсымєрєн! Бирє кєрдзын, цєхх куы фєлєвєрдтой адємєн! Зєронд уыцы ныхєстє куы загъта, уєд, дам, калм сывєллоны дзыхєй пыр- хытєй куы скалди. Барєг уый куы федта, уєд афтє куы бадзырдта: — Ныр хєрзбон ут, Гуцъынатє! Хорзєй цєрут! Ацы лєппу та куы фервєзт ємє куы уыдзєн ме сиахс. Афтємєй зєронд лєг цыдєр куы фєцис. Радзырдта йє Гєзєлты Алыксандр Тимофейы фыртп, 72-аздзыд, Ми- хайловскєйы хьєу. Ныффыста йє Гєзєлты Серафимє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. ГУЦЪУНАТЫ ГЄБИСЫ ХАБАР (Вариант) Гуцъунатє бур хор бакодтой Секеры цур ємє йєм кєрдынмє цыдысты. Уєд сын фєндагыл лєппу райгуырди, Гєбис, зєгъгє. Куы бахєццє сты хуымтєм, уєд сывєллоны тулдз бєласы бын ныууагътой, сєхєдєг ацыдысты хуымтєм. Сихор афон мад сывєллонмє суади, ємє федта, калм сывєллоныл куыд стыхст, сывєллон калмы куыд цъырдта. Мад ныхъхъєр кодта, калм алыгъд... Уєд сє цурты Хъара- дзауты Слан бєхыл єрбацєйцыд. Сывєллоны хабар куы базыдта, уєд єй йєхимє ємцегєн райста. Лєппу схъомыл ємє дзы рауади диссаджы лєг — цуанон: зыдта алы сырды євзагєй дєр. Радзырдта йє Къєдохты Габало, июлъ, 1940 аз, Чикола. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №110, панкє 88, ф. 42. 259
ГЄБИЦ ФАРАСТ ДОМБАЙИ ЕУ РАУЄН КУД РАМАРДТА Гуцъунати Гєбиц сау гъєди цауєни арєх хєтидє. Еу хатт Єдторти бєрзонди цауєни адтєй ’ма еу рауєн, рахуссон, зєгъгє, єхе бакъолтє кодта. Ку єригъал єй, уєд ракастєй єма є уєллєй тегъєй домбай ракастєй. Уотемєй єй исуидта, фє’йєхста, єма домбай фєстємє фєййаууон єй. Ци рацудАйдє, уєдта бабєй домбай ракастєй. Е дєр єй еума хатт фехста, єма бабєй домбай фєстємє фєйй- аууон єй. Уотемєй домбай фараст хатти ракастєй, Гєбиц дєр єй фараст єхсти фєккодта. Уєдта нєбал разиндтєй. Исимєцудєй, уоми 6а дин и дєлтъегъє фа- раст домбайи марди. Етє 6а кезугай ракєсионцє, ’ма сє рамардта, єхецєй уотє 6а еунєг домбай адтєй. Радзырдта йаг Будайты Дз., июлъ, 1937 аз, Стур-Дигорє. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 16, 10 папкє, 12—13 ф. ТАЙМОРАЗ Таймораз цауєни цєунбєл соми ракодта, куд цауєни нєбал фєццєудзєнєн, зєгъгє. Еу єхсєвє 6а, зєгъуй, куд рацъундє кодта, уотє 6а ’ймє бадзурдєй: — Гъейт, Таймораз, скъелуахт ку фєдтє, уєлє дє Єрхи коми дє сирди хай ку хезуй, ду 6а хусгє ку байзадтє, — зєгъгє. Таймораз куд не ’рбайгъал адтайдє, єма дес кєнуй: «Цумє ци уа, е ци сайтани хай єй. Цауєни цєунбєл сомигонд ку дєн єма мє соми куд фехал- дзєнєн». Еу сахат рацудєй, уєдта бабєй рацъундє кодта, єма бабєй имє нєуєгєй бадзурдєй, єма ин саг є бунатєй дєр нє фестадєй, уотемєй єй фехста єма сагєн є тєрнихи фат исєнбалдєй. Ба’ймєцудєй. Нийєвгарста. Є нимєт ибєл бамбарзта, уотемєй єй ниууагъта, єхуєдєг ба фєстємє уайун байдєдта, єма, єхсєвє адєн куд ниххустєнцє, уотє 6а фєстємє гъєумє єрбахєтдзє ’й єма, зєгъуй, є лимєнмє бадзурдта: — Лєг рамардтон, тагъд фестє, єфснайун єй гъєуй, зєгъгє. Е 6а имє, зєгъуй, радзурдта: — Єз дин лєг марунмє лимєн нє дєн, — зєгъгє. Ци ма ’ймє исдзурдтайдє, уордєгєй рацудєй єма, зєгъуй, е ’рдхуардмє дєр уотє бадзурдта, єма ин е дєр уєхєн дзуапп равардта. Уотемєй є еугур лимєнтєбєл дєр єрзилдєй єма ин сє хусгє уєттєй дєр нє фестадєнцє. Уєдта, зєгъуй, фєстаг 6а дууадєс анзи ци ’нсувєри хєтдзє кєрєдземє не сдзурдтонцє, уомє бадзурдта: — Гъейт, мє еунєг єнсувєр, дє сєр мє багъудєй. Лєг рамардтон, тагъд, єфснайун єй гъєуй. — Хуцау дин ма бакомєд, уомєй дин фєттарстєн, — зєгъгє, ма зєгъуй, ис- дзурдта єма є дзабуртє є къохи раскъафта, уотемєй Тайморази фєсте уайун рай- дєдта. Сєумє хор куд искастєй, уотє є сєргъи балєудтєнцє єма ’ймє мєрдєгъ- дау гєнгє бацудєй. Уєдта нимєт исхъел кодта, єма дин уоми 6а — саги мард. 260
Гъема ин уєдта Таймораз, є гъуддєгтє куд адтєнцє, уони єрдзурдта. Єма, зєгъуй, уєдта Тайморази єнсувєр низзардта: «Гъейт, Иннамє мин ка бадзора, Дє лєхъуєн сєрд-сиуон саг рамардта. Мєнєй ка уа, е є кєрдзин-лимєни искадгингєнгєй, Є лєгъуз єнсувєри макєд исєгадє кєнєд!..» Радзырдта йсе Хъараты Мырзабег. Ныффыста йє Цъеуты И. Лескен, 16 август, 1933 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №12, 70 папкє, 23-24 ф. АТАБИЙТИ ЗАР Атабийти фондз єнсувєри цардєнцє Устур Дигори устур гъєуи. Адтєнцє лєгигъєдгин. Арв си нєрун не ’ндиудта. Уєд сєбєл устур гъєуи устур нез фєз- зиндтєй. Устур незбєл устур гъєу устур ємбурдтє кєнунцє. Атабийтєн ци бакєнєн? Ка уотє загъта устур дони сє багєлдзєн, ка уотє загъта, устур билєй сє рагєлд- зєн, ка уотє, — устур арти сє басодзєн. Ка 6а уотє загъта, нє сє гєлдзєн дони дєр, арти дєр, билєй дєр. Уєддєр сє нез адєнбєл єфтуйгє кєндзєнєй. Уєд Атабийти минкъий Атабий загъта: — Дони дєр сє нє багєлдздзинайтє, билєй дєр сє нє рагєлдздзинайтє. Арти дєр сє нє басодздзинайтє. Єма сє зєронд аласабєл хєссун байдєдта Тє- гєри бєрзондмє. Уоми син сау хъамилєй тар уосонгє никкодта. Фєлмєн фєса- лєй 6а син — листєнтє, ’ма син уордємє хуаллаг хаста. Уєларвєй єрцєугє Нацаубийтє уорс хонхи дагъи цардєнцє скъєндєги. Адтєнцє єртє ’нсувєри ’ма еунєг хуєрє. Єртє ’нсувєри хєтуни адтєнцє. Атабийтєбєл исцурєвєрєнцє бєрзондбєл євеппайди. Хъєбєр єгудзєгєй сє фєййидтонцє. Єрбацудєнцє сєхемє єма сє еунєг хуєрєн радзурдтонцє, ауєхєн зин бони сє фєууидтан, зєгъгє. Сє незєй сєбєл се стонг хъєбєрдєр иссєй. Єхсєвє-бонмє кизгє баздахтєй єма син искодта дигорон єнгъезгє уєрас єма дигорон фєлмєн дзолтє. Сєумєраги 6а син сє рарвиста сє кєстєр єнсувєрєй. Е 6а сє фєххаста єма син сє уосонги дуармє ниввардта. — Атабийтє, уе стонг бафсадетє, уе ’донуг басєттетє, — зєгъгє сємє бадзур- дта єма рандєй. Сєйгитєй сє еу кастєй єма фєууидта, цъасєй куд ралєстєй хелагє єма къумєли къибилай є сєр куд ниццафта єма ’й цъирун куд райдєдта. Ку ниттуппур єй хелагє къумєлєй, уєд є цъаси фєстємє лєсун гъавта, фал си нє ниллєстєй. Єрбаздахтєй фєстємє єма къибилай хурфємє фєстємє ниуу- ондта, уєдта ниллєстєй є цъасємє. Сєйгє исдзурдта е ’нсувєртємє: — Фестетє, Хуцауєй ци курдтан, е нєбєл єрцудєй. Сау хелагє цъасєй ралєстєй єма нє къумєли фєууондта. Нур ба ’й баниуазєн, кєд єнхузонєй рамєлианє еумє. Уєддєр нє цард нецибал єй. Рабадтєнцє. Мах 6а Хуцауєй єндєр хуєздєр ку нецибал корєн, зєгъгє, адзалєй хуєздєр. Баниуазтонцє къумєл єма сє мадєй райгурги хузєн исдзє- бєх єнцє, сє гєбєр рагъзалдєй. Сє дзол бахуардтонцє єма рацудєнцє. Єрцу- дєнцє Нацаубийтємє єма син сє еунєг хуєрєн хуєрє разагътонцє. Сєхуєдтє 261
ба Стулий єфцєгбєл Ассимє фєллигъдєнцє. Устур Дигори єхсєн сєхецєн нє- бал исаккаг кодтонцє цєрунмє. Абони дєр ма уоми цєрунцє. Радзырдта йє Хъиргъуыты Тєтєри. Ныффыста йє Хадаты Берди, 1933 аз, Дур-Дур. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 28, 4 папкє, ф 28—29. БЕТРОЗТИ ДЗАДТО Бетрозти Дзадто еу хатт фєххаста дуує дзєбодурдзар мєхєлей дзаг инсуйнаг Мєцутємє, куройнємє. Уоми Мєцути кодтонцє Сослани кувд. Адєн ку єрємбурд єнцє, уєдта Дзадтомє рарвистонцє, исєйкєытє нє кувдмє, зєгъгє. Иссудєй ’ма се ’хсєн исбадтєй. Исфєндє ’йбєл кодтонцє, хуєрдє, ниуєзтєй єй маха исуєлдай кєнєн. Хуєрдє ’ма ’йбєл ниуєзтєй калун байдєдтонцє. Кунєг дєр ин неци искодтайуонцє кувди фитдзаг бадгутє. Е дєр рандєй є куройнємє. Є фєсте ин фєлгєсгутє рарвистонцє: ци бацєй, байбє- рєг кєнтє. Е ниццудєй єма куройни дзугур фиййєй хеггонд инсади фиййагє є гъєлєси калдта: «Єйтт, нари таббитєй єз неци фєддєн, нєхе къєфгє кунє уа». Фєлгєсгутє євастгомау фездахтєнцє фєстємє. ’Ма дзорунцє, нє фєллойнє ку фесафтан, нє хуєрдє, нє ниуєзтє, зєгъгє. Дєлє єхе пурсонтє дєр ма ку бахуардта, куройи дзугур фиййєй, фиййагєй є гъєлєсмє калуй. Бабабєй фєндє кодтонцє е ’ссудмє: мах ба ма ’й бавзарєн є тухєбєл. Є уаргъ мєхєлтє раргъ- увта, сє рєзти исцудєй. ’Ма ’ймє дзорунцє: — Корєн ди, ’ма, дє уаргъ єрєвєрє ’ма мєнє аци дорбєл исєвзарє. Дзоруй сємє: — Нари хъал фєсевєд, рамєуагътє, е ба мє над цубур кєна. — Корєн ди, ’ма ’йбєл исєвзарє. Ма сємє дзоруй: — Ай, мєнє лєхъуєнтє фудирай фєууайтє. Мє уаргъ ма мин ци есун кєнтє. Етє єй є гъєбесмє хєрдмє есун кодтонцє, е ба ’ймє равналдта ’ма ’й нинтъухта, є рагъи уаргъ уотемєй. Дор кумє рантъухта, уордємє авд ампъези ракодта. Ампъезтєбєл ин бєрєггєнєнтє никкодтонцє ампъезєй ампъези єхсєн. И євзарєн абони дєр ма єгас ’й. Райарфє кодта син ’ма рандєй; ку фєууордєг єй, уєдта сємє дзоруй фєс- тємє: — Гъей, лєхъуєнтє, арси лєпп-лєпп искєнон єви берєгъи синк-синк а хєрди. — Берєгъи синк-синккєй неци фєцан, фал арси лєпп-лєпп. — Гъемадта кєсетє, ирайгє рауотє. Є уаргъ е рагъи, уотемєй цєлхъе-мєлхъейєй лєпп-лєппєй ’й фєууєлбилє ’й Къусуби хонсари. Билєй 6а сємє дзоруй: — Куд зєгъетє? Мє уаргъ хєссун фєразун, хєрди цєун мє бон єй? Дзорунцє ’ймє: — Цо, цо, фудирай фєууо. Дє тухє ’ма дин дє нифс базудтан. Гъе, уотемєйти хаста є бийнонтє ’ма цардєй єхецєн. Еума хатт кєми адтєй, уоми 6а Донгон уєлхедти хумє кодта. Уотемєй ба ’ймє еу лєг найєнбєл бахизтєй. Тухє агор хаттєй, ’ма ин єй байамундєй. Исимєхъєрттєй ’ма ’ймє дзоруй: 262
— Байрайай, хуймон. — Хуарзєй байрайай, — е дєр ин райарфє кодта. Фєрсуй єй фєндаггон: — Ами Бетрозти Дзадто кєми цєруй? Дзадто дзубури къохбєл фєххуєстєй ’ма ин райамудта, єд галтє сє фездухта: — Уалє еци мєсуги цори цєруй. Уотє рєхги ба рєфтад єрхъєрттєй, є уосє ин єрхаста дууадєс хеггонди кєрдзини ’ма къумєли фєтєйнонє. Исбадтєнцє дууемєй иуазєги хєтдзє рєф- тад кєнунмє. Бахуардтонцє, уєдта Дзадто исефтигъта є галтє. Е дєр иснєхстєр єй гъєуєрдємє. Дзадто дзоруй є фєсте: — Хуарз иуазєг, е дєр мєнєй минкъий хъаурєгундєр єй, єндєр 6а нєй. Уоми гъєу ес: гъєуи єхсєн тухє євзаруни бєсти мєн хєтдзє бал дє тухє бавзарє. Мєнєй дє бєрєг ку базонай, уєдта цо. Єрєздахтєй ’ймє фєстємє. Єрхуєстєнцє гъєбесєй. Дзоруй имє Дзадто: — Тегъє иуазєг дє, фитдзаг барє дєу єй. Нийтихта конд хуми. Дзадтой зєнги наргутємє ранихсун кодта. Дуккаг кезу уомє дєр єрхъєрттєй, ’ма й ниттихта Дзадто конд хуми уєраги сєртємє. Уотемєй ин є уонє зєнхєбєл ниццавта, є реутєбєл ин уєраги сєртєй ранцадєй — тог є гъєлєсєй искалдєй. Є фєрскъитє ин басаста. Лєгєн фезмєлєн нєбал адтєй. Галтє цонєгъбєл исефтигъта. Исєйласта Дзадто є хєдзарємє. Кой кєнун єй райдєд- та. Исдзєбєх єй хуєцєг, ’ма ’й исаразта є къахєй є къохмє. Загъта ин: — Ду мин ардєгєй єндємє фєууо зонгє єнгарє. ’Ма ин Дзадто загъта: — Гъенур фєндараст фєууо, фал тухє агор ба макєдбал рацо макумє. Тухєй тухуасдєртє ма берє ес, уєдта лєгєй лєгдєртє дєр, уєдта бєхєй бєхдєртє дєр. Уотемєй цард хаста Дзадто. Радзырдта йє Бетрозты Емєза, 16 февралъ, 1941 аз, Лезгор. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 46, 3 папкє, ф. 27—30. ХЪАРДАНИ ТАУЄРЄХЪ Хъардан абєрєг адтєй; цардєй, Хєнєзи тегъєбєл ци мєсуг ес, уоми. Еу кєми адтєй, уоми Хъардан Хєнєзи рєзти єрцудєй. Раст уоци рєстєги еу уосє є битдзеуи Хъарданєй тєрсун кодта ’ма ’й єндємє радардта: — Гъа, Хъардан, битдзеу дин! — зєгъгє. Хъардан дєр и битдзеуи єцєгєй раскъафта. Уєдєй ардємє тауєрєхъ-ємбе- сонд байзадєй: «Гъа, Хъардан, битдзеу дин», зєгъгє. Радзырдта йє Хъарданты Гаде, 105- аздзыд, 27 июлъ, 1940 аз, Задє- леск. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №110, 88 папкє, 210 ф. 263
МАДЫ ЗЄРДЄ Раджы кєддєр иу хъєуы царди сидзєргєс ус. Йє лєг амард, ємє йє дыуує єнахъом лєппуимє хєрз єрыгонєй идєдзєй баззади. Ус мой нал скодта, йє сонт сєр нывондєн єрхаста йє фыртты цєрєнбонєн. Йє лєджы амарды фєстє уый адджынєн хєринаг никуал бахордта, йє хуыссєн нал схъарм кодта, йє цонг лєгъз дарєсы никуал атьыста, «уєдє мын макємє бахєлєг кєной, къулбєрзєйє мын макємє бакєсой, иннє сывєллєттєй єнєрєвдыддєр ма уой». Ємє цынє куыст кодта сидзєргєс ус: хъєдєй суг хаста, хуым кодта, хос карста. Дыуує усы- иу кєм ныхас кодтой, уым никуы алєууыд ємє йєхи никуы аирхєфста, кєд уыцы рєстєг дєр мє сидзєртєн истытє акєнин, зєгъгє. Лєппутє бахъомыл сты, уєдє цы! Сє рустыл хъуын рахєцыд, сє фындзы- бынтє фємил сты. Єрцыди сын бинонты хъуыддаг кєнын афон дєр. Ємє ус уыцы цинєй йєхи хаста. Цєрєнбонты цємє фєбєллыди мад, уый ныр йєхи цєстєй фендзєн. Кєдєй-уєдєй уый мєгуыр хєдзарєй дєр фєндыры цагъд ємє цины зард райхъуысдзєн. Ныр кєд уый дєр цардєй исты фенид, кєд йє арм чысыл фєрогдєр уаид!.. Фєлє єнцон цєрдтытє кєнынєн нє райгуырди сидзєргєс. Цєрєнбонты амонд фєстейы бєргє фєсырдта, фєлє йєм амонд хєстєг никуы єрцыд. Чын- дзытє нє фєрєстмє сты: єфсины нє бауарзтой ємє йын алы євзєр митє кє- нын райдыдтой. Сє бєсты йє кусын кодтой, хєринаг ын нє лєвєрдтой. Ноджы ма йыл сє лєгты дєр ардыдтой: «Кєнє зєгъы, ує мады фесафут, кєнє та мах нє хєдзєрттєм ауадзут». Лєппутє фыццаг сє устыты ныхєстє ницємє дардтой. Фєлє, фыдєлты загъдау, нєвєрзєн здахаг у, доны ’ртах та дур дєр ахуынкъ кєны. Куыдфєс- тємє сє мадмє мєсты кєнын райдыдтой. Байхъуыстой сє устытєм ємє фыд- гєнды къахыл ныллєууыдысты. «Цєй ємє йє амарєм, тєсчъы йє нывєрєм, тар хъєдмє йє фєхєссєм ємє йє уым баныгєнєм». Куыд бадзырдтой, кєнгє дєр афтє бакодтой. Ферох сє сты сє мады тухи ємє фыдєбєттє, ферох ын кодтой йе ’нєхуыссєг єхсєвтє, йє фыд цєрдтытє ємє йє амардтой... Фєхєссы йє кєстєр фырт тєсчъы мидєг хъєдмє. Цєуы тєрсгє-ризгєйє, алырдєм фєкєс-фєкєс кєны, мачи мє фенєд, зєгъгє. Фєлє єхсєвыгон тар хъєды чи хъуамє уыдаид? Єрдєбон ма мєй касти йє цалхыдзагєй, фєлє ныр уый дєр мигъты фєстємє йєхи байста ємє уырдыгєй ракєс- ракєс кєны, цыма йє уыцы єбуалгъы мийєн євдисєн уєвын нє фєнды, уыйау. Чысыл раздєр стъалытє зєхмє кастысты єнцад, єдзынєгєй, ныр фє- ныкъул-фєныкъул кєнын байдыдтой, цыма мады тєригъєдєй сє цєстысыгтє балємарынц. Кєрєдзимє тєхынц, цыма зєххыл чи не ’рцыд, ахєм євирхъау хабар хъусын кєнынц кєрєдзийєн. Фєлє лєппу уыдєттє ницємє дары. Размє тындзы йє чъизи фєнд сєххєст кєнынмє. Уєртє ма уыцы стыр тулдз бєласы онг цєуы, стєй йє уый бын баныгєндзєн. Бирє йє нал хъуыди бєласы бынмє, афтє йє къах къудзийыл скъуырдта ємє йє былтє размє бахаста. Стынмє хъавы, фєлє йє бон нал у... — Дєхи ныццавтай, мє хур?» — єрдзырдта йєм уєд мады уд кєцєйдєр. Ныффыста йє Мамиаты Надинє йє фыд Хъасболаты ныхєстєй. Ор- джоникидзе, 1949 аз, сентябрь. 264
УАРЗОНДЗИНАДЄ (Рагон тауєрєхь) Еу зєронд лєг є фурти тєскъє бийгє фєууидта. Баймєцудєй ємє ’й фєр- суй зєронд лєг: — О мє фурт, уомєй 6а ци кєни? И фурт имє дзоруй: — Дєу си ниввєрдзєн ’ма дє кєд дони багєлдзинє. Зєронд дзоруй є фуртмє: — Ма ’й федардєр исбийє, дєхе дєр багъєудзєй. Радзырдта йє Золойты Данел Давкуйы\фырт, 90-аздзыд, 1971 аз. Ныф- фыста йє Золойты Изегпє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон унпверсшпет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 34. ФИДИУОСЄ - ФИДИ РУН Еу уосєн седзєртє є фєндон ’н адтєнцє, ’ма сємє имєстгунєй, ма сагъєс кєнун байдєдта, ци фудми син бакєнон, зєгъгє. Тъєрегъоси устур бандзарста еу хатт 6а, бєгънєг сувєллєнттє арти алли фалємбулай бадунцє. Е баздагъдєй, ’ма є хубедзєсти дзаг къєрт цєнхє артмє бакалдта, цєнхє никъєр-къєр кодта, сувєллєнттє фєттарстєнцє ’ма сєхи фєййеувєрстє кодтонцє, фидиуосє 6а сємє себури аууонєй цъасєй кастєй. Є гъуддаг, євєдзи. Хуцауи зєрдємє нє бацу- дєй, ’ма себури цъасєй цєнхи къєртт є цєсти фєцєй єма є цєстє исхаудтєй. Рагон адєм уотє зєгъионцє: Ка ци кєнуй, уой — єхецєн, зєгъгє. Радзырдта йсе Аркьауты Серге Тотийы фырт, 50-аздзыд, 1990 аз, г.Ди- гора, иыффыста йє Гериты Динє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1990 аз. ЄРЦЫДИС АЦЫ ХАБАР БЫДАРТЫ ЄФЦЄГЫЛ... Єрцыдис ацы хабар Быдарты єфцєгыл. Єфцєгыл цардис иу хєдзар Быдар- тєй, ємє сєм бафтыдис бєхтыл чырє ласгєйє єхсєвиуат кєнынмє Абайты лєг. Дыууєйы устытє дєр сєхи бар нє уыдысты — єхсєвы сє сє расыджы сєртє схастой ємє бафидыдтой: кєд лєппутє, уєд — єфсымєртє, кєд чызджытє, уєд — хотє, кєд чызг ємє лєппу, уєд — лєг ємє ус. Абайтєн райгуырд чызг, Быдартєн — лєппу. Куы схъомыл сты, уєд сє фыдєлты фидыдєн ивєн нє уыд, ємє йє ракуырдта. Фєцардысты ємє сын уєдмє чызг ємє лєппу райгуырд. Стєй лєг ныууагъта йє бинонты ємє ракуырдта Хъараты чызджы. Уымєй дєр ын райгуырд чызг ємє лєппу. Сывєллєттє хъомыл кодтой, фєлє кєрєдзийы нє зыдтой. Иухатт хъазты 265
сємбєлдысты ємє фыццаг усы лєппу бауарзта дыккаг усы чызджы. Фєлє кє- рєдзийы куы базыдтой, уєд хо ємє єфсымєры цард кодтой. Радзырдта йє Хъараты Хандзариффє Георгийы чызг, 53-аздзыд, 30 июны, 1984 аз, Дачнийы хъєу. Ныффыста йє Белеккаты Ленсе. Цсегат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон семсе иумсейаг севзаг- зонынады кафедрсейы архив. ИРОН ХЄС Иу сылгоймаг баззад сидзєргєсєй гыццыл сывєллонимє ємє йє фєхаста єстдєс азмє. Єстдєс азы йыл куы сєххєст, уєд єм йє мад фєдзырдта ємє йын загъта: — Абоны онг дє фєхастон, мє бон куыд уыд, афтє. Єстдєс азы дєргъы мє риуы фєхастон, абон дын зєгъынмє кєй хъавыдтєн, єстдєс азы дєргъы мє зєрдєйы кєй февєрдтон, уый: єстдєс азы размє дын дє фыды амардта иу лєг. Уыцы лєг райсом дыууадєс сахатыл єрцєйцєудзєн нє уынгты, ємє дзы ды хъуамє дє фыды туг райсай, кєннод дын ме ’хсыр, мє хойраг хєлар нє уыдзєн... Цасдєры фєстє сєм єрбацыди сє сыхаг ус Мисурєт ємє лєппуйєн загъта: — Райсом дыууадєс сахатыл, дє уарзон чызджы дын чи аскъєфта, уыдон єрцєйцєудзысты, чындз єрцєйхєсдзысты ємє йє хъуамє байсай, кєннод дын ацы хъєуы бынат нал ис... Уый хєдфєстє та сєм єрбацыд сє сыхаг зєронд лєг Афєхъо ємє йын загъта: — Райсом дыууадєс сахатыл дєм єрцєудзєн, дє фыд єрдхорд-єфсымєр кєимє скодта, ахєм лєг ємє йє хъуамє суазєг кєнай, куыд ємбєлы, афтє... Лєппу ныккатай кодта, йє сєрыл йє къухтєй ныххєцыд, нє зоны, єртє хъуыддагєй кєцыйы сєххєст кєна? Уыцы рєстєг єрбахызт йє мад ємє фєрсы йє мады: — Цы бакєнон, єртє хъуыддаджы дєр иу афоныл, єртє хъуыддаджы дєр кєнинаг ємє ахсджиаг куы сты, уєд цы кєнон, бацамон мын. Уєд ын мад загъта: — Цєй, дє фыды марєг єстдєс азы фєцард ємє ма иу бон куы фєцєра, уєд ын ницы уыдзєн. Дє уарзоны дын чи аскъєфта, уыдон дєр никуыдєм аирвєз- дзысты, фєлє дєм дє фыды єрдхорд єрбацєудзєн фыццаг хатт ємє къєсєрєй куы аздєха, уєд дєм никуыуал єрбацєудзєн ємє уал уый хъуыддаг бакєн. Ныффыста йсе Дегъуаты Фузсе, фехъуыста йє Дзитойты Элъбруссей, 33-азозыд. Дзєуджыхъєу, 1991 аз. Ноябръ. ДЫУУЄ ЄРДХОРДЫ Уыдис дыуує єрдхорды. Кєрєдзиуыл уыдысты тынг єнувыд мады зєнєг єфсымєртау — Хетєг ємє Батырадз. Иу заман Хетєг бахауд стыр фыдбылызы — ссуд ын кодтой єртын азы ахєстоны фєбадын, стєй йын єрхаудта фынддєс азмє ємє фынддєс азы фєбадтис ахєстоны. Фынддєс азы фєстє куы рацыд ахєсто- нєй, уєдмє йє мад ємє йє фыд амардысты ємє йын йє хъєуы ничиуал уыдис. Йєхицєн загъта: «Уєддєр мє хъєуы мєнєн ничиуал ис ємє цон ємє фєцєуон 266
ме ’рдхордмє». Йе ’рдхорд Батырадз цардис хъєздыг. Бахєццє йе ’рдхорды кєртмє, бахоста дуар ємє йєм ракастис Батырадзы бинойнаг. Дуар куы байгом, уєд Хетєг хєдзары ауыдта йе ’рдхорды аууон, фєлє йєм уый єддємє нє ра- каст. Йє бинойнаг загъта, ам нєй, зєгъгє, мидємє дєр ын нє загъта, афтємєй. Рацыд уырдыгєй єнкъард ємє сєргуыбырєй, ацы хъєуы дєр мын бынат нєй, зєгъгє, кєд мє ме ’рдхорд нє бахуыдта, уєд. Хъєуы бынмє куы ныххєццє, уєд ыл амбєлд иу мєгуыр ус ємє йє фєрсы, цы кєныс, лєппу, цєй єнкъард дє? Лєппу йын радзырдта кєрєй-кєронмє йє хабєрттє, ємє йын ус загъта. — Єз дєр дєн иунєг, ничи мын ис ємє кєд єрвєссыс, уєд цом мемє ємє мын фырт уыдзынє. Лєппу сразы ис. Ацыд мєгуыр усы хєдзармє ємє цєрынтє байдыдта йемє. Цасдєры фєстє єрхаста бинонтє, фєлє йе ’рдхордмє нє фєдзырдта чындзєх- сєвмє, стєй та йын райгуырд лєппу, ємє та ацы хатт дєр нє фєдзырдта йе ’рдхордмє. Фєлє йєм уый йєхєдєг єрбацыд. Куывды адємы цурмє куы бацыд Батырадз, уєд ракуырдта нуазєн ємє загъта: «Хетєг уыд ємє у мє хуыздєр єрдхорд-єфсымєр, зындзинады куы 6а- хауд, єртын азы йын куы ссуд скодтой, уєд ын баххуыс кодтон ємє дзы фєбад- тис фынддєс азы. Куы рацыд ємє мє хєдзармє куы ’рбацыд, уєд єм нє рацыд- тєн, уый тыххєй, ємє мє хєдзары цєргєйє кодтаид єфсєрмы, ницы бакуымд- таид. Фєлє йын йє размє арвыстон мє мады ємє ныр дєр цєры уыимє, стєй та йын, цємєй хорз бинонтє уа, уый тыххєй йє сємбєлын кодтон мє хоимє ємє ныртєккє йє бинойнаг чи у, уый у мє хо. Уыцы єртє хорздзинады йын мє бон уыд ракєнын, ємє йын сє бакодтон»... Уєдєй фєстємє дыуує єрдхорды ноджыдєр балымєн сты. Ныффыста йє Дегъуаты Фузє, 53-аздзыд, фехъуыста йє Бердиаты Батырадзєй, 25-аздзыд. Дзєуджыхъєу, 1991 аз. Ноябръ.
эащщвьпл ХУАРИЗАР бор мєлгъє фєттахтєй, Ес хуар, ес хуарз! Фєтємє дєр єртахтєй, Ес хуар, ес хуарз! Моси лигъзи єртє къерей, Ес хуар, ес хуарз! Они хєтдзє фєттахтєй, Ес хуар, ес хуарз! Дєлє изєдтє — идаугутє, Ес хуар, ес хуарз! Курпи бєрзондбєл ку бадунцє, Ес хуар, ес хуарз! Они рєнгъи єрбадтєй, Ес хуар, ес хуарз! Етє сагъєс ку кєнунцє, Ес хуар, ес хуарз! Адємєн хуєздєр ци бакєнєн? Ес хуар, ес хуарз! Царди миуєн ци саразєн?.. Ес хуар, ес хуар!
Уєзбун готон ку скєнунцє, Ес хуар, ес хуарз! И нєл хути сефтиндзунцє, Ес хуар, ес хуарз! И Толдзгунмє никъкъуєрунцє, Ес хуар, ес хуарз! Атє адємєн нє бєззунцє! Ес хуар, ес хуарз! И сау гъєди сєргин сєгтє Ес хуар, ес хуарз! Они готонбєл сефтиндзунцє, Ес хуар, ес хуарз! Сау гъєдємє фєлледзунцє... Ес хуар, ес хуарз! Атє дєр нин нє бєззунцє! Ес хуар, ес хуарз! Уєд будурмє єркєнунцє, Ес хуар, ес хуарз! Тотури гурд сау галтє, Ес хуар, ес хуарз! Орс билтє бакатє, Ес хуар, ес хуарз! Єфсони буни єрлєудтєнцє Ес хуар, ес хуарз! Готон тєхгє ку ласунцє, Ес хуар, ес хуарз! Атє адємєн бєздзєнєнцє. Ес хуар, ес хуарз! Изєдтє ’ма идаугутє, Ес хуар, ес хуарз! Хумє кєнун байдайунцє, Ес хуар, ес хуарз! Даргъ ауєдзє — фєтєн хумє, Ес хуар, ес хуарз! И хумгєнди хуар єрзайуй, Ес хуар, ес хуарз! Идзаг нємуг зєузєугєнгє. Ес хуар, ес хуарз! Еци анзи хуарєн ємбал Ес хуар, ес хуарз! Еци анз дєр аци адємєн Ес хуар, ес хуарз! Сє хумтєбєл фєззайєд! Ес хуар, ес хуарз! Ныффыста йє Тугъанты Махарбег, 1903 аз, январь. Йє радзурєг бє- рєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 13, 6 папкє, ф. 6—8. 269
ЕСИ МЄЛГЪЄ (Вариант) Еси мєлгъє ратахтєй, Ес хуар, ес хуар. Моси лигъзи бабадтєй, Ес хуар, ес хуар. Дзєбєх єфсийнє имє рауадєй, Ес хуар, ес хуар. Гъосини дзаг бєгєни, Ес хуар, ес хуар. Єртє къерей тєбєгъи, Ес хуар, ес хуар. Уони ’ймє єрадавта, Ес хуар, ес хуар. Є рази ин сє єрбайвардта, Ес хуар, ес хуар. Еси мєлгъєй е ракурдта: Ес хуар, ес хуар. «Хуари ’рзадбєл нин ду бауодє», Ес хуар, ес хуар. Еси мєлгъє фєттахтєй, Еси хуар, ес хуар. Уарппи бєрзондбєл ниббадтєй, Ес хуар, ес хуар. Уоми ’йбєл єрємбурдєнцє! Ес хуар, ес хуар. Изєдтє ’ма идаугутє, Ес хуар, ес хуар. Алли хузи унєфтє 6а, Ес хуар, ес хуар. Етє уоми ку кєнунцє, Ес хуар, ес хуар: «Адємєн цардєн ци ’римисєн?» Ес хуар, ес хуар. Гъєдєй дзубур искодтонцє, Ес хуар, ес хуар. Тєгєрсєрмє ниццудєнцє, Ес хуар, ес хуар. Къєлєтсєр сєгтє искодтонцє, Ес хуар, ес хуар. Хумє кєнун равзурстонцє, Ес хуар, ес хуар. Сєгтє хумєн не сбєзтєнцє, Ес хуар, ес хуар. Еси мєлгъє бабєй фєттахтєй, Ес хуар, ес хуар. Курппи бєрзондбєл ниббадтєй, Ес хуар, ес хуар. Єфсєн готон искєнунцє, Ес хуар, ес хуар. Тотури игурд сау галтє, Ес хуар, ес хуар. Уони ’йбєл исефтиндзунцє, Ес хуар, ес хуар. Фєтєн хумє дєргъауєдзє, Ес хуар, ес хуар. Етє гъеуєд никкєнунцє, Ес хуар, ес хуар. Еци анз уєхєн хуар єрзадєй, Ес хуар, ес хуар. Сє буни ба уєрццє синдта, Ес хуар, ес хуар. Сє сєрбєл ба уєрдун зилдєй, Ес хуар, ес хуар. Еци анз цєхєн хуар єрзадєй, Ес хуар, ес хуар. Нур дєр уєхєн єрзайдзєнєй, Ес хуар, ес хуар. Уони кувдєн ку хуєрдзинан, Ес хуар, ес хуар. Радзырдта йє Хадаты Бирихин, Дур-Дур, 1928 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 28, папкє 18. ЕС ХУАРЗИ ЗАР (Вариант) Изєдтє, идаугутє єрємбурдєнцє Уарппи бєрзондбєл. Фєндє, унаффє кодтонцє: «Цєй, мах ба адємєн ци єримисєн?». Сє астєуєй еси мєлгъє ратахтєй, 270
Дєлє гъєумє батахтєй, Моси лигъзи бабадтєй. Хуарз єфсийнє ’ймє уорс тєбєгъи уорс къерети хєтдзє рауайуй, Уони Уарппи бєрзондмє изєдтє, идаугутємє фєххєссуй; Дзубур кєнун єримисунцє уомє гєсгє; Тотури конд — сє хум фєйнєг, Тотури конд — сє гинонє, Тотури конд — сє иарє Тотури конд — се ’фсой, Тотури конд — сє тєвгутє. Гъенур уобєл ци сефтиндзєн? Циллєсєр сєгтє ’йбєл исефтиндзунцє, Циллє сау гъєдє ’рдємє рахуєцунцє — Атє адємєн хуарз ку нє ’нцє. Къєлєтсєр дзєбодуртє ’йбєл баефтиндзунцє, Къєлєрдай федєрттємє рахуєцунцє, Атє дєр адємєн хуарз ку нє ’нцє. Уєд ибєл исефтиндзунцє Тотури игурд дуує сау гали; Етє рєстєрдємє рахуєцунцє, Уонєй єркєнунцє даргъ ауєдзє, фєтєн хумтє, Фєззєги уони ауєдзи уєртдзє семуй, Уєртдзи рагъбєл уєрдун зелуй, Еци бонєй абони уєнгє єстур берекет єрхєссунцє, Махєн байзадєнцє Тотури бєрєгбонтє ’ма хуарти бєрєгбонтє. Радзырдта йє Тобойты Дзєрєхмєты фырт Цицеу, 5 апрель, 1927 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, 8 папкє, ф 317. ЕСИ МЄЛГЪЄ (Вариант) Еси мєлгъє фєттахтєй, Хъєзи коми ниббадтєй, Уоми чи хуар єрзадєй, Е нє хумти фєззадєй. Йє радзурєг бєрєг нєу. Ныффыста йє Собиты Инал. ЦИГСИИ -йы архив, фольклор № 11, 67 папкє, ф. 366. КАЙЙЕСИ ЗАР Тумугъ сау гъєдємє фєццєунцє, Ес хуарз, ес хуарз, Уордиги дєр мин дуує сау гали, Ес хуарз, ес хуарз. 271
Атє дєр мин фонсєн нє бєззунцє, Ес хуарз, ес хуарз. Еси мєлгъє дє хєдзари, Ес хуарз, ес хуарз. Єзгидємє фєццєунцє, Ес хуарз, ес хуарз. Уордиги дєр мин дуує сау гали, Ес хуарз, ес хуарз. Авгин сиутє, уорс къембуртє, Ес хуарз, ес хуарз. Даргъ ауєдзтє, фєтєн хумтє. Ес хуарз, ес хуарз. Сє сєрбєл 6а уєрдун зилдєй, Ес хуарз, ес хуарз. Сє буни ба тєрхъос гъазта, Ес хуарз, ес хуарз. Радзырдта ггє Лагкугпы Даръя Басайы чызг, 75-аздзыд, 1972 аз, Цыко- ла. Ныффыста ггє Лагкуты Розє Рамазаны чызг. Цєгат Ирыстоны паддзахадон универсгипет, уырыссаг литературєггы кафедрєйы архгш, 1972 аз, № 39. УАСГЕРГИЙ ЗАР Изєдтє, ’даугутє єрємбурд єнцє, Готон кєнун сє зєрди єрєфтудтонцє, Дєсни арєзт єй скодтонцє, Хутє ’йбєл сефтигътонцє Ємє ’й пихсємє фєххастонцє Ємє сє исуєгъдє кодтонцє: — Атє адємєн нє бєззунцє, Уєд Къєлорбимє бацудєнцє Єма сєгтє ракодтонцє Єма сє рауагътонцє: — Атє дєр нє бєззунцє. Цєй, єнгдєр арєзт искєнєн. Нєуєгєй готон кєнун райдєдтонцє, Тотури конд — є фєйнєг, Тотури конд — є гинон, Тотури конд — е ’фсондз, Є цуппар тєбинги дєр. Нур имє дуує сау гали єркодтонцє Уорс дзухтє ’ма }’орс сиутє. Уонєн сє галдзоргутє уодзєнєнцє Сугъзєрийнє гоцора битдзеутє. Уонєн єфцєги Уацелла сє сєрбєл хуєцєг, 272
Уасгерги ба — сє готондар, Борхуар Али 6а — сє муггагтау. Даргъауєдзєй фєтєн хумтє єркодтонцє. Еци анз уохєн хуартє єрзадєй. Єма сє сєрбєл уєрдун зилдєй, Сє буни ба уєрццє гъазта, Сє уоргєс ба мєхєл кодта, Сє бєкъуєл ба гонти дзаг, Еци єнз уєхєн хуартє єрзадєй!!! Аци анз дєр Хуцау уотє єрцєун кєнєд!!!.. Радзырдта йє Хъєдохты Габало, июль, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксапдр Ибрагимы фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 110, 88 папкє, ф. 45—46. ХУМИДАЙЄНИ ЗАР Уой, хумидайєн єрцудєй, Уой, уєрєйдє, рєйдє-ра! Уой єрцудмє мах цєттє ку кєнєн, Уой, уєрєйдє-ра! Хуцауи лєварєй нємє цийнєй Ку єрцудєй! Хуарелдар, Уасгерги, Нигкола, Мах ує фєдзєхст, Ой, тох, уєрєйдє-ра! О Хуцау, нє хумидайєн нин рєстмє рааразє. Уєрєйдє, уєй тох, уєрєйдє, Уасгерги, Нигкола, мах ує фєдзєхст — Нє хумидайєнмє нин Лєгъуз цєстєнгас ма бадаретє, Уой, уєрєйдє-ра! Радзырдта йє Малиты Тембол, 5 февраль, 1938 аз. Сурх Дшора. Ныф- фыста йє Бекъуырты Аврам. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 16, 10 папкє, ф. 222—223. ГОТЄНТТИ ЗАР Дєлє будурмє рацудєй дууадєс готони; Сє готондар Хуари Уацелла; Рохс Тєтєртупп муггагтауєг; Рохс Нигкола ласєггєнєг; Хуарз Уасгерги син унаффєгєнєг, Изєдтє, идаугутє син галдзоргутє; Тотур Рєстигъєдєй готонгєнєг; Курдалєгон син сє готєнттєн єфсєнгєнєг. 18 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 273
Еци хумонтє рарвистонцє Алли дзиллитємє дєр хабархєссєг: — Адємєн сє царди нивє — зєнхи сойнє. Мєнє єрцудєнцє не ’зєдтє, не ’даугутє; Єрцудєнцє адєнєн сє царди нивє амонунмє. Аллирдиги сємє дзиллитє ємбурд кодтонцє. Хуаллаггєнєг син — Нарти Сатана; Сехуардзау син — єнєцуд кизгуттє; Рєфтєддзау син — нєуєгцуд киндзитє; Сє дууадєс готонебєл йефтигъд адтєй Єнхузєнєй уорссиує сау галтє; Уони астєу адтєй, є конд, є уиндєн на ’дтєй, Уєхєн бор гъолон гал. Еци єнєцуд кизгуттє єма нєуєг киндзитє Сє зєлдагє къохмєрзєнтє є рахес сиуєбєл бабастонцє; Сє сугъзєрийнє къохдарєнтє 6а йин є хъури бабастонцє: — Мах єй нивонд кєнєн аци рєсугъд фонси Алаурдийєн, Адємєн сє федтуйнєгтє дзєбєх цємєй бафедонцє, уой туххєн! Фонси Фєлвєра син алли рєфтадєн Авд єнзи хускъ гъєуанз єрвиста... Истур фєззєг єрцудєй. Хъєрєу Єфсати дєр єхсєвєрєн Авд єнзи хускъ гъєуанз єрвиста, Етє ци хуар єркодтонцє, Истур дессаг єрзадєй. Дзиллитємє рарвистонцє: — Алкедєр єхецєн царди нивє фєххєссєд! Аллирдиги сємє дзиллитє фєццудєнцє, Алкедєр син алли рєсугъд хєзнатє лєвєрттєн фєххаста; Еци бонєй аци бонмє еци берекетєй, Еци хуари кустєй адєн хуєрзєфсестєй фєццардєнцє. Ардиги єндємє дєр сє Хуцау еци хуарєй Хуєрзєфсесєй фєццєрун кєнєд! Радзырдта йсе Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 18 апрелъ, 1926 аз, Дзсеуожыхъєу. Ныффыста йє Дзагуырты Гуоади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А. , оп. 1, д. 13, ф. 107—108. ДЄЛЄ БУДУРИ НЄ ГОТЄНТТЄ (Вариант) Райдє, рєйдє, гъєй! Райдє, рєйдє, гъєй! Дєлє будури нє готєнттє, гъєй! Уонєбєл ба нин донбайтє ефтигъд, гъєй! Рєсти Уасгерги — раст ауєдзхєссєг, Сєрбєлхуєцєг, гъєй! Борхуарали — сє готондар, гъєй! 274
Борхуарєлдар ба — муггагтауєг, гъєй! Будури изєд 6а — ласєггєнєг, гъєй! Сєумон изєдтє ’ма изєйрон ’даугутє 6а — Галтємєдзорєг, гъєй! Мадє-Майрєм син къерехєссєг, гъєй! Нарти Созрухъо син искувта, гъєй! Къеретєбєл фарни зартє никкодтонцє, гъєй!.. Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан, 11 январъ, 1921 аз. Ныффыста йє Дзагурти Губади Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив. Ф. Дзагурова Г.А., оп. 1, д, 13, ф. 134. ДЄЛЄ БУДУРИ НЄ ГОТЄНТТЄ (Вариант) Дєлє будурмє фєццудєнцє Нє готєнттє и рєсти ефтонгєй. Хуари Уацелла син готондар єй, Тєтєртупп син рєстауєдзєй сєрбєлхуєцєг, Єнхузєнттєй сєбєл домбайтє ефтигъд, Изєдтє, идаугутє син галтєргутє, Хуарз Уасгерги син рєвдзєгєнєг, Гулєри Габона* син муггаг итауєг, Мадє-Майрєн син муггагдзау єй, Нарти Сатана син хуаллаггєнєг, Кизгайти кизгай син рєфтаддзау єй. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралы, 1926 аз, Дзєуожыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, ф. Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 76. ХУАРЕЛДАРИ ЗАР Хуарелдар, Нигкола, Уасгерги ’ма Мадє-Майрєн рацудєнцє Дєлє будурмє хумє кєнунмє. Уасгерги готондар адтєй, Нигкола сєрбєл хуєцєг; Мадє-Майрєн муггагдзау; Хуари Уацелла ба муггаг тауєг адтєй. Даргъ ауєдзтє фєтєн хумтє єркодтонцє. Еци анз уонєн ци хуар єрзадєй! Уєрццє є буни синдта; Уєрдун є сєрбєл зилдєй. Аци анз нє хумти еци хуар фєззайдзєнєй! Ныффыыста йє Дзагурти Губади. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив. Гулєри Габона — дзуар 275
ХУАРЕЛДАРИ ФУРТ БОРХУАРАЛИЙ ЗАР (Вариант) Уєд зєгъуй, изєдтє низзардтонцє: — Дєлє будури нє готєнттє ку е! Уонєбєл донбайтє ефтигъд ку е! Уони астєу бор гъолон гал ку е! Е нин ку єй Уасгергийєн є нивонд, Є нивонд ку єй, є нивонд! Уоми Хуарелдари фурт Борхуарали готондар ку адтєй, Уомєн є галтєргутє ба Уорс Елиатє ку адтєнцє! Уонєн 6а Мадє-Майрєн хуаллагдзау ку адтєй! Є думєггєгтєй 6а син ласє ку кодта! Уєд єз уоми ку адтєн, ’Ма дзи єз дєр еу дессаг ку фєууидтон. Єлдарти єлдар дзи сагбєл ку бадтєй, Уомєн є хуарз уездон 6а гъєуанз ку дугъта, Уомєн еци анз, ци хуар єрзадєй, Аци анз мєгур адємєн дєр Хуцау раттєд уєхєн хуарзад. Мудойты Баззейы ныхєстєй, 26 август, 1909 аз, Чырыстонхъєу. Ныф- фыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив. Фонд Дзагурова Г.Л., оп. 1, д. 1, ф. 5. ХУАРИ ЄЛДАРИ ФУРТ БОРХУАРАЛИЙ ЗАР (Вариант) Єлдєртти єлдар сагбєл бадтєй. Фєрсаг ездон гъєуанз дугъта. Нє будури нє хумонтє хумє кєнунцє. Уонєн сє сєрбєлхуєцєг Уасгерги єй, Уонєн сє хъогъанцидарєг будури изєд Тєтєртупп єй. Уонєн сє готондар хуари Уацелла єй. Уонєн сє кєрдзиндзау Нарти Сатана єй. Уонєн сє муггаг итауєг хуари єлдари фурт Борхуарали єй. Уонєн еци анз уєхєн хуар єрзадєй, ’ма єндзалх Є сєрбєл уєрдун зилдєй. Етє адтєнцє еци анз кєлгє фингє ’ма кєлгє сион! Уонєн еци анз ци хуар єрзадєй, Уомєн ємбал аци адємєн дєр Хуцау єрзайун кєнєд. Радзырдта йє Дзарданты Дзаххо Сагейы фырт, 1 февралъ, 1927 аз, Чырыстонхъєу. НыфсЪыста йє Толасты Андрегг. ЦИГСИИ-йы архив, сролъклор Л/& 15 папкє 8, ф 290.
ХУАРИЗАР Нє хуар ба уотє фєззайдзєнєй Алли фєззєг нє хумонтє хуар-зад Алли уалдзєг єма, айта-айта, Єма мєнєує ’фсес. Нє готєнттє рєстефтонг, Мах ди корєн, мах дин ковєн, Ой єма, ой єма. ’Ма нин єй раттє, нє Хуарелдар. Ныффыста йє Дзагурти Губади, 19 мартъи, 1900 аз, Чырыстонхъєу. Радзырдта йє Мудойгпы Баззе. ЦИГСИИ-йы архггв. Фонд Дзагурова Г.Л., оп. 1, д. 1, ф. 26. ХУАРИЗАР (Вариант) Нє хуар фєззайдзєнєй Фєззєг 6а ирайгєдєр! Ує минкъий готєнттє рєстефтонг! Алли бєсти алли хумонтє — Хуар єма мєнєуєй єфсес. Алли афони дєр. Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, стр 141—142. ХУАРИЗАР Сау гали фадуати* сєдє ’фсери. Нє уалдзєги 6а нє готонтє єнцє растефтонгєй. Елиуалдзєги** ели хуймонтє Хуар єма мєнєує ’фсес. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагуырты Губаои. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г. А., оп. 1, д, 13, ф. 28. ХУАРИЗАР Сау гали фєдуати сєдє єфсери, Али уалдзєги сє готонтє Рєстефтонг, Уасгерги. Алли фєззєги сє хумонтє Хуар єфсес, сєр єфсес. Ес ма махєн хуар. Ныффыста йє Темыраты Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архггв, фолъклор № 14, папкє 7, ф, 220. ** Фадуат — къахдзєф (Дзагуырты Губадийы фиппаинаг). Ели уалдзєг — ома: хорз уалдзєг (Дзагуырты Губадий фиппайнаг). 277
ЄЛДАРТИ ЄЛДАРИ ЗАР* Єлдарти єлдари сагбєл бадгє ку фєууидтон. Истур уездон гъєуанз доцгє ку фєууидтон. Борхуаралий готон даргє ку фєууидтон. Борхуарєлдари ба муггаг таугє ку фєууидтон. Будури изєди ба ласєггєнгє ку фєууидтон. Нарти Сатанай ба хуаллаг хєсгє ку фєууидтон. Ує, еци анзи хуар єма мєнєу ба, Уой єма аци анзи адємєн Хуцау радта! Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан, 23 февраль, 1921 аз, Дзєуджы- хъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИйы архив, фонд. Дзагурова Г.А., фольклор1, д, 13, ф. 148. ЦЄЛИЛОЙТЄ ЄМА УЄЛИЛОЙТЄ Цєлилойтє єма уєлилойтє, Уєй, єцєгєй дин цєлилойтє! Уєй, нє бєлццєнттє дин фонсєй дзаг, Фонсєй єма фєрнгун фонсєй! Уєй, нє дзубуртє ’нцє рєстефтонг, Тонх єма, єцєгєй рєстефтонг! Нє хумонтє хуарєфсес, Хуар єма хъєбєрхуар єфсес! Ныффыста г\є Гарданты Мгъхал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества», вып. 2, стр 142. ФЄЗЗЄДЖЫ ЗАРЄГ Фєззєг євзєрєн — удхєссєг, Фосдєттєг Фєлвєра! Хорзєн — цєлгєнєн. Сой, сой, Уастырджи, О, фєззєг, фєззєг, сызгъєрин фєззєг! Уєнгрог, зєрдєрухсєй нє Ракєс ємє нє бафєдзєхс, Бакусын кєн, Уастырджи. Сызгъєрин Уастырджи, Мєгуырты хъахъхъєнєг, Ратт нын алцыдєр, Сызгъєрин Уастырджи! Сызгъєрин Уастырджи. Ратт нын хєлары хор, Хордєттєг Уацилла! Бахъахъхъєн нє хєрамы хорєй. Радзырдта ггє Кучиты Аннє. Ныффыста г\є Джыккайты Евгенгъя, 10 гтнь, 1932 аз. ЦИГСИИ-йы архг1в, фолъклор № 23, 15 папкє, ф. 787. *Хуари зар, хуймонти зар. Кувди ка бєззуй, уєхєн зар (Тєтєрхъаны фиппайнаг). 278
ФЄЗЗЄДЖЫ ЗАРЄГ Уой, фєззєг ралєууыди, ралєууыди, лєппутє! — Хорзєн хосгєнєг, євзєрєн удхєссєг. Ємє дєм ноджыдєр кувгє куы кєнєм. Нє фєззєджы зєдтєй, нє фєззєджы! Ємє цы фєллєйттє уынєм, уыдон нын Нєхицєн хайыр ыскє, Уастырджи. Цєй, Уастырджи, Мыртазаты гутон Куыд єрєвєрдтай, афтє нє фєллєйттє Махєн дєр бакєн! Уацилла мыггаг тыдта, Фєлвєра фыййау уыди Ємє дынджыр къєдзилджын уєрыччытє Кувинагєн куы лєвєрдта. Уастырджи галтєрєг уыди гутоныл! Бєрзонд Уацилла! Радзырдта йє Дзыхойты Елиса, 100-аздзыд. Ныффыста йє Джыккай- ты Евгения, Лисри, 14 июль, 1932 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, 15 папкє, ф. 874. ФЄЗЗЄДЖЫ ЗАРЄГ О, фєззєг, єгас нєм єрцєуай, Єгас нєм єрцєуай! Зєрдєрухсєй бакусат, мєнє дзєбєх адєм. Фєззєг євзєрєн йє хурхыл хєцєг, Хорзєн та удыл хєцєг. О мєнє дзєбєх адєм. Уєнгрог, зєрдєрухсєй бакусат! Ує фєззєггуыст ує зымєджы бонты зєрдєрухсєй бахєрат. О магуса, дєумє кєсынц кусджытє, Дє фєрсты фєцєуынц устытє, Нєл фысы фыдєй дє бар кєд ис, магуса, Уєд цємєн хєрыс фєныкєйдзаг сыгъд кєрдзын. Тар хъєд кєны сыфтєрджын, Дєхимє хардзау єркєс, магуса, Кєннод фыр хуыстєй кєныс «сывєрджын». Радзырдта йє Баситы Шамил, Абайты хъєу (Цъєй), 22 июль, 1932 аз. Ныффыста йє Дзанайты Иваи. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 23, папкє 15, ф. 447 — 448. ФЄЗЗЄДЖЫ ЗАРЄГ Гъєйтт, гъєйтт, лєппутє, ракєрдєм. Нє сау хъуымбылдзыкку чызгай, Нє сырхуадул чызгай. 279
Хилєгмє цыхтагур фєцєуы. Гъєйтт, зєгъут, гъєйтт! Цєй, ракєрдєм хъазуатєй; Фєззєг хорз у, хорз. Магусайєн йє удисаг у, Кусєг лєгєн та — йє минас, Гъєйтт, хорз фєззєг, хорз фєззєг, Амондимє нєм рацу, цєй! Дє бєрєчет нын царды хос. Радзырдта йє Кадзаты Гамболат Куыдзєджы фырт, 94-аздзыд, 12 июль, 1932 аз, Тли. Ныффыста йє Реуазты Е.Т. ЦИГСИИйы архив, фольклор №23 — 2, папкє 15, ф. 298. УСТУР ФЄЗЗЄГИ ЗАР Устур фєззєг єрцудєй, Уо гъєздуг фєззєг, Є хєтдзє амонд єрхаста. Уо, єрацо нин, єрацо! Ує, фєззєг ци хуарз єй, Гъей, гъей, лєхъуєн, Бєркадгун фєззєг, бєркадгун, Болат дє цєвєг ку уайдє, Гъолистєвдєн мєнєуєй гъєздуг єй. Рєсти рєс* де ’нсойнє ку уайдє; Нє фєззєги фєллєнттєй Фєлладєй ниццєугєй ба Кувдтитє, мє хор, кєндзинан! Рєсугъд де ’нцойнє ку уайдє! Хуарз лєхъуєнтє ’ймє Уєд дєуєн, мє хор, Ирєзгє кєнунцє, Косун ци зин уайдє! Лєгъузтє ба ’ймє Цєй, ракосєн, фєсевєд, Ивайгє кєнунцє, Ракосєн єма гъєздуг тиллєг исесєн. Уо устур фєззєг, Ныффыста йє Дзагурти Губади. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архивы цы фолъклорон єрмєг уыд, уымєй. ФЄЗЗЄГИ ЗАР (Вариант) Уо-уо, фєззєг! Єгас єма нєбєл Ирайгєй райевгъуйай, фєззєг! Йа, хуасдзау! Кєрдє, кєрдє, Хуасєй бафсєдай! Тєрсгє ма кєнє! Сєумє єртєх уодзєнєй, Рєфти ба єнтєф уодзєнєй, Уони ма нимайє! Болат дє цєвєг уодзєнєй, * Рєсти рєс — єндон, тухгин, хуарз (Хъуыбадты Елхъаны фиппайи- наг). 280
Емейнаг* ба де ’нсойнє уодзєнєй. Гъе, ма тєрсє, хуасдзау! Изєри ку бацєуай, У рєсугъдти рєсугъдє Де ’нцойнє уодзєнєй! Дє бацудмє дин рєсугъд Єхе ниффаста, Хуасдзау ба ин хусар хъумацєй Хурдзинтидзаг єрхаста. Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан. Ныффыапа йє Дзагурпш Губа- ди, 10 маИ, 1921 аз, Дзєг/джыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.Л., оп. 1, д. 13, ф. 161. ФЄЗЗЄГИ ЗАР Гъей-гъей, лєхъуєнтє! Фєззєг єрхъєрттєй! Фєззєг, сари галау, домбай лєг гъєуй. Сєумє рагиа}’, изєрєй єрєгємє, косун ку гъєуй. Рєсти рєс де ’нсойнє ку уайдє, Уєд дє цєвєг — болат, Дє зєрдє рохс уєд уайдє! Фєззигон бони фєззєг гулу фусау Є сєр фелвасдзєнєй. Гъей, дзанун лєхъуєн! Єгас бакосдзинайтє. Ныффыспга йє Дзагургпгг Губади. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архивы цы фолъклорон єрмєг уыд, уымєгг. УСТУР ФЄЗЗЄГИ ЗАР (Варианш) ...Уайтад-тайд, фєззєг, дзєбєхтє дємє Ирайгє ку кєнунцє. Уайтад-тайд, фєззєг, лєгъузтє дємє Ивайгє ку кєнунцє. Уой, лєхъуєн, дє цєвєг — єндон, Дє куст 6а — фєндон. Де ’нсойнє рєсинсойнє; Фєззигон лєхъуєн, де уонг — рєуєг, Дє зєрдє ба — цєрдєг. Ныффыста ггє Темираты Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №14, папкє 7. * Емейнаг- дори муггаг (Хъуыбадты Елхъаны фиппаинаг). 281
ФЄЗЗЄГИ ЗАР (Вариант) Гъєйт, гъєйт, гъєйт, фєззєг, Дзєбєхтє ’ймє ирайгє ку кєнунцє, Лєгъузтє ’ймє ивайгє ку кєнунцє, Єгас єма ирайгє бакосетє, Болат дє цєвєг куд уа, Рєс де ’нсойнє куд уа, Изєрєй єрцєугєй кизгай рєсугъд де ’нцойнє куд уа, Фєззєг гулу фусау є сєр фелвасдзєнєй. Радзырдта йє Гецаты Бадели. Ныффыста йсе Голасты Андрей, Махческ, 1927 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, 8 папксе, ф. 40. ИСТУР ФЄЗЗЄГИ ЗАР Истур фєззєг єрцудєй, Фєззєг ци хуарз єй! Фєззєг ци гъєздуг єй! Нє фєззєги фєллєнттєй Кувдтитє кєндзинан. Хуарз лєхъуєнтє ’ймє ирайгє кєнунцє. Лєгъузтє ба ’ймє ивайгє кєнунцє. Гъе, гъей, лєхъуєн! Болат дє цєвєг ку уайдє! Рєсти рєс е ’нцойнє ку уайдє! Фєлладєй ниццєугєй, Рєсугъд де ’нцойнє ку уайдє! Уєд, зєгъгє, дєуєн косун ци гъєуй! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фъгрт, 14 февралъ, 1926 из, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагуырты Гуоади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А. , оп. 1, д. 13, ф. 85. ИСТУР ФЄЗЗЄГИ ЗАР (Вариант) Гъайта-тай, гъєйтт, фєззєг, Гъа-гъа-гъа, уа, фєззєг єрцудєй, лєхъуєнтє, фєззєг! Гъа-гъа-гъа, Болат дє цєвєг ку уайдє! Гъа-гъа-гъа лєгєй лєгмє емейнаг де ’нсойнє ку уайдє! Гъа-гъа-гъа, хєдзармє єрцєугєй 6а Рєсугъд де ’нцойнє ку уайдє! 282
Гъа-гъа-гъа, ранєхстєр уогєй, сє фитдзаг ку уайсє! Єрбаздахгутє ба — сє хитдзаг! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фътт, 23 февралъ, 1923 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагуырты Гуоади. ЦИГСИИ-йы архнв, фопд. Дзагурова Г.А., оп. 1, д.13, ф. 85. ФЄЗЗЄГИ ЗАР Гъай, гъой, гъой, ци хуарз дє, Ци дзианун дє, Рауайгутєн сє фитдзаг, Єрбаздєхгутєн сє хитдзаг. Лєгъузтє ба фєззєгмє Нєлуєг ку кєнунцє, Ує дзєбєхтє ба рєуєг ку кєнунцє, Йа, гъєйтт-гъєйтт кєнєн — фєззєг єрцєуй, Фєззєг ку нечи бакоса, уєд зумєг ку нечи бахуєра, Ує, сау, сау, уєрєйдє-рє, уєй, дзианун! Радзырдта йє Малиты Паца, 1898 аз, Хєрес. Ныффыста йє Собиты Инал Тогпырыхъы фырт. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 11, 67 папкє, ф. 357—358. НАЙГЄНЄНЫ ЗАРЄГ Радым, радым, Галєгон, Атай, атай, Хъырты тай, Галы комы цєххы къєртт, Сисы хуынчъы дын тамако. «Мах дуг» № 9, 1957 аз, ф. 92. ХУАСИДАЙЄНИ КУВД Хуасє кєрдун ку нєма райдайунцє, уєд адєм єримбурд кєнунцє єхца ’ма балхєнунцє косєрттаг. Еумєйагєй искєнунцє гъєугувд. Еци кувди фєууй єйдагъ- дєр нєлгоймєгтє, силгоймагєн 6а н’ адтєй кувдмє цєуни барє. Хуасидайєни кувди адєм фєккафионцє ’ма фєззарионцє. Аци кувди арєх кодтонцє хуари зар. ХУАРИЗАР О, хуар, хуар, Ци хуарз дє! Адєми еумє ка бєттуй. Адємєн игъєлдзєг цард ка дєттуй, еци рєсугъд хуар. 283
О, хуар, хуар, Игъєлдзєгєй нєбєл цєуай Алли анз дєр, О, рєсугъд хуар. Радзырдта йє Перисаты Солєман, Дзинагъа. Ныффыстой йє Цєгол- ты Н.Б., Кочиты 3., Гетойты Э. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. БЄГЄНЫЙЫ ЗАРЄГ Уєй, бєгєны, дам, бєгєны, Уастырджийы фєлдисгє бєгєны. Уєлє хохєй цъиу ратахти, Дєлє рєзбынмє ныттахти. Дыргъбыны бєласыл бабадти, Хуымєллєджы мєцкъортє бахордта,— Уый йє сєры бацыди, Мєгуыр цъиу зєхмє ахаудта, Мєгуыр сугдзау єй ссардта. Мєнє, дам, диссаг-ємбисонд, — Сатанамє йє бахаста; Уый, дам, єй артмє батавта. Мєгуыр цъиу омынтє байдыдта; Хуымєллєджы мєцкъортє фєуомдта. Мєнє, дам, диссаг-ємбисонд. Уєлє, дам, хохмє арвыста Ємє сыгъзєрин Уастырджийє Зады нємгуытє єрхаста, Уыдонєй бєгєны бантыдта; Ой, бєгєны, дам, бєгєны. Ой, бєгєны, сой бєгєны. Сой бєгєны, амонды бєгєны Уєдєй нырмє, дам, базыдтам. Бирє фєцєра уыцы цъиу, Уымєй фылдєр та — Сатана. Радзырдта йє Дзусаты Пленка, 7 февраль, 1922 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 33, 21 папкє, ф. 101. БЄГЄНЫ ЄНТАУДЖЫТЫ ЗАРЄГ Нарты нєртон єфсин Сатанайы Къухєй єфтыд фєу! Дє кад Сидємоны кадєн фєуєд! Де ’хсар — Єлгъуызы єхсарєн фєуєд, Дє бєркад — Хъусєгоны бєркадєн!
Кєй тыххєй дє рауагътой, Уымє сыгъдєгєй фєхєццє у. Мє къах ємє дын мє къух хорз фєуєнт! Чи дє баназа, уыдонєн сойау батай! Мєн та дє кадєй хай уєд! ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 126, папкє 131, ф. 13. САУ БЄГЄНЫ ЦЄМЄЙ ВЄЙЙЫ Тутыры гуырдтє — сау къобортє, Уай, сой, сау бєгєны!»* Дєргъауєдз хуымы — ракє-бакє. Халасзачъе лєг — райтау-байтау. Даргъхил адєгєй — ралас-балас. Амарувєнты — рарув-барув. Урсзачъе лєг ємє урсдадали ус — ракєрд-бакєрд. Хоры мєкъуылтє — раив-баив. Дыуує къоборєй ласєнгєнгє, Мусы чъилыл єрцамайынц. Кєркуасєнты — рафтау-бафтау. Сихор афон — кєри ’мбырд кєнын. Урсзачъе зєронд даргъ хъєдджын фыййагєй — Феппар-феппар. Урсдадали бєрзонд ус — радау-бадау. Стыр цхауийє — рауигъ-бауигъ. Хор, хъємпы бын — рафтау-бафтау, Сыгъдєг мусы хуртуан — рахус-бахус. Урсдадали ус сыхырнайє — ратигъ-батигъ. Къада куыройыл равгє-бавгє. Тъєпєнбын єрхуы аджы — рахсид-бахсид. Тъєбєнбын гарзы — рантау-бантау. Тъєпєнбын мигєнєнмє йє рафєлдахы. Стыр сау хъалацмє дзы куы рауадзы. Урсзачъе зєронд лєг— ракув-бакув. Хъамбулцєст лєппу ацаходы. Урс зачъетє рамбырд вєййынц, Сау хъалацєй кєрєдзимє — расид-басид. Сау бєгєны уымєй вєййы. «Уай, сой, сау бєгєны!» Зарыди йє Хєдарцаты Муссє, 7 февраль, 1941 аз, Дзуарыхъєу. Ныф- фыста йє Брытъиаты Созырыхъо. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, 23 папкє. * Иу заргє кєны — зарєгамонєг, иннєтє та алы рєнхъы фєстє дєр база- рынц: «Уай, сой, сау бєгєны!» 285
БЄГЄНИЙ ЗАР Дигори хуари сєри, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Устур кувди єримбурдєнцє, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау бєгєни агурдтонцє. Гъай-гъай, сау бєгєни! — Сау лєг сємє рацудєй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау бєгєни цємєй фєууй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Єз уин гъе уой байамонон, — Гъай-гъай, сау бєгєни! — Є дзубур — Тотури конд, Гъай-гъай, сау бєгєни! Йе ’фсой — Тотури конд, Гъай-гъай, сау бєгєни!— Е ’фсєн — Курдалєгони конд,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Тотури ’гурд дуує сау гали, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъе, уонєбєл нийефтиндзуй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъє}тєронмє ку рацєуй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Фєтєн хумтє е ку кєнуй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє ’ймє ку рауайуй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Є хумємє йин ку ’ркастєй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Є хумє фєуунбєл єй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Фєстємє ку фездахтєй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуми сєри борхуар ку февардта, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Фєстємє тагъдгомау ку фездахтєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау лєг є дзубур рафтудта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Тотури ’гурд дуує сау гали,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Цъєх кєрдєгмє ку рауагъта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Х}^ми сєри ку ’рбадтєй,—
Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє исхєтдзєй,— Гъай-гъай сау бєгєни! Гъаргомауєй ин єртє къерей,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Є размє ку февардта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау гъосини — сау бєгєни,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъе, уотє ку бахудтєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Стур Хуцаумє е искувта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Адєми фарнєй дєр, фонси фарнєй дєр,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Мєргъти фарнєй дєр,— Гъай-гъай, сау бєгєни! ’Ма хеди фєллойнє дєр,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуцау мин сє хуарз єрзайун кєнєд,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Бор хуар єй байтауй, Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуєрз ласє єй ку никкєнуй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Устур фєззєг єрцудєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Є хумємє рацудєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Єртє зелєни ’йбєл єркодта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Є хєдзарємє єрцудєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє єй ку рафєрсуй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Нє хумє куд єй?— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Хєдзарє ’рдємє фелауй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сєумєй рагигомау,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє фєннєхстєр єй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Е ’хсирф є суйни,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуми сєрмє ку схєтдзєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни!
Стур Хуцаумє искувта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Нє минкъи кусти берє бєркад,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Кєрдунтє ’ймє февналдта,— Гъай-гъай, са}’ бєгєни! Дєсгай игуєстє кєрєдзебєл євардта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуми нє цудєнцє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау лєг имє исхєтдзєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! И хумємє єркастєй,— Гъай, гъай, сау бєгєни! Ласєн кєнун байдєдта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Моси къелти єстур цъинатє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Еу анзи Тотури ’гурд галтє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Е ’найєбєл ефтиндзун ку байдєдта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Галєгонєн иск}’вта, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарз єрдємє радумдта, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарз кєдзос искодта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуардонємє хєсс}’нтє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъєй, єма ку байдєдта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарз идзаг сє ку никкодта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє и думгємє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъе, уотє ку бахизтєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Бєгєнийаг єй ку бафтудта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Бєгєнийаг балєхурдта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау лєг фєрсрєб}^н,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Стур Хуцаумє искувта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Стургомау имє ку бандзєрста,—
Гъай-гъай, сау бєгєни! Бєгєни си ку исфунхта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє єй хуєрзєнтуд,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъе, уотє ку бакодта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! И бєгєни єрбадтєй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау лєг имє ку дзоруй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Нє бєгєни фєууинєн.— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау къосмє ку рауадзунцє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарз идзагєй сау бєгєни,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє ’й ку систа,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Стур Хуцаумє искувта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Є медбилтє бахудтєй, — Гъай-гъай, сау бєгєни! Гъе-гъе, сау бєгєни уохєн фєууй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау уосє ку дзоруй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Нє хєсгє нєлфус равгєрдєн,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарисєри кувд искєнєн,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сє хєсгє нєлфус равгєрдунцє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Хуарисєри кувд искодтонцє,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау бєгєни син рахєссуй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау бєгєни ци хуарз єй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Сау лєг син ку загъта,— Гъай-гъай, сау бєгєни! — Сау бєгєни, уомєй фєууй,— Гъай-гъай, сау бєгєни! Радзырдта йсе Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февраль, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИйы архив, фонд. Дзагурова Г.А, оп. 1, д. 13, ф. 65—70. 19 Ирон адємон сфєлдыстлд, 2-аг том 289
ТУТЫР Амоидджын лєг агъуыст кодта. Тутыры конд фєрєт йє фєсроны куы ’рсагъта. Цыбыр къобортє куы ’рбаифтыгъта цыбыр тєбынгтыл. Тутыры конд єфсондз цыбыр бєрзєйтыл куы бавєрдта. Тутыры конд тєбынгтє куы ’ртъыста. Фарны коммє куы рараст и. Фарны бєлас куы раласта. Амондджын агъуыстытє дзы куы сарєзта. Амондджын цардєй дзы куы бафсєсти. Радзырдта йє Гєджыгшты Майрєм. Ныффыстой йє Плиты Хариггюгг ємє Дарчиты Дауыги. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 231, гхапкє 71, ф. 105. ФАРН (Вариант) Амондджын лєг, амондджын лєг агъуыст кодта. Тутыры гуырдты баифтыгъта, цыбыр бєрзєй къоборты. Фарны комєй фарны бєлас гъеуєд раласта. Зєдтє ’мє дауджытє кєрєдзимє ныхъхъєр кєнынц: Фарны бєлас фєласы амондджын лєг. Фарны дуртє фарны комєй тулдзысты. Радзырдгна ггє Дзаггарты Къосгпа. Ныффыстой йє Плиты Харгшюн ємє Дарчаты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №21, нагхкє 71, ф. 106. ФАРНЫ ХЪЄД ФЄЛАСЫ... Фарны хъєд фєласы. Уый йєм дзуры: «Уый бауромын мє бон нєу. Уымєи йє галтє сты Тутыры гуырд дыуує сау къоборы, Тутыры єфсондз сє уєлє, Тутыры конд тєбынгтє се ’фцєгыл. Азарыди йє Томаггты Ахмырзє Аслємырзєйы фырги, Къорайы хохєй ралгъдзгє, 92-аздзыд, 1984 аз, Дзєг/джыхъєг/. Ныффысггш йє Бидегны Индггрє. Цєгат Ирыстоны ггаддзахадон университет, уырыссаг лгиггерагггурєйы кафедрєгт архив, 1984 аз.
НЫМЄТУЄРДДЖЫТЫ ЗАРЄГ I Йє, уєнай, йе, ауєрдут уєрдджытє, Йє, уєнай, йе, ауєрдут, мє хуртє, Йє, уєнай, йе, хорз лєджы нымєт у, Йє, уєнай, йе, бонджыны нымєт у, Йє, уєнай, йе, кусарт нын акєндзєн. Йє, уєнай, йе, кусарт нын уанцон нєу. Йє, уєнай, йе, кусарт нє нє хъєуы, Йє, уєнай, йе, сир нын-иу скєнєнт. Йє, уєнай, йе, ауєрдут уєрдджытє, Йє, уєнай, йе, рогдєр ут, мє хуртє, Йє, уєнай, йе, уе уєнгтє куы ’руагътат. Йє, уєнай, йе, гєдыйы хъуынєй Йє, уєнай, йе, єууайагдєр куы у. Йє, уєнай, йе, цєхх хъусы бын та Йє, уєнай, йе, бєзджындєргєнаг куы у. Йє, уєнай, йе, зивєггєнаджы бын Йє, уєнай, йе, лєбырдтєгєнаг у. Йє, уєнай, йе, уе уєнгтыл ысхєцут, Йє, уєнай, йе, цырддєр ут, уєрдджытє, Йє, уєнай, йе, ує, рєстмєгєнєг, Йє, уєнай, йе, рєстмє йє фєкєиай! II Онай, йє, онай, ауєрдут уєрдджытє, Онай, йє, онай, ауєрдут, ауєрдут! Онай, йє, онай, усгуры иымєт у. Онай, йє, онай, усгур та ахєм у, Онай, йє, онай, цєхєрцєст лєппу у. Онай, йє, онай, чызджыты євзары Онай, йє, онай, йє ехсы бырынкъєй Онай, йє, онай, къул худы бынєй сєм Онай, йє, онай, худгєбыл каст кєны. III Онай, йє, онай, хєтєг лєджы нымєт у, Онай, йє, онай, мєйдар єхсєв боны хатт чи кєны, Онай, йє, онай, чызджыты йє ехсы бырынкъєй чи ’взары, Онай, йє, онай, чызджытєм йє худы бынєй чи кєсы, Онай, йє, онай, хохы айнєджытє йє риуєй чи кєны, Онай, йє, онай, Мынайы рєгътыл хицєн фєндєгтє чи кєны, Онай, йє, онай, мєйдар єхсєв боны цыд чи кєны, Онай, йє, онай, уый ахєм хєтєг лєг у. Онай, йє, онай, ауєрдут, ауєрдут, Онай, йє, онай, уе уєнгтыл ысхєцут!
IV Уєй, онай, онай зєгъут, Онай, зєгъут, устытє, Уєй, онай, ай ахєм лєджы нымєт у, Уєй, онай, дардыл хєтаг, хєстєгмє хєссаг, Уєй, онай, йє ехсы цєф арвы цєлхъы хуызєн кємєн у, Уєй, онай, далысы хъохъо, хъыбылы хъыллист, Уєй, онай, йє фєстє акаст — мєсыджы хуызєн, Уєй, онай, йє бєхыл бадгєйє хохы хуызєн чи у, Уєй, онай, кєстєр чи у — фест ємє нын хом амєст ракєн. Радзырдта йє Гєбуаты Хамырзє, август, 1926 аз, Барзыхъєу. Ныф- фыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 45—1, папкє 21, ф. 30—31. ОНАЙЫ, ОНАЙЫ, ОНАЙЫ Ахєм лєджы нымєт у, Мєнєн мє уд нал у Єхсєв-бонмє чи хєты, Кусынєй, архайынєй!.. Бон иунєгєй чи тєрсы, Мєнєн мє уд нал у, О нано, нано, ой нано, нано! Єхсєв, бонєй кусгєйє. Радзырдта йє Дарчиты Пепена, 80- аздзыд, 13 июнъ. 1932 аз, Лисри. Ныффыста йє Джыккайты Евгения. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 23, папкє 15, ф. 818. УОНАЙ Уонай зєгъетє! Хори лєхъуєн Акула, Уомєн є мадє Нарти Сатана Єстєнєй-астмє нимєт кодта. Кизги рєсугъд єма уоси рєсугъд имє єрхудта; Уонєн сєдє сєди єхсинєнтє єрхаста. Еци нимєт ци бони фарни исєнтєстєй, Аци нимєт дєр еци бони фарни исєнтєсєд! Уонай зєгъетє! Уонайгєнєг євєсмон єй; Є битдзеутє цъєх далистє; Є кизгуттє — сурхтє, бортє; Є сєрихецау устур кєрци уєлєфтау єй; Уой уорс курєт — хєст єгънєг, Єхуєдєг 6а и мєрдуадзи рєвдзєдєр єй. Ка нє ’й зєгъа, Уой кизгуттє, уой битдзеутє —сагелдунтє! Є сєрихецау — лєузєнгойнє. Сєппєркъе єй; 292
Є гури дарєс єрдєгєй уєлємє — дивилдун, Сєхъесєй єй; Єхуєдєг 6а уостити астєу — устур цъух, Єскъудкъелє ’й. Радзырдта йє Худєлты Найфонон, 22 июнь, 1901 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста ггє Гарданты Михал. «Памятникгг нарооного творчества осетгш», вып. 2, Владикавказ, 1927, стр. 146. НИМЄТУЄРДУНИ ЗАР Уонай, уонай, уонайгєнєг євєсмон єй. Уонайгєнєг хєтуй цъєхтє-борти, Уонайгєнєг фєттахтєй є фуррєвдзєй. Уонайгєнєг фєттахтєй є фурцийнєй. Авд хатти ’йбєл єрбацудєй цъєхтє-бортє уонайгєнєгбєл. Уонай, уонай, уонай ка нє зєгъа, уой цєсгонбєл гали лєхє. Радзырдтой йє Хъєбєлоты Жиан ємє Цєрикъаты Сахар, 10 июлъ, 1956 аз, Озрек. Ныффыста г\є Цагъаты Анастасия. ЦИГСИИ-ггы архив, фолъклор № 175, папкє 44, ф. 58. ОЙИРЄ, ОНАЙ, Е, ОНАЙ Нымєты хицау амондджын! Уєлвєндагєй — фосгєнєг, Дєлвєндагєй — амондхєссєг. Ойирє, онай, е, онай! Радзырдта йє Хъаггтыхъты Госєма, 89-аздзыд, 24 июлъ, 1932 аз, Ход. Ныффыста йє Дзанайты Иван. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 23, папкє 15, ф. 995. УОСТИТИ ЗАР (Йеумєйаг кусти) Киста-киста Кистала, Будтутємє фустє уа, Уони хезєг ку нє уа, Гула Дахий ку нєма, Дахи уой надєй ку мєла, Сє артбєл къумєл ку уа, Уой есєг ку нє уа, Ейє сє артбєл ку кєла. Радзырдта йє Хъиргъуты Геуєрги, 26 сентябръ, 1927 аз. Ныффыста ггє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 126. 293
УОСТИТИ ЗАР (Цъопп єхсингєй) Мели-мели Мелика, Єхсєвє кєнис бони уаст. Тукъа меди Сасинка, Дигори хєлеу Донифарс, Хъегъєлєгти єскєрдзин, Мах фєууєн уони фарс, Толєгєдти хъєбєр цихт, Єрсинхєссетє гъоги фарс, Седзєрєн си нє фєтгуй, Ранинхєссетє гали фарс. Фидирай фєууай, мєнє карк. Радзырдта йє Хъиргъуыты Геуєрги. Ныффыста йсе Толасты Андрегг, 26 ноябръ, 1927 аз, Уєхъєцє. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 125. ХЪУЫЛЄГ ЦЄГЬДГЄЙЄ ЦЫ ЗАРЫНЦ У царв, у царв гарачъи, Мє сєрыйас дє ысхауєд, У царв, у царв гарачъи, Бирє царв дє ныууайєд. Радзырдта ггє Дарчггты Непена, 14 июлъ, 1932 аз, Лггсри. Ныффыста ггє Джыккайты Евгения. ЦИГСИИ-ггы архив, фолъклор 23, напкє 15, ф. 884. ХЪУЫЛЄГ ЦЄГЪДГЄЙЄ ЗАРЄГ Царв фестай, мыд фестай, Галы сєрєй ыстырдєр, Цєстысыгєй рєсугъддєр, Пехуымпарєн — кувинаг. Дєхєдєг рєстмє куы нє фєуай, — Євзєр єфсинєн — худинаг. «Мах Эт/г», 9 №, 1957, ф. 89. ХЪУЫЛЄГ ЦЄГЪДГЄЙЄ ЗАРЄГ Сє лєг хъуылєг цагъта, Сє ус къуымєл дыгъта, Сє лєппу цырагъ дардта, Сє чызг фєндыр цагъта, Сє чындз лєугє кодта, Хъуылєг, хъуылєг, гарачъи! Радзырдта ггє Хъаггтыхъты Нгтє, 15-аздзыд, 24 гтлъ, 1932 аз, Ход. Ныффыста ггє Дзанагппы Иван. ЦИГСИИ-йы архив, сролъклор 23, напкє 15, ф. 999. 294
ДЗЫККА КЄНЫНЫ ЗАРЄГ Сой, сой, мє дзыкка, Кєд сой иє кєныс, Уєд иє сау гєды дє ныссєдзєд. Равдыл, равдыл, мє дзыкка, Бабайы зынг бахуысса, Мєнєн мє ахсєны дон чи ракалдта, А, дзыкка дын! Єсоммє мын єй нывєр! «Нана! Мє дзыкка цы фєци?» — Бєлон ємє цъиусур єрбауадысты ємє йє ахордтой. Радзырдта йє Тогты Тасиа, 50-аздзыд, 13 июнь, 1932 аз. Хълиаты хъєу. Ныффыста йє Джыккайты Евгения. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкє 15, ф. 833. ДЗЫККАЙЫ ЗАРЄГ Дзыккагєнєг Цыдєйон! Сой скєна, къєвда, къєвда! Сой нє кєны нє дзыкка! Къєвда, къєвда, нє дзыкка! Нє дзыкка равдыл, равдыл! Єддейы та къєвда кєны! Равдыл, равдыл, нє дзыкка! Сой нын кєна нє дзыкка! Радзырдта йє Хъайтыхъты Еса, 60-аздзыд, 29 июлъ, 1932 аз, Ход, Ныф- фыста йє Дзанайты Иван. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкє 15, ф. 994.
ФОНСИ ЦЄСТИАРФЄ али коми сифтє тайуй; Гъоги коми цєнхє тайуй. Уєлхор єстъалу фєййидтон, Калми комєй хєфсє байстон; Фєййидтон нє донгони донмистє, Уой цацєг зєгъун, Уацєг аци фонси є нез исуадзєд! Цєстиарфєгєнєг фонсбєл алихсуй, бафутє кєнуй, ’ма ин є къєхти буни сундакъєй єлхийтє, къумєлхийтє, ємезаги єлхийтє райхалуй. Адємєй єруа- гєс кєнуй, и цєстиарфєгєнєг раст ку искова, кенє 6а еци къумєлхийтє ку бакєна еци дзурдтєгєнгєй єма сє ку райхала еци-еу рахуєстєй, уєд єваст исдзєбєх уй: туппур єй исуадзуй, кенє 6а ниммезуй. Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, стр. 172. 296
СУВЄЛЛОНИ ЦЄСТИАРФЄ Саги цєстє, саги гъос, Єрфуги къєлєттє амонунцє; Мадє, фиди цєстє, єсги гъос. Царвєй фезонєг кєнунцє. Иуазєги, раизєги цєстє, Етє куд мєнгєттє унцє, Синхони, дзилли цєстє! И рун, и незєй уотє сугъдєг уо! Майрєни буни авд кизги бадуй; Цєстгєнєги цєстє арти басодзєд! Сугъзєрийнєй къєлєттє кєнунцє; Цєстиарфєгєнєг еци дзурдтє дзоруй сувєллони гъоси сосєггєй, фєлмєн фу- фугєнгєй ’ма фєлмєн тутєгєнгєй. Фєстаг дзурдти хєтдзє ба цєнхи къєртт арти баниуєрдуй ’ма, е ку никъкъєрц кєна, уєдта гъєрєй исдзоруй: — Дє цєстєгєнєги цєстє Уотє фєтътъєпп уєд! Уой фєсте ба цєстиарфєгєнєг сувєллон є дзедзебєл бафтауй, ’ма ин заруй хъахъатє, уотемєй сувєллони бафунєй кєнуй. Ныффыста йє Гарданты Михал, 14 июлъ, 1920 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, стр. 173. СУВЄЛЛОНИ ЦЄСТИАРФЄ Сафа, уєларв Сафа! Е фєххєтєд коко синдзєбєл бєгъєнбадєй! Аци сувєллон - де уазєг! Сискъи, хъєсхъєр - є хуєруйнаг. Мади цєстє, фиди цєстє, Уєлкъєйєбєл - є хунгєндє, Синхони цєстє салдар єй! Уєлундугбєл є хуасгєрцє! Аци сувєллонмє фудцєстє, Уонємє дон хуфийнєй фєххєссєд, Фудзєрдє ка бадара, Фєрєти комбєл сє фєссодзєд! Еци дзурдти фєсте 6а цєнхи къєртт рєхиси цєгти єртє хатти раласєд дзор- гєй: «Сафа, уєларв Сафа! Аци сувєллон — де ууазєг», зєгъгє, єма и цєнхи къєртт цєхєри багєлдзєд єма зєгъєд: — Цєстгєнєги цєстє Уотє фєтътъєпп уєд! Ныффыста йє Гарданты Михал, 31 август, 1920 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вын. 2, стр. 174. ЦЄСТДЗЫДЫЛ ТУТИМЄ ДЗЫРД Калмы комы хєфс федтон, Уєлхур стъалы федтон, Зилгє куырой фынєйє федтон. Мє тутє дын хос фєуєнт, дє низтє фесєфєнт. Алардыйы хорзєх дє уєд. (Ацы ныхєстє дзургєйє-иу йє армыдзаг мєнєуы нємгуытє доны ныккалдта). Ныффыста йє Цєллагты Муссє. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 23—1, напкє 15. 297
’й ттщшяшш ХЄДЗАРОНТЄ (Ног азы арфє) єдзаронтє, хєдзаронтє, Ує алы аз уыл хорзєй цєуа, Ує сєдє фидєн хорзєй фенат, Ує лєг саг амара, Ує ус тыр ныййара, Ує басылы къух мєн фєуа! Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1 январъ, 1926 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-гш архгш, фолъклор № 47—165, иапкє 24. ХЄДЗАРОНТЄ Хєдзаронтє, хєдзаронтє, Фєцєуынц уєм єддагонтє, Уєлє цары нєл гєды, Рахєссут нын бєгєны, Ує дуармє — хъєдтє, Мах стєм лєгтє. Радзырдта ггє Быдтаты Мєдинєт, 62-аздзыд, 4 гсюлъ. 1974 аз. Дєр- гъєвс. Ныффыста йє Рємонаты Тамарє Алыксандры чызг. Цєгатп Ирыапоны паддзахадон угшверсгииет, уырыссаг лгипературєгш кафедрєйы архив, 1974 аз, № 46. 298
ХЄДЗАРОНТЫ ЗАРЄГ Хєдзаронтє, хєдзаронтє! Ує сєдє фидєн єгас... Ує басылы къух мєн фєуа. Уєлє къулыл дидитє, Рахєссут нын чъиритє! Уєлє къулыл нєл гєды, Рахєссут нын бєгєны! Єфсины фарсыл тєбинаг, Рахєссут нын ує цыхтытєй сє бинаг. Ує ус тырын ныййара. Карчы айк тымбыл у, Ємє ує єфсин чъынды у. Радзырдта йє Хъантемыраты Фатъимєт, 78-аздзыд, 1974 аз, Хъобан. Ныффыста йє Бекмєрзаты Ларє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1974 аз. № 18. БАСИЛ Ує, басилтє, басилтє! Хуєрз басилтє! Гъой, гъой! Ує, ує хецау саг рамара, Ує, уе ’фсинєн лєхъуєн фєууа! Махєн нє басийлаг раттетє, Ує рагъєнбєл фуси къах, сєгъи къах! Уасєнгє 6а уотє зєгъуй: — Цъєх авгидзаг — цъєх арахъ, цъєх арахъ, Сау гъосини сау бєгєни, сау бєгєни! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралъ, 1926 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Гуыбаои. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 84. БАСИЛТИ ЗАР Ує, басилтє, басилтє! Хуарз басилтє, гъой, гъой! Гъой, уе ’фсини лєхъуєн фєууа! Гъой, ує хецау саг рамара! Махєн басийлаг раттайтє, раттайтє! Цъєх авгидзаг цъєх арахъ, цъєх арахъ! 299
Сау гъосини сау бєгєни, сау бєгєни! Цєхцєхгєнгє цєхгун фарс, цєхгун фарс! Не ’ртє къерей, не ’ртє къерей! Радєттетє, радєттетє! Ує, Батє, фєууємєцєуєн, Кєд цєлємбуд дє, нє уємє цєуєн. Фєстємє цєуєн! Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 3 январь, 1926 аз. Йсе радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архнв, фолъклор № 47 — 16, папкє 24 ДИГОРОН БАСИЛТЄ Е, хєдзарєй еци бон, Е, хєдзарєй, Уонєй сєдє ку цєуй Тадзингинтє, фєрєтгинтє. Уони єндзалє ку рауагъдєй Зурни коми. Уони єндзалє ку рауагъдєй Рєсти коми. Уонєн нєбал е нахєтбос. Цєнгєтфонсєй Уомє уєларвєй сєдсигоне рєхис уагъд, Уой уєле мин цуппєргъосуг агє ’вард. Уой хурфи мин борє нєлфус, фусєвгарст. Уой буни мин саги сиуєй цирен арт. Уой фєрстємє гургургєнгє сє бинонтє. Уой фєрстємє цєхцєхгєнгє фезонгутє. Хуарз мадє ’ма хуарз фидє, Лимєн кизгє, Єстаун єй нє гъєуй, Хуєрз єстуд єй. Радзырдта йє Гарданты Г. Ныффыста йє Дзагурти Губади, 1928 аз, 31 август. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 139, папкє 104, ф. 58. НОГБОНЫ КЪОДАХ Нє фыдєлтєм раджы ахєм єгъдау уыди: ног бон єхсєв-иу хєдзары хистєр рацыди кєртмє ємє-иу хєдзармє бахаста хъєддаг дыргъ бєласы (кєрдойы, фєткъуыйы, цымы, мугєйы) къодах. Раздєр-иу къєсєрєй бадзырдта бинонтєм: ує, цы ує хъєуы, мє хуртє? Бинонтє-иу ємдзыхєй схъєр кодтой: — Хор, хор!!! — Хорзад, хорєфсєст фєут уєдє, зєгъгє-сєм иу бадзырдта хистєр ємє-иу 300
бараст и къонамє. Уым-иу лєугєйє скуывта єртє чъирийє, физонєг ємє нуа- зєнєй. Уый фєстє-иу къодах сєвєрдтой артыл ємє-иу фєсыгъди єгас єхсєв бонмє. Райсомєй-иу ын йє сыгъдон хоры къутуйы сєр сєвєрдтой. Йсе радзурєг бєрсег нєу. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт. Скъуын- гсе къєлиндар, 1926 аз. ЦИГСИИ-йы архиву фолъклор, оп. 1, д, 47—16, ф. 2. НОГБОНЫ ЄГЪДАУ Ногбон райсом хєдзары бинонтєй раздєр кєртмє чи рацєуы, уый бахєссы хєдзармє армыдзаг лыстытє ємє фєзєгъы: «Гъе уал азы ныл хорзєй цєуєд». Єцєгєлонєй раздєр чи єрбацєуы хєдзармє арфєтєм, уымєн бинонтє фєзєгъынц: «Рєу къах у, амонд нєм єрбахєсс». Кєд бинонты цард афєдзєй-афєдзмє дзєбєх єнєзиан, єнєкъуылымпы вєййы, уєддєр, кєд зианджын вєййы, уєддєр бинонтє бузныг вєййынц, ногбо- ны сєм єппєты фыццаг чи єрбацыди, уымєй. Йє радзурєг бєрєг нєу. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, скъуынгє къєлиндар, 192о аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор, оп. 1, д. 47—16, ф. 3. ТОТУРИ ЗАР Махєн Тотур нє фидбилизтє фесафдзєнєй, Махєн Тотур нє берекетбєл бафтаудзєнєй, Махєн Тотур устур Хуцаумє баковдзєнєй, Устур Хуцауєй нин хуєрзеугутє ракордзєнєй, Махєн Тотур рєдау изєдтєй дєр ракордзєнєй, Алли хуарзєй нє хуєрзєфсес фєккєндзєнєнцє. Тотур махєн рєсти гъєдєй готєнттє кєндзєнєй, Еци готєнттєн Курдалєгон єфсєнтє кєндзєнєй, Еци готєнттєбєл Тотури ’гурд єстгай гали исефтиндздзинан. Даргъ ауєдзтє, фєтєн хумтє уєд кєндзинан. Тотур махєн Єфсатийєй ракордзєнєй, Сєргин сєгтє нин уєд дєтдзєнєй. Фонси Фєлвєрайєй дєр ракордзєнєй, Фонсєфсес нє фєккєндзєнєй. Рохс Тєтєртуппєй дєр нин ракордзєнєй, Будури хуарздзинєдтє нин хуарз лєвєрттє ракєндзєнєй, Рохс Алаурдийєй дєр нин ракордзєнєй. Сєривулд нє фєккєндзєнєй. Хуари Уацеллайєй дєр нин ракордзєнєй, Хуарєфсес нє фєккєндзєнєй. Еци хуартєй устур кувдтитє уєд кєндзинан, Еци хуартєй сау бєгєнитє дєр уєд кєндзинан, 301
Еци кувдти устур сау къостєй сау бєгєни уєд ниуаздзинан. Рагон устур зартє уєд кєндзинан. Нє кєрєдзей берє дєр уєд уарздзинан. Махєн Тотур нє фидбилизтє фесафдзєнєй, Махєн Тотур ци, хуарз єй! Фєйнє-фєйнє раниуазєн, Є хєдзарєн авди бєркад! Радзырдта йє Хьуыбадты Елхъан Хъуырманы Аырт, 23 август, 1927 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Гуоади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А. оп. 1, д. 13, ф. 121—122. АЛАУРДИ Мах дзамани Алаурди устур бєрєгбон адтєй. Кєнгє ’й авдисєри кєнионцє. Комуадзєнбєл къуєре рацєуидє, єма иннє авдисєри ба, цит, Алаурди уидє. Еци бон, цит, сєумєраги єгас хєдзєртти дєр косарт уидє, къеретє, бєгєни, рєфти фєсте 6а гъєунгти уоститє хєтун райдаионцє, хєдзєрттєбєл хаттєнцє- еу. Єма син адєм сє зарун ку фегъосионцє, уєд сємє єндємє рацєуионцє, ’ма син, ке бон ци адтєй, уой лєвардтонцє: ка къеретє, ка бєгєни, ка инсад, ка ’хца. Хєтгутємє 6а, ци, къалаин хъувгъани хузєн дзаума уидє, є сєрєй єма бунєй — уєрєх, астєуєй ба ибєл къохєй хуєцєн адтєй, уомєн єма нарєг адтєй є фєтєн. Уоци дзаумай 6а инсад хєссионцє єма зарионцє сєхуєттє ба: «Табу, табу, Алаурди, табу, табу, Ей-ей-ей-ей-ей-ей-ей-та! Табу, табу, нєхе Алаурди, табу, табу, Ей-ей-ей-ей-ей-ей-ей-та! Табу, табу, нєхе Алаурди, табу, табу, Ей-ей-ей-ей-ей-ей-та! Тау, табу, рохс Алаурди, табу, табу, Ей-ей-ей-ей-ей-та!» Уєдта сємє алцидєр берє єрємбурд уидє, ’ма будурмє рандєуионцє, уоми фингтє искєнионцє, ’ма гъєуи адєм ємбурд кєнун райдаионцє. Устур кувд си рауаидє, цит. Адєм бадионцє фингтєбєл, хуардтонцє, ниуазтонцє. Устур Ху- цаумє кувтонцє. Уєдта уой фєсте 6а кафун райдаионцє, єд устур, єд минкъи, тумбул зелионцє ’ма зарионцє, Алардийєн «табу-табу» кодтонцє, сувєллєнтти туххєй исковионцє... Хор нигулунмє ку гъавидє, уєдта єгасєй дєр єрбаздєхионцє, сє хєдзєрт- тєбєл фєпурхионцє. Сєхемє ма алкедєр исковидє Хуцаумє єма Алаурди фєу- уидє гъеуобєл. Радзырдта йє Гулчеты Саса Тугъаны чызг, 73-аздзыд, 1975 аз, г. Диго- ра. Ныффыста йє Дзотцоты Эллє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1975 аз, № 20. 302
АЛАУРДИ Хуцау, табу дин єй. Дє буни чи хуєрзтє ес, уонєй нин бахай кєнє. Алаур- дийєн ковєн. Хуцауи читгин мєлег єй ’ма ин табу фєууєд. Хъурмаллєг Алаур- дий тухєй єй. Алаурди нємє кєддєриддєр игъєлдзєгєй цєуєд. Федтойнєгтє дзєбєхєй куд федонцє. Алаурди, хъурмаллєг дєу тухєн єй, ’ма ’й барст єма игъєлдзєгєй, єхшиц- гонєй райсє. Читгин изєд дє, ’ма дин дє ном куд ерєн, ковун дин куд фєразєн. Барст єма дин єхшицгон уєд. Радзырдта йє Хамихъоты Темболат Бекмєрзайы фырт, 80-аздзыд, 1972 аз, Шекер. Ныффыста йє Цєголты Бэлє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1972 аз, № 35. АЛАУРДИЙ ЗАР Табу, табу, Рохс Алаурди, Гъей, гъай-та, уарайда-рє! Бур нєл фыс, дє кусєрттаг, ує-уєй! Арфє, табу, дє хорзєх, Аларды! Хуссары хуым, дє кувинаг, ує-уєй. Уєй, нє хєссинєгтє уєд де уазєг, Аларды! Афтє, табу дє хорзєх нє уєд! Ує-уєй, табу дє хорзєх, Аларды! Радзырдта йсе Фидараты Дзанхот Инусы фырт, 70-аздзыд, 2 июнь, 1975 аз. Ныффыстой йє Фидараты Юханє ємє Тамарє К. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1975 аз. АЛАРДЫЙЫ ЗАРЄГ Аларды уєларвєй рараст ис, Сызгъєрин асин авєрдта. Уєд йє размє Мадымайрєм рацыдис. — Кєдєм цєуыс, хєххон зєд? Уєд ын Аларды загъта: — Цєуын мєгуыр хєххон адєммє. Мадымайрєм ын балєгъстє кодта: — Мє раттинєгтє де уазєг, — Хъазгєйє нєм куыд єрцыдтє, Афтє нє худгєйє ныууадз. Ныффыста йє Цєллагты Муссє. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адє- мон сфєлдыстад», Дзєуджыхьєу, 1949, ф. 438—439. 303
АЛАУРДИЙ ЗАР Табу-табу, Рохс Алаурди, гъей! Гъей, табу, уарайда-ра! Уєллагири комєй рацєйцєуй Рохс Алаурди. Гъей, уарайда! Нє сугъдєг Уасгерги ба еци рєстєги ку цудєй. Гъей, табу, гъей! Етє кєрєдзебєл ку рамбалдєнцє, гъей! — Фєндараст, Рохс Алаурди, фєндараст, гъей! — Хуцауи хуарзєнхє дє фєууєд. — Кумє цєуис? — Дєлє устур бєстємє. Уасгерги ин уотє: — Гъазгє-ходгє сємє ниццєудзєнє, Гъей, уарайда! Сє минкъи сабитє — де уазєг. Зєрдєрохсєй сє ниууадздзєнє. Уорс уєриккє дин равгєрдунцє, гъей! Галтє ба дин нивонд ку кєнунцє, гъей, уарайда. Зєрдєрохсєй сє ниууадздзєнє, гъей! Радзырдта йє Золойгны Данел Даукуггы фырт, 90-аздзыд, 1971 аз. Ныф- фыста йє Золойты Изетє. Цєгат Ирысгпоны ггаддзахадон унггверситеггг, уырыссаг лигнерагнурєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 34. АЛАРДИЙ ЗАР О сугъзєрийнє Аларди, * УзєлУ дУсєй сє Р*сєрфє, Ковєн дин, корєн ди Сугъзєриинєи дєуєн дє бадєн, Бонєн нєл фус дєуєн - дє нивонд, ^єлхъи гъунєи хуєрз єстардєи. О, сугъзєрийнє базургин. ^, сугъзєриинє Аларди, О, ковєн дин, корєн ди! Ковєн дин^ К0Рєн ди’ Нє сабитє дєуєн — де уазєг! Радзырдгиа ггє Борєнты Гадзи. Ныффыста йє Тугъанты Махарбег, 1900 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №13, папкє 6, ф. 76. НИГКОЛАЙ ЗАР Уєй, Нигколай, табу дин уєд, ковєн дин мах, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Мєгур адємєн агъазгєнєг дє алли хатт дєр, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Ковєн дин, корєн ди мах дєр, банинагъаз кєнє, Уєй, нє Хуца5’, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! 304
Алли рауєн дєр нин дє хуарзєнхє банивє кєнисє, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Еухатт и мєгур адєм балци цудєнцє и денгизи; Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Денгизєн астєумє ку бацудєнцє, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Уєд сєбєл стур дунгє ку ’рцудєй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Сє науи син дортєбєл ку нимморє кодта, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Уалдєн уонєй еу мєгур лєг ку никковуй; Уєй, нє Хуцау, уєй нє лимєн, Нигкола хуарз! Уєй, Нигкола, ку исєфєн аци рауєн, Уєй, нє Хуцау, нє лимєн, Нигкола хуарз! Дє хуарзєнхєй нє фєууєд, фєннєервєзун кєнє, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Ку нє фєййервєзун кєнай, уєд дин кувдтитє фєккєндзинан. Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! — Уорс уєлитє дин, уорс кєркитау, февгєрддзинан. Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Еци сахат изєдтє ’ма идаугутє Уєй нє Хуца5’, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Хуцауи размє єнхуєцєй дєр ємбурд адтєнцє; Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола х}’арз! Борє нєлфус син кувдєн уомє євгарст ку адтєй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Уордємє Нигкола мєгур лєги кувд ку фегъуста, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Еци сахат изєдти астєуєй фєййаууонєй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! И денгизмє мєгур адєммє ниррєхсбетуй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! И денгизєй мєгур адєми и сормє ку ’рбайефхєссуй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Сє науєй дєр син фєйнєги єрхъез, зєгєли саст Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Исєфун нє бауагъта, табу ин уєд. Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Уалдєнмє изєдти кувд ку исцєттє уй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Хуцау син сє къеретє ковун куд райдєдта, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Уотє Нигкола дєр єртєхцагъдєй єрбалєудтєй, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Фєрсунцє ’й: «Нигкола, кєми адтє нури уєнгє?» Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Єрсиндзурдта, кєми адтєй, уой и Нигкола. Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! 20 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 305
Уой туххєй Хуцау Нигколайєн изєдти астєу, Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! Ковєггаг єхсєрфємбал хуєздєри хайєн ку равззфста. Уєй, нє Хуцау, уєй, нє лимєн, Нигкола хуарз! «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 440—441. ХОРЫ УАЦИЛЛАЙЫ КУЫВД (Мархойы рємонбоны) (Куывды адєм бадынц, кувєг хистєрмє бырєгъы къус раттынц; хор кємєн сгуыхы, ахєм лєг йє разы єрлєууы худаистєй, уымєн дєр йє къухы нуазєн). Кувєг кувы: Хуыцау ємє Тутыр, баххуыс кєнут. Уацилла! Хор дєттєг дє ємє нє хор ємє цардєй ды бафсад. Уацилла хъєздыг комы хуым куы кодта, Фєлвєра гал- дєрєг куы уыдис, Майрєм мыггаг тауєг, Уастырджи бєрзондєй куы касти, гъе- уєд цы хор єрзадис, уыцы хор та дзыллє-адємєн, Хуыцау, єрзайын кєн! Кувєг ныхъхъєр кєны: Цы курут, лєппутє! Лєппутпє: Хор-хор-хор, Кувєг лєг: Цы курут, лєппутє? Лєппутпє: Хор-хор-хор, Кувєг лєг: Цы курут, лєппутє? Лєптгутпє: Хор-хор-хор. Кувєг лєг: Хор ємє ує цардєй Хуыцау бафсадєд! (Хор кємєн сгуыхы, уыцы лєгєн худаистєй йє сєр єргуыбыр кєнын кєны ємє йын 3 хатты йє сєрыл бырєгъ ауадзы; сбадынц ємє бахєрынц). Радзырдта йє Сланты Газа. Ныффыста йє Томайты Хъылцн, 7 май, 1922 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 18—20, папкє 11, ф. 1—2 . СИДТЫТЄ Йа, Хуыцау, єппєт дєр ды рауагътай, ємє нє дє хорзєх ємє дє арфє уєд. Абон Уациллайы бон у, ємє нє йє хорзєх уєд! Сыгъдєг Уастырджи, дє хорзєх дєр нє уєд. Фєндаггоны фарс дє, ємє фєсивєд кєдємдєриддєр цєуой, уырдєм-иу сє фєндараст фєкєн. Хєдзармє- иу єнєниз, єнємастєй куыд ємбєлой, ахєм арфє-иу ракєн. Хуыцауы дзуар, дє бонтє дєр єрцєуынц, дє бонты хорз арфєтє кємєн ракодтай, уый ємбал нє фєкєн. 306
Рыныбардуаг, дє хорзєх дєр нє уєд, фыдбылызєй хызт куыд уєм, амондєй тыхджын куыд 5’єм, ахєм арфє нын ракєн. Аларды, дє хорзєх дєр нє уєд, бєстєм куы ’рцєуай, уєд сабитє де уазєг. Ног дзуар, ног хєрзтє, ног амєндтє кємєн балєвар кодтай, уый ємбал дєр нє фєкєн. Хоруацилла, Фєлвєра, ує сойє хайджын куыд уєм, хєрдджын дєр куыд уєм, фосджын дєр куыд уєм, ахєм арфє нын ракєнут. Быдыры Тєтєртупп, Цыргъ обау, ує хорєй єфсєст куыд уєм, уыцы арфє нын ракєнут. Уєларвы цы зєдтє и, зєххыл цы кувєндєттє и, уыдонмє цы хорздзинєдтє и, уыдонєй хайджын, хайырджын куыд уєм, ахєм арфє нє уєд. Бєркадджын куыд уєм, амондджын куыд уєм, ахєм арфє нын ракєн, бєркады хицау. Мыкалгабыртє Цєразонтєн цы арфє ракодтой, уымєй мах дєр хайджын куыд уєм, ахєм арфє нє уєд. Радзырдта йсе Бєдтиаты Анукка, 64-аздзыд, 5 июль, 1974 аз, Дсер- гъєвс. Ныффыста йсе Рсемонаты Тамарсе Алыксандры чызг. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературсейы кафедрєйы архив, 1974 аз, № 46. КУЫВД Быдыры зєдтє! Уалдзєг нє хидкалгєйє цы нємыг аппарєм, уыдон фєззєг чындзєхсєвты ємє куывдтєн куыд бахардз уой, уыцы арфє ракєнут! Хоры Уацилла! Хор ратт. Фосы Фєлвєра! Фос ратт. Гъе, афтємєй нє кєстєртє фєндєгтыл цєуынц ємє уєлдєр Хъєбєрхохыл бадєг фєлмєнзєрдє Уастырджи! Нє кєстєртє де уазєг! Радзырдта йсе Гсеирйты Гаврил Сидсейы фырт, 68-аздзыд, 1969 аз, Ми- чурины хъсеу. Ныффыста йсе Гсецойты 3. Салсегаты Зояйы сембырдгондсей. УАЦИЛЛАЙЫ ЗАРЄГ Хоры уацилла, дє хорзєхєй, ує-уєй! Уацилла нын хор дєтдзєни, ує-уєй! Фєлвєра нын фос дєтдзєни, ує-уєй! Уєлє бєрзєндты бадгє куы кєны, уєй. Уєй, рирє, Хоры Уацилла, уєй! Ракєс нєм, рафєлгєс Хоры Уацилла, уєй! Дє хорзєх нє уєд, Хоры Уацилла! Радзырдта йсе Фидараты Дзанхот Инусы фырт, 70-аздзыд, 2 июнъ, 1975 аз. Ныффыстой йсе Фидараты Юхансе семсе Тамарсе К. Цсегат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературсейы кафедрсейы архив. 1975 аз. 307
УАЦИЛЛА Хуыцау скодта не ’ппєты дєр ємє нє йє хорзєх уєд. Тбаууацциллайы бон у абон ємє нын нє фыдбылызтє фесафєд, амонд та дєтгє ракєнєд. Тбаууацилла ємє Хуыцауы Дзуар сты нє фыдєлты дзуєрттє ємє нє фыд- хур ємє фыдуарынєй бахъахъхъєнєнт. Быдыртє сє уазєг, нє фєндєгтє сє уазєг. Уастырджийы хорзєх нє уєд. Адєм цєуынц єфсадмє ємє єндєр фєндєг- тыл, ємє дзєбєхєй, єнєнизєй фєстємє куыд сыздєхой. Быдыры дзуар ис Елхоты комы, Єрджынарєджы, уыцы бєлццєттє йє бын- ты цєуынц, дєлємє дєр, уєлємє дєр ємє сє дзєбєхєй фєстємє суадзєнт ємє куывды хєсджынтє фєуєнт. Мєздєгєй хохмє цыдєриддєр кувєндонтє ис, уыдоны хорзєх нє уєд. Радзырдта йє Рємонаты Моисей Никъалайы фырт. 95-аздзыд, 1975 аз, Астєуккаг Урух. Ныффыстой йє Фидараты Юханє Ф. ємє Тамарє К. Цєгат Ирыстоны падозахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1975 аз. УАРУН КОРУН Е, мєнє ку ’рбатєвдитє уидє, уарун къуєрегєйттє кунє уидє, уєд цит, уостити къуар сєхебєл уорс хъєппєлтє искєнионцє — алци дєр сєбєл уорс уидє: ци пъолцитє, ци сєрбєттєнтє, ци, цъиндатє. Ку скєнионцє уорс дзау- мєттє, уєд гъєунгємє рацєуионцє єма заргє, кафгє хєтун радаионцє. Сє хєццє 6а ести гъєдин киндзє рахєссє-бахєссє, ци, кєнионцє, уобєл дєр уорс хъєппєлтє, уотемєй. Кенєдта сємє нє уидє уєхєн киндзє — уотє дєр уидє. Єма син-еу адєм сє зард ку фегъосионцє, уєд сємє рацєуионцє, ’ма кємє ци адтєй, уой син лєвардта. Заргє ба уотє кєнионцє: «Хуангуассє уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Нє тиллєги уарун гъєуй! Ей-ей! Ей-ей! Танкъуассє уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Нє сувєллєнтти дон гъєуй! Ей-ей! Ей-ей! Дзиллєгуассє уарун коруй! Ей-ей! Ей-ей! Хуангассє уарун коруй!» Берє, цит, фєххєтионцє, фєззарионцє, фєкковионцє, уєдта сє гъєдин киндзи донмє багєлдзионцє. Ку нє сємє уидє уєхєн киндзє, уєдта сєхецєй есге басхуаионцє уайгє донмє, ескєци уоси. Сєхе ба донєй сау дессаг бакєни- онцє, уєлє гъєуисєрмє, єма си устур исаразионцє. Фєббадионцє, фєккови- онцє Хуцаумє. Єма, мє хор, єруаридє еу къуар боней фєсте... Радзырдта йє Гулчеты Саса Тугъаны чызг, 73-аздзыд, 1975 аз, г. Диго- ра. Ныффыста йє Дзотцоты Эллє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1975 аз, № 20. 308
СЄРДЫГОН БИРЄ РЄСТЄГ УАРЫН КУЫ НЄ ВЄЙЙЫ... Сєрдыгон бирє рєстєг уарын куы нє вєййы, уєд арєх фєкєнынц ахєм ми: скєнынц єртє чъирийы, доны размє сє єрбахєссынц. Хуыцаумє скувынц. Стєй уєд доны размє єрбакєнынц хєрєг. Єртє хатты йє єрзилын кєнынц доны алыварс, стєй йє хорз цынайынц. Уый фєстє хъуамє єруара. Ныффыста йє Фидараты Аллє, 1969 аз. Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. КУЫВДТЫТЄ Абон у Хетєджы бон! Ємє нє йє хорзєх уєд. Бирє адєм кувынц Хетєгмє ємє табу йєхицєн, дє бынты цы адєм цєуынц, уыдон кєддєриддєр фєндараст кєн. Дє бынєй бирє адємтє цєуынц балцы, ємє дзєбєхєй сє хєдзєрттыл куыд ємбєлой, ахєм амонд сє уєд. Хетєг, єргом дзуар дє ємє єргом хєрзтє ратт, нє кєстєртє де уазєг, бєлццєттє дє бынмє дзєбєхєй куыд сыздєхой, ахєм амонд ракєн! Хетєджы дзуар, фыдгєнєг чи у, уымєн хорз макуы ракєн, дє ном чи агуры, уыдонєн арфє ракєн, дє бынмє фистєгєй чи ’рбацыди, уыдон дєм кувынц ємє сын арфє ракєн, сє сывєллєттє — де уазєг. Фидєнмє дєм дзєбєхєй куыд сємбєлєм, ахєм арфє ракєн. Хетєг! Табу дєхицєн, нє цард хорджын куыд уа, нє фєззєг фосджын куыд уа, ахєм єххуыс бакєн. Абон дєм бирє адєм кувы ємє, йє куывд хуыздєрєн кємєн айстай, уый ємбал мах куывд дєр фєкєн! Кєстєртєй чи ацахода, уый цєрєнбон бирє уєд! Хуыцау, дєуєн єхцон фєуєд! Цытджын иунєг Хуыцау, Дзывгъисы дзуар, табу дєхицєн. Єргом дзуар дє, дє быны бирє кєстєриуєг фєкодтам, ємє табу дєхицєн, Дзывгъисы дзуар. Дыуує фєндаджы астєу дє, ємє дєм Хуыцауєй рєхыс уагъд ис ємє нє сабитє — уыцы рєхысыл фєдзєхст. Рухс фєндєгтыл куыд фєцєуой, хорздзи- нєдтє куыд фєуыной, уыцы арфє нын ракє, Хуыцау! Хуыцауы дзуар! Хуыцауєй нын хорздзинєдтє ракур, уыдонєй ацы хорз адємєн хай бакєн. Йа рухс Уацилла! Табу дєхицєн, Уацилла! Дє рухс гєрєхтєй нє бахъахъхъєн, нє быдыры зєдтєй, нє быдыры фєл- лєйттєй зымєджы дєргъы куывдтє куыд фєкєнєм, ахєм арфє ракєн Хуыцау. Дзывгъисы дзуар! Ацы хорз адєм де уазєг бакє. Сє машинєтыл, сє уєрдєттыл цєуынц ємє сє бахъахъхъєн. Зєрватыччытау дє рєзты ратєх-батєх кєнынц ємє сєм дє рухс цєстєй ракєс, де ’рттиваг базыры бын сє бакєн. Радзырдта йє Дзобелаты Надеждє, 70-аздзыд, 1974 аз, Дзуарыхъєу. Ныффыста йє Кєсєбиты С. С. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1974, № 50. 309
МАДЫМАЙРЄМ Мадымайрєммє табу бакєнєм, о, не ’хсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, Мадымайрєм. Нє чындзхон чызджытє — дє кувєг адєм. Уой, не ’фсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, табу, Мадымайрєм. Дє кувєг лєппутє — дє кувинаггєнджытє, О, не ’хсин, гъо, не стыр ныфс, табу, Мадымайрєм. Усгур лєппутє — дє бєгєныгєнджытє, дє кусартгєнджытє, О, табу, Мадымайрєм. Чындздзон чызджытє — дє чъиригєнджытє. Зєронд устытє дєм зонгуытыл куы цєуынц. Гъо, не ’фсин, не стыр ныфс, табу дын куы кєнынц. Зєронд лєгтє дєумє куы кувынц, дє хорздзинєдтє дын кургє кєиынц. Уо, не ’фсин, гъо, не стыр ныфс, гъо, табу, Мадымайрєм. Баххуыс ма нын кєн, гъо, Мадымайрєм, гъо, не ’фсин, не стыр ныфс. Уалдзыгон тєрхъус — сындзы быдыры, Майрємы арфє — чындзы гуыбыны; гъо, табу, гъо, Мадымайрєм. Стыр Мєздєгєй куы рараст вєййы. Нє хъєбєр хохмє куы ’рбафардєг вєййы. Хохы адємєн арфє кєны, О, табу, о, Мадымайрєм. Радзырдта йє Хъесаты Харитон. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, папкє 71, ф. 108. МАДЫМАЙРЄМ (Вариант) Хуыцауы ныййарєг Мадымайрєм Уєларвєй рауагъта сызгъєрин асин, Єрцыдис зєххон адєммє: Уєй, не ’хсин, не стыр ныфс, Мадымайрєм, Алы къуыппыл — дє кувєндєттє, Сыкъаджын галтє — дє нывондєгтє, Євєстаг адєм дєм зєнєгмє кувынц, Алы сау хъєдєй дын буц хуымєллєг, Алы хуымєй дын буц бєгєныйаг, Бурхъус нєлфыстє — дє нывондєгтє, Нє сабитє де уазєг, Мадымайрєм, Кємєн цы радтай — цєринаг ын уєд, Кємєн нєй, уый та дє хорзєх фєуєд! Ныффыста йє Цєллагты Муссє. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адє- мон сфєлдыстад». Дзєуджыхьєу, 1949, ф. 437—438. 310
ТЕРБАТЫ МАИРЄМЫ ЗАРЄГ (Вариант) Не ’хсин, не стыр ныфс, Мадымайрєм, Ахъаз нын бакє — дєуєн кувєм. Не ’взаг къуымых у, нє зонд — цыбыр. Зєронд устытє уєраджы сєрыл дєумє куы кувынц, Ног чындзытє сє зєнєгимє сєхи фєдзєхсынц. Зєххыл фєзынди царды суадон, Зєххыл фєзынди хосы дидинєг, Уыдон сты дє кады тыххєй. Дє фыдгойгєнджытє зындоны сєрыл ленк байдыдтой, Уєларвон Елйа дєр йє цєстысыгтє дє койє асєрфта, Хєйрєджы къона дєр дє койє фехєлди. Радзырдта ггє Хетєгкаты Адам Идарыхъойы фырт, 90-аздзыд, 10 июлъ, 1932 аз. Ныффыста йє Дзанайты Сергей. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 21, папкє 71, ф. 97. УАСГЕРГИЙ ЗАР Цєй, Уасгергимє баковєн, базарєн. Фєстеггєй ку уай, сугъдєг Уасгерги, Е уазєг ан, е уазєг, лєхъуєнтє! Уєд-еу нє дє базури буни бакєнє! Бєрзондєй ракєсє, рафєлгєсє, Цєй, фєндаг раст, фєндаг раст. Нє сугъзєрийнє базургин, Нє сугъзєрийнє базургин Мєнє дє мєгур иуазгутємє, Рєсти Уасгерги! Єма де уазєг фєууєнтє, Уасгерги! Бєрзондєй нємє ракєсє. Иуазгутє дєр — де уазєг, Ниллєгмє нє бафєдзєхсє. Фусун дєр — де уазєг, Уасгерги! Бєрзондбєл бадєг Уасгерги, Бєрзондбєл бадєг, разєй ку цєуай, — Де уазєг ан, де уазєг! Фєстємє нє багъєуай кєнє! Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятнггкгг народного творчества осетин», вып., 2, 1927, стр. 139. УАСГЕРГИЙ ЗАР Уєй, мах ба истур Хуцауєн ба ковгє ку кєнєн! Уой, мах ба дєттєг изєдєй ба коргє ку кєнєн! Цацєгєй єй корєн, Уацєгєй 6а нин, Уєй, єма ку дєтдзєнєй нин, Дєтдзєнєй нин, сой! Сойгєнгє дин дє рун бахуєрєн, Нє хонхи сугъзєринє базургин Уасгерги! Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан, 12 апрелъ, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архгш, фонд. Дзагурова Г.А. , оп. 1, д. 13, ф. 160. 311
ХОНХИ УАСГЕРГИЙ ЗАР Уєй, Хуцауєй дєр хуарз корєн, Хуцау дєр нин єй дєтдзєнєй. Дєлє и будури ба, уєй, не стур бєлццєнттє Уєй, уонєй дєр махмє хай цєуй! Уєлє хонхи сєри, уєй єддзог фиййаутє! Уонєй дєр махмє хай цєуй! Уа, уєрєйдє-ра, Уєй, уаси е уєрєйдє, Уєй, махєн хуарз єй Уасгерги. Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан, 6 февралъ, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губаои. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 147. УАСГЕРГИЙ ЗАР Ує-рай-дє-ра, ує-рєй-дє, Йа-рєй-дє, дєлє и будури, Гъєй єма, нє бєлццєнттє, Є-рєй-дє-ра! Гъє єма, уєлє хонхи сєри, Уєй єма, нє унафгєнгутє, Нє зундгин, нє хестєртє. Ує-рай-дє-ра, уа-рєй-дє, Гъєй єма, махєн хуарз єй, Уой єма, нє хонхи сугъзєрийнє базургин Хуарз Уасгерги єй! Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан, 6 февралъ, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста Иє Дзагуырты Гуоади. ЦИГСИИ-Гш архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп.1, д. 13, ф. 145. ХОНХИ УАСГЕРГИЙ ЗАР (Фиццаг) Мах устур Хуцауєй хуарз корєн. Устур Хуцау дєр нин єй дєтдзєнєй. Дєлє будури, уай, нивгун бєлццєнттє. Уонєй дєр махмє хай цєуй. Уєлє хонхи сєри, уай, Фєлвєрай фонс ку хезуй. Уонєн дєр махмє хай цєуй. Уєрайдє, уарай-рєйди, Уєйтт, уєрайдє, гъе, уарайда, Махєн хуарз єй Уасгерги. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 26 ноябръ, 1922 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фондз Дзагурова Г.А., оп.1, папкє 13, ф. 40. 312
ХОНХИ УАСГЕРГИИ ЗАР (Дуккаг) Уарайдє-ра, уа-гъай-дє-ра, Гъєйтт, уарайдє-ра, гъай-гъай! Нє хонхи сугъзєрийнє базургин бєрзонд Уасгерги! Нє хонхи сугъзєрийнє фонсиуарєг бєрзонд Уасгерги! Дєлє будури — нє бєлццєнттє, Нє бєлццєнттє — де уазєг, Нє хонхи бєрзонд Уасгерги! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 26 ноябръ, 1922 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папка 13, ф. 41. УАСГЕРГИЙ ЗАР (Вариант) Мах 6а устур Хуцаумє ковгє кєндзинан, Мах 6а дєттєг изєдтєй ба хуарз кордзинан; Цацєгєй єй корєн, Уацєгєй нин єй ратдзєнєй, Уєй, сойсойгєнгє нин Сєумєраги дони гъоси Февєрдзєнєй сєдсугон сєргин саг. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папка 13, ф. 40. УАСТЫРДЖИЙЫ КУЫВД Хуыцау, баххуыс кєн, Хуыцау, батєригъєд кєн мєгуыр фєллойгєнєг адємєн. Хуыцау, зєдты дєр ємє адємы дєр ды сфєлдыстай ємє сын хорз арфєтє ракєн. Уастырджи, дє кувєн бонтє сты, ємє дын хуыздєр чи скуывта, ємє хуыз- дєр арфєтє кємєн ракодтай, уый ємбал мах дєр бакєн. Уастырджи, байраджы бєх кєныс, лєппуйы лєг кєныс, ємє байраг хъуаг дєр куыннє фєуєм ємє лєппу хъуаг дєр. Єрджынарєджы Уастырджи, дє бынты бирє бєлццєттє цєуы ємє дзы алчидєр рєсугъд фєндєгтыл куыд цєуа, йє хєдзарыл дєр рєсугъдєй куыд ємбє- ла, уый бєрц арфє ракєн. Бынатыхицау, цы бынаты бадєм, уыцы бынаты бинонтє рєс}’гъд, амондджы- нєй куыд цєрой. Цардхъуаг дєр куыннє уой, фосєй єфсєст куыд уой, адємєн уарзон, Хуыцауєн адджын, афтємєй сє царды бонтє куыд єрвитой, уыйбєрц арфє ракєн. Кувинагєй чи ацахода, уымєн — хєлар. Радзырдта йє Тотиты Л.Г., 52-аздзыд, 1969 аз, Беслан. Ныффыста йє Габысаты Фатимє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. 313
КУВД Нє Уасгерги, рагєй ардємє дєр агъазгєнєг адтє єма де уазєг. Дє бєнттє бабєй єрцєунцє єма сєбєл дзєбєхєй куд исємбєлєн, косарттє дин куд никкє- нєн, сєрєгас, єнєнезєй дєбєл куд сєнбєлєн. Сесана Уасгерги, ду дєр нин агъазгєнєг уо. Фєндарастгєнєг Уасгерги, мє- гур лєгєн агъазгєнєг дє фаххонунцє єма є рахес фарс лєууєг уо. Ує, Хетєг, дєумє дєр фєрссаг гъєутєй єрємбурд унцє, косєрттєгтє єрла- сунцє, кувдтитє си искєнунцє, агъазгєнєг уо ду дєр. Ує, Нихаси Уасгерги, хонхи нєдтєбєл цєуєг адєми фєндарастгєнєг дє хонунцє, цєфрєбунмє сє фєндараст кєнє, уоми сє бафєдзєхсє Рекомбєл. Ує, Рекоми ковєндонє, дєумє дєр ковунмє цєунцє, дєумє дєр ковунмє єрємбурд унцє, сикъагинтє єрласунцє, косєрттє си никкєнунцє, дзєбєхдзи- нєдтєбєл си фєдздзорунцє, игъєлдзєгєй си рахєлеу унцє, агъазгєнєг уо. Уордигєй ку рацєуай єфцєгбєл, Дигоргоммє, ку бахезай, фиццаг гъєу Гу- лєрмє ку ниццєуай, исємбєлдзєнє Габони ковєндонєбєл — гъєди бєлєстє- бєл, агъазгєнєг уо ду дєр. Уордигєй ниххезє Дзинагъамє єма бахезє Нєуєггъєумє. Нєуєггъєуи Уасгерги єй Уацелла. Ду дєр агъазгєнєг уо. Уордигєй ку рацєуай, иннє коми хєрдмє ку исцєуай, Устур Дигорємє ку бацєуай, уєд уони Уасгерги 6а єй идауєг, агъазгєнєг уо ду дєр. Будурмє рараст уодзєнє, Зєдєлески Нанай рєзти цєудзєнє, дє нисайнаг си ниввєрдзєнє, будурмє фєндарасти туххєй еу баниуаздзєнє єма дє Нана рафєндараст кєндзєнєй. Будурмє рахъєртдзєнє, будури изєдтє, идаугутє дє рахес фарс лєудзє- нєнцє, агъазгєнєг дин уєнтє. Алли лєг дєр є сабитєн цєруй. Ци сувєллон дин рагъомбєл уа, уой, ка ’й зонуй, устур горєт Мєскумє е ахур кєнунмє, е ба Советон Єфсадмє фєндараст ку кєнай, уєд єнємєнгє цєудзєнєй ковєндонє Тєтєртуппи рєзти. Ує, Тє- тєртупп, дє рєзти берє фєсевєд рандєй дєлємє Иристонєй, кєддєриддєр агъазгєнєг адтє. Дє рєзти ка цудєй, уоиєй беретє дохтиртє, генералтє, про- фессортє, геройтє иссєй, уонєн ємбал аци хєдзари сабитє дєр куд уонцє, басєгъєуай кєнє, лєгтєй фєстємє куд исцєуонцє, косєрттє дин куд никкє- нонцє, уєхєн амонд уєд. Советон рєстєг нє гъєуи ковун райдєдтонцє нєуєг Уасгергий туххєй дєр, гъома Скъолай Уасгерги — єма дєбєл фєдзєхсєн нє сабити, агъазгєнєг син уо сє ахури. Аци хєдзари къєсєрєй цєуєн. Къєсєри Уасгерги, єнєнез, сєрєгас сє уадзє. Сє берекет фулдєрєй-фулдєр кєнєд, фєндараст! Радзырдта йє Маматы Тимофей Алексейы фырт, 58-аздзыд, 1969 аз, г. Дигора. Ныффыста йє Маматы Рая Т. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. УЄЛЄ УЄЛАРВЫ ПЕХУЫМПАРТЄ Уєлє уєларвы пехуымпартє Куы ’рымбырд вєййынц, Цом ємє фєцєуєм зєххон адєммє. Уастырджи, Хоры Уацилла ємє Фосы Фєлвєра — 314
Кєддєра кєй ном фылдєр арынц. Ємє куы рацєуынц дєлє быдыры астєу Дынджыр обауыл куы ’рфысым кєнынц, Ємє Уастырджи куы дзуры Фосы Фєлвєрамє: — Цу-ма, дєлє кусєрттаг слас! Ємє фыййау куы дзуры Фосы Фєлвєрамє: — Цы дє, цавєр дє? — Єз дєн Фосы Фєлвєра. Ємє йєм фыййау дынджыр лєдзєг куы фелвасы. — Фарон дын куывд не скодтон, ємє мє фос єнєхъуын уєрыччытє ныййардтой. Ємє сєргуыбырєй обауы сєрмє куы сфардєг и Фосы Фєлвєра. Ємє та дзуры Уастырджи хоры Уацилламє: — Цу-ма, нє бєхтєн нын нємыг ысхєсс. — Цы дє, цавєр дє? — куы бадзуры хуымон: — Єз дєн хоры Уацилла. Ємє йєм дынджыр сагой куы фелвєста: — Фарон дын куывд не скодтон ємє мє хуымтє дєлгом куы ’рзадысты. Ємє та уый дєр сєргуыбырєй куы сфардєг вєййы обауы сєрмє. Ємє сєм Уастырджи куы дзуры: — Цон єз цє бабєрєг кєнон. — Уой, дє фос бирє уа, ує фыййау, Єз дєн фыссылычъы Уастырджи. Ємє фыййау йє худ куы фелвасы. — Дє нывєндтє фосы астєу сты, Ємє фосы астєуты араст у, ємє дє фєстє ацєудзысты. Ємє кусєрттаг обауы сєрмє йє фєстє ссыди. — Хорз лєг, нє бєхтєн нын — нємыг, — Цы дє, цавєр дє? — Єз дєн Уастырджи. Ємє йє худ куы фелвасы, ємє йын голлаг йє фєсарц куы бавєры ємє та ссєуы обауы сєрмє. Радзырдта йє Томаггты Ахмырзє Аслємырзєйы фырт, Хъораггы хо- хєй ралидзгє, 92- аздзыд, 1984 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста г\є Биде- ты Индирє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг лгапературєгш кафедрєйы архив, 1984 аз. ИЗЄДТЄ, ИДАУГУТЄ БУДУРМЄ РАЦУДЄНЦЄ Уасгерги ’ма Нигкола, Хуари Уацелла єма Рохс Алаурди Гъєутєбєл хєтунмє єрцудєнцє: — Цєуєн, мах ба Хуцауи ковєг адєми 315
Бабєрєг кєнєн, Кємє ци зєрдє е, уой базонєн. Еу устур гъєумє єрцудєнцє, Гъєуи кєрони еу хєдзарємє бадзурдтонцє: — Иуазгути фусун гъєуй, — зєгъгє, Сєхемє сє нє бауагътонцє. Гъєуи сєрмє исхєтдзє ’нцє, Єхемє сє неке бауагъта. Гъєуисєри еу хєдзарє Хуарисєри истур кувд кодта. Бадзурдтонцє, єхемє сє нє бауагъта. Цєламонд хецау єма бєркадкъох єфсинє Еу хєдзари лєг єма уосєй цардєй. Лєг бауадєй хєдзарємє: — Єхсєвєри зелєн нин неци бакодтай? — Бафарста бєркадкъох єфсини лєг. — Єхсєвєри зелєнєй ци кєнис, Дєлє нє синхонтє хуарисєри кувд кєнунцє, Етє дєу уордємє хондзєнєнцє, Мєнєн 6а ардємє хай єрветдзєнєнцє. — Хуцау дин ма бакомєд! Дєлє сє дуармє цуппар бєхгини, Сє конд, сє уиндєн нєййе, Сєхемє сє нє бауагътонцє; Ка ’й зонз^й, махмє дєр ку ’рбадзоронцє. — Етє махбєл ку банвєрсонцє, Уєд єхсєвєри цєттє 6а ракєндзєнєн, — загъта и уосє. Цєламонд хєдзари хецау є тургъємє рацудєй. Еци цуппар бєхгини ’ймє єрбадзурдтонцє: — Гъей, хуарз хєдзари хецау! Иуазєг ан, фусун нє гъєуй! Є ходє син фелваста: — Гъєйтт, ує рун бахуєрон! Мєгур фусунбєл ка ’нвєрса, Уомєн єз фусун дєн. Иттєг цийнєхузєй имє єрбацудєнцє, Є тургъи єрфестєг єнцє. Бєркадкъох єфсинє февналдта Єхсєвєри зелєнтє кєнунмє, Єрбакодта иуазгути медємє; Сє бєхтє син рафснайдта. Бєркадкъох єфсинє дзоруй цєламонд хецаумє: — Ауєхєн дессаг некєд фєууидтон! Нєхе баредзєй* уєлдай ма * Баредзє — къосбар. Ссад барынєн, бинонты цєй бєрц хъєуа єхсєвєрєн, сихорєн, цал къусы, уєлдай дзы куыд нє уа, афтє, баредзє алцємєн дєр хъєуы. — (Хъуыбадты Елхьаны фиппаинаг). 316
Йеу баредзє уєлдай инсад никкодтон, — Мє амєнтєни нєбал цєуй! Гъей, зєгъгє, нивгун иуазгутє ’нцє, не уазгутє! Хуєрзкъах иуазгутє ’нцє не ’уазгутє! Єхсєвєр єрбацєттє кодта. — Цалинмє ма рєуєг єхсєвєр хуєрунцє, Уалинмє син не ’рмахур далис дєр єрбаргєвдєн! Се ’рмахур далис дєр син сцєттє кодтонцє, Хъєбєр игъєлдзєг иссєнцє се ’уазгутє. Уєдта ин загътонцє: — Цєламонд хєдзари хецау! Тиллєги куст берє уарзагє дє єма, цит, Фитдзагидєр дє хуми сєрєй Авд куреси єркєрдисє єма Сє-еу хецєнєй муггагєн исцєттє кєнє; Уомєй фулдєр муггаг дє некєд гъєудзєнєй. Сєумєй рабадтєнцє сє бєхтєбєл, Загътонцє ин, сє нєнттє ин байамудтонцє. Уасгерги ин загъта: — Дє гъуддаг дин галеумє некєд раздахдзєнєн, Дє гъуддаг дин рахес єрдємє алли хатт дєр єздахдзєнєн. Хуари Уацелла ин загъта: — Минкъийєн хуар єркєндзєнє, Берє берекет дин си уодзєнєй, Еци лєвар дин кєнун. Нигкола ин загъта: — Хуцаумє дин исковдзєнєн, Цєрєтдзаг лєхъуєн дин райгурдзєнєй. Рохс Алаурди ин загъта — Єз дин єй єгас, ирайгє бафедун кєндзєнєн; Є фєдбєл ма дин федтуйнєгтє уодзєнєй, Етє дєр дин, цит, єгас, ирайгє бафеддзєнєнцє. Еци лєвар дин кєнун єз дєр. — Аци гъєуи берекет дє хєдзарємє єрбацєуєнтє, — Зєгъгє ин искувдтонцє. Аци гъєубєл фонси зиан дєр уодзєнєй, Сабити зиан дєр сєбєл уодзєнєй, — Уой дєуєн игъосун кєнєн. Хуєрзєбонє рауотє, Цєламонд хецау єма бєркадкъох єфсинє. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИйы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп.1, д. 13, ф. 104—106. 317
ФАЦБАДЄН Идауєг, читгин идауєг, табу дин уєд. Читгин изєд дє, дє рєстєг єрцудєй. Зєрєндтє нєуєг кємє кодтонцє, сувєллєнттє чинє кємє кодтонцє, ечи ида- уєг, табу дин уєд. Стур Дигорє идауєгєн кувдтонцє, анз устур кувд. Дзинагъа ’ма Гулєр Габо- нєн кувдтонцє. Нєуєггъєу 6а кувдтонцє Уациллайєн. Табу син уєд. Идауєг, хъурмаллєг барст єма єхшицгонєй райсє, иннє анз ба дин нарддєр косєрттє куд нивгєрдєн. Радзырдта йє Хамихъоты Темболат Бекмсерзайы фырт, 80-аздзыд, 1972 аз. Шекер (Ново-Урух.) Ныффыста йсе Цєголты Бэлсе. Цсегат Ирыстопы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрсейы архив, 1972 аз, № 35. ИДАУЄГ Табу, табу, не ’Дауєг! Алтаматєн, не ’Дауєг! Нє сєр хезєг, не ’Дауєг! Нє нез сорєг, не ’Дауєг! Не знаг сорєг, не ’Дауєг! Нє бєлццєнттє ємбурд кємє кєнунмє, не ’Дауєг! Нє мєнгєйтє стур кємє кєнунцє, не ’Дауєг! Не ’знєгутє федаунгєнєг єма хєстєгутє ємбурдгєнєг, Не ’Дауєг! Уосгор лєхъуєнтє дєр єнгъ^^д ци бєрєгбонмє кєнунцє, Е дєр не ’Дауєг! Ує нє сасєгхуар, не ’Дауєг! Уєддєр дин табу кєнєн, не ’Дауєг! Радзырдта йсе Гетойты Дзанхот, 1899 аз, Хсерес. Ныффыста йсе Со- биты Инал. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 75, папксе 36, ф. 103—104. НЫВОНДЫ КУВИНАГ Ей, балєгъстє кєнєм, Ой, бакувєм, балєгъстє кєнєм. Ой, зєдтє-дауджытєн ныллєгъстє кєнєм. Нє нывонд барст фєуыдзєн. Зєдтє-дауджытєн куы кувєм. Дзывгъисы дзуарєн табутє кєнєм, Ой, йє хорз, йє арфє нє уа. Бакувєм, балєгъстє кєнєм. Табу, ног Уацилла. Табу бакєнєм рыны бардуагєн. Табу бакєнєм Хъєриуы дзорттєн. 318
Табу бакєнєм Тыхосты дзорттєн Табу бакєнєм Дзиридзуармє. Табу бакєнєм Зєринныхмє. Табу бакєнєм уєддєр не скєнєг Хуыцаумє. Ой нє нывонд барст фєуыдзєн. Табу бакєнєм Хетєджы дзуармє. Уєддєр табу Мыкалгабыртєн, Табу, загъта, се ’ппєтєн. Радзырдтой йє Гєджынаты Майрєм ємє Хєдарцаты Ллихан. Ныф- фыстой йє Дарчиты Дауыт ємє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкє 71, ф. 101. ХОХАГ КУЫВД Хуыца5’, дєу зонєм, Єппєты хицау ды дє, Нє кувинєгтє нын ды райс адджынєн ємє кадджынєн. Адємы мад дє, Мадымайрєм, Нє кувинєгтє нын адджынєй райс, Дє ном дын адджынєй ємє кадджынєй куыд арєм, Цы чысылтє дєттыс, уыдон дєр де уазєг, Йесо Чырысти, дєуєн дєр кувєм, Ємє дын нє кувинєгтє адджын фєуєнт. Єртє Йонон Саниба, Хуыцауы єртє цєсгомы, Адджынєн, кадджынєн райс нє кувинєгтє, Ємє дын нє кувинєгтє адджынєн фєуєнт. Хохы Уастырджи, Нє кувинєгтє нын адджынєй райс. Регахы рухс Аларды, Нє кувинєгтє нын адджынєй райс. Нарыхъєуы астєу Уастырджийы кувєндон, Кувєм дын, Ємє дын нє кувинєгтє адджын фєуєнт. Цмиаг комы Уастырджийы кувєндон, Ємє дын дєуєн дєр нє кувинаг адджын фєуєд. Пъуриаты авд дзуары, Нє кувинєгтє нын адджынєй ємє кадджынєй райсут. Цъыфы комы Уастырджийы кувєндон, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Зєйє ємє нє дє дурєй бахъахъхъє. 319
Єфцєгыл бур Самдзели, Дєуєн дєр адджын уєнт нє кувинєгтє, Бєлццон адєм цємєй фєндараст уой, уый тыххєй дєм кувєм. Зруджы зєрин Майрєм, Кувєм дєм, Ємє нын нє кувинєгтє адджынєй ємє кадджынєй райс. Дє номыл ратт гуырдтє. Цы гуырдтє радтыс, уыдон цєринаг куыд уой, уый дє к^фєм. Гадзиты Мыкалгабыртє, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Фыдбылыз — дард, амонд — хєстєг. Тибы Таранджелоз, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Дє быны цы адєм цєры, уыдоны хорзєх дєр Ємє нын дєхи хорзєх дєр ратт. Тутыр, кувєм дын, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Дє къєбысєй нє бахъахъхъє. Мамысоны, Згъилы Самтхос, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Дє алыфарс цы адєм ис, уыдоны хорзєх дєр, Ємє дєхи хорзєх дєр дє курєм. Хоры Уацилла, Нє кувинєгтє нын райс. Хорєфсис нє фєкєн. Фосы Фєлвєра, Дє раттинаг фосєй нє єфсєст уадз, Нє кувинєгтє нын райс адджынєн, Дє хорзєх нын дє цєст бауарзєд. Сатъаты Саниба, Кувєм дын, Ємє нын нє кувинєгтє райс, Курєм дє, ємє нын дє хорзєх дє цєст бауарзєд. Сатъаты хъугомы астєу Уастырджийы кувєндон, Нє кувинєгтє нын адджынєй райс, Дє алыфарс цы хортє ис, уыдон нын хєлар ємє адджынєй ратт. Зєрємєджы хъугомы астєу кувєндон, Дєуєн дєр кувєм. 320
Ємє нын нє кувинєгтє адджынєй райс, Кєддєриддєр дєр дє быны цы адєм цєры, Уыдонимє кадджынєй ємє адджынєй куыд цєрєм, афтє, Дє цуры цы адємтє цєры, уыдоны хорзєх дєр, ємє Дєхи хорзєх дєр нє куыд уа, афтє. Къасарайы Мыкалгабырты кувєндон, Кувєм дын, Нє кувинєгтє нын адджынєй ємє кадджынєй райс, Нє фыдбылыз — дард, нє амонд — хєстєг, Нє бєлццон адєм фєндараст куыд уой, уый дєр дє курєм. Дє хорзєх нын дє цєст бауарзєд. Цъуалийы Уастырджийы кувєндон, Кувєм дын, Ємє нын нє кувинєгтє райс, Нє бєлццон адєм ємє не уазджытє, дє уєлеты чи Цєуы, уыдон фєндараст куыд уой, афтє. Къасарайы, Сидєны фєзы, Цєразонты Сидєны Мыкалгабырты кувєндон, Нє кувинєгтє нын райс адджын ємє кадджынєй. Дє бынмє кувынмє цы адєм цєуы, уыдоны хорзєх дєр Ємє дєхи хорзєх дєр нын дє цєст бауарзєд. Зджыды Алардыйы кувєндон, Єртє къуырийы дє быны куывды фєбадынц, Мах дєр мєгуыр адєм стєм ємє мах дєр Дє хорзєх уєд, Нє чысыл гуырдтє дєр де уазєг фєуєнт, Алардыйы кувєндон. Ныхасы бєрзонд Уастырджи, Нє кувинєгтє дын адджын фєуєнт, Нє уазєг, нє бєлццон адєм кєддєриддєр Дє дєлєты дзєбєхєй куыд цєуой. Хетєджы Уастырджи, єргом зєд дє, Хъєуты астєу єрынцадтє, Ємє дын нє кувинєгтє адджын фєуєнт, Єргом зєд дє уый тыххєй хонєм, ємє дє бынат Бєрєг бєлвырдєй хъєдєй кєй рацух кодтай. Дє алыфарс цы адємтє цєры, уыдон хорзєх дєр Ємє нын дєхи хорзєх дєр ратт. Єгас быдыры, Елхотєй уєлємє, Тєтєртупп, кувєм дын, Нє кувинєгтє нын райс, Дє ном дын адджынєй куыд арєм, афтє. Дє быны цы адємтє цєры, уыдон хорзєх дєр, ємє нє 21 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 321
Дєхи хорзєх дєр куыд уа, афтє. Дє бынты чи цєуа, уыдон дзєбєхєй куыд цєуой, афтє. Горєты Уастырджи, Горєты амонд ємє кадєй дєр нын хай бакє, Ємє нын нє кувинєгтє дєр райс. Радзырдта йє Туаты Батырадз, 80-аздзыд. Ныффыста йє Толасты Андрей, 27 август, 1929 аз, Цми. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкє 8, ф. 442—444. ЗЄРОНД КУЫВД Хуыцау, ахъаз бакєн, Хуыцау, ратт дє зєдты хорзєх. Хуыцау, ратт дєхи хорзєх. Уєларв дє дзуєрттєн барст фод, зєххыл та дє кувєндєттєн ємє дєм дзєбєхєй хєццє кєнєд нє куывд. Аларды, дєуєн дєр єхцон фод. Реком, дєуєн дєр нє уєд дє хорзєх. Бынатыхицау, нє бынєтты нын ратт хорз, єнєниз цард. Мадымайрєм, фыдєлты кувєндонєй баззадтє, фыдєлты амондєй нє єнє хай ма фєкє. Кємєн кєй радтай, уый цєринаг. Мыкалгабыр, дєуєн дєр нє кувинаг барст фод. Фыдбылыз-иу дард акєн, амонд — хєстєг. Бєркаддєттєг дє, ємє нын нє куысты бирє бєркад ратт. Сау Уасгерги, дє бынты цєугєйє нє бахъахъхъє дє саха, дє зєйє, дє дурєй. Нары хохы Уастырджи, дє бон бирє у ємє нын ахъазгєнєг у. Зєрємєджы Саниба, дєуєн дєр нє кувинаг барст фод. Къасарайы Мыкалгабыр, дє бынєй єнкъардєй куы ацєз^єм, уєд нє-иу фєстємє хъєлдзєгєй єрбауадз. Ныхасы Уастырджи, нє ныхасы бєркад куыд уа, уый саккаг кєн. Самтыхос Уасгиргийєн дєр барст уєд. Тлийы фєстаг дзуарєн дєр барст фод, Тибы Таранджелозєн єхцон фод. Сатъаты Уастырджийєн дєр табу фод. Адайы комы авд дзуарєн дєр барст фод, сє бынты дзєбєхєй куыд цєуєм, ахєм ахъаз нын бакєнєд. Кємєн скуывтам, се ’ппєты хорзєх уєд ацы адємы. (Кувгє -кувын адєм фєкєнынц лєугє, фєдзурынц «оммен, Хуыцау». Уый фєстє кєстєртєй иу ацаходы кувєггаг ємє уєд сбадынц ємє райдайынц хєрын). Ныффыста йє Цєллагты Муссє. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №23—1, папкє 12, ф. 86. НАРТЫ КУЫВД (Зєронд куывд) Хуыцау, баххуыс кєн, Рєсугъд — ує хъуыдытє, Уастырджи, баахъаз кєн, Чырыстимє уазджытє, Хохы рухс дзуєрттє, Не знєгтє — уадзгуытє, Бєрзонд — ує кувєнтє, Зруджы зєрин Майрєм, Рєстмє дауджытє, Де ’ххуыс дын куыднє ’мбарєм; 322
Цъєхилты Мыкалгабыр, Зєдты єхсєн кадджындєр — Дунемє ныхасхєссєг, Ддємєн єххуысгєнєг, Ныхасы бєрзонд Уастырджы, Хорзєй хъахъхъєн уазєджы, Фєндагыл — нє бєлццон, Хєдзары — бынєттон, Дє фєдзєхст сє бакєн, Дє рын дын бахєрон. Йє радзурєг бєрєг нєу. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт. Скъуынгє къєлиндар, 1926 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор, оп. 1, д. 47—16, ф. 61—62. КОВЕТЄ, КОРЕТЄ Фитдзаг зарєг: — Коветє, коретє, Аци кувд Хуцауєн єхцєуєн єй! Дуккаг зарєг: — Мах, дигорє, 6а ковдзинан, Дєттєг изєдєй кордзинан! Єртиккаг зарєг: — Нє кувд — барст, не знаг — саст, Нєхуєдтє уєлахез. Аци кувд истур Хуцауєн єхцєуєн єй! Радзырдта йє Туйгъанты Тєтєрхъан: февралъ, 1921 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А. оп. 1, д. 13, ф. 144. КОВЕТЄ, КОРЕТЄ (Дууех зар) Фитдзаг гъєлєс: — Коветє, коретє, гъєйтт, гъєйтт, єма, Ковдзинан, кордзинан, Аци кувд Устур Хуцауєн єхцєуєн. Дуккаг гъєлєс: — Мах Дигорєн ба ковдзинан, Гъай, коветє, гъєйтт, гъєйтт, гъєйтт єма, Мах Дигорєн коветє! Єртиккаг гъєлєс:— Не знаг саст, нєхуєдтє уєлахез, Єма, уай, ковдзинан, кордзинан, Аци кувд Устур Хуцауєн — єхцєуєн. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 26 ноябръ, 1922 аз, Дзєуожыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А. оп. 1, папкє 13,ф. 42. КУВД НАРТИ СОСЛАНЄН Хъамболтє ’ма Сєбантє єрвадє єнцє, цардєнцє Нари. Нарон Сєбантє єма Хъамболтє фиддєлтєй єрєййафтонцє Нарти Сосланєн кувд, кодтонцє ’й Мєцути єндзєри. Мєцути Нарти Сосланєн адтєй мос, кєми кафионцє, уєхєн мос, уєдта дорєй бадєн, тас єма хъувгъан, сєхе єхснунмє. Уалдзєги, сосєни мєйи A1 июли) єримбурдуионцє Сєбантє єма Хъам- 323
болтє Мєцути, бєгєни сфиционцє, кувтонцє, фєндури цагъд дєр цудєй, зарга* ма’ кафгє дєр кодтонцє. Еци ’гъдау Сєбантє єма Хъамболтє абони уєнгє дєр хъєбєр рєсугъдєй кєнунцє. Хестєр раковуй: — Устур Хуцау, табу дин фєууєд. Нє фиддєлтон нарон єгъдау абони кєнєн. Уасгерги, табу дин фєууєд. Нє зєронд фиддєлтє дєр дємє ковионцє. Уас- герги, табу дин фєууєд, нє кєстєртє де уазєг. Ка дєр си кумє дєр цєуа, — фєндараст фєууєд. Фєстємє алке сєрєгасєй, гъазгє, ходгєй куд єздєха є хєдзарємє. Нарти Сослан, табу дин фєууєд. Мєнє дє номбєл абони кувд ес, дє номбєл дин мєнє хъурмаллєхъ (косарт) исуагътан, ковєн дин, ’ма нин нє кувд барст, єхцєуєнєй, хуарзєй райсє. Нарти Сослан Хуцауи исконд адтє, ковгє дин кєнєн, бони хуарз нин раттє, арв єма зєнхє кєрєдзей куд бауарзонцє нє бєстєбєл. Нє бєстє гъєздуг куд уа! Нє фєсевєд сабур царди куд уонцє! Ци хєдзари адтєй Сослани кувд, уонєн: — Хъєбєр рєсугъдєй, хуарзєй куд бацєрайтє. Федар бундор си куд исуа. Уой фєстє хестєр бафєрсуй: — Кєд ує фєндуй, уєд хєлттє ракєнєн, кємє уодзєй иннє анз Сослани кувд, уобєл. Кєд єй уотемєй есге есуй єхемє, уєд хуарз. Еци дзурдти фєсте лєгтєй еу исистуй єма кувди хабар єхемє райсуй. Радзырдта йє Сєбанты Багке Фацбайы фырт, 91-аздзыд, 15 мартъи, 1992 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Салєгаты Зоя. КАСУТЄ Ирон єгъдєуттє тынг бирє сты, фєлє дзы мах зєгъынмє хъавєм сє иуєй- иуты тыххєй. Касутє тынг кадджын бєрєгбон у Хидыхъусы цєрджытєн. Бє- рєгбон, євєццєгєн, тынг рагєй кодтой. Къусбар-иу єрємбырд кодтой уыцы бєрєгбонмє Хидыхъусы цєрджытє ємє-иу уєлбылы бєгєны сфыхтой. Уыцы бєрєгбонмє (кєнгє йє фєкєнынц, куадзєнєй дыуує къуырийы куы рацєуы, уєд, сабаты) Гусаты мыггаг фыхтой бєгєны. Бєгєны фыцын єнцон нєу, стєй тагъд хъуыддаг дєр нєу. Уымє гєсгє-иу цыппєрємы бахсыстой 6є- гєны, майрємбоны та йє фыцын райдыдтой. Куыддєр фыцынмє хъавыд, афтє халон хъуахъ-хъуахъгєнгєйє цєджджи- наджы алыварс ратєх-батєх кєнын райдыдта. Раздєр єм йє хъус ничи єрдард- та, фєлє єгєр-єгєр куы кодта, уєд ныккатай кодтой, цымє цы фыдхабар хъус- дзыстєм, зєгъгє. Фєлє уєддєр сє куыст кодтой. Халон дєр тахти, цалынмє бєгєны фыхтой, уєдмє. Уалынмє дын халон фєстаг хъєр фєкодта ємє йєхи фыцгє аджы ауагъта. Бєгєны фыцджытєн ма цы гєнєн уыд, рафєлдєхтой аджы, ємє диссаг: калмы стджытє раппєрстой цуайнагєй. Ємє уєдєй фєс- тємє Касуты дзуары хонынц сє ирвєзынгєнєг. Радзырдта йє Гусаты Коля Тасохадзийы фырт, 57-аздзыд, Нартыхъєу. Ныффыстой йє Бекъойты Мєдинє ємє Пагєты Зєлинє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. 324
КУЫВДТЫТЄ 1. Уастырджи дє йє базыры бын бакєнєд (дє рахиз фєрсты цєуєд). 2. Къобы дзуєрттє дє фєндараст фєкєнєнт. 3. Цардєй бафсєд, дє амонд ссар. 4. Сых єнгомгєнєг ємє бинонтє єнгомгєнєг фєу, арсау къєбутджын, бы- наты хицауєн адджын куыд уай, каркау бєдулджын куыд уай, ахєм амонд дє уєд. (Чындзєн). 5. Цєринаг фєуєд, єххєст лєг уын суєд, дунейы сєр суєд, хєрз нывы єфтыдфєуєд. (Ноггуырдєн). 6. Джеоргуыба нын баххуыс кєнєд, табу йєхицєн уєд, куывды хєрєндєттє нын фєуєнт йє фєллєйттє. Нє Джеоргуыбайы фєллєйттєй куывдтє куыд фє- кєнєм, ахєм амондджын бєрєгбон нын фєуєд. 7. Хохєй быдырмє цыдєриддєр зєдтє ємє дауджытє ис, уыдон адємєн єххуысгєнєг куыд уой, ахєм амонд уєд. Табу сын фєуєд. 8. Хуыцау, дє кадджын бон у абон. Барст фєуєнт ацы єртє чъирийы. Бы- дырты лєгъзы єнємастєй куыд фєцєрєм, нє фєллєйтты сойє єфсєст куыд уєм, ахєм амонд нє уєд. Радзырдта йє Хъєрджиаты Царицє Гадзыбейы чызг, райгуырди 1914 азы. Ныффыста йє Браты Нинє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. НЄУЄГ ИГУРД СУВЄЛЛОНИ ЗАР (Нєуєг игурд сувєллон нєлистєг ку фєууй, уєд уой номбєл є фиди тургъи сабийтєн арєзт єрцєуєд елхъина єртє боней єндєрхцє. Алли арфєгєнєг дєр єхе ратолєд еци елхъинай єртє хатти заргєй). Уо, Фидє-Хуцау! Уо, Мади-Майрєн! Ке равардтай — цєрєццаг, Цєрєццаг, хуєрзтє радтай! Майрєн, ду, Майрєн, ду! Ке цєстє — хорєй, Ке реу євзестєй. Лєхъуєнтєн — ковєггаг, Кизгуттєн — цетейнаг. Гулалез, Гулалез, Кємєн — лєхъуєн, кємєн — кизгє... Мєхе туххєн нє зєгъун: Мєнєн мє реу хъєбєр єй. Ныффыста йє Тарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 163—1, папкє 51, ф. 5. 325
ЛЄХЪУЄНИ РАЙГУРУНИ ЗАР (Вариант) Йє мадє — Майрєн, Фидє — Хуцау. Ке равардта — цєрєццаг, Цєуєтдзаг хуєрзтє радта, Никки уєхєн радтє. Йє уєлкъєсєр фат ес, Фєстуадзагє фєууа. Ныффыста йє Собиты Инал. Йє радзурсег бєрєг нсеу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №11, папкє 67, ф. 367. НЄУЄГ ИГУРД СУВЄЛЛОНИ ЗАР Зурати Майрєн зур-зур кєнуй, Мах Майрєн 6а лєхъуєн дєттуй, Мєхе туххєй нє зєгъун, Мєнєн мє реу хъєбєр єй, Кємєн — кизгє, кємєн — лєхъуєн. Радзырдта йє Маккиты Цєппо, 105-аздзыд, 25 август, 1927 аз, Кьа- матє. Ныффыста йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкє, 8, ф. 130. НЄУЄГ ИГУРД СУВЄЛЛОНБЄЛ КУД ЗАРИОНЦЄ РАГОН ДЗАМАНИ Сувєллон ку райгуридє, уєд еу уоститє єрємбурдиуонцє ’ма сувєллони авдєни бабєттионцє, є мади рази ’й єривєрионцє авдєни ’ма ин зєгъионцє мадєн: «Ра ’й уозє, — зєгъгє, — дє сувєллони». ’Ма ’й рауозидє мадє уотє дзоргєй: « Боллай-боллай. Дє цирти бєстєн дин Хуцау Бузуни хуми бунат раттєд». Иннє уоститє: «Оллай-Олай, Є цирти бєстєн ин Хуцау Бузуни хуми бунат ратдзєнєй». Радзырдта йє Гецаты Бадели, 1 август, 1927 аз, Мєхческ. Ныффыс- та йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкє 8, ф. 168. 326
БУЗУНИ ХУМИ ТУХХЄЙ Нархи коми фарсмє бєрзонди ес еу хумє єма ’й нє фиддєлтєй єрєййаф- тан, є ном «Бузуни хумє», зєгъгє. Уоци гєппєл євєдзи Бузунєн хумє ад- тєй, уєдта Бузун ку рамардєй, уєд є кадгин хугонд байзадєй єма си, кадгин ке адтєй, уомє гєсгє уєлмєрдтє скодтонцє. Сувєллонєн, хуссунгєнгєй, дзо- рионцє: «Булла-булла, Бузуни хуми дин Цирти бууат» Радзырдта йє Гецаты Биса, 75-аздзыд, Мєхческ, 24 июль, 1940 аз. Ныффыста йє Хьазыбегты Хъазыбег. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 110, папкє 88, ф. 53. СОЙЫ ЗАРЄГ (Лєппуйы гуырды тыххєй, кєхцгєнєнты). Сой, дам, цєуы, сой дєлєсыхєй уєлєсыхмє. Дєлє хъєды давонджын, Чи райгуырди — амондджын. Карчы айк тымбыл у. Сой, дам, цєуы, сой. Махєн нє цыхт гуымбыл у. Уєлє хъєды тырты михтє, Рахєсс, не ’фсин, цыхты дихтє. Уєлє фыййау хєтєлтє тоны, Не ’фсин фырмєстєй йє тєнтє тоны. Нє уєлкъєсєр уасєг, Не ’фсин фєрасыг. Дєлє хъугомы цєнды дуртє, Фєцєуы уєм кєрдзынгуртє. Не ’фсины къухты тєбинаг, Рахєссут нын рєбинаг. Уєлє къулыл дидитє, Рахєссут нын чъиритє. Теместєм Гагка, Рахєссут нын дзыкка. Цєгат сыфтєр хус, Се ’фсин та хєфцєст ус. Сє уєлкъєсєр хъєдурджыны карст, Се ’фсин кодта мє бур куыдзы каст. Хєрисджыны фале Тыркайы хуым, Рахєссут нын дзыккайы хуын. Радзырдта йє Хєдарцаты Алихан. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкє 71, ф. 102. 327
КЄХЦЫ ЗАРЄГ (Лєппу кємєн райгуыры, уыдон кєнынц кєхц. Кєхцы фєзарынц ацы зарєг). Уєлє къулыл дидитє, Рахєссут нын, зєгъы, чъиритє, Сой цєуы, сой; алы аз дєр ардєм цєуы. Бур хъуг къєлєсы, Кєсут-ма, се ’фсин къуыммє фєлєсы. Сой цєуы, сой; алы аз дєр ардєм цєуы. Уєлє, зєгъы, хъєды давонджын, Чи райгуырди уый — амондджын. Сой цєуы, сой; алы аз дєр ардєм цєуы. Уєлє се ’лхуыйыл тєбинаг, Рахєссут нын цыхтытєн сє бинаг. Сой цєуы, сой; алы аз дєр ардєм цєуы. Радзырдта йє Дауыраты Хуысинє Къєлєуы фырт, 100-аздзыд. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия, 28 июлъ, 1959 аз, Ламардон. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, папкє 117, ф. 31. КЄХЦГЄНЄН Сой цєуы, сой, алы аз дєр ардєм, Фидєнмє дєр ардєм. Уєлє быдыры тєбинаг, Чи уын райгуырд — цєринаг. Доййатєм Дикка. Рахєссут нын дзыкка. Хъыргъатєм Ила, Рахєссут нын дзидза. Уєлє быдыры тєбинаг, Цыхтытєй нын — сє бинаг. Сє къултыл дидитє, Рахєссут нын чъиритє. Арыхъхъы фєдис, Ує уєрыкк нын ємбис. Сє дуармє хъєдтє, Мах стєм лєгтє. Сє къонайыл нєл гєды, Рахєссут нын бєгєны. Сє уєларты аджы дзаг, Рахєссут нын авджыдзаг. Уєлє цары мыст, мыст, Се ’фсины сєр — сыст, сыст. Сє къєбыла рєйаг у. Се ’фсин кєрдзыныл кєуаг у, Сє чъылдыммє хєрисджын, Рахєссут нын хєбизджын. Къала къуса къєлєсы, Се ’фсин къєбицмє фєлєсы. Сой, сой, Сой та цєуы, сой! Фєлвєра фєлмєн дзулджын цыхт, Сой цєуы, сой! Радзырдта йє Хадыхъаты Кум Хадзымуссєйы фырт, 60-аздзыд, 1972 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Пагєты Еленє Хасанбеджы чызг. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив.
РАКЄСЕТЄ Рєкєсетє, єракєсетє, И къєсєрмє 6а, гъєйт, єма, иуазгутє, Уєрайда, рєйда, уєрайдє-ра! Гъєйтт, єма, гъєйтт, гъєйтт, Сой, сой, ує рагисонтє хуарз! Радзырдта Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста ггє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, Дзагурова Г.А., оп.1, д. 13, ф. 62. ЄГАС ЄРЦЄУАЙТЄ, НЕ УАЗГУТЄ! — Уєй, єгас єрцєуайтє, нє хуарз иуазгутє!* — Уєй, хуарз фєццєрайтє, нє хуарз фусунтє! — Уєй, иуазєг ци хуарз, ци? — Уєй иуазєгєн хуарз ка фєууа, Уомєн устур Хуцау бахата! Радзырдта ггє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губадгг. ЦИГСИИ-гш архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 61. КАИСГЄНГЄЙЫ КУЫВД Йє, Хуыцау, табу дєуєн, Х}’ыцау, мыггагмє хєстєг сє фєкєн, Хєрєфырт хєстєг сє фєкєн, Кєрдєг ємє фєсалау ємхєццє куыд уой. Цы стєггаг цєуы, уый каркау — бєдулджын, Арсау — хъєбулджын, Бєласау — уидагджын, Бинонтєн та — адджын, кадджын! Радзырдта йє Гуыргшты Вано, 26 сентябръ, 1926 аз. Ныффыста йє Гуыргшгпы Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архгш, фолъклор № 45—1, наикє 21, ф. 36. УОСГОРТИ ЗАР Гъай, Єфсати єма Йелиа ба Каййес-маййес ку кодтонцє, ’Ма кизгкаййес єма * Фусунти зар, киндзє хонгє-єрветгєй, єнєуой дєр. 329
Уони астєу 6а махєй лєг Минєвар рахєтє-^бахєтє ку кодта, Сой, сой, и уорс Йелиа, хъан! Радзырдта ггє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йсе Дзагурти Губадгс. ЦИГСИИ-гш архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1. д. 13, ф. 89. УСГУРТЫ ЗАРЄГ Уай-уай, Єдылы-мєдылы усгур фєцыди, Сой! Хуры фырт Хємєтхъаны чызгмє, ує, усгур куы фєцыди, Ємє йын єй дєттын фєнд не скодта. Ємє Хуыцауы уарзон єртє зєды куы бафєнд кодтой, Ує, сє рынтє сын бахєрон, Сой! Єххуыс ємє ахъазы тыххєй куы бафєнд кодтой, Сє иу куы хуыйны Згиды зєрин Майрєм, Се ’ннє хуыйны Цъєхилты Мыкалгабыртє, Се ’ннє куы хуыйны Ныхасы бєрзонд Уастырджи. Уыдон Єдылы-мєдылыйєн ус єрхєссын кодтой. Єххуыс ємє ахъазы тыххєй Уєрєйдє-ра, уєрєйдє, уой. Сой! Радзырдта йє Туаты Батырадз. Ныффыста йє Толасты Андрей, 25 август, 1928 аз, Туалгом, Цми. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 15, папкє 7, ф. 268. ТЄТЄРТУППИ ФУРТ ТЄТЄРХЪАНИ УОСЄ КОРУНИ ЗАР Изєдтє ратахтєнцє Уєхъєци сєрєй, ’Ма Курппи бєрзондбєл рамбурдєнцє, Уоми унаффє кодтонцє, Тєтєртуппи фурт Тєтєрхъанєн, ке ин ракорєн, зєгъгє. Уєд ин ниййаггаг кодтонцє Уазай бадєг Азаухан-рєсугъди. Уазай бдєг Азаухан-рєсугъд имє нє бакумдта. Уєд унаффє кєнунцє, Кєми ин ракорєн, зєгъгє. Сє зєрди єрєфтуйуй: Сау денгизи бадєг сау рєсугъд. ’Ма имє баминєвар кодтонцє, Е дєр имє нє бакумдта. Тєтєртуппи фурт Тєтєрхъан дєр имє дзоруй, Нє дємє ирайун, — зєгъгє,
Мєхе зєрдємє дєр нє цудтє, — Кєсалгдзауєн кєнєг дє. Уєд бабєй унаффє кєнунцє, Мадта ма ин кєми ракорєн, зєгъгє, Сє зєрди єрєфтуйуй: Дзулати бадєг, Дзулати рєсугъди ин ракорєн, зєгъгє. Дзулати бадєги хєтдзє каййес разагътонцє. Уомєн є минєвєрттє Уасгергий ’ма Нигколта адтєнцє, Є киндзхонтє сєумон изєдтє ’ма изєйрон идаугутє адтєнцє. Етє ци бони фарни бахєстєг кодтонцє, Еци бони фарнє сумахбєл дєр єркєнєд! Радзырдта йє Хъуыргъуты Геуєрги. Ныффыста йє Толасты Андрей, 25 август, 1927 аз, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 6. КИЗГУТТИ ЗАР (Киндзи цєугєй) Киндзхонтє-еу ку єрбадионцє, уєд кизгуттє сє кєрєдзей къохтєбєл них- хуєционцє, сє сєргъи єрлєууиуонцє ма фитдзаг хестєрмє базарионцє, уєдта уой дєллєй уомє, уотемєй се ’гасемє дєр. — Уєй, Зула, Зула, Зула! Єртє кизги бадунцє, Астєуккаги ба фаунцє. Раскъєфуй єй, ке аккаг єй, йе. Зула дин зєгъєн. Хестєрмє дзорунцє: ^є хай нин радтє, єнє фєстємє фєккєсгєй. Йе дєр син є хай радтуй, куд ємбєлуй, уотє. Уєд иннє хестєрмє низзарионцє: — Зула дин зєгъдзинан, Дє хунє нин радтє, Кенєдта дин дє зєгъуйнаг зєгъдзинан. Є хунє син, куд ємбалдєй, уотє нє равардта, ма имє нєуєгєй бабєй низзардтонцє. — Дє закъє — гудунмєрзєн, Авд гъунемєй дє комбос. Йеунєг гъунєй — дє тарбос. Фєстагдєр иуазєгмє сєхе бахатунцє: — Зула дин зєгъєн: Нє мєкъустєг нєхе гъєуй, Истурбєл єй ку єрбадарай, Дє къох фєрнєй уєд бадарай, 331
Минкъибєл єй ку бадарай, Уєдта ’й дє къохи єрдєгбєл єрбадарай. Зула дин ку загътан, ’Ма дє къох мєнгєйбєл ку ’рбадардтай. ’Ма омє дєр бабєй дзорунцє заргєй: — Дє закъє — гудунмєрзєн, Авд гъунемєй — дє комбос, Еунєг гъунєй ба — дє тарбос. Радзырдта йсе Магкиты Цсебпо, 105-аздзыд, 25 август, 1927 аз, Къа- матє. Ныффыста йє Толасты Андрей Сандыры фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папксе 8, ф. 2—3. КИЗГЄ КИНДЗИ КУ ФЄЦЦЄУЙ, УЄД ОЙ ЄГЪДЄУТТЄ ЄМА КУВДТИТЄ ...Изєрєй кизгє ку фєннєхстєр кєнуй, уєд кизги хєтдзє къохбєлхуєцєг, єндзиуаргин фидєн айдєнє є къохи, никки є хєтдзє еу-дєс лєхъуєни, єма хєдзарємє єфсинти размє бацєунцє, рєхиси разєй рацєуєн, зєгъгє. Бацє- унцє єма рєнгъє єрлєуунцє хєдзари єфсини рази. Уєд хестєр єфсинє єртє къерей хєтдзє устур къоси рахєссуй бєгєни. Єма ин адєн фєззєгъунцє. «Нє мадє, дєхуєдєг раковє, дєу кувд барстдєр одзєнєй, Хуцауєн єхцєуєндєр одзєнєй, дє къохєй нє рафєндараст кєнє». Уєд єфсинє раковуй: Йе, Хуцау, аци саби фєндарастєй цєуєд, Кумє цєуй, оми амондєй цєрєд, Махмє нивє куд ниууадза, Е ’носи хєдзарємє нивє куд фєххєсса, Уєхєн нивє Хуцау раттєд. Є ’нивє хєдзари бєрзонлд бадєд. Уасгерги къохбєлхуєцєг кємєн адтєй, Мадємайрєн єндзиуаргин кємєн бадтєй, Нигкола є фарсмє кємєн лєудтєй, Изєдтє, идаугутє — киндзхон цєттєй, Омєн єнбал ранєхстєр уєд нє къохєй, Нє хєстєгутє, нє синхонтєн ба сє цорєй. Гъа-уай, е ’нсувєр, раковє, райсє, Раковє, разарє, ниуазєн дєхемє байсє. Кърхбєлхуєцєг ниуазєн райсуй єма раковуй: — Йе, Хуцау, фесгун хуєрє-єрвадє нє фєккєнє Адєнтє кєбєл ковунцє, еци нивє нємє єркєнє. Йе, Хуцау, берє адєн аци гъуддагбєл куд ковонцє, Аци сабий ниви хузєн куд коронцє. Йе, Хуцау, аци сабийєн є зєрдє — раст, Ка нє ’й уарза, омєн ба є зєрдє — баст, Хуцауєй йимє устур нивє єрцєуєд, Дзєбєхдзийнадє є хєтдзє єрцєрєд. 332
Йе, Хуцау, Каркау — бєдолгин, Арсау — хъєболгин, Фурау — мєкъургин, Уєхєн нивє Хуцау раттєд. Є нивє адєни нивти сєри бадєд. Амии ци адєн йес, онєй рохсєй цєун, Хуцау син раттєд берє бєнтти цєрун. Мєрдти дєр, уєлєбєл дєр Ме ’нсувєр-хуєрє, Дє лєги хєтдзє нивє, амондєй цєрє! Єма къохбєлхуєцєг ковєггаг кизгєн исахуадун кєнуй, ой фєсте 6а низ- заруй: Йедилє, йедилє, киндзє ку ссєуй, Уєхєн киндзє некєд иссудєй. Є еу усхъєбєл йе исхєссуй Хори тунтє, Йе ’ннє усхъєбєл йе исхєссуй Зурнє айдєнтє. Омєн є къохбєлхуєцєг — Уасгергий, Йе ’ндзиуаргин мадє — Мадємайрєн, Є киндзхонтє — сєумон изєдтє, Є изєйрон идаугутє, Йеци киндзє ци бони фарни нєхстєр кодта, Аци киндзє дєр ой бони фарни ранєхстєр уєд. Уєд къохбєлхуєцєг ниуазєн исахуадун кєнуй, єма уєд кизгє дєр дуує загъди фєззєгъуй: — Бинонтєн куд он уарзон, Куд син нє он сайон, Хуарздзинадєбєл косєг — мє зєрдє, Тухгин кустєн федар — мє цєнгтє. Мє нивє 6а — радєтт-бадєтт, Хуцау мин еци асонд раттєд. Сафа, уєларв Сафа, Фєндараст мє фєккєнє, Устур нивє мємє єркєнє. Єма гъеуєд ранєхстєр уй кизгє е ’носи хєдзармє. Тургъємє ку ранєхстєр уй, уєд адєн зарунцє, ковунцє; топпитє єхсунцє, гъазти кафунцє, єртє бони дзи фєгъгъазунцє. Ордиги єндємє цєрун, хуєрун байдайунцє. Ныффыста йє Темыраты Данел, 25 октябрь, 1912 аз. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 14, папкє 17, ф. 680—683. 333
КИНДЗИ КУВД — Цєй, маха, Хуцауи адєм, Хуцаумє исковєн! Хуцауєй хестєр неке ’й, ’Ма табу йе ’стурдзинадєн, Уєдта йе ’сконд изєдтєн; Йеу къуар анзи сє єд хєстєг, єд хецон Сєрєгас ниууадзєд. Нур 6а, мєнє йеу саби сувєллон Киндзи цєуй; Уой туххєн Хуцаумє исковєн. Дуує хєстєги нивгун бони Бакаййес кєнєнтє, Муггагмє хєстєг Єма зєруємє каййес. Уасгерги ’ма Нигкола Каййес рафєлдисєг єнцє. Нивгун бони бакаййес кєнєнтє! Нур дуує муггаги Кєрєдзей муггагєй муггаг райсєнтє! Кєрдєг єма фєсалє куд хєлємулє єнцє, Уотє хуєрифурт єхсєнтє куд исонцє. Хуцауи уарзон адєм Дуує муггагей астєу Хуєрємбєлєг разинєнтє! Нур фєндараст фєууєд ує къохєй; Ами дєр фес куд ниууадза, Уордємє дєр нивє куд фєххєсса; Бинонтєн уарзон куд уа; Гъєубєстєн лимєн куд уа; Каркау — хъєболгун; Арсау — бєдолгун; Нивє ’ма амондєй си бацєрєд! Нивгун бони сємє єрфестєг уєд; Муггаг си исуєд! Дуує адєймаги иснивгун уєнтє, Се ’мбєстє, се ’нгарти астєу Цєунгъон, зєгъунгъон куд уонцє! Єгадє єма єнамонд ма исуєнтє! Фал нивє єма амонд ка райста, Уони ємбал исуєнтє! Сє нивєрзєни рагъбєл уарзонєй фєццєрєнтє! Уасгерги ’ма Нигкола финдзи цєуєнтє, Фєстємє сємє гъєуай кєнєнтє! Ныффыста йє Дзагурти Губади. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 139, папкє 104, ф. 105—106.
ХИСТЄРЫ РАСИДТЫТЄ ИРОН ЧЫНДЗЄХСЄВЫ Хуыцау, дєуєн єхцон фєуєд!.. Оммен!.. Тбаууацилла, дєуєн єхцон фєуєд! Оммен!.. Уастырджи, дєуєн єхцон фєуєд! Оммен!.. Хуыцау, єппєт дєр дє хъуыддєгтє сты! Оммен!.. Кєд дыуує мыггаджы искуы хорзєй хєстєг бакодтой ємє кєрєй-кєронмє рєсугъдєй фєцардысты, уєд уый ємбал Туаты дєр ємє Моргуаты дєр фє- кєн!.. Оммен!.. Дыуує мыггаджы дєр кєрєдзийы уарзгєйє куыд фєцєрой... Хуыцау уый зєгъєд! Оммен!.. Чындз цы Бынатыхицауєй рацыд, уым амонд куыд ныууадза! Оммен!.. Цы ног бынатмє ’рбацыди, уырдєм ног амонд куыд єрбахєсса! Оммен!.. Ємє амондджынєй куыд фєцєрой! Оммен!.. Сыхбєстєн адджын куыд фєуа!.. Оммен!.. Хъєубєстєн адджын куыд фєуа!.. Оммен!.. Єппєт хъєубєстєй дєр амондджын куыд фєуа... Оммен!.. Сыгъдєг Алардымє дєр бакувєм!.. Оммен!.. Фырау хъєбулджын куыд уа!.. Оммен!.. Каркау — бєдулджын! Оммен!.. Бєласау уидагджын куыд уа!.. Оммен!.. Домбай хєрєфырттє дыуує мыггаджы куыд ауадза! Оммен!.. Ахєм амонд Хуыцау раттєд!.. Оммен!.. Цы ’фсымєрты къухтыл єрхєцыд, уыдон сє хойы амондєй сє худтє бєр- зєндты куыд хєссой! Оммен!.. Уєларвон зєдтє!.. Оммен!.. 335
Зєххон дзуєрттє!.. Оммен!.. Афтє чи загъта, мє ном ссарєнт кадджын ныхєстимє, Уый хорзєх сє уєд! Оммен!.. Хуыздєр арфє єз ракодтаин, Оммен!.. Хуыздєр арфє мєнє уыцы дыуує сабийєн! Оммен!.. Хєрзты хєрзтє сє куыд фєуа!.. Оммен!.. Адємы фарн уый саккаг кєнєд! Оммен!.. Бирє куывдєй бирє хорз хуыздєр у!.. Оммен!.. Ємє сын бирє хєрзтє Хуыцау ракєнєд! Оммен!.. Чындз хистєртєн барон куыд фєуа! Оммен!.. Чындз хъєубєстєн уарзон куыд фєуа! Оммен!.. Йє царды бонтє кєрєй-кєронмє цинтимє, адджынєй куыд арвита, Оммен!.. Гъєтт, кєстєртє!.. Чи ує сєрєндєр разына, Уый-иу кувєггаджы хорзєх уєд ємє-иу ацаходєд!.. Радзырдта йє Уыртаты Махарбег Батырбеджы фырт, 34-аздзыд. Ор- джопикидзе, 5 февралъ, 1961 аз. Ныффыста йє Хъараты Антей. ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ КУЫВД Єртє чъирийы, физонєг фынгыл, бєгєныйы къус фынджы хистєры къухы ємє уый кувы: — Иунєг кадджын Хуыцау, не Сфєлдисєг, ды нє радтай, ды нє скодтай, дє хорзєхєй хайджын куыд уєм, уыцы амонд нын ратт. Хуыцауы уарзон Уастыр- джи, табу дєхицєн, цы дыууує мыггаджы тыххєй кувєм, уыдоны бирє азтє кадджын ємє амондджынєй фєцєрын кєн, дзыллєты ’хсєн кадджын куыд уой, уыцы арфє сын ракєн. Адємимє кадджын куыд уой, уыцы арфєгєнєг фєу. Удыхай дєттєг Уастырджи, амондджын удыхай сє фєкєн кєрєдзийєн. Йє акъахдзєф фєрнджын куыд уа, єхсары бєсты йєм єфсарм куыд уа, ныхасдзуан куыд нє кєна. Мадымайрємы лєварєй хайджын куыд уа, дыуує мыггаджы ’хсєн бирє азтє ємє бирє рєстєджытє фаг куыд уой, ахєм арфєйаг сє фєкєн! Йє бєсты бардуаг — бынатыхицау! Ды фєрнджын куыд уай, дє ног биной- наг амондджын куыд уа, царды хорзєй рєвдыд куыд уа, уыцы арфє йын ракєн ємє амондджын бинойнаг фєуєд. Рыны бардуаг, дє рын, дє сонєй хызт куыд уа, цард ємє амондєй та дыуує мыггаджы баст куыд уой, ахєм амондджын єй фєкєн, фарн ардєм єрхєсс, фарн та уым ныууадз. 336
Фыддзєстыг цєстєфтыд уєд, фыдзєрдє зєрдєскъуыд уєд, ды та кадджын ємє адджынєй дє цардыл куыд уай, дыуує мыггагєн єнусон бєттєг фєу, нє бєсты бардуаджы хорзєх дє уєд ємє кувєджы куывдау нє куывд барст фєуєд. Радзырдта йсе Фидараты Алыксандр, 80-аздзыд, 1969 аз, Зсеронд Бсе- тєхъойыхъєу. Ныффыста йє Фидараты Аллє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. КУЫВД Уо, Хуыцау! Баххуыс кє. Хуыцау, иу дєхєдєг, дыккаг дє зєдтє ємє уыл мєнє ацы дыуує уды фєдзєхсєм ємє сє ує фєдзєхст бакєнут. Сє бацардєй куыд нє фєкєной фєсмон, афтє куыд скєной цєсгом сє ный- йарджытєн ємє се схъомылгєнджытєн, дыуує мыггаджы уыдоны уарзонєй буз- ныг куыд уой ємє бирє куыд уарзой кєрєдзийы. Фылдєр сє чи уарзы — уыдоны фєндиаг, чи сє нє уарзы, уый та сын сє хорздзинєдтєм куыд кєна бєлгє, хєстєгмє сєм куыд нє кєна уєндгє — Хуы- цау, уыцы арфєгонд сє фєкє. Уо Уастырджи! Бєрзонд у дє бадєн хох, ма сє фєкєн дє хорз арфєтєй рох. Дєу рауадзгє хорз уынаффє бакодтой ацы дыуує рєзгє уды ємє сєм єрба- лєуу хєстєг, бацєрынмє сын ратт рєстєг. Уо, Мыкалгабыртє, Реком! Раздахут сєм уе ’ргом. Фыдбылыз сафєг стут ємє сє фыдбылыз куыд уа дард, амонд сєм куыд уа хєстєг, сойгом ємє мыдєв- загєй куыд фєкєной цєргє, зєххы сойє исты куыд бакєной хєргє. Сє царды бонты фылдєр куыд кєной хъазгє, уєрєх сын куыд уа фєндаг размє, сє сєр єнємастєй куыд хєссой базмє — ахєм арфєгонд сє фєкєнут! Уо, Бынаты зєдтє! Ацы саби ує бынєй цєуы, цы бынєттєм цєуы, уыцы бынаты зєдтє йє хорз куыд бакєной рєвдаугє, бинонтє дєр єй куыд бакєной уарзгє. Бєстыл ис иунєг, йє ном хуыйны зивєг ємє уымєй куыд кєна тєрсгє, єгаддзинад йє сєрмє куыд нє єрхєсса — Бынаты зєдтє! Ахєм арфєгонд єй фєкєнут ацы сывєллон чызджы. Каркау — бєдулджын, Арсау — къєбутджын, Бєласау къабузджын ємє уидагджын — ахєм арфє дєр ын ракєнут! Радзырдта йє Гєцойты Гаврил Сидєйы фырт, 68-аздзыд, 1969 аз, Мичурины хъєу. Ныффыста йє Гєцойты 3. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. КУВД Йе, Хуцау, дєуєй хестєр неке ес, єма дин табу уєд. Ковєн дємє, єма мєнє аци саби рафєндараст уєд. Ци дуує муггаги бахєстєг єнцє, уони муггагмє хєстєг фєккєнє. Ци дуує уоди бауарзтонцє кєрєдзей єма исеу кодтонцє сє цард, етє єносмє євєсмонєй куд фєццєронцє, уєхєн амонд Хуцау раттєд. 22 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 337
Бєласау цардмє уедєгтє рауадзєнтє. Бинонтє єма хєстєгути 6а адгин єма амондгунєй дарун куд фєразонцє, уохєн хъарє сємє уєд. Йе, Хуцау, аци сабийтєн сє зєрдитє — раст, ка нє сє уарза, уомєн 6а є зєрдє — баст. Уотемєй ує Хуцау амондгун искєнєд. Радзырдта йє Мудойты Саринкъа Годайы чызг, 62-аздзыд, 20 декабръ, 1967 аз, Дигора. Ныффыста йє Базаты Бэлє. Салєгаты Зояйы ємбыр- дгондєй. ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ ЗАРЄГ Ой, фєцєуєм уєм, фєцєуєм, Ой, амондджын къах фєхєссєм! Ой, уе ’хсєв хорз уа, нє фысымтє, Ой, єгас фєцєуой уазджытє! Ой, арфєгонд уєнт бєлццєттє, Ой, хъєлдзєг нын уой уазджытє! Ой, фарнимє уєм фєцєуєм. Ой, амонд немє фєхєссєм! Хъуыддєгтє амондджын єрбауой, Ой, рєствєндєгтыл фєцєуой! Ой, хорз ємбєлєг ныл сємбєла, Ой, хорз арфєтє нын ракєна! Ой, не ’мбєлєг — хєрзємбєлєг! Уєлє хъєды давонджын! Ой, нє хъуыддєгтє — амондджын! Цєй, уазджытє, рєствєндаг, Ує фєндонєй фысымтє хєрзєхсєв! Махєн хорз, ємє не ’мбєлєг Амондджын бинойнаг фєуыдзєн! Амондджын бон араст уєд, Амондджын къахдзєф акєнєд! Сырддонцъиу бєласєй ратахти, Бєласы къалиуыл абадти. Чындздзон чызг хєдзарєй рарасти, Иннє хєдзармє бацыди. Фарн фєцєуы, не ’фсинтє, Хєрзємбєлєг єрбаут! Уазджыты хєдзармє бакєнут, Дзєбєхцєстєй сєм ракєсут! Радзырдта йє Хъесаты X., 1936 аз, Захъхъа. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 24, папкє 71, ф. 12. ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ ЗАРЄГ У єй-єри-уєрєйдє-ри! Зєлдаг єфсин куы рарастис, Єфсинтєм ма єнєскойє цы баззадис? Фарн фєцєуы амондимє, Дард нє цєуы, — амон-иу ын. Не ’мбєлєг — хєрзємбєлєг нє фєндагєн, Иунєг хойєн єрбалєууыд єртє ’мбалы. Єфсинтє рарвыстой сє бєлццоны. Кувынц ын: «Фєцєр дє царды євєсмонєй, Фенєг лєг хєд-зонд у ныффыссынмє, Не ’мбєлттєн єнцон у нє фысыммє». 338
Фысымтє фєцух сты сє бєлццонєй, Чындз дзыхєй нє дзуры, Зєгъут-ма, лєппутє, Уый кєй єфсонєй. Фысымтєн — хєрзбон, уазджытєн — фєндаг. Сє иу дєр куыд нє уа йє царды хъєстаг. Урс бєлон уєлдєфы фєуєлгоммє, Рєсугъд чызг рарасти йє уєрдонмє. Рахызти хєдзарєй нє чындз, Сыхбєстє иууылдєр уазджытєм кєсынц. Ратылди кєрты сє уєрдон, Фысымтєн зєгъынц хєрзєбон. Уазджытєн фєхицєн симдєй сє хъаст Кємєн дзурдзєн йє зєрдєйы маст. Арфє ракєнєм нє лєуджытєн, Фєрнєй фєцєуай нє иунєг хо дє уєрджытыл. Радзырдта йє Цєгєраты Созырыхъо Аяексегш фырт, 83аздзыд, 1985 аз, Хидыхъус. Ныффыстой йє Годжъщаты М. ємє Тедеты Р. Цєгат Ирыстоны паддза- хадон университегп, уырыссаг литературєггы кафедрсегш архив, 1985 аз. ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ ЗАРЄГ Гъей, нана, дє райсом бонырдєм, уєрєйдє! Гъей, нана, чындзхєссєг удхєссєг куы у. Ныр дын дє рєсугъд хъєбулы хєсгє куы кєнєм. Ой, нана, дє райсомєй раджы бадєг цєугє куы кєны, Йє фєстє ма цы хуртє уындзынє?! Дє тєнєг фєрстє байхєлой, нанайы зєронд... Хурау дын худгє чи кодта, стъалыйау єрттивгє, Уый дын дард балцы цєуынвєнд куы скодта, Уєд дын цєй фєрсты фидар ис? Райсом дє дуармє куы ракєсай, Ємє дє райсомєй раджыстаг, Дє изєрєй єрєгмєхуыссаг буц чызгєн Йє лыстєг куыстытє дє зєрдыл куы ’рбалєууой, Уєд ма цы кєндзынє, цы, нана! Де ’зєрєй уатгєнєг, дє райсомєй уатисєг Дард балцы куы цєуы, Ныр дын абон хєрзбон куы зєгъы. Усгур лєппутє дє дуєртты Нал ауайдзысты, нанайы зєронд! Ой, нана, дуарєй къєсєрмє кєуыл не ’ууєндыдтє, Уый дын єцєгєлон мыггаг хєсгє куы кєнынц. 339
Ой, нана, къуыммє ма кємє кєсдзынє? Бонрєфты дє тагъд цума, де ’нєзивєг дондзау Дардмє йє къабаты чындзы куы цєуы, Мах дын де ’нєзивєг чызджы чындзы куы хєссєм, — Рацєттє-ма кєн буц хєринєгтє. Рахєсс-ма нын, нана, иу авджы дзаг цъєх арахъхъ! Сау бєгєны куысийы мидєг сєрсєргєнгє. Уой, нана, ныр де ’хсєв артнуєрдєг, Дє райсом артгєнєг, ой, нана, Гъе-гъе, ныр дын єй хєсгє куы кєнєм. Гъе-гъе, мєгуыр дє бон кєндзєнис, Ныр бон ивайын байдыдта, — Бацєттє кєн дє буц хъєбулы. Лзарыдис сей Мырзаганты Батырбег, 21 сентябръ, 1936 аз, Куырттат, Хсерисджын. Ныффыста йє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 24, папкє 71, ф. 8. НАНАЙЫ ЗАРЄГ (Вариант) Уой, нана, дє дзєбєх цєстєй нєм ракєс Мєнє дє уарзон уазджытєм. Дє уарзон лєппу ус куы хєссы, Дє уарзон чызг та чындзы куы цєуы. Де ’зєры уатгєнєг, Дє сєууон артгєнєг Чындзы куы цєуы. Рахєсс нын хъарм арахъхъ, Рахєсс нын физонєг, акувєм Хуыцауєн, Адємєн — хєлайраг, мах та — фєндараст. Радзырдта йє Дзусаты Пленка, 14 февралъ, 1922 аз. Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 45—1, папкє 21, ф. 102. НАНАЙЗАР (Вариант) Цєугє, цєугє, ує, єра-уа, Райд-уа, рауа-уарайда, уай! Уасгерги ’ма Нигкола, финдзи цотє, Фєстємє йимє гъєуай кєнтє! Гъєй, нана, дє боцхаст кизгє Киндзи ку цєуй, Де ’зєйрон уатгєнєг, Дє сєумон уатесєг, 340
Де ’зєйрон артгєнєг, Дє сєумон артгєнєг киндзи ку цєуй. Хуарз фєндарастбєл баковє! Фєндагбєл фєндараст. Аци адєми кувд дин ибєл єрцєудзєнєй, Бууати цардамондєн бацєрдзєнєй. Ныффыста йє Дзагурти Губади. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив. ЧЫНДЗЫ АЦЄУЫНЫ ЗАРЄГ (Вариант) Хъємє цєуєм, хъємє цєуєм, Уари-уєри-ра-рє. Кєдєм цєуєм, хъємє цєуєм, Гъей-уєрєйдє, рирє, уєри-рє. Бынатыхицаумє бакувєм, Уєри-уєри-рарє. Уєй, фарн фєцєуы, зєгъы, амондимє, Уєри-уєри-рарє, уєрєйдє. Ує, уе ’хсєв хорз уа, нє фысымтє, Уєри, уєри-рарє. Ує, фарн фєцєуы амондимє, У єри-уєрида-дє. Уєй, фарн фєцєуы уєдє амондимє У єри-у єри-дадє. Уєлє халон бєласыл фєдєлгоммє, Уай, уєрєйда-райда. Рауай, чызгай, нє уєрдонмє, Уєрєйдє-ридє, ридє-да. Уай, нана, дє буц чызг, зєгъы, Чындзы фєцєуы. Уай, нана, мєнє уазджытє, зєгъы, уазджытє. Уай, нана, дє райсомы уатисєг, Ує изєр уатгєнєг фєцєуы, зєгъы, Уай-уєрєйда-райда-ра. Уай, нана, райсом ма дын дє хуыссєн Чи фелвасдзєн, Изєр ма дын дє хуыссєн Чи бакєндзєн?! У єрєй дє-ридє-ридє. Гъей, нана, дє райсом єфснайєг, Дє изєр артгєнєг фєцєуы, Уєрєйдє ’мє райдє. Гъей, нана, уымєй ма фєтєрс — Мах ын єндєр йє бынатмє єрдавдзыстєм. 341
— Уай, нана, уазджытє, уазджытє! — Гъай, уыдон уазджытє куы нє сты — Фєлє удхєсджытє сты. Хуыцау, ды єххуысгєнєг у. Радзырдта йє Уыртаты Ахмєт. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия, 27 июлъ, 1959 аз, Хъахъхъєдур. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, папкє 117, ф. 29—31. ЧЫВДЗЫ ЦЄУЫНЫ ЗАРЄГ Дєлє быдыры чындз єрцєуы, Йє иу уєхскыл — хурты хуры тын, Йе ’ннє уєхскыл — мєйты мєйрухс, Уыцы боны чындз нывджын уыдзєн, Уымєн йє къухылхєцєг рєсты Уастырджи, Йе ’мдзуарджын та — Мады-Майрєм, Йє чындзхєсджытє — сєууон зєдтє ємє дауджытє, Гъе, уыцы боны фарны Ацы чындз дєр Хуыцау фєкєнєд! Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 33—34. КИНДЗИ НЄХСТЄРИ ЗАР (Вариант) Гъе, дєлє, гъе, дєлє йерєг исцєуй; Киндзє цєуй, Йеци киндзє є йеу усхъєбєл хорхусинттє, Йе ’ннє усхъєбєл хєссуй зурнавдєнтє. Уомєн є къохбєлхуєцєг Уасгерги, Йе ’ндзиуаргин фидє Нигкола, Йе ’ндзиуаргин мадє Мадє-майрєн. Уомєн є киндзхонтє изєдтє, идаугитє, Гъетє ци бони фарни єрхудтонцє, уомєн ємбал аци киндзє дєр фєууєд. Радзырдта йє Дзарданты Дзаххо. Чырыстонхъєу, 18 март, 1927 аз. Ныффыста йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 158. АЛАЙ Фесгун єма нивгун бон, Уєй, алай, уєй, алай! Єнє уадє фєлмєн хор, Уєй, алай, уєй, алай! Адємлимєн зєрбатуг,
Уєй, алай, уєй, алай! Мах фєххонєн хєдзарєн, Уєй, алай, уєй, алай! Хестєр, кєстєр зонагє, Уєй, алай, уєй, алай! Медхєдзарє — сойнє, муд, Уєй, алай, уєй, алай! Синхи єхсєн — дзиуарє, Уєй, алай, уєй, алай! А 6а уєхєн уодзєнєй, Уєй, алай, уєй, алай! Мах фєххєссєн хєдзарєн, Уєй, алай, уєй, алай! Фесгун єма нивгун уод, Уєй, алай, уєй, алай! Авд авди гобєнттє, Уєй, алай, уєй, алай! Аст асти гъєдздзєлттє, Уєй, алай, уєй, алай! Ности кири уодзєнєй, Уєй, алай, уєй, алай! Єфсинаг єма хецайуаг, Уєй, алай, уєй, алай! Уорс зєлдагєй — курєттаг, Уєй, алай, уєй, алай! Тинтикъийєй — цохъайаг, Уєй, алай, уєй, алай! И кєстєртєн — дессєгтє, Уєй, алай, уєй, алай! Дєлфадбєстє, астєубос, Уєй, алай, уєй, алай! Сєхъе гъунєй — гъунконбос, Уєй, алай, уєй, алай! Є данбацайєн зєринбос, Уєй, алай, уєй, алай! Ныффыста йє Тардаиты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», выи. 2. 1927, ф. 150—151. ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ ЗАРЄГ Цєй, Бынаты хицау, Фєндаграст нє фєкєн! Уастырджи! Фєндаграст нє фєкєн! Амонд ам куыд ныууадзєм, — Амонд йє ног бынатмє фєхєссєм! 343
Уєлє, дам, халон фєуєлгоммє, Рауай-ма, чызгай, мє уєрдонмє! Ой, фєцєуєм, чындз фєхєссєм! Уєй, уєрєйдє, чындз фєхєссєм! Радзырдта ггє Хъантемыраты Дуся, 68-аздзыд, 1974 аз, Хъобан. Ныф- фыста ггє Бекмєрзты Ларє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон универсгинет, уырыссаг ємє фєсарєгг- наг литературєггы кафедрєйы архггв, 1974 аз, № 18. МЕДМОСИ ИНАЙЄ Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Иуазгутє — фєндараст. Фусунтє — хуєрзє бонє! Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Єфсинємє базарєн, Нє ковєггаг сау бєгєни, Цъєх авги дзаг цъєх арахъхъ, Фезонгутє цєхцєхгєнгє, Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Єфсин єй рарветдзєнєй; Хецау єй раковдзєнєй, Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Нє готєнттє рєстефтонг, Тотуригурд сау галтє Уонєбєл йефтигъд ку уодзєнєй... Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Даргъ ауєдзє, фєтєн хумтє Кєд ку кєндзинан! Нивгун нємуг багєлдздзинан, Хуарзад фєууондзинан, Истур кувдтитє ’й ку кєндзинан, Фарни зар уєд кєндзинан. Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Єфсатимє базарєн: Фєндаггаг нин ку дєтдзєнєй Къєлєлдари сєгтєй сєдсигон саг! Медмоси инайє, Арси луби лупп-лупп! Радзырдгпа йє Тугъагпны Тєгнєрхъан, 1921 аз, 23 октябръ, Дзєу- джыхъєу. Ныффыста йє Дзагургпи Губадгг. ЦИГСИИ-гш архив, фоггд Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, фй. 191—192.
ЧЫНДЗХЄСДЖЫТЫ ЗАРЄГ* Уєй, фєцєуєм, дам, фєцєуєм! Ує-уєй, фєцєуєм фарнимє! Уєй, амондджын къах уєм фєхєссєм! Ой, ує, уєрєйдє, фарнимє. Ой, фысым, дам, амондджын! Ує уєй, фарнимє фєцєуєм! Фєрнджын бинойнаг уын єрхастам! Уєй, амондджын уын єрбауа! Уєй, арфєгонд уєнт бєлццєттє! Ой, хъєлдзєг уат, уазджытє. Радзырдта йсе Фгъдараты Дзанхот Инусы фырт, 70-аздзыд, 1975 аз, 2 ггюнъ. Ныффыстой йсе Фидараты Юхансе семсе Тамарсе К. Цсегагп Ирыстпоны паддзахадон универсггтет, уырыссаг литературсейы кафедрсеггы архгш, 1975 аз. СИМДИ ЗАР (Киндзє єрхонгєй) Дєлє-ма нин и хєрємегъє єрбацєуй, Уєй, уєй, уай, єрсеметє, дзєбєх, єнгєрттє. Мєнє нєбєл цийнє єрцудєй, Дзєбєх єнгєрттє, аци цийни туххєй, Єнгари туххєй бацийнє кєнтє. Аци гагидау аци єнгєртти фєууєд. Иссеметє, иссеметє, єд лєхъуєн, єд зєронд, Аци ниуазєн баниуазетє, аци єнгарти туххєй, Хуцауи хуарзєнхє иссердзиайтє. Иссеметє, иссеметє, гъей уайрєу-уайрєу, Уєйтє ’ма дин уєриау. Фєйнє-фєйнє нин раттетє... Сєхе хуми єрєуєдєй, сє бєгєни бєргє адтєй. Иссеметє, иссеметє, єйтє ’ма дин уєриау. Сє фусти уєлдай аст адтєй, Мєнє ци дессаг — сє бєгєни маст адтєй. Иссеметє, иссеметє, гъєйт єма дин уєриау. Сє киндзи нивєрзєн єртє орс бази, Гъєйтє ’ма, иссеметє, єнгєрттє, Уєлє къоли къєпинє кизгє, єфсийнє. * Ацы зарєг фєзарынц, чындзы хєдзармє куы фєкєнынц, уєд. 345
Хєфийнє, гъай-гъай, уєриау, иссеметє. Зєронд зин дарєн єй, цємєй зин дарєн єй, Цємєй зин дарєн єй? Йе стєг хириз єй, Є цар хєбєл єй, арахъ ниуазагєй, Къєрес нє хуєруй. Гъєйтє, мах 6а иссемєн ємсинд Аци ємгари туххєй фєйнє синди Єма баниуазєн фєйнє-фєйнє, Ує, ура, уєй дела-рупп! Радзырдта Хъиргъуты Майрєм. Ныффыста йє Толасты Геуєрги, 1927 аз, 2 нояоръ, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №17, ианкє 9, ф. 64. АЛАЙ Є, мєнє хуарз єрцудєй! Никкидєр, є, мєнє хуарз єрцудєй! Фесгун бони киндзє цєуй, Ауєхєн дессаг киндзє некєд фєууиндєй! Є фиди хєдзари фарнє ниууагъта; Є цєрєн хєдзарємє фарнє хєссуй; Є киндзє ’мбал рохс Тєтєртупп; Є киндзє ’мбал кизгайти кизгай; Мадє-Майрєн ин унафгєнєг; Є рахес фарсєй зурн’ айдєнтє. Ауєхєн киндзє некєд фєууиндєй! Є дєллагхъуртєй хортє кєсуй; Є цєститє — стъалутє; Є тєрнихєй дєр фарнє кєсуй; Є сєри астєуєй мєйтє кєсуй; Ауєхєн дессаг киндзє некєд фєууиндєй! Уєхєн дессаг киндзхонтє дєр некєд фєууиндєй! Нарти Уєрєзмєг син къуарди хестєр, Уєхєн рєсугъд къуард некєд фєууиндєй! Дессаг киндзєхсєвєр дєр аразунцє! Хєсгє галтє си фєхсунгондєй; Хєсгє нєлфустє си фєхсунгондєй; Стур дугъосгутє си сау бєгєни; Нарти Сатана син фєрзеугєнєг; Нарти фєсевєд син урдугистєг; Нарти Сослан син зшафгєнєг. Некєд фєууиндєй уєхєн рєсугъд къуард. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фътт, 1926 аз, 14 фев- ралъ, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Гуоади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 63. 346
АЛАЙ ЗАР (Вариант) Уой, алай, зєгъетє, Уєй, алай, уой алай! Мєнє фестгун хєдзарєй киндзє ку цєуй! Уой, єма, уацє Уасгерги є къохбєлхуєцєг єй. Уой-уой, Мадє-Майрєн 6а є дигиза єй! Уо-уой, алай зєгъетє! Уой, алай, фестгун бон! уо-уой, є йеу усхъєбєл зурнє авдєнтє; Уо-уой, йе ’ннє усхъєбєл хори тунтє; Уо-уой, єма уєлхор изєдтє Уой, є киндзхонти къуард! Уо-уой, Єстулий зєронд ковгутє є ковгутє! Уой, єстур нивє єрхєсдзєнєй, Уой, єма йе ’фсинємє. Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан. Ныффыста йє Дзагурти Губа- ди. 1921 аз, 6 февралъ. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 139, папкє 104, ф. 104. КИНДЗИАЛАЙ (Вариант) Уєй-алай, алай, А ба уєхєн уодзєнєй, Хєдзарєн адгин уодзєнєй, Синхонтєн айдєнє уодзєнєй, Бєстєн киунугє уодзєнєй. Ныффыста йє Собиты Инал. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, флъклор №11, панкє 67, ф. 363. ЧЫНДЗЄХСЄВЫ ЗАРЄГ Цєй, Уастырджимє бакувєм. Мєнє нє хистєртє сєрмє кувынц, Нє єфсинтє фиумє кувынц, Нє рынчынтє басмє кувынц, Нє чызджытє цєрттєм кувынц, Нє сывєллєттє къєхтєм кувынц. Ратт нын, дє хорзєхєй, хорз Уастырджи, Уєлє Сау хохы сыкъаджынтєй*, * Дзєбидыртєй. 347
Уєлє Урс хохы ємбєхсгє дзєуджытєй*, Сау хъєды пыхцыл сыкъаджынтєй** , Уєд та цєцєны даргъ идонджынтєй***, Йє дєлє уырысы даргъ сєрбосджынтєй**** , Йє Асыйы урсдзых єхсынтєй*****, Йє Бадилаты даргъ дысджынтєй, Йє Уєлладжыры фєлмєн кєйнєхтєй, Йє Куырттаты урс сєрбєттєнджынтєй, Йє Тєгиаты тасгє астєуджынтєй, Йє Санибайы сырх хєлаф уарзєгтєй, Йє Арвы комы паддзахы хєзнатєй, Йє гуырдзыйы схъєл къєдзилджынтєй... Радзырдта йє Хъалсегаты Иналдыхъо, 27 май, 1920 аз, Джимары. Ныф- фыста йсе Темирхъанты Сослан. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 109, папксе 94, ф. 3. ЧЕПЕНАИЫ ЗАРЄГ Уой, уой, ємє чепена, Уой, чепена!****** Галиу къахєй чепена! Чепена дєр чи нє ’ркєна, Уымєн йє хъуг амєлєд, Йє ус хъєдмє алидзєд, Нє радгєс нын нє бєззы, Нє радгєсы ранємєм, Сє цары сын хуымєллєг, Сє сєныккєн сыкъатє, Нєуєг чындзєн ныпъпъа кєн, Дє сєрыхъуын — зєбул фаст. Чепена, дам, чи нє скєна, — Йє гал хуымы ма ахєцєд. Рон халынтєй чепена, Хъазах хосгєрст ралєууыд, Алчи йє рон райхалєд Ємє йєхи адасєд. Гъеныр рєгъєй єрбадєм Ємє тымбыл рабадєм, * Сычъитєй. ** Сагтєй. *** Бєхтєй. **** Галтєй. ***** Чызджытєй (дарддєр дєр чызджыты кой цєуы). ****** Ацы базард зарын хъєуы алы рєнхъы фєстє дєр. 348
Кєрєдзимє байхъусєм Кєрєдзи ’ккєйтты бадгєйє. Кєрєдзи ’ккойє рахєссєм, — Єфсинтє ныл рахудой. Уєлємє сыстут, лєппутє, Ємє ує рыгтє рацєгъдут, Ує радгєсмє байхъусут. Куыд хистєрєй єрхуыссут, Рахиз фєрстыл єрхуыссут Ємє сын сє пъол расєрфут, Сє рыгтє сын расєрфут, — Се ’фсинєн єнцондєр уа, Кєд нын фєйнє бадарид. Цєрдєг лєуут, лєппутє, — Радгєс дуармє лидздзєни, Дзєбєх єй нємын хъєудзєни. Чызджыты радгєс сардыдта, Дуар, дам, чысыл бакєнут, Єз, дам, мєхи асайон. Ой, чепена! Радзырдта йє Плиты Гриша Никьайы фырт, 1928 аз, Сталинир. Ныф- фыста йє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор Л^ 24, папкє 71, ф. 9—11. ЄМДЗЄГЬДЫ ЗАРЄГ (Кєстєйрєгтє) Уєйтє, уєйтє, уєйтє, рєйдє Уой, рєйдє, уєрєйдє, Уой, рирє, уєйтє, рєдє, Уой, рєдє, уєрєдє. Цин єрцыди, цєл єрцыди, Уой, рєдє, уєрєдє, Кєй нє фєнды — цємє ’рцыди, Уєй, рєдє, уєрєдє. Уєлє къуыппыл уєд Сиукъатє, Уой, рєдє, уєрєдє. Єрхєссут сєм уєд сыкъатє, Уой, рєдє, уєрєдє. Дєлє комы гєнгєлытє, Уєй, рєдє, уєрєдє. Єрхєссут сєм бєгєнытє, Уой, рєдє, уєрєдє. 349
Цєхєрадоны нурытє, Уой, рєдє, уєрєйдє. Рахєссут сєм дурынтє, Уой, рєдє, уєрєдє. Къусджыты бын Цєбитє, Уой, рєдє, уєрєдє. Фендзыстєм сын сє митє, Уой, рєдє, уєрєдє. Сє хєндыджы уєд джитъыри, Уой, рєдє, уєрєдє, Фысым ує схєсдзєни иу къуыри, Уой, рєдє, уєрєдє. Сє фарсмє мын садджын адаг, Уой, рєдє, уєрєдє. Рахєссут нын адджын арахъхъ, Уой, рєдє, уєрєдє. Сє артдзєсты мын донхєссєн, Уой, рєдє, уєрєдє. Нє фысым фєци номхєссєн, Уой, рєдє, уєрєдє. Иугєйттє ’мє уєд дыгєйттє, Уой, рєдє, уєрєдє. Уырдыгєй дєлємє дєсгєйттє. Уой, рєдє, уєрєдє. Сє артдзєсты мын къєлєтджын, Уой, рєдє, уєрєдє, Сє хистєр уазєг хєйрєджджын. Уой, рєдє, уєрєдє. Сє къулыл мын хєххытє, Уой, рєдє, уєрєдє. Ралєуут сыл хєфтытєй, Уой, рєдє, уєрєдє. Сє уєлхєдзар бумбулитє, Уєй, рєдє, уєрєдє, Нє уазджытє маймулитє, Уой, рєдє, уєрєдє. Радзырдта йє Мамиты Дмитр, 3 мартьи, 1939 аз. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИТСИИ-йы архив, фольклор № 24, папкє 71, ф. 5—6. 350
НЄРТОН СИМДЫ ЗАРЄГ Єрсимут-ма тымбыл симдєй, О-рєй-дє, о-рєй-дє. Тымбыл симдєй, єнгом симдєй, О-ри-о-ри, о-ри-о-рєй-дє. Уєнгтєй рєуєг, къєхтєй сабыр, О-рєй-дє, о-рєй-дє. Къєхтєй рєуєг, уєнгтєй сабыр, О-ри-о-ри, о-ри-о-рєй-дє. Махєн нє хистєр Уырызмєг у, О-рєй-дє, о-рєй-дє. Махєн нє кєстєр Ацємєз у, О-ри-о-ри, о-ри-о-рєй-дє. Єрсимут-ма тымбыл симдєй, О-рєй-дє, о-рєй-дє. Тымбыл симдєй, къєрцц-къєрцц симдєй, О-ри-о-ри, о-ри-ра-о-рєй-дє. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 38.
НАВДЫ ШШЩАЖШМя хьагдщпа ХЪАРЄГ Ш™3 є, мє цєугє мєсыг, Ш Ує, мє лєугє хох! Я Ує, мє хъуытазхъєлєс чызджытє, Ш Ує, мє мырмырагдзых чындзытє! Быдыры фєндыртєй цєгъдинаг, Хохы уадындзєй уасинаг, Уєларвєй ме стъалыйы хай єрхаудта, Зєххыл мє кєрдєджы хал бахус и. Нє куырыхон лєгтє, нє тєрхоны лєгтє, фєзынз^т: Абон мє цєугє хох, мє лєугє мєсыг куы ныккалди, Мєйдар єхсєв боны цыд чи кодта, Уымєн дын фєлмєн комырєзтє єрвитын куы хъєуы. Ує, гуыбыннизы сулє-мутєлє, Ує, сырх Алардыйы тєппєлджытє, Уыдон дыл куы амбырд уой, — Чи дє йє нана хондзєн, Чи дє йє дада хондзєн, Дє мєрдон рын бахєрон, Макємє сє зул акєс, Макєй-иу сє бафхєр, 352
Дєхионты хуызєн-иу сє барєвдау. Мєрдты бєстє зєдты бєстє у, Уым чындздзон чызг чындзы нє цєуы, Усгур дзы ус нє куры, Чысыл дзы стыр нє кєны. Єфсєйнагєй мын фєрстє ис, Єндонєй та мыл тєлытє ис, Номы сауджын дєр мєнєн Мє нымаинєгтє нымад нє фєуыдзєн. Уым къєлєт єрфгуытє єрлєбырынц, Пылыстєг дєндєгтє, зараг хъєлєстє єрызгъєлынц, Йє кафєн къабєзтє, сєрєй, єнгом чырыны згъєлын байдайынц. Бындзыггай хаудзысты де ’рдєгдзыд рихитє дє фєтєн риумє. Уєй ємє єнєрцєф фєсивєд, йє хъал бєхєй Чи кєцырдєм ахаудта, уый куыд не сбєрєг. Кєд «дон-дон» кодтой, — топдзєф, дам, дойныгєнаг у, Ємє доны бєсты дє сау туг арєхєн банызтой. Йє бары хайє єнєбары чи ахицєн вєййы. Дє сау зачъетєй єрдєг халасєй саумєры дуар бакодтай. Дє бирєтєй єлхєды мєгуырєй ныууагътай. Дє саусєр идєдз уєгъдидонєй цєудзєни. Дє лыстєджытє хурєй хєдон кєндзысты, зєххєй дзабыр. Гъамайєн фєстаг уыдзысты, цумайєн фыццаг уыдзысты. Цєстєнгасмє кєсгєйє хъомыл кєндзысты, Мєгуыры хуртє уындзысты. Йє бары бынтєй єнєбары чи рахицєн, Лыстєгфыст чингуыты кєсынєй чи нє бафсєды, Ємє сау хъуына кємєн свєййынц, — Цы мєгуыр сты уыдєтты ныййарджытє. Йє бары хєстєгєй єнєбары чи ахицєн вєййы, «Мєн уыд ємє мєн нал у», — чи фєзєгъы, — Цы мєгуыр сты уыдєттє дєр! Ифтыгъд бєхау, ифтыгъдєй цы чызджытє баззайы, Уыдоны ныййарджытє мє ма фехъусєнт. Ує, цєугє-цєфтє, ує, хєсгє-мєрдтє, Сымахєй мєгуырдєр дзы куынє ис. Сымах ує фєлмєн хуыссєны уєхи куы нє адаргъ кодтат, Ує буц ныййарджытєн уєхи куы нє абуц кодтат, Кємєй цы дардтат, ємє ує чи ницы дардта, Уыдонимє єндон артмє куы бацыдыстут. Йє бары бынаты фєрныджы лєппу кємєн бабады Ємє йє туджы фєллой паддзахєн кємєн баззайы, — Цы мєгуыр сты! Йє бєрзонд сєр ныллєгмє кємєн єрцєуы, Сонтєй йє бєрзонд сєр кємєн єрхауы, Уымєн фыццаг йє аууонмє чи нє уєндыди, Уыдон ын йє сєры астєумє бавналынц. 23 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том
Йє фєллойыл хєдзары йє ныхбынтє чи фєхєры Сау сєрєй урс сєрмє, Стєй дзы йє къухтє йє дєлармы чи рацєвы, Уым, бєрзонд сєр кємєн ис, дарєг хъєбул, Уыдєттє дыл ныккєудзысты. Искєй сылгоймагєй афтє чи фєзєгъы: «Мєн уыд ємє мєн нал у», Йє саусєр идєдзуєгъдидонєй кємєн ацєуы: Ємє йє сидзєртє, уалдзыгон цъиутау, Цъиу-цъиугєнгє кємєн баззайынц, — Цы мєгуыр сты уыцы ныййарджытє! Удхєссєгєн йє хъєбул амєла, Кєд зєрдиаджы мард зєрдєдзєф кєны, Хуылфаджы маст хуылфєфтыд кєны. Хохєй хєтєнхауєг фестєм, быдырєй быныскъуыд. Мєгуыр, бындурзылд адємтє. Ды кєуинаг бєргє нє дє, Ды дон ємє цєххєй кєй бахордтай, Уый кєрдзынєй чи нє бахордта, Кєуинаг уыдєттє сты! Фєлє кєуинєгты дуар байгом кодтай. Радзырдта йє Дзєхаты Масинка, 1927 аз, 3 февралъ, Уєлгинскє. Ныф- фыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 45—1, папкє 21, ф. 26—28. ХЪАРЄГ Ує, мачи мыл фєхудєд, мачи, мє хуртє, Мєнє мє хєдзар куы фехєлд, Мєнє мыл кєуыны бон куы ныккодта! Ує, єфхєрды бон мын єфхєрдисєг чи уыд, Хъуаджы сахаты мын єхцайы чыссє чи уыд, Мє уыцы дарєгєй дзєгъєлєй куы баззадтєн. Ує, мє цєугє хох, мє лєугє мєсыг Бындзарєй куы ракалд, Ємє дзєгъєлєй куы баззадтєн. Ує, єркєут-ма, єркєут, хорз адєм! Ує, йє дарєг, йє уромєгєй Єнє хєстєг, єнє къабазєй Йє бирє сидзєртєн дарєгєй чи баззад, Уыдон дєр цєуылнє єркєуынц Ацы кєуинаг марды уєлхъус! Ує, йє рєзгє саби Сау арты кємєн бахауд, Ємє йє саусыгъдтытєй Сау мєрмє чи барвыста,
Уыдон дєр цєуылнє єркєуынц Ацы кєуинаг марды уєлхъус. Ує, йє рєзгє хъєбулы, Йє дарєг, йє уромєджы Ивылд фурд кємєн фєласта, Змис-гобан, дон-хъєццулєй Йє уд кємєн систа Ємє, кєсаг-мєрддзыгой йє фєстє, Афтємєй мєрдтєм кємєн бацыд, Уыдон дєр цєуылнє єркєуынц Ацы кєуинаг марды уєлхъус! Ує, сау хъєды астєу Йє дарєг бєласы бын кємєн фєци, Уазал мит йє мєрддзаг кємєн уыд, Дымгє — йє хъарєггєнєг, Сырдтє та йє кєуджытє, Афтємєй йє дарєг Мєрдтєм кємєн бацыдис, Уыдон цєуылнє єркєуынц Ацы кєуинаг марды уєлхъус! Ує, йє дарєг, йє уромєг Сау хєсты быдыры сау знаджы цєфєй, Єнє цєстытыл єрхєцєгєй, «Дон-дон» кєнгєйє, єнє дон раттєгєй Мєрдтєм кємєн бацыдис, Уыдон дєр цєуылнє єркєуынц Ацы кєуинаг марды уєлхъус! Фєлє, мє бон бакєла, мє бон, Кєд мєрдтєй кєуынєй Раздєхєн никємєнуал ис, уєд! Ємє ма дыл єз уымєй фылдєр Куы фєдзурон, уєд мє дзурєн дзыхєй Мєртє ємє дуртє фєхєрон. Ныффыста йє Мамсыраты Дєбе. Йє радзурєг бєрєг нєу, «Ирон адє- мон сфєлдыстад», хрестомати, Дзєуожыхъєу, 1949, ф. 45—46. УСДЖЫНЫЛ ХЪАРЄГ Дє тєригъєдтє мєгуырєй ныууагътай. Де ’мгєрттєм дє сидзєртє къулєй кєсынц. Де ’мгєрттєм дє гыцци къулєй кєсы. Домбай хосдзау кємєн вєййы, ємє фєлтєры кєрон Йє цєвєг кємєн баззайы. Мє бирє дарджытєй иунєджы мєты баззайон. Домбай дарджытє чи фєхъомыл кодта, Ємє сє мєгуырєй чи баззади. Дє сидзєртє мєгуырєй баззайой, 355
Дє чызгон идєдз тєригъєддаг фєуа. Мє бирє фыдбонтє, мє бирє тухєнтє Мє зєрдыл єрбалєууыдысты. Радзырдта йє Къадзаты Сачерє Сгшоны чызг, 80-аздзыд, 1932 аз, 12 июль, Тли. Ныффыста йє Реуазты Е. Т. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23—2, папкє 15, ф. 290. СИДЗЄРГЄС УСЫ ХЪАРЄГ Мєгуырєй баззадтєн, мє сау рєхыс хурмє рахастон, мє быны лєдзєг мє къухмє райстон, бєх бындар ємє сыл бындарєй баззадтєн. Мє зынг ныххуыс- сыд. Ды цєуыс зынгхуыстытєм. Мє сыл бындартє хур-ныхасы баззадысты єнє дарєгєй. Мєгуыры бон мыл єркодта, чемє ма цєрдзынєн?! Хур-ныхас мє бадєн у, хур-уєзєг мє фездєхєн. Кєй арты цырынєй єййафдзынєн, кєй дуаргомєй, мє сидзєрты кєй артмє батавдзынєн? Сидзєрєн — рємбыныкъєдзмє дыс, уєраджы сєрмє — фєдджи, дзаг къуымєлыстонгєй баназын нє фєуєнды, искєй чызгєй дзаг къалатийє кєрдзын райсын нє фєуєнды. Сидзєр єнцондард у: хурбоны — хуртуангєс, къєвдабон — дондзау. Цъєхснаг уис ємє йын ставд лєдзєг та бар лєвєрд ис, тагъд цумамє ’нєзивєг куы нє уа, уєд. Судзгє фєба- да! Хурєй — хєдон, зєххєй дзабыр бонджыны фосы фєдыл — йє уєлєдарєс. Амєй фылдєр дєм нал фєдзурдзынєн, судзгє фєбадай! Радзырдта йє Боциты Мамида Биасы чызг, 100-аздзыд, 1932 аз, 7 июль, Цєргєсты хьєу. Ныффыста йє Боциты Барон. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 122, папкє 38, ф. 31. СИДЗЄРГЄС УСЫ ХЪАРЄГ ЙЄ ЛЄГЫЛ Сау хохы уєззау цъити мє бєзджын цард йє бынмє фєласта. Єз сидзєрєй сидзєргєсєн ницы бакєндзынєн. Єз ныхасы муртє ємє уынджы лыстытє уидзы- нєн ницы бакєндзьгаєн. Къєвда боны лыстытє судзгє нє кєнынц, хурбоны лыс- тытє мьга арты ад нє дєттьгац. Мє сывєллєттєн дуканийы бар хъуымацєй ’нєвгъау уыди, ныр курєггаг бызгъуыртыл бацин кєнынц, сє къабєзтє сын хур куы басыгъта, зымєг мын сє ихєн куы бадомдта. Йє дойны єхсырєй кємєн уыди, йе стонг дзу- лєй, уый искєй хєдзармє куы бауайы, уєд цинєй мєлгє рауайы. Дзаг дзыппыл ахуырєй искєй цоты разєй къулбєрзєйє єрбауайы, ницы мын авєрдта, зєгъгє. Радзырдта йє Дзасохты Хъайсын Дзєрєхмєты фырт, 50-аздзыд. Ныффыста йє Боциты Барон, 1932 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 122, папкє 38, ф. 32. СИДЗЄРГЄСЫЛ ХЪАРЄГ Ує, размє куы цєудзынє, фєлє фєстємє дє сидзєртєм куы кєсдзынє, ємє де ’ндон игєртє дє хуылфы хєлгє куы кєндзысты. Дє роны къєбєртє-иу сидзєртєн куы єрбахастай. Гъенырмє дєр сыл хурєй хєдон ис, зєххєй — 356
дзабыр. Гъенырмє дєр дын афтємєй цардысты ємє дын ныр ыоджы мєгуырдє- рєй куы баззадысты! Гъеныр дєр дын хурбоны хуртуангєс уыдзысты, къєвда боны — дондзау. Ныр дын сє єнє дєу хъомгєс ємє фыййєутты фєдєтдзысты. Гъеныр ды араст у мєрдтєм, уєддєр дын сє дарєг куынєуал ис. Мах дєр сын дє цуры сындзєй халагъуд, хъємпєй арт скєндзыстєм, кєд сє баллон бирєгътє бахєриккой, уєддєр сє дарєг куынєуал ис!.. Радзырдта йє Туаты Аннускє Еснфы чызг, 60-аздзыд, 1932 аз, 7 нюль, Сатъат, Туатыхъєу. Ныффыста йє Реуазты Е. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 23—2, паикє 15, ф. 247. ГЪАРЄНГЄ Ує, берє косагє, євєллайгє! Ує, берє ка зудта, берє ка куста. Ує, єхцай бони єхцай кисє ка ’дтєй, фонси бони Фєлвєра ка ’дтєй. Ує, лєугє хонх, цєугє мєсун є бунтєй нирреза! Дзиарвєсхъє (тотєг уонтє), нарєг астєу, гур- ведауцє, саги сесбєл хуарз амад ка ’дтєй!.. Єхсєвє бонау ка хаттєй, єхсєвхє- тєг мегъємбал уа! Цъєх єфсєйнагєй цъєх бєхгин уа!.. Ує, бєрзонд фєлгє- сєнтє, ниллєг бацєуєнтє ка скодта, уонєй ка неци фєййидта! Сау лацин, бор уарий, є бунтєй рахъан уа! Ує ци мєгур дє, ци дзєгъєл фудєбєнттє фєккод- тай! Ує, дє Дигори хай дзєгъєлєй байзайв! Хуєрзхаст бєх хуєдидонєй ниф- фардєг уа! Ує, ци мєгукр дє!.. Є лєхъуєнєн уосє ка не ’рхудта, є кизгє киндзи ка нє рарвиста! Ує, ци мєгур дє! Уонємє фєббєллай, ма сє раййафай! Ныффыста йє Гарданты Михал, 1901 аз, 15 мартъи, Махческ. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, стр. 161. ГЪАРЄНГЄ Ує, ци мєгур дє!.. Йеунєги фєххизта, єртхотуг сєрєй, фунук къохєй фєббадтєй, єхуєдєг 6а инсєй ниййергєй инсєййемєй йеунєги тасєй фєццар- дєи. /Ьхсєвє сагъєсгєнгє хустєй, бонє азєлгєй бадтєй. Иеу фуси гъунєй зєлдє тунє кодта; даргъ єхсєвєн бонєй тарстєй, даргъ бонєн єхсєвєй тар- стєй є фуркосагєй! Ує, берє косагє, євєллайгє! Ує, ци мєгур дє! Болат кєрдєнгин, мисийраг содзингин, єндон содзийнау дє астєубєл басєттай. Ує, єнє уадє фєлмєн хор, бийнонти дзиуарє, дє нихтєй хумє фєккєнай! Дє барє фєллєнттєй маци фєййинай! Ує, ци мєгур дє! Йеунєгмє фєккєсай, уой цийнє бєнттє ма раййафай!.. Ує, мєгур йеунєг! Дє кустєдєхст мади фєл- лєнттє цємєй бахатдзєнє? Ує, мєгур йеунєг, ци мєгур адтє! Дє уорс дзоги фєсте хєтунєй ма бафсєдай! Ує, дє фиййаулєдзєг дзоги кєронмє сагъдєй байзайа! Ує, дє фиййаулєдзєгєй ма бафсєдай! Де ’ртєхдзєгъдєн гебена ма раййевай, ма рагєлдзай! Ує, дє уорс дзогє сау гъєди астєу дзєгъєлєй байзайа! Ныффыста йє Гарданты Михал, 1901 аз, 15 мартъи, Махческ. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Намятники народного творчества осетгт», вып. 2, 1927, стр. 161. 357
ХЪАРЄГ (Сывєллон дзуарєй куы амєлы) Аларды дєм єрцєуа, Бєрзєндты дєм єрцєуа ємє дє ныллєджыты ахєсса! Аларды дє ахєсса, ємє дє мад йє дзидзитє асур кєна Уазал донєй, ємє дын дє буц авдєн къуыммє баппара! Дє ныййарєг дыл афтидєй абада, — Гъе уый дє барєвдаудзєн. Дє дзаг бинонтєм куы цєуыс, — Уыдон дє барєвдаудзысты. Радзырдта йє Моурауты Дека Мысырбийы чызг, 140-аздзыд. Ныффыс- та йє Реуазты Е. 1932 аз, 14 июль, Лисри. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 23-2, папкє 15, ф. 43. ГЪАРЄНГЄ Є мє бои, мє бон, мє фонси Фєлвєра, мє хуари Уацелла, мє хуари уєрдун никкєла, мє уалдзєг, мє фєззєг нийхєла. Йе ’нсур єнє фастєй фєх- хєссуй, є палауон єрдєг калдєй фєххєссуй! Мє фагє цардєй євєндонєй фєццєун! Цардмє ме ’рух рахадтон єма єдзардєй фєццєун! Хуєнхти хонх- мєйрохс, будури сахир хор. Є, мє бон бакєла, хорхєтєни сау цєстє цъєх йех фєккєнуй. Уєлиау тъєфєлттє сурх бєздайємбєл пъєстутє фєккєнунцє. Фєлмєн мадє! Гъарєнгєгєнагє осємє дє гъос цъарєрєдєн ма бакєнє! Орс хъури бунтє сау калмє урзгєйттє фєккєнуй! Сау цєстє бунтєй фєкъкъахуй, бєрзонд бєхгин, бєрзонд бєхєй єнєбари ниффестєг уй. Орс дзоги хецау сау гъоми хецау, орс дзогє дзогтєй ка тардта, сау гъом къуєрдгєйттєй ка тардта. Бєрзонд бєхгин! Єхцай хурдзинтє никкєнидє орс дзогєй. Зєронд мадє, зє- ронд фидє єнє дарєгєй байзадєнцє, сегас єнє дарєгєй байзадєй! Дєдєдєй, ци ма кєндзинан, ци хормє ма цєудзинан, куд ма цєрдзинан. Кєнддєгтє, мєрддзєгтє єхе єрдиги никкодта є зєронд мадє ’ма фидєн. Уалдзєг ку ’рхъєр- ттєй, нє уалдзєги куст нин ка никкєндзєнєй?! Є, тог мєбєл ниууара! Метєн нє є тєнєгбєл феййафта, донєн 6а нє йе сустбєл феййафта. Дєдєдєй, ци ма кєндзинан. Хуар ласєг нин ку нєбал ес, сог ласєг нин ку нєбал ес. Мах ин йе ’нгєрттємє тайєн дони тайдзиан. Є, мє бон, мє бон, тагъд догъи фєууайон, ’ма ’й ємбеси фєссорон, ’ма сє раййафон. Єхсєвє кємєн нє хустєн, нур уомєй єнє хай ку байзадтєн. Галау мє сєфтгутє ку бафтудтон, каркау мє базуртє ку фєкъкъахон, маци си фєййинон уонєй. Хъалти хъал дзиуарє бєр- зєндти ку рацєуй, ниллєгмє ку ’рцєуй, гъар гъєццоли бунтє фєййагоруй. Орс хъури бунтє идзагєй фєххєссуй, къєлий къах є ’ргъуцєстєй фєххєс- суй, кєдзелтєбєл ку бацєуй, ка уєлнад фєууй, ка дєлнад фєууй, єхуєдєг 6а нє фєййинуй. Радзырдта йє Хъыргъуты Мариа. Ныффыста йє Толасты Геуєрги, 1927 аз, 2 ноябрь, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 17, панкє 9, ф. 62—63. 358
ГЪАРЄНГЄ Є, мє бон, мє бон, фєлмєн кизгєй ка байдагъєй. Є, мє бон, мє бон, дуує цъєх кизги єхсєн дорєн ниууагъта. Еуей йин нивєрзєн дорєн садздзйан, инней дин къєхти дорєн садздзйан. О, мє бон, мє бон! Де ’нгон кири фєрстє кєд ратонисє уони єрхєнєй. Кизгє-мади листєг худтєй ка нє бафсастєй. Ми- сираг содзингин, болат кєрдєнгин йеу дарєси дуує киндзи ка рандє ’й. Фєлмєн мадє цєбєл тухсуй? Хъал лєхъуєн йибєл є сера хєссєнєй, лигъз йимє дзорд- зєнєй, є зєрдє єхемє дардзєнєй, цъухи лигъз йимє дзордзєнєй, йесге хъали кизгєбєл цъухи дзурд ку бафтауа, }’єд мє гъуди дєр нєбал єркєндзєнєй. Фєл- мєн кизгє, є, йесге хъали кизгє ку ’рцєуа, ме ’гудє уатмє ку бацєуа, уєд мєрдти єрдигєй дє цирти фєрстє тондзєнє фєйнердємє. Радзырдта йє Хъыргъуты Мариа. Ныффыста йє Толаст Геуєрги. 1927 аз, 2 ноябръ, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №17, папкє 9, ф. 63. ЙЄ ЛЄППУ ИСКЄЙ КЪУХЄЙ КЄМЄН АМАРД, УЫЦЫ МАДЫ ХЪАРЄГ Искєй цєфєй сау зєхмє ныххизон! Мє нарєг астєуы комрєзтє фєкєнон! Мє марєг адємтєн доны къусыл лєгъстєтє фєкєнон! Уыдонєй мє бон куы базонон, уєд саумєрєй мє дзыхы дзаг фєисон. Єрєгвєззєджы цъєх мигъ мыл хъєццулбадт ыскєна! Уирагдурєй бєрзонд нывєрзєн, Афтємєй мє сау туджы бєгъдулєг фєкєнон! Дзурын нє фєразын, ує фєхъхъау фєуон! Мє дыуує фарсы нємыгцєф ысты ємє мын рисгє фєкєнынц. Радзырдта йє Дзасохты Хъайсын Дзєрєхмєты фырт, 50-аздзыд. Ныффыста йє Боциты Барон, 1932 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 122, папкє 38, ф. 33. ХЪАРЄГ УСГУР ЛЄППУЙЫЛ Мє усгур зынг бахуыссыд, Мє иунєг зынг бахуыссыд, Єнє дарєг фєдєн, Єнє дарєг мє ныууагътай. Бирє дарджытє чи фєхъомыл кєны Ємє сє єнє дарєг чи баззайы, — Мє усгур лєппу, мєгуырєй мє ныууагътай, Ємє дє єнє дарєг фєдєн. Хєстон адємы єхсєнєй єрцыдтє ємє дє хорздзинєдтє Адємы єхсєн равдисын дє бон нал баци: Уымєл сыджытмє сє ныххастай, 359
Быны быууатмє сє куы фєхастай. Арф ингєнмє уєззау обауы бынмє Фєцыди мє дарєг. Лєджы сєр кєм сєфы, уды знаг кєм хуыссы, Ахєм ранмє ныххызтє, єнє дарєгєй мє ныууагътай. Дє тєригъєдтє мєгуырєй ныууагътай. Радзырдта йсе Къадзаты Сачерє Симоны чызг, 80-аздзыд. Ныффыста йє Реуазты Е. 1932 аз, 12 июль, Тлийыхъєу. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 23—2, папксе 15. ф. 25. МАРОЙ Судзгє бадай, Гєздєнти, дєдєй. Дудгє бадай, Гєздєнти, дєдєй. Хъаматыл-иу куы кафыдтє, дєдєй. Сау бон мыл ныккодта дє мєрдєй, Оу, дєдєй кєнон, Алыбег, дєдєй, Алыбег! Ує, уоуой, дєдєй, ує мє бон! Дє хистаджы хай куы батар ис, дєдєй. Дє усгуры рады куы бадєлгом дє, дєдєй. Дєдєй, дєдєй, ує Мамсыр! Дє комдзєгтє єрдєгхєрдєй куы баззадысты, }’є Гєздєнти, дєдєй. Дє уєлє мигъы сау єрфгуытє кєд дє уадултєм єрхаудысты, дєдєй. Дє бємбєг буар кєд сау хъулєттє фєкєны, дєдєй. Дє кафєн уєнгтє кєд уєнджы сєрєй фєхаудтой, дєдєй. Дє сырх уадултє кєд лєбыргє фєкєнынц, дєдєй. Де ’рттиваг дєндєгтє дє комыдзаг базгъєлдысты, дєдєй. Дє къонайы хай къахырєй баззайа, дєдєй. Зєххыл дє кєрдєджы хай асау уа, дєдєй. Дє чысыл фєндтє дє хуылфы єхгєдєй ахєссай, дєдєй. Ус курын кємєн нє уал бантысти, дєдєй. Дє ныййарєг дє фєстє къонайы былыл єртхутєг бауа, дєдєй. Дє цєвєг къулыл цъєх ызгє фєкєна, дєдєй. Дє саулох бєх дєм бирє фємыр-мыр кєна, дєдєй. Радзырдта йсе Дзытиаты Пари. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт, 1938 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкє 71, ф. 78. ГЪАРЄНГЄ Ує, цєрунгъєуагє хор, мондаг уодесєг кємє єрбалєууй, уой хєтдзє тохєн ка фєккєнуй! Уомєн йе ’нгарє є сєргъи ку єрбалєууй, уєд єй фєффєндуй уой хєтдзє рагъазун. Уотє ку фєззєгъуй: «Радзєбєх уодзєнєн!» Карз уодесєг уой нє фєффєрсуй. Є бєрзонд исхєссєг фидєн зєрдє ку байвєруй, дє цєвєг дин де ’усхъєй райсдзєнєн, зєгъгє, уой ма бафєразай! Ує, дє зєрди дзубан- дитє дє зєрди ниууадзай! Ує, мєгур дє бон! Гъазти рєстєг єрцудєй, дє рєв- 360
дзитємє ма рахъєртай! Ує, уомєн є бєрзонд исхєсгутє, є мадє, є фидє кєугє зєрдє, дзоргє дзухєй байзайонцє! Є фєлмєн ниййерєг уотє ку фєз- зєгъуй: є мєлєтєн цєййасє рацєй, урдємє байрайуй! Єхецєн єй хумєтєги зєрдє ку февєруй: мє къустелє мин ме усхъєй раййевдзєнєй, мє йесойнє мин мє къохєй райсдзєнєй, зєгъгє. Карз уодесєг уой ку нє фєххезуй, мє бон! Уомєн, гъазти кєронмє ку рацєуй, є хъєстє уєд исресуй. «Ує, нана! Мє хъєстє ресуй!» Омєн даргъ уат ку ракєнуй йеци сахат, ку фєййаууон уй! Ує, нана! Ци мєгур дє, дєхецєн си ци зєрдитє ниввардтай! Ує, мєгур дє бон, є сау ниййерєг! Уомєн йе ’нгартє кустмє ку цєуонцє; хъал лєхъуєнтє сау нийй- ерєгбєл ку расерф кєнонцє, є уєргутєбєл бадон уогєй йе ’ндєрхцє уєд баха- уй. Ує, мєгур йеунєг! Гъєдє, дорєй дєр мєурдєр єй еунєг! Мєгур цємєй єй? Хєдзари уа — ’ма єндеггєй кєуйнаг; єндеггєй уа — єма хєдзари кєуйнаг! Ныффыста йє Гарданты Мнхал, 1901 аз, 15 мартън, Мєхческ. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, стр. 161. ДАДЄЙ А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: И н н е т є: А м о н є г: Дадєй! Дадєй! Дєдєдєй! Дадєй! Мєгур еунєг! Дадєй! Бабун уа! Дадєй! Дє арт уазал! Дадєй! Мє цар — єфтуд! Дадєй! Дєдєй! Дадєй! Куд цєрдзєнєн? Дадєй! Куд хєтдзєнєн? Дадєй! Сау гъєдтєбєл. Дадєй! Сау халонау, Дадєй! Фєххаудзєнєн! Дадєй! Дєдєдєй! Дадєй! Є сабийтє, Дадєй! Кєугє, цодгє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Байзадєнцє! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Йеу бакєнєг, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Йеу баходєг, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Ку нє сємє йес! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Дєдєдєй! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Є цъєх дортє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Фєсдуєрттє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Къолтє-молтєй, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Игаунц! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Дєдєдєй! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Є ходгє хор, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Къєсєр рєбун, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Тєдзунєгмє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Кєугє лєууй! И н н е т є: Дадєй! 361
А м о н є г: Дєдєдєй! Иннетє: Дадєй! А м о н є г: Ох, єна! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Куд цєрдзєнє? И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: И хъал уосє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Ку рандєуй! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Урух тургъє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Къундєг авар, И н н е ти є: Дадєй! А м о н є г: Єд сабийтє, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Сайтан сирдау, И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Уасдзєнєнцє! И н н е т є: Дадєй! А м о н є г: Дєдєдєй! И н н е т є: Дадєй! Уостити мєрддзогойнє фудгинєй дзєвгарє идарддєр рахезунцє єма єррєн- гъитє унцє хестєргай. Колдуармє ку бахъєртунцє, уєд кєуагє уосє нигъгъа- рєнгє кєнуй, иннетє ба хєкъурццєгєй кєунцє. Тургъи астєу єрлєуунцє, фєккєунцє, уєдта сє йеу «дадєй» ниййамонуй єма сє тєрнихтє єма уєргутє хуайгє хестєргай бацєунцє мєрдуадзи уоститємє. Ныфыфыста йє Гарданты Михал. Йсе радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин>>, вып. 2, 1927, Владикавказ, стр 165—166. ФЄЛДЕСУН Гъо, Хуцау! И мард дєр, и ’гас дєр ду искодтай єма дин табу фєууєд! Ду 6а, Цора, рохсаг уо! Мєрдти ци фєдкє, фєндаг йес, уомєй хуарз ракорє; Лєгъ- уздзинадєй, фидбилизєй бахезє, Мєрдти Баруастури лєварєй мєнє атє дє рази лєууєнтє! Сєрдє дин симєр мє кєнєнтє, зумєг ба дин сєлгє ма кє- нєнтє. Финхєй дин ке радтонцє, йе хомбєл бєркад єфтауєд! Сєрєй йесгє ’ма бунєй ахедгє дин цєуєнтє! Цалинмє будури цалх зела, хонхи ба дор тола, уалинмє дє раз идзагєй-идзагдєр кєнєд! Хайвєндагєн хай бакєнє, єнєбари хай макємєн бакєнє! Аци хуєрдє ’ма ниуєзтє дє рази атемєй истєнтє! Кєлгє фингє ’ма идзаг синон уо! Рохсаг уо! Ке дин равардтонцє, йе дин Сами, Мисири сикъити адє кєнєд! Хъєддзарв донєн кєми ниуазунцє, бодє цирагъєн кєми содзунцє, уоми дє бадєн фєууєд! Ке дєбєл исхардз кодтонцє, йетє дин фєл- дист уєнтє єма мєрдти дє размє идзагєй-идзагмє лєууєнтє! Рохсаг уо! Дє мєрддзаг — орс, де ’нгєн — рохс, дє над — єхсаст, дє ком — євгъаст, уотемєй мєрдти Баруастури размє, хуєрзтє, сугъдєгутє кєми єнцє, уом дє бунат фє- ууєд! Рохсаг уо! Хуцау дин батєрегъєд кєнєд! Зад хумє, зад игуєрдєнбєл нин фауодє! Рохсаг уо! Денети фєббадє! Радзырдта йє Хохты Мєхцит, 26 февраль, Мєхческ. Ныффыста йє Гарданты Михал. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, Владикавказ, 1927, стр. 169. 362
ФЄЛДЫСТ Рухсаг уєд Бимболат, Чырыстийы рухсы бадєд. Дзєнєты дуарыл дын бахи- зыны бар уєд, йє суадонєй та нуазыны бар. Ацы фєлдисинєгтє сты Бимболаты тыххєй ємє йын сыгъдєгєй бєззаг уєнт. Кєимє йє фєнды, уыимє сє хєрєд. Рухсаг уєд. Євзєр ын чи зєгъа, уымєн йєхи хай уєд. Сєрд дын ма ’мбийєнт, зымєг дын ма сийєнт. Дє мєрддзаг — конд, дє ингєн — рухс. Дє ком — єнхъєвзт, дє дєндєгтє єхсад уєнт. Єнєбары хай макємєн бакєн. Рухсаг у, рухсаг! Радзырдта йє Бирєгъты Мариа Булайы чызг, 60-аздзыд. Ныффыста йє Цєллагты Муссє, 1932 аз, 13 июлъ, Бирєгътыхъєу. ЦИГСИИйы архив, фолъклор 23—1, папкє 15, ф. 90. БЄХФЄЛДЕСЄНИ АРГЪУД МАРДИ УЄЛГЪОС Аци ’гъдау нє дзиллємє байзадєй фидєлти заманєй, киристон єма пусул- мон дини разєй. Нєлгоймаг ку рамєлуй, уєд ин є уєлмєрдмє єрбаласунцє байраг-бєх єд саргъ-ефтонгєй, орс къохмєрзєн е ’фцєги, отемєй. Бєхфєлде- сєг марди уєлгъос єрлєууй, є галеумє бєхи идонє райсуй, є рахесмє ниуа- зєн — бєгєний къос. Фєй йаргъауй... Аргъуд ку фєууй — бєгєний къос бєхи сєфтєгбєл ниццєвуй ’ма и листєг мортє фєххаун кєнуй. Осгин лєг ку рамє- лидє, уєд ма ой къохи євардтонцє єрєги уєнгє дєр йє оси дзиккоти кє- рєнттє лухгондєй. Куд фєстємє аци аргъуд берє некебєл зонуй нє зєронд лєгтєй дєр. Туйгъанты Махарбег. Бєхфєлдесєг райдайуй: «Хуарз лєг адтєй — рамардєй. Є ингєн рохс адтєй, Йє мєрддзаг орс адтєй! Мєрдти Баруастєрєн лєппо райгурдєй. Кєнтє ’й енцег фєххастонцє. Дзедзегин ин нє лєудтєй, Фєдєггин ин нє лєудтєй. Е дєр рамардєй, А дєр рамардєй! Омєн дєр догъ адтєй, Амєн дєр догъ адтєй. Кєнти бєхєргъаумє фєццудєнцє, Рахес фєрсти єрцудєнцє, Галеу фєрсти разилдєнцє Аккаг бєх не ссирдтонцє. Уасгергий бєхєргъаумє фєццудєнцє, Рахес фєрсти єрцудєнцє, Галеу фєрсти рацудєнцє — Аккаг бєх не ссирдтонцє. 363
Уасгергий єртє ’фсоргъи Хецєн коми: скъуддзаг Мурдтун кєрдєг — фєтєн фарк — Сє хуєруйнаг; Єхсири цадє — сє ниуазуйнаг, Єхсєри къотєр — се ’хсєвейбадєн. И раззагмє бацєуй — Дєндагєй кєнуй раззаг. Фєстагмє бацєуй — Зєвєтєй кєнуй фєстаг. Астєуккагмє бацєуй — Сабур ин адтєй. Є барцєбєл ин ниххуєцуй. Пилистєг — є дєндаг, Єргъаує сєфтєг, дзиндзєй — е ’рдо; Цєппозур — є билє, Цангау — є цєстє, Мангау — є гъос. Райбєлбадуй, цєунтє райдайуй. Фєлмєнвад ин разиннуй: Курдалєгонмє ’й баласуй, Хъєндзал цєфхад, хєсс-зєгєл єй скєнуй. Райбєлбадуй, цєунтє райдайуй. Хори фурт — Мєхємєт, Фєрнуги фурт — Цємєтхан, Мєйи фурт — Мєсємєт, — Изєд єрцєуй, — зєгъунцє, — Идауєг єрцєуй, — зєгъунцє. Изєд дєр куд нє ’й, идауєг дєр куд нє ’й?! Є хузє є кемє огєй, є фєндаг є барє огєй, Уасгергий бєхєргъауєй єфсоргъ єрласгєй. — Изєд дєр нє дєн, идауєг дєр нє дєн, Мєгур лєг адтєн, знаг сорєг адтєн, Гъєулимєнєй цардтєн, єрвадє ’нгон адтєн. Мєрдтємє цєун — мє фєндагмє ує хуарзєнхє уєд. — Фєндаг мах барє нє ’й! Хори фурт ралєуеруй — идонє ин февєруй, Мєйи фурт ралєуеруй — ехснє ин февєруй, Фєрнуги фурт ралєуеруй — є думетонг ин февєруй. Цєунтє райдайуй. Дзендзегбєл рацєуй, Дзениндзегбєл рацєуй. — Изєдл єрцєуй, — зєгъунцє, — Идауєг єрцєуй, — зєгъунцє: 364
— Изєд дєр кунє ’й, идауєг дєр куд нє ’й! Є хузє є кемє огєй, є фєндаг є барє огєй; Уасгергий бєхєргъауєй єфсоргъ єрласгєй. — Изєд дєр нє дєн, идауєг дєр нє дєн; Мєгур лєг адтєн, знаг сорєг адтєн, Гъєулимєнєй цардтєн, єрвадє ’нгон адтєн. Мєрдтємє цєун — мє фєндагмє ує хуарзєнхє уєд! — Фєндаг мах барє нє ’й! Дзендзег ралєуеруй — є саргъ ин февєруй, Дзендзег ралєуеруй — єфтаугутє ин февєруй. Райарази кєнунцє — цєунтє райдайуй. Мєрдтємє рахъєртуй. — Изєд єрцєуй, — зєгъунцє, — Идауєг єрцєуй, — зєгъунцє: — Изєд дєр куднє ’й? идуаєг дєр куднє ’й! Є хузє є кемє огєй, є фєндаг є барє огєй Уасгергий бєхєргъауєй євсоргъ єрласгєй. — Изєд дєр нє дєн, идауєг дєр нє дєн, Мєгур лєг адтєн, гъєулимєнєй цардтєн. Знаг сорєг адтєн, єрвадє ’нгом адтєн. Мєрдтємє цєун — фєндагєн мє ує хуарзєнхє уєд. — Фєндаг мах барє нє ’й. Дєллаг фєндаг — фєндаг содзєг. Уєллаг фєндаг — хузесєг, Астєуккагбєл ду бацо! Лєгмє охєн бахъєртдзєнє: Гал ин є рехей еу фарс хуєруй, Цъєхснаг нєгє кєнуй. — Е 6а отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Е ба отє омєн єй: багенди нал дардта, Есге галєн гъємпє ниввєридє, Єхе галєн хуасє ниввєридє; Є мєрдти фєндагєй єй федуй. Дє фєндагєн хилє кєнуй, — Изолти ’й рацо. Омєй оддєр ку бацєуай — Лєгмє охєн бахъєртдзєнє: И сау гєндє є гъєлєсєй кєлуй, Дєллєй йє баруй». — Е ба отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Е ба отє омєн єй: Єхсєни сигит кайагє адтєй. Мєрдти фєндагєй єй федуй.
Дє фєндагєн хилє кєнуй — — Изолти ’й рацо! Омєй оддєр ку бацєуай — Лєгмє охєн бахъєртдзєнє: Єнє бун тєскъи тугулдортє калуй, Е рагъи сє даруй, Є бунєй ’бєл кєлунцє, Є къелтє ин хуайунцє. — Е 6а отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Е 6а отє омєн єй: Єхсєни дор єфтауагє адтєй, — Є мєрдти фєндагєй єй федуй; Дє фєндагєн хилє кєнуй, — Изолти ’й рацо! Омєй оддєр ку бацєуай, Осємє охєн бахъєртдзєнє, Ораси къустел є рагъи даруй, Рахєссє-бахєссє ’й кєнуй, Фудтє ибєл инуй, Замантє ибєл инуй. — Е 6а отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Е ба отє омєн єй: Мєгур єдонуг лєг ибєл єрцєугє ’й — Дони къос ин нє лєвардта. Є мєрдти фєндагєй єй федуй: Дє фєндагєн хилє кєнуй, — Изолти ’й рацо! Омєй оддєр ку бацєуай — Осємє охєн бахъєртдзєнє: И зєнхи скъудтє кєрєдземє рєхєссуй — — Нецирдємє ин арєхсунцє: Фудтє ибєл инуй, замантє ибєл кєнуй. — Е 6а отє цємєн єй? Ци дессаг єй? — Есгеонєн дзєбєх худта, Єхеонєн 6а лєгъуз худта. Є мєрдти фєндагєй єй федуй. Дє фєндагєн хилє кєнуй, Изолти ’й рацо. Омєй оддєр ку бацєуай Осємє охєн бахъєртдзєнє: Айкє гєрзин хъєбєр рєвєйнєй Цуппєрбєттє кєнуй, Нецирдємє ин арєхсуй, Фудтє ибєл инуй, замантє ибєл инуй. 366
— Е 6а отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Е 6а отє омєн єй, Синхони карк имє задєй; «Нє мємє зайуй» — загъта, Сосєгєй сє хуардта, Є мєрдти фєндагєй єй федуй. Дє фєндагєн хилє кєндзєнєй, — Изолти ’й рацо! Омєй оддєр ку бацєуай, Осємє охєн бахъєртдзєнє: Сєдє татхъай астєу бадуй, Еунєг татхай бєрцє не ’мбурд кєнуй. — Е 6а отє цємєн єй? — Мєгур седзєрти мадє имє ку ’рцєуидє, Уєд ин къумбули сифє нє лєвардта — И уєситєн єй євардта. Мєрдти фєндагєй єй федуй, Дє фєндагєн хилє кєнуй. Изолти ’й рацо. Омєй оддєр ку бацєуай, Осємє охєн бахъєртдзєнє, Дуує татхай астєу бадуй, Сєдє татхай бєрцє ин ємбурд кєнуй. — Е 6а отє цємєн єй? — Ка ибєл ємбалдєй, омєн сє лєвардта, Хєдзарємє дєр сє хаста. Є мєрдти фєндагєн ин агъаз єй. Омєй оддєр ку бацєуай, Осємє охєн бахъєртдзєнє, Сєдє гъоги доцуй — еунєг гъоги бєрцє ин нє кєнунцє... — Е ба отє цємєн єй? ци дессаг єй: — Є бинонти нє уарзта, Есге хъєстє нє аста, Сосєгєй алци хуардта. Є мєрдти фєндагєй єй федуй. Дє фєндагєн хилє кєндзєнєй, — Изолти ’й рацо! Омєй оддєр ку бацєуай, Осємє охєн бахъєртдзєнє: Еунєг гъог доцуй, Сєдє гъоги бєрцє ин кєнуй. — Е 6а отє цємєн єй? 367
— Е 6а отє омєн єй: Єхе хъєстє нє уарзта Є бинонти уарзта, Ка ибєл єрцєуидє, Ой хъєстє єфсаста. Омєй оддєр ку бацєуай, Лєг єма осємє бахъєртдзєнє: Галдзар — сє буни, галдзар — сє уєле: Сидзєй-сидзємє хуссєнцє, Раивазє-баивазє ’й кєнунцє, Нецирдємє сєбєл хъєртуй. — Е ба отє цємєн єй, ци дессаг єй? — уєлєбєл кєрєдзей нє уарзтонцє, Дєлєбєл дєр нє уарзунцє. Омєй оддєр ку бацєуай, Лєг єма осємє бахъєртдзєнє. Тєрхъосдзар сє буни, Тєрхъосдзар сє уєле, Дєлхъур-уєлхъурєй хуссунцє, Дєлцонг-уєлцонгєй хуссунцє. — Е ба уотє цємєн єй, ци дессаг єй? — Уєлєбєл кєрєдзей уарзтонцє, Мєрдти фєндагєн син агъаз єй. Омєй оддєр ку бацєуай, Адєммє охєн бахъєртдзєнє: Сє фудзар кєрцитє — уєлєфтуд, Сє буйнаг ходтє — скъелхат, Фєурє лєдзгутє — сє къохи, Фєурє фингитє — сє рази Хуєрун-ниуазун барє сє неййес, — Е ба отє цємєн єй, ци дессаг єй? — Тєрхони лєгтє адтєнцє: Хъали фарс дзурдтонцє, Мєгури фарс нє дзурдтонцє — Сє мєрдти фєндагєй єй федунцє. Дє фєндагєн хилє кєнунцє, — Изолти си рацо! Омєй оддєр ку бацєуай, Адєммє охєн бахъєртдзєнє: Сє уєлдзар кєрцитє — уєлєфтаутє, Сє уєлдзар ходтє — скъелхат, Сузгъєринє лєдзгутє — сє къохи, Сузгъєринє фингитє — сє рази Х}’єрдє-ниуєзтєй сє барє ес.
— Е ба отє цємєн єй? — Тєрхони адєм адтєнцє, Хъали фарс нє дзурдтонцє, Єцєгбєл федудтонцє. И мєнгбєл єтхалдтонцє. Сє мєрдти фєндагєн агъаз єй. Омєй оддєр ку бацєуай, Хедмє охєн бахъєртдзєнє: Фатхъєдє ’ма тєрс уес, Сибулдзє ’ма фудєрхъес. Байраг бєх єзнємагє. Битдзеу бадєг єстъєлфагє, Нийцъиккитє ласє — ’ма ордєг фєууодзєнєй. Донбеттєрти кизгуттє ралєуерунцє, Тумбуцл финги ин єртє ’дзаги ракєнунцє. Рай аразє кєнунцє ’ма цєун райдайуй, Дзенети єхсири цадємє бахъєртуй. Битдзеутє имє пєрпєргєнгє ракєлунцє. Ка «нана єрцєуй» зєгъуй. Уа «баба єрцєуй» зєгъуй. — Дада дєр уин одзєнєй — єрцєудзєнєй, Нана дєр уин одзєнєй — єрцєудзєнєй! Дууемєн фєткъу син февєруй; Мєрдтємє цєукн, фєндагмє мє Ує хуарзєнхє уєд. — Фєндаг мах барє нє ’й; Нє астєу стуггин лєхъуєг бадуй, Фєндаг ой барє ’й. ’Симє цєуй. Кургус кєнун ин райдайуй. Дзенети цъєх зєлдємє ’й баласуй. Є бєх ин ами фєсахсєн скєнуй. Фєрсунтє ’й байдайуй: — Ци адтє, куд адтє? — Єрсифурт Єрсимайхо! Єхсєвє райгурдтєн, И бонмє єфсади фєццудтєн, Оми мард фєдтєн. Оди бєстє корун, Оди бєстє мин раттє. Омєн ци оди бєстє равардта, Аци мардєн дєр еци оди бєстє раттєд! Ныффыста йсе Тугъанты Махарбег, 1912 аз. Йсе радзурєг бсерєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 13, иапксе 6, ф. 79—89. 24 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 369
ДИГОРИ БЄХФЄЛДЕСУНИ ДЗУБАНДИ Хуарз лєг адтєй, рамардєй, Є ингєн рохс адтєй, Є мєрддзаг орс адтєй, Омєн догъ адтєй, Амєн дєр догъ одзєнєй. Терк-Торки бєхєргъауєй Аци бєх рартастонцє. Аци адєнєй мєн рартастонцє Хуарз єнєтєрегъєд лєгєн. Лєхъуєн райгурдєй, Дзедзегин ин нє лєудтєй, Авдєнгин ин нє лєудтєй. Цєппо-лєппо рацєй, Кєнтє-дєлмагуртє ’й енцег фєххастонцє. Ой фєсте и лєхъуєн рамардєй, Рохсаг уєд. Мєрдтємє цудєй, Бєх ин на ’дтєй. Терк-Торки бєхєргъау Хузмєдзєгати хизтєнцє. Рахес фєрсти фєлгєсгє иссудєй, Галеу фєрсти фєлгєсгє єрцудєй, Е аккаг бєх не ’ссирдта. Уасгергий бєхєргъау Тарєкоми хизтєнцє. Рахес фєрсти фєлгєсгє иссудєй, Галеу фєрсти фєлгєсгє єрцудєй, Є аккаг бєх не ’ссирдта. Уасгергий єртє єфсоргъи фескъуддзаг єнцє, Єхъсири цадє — сє донниуазєн, Єхъсєри къотєр — сє бонасадєн, Мурдтун кєрдєг — сє бонхезнє, Калакаг єрхи дзєбодур тєбєгъи Сайєн рахесмє бадаруй — Раззєгутєй цєвуй, Галеумє ’й бадаруй — Фєстєгтєй цєвуй. Астєуккагмє ’й бадаруй — Сабур ин разиндтєй. Денгизмє ’й нилласта, Айкє євдулд єй искодта, Сапойнє євдулд єй искодта, Є дзиндзє ’рдо ин исзиннун кодта, Дзиндзє барцє, Дзиндзє думєг, Єргъеу дєндаг, Болат сєфтєг, Цєбпозур билє,
Мурау— є гъос. Євзестєй цєфхєдтє искодта, Сугъзєринєй зєгєлтє искодта, Нийбєл сє сагъта, Дахран салєй авд царемєй саргъ искодта, Есхъєди цъарєй — є ласєнтє, Сибулдзи цъарєй — идонє. Рабадтєй. Цєунтє байдєдта, Дзєндзег ибєл иссудєй, Дзєрєндзег ибєл иссудєй. — Изєд єрцудєй, — загътонцє, — Идауєг єрцудєй, — загътонцє. — Изєд дєр нє дєн, Идауєг дєр нє дєн. Гъєулимєн адтєн, Хєстєг хєссєг адтєн, Знагсєттєг адтєн. Тогагор адтєн, Мєрдтємє цєун, Гъєуаггин дєн, Гъєуаггинєй мє ма рауадзетє. — Гъай-гъай дє нє рауадздзинан. Дзєндзег рафестєг єй, Ємє ин хуарз єфтаугитє равардта, Дзєрєндзег рафестєг єй Єма ин хуарз єлвасєнтє равардта. Басєфарста: — Мє фєндаг куд одзєнєй? — Цєугутє дєбєл исєнбєлдзєнєй, Они бафєрсдзєнє. Раарфє кодтонцє кєрєдземєн. Цєун байдєдта. Хори фурт Мєхємєт ибєл иссудєй, Мєйи фурт Мєсємєт ибєл иссудєй, Гъєздуги фурт Хємєтхъан ибєл иссудєй, Фєрнуги фурт Сємєтхъан ибєл иссудєй. — Изєд єрцудєй, — загътонцє. — Идауєн єрцудєй, — загътонцє. — Изєд дєр ку нєй, Идауєг дєр ку нєй. Уасгергий ’фсоргъ бєхєн ку ласун. Изєд дєр нє дєн, Идауєг дєр нє дєн. Гъєулимєн адтєн, Хєстєгхєссєг адтєн, Знагсєттєг адтєн, Тогагор адтєн, Гъєуаггин дєн,
Гъєуаггинєй мє ма рауадзетє. — Гъай-гъай дє нє рауадздзйан. Хори фурт Мєхємєт рафестєгєй, Єма ин хуарз думетонг равардта, Мєйи фурт Мєсємєт рафестєгєй, Єма ин хуарз мєргъбєттєн равардта, Гъєздуги фурт Хємєтхъан рафестєгєй, Єма ин хуарз гъєст идойнє равардта, Фєрнуги фурт Сємєтхъан рафестєгєй, Єма ин хуарз зєлдагєдумєг єхсє равардта, Басєфарста: — Мє фєндаг куд одзєнєй? — Дє фєндаг куд одзєнєй, Еу осємє бахъєртдзєнє, Конгъєдє — є судзинє, Гъесинбєндєн — є фєдзєл, Отемєй зєнхи скъудтє хуйуй, Кєрєдземє ин нє хєтдзє кєнунцє, Хуцауи хъиамєттє сєбєл кєнуй. Дессаг, е ба цємєн отє ’й? Е 6а омєн отє ’й: Єхе лєгєн єставд худта, Есге лєгєн листєг худта. Є мєрдти над унгєг єй, Фєндагсодзєг хузесєг єй, Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Еу осємє бахъєртдзєнє, Айкє рєвєнєй бєттуй, Нє ин ибєл хъєртуй, Хуцауи хъиамєттє бєл кєнуй. — Дессаг, е ба цємєн отє ’й? — Е 6а омєн отє ’й: Синхони карк имє ку низзаидє, Синхонєн єй нє лєвардта, Єхецєн єй орєдта. Є мєрдти над унгєг єй, Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Еу осємє бахъєртдзєнє, Сєдє татхай астєу бадуй, Є думєггєгтєбєл цъєх зєлдє рауадєй. Лєкъєрдє къєпек — є къохи, Дуує татхай бєркад ин си нєййес. — Дессаг, е 6а цємєн отє ’й?
— Е 6а омєн отє ’й: Є бинонти нє хаста, Синхонти нє уарзта, Хєстєги нє аста. Є мєрдти над унгєг єй. Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Еума осємє бахъєртдзєнє Дуує татхай астєу бадуй, Сєдє татхай берекет ин си ес. — Дессаг, е ба цємєн отє ’й? — Е 6а омєн отє ’й: Уєлєбєл є бинонтє хаста, Синхони уарзта, Хєстєги аста:Є мєрдти над урух єй, Хєстєг имє бацо, Байфєрсє, Устур бєстємє цєудзєнє, Ке дин зєгъа, Дє гъосалгъи ’й бахєссє, Райзєгъє. Омєй оддєр ку бацєуай, Еу осємє бахъєртдзєнє, Дуує гъоги доцуй, Сєдє гъоги берекет ин си йес. — Дессаг, е 6а цємєн отє ’й? — Е 6а омєн отє ’й: Ємє уєлєбєл є бинонтє хаста, Синхони уарзта, Хєстєги аста, Є мєрдти над урух єй. Хєстєг имє бацо, Байфєрсє. Ке дин зєгъа, Дє гъоси алгъи ’й бахєссє, Райзєгъє. Омєй оддєр ку бацєуай, Еума осємє бахъєртдзєнє, Сєдє гъоги доцуй, Дуує гъогеє1 берекет ин си нєййес. — Дессаг, е 6а, цємєн отє ’й? — Е 6а омєн отє ’й: Уєлєбєл є бинонтє Нє хаста, Синхони нє уарзта, Є мєрдти над унгєг єй. 373
Фєндаг содзєг, хузесєг єй. Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Еума осємє бахъєртдзєнє, Къумєли къустелє е ’рагъи, Хєрдмє ибєл имисуй, Урдугмє ибєл кєлуй. — Дессаг, е ба цємєн отє ’й? — Е 6а омєн отє ’й: Уєлєбєл къумєл цєгъдгєй, Къумєлгор бацєугєй, Къумєл нє лєвардта. Є мєрдти над унгєг єй, Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Авд надемє бахъєртдзєнє, Авд надей астєу Гадздза дєргъмєй хуссуй, Є хурфєй къєбистє рєйунцє. — Дессаг, е 6а цємєн отє ’й? — Е ба омєн отє ’й: Ардиги єндємє Адєм сє мадє, сє фиди коммє Нєбал кєсдзєнєнцє, Єнєгъолийє дзордзєнєнцє. Є мєрдти над унгєг єй, Фєндаг содзєг, хузесєг єй. Изолти дзи рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Лєг єма осємє бахъєртдзєнє, Галдзар — сє буни, Галдзар — сє уєле, — Къилдун фєлдєхтєй хуссунцє, Нє сєбєл хєтдзє кєнуй. — Дессаг, е ба цємєн отє ’й? — Е ба омєн отє ’й, Уєлєбєл кєрєдзей нє уарзтонцє, Мєрдти дєр кєрєдзей нє уарзунцє, Сє мєрдти над унгєг єй, Фєндаг содзєг, хузесєг єнцє, Изолти си рацо, Дє фєндагєн дєн
Рахилє кєндзєнєй. Омєй оддєр ку бацєуай, Лєг єма осємє бахъєртдзєнє, Тєрхъосдзар — сє буни, Тєрхъосдзар — сє уєле, Дєлхъур-уєлхъурєй хуссунцє. — Дессаг, е ба отє цємєн єй? — Е бап омєн отє ’й: Уєлєбєл кєрєдзей берє уарзтонцє, Мєрдти дєр кєрєдзей Берє уарзунцє. Сє мєрдти над урух єй, Хєстєг сємє бацо, Басєфєрсє. Ке дин зєгъонцє, Дє гъосалгъи ’й бахєссє, Райзєгъє. Омєй оддєр ку бацєуай, Суди бадєг лєгтємє бахъєртдзєнє, Фєрує къелатєбєл бадунцє, Фєрує лєдзгутє — сє къохи. Цєрмин кєрцитє — уєлєфтау, Цєрмин ходтє — скъел ход, Ниссєбєл сист єнцє, Ниссєбєл лискъ єнцє. — Дессаг, е 6а цємєн єй? — Е ба омєн отє ’й: Єма растєн — хєран тєрхон, Хєранєн — раст тєрхон Етє кодтонцє. Сє мєрдти над унгєг єй, Фєндаг содзєг, хузесєг єнцє. Изолти сє рацо, Дє фєндагєн дин Рахилє кєндзєнєнцє. Омєй оддєр ку бацєуай, Суди бадєг лєгтємє бахъєртдзєнє. Сугъзєринє къелатєбєл бадунцє, Сугъзєринє лєдзгутє — сє къохи, Лисхъин кєрцитє — уєлєфтау, Салходтє — скъелхатт. — Дессаг, е 6а цємєн отє ’й? — Е ба омєн отє ’й: Уєлєбєл растєн — раст тєрхон, Хєрамєн — хєрам тєрхон. Сє мєрдти над урух єй. Хєстєг сємє бацо, Басєфєрсє.
Ке дин зєгъонцє, Устур бєстємє цєудзєнє, Дє гъосалгъи ’й бахєссє, Райзєгъє. Омєй оддєр ку бацєуай, Єртє надемє бахъєртдзєнє, Дєллаг над — фєндагсодзєг, Уєллаг над — хузесєг, Астєккагбєл бацєудзєнє, Байраг бєх єзнємагє, Битдзеу бадєг — єстъєлфагє, Фадхъєдє єма фєдєрхъез, Сибулдзє єма тасєуес. Анєй дєр ма фєттєрсє, Дзенети бакєсєн туппурмє Бахъєртдзєнє. Битдзеутє дємє пєрпєргєнгє Рау ай дзєнєнцє. Нана єрцудєй зєгънєнцє, Баба єрщ^дєй зєгъзєнєнцє. Дє дзиппєй дууемєн фєткъу исласє, Басиниуарє, басєрєвдаує, Етє дин бамондзєнєнцє Дзенети дуар... Се ’нккєтебєл дєр бацєуй, Дзенети бакєсєн туппурмє бахъєртуй, Битдзеутимє пєрпєргєнгє рауадєнцє, — Нана єрцудєй, — загътонцє, — Баба єрцудєй — загътонцє. — Нана дєр уин єрцєудзєнєй, Баба дєр уин єрцєудзєнєй. Є дзиппєй дууемєн фєткъу исласта. Басиниуєрста, басєрєвдудта, Басєфарста: — Дзенети дуар мин байнгон кєнтє. — Дзенети дуар мах гъуддаги нєй. Нє астєу сугъзєринє єстуггин Лєхъуєн бадуй. Дзенети дуар Ой гъуддаг єй. Пєрпєргєнгє битдзеутє Є разєй бацудєнцє. Хєрхєргєнгє ин дуар байгон кодтонцє, Гургургєнгє ин адєн исистадєнцє. — Ци дє, циуавєр дє, — Зєгъгє ’й бафарстонцє. — Ци дєн, циуавєр дєн, Арзимайхує Зимайхи фурт адтєн.
Єхсєвє райгурдтєн, Бонє Сослани єфсади фєццудтєн. Гори федар басастон. Єнагъомєй еци ном ке ракодтон, Ой туххєй мин Ай уалєнгє бунат рацудєй. — Уєлємє ’й искєнтє. Хємици хєтдзє єнбадинє. Урузмєги хєтдзє єнхуєринє Сослани хєтдзє єнхєтинє, Уєлємє ’й искодтонцє. Нур дзенети Барастури рахес фарсєй бадуй. Еци марди оди бєстє Аци марди дєр уєд. Ныффыста йє Темыраты Данел. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фєльклор № 14—33, папкє 7, ф. 261—275. Ацы фыст тынг хєстєг у Миллеры текст «Бєхфєлдесун»-мє («Осе- тинские этюды», часть /, стр. 108—114). БЄХФЄЛДИСЫН Хорз лєг уыди ємє амарди, — Хорз бєх ын хъєуы, Йє аккаг бєх никуы арынц. Терк-Турчы рєгъаумє фєцыдысты, Галиуфєрсты — фєлгєсгє, Рахизфєрсты — хъахъхъєнгє, — Йє аккаг бєх никуы ардтой. Уєларв бур айнєджы бын, Уастырджийєн, табу йєхицєн, Єртє єфсургъы ис. Ацырдыккаг ма ралас — Дєндагєй хєцы. Фаллаг ма ралас — Зєвєтєй цєвы. Астєуккаг-иу ралас... Уєларв Куырдалєгонмє йє слас — Єидонєй дын — цєфхєдтє, Болатєй — зєгєлтє, Нау єфтаугє хєрхидон скєндзєн. Хуры фырт дын саргъ ратдзєн, Мєйы фырт дын идон ратдзєн, — Сбад-иу дє бєхыл. Уырдыгмє дын єдзудгє, — Хєрдмє євєлмєцгє, Тєссармє сиргє уыдзєни, — Єртє фєндагмє бахєццє уыдзынє. Дєллаг фєндагыл ма ацу: 377
Туджджынты фєндаг у. Уєллаг фєндагыл ма ацу: Фыдгєнджыты фєндаг у. Астєуккаг фєндагыл-иу ацу. Иу єрдуйы хидмє бахєццє уыдзынє, Фєлє тєрсгє мацємєй фєкє. Дє бєхєн, дє армытъєпєнєй Чъылбыс куыд фєхауа, Чъебси дє бєхы агъдєй куыд єрхауа, Ахєм цєф ын-иу фєкєн Ємє мєрдты дуармє Бахєццє уыдзынє. Дуєрттє дын нє кєндзысты, Хур аныгуылди, зєгъгє. Скув-иу «Хуыцауты Хуыцау! Мєхи Хуыцау, хєхтыл мын Дыдзы хур цы ’рбакєса!» Хєхтыл дын дыдзы хур єрбакєсдзєн, — Дуєрттє-иу дє зєвєтєй нытътъєппытє лас. Дуєрттє дын байгом уыдзысты. Мидєгєй дзы гадза хуыссы, Ємє йє къєбыстє йє гуыбынєй рєйынц. Бафєрс-иу дє фєндагамонєджы — Хуры фырты Мєхємєты: — Уый цємєн афтє у? Ємє уый цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл адєммє фыдзєрдє уыди Ємє йє ныр мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ран лєг ємє ус хуыссынц, Галдзарм — сє уєлє, Галдзарм — сє быны, Кєрєдзийє сє ратон-батон кєнынц, Уєддєр сє никєй ємбєрзынц. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уыдон та уєлєуыл кєрєдзи нє уарзтой ’Мє йє ныр мєрдты єгъдауєй фидынц. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ран лєг ємє ус хуыссынц: Тєрхъусы царм — сє быны, Тєрхъусы царм — сє уєлє Ємє сын алырдєм — уєлдай. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уыдон та уєлєуыл кєрєдзи уарзтой Ємє йє ныр дєр єххєст кєнынц. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу усєн калмы цармєй — хъуырбєттєн,
Хєфсы цъарєй — сєрбєттєн. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл адємы ’хсєн карз барысчъи дардта, Фєсаууон та-иу бахордта Ємє йє ныр мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ус теманєй къєдзєхы скъуыдтє хуыйы. — Уый та уєлєуыл йєхи лєгєн Ставд хуыдта, искємєн та — лыстєг Ємє йє ныр фыдєбонєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу усєн йє риуыл — куыройы фыдтє баст. Дзєрцє ссынц ємє цєхх ссад кєнынц. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл куыройы уыди, Йє мыздєй уєлдай ссад давта Ємє йє ныр фыдєбонєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ус цєхгєры дзаг єхсыр фєрсудзы, ’Мє дзы цыхт карчы айчы ас дєр нє хауы. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уымє та уєлєуыл бирє уыди, Фєлє никємєн ницы лєвєрдта, «Нєй, нєй»-иу кодта, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ус къоппайы єхсыр ахсы Ємє йє цыхт мєцъисєй фєлдахы. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл йє чысылєй дєр хєрзиуєг лєвєрдта, «Ис мєм»-иу дзырдта, Ныр єй мєрдты єгъдауєй єххєст кєны. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу лєг єнєбын тєсчъы хуыр хєссы. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл арєнєй кайаг уыди, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу лєгєн йє рихи гал хєры, — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та, цєдисы-иу куы уыдысты, Уєд йєхи галєн хос євєрдта, Искєй уонєн та — хъємп, 379
Ныр єй мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу лєгєн айчы хъузг — йє хєдзар, Судзины бын — йє дуар, Карды ком — йє фєндаг. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл никєй уарзта, Фыдзєрдє лєг уыди, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ран ус ємє лєг бадынц. Алы хєринаг ємє нуазинаг — сє разы. Куы дзы бануазой, куы дзы бахєрой, Куы дзы радтой — къаддєр нє кєнынц, Сє раз дзагєй-дзагдєр кєны. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уыдон сє уєлєуыл кєрдзыныл хорз уыдысты, Ныр дєр єй мєрдты єгъдауєй єххєст кєнынц. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу лєг йє хъуырмє ихы нассалд. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл йє ємгары усмє фєрєдыд, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу лєг йє иу къахєй хидыл ауыгъд. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уый та уєлєуыл йе ’рвадмє Уазал зєрдє дардта, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фыдєбонєй фиды. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ран єртє лєджы раст бадынц Ємє зылын дзурынц. Ихын бандєттє — сє быны, Ихын фынгтє — сє разы, Ихын лєдзджытє — сє къухты. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уыдон та уєлєуыл тєрхоны лєгтє уыдысты. Раст тєрхон нє кодтой, Мєгуыр-хъєздыг зыдтой, Ныр єй мєрдты єгъдауєй фидынц. Уырдыгєй ацєудзынє... Иу ран єртє лєджы зылын бадынц Ємє раст дзурынц. Євзист бандєттє — сє быны,
Євзист фынгтє — сє разы, Євзист лєдзджытє — сє къухы. — Уый та цємєн афтє у? Ємє цємєн афтє у? — Уыдон уєлєуыл тєрхоны лєгтє уыдысты, Раст тєрхон кодтой, Хъєздыг-мєгуыр не ’взєрстой. Уырдыгєй ацєудзынє... Дзєнєты дуармє бахєццє уыдзынє, — Рауайдзысты дєм сывєллєттє. Кємєн йє худ — йє роны, Кємєн йє рон — йє къухы, Кємєн йє дзабыр — йе ’ккойы, Чи дє йє фыд хондзєн, Чи дє йє мад хондзєн, Зєгъ сын-иу: — Єз ує фыд дєр нє дєн, Ує мад дєр нє дєн! Кємєн йє худ йє сєрыл акє, Кємєн та дзабыр йє къахыл акє, Кємєн йє рон йє астєуыл абєтт. Дзєнєтмє дє нє уадздзысты, Фєлє ды сывєллєтты хатырєй Дзєнєтмє бацєудзынє. Мєрдты бар Барастыры Рахиз фарсырдыгєй дын бынат уыдзєни, Ємє рухсаг фєу! Адєм дыл цы хъиамєт фєкодтой, Уый дын хєлар уєд. Фєлдыст дын фод ацы бєх дєр. Мах бар ыл куыд цєуы, Дє бар дєр ыл афтє цод. Рухсаг у!.. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 151, папкє 14. БЄХФЄЛДЕСУН (Вариант, скъуыддзаг) О, еу, еу адтєй, Хуарз лєг адтєй, Рамардєй. Є йенгєн рохс адтєй, Є мєрддзаг орс адтєй. Ами дєр ин догъ адтєй, Оми дєр ин догъ адтєй. Кєнти бєхєргъаумє ниццудєнцє, Аккаг бєх н’ адтєй. Фєсхонх єртє єфсоргъи хизтєй,
Сє еу зєбєтєй євналдта, Иннє 6а дєндагєй євналдта, Иннемєн пилистєг — є дєндаг, Цєппозур — є билє. «Пилистєг» ба ин загътон, Є аккаг бєх адтєй. Фатхъєдє єма фєдєрхъєд, Сибулдз єма тасє уес, Байраг бєх — Єзнємагє. Битдзеу бадєг — Єзнємагє. Єхсєвє Єрдзи фурт Єфсимайхо Гори федар басаста, Єма омєн Ци оди бєстє адтєй, Амєндєр е адтєй. Радзырдта йсе Кьадохты Габало. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1940 аз, Чикола. ЦИГСИИйы архив, фльклор № 110, папка 88, ф. 43—44. ЦОППАЙ ЗАР О, алай, о, алай!* Алай-цоппай бєстєг хуарз єй, О, алай. Цоппай кєнунцє єрвдзавдбєл. Гъєуи лєхъуєнтє ’ма кизгуттє рєнгъєй, еуетє разєй, иннетє фєстегєй, отемєй гъєубєл єртє зилди єркєнунцє, «цоп- пай» заргє. Єрвдзавди сєвєрунмє ионгутєбєл ефтигъд уєрдуни ємє сє сєхе барє рауадзунцє, кєми ниллєунцє, оми ’й баивєрунцє. Бєласє имє хєстєг ку фєууй, уєд ой рахонунцє Елйай бєласє єма имє алли анз къеретє ’ма косарт хєссунцє. Фитдзєгти охєн бєлєсти буни ци косарт ракєнионцє, они цєрттє єдгъелибєл бакєнионцє, єма афєдзи афєдзмє лєудтєнцє. Радзырдта йє Боронты Гадзи. Ныффыста йє Тугъанты Махарбег, 1900 аз. ЦИГСИИ-йы архив; фольклор 13, папкє 6, ф. 76. ЦОППАЙ Уєй, цоппай, ує, алай, B хатты) Бєстє хорзы цоппай, Уєй, цоппай, ує, алай! B хатты) Уєй, єлдары цоппай, єлдар Касилла, * Дзурын єй хъєуы дыуує хатты. 382
Уєй, цоппай, ує, алай! B хатпты) Уєй, хорз зєды цоппай, Уєй, цоппай, ує, алай! B хатты) Цоппай, цоппай, ує, алай! Радзырдта йє Цєгєраты Ахмєт Бреджы фырт, 150-аздзыд. Ныффыс- та йє Реуазты Е. 1932 аз, 23 июль, Зджыо. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23—2, папкє 15, ф. 337. ЄРВДЗАВД Цоппай-цоппай, єрвдзавды цоппай, Цоппай-цоппай, бєркады цоппай! Цоппай-цоппай, Хуыцауы тыххєй, Цоппай-цоппай, дзуары тыххєй. Ныфыфыста йє Томайты Хъылци. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 18—120, папкє 11, ф. 11.
дмвисдвдввг Ємбисєндтсе ХЪЄЗДЫГДЗИНАД - МЄГУЫРДЗИНАД єй — дурєй хъєбєрдєр. Мєгуыры бызгъуыртєй бирєгъ кєсы. Мєгури тєнєй рохс кєсуй. Мєгуыры кєрц — уєрагмє. Кєд не ’ххєссы, уєд ын мєгуыры кєрцы карст скєн. Мєгури кєрцє — дус гъєуаггин. Мєгури къере — хъєрєу. Мєгуыры къух цыбыр у. Мєгуыры мард — дыуує марды. Мєгуыры ємбєрзєг — сыджыт. Хонх мєгури римєхсєн єй. Мєгуыр лєджы дур хєрдмє суры. Мєгуыр лєгыл фєнычы фарсмє дєр зєй цєуы. Мєгуыры гыбын — цєндыл хост. Мєгуыры хєдзар — фєндырарм. Мєгуырєн цъєл дєр дзыкка у. Мєгуыры царм фидар у. Мєгурєн хуссєгєй йеу карки цъундє йес. Єнєгал лєг єхсєвє бакосуй, бонє 6а байзайуй. Фыййауєн цы уа, уый — йє хызыны.
Адємєй — дзабырджын, зєххєй та — бєгъємвад. Хєдзаргєнєг — єнє хєдзар. Куырд — єнє кард. Мєгуыр лєгєн Куадзєны йє гуыбын фєриссы. Мєгуыры фєллой — фєрныджы. Мєгуырєн иууылдєр — уынаффєгєнєг, єххуысгєнєг — нєй. Мєгуыры дзырдєй аргъ нєй. Мєгуыры род тагъд гал кєны. Мєгуыры зєрдє — фынтєй дзєбєх. Хєдзарєй — мєгуыр, зєрдєйє — хъєздыг. Мєгуыр лєгєн йє кєртєй фєздєг куы нє цєуа, уєд єй ныгєнєг нєй. Мєгуыры далыс — зын хизєн. Мєгуыр — євєрєз. Мєгуыр мєгуыры дардмє уыны. Мєгуыр зондмє хєстєгдєр у. Иу сыдєй марди, иннє та йын йє роны кєрдзынтє агуырдта. Мєгуыр лєг дурєй хєцы. Нє фєсивєд хъємпын уатыл хъомылгонд сты. Фєрныг цы нє кєны, мєгуыр цы нє бары. Гєртамхор — цъыфхор. Хъали сагъєс мєгури тари. Єлдари хєтдзє болгє бахуєрє, куйи хєтдзє ба исбадє. Єлдари кой — гъєдбуни. Єфсєст єххормаджы рыст нє зоны. Хъалон сєр гуыбыр кєны. Хъал цы нє фєлвары, мєгуыр цы нє ’взары. Иуєн — исты, иннємєн — ницы. Иу у куырм фырєфсєстєй, иннє та — фырыстонгєй. Кєм зєлдаг, кєм четєн. Єлдаргин мєгур єй. Єлдар — нємагє, мєгур — кєуагє. Гъєздуги цард — мєгури уаргъ. Бонджын мєгуырєй тона кєны. Есге къохєй синдзє тонуй. Бонджынєн йє фєсдуайраг — мєгуырєн йє рєбинаг. Мєгурєй хъалбєл анзєн гал єфтуйуй. Иу єлдар йєхинымєр зарыд ємє йє адємы ныццагъта, нє мын хъырнут, зєгъгє. Йє туг ын єхсныфєй нуазы. Ныхджын — рєбынджын. Єлдєрттєн сє цєст не ’фсєды: дзєнєты хуссар дєр сєм уынгєг кєсы. Халон халоны цєст нє къахы. Къох къохи єхснуй. Єгуыстєй пайда куы кєнай, уєд уый зон, ємє искєй фєллой хєрыс. — Мєгуыр, цы дєм ис? — Сис-сєрвасєн. — Ємє мын єй цєуыл дєттыс? Бонджыны сыджытєй мєгуыры хуыр хуыздєр у. Гъєздуг лєгєн є фалдзосмє ма бацо. Хохы мєсыгджын фесєфт, быдыры — єлдарджын. Фырхєрд бирєгъєн дєр нє тайы. 25 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 385
СЄРИБАРЫЛ ТОХ Кєвдєсарды тых дуртє халы. Калм йє сєрєй марын хъєуы. Фыдбон ємє фыдлєг бирє нє хєссынц. Фудгєнєг фуд йеруй. Зєххыл бардарєн єнусмє нєй. Дуг єрцєудзєн, паддзах амєлдзєн. Євзєр кардєй фєрєт хуыздєр, євзєр цардєй мєлєт хуыздєр. Фыдбонєй мєлєт бирє хуыздєр у. Єфсондзєй чи феуєгъд, уый фєстємє єфсондзы бынмє нал бафтдзєн. Знаг мєм йє хъул куы ’рбауила, уєд єм єз тохси бауилдзынєн. Фыс сабыр у, фєлє куы смєсты вєййы, уєд йє сєрєй хєцы. КУЫСТ Куыст ємармєй фидауы. Куыст мард у, лєг — єгас. Бирє дзурынєй бирє кусын хуыздєр у. Дзєгъєл бадтєй дзєгъєл куыст хуыздєр у. Берє косагє — євєлмєцгє. Къух — євналынєн, сєр — ємбарынєн. Кусєгєн мєгуырєй тас нєу. Єнє фыдєбонєй ницы ис. Єнє зин бавзаргє єнцон зонєн нєййес. Кєд дзул хєрын уарзыс, уєд гутоныл хєцын дєр уарз. Куыстєн йє сєр — сындз, йє бын —сой. Фєззєг зєрдєуынгєгєй бакус, ємє уалдзєг дє зєрдє рухс уа. Єнє фиййау фєххєтгє бєзгин месин нєййес. Дє фындзыхъєлєй дє хид куы нє єртєдза, уєд адджынєн єхсєвєр нє бахєрдзынє. Фыр хуыстєй фыр куыст хуыздєр у. Райсомы куыст єнтысаг у. Хор хуссєги нє хезуй. Хорз амондєн кусєг у. Кустєн — афонє, идзулунєн ба — сахат. Зєхх кусын уарзы. Хорздзинад зєххы ис, ємє йє сис. Саугусти лєгєн бадєнбон нєййес. Цы кусыс, уый бєстон бакєн, ємє євєсмон уай. Цы куыст кєнай, уый кєн зєрдиагєй. Мєсыг бындурыл амадєуы. Адємы дарєг хур ємє сыджыт сты. Єхст ємє нємыгыл чи ауєрды, уыцы цуанон саг нє амардзєн. Уєззау дуртыл рог дзырдтєй схєцєн нєй. Уєззау хъуыддаг рєуєг дзырдтєй нє рєзы. Иу гєппєй асины сєрмє ничи хауы. 386
Гутонєн йє куыст йє фєдыл бєрєг вєййы. Фєстаг хуымєн йє адєг йє цуры зайы. Цы нымєт цєгъдай — хъуынджындєр. Абоны куыстагєн райсоммє ємгъуыд ма кєн. Єнєконд хумє — дордонє. Хъуыддаг хєрєг у, лєг та лєдзєг у, ємє йє размє тєрын хъєуы. Иу азы фєллойє нє цардєуы. Мєскуы дєр иу бон конд нє фєци. Хуымы цы байтауай, уый дзы єрзайдзєн. Лєппуйє цы байтауай, уый зєрондєй єркєрддзынє. Лалымы цы ныккєнай, уый дзы рацєуы. Сєрд — халамєрзєн, зымєг — фыййаг. Сєрды бакусы — зымєг сє бахєры. Фєззєг — єфснайєг. Фєззєг — євзєры удхєссєг. Фєззєг хорзєн — зєрдєрухс, євзєрєн — мєлєтхєссєн. Адєймаг кусынєн у. Адєймагєн йє уд фидар ємє кадджын кєны йє куыст ємє йє хєрзиуджытєй. Цуанон ахєм уыд ємє цъиуы цєст нє ивгъуыдта. Цуанон цы къуылдым нє басгара, уый сырдджын хоны. Цуанон лєг мєрдтєм хєстєгдєр цєры. Цуанон ингєны былыл лєуд вєййы. Цуаны боны топп ничи сыгъдєг кєны. Хорз цуанон иунєг єхсєвиуаты тыххєй дєр халагъуд аразы. Куырд куырдыл ахуыр кєны. Хаттєй-хатт курдєй курдон дєснидєр єй. Хорз куырой алы хор дєр ыссы. АДЄМЫ ХЪАРУ Адємы тых бирє у. Адємы тых нє сєфы. Арвєй уєхєн дор не ’рхаудзєнєй, єма адєм ке не ’сесдзєнцє. Иумєйаг тых хєхтє фєлдахы. Ємвєнд, ємдзырд адємєн хох дєр нє лєууы. Ємвєнд адємы къєдзєх дєр нє уромы. Фылдєр адєм чердыгєй уой, тых дєр уыцырдыгєй и. Адєм сє кєрєдзийєн ныфс сты. Адєм кєрєдзийы фєрцы цєрынц. Адємы фарн бирє у. Гъєухуар берєгъєй адєми фарнє фулдєр єй. Бери єфсар стур єй. Адєм куы нє уой, уєд иу адєймагєн фєцєрєн нєй. Адємимє тыхєй ма хєц. Адєм кєрєдзийєн хос сты. Адєм лєгєн йє рафєлдисєг дєр сты ємє йє номєвєрєг дєр. Лєг кєнуй є гъуддаг адєни хєтдзє, адєни нифсєй. 387
Адєм адєймаджы аразєг сты. Адєм уыйбєрц єрємбырд ис, ємє арвєй судзин куы ’рхауа, уєд зєхмє не ’рхєццє уыдзєн. Адємєй бамбєхсєн ницы ис. Адєм се ’ппєт ємзонд не сты. Адємєн хур иумєйаг у. Адємы астєу бынат ссар ємє ахєм ран сбад, «дєлдєр абад» дын куыднє загъдєуа. Адємы цєст айдєн у. Адємы хъуагєй лєджы хорз цард нє хъєуы. Адєм лєджы кєддєриддєр хъєуынц. Адєм уынаг сты. Иу къухєй бирє бакусєн нєй. Иуы цєстєй сєдєйы цєст уынагдєр у. Дыуує иуєн — єфсад. Иу лєгєй быдыры ’фсад нєй. Иу мыдыбындз чыргъєд нє дзаг кєны. Иу бєласєй цєхєрадон нєй. Иунєгєй бєлас дєр хъєдбыны нє фидауы. Иунєг бєлас — халєттєн бадєн. Иу єхсидавєй арт нєй. Иу єлгъыстаг у. Иунєг мєгуыр у. Иунєгєй мєгуырдєр хъєды халєттєм дєр нєй. Иунєгєй куывды дєр ма ацу. Иунєг чындзєхсєвы дєр мєгуыр у. Йє дзыллєйы чи нє уарзы, уый йєхи дєр нє уарзы. Адємєн хорз чи кєны, уый єфстау уары. Хорз лєг адємєй хєс дары. Адєми єзнаг Хуцауєн дєр єзнаг єй. Адєм кєй зєгъой, уый єцєг у. Дєхи базонын дє куы фєнда, уєд адємы бафєрс. Адєм куы зєгъой ємхуызон, «сохъыр дє», уєд дє иу цєст бацъынд кєн. Адємы зєрдємє чи нє цєуа, уый ма кєн. Берє адєм ке кєнонцє, уой кєнє. Лєг йєхи адємыл ахуыр кєны. Хестєр (хецау) адємєй кєнгєй ’й. Сыхаг — айдєн, хъєубєстє — чиныг. ХЄЛАРДЗИНАД, УАРЗОНДЗИНАД Єгънєг ємє сєхтєгау єнгомєй фєцєрут. Хъаугъайы бєсты — хъайла. Хорз загъдєй євзєр фидыд хуыздєр у. Знагєй лымєн хуыздєр у. Знагєй лымєн скєн, фєлє лымєнєй знаг ма скєн. Хылкъахєг фєсмонгонд кєны. 388
Хыл єнєбон кєны. Дунейы паддзах — уарзондзинад. Дєхи куыд уарзыс, афтє уарз алкєй дєр. Кєд дє адємимє цєрын фєнды, уєд уарз дє сыхаджы. Хуры разєй дєр лєг йє сыхаджы фены. Бєлас куы акєлы, уєд йє сыхагыл банцайы. Лєгъуз єрвадєй хуарз синхон хуєздєр єй. Хуарз синхонєй хуарз хєстєгєй уєлдай нєййес. Сєрылхєцєг єфсымєр у. Хъєуєн галєй хъєуєн лымєн хуыздєр у. Хорз лымєн — фиуджын цєхєраджын. Хорз ємгар зын сахат ысбєрєг вєййы. Єрдхорд мєсыг у. Ємбалвєндє нє рєдуйуй. Фыды лымєн — фыды хєзна. Єрвадєлты єхсєн адджын цард хорз у. Єнгом цуанонтє саг марынц, єнгом бинонтє цард арынц. Бинонтє кєрєдзийы куы уарзой, уєд сє бєркад бирє у. Бинонтєн се ’нгомдзинад се ’фсиныл баст у. Хєдзарє унаффєй цєруй. Хєдзарє єнє еувєндє ихєлгє кєнуй. Бинонтє ємзонд куы нє уой, сєд сє хєдзар уазал смаг кєны. Мады рєвдыд — хуры ємдых. Мады бєллиц — цоты хур. Мады зєрдє тєнєг у. Зєрдє зєрди зонуй. Сыгъдєг уарзондзинадєн — сыгъдєг зєрдє. Сыгъдєг уарзтєн — єнувыд уарзт. Уарзондзинад кєм ис, уым цард дєр ис ємє куыст дєр. Зєрдєн зєронд нєййес. Мады хойє — мады ад. Арс дєр дыуує ємхєрєфыртєй тєрсы. Сиахс хъєбул у. РЄСТДЗИНАД Адємы сєр — рєстдзинад. Рєстдзинадєн — рєстєвзарєн. Рєстдзинад Сау хох ємє Урс хохы дєр сиу кєндзєн. Рєстдзинады Адайы хох дєр нє фєбынєй кєндзєн. Рєстдзинад зєрдєйєн уєз нє кєны. Расти фєндаг нє сєфуй. Єцєги над урух єй. Єцєг лєг гъєздуг єй. Єргом дзырды къєм нєй. «Зынг» зєгъынєй ком нє судзы. Раст дзурдєн аргъ нєййес. 389
Рєстдзинадєй хорз нє тєрсы. Уыцы лєг тєразы хуызєн раст тєрхонгєнєг у. Єцєг лєг уый у, ємє рєстдзинад чи кєны. Раст лєг нєзыгъєдау иугъєдонєй лєууы. Гетой геппєй дєр растдєр. Гєдыйы къах цыбыр у. Зєрдє куы судза, уєд сохъыр цєстєй дєр цєстысыг цєуы. Де знагєн дєр раст євдисєн балєуу. Лєгєн є дзурд єма є цєсгон, бєхєн ба є барцє ’ма є думєг. НАМЫС, ХЪЄДДЫХДЗИНАД Єгады бєсты — мєлєт хуыздєр. Кад ємє лєджыхъєд зєххыл сты: єргуыбыр сєм кєн ємє сє сис. Барын хорз у, фєлє єгєр барын та худинаг ємє мєлєт у. Єхсары бын «уєуу, єна» нєй. Лєджы цы бафєнда, уый сєххєст кєндзєн. Чи цы агура, уый ыссары. Чысыл фєрєт стыр бєлас калы. Мєлынєн дєр єхсар хъєуы. Дє тыхєй дє ныфс фылдєр уєд. Адємєн дзуапп чи дєтты, уый єппєтєй домбайдєр. Раздзог цєугє мєсыг у. «Ма тєрс» мєгуырєн мєсыг у. Арт ахуыссы, кад — нє. Тыхджын — ныфсджын. Ныфс мєсыг у. Єнє ныфсєй цєрєн нєй. Зєрдє — єхсардєттєг. ЗОНД, АХУЫРДЗИНАД Єппєтєй тыхджындєр зонд у. Зонд дєлдон нє кєны, уад єй не скъєфы, абырєг єй нє исы. Зондхєссєг — амонддєттєг. Зонд амондєн — йє хъузон. Зонды фєллой — зондхєссєг. Бєстє зонды баци. Зунд — хай, бєстє 6а — хай. Дунемє ма бєлл, дунейы зондмє бабєлл. Тыхєй зонд хуыздєр у. Зондджын — бонджын. Зондджыныл базыртє ис. Зондджыны ныхас цєуаг у. Зонд алкєй дєр хъєуы. Лєгєн зонд — фєндагамонєг. Зундбєл дє фєрсєг ку уа, уєд дє зунд ма бавгъау кєнє.
Ємзонд хъуыды цєргєс ахсы. Куройнємє — дон, лєгмє — зунд. Сєр — барєг, зонд — идон, євзаг — бєх. Зєрдєй — будур, зундєй — єлдар, къахєй — федар. Зонд хистєрєй кєстєры сєрыл нєу. Зонд зондагурєг. Иуы зондєй дыууєйы зонд — хуыздєр. Зонды бындур — фєллойад. Зонды райдйан — каконсындз, зонды фєстаг — залмысыф. Абоны зонд — дєу, райсомы зонд — мєн. Чысыл дзур, бирє зон. Дєхи зондєй цєр, искєй къєхты хъєрмє ма каф. Йеу рєдуд — йеу зунд. Сєры зонд куы нє уа, уєд къєхтєн фыдєбон у. Євзєры къахыны бєсты фєлтау зондджынмє байхъус. Нє базонунєй бафєрсун — хуєздєр. Бирє чи фєцард, уый ма бафєрс, бирє чи федта, уый бафєрс. Чи цас фены, уыйас зоны. Хистєрєн йє фындз амєрз ємє йє зондєй бафєрс. Зєронд цъиуы зыгуымы муртєй нє фєсайдзынє. Ахъуыды кєн ємє єрхъуыды кєнай. Дєсни лєгєн гъєдє хєстєг. Адєймаг бонєн диссаг куы нє хъуса, уєд йє хъустє хєрєджы хъусты йас кєнынц. Ды зондмє куы уыдтє, уєд єз хуыртє не ’хсєстон. Єнахур дони хєлєфєй ма бацо. Зєххыл ис єртє ахуыргєнєджы: цард, чиныг ємє адєймаг. Чи цал євзаджы зона, уал лєджы у. Зонды тєлмац євзаг у. Зондджын ныхас цєуаг у. Ємбисонд зонд зонєн у. Ємбисонд ємбисондыл чындєуы. Ємбисондєн баззад. Ємбисєндтє фыдєлтєй баззадысты. — Сєр, ка дє цєвуй? — Цъух! — Гурє, билємє дє ка хєссуй? — Къах. АДЄЙМАДЖЬ1 АИППЫТЄ, КЪУЫЛЫМПЫТЄ Зивєг мєгуыры мад у. Мєгури хай — зинадє. Зинадє — знаги хай. Єппєтєй уєззаудєр — зивєг. Зивєггєнагєн алы бон дєр — бєрєгбон. Зивєггєнаг єдзух тєхудытє кєны. 391
Зивєггєнаджы гуыл хомєй баззад. Зивєггєнаджы къах сындзы къутєрыл баззад. Зивєггєнаг схуыст єййафы. Єнєзивєг цєл ары, зивєггєнаг цєф ары. Зивєггєнаг фыййау йє фос дардєй здахы. Бирє хуыссаг лєг хєдзар нє кєны. Магоса уарун берє уарзуй. Магусай — цєлуарзаг. Зыд лєг — мєрддзєст. Куыстыл — хъеллау ємє єрдєгмард, хєрдыл та — бирєгъау єнєфсис. Бадгутєн — гєнгєл, косгутєн — уєнгєл. Йеу бони изад сєдє боней изад. ’Нєзонаджы къух — ’нєриссаг. Гєды лєг — къєсєрмє. Мєнгєтти къах цубур єй. Гєды ныхас нє т}’лы. Єнєууєнк лєг — сомыгєнаг. Рувасєн йє къєдзил — йе ’вдисєн. Дзєгъєл цъух хєрєги къахєй над. Є цъух йести, є бон неци. Ныфс бавєрдтай ємє йє нє сєххєст кодтай — уый мєлєт у. Гєдывад ныхєстєй зєрдє ма євєр. Арсы царм дєм куы нє уа, уєд дзы ныфс макємєн євєр. Гєды лєджы куырм дєр уыны. Гєды лєг фурды был дєр нє бамбєхсдзєн. Гєды лєгєн йє хъулон мидємє у. Гєдыйы дымєг авд хъєды басыгъта. Гєды фєлывдєн — къєссайы комыл хєцєг. Гєды лєг йєхи дєр сайы. Лєгъуз — авдкъахуг. Єнхъєлєй дзураг мєнг кєны. Євзєрєн йє гакк йє уєлє. Євзєрєн гакк нєй. Єдылы хъєдмє дыуує цыды кєны. Ємбаргє лєг йєхи зынгєй тавгє кєны, єдылы та дзы судзгє кєны. Ахєм єнєсєрєн у — ємє цєндыл дур не ссардзєн. Єрра барєг — дон сгарєг. Єррайєн ємдзєгъд нє хъєуы. Дє над — бємбєг, дєхуєдєг — тєлтєг. Єдули — мукъур хуайгє. Єдылы йе ’дылыйє мєгуыр вєййы. Єдылы йе ’дылы не ’мбары. Єдылы хивєнд вєййы. Євзєр йєхицєй ємбисонд хєссы. Євзєр йє удєн тєрсы. Тєссаджы мад тагъддєр мєлы. Тасзєрдєджын хъєбатыр нє вєййы. Тєбєгъы донау, чердєм фездєхдзєн, уый бєрєг ын нєй.
Дєлє-уєлє чи кєны, уый йєхицєй хынджылєг кєны. Єнєзунди хєдзарє — дони билєбєл. Йесгємєн — къириндаст, єхецєн ба — кауин къєлдєр. Єгєргєнєг — нецигєнєг. Хуыснєг цєй бєрц хъєлдзєгєй нє цєра, уєддєр ыл мєгуыры бон кєндзєн иу бон. Євзєргєнєгєн бирє цєрєнбон нєй. Хуыснєггаджы бас «фу-фу»-йє сысы. Къєрныхы бас єдзєхх вєййы. Давєг лєгыл хъуын нє хєцы. Хуыснєг йє аууонєй дєр тєрсы. Къєрных ємє бирєгъ рухсєй тєрсынц. Къєрных лєг йєхи худ дєр давы. Давєг єхе хєдзарєй дєр давуй. Давєг єнє хєдзар єй. Иу хатт чи радава, уый єдзух дєр къєрных хонынц. Митєй мєсгуытє амайы. Йєхицєн чи нє зоны, уый искємєн дєр нє зоны. Чидєр йєхицєн сир кєнын нє зыдта ємє иннємєн дзыкка кєнын амыдта. Дур єхсын чи нє зоны, уый дзы йє къєбут цєвы. Єнєкъєдзил гал йєхи рєгъауєн бындзсурєг скодта. Єнарєхст барєг йє рєдыдтытє йє бєхы аххос кєны. Искєй цєсты єрду уыныс, дєхи цєсты къала бєлас дєр нє уыныс. Єнє базырєй мєргътимє тєхы. Єнєсєр карчы митє кєны. Зыд лєгєн нє къаты бон ис, нє — бєрєгбон. Иу куырєйттє марзта, иннє та йє фєдыл зылди. Євзєр йєхицєй феппєлы. Дє фыдєлтє — рухсаг, дєхєдєг цы дє? Хомыс задыныл худти. Сєдти Бєдтийыл худти. Хєфсєн йє лєппын — хуры тын. Чидєр кєддєр арс федта, ємє алы бон «арс-арс» кодта. Єз цы обауыл лєууын, уый — бєрзонддєр. «Єз мыдимє хорз дєн», загъта булкъ. Єппєлой лєгєн йє фєдджи айваз. Кєд дє фєнды дєхицєй раппєлын, уєд дєхи ма стау. Хъал ныхас хъєдбыны дєр нє фидауы. Єппєлой лєджы ничи фєрсы. Єхе ка фєббєрзонд кєнуй, йе ниллєг циртмє куд никкомуй? Дє хоры єрцыдєй ма раппєл, цалынмє йє дє къутуйы бафснайай, уалынмє. Зынєрвєссоны гуыл хомєй баззад. Єнє бєрєг базонгєй дє сиує ма ’ргъувє. Хивєндмє уайдзєф худєгау кєсы. Дзєбодури гъоси — уадє. Фыдлєг фыдбон кусы. Фыдзєрдє — фыдрын. Єдзєсгом — адємы фыдбылыз. 393
Єрра куыдз ємє расыг лєгєй дєхи хъахъхъє. Євзєрєн сєдє къахы ис; иуєй дыл куы нє ныллєууа, уєддєр дыл аннєтєй лєудзєн. Євзєр — єнємєт. Євзєр куырдєн йе ’взалы — йєхицєй. Мєнгарддзинад єууєнк сайы. Арвы хин ємє зєххы кєлєн. Ахєм хин адєймаг у, ємє йын євєд миты йє фєд ничи ссардзєн. Хингєнєгєн йє хин йєхиуыл цєуы. Хин ма кє ємє кєлєн ма ссарай. Йє цєстєнгас — арсы, йє хины митє — рувасы. Разєй худгє кєны, фєсте та счъилтє цєгъды. Калмы хєст хъамайы цєфєй риссагдєр у. Лигъзєвзаг єма синдззєрдє. Фыдєвзаг хох халы. Лєгъуз лєг — фудєвзаг. Тєлтєг євзаг — єбуалгъ знаг. Сєр дзыхмє курєг цєуы, ма мє фєнємын кє, зєгъгє. Фыдхъус — хєдзархал. Цєстмєхъус ныхас фыдбылыз хєссы. Євзєрєн йє дзых — йє уєлє. Уасаг гєды мыст нє ахсы. Дзєгъєлдзых — хєрєджы къахєй над. Даргъ євзагєй єнє ’взаг єнєфидбилиздєр єй. Євзєрєн йє дзых — йє уєлємхасєн. Дзєгъєлдзыхєн — цъутта. Адєймагєн йе сєфт дєр ємє йє амонд дєр йе ’взагыл баст сты. Калмєвзаг адєймаг у. Нымудзєг дзыхмє кєсы: цєстмє кєсын нє фєуєнды. Макєй кой кєн, ємє дє кой ничи кєндзєн. Куй дзи стєг нє ратондзєнєй. Дєуєй — мє хъуг єххормаг, ма гал — єгєвдєс. Йєхи хєдзары цъиуы цєстєй кєсы, искєй хєдзары та — галы цєстєй. Ахєм зыд адєймаг у, ємє єргъєсчъы къоппа ахєрдзєн. Айдагъ пайдай надбєл лєги цєун нє гъєуй. Адєм фєдисмє, уый та — къєбицмє. Зыдгєнаг — зынєфсис. Берє мулк сайаг єй. Чидєр йєхицєн цєст єнхъєл нє уыди ємє ма афтємєй «єрфыг єрфыг» кодта. Є хуар зєд кємєн уа, уой цъеу ма уо. Нозт йє лымєны сєфтмє тєры. Нозт єррагєнєг ємє хылкъахєг у. Нозт йє кєнєгєн дєр нє бары. Бирє нуазаг зондцух кєны. Расыг лєджы бєх уайаг вєййы. Загъд ма ракъах ємє фыд ма ссарай. Єртє лєджы загъдєй дє комєн тєрс. Искємєн дзыхъхъ куы къахай, уєд дзы дєхицєн дєр тас у. 394
Калм дзы йє хуынкъмє лиды (Лыдуагєй). Адєм дзы ємризєджы ризынц (фыдуагєй). Єнєуынаффє хєдзар — ривєддон. Євзєр фысымєн йє уазєг уынаффє кєны. Євзєр комєй євзєр дур хауы. Євзєр ныхас дардмє хъуысы. Фудгин нихаси єстъєлфагє. Ка фудгин — фєрєтгин. ЄРДЗЫ ФЄЗЫНДТЄ ЄМЄ ЦАРДЫ ФЄЗЫНДТЄ Ємбисєхсєв бон нє кєны. Тъєнджы мєйы арв нє нєры. Бонє є йафони ивайуй. Алцємєн дєр рад ис. Алцидєр є афони — хуарз. Уалдзєг куы ’рцєуа, бєласы сой уєд бацєуы. Дыргъ йє афоны рєгъєд кєны. Цъиутє уасын куы байдайынц, уалдзєг уєд ралєууы. Афєдз — иу боны хуызєн. Алцємєн дєр афон ис. Єнафоны хур нє кєсы. Єнусон цъити дєр ма змєлгє кєны. Денджыз дєр йє бынат ивы. Денджыз уылєнтєй фидауы. Денджыз дєр єртахгай у. Денджызыл фєд нє зыны. Дон иу ран лєугєйє нє фєд кєны. Зєронд хъєд ємє дур дєр кєнынц. Ихы фєзгъєртє рухс хурєй тайынц. Бєлас цъуппєй хуыскъ кєны. Бєрзонд хохыл их нє уары. Зымєджы дєндаг дур кєрды. Уади фєсте уарун йес. Абоны райсом райсомы абон у. Рєстєг ємгъуыд нє зоны. Рєстєг йє кєнон кєны. Рєстєг хєхтє фєлдахы. Ивгъуыд боныл хур нє кєсы. Ивгъуыд хур — Єрфєны фєд. Дон фєцєуы, дур баззайы. Тулгє дурыл хъуына нє хєцы. Бадгє дон хъуына кєны. Бон цєуы ємє фарн хєссы. Зєхх єппєт дєр уромы. Зєххыл єппєт дєр хурмє тырны.
Дуне гуыргє-мєлгє у. Адєймаджы цард уалдзыгон дидинєгау у. Єнємєлгє дуне нєй. Єнусмє ничи цєры. Дуне иу лєджы тыххєй конд нєу. Амард ємє асастєн хос нєй. Мєлєт ємгъуыд нє зоны. Мєлын хистєрєй кєстєры сєрыл нєу. Єнєфсон мєлєт нєй. Рынчын мєлєты нысан у. Цард дунейєн асин у: чи йыл уєлємє хизы, чи та — дєлємє. Анз цєуй ’ма фарнє хєссуй, бон цєуй ’ма кадє хєссуй. Уыци-уыцитє КУЫСТ. КУСЄНГАРЗ Адємы єфсады, йєхи — нє (куырой). Донєй фат, хъєдєй єрдын, къодах ныццєвы, ємє дур ныззилы (куырой). Хъєды цєвы, ємє дур зилы (куырой). Дыуує єрра куыдзы кєрєдзиуыл рыг калынц (куыройы фыдтє). Бирє къєхтє йын, афтємєй быдырєй йє синтыл хуысгє єрбацєуы (похци). Зымєг уєлгоммє, сєрд — дєлгоммє (гутон). Иу рєстєджы бады, иннє рєстєджы та — кусы (гутон). Нє дєлтъєрє гъургъур арс (дзубур). Гуыбыр, чысыл, фєлє быдыртыл єрзилы (єхсырф). Къєдз куыдз суры хъуынджын куыдзы (єхсырф ємє кєрдинаг). Кєрдєг йє халєг, дур йє цыргъгєнєг (цєвєг). Нє гыццыл дада хос кєрды (цєвєг). Тар адаги гулу берєгъ (фєрєт). Даргъ лєджы цыбыр лєг йє быны акодта (фєрєт). Мин єфсымєрєн иу рон (куырис). Еу судзинєбєл єнєнимєдзє халє (ласєг). Нє зєронд дада хуынчъытє бандоныл бады (хосы мєкъуыл). Цыппар кєроны, дыуує цалхы, астєуєй — зєгєл (хєсгард). Єфсєн галєн — бємбєг къєдзил (судзин). Йє бырынкъ — єндон, йє къєдзил — гєн (судзин ємє єндах). Єнєбун агє — фидєйдзаг (єнгурстеуєн). Дуду къуыппыл — дуду цъиу — (єнгуырстуаи). Нє сау сєгъ хєры ємє хєрынєй не ’фсєды (нирєн). Хох — къахыртє, йє ас — гыццыл, йє куыст — бирє (нирєн). Йє сєрєй сє скъуыдтой, йє бынєй сє євєрдтой (пирєн ємє къуымбил). Нанайи размє уорс уєриккє кафуй (єлхуйнє). Зилы ємє никуыдєм хєццє кєны (єлхуый). 396
ХЄДЗАР. ХЄДЗАРЫ ЗЫЛД Єртє ’фсымєрыл — иу нымєтхуд (фынг). Цыппар лєгєн — иу худ (стъол). Цыппар єфсымєрєн — иу хо (стъол). Зымєг хєры, сєрд — нє (пец). Къєдзтє-мєдзтє, кєдєм цєуыс? Зултє-мултє, нє мє ауадзай? (фєздєг ємє рєхыс). Сау бєхыл — сау барєг (аг ємє рєхыс). Сауи сау бєхыл абадти (аг ємє рєхыс). Сау хъуджы бын сырх рєуєд (аг ємє арт). Иу гал мын ис, ємє уый кєм схуыссы, уым кєрдєг нал єрзайы (зынг). Сурх гали бадєнти кєрдєг нє зайуй (зинг). Нє фєсдуар сурх фєрдуг (зинги къєртт). Иу «мє сєр-мє сєр» кєны, иннє — «мє астєу-мє астєу» (цєджындз ємє аххєрєг). Єнє артєй фыцы (дон ємє чъът). Нє тугури — сау нимєт (скъорє). Иу къєбыла нєм ис ємє єнє хицау хєдзар хъахъхъєны (гуыдыр). Нє фєсдуар — кафгє чындз (цъылын). Хъєды — єлдар, хєдзары — цагъар (уисой). Нє гыццыл арвєй мит уары (сасир). Тар адаги хъуми уорс уєлитє кафуй (цихтитє). Дыуує хохы астєу — урс дзєнхъа (уєливых). Къахгє къодах, гєбына халас (царв). Урс дзєкъулы мидєг бур тыччы (айчы бур). Нє гыццыл къєбиц — єнє дуар (айк). Йє фыд — куырм, йє мад — къєдзтє, йє фырт — єрра (сєн). Иу ис хєдзары ємє уый куы нє уа, уєд куырм сты (цырагъ). Цєуы, цєуы ємє никєдєм хєццє кєны (авдєн). Дыуує ’фсымєры разєй уайынц, дыуує та сє фєстейы сурынц (уєрдоны цыппар цалхы). Цуппар єрвади сє кєрєдзей сорунцє, сє кєрєдзей 6а не ’ййафунцє (цєлхитє). Бастєй цєуы, єнє бастєй — нє (къогъодзи). Бынєй — кау, уєлейы — фєйнєг (єрчъи). ХАЛСАР. ЗАЙЄГОЙТЄ Аком, уком — сырх хъуццытє (шгъылытє). Асиатыл авд кєрцы (хъєдындз). Єнє дуар, єнє рудзынг, афтємєй йедзаг (харбыз). Гал скъєты дуарыл фєцєйхызти, ємє йє дымєг фєсте аззади (кєрдо). Дєлдзєхєй нє сырх гал йе ’взєгтє суагъта (цєхєра). Рєсугъд чызг йєхєдєг зєххы бын ис, йє дзыкку та уынджы (цєхєра). Дзыккутє йыл уыди, ємє чызг нє уыд, тымбыл уыди, ємє айк нє уыд, къєдзил ыл уыди, ємє мыст нє уыд (булкъ). Сау дєн, ємє сынт нє дєн, урс дєн, ємє цыхт нє дєн, къєдзил мын ис, ємє мыст нє дєн (булкъ). 397
Карк дєлдзєхы къуыртт уадзы (картоф). Нє гыццыл мєсыг — рєнхъамад (нартхор). Нє уєлкъела — хєфцєстє ностє (зад). Уырызмєгыл фондзыссєдз хєдоны (кьабуска). Къала бєласє хонхи адтєй, є тєфє ба будурмє рахъєрттєй (давонє). Фєсхох куыдз амард — йе смаг ардєм ракалд (давон). Бєндєн хизы, ємє род нєрсы (нас). Чысыл дурыны — урс нємгуытє (нас). Аппєй-оппєй — бєрзонддєр, дзєгъындзєгєй — рєуєгдєр (хуымєллєг). Зымєг — мєгуыр, сєрд та — хъєздыг (бєлас). Зынг нєу, афтємєй судзы (пысыра). Йє апп — єппаринаг, йє цъар даринаг (гєн). Сєрд уєлємє цєуы, зымєг — дєлємє (кєрдєг). ЄРДЗЫ ФЄЗЫНДТЄ Иу лєгєн — дыууадєс фырты (афєдз). Нє зєронды дысєй дыууадєс цъиуы ратахт (афєдз ємє дыууадєс мєйы). Куы — урс, куы — сау Ссєрд ємє зымєг). Сау гал бацєуы ємє сє амары, урс гал бацєуы ємє сє райгас кєны (єхсєв ємє бон). Нє сау каркєн йє иу базыр — сау, иннє — урс (єхсєв ємє бон). Сыгъзєрин ацєуы ємє євзист єрбацєуы (хур ємє мєй). Арвєй зєлдагє — зєнхєн цинадє (хори тунє). Нє тугури євзестє лєдзгутє (хори тунтє). Нє уєлхєдзар — цєхєры кєфой, йє астєу — дзулы чъири (мєй ємє стъалытє). Нє уєлхєдзар — гуыдыны єрдєг (мєй). Нє цары — цєхєры кєфой (арв ємє стъалытє). Нє зєххыл лєууы, нє — арвыл, афтємєй пайда у адємєн (мигъ). Єнє базыртєй тєхы, єнє хъєлєсєй хъєр кєны (уад). Єнєкъах, єнєкъух, афтємєй дуар бакєны (дымгє). Бєркадєн — агъаз, адємєн — єнкъард (уарын). Арвєй кєлуй зєнхи єфсес (уарун). Еу цєуй, иннє ба изайуй (дон єма дортє). Бон дєр цєуы ємє єхсєв дєр (дон). ЦЄРЄГОЙТЄ Ала-быза сыкъадзых (бабыз). Урс дурыл цъєх цєстытє (хъаз). Ам цъыкк, уым цъыкк, Ирєдоны єфцєгыл єртє цъыччы (зєрватыкк). Тєрєн єфцєги єртє тъуппи (зєроатукк). Єнє фєрєт, єнє дзєбугєй скєны хєдзар (цъиу). Єхсєв уыны, бон — нє (хєлынбыттыр). Бонє нє цєуй, єхсєвє 6а хєтуй (уру). Гакк Гогормє уасы (хъуг ємє йє род). Гъєди — синк-синк, гъєуи — баццой (куй). 398
^оны мидєг єгас у, сурыл — мард (кєсаг). Йє сєр — хырх, йє дымєг — єхсырф (уасєг). Куд тагъддєр, уотє дзєндєлдєр (узун). Къодахы бын — лыстытє (карк єд цънутє). Разєй фєстємє баст, фєсте размє баст, бынєй уєлємє баст, уєле бынмє баст (бєх). Рисгє дзы ницы кєны, афтємєй хъєрзы (хуы). Талынджы уыны, рухсы — нє (уыг). Нєхи Цопаныл зыгъуыммє кєрц (фыс). АДЄЙМАГ Къуыдырєн авд дуары (сєр). Нє фєскъул дыуує даргъ хъєды (дзыккутє). Тар хъєды бєрєг бєлас (сєры урс єрду). Йеу къудуронбєл сєдє уеси (сєр). Дугъон бєхєй тагъддєр (цєстытє). Къолє хєрди авгин дуєрттє (цєстнтє). Къолє хєрди цєруй дуує єнсувєри, кєрєдзей ба нє уинунцє (цєстнтє). Дыуує сау хохы астєу урс хох (ных дыуує єрфыджы єхсєн). Иу кєлмєрзєн мын ис, сур єй кєнын, сур єй кєнын, ємє йын сур кєны- нєн ницы фєразын (євзаг). Дыуує ’фсады кєрєдзи цєгъдынц ємє се ’хсєн минєвар цєуы (дєндєгтє ємє євзаг). Нє чысыл скъєты урс уєрыччытє (дєндєгтє). Алли хуари куройнє (гъєлєс). Иу у, ємє — алыхуызон (зєрдє). Сєумєй изєрмє — ахєст, єхсєви ба — уєгъдє (къєхтє). Размє чъылдым, фєстємє гуыбын (зєнг). Цыппар мадєн фєйнє фондз фырты, сегасєн дєр уыцы иу ном (єнгуылдзтє). Цємєн нє хъєуы, ахєм нєй (ном). Сєдє сєди нимад єй, сєдє сєди ба бєркад єй (єфсннє). КУЛЫУРЄ Дзых ын нєй, афтємєй дзуры (чнныг). Кєдєм мє фєнды, уырдєм атєхдзынєн, ємє мє фаг ныхас фєкєндзынєн (чиныг). Дзургє нє кєны, афтємєй адємєн зонд амоны (чпныг). Лєг нєу, афтємєй дзуры, бєлас нєу, афтємєй йыл сыфтє ис, хєдон нєу, афтємєй хуыд у (чнныг). Єнєкъєхтє, єнєкъухтє, афтємєй алы бєстєтєм цєуы (писмо). Урс зєххыл сау халєттє кєрєдзиуыл баст (дамгъєтє). Фондз галы урс быдыры хуым кєнынц, сау мыггаг тауынц (къух, гєххєтт). Єнє къахєй цєуы ємє єнє къухєй амоны (сахагп). Нє тєрхєги — уасєнгє (сахат). Нє уєлкъела — гъур-гъур арс (фєндур). 399
ШШ \ш ш Єлгъыстытє Авд дєлдзєхы ныххауєд. Адємы фыдєх єй уєд. Алардыйы хасты фєу. Арвы цєфы фєуєд. Ард йє хєдзары. Афєлдисєнт ын сє. Ахєстоны бамбийєд. Єлгъыстаг фєуєд. Єлгъыст ыл єрцєуєд. Єнє баныгєнєг фєуєд. Єнєхайыр фєуєд. Єхситтаг йє сєр. Бєрзєйсаст фєуєд. Гєды бындар фєуєд. Дє дєндєгтє фєриссєнт. Дє ном фесєфєд. Дє сєр асєттєд. Дє хуры хай ахуыссєд. Дє фєндтє дє хъуыры фєбадєнт. Дє хъустє бамыр уєнт. Дє хъусты хєф фєкєлєд. Дє фєллєйттєй ма байрай. Дєлдзєх фєуєд. «Дон-дон» фєкєн. Донраттын хъом ма у. Донласт фєуєд. Дудгє фєбадєд. Дурты бын — йє сєр. Дымгє дє фєхєссєд. Зарєджы сєйраг фєуєд. Зєрондмє ма фєцєрєд. Зынгау басудзєд. Ингєн ын акъахєнт. Йє бєрзєй асєттєд. Йє бындур ныззилєд. Йє дзыккутє фєтонєд. Йє дзых бамыр уєд. Йє дуєрттє єхгєдєй баззайєнт. Йє зєнг асєттєд. Йє зєнгтє йє быны батєгєлтє уєнт. 400
Йє зєрдє аскъуыйєд. Йє зєрдє фехєлєд. Йє зонд фєцєуєд. Йє игєр фехєлєд. Йє ингєныл ын єй авєрєнт. Йє иунєг амєлєд. Йє къєхтє бахус уєнт. Йє мард ын дзы аласєнт. Йє мард ын дзы рахєссєнт. Йє масты дзєкъул атонєд. Йє мардєн бахъєуєд. Йє нывонд фєуєд. Йє рєхыс йє фєдыл єфтыд фєуєд. Йє рухсы хай ах}’ыссєд. Йє сєр йє кой суєд. Йє сєр ын бахєрєд. Йє сєрыл хаст фєуєд. Йє тых басєттєд. Йє тъєнгтє атонєнт. Йє уд ауайєд. Йє уд схауєд. Йє уырджы йє ссарєд. Йє фазыл фєбырєд. Йє фєды-фєдмє дєр єй ма бамбарєд. Йє фєрстє фехєлєнт. Йє хєдзар басудзєд. Йє хєдзар фехєлєд. Йє хурхыуадындзтє атонєнт. Йє хурхы фєбадєд. Йє хуыздєр амєлєд. Йє хъуыддєгтє ’рбайхєлєнт. Йє чырын ын дзы абарєнт. Йєхи фєтонєд. Йе ’взаг бах}^ыскъ уєд. Йе ’взагыл сынкъ разайєд. Йе стъалы ахуыссєд. Калм ын райг^^ырєд. Кєрєдзийы бахєрєнт. Кєрєдзийы фєндиаг фєуєнт. Кусынмє йє былыцъєрттє фєхєрєд. Ласгє мард фєуєд. Ма байрєзєд. Ма дзы байрадєуєд. Макуы мацємєй бафсєдєд. Мард дзы рахєссєнт. Мард ыл єрцєуєд. Марды хъєр сє райхъуысєд. Марг бахєрєд. 26 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том Мауал дзы раздєхєд. Мауал дзы рабадєд. Мауал мє баййафєд. Мє бон ыл акєнєд. Мє низтє — йє гуыбыны. Мє нывонд фєуєд. Мє рыстєй фєрисс. Мє фєхъхъау фєу. Мє фыдфынтє — йє хай. Мє хуыстєй фєхуысс. Мєрддзєгтє йын бахуыйєнт. Мєрдтєм ыл єй скєнєд. Мєрддзєгтє йын скєрдєнт. Мєрдтєм єй адавєнт. Мєрдхуыст бакєнєд. Мєрдты йын къєхтєхсєгєй фєцу. Мєрдты йын урс бєхєй фєцєуєд. Рацєуєг ує мауал уєд. Сайды фєуєд. Сау бон ыл акєнєд. Сау бонєй баззай. Сау усєй фєцєуєд. Сау халон уєм бауасєд. Сєры сєфт фєуєд. Сє хал, сє бєндєн аскъуыйєд. Судзгє-уыраугє фєбадєд. Уєлмєрд арт ын скєнєнт. Уымєй хуыздєр кад ын макуы уєд. Уынгєджы бон ыл акєнєд. Фєндыры хъєр ує макуы райхъуысєд. Фєрсксаст фєуєд. Фєсмон фєкєнєд. Фєсмонгонд фєуєд. Фыдбои ыл акєнєд. Фыдєбон йє хай. Фыдєхсєв фєуєд. Фыдбоны хай фєуєд. Фыдбоны хаст єркєнєнт чындз. Фыдвєндаг фєуєд. Фыднизєй фєсєйєд. Халєтты холы фєу. Хєдзархєлд фєуєд. Хєлєгєй амєл. Хєйрєджы амєттаг фєуєд. Хєрєджы тъєнгтє бахєрєд. Хистаг фєуєд. Хистєн єй бахъєуєд. Хорзєй мацы фен. 401
Хъєбулы ад ма бамбар. Цєстхауд фєуєд. Цырагъдарєй йын фєцєуєд. Цырагъдарєгєй йын фєбадєд. Цыртєн ын бахъєуєд. Цъиу-цъиу фєкєнєд. Радзырдта сє Тайтгпагггы Фаруз Иласы чызг, 64-аздзыд. Ныффыстой сє Тохглы Иветы, Куындыхаты Ларисє, Хъамболгиы Мєдинє. 1 июль, 1984 аз. Цєгаги Ирысгноны паддзахадон универсггтегп, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. Абон кєй бон у, уый дє ралгъитєд. Абоны фыдєх дє уєд. Авд дєлдзєхы дє Хуыцау фєкєнєд. Адємы сєрыл хаст фєу. Алардыйы фыццаг фєу. Арв дє ныццєвєд. Ард дє хєдзары бацєуєд. Ахсєв дє ралгъитєд. Єнєбайрайгє дзы скєн. Єнєдарєг фєу. Єнєкъона фєу. Єнєнтыст єрбау. Єнєрай дє хєдзарєй. Євзєр мардєн фєлдыст фєу. Євирхъау низ дє фєхєссєд. Єхсысты фєллад дын фєуєд. Бабын уай. Бакєнєг дє мауал уєд. Быны чызгєй фєцу. Гандзайаг дє Хуыцау фєкєнєд. Гєныстон дє Хуыцау фєкєнєд. Гуыбынниз дє адавєд. Дє арты бынєй сау туг скєлєд. Дє артыл дон ацєуєд. Дє бинонты быныл баззай. Дє бинонты хуыздєры хистєн бахъєуєд. Дє бон бакєлєд. Дє бур рондз фєкал. Дє бындур йє тєккє бынєй низзилєд. Дє быны лєдзєг райс. Дє дыуує цєсты рахауєнт. Дє зєды хай дє бахєрєд. Дє ингєнбарєн фєуєд. Дє иунєджы быныл аззай. Дє мад дє дурты бын атъыссєд. Дє мад дє мєрдєй аззайєд. Дє мєрдтє йє бахєрєд. Дє ныййарєг дє афтидєй аззайєд. Дє сау туг фєкал. Дє сау рєхыс рахєсс. Дє фарсєй фєуєд. Дє Хуыцауыхай дє бахєрєд. Дє Хуыцауыхай дєлємє єрхауєд. Дє хъал бон ныккал. Дє цєст схауєд. Дєлгом єрбау. Де ’мгєрттє дын дє хист ахєрєнт. Де ’мгєрттєй бастъєл. Де ’мгєртты сєрыл хаст фєу. Де ’мгєрттєй фєхъу. Еу дє къона. Еу дє сєр. Емынє бахєр. Емынє уыл сыстєд. Зєй ує фєласєд. Зєйуат дє Хуыцау фєкєнєд. Змєлєг дє ма баззайєд. Кєуинаг дє сєр. Мард дє хєдзарєй рацєуєд. Мард дыл єрцєуєд. Марды конд фєу. Мардєн дє бахордєуєд. Мє удылхєцєг дєлємє фєуайєд. Мє хуызєн удисєг дє ахєссєд. Мєниас дур дє акъуырєд. Ме ’нєуынон фєу. Рын уыл сыстєд. Сау марой дєм бачындєуєд. Сау мєры дє атъыстєуєд. Сау сыгъд дыл ссєуєд. Сау сыджыты дє къухтє. Судзаджы мард дє рацєуєд. Судзгє єнєрай дзы скєн. Сыбираг дє Хуыцау бакєнєд. Сывєллєтты рын дє адавєд. Сыл-бындар фєу. 402
Сынтыл хаст фєу. Сырх гуыбынниз дє ахєссєд. Сырх емынє дє хурхы. Тибиты рын ує фєхєссєд. Туг дыл ныууарєд. Фєзмєджы хал ахєр. Фыдызнаджы амєттаг фєу. Фыдуєгты хал ахєр. Хєрам дын фєуєд. Хєсгє мард фєу. Хуыцау дє ныццєвєд. Хуыцауы фыдєх ссар. Хъыпы дє хурхы. Хуырыммард дє Хуыцау акєнєд. Цавддур дє Хуыцау фестын кєнєд. Цємєй не сулєфай, уый дє хурхы. Цємєй тєрсыс, уый дыл єрбамбєлєд. «Цы кєнон» фєкєн. Ныффыста сє Цомайты Хадзырєт. Скъуынгє къєлиндар, 1926 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор, оп. I, дело 47—16, ф. 80—94. Адєм дыл хъоды бакєнєнт! Адємы сындз фест дє цєргєбонты! Адємы хорзєй єнєхай у! Адємы рын фест! Адємы уындмє дє Хуыцау фєбєллын кєнєд! Єнусмє тулгє дурау бынат фєагурай ємє бынат ма ссарай. Быны чызгєй фєцєр. Бедойты гєдыйы зад бакєн иунєгєй. Дє дард балцы фєндараст ма фєуай! Дє кєстєры хорздзинад ма фен! Дє мад дын цы бахєрын кодта, уый дын хєрам фєуєд! Дє сау уєрдон дын єрбаласєд. Дє сау уєрдон изєрыгон дє мадмє батулєд! Дє туг-дє рондз фєкал! Дє туджы фємєц! Дє тыхсты сахат дын дон бадєттєг ма уєд! Дє фыдгултє дыл фєцин кєнєнт! Дє хєдзарыл мауал сємбєл! Дє цєргє-цєрєнбон дє мад, дє фыды уынынмє бєлгєйє фєцєр! Дє цєргє-цєрєнбон гєвзыкк ємє мєгуырєй фєцєр! Дур дуцєн мыст єлвынынмє фєцєр! Иуєй-иумє фєцє}пг! Иу дєр ує мауал баззайєд мє фєстє! Кєйдєр цотмє хєлєг кєнгєйє дє цард арвитай, — євзєр чи уыди! Кєстєр дын ма схъомыл уєд. «Кєстєр, кєстєр» фєкєн ємє єнє кєстєрєй баззай! Ма дыл бахєцєд мє уды фєллой! Мє хойраджы ард дє фєдыл єфтыд фєуєд! Мє риуы єхсыры хуыпп хєрамєй фєкал! Мє фєстє дзы бєхгєрдєг дєр єрзайєд! Мє цєхх ємє кєрдзын дє фарсєй фєуєнт! О, фєсмонгондєй фєцєрай дє царды мидєг! Тулгє дурыл хъуын куыд нє хєцы, афтє дыл цард дєр макуы єрхєцєд! Ує, єнусмє дє мард фидиссагєй баззайа! Ує, бинонтєн єнад фєуай! Ує, дє балцы цєугєйє де ’мбєлєг фыдгєнєг уа! 403
Ує, дє куыдз дє бындар фєуа! Ує, дє сау рєхыс дє астєуыл бабєттай ємє хъєузила фєкєнай! Ує, иу дєр ує мауал баззайа, куы нал ує фєразын! Ує, мє тыхгєнєг, Хуыцау дын батых кєнєд! Ує, мыггагєскъуыд фєуат! Цот уын ма сынтыса! Ує мыггаг сыскъуыйєд! Ує, мє сыгъдєг къєбєр дє фарсы тєнєгєй акєла! Ує, фєндаг сєрдєн фєуай! Ує, хион агургєйє фєцєрай, ємє єнє хионєй амєлай! Ує, хоры ард дє фєдыл єфтыд єрцєуа! Ує, Хуыцау дє ралгъита! Фыдвєндаг фєу царды мидєг. Фыд чындзы фєцу мах тєригъєдєй! Хионы уындмє бєлгєйє дє мард єрцєуєд! Хуыцау дє ма сразы уєд! Хуыцау дє ралгъитєд! Хуыцауєй єлгъыст фєу, ємгар ємє хєлар дын макуы уєд! Цард фєсур, фєлє йє макєд баййаф! Цардмє бєлгєйє, єдзардєй фесєф! Цот дын ма сынтысєд! Радзырдта сє Тогицаты Ллыксандр Михалы фырт, 72-аздзыд. Ныф- фыстой сє Болиаты Лльбинє ємє Кадиты Жаннє, г. Беслєн. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зоиынады кафедрєйы архив. Єнєбакєнєг фєу. Єнєдарєг фєу! Дє ног хєдзары дын дє дєнгєлєй мард авєрєнт. Дє хєдзары мысты къєдзил дєр ма разынєд. Дє хъєбулты игєртє бахєр. Дє цєгатмє фєдисы фєцу. Дзыхъмард фєу. Зєйласт фєу! Марг бахєр. Мє дзєбєхтє дын туг ємє рондз фестєнт. «Мєн у» зєгъєг дын мауал уєд. Низ дє артєнты. Сау хызы бынєй фєкєс. Тєнкъєртт фєу. Уынджы баззай. Фєздєг дє ма скєлєд. Фыдбоны цєрдтытє фєкєн. Фыдчындзы фєцу. Цєгатдзагъд фєу. Цємєй тєрсыс, уый дє баййафєд. Ныффыста сє Плиты Светє, 1989 аз, Майрємадаг. Цєгат Ирыстоны паддзахадон уиверситет, ирон ємє иумєйаг євзагзо- нынады кафедрєйы архив.
Гуыбынниз дє бахєрєд. Гъє, мєрдты къєй фестай. Дє быны лєдзєг дын рахастєуєд. Дє быныхъєр райхъуысєд. Доны чызджыты єлгъыст фєу. Дє зєронды бонтєм мауал ахєццє у! Дє сыджыты хайыл ма сємбєл! Дєу куы нє бавзєрстаин ємє мє фыды уєларт урс дадалитє куы рауагътаин. Йє мєрдтєн ын фєлдыст фєу. Мє фыдєн мєрдты сираг бєхєй фєцу. Уалдзыгон ихау де уєнгтє тайгє фєхєсс. Уастырджи ємє дыл Хуыцауы цєхєртє ныккєлєнт. Уациллайы бон ує устытє куырдуаты баззайєнт. Уєзєджы къєйыл баззай. Уєнгєлы хай фєу! Фыдєлгъыст фєу. Хуры хурзєрин дє сулєфын ма бауадзєд. Хуры хурзєрин дын дє ингєнмє бакєсєд, фєлє дын дєхи ма батавєд. Цардмє цєрддзу фєкєн. Радзырдта ссе Дудайты Лникъо, 68-аздзыд. Ныффыста ссе Мсергъиты Ингсе. 1988 аз, 11 декабръ, Ставд-Дуртє. Цсегат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон семсе иумсейаг севзаг- зонынады кафедрєйы архив. Єнєрай фєу. Куыдзау фєрєй. Дє бинонты хуыздєр амєлєд. Мє тєригъєд дє фєдыл єфтыд фєуєд. Дє зєронд — хъазинаг. Мєрдты дєлдєр ныххау. Дє зынг бахуыссєд. Удхєссєг дє фєхєссєд. Дє къона фехєлєд. Фыдєлгъыст фєу. Кєуинаг — дє сєр. Хуыцау дыл йє цєхєртє ныккалєд. Радзырдта ссе Икъаты Иринсе. Ныффыста ссе Созєты Изабеллє. 1987 аз, Црау. Цєгат Ирыстоиы иаддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. Дє бынтє дзєгъєл баззайєнт. Дзєгъєлєй баззай. Дє къона єрбайхєлєд. Иунєджы бон дыл акєнєд. Дє мады єхсыр дє хъєлєсєй фєкал. Мє тєригъєд фєхєсс. Дє цєстысыгєй дєхи єхсгє фєцу. Мє хорздзинєдтє дє фарсєй фєкал. Де знєгты фєндиаг єрбау. Сылгоймаджы кєрдєны фєцу. Додой фєкєн. Ныффыстой сє Гугкаты Лртур ємє Гусаты Лллє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. 405
Дє комдзаг дє хъуыры фєбадєд. Дє рагуалдзєг дыл фыдєй єрзилєд. Ма дын батайєд. Мє хал ахєр. Тєдзынєгєй цыхцырєгмє фєцу. Фыдбон дыл акєнєд. Хєрєджы тъєнгтє хєргє фєцу. Хуыцау дыл йє бєллєх сєвєрєд. Хъаймєт дыл єскєнєд. Радзырдтой сє Лазарты Геор, 86-аздзыд, Сихъоты Дзеника, 80-аздзыд, Рубайты Верє, 64-аздзыд, Алагир; Джидзєлаты Фатка, 76-аздзыд. Ныффыста сє Къутєрты Янє. 1991 аз, Нартыхъєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон унгєерситет, уырыссаг литературєйы кафедрєгш архив. Єнєхайыр фєу! Єнєхєдзар фєу. Дє быны къускыл баззай. Дє быныхъєр райхъуысєд. Дє дуне дыл баталынг уєд. Дє къухтє бахуыскъ уєнт. Дє къухтє сау ингєны атъысс. Дє ног аз дыл ма єрлєууєд. Дє сау туг дє хъєлєсєй фєкал. Дє бур рондз фєкал. Дон дє дуртыл фєхойєд. Дурты бын дє сєр. Зындоны арты басудз. Йє хъєбулты быныл баззайєд. Саугуырмєй фєхит. Саударєн бон дыл ныккєнєд. Уєнгєл дє хъєлєсы. Удхєссєг дє ахєссєд. Фыднизєй фєсєй. Цавддур фест. Цъены бын бау. Хєрзсєфт фєу. Радзырдта сє Рємоиты Ф., 71 аздзыд, 1989 аз, Быдыры Дєргъєвс. Ныф- фыста сє БибагЪгы М. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєггы кафедрєггы архив. Єй, чи дє ныззади, уый къєбыстє ныззайа. Радзырдта йє Баскаты Бучкє Порагш чызг, 69аздзыд, 1975 аз, Хе- тєгкаты Къостайыхъєу (Хъєрєсе-Черкескы облєст). Ныффыста йє Гуыбаты Виталий. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон ємє иумєгшг євзаг- зонынады кафедрєгш архгш. Дє фос дє мардєн бахъєуєд. Ичъынайы калмау уєлєуыл баззай. Мє кєлмєрзєн ныккєнєнт. Сырх Алардыйы хасты фєут. Радзырдта сє Хъараты Хандзариффє Георгийы чызг, 53-аздзыд. Ныф- фыста сє Белеккаты Леиє. 30 июнъ, 1984 аз, Дачнгшыхъєу. Цєгат Ирыстоны наддзахадон универсгииет, ирон ємє г1умєйаг євзаг- зонынады кафедрєгш архив. Аларды дє адавєд. Дє сау рондз фєкал. Дє сау туджы фємєц. Де ’мгєрттєй фєхъу. Радзырдта сє Хъєрджынты Царицє Гадзыбеггы чызг, 1914 азы гуырд. Ныффыста сє Браты Нинє. Цєгат Ирыстоны наддзахадон унггверситет, уырыссаг литературєгш кафедрєйы архггв. 406
Ард дє хєдзари. Бундарєй байзайє. Даргъ уат бакєнє ’ма дє даргъ уат 6а даргъ циртєй раййевє. Дє зинги хай дєбєл бахуссєд. Дє рондз дє билтєбєл фєккєлєд. Зухъмард ци фєууай. Зєрддзєф фєууо. Ка дє нє бафеда, уой цєф фєууо. Мє тєрегъєдєй зєнхємє фєккєсє. Сау тог дєбєл ниууарєд. Хєсгє мард фєууо. Радзырдта сє Гецаты Батраз. Ныффыстой ссе Гогаты Зенитє, Геца- ты Валептинє ємє Мирє. Мєхческ. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. Єз єлгъитын нє зонын, фєлє райсомєй сихормє хъємп фєуарєд, сихорєй изєрмє зынг фєсудзєд. Уыцы хъємп ссудзєд ємє де ’ртє хъєбулы тугєй хуыс- гє фєуєд уыцы арт. Дєхєдєг мин азы цєр. Єхсєв дє гуыбын риссєд, бон дє дєндєгтє, афтємєй къєбєргур хєт. Мєрдты сау къєй фестай, сау Гитлер, зєххыл туджы зєй чи рауагъта. Дє хъєстє сыскъуыйа, дє кой зєххєй арвы астєу ривєд фєкєна, фєстагєттєн фєлдыстєй баззай! Радзырдта сє Кучиты Иосиф Сабиайы (Ъырт, 65-аздзыд. Ныффыста сє Гєлуаты Маргаритє. 1976 аз, Октяорскы хьєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1976 аз. Єлхысчъытє Чындзєн: Дєдєй! Ємє цы у! Уєцъєфыл — къєхтє! Йє иу цєст къаддєр у. Цы мєгуыр у, ацы хєдзармє чи єрхаудта! Ничи йєм кєсы? Хєлыны хєлддзаджы хуызєн. Єфсинєн: Бакєс-ма йєм! Куыройы мысты хуызєн. Уыцы дынджыр къух дыл куы ’руадза. ^є хєлдзєг бонтє фесты. Йє єфсєрты кондыл бєрєг у. Цы мєгуыр у, дєумє чи ’рхауди. Ныффыста сє Къутєрты Янє, 1991 аз, Алагир. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. 407
Арфєтсе Арфєтє бєлццонєн Фєндараст єй Хуыцау фєкєнєд. Єнєниз, сєрєгасєй дє Хуыцау суадзєд. Йє хєдзарыл дзєбєхєй сємбєлєд. Хъєлдзєгєй йє хєдзарыл сємбєлєд. Рынчынєн арфєтє Євдадзыхос дын фєуєд. Кувєндоны куывд дыл Хуыцау єруадзєд. Єнєниз дє Хуыцау скєнєд. Рыны бардуаг ує єнєрын скєнєд. Дє низы хай дын Хуыцау айсєд. Фылдєр дє чи уарзы, уый фєндиаг у. Зєдтє, дауджыты фєдзєхст у. Арфєтє чызгєн Амондджын фєу. Стыр чызг ау. Хорз амонд дє хай. Хорз мой дє хай фєуєд. Ныхы дзуар фєхєсс. Хистєр сылгоймаджы арфєтє кєстєрєн Адємы хуыздєр фєу. Єнєнхъєлгє хорз дыл єрцєуєд. Ємзай-ємзєронд ує Хуыцау бакєнєд. Дє иунєг сєдє бауєд. Дє хъєбулты хурєй бафсєд. Дє чысылтє байрєзєнт. Зєрдырай фєу. Кємє кєсыс, уыдоны хуртє фен. Кєй райсом у, уый хорзєх дє уєд. Кєй бон у, уый хорзєх дє уєд. Кєй хъахъхъєныс, уыдоны низ ма фен. Уа рєхджы хорз дє уєд. Фылдєр дє чи уарзы, уыдон фєндиаг у. Цєрєццаг лєппу дын райгуырєд. Цємє бєллыс, уый дыл єрцєуєд. Сылгоймаджы арфєтє лєппу-нєлгоймагєн Бирє фєцєр. Быдыры дзуары хорзєх дє уєд. Галтыдзуары фєдзєхст у. Дє цєрєнбон бирє. Лєгтыдзуары уазєг у. 408
Мє уд дє фєхъхъау фєуєд. Рєстыбардуаг дын дє хъуыддєгтє рєстмє скєнєд. Стыр лєг ау. Тымбылхъєды дзуар єй фєндараст фєкєнєд. Уый ємбай дє Хуыцау фєцєрын кєнєд. Уый єрцыдмє дє къах дєр ма акъуыр. Уый єрцыдмє хорзєй фєцєр. Хєрзмє уыл аудєд. Хуыцауы фєдзєхст фєу. Цард дыи бантысєд. Ныффыста сє Цомайты Хадзырєт. Скъуынгє къєлгтдар, 1926 аз. ЦИГСИИ-ггы архггв, фольклор, оп. 1, д. 47—16, ф. 120—123. Адємы сєр су! Кєй ахордтай, уыдон дын хєлар уєнт. Амондджын у! Фєндараст у. Єнєниз, єнємастєй фєцєр! Фєрнєйдзаг у. Ємгарджын у! Фылдєр дє чи уарзы, уый фєндиаг фєу. Єппєтєн уарзон, адджын у! Хєрзєхсєв рау. Дзєбєхєй фєцєр. Хєрзфынтє фенут. Дє салам бирє! Хорз хабєрттє дєм хъуысєнт. Дє хъєбултє дєхи фєндиаг уєнт. Хуыздєрыл амбєл. Дє цєрєнбон бирє. Цард-амондєй бафсєд. Зын макуы фен. Радзырдта ссе Рємонаты Ф., 76-аздзыд. Ныффыста ссе Бггбайты М. 1989 аз. Быдыры Дсергъєвс. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєггы кафедрєгш архив. Єфсати дын арфє ракєнєд. Рухсзєрдєйє фєцєр. Дє зєрдє рыст макуы фенєд. Тымбылхъєды дзуары уазєг у. Дє царды зын макуы баййаф. Уацилла дын арфє ракєнєд. Зєдты хорзєх дє уєд. Хорзыл амбєл. Лєгты дзуар де ’мбал. Хуыцауы дзуары хорзєх дє уєд. Радзырдта ссе Икъаты Иринсе. Ныффыста сє Созєты Изабеллє, 1987 аз, Црау. Цсегат Ирыстоны иаддзахадон универсгинет, ггрон семсе гщмєйаг севзаг- зонынады кафедрєгш архив. Адємы фыццаг у. Маст ємє зианєй хызт у. Ємгєртты хорзєх дє уєд. Рєствєндаг у. Дє къухтє фєрнєй фєдар. Уастырджи дє йє рахиз базыры бын бакєнєд. Дє минас — бирє. Уастырджи де ’мбал! Дє цардамонд домбай уєд. Хорз ємбал дє хай. Де ’мгєртты фєндиаг у. Царды фєндагыл дє къах макуы скъуыр. Ныффыстой сє Гугкаты Артур ємє Гусаты Аллє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, ггрон ємє иумєгшг євзаг- зонынады кафедрєггы архив. 409
Арфиаг уо. Дє хъєболти хортєй бафсєдє. Дє цард дєхе фєндєуагє уєд. Де ’гъдауєй дє сєр кадгиндєр уєд. Дони арєхєн дє цард. Каркау бєдолгун, арсау хъаболгун уо. Устур лєг рауо. Фесгун уо. Хуарз амонд дє хай. Радзырдта сє Гецаты Батраз. Ныффыстой сє Гогаты Зенитє, Геца- ты Валешшнє ємє Мггрє.. Махческ. Цєгат Ирыстоны наддзахадон уииверсгппет, ггрон ємє ггумєггаг євзаг- зонынады кафедрєггы архггв. Сылгоймаджы зєрдєлхєнєн ныхєстє Дє рын бахєрон. Нывонд дын фєуон. Дє фєхъхъау фєуон. Урс уєрыккєй дын фєцєуон. Дє фєхъхъау мє Хуыцау фєкєна. Царды хос дын фестон. Мє уд дє нывонд єрбауа. Тєригъєд кєныны ныхєстє Дє балгъитєг — афтє. Дє мад амєла, уєвгєйє та! Дє хєраммє бєллєг дєр афтє уєд. Мє хур акєнай. Судзгє єлгъыст мє чи кєны, уый дєр афтє куы уаид. Уанцон нєу, єна. Дзагармєй йє Хуыцау єруадзєд. Ныффыста сє Цомаггты Хадзырєт. Скъуынгє къєлггндар, 1926 аз. ЦИГСИИ-ггы архггв, фолъклор, оп. 1, д. 47—16, ф. 76. Сомытє Нєлгоймаджы сомытє Аргъуаны дзордтыстєн! Тыбауы Уациллайыстєн! Ацы євзистыстєн! Уастырджийыстєн! Ацы хойраджыстєн! Уєд хєрєг мє мєрдтє! Ємгары ардыстєн! Уєллєгъи, биллєгъи, таллєгъи! Дзыллєйы фарныстєн! Хетєджы ардыстєн! Зєххы ардыстєн! Хъуыраныстєн, хъуыраны ардыстєн! Мады Майрємыстєн! Хуыцауыстєн! Мє фыдыстєн! Хуыцауы ардыстєн! Мыкалгабырыстєн! Цыргъобау ыстєн! Сымахыстєн! Чырыстийыстєн! Тєтєртуппыстєн! Чырыстийы ардыстєн!
Сылгоймаджы сомытє Абоныстєн! Мє судзгє мєрдтыстєн! Ахсєвыстєн! Мє фыды цєсгомыстєн! Мє ныййарєг мадыстєн! Уєд мє мард фен! Мє мєрдтыстєн! Цєрдтє-мєрдтыстєн! Ныффыста ссе Цомайты Хадзырєт. Скъуынгє къєлиндар, 1926 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор, он. 1, дело 47—16, ф. 34, 66. Мє мадыстєн! Мє фыдыстєн! Мє дыуує хойы ємє мє цыппар сывєллоныстєн, кєд исты федтон! Мє иунєг хойыстєн, єз нє уыдтєн, ницы федтон! Ме ’дзард єфсымєрыстєн! Лєгты зєдыстєн. Уєд мын мє цыппар цъєх чызджы амєлєнт, кєд єз уыдтєн! Уєд мын Мадымайрєм мє цєстытє акъахєд! Радзырдта сє Цырыхаты Л., 86-аздзыд. Ныффыста сє Бибайты М., 1989 аз. Быдыры Дєргъєвс. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. Мє мєрдтыстєн! Уєд мє иунєг амєлєд! Уєд мын, фылдєр кєй уарзын, уый амєлєд! Радзырдта сє Уырысты Маша, 85-аздзыд. Ныффыста сє Гуыбаты Виталий. 1975 аз, Хетєгкаты Къостайыхъєу (Хъєрєсе-Черкесы об- лєст). Цєгат Ирыстоны паддзахадои университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. Абоныстєн! Зєххардыстєн! Мє мад-мє фыдыстєн! Мє мард фен! Мє ингєнмє ныккєс! Мє хъєбулыстєн! Сомы дын кєнын сау зєххєй! Цъєх арвыстєн! Радзырдта сє Джимиты Тауырзєт, 82-аздзыд. Ныффыста сє Цыры- хаты Алъмє. 1990 аз, Ног Саниба. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1990 аз.
щшюты айвдвыш тшштш шшшшшт Цуанонты зарджытсе ЄФСАТИ фсати, ратт нын, ратт, — бирє дєм ис Ихсыд сєртєй се стыртєй. Кєд уымєй нє дєттыс, уєд та Фугє бынєй сє къаддєртєй. О Єфсати, суг нєй, фєлє-иу Фугєйыл цєуыл сємбєлєм, уый ратт, Єфсати. О, хъєбатыр Уастырджи, ракур нын ды дєр, Єфсатийє нє фєндаг раст цємєй уа, Цуанон дзєгъєл мард цємєй ма фєуа. Цыппєрдзєстыг фондзкъахыгон Дє бар ысты, Єфсати. О Єфсати, ратт нын, ратт, уыдонєй уєд та. Радзырдта йсе Хетєгкаты Лдам Идарыхьойы фырт, 90-аздзыд. Ныф- фыста йє Дзанайты Сергей. 1932 аз, 10 июлъ, Нар. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 23, папкє 15, ф. 625. 412
ЄФСАТИЙЫ ЗАРЄГ Дыууадєсєй Бадилатє бафєнд кодтой: — Цомут Сагджын коммє, Єфсати нын кєд исты раттид! Уый сє бєх уыд сыгъдєг саулохаг, Уый сє топп уыд сыгъдєг ерєдзыпп, Уый сє кард — сыгъдєг сау хъандзал, Уый сє нымєт — сыгъдєг андиаг. Бацыдысты сагджын коммє Ємє ныхъхъєр кодтой: — Ратт нын, Єфсати! Уєд Єфсатийы лєнпу Будзумар Хохы цъуппєй куы ракасти, Фєстємє фездєхт уєд йє фыдмє Ємє йын загъта: — Ахєм адєм єрбацыди, Уый сє бєх у сыгъдєг саулохаг, Уый сє топп у сыгъдєг ерєдзыпп, Уый сє нымєт — сыгъдєг андиаг. Куыд бакєнєм, дада цєра, Куы хъєр кєнынц: «Ратт, Єфсати!» Єфсати загъта: — Ауадз сын иу хъыбыл. Хъыбыл дын уєд рауагъта. Зилгє-зилгє єрцыд далє коммє. Бадилатє дыууадєсєй сє ерєдзыптє Ємифтыгъд акодтой, ємцєф єй ныккодтой, — Хал, єрду дзы нє фєхъуыдтой. Хъыбыл сєм раздєхти, Цєгъдын сє байдыдта... Дыууадєсєй сє кєрєдзийыл Суджы цагъд скодта. Дыккаг каст ракодта Будзумар Ємє загъта йє фыдєн: — Дєлє та иу лєг єрбацєуы, Ахєм лєг у: зилгє зєнгой. Хъисын уєлєфтау ємє къєбєл ’фцєг, Йє топп та рєхсєнтєй баст. — Уый та у Дзудты Кудзи: Йє бон ныккала, Кємдєр та фєзынди. Уыцы хъыбылы суыдта, Хъуызын єм байдыдта Халєй халмє, сыфєй сыфмє Ємє йє фехста. Ратылди хъыбыл
Ємє йє размє ’ртылди. Дыууадєсєй Бадилатєн Уый сє дзауматє ратымбыл кодта, Хъыбыл дєр йе ’ккой ракодта. Уыдон уыцы ран дыууадєсєй Кєрєдзийыл цагъдєй баззадысты. Радзырдта йє Къєбысты Баир, 1925, 28 октябръ, Чъреба, «Хуссар ирон адємы уацмыстє», II чиныг, Цхинвал, 1929, ф. 101—102. ЄФСАТИЙ ЗАР Єфсатимє дессаг сирд ку рантєстєй, Гъе, уарайда-ра, сой!* Дзиллитєбєл є хабар к)’ фегъустєй, Сєдсугон сєргин саг е ку адтєй, Є уєраги сєртємє зєнхи ку сагъдєй. Курппи бєрзєндтє — є хезєнтє, Будури єнєхуєрд хъамилтє — є бадєнтє. Аллирдиги йибєл дзиллитє Ку фембурд кодтонцє, Сє еуей къохи дєр к}’ нє бафтудєй; Уєд имє будури ’рдигєй еу къуар Єхе ку исцєттє кодта єстємєй-астмє. Уонєн сє рєвдзє ци уодзєнєй? Сє топпитє — євзеститє, Медєгєй ба син изгєхуєрдтє, Се ’ддортє — донгомаг дорєй, Сє уорс бєхтє — єнєртєдтєй, Сє уорс курєттє — кєрзєхснєдтєй, Сє цохъатє — сатєгсау сгєлладєй, Сє зєнгєттє — зєриндаг худтє, Сє дзабуртє — дахран салєй. Еци сєргин саг бащ^дєй Тарє коми єстур федармє: Иссудєнцє будури къуар уордємє, Тарє коми истур федармє. Тарє коми бараст єнцє, Тар уосонгємє бахъєрттєнцє, Уосонги дуармє еу зєронд лєг бадтєй. Бонхуарз дєр ин нє загътонцє. Басєфарста: — Цирдємє фєндараст? Сумах хузєи рєсугъд къуард некєд фєууидтон. ’Ма йин загътонцє: * Аци базард єй алли рєнгъи фєсте дєр. 414
— Мєнє Єфсатийєй дессаги сирди хъабар райгъустєй; ^Ма }юй марунмє єрбацудан. Йе єхуєдєг адтєй хъєрє}’ Єфсати, Истур федарєй сєбєл сєргин саги рауагъта, — Сє еу фєрсти єрцудєй, Сє хъал бєхтє си фєттарстєнцє, Йетє фєцєнцє бєх-хецєнтє Єма лєг-хецєнтє. Сєргин саг дєр фєстємє, є сєрєй гъазгє, Єфсатий рєзти истур федармє исфардєг єй. Уалєнмє исхєццє ’й заманай дигорон цауєйнон, Єфсатий заргєнгє, Є дуує цауєйнон ємбалей хєтдзє; Уомєн є рєвдзє ци уодзєнєй? Є дуує єркъей — єнгон рєхаст. Є гебена є уєрагисєртємє Є сау хъєрєймаг — рєхсєнтєй баст, Є топпи сампал — сугъдєг булатєй, Є топпи єддор — карди хузєн. Є топпи гъосхуасє идзєгъни хузєн. Еотемєй исхєтдзє ’й Еу зєроид лєгбєл исємбалдєй. — Дє бон хуарз уа, хуарз зєронд лєг! — Ци ’рдємє фєндараст? — Зєгъгє ’й зєронд лєг бафарста. — Єфсатийєн є рун бахуєрєн, Дессаги сирди хабар фегъустан, Єма уой уинунмє єрбацудан. Иссудєй устур федармє Є нєуєг фєд ин иссердта, Расорє-басорє кєнун єй байдєдта, И сєргин саг дєр фєдфєлевєнтє кєнун байдєдта, Е дєр ин є рєзтє ахєссун байдєдта, Уалєнмє истур федарєй арви гъєр фєццудєй, — Арви гъєр н’ адтєй, Фал заманай дигорони сау хъєрєймаги гъєр адтєй. Сєргин саг дєр астєусастєй єрхъан єй, Є фид адтєй адаги дзаг, Є фиу адтєй авари дзаг. Сєумєраги нин февєрдзєнєй Дони гъоси сєргин саг, Гъе, уарайда-ра, сой! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, Ныффыста г!є Дзагурнш Гуыбади 1922 аз, 15 ноябръ, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-гш архив, фонд Дзагурова Г.А., онисъ I, д. 13, ф. 9—13. 415
ЦЄУ-БОДЗОЙ ЗАР Цели сєри бодзо бадуй, Сой, сой, сой, уєрирадє, сой, сой! Ейє оми синєр цєгъдуй. Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! И уєздєнттє имє къохаууонєй кєсунтє ппййагайунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Сє кєстєрти имє єрветун фєндє никкєнунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, и кєстєртє сєхе салдзабур єма местєлєй исаразунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, сє маддєлтє син фєндарасти туххєй къеретє ракєнунцє. Сой, сой, сой, з^єридадє, сой, сой! Уай, устур нифсєй имє ранєхстєрунцє, Сой, сой, сой уєридадє, сой, сой! Уай, и кєрз хєрди имє исхард кєнунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! И цєфрєбунмє гуррустгєнгє єрцєйтулунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Єфсати цєу-бодзомє нигъгъєртє кодта, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, дє синєр цєгъдун дєр сємє, уай, ма ниууадзє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, и цєу-бодзо дєр гєзємєгомау, Уєй, є рахес гъомс базмєлунтє кодта, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, цауєйнєнттє дєр сє фурмєстєй сє дєндєгтєй, Уай, се ’нгулдзитємє фєллєборунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уай, ци бєллах уа, ка нєбєл рамбалдєй? Уай, кадєр нин хинє искодта, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, уонтєбєрзонд єма сєргубурєй, Уой, єрбаздєхунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, дзорєгмє нєбал дзорунцє, Уой, кєсєгмє нєбал кєсунцє. Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, уалинмє уартє фахси єрбазиндтєй, киуттитєгєнгє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, сєппєркъе єма лєузєнгойнє, гъузгє-гъузгє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой Омєн є топп рєхсєнтєй баст, Сой, сой, сой, ^’єридадє, сой, сой! Уой, є сєр 6а єхсирфєй даст, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! 416
Уой, є йастєу ба бинагєй єлвєст, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, и Єфсати 6а и цєу-бодзомє нигъгъєртє кєнуй, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, Єфсатий фєдес єма сєппєркъей топпи гєрах, Уой, еу рєстєги єрцєунцє, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, цєрдєггомау имє ку бауайуй, Уой, є кардєй єй ку банисан кєнуй, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, омєн є фид хєдзаридзаг, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, омєн є фиу є цари дзаг, Сой, сой, сой, уєридадє, сой, сой! Уой, мєнєн дєр си фезонєггаг ку равардта. Уой, мєнє адєн, сиугинти басєй єфсес куд уайтє, Сой, сой, уой, єфсес куд уайтє! Радзырдта йє Тауаситы Фацбай Гєлєуы фырт, 46-аздзыд. Ныффыс- та йє Салєгаты Зоя. 1961 аз, 10 февралъ. Орджопикидзе. ЦАУЄЙНОНИ ЗАР Фєрицгъє лєхъуєн ранєхстєруй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Сейи сєрмє ку фєццєуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є йеу фарсєй уомєн аст хадзири, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є дуує дзабури тєхєйраг салєй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є топп-агъодє Курдалєгон курдуати кизги худ, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Сейи сєрмє иссудєй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Сейи дон 6а уст^ф ку адтєй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є тєнгутє йин ку баагурдта, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Байгєрах кєнуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є фазє дєр ин ку не сєнхуєрсуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Йе ’ннє фарсєй дєр дуує хадзири, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є топпи агъодє дзєгъарєгдзарєй, Гъей, гъей, уайдє, рєсе! Сейи сєрмє ку иссудєй, 27 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 417
Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Сейи дон 6а ивулд ку адтєй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Сейи дони ба турєй-турмє ку банайуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Є дони гъєрєй єй цєу-бодзо ку базонуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Йе, зєгъуй, лєз^зєнгойнє єма сєппєркъе лєхъуєн ку уодзєнєй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Ледзунтє ку байдайуй, Гъей, гъай, уайдє, рєсе! Къулдунєй къулдунмє йе гєпгєнгє, Гъей, гъай, райдє, рєсе! Рагъєй-рагъмє ’й багєрах кєнуй, Гъей, гъай, уайдє-рєсе! И цєу-бодзо 6а, зєгъуй, уоми ку єртулуй, Гъей, гъай, райдє-рєсе! Є цармидзаг уомєн є фиу ку адтєй, Гъей, гъай, уайдє-рєсе! Адагидзаг 6а є фид ку адтєй, Гъей, гъай, райдє-рєсе! Радзырдта йє Махьоты Хаджи-Омар. Ныффыста йє Гуєздєрты Мє- хємєт. 1827 аз, август, Цыкола. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. I, д. 13, ф. 201—202. ХУРЫ-МЄЙРУХС РУДЗЫНДЖЫ ЧЫЗГ (Єфсати) Ує, сой, сой, Єфсати! Сой дє курєм, фос дє курєм, Єфсати... Дє рынтє дын бахєрєм, Єфсати... Уалдзыгон райсом бєстє — рєсугъд. Зєдтє-дауджытє, бєрзондыл бадджытє, Кєсынц, фєлгєсынц бєрзондєй ныллєгмє!.. Хуры-мєйрухс Рудзынджы чызг Ацырухс, Уєларвєй йє арвы айдєнєй куы ракєсы. Дєлє, дзєгъєл быдыры, цєрєг дєр кєм нєй, Ц^еуєг дєр кєм нєй, уым дыуує пєлєзджыны єрбацєуы. «Иє, Хуыцауты Хуыцау, табу дєуєи, Уєдє адон та цавєр цєуджытє уой?» Дис кєны Хуры-мєйрухс Рудзынджы чызг Ацырухс. Уалынджы Хъєдус-барєгджын, Тєгєр-барєг кєй хонынц, Уый йє сау саулохыл денджызы коммє єрбацєуы... — Уа, Хъєдус-барєгджын, Тєгєр-барєг цєра!
Дєлє дзєгъєл быдырты, цєуєг кєм нєй, Цєрєг кєм нєй, фєндаг кєм нєй, Уыцы дзєгъєл быдырты дыуує уєйыджы єрбацєуы: Сє пєлєзтє — хурхбаст, сє топпытє рєхсєнтєй баст, Сє зєнгєйттє — мєцъытєй баст, Сє єрчъи сє зєнгоймє дзыназы; уыдон цавєр уєйгуытє уой?.. —Ує, Ацырухс цєра: уыдон сты зєххон цуанєттє. — Ує, Хъєдус-барєгджын, Тєгєр-барєг цєра, Ємє уыдон та цы бакєндзысты, Се ’рчъи сє зєнгоймє куы дзыназы, Сє пєлєз та — хурхбаст, сє топпытє — рєхсєнтєй баст... — Гъе, уыдон цы бакєндзысты, уый куы фенис... — Дєлє хъамылы цы сєрджын хуыссы, Уый-ма сыл єрбаскъєр... уыдон нє худєгєй Куы фємардзысты... Цымє сє уый куыд фєхъаздзєн. Хъєдус-барєгджын, Тєгєр-барєг йє сау саулохы Куы ныццєфтє кєны: йє ехсы хъєр топпы хъєрау Куы хъуысы, хъамылы цєсты куы смидєг вєййы, сєрджыны куы сыстын кєны. Уый йє сєрыл бєстє куы рахєссы, Ємє дыуує пєлєзджыныл куы ’рбалидзы. Дыуує пєлєзджыны євиппайды зєххыл фєтъєпєн вєййынц. Ацырухс сєм йє арвы айдєнєй кєсы, Сє топпы єрттывд ма сын ауыны: гєрах гєрахы аййафы... Уадидєгєн сєрджын йє сєрыл хъен куы ныллєууы... Дыуує пєлєзджыны йєм суадысты ємє куы ныззарынц: — Гъа, гъа, дє рынтє дын бахєрєм, Єфсати, Афтє, афтє кєддєриддєр: хєрдмє цєуынєй нє астєу риссы, Уырдыгмє цєуынєй — нє уєрджытє... Кєй иын дєттай, Єфсати, — Авдазыккон хуыскъ майдон, єхсєрбын хуыскъ ыссар доны былмє. Уалынджы дын Ацырухсы былтыл бур физонєджы смаг куы амбєлы. Ацырухс дистє кєны: «Ай, ує адджындєр амєла, Дєлє дыуує пєлєзджыны, Уєларвєй єруадзгє єви Цавєр адємєй стут? Єз ахєм цуанєттє куы никуыма федтон!». Хуры-мєйрухс Рудзынджы чызг Ацырухс Цуанонтєм кєсгєйє астєуєй уєлємє йєхи Рудзынгєй дын куы рауадзы. Сафайы фырт Табсыхъо ємє Уастырджийы фырт Иналдыхъо Кєсынтєй йєм уєд куы бафсєдынц... Уалынджы дын Хъєдус-барєг Тєгєр-барєг дєр єрбахєццє вєййы. — У, Хъєдус-барєг дын, Тєгєр-барєг цєра, Уыдон цавєр цуанонтє сты? Сє адджындєр амєла: Сє фєтъєпєнєй сє топпыты єрттывд раздєр куы фєци, Сє физонєг-смаг уадидєгєн мє былтыл куы сємбєлди!.. — Ує, Ацырухс цєра, уыдон цы сты, уый дын куы зєгъин: 419
Иу — Болайы фырт цєл-амонд, Иннє — Ладийы фырт Дзамболат. Кєй фехсой, уымєн фєивгъуыйєн нєй, Кєй ныццєвой, уымєн фервєзєн нєй... Джис-къустє кєнгєйє джихєй баззадис, Йє арвы айдєны иуфєрсты кєсы Ацырухс, Хуры-мєйрухс, уєларвыккон Рудзынджы чызг Ацырухс — Уыцы бон зєххон мєй єрымысыд... Радзырдта йаг Тхостты Бечмырзє, 16 февралы, иыффыста йє 1912 азы Тхостты Саукуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 129, паикє 93, ф. 1—3. КОМИАЙЫ-ФЫРТ Комиайы-фыртмє ємбисєхсєв Йє рудзынг куы бахостєуыд, Ємє йєм куы бахъєрчынди: — Ує, Комиайы-фырт, сом сєумєрайсом Сау хъєды астєу Єфсатийы дє сєр бахъуыди! Комиайы-фырт йє рєсугъд усы фарсмє Тарфынєйє хуыссыди, Євиппайды фєтєррєст ласы; Йє сызгъєрин саутєфтыд хєтєл Йє къухы куы райсы, Йє єндон сампалыл хєцгє хъєрєй куы бафєрсы: — Чи дє, цавєр дє? Арвы цыппар фарсмє куы фєдзуры, куы фєхъєр кєны. Фєстємє йєм дзурєг куы нє вєййы. Фєстємє та куы бацєуы, Куы та єрхуыссы йє рєсугъд усы фарсмє. Тарф фынєймє та куы бахєццє вєййы. Дыккаг хатт дєр та йєм куы бахъєрчындєуы: — Ує, Комиайы-фырт, Єфсатийы дє сєр куы бахъуыди Сом сєумє сау хъєды астєу!.. — Чи дє, цавєр дє? — зєгъгє та Єддємє куы ралиуыры Комиайы-фырт, — Фыдєхсєв мє куы фєкодтай ємє дє куынє уынын, куынє. Уєд йє сызгъєрин сауєфтыд йе ’фцєджы баппары, Сау хъєды астєумє араст вєййы. Сау хъєды астєумє сфардєг вєййы, Алырдєм кєсы, алырдєм хъусы... Сау хъєды астєу куы ныссагъєс кєны: «Єз Єфсатийы ам кєм ыссарон, Йєхєдєг мє куынє ссара?..» Райсомєй сихормє, сихорафонєй сауизєрмє, Сауизєрєй ємбисєхсєвмє, 420
Ємбисєхсєвєй ємбисбонмє куы фєзилы, куы фєцагуры. Стєй та куы ныссагъєс кєны: «Уєдє ма Єфсатийы кєм ссарон?» Куы ницы ссары, уєд ємбисбон фєстємє куы разилы... Уалынмє йєм сау хъєды бєрзондєй, Сафа — Уасхєй-бєрзондєй йєм куы ныхъхъєр чындєуы: —Ує, дє сєр мє бахъуыди, Комиайы-фырт, Ма фєтєрс, ма фєлидз... Комиайы-фырт куы фєджих вєййы, Бєлвырддєр хъєрмє байхъусы, Єфсати та йєм куы ныхъхъєр ласы: — Дє сєр мє бахъуыди, дє сєр, Комиайы-фырт: Тєрсгє дзы ма фєкє: хъєдсур, гъорыхор, цъєх бирєгъ Мын мє иунєг чызджы фєхєссы... — Комиайы-фырт дєр йе уєхскєй Йє сызгъєринєфтыд хєтєл феппары Ємє топпы лєдзджытє зєххы куы фєцєвы... Кєцєйдєр сылгоймаджы хъєр йє хъустыл куы ауайы: —Уал ємє уал азы сау хъєды астєуты фєхаттєн: Ахєм диссаг куы никуы фехъуыстон: Удгоймаг у, хєйрєг у, єви уєларвыккон — Куы ницы йын зонын... Уалынмє Єфсати куы ныхъхъєр кєны. Хъєр чердыгєй рацыд, Уыцырдєм цєстытє фєцаразы Комиайы-фырт дєр. Кєсы... Сау хъєды къєр-къєр куы єрбахєстєг кєны, Тулдз бєлєстє пырхгєнгє, Тєрс бєлєстє хаугє єрбацєуынц... Уалынмє та Єфсати куы ныхъхъєр ласы: —Тєрсгє дзы ма фєкє, Комиайы-фырт, Йє рахиз уєраджы сєрмє йын хъав... Комиайы фырт йє рахиз зєнгыл фєтъєпєн ис... — Цы кєныс, Комиайы-фырт? Дє хъуымыз дє донгємттєй калгє Дєу мемє цы хъуыддаг ис? Єз дє хуызєттє бирє куы федтон, Цы дє дарын, цы дє хъєуы.. — Єгъгъа, уєдє, ды абон, хъал лєг, нал фєцєудзынє... Сызгъєрин саутєфтыд хєтєлы єндон сампалыл куы ’рбахєцы, Авд бонгєны бєрц єй уый куы фєхєссы, Уый дєр ма йєм афтє куы фєдзуры: — Иу-ма, иу-ма, Комиайы-фырт!.. — Нє, мє хєдзар, єз Уациллайау иуцєфон дєн... Стєй уыцы ран цъєх фєнык фестад. Бєсты рєсугъд Хаирхъыз, Єфсатийы рєсугъд чызг єм йєхи куы рауагъта: — Єз де уазєг, ємє мє мє фыдмє сємбєлын кє. — Ме уазєг стыр диссаг нєу, Фєлє стыр Хуыцауы уазєг фєу...
Єфсати дєр уалынмє уынєргъгє єрбахєццє: — Хуыцау єй дєуєн лєвєрдта, Комиайы-фырт... — Мєн дє чызг нє хъєуы, Кєй у, уымєн хайыр уєд, Фєлє мын кєд лєвар кєныс, Уєд мын дє дєттинаг хєлар фосєй лєвар ракє... Уалыимє йє авд фырты иугай-иугай фєдисєй фєстємє цыдысты: — Мах авд єфсымєры стєм, Ды махєн не стєймаг єфсымєр. Дунейыл цы курыс, дє зєрдє цы зєгъы?.. Комиайы-фырт афтє куы зєгъы: — Ує хєзна дєр, ує сызгъєрин дєр мє нє хъєуы, Уєлє сау хъєды ує дєттинаг фосєй мын хай бакєнут. Бєстырєсугъд Хаирхъызы йє хо куы ныккєны... Уыдон єй сє астєу куы бакєнынц, Заргє, хъазгєйє сау хъєды бєрзондмє йє Сє мусонгмє куы скєнынц. Уый дистє куы фєкєны: Йє къултє — сагдзармєй, йє сєр та — арсдзєрмттєй, Йє бын та, мє хур, сєгъдзєрмттєй, Йє алы къулыл — саджы сытєй рагъєнтє... Комиайы-фырт дистє куы кєны: «Ай цєй диссаг у, єви уал ємє уал азы Хъєды куы цєрын, хъєды куы хєтын — Ахємєй куы ницы федтон, куы ницы фехъуыстон...» Хъєлдзєгєй, заргє, сау хъєдмє йєхи сарєзта... рацєуы... Сау хъєды астєу, єрдузы, кєсы: єгас дзуг дзєбидыртє Йє размє куы рахєццє вєййыпц... «Ай дє рынтє дын бахєрон, Єфсати!..» — Ныхъхъавыди, ємє уадидєгєн Дыууадєссион йє сєрыл хъен ныллєууыди. Дыууадєссионы сынт къєртт уый куы ракєны. Дыуує уєхсты физонєг уый куы акєны: Иу — стыр Хуыцауы тыххєй, иннє Єфсатийы тыххєй. Йє алы цыппар фарсырдєм Комиайы-фырт Хуыцаумє куы ныккувы Стєй йєхєдєг куы ныззары: — Сызгъєрин дєр мє куы нє хъєуы, Євзист дєр — нє, хєзна дєр... Ацы рєсугъд мын мє къухєй ма айсут. Уыдон мах куыннє федтам, Рын ємє фыдбылызєй ує Хуыцау афтє хызт уадзєд! Радзырдта йє Ерыстауаты Гесса, пыффыста йє Тхостты Саукуыдз 1912 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 129, папкє 93, ф. 15—17.
КОМИАЙ-ФУРТИ ЗАР* Комиай-фуртмє ємбесєхсєви Бадзурдєй є хуссєнуатмє: — Исон ємбесбони и сау гъєди Єфсатий дє сєр багъудєй, — зєгъгє. Сєумє уєлбонисконди** є цауєни Рєвдз райста єма рацудєй сау гъєдємє, Сау гъєди ємбесбони уєнгє Уаллон берєгъи зелєнтє фєккодта Ємє ниллєудтєй бєласдзєгати лєдзєгєнцойнєй Єма устур дес фєккодта: — Аци боы цъеу тєхєг дєр кунєбал йе. Цидєр уогъурсуз бон искодта! Уєдта фегъуста силгоймаги кєун идардмє, Єма йимє єрбахєтдзєй, Хъєбєр фудконд є уиндє адтєй, Уєхєн адєймаг, кизгє є рагъи, уотемєй. Є хъурєй єхседєгин зингитє калдта; Є бакаст дєр хъєбєр лєгъуз адтєй. Комиай-фурт фєттарстєй, Ледзун фєндє ракодта. Уєдта йимє сау гъєдєй гъєр єрцудєй: — Комиай-фурт, ма фєттєрсє! Гъєдсор, адємхуар Єфсатий йеунєг кизгє Хуєрунмє фєххєссуй! Ма фєттєрсє-фєддєбєлмє цєуй! Лєги сєр дє багъудєй. Є адзал єй є рахес уєраги ставди. Ку єй фєййевгъуйай, Уєд дє хуєрдзєнєй! Йе дєр бєласдзєгат заманай Сау хъєрєймаг фелваста Єма йибєл єй суагъта, Єма йин є рахес уєрагиставд фєссаста, Єма гъєр уєхєн тухгин никкодта, Єма бєлєсти къалеутє єркалдєнцє. Уєдга йимє исдзурдта: — Йеу-ма хатт цєвє! Комиай-фурт дєр йимє бадзурдта: — Мєнєн мє фидє дєр, Уєрагиставд ку расєттидє, Уєд Йелиайау йе}тєрахон адтєй! * По словам Елкана Кубатиева: «Комиатє муггаг адтєнцє. Тауєрєхъмє гєс- гє, бабун єнцє». . •’ * ** Уєлбонисконди — бон ку фєцъцъєх єй (кадєггєиєджы фиппаинаг). 423
Уєдта рахаудтєй дєлгоммє Єма фєммардєй йеци рауєн. Єфсатий кизгє басор єй йе рагъбєл ’Ма йимє бацудєй ’ма ’й рахаста Комиай-фурт. Ку ’ригас єй, уєдта ’й рарвиста: — Цо дє хєдзарємє, Дє мадє ’ма дє фиди фєндєуагє цєрє! Уєдта йибєл раталингєй Комиай-фуртбєл єма исдзурдта: — Єфсати, єхсєвєйраг мє гъєуй, зєгъгє. Цєу рєууес є рєзти бохъхъитєгєнгє єрцудєй. Єма є йеувєрсти иссудєй, єма: — Єфсати, фєллад ку дєн, Єхсєвєйраг мє ку гъєуй — Уой сор фидєй дин ци бахуєрдзєнєн? Сєргин саг иссудєй є рєзти, Є сєрєй гъазгє.— Ма мє мєстєймарє, Єфсати! Єхсєвєйраг мє гъєуй, Уой хъєбєр фидєй дин Ци бахєурдзєнєн фєлладєй? Єма уомєн дєр є йез^вєрсти Иссудєй Комиай-фурт. Уєдта йимє єрхєтдзєй Авд анзи хускъ гъєуанз, ’Ма йибєл заманай дигорон сау хъєрєймаг исуагъта. Лвд анзи хускъ гъєуанз дєр уоми єрхаудтєй. Байимєцудєй ’ма ’й банисан* кодта: — Гъе-гъе, йе мин нур Єхсєвєйрагєн бєззуй, Єфсати! Комиай-фурт дєр саугъєддон арт никкодта. Гъєуанзи фидєй арти цуппар фарси Нард фезонгутє єривардта. Уєдта йимє йеу гъєр єрцудєй: — Комиай-фурт, Єфсати дє хонуй, зєгъгє. Байгъуста єма берє фегъуста, Ємє йимє некєцєйбал неци гъєр єрцудєй. Ку неци дзуапп равардта, Уєдта йимє тєрсє-бєласє Є бундзєфхєдтєй никъкъєс-къєс кодта: — Комиай-фурти, ма фєттєрсє! Єз дєн Гъєдсєр — Гъєдєрєхснєг,** Єма рацо мє фєсте! Тєрсгє ма фєккєнє, Єма дє єз хондзєнєн * Гъома: райєвгарста, «євгєрдгє» нє загътонцє цауєйнонтє; банисан код- та — равгарста; банисан кєнун равгєрдун (цауєйнонти євзагєй). ** Гъома гъєдисєр. 424
Єфсатий хєдзарємє. Єфсатий хєдзари бадтєнцє изєдтє-идаугутє, Ма йибєл хъєбєр истур цийнє фєккодтонцє. Уєдта йин уой фєсте ба Єфсати лєвар ракодта: — Цалдєр бони цауєни цєуай, Уалдєр бони, дє зєрдє Цєхєн сирдтє зєгъа, Уєхєнттє дин дєтдзєнєн. Радзырдта йсе Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, Ныффыста йє Дзагурти Губади 1922 аз, 15 ноябръ, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г. А., оп. I, папка 13, ф. 5—8. ЄФСАТИ МА КОМИАЙ-ФУРТИ ЗАР Єфсатийєн йеунєг кизгє адтєй, Уацирохс є ном. Коргутє ’й берє адтєй — некємєн єй лєвардта. Изєдтє,идаугутє йимє цєун байдєдтонцє, уєддєр єй некємєн дєттуй. Хори фурт Хємєтхъан ин єй курдта, уомєн дєр єй нє равардта: — Тєвди мєйти мин єй хорєн басодзун кєндзєнє. Уєд имє тарє сау гъєдєй сау сайтан єрцудєй Адємхуар, гъєдсор, зєнхсодзєг, — Уомєн дєр єй нє равардта: — Гиаур, ду ба мин єй бахуєрдзєнє. Сау гъєддон сау сайтан Єфсатийєн є зєронд бахизта. Єфсати базєронд єй; Уєд имє єрцудєй єнафони ’ма ин є кизги раскъафта. Єфсатийєн ракєсунмє цєстє нєбал йес, Рацєунмє къєхтє нєбал йес, Февналунмє цєнгтє нєбал йес; Тарє сау гъєдємє ин єй сайтан ниффардєг кодта. Комиати Дзамболат єссон лєг адтєй, Асси ’ма Дигори астєу хъалагъур адтєй Даргъони сєри. Йе уосонги хуссуй. Ємбесєхсєви рєстєги ибєл єй сайтан цъєхахстгєнгє рахаста. — Є медфунмє ’й фегъосуй, ралєуеруй, Є сау хъєрєймаг є хєтдзє раскъєфуй; Ци дє, циуавєр дє, зєгъгє, йимє дзоруй. Кизгє ’й базудта, Комиай-фурт ке адтєй, уой, — Єфсатий устур лимєн; Дзоруй йимє кизгє. — Сау гъєдон сау сайтан мє фєххєссуй ’ма мє хуєрдзєнєй, ’ма мє дє сєр багъудєй Толдзє бєласи бунгардєй имє фенцойнє кодта, Хуарз кизгє идарддєр дзоруй: — Є наргутємє ин гъавє астєуєй дєлємє. Фєйгєрах кєнуй Комиай-фурт, ’Ма ин є уєраги єставд раморє кєнуй. Сайтан нигъгъєр кодта: 425
— Хуцау дин ма бакомєд, Ку некєд дєбєл мє лєгъуздзинадє исємбєлун кодтон, Мардтай мє ’ма мє рамарун ку нє бафєразтай, Нур ба мє дуггаг цєф никкєнє, єз 6а мє уод исесон. Дзоруй имє Комиай-фурт: — Мє фидє Комиа дєр сирди дуує єхсти нє кодта ’Ма мин нє бафєдзахста сирди, зєгъгє, дуує єхсти фєккєнисє, Мє фидє дєр Елиайау йеудзєфон адтєй, Мєхуєдєг дєр йеудзєфон дєн. Йеци загъдбєл сау фунук фєцєй сау сайтан. Комиай-фурт Єфсатий кизги-Уацирохси єрбахаста Єфсатий хєдзарємє. Єфсати къоли фєрстєбєл є сєр хуаста. Дзоруй йимє Комиай-фурт: — Ци кєнис, цєбєл дєхе марис? — Ци ма кєнон, Йеунєг кизгє мин адтєй, ’Ма мин єй сау гъєддон сау сайтан фєххаста, Дзєгъєл хєдзари ма куд цєрдзєнєн: Ракєсунмє цєстє кунєбал йес, Февналунмє цєнгтє кунєбал йес, Уєд ма куд цєрдзєнєн? Дє сєр мє ку гъудєй, уєд куд некєцєй фєззиндтє? — Тєрсгє ма кєнє, Єфсати: Дє кизги дин фєстємє єрбахастон, Сау сайтани дєр дин рамардтон. Єфсати є фур цийнєй є цєститєй ракастєй. Уєд йимє є кизгє дзоруй: — Абонєй фєстємє ди, аци лєг ци кора, Уомєн ин є загъдбєл дуккаг куд нє зєгъай, уотє. Єфсати дзурд равардта Комиай-фуртєн: — Ду мєнєй ци корай, йе дин уодзєнєй алкєддєр, Уобєл ин єууєнкє равардта. Комиай-фурт Єфсатий фонс комегор кєнун байдєдта йеци бонєй фєстємє. Алкедєр 6аз}’дта, є кизги куд некємєн лєвардта, ’Ма йимє є нифс некебал хаста. Комиай-фурт хонхи ца)’єни адтєй ’ма федари бафтудєй. Бакувта Уасгергимє: — Йа, Уасгерги, рамєйервєзун кєнє. Уасгерги йимє фєззиндтєй ’ма ин загъта: — Єз дєу райервєзун кєндзєнєн, ду дєр кєд Мєн гъуддаг исрєвдзє кєндзєнє, уєд. — Мє бон ци гъуддагєн цєуа, уой исрєвдзє кєндзєнєн, Мє бон кємєн иє цєуа, уомєй ба дин зєрдє не ’вєрун. Рацудєнцє йеумє, Уасгерги загъта: — Єфсатимє мин мипєвар фєууо, Є кизги ин корун. Дзурд ин равардта Комиай-фурт: 426
— Мє хєтдзє рацо, ’ма ’й исгъуддаг кєндзинан. Бацудєнцє Єфсатимє ’ма ин загъта: — Аци кизги туххєй берє мєститє єрхастай, Нур 6а дин Уасгерги дє кизги коруй, ’Ма мин мє дзурдєн аргъ искєнє. Єфсати ин загъта: — Ду ке зєгъай, уобєл дуккаг зєгъєн нєййес, ’Ма бафедудтонцє. Йеци бонєй фєстємє Комиай-фурт хєларєй цєргє байзадєй Єфсатий хєтдзє дєр, Уасгергий хєтдзє дєр. Радзырдггга йє ТобогЬпы Цгщеу Дзєрєхмєгггы фыргп. Ныффысгпа г\є То- ласгпы Аггдрегг, 1927 аз, 23 февраль, Чырыстоггхъєу. ЦИГСИИ-йы архгш, фольклор № 15, ггаггкє 8, ф. 208 — 210. ХЪЄРЄУ ЄФСАТИЙ РЄСУГЪД КИЗГИ ЗАР (Вариант) Хъєрєу Єфсатийєн рєсугъд кизгє адтєй, Берє коргутє ин єй ку адтєй, Изєдтє, идаугутє ии єй курдтонцє, Єгас дуйней адєнтє ин єй зудтонцє. Еу изєр донмє куд рацудєй, Отемєй ин єй дони билєй раскъавдєй. Еци хабар Єфсатимє байгъустєй: — Дє кизгє дин раскъавдєй дони билєй! Хъєрєу Єфсати є тєрних Фиаком лєдзєгєй хуаста: — Мє зєронд мин мє цєстємє бадардта, Кадєр мин аци гъуддаг исаразта. Берє коргутє мин єй ку адтєй. Алли бон уєладзуги бадтєй. Хори фурт Мєхємєт єй курдта, Є минєвєрттє ин фєстємє сурдтон, Ку нє ин єй равардтон, Хор мин єй басодздзєнєй, зєгъгє. Ку ин кувтон берє бєнтти цєргє. Мєйи фурт Мєсємєт мин єй курдта Ехєнєй мин рамєлдзєнєй, зєгъгє, нє ’й равардтон. Нур ба ци кєнон. Рацєунмє мин уєргутє ку нєбал е, Ракєсунмє мин цєститє кунєбал е... Уєд загъта: — Уєларв Курдалєгон — Ме ’рдхуард лимєн, уомє цєуон. Уєларв Курдалєгонмє цєун байдєдта, Ку схъєрттєй Єфсати, уєд имє 427
Курдалєгон рауадєй тургъємє. Єфсати ин «бонхуарз» загъта, Е дєр ин «єгас цо» загъта, салан равардта: — Кєми адтє, мє зєронд лимєн, Зєрондєй хумєтєги не ’рбацудтє? — Кадєр мє бафхуардта, Мє еунєг кизги мин раскъавдєй, Мє зєронд мин мє цєстмє бадардєй, Нур ба ести унаффє бакєнє, Уєд нивє єма амондєй бацєрє. Уоци дзубандитє куд кодтонцє, уотемєй йимє Комиай-фурт ХєЗни комєй низзардта: — Хъєрєу Єфсати, Дє кизгє — нивгун, амондгун, Сесана дин єй фєххєссуй Уєларв Софиай зєппазмє. Изєдтє, идаугутє є хєтдзє адтєнцє, Уасгерги, Нигкола є хєтдзє бадтєнцє. Уєд имє Курдалєгон дзоруй: — Цєуєы медєгмє, раковєн. Медєгмє бацудєнцє, бакувтонцє, Нивє, амонд Хуцауєй ракурдтонцє, Уєхєн кувдтитє махбєл дєр єрцєуєд, Нивє, амонд нє хєтдзє єрцєрєд. Ныффыста йє Темираты Данел, 1912 аз, 17 ноябрь. Йє радзурєг бє- рєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 14, папкє 7, ф. 676—677. ЕРЕЦО Хъасболат сфєнд кодта: «Уєлє цады цы сєйгє нєл ис, Уымє куы сфардєг уаиккам!» Афтємєй дыуує дыууадєсєй араст сты. Сє бєхтє — сау саулохтє, Сє топпытє — хъыримаг, Се ’хсаргєрдтє — урс фєринчытє, Сє дамбацатє — прангєгтє Сє хъаматє — саухайлєгтє, Сє нымєттє — абазиаг... Цады былтыл єрфысым кєнынц. Бон-изєрмє сєйгє нєлыл куы фєхєцынц, Изєр ма сєрак дзабыртєн сє уєлфєдтє куы баззайынц. Изєры сє бєхтыл куы сбадынц Ємє уєнтєхъилєй, сєргуыбырєй куы рацєуынц: — Ай махєн пайда нєу. Райсом, Хуыцауы куы фєнда, 428
Уєд ракєндзыстєм дєс къєбысы. Райсомы ракодтой дєс къєбысы: — Уєдє нє куыйтыл нємттє сєвєрєм: Се ’ппєты хистєр — Ныныкко. Уый кєстєр — Нинико, Уый кєстєр — Балыко, Уый кєстєр — Сылємхъыз, Уый фєстє та Катор ємє Бегара, Сылєм ємє Гєрємыз, Се ’ппєты кєстєр хорзы гуырдєй Ерецо. Нє сырдмартє ранєхстєр сты сєйгє нєлмє. Сєйгє нєлмє ссыдысты, Иугай-иугай йєм цєуын систой. Иугай-иугай сє цєгъдын уый райдайы. Єрра у кєстєр, — Ерецо йєм Цадмє куы ’рбацєуы: цадєй йє куы сыстын кодта, Цады йє ратєр-батєр уый куы байдыдта, — Ємє йє уєддєр куынє єййафы. Хорзы гуырдєй Ерецо Комєй коммє кєсгє цыдис, Рагъєй дзыхъмє хъусгє цыдис, Тигъєй тигъмє хъуызгє цыдис... Изєрырдєм єй куы ссары уый, Йе счъилтє йын уый куы суадзы. Сырдмартыл єй уый ратєры. Сырдмартє йын адзалы цєф уєд фєкєнынц. Сєйгє нєл єм гъеуєд радзуры: «О Ерецо, Ерецо, мє мард дєр дын Єгъгъєд уыдзєни...» Сырдмартє єхсєвєддє уєд баззайынц. Бур физонєг цєхх-цєхгєнгє Уєд ныккєнынц. Сырдмартє та цуаны дыккаг бон ранєхстєр сты. Ерецо дєр кєразы бын ахуыссыди. Сєйгє нєлы кєразы сєр равєрдтой. Кєраз сєйгє нєлы бын єртоны, Ерецойєн йє бєрзєйы ставд расєтты. Сєйгє нєл єм куы радзуры: «Нє дын загътон, Ерецо, мє мард дєр дын Єгъгъєд у...» Уалынмє сырдмартє ’рхєццє сты, Сєрджын саг уыдон рамардтой, Ерецойыл єрдиаг уыдон ракодтой, Ингєн ын уым скъахтой Ємє йє уым баныгєдтой... Радзырдта йє Мыкагъаты Гаги. Ныффыста йє Тхостты Саукуыдз, 1912 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор АЄ> 129, папкє 93> ф. 3—4. 429
СИРДМАРТЄ Цауєйнєнттє рамбурд унцє и цауєни, Уотє и дзєбєх и цауєни. Се ’хсєвеуат єрхєссунцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє зєгъуй, Гємостємє, Уайра, уо-ри-рарєу! Хуцау уин ма бакома, Уайра, уо-ри-рарєу! Нєбал син фєллєудтєй сє къуари хестєр, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє, зєгъуй, сє ностємє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уєд сє ностє є ростємє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Зєронд уосє дєр є ностємє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Рацудєнцє уєлє цади сєйгє нєлмє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Єхе дєр сємє нє базмєлун кодта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Цєйтє мах фєндє искєнєн, Уайрє, уо-ри-рарєу! Йеу гадздзай фурттєй йимє исхєссєн дєс къєбиси, Уайрє, уо-ри-рарєу! Хєссунтє йимє сє байдєдтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Єма йимє сє исцєттє кодтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уонєн сє куйти нєнттє цитє хундтєнцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Сє хестєр — Татикъо, Уайрє, уо-ри-рарєу! Сє бустєги кєстєр ба хуарз Йерету, Уайрє, уо-ри-рарєу! Цєуєйнєнттє фарастемєй рараст єнцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уєллагкомєй Тахохти Гибити, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє, зєгъуй, Тотойти Муссє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє, зєгъуй, Акъоти Дєппо, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє, зєгъуй, Къессати Гула, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уотє, зєгъуй, Цъугкити Бата, Уайрє, уо-ри-рарєу!
Уотє, зєгъуй, Сєбанти Гєппуда, Уайрє, уо-ри-рарєу! Фєццудєнцє фарастемєй, Уайрє, уо-ри-рарєу! Єртє къуари сєхе фєккодтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Йеуетє тар гъєдємє Уайрє, уо-ри-рарєу! Аннє къуар тєн гъєдємє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Иннє къуар истур цадємє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Истур цади ’й баййафтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Сє куйти йибєл хестєргай рауагътонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уєлцадємє сє дугай ампъезтєй фєккалдта, Уайрє уо-ри-рарєу[ Уєдта йибєл сє кєстєр Йеретуй рауагътонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Йе ’скъели уедєгтє йин исуагъта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уєдта йе ’рагъмє багєпп кодта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Є бєрзєйи уедєгтє дєр йин истудта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Єндєцадємє уєд рацудєй, Уайрє, уо-ци-рарєу! — Ма кєнє, ма, Иерету, Уайрє, уо-ри-рарєу! Дє фараст єнсувєри дин рамардтон, Уайрє, уо-ри-рарєу! Дєсєймаг дє фєккєндзєнєн, Уайрє, уо-ри-рарєу! Хъєбєрдєр йимє уєд бавналдта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Исдзурдта йимє, Уайрє, уо-ци-рарєу! — Ма кєнє, ма, Иерету, Уайрє, уо-ри-рарє^М Мє мард дєр дє маргє кєндзєнєй, Уайрє, уо-ри-рарєу! Уоми ’й єрхъан кодта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Цєуєйнєнттє дєр єрбацудєнцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Єма ’й ракой кодтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! 431
Тапкабєл єй рацурхтонцє, Уайрє, уо-ри-рарєу! Йерету дєр, мєгур, фєлладгомау Уайрє, уо-ри-рарєу! Тапкай буни бабадтєй, Уайрє, уо-ри-рарєу! Тапка йибєл єртудта, Уайрє, уо-ри-рарєу! Йеретуйєн є астєуистєг расаста, Уайрє, уо-ри-рарєу! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 1922 аз, 16 де кабрь, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИйы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. папка 1,13, ф. 49—52. СИРДМАРТЄ (Вариант) Уєй-рє, и сирдмартє, Йе-гъєй, и сирдмартє, Уєй, и рамбурд унцє. Йе-ри-ра, ри-ра-рє, Уєйрє-уєйрє, гъєйрє-гъєйрє. Гъе-гъе, уотє расеметє, Уонтєй рєуєг, къахєй дзєндєл. Уєй, и сирдмартє єрємбурд унцє, Фєндитє ’ма фєнди сєртє Йе-уєу-уєй ку кєнунцє. Дєлє и Мєсихъєумє ниццєунцє, Фарастемєй ранєхстєр унцє. Иу мади бєдєлттєй дєс къєбиси Йе уєу-уєй ку схєссунцє. Уонєн сє куйти нєнттє Ци хуннунцє? Селєн єма Ерету, Хъойси ’ма Хъоймаз, Хакиассє ’ма Хєбєнетнє, Татико ’ма Белико Сє куйти нємттє ку хуннунцє. Селєн куй єй сє хестєр, Ерету ба єй сє кєстєр. Еретуй ниууадзунцє, Фарастей ба рєхонунцє, Тар гъєдємє фєццєунцє, Искъєрєнтє ракєнунцє, Сєйгє нєли исистун кєнунцє, Уордиги єй расорунцє, Сау гъєдємє ’й фєссорунцє; Фєстємє ’й тар гъєдємє єрсорунцє, Сє фараст куйи син уєд рамаруй. Еретуй йимє рахонунцє, Уой йибєл рауадзунцє. Сорунтє ’й уєд байдайуй. Сау гъєдємє ’й ку фєссоруй, Уоми дєр єй нє ниууадзуй, Тар гъєдємє ’й раздахуй, Йе скъелти нуєрттє йин Хуєрун байдайуй, Сєйгє нєл йимє уєд исдзоруй: — Ує Ерету, ма кєнє, ма! Дє фараст єрвадей дин Ку рамардтон! Итингдєр йимє уєд ку бавналуй. Никкидєр йимє уєд исдзоруй: — Ма кєнє, ма, ує, Ерету, Дєсєймаг дє фєккєндзєнєн! Тухгиндєр йимє уєд исдзоруй: — Ує Ерету, ниууадзє мє, Ме ’гас дє ку нє рамара, Уєддєр дє мє мард ку Мардзєнєй! Уєд єй, зєгъуй, ку ’рхъан кєнуй... И сирдмартє ’й ку бафснайунцє. Устур бєласєбєл єй исцурхунцє. Ерету, мєгур, фєллад єй, Мєгур є бон, 432
Бєласи буни ку бахуссуй; ’Ма ибєл е єрхауй, Сєйгє нєли фидєй бєргє єртонуй, Еретуйи уєд рамаруй. Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан,. 15 февралъ, 1921 аз. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив. ф. Дзагурова Г.А., оп. I, д. 13. ДИГОРИ ЦАУЄЙНЄНТТИ ЗАР Дигори цауєйнєнттє рамбурдєнцє, Се ’мбурдгєнєн нихєси дорбєл Фєндитє ’ма фєнди сєртє кодтонцє: «Фєццєуєн мах нє фиддєлти хєзна, Нє сау хуєнхтємє цауєни!» Бєрзє ’фцєги фєххєрд кодтонцє, Се ’сєвеуат стур сау хонхи бунмє бахастонцє, Єхсєвєбєл фєлмєн арф мет єруардта; Нєзуй хехє — сє фєлмєн хуссєн, Цъетей метдон — сє хуарз ниуазуйнаг. Цєйтє, маха фєндє скєнєн! Сау хонхи федєрттємє стур лєгъзєртє скодтонцє, Сау дзєбодуртє марун райдєдтонцє, Дзєбодури цєрттєй фєлмєн листєн кєнун райдєдтонцє, Нард дзєбодури фидєй бор фезонєг Кєнун байдєдтонцє. Дигори нихєсмє сау дзєбодури Фєхсунтє єрхастонцє. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, Ныффыста йє Дзагурти Гуыбади. 1926 аз, 21 мартъи, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. I, д. 13, ф. 90. ДЗАСАРБЕГИ ФУРТ МИНГИ БОТАЗИ ЗАР Дзасарбеги фурт и минги Ботаз Пахсани сєрєй Хъандзали сєрмє Сосхъєдє фєйнєгєй над искодта, гъа-а-ай! Абайти Кумузи єхецєн, зєгъуй, Уайтє, уарайди, мадє искодта, Уарайдє, гъе, уєрайдє, гъай! Борєни єрдози є уєраги сєртєй, Уайтє, уайтє, ’ма мос искодта, Уєрайдє, гъе, уєрайдє, гъай! Є лєгигъєди фєрци Хъєрємсахалти Хъандаули рєсугъди єхецєн, зєгъуй, Уєрєйда, уосє искодта, гъай! Цєугє ку кодта, зєгъуй, Цєугєгєнгєй фєллайгє дєр йе ку нє кодта, 28 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 433
Уєрєйдє, гъе, уєрєйдє, гъай! Сау хонхи сирдти, зєгъуй, Єхсгє ку кодта, Йевгъаугє дєр йе ку нє кодта, Уарайдє, гъе, уєрєйдє, гъай! Є дууадєс ємбалемєн цъетей рагъбєл Дзєбодури ургтєй уаргъ искодта, Уарайдє, гъе, уєрєйдє, гъай! Є сугъзєринє сау хъєрєймагєн Дууадєс уацайрагей аргъ искодта, Уарайдє, гъе, уєрайдє, гъай! Є фєстагонтєн, зєгъуй, дуує муггагемєн Єнє исфедуйгє загъд искодта, Уарайдє, гъе, уєрайдє, гъай! Радзырдта йє Хъуыбадшы Елхъап Хъуырманы фырт, Ныффыста йє Дзагурти Губади. 1922 аз, 24 ноябръ, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., он. I, папка 13, ф. 26. ДЗАСАРИХЪОТИ ДЗАСАРБЕКИ ЗАР Мусакати устур Дзасботас уартє и Хєзни сєдє хуасдзауемєй хуасє кодта. ’Мє сєдє хуасдзауей, зєгъгє, сєдє бони сирдон фидєй ба исхєсса, уомєн хєснє кодта. Дзасарихъоти мєнгєй Дзасарбек хуарз цауєйнон адтєй, Єфсатий фонс къуєртгєйттєй єскъардта. Єфсати Тарє коми цардєй; Дзасарбек Єфсатий єнгєрон цауєйнон бунат дардта, Уордємє имє Мусакати устур Дзасботас єрбацудєй: — Де стур цауєйнондзинадє алли рауєн дєр игъусуй, Нур ба мин мє сєдє хуасдзауей хєснє райсє. Байфєрсуй Дзасарбек: — Дє хєснє ци уодзєнєй, — зєгъгє? Дзоруй имє Дзасботас: — Мє хєснє уодзєнєй кизгє уацайраг. Уотемєй ииххєснє кєнунцє. Дзасарбекєн є хєснєбєл Дзасботас є кизги баст никкодта. Дзасарбек авд ємбали искодта, Єхе хєтдзє сє аст искодта. Сєдє хуасдзауей хєснє райсгєй, — Сєдє тоипєй топп рартаста, Сєдє кардєй кард рартаста; Є авд ємбали хєтдзє Ассий сау хуєнхтємє рандєй. Цєугє кодта, цєугє кєигєй фєллайгє нє кодта. Єхсгє кодта, єхсгє кєнгєй йевгъаугє нє кодта. Сєдє бони фєххєтгєй, сирд нє, фал тєхгєцъеу-маргъ дєр нє фєййидта. Є сєдє бони йеу гъєуаггин, Сєдєймаг бон ин Єфсати сєдє сирди равардта. 434
Дзасарбек сєдє сирди рамардта. Хъєреуи хонхмє єносон цъететємє є реуєй над искодта, Є авд ємбалемєн сєдє сирдей ургтєй уаргъ искодта, Мусакати сєдє хуасдзауемєн сєдє сирдей сєртєй цагъд искодта. Уездон адєм рагидєр Хуцауєн єнадє адтєнцє: Дзасботас загъта: — Мє кизгє, — зєгъгє, — фєрсаг лєгєн нє ратдзєнєн. Дзасарбекєн є кизгєбєл, зєгъгє, загъд искодта. Дзасарбек йимє дзоруй: — Євєдзи дє зєрдє ходуй, мє сєдє сирди йеу гъєуаггин ке єнцє, уобєл. Нуртєккє дин єй исєнхєст кєидзєнєн, Ду дє кизги фєрсаг лєгєн нє дєттис, Сєдє сирди лєвар бахуєрунмє гъавис? Сєдєймаг сирдєн Дзасботасєн єхе рамардта Дзасарбек, Є фєстагонтєн кадє искодта Дзасарбек. Йездон лєги уєлдєр ка нє исуагъта, мєрдти рохсаг фєууєд! Радзырдта йє Тобойты Цицеу Дзєрєхмєты фырт. Ныффыста йє То- ласты Апдрей, 1927 аз , 23 февралъ, Чырыстопхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє № 7, ф. 180—181. ДЗАСАРБЕГИ ФУРТ МЄНГЄЙ ДЗАСБОТАЗИ ЗАР (Вариант) Дзасарбеги фурт мєнгєй Дзасботаз Тарє коми цауєни хаттєй Єма алли бон дєр арєсєни бадтєй, Єма и сєгдзартєй тар осонгє искодта, Сєгутдзєрттєй ба — фєлмєн листєнтє. Уєд аци зар низзардта: — Єдта ма аци дуйнебєл мєнєй Цауєйнондєр уодзєнєй. Уєд имє Абайти хуарз Саулох бацудєй Єма ин загъта: — Кєд уотє цауєйнон дє, уєд мин Мє сєдє хуасдзауи Сєдє боней уалєнгє сирди фидєй Гъєуаггин ма ниууадзє. Еци сахат хєснє искодтонцє Авдудзести уацайрагбєл. Дзарасбеги сєдє топпемєй топпи барє исиста, Сєдє бони бон гъєуаггин фєхаттєй, Єрдо дєр ин нє зулун кодта, Уєд имє є фидє рарвиста: — Єрбацо єма дє фиди сау уруссаг райсє, Є цъухбєл сєдє фати, сєдє єхсти 435
Искурдиадєй ес. Єрбацудєй єма є фиди сау уруссаг райста. Сєдє боней бон гъєуаггин фєххаттєй, Сєдє сирди рамардта, Сєдє сирдей ургтєй євдесєн Уаргъ искодта, Хъєреуи хонхбєл сємє є реуєй Над искодта, Є фєстагонтєн ба загъд искодта. Еци бонєй аци бонмє сирдтєй Мєгур адємєн хай ес. Хєснє ке бацєй, ейє нє ралух єй. Дзасботаз отє загъта: — Єз мє бонєнгъудмє сєдє сирди рамардтон. Саулох ба отє загъта: — Дєумє єнгъєлдзауєй Мє хуасдзаутє сирди фид нє бахуардтонцє. Кємєн си аккаг єй хєснє? Ныффыста йє Темыраты Данел, 10 ноябрь, 1912 аз. Йє радзурєг 6є- рєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 14, папкє 7, ф. 684—685. ДЗАСБОТАЗИ ФУРТ МЄНГЄЙ ДЗАСАРБЕГИ ЗАР (Вариант) Ує, сєдє топпемєй єй топпи барє ку адтєй. Уони ’хсєнєй 6а є фиди рєхсєнтєй баст Сау уруссаг топп ку исесуй. Сєдє йегаремєй дєр єй йегар барє ку адтєй. Уони єхсєн є фиди сагсор Сау йегар ку исесуй. Цєун ку байдайуй. Абайти хуарз Саулохи фуртмє ку бацєуй, Хєснє ку искєнуй Са}’лохи фурти хєтдзє; Кизгє ’ма лєхъуєн сє астєу Уацайраг ку єривєрунцє. Дзасботази фурт мєнги Дзасарбег ин ку загъта: — Кєд дє сєдє хуасдзауи Сєдє бони сирди фидєй исхєссон, Уєд дє уацайраг мєн, Кенєдта єз мулди куд уон, уотє! Хєтун ку байдайуй. Сєдє бони єртє бони гъєуаггин ку фєххєтуй; Єфсатий фонсєй йеунєг нисан дєр 436
Ку нє базулун кєнуй. Є фиди хєдзарємє Уонтє бєрзонд єма сєргубурєй ку ’рцудєй. ’Ма є фидє — Дзасботазмє ку бадзоруй: — Дєу єваст ку фєццудтєн ’ Ма Абайти хуарз Саулохи фурти хєтдзє Хєснє ку искодтон Кизгє ’ма лєхъуєн уацайрагбєл; Кєд ин сєдє хуасдзауи Сєдє бони сирди фидєй исхєссон, Уєд є уацайраг мєн, Кенєдта єз мулди куд уон. Фєххаттєн сєдє бони єртє бони гъєуаггин. Єфсатий фонсєй йеунєг кисан дєр нє фєззиан кодтон. Йе дєр єхе ку єрбарєвдзє кодта, Сєппєркъе єма лєузєнгойгин; Єрбабаста дєлагистє-уєлагистє сау хъатара; Є астєубєл єрбабаста сау хъєндзал кард; Цєун ку байдайуй; Абайти Саулохи фуртмє ку бацєуй; Райинмаруй сєдє сирди, Фєххаттєй Хъєреуи хонхєй Хъєндзали уєнгє. Уони астєу йе є реугудурєй над ку искодта; Є йеу ємбалєн 6а Сєдє сирдей ургтєй уаргъ ку искодта. Уой фєсте хєтунєй ку єрбацудєй. Уєд Саулохи фурти хєтдзє искодта загъд ’Ма дзи є уацайраг ку райста, Є фєстагонтєн 6а ниууагъта загъд. Радзырдта йє Мудойты Баззе, 19 мартъи, 1909 аз, Чырыстонхъєу (Дигора). Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г. Л., оп. I, д. I «а», ф. 32—33. НАУРУЗИ ЗАР Уєй, Науруз ба нин ма рамєла, Науруз ба нин сугъзєрингун топп ку загъта, Ой-сей-сей! Сєу-ирай нє фєккєндзєнєй хуарз Науруз, Ой-сей-сей! Єфсати нин сєдсугон саг ку загъта йеци хєтєлєй, Ой-сей-сей! Радзырдта йє Гецаты Бадели. Ныффыста йє Толасты Андрей, 1927 аз 16 август, Махческ. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 29. 437
ГЪУЦЪУИАТИ ГАБИЦИ ЗАР Уа, Гъуцъунати и мингий Габиц И цауєни ку сфєндє кєнуй. Уєй, авд ємбалєй хєццє ку ранєхстєр уй. Йє, Фєсалгуни* сєрмє уєд ку бацєуй; Истургомау уосонгє уєд искєнуй. Сєгдзєрттєй єй уєд бамбєрзуй, Йє, єрсдзєрттєй листєнтє ку никкєнуй. Гъа-гъа, ємбалтє йимє ку исдзорунцє: — Сирди фид бахуєрє, — зєгъгє, — Габиц! — Єфсатийєн єхеистєн, Сирди фид уин нє бахуєрдзєнєн, Уєй, дєлє и Курппи бєрзондбєл Єхсєвєй бонмє борхуар ка хуєруй, Сєумєраги уєлє цъетей уазалмє Хуссунмє ка цєуй, Еци сєйгє нєли мє сирдикъахєй Сєумєраги ку нє рамарон, Уєдмє уин сирди фид нє бахуєрдзєнєн! Уєй, сєумєраги йимє фєдздзорунцє: — Сєйгє нєл Фєсалгуни тегъєбєл Ку фєццєуй, сєпсєпгєнгє! Уа-гъа, уордиги єй бєргє фехсуй Габиц Сау хъєрєймагєй. — Гъа-гъа, бабєрєг кєнетє мин Уєртє ме ’хсєн! Гъа-гъа, бєрєг кєнунмє йимє Бєргє фєццєунцє. Уордиги йимє заргє-заргє рацєунцє, Хурдзинтєй бор хуар є хурфєй райесгєй. — Ує, сирди фид бахуєрє, — Зєгъгє йимє ку сдзорунцє, Кувд єрцудєй, — зєгъгє. — Єфсатийєн єхеистєн, Сирди фид уин нєма бахуєрдзєнєн: Уєлє Къєлєлдари сєри фєндзсион, Єртвдзєстуг уорс дзєбодур, Уой ку нє рамарон мє сирдкъахєй, Уєд уин сирди фид нє бахуєрдзєиєн! Гъєр, сє}^мєраги бабєй бєргє рагєпп ласуй; Гъа-гъай, Къєлєлдари сєри уорс дзєбодур, Фєндзсион, єртидзєстуг хезгє ку фєууинуй; Сирдикъахєй йимє ниййарєнсєн кєнуй; *Фєсалгун — хуєнхрєбун, Тєторсєй уєлдєр, Къєлєлдар дєр уоми (Дзагурти Г. фиппаинаг). 438
Уа, уой дєр син ку рамаруй. — Сирди фид бахуєрє, Габиц, Дє кувд ку ’рцудєй! — Уєд ку сдзорунцє йимє. — Ує, Єфсатийєн єхейистєн, Сирди фид нєма бахуєрдзєнєн: Авд Уєхъєци єз хуєздєрбєл ку дзорунцє, Раздєр ке рартасонцє, Уомєн уацамонгє ку дєттунцє. Єз ке бакодтон, Еци гъуддєгтє кєд єцєг єнцє, Уєд сєумєраги уацамонгє Мє нимєти къабазєбєл ку нє иссерон, Уєд уин сирди фид нє бахуєрдзєнєн! Уєй, нимєти къабазєбєл єй Бєргє ссеруй и уацамонги. Фєстємє єхе хуссєгау бєргє искєнуй. Е ’мбалтє йимє уєд исдзорунцє: — Фестє, Габиц, мєнє дє кувд єрцудєй! — Гъе, нур ба уин сирди фид Бєргє бахуєрдзєнєн! Уай, истур кувдтитє йибєл никкєнунцє, Фарни зартє никкєнунцє. Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан, 2 мартъи, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губаои. ЦИГСИИйы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. I, д. 12, ф. 157—158. ГУЦЪУНАТЫ ЗАРЄГ Стыр мыггаг, зєгъы, куы сты Гуцъунатє, ой! Ємє сын, зєгъы, зєххытє куы уыдис Сечеры уєлбыл, ой! Уыдысты, зєгъы, авд єфсымєры ємє иу єнєдзургє чындз, ой! Єнєдзургє чындзєн, зєгъы, авдєйнон сывєллон куы уыди, ой! Загътой, зєгъы, авд єфсымєры, ой: «Цомут нє бурхор кєрдынмє, ой!» Рацыдысты Сечеры уєлбылмє, ой! Бонгєсы обауыл, зєгъы, Куы сарєзтой сырддзєрмттєй тар мусонг, ой! Тар мусонджы сывєллоны куы сєвєрдтой, ой! Гуцъунаты авд єфсымєры, зєгъы, Куы ралєууыдысты, ой! Хистєргай — рахизфарс, Кєстєргай — галиуфарс, Сє зад хуымты сєргъыл, ой! Кусын, зєгъы, куы райдыдтой, Уєдє цы уыдаид, Гуцъунаты авд єфсымєры 439
Ємє сє иунєг єнєдзургє чындз. Сє хоры зады цинєй, зєгъы, Сє авдєйнон сывєллон куы ферох кодтой, ой! Фєлє мады зєрдє тєнєг у, Сывєллоны нє рох кєны! Йє зєрдє катай кєны сывєллонимє, ой! Єнєдзургє чындз, зєгъы, Сывєллоны катайє, йє къухєй сєм амоны, ой! Дон уын, зєгъы, єрдавон! Арвыстой донмє, уєдє цы уыдаид, Кєм зынди, уым уади сабыргай, Кєм фєаууон, зєгъы, уым тєхгє кодта, ой! Сє бынатмє бакасти, зєгъы, Авдєйнон сывєллоны Сау залимаг калм куы бахордта! Фєстємє кєугє азгъордта, ой! Авд єфсымєрмє куы сдзырдта Се ’нєдзургє чындз: — Хуыздєр дзурєггаг уын цы скєндзынєн, ой! Ує хєрз гуырд лєппуйы Сау залиаг калм куы бахордта! Авд єфсымєры куы ныккєуынц. Радзырдта йє Гатциты Осмєн Хъанцауы фырт, 64-аздзыд. Ныффыс- той йє Фидараты Юханє ємє Тамарє К. 1975 , 29 июнъ. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. УОРССЄР ЦЄРГЄСИ ЗАР Мєргъти хестєр ниффєндє кодта, Цєудзєнєн, нєхстєр кєндзєнєн, зєгъгє. Хонхаг хуаллаг адгин єй. Мєргъти хестєр фєннєхстєрєй Донифарсмє. Донифарси къуппєбєл єрбадтєй. ’Ма є тєккє бунтєй иллуй-луй кодта. Донифарси къуппє 6а ’й се ’носмє хєзна — Мисигон. Уомє Донифарс рацудєнцє єд хестєр, єд кєстєр. Сє хестєртє ’йбєл «усси-усси» кодтонцє ’Ма син «уссиєй» тєхгє нє кодта. Сє кєстєртє ба ’ймє «цицци, цицци» кодтонцє, ’Ма сємє «цицциєй» 6а цєугє нє кодта. Уалиммє йеци хабар Тъєпєн Дигорємє байгъустєй. ’Ма уоми иуазєгуати адтєй Гъуцъунати Габиц, ’Ма иуазєгдоии дуарєй ракастєй, Циуавєр дессаг уодзєнєй йе, зєгъгє. ’Ма. Хъарадзаути устур Хъарадзау йин йенцеги лєвар ке ракодта, Йеци хєтєл рагъєнєй єрбайиста.
Єхсгє дзи кодта, йевгъаугє ба дзи нє кодта. ’Ма ’й иуазєгдони дуарєй єрми даргєй фехста. ’Ма ’й фєццєф кодта, ’Ма йе стур базуртє ємтилд никкодта. Єма Абисалти дууадєс дондзаубєл єхе рауагъта, ’Ма сє йеци цєфєй дєр ма йеу гъєуаггин фєккодта. Радзырдта ггє Дзарданты Дзахо Сєгейы фырт, 1927 аз, 1 февраль. Ныффыста йє Толасты Андрей. Чырыстонхъєу. ЦИГСИИ-ггы архив, фольклор №15, ианкє 8 ф. 289. ДЗУДТЫ КУЦИ Дзудты Куци, е-йей, хорз цуанон. Гъей, гъей арфє ракєн, Дзудты Куци хорз цуанон. Уєй, кєй нын дєттай — Халєй-халмє лєскъмє куы цыд, Донгєрон фугєйы мидєг, Халєй-халмє лєскъмє куы цыд. Гъей, Уастырджи! Радзырдта ггє Мамиаты Ауызбгг. НыффыстогЪ йє Нлиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-ггы архгш, фольклор №21, папкє №; 71, ф. 121. ДЗУДТЫ КУЦИ Афтє, афтє иу мады фырттау, гъей, Афтє, афтє бирє цєрат, гъей, Дзудты Куци хорз цуанон, гъей, Гъе-рирє-рирє, бирє фєцєрат. Ой, йє топпы къєдз — рєхсєнтєй баст, Афтємєй цуаны рараст и Сывєллєтты мєгуырдзинады тыххєй. Сывєллєттє комахсєнты къахыл куыдтой. Уєлє сойєгтєй куы раппєрста Уырдыгєй сывєллєттєн саджы мард. Радзырдта йє Хьесаты Харггтон. Ныффыстой ггє Плггты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, паикє № 71, ф. 121. ХЪОДЗАСИ ФУРТ ХЪОЙБАЙ, ОМЄН Є ФУРТ КУЦУККИ ЗАР Хъодзаси фурт Хъойбай, Уомєн є фурт Куцукк сирдтє хєссунмє адтєй домбай. Билєги сєрмє иссудєй. Уоми сауєдон адтєй. Сауєдони билєбєл хизтєй цуппаргъосон сєргин саг. 441
Єхе исконд хєтєлєй єй рамардта. Єхе исконд кардєй єй нивгарста. Єхе исбид бєндєнєй єй бабаста. Єхе рагъи єй ракодта, Єхе исконд хєдзарємє ’й єрхаста. Єхе исконд фингєбєл єй искєстау кодта. Єхе исконд аги єй бафтудта. Єхе исконд рєхисбєл єй байвардта. Єхе єлласт согтєбєл єй исфунхта. Єхе исконд амєнтєнмє ’й исиста. Є уарзонтємє рарвиста, ’Ма ’ймє є уарзонтє єримбурд єнцє, Хуцаумє ин бакувтонцє є уарзонтє, Єфсатий фонсєй хайгин куд уа, уотє. Радзырдта йсв Дзарданты Дзаххо. Ныффыста йсе Толасты Андрей, 1927 аз 1 февралъ. Чырыстонхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папксе №8, ф. 161. ХЪОДЗАСИ ФУРТИ ЗАР Хъодзаси фурт Хъойбай адтєй, Сау хонхи федєрттєй Дзєбодуртє хєссунмє домбай адтєй. Уомєн єхе лєхъуєн Куцуг єй, Є сугъзєринє дзєбокє ниууадзгєй, Билєги федєртти Сайтани сирдти* фєдбєл куд цудєй! Авд ивазни хєдзарє искодта, Сєдсєгонєй рєхис єруагъта, Хъодзасти истур дугъосуг уобєл байвардта, Сирдонвидєй єй єртє идзаги йе искодта, Истур Дигори сирдонвидєй єртє єфсеси йе бакодта. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралы, 1926 аз, Дзсеуожыхъсеу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИйы архив, фонд. Дзагурова Г.А. , оп. I, д. 13, ф. 77. УЄЛЄ ХОХЫЛ ЦЄУ РАЛЄУУЫД Уєлє хохыл цєу ралєууыд, О, тєхуды, мах куы уаид! Уымєн йє фиу йє цармыдзаг, Фєсахсєвєр курдиаты номыл — *Сайтани сирдтє(по объяснению певца) дзєбодуртє єма єндєртє (Дзагурти Губадийы фиппаинаг). 442
Єфсинты гаджидау, Уырдыгєй бонмє Ног чындзыты номыл — Майрємы гаджидау. Лзарыди йє Томайты Лхмырзє Лслємырзєггы фырт, Хьолайы хохагй ралггдзєг 92-аздзыд. Ныффыста йє Биоеты Индирє. 1984 аз. Дзсеу- джыхъєу. Цєгат Ирыстоны наддзахадон унггверситегн, уырыссаг лггтературєггы кафедрєггы архггв. РАГОН ЦУАНОН Рагон цуанон буррихи, Кафар, цєйтє, ныззарєм. Нє царды хабар — уалдзєгєй фєззєгмє, Не смудын — фєздєгмє. Бєрзондыл зилын, Къєдзєхтыл хилын, Чи зоны, мє хуызєн сырдтєн сє хизєн, Се ’хсєвы бадєн, Се стырты марын. Фестын єхсєвєй, Акусын рєхсєнєй, Хызыны — хєринаг. Радзырдтогг ггє Дзанаггты Кафар ємє Дзапарты Кьоста. Ныффыс- той йє Плггты Харигпон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архггв, фольклор №21, иаикє 11, ф. 110. ЦЄУ БОДЗО (Цауєйнонти зартєй) Уєлє и хонхи сєри Цєу бодзо хезуй. Уой нин Хуцау загъта, Сєумєраги нин єй радта. «Памяншикгс народного гнворчесгива осетин>>, вын. 2., 1927, снгр. 135. СЄДСУГОН САГ (Цауєйнонти зартєй) Дєлє коми думєги сєдсугон саг хезуй, Уой дєр нин Хуцау загъта, Сєумє нии єй дєтдзєнєй. «Памятникг^ народного творчества осетгт», вып, 2, 1927, сгнр. 135. Мє къухы — хъримаг. Худ авєрын дурыл. Ныхъхъавын єнцойє. Єфсатийы лєварєн — Дзєбидыртєй бар: Рахауы хохєй Коммє уєлгоммє. Дзєбидыры цєхджынєй Уазджыты хынцын, Сабиты хєссын. 443
СИРДМАРТИ ЗАР Рамбурдєнцє и сирдмартє Гємостємє, Будайти Гетє ба — є ностємє, Ностє ба — є ростємє. Фєндє кєнун байдєдтонцє и сирдмартє, Сє фєндитєбєл ка нє рацєуа, Уомєн 6а є хуєрєнтє — є кєндитє. Рамбурдєнцє Сауєри комбєл, Уєдта и Бордонбєл, И Хусфєрєки фєййеу унцє, Сє фитдзаг сирди мард — бор хъизон, Сє хъизон фицєн — сє саст циуан. Сє финдзи цєуєг — Уалє Цопанти и хуарз Циуал. Се ’ннє сирди мард — дудахъи ємбес. Сє фєндєбєл ка нє рацєуа, Йе фєццєрєд, уалє Бурєхъти Бурахъи ємбес. Радзырдта йє Кєлухти Елмєрза. Ныффыста йє Толасты Аидрей, 1927 аз, 5 август, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 28. ЗОРАТЫ ДЗОЦЦЄ Єстдєс азы Зораты Дзоццє Цуаны фєхатти, фєхатти. Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! Єстдєс азы уый алы сырдтє, Алы маргъ мардта ’мє мардта. Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! Сосийы хєхтєй Сєнайы хєхтєм Цуаны фєхатти, фєхатти! Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! Хилачъы хохєй Хетєджы фєзмє Цуаны фєхатти, фєхатти! Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! Зораты Дзоццє сау хохы сєрмє Дардыл фєлгєсы ’мє зары. Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! Нал, дам, фєразын єз ацы хєхтыл Цуаны хєтынєй, цуаны! Уой, Дзоццє, дзєнєты бадай! (Ирои адємы зарджытє). Чиныг сарєзта Джиоты Хазби. — Орджони- кидзе: Ир. - 1980. - ф. 20.
Фыййєутты зарджытсе ФОСЫ ФЄЛВЄРА Гъей, ємє йє тымбыл дзуг Цєгатєн йє хуссєртты Хъєлдзєгєй чи фєхиздзєн. Гъей, сєлфынєг бон сє фєстє Къуыззиттєй заргє чи араст уыдзєн. Гъей, йє фосєй та, дам, ын Уастырджи ратдзєн Бурєхъус нєл фыс. Уалдзыгон бонмє уырдыгстау Галтє чи фєрєвдз кєна, уымєн Хор зын арєн нє уыдзєн. Радзырдта йє Хєдарцаты Темболат. Ныффыстой йє Плиты Хари- тои ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор А^ 21, папкє 71, ф. 107. ФЄЛВЄРАЙ ФУРТ ДЗУДЗУНАЙ ЗАР Є фустє ба — сау сєртє єма уорс костєлтє; Уазай бєрзондбєл є бадєн — цъетебєл, Уа-ай-рєйда, уєрайда-гъей... Є сугъзєрийнє къос є астєуєй исихалуй, Єртє дугъди єркєнуй; Єртє калди йин єй никкєнунцє, Фєлвєра дони фарсмє єрцєуй; Фєлвєрай фурт сау зєнгєттє искєнуй, Уорс курєт. Фєлвєра исхъєртуй: — Ци кєнис? Дєхе исаразтай! — Дє фонси хаттєй ма байрайа, Ка сє уарзуй, Уомєн ба хєлар уєнтє! — Ду 6а, євєдзи, дєхе уомєн исаразтай, Єма хори кизгє Фатъимєти Содзийни къєртдзитє єригъустай; Хори кизгє Фатъимєт Уазай бєрзондбєл бадуй Єма авд дарєси хуйуй; Уой содзини къєртдзитє єригъустай, Єма дє фустє дєр уомєй тарстєнцє! Фєлвєра раскъєруй Уазай медєггєгтємє; Уой єстойнєбєл адтєй уєхєн дор, Адєм ке нє ратулдтайуонцє. Кєсєги зєнхємє баскъєрдта, Єма йимє кєсгон єлдар исєрвиста єфсад: 445
— Ци ’й, йе, циуавєр хуєнхаг цъеу єй? Фєлвєра сємє баздахтєй Єма син кємєн є цонг, Кємєн є къах саста, уотемєй Сє ледзєггаг, хауєггаг фєккодта. Уєд йимє сє нифс нєбал хастонцє Єма йимє исєрвистонцє сє кизгутти рєсугъддєри, Кєд ин йе є хъаурє єрсєттидє. Иссудєй и кизгє Уазай сєрмє є размє Єма йин загъта: — Єз дєу нивє дєн! — Мєн нивє нє дє, Ке нивє дє, Уомєн амондєй цєрє! Ыєбал єй уагъта, Туххєй дєр є хєтдзє ниххустєй, Єма єхенимєри загъта: «Йеци дор толун Кунєбал фєраза, Уєд ин йести искєндзиыан!» Нєбал єй бафєразта ратолун Єма йибєл є нимєт ниввардта. Бацъух кодта кизгє єлдармє Єма йимє иссудєнцє ’Ма ’й сє разєй ракодтонцє. Тєрун єй райдєдтонцє. Єма сємє адтєй йеу зонєнгин уосє; Йе гъєр кєнун райдєдта: — Нє фиййауи нин фєттєрунцє! Є дуує єрвади йимє дзорунцє: — Ци кєни, цєбєл гъєр кєни? Дзоруй сємє: — Нє фиййауи нин фєттєрунцє єд фустє! Цєун гъєуй фєдеси! Ранєхстєрєнцє єма цєун байдєдтонцє; ’Ма йимє бахъєрттєнцє є лєгєтмє, ’Ма фустє дєр нєбал, фиййау дєр. Сорун єй байдєдтонцє. Єма ’й баййафтонцє Кєсєги лигъзи Єма сє уадхаст єма фунукдунд фєккодтонцє. Фєлвєрай исєздахтонцє єд фустє. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор Л& 106, папкє 13, ф. 97—99. ФЄЛВЄРАЙ ЗАР (Вариант) Фєлвєра Багъати цардєй, Уазамє раскъардта. Є фурти ниууагъта, зєгъгє, Цєуон єза дин Къумбултєй сехуар исхєссон. 446
Фурт медєггагбєл раскъардта, Уоми дєр ниббадтєй, Тєторсмє раскъардта, Тургъити ниббадтєй, Рєфтад си кодта. Доцун єй нє уагътонцє, Єстъєлфгє кодтонцє. Фєлвєрай лєдзєг уоми никъкъуєрдта, Дзєгъєл сє ниууагъта, Сє хєдзарємє єрцудєй, Фєлвєра ибєл ниццийнєй; — Фонс берє, нє фиййау, Кєми адтє, битдзеу, фиййау уєгє кєнагє ’й. Є фурт ин хабєрттє радзурдта: — Ма байрайай дє сайтєнттєй, Єртє бадти никкодтон, Єртє дугъди єркодтон, Єртє калди мин єй никкодтонцє, Єнє хуєргє байзадтєн. Фєлвєра имє фєдздзоруй є фуртмє: — Уомєй дин єй калдтонцє, Уазай бадєг — Азаухан-рєсугъд — Авд єнсувєрей йеунєг хуєрє, Йеунєг бонбєл є авд єнсувєремєн Авд фєлусти рєвдзє кєнуй, Є содзинє тєвдє кєнуй, Дони єй ратолуй, Къєртдзитє кєнуй, ’Ма дин уой къєртдзитєй єстъєлфтєнцє, Уомєн дин єй калдтонцє. Фєлвєра є фонсмє уайун байдєдта, Дзєгъєл сє исєййафта: Фєлвєрай лєдзєгбєл єрємбурдєнцє, Уотемєй сє исєййафта. Радзырдта йсе Хъыргъуыты Георги. Ныффыста йсе Толасты Андрей, 6 август, 1927 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папксе 8, ф. 59—60. КЪУДАРИ ЗЄРОНД ЛЄГИ ЗАР Къудари зєронд лєг фуркъа ’ма далис хонхєй є разєй ратардта. Уасгерги ’ма фонси Фєлвєра йибєл Буби єфцєгбєл рамбалдєнцє. — Дє фєндаг раст, зєронд лєг. Дє фонс кумє тєрис? — Муртазатємє, уотар кєнунмє. Муртазати ба адтєй Дигори фиййаутєн мингай фустє. Къудари зєронд лєг Дигори фиййаути дєллаг кєрони мин фусей 447
Уотар искодта є далис, є фуркъайєн. ’Ма сє гъеуоми хизта. Уєд уалинмє Хуцау Уасгерги ’ма фонси Фєлвєрай рарвиста Муртазатємє Дигори фиййаутємє: — Цотє ’ма, ує лєварєй адєм куд цєрунцє, уой син базонетє. Дигори фиййаутємє исцудєнцє Уасгерги ’ма фонси Фєлвєра, Истонг єма бєгънєг арєзтєй. ’Ма уєллаг кєронггаг фиййаумє бадзурдтонцє, Фусун нин фєууо, зєгъгє. — Ами кєми ци дзєгъєл цєугутє уа, уони иуазєг ку кєнєн, Уєд нє мингай фустє нецєй фагє исодзєнєнцє. Уотемєй дєллаг кєрони уалєнгє сєбєл хєтгє рацудєицє, ’Ма сє неке байуазєг кодта. Уєдта къудари зєронд лєгмє рахъєрттєнцє. — Фєллад иуазгутє, єстонг иуазгутє, фусун нин фєууо. — Иуазєг — Хуцауи иуазєг, рацотє! — ’ма сє фєффестєг кодта. Изєрхуарєн син є фуркъа равгарста, сехуарєн 6а син — є далис. Уєд ивазгутє цєун фєндє искодтонцє, ’ма йимє дзорунцє: — Зєронд лєг, дє фонс раскъєрє, — зєгъгє. ’Ма сємє дзоруй йе дєр: — Иуазєг хестєр єй, фонс дєр феййафдзєнєнцє хезнє. Нєуєгєй бабєй йимє дзорунцє: — Раскъєрє, тєрегъєд єнцє дє фонс. ’Ма сємє уєдта дзоруй йе дєр: — Сумах ци Хуцау искодта, мєнмє єндєр фонс нєййес Фуркъа єма далисєй фєстємє, ’Ма уин фуркъай изєрхуарєн нивгарстон, далис — сехуарєн. — Цо! Цо! Дєуєн лєвар йес Хуцауєй, дє мин фусей уотар байгон кєнє. — Йа, дессаг, мєнмє єндєр фонс кунєбал йес, ’Ма рацудєй ’ма є мин фусей уотар Идзагєй раййафта, ’Ма дуар йин игон кєнун нєбал кундта. ’Ма йимє Уасгерги ’ма фоиси Фєлвєра рацудєнцє ’Ма йин є дуар райгон кодтонцє, ’ма йибєл уордигєй Мин фуси гур-гурєй рацудєнцє. ’Ма ниддес кодта: — Мєнмє уой бєрцє фонс ку н’ адтєй уєд атє ци ’нцє? — Мах Уасгерги ’ма фонси Фєлвєра ан. ’Ма нин дє далис єма дє фуркъа Ке нивгарстай, ой туххєй дин Хуцау ралєвар кодта. ’Ма дип абонєй фєстємє бонєй-бонмє фулдєр кєнєнтє. Дигори фиййаутєн ба абонєй фєстємє Бонєй-бон минкъийдєр кєндзєнєнцє. Єма махєн єгъдау Ке нє равардтонцє, уой туххєй син Хуцау сє фонс Сє къохєй рацох кєндзєнєй. Радзырдта йє Дзарданты Дзаххо Сергейы фырт. Ныффыста йє То- ласты Андрей, 1927 аз, 1 февраль, Чырыстонхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №15, папксе 8, ф. 286—287.
САУ ХОХЫ ФЫЙЙАУЫ ЗАРЄГ Сау хохы фыййау, гъей, Урс хохмє дзуры, Уадындзєй зары, Урс хохмє дзуры, гъей, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! — Уазджытє ссєуынц, гъей, Уазджытє не сты, Удхєсджытє сты, гъей, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Тєгиатє ссєуынц, гъей, Бйаслантє ссєуынц Дыуує дыууадєсєй, гъей, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Дєхи дын мардзысты, гъей, Дєхи дын мардзысты, Рєгъау тєрдзысты, ой ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Сау хохы фыййау, гъей, Урс хохмє зары, Уадындзєй зары, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! — Тєрсгє сє ма кєн, гъей, Тєрсгє сє ма кєн, Кєсгє сєм ракєн, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Єнєзивєг сєм, гъей, Цєугє-иу ракєн, Худгє сыл сымбєл, ой, ємє Уєй, уой, бецау фыййау! — Єгас єрцєуат, гъей, О ме ’фсымєртє! О ме ’рвадєлтє, ой ємє Уєй, ой, бецау фыййау. Дє фосы астєу, гъей, Дє фосы астєу Бурє нєл фыс, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! 29 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том Гъе, уый сын раргєвд, гъей, Йє фыд сын марг у, Йє бас сын хос у, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Уалынмє ’лдєрттє, гъей, Тєгиаты ’лдєрттє Куы фєзындысты, ой, ємє Уєй, уой, бецау фыййау! Йє мидбылхудгє, гъей, Фыййау куы сымбєлд Бйасланты ’лдєрттыл, ой, ємє Уєй, уой, бецау фыййау. — Єгас єрцєуат, гъей, О ме ’фсымєртє, О ме ’рвадєлтє, ой ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Урс хохы фыййау, гъей, Йє фосы дзугєй Нєл фыс ыскєны, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау. Бурє нєл фыс сын, гъей, Бурє нєл фыс сын Фыййау раргєвды, ой ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Єрхуы аджы сын, гъей, Єрхуы аджы сын Йє фыд куы сфыхта, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Тєгиаты ’лдєртты, гъей, Бйасланты ’лдєртты Уый хорз куы хынцы, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Йєхєдєг куыйты, гъей, Йєхєдєг куыйты Хылыл сардауы, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! 449
Куыйтє ысрєйынц, гъей, Єлдєрттєй сє иу, гъей, Куыйтє ысрєйынц, Дуармє рауад, Кєрєдзи тонынц, ой, ємє Басмє базгъордта, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Уєй, ой, бецау фыййау! Фыййау уєд уайтагъд, гъей, Схуыпп кєны басєй, гъе, Фыййау уєд уайтагъд Фыййауы уайтагъд Куыйтєм рауайы, ой, ємє Уым куы рамары, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Уєй, ой, бецау фыййау! Аг дын йє къахєй, гъей, Сау хохы фыййау, Аг дын йє къахєй Йє цєссыг калгє Фыййау куы скъуырдта, ой, ємє Уадындзєй уасы, Уєй, ой, бецау фыййау! Уєй, ой, бецау фыййау! Бас дын куы акалд, гъей, Тєгиатє фынгыл, гъей, Бас дын куы акалд Бйаслантє фынгыл Бынтондєр зєхмє, ой, ємє Куы фємард вєййынц, ой, ємє Уєй, ой, бецау фыййау! Уєй, ой, бецау фыййау. Радзырдта йє Плиты Абел, 1938 аз, 5 мартъи, Хуссар Ирыстон, Рукъ. Ныффыстой йє Плиты Харитои семє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 25, панкє 71, ф. 14-17. САУ ХОХЫ ФЫЙЙАУ МЄЛЕГОР (Вариант) Гъей, рирассє, рирарє, Ой, рира, ой, ой, Рирє, дам, ой, Сау хохы фыййау Сау хохы хизынтє мын куы байдайы. Сау хохы цєй нард кєнынц гъей, гъей, Йе ссєдз фысы куы сыскъєрдта, Уєд минтє ємє сєдє минтє баисты. Сысты егъєуттє йє сыл фыстє, хъуццыты йєстє. Йє уєрыччытє — галты йєстє. Хизынтє, зєгъы, байдыдтой. Аскъєрдта Мелегор йе ссєдз фысы Сау хохы сєрмє лєгєтмє. Уалдзєг ыл єрзылди. — Гъеуєд зайын байдыдтой. Хъыг кодта: «Ныр бон фыййау цєуон, ємє бынатгєс Чи цєудзєн? Бынатгєс ныллєууон, ємє мє фосимє чи уыдзєн?!» Сау нєл сєгъ єм уыди, ємє йєм фєстємє дзырдта: «Абон фыййау єз уыдзынєн, бынатгєс та — ды». Ацыди, бонтє йыл рацыди.
Урс хохы фыййау уадындзєй уасыди: «Ує, Мелегор, сєфдзынє, дєлє дєм дє фыды марджытє Дыуує-дыууадєсєй фєцєуынц ємє цы кєндзынє, Ємє уымєн цы хъєуы, уый чи нє зоны». Уый йєм фєстємє уадындзєй ныууасыди: «Ой, мє хєлар ємвыййау, цы бакєнон, уєдє?» Уый та йєм фєстємє бауасыди: «Изєры куы раскъєрай, уєд сау нєл сєгъ нє цєудзєни Ємє йын-иу хъєрєй зєгъ: «Цу, цу, сау нєл сєгъ, Єз ма ам ирон лєджы куы фенин Ємє йын дєу куы аргєвдин». Куы бацєуай, уєд дєм рагєппытє кєндзысты. «Єгас цу-иу сын зєгъ. Куы йє аргєвдай, уєд сє фыдєй хорз фен, Фєлє-иу бас акал, — Фынєйє єнє иу гєрахєй уым баззайдзысты». Уый Хуыцаумє єбуалгъ фєкаст, — Айнєджы дуар ємєхгєд фєци. Уєд єм дєле фєдис ссыдысты. Єддємє сєм дзырдта: «Саусєр цъєх фыс — єххєст фыс. Сау фыс та — єрдєг фыс. Урс фыс та — єппын єнє фыс».* Радзырдтой йє Цопанаты Бобо ємє Цопанаты Арсємєг. Ныффыстой йє Дарчиты Дауыт ємє Плиты Харитои. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, паикє 71, ф. 112 — 113. УОРС ХОНХ ЄМА САУ ХОНХИ ФИЙЙАУТИ ЗАР (Вариант) Дуує битдзеуи байзадєнцє седзєрєй, єма єрдхуард разагътонцє. Лєсдєрєн бацудєнцє, ’ма фєйнє фондз анзи бакустонцє, ’Ма сємє иссєй фєйнє сєдє фуси. Хаттєнцє фиййау уони хєтдзє, Нур ба уорс хонх єма сау хонхмє исунаффє кодтонцє: — Цалдєнги нє фєйнє сєдє фуси минтє исуонцє, Уєди уалдєнги уорс хонх єма сау хонх дзєгъєл нє ниууадздзииан, ’Ма уонєн цалдєнги минти кувдтитє искєнєн, Уєдмє гъєуай кєндзииан. Нєртон єууєнкє равардтонцє сє кєрєдземєн. * Ацы ныхєстє кадєггєнєг афтє ємбарын кєны, ома фос кєрєдзимє лє- бурдтой. 451
Уєд баскъардтонцє уорс хонхмє ’ма сау хонхмє сє фонс. Сау хонхи фиййау єрбуйуат кодта Уазай буни. Уорс хонхи фиййау ба єрбуйуат кодта Фурєскъєтти сєри сау єлдари єлхойниаубєл. Сє хабєрттє сє кєрєдземєн зонун кодтонцє Сє сугъзєринє хєтєлтєй. Сау хонхи фиййау зонєнгин адтєй. Ниймєцагъта уорс хонхи фиййаумє: — Абони майрєнбон, иннє майрєнбони дємє Єрбацєудзєнєй исдєйрєнттє дуує дууадєси, Дє фонс дин фонс кєндзєнєнцє, Дє сєр дин хєсдзєнєнцє. Йе дєр имє фєстємє ниццєгъдуй: — Мадта мин уомєн йести хуасє искєнє. — Уомєн дин хуасє искєндзєнєн:— Дє дзоги астєу уорссєр сау нєл сєгъє, Уасгергий нивонд, Уой син равгєрдє, Єд къах, єд къох син єй бахуєрун кєнє, Є басєй сє игъєстє ма бауадзє, Уєдта, Хуццауи ка фєндєуа, йе уодзєнєй. Майрєнбон єрхъєрттєй, Изєрєй имє єрбацудєй дуує дууадєси Бйасланти исдєйрєнттє, Дзорунцє имє: — Дє фонс берє. — Фонс уин Хуцау раттєд, иуазгутє, Мє зєрдє мин ку барохс кодтайтє, Иуазєги бєрцє ку неци уарзун, — зєгъгє. Расєфестєг кєнуй, Сєхе син буйуатмє бакєнуй, Сє бєхтє — бєхдони, Сє сєргътє — сєргъдони. Уасгергий нивонд уорссєр сау нєлсєгъи Син єрбаласта, дзоруй кєстєртємє: — Йесге мємє фєккєсєд, Изєрхуар бал уин цємєй ракєнон, — ’Ма син єй равгєрдуй, Иссинєй фунхта, Басинєй хуєрун кодта єд къах, єд къох. Баси агє є рацєуєни ниввардта кєлунєрвонг, Фонс ниггур-гур кодтонцє, ’ма рауадєй, ’Ма баси агє є къахєй ракъуєрдта, ’ма ниддєлгоммє ’й. Сє кєстєр ма дзи є кєстєр єнгулдзє ратулдта, ’Ма уой растардта, ’ма ма йе фєййервазтєй, Иннетє 6а цавддортє фестадєнцє. Дзоруй имє: — Хуцау, зєнхє, мах дєуєн неци кєнєг адтан, ’Ма нин цємєн ауєхєн куст бакодтай? — Ка кємєн ци кєнєг адтєй, уой єз къуєре раздєр базудтон.
Уой дєр ма рамардта, єхуєдєгга ма ’й бафснайдта. Уєд дуує фиййауемєн-єнгаремєн сє фєйнє сєдє фуси Фєйнє мини иссєнцє, ’Ма уонєн минти кувдтитє искодтонцє, ’Ма цєргє байзадєнцє. Радзырдта йсе Тобойты Цгщеу Дзєрєхмєты фырт, 5 апрель, 1927 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Толасты Андрегг. ЦИГСИИ-йы архгю, фольклор № 15, папкє 8, ф. 309-310. СТУР ДИГОРИ ФИЙЙАУТИ ЗАР Йеу хєдзарєй йеци бон Уонєй цєуй сєдє цєвєггинтє, Уой сєд-сєдє сєдозугай фєрєтгинтє ’ма тадзингитє. Йетє хєдзарє кодтонцє ’Ма никкарстонцє се’ндзалє Рєстикоми, Сє гъєдєрмєг ба — Зурмикоми, Самадтонцє сє Зурмикоми, Расєуагътонцє Рєвдзикоми. Є буни ин борємєрєдзє уєд рауагъдєй, Уомєн є уєле — фид фицєн, Уомєн є медєгє борє нєлфус євгарст єй, Уомєн є цєгиндзи дортє сугъзєринє єнцє. Уой зєнхє изєлу ’ма хизєй марзт єй, Уой фєрстє єсхъєрцєгєй бид искинд єй, Уомєн є уєлдуар євзест єй ’ма цєнгєтєй цагъд єй, Уомєн є уєлиндзє малхъи гъунєй хуєрз астард єй, Уомєн уєларвєй сє цигонмє рєхис уагъд єй, Уомєн є буни 6а саги сиуєй цирен арт єй; Уой арти фарсмє ба — цєхцєхгєнгє фезонгутє, И хєдзари 6а — гургургєнгє и бийнонтє, Уонєн сє хецау размє цєуагє адтєй, Куцєй гал єма куцєй гъог ласагє адтєй, Куцєй сєрдаст фиййау къопп ласагє адтєй, Уєд йибєл сау хонх сау галау ку нимбухта, Уорс хонх уорс галау ку нимбухта, Уєд єхсинє бор-єхсин къєйтє уєд ку калдта, Сау гъєдє йибєл пъєстугєйттєй уєд ку хаудтєй, Єррадон йибєл зуртє-зуртєй уєд ку цудєй, Уомєн є алли нахєтбос фонсєй дзаг єй; Хуарз мадє ’ма хуарз фидє — лимєн кизгє; Єстаун єй нє гъєуй — хуєрзєстуд єй: Уєлєхсарбєл єй хъєртдзигъа дєр ’ма ку нистудта. Фестє, фестє, нє єфсинє, стур арт ду никкєнє, Фиуи буни ци фиу йес, уой рахєссє, 453
Цигъди буни ци цигъд йес, уой рахєссє, Єстурбєл єй ку бадарай, — дє къохи єгас уєд бадарай. Мєнгєйбєл єй ку бадарай, — Дє къохи єрдєг уєд бадавай. Ныффыста йє Собиты Инал. Йсе радзурсег бєрєг нсеу. Дигорские сказания, по занисям дигорцев И.Т. Собиева, С.К. Гарданова и С. А. Туккаева с иереводом и иримечаниями Всев. Миллера. Труды но воснюковедению, издаваемые Лазаревским институнюм Восточных язы- ков, выиуск XI, Москва, стр. 49 — 50. КАЛАБЕДАЙ ЗАР Картули Калабеда, уєрєйдє-ра! Сауи сєри фєццєунцє дє фусти къуар, Марауадзє, марауадзє, фєттагъддєр кєнє, Кенє ба дин сє берєгъ ииццєгъддзєпєй, Гъей, уєрайдє-ра! Єз мєнгард дєн, Дзодзє, Кєсгє дєр дин сємє ку нє ракєндзєнєн, Цалдєнгє ме ’рдєгфунх инсєй картофи Ме ’стонг губунмє нє рауадзон, уєдмє. Гъей, уєрайдє-ра! Ує, Картули Калабеда, дє зєрдєбєл бадарє, Йеунєг далис си ку фесєфа, Уєддєуєн, Калабеда, ахсєви Мє хєдзари бунат дєр нєбар уодзєнєй! Гъей, уєрайдє-ра! Берє дин єй, Дзодзє, берє дин єй Мє бєрзєйбєл єгъатирєй хєтун. Мєнєн дєр, Дзодзє, дєуєй уєлдай Нє ’нцє, нє, меруєтбєл баст. Гъе, уєрайдє-ра! Радзырдта йсе Хємыцаты Алексей, 1932 аз, Цыкола. Ныффыста йсе Хьазбегты Хьазбег. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 223, нанксе 13, ф. 23.
ДЄДАДЄЙ й, чызгай, рацу-ма, рауай-ма, мє бон! Нє, нє, мє бон, уєд дє деда амєла! Нєннє чызгай, хъєуєй сын ласєн єрцыди, — Цы кєнон, єз та йє куырис фенхъєлдтон! Мє хуры хай, сєрєй, нє афєдз єрцыди, — Цы кєнон, єз та йє къуыри фенхъєлдтон! Ой, чызгай, Бигъуылаты, дам, Саныуадз Зыруджы бєсты Таугазтєм! Ой, чызгай, иууыл дзєгъєл мє ма ныууадз, Єй, чызгай, дє буц ныхєстєм райгас дєн. Цы кєнон, ацы къєбєда кусджытє, О мє бон, уєд цєнды сєрыл хуым кєнынц! О мє бон, ацы єнамонд устытє, Цы кєнон, уєд лєджы сєрыл хыл кєнынц! 455
Ой, чызгай, Саголєй Цъесмє цєудзынєн, Цєудзынєн, єнє бєх ницы скєндзынєн. Цы ма кєнон, сау чызджы єлгъыст мыл цєудзєни, Цєудзєни, — єнє дєу ницы скєндзынєн. «Зарджыты чиныг», сарєзта йє Тотиты Лндрей, Орджоникидзе, 1942, ф. 113-114. ГАДЗИЙ ЗАР — Ує, Гадзи! Цєуєн, цєуєн, мах ба Сурхи бєрзондєй ракєсєн. Сурхи бєрзондмє ку ссєунцє, Уєд уордиги нигъгъєр куєнуй сау лєхъуєн: — Йе, Гадзи, ка ке уарзуй, Уомє цєуй; Ду ке уарзис, йе дин рамєла! Ує, Гадзи, ци рєсугъд дє, ци дессаг дє: Терки бабузау — сергє дзєуагє, Хъуми будури дудахъау ба — }юрс дєлахъур, Зєрбатуги базуртау — дє дуує єрфуги; Балий нємгутау 6а — дє дуує цєсти, Дахран салау 6а — дє дуує били, Чели арсау 6а — нихаггин. Муди гєбєттау — дє дуує дзедзей Мереттаг бємпєгєй 6а — дє бауєр, Дє дєндєгутє ба — пили стєгєй Дє дуує дзиккой — цагъдтєй бєхи думєгау. Уєй, дессаг дє, Гадзи, дессаг дє, Дєуєй дессагдєр ба некєд фєййиндєй. Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан, 11 январъ, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагуров Г.Л., оп. I, д. 13, ф. 133. КИЗГАЙИ ФЄЗЗЄГИ ЗАР — Ой, Гадзи, рауай-ра, мах 6а дєлє и будурмє ниффардєг уєн. Уєд Гадзи дзоруй: — Ой, лєхъуєн, будур хъали будур єй. — Ой, Гадзи, рауай, єдта мах 6а Уазамє исфардєг уєн. — Ой, лєхъуєн, Уаза 6а уазал бєстє ку єй. Уєд ибєл лєхъуєн заруй: — Ой, Гадзи, фестєфтуд робасау орсдєллахъур ку дє, Ой, Гадзи, Терки бабузау сергє дзєуагє ку дє, Кизгайти кизгє, сугъди рєуесау Орс лєбєз ку дє, єрфуггин ку дє, Хуасдзау лєхъуєни цємєн єгадє кєнис. Ныффыста йє Темираты Данел. Йє радзурєг бєрєг иєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №14, папкє 7, ф. 30. 456
ФЄЗЗЄГИ ЗАР — Уо, кизгай, Терки бабузау мин уайагє, серагє ку уайсє, — Уой, лєхъуєн, фєззєг єрцєуй ’ма имє Лєгъузи зєрдє ивайгє кєн}’й, Хуарзи зєрдє ба имє ирайгє кєнуй. Лєхъуєн, болат дє цєвєг ку уайдє, Рєсти рєс ба де ’нсойнє ку уайдє. Хуцауизєри бацєугєй 6а бєсти рєсугъд Де ’нцойнє ку уайдє; Йесге дзєбєх зин йерєн єй, Йе^ссергей ба зин хєссєн єй. — Йей, кизгай, цєуєн Хъуми будурмє. Ами цєрунмє нин хъєбєр зин єй. — Хъуми будури зин цєрєн єй, Фал цєуєн Уазамє. — Гъе, кизгай, Уаза ба уазал бєстє ’й... Дєллаг синхи Цъебойти Маскъє нигъгъєр кодта: — Ка ке уарзуй, уомє ниффардєг єй... Фєззєг-ирай ’ма зєрдирохс... Радзырдта йє Тєкъоты Дзидздзил. Ныффыста йє Толасты Андрей, Чырыстонхъєу, 1927 аз. ЦИГСИИ-хт архив, фолъклор № 15, напкє 8, ф. 267. КИЗГАЙИ СЄРЕБАРИ ЗАР К и з г а й: Ф е д о г: — Уалє уоми федог — Уой, кизгай! Уотє рагъєр кодта: Єз дєу уарзун, — «Аци догє, ка ке уарзуй, Ду ке уарзис, Уомє цєудзєнєй». Е дин рамєла. Радзырдта йє Мамаоты Косе, 1 марш, 1928 аз, Чырыстонхъєу. Ныф- фыста йє Гарданты Михал. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 163—6, панкє 51, ф. 36. КИЗГАЙИ ЗАР Уєй, дє кизгайи хай ку уайдє хорти хор, мєйти мєйрохс. Уєй, гъой, райдє. Уєй, Терки бабузау уорс дєллахъур. Уай, уай, изєрєй єрцєугєй, хєдзарємє бауайгєй, Уай, єрцєугєй, дан, дє кизгайи дзєбєхджинєдтємє, Уа, уай, дє зєрдє рєуєггєнгє ку — цєудзєнєй косунмє. Уай, уай, єрцєугєй ба фєлмєн уат фєллад лєгєн. Чи ’хцєуєн єй. Радзырдта йє Тегаты Слангери, 1898 аз, Хєрес. Ныффыста йє Соби- ты Инал. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №11, ианкє 67, ф. 355. 457
КИЗГАИТИ КИЗГАИИ ЗАР Кизгайти кизгай, берети уарзон! Фєззигон робасау — єдзинєг кєсагє, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Сау хонхи дзєбодурау — фєтєн тєрних, Арєхъи гъєуанзау — астєу нарєг, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Терки бабузау - сергє цєуагє, Уорс хонхи сикъейау — къєлєтєрфуг. Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Уай, кизгай, берети уарзон, Денгизи хъазау — уорс дєллахъур, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Зєрбатуги базуртау — дє дуує били, Тєгєри сагау — бєрзонд кєсагє, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Чели арсау - даргъ нихєггин, Истъалузт хузєн — є дуує цєсти, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Уай, кизгай, берети уарзон, Сау гъєддоп рєуесау — изуст цєуагє, Уай, кизгай, дє рагисон хуарз! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 15 ноябры, 1922 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йсе Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., ои. I, иапкє 13, ф. 16. КИЗГАЙИ ЗАР Кизгайти кизгай, берети уарзон, Дахран билтє! Мосайти лимєн, дє рагисон хуарз! Кизгайи дзєбєх, Уєрєйди, уєрєйдє, рєйда, Зєрбатуг дзикко! Гъе, уєси, некємєн комагє! Кизгайи дзєбєх, Кизгайи дзєбєх, Дє дуує цєсти - бали нємуг! Дє агъди цор гємєх! Кизгайи дзєбєх, Кизгайи дзєбєх, Мереттаг бємпєг, фєлмєн бауєр! Пилистєг дєндаг, Уой, кизгай! Дє рагисон хуарз, кизгай! Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан, 10 май, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йсе Дзагуырты Губади. ЦИГСИИйы архив, ф. Дзагурова Г.А., оп. I, д.13, ф. 164. ГАДЗИЙ ЗАР Кизгай рєсугъд є уосє адтєй. Єрєйфєрсуй; — Цєй бєрцє мє уарзи, — зєгъгє. Кизгай йимє дзоруй: — Фєззигон хуасдзаубєл хор сах ку никкєсуй, Уазал д)^нгє йибєл ку єрбакєнуй, Уазал дунгє хєдонєй бауєри астєу ку рацєуй, Уєд, гъе, уой куд фєууарзуй, Уотє дє уарзун. — Гъей! Єдта дє, кизгай-рєсугъд, єз фулдєр уарзун! Фиййаубєл єврагъ ку єрцєуй; Уой фєсте йибєл гъар хор ку ракєсуй, Уєд гъе уой, цєй бєрцє фєууарзуй, 458
Уой бєрцє дє ку уарзун. Фалє мє ду уой бєрцє нє уарзи, Єма дє Курпмє уєйє кєнун. Райуєйєкєнуй Курпмє. Уалинмє Уазамє є зєрди цєун єрєфтуйуй, Хєтєг лєг адтєй. Истєвдє з’й Уазай хєрдти, Баолєфуй є уаргъи хєтдзє; Зелєндунгє йибєл єрбагъазуй. Є гъєлєси дзагъ ахєй ку никкєуй: — Нє, мєнє мин ци єхцєуєн адтєй! Цидєр єй, кизгай мє берє уарзта! Єрфєсмон кєнуй кизгайи рауєйєбєл. Є лєкъєфбєл бафунєй уй. Є фуиєй фегъосуй кизгай-рєсугъди Єхсирфи зєлланг Курпи 63’дурєй. Єрбайгъал уй — Жллєх, зєгъгє, фєккодта, Йе кизгай-рєсугъди єхсирфи зєлланг ку адтєй! Зарєн хєтєл єрбайесз^й. Ниййимєцєгъдз^й. Кизгай-рєсугъд є хз^мє кєрдун фєууадзуй. Хєтєлгъєрмє нийгъосуй... Сєдсзтон сагбєл фембєлуй Гадзи. Нє ’й фехсуй: — А ба, зєгъгє, кизгайи хзгзєн Уорс лєбєзтє кз’ єй! Терки билємє нихъхъєртз^й; Бабз^зти къзАар ниййафуй, Нє сє фехсуй: — Лтє ба кизгайи хузєн Уорсдєлахъур ку єицє! Гъейт, кизгай-рєсугъди хєтдзє Чели сєрмє — цъете хуєрунмє Ци хз^арз єй фєззигон бони! Ниййимєцєгъдз^й: « Фєддємєцєуи! Єгайтима мин єгас дє!» Ниййимєцєуй ; Йетє ’й цємєй фєффєсмєрунцє, Кизгайи-рєсугъдєн є лєг адтєй, уой? Исфєндє кєнунцє: Кизгай-рєсугъди хєтдзє бафєндє кєнунцє. Ниуєзтє, хуєрдє хєссун син байдайуй кизгай-рєсугъд. И ’лдєртти уоми фєррас^т кєнуй. Сєхуєдтє рацєунцє, Ледзун байдайунцє, 45<
Дзулати єрцєрунцє. Цєй, а дєр хъали будур єй, Єма нє цєрун нє ниууадздзєнєнцє. Уордигєй дєр рацєунцє. Чегеммє исцєунцє. Кєсєг ибєл зелун байдайунцє. Йеу бон цауєни фєууй. Кизгай-рєсугъди єрахєссунцє... Єрхъєртуй Гадзи. Кизгай-рєсугъди нєбал єриййафуй. Сорун сє байдайуй. Басмєти сє баййафуй. Кизгайи фєстємє байсуй. Цєй, ами дєр нє нє ниууадздзєнєнцє! Хонхи федармє рафтаунцє. Уоми федари цєрун байдайуй... Кєсгон силє хингєнєг адтєй. Фудцъулусєй сємє исцєуй. Кєсгом єлдари єфсад є фєсте зилдєнцє. Є йегєртти гъости йин мудадзє къєбєлтє Бацєвуй кєсгон уосє, Єфсадмє уотемєй фєххабар кєнуй. Гадзи ниддессєгтє кєнуй, Цауєни фєууй. — Мє йегєрттє куд нє зиннунцє! Єрхъєртуй. Є йегєртти гъостє рауинуй. Сє гъостєй син къєбєлтє фелвасуй, Фєййагайуй. Єфсади єрєййафуй. Тохун байдайуй, Гадзи фєццєф уй. Рамєлуй Гадзи. Кизгай-рєсугъд загъта: — Є хєтдзє берє фєццардтєн Єма ма мє є мардбєл Мє къох євєрун бауагътє! — Байвєрє, — зєгъгє, — йин загътионцє. Є болат кєрдєн є дусєй фелвасуй Єма Гадзий реубєл єхе рамаруй. Кєсгон єлдарєн уони йеу рауєн байвєрун Є цєстє нє бауарзуй. Мєскъєн сє є фєйнє билебєл байвєруй. ^уує циртемєй фєйнє бєласи исєвзєруй. Йетє кєрєдзебєл истухсунцє. Радзырдтой йє Тєкъоты Дзандары фырттє, 1937 аз, Чырыстонхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор 111, папкє 89, ф. 162—165. 460
КИЗГАЙИ ЗАР (Вариант) Кизгай лєхъуєни бауарзта, Уєдта ’й лєхъуєн єрхудта, ’ма ’й бафарста, — Цєй бєрцє мє уарзи? — зєгъгє. — Уой бєрцє дє уарзун, ’Ма уалдзєг єртєхбєл уєлитє ку ракафунцє, Уєд фиййауєн куд єхцєуєн єй йе, Гъе, дє фєййиндє мин уотє єхцєуєн єй. Лєхъуєн зєгъуй: — Йе хъєбєр уарзондзинадє нєй. Кизгай бабєй йин загъта: — Мадта фєскъєвда фиййаубєл хор ку єрбакєсуй, Уєд йе уомєн куд єхцєуєн єй, Гъе, дє фєййиндє мин уотє єхцєуєн єй. — Ие дєр неци ’й. Уомє дєр дин не ’гъосун. — Мадта фєззигон лєгбєл ахъуз ку ’сцєуа, ’Ма ин є хєдони къабєзтє ку ’схъел кєна, ’Ма ин є баз^єр ку басатєг кєна, Уєд йе уомєн куд єхцєуєн уа, Гъе, дє фєййиндє мин }готє єхцєуєн єй. — Уомєй фулдєр мє кєд нє уарзи, Уєд йе дєр неци ’й, — Фєтътъєлланг ласта лєхъуєн, ’Ма ’й ратардта. Кизгай Хъуми будурмє никъкъуєрдта Лєхъуєнбєл фєззєги ахъуз исцудєй ’Ма є зєрди єрбафтудєй, Кизгай, є }’арзон: — Рауай-ра, кизгай, Ци хъєбєр берє мє уарзтай, Де ’хсирфи дзєнгъєл-мунгъул мє гъоси ку цєуй. Радзырдта йє Гецаты Бадели. Ныффыста йє Толасты Андрей, 1 июлъ, 1927 аз, Мєхческ. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, иапкє 8, ф. 40—41. КУЛЛИ ЗАР Куллє-рєсугъд уєхєн адтєй, Адєми астєу кадгин адтєй, Є дзухи дзурд адємєн адгин адтєй Адєми астєу зєрдємєдзєуагє Куллє адтєй, 461
Є дуує дзиккой чиллей хузєн, Є дуує єрфуги зєлдаги хузєн, Є дуує роси фєткъути хузєн, Є дуує дзедзе бємпєги хузєн. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырмаиы фырт, 21 маршъи, 1926 аз, Дзєуожыхъєу. Ныффыста йсе Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г. А., он. I, д.13, ф. 87. КЪУЫЛЛЄДАХЕ Авд єфсымєры хо нє мой кодта. Мой та ахєм мой агуырдта: Райсомєй изєрмє чи куса, бонмє та — барєг. Уєд єлдары фырт загъта: — Уєдє єз фєцєуон. Єрєфы доны єрбацєуєн нє уыди, Иннєрдыгєй та фидар уыд, — Чызг йє авд єфсымєримє царди уыцы фидары. «Хуыцауты Хуыцау, чъылдымырдыгєй мєм Усгур куыд сємбєла. Доны комкоммє чи єрбацєуа, ахєм барєг». Чызг цыллє єлвыста, уый йєм касти. Барєг комкоммє сарєзта йє ных, Ивєн нє бацагуырдта. Чызг йєхинымєры загъта: «Цєй бирє дє бауарзтон, уартє барєг!» Авд єфсымєрєн сє бєхтє кєвдєсыл Єфсєйнаг авд рєхысєй баст уыдысты Ємє хор хордтой, — Лєппз’тє уыцы рєстєджы сихорыл бадтысты. Къуыллєдахе барєгєн загъта: — Дєхи ма базоныи кєн, єндєра єгасєй нал ацєудзынє. Лєппу уєд чызгмє дзырдта: — Уый-ма уадз, фєлє дєхи тагъддєр раппар. Раппєрста чызг йєхи уырдыгєй, Ємє йє барєг зєхмє не ’руагъта. Фєстємє та уыцы доны аскъєрдта чызгимє. Фєндагыл ын лєппу дзуры: — Гъеныр, Къуыллєдахе, єз дын дє зарджытє хъуыстон Ємє дєм уымєн бацыдтєн. Фєлє мєнєн хєдзар куынє ис, уєд цємєн рацыдтє? Уый йын афтє: — Кєд дын нєй, уєд ам быдыры цєрдзыстєм. — Акодта йє, ємє єлдары хєдзармє ссыдысты. Радзырдша йє Цоианаты Арсємєг. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. 1938 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №21, напкє 71, ф. 38.
АВД ЄФСЫМЄРЫ ХО КЪУЫЛЛЄДА (Вариант) Авд єфсымєры иунєг хо Къуыллєдайы рєсугъд Мой нє кодта, Бадтис Дзылаты мєсыджы. Адємєн фехъусын кодтой: — Абон майрємбон, иннє майрємбон Адємы хєрзєджытє куыд єрємбырд уой: Мєнє нын Къуыллєда мой кєны. Єрємбырд сты адємы хєрзєджытє. Къуыллєдайы рєсугъд Авд уєладзыджы сєрмє тымбыл мєсыгєн Єхсєрдєсамонєн фєндырєй єрцєгъды: — Єз ахєм мой кєндзынєн: Уєртє мын авд хохы єдде Кєсєджы рєгъєуттєй,— Сє иуазыккєттєй — Ємбисєхсєвєй боныцъєхмє Чи єрбатєра, уый мє мойаг. Сау денджызы астєу мын Цєхгєрмє нєл хъазы ленк чи акєна, Уый уыдзєн мє мойаг. Сау денджызы астєу — Сау каконджыны сау рувас; Уымєн йє дєллагхъуыры ис Иу урс єрду — сыгъдєг налхъуыт-налмас. Гъе, уый мын удєгасєй чи єрбахєсса, — Уый мє мойаг. Цавєрдєр лєг єй фехъуыста Ємє єрбацыди йє саулохыл Комыдымєджы Къуыллєда рєсугъдмє. Ємє йєм Къуыллєда-рєсугъд Авд уєладзыджы сєрєй Арвы айдєнєй акєсы. Стєй йєм єрбахєццє Ємє уєладзыджы сєрмє бєхы гєпп кєнын кодта, Ємє нє фєрєзта, — уєд фєстємє аздєхти Зєронд цуанон йє дыуує куыдзимє. Радзырдта йє Мырзаганты Тымыгъ. Ныффыспюй нє Плшны Харнпюн семє Дарчнты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архнв, фольклор № 21, панкє 71, ф. 39. 463
ДЗЫЛАТЫ ДЗАНДЗЄБЄХЫ ЗАРЄГ Дзылаты Дзандзєбєх, Дзылаты рєсугъд, Адємты дзєбєхтыл гъоу, гъо, Фаутє куы февєры, гъо, Фаутє февєрдта, гъо, Иу стыр хъазты, иу стыр хъазты Дзылаты рєсугъд, гъоу, гъо, Иу стыр хъазты Дзылаты рєсугъдмє, Дзлаты рєсугъдмє, гъо, гъо, Хъамылы цуанон, гъо, гъо, Хъамылы цуанон, гъо, Лыстєггай куы кєсы, гъо. Афтє йын куы зєгъы, гъо, гъо, Дзєбєх чызг бєргє дє, дзєбєх чызг бєргє дє, Гъей, мє боныл, Дзєбєх чызг, загъта, бєргє дє, фєлє Дє сєр къул дарыс гъоу, гъо. Уый, ємє, дам, Дзєбєх чызг, загъта, хъєлєкк, дє, фєлє, гъоу, Дє иу къахєй, дам, Цудгє куы кєныс, цудгє куы кєныс, гъоу! Далє загъта, Сє хєдзармє, мєгуыр, хъазтєй уєдє, гъоу, гъо, Сєргуыбыр ємє Йє уєнтє хъилєй сєхимє куы ’рцєуы, гъоу. Сєргуыбыр ємє Йє уєнтє хъилєй сєхимє куы ’рцєуы, гъоу. Оу, ємє, дам, йє сау туг фєкала Хъамылы цуанон, — Йє мадмє куы дзуры, — Йє сау туг фєкала Хъамылы цуанон. Фаутє мыл сєвєрдта, фаутє куы, зєгъы, Дє сєр, дам, къул дарыс, гъоу, гъо, Гъе, ємє, дам, дє иу къахєй та Цудгє куы кєныс, гъоу, гъо. Дзабыртє раласынц, куы дзы разындис Иу дзабыры, гъоу, Куы дзы разындис Уєд еууы нємыг, уєд еууы нємыг, гъоу, гъо. Сєрыхилтє, дам, зєгъы Дыууєрдєм, загъта, дихфаст Куы уыдысты, гъо, гъо, 464
Гъей, ємє сє, нымайын райдайы, Иуырдыгєй дзы куы разындис Иу хил фылдєр. Гъей, ємє, дє сау туг фєкалай, Хъамылы цуанон, гъо, гъо, Гъе уыцы лыстєг куыд мєм єркасти, Куыд мє равзєрста, гъо, гъо. Радзырдта йє Томайты Мысырби, 70-аздзыд. Ныффыстой йє Дзуцца- ты Ритє ємє Бызыккаты Тамарє. 1974 аз, 28 июнь. Цєгатп Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. ХОРИСКЄСЄНИ БОНВЄРНЄ ФЕВАДЄЙ Хорискєсєни Бонвєрнє февадєй, Далє Муртазати бєрзоиди февзурстєй, Є сугъзєринє хєтєлєй ниццєгъдуй, Є сугъзєринє хєтєли гъєртємє Хъєзлар рєбунтєй, Туачи рєбунтєй Низмєлунцє цомєхътє, дудєхътє. Сау хонхи сау рєсугъд радзоруй: — Єз уєхєн лєгмє цєудзєнєн, Сирддон фонсєй авд єсдойни авд идзаги ка бакєна. Тєгєр єрдємє єхе рахатуй, Є хєтєли гъєртємє Тєгєл сєртє ’ма къєлєт сєртє ємбурдтє кодтонцє. Уєд уорс хонхєй ниццєгъдуй сау хонхи хуєнхтємє, Уой дессаг хєтєли гъєртємє сау хонхи сирдтє Сау хонхи зуртєбєл хецєн лєгъзєртє кодтонцє. Уєд йимє є дессаг хєтєли гъєртємє Сау айнєги сау рєсугъд Є сау изєлу єритауй, уотемєй ракєсуй ’ма йимє дзоруй: — Тєходуйтє, ци дзєбєх битдзеу дє, ци дзєбєх цєгъдис, Ду мє лєгєн ку уайсє. Авд єсдойни авд идзаги єнцє. — Мєнє де ’руєд исєнхєст єй. Йе^дєр йимє дзоруй: — Йетє дєр нєбал гъєунцє, Дє хєтєли гъєртє дєр берє ’нцє. Сау хонхи сау рєсугъди хєтдзє каййес разагътонцє. Радзырдта йє Хъиргъуты Геуєрги. Ныффыста йє Толасты Андрей, 25 август, 1927 аз, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 9. 30 Ирон адємон сфєлдыетад, 2-аг том 465
ГУАССЄ-РЄСУГЪДИ ЗАР 3 а р г у т є Ой, Гуассє, рєсугъд Гуассє, Тасолтанти єхсин-єфсийнє! Г у а с с є Тасолтантєй мє ма хонетє, ма, — Етє сє кизгутти уєйє кєнунцє! 3 а р г у т є Ой, Гуассє, рєсугъд Гуассє, Ци кадє, ци ном дин мах иссерєн? Г у а с с є Цитгии фєууотє, о мє хортє, Мє ном мє хєтдзє мєнєн райгурдєй. 3 а р г у т є Дє сау єрфгутє, дадалитє, Сунти базуртау, єрттевунцє. Г у а с с є Сунт, халон мє ма хонетє, ма, Уой, кєми хуали, уордємє тєхуй. 3 а р г у т є Дє дзиккоти бид, рєсугъд Гуассє, Саулохи барцєй хуєздєр федауй. Г у а с с є Саулох бєхбєл дєр мє ма баретє, — Єнккєтей бунєй е ку фелвєсуй. 3 а р г у т є Дє дуує цєсти, рєсугъд Гуассє, Налхъут-налмазтау ку гъазунцє!.. Г у а с с є Гъе, уотє дєр мин сє ма хонетє, — Онєбєл адємтє исєфунцє. 3 а р г у т є Дє фєрдуг билтє, сурх уадєлттє Сурхфазє фєткъуйау єрттевунцє Г у а с с є Фєткъухуз дєр мє ма хонетє, Битдзеутє уомє хъєбєр бєллунцє! 3 а р г у т є Орсдєллахъур, хъазє-хъургин, рєсугъд Гуассє, Денгизи уорс хъазєй уорсдєр ку дє!
Г у а с с є Денгизи хъаз дєр мє ма хонетє, Е дєр денгизти єгєр фєббадуй! 3 а р г у т є Де схудт, де сдзурд, рєсугъд Гуассє, Борємєлгъи ’взаг євдесунцє! Г у а с с є Мєлгъон євзаг мєн ма хонетє, Маргъ єнє бєстє, єнє хєдзарє єй! 3 а р г у т є Уєддєр дє мадта, ци хонєн, Гуассє, Дидили бабузау ду ку дє, ду. Г у а с с є Дидили бабуз мє ма хонетє, ма, Е дєр є думєг єгєр фєттелуй ! 3 а р г у т є Ой, Гуассє, паддзах-Гуассє, Уєрєсей мадє єхсин-єфсийнє! Тасолтанти Шурун єфсийнє! Г у а с с є Уотє дєр мє ма хонетє, ма, — Паддзах адємти фидхуар хуннуй. 3 а р г у т є Нє кадгин, радгин, рєсугъд Гуассє, О, мєгур лєги дарєг єфсийнє! Г у а с с є Гъе, уотє ба мє хонетє, гъе, — Хєзнати хєзна єй лєги дзєбєх! 3 а р г у т є ’Ма дин дессаг, устур дессаг, Ду косєг лєгмє ци цард агорис? Г у а с с є Хєдзарє, бєстє косєг зєгъуй. Оси цард рєсугъд кустєй цєуй. Радзырдта йсе Гарданты Бєрег Хъайтыхъы фырт, 15 февралъ, 1920 Ныффыста йє Гарданты Михал. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 164—1, панкє84—88.
ДЗГОЙТЫ ПЄСЄ Уєд та, Пєсє, мой нын ныккєнай, Афон дын куы ’рцыди гъей, гъей, Уырысты Бодзийє, Уырысты Бодзийє. — Ыєгъ, нєгъ, нана, уый мє нє хъєуы, — Цєрынєй хєрынмє кєсагахсєг у. — Уєддєр дын, Пєсє, мой кєнын хъєуы! Гъей, рирє, мой-ма нын ныккє! Баййаты Гаппо, уый дєр дє мойаг! — Нєгъ, нєгъ, нана, уый дєр мє нє хъєуы. Уый дєр, дам, зєгъы, горєты сєр у. — Уєддєр дын, Пєсє, мой кєнын хъєуы! Уєлє Арыхъхъы Хуыбецы-фырт хорз Хаджумар! — Нє, нє, нана, уый дєр мє нє хъєуы. Цєрынєй хєрынмє гєртамхор куы у, Адємы туг дойныйєн нуазы. — Цєй-ма, Пєсє, цєуылнє мой кєныс? Хуыцъистаты хорз Хадзымырзє — гъєуый дє мойаг. — Нє, нє, нана, уый мє нє хъєуы, — Цєрынєй хєрынмє гєртамхор уыди. — Цєй-ма, Пєсє, кєд нын мой кєныс? Цорєты хорз Темболат — гъєуый дє мойаг. — Нєй, нєй, нана, нє дзы мой кєнын, — Цєрынєй хєрынмє гєдывад лєг у. — Цєй-ма, Пєсє, смой нын кєн. Къарджиаты хорз Бечмырзє —гъєуый дє мойаг. — Нє, нє, нана, куы нє мє хъєуы, — Цєрынєй хєрынмє сылваз лєг у. Єртєхдзєуєн фыййау, гъєуый мє мойаг. Радзырдта йє Гусаты Хатъо. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкє 71, ф. 60. ЧЫЗГ ЄМЄ ЛЄППУЙЫ ЗАРЄГ — Нал фєразын фараст азы саузєрдєйє уарзынєй. Ныр цы кєнон, ныр куыд цєрон, Баком-ма мын, цєй, рєсугъд! Царды уидаг айстай демє, Хус єлгъєдєй бадын єз. Никуы дє ныууадздзынєн, Цалынмє мєлєтмє єрцєуон, уєдмє. 468
— Ком дын єз нє ратдзынєн. Рєуы зєрватыкк єз фестдзынєн, Денджыз-доны ныххаудзынєн, Уєд та ма мын цы кєндзынє? — Сау халон дын єз фестдзынєн, Сурмє дє сласдзынєн. — Тар хъєдмє фєцєудзынєн. Фадхъєд тала єз фестдзынєн. — Тар хъєдмє єз фєцєудзынєн, Хорз фєрєт райсдзынєн, Зєххы ємлєгъз дє скєндзынєн, Хорз сємєн дє сараздзынєн, Гуыффємє дє сбєтдзынєн, Цєлхытє дыл тулдзынєн, Афтємєй дєм дзурдзынєн. — Цъиусур та єз фестдзынєн, Хохы сєрмє стєхдзынєн, Уырдыгєй дєм єркєсдзынєн. — Лєгдзєвхад скєндзынєн, Хохы сєрмє слєсдзынєн, Рагон цъиуы цєст нє ивгъуыйгє, Хорз цуанонау дє єз фехсдзынєн. — Мєлєг рынчын єз фестдзынєн, Удисгє ныллєудзынєн. — Дохтыры дзаума єз скєндзынєн, Зилєг дєм ныллєудзынєн. Фаг дзєбєх дєм фєкєсдзынєн. — Судзгє єхсидав єз фестдзынєн, Арты астєу ныххаудзынєн. — Сау євзалы єз фестдзынєн, Дєлтъурыл дє фєкєндзынєн. — Хоры мыггаг єз фестдзынєн, Конд хуымты мєхи байтаудзынєн. — Цъиуджын карк дын єз фестдзынєн, Нємыггай дє єруидздзынєн. Мє алыфєрстєм лєбурдзынєн. — Уастырджийы фат єз райсдзынєн, Уыцы євзаг дын ныххафдзынєн. — Теман судзин єз фестдзынєн, Мад мє тары нытътъысдзєни, Кєлмєрзєн ыл єнгом ныббєтдзєни. — Цыллє єндах єз фестдзынєн, Къєхты бынмє єрхаудзынєн, Мєн та нана куы сисдзєни, Судзины мє куы сласдзєни. — Хєйрєг дє фєхєсса, Мє амонд дє, євєццєгєн, Фєлє-ма мын равдис дє лєджыхъєд. 469
— Єз-иу быдыр ыскъахдзынєн. Хєрз куыстєй дзы нартхор таудзынєн. — Ємє дыл ахєм их куы ’рцєуа — Тусмучъийы йас йє нємыг? — Зєнг зєнджы стєвдєн куы ныззайа, Ихєн уєд цы йє бои у? Радзырдта йє Албегты Аиастаси Сариданы чызг. 25аздзыд. Ныффы- ста йє Реуазты Е. 1932 аз, 13 июлъ, Хълиат. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкє 15, ф. 302 — 304. УАРЗОНЫ ЗАРЄГ (Фєндыры цагъд, скъуыддзаг). — Уєртє дзєбєх чызг, равдис-ма мын дє дыуує дзыккуйы. — Цємєн дын равдисон мє дыуує дзыккуйы?— Сау бєхы дымєг никуы федтай? — Уєд та мын равдис дє дыуує хъусы! — Цємєн дын ’вдисон мє дыуує хъусы? — Єргъайы хъустє ды никуы федтай? — Уєдє мын равдис дє дыуує єрфыджы? — Цємєн дын равдисон мє дыуує єрфыджы? — Хуссайраг кєлмытє ды никуы федтай? — Уєдє мын равдис дє дыуує уадулы! — Цємєн дын равдисон мє дыуує уадулы, — Сырхфарс фєткъуытє ды никуы фсдтай? — Уєд та мєм равдис дє дыуує былы! — Цємєн дын равдисон мє дыуує былы? — Къафетты гєххєтт ды никуы федтай? — Равдис-ма мын дє дєллагхъуыртє! — Цємєн дын равдисон мє дєллагхъуыртє? — Зєнкъорды гєипєл ды никуы федтай?.. Радзырдта йє Тогты Тасийа, 50-аздзыд, Ныффыста йє Джыккайты Евгения, 1923 аз, 13 июнъ, Хълиат. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 23, нанкє 15, ф. 823—824. САГЪЄС Єхсєрыл сыфтєр нал хєцы, — Уый, дам, уазалы тыххєй у. Єхсєв мыл хуыссєг иал хєцы, - Уый та уарзоны тыххєй у. Урс допы былыл — сау фєрдыг, Бирє дзы уымєн бануєзтон. Урсцъар мын уыдтє, сауєрфыг, Бирє дє уымєн бауарзтон. Кєд мын Гудисы хъєддзау дє, — Хъєлєрдзытє дєм уыдзєни. Кєд мын мє хуры хъєуккаг дє, Бєрєг дзырдтє дєм уыдзєни. Калакаг, гураг, сомихаг, — Йє сєнтє йемє ласинаг. Бирє дє бауарзтон, сауєрфыг, Мє сєр дєр демє сафинаг.
Калачы дзылар балхєдтон, Гуры мын идон разынди. Мєхицєн уарзон равзєрстон, Уый та мын хион разынди. Уєлє мын арвыл тєрєзтє, Єз сыл мєхи бардзынєн. Мє дзєбєх уарзон фєсєйгє, — Єз ыл мєхи мардзынєн. Мит куы ныууарыд уєрагмє, Уєраджы ємбис, уєрагмє. Рацу-ма, буц чызг, мє размє, Мє размє, ємбисфєндагмє. Мєхємєт Поты цєрєг у, Фєрєт дєр уымєн нє кєны. Де ’взєр лєг бонджын хєрєг у, Мє мєт дєр уымєн нє кєны. Ацы Дзомагъы кусджытє!— Цєнды сєрыл мын хуым кєнынц. Алцызонаг мын устытє, Лєгты сєрыл мын хыл кєнынц. Дон-дон бирє фєцыдтєн, — Донєй рєсуг не ссардтон! Усгур бирє фєзылдтєн, — Усєй рєсугъд не ссардтон. Далє Уырысы хъєрмєдон Серы суары хуызєн у. Мєнєн мє уарзон дзєбєх у, Джеры дзуары хуызєн у. «Хуссар Ирыстоны фольклор», 1936, ф. 340—341. ЗАРЄГ (Скъуыддзєгтє) Хєдзар, хєдзар фєкодтон, Къєсєр кєнын нє зыдтон, Дє цєра, де стєн фєкодтон, Дє зєрдє дын нє зыдтон. Никуы ницы банызтон Хуымєллєг доны йеддємє, Никуы дє ферох кєндзынєн Мє мєлєты боны йеддємє. Уєлє мын хид фєтасыди, Євєццєгєн ыл гал єрцыд. Дысон мє уарзон нє разынди, Євєццєгєн ыл мард єрцыд. Рацъоны армы гєны къух, Йє рацъон уымєй зондзынєн. Дє рахиз цєст мєм фєныкъул, Дє уарзон уымєй зондзынєн. Дари быдєи кєй уафынц, Уый мє ронєн куы уаид, Адєм се ’пнєт кєй уарзынц, Уый мє мойєн куы уаид. Єнгом єгънєг чи дары, Уый та ронєй цы кєны?! Адєм єппєт кєй уарзынц, Уый та мойє цы кєны?!. Радзырдта йє Албегты Анастаси Сариданы чызг. Пыффыста йє Реуаз- ты Е. 1932 аз, 13 июль, Хълиат. ЦИГСИРРйы архив, фольклор № 23—2, напкє 15, ф. 33. ДОН-ДОН БИРЄ ФЄЦЫДТЄН Дон-дон бирє фєцыдтєн, Донєй рєсугъд не ссардтон. Усгур бирє фєзылдтєн, — Усєй рєсугъд не ссардтон. Калакы дзылар балхєдтон, Гуры мын идон разындис. Адджынєн уарзон бакодтон, - Уый дєр мын хион разындис. 471
Цы доны цєугє фєуагътон, Уый мын фєйлауын куы хъуыдис. Цы чызджы кєугє фєуагътон, Уый мын рєвдауын куы хъуыдис. Чысанмє иу цыд кєндзыстєм, Кутаисмє та — гєххєтмє. Чызгаймє иу цыд кєндзыстєм Худаистєй ’мє лєгъстємє. Къуыдайраг сауджын, къуыдайраг, Уый, дам, йє мардыл саргъуыдта. Бындары сау чызг, бындары, Уый мє йє мадыл сардыдта. Радзырдта ггсе Гобозты Алыкси, 70-аздзыд, Ныффыста йє Шавлохты Розсе, 1971 аз, 22 сенгнябръ, Хуссар Ирыстон, Куатетрийы хъсеу. Цсегат Ирыстоны наддзахадон университет, уырыссаг лигнературсейы кафедрсейы архггв, №15. КИЗГИ САГЪЄСТЄ Хєдзар, хєдзар фєккєнон, Къєсєр кєиун нє зудтон, Фулдєр, фулдєр ке уарзтон, Уой зєрдє дєр нє зудтон. Нур ба ин єй базудтон, Ме рух имє рахаттон. Уарзон, уарзон фєккодтон, ’Нєуарзонмє фєцєууон Лєхъун-лєгмє фєббєллон, Зєронд лєгмє фєццєуон Мєхе зєрдє — тєразєбєл, Мє уарзоии зєрдє — къєразєбєл. Радзырдта йсе Перисагиы Самгглхан, Ныффыста йсе Хъседохты Вален- тинє, 1967 аз, 20 декабръ. Салєгаты Зоягш ємбырдгондєгг. ЧЫЗГАЙЫ ЗАРЄГ Фыййау йє фыс басуры. Сау фыс ын йє худ фєхєссы. Лєппу, дам, афтє бадзуры: — Хъал чызг мын мє уд фєхєссы. Кєд дє басылыхъхъ уєййаг у, Уєд Поты фєзмє єрбацу. Кєд дын, чызг, быдыры єнтєф у, Уєд хохы уазалмє єрбацу. Рацъонмє мын уыд гєны къух, Рацъон лєг уымєй цєрєг у. Дє рахиз цєст мєм фєныкъул — Дє уарзон уымєй бєрєг у. Цы ’взєр дє, Бєбу, цы ’взєр дє! Дє карсты кєрдєг ныххус и. Цы фєдє, лєппу, цы фєдє, — Мє цєст дєм бынтон ныуурс и. Чысаны ’фцєгыл цєудзынєн Кутаисмє гєххєттимє. Чызгайы размє цєудзынєн Худаистєй лєгъстєтимє. Хъєд дє, цырагъ дє — куы зонин, Уєд дєм дє размє фєцєуин. Кєм дє, цы ран дє — куы зонин, Уєд дєм дє размє фєцєуин. Къєвда, кєд уарыс, уєд райдай, Науєд нє хауы єртах дєр. Чызгай, кєд мє уарзыс, уєд рауай, Рауай мєм, чызгай, уєд тагъддєр. Донагур бирє фєцыдтєн, — Дойнагдур дєр не ссардтон. Мойагур бирє фєзылдтєн, Мойаг мєхицєн не ссардтон. Абон — сабат, сом — хуыцаубон, Уый нын уыдзєни бєрєгбон. Тєхуды ємє, мє уарзон, Дєуєй бєлвырдєй бєрєг зон! Хосдзауты астєу сє лалым, Сє лалым ємє сє дурын. Єз, дам, чызгайєн цы уарзын, Йє хъазын ємє йє худын. 472
Къуыдары сауджын — Къуыдары, Балцы дын цєугє кєндзынєн, Мє бєх мын хъазын нал уадзы... Уєддєр дєм мє цєст дардзынєн. Бындары сау чызг, бындары, Мє сєгътє рагъыл куы фенин, — Йєхи мын уарзын нал уадзы, Мє фысты мєт дєр нал кєнин.. Сахсаты цєргє кєндзынєн, Мє цєстєй ма дє куы фенин, — Уєтєры мє фос дардзынєн. Мє куысты мєт дєр нал кєнин! «Ирон адємон сфєлдыстад». Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 229—230. ЧЫЗГАИЫ ЗАРЄГ (Вариант) Уєууай, мє бон, сау фыс мын мє худ фєхєссы. Уєууай, мє бон, лєппу, дам, фысы басуры. Уєууай, мє бон, чызгай мын мє уд фєхєссы, Уєууай, ємє, дам, лєппу афтє бадзуры. Уєууай, мє бон, Хъєриумє рацу, Хъєриумє, Уєууай, мє бон, Хъєриу Хъобанєй хуыздєр у. Уєууай, мє бон, мє риумє рацу, мє риумє, Уєууай, мє бон, мє риу гобанєй хуыздєр у. Уєууай, чызгай, кєд дє басылыхъхъ уєййаг у, Уєууай, мє бон, уєд Поты фєзмє єрбацу. Уєууай, чызгай, кєд дын быдыры єнтєф у, Уєууай, мє хур, уєд хохы уазалмє єрбацу. Уєууай, мє бон, рацъойнаг лєгмє — гєны къух, Уєууай, уєдє, йє рацъон уымєй бєрєг у. Уєууай, мє бон, уарзонмє дє цєст фєныкъул, Уєууай, мє бон, йє уарзон уымєй бєрєг у. Уєууай, мє бон, цы ’взєр дє, Бєбу, цы ’взєр дє, Уєууай, ємє дє карсты кєрдєг ныххус и. Єллєх, мє бои, цы фєдє, лєппу, цы фєдє? Уєууай, уєдє, мє цєст дєм бынтон ныуурс и. Уєууай, мє бон, Чысаны ’фцєгыл цєудзынєн, Уєууай, ємє Кутаисмє гєххєтмє. Уєууай, ємє чызгайы размє цєудзынєн, Уєууай, уєдє, худаистєй лєгъстємє. Уєууай, мє бон, уєлє мыи арвыл тєрєзтє, Уо, уо, мє бон, уыдоныл мєхи бардзынєн. Уєууай, мє бон, мє дзєбєх уарзон фєсєйгє, Уо, уо, уєууєй, єз ыл мєхи куы мардзынєн. 473
Уєууай, мє бон, хъєд дє, цырагъ дє — куы зонин, Уєууай, ємє уєд дєм цырагъмє фєцєуин. Уєууай, мє бон, кєм дє, цы ран дє куы зопин, Уєууай, уєд дєм дє размє фєцєуин. Уєууай, къєвда, кєд ма уарыс, уєд рауарис, Ує, уой, уєдє, афтє ємє — єртахгай. Уєххай, мє хур, кєд мє уарзыс, уєд рауаис, Ує, уой, мє размє чызгай ’мє — тагъддєр. Уєууай, уєдє, хосдзєутты астєу сє лалым, Єцєг ємє сє лалым ємє сє дурын. Уєууай мє бон, єз, дам, чызгайєн цы уарзын, Єгъгъай, мє бон, йє хъазын ємє йє худын. Уєууай, ємє Къуыдары сауджын, Къуыдары, Уєууай, мє бон йє бєх мын хъазын иал уадзы. Єххай, мє бон, бындары сау чызг, бындары, Єцєг ємє йєхи мын уарзын нал уадзы. Жллєу уєдє, Сахсаты цєргє кєндзынєн, Єххай, мє бон, уєтєры мє фос дардзынєн. Жллє} чызгай, балцы дын цєугє кєндзынєн, Єххай, мє хур, уєддєр дєм мє цєст дардзынєн. Уєууай, ємє мє сєгътє рагъмє куы фенин, Уєууай, ємє мє фысты мєт дєр не ’ркєнин. Уєууай, чызгай, мє цєстєй ма дє куы фенин, Єцєг ємє мє куысты мєт дєр не ’ркєнин. Радзырдта йє Хьесаты Гадзыбе. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты. Дауыт, 1936 аз, август, Захъа. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 24, панкє 71, ф. 34—37. ТЫМБЫЛ ЦАГЬД Дєлє мын быдыры хъєдуры гага! Сє кєйдєр лєппу, дам, мє уды гага! Горєтаг файтон мын къареты хуызєн, Мєнєн, дам, сє лєппу къафетты хуызєн. Єхсєры цупал мын бєласыл баззад, Мєнєн, дам, сє лєппу фєндагыл баззад. Радзырдта йє Тогты Тасийа, Ныффыста йє Джыккайты Евгения. 1932 аз, 12 июнъ, Хълиат. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 23, панкє 15, ф. 829—829.
ТАРХЪЄДЫ БЄЛАС Тєрхъєды бєлас Мєнєн мє уарзон Макуы ракєла, гъей! Къафетты хуызєн, гъей! Куы ракєла уєддєр Хъєды кєронмє, гъей! Тархъєды мєргътє Мєнєи мє уарзон Куы ’рбамбырд вєййынц, гъей! Макуы амєла, гъей! Куы нє дзы вєййы бєлоны хуызєн, гъей! Куы амєла, уєд та Хъєуы фєсивєд Макуы ферох уа, гъей! Куы ’рбамбырд вєййынц, гъей! Горєты файтон Куы нє дзы вєййы Къареты хуызєн, гъей! Мєноны хуызєн, гъей! Радзырдта йє Бєзаты Софья Христофоры чызг, райгуырди 1920 азы. Ныффыстой йє Билаонты Б., Тускъаты Л. ємє Хєблиаты Л. Цєгат Ирыстоиы иаддзахадон уииверситет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. УАРЗОНЫ ЗАРЄГ Мє дунейы рухс, нанайы хъал фырт, гъей, Ме ’нємаст цард мын кєдєм фєхастай, гъей! Дє аив сурєт єппынєдзухєй, гъей, Мє цєстыты раз хурау куы хъазы, гъей. Ныббар мын, зынаргъ, ме ’ргом ныхас, гъей, Фєлє мыи єнє дєу ыстыр зын хєссы, гъей. Мєхи дє дардмє бєргє фєласын, гъей, Фєлє дє сурєт мє разєй цєуы, гъей. Ныббар мып, зынаргъ, ныббар мын, фєлє, гъей, Дєу тыххєй мєхи нє амардзынєн, гъей. Радзырдша йє Дзугкойты Дуня, 44-аздзыд. Ныффыста йє Саулохты Розє, 30 декабрь, 1971 аз, Михайловскы хъєу.. Цєгат Ирыстоны иаддзахадои университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 15. ТОЛДЗЄ Уой, толдзє, толдзє* Єз гъазтмє цєун ку байдєдтон, Кизгуттє уинун уєд байдєдтон. Рєсугъди уинун ку байдєдтон. Мєхецєн євзарун уєд райдєдтон. Кизги мадє, дин, уой ку базудта, Алы рєнхъы фєстє дєр цєуы базард: «Уойдолдзє, толдзє». 475
Уєд єй нимєхсун ку байдєдта Уой кизги фидє ку базудта, Идардбєл дзорун уєд байдєдта. Кизгє уой єхуєдєг ку базудта, — Еунєгєй кєунтє ку райдєдта. Уой, толдзє, толдзє! Ныффыста йсе Хъазыбегты Хъазыбег, 1936 аз, Мсездєг. Йсе радзурсег бсерсег нсеу. «Ирон адсемы сфселдыстад», 1949 аз, Дзсеуджыхъсеу. ТЕРКИ БИЛЄБЄЛ ДЗАРАХАН* Терки билєбєл Дзарахан, Дзарахан. Єрбаймєцудєй є мадє, є мадє. — Дзарахан, Дзарахан! Дє буранєй мє багєлдзай, багєлдзай. — Єз, — зєгъуй, — дєу нє зонун, нє зонун, Мє буранєй дє нє гєлдзун, нє гєлдзун. Сау гъєди муркъитє талинги нє зиннунцє, Нє зарунцє мєлгъитє. Є хуєрє ’йимє єрцудєй, єрцудєй. — Дзарахан, Дзарахан! Дє буранєй мє багєлдзай, багєлдзай. — Мє буранєй дє нє гєлдзун, нє гєлдзун, Зонгє дєр дє нє кєнун, нє кєнун. Сау гъєди муркъитє талинги нє зиннунцє, Нє зарунцє мєлгъитє. Є лимєн йимє єрцудєй, єрцудєй. — Дзарахан, Дзарахан! Дє буранєй мє багєлдзай, багєлдзай. — Єз, — зєгъуй, — дєу ку зонун, ку зонун. Мє буранєй дє ку гєлдзун, ку гєлдзун. Сау гъєди муркъитє ниррохс єнцє, Зарунцє мєлгъитє. Радзырдта йсе Туаты Лизсе Антъоны чызг, 1956 аз , 82-аздзыд. Орджо- никидзе. Ныффыста йсе Салсегаты Зоя. ТАУЫЧЕ Рєсугъд єфсин, Тауыче, Нарєгастєу Тауыче, Ой, уєрєйдє, Тауыче, Ой, уєрирє, Тауыче! Худгєбылтє Тауыче, Нанайы чызг Тауыче, Ой, уєрєйдє, Тауыче. Ой, рирє-рирє, Тауыче. * Ацы зарєг у уырыссаг адємон зарєг «Перевоз Дуня держава» — йы бындурыл арєзт. 476
Фєлмєнзєрдє Тауыче, Уєй, уєрєйдє, Тауыче! Цыллєдзыкку Тауыче, Уєй, уєрєйдє, Тауыче. Ує саурєсугъд Тауыче. Ой, рирє-рирє, Тауыче. Ує сауєрфыг Тауыче, Ой, рирє-рирє, Тауыче. Тасгє-уасгє рацєуы, Уєй, уєрєйдє, Тауыче. Денджызы хъазау Тауыче, Уєй, уєрєйдє, Тауыче Нарєгастєу Тауыче. Ой, рирє-рирє, Тауыче, Ує сауєрфыг Тауыче, Ой, рирє-рирє, Тауыче. Цєгат Ирыстоны радиокомитеты архггв. ТАУКЕЙ ЗАР Дуйней рєсугъд — Тауке, Бєрзонд тєрних — Тауке, Къєлєт єрфуг — Тауке, Ходгє цєстє — Тауке, Даргъ тєфалє — Тауке, Цєргєс ємвиндз — Тауке, Сурх уадолє — Тауке, Фєрдуг билє — Тауке, Орс дєндаг дєр — Тауке, Сау дєндаг дєр — Тауке, Аййев цєггъос — Тауке, Хъун-хъул дзигко — Тауке, Орс дєллахъур — Тауке. Хъазє хъургин — Тауке, Дєргъєлвєсєй — Тауке, Нарєг астєу — Тауке, Гурведауцє — Тауке, Тасє-уасєй — Тауке, Сергє цєуй Тауке, Ходгє дзоруй Тауке, Адєм-лимєн — Тауке, Кадгин уод єй Тауке, Лєги кадє — Тауке, Кади ходє — Тауче, Бєстєбєл хуарз — Тауке, Берє цєрєд — Тауке. Радзырдта йє Гарданты Бєрег Хъайтыхъы фырт, 27 январъ, 1921 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Гарданты Михал. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 164-1, панкє № 51’, ф. 89—91.
цявдкодвы мвдриеа РАГОН ФИНГИ ЗАР фсатимє базарєн* Гъай-гъай, уари-рарє, гъой-гъой! Єфсати нин сєргин саг ку дєтдзєнєй. Будури ’зєдмє базарєн, Будури ’зєд хуарз нємуг ку гєлдздзєнєй. Борхуарєлдармє базарєн, Даргъ хумтє ’ма фєтєн хумтє ку кєндзєнєй. Рєсти Уасгергимє базарєн, Рєст ауєдзи сєрбєлхуєцєг ку уодзєнєй. Нарти Сатанамє базарєн, Къерегєнєг нин ку уодзєнєй. Никкидєр имє базарєн, Фарс-фезонгутє цєхцєхгєнгє ку уодзєнєй. Сире къела є бадєн єй, Сугъзєрийнєй є кєрцє ку ’й, Сау гъосгини ба нє бєрцє ку ’й! Ранинєйдавай, нє хєдзари. * Ацы базард алы рєнхъы фєстє. 478
Фєриуг єфсинє! Ранинєйковай, нє хєдзари Фєрнуг єфсинє! Ранинєйковай, нє хєдзари Нивгун хецау! Хуарзи хуєрзтє нин Хуцауєй ракорай! Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан, 26 февраль, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста ггє Дзагурпш Губадгг. ЦИГСИИ-гш архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп.1, д. 13, ф. 154—155. НЕ ФСИНЄ САТАНАИ ЗАР Не ’фсинє Сатана єй, Уай-ра, уа-ри-ра-рарє, сой! Сатанамє баковдзинан, Уай-ра, уа-ри-ра-сє, сой! Сатана нин радавдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-ра-сє, сой! Нє тумбул фингємє єртє къерейи, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Йеу ма дєр нин радавдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Фарс-фезонєг цєхцєхгєнгє. Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Йеума дєр нин радавдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Сау гъосини сау бєгєни Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Нє хестєр Урузмєги къохи сє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уотє зєгъуй, бакєндзиєнан, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Хуцаумє нин исковдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Хуцауєй нин хуарз гъуддєгтє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уотє зєгъуй, ракордзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Нє хуарз Уасгергимє баковдзинан, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Хуарз гъуддагбєл нє сараздзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Фєндараст нє с})єккєндзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Фонси Фєлвєрамє баковдзинан, Уай-ра, з^а-ри-рарє, сой!
Фонсєфсес нє фєккєндзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Минтє, минтєй нин февєрдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уотє зєгъуй, сау нєл сєгътє Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Йеума дєр нин февєрдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Сєдтє-сєдтє зєддаг фустє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Нигколамє баковдзинан, Уай-ра, уа-ри-рарєсой! Фєлвєрай фонсєй нин февєрдзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уотє зєгъуй, бор нєл фустє. Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Хуари Уацелламє баковдзинан, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Рохс Алаурдимє баковдзинан, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Нє сабити нин є дари дусєй, Уай,ра, уа-ри-рарє, сой! Хуарзєрдємє райдаудзєнєй, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Нє хестєртєн уєд мингєйттє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уонєй кєстєртєн уєд мингєйттє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уонєй кєстєртєн уєд сєдгєйттє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Уонєй кєстєртєн уєд фєндзгєйттє, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Фєйнє, фєйнє раниуазєн, Уай-ра, уа-ри-рарє, сой! Йе хєдзарєн авди бєркад, Уай-ра- уа-ри-рарє, сой! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 24 ноябръ, 1922 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. 1, д. 13, ф. 17—19. САТАНАЙ ЗАР Ой, Сатана, Сатана, Сатана Ой, ракєсуй къєсєй Сатана, Къєбецмє бауайуй Сатана, Гєрафин рахєссуй Сатана. Сау гъосини сау бєгєни, Сатана, 480
Дзєбодури сиує є сєрбєл, Сатана, Отемєй нємє рацєудзєнєй Сатана, Ранинковдзєнєй Сатана, Даргъ курєтгин Сатана, Циллєдзикко Сатана. Ой, Сатана, Сатана, Сатана! Зарыдысты-ггу єй чындзы фєстаг єхсєв. Радзырдта г\є Будтуты Мєза, ггюлъ, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибраггшы фырт. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор № 110, папкє 88, ф. 29. НЄРТОН ФЫСЫМ Ой, нє буц фысым, Сатана! Ой, хъєздыг царды Сатана! Ой, дєумє, дам, куы зарєм, Ой, дєумє, не ’фсин, Сатана! Ой, кєд сойджын у дє къєбиц, Ой, бєркадджын та — дє къухтє! Ой, рахєсс-ма нын сау бєгєны, Ой, сау бєгєны ’мє бур физонєг! Ой, сау бєгєны сєрсєргєнгє, Ой, бур физонєг цъыс-цъысгєнгє! Ой, нє буц єфсин, Сатана, Ой, хъєздыг царды Сатана! Ой, рахєсс-ма нын, уєлибыхтє, Ой, цєрвджын ємє дзаджджынєй! Ой, рахєсс-ма нын карз арахъхъ! Ой, рахєсс-ма нын, уєдє, рахєсс, Ой, дє цыхтытєн сє бинаг, Ой, нєртон єфсин, Сатана! Ой, хъєздыг царды Сатана! Радзырдта ггє Мамиты Димггтр, Сталинир, 1938 аз, 10 магг. Ныффыс- та йє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архггв, фолъклор № 25, папкє 71, ф.36. САТАНАИЫ ЗАРЄГ Сой, Сатана, сой дє курєм, гъей! Мєнє фєсивєд дєумє дзурынц, сой! Сау бєгєны сєрсєргєнгє, гъей! Села хєбизджын лєплєпгєнгєйє, гъей! Сой, Сатана, сой, Сатана, гъей! Цєй-ма, Сатана, дєумє дзурєм, гъей! Хорздзинєдтє дєуєй курєм, гъей! Адджинєгтє дєуєй курєм, гъей! Сой, Сатана, сой, Сатана, сой! Нарты Сослан дє)^мє кєсы, гъей! Уырызмєг та сидгє кєны, гъей! Сырдон та сыл хинєй цєуы, гъей! Сой, Сатана, сой, Сатана, сой! 31 Ирон адємон сфєлдыстпд, 2-аг том 481
Мєнє фєсивєд дєумє дзурынц, сой! Бур физонєг, цъысцъысгєнгє, гъей! Адджын бєгєны сырсыргєнгє, гъей! Йє радзурєг бєрєг нєу. Ныффыстой йє Дзестелты Л. ємє Дулаты 3. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. УЄЙ, А БА ЦИ ГЪЄЗДУГ ЄЙ* Уєй, а ба ци гъєздуг єй, Уєй, йеци хуарзєй нин дєтдзєнєй, Ци ’й а 6а? Ку дєтдзєнєй, ку, йєма! Уєй, а 6а ци фєрнуг єй, Уєлє ’хсени фєрнгун хецау Ци ’й єма? Сєумєраги сєргин сєгтє, Уєлє ’хсени, уєй, родзинги хуарз кизгай, Уєй, ку дєтдзєнєй, ку, йєма! И хор — мєйрохс, Фєрнгун хецау, Сєумє хуарз єй, хуарз! Сой, дан, дє лимєн! Радзырдта йє Тугъангпы Тєтпєрхъан, Ныффыста йє Дзагурти Губа- ди. 1921 аз, 9 мартъи, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп.1,.д. 13, ф. 159. АЙС ЄЙ, АНАЗ ЄЙ! Айс єй, аназ єй! Айс єй, аназ єй, ахуыпп єй кєн! Айс єй, аназ єй! Дє царды бонтє бирє єрбауой, Айс єй, аназ єй! Айс єй, аназ єй де ’мгєртты тыххєй! Айс єй, аназ єй! Айс єй, аназ єй, Хуыцауы хєлар! Айс єй, аназ єй! Кєд дын єрбауид худєджы хос, Айс єй, аназ єй! Радзырдта йє Фидараты Дзаихот Инусы фырт, 70-аздзыд. Ныффыс- той йє Фидараты Юханє ємє Тамарє К. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1975 аз. * Кувди зар, ниуєзти зар. Рагон зар єй. Зонгє дєр єй неке кєндзєнєй, кєнгє дєр (Тугъанты Тєтєрхъаны фиппаинаг). 482
АИС ЄИ, АНАЗ ЄИ Калачы фєндагыл Дайран куы уаид... Айс єй, аназ єй! Ныр махєн нє разы цайдан куы уаид! Айс єй, аназ єй! Уєлє фыййаумє хъєдурджыны карст... Айс єй, аназ єй! Єфсинмє мауал кєн мєгуыргуры каст! Айс єй, аназ єй! Куытайы хєдзар нын Ганазы хъєуы... Айс єй, аназ єй! Уыцы иунєг дын ц’ аназын хъєуы! Айс єй, аназ єй! Уєлє нын фыййаумє далыс-нєлгуист... Айс єй, аназ єй! Кєд єппын дє къєхтыл нал слєууис! Айс єй, аназ єй! Фыййауы хызыны нєл сєгъы базыг... Айс єй, аназ єй! Уазєгєн нє арахъхъ йє сєры бацыд! Айс єй, аназ єй! Єз хохмє фєцыдтєн Зєрємєджы тыххєй... Айс єй, аназ єй! Иу-ма дзы баназ дє зєнєджы тыххєй! Айс єй, аназ єй! Уазєг хъєлдзєгєй цєй дзєбєх у! Айс єй, аназ єй! «Ирои адємои сфєлдыстад», 1949, Дзєуджыхъєу, ф. 464. ЄРХЄССУН БА УАВЄР ЄЙ* Єрхєссун ба уавєр єй, ує, уавєр єй! Баниуазун ба нє муггаг єй, нє муггаг єй! Ує, ранинєйдавай, Гъей, нє рєдау, не ’фсинє! Ує, ранинєйковай, Уай, нє ковагє, нє хестєр! Ує сатанайєн сугъзєринєй є кєрцє єй, Сире къела є бадєн єй, Ує, ранинєйдавай, Гъей, нє рєдау, не ’фсинє! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 18 декабръ, 1922 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А .п., он.1, д. 13, ф.54. Ниуєзтє кунєбєл фєууй, уєд єй иуазгутєй йеу низзаруй. 483
СОЙИ ЗАРЄГ Сєхи хуми арєн адтєй, Сє фусти астєу цъєх фур адтєй, Сє бєгєни нин рахєссетє, Кєдимайди цєхгун адтєй, Сє фусти уєлдай аст адтєй, Анєн сє бєгєни кєд маст адтєй... Секъинати Гуацци Єхсєрисєри къостє кодта, Гєгкути Темур хуарз лєг єй — бостє кодта. Дигорон лєг фєццєуй фестєгєй хєрєги фудєй, Єримєкєсетє, Гулутєн сє гал бамбудєй хєрєги фудєй. Радзырдта йсе Къєдохты Габало, июль, 1940 аз, Цыкола. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор Л& 110, папкє, 88, ф. 47. ЦОЛА Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, уєлєсыхы ыстыр хъазт, Уєрєпдє, дєлєсыхы тымбыл симд. Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, йє нымєтхуд — пєлєхсар. Уєрєйдє, йє урс куырєт — єнєхсад. Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, йє цъєх цухъхъа — уєлєсин, Уєрєйдє, сындзы тєрхъус — галыйас. Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, нє сиахсєн разындис, Уєрєйдє, йє галиу хъус залмыйас. Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, карк ємє, дам, кєркуасєн, Уєрєйдє, Цолайы чырыны цы уыдис? Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, кард ємє, дам, сєрдасєн, Уєрєйдє, Карца ’мє, дам, Хєрисджын. Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, дє каистєм цы хордтай? Уєрєйдє, хъайлаимє хєбизджын. 484
Ой, Цола, Цола хъазтмє нє цєуы. Уєрєйдє, єртє хынцъы гуылимє. Уєрєйдє, къуыри-сєрыл куы кєныс Уєрєйдє, єртє цыды Гулимє. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєгуджыхъєу, 1949, ф. 465. БЕККУЫЗАРОН-БИТАРОН Беккуызарон- Битарон, Ори-ра, ой-ри-ра, Се ’ппєтєн дєр тынг барон, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Гулийы сєрмє къєдзєх-таг, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Къєбицы ис єппєтваг, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Къорайы сєрмє — барджытє, Ой-ри-ра-ой-ри-ра. Кєндзысты дыл кадджытє, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Бекку ызарон- Битарон, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Се ’ппєтєн дєр тынг уарзон, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Гулийы сєрмє къєдзєх-таг, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Къєбицы ис єппєтваг, Ой-ри-ра, ой-ри-ра. Къорайы сєрмє барджытє, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, Кєндзысты дыл зарджытє, Ой-ри-ра, ой-ри-ра, ой-ри-ра! «Зарджыты чггныг», сарєзта йє Тотиты Андрей, Орджоникидзе, 1942, ф. 119-120. КИУНУДЗА Амонєг: Ує, киунудза! Заргутє: Киунудза, киунудза! Амонєг: Ує киунугга, — Заргутє: Кири дзаг, кири дзаг. Амонєг: Уомєй махєн? Заргутє: Рони дзаг, рони дзаг Амонєг: Сумахєн 6а? Заргутє: Тєскъи дзаг, тєскъи дзаг. Амонєг: Раттєги къохи Заргутє: Зурн авдєнє, зурн авдєнє. Заргутє: Хускъєдонє, хускъєдонє. Радзырдта йє Мамаоты Косе, 1 мартъгг, 1928 аз, Дигора. Ныффыста йє Гарданты Михал. ЦИГСИИ-гш архгш, фолъклор № 163—6, папкє 50, ф. 35. 485
КИУНУДЗАТЄ (Вариант) Ує, киунудза, киунудза! Сумахєн киридзаг, Махєн ронидзаг. Ує халє хумєллєг, Ує бийнонтє фудмєллєг. О, киунудза, киунудза! Ныффыста йє Собиты Инал, 1895 аз, Чырыстонхьєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №11, папкє 67, ф. 369. ХОРЗ УС КЄМЄН И Хорз ус кємєн вєййы, Уый ма хъазтмє цємєн фєцєуы, цємєн фєцєуы, Алы бон хъазт йє хєдзары вєййы, йє хєдзары вєййы, гъей! Євзєр ус кємєн вєййы, Уый ма мардмє цємєн фєцєуы, цємєн фєцєуы, Алы бон мард йє хєдзары вєййы, йє хєдзары вєййы, гъей! Фыдуаг ус кємєн вєййы, Уый ма калмєй цємєн фєтєрсы, цємєн фєтєрсы, Алы бон калм йє хєдзары вєййы, йє хєдзары вєййы, гъей! Дыуує усы кємєн ис, Уый ма фєдисы цємєн фєцєуы, цємєн фєцєуы, Алы бон йє хєдзары фєдис куы вєййы, фєдис куы вєййы, гъей!.. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, панкє 71, ф. 88. БЄСТЄБЄЛ ХУАРЗ Єз ма гъазтмє ци цєуон, — Єз ма кувдєй ци кєнун? Алли бон дєр кувди дєн, Алли сахат ку семун!.. Есгєд мєстгун ку фєуун, Тузмєг дзурдтє ку гєлдзун, — Фєлмєн мємє баходуй, Маст мє зєрдєй раледзуй. Зунд є бєсти рабадуй, ’Ма мєхебєл єрходун. Гъазун, ходун райдайун; Хортє мєнбєл бакєсуй, Дуйней сойни истулуй, Зин бон кувдєй раййевуй. Мєн дигорон )^єхєн єй, Бєстєбєл хуарз е хуннуй.
Есгєд єфхуєрд ку ссерун, — Дєлгоммитє фєккєнун. Гъє}’, хєдзарє феронх ун, Синхон, хєстєг рагєлдзун, Уазал зєрдє єз райсун. Тартє кєнуй мє дуйней, — Дуйней мєнєн рамєлуй, Рамєлунмє цєттє ун. Исєвди над єз райсун, Цард агорун феронх ун, Дєлгом-уєлгом фєккєнун, Гъєрзгє, нєтгєй фєххєтун. Уєд е хуарз куст ракъахуй. Лєг фєразон цємєй єй, — Ой мє зєрди бауадзуй. Лєги сєр мє багъєуй. Єз мє рєдуд базонун, ’Ма мєхебєл єрходун. Тухгин єгъдау равдесун, Хуарз гъуддєгтє бакєнун. Ме знаг мєнєй фєттєрсуй, Идард мєнєй фєлледзуй... Лєгєй лєгдєр уєд исун, Адєм искаст уєд фєуун. Бєсти сойнє, федауцє, Єзнаг сєттєг уєд хуннун. Уєд хєдзарє єз зєгъун, Алцємєй єй аразун, Євєлмєцгєй дзи косун, Алцємєй єй фєлундун. Єз єгюсмє мє хєстєг Єрвад — ємгон бакєнун, — Они хузєн синхонти, Уони хєтдзє гъєубєсти Еу хєдзарон искєнун, Раст надбєл сє аразун, Гъе, уєд хуннун адєймаг, Лєгєй лєгдєр уєд фєуун. Ме ’знаг мєнєй райдард уй. Дуйней мєхе бакєнун. Мєн дигорон уєхєн єй. Хєдзар дарєг уомєй єй. Кади ходє ’й е мєнєн. Уосє уєхєн ку фєууа, Лєг зєронд уєд нє кєнуй, Есге єфхуєрд нє еруй, Есге мєстєй нє гъєрзуй. Єзнаг сорєг єй силє, Бєст-лимєн дєр омєй єй... Єнє уадє фєлмєн хор — Зєнхи сойнє ’й, уариндзєг. Адєм лимєн зєрбатуг, Мед хєдзарє федауцє, Синхи єхсєн сойнє, муд, Е раст ємбал уєд хуннуй. Ныффыс7па йє Гардамгиы Михал, 22 май, 1920 аз, Владикавказ. Йє радзурєг бсерєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 164-1, 7Ш7\кє 51, 72—75. БЄСТЄЛГЪИСТЄ Ой, ерирой, ерирой, Мах Арудон уєхєн єй, — Есге хуарз єй басодзуй, Есге хуєрд єй арайуй. Фуд оси хай ка фєууа, Е ма мардмє ци цєуй?.. Еугур мардмє ку кєсуй, Алли сахат ку кєуй... Кенє хистмє ци цєуй? Айдагъ хисти ку бадуй. Кувд, иуазєг нє зонуй, Тоги фингєбєл бадуй. Бадєн бєнттє гєнагє, Кафагє ’ма ходагє, Берє, дзєгъєл дзорагє, Цитгин бєнтти кєуагє. 487
Арфи бєсти — єлгъистє, Мах Арудон уєхєн єй, Цийни сахат — гъарєнгє. Сугъди бєстєй рацудєй. Сайтан силє раскъєруй Цард араугє е хєтуй, Бєрєгбони адємбєл. Есге цийнє ’й басодзуй. Синдзє-биндзє ’й дзилли ’хсєн Рацєуа ’ма — кєуйнаг, Цєруй е мед синхи. Єрбацєуа — содзгє мард, Гъєуи циргє, итсафєг, Бєстєлгъистє омєн єй. Бєстєлгъистє омєй єй, Мах Арудон уєхєн єй. Ныффыста йє Гарданты Михал, 3 гтнь, 1920 аз, Владикавказ. Йє радзг/рєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 164-1, папкє51, ф. 76-77. ФЄЗЗЄГИ ЗАР Гъой, гъой, гъой, фєззєг, ци хуарз дє, ци дзианун дє! Рауайгутєн сє фитдзаг, єрбаздєхгутєн сє хитдзаг. Хуарз уосє кємєн йес, йе кувдмє цємєн цєуй. Алли бон кувд уомєн ку йес, кувдмє ба цємєн цєуй. Лєгъуз кємєн фєууй, йе 6а мардмє цємєн цєуй, Алли бон мардмє йе ку кєсуй. Лєгъузтє ба фєззєгмє нєлуєг ку кєнунцє, Ує дзєбєхтє 6а рєуєг ку кєнунцє. Ує, гъєйт, гъєй кєнєн, фєззєг єрцєуй. Фєззєг ку неци бакоса, уєд зумєг ку неци бахуєра, Ує, сау, сау, уєрайдє, рєуєй, дзианун. Цели буни арсау нихаггин, Ує, кизгау, єрцєуєг єнгъєл єрдєг єнбарст. Уой, дє дуар байзадєй єрдєг игон, Уой, уой, бор хонхи бунау дє кизгай тєдзєн бун ку фєууидє. Ує арахъи рєуесау сурмедзаст. Уой лєппоти буни сунерваст. Радзырдта йє Малиты Паг^а, 1898 аз, Хєрес. Ныффыста йє Собггты Инал. ЦИГСИИ-йы архгш, фольклор № 11, папкє 67, ф. 337—358. ГУАССИ ЗАР Гуассє, Гуассє-ниссє, Тасолтанти єфсинє! Лєудєнє изєлу, лискъєсєр, Терки бабузау, уорс дєлахъур;
Дари хєдони кєнкбауєр. Мєргъєв-єри* робасау сергє дзєуагє; Истєнхъує басмухъти єскъудкъелє; Чели арсай даргъ нихасгин. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, Ныффыста йє Дзагурти Губади. 1926 аз, 21 мартъи, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г. А., оп. I, д. 13, ф. 86. БЄДЄЛЄДЖЫ ЗАРЄГ (Худинаджы зарєг нызг скъєфєгыл) Єртє лєджы куырдадзмє ма уадзут, Уєй, ма уадзут! Кєннод дзы рєтєнагъд раласдзысты, Уєй, раласдзысты! Єз, дам, уын раджы куы загътон, Рагєй куы дзырдтон: Бєдєлєджы Куырттатєм ма уадзут, Ує, ма уадзут! Кєннод ын йє хєлаф раласдзысты, Уєй, раласдзысты! Уєхєнєзы сампал йе цєджы, Уєй, йе цєджы! Афтємєй къєбуты нє хизы, Къєбуты нє хизы! Гъєй, єндєр хорз уыл ма ’рцєуа, Ма ’рцєуа! Бєдєлєджы салбар, дам, йе ’фцєджы, Уєй, йе ’фцєджы! Афтємєй уєлдурты фєлидзы, Уєлдурты фєлидзы! Уєртє Парсыйатєм фєрсыл гєнах, Уєй, фєрсыл гєнах! Єй, тъєпєиєгєй кувинаг, Уєй, кувинаг! Уєй, уайых фєуат, Лєцы хъалтє, Ує, Лєцы хъалтє! Исчи йын рахєссєд фєсмын хєлаф, Уєй, фєсмын хєлаф! Кєннод бєгъємзєнгєй худинаг, Уєй, худинаг! Рєтєнагъд рєбынєй сау хъулон, Уєй, сау хъулон! Ує, сє идон хызыны, Сє идон хызыны. Джелыты Гаппо йєм афтє дзуры, Афтє дзуры: — Ардєм рацу, Бєдєлєг, Ардєм-ма рацу! Дє хєлаф дын тєбынєй бампъузон, Тєбынєй бампъузон. Кєннод дє ливор куы зыны, Уєй, куы зыны! Ацы азы хор-хос мигъы хус, Уєй, мигъы хус. Уыдон Гєбисы нал хъєуынц, Нал хъєуынц! Кєрєдзийы ныццагътой Хидыхъус, Уєй, Хидыхъус! Уыдон фєдисы нал цєуынц, Нал цєуынц. Ацонєгєйы Бисты** фос, Уєй, Бисты фос! Єрбамбырд ут, Лєцы хъалтє, Єрбамбырд ут, Хєлафєн, дам, ын исты хос, Исты хос! Битъойы цухъхъа Хатайыл хъуыди, Хатайыл хъуыди. Гуыриаты Гєсе афтє дзуры, Афтє дзуры: — Уєй, кєдєм єй ауагътат? Кєрєдзийы ныццєгъдат! Стєрєджы єрхы йє фєнємын хъуыди, Фєнємын хъуыди! * Мєргъєв-єри — малгобегский (Дзагуырты Г. фиппаинаг). ** Бист — лєджы ном. 489
Дєлє Дєллагхъєуы дурєй ахєстон, Къухєй арєзтон. Дурєй ахєстон. Гъєй, Быдтатє, Быдтатє, Дєргъєвсы Брытъиаты Дзакуый афтє дзуры, Быдтатє! Афтє дзуры: Сусхъєдыйасы дєр кєнгє кодтой, Цы кєнон, мє хєдзар Гєсе, Гъєй, Куырттатє, Куырттатє, Цы кєнон! Гєбєр Куырттатє! Єз мєйдары ницуал уыдтон, Сусєг сиахсы дєр нємгє кодтой, Ницуал уыдтон, Нємгє кодтой. Гъемє тєссармє къухєй арєзтон, Гъе, уыдон нє фехъуыстат?! Радзырдта йє Хъалєгаты Иналдыхъо, 1921 аз, 9 апрель, Владикавказ. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор, № 145, папкє 94, ф. 3—5. АСЄХМЄТЫ ЗАРЄГ Уа-ри-уа-рєдє, Уай-уай, уа-рєдє, Дехрей уєлбыл хєрєг фєци, А, уай, уай! Асєхмєт, Саухалы конд дын цєй рох фєци? Куыйаны хъомгєс Хъобаны баззад, Асєхмєты цонг райсом раджы гобаныл баззад. Уалє сєры зєххы єфсондзы єрдєг, Асєхмєтєн рахєссынц тилгє-тилгє йє цонджы єрдєг. Єрра барєг — дон ысгарєг, Саухалы конд хъама цонг ысгарєг. Бєрєзгє фосєн тєсчъы дєтты, Асєхмєт Тотыккатєн йє чысыл усы лєсчъы дєтты. Уалє бєласыл халон бадєг, Халон бадєгєй иттєг сонт бадєг. Ацы зарєг, рагон зарєг. Рагон зарєгєй иттєг хорз зарєг. Радзырдта йє Туаты Батырадз, 1928 аз, 25 август, ЦМИ. Ныффыс- та йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив. Фольклор Аг9 15, папкє 8, ф. 396. УЄРИ ФИДЄЙ ЦИ КЄНИС... Уєри фидєй ци кєнис, Є кадєй фєстємє. Є басєй фєстємє. Ирон лєгєй ци кєнис, Зєронд лєгєй ци кєнис, Є кавдєй фєстємє. Є мастєй фєстємє. Уриадниккєй ци кєиис, Є уосєй ин ци кєнис, Є хуарзєй фєстємє. Є кадєй фєстємє. Финсєгєй ци кєнис, Лєхъуєн лєгєй ци кєнис, Є найзустєй фєстємє. Радзырдта йє Перисати Самилхан, 20 декабрь, 1967 аз. Ныффыста йє Хъєдохты Валентинє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. 490
ЦИНЕЛ Е, уєртє лєг, Де стур кєрцє уєлафтаує, Дє даргъ цинел фадзєласє, Дєхе мєбєл єрбафтаує. Дєхе мємє бадєрласа, Уотемєй мє рацох кєнє, Зєгєл єма дзегкой, Ходуйнаг мє мабал кєнє Рамєкєнє де ’ккой. Уотемєй мє рацох кєнє. Радзырдта йє Перисаты Самилхан, 20 декабръ, 1967 аз. Ныффыста йє Хъєдохты Валентинє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. АЛОЛАЙ Ахуысс, алолай, мє хъєбул. Уєд дын мє фыд цємє уа? Дысоны мамма, ма ’рбацу, Єддейы хъусєг аргъаухъус, Лєппуйы фыд ам хуыссы Мидєгєй хуыссєг къуырмахъус. Ємє дын исты куы кєна, (Ус єнхъєлмє каст єндєр лєгмє, єнхъєл нє уыдис йєхи лєг єхсєв сє- химє уыдзєн, уый. Цємєй йє, єддейы чи ’нхъєлмє кєсы, уый фехъуса, уый тыххєй )гзы авдєн ємє зары, кєд сывєллон фынєй у, уєддєр.) Радзырдта йє Дарчиты Тамарє, 73-аздзыд, 1971 аз. Дзєуджыхьєу. Ныффыста йє Гагиты Аллє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университеты уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 22. Єз цєуын Хъызлармє, — Иу дзы ныууагътон Хъызлары, — Ма мє кєнут хъыгдаргє. Куырм уыд ємє мє хъыгдары. Уым уыдтєн бєхгєс, Атєр, дам, сє Хынцєгмє, Радтой мєм євддєс. Фєлєуут ардыгєй дыццєгмє, Єз нє уыдтєи євзєр гєс, Кєд єрцєудзєн дыццєг? Стардтон ма дзы єхсєрдєс, Иу бєх та дзы ныцъцъєх. Радзырдта йє Царахаты Софкє, 62-аздзыд, 5 июлъ, 1974 аз, Дєргъєвс. Ныффыста йє Рємоиаты Тамарє. Цєгат Ирыстоны наддзахадон университет. Уырыссаг литературєйы архив, 1974 аз, №46. Хуєрунмє мин єнгєрттє ’ма ємбєлттє, Косунмє мин єзнєгтє ’ма мєнгєрдтє, Мє кайгутє — бєсти дзаг, ме ’фтаугутє — тєскъи дзаг. Єндєрєбон дзєгъєл хатт, Єзинє ба дзєгъєл бадт. Абоии ба бєгъєнбад. Дзєгъєл хатт дєр фєккодтон, 491
Дзєгъєл бадт дєр фєккодтон, Бєгъєнбадєй дєр байзадтєн. Еу лєг уартє есгє хаттєй. ’Ма уосєн загъта: — Дє цар бафедє. — Уєд дє цар дє уєле рахускъ уа, Кєд дин ци ракєнон. Радзырдта йє Перисати Самилхан, 1967 аз, 20 декабръ. Ныффыста йє Хъєдохты Валентинє. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. АЛИМЄРЗА-БИМЄРЗА Алимєрза-бимєрза, Къєсса-мєсса бимєсса, Дзєкъол-мєкъол бор баркъи, гъей! Киндзєхсєвєри єртє къерей, Карки мард, сє фарсмє ба Фиццаг уайєн карз арахъ, гъей! Баниуазє, Еристау, Нє дин дєттун єз єфстау, Хєлар дин уодзєнєй, гъей! Устур Хуцау низзєгъуй, Нигколамє никковуй. Карз арахъєй фенцъолуй, гъей. Є сєр ибєл разелуй, Сєнттє цєгъдун байдайуй, Къєдзтє-мєдзтє фєццєуй. Ма дзоретє расугмє, Фєххуєцдзєнєй дєндагєй, Фєннєндзєнєй лєдзєгєй, гъей. Дє хузє 6а мудхузєй, Мєлгє кєнис фудхузєй, Дє уиндєй дин ку тєрсєн, гъей. Сєгъи фєрскъє бор басє, Рахуппитє си ласє, Иссердзєнє дє уасє. Алимєрза-бимєрза, Къєсса-мєсса бимєсса, Дзєкъол-мєкъол бор-бор баркъи, гъей. Азарыди йє Цєлкости Гєлєу, 1980 аз, 78-аздзыд, Сурх Дигора. Ныф- фыста йє Цакьоты Руслан Саулєги фырт. 492
ЧЫЗДЖЫ ЗАРЄГ ЙЄ МОЙАДЖЫ МАРДЫЛ (Хаст нєма уыдис, афтє мард фєци йє мой абырджыты къухєй) Уєй, єна, цы кєнон?! Цъєх мигъ куы ’рбацєуы, Цъєх мигъы бын — цъєх барджытє. Уыдон сты мє мойагєн йє марджытє. Ехє, ехє, чызджытє! Уєртє цъєх мигъ єрбацєуы, Цъєх мигъы бын цъєх барджытє. Ехє, ехє, чызджытє! Цъєх барджытыл — цъєх нымєттє. Мє цыбыр куырєт — єрдєг хуыдєй... Єнай, єна, єнайєн мын зєгъут. Радзырдта йє Дзєхаты Масинка, 1927 аз, 3 февраль, Уєлгинскє. Ныф- фыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИйы архив, фольклор № 45—1, папкє 21, ф. 26. ЄНА (Єскъєфт кизги катайтє) Ой, Єна, ци кєнон? Ой, Єна, куд цєрон? Єнамє мин ка бадзора? Ох, Єна, ци кєнон? ^ /гг лч Ох, Єна, куд цєрон > ^БазаРд> (Базард) Єнай-єной кумє цудтєн? (Базард) Далє будури цъєх бєхгинтє. (Базард) Сє къохти 6а цъєх єрцитє. (Базард) Нанай кизги хєсдзєнєнцє. (Базард) Мє уорс бауєр гєппєлгєйттє (Базард) Уони къохєй баодзєнєй. (Базард) Бєлєстєбєл байзайдзєнєй. (Базард) Мє сау дзикко бєндзуггєйттєй, (Базард) Коко синдзи баодзєнєй (Базард) Нанамє мин бадзоретє. (Базард) Мє содзийнє — хуйуйнаги, (Базард) Ме ’нгурстеунє — фєсти коми, (Базард) Мє фєрдгутє — нє рагъєнбєл. (Базард) Тєходуйтє, куд ма цєрон? (Базард) Ме ’нсувєртєн сє минкъийдєр — (Базард) Ме ’намондєн мє гъєргєнєг, (Базард) Уомєй хестєр, мєн агоргєй, (Базард) Пихси буни байзайдзєнєй. (Базард) Нана уони куд феронх уа. (Базард) Нанамє мин бадзоретє, (Базард) Нє фєсдуар минєвєрттє (Базард) Мєнмє гєсгєй зелдзєнєнцє, (Базард) Нана, уонєн ци зєгъдзєнє? (Базард) 493
Нана, уонєн ци кєндзєнє? Цъєх бєхгинтє цъєх єрцитєй (Базард) (Базард) Мє киндздзєгтє нє рагъєыбєл Мєнєн мє цард бакалдтонцє. (Базард) (Базард) Сєрсєргєнгєй лєудзєнєнцє. Єнай-єной кумє цудтєн? (Базард) (Базард) Нанай кизгє, идард бєсти Єнай-єной куд цєрдзєнєн? (Базард) (Базард) Уой имисгєй, игаудзєнєй (Базард) Радзырдта йє Мамаонты Косе, 8 ггюнь, 1920 аз, Чырыстонхъєу. Ныф- фыста ггє Гарданты Михал. ЦИГСИИ-йы архггв, фольклор № 163—6, папкє 51, ф. 29—31. СКЪЄФТ КИЗГИ ЗАР Ой, кумє цудтєн, цємєн, Кунє фєццудайнє, уєд нє зудтайнє маст, Ой, нана, нур мєнєн чи кєигє ’й, Куд мин цєргє ’й нур зєнхєбєл? Будури бєхгинтє бєхтєбєл, Єрттевунцє хъєматє сє къохти, Раскъєфдзєнцє етє мєн, ’Ма мин неке бон исодзєй фенхус кєнун. Лєгъуз єй, нана, мє гъуддаг мєнєн, Исбєтдзєнцє мин мє орс бауєр, Тохдзєнєн кедєр къохти, Мє дзиккотє байдайдзєнцє, надбєл чи синдзитє е, онєбєл. Мє куститє байзадєнцє мєнєн, Дзаумєттє дєр, тєбєгътє дєр.Ой, радзордзєнцє дин хєстєгутє, Кємє мє фєлластонцє, ой, Ду мєнбєл кєудзєнє, кєудзєнє дє хестєр фуртбєл. Ку мєбєл фєккєуай, нана, Ка фесавдєй еу сахатмє, Чи зєгъдзєнє осгортєн, Ке хєццє бафедудтан, онєн. О, бєхгинтє бєхтєбєл, Мєн нє раскъафтайтє — мє ругє, Ой, кумє цудтєн, цємє цудтєн, Кунє фєццудайнє, уєд нє зудтайнє маст. Радзырдта ггє Салєгаты Паргц 1977 аз, Стур Дгаорє, Ирєфы раггон. Ныффыстой г\є АбагЬпы Р. ємє Хаггманты С. Цєгат Ирыстоны наддзахадогг универсгипет, уырыссаг лгтгературєйы кафедрєйы архив, 1977 аз, № 47. 494
ДАДИАНТИ ЗАР Уєй, Дадиантємє кизгє фєдгє мабал фєууа! Ка ма сємє рантєса, Уомєн лєгмє фєццєуєн мабал фєууа! Ка ма сємє рантєса, Уомєн уосє єрхонуни нивє мабал фєууєд! Рабадунмє йин бєх мабал уєд! Бєх ниццєвунмє йин цонг мабал уєд! Адєми астєу йин цъух разєгъунмє мабал уєд! Йе ’фцєги рафтаунмє йин топп мабєл уєд! И астєубєл бабєттунмє йин кард мабал уєд! Дадиантєн Х^щау силгоймаги хатир макєдбал бакєнун кєнєд! Хъєрєбий фурт Дадианти кизги раскъафта. Дадиантє къуард єнсувєри ад- тєнцє, єма сє расурдтонцє. Раййафтонцє сє. Фєдесон адєм єрємбурд єицєй. Дадиантє Хъєрєбий фурти єрдхуарди, кизгє є гъєбеси, уотемєй къуєхтє кє- нун баидєдтонцє кєрдтєй, єма сємє дзурдта: «Силгоймаги хатир мин баке- нетє». Силгоймаги є гъєбесєй нє уагъта. Кизгє кємєн єскъафтонцє, йе ба лєудтєй: йе тохгє нє кодта, йе йергъєв нє кодта. Уєдта єрдхуард єрлєуирдта, є нимєт єрбайтудта єма кизги уордємє єриста; загъта: — Гъе, нур мє мабал єфхуєретє, йеунєг Хуцауи хатир бакєнетє! Уєдта йимє хъєбєрдєр євналун байдєдтонцє. Кизгєн загъта: — Де ’нсувєртєй Хуцау ма сарази уєд! Хъиамєти бони дєр дуйнебєл дєр, мє мадєй ка райгурдєй, йеци єнсувєр-хуєрє, гъенур 6а хуєрзєбонє рауо, єз ме ’цєг надбєл ранєхстєр дє. Дє зєрдє мєбєл ма фєхходєд, мє баизайєгга- гєн уомєй єгади ном нє ниууадздзєнєн, уотемєй ме’цєг надбєл нє ранєхстєр уодзєнєн! Бєхбєл рабадтєй, фездахтєй єма Дадиантєй єртє фєммард кодта. Цєфтєй ма сє хєдзарємє райервазтєй єма рамардєй. Радзырдта йсе Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., он.1, д. 13, ф. 976—98. ДАДИАЫТИ ЗАР (Вариант) Уай, Дадиантємє ба лєхъуєн мабал райгура! Гъєй, Хъєбєрдитємє ба кизгє мабєл исєнтєса! Гъа, уєрєйдє, гъа-рєйдє, гъєй! Гъа-а, рєйдє, гъє-рєйдє, рєй! Гъа-гъа, рабадунмє 6а мин бєх кунєбал йе, Бєх кунєбал йе! Гъа-гъа, исєвєрунмє 6а мин саргъ кунєбал йе, Саргъ кунєбал йе! Гъа-гъа, мє зєронд сєрєн ба мин аргъ кунєбал йе, Аргъ кунєбал йе! 495
Гъа-гъа, уєле рєфтаунмє ба мин топп кунєбал йе, Топп кунєбал йе! Гъа-гъа, ниццєвунмє 6а мин цонг кунєбал йе, Цонг кунєбал йе! Гъа, гъа, фарсбєл ниббєттунмє ба мин кард кунєбал йе, Кард кунєбал йе! Гъа, гъа, дзиллити астєу 6а мин аргъ кунєбал йе, Аргъ кунєбал йе! Гъа, гъа, рєйдє, гъа-рєйдє, гъей! Уа-рєйдє, гъа, рєйдє, рєй! Уєй, Дадианти фєстаг бон! Радзырдта йє Тугъанты Тєтєрхъан, 21 май, 1921 аз, Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп.1, л. 13, ф. 168. ДЗАНДЗИРАХЪИ ЗАР* Донєй уорс, хуарз Къаматє! Агурдтайтє уе стур нондзуд Дзандзирахъєн Нондзуд лєг. Сєрддон конд нєзий луггаг — є уодесєг, Фєззигон конд бєрзє цєггаг — є хорхи бєндєн. Аци зарєн є равзурєн — Сугъдєскъєтти, Федауй аци зар Фєрєскъєтти бєрзондбєл. Фєккєсетє, донєй уорс, Кєрдзинєй хъал, хуарз Къаматє! Фєккєсетє ує рєсугъд Дзандзирахъмє! Дєлє Мєцути буни гъазєн хъуми Фелауй є дуує сугъзєринє дзиккойєй! * * * Къаматє загътонцє: — Мах єй уєхєн лєгєн ратдзинан: Єхе къохєй хъєрєймаг ка скєна, Йеци хъєрєймаг топпєй сєргин саг ка рамара, Єхе исконд аги ’й ка сфица фєхсунгондєй, Єхецєй є къєхтє кємєн уонцє, Уєхєн фингє ка скєна, Къамати нихєси уой ка ’ривєра, Мах Дзандзирахъи уомєн ратдзинан! * Къаматтаг кизгє адтєй, нондзуд кизгє, хъєбєр нондзуд; хъєбєр хуарз лєг ин агурдтонцє. Донифарсаг Йерчиони фурт єрбацудєй. Балци рандєй. Къох- бєлхуєцєг Дзандзирахъмє єрхицє кодта. Нє йин бакумдта. Байинєй фаудта. Сєрддон конд нєзий луггаг — є уодесєг. (Хъубадты Елхъаны фиппаинаг). 496
Уєхєн разиндтєй донифарсаг Йерчиони фурт: — Йерчиони фурт Артуд єй. Мєнєн сон* ка ’й, Йе рамарєд є уарзон бинойнаги йесге ардудєй, Сєхе гєрзє уєлтайуаг адтєй, Донєй уорс, кєрдзинєй хъал, хуарз Къаматє! Уе ’стур нондзуд Дзандзирахъ Єгадєй фесєфунмє євгъайуаг адтєй. Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 14 февралы, 1926 аз. Дзєуджыхъєу. Ныффыста йє Дзагурти Губади. ЦИГСИИ-йы архив фонд. Дзагуроова Г.А. оп. є, д. 13, ф. 82-83. ДЗАНДЗИРАХЪИ ЗАР Дигори бєсти хуарз исєнтєстєй сау Къамати сау Дзандзирахъ, Адтєй ин єртє єнсувєри Дзандзирахъєн, Равардтонцє ’й Донифарсмє лєгмє. Басилти фєццудєй киндзи. Уалдзєг ку ’рцудєй, хуасє кєнєнтє, Йє сєри хецау устур къуари хєтдзє хуасє кєрдунмє Тєгєртємє ниффардєг уй. Бєсти хуарз, бєсти федауцє Дзандзирахъмє є къохбєлхуєцєг Єрхицє кодта. Йе ’фхуєрд кємєн базонун кодтайдє, уєхєн ин на’ дтєй — Дигори номдзуд кизгє є сєрмє ’й не ’рхаста ’Ма ледзун унаффє искодта. Уєд фєллигъдєй, ’ма ’й агурдтонцє, Фєдеси єрцудєнцє Къаматємє. Уєй, сау Къаматє, Донєй уорс, Кєрдзинєй хъал, Уєрасєй расуг, Ує сау Дзандзирахъ фєллигъдєй. Ба ’й агоретє! Сугъдєскъєтти, сугъди кєрдєгбєл фиййау хезуй, Заруй федаугєй. Гъей, сау Къаматє! Багоретє Айгомуги ує сау Дзандзирахъи, — Зелгє хъуми сєрбєл є цилле дзиккотє фелаугєй. Єрємбурд уотє єртє Мєхчески єма авд Уєхъєци Мєцутємє * С о н — єзнаг: єз ке нє уарзун, йе ба єй мєн ка нє уарзуй. 32 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том
Лєги хуарз муггагєй. Фатхъєдє уес цєггагєй. Мах ба нє тог райсєн Донифарсєй фатхъєдє луггагєй. Радзырдта ггє Тобогипы Цгщеу Дзєрєхмєты фырт, 5 апрель, 1927 Чырыстонхъєу. НыфсЬысгиа йє Толасты Андрегх. ЦИГСИИ-ггы архив, фольклор № 15, папкє №8, ф. 316. ДЗАНДЗИРАХЪ (Вариант) Сау Къаматє, донєй уорс, Муггагєй. — Ує Дзандзирахъи нє агоретє... Дзандзирахъ рамардєй Аци зар Сугъдєскъєтти Бєрзє луггагєй. Федауй. Сау Къаматє, донєй уорс! Дзандзирахъєн є дуує дзиккой Уомєн є марєг Гъолгъазєни, устур хъуми, Алтуд єй. И цогє дон дууердємє Мєнмє сон ка ’й, е рамарєд Фелауй. А сау рєсугъди есге цъухи Сау Къаматє, донєй уорс, Ардудєй!.. Исдзоретє ибєл Радзырдта йє Гарданты Бєрег Хъайтыхъы фырт, 7 ноябрь, 1940 Дигора. Ныффыста йє Гардангиы Михал. ЦИГСИИ-йы архггв, фольклор №163—6, папкє 50, ф. 31-32. СОФЙА — Ой, мє тєригъєдєй, дам, мє тєригъєдєй, фєсмонгонд єрбауат, Ой, ой, ємє мє инєлар фыд, мє капитан єфсымєр, Мєн уартє Душетмє чи радта, Мє тєригъєдєй фєсмонгонд єрбауат! Гъей, мє афицер єфсымєры Дайраны хидгєсєй куы фенин. Уый йє сау хуыты дзуг райсомєй, Ой, Уєрмонты рагъыл куы ратымбыл кєны. Ацы попхихортєн мє сагдзарм ламаздыхъ хуыдзармєй раивтон. Хуыйы хъыбыл иу хєрд чи кєны, Сєны боцкъа иу нозт чи кєны, Мє тєригъєд фєхєссай, мєн ардєм чи радта. Нал фєразын алы єхсєв бонмє Уый омдзєг сєрфынєй, уый хъахъхъєнын. Мє тєригъєд фєхєссай, мєн ардєм чи радта. Софйа ныззары: — Ує, тєхудидєгєй, Тєгиатаг барєг ма йє цєстєй чи фены. Софйа авд уєладзыджы дорттє йєхиуыл куы ныхгєны Ємє тымбыл цєссыгтє йє сырх уадултыл куы нызгъалы, Авд уєладзыджы сєрєй фєндырєй куы єрцєгъды. Йє булємаргъ хъєлєсєй фєндырєн куы бахъырны.
Уалынджы Уєрмонты рагъєй иу барєг куы ’рбазынди. Цєхєрадоны кєрон хъыбылджын хуы куы хуыссыд. Хуы куы фестъєлфыд, уєд барєг ахауди. Уєд сєм Софйа фєндырєй дзуры: — Душеты хъалтє, уе ’взаргє барєг Хуыйы фєтарстєй куы єрхауди. Уалынджы дыккаг барєг фєцєуы Уєрмонты рагъыл. Софйа дзуры: — Душеты хъалтє, уєртє єрбацєуы куырттатаг барєг. Уырдыгєй та хуы фестади ємє бєхы фєтарстєй ехсы цєлхъ фєтагъддєр ис. Хуыйы сєрты бєхы иннєрдєм агєпп ласын кодта. Ємє сєм Софйа дзуры: — Ує попхихортє, уый куырттатаг барєг у, куырттатаг. Душетаг єм дзуры: — Цємєй йє зоныс, Софйа, уый куырттатаг барєг у, уый? Уый йын афтє: — Кєд доны комкоммє баскъєра, уєд — куырттатаг, Кєд тєнджытє агура, уєд — нє. Комкоммє барєг баскъєрдта доны, Нымєты фєдджитыл бєрзонд схєцыди ємє батахти. — Кєсут, Душеты хъалтє, уый куырттатаг барєг у. Стєй Софйа єрцагъта мєхъєлон цагъд, Ємє куырттатаг барєг бєхыл схъазыдис, Ємє йє ехсы цєфєй фєрссєгтє єрызгъєлдысты. Софйа барєгмє єрцыдис ємє йын загъта: — Нал фєразын Душеты астєу цєрын, фєлє мє Куырттатмє ахєсс. Ємє барєг загъта: — Єз уый мє сєрмє не схєсдзынєн, Искєй куырд ус... Мє бон нєу... Софйа мєстєй уыцы зылд фєкодта, Авд уєладзыджы сєрмє схызти, Авд уєладзыджы сєрєй йєхи цєвзылдта. Радзырдтой йє Дулаты Бибо ємє Хєдарцаты Алихан. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт, 1939 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №21, папкє 71, ф. 41—42. СОФЙАЙЫ ЗАРЄГ (Вариант) Уай, Софйайы рєсугъды, зєгъы, Уєртє Хъазыбегты хъал чызг Софйайы, Уай, зєгъы, уєртє попхихортєн Йє инєлар фыд ємє йє булкъон єфсымєр Рамбулын кодтой. Уай, уєртє йє попхихортє Душетмє ныффардєг кодтой Софйа-рєсугъды, гъей-е-й. Уай, Софйа йєхи куы хєры, Йє сау цєстысыг уєладзыгєй Сосамє куы тєдзы. Уый афтє куы зєгъы: 499
— Тєхуды, дє-дєй, ємє ма, зєгъ, Ирон барєг йє цєстєй чи фены. Уалынмє, зєгъ, Уырмонты рагъмє йє Дыуує сау цєсты куы ныццєвы. Куы нынниу-ниу кєны, Йєхиуыл та, зєгъы, куы ныккєуы. Мє инєлар фыд ємє, зєгъы, Мє булкъон єфсымєр, Дайраны нарєджы дыууадєсгай азтє Салдатєй бакусой, Мєн, дам, ацы попхихортєн Чи радта, мє тєригъєдєй. Уалынджы иу барєг Уырмонты рагъєй куы ’рбазыны. Софйа уєд куы бахуды йєхинымєр. Йє бинонты къорд та Хєдзармє хєрзєггурєггаг куы фєвєййынц, Мєнє, дам, кєдєй-уєдєй нє чындз фєхудти. Уалынджы та, зєгъы, Уырмонты рагъєй Иу барєг куы ’рбазыны. Уый, дам, Тєгиатаг барєг куы уыди. Куы рахизы, зєгъы, — Мє, дам, йє кард губаччы куы ныссыгъдєг кодта. Софйа-рєсугъд, зєгъы, Йє дзауматє йє уєлє куы бакєны, Йє болат хєсгард йє дари дысы куы бакєны, Кєд, дам, мє нє фєхєсса, Уєд, дам, мєхи куы амардзынєн, Уєддєр ацы попхихортєн Мє уд нє ратдзынєн. Уалынмє барєг єцєгєй Йє размє куы ’рбалєууы. Уымєн куы зєгъы, кєд, дам, Нєхирдыгон барєг дє — Фєндзєм усєн дєр дын фєцєудзынєн, Уєддєр мє ацы попхихортєн ма ныууадз. Уый, зєгъы, мєлєты лєппу, Йє бєх куы ’рцєлхъытє ласы. Уым єй Цєлыккаты Дзадже Йє фєсарц куы ’рбавєры ’Мє йє Мєздєджы даргъ хиды Раз куы ’рывєры. — Хуыцау не ’вдисєн фєуєд: Єз дє ардєм єфсымєры — хойы хаст єркодтон, Ныр дын алырдєм дєр бар куы дєттын. Радзырдта йє Хъалєгаты Биби Тотырбеджы фырт. Ныффыста йє Цагъаты А., 25 июлъ, 1959 аз, Джимара. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, папкє 117, ф.20—21. 500
СОФЙАЙЫ ЗАРЄГ (Вариант) О, мє тєригъєд фєхєссай, Мє тєригъєд, загъта, Мє инєлар фыд, Мєн, дам, ардєм чи радта, Куы загъта. Гъе, мє сагдзарм ламаздзыхъхъ, дам, Хуыдзармєй раивтон, загъта Мєхєрдгєхуыйєн къухтє,дам, Къогъодзи хуыйынмє куы ’рхаудысты, Мєгуыр дє бон, куы зєгъы, О мєгуыр Софйа. Гъєй, мє тєригъєдєй, дам, Дєлє Дайраны нарєджы Уєуу, салдат ємє хидгєсєй бакусат, Ує, мє инєлар фыд ємє Мє афицер єфсымєр, гъоу. Гъей, тєхуды, тєхуды, куы загъта. Уартє, дам, ма куырттатаг барєг Йє цєстєй чи фены. Уєуу, уартє, зєгъы, уартє Цєлыккаты Дзєрєхмєт, Уєй Цєлыккаты Дзєрєхмєт куы зєгъы, Куы бацєуы, куы бацєуы, загъта, Уартє Душеты рагъмє, Уартє Душетмє, зєгъы. Гъей, йє ехсы цєфєй, зєгъы, Агъуыстытє куы ныззыр-зыр ластой, Агъуыстытє куы базмєлыдысты. Гъей, гъе уый, дам, Куырттатаг барєг у, загъта, Уєуу, мє бон ныккєла, Куы зєгъы. Радзырдта йє Томайты Мысырби, 70-аздзыд, Ныффыстой йє Дзуцца- ты Ритє ємє Бызыккаты Тамарє. 1974 аз, 27 июнь, Кьора. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив.. СОФЙАЙЫ ЗАРЄГ Ма мыл фєхудут, хєлар ємгєрттє, гъей, Кєнын мє зарєг, цєгъдын мє сєнттє, гъей! Фылдєр мє царды Хъасайы уарзтон, гъей, Єрмєст мє сомы йє номєй састон. 501
Нє кєрєдзийєн хъєбєр дзырд радтам, Фєхицєн гєнєн нєй махєй, — загътам. Фєлє мє фыдєн йє кой уыд кардєй, гъей, Нє, дам, у де ’мсєр дєуєн мыггагєй, гъей. Єндєрєн радта йє чызг Софйайы, гъей, Єхсєвєй-бонєй мєхи хєргєйє, гъей, Єдзух Хъасаймє кєугєйє сидын, гъей, Кєм дє, цы фєдє, Хъасай, мє зєрдє? Фєзын-ма тагъддєр, мє ныфс ды куы дє. Єнє дєу мє цард нє кєнын адджын, Фєлтау мєхиуыл єз арв єппарын, гъей. Фєлє мє цєргєс мєнмє нє тєхы, гъей, Йє базыр асаст, йє къах нє цєуы, гъей. Мєнмє цєугєйє йє хъалтыл фембєлд, Йє цєф исгєйє сє кардыл фесєфт. Радзырдта йє Ходы Л. Ныффыста йє Берозты лєнпу, 1968 аз, 5 ян- варь, Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгонд. СОФЙАЙ ЗАР (Вариант) — Тєходуй, тєходуй, Йеу ирон бєхгин Ка фє}’уин}41! Йе ’мбал кизгуттє имє Ку дзорунцє: — Дєлє, Софий, Єрбацєуй Ирон бєхгин. Бєрзєндти бєрзєндтємє Уєд фєххезуй, Хъуми будуртємє Уєд ниффєлгєштитє кодта. — Кенє ба уин Мачи никкувдєуа, Уєхе попийхуартєй Куд єй, уотє! — Єцєгєй, дєлє Нур єрбацєуй Ирон бєхгин, Софий, ракєсє! Хъуми будуртємє Ку ниффєлгєштитє кодта. — Єцєг єй, єцєг, Єцєг. Гъе уєд имє Ку схъєрттєй. Йейє ку адтєй Кобегкати Мєнкъєй Дзєрєхмєт. Бєрзєндти бєрзєндтєй Уєд єрхизтєй, Єхе ибєл Ниттз^хта: — Гъе нур 6а мє Хондзєнє Нєхемє! — Абони — майрєнбон, Ка ’рцєуа, йечи Майрєнбони абєлти Єрєздєх дзєнєн. Гъема дє уєд Хондзєнєн. Майрєнбони уалдєнги ’й Бєргє бахезуй. Майрєнбони фєште дєр ма *й Дуує бони Уєд бахизта. 502
Йе ’нгъєл єй ку базудта, Йе ’мбал кизгуттєн Гъе уєд загъта: — Мє зєрди мєтъєлдзийнадє мин Єссєун кєнтє! — Чи дє фєндєуй? — зєгъгє ’й Уєд бафарстонцє. — Дайрани хедмє Ку фєццєуианє. Дайрани хедєй Фєккєшианє. — Цєуєи, мадта, Фєццєуджинан. Йе ’мбал кизгутти хєццє Ддйрани хедмє Йе ку рацудєй. Берє сагъєстє Йе ку фєккодта. Єхе меднимєр Єхецєн унаффє Йе ку скодта. Даргъ гъарєнгє Уєд ниййамадта: — Мє тєрегъєдєй, Мє инєлар фидє, Дє сєумон азани гъєр Хъаллаг дзєнгєрєги гъєрєй Баййевай! Дє сугъзєрийнє сирддзар намазлєхъ Хъаллаг худзарєй Баййевай Мє тєрегъєдєй, Мє инєлар фидє, Дє сугъзєрийнє намази фєрдгутє Хуйи бєгъєлотєй Баййевай! Мє тєрегъєдєй, Мє инєлар фидє, Дє сугъзєрийнє сарєхъ Салдати къартузєй Баййевай! Дє фєстаг ба Мєнкъєй салдатєй Дайрани хедєн Хедгєсєй байзайа! Хуєрзбонє, дзєгъгє, Є къох уєд ракъуєрдта. Йе ’мбєлттєбєл. Дайрани донмє Єхе уєд рагєлста. Йе ’мбал кизгуттємє Є къох уєд ракъуєрдта: — Фєндагираст фєууотє! Разарыди йє Цєрикъаты Солтан Хаджибары фырт, 1956 аз, 10 июль, Озрек. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 175, папкє 44, ф. 44—45. АРДЄМЄ, УОРДЄМЄ БАКЄСЕТЄ Ардємє, уордємє бакєсетє, Нє синхонмє бакєсетє, Нє синхонєн хєдзарє адтєй, Нє синхонєн уосє адтєй, Мєнєн ба, седзєрєн, Нє мин хєдзарє, Нє мин уосє. Ныффыста йє Собиты Инал, 1895 аз. 10 октябрь, Йсе радзурєг бєрєг нєу. ЦИТСИИ-йы архив, фольклор №11, иапкє 676, ф. 374. 503
КЄСГОН ЦАГЪД Абырєг мєгуыр у, гъей! Цємєй мєгуыр у? — Тархъєд — йє хєдзар, Сыфтєр — йє гобан, гъей, гъей! Радзырдта йє Тогты Тасийа, 50 аздзыд, Ныффыста ггє Джыккайты Евгенггя. 1932 аз, 13 июнь, Хълиат. ЦИГСИИ-йы архгє, фольклор № 23, папкє 15, ф.44. КУЫРОЙ Ємгуырой, къухєйзилгє ємгуырой! Мєнє цы мєгуыр ыстєм, Дон кємє нєй, Куырой кєм нє зилы! Цы тухитє кєнєм, Афтємєй ма нєм цы мєгуыр муртє и, Уыдон дєр нын ахастой. Сєнары тєфєй та нє цєстытє Куы нал фєразынц. Радзырдта йє Хъайтыхъты Нгшє, 15аздзыд, Ныффыста ггє Дзанай- ты Иван 1932 аз. 24 июль, Ход. ЦИГСИИ-ггы архив, фольклор № 23, папкє 15, ф. 999. ГАСОТИ БУРНАЦИ ЗАР Къумбулти зєрєндтє єрємбурдєнцє Сє минкъий нихєси. Баисилти унафтє ку никкєнунцє, Гасоти хуарз игурд Бурнацбєл байхєс кєнунцє: — Ду нин фєццєудзєнє уалє А бєрзонд хуєнхтємє башийлєгтємє Хуєздєр ємбалєн е ку никкодта Боллоти Келагъузи фурт Хъєрєу Бебеи. Иссєунцє учий хурєбєл Мешенай-фут цєгатмє. Уалєнги є фидбилиз є зєрди єрєфтудєй. Є разєй єй ракодта Боллой фурт, Є хъєрєймаг имє бєрзондгомау уєд бадардта. Є хуарз ємбали уєд рамардта. Уєд никкєуй, уєд нирдеуагє кєнуй, Мєнє єнє бєрєг зонгєй Мєхе ємбали мєхе къохєй куд рамардтон. И орс цъетей єй мєхе къохєй куд байвардтон. Уа, чи кєнон, чи кєнон.
Нур ма Къумбулти гъєумє Чи цєсгом ниххєссон. Изєрєй єнафони е ку єрцєуй, Гъєугєрони Багъайти цєгатмє Хъєрєу берєгъ уєд банеуй, Къумбулти зєрєндтє игъосунцє, ’Ма зєгъунцє: Берєгъи ниуд нє одзєнєй, Фал Боллоти хъєрєу Бабей ниуд ку одзєнєй. Къумбулти зєрєндтє ниррєнгъєнцє Гасоти тургъємє фєццєунцє, Єд кєстєр, єд хестєр никкєунцє. Ахєй ибєл ку кєунцє Сє кєстєртє, сє киндзитє. Боллотє, ує къуми-къумонмє Зєрдмєгурєй фєццєретє, Мах кувди хєдзарє ка нийхалдта, Гъарєнгє кєнунцє. Метєнбєрзєн, ехнивєрзєн, Мєгурєг, Бурнац. И орс цъете дє мєрддзаг, Дє берє мулкитє Хъаирти муггагєн иуєртдзаг. Уєхе билєбєл хурдасти хузєн, Гасотє, нєбал уємє рантєссєй Хуарз игурдтє Бурнаци хузєн. Радзырдта ггє Рубеты Батге Дзєрєгы фырт, 93аздзыд, Ныффыста йє Хєтєгты Светє 1971 аз. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон универсгшет, уырыссаг литературєгш кафедрєйы архив, 1971 аз, № 28. ЗЄРОНДИ ЗАР Зєронд зин дарєн, Є зєрдє ма йестємєти єхсайуй, Уайти, уєрирєу! Уайти, уєрирєу! Зин дарєн цємєй єй, Зин дарєн уомєй єй, Уайти, уєрирєу! Уайти, уєрирєу! Є тог исуст єй, Цєй, єрсеметє, Уайти, уєрирєу! Уайти, уєрирєу! Йе ’стєг хириз єй, Хуцауи хуарзєнхє иссеретє, Уайти, уєрирєу! Уайти, уєрирєу! Радзырдта йє Хъуыбадты Елхъан Хъуырманы фырт, 1926 аз, 21 мар- ты1, Дзєуджыхъєу. ЦИГСИИ-йы архив; фонд. Дзагурова Г.А., оп. I, д.13, ф. 91. 505
ЗЄРОНДИ ЗАР Зєронд мєгур ’й - Є къохтє суйагє, Исбадгєй зин истєн, Є къєхтє 6а сєлагє. Исистгєй ба зин бадєн, Є зєрдє гъар єй, Є цєстисуг кєлагє, Дзубанди кєнуй, Є финдз тєдзагє, Є бон 6а нецибал єй. Є хєлаф лєсагє, Радзырдта йє Дзагуырты Мерет Сабейы чызг (Сєбаион), 80-аздзыд, Ныффыста йсе Дзагурти Губади, 1959 аз, 24 апрель ЦИГСИИ-йы архив, фонд. Дзагурова Г.А., оп. I, д. 14, ф. 253. ХЪЄРМЄДОНЫ ЗАРЄГ 1902-єм азы Тменыхъєу фєци Хъолгъайы цъитийы быы, бирє дзы фесєфти улєфєг адємєй дєр. Хъєрмєдоиы фєцєуєм, єнамонд бєлццєттє! Уой, уой, уєрєйдє, уєрєйдє, єнамонд бєлццєттє. Хъєриуы фыййау мын, фырдзугєй фысджынтє, Хъєрмєдоны бєлццєттє — фырбуцєй рынчынтє. Тєгєрдонмє фєцєуєм кєрз тєбєгътє кєнынмє, Хъєрмєдонмє фєцєуєм хєрз дзєбєхтє кєнынмє. Тєгєрдонмє фєцєуєм цєвєгхос кєрдынмє. Цомут, єфсымєртє, кєрєдзийы хъєлдзєгєй Хъєрмєдонмє фєцєуєм Цєрєн хос кєнынмє. Рацъоны къухы лєугє мєцъис, Куырттатмє фервитєм кєугє фєдис. Уалдзыгон фыййау єнє нымєтєй баззад. Мырзаганты Азємєт бадзуры: — Мє ныййарєг Хєрисджыны єнєныгєдєй баззад. Зымєгон тулдз хєлттє ныккодтой, Хъєрмєдоны бєлццєттє Джызєлдоны тугхєццє ныккодтой. Уєлє мын рагъыл, зєгъы, Алємєты барєг, «Ує хорзєхєй, ныккєнут мын, лєппутє, Азємєты зарєг». Фосджынтє, зєгъы, фосджынтє. Мєгуыр ує бон, Торчынтє. Радзырдта йє Мырзаганты Уане. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт, 1938 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, паикє № 71, ф. 91. 506
ХЪЄРМЄДОНЫ СЄФТЫ ЗАРЄГ Гъе, гъей, гъей! Джызєйладжы гутон — уалдзєджы тыххєй, Кєд ємє Нвкуаты Єзо фесєфти йє уазджыты тыххєй. Арвыкомы мын сє цєугє Цыми. Єзойєн та йє зєронд мад Гєналдоны бынмє кєугє фєцыди. Уєлє мыл фыййєуттє єд хъиутє ’мє фыййєгтє, Ємє сыл єнусы цъити єрцєуы єнхъизгє ємє фєйлаугє. Зарєг сарєзта Цырыхаты Хъайтыхъо. Радзырта йє Цырыхаты Ладе Зєрєбийы фырт, 73-аздзыд. Ныффыста йє Мамсыраты А., 1959 аз, 21 июлъ, Уєллаг Хъєни. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 250, папкє 117, ф. 151. ДЖУСОЙТЫ ЗАРЄГ Раджы заман Джусойты хъєуыл рацыд зєй ємє дзы бирє адємы фєласта. Адєм сыл зарєг скодтой. Сау хєхтє рацєуынц кєлгє-кєлгє, Сау хотє рацєуынц кєугє-кєугє. Джусойты цары, дам, хус єрчъиаг, Джусойты хъєуы, дам, ус-єрдиаг. Джусойты уєлхєдзар — дзедырєг, Джусойты хъєу, дам, федзєрєг. Джусойты цъынатє рєнхъ-рєнхъ лєууынц, Джусойты мєрдтє, дам, рєнхъ-рєнхъ лєууынц. Джусойты рудзгуытє — донырдєм. Зєй, дам, сє фєласта бонырдєм. Радзырдта йє Челєхсаты Зєлинє, 32-аздзыд; Ныффыста йє Къоза- ты Кєлинє. Дзєуджыхъєу, 1971 аз. Цєгат Ирыстоиы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. БАДИЛАТЫ ХЪАЛТЄ — Бадилаты хъалтє, Ма ныл фєнд кєнут, — Зєронд молло сєм куы дзуры, — Ма ныл фєнд кєнут. Уєлладжыры комы Бызы мидєг Сау цєргєс (Бутайы фырт) куы бады, Ма ныффєнд кєнут, Уый ує ныккєндзєни цоигхъуагджынтє, У єнгхъу агджынтє. 507
— Цом ємє ныццєуєм Куырттаты коммє. — Ма ныффєнд кєнут, — Уыдонєн сє фєдисон Бынатмє куы суры, Уыдонєн сє фєдисон Карды комыл цєуы, Ма ныффєнд кєнут. Азарыди йє Томайты Ахмырзє Аслємырзєйы фыргн, 92-аздзыд, Ныф- фыста йє Бидегиы Индирє, 1984 аз. Цєгат Ирысггюны иаддзахадон универсигггет, уырыссаг лгггиературєйы кафедрєгш архив. ДЗИГОЙЫ ЗАРЄГ Дзуццаты Дзиго — кадджын, єхсарджын, Мєнгард ємгєрттєй цємєн у хайджын? Мєнгард ємє йыл хинєй куы цєуынц Ємє йє Мєздєгмє мєнєумє куы сайынц. Иуафон куы уыди — дуар ныххости, Дзиго сє размє худгє єрхызти. — Цом-ма, Дзиго, дєлє Мєздєгмє, Мєздєггаг мєнєу хєрынмє сласєм. — Єз дєн нанайєн йє фыццаг зєнєг, Уый та у мєнєн ме схъомылгєнєг. Кєд мын уый зєгъа, фєцу мєнєумє, Уєд уєм зындзынєн Мєздєджы хидмє. Цєй-ма, нана, єз та цы кєнон, — Уарзон ємгєрттє цєуынц мєнєумє? — Нана, дє фєхъхъау, мєнєу нє хєры, Ды дє йє дарєг, дєуыл мєт кєны. — Ауадз мє, нана, єз дєр ысласон Дзаг хоры уєрдон мєнє нє хъєумє, Кєннод зєгъдзысты — азтєй стыр у, Фєлє та нын у єдзєллаг хъєуккаг. — Мыййаг дыл фєндагыл исты єрцєудзєн Ємє дын нана дзєгъєлєй зайдзєн. — Єстыр саулох бєх сє кєрты хъазы, — Бєх балцы цєуын бирє куы уарзы. Уєрдоны бынмє йєхєдєг базылд, Саулох слєууыд, стєй скафыд. Йє хо йє размє ємбєлєг єрхызт, — — Мє иунєг єфсымєр дард балцы цєуы. —
Дзиго єрхєццє Мєздєджы хидмє, — Ує бонтє хорз уа, уарзон ємгєрттє! — Дє хъуыддаг раст уа, єсуадз уал дє бєх Ємє дын цъєх кєрдєгыл фєхиза дзєбєх. Куы схєснаг кєнынц Мєздєджы хидыл, Сызгъєрин мин сом мысайнаг ’вєрынц. Фурды кєронмє чи баленк кєна, — Сызгъєрин мин сом уый хъуамє айса. Дзиго фєрєвдз ис, йє гєрстє ласы, Йє бєх єй зоны, йє фєстє уасы. Дзиго єсмидєг доны уылєнты, Йє рєзгє сонт цард уым куы єрвиты. Кєм цєуынц уєнгтє бынтон єлхъывдєй, Иу хъєр ма фєкодта, стєй фєдєлдон. Дзєгъєлєй баззад йє бєх, йє уєрдон Ємгєртты астєу Мєздєджы хидыл. Доны кєсєгтє — йє мєрддзыгойтє, Доны хъуынатє — йє мєрддзаг дарєс. Доны уылєнтє — йє фєстаг ныхас, Доны къудзитє — йє цырты бєлас. Кєсєджы хуымтє Цєцєнєн кєрдинаг, Дзигойы къабєзтє кєсєгтєн хєринаг. Мєздєджы мєсыг урс дурєй амад, Махєн та Дзиго усгурєй амард. Мєздєджы сєрмє сус дурєй дзєнгєрєг, Чи мын фєуыдзєн нанамє сусєг хъєргєнєг. Радзырдта йсе Алдараты Михел, 62-аздзыд, Нысрфыста йсе Берозты лєппу. 1967 аз, 27 декабрь. Салєгаты Зояйы ємоырдгопдєй. ДЗУЦЦАТЫ ДЗИГО Цом, фєцєуєм далє Мєздєгмє, Гъей, сырх мєнєутє ласынмє. Єнєрай фєуай дє иунєг сомєй! Хєснаг скодтой доны уайыныл. Цы мын дзы кодтай дє иунєг сомєй, Дзуццаты Дзиго?! Фєсмон фєкєнат, мє бирє ємбєлттє. Гъеныр куы ссєуат стыр Хъєдгєронмє, уєд ує фєрсдзысты: «Дзиго нын кєм и?» Къардоны аргъуанєн дурєй дзєнгєрєг, Дзиго бадзуры: «Чи мын фєуыдзєн уалє Хъєдгєронмє хурєй хъєргєнєг, 509
Кєсаг — мєрддзыгой, халон — хъєргєнєг, Денджызы хъуына — мє фєлмєн гобан, доны чызджытє — мє кєнгє хотє. Гъеныр, Хъєдгєрон, мє сидзєр хотє уе уазєг кєнын. Хєрзбонтє раут, єз араст дєн мє фєстаджы бєстєм. Гъеныр мє доны хєйрєджытє куы фєрсой: «Кєцєй нєм фєзындтє, уєларвон хєйрєг?» Уєд сын зєгъдзынєн: — Єз ардєм цєрынмє єрцыдтєн. Доны чызджытє — мє кєнгє хотє. Денджызы кєсєгтє куы ’рбамбырд вєййынц: «Мєнє нєм уєларвєй цы ’ртахти!» Дзуццаты Дзиго ныдздзуры: — Дон мє фєласы, єдзардєй мєлын. Йе ’мбєлттє куы фєрсынц: «Дзиго нын цы фєци?» Йє иунєг хойєн фєзєгъынц йє бирє ємбєлттє: «Далє Мєздєгмє мєнєу ласынмє фєцєуы». Йє иунєг хо ныдздзуры: «Сайгє мє куы кєнут, денджызы ныххауд». Дзиго ныдздзуры: «Цєй зынаргъ у адзалы заманы мадызєнєг єфсымєр! Кєцєй мєм фєзынай, мє иунєг хо. Хєрзбон уал рау, мє иунєг хо». Радзырдта йсе Мырзаганты Тымыгъ. Ныффыстой йє Плиты Харитон семсе Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, папкє 71, ф- 94. ДЗИГОЙЫ ЗАРЄГ Хъєдгєроны фєсивєд куы ’рбамбырд вєййынц, Дзуццаты Дзигомє афтє бадзурынц: — Цєй-ма, Дзиго, єддємє ракєс, Цєуєм Мєздєгмє мєнєу ласынмє. Уєд сєм Дзиго куы рахъєр кєны: — Афтє фєлєуут, мє хорз ємбєлттє, Єз ма мє мадєн хєрзбонтє зєгъон. Мады зєрдє зонєг фєхонынц. Батыхст, мєгуырєг, бакатай кодта. — Цєй-ма, нана, тыхсгє мыл ма кєн, Цєуын Мєздєгмє мєнєу ласынмє. Фен мын фєндагмє нартхоры кєрдзын. Арєвдз кодта нана йє фырты: — Фєндараст, мє хур, дзєбєхєй сыздєх. Быраны былмє ныххєццє вєййынц, Ємгєрттєй чидєр афтє бадзуры: — Чи баленк кєна Терчы фалемє, Уымєн ратдзынєн сызгъєрин иу сом. Гъе уєд сєм Дзиго афтє куы дзуры. 510
— Ує, уаих фєуай, сомєй цы кєнын? Лєгдзинады тыххєй баленк кєндзынєн.— Йєхєдєг, зєгъы, Быраны былєй Йєхи ныззылдта абухгє донмє. Фурды астєумє бєргє бахєццє, Фєлє уым дарддєр йє бон куы нал уыд. Дзиго ма, мєгуыр, куы ныхъхъєр кодта: — Єллєх, ме ’мгєрттє, єнхъєлдєн, сєфын. Єруадзут-ма мєм мєцъы бєндєнтє. Єруагътой йєм мєцъы бєндєнтє, Фєлє йын уый дєр куы ницы баххуыс. Йе ’мбєлттєн Дзиго афтє фєдзєхста: — Куы ссєуат хъєумє, мад ує фєрсдзєни: «Кєм ис мє бєлццон, Дзиго цы фєци?» Зєгъут-иу, дєлє ыстыр Куырттаты, Ыстыр Куырттатєм йє хомє фездєхт. Фєлє уын ууыл куынє баууєнда, Уєд-иу ын зєгъут: «Фєстейы ссєуы». Ууыл дєр та ує куынє ныууадза, Уєд-иу ын зєгъут: «Дон єй фєласы». Жллєху єллєх, мєлын цєй зын у, О, ма байрайат ує иунєг сомєй! Мєнєн мє уарзон куырдуаты баззад, — Чи йєм фєуыдзєн сусєг хъєргєнєг? Гъей, мє бон, нырєй фєстємє Денджызы хъуына уыдзєн мє гобан, Гъей, мє бон, нырєй фєстємє Денджызы уылєн — мє фєлмєн хъєццул. Денджызы урс дур мє баз уыдзєни, Денджызы кєсєгтє — мє бирє мєрддзыгой. Радзырдта ггє Хьыбызты Николай Василийы фырт, раг7гуырди 1900 азы. Ныффыстой йє Бгглаоигпы Б., Тускъаты Л. ємє Хєбєлаты Л. Цєгат Ирыстоны наддзахадон угшверсигпегн, уырыссаг лггтерагнурєгш кафедрєйы архив.
лялшшвшш I о-ло, ло-ло, а-ло-ла! Лєппу фынєй акєна! Єцитт, Гино, ма та уас, Йє баппа йын ма алас. Бауадз фынєй чысылы — Фена дє уый йє фыны. Єцитт, рацахс мыстытє, Мыстытє ’мє уєрццытє! Мысты бахєр дєхєдєг, Уєрццы рахєсс чысылєн! Уый йын баппа дєтдзєни, Гєбыстє йын кєндзєни, Ды дєр семє уыдзынє, Аргъєуттє сыы кєндзынє: Куыд басдєрдтай єхсыртє, Куыд бахордтай гуымбылтє, Царєй фиутє куыд давтай, Фынгєй дзидза куыд ластай, Уєд дє нана куыд ахста, Уисєй дє уый куыд надта! 512
II Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла! Лєппу фынєй акєна. Уєлє хъєндил єруайы, Йє къахдзєфтє нымайы, Ацы хъєндил — хъєндилєг, Йє базыртє — єрттиваг, Йє астєуыл — цыргъ хъама, Йє уєлє та — цъєх цухъхъа. — Кєдєм уайыс, хъєндилєг? — Хохєй уайын быдырмє! — Цємєй цєрыс быдыры? — Сау кєндысєн йє бынєй, Урс кєндысєн йє сєрєй! — Цєргє та дзы кєм кєныс? — Айчы хъузджы — мє хєдзар, Карды комыл — мє фєндаг, Судзины бын — мє дуар. — Цытє хуыйнынц дє фырттє? — Тинтє ємє Тыбылтє. — Цємєй хъазынц дє хуртє? — Тины хъазєн фєрєтєй. Ныццєвынц єй зєвєтєй. Фєрєт арвмє фєхауы, Стъалытє нызгъалы, Арвы дуар ныссєтты. Иухатт гомєй аззадис, Иу сау бєх дзы ракастис. — Чи йын быдта йє къєдзил? — Сырдон быдта, тых быдта. — Уєд Сырдонєн цы загътай? — Ратт мын, Сырдон, дє иу фат... — Мє иу фатєй цы кєныс? — Ме знєгты дзы ныццєгъдон, Дзєбидыр дзы єртулон, — Мє хєлєртты єрхонон! — Дард у, хъєндил, дє фєндаг, Суадз уал махмє дє фєллад! Раздєх уал нєм фысыммє, Ардєм рауай мє хурмє ’Мє йын рахєсс хєрзфынтє! Мєнє хъєндил єрхєццє, Цинєйдзаг у йє зєрдє, — Авдєн узы чысылєн, Кадєг кєны мє хурєн! 33 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 513
III Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла! Ахуысс, айрєз, мє хъєбул! Ахуысс, уалдзєг єрцєудзєн, Урс гєлєбу єртєхдзєн, Мє хур йемє куы хъаздзєн, Гукку, баппа куы хєрдзєн, Бонєй-бонмє куы рєздзєн, Сахъгуырд, домбай куы суыдзєн, Хор, мєнєу нын куы кєндзєн, Не знєгты нын куы сурдзєн!... Гъе, дзыццайы хъєбул, гъе, Бабо кєн дє дзєццытє. Ныффыста сє Туаты Дауыт. Сє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу , 1949\ ф. 289—291. АВДЄНЫ ЗАРЄГ Алолотє, цыцытє, Ахуысс, айрєз, мє хъєбул! Ды мє дарєг уыдзынє. Єцитт, гєды, ма ’рбацу. Ахуысс, ахуысс, афынєй кєн, Алолотє кєн. Урс уєрыкк дын єрбауон, Ує, мє чысыл царды ныв. Хъєлдзєгєй мын схъомыл у, Кєд мє зєрондєй фєдарис. Ахуысс, мє буц дидинєг, Ує, дє нывонд єрбауон, Алоло кєн. Радзырдта йє Калоты Верє. Ныффыста йє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21 — 113, иапкє 12, ф. 132. АВДЄНЫ ЗАРЄГ — А, гєдыла реуа, кєм уыдтє? — Єз мєхєдєг Мєхъєлы. — Мєхъєлы дє цард цємєй уыд? — Иу хєдзармє бауадтєн: Мыст дзы нємыг куы хаста, — Авєр-ма мын, мыст, дє нємыгєй. — Мє нємыгєй та цы кєныс? — Мє хъыбылтєн єй євєрын. — Дє хъыбылтє та цы хуыйнынц? — Тинтє ’мє Тыбылтє, Єндон єхсар быбылтє. Къутуйы фарсыл ємбыд чызг. Йе ’хсєрфарс ын ныцъцъыкк кєн. Фурдєй фурдмє фєхауа. Фурды быны сєрвасєн, — Ай нанайєн сєрвасєн, Нана гукку ракєна, Гукку фыййау ахєра, Фыййау фос рахиза. Фос бирє єхсыр єркєна. Нана фос радуца, Єхсыр гыгы аназа, Уый фєстє дзєбєх афынєй уа. Ныффыста йє Гиоты Иринє, 1959 аз, Орджоникидзе. Йє радзурєг бє- рєг нєу. 514
АВДЄНЫ ЗАРЄГ О, цыцытє, лолотє! Гукку фыййау ахєра, Уєлє хъєндил єруайы, Фыййау кєрдєг єрхєсса, Йє къахдзєфтє нымайы. Кєрдєг хъуг ахєра. — Ацы хъєндил, кєдєм уайыс, О, цыцытє, лолотє! — Єз мєхєдєг къутумє. Хъуг єхсыр радта, Къутуйы фарсмє гыццыл чызг, Єхсыр гєды асдєра, Йе ’хсєрфарс ын ныцъцъыкк кєнон, — Гєды мыст райахса, Фурдєй фурдмє фєхауа. Мыст къуту мауал хєра, Фурды астєу сєрвасєн, Къуту нємыг радта. О, цыцытє, лолотє! О, цыцытє, лолотє! Мєнє нанайєн сєрвасєн, Нємыг карк ахєра, О, цыцытє, лолотє! Карк бєдул радта. Нана гукку ракєна, Радзырдта йє Икъоты Клавдия, 68-аздзыд, Ныффыста йє Бирєгъты Изє. 1970 аз. Цєгат Ирыстоны паддзахадон уииверситет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1970 аз, № 3. АВДЄНЫ ЗАРЄГ Гино, гино, Бирєгъ хъєдєй ракасти, Ма та уас, Уымєй Зєли фєтарсти, Йє баппа йын ма алас. Уынгты дєлємє фєраст и, Єз дурєхсєн нє дарын, Рауай, Зєли, дє гаккєй, Уымєй цъиутє иє марын, Бафсадон дє гагатєй. Радзырдта йє Рємонаты Ф., 76-аздзыд, Ныффыста йє Бибайты М., 1989 аз, Быдыры Дєргъєвс. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. Нал и маммитє, Бегъатє ’мє дугитє, Ахуысс, ахгєн дзєццытє, Дугитє ’мє маммитє. Ло-ло-тє ’мє на-ни-тє. Ахуысс, акєн ло-ло-тє, Ахуысс, ахгєн дзєццытє, Ло-ло-тє ’мє на-ни-тє. Ма тєрс, нал ис бегъатє, Радзырдта йє Плиты Госєда, 78-аздзыд. Ныффыста йє Плиты Зоя, 1968, Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. ДЗЕДЗ ЄМЄ ДЗЕДЗ Дзедз ємє дзедз! — Йє дзыхы та цы хєссы? — Уєлє халон фєтєхы. Дзедз ємє дзедз! Дзедз ємє дзедз! — Йє дзыхы та — хъємпыхал. 515
Дзедз ємє дзедз! — Хъємпыхалєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Ахстон дзы ыскєна, Дзедз ємє дзедз! — Ахстонєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Єйчытє дзы єрєфтауа. Дзедз ємє дзедз! — Єйчытєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Лєппынтє дзы фєуадза. Дзедз ємє дзедз! — Лєппынтєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Хуымєллєгмє сє арвита. Дзедз ємє дзедз! — Хуымєллєгєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Бєгєны дзы фєкєна. Дзедз ємє дзедз! — Бєгєныйє та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Йє лымєнты дзы фєхынца. Дзедз ємє дзедз! — Лымєнтєй та цы кєны? Дзедз ємє дзедз! — Йе знєгты мын фєцєгъда. Дзедз ємє дзедз! Радзырдта йє Кадзєты Надиа Цєргєсы чызг, 25-аздзыд. Ныффыста йє Джыккайты Евгения, 1932 аз, 10 июнь, Тли. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкє 15, ф.807—809. СУВЄЛЛОН АВДЄНИ БЄТГЄЙ ЗАР Булла-булла, буллатє, Дєге-дєге, дєгетє, Нєннє, мє хор, фєгъгъос уо! Уалє хъахъа ратєхуй, Хъахъа нє, фал хъєндел єй. Булла-булла, дєгетє, Минкъи адєм — бєхтєбєл, Берди-дзєгъар — єфсєбєл, Кудзин єхсин — къєлєубєл, Гамакей бєх — бор бєх, Бор бєхи думєг ка бидта, Булла-булла, буллатє, Сирдон бидта, бєх бидта, Къумєлхитє ’й ракодта. Гъо, Сирдон! Гъо, Сирдон! Дє йеу фат мин раттє, Де ’ннє фатєй ци кєнис? Ме ’знєгти фєссорон, Мє хєстєгути єрхонон. Булла-булла, буллатє, Тєрхъос є гъосєй єрласон... Булла-булла, буллатє, Дєге-дєге, дєгетє, Нєннє, мє хор, Улли-уллитє ракєнє... Уартє фєрстє кєртє-кєртє, Єнє фєрстє нивтє-нивтє, Рауай, дєгай, ци рахуєрай, Єстєг хъелєй ке рахуєрай, Мєнєн мє цєф — мє зєнги рагъ, Мє гал дин — косунмє, Мє гъог дин — доцунмє, Мє куй дин — неунмє. Тєрмє-тєрмє гус, Є тємєнтє єрбайгъос, Дє йеу лєхъуєн — хада, Де ’ннє лєхъуєн — мада. Мадє муди фєтуппур уа, Хацъорє-мацъорє урги буни, Хъеуа єма хъеуай гумудза Туайти Туртубий. Радзырдта йє Хъиргъуыты Геуєрги, Уєхъєц, 26 сентябрь, Ныффыста йє Толасты Андрей 1927 аз. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкє 8, ф. 126—127.
ХЪАХЪА Уєлє хъахъа ратєхуй, Къумєлхийтє ’й ракодта; Хъахъа нє, фал хъєнделєг. Бази буни ’й рацавта. Адєм рєнгъєй — бєхтєбєл; — Нарти Сирдон, ує Сирдон! Сирдони къєлєу — єфсєбєл; Дє еу фат мин раттай! Арви дуар байгом єй; — Мє еу фатєй ци кєнис? Уомєй бор бєх рацудєй; Еунєг фат дин цємєн єй? Бор бєх нєй, фал сєнт сурх бєх. — Саг дзи марон, ху марон, Бєхи думєг ка бидта? — Тєрхъос є гъосєй єрласон; Сирдон бидта, тєх бидта, Нанайєн єй гъар кєрцє, Фєразгє 6а ’й нє кодта; Бабайєн 6а е арф ходє. Ныффыста йє Гарданты Михал, 1899 аз, 21 октябрь, Мєхческ. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятиики народного творчества осетин», вып. 2, 1927, ф. 155. УЄЛЄ ХАЛОН ХЪУАХЪ КЄНУЙ! Уєлє халон хъуахъ кєнуй, Єхсинцъє лєдзєг скъуддзаг, Тєгєнай серє туппур кєнуй, Сє куй — фєдагор. Касин серє дингир кєнуй. Се ’фсийнє — лєгагор. Кєлихи каликъо, Сє йедгутє — хъєлєба, Фєрєскъєтти дзєгъєлзад, Сє гєбєт — гєбар-губур! Радзырдта йє Хадаты Данє, Ныффыста йє Толасты Георги. 1927 аз. 5 сентябрь, ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №17, папкє 9, ф. 57. ГАКК-ГАКК - КУЫДЗЫ ГАКК (Сывєллон хыебысы узгєйє) Гакк-гакк — Нє дєттєм, Куыдзы гакк! Бирєгъєн дєр єй Куыдзєн дєр єй Нє дєттєм. Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убєдзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февраль, Хъар- ман-Сындзыхъєу. ГАКК-ГАКК ~ КУЫДЗЫ ГАКК Гакк-гакк — Гакк-гакк — Куыдзы гакк! Куыдзы гакк, Куыдзєн дєр єй Куыдзы гакк єй Нє дєттєм, Ма хонут! Бирєгъєн дєр єй Хохы сєрты йє гєпп у, Нє дєттєм. Быдыры та — йє тъєбєртт, 517
Фурды былты — йє уайєн Хуры цєстмє Арвы кєрон йє гуыртт-гуыртт. Куы разынд, Гакк-гакк, Мє хъєбысєй Гыццыл гакк, Єрзєбул. Радзырдта йє Плиты Госєда, 78-аздзыд, Ныффыста йє Плиты Зоя. 1968 аз, Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. КУЙИ ГАККЄ Дєхе гаккє, дєхе гаккє! Тъупп-тъупи кєнєд єгасєй. Куйєн дєр єй нє дєттєн, Дєхе фєндон єдасєй. Хуар дзи хєсса, мєнєує, Зупп-зупп кєнєд дє гаккє, Царди хуасє е фєууєд! Мєнєуєй ’дзаг уєрмити Медєзгъунст раст нєхемє, Бафєразєд, бафєразєд Хуари уєрми дє гаккє Дєу фєлгъаун є бєсти. Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг иєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, ф. 157. ГОТДЗА Дєге, дєге, дєгеца, Берє цєра нє кадєн. Сузгъєрийнє дє готдза! Хъєртдзигъа ’идзаст — дє цєстє, Зєлдагєй ба дє цаца — Єрвєнведар — дє фєрстє, Налхъут-налмєсти хєтдзє. Айкє ’млигъз ба — дє ростє. Кєрдєг єндои — де ’фсєнбун, Єрсємдухє — дє тухє, Борє болат — де ’хсаргард; Берєгъзєрдє — дє зєрдє, Федар мєсуг — де ’хсєвеуат, Мегъємдзо ’ма уад ’ємуай, Хуєрзидзаг ба дє рєбун; Нивгун уод дє мадєн уай! Сире къела — дє бадєн, Ныффыста йє Гарданты Михал,1899 аз, 21 октябръ, Мєхческ. Йє радзурєг бєрєг нсеу. «Памятники народного творчества осетин», вын. 1927, ф. 157. ЄХСИРИ ЦИГОН КЄМЄН УА? И уорс єхсир кємєн уа? Тєгєнабєл не ’нвєрсуй; Цигонидзаг ка цума? Гъолгун авдєнтє агоруй; Гегєй кизгєн и цигон. Зєрин бєттєнтє амонуй; — Нєннє, мє хор, ыє дєттун: Фест буйнємє нє комуй; Гегєй кизгє ке кєна, Гъиз-гъиз кєнуй ’ма тъифсуй; Фуддєр єзнаг уой кєна: Хуєдцогє цард агоруй; Гъиз-гъиз кєнуй ’ма тъифсуй; Авдєни бєттун нє комуй, Хуєдцогє цард агоруй; ’Ма уотемєй фєтътъєпп єй. Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Памятники народного творчества осетин», вып. 2, 1927, ф. 156. 518
ЗАРЄГ Къулты-къулты фєзылдтєн, Уарыны ’ртах - зєххєн. Сєрвасєн дзы ыссардтон. Зєхх мєнєн - кєрдєджы цъупп, Сєрвасєн та - нанайєн. Кєрдєджы цъупп - хъугєн, Нана мєнєн - гукку, Хъуг мєнєн - єхсыры къус, Гукку — фыййауєн. Єхсыры къус - Гинойєн, Фыййау мєнєн - бурє нєл фыс, Гино мєнєн - цъєх бырєттє, Бурє нєл фыс — Хуыцауєн. Цъєх бырєттє — мыстєн, Хуыцау мєнєн — уарыны ’ртах, Мыст мєнєн — къафетт. Радзырдта йє Габысаты Минкє, 78-аздзыд. Ныффыста йє Гариты С. 1971 аз, Елхот. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив: № 20. О РЕУА — О Реуа, къуылых Реуа, Голладжыдзаг кєрдотє, Кєдєм цєуыс къуылых-къуылых? Голладжыдзаг фєткъуытє, — Цєуын, мє хур, базармє, Гыццыл чызгєн дидитє... Єрхєсдзынєн гагатє, Радзырдта йє Фидараты Никъала Дзагкойы фырт, 72-аздзыд. Ныф- фыста йє Фидараты Изетє. 1969 аз, Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. УЄЛЄ НЄ ХЪУГ ЄРЦЄУЫ — Уєлє нє хъуг єрцєуы. Йє быны та цы бабадт? — Йє быны та Кукуш. — Ды та, Кукуш, кєцон дє? — Єз та мєхєдєг мєхъєлон. — Мєхъєлы та цємєй цардтє? — Урс дзул ємє сау бєгєныйє. — Дє чызджытє та цытє хуындысты? — Тинтє ємє Тыбылтє. Ємбыд чызгєн йе ’хсєрфарс ныцъцъыкк кєн, — Фурдєй фурдмє фєхаудзєн, Ф}фдєй та сєрвасєн рахаудзєн, Сєрвасєн та — нанайєн, Нана та йын — гукку. Гукку та — фыййауєн, Фыййау та йын — бурє нєл фыс. Бурє нєл фыс та — Хуыцауєн, Хуыцау — зєгъы єртах. Зєгъы єртах — уарынєн, 519
Уарын та — зєххєн, Зєхх та — кєрдєджы цъупп, Кєрдєджы цъупп та— хъугєн, Хъуг та — єхсыры бєццон, Бєццон та — (дєркъєй) єфсинєн, Єфсин та дєркъєй-уєркъєй дзыккатє. Радзырдта йє Дзгоггты Крогика, 67-аздзыд. Ныффыста йє Дзгойты Аллє. Елхот. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университеги, уырыссаг лгппературєггы кафедрєггы архггв, 1971 аз, № 12. ЄХСИР КЄМЄН УА? Цєуон-цєуон гъєути размє, Хуцау мєнєн — уариндзєг, Гъєути рази гъун иссерон, Уариндзєг — зєнхєн, Гъуни хурфи — сєрвасєн, Зєнхє мєнєн — кєрдєги халє, Сєрвасєн — нанайєн, Кєрдєги халє — бор гъогєн, Нана мєнєн - гугко, Бор гъог мєнєн - єхсири цигон, Гугко — куйєн, Єхсири цигон — Тєрнайєн, Куй мєнєн — къєбис, Тєрна мєнєн — соги ’ргъон, Къєбис — фиййауєн, Соги ’ргъон — пецєн, Фиййау мєнєн — борє нєл фус, Пец мєнєн — дзоли губорє! Борє нєл фус — Хуцауєн, Радзырдта Иє Хадаты Данє, Ныффыста ггє Толасты Георги. 1927 аз, 5 сентябрь, Уєхъєц. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №17, папкє 2, ф. 57. ЦЄУОН, ЦЄУОН ГЬЄУТИ НАДБЄЛ Цєуон, цєуон гъєути надбєл. Ци ссерон? Саги дзабур — дони тулд, Баделйатє — тоги тулд, Мах нєхуєттє — муди тулд. Ныффыста ггє Собиты Инал, 1895 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИйы архггв, фольклор №11, ианкє 67, ф. 373. АМ ГАЛ ХЫЗТИ (Сывєллоны єнгуылдзтыл амонгєйє) Ам гал хызти, Уый йє сфыхта, Ам дєлємє ратылд. Уый йє байуєрста. Ай йє аргєвста, Амєн хай нє фєци ємє Уый йє бастыгъта, Хъаст кодта,
Хъыллист кодта. Уєлє цары Хъаст кодта, Цєхджын мыст. Хъыллист кодта. Хъыдзы-хъыдзы! Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убєдзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъар- ман- Сындзыхъєу. САЙЄН Ам гал хызти, Хєры, хєры ємє ныттыппыр, — Къуыбырєй ратылди, Хистєр єнгуылдз батахт ємє йє єрбаргєвста. Амонєн єм батахт ємє йын йє царм астыгъта. Дєргъындзєг єм бауад ємє йє фєуєларт кодта. Иинє йєм бауад ємє йє байуєрста. Дзидза ахордтой. Гыццина-быццина куыройы уыд ємє йын дзы ницыуал баззад. Хъаст кодта, хъыллист кодта, Къуыппыты цыди, дзыхъхъыты тылди... Уєлє цары диди — хъыдзы-хъыдзы... Радзырдта г1є Фидараты Никъала Дзагкойы фырт, 72-аздзыд, Ныф- фыста йє Фидараты Изетє. 1969 аз. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. МАДИ ЗАР СУВЄЛЛОНЄН Йеунєг битдзеу пъєр-пъєр єй, Фєууй саулох бєхбєл. Сау саргъ ибєл дардзєнєй, Бєрзонд цулухътє дардзєнєй, Имонау ходє ибєл дардзєнєй, Цохъа ибєл дардзєнєй. Кизгуттє є фєсте кєсдзєыєнцє, Є къахдзєфтєбєл ин уєфстє кєрдун кєндзєнєнцє. Радзырдта йє Хъггргъуыты Геуєрги. Ныффыста йє Толасты Андрегг, 1927 аз, 26 ноябрь. Уєхъєг*,. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор № 15, иапкє 8, ф. 125. ТЄРНА Цице булла, цицетє! Гебенай дєр бахуссуй, Булла цице, хухотє! Цогє цардбєл нє кєуй, Идзаг цигон єхсирєй Сог єргъонєй фєххєссуй; Єз дєтдзєнєн тєрнайєн. Хуєнхаг лєгау - къулдундух: Боститє е нє кєнуй, Фєтєнреу лєг уо, тєрна! 521
Къєскъєсгєнгє соги ’ргъон Е 6а махєн — анзи хахъ, Хускъ бєрзитєй єрхєссє! Хеггонд кєрдзин, гур-гур арт, Соги єргъон — и пецєн, Цєсти рохс ’ма уоди цард. Ныффыста йє Гарданты Михал. 21 октябръ, 1899 аз, Мєхческ. «Памятники нарооного творчества осетгт», выи. 2, Владикавказ, 1927, ф. 156. СУВЄЛЛЄНТТИ ЗАР — Кєми адтє? — Фєрєт ба ци фєцєй? - Касатємє. - Гъєддзаутє ’й фєддавунцє. - Йетє дин ци равардтонцє? - Гъєддзаутє ба ци фєцєнцє? - Карк єма уасєнгє. - Дони фєннайунцє. — Йетє дин ци фєцєнцє? — Дон ба ци фєцєй? — Биндзє сє рахуардта. — Куй єй расдардта. - Биндзє ба ци фєцєй? - Куй 6а ци фєцєй? — Бєласєбєл бабадтєй, — Топп єй рамардта. — Бєласє ба ци фєцєй? — Топп ба ци фєцєй? - Фєрєт єй ракъуєрдта. - Хадзий хункъи ниххаудта. Радзырдта гие Ботъоты Къєрєсе Темурхъаны фырт. Ныффыста йє Гарданты Михал. 1928 аз, 20 мартъи, Чырыстонхъєу.. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 163—6, папкє 50, ф. 38. УЄ, КАРК, КАРК, ЧИ ДЄ ФЄНАДТА? Ує, карк, карк, чи дє фєнадта? — Кєд дын хъуыди, — — Мєкъуылты хицау. Фыддєр дын хъуыди: — Цємєн дє фєнадта? Де ’рагъєй хъихъхъ, — Йє хор ын хордтон, Дє дымєгєй сис. Йє дон ын нозтон. Радзырдта йє Дзгойты Крогика, 67-аздзыд, Ныффыста йє Дзгойты Аллє. 1971 аз, Елхот. Цєгат Ирыстоиы иаддзахадон университет, уырыссаг литературєгш кафедрєгЫ архив, №12. ХЪУЫФФЫ, ХЪУЫФФЫ, ЧИ ДЄ? — Хъуыффы, хъуыффы! — Уєлє къусчы. — Чи дє? — Къусчы нал ис. — Фєндаггон. — Цы фєци? — Кєм уыдтє? — Гєды йє ахордта. — Єлдаратєм. — Гєды цы фєци? — Цы сєм хордтай? — Бєласы сєр. — Карчы фыд. — Бєлас кєм и? — Мєнєн та? — Фєрєт єй акалдта.
Фєрєт кєм и? — Бирєгъ цы фєци? Хъєддзаутєм. — Топп єй амардта. Хъєддзаутє цы фесты? — Топп цы фєци? Дон сє аласта. — Єнтыды ныххауди. Дон цы фєци? — Єнтыд цы фєци? Куыдз єй асдєрдта. — Сєгъ єй ахордта. Куыдз цы фєци? — Сєгъ цы фєци? Бирєгъ єй ахордта. — Хъєдмє алыгъди. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. Йє радзурєг бєрєг нєу. АВД ХОЙЫ - СТЪАЛЫТЄ У ма єнафон, Цицц, Арвы астєу ма Уєрдахъ, Авд хойы кафынц: Дєдєкк, Аззє, Уєдєкк, Уырыззє, Уыдон кєстєр — Къєбєда. Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убєдзы чызг, 65аздзыд. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъар- ман-Сындзыхъєу. ЗЄРВАТЫЧЧЫ УАСТ Ус — дыууєхєрдон. Лєг — иухєрдон. Кєд мєнг зєгъын, Уєд куыройы єргъєсчы астєу Мє сєр — цъи-и-ст. Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убседзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъар- ман-Сындзыхъєу. СЕДЗЄРТИ ХОР Седзєрти хор, Мах уарунєй, Тагъд ракєсє! Цъифєй тєрсєн... Мах, мєгуртє, Єрра халон, Тухстєй мєлєн... Еу ратєхє. — Мах, седзєртє, Мах нє цъифтє Дєумє бєллєн!» Дєуєн дєттєн. Хор-зєрийнє, Дє сортємє Дєуєн цєрєн! Хицє кєнєн. Ныффыста йє Гарданты Михал. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор ЛЄ 164—1, папкє 51, ф. 79. 523
ЄРТАЙГЄЙ САБИТЄ ЗАРУНЦЄ: О, хор, ракєсє, — Цъеути мадє Сєйгє кєнуй. Нєуєг ностє Кєрдзин кєнуй. Зєронд нана Къумєл цєгъдуй. II О, халон, Дє сортє мєн, Гъомбєл кизгє Къумтє сєрфуй. Мах, седзєрти, Єфсадунцє, Єфсес цард нин Аразунцє. Мє цъифтє Дєу! Ныффыста йє Гарданты Михал, 1920 аз, 9 июнь, Владикавказ. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 164—1, напкє 51, ф. 80. РАКЄС, ХУР! Ує, нє хур, ракєс! Уады дымдєй ма тєрс, Уымєн йє тых саст у, Сау къєдзєхмє баст у. Абон цъиутє сє чындзы Уєллаг хъєдмє куы хєссынц! Кєд єнє дєу ємбисбон Акєсын дєр нє уєндынц! Тєрхъус хъєды ныхъхъус и, Уый йє хуынкъєй нє кєсы. Йє сывєллєттє фєкуыдтой — Хєринаг сын нє хєссы. Мах єнє дєу єнкъардєй Бон-изєрмє фєбадєм. Фєцух вєййєм нє зардєй, Цъєх кєрдєгыл нє хъазєм. Рацу махєн нє цурмє, Радзур махєн ды худгє: Арвыл кєм ис дє фєндаг? Кєм фєуадзыс дє фєллад? Єхсєв фынєй кєм кєныс? Мит, къєвдайы кєм вєййыс? Демє ракєн дє чызджы, Йемє стъалыты рарвит, Мєйы дєр йемє рахонєд. Махимє фєхъазєд, Єрмєст фыдуаг ма уєд! Радзырдта йє Плиты Госєда, 78-аздзыд. Ныффыста йє Плиты Зоя, 1968 аз. Зєронд Бєтєхъойыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. БИЛИЛИУ, БИЛИЛИУ Билилиу, билилиу, Гого, гого, гог рєбунтє. Бодух хъадир — цъєрна-мєрна, Сарти, гєна, Дуує ’рфуги. Пахсаригон курєтгинтє, Задєлески — зєрингурдтє. Гемарамє — фиугунтє, Хъахъхъєдормє —хъєбунтє. О, Гулєр — цємєдес,
Єхсєригин — ує фєдес, Дзинагъамє— уєг цъинг-цъинг Гедигинмє — ує лєу-лєу. — Ой, мєгуртє, уотє лєу-лєу Цємє кєнтє? — Не ’лдартєн єхцєуєн єй. Сау хєрєг син єхсєвєр єй. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор № 46, напкє 3, ф. 21. ЗУИЛАТЄ Ує, зуйла! Зуйла! Хъубадтємє! Зуйла! Єртє кизги! Зуйла! Къєразги размє! Зуйла! Бадунцє! Зуйла! Кєрдунцє! Зуйла! Хуйунцє! Зуйла! Содзини бунмє кєсунцє! Зуйла! Айки хъозгє! Туй сухсун! Ныффыста йє Собиты Инал. 1895 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор №11, напкє 67, ф. 381—382. БИТДЗЕУТИ ГЪЄЗТИТЄ I Агла-догла Єхседєга, Фулундєга, Д загкин-дзу гкин, Агкє, дугкє, Дувєлугкє, II Хъойрагъ-хъу стун, Сагєн ємбал, Фєндаг къурц. Дзидзом, дзєндєл Хъуст. Ныффыста сє Темирати Данел. Сє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-гш архив, фолъклор №14, иапкє 7, ф. 216. III Агла-догла, Хсетка-метка, Дзаджджын-мыдджын, Хойраг, ємбал, Теуа сєрєн-къупп. Радзырдта глє ДзгоГины Сергей, 8-аздзыд, Ныффыстой йє Фидараты Юханє ємє Тамарє К. 1975 аз, Хуымєллєг. Цєгат Ирыстоны наддзахадон универсгинегл, уырыссаг лгииерагнурєйы кафедрєгш архгш, 1975. 525
НЫМАИЄНТЄ Дыуує- дыуує дыууадєс. Аккє-дыккє дывалыккє, Кєд дыууадєс не скєнон, — Дзантемыртєм — Дзандар, Кард дєу, фыд мєн. Дзибо — хъист. Радзырдта сє Балиты Наташє Даиелы чызг, 69-аздзыд, ныффыста йє Гариты С.1971 аз, Елхот, Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєггы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 20. АГЛА-ДОГЛА Агла-догла, Чара-чампохъ, Хленцъи-мленцъи, Дондра-писи — Къуырцц! Радзырдта йє Цєрукъаты Дзерассє. Ныффыста йє Цєрукъаты Алык- сандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февраль, Хъарман-Сындзыхъєу. ДЫЧЪЕ-ДЫЧЪЕ Дычъе-дычъе, Єртє дихы. Дунал-дычъе. Дзєутє-мєутє, Кєфтыры кєфой Хъєууат єхсинбар Рахау-бахау, Ємвєндєй, Хъєнтє-мєнтє, Сагєн — къуырцц! Цопаны сєр — Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убєдзы чызг, 65- аздзыд. Ныффыс- та йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз. 19 февралъ. Хъарман- Сындзыхъєу. АККЄ-ДЫККЄ Аккє-дыккє, Дывалыккє, Зєлгє-зєлгє Зєрингу ырдтє, Пыхсыны куырєтджынтє, Ас-бас — Цъыкк. Радзырдта йє Цєрукъаты Дариа Убєдзы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йє Цєрукъаты Алыксандр Ибрагимы фырт. 1961 аз, 19 февралъ, Хъар- ман-Сындзыхъєу. 526
АКИ-ДУКИ, ГАМАРДЖОБА Аки-Дуки, гамарджоба! Синтъри, унтъри ує уєлгъєдє, Сосхалимє дзугъула-мугъула, Махєн Гигу Калакєй ци ’рхєсдзєнєй? Айки цъєрттєй — кєркдойнєгтє, Дарийєй уин — курєттєгтє, Уорситєй уин — хєдойнєгтє. Ныффыста йє Собиты Инал, 1895 аз, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №11, папкє 67, ф. 375. ТАЛА, ТАЛА, ТУРТУНДЕК Тала, тала, Туртундек, Соггєнє Къєлєбек, Гадзи халон — Милазон, Уой дугъуна — къумєлгъос, Атє мємє єрбайгъосє: Мє еу лєппо — Хаду, Ме ’ннє лєппо —Хадємускъє. Ныффыста йє Собиты Ииал, 8 октябръ, 1895 аз, Чырыстогсхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №11, паикє 67, ф. 368.
ддряц; ПнпТ^^^^ШыТнТн^*^ ьШШ^у^Ш 2тг-^сЖ^ У ( 0 1 хЩШеШ| ^ЩТГТЬуУта СЫРДОН ЄМЄ ЙЄ ХЪУГ дєм сє бєхты дугъмє арвыстой. Уыдысты Нартєй. Сырдон дєр дын йє хъугыл саргъ авєрдта. Цы ми кєныс, зєгъгє йє бафарстой Нарты адєм. — Єз ацы хъуджы ахємєй зонын, ємє йє фондз ємє ссєдз бєхы дєр нє раййафдзысты. Радзырдта йсе Гєлуаты Асиат Ладийы чызг, 60-аздзыд. Ныффыста йє Гєлуаты Маргаритє Павелы чызг. 1976 аз, Комгєрон. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1976 аз. СИРДОН ЄМА ЦАРВИ ГЪОСИН Сирдон кєцєйдєр хаста царви гъосин єма ’й гъудєй бацєуа нарєг хедбєл дони сєрти. Тарстєй, ку фєккеон єма єд царви гъосин ку рахауон, зєгъгє, єма искувта Хуцаумє: — Хуцау, бамєервєзун кєнє аци хедбєл єма дин кувд искєндзєнєн. Цидєр адтєй, нарєг хъєдєбєл Сирдон єнє фидбилизєй баервазтєй єма, куддєр феордєг єй, отє 6а дзоруй: 528
— Мадта дє єнє кувд уадзун? Бангъєл кєсє, кувд дин кєндзєнєн, ду еу раст иуарис цард, єма... Отє куд исзагъта, отє 6а є къах дорбєл бакъуєрдта єма є царви гъосин рамор єй, єма царв никкалдєй. Сирдон бахудтєй єма отє зєгъуй Хуцауєн: Ци гъєла дє, ци, гириз дєр ка нє зонуй. Єз ба дє зундгиндєр єнгъєл ку адтєн. ЦИГСИИ-йы архив. СИРДОН Сирдони биццеутє схъурмє кодтонцє, дє гъог нивгєрдє, зєгъгє. Ма ’й нивгарста, удта ’й фицун дєр кодтонцє. Сєхуєдтє ба єртайунмє рандєнцє, сє дарєс ба Сирдони рази ниууагътонцє, е ба син сє басугъта. Ку ’рцудєнцє, уєдта ’й бафарстонцє, цємє сє басугътай, зєгъгє. ’Ма син загъта: «Цємєн ує гъє- унцє, уєддєр исон дуйне ихєлдзєй». Е 6а, биццеутє ин уотє загътонцє, исон, зєгъгє, дуйне ихєлдзєй, ’ма дє гъог нивгєрдє. Радзырдта йє Гуєздєрты Тамарє, 68-аздзыд. Ныффыспюй йє Биче- рахгпы Ларисє Константины чызг ємє Гуєздєрты Людмилє Махар- беджы чызг. 1976 аз, 11 июль, Цыкола Цєгат Ирыстоиы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы каедрєйы архив, 1977 аз, № 61. СЫРДОНЫ АГ Сырдонєн, зєгъы, йє сыхагмє уыдис хорз єрхуы аг. Уыцы аг куырдта Сырдон йє сыхагєй, ємє йын єй нє радта; єлхєдта йын єй, фєлє йын єй уєй дєр нє ракрдта. Уєд Сырдон иухатт йє сыхагєй ракуырдта уыцы аг бєгєны кєнынмє. Йєхєдєг балхєдта иу чысыл єрхуы аг ємє йє цасдєр рєстєджы фєстє бахаста сыхагєн йе стыр агимє. — Ацы чысыл аг та кєй у? — бафарста сыхаг. — Дєу, мє хур, дєу, — дзуапп радта Сырдон. — Дє аг дын сывєрджынєй ахастон. Мє хєдзары дын ныззадис ємє дын єй єд лєппын схастон. Сыхаг айста чысыл аг дєр цингєнгєйє. Уєд та йын Сырдон афєдзы фєстє йє аг бацагуырдта. Єнєзивєг та йє авєрдта сыхаг ємє загъта Сырдонєн: — Єцєг та, єнхъєлдєн, сывєрджын у, ємє йын йє лєппыны мацы фєкєн. — Мєнмє йын ницы тас у, — загъта Сырдон ємє аг ахаста. Бирє бонтє рацыд, ємє Сырдон аг нал хєссы. Уєд єй иу хатт сыхаг фєрсы: — Дє хорзєхєй, Сырдон, уыцы аг цєуылнє схєссыс? — Хъєр дєр дын єй нє уєндын, фєлє рухсаг уєд дє аг. Сывєрджын та уыдис ємє аргє-арын амардис. Афтємєй аг Сырдонєн баззадис. Ныффыста йє Мамсыраты Дєбе. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 462. 34 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 529
СЫРДОНЫ ХЄРЄГ Иухатт, дын, зєгъы, Сырдонмє йє сыхєгтєй иу бацыд хєрєггур. — Дє хєрєг мын авєр, Сырдон, — загъта, — кєд дзы дєхєдєг ницы кусыс, уєд. — Уєуу, фєлтау мє мард куы федтаис ємє мєм чысыл раздєр куы ’рбацыда- ис... Дє хєдразєй йыл нє лєппу суг хєссынмє ацыд хъєдмє. Уыцы ныхас куыддєр загъта Сырдон, афтє йє хєрєг скъєтєй ныууасыдис. — Худинаг дын нєу, Сырдон, — зєгъы сыхаг, — дє хєрєг скъєты уєвгєйє, єфсон кєй кєныс, уый? — Ємє йє цємєй зоныс, скъєты ис, уый? — Уєртє йын йє з^асын нє хъусын? — Нє, фєлє худинаг дєуєн у, мєныл чи не ’ууєнды, фєлє хєрєгыл чи баууєндыдис. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 458. УЄДДЄР СЄ КУЫ НИЦЫ КУСЫС!.. Уастырджийы кувєндон бєласы єхцатыл иу лєг фєцагъуыди ємє сє єнцад- гай хаста. Бєласмє-иу куы схєццє, уєд-иу худайстєй дзурын байдыдта: — Уастырджи, бахатыр мын кєн! Єфстаугур та дєм ссыдтєн. Тынг єхца- хъуаг та дєн. Бауырнєд дє, ныр єнєхъєн къуыри тамакойы хъєстє нє фєдєн, иннє ахєм хєдзар алыздыгєй єдзєллаг. Куыддєр мєм искєцєй исты єрєфта, афтє дын сє бафиддзынєн, уєддєр сє ды куы ницы кусыс! «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин — Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 23. ДЗУАРЄН НОГ ТЄБЄГЪ Иу нуазаг лєг быдыры куывддон бєласы бын адємы фєстє расыгєй баззади, ємє йын йє ног тєбєгъы бєсты зєронд саст тєбєгъ ныууагъдєуыди. Лєгєн уый фєхъыг и, тєбєгъ фелвєста ємє куывддон бєласмє дзуры: — Нє кадджын дзуар, дє рын бахєрон! Ай цы диссаг у? Єз дын алы аз ног тєбєгъ куы єлхєнын, рєсугъд чъиритє дын дзы куы хєссын, уєрыччы дзєбєх дын куы ’ргєвдын, афтємєй мын алы хатт дєр мє ног тєбєгъ куы ивынц!.. Уєд, кєд ды дзуар дє ємє исты ємбарыс, уєд сын исты цєуылнє кєныс? Уыцы хуызєнєй тєбєгъ дард фєхаста, бєласыл єй ныццавта, ємє нып- пырх и. — Уєдємє, ды дзуар дєр нє дє, ємбаргє дєр ницы кєныс!.. Абонєй фєс- тємє дын кувгє дєр нал кєнын, цєугє дєр — нал. Ды — дєхи, єз — мєхи! «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин — Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 49. 530
ЄХСИДАВЄЙ АРГЪУЫД Иу лєгєн йє фыд амарди. Ныгєнын афон сауджынмє арвыстой, ємє єрєгмє цыди. Уєд фырт фємєсты, марды кєртмє рахєссын кодта, йєхєдєг дынджыр єхсидав судзгє рахаста, марды алыварс єртє зылды єркодта ємє дзуры: — Рухсаг у, мє фыд! Сауджын дєр дыл уымєй хуыздєр нє саргъуыдтаид, кєд дє уыцы аргъуыдєй мєрдтє сєхимє нє уадзой, уєд мєнє дє хєдзар конд, ємє-иу фєстємє рацу!.. «Ирон хъселдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлнн — Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 11. ХЄРЄГ Хєххон лєгєн йє хєрєг былєй ахауди, ємє йын сыхбєстє тєфєрфєстє кодтой: — Хуыцау та дын хуыздєр фостє раттєд! Уєд хєрєджы хицау дзуры: — Нє зонын, єз цы Хуыцауы зонын, уый мын єнє фынддєс сомы хєрєг ратта... «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 21. САУДЖЫНЫ САХАТ Аргъуаны, зароба дєттыны агъоммє, сауджын иу лєгыл йє пєлєз єрємбєрзта ємє йє фєрсы йє тєригъєдтєй. Лєг йє бынєй сауджыны дзыппы сахатмє фєкомкоммє ємє йє фелвєста. Сауджыи фєрсы: — Цы тєригъєдтє ракодтай? Уый йєм дзуры: — Цы зонын, иухатт иу сауджыны сахат адавтон, єндєр тєригъєдєй ницы зонын. Уєд сауджын бакуывта: — Уєдє дын єй Хуыцау бахатыр кєнєд! «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбнсєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 31. РЄСУГЬД БЄХ Иу хъєуы астєу, ныхасы, бирє адєм бадынц. Уалынмє уынджы иу барєг єрцєуы. — Уый бєх у, уый! — дзурынц кєрєдзимє адєм.— Цы хорз цыд ын ис, цы! Куыд рєсугъд у! Уєд сєм сє астєуєй куырм лєг дзуры: 531
— Гъе, йє бындар фєци, єниу цы нард у, цы! — Ау, ємє йє ды та цємєй уыныс? — сдис ыл кодтой адєм. Уєд сєм уый дзуры: — Уый нард куынє уаид, уєд рєсугъд дєр нє уаид. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин— Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 12. ХОРДЗЕНДЖЫН Иу лєг, уєтєрмє кєрдзынтє хордзенты фєцєйхєсгєйє, фєндагыл кєйдєр уєрдоны абадти ємє хордзентє йе уєхскыл дары. Уєд єй уєрдоны хицау фєрсы: — Дє хордзентє уєрдоны цєуылнє єрєвєрыс, хорз лєг? Уый йєм дзуры: — Нє, мє хур, уєд дє бєхєн єгєр уєззау уыдзєн. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 14. БИРЄГЪТЄ Иу мєгуыр усы хъуджы быдыры бирєгътє аргєвстой ємє йє фєйнєрдєм ивазынц. Ус сєм, йє рустє тонгєйє, дардєй кєсы, стєй йє бон куы базыдта, уєд хъєумє кєугє єрбацыди ємє ныхас кєны: — Бирєгътє дєр ємхуызон не сты, нє: мєгуыры фарс чи хєцы, ахємтє дєр дзы ис. Дыуує бирєгъы дзы сє уды къубал скъуыдтой, ме ’рдєм єй иннє 6и- рєгъты дзыхєй ластой. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 15. ФЫСЫМ ЄМЄ УАЗЄГ Иу лєг уазєгуаты хєргє-хєрын ферхєцыди, ємє йє уыцы сахат фысым фєрсы: — Уєдє ма ныр цал єфсымєры стут? Уый йєм, ныхъхъуырдтытєгєнгє, тыхамєлттєй дзуры: — Кєд ма єз фервєзон, уєд ма єртє, хъєлєкк, стєм. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 20. УДЄГАСЄЙ КЄУИНЄГТЄ Иу хъєуы уынгты, зєгъы, иухатт фєцєйцыдис иу фєсхохаг. Кєсы фєсхо- хаг, ємє иу кєрты дуармє мєрддзыгой лєууынц. «Хєрнєг дзы єнє уєвгє нє уыдзєн ємє мє кєд ацы єххормагєй хорз фениккой, цєй ємє сєм кєугє бацєуон», — ахъуыды кодта йєхинымєр. 532
Ныххєццє, зєгъы, мєрддзыгой кєм лєууыдысты, уыцы дуармє. Кєугє ба- цєуынмє хъавы, фєлє кєсы, ємє дыуує сыхаджы єхсєн нєй кау быд, ємє дзы мард кєцы хєдзары ис, уый бєрєг нєй. «Єнхъєлдєн, уєллаг хєдзары ис», — загъта йєхинымєр ємє кєугє бацы- дис уєллаг хєдзармє. Уєд уыцы хєдзарєн сє чындз йє размє рауад ємє дзуры: — Махмє нє, махмє, дєллєгтєм хъєуы кєугє цєуын. — Єз уал сымахыл кєуын, уе ’хсєны кау сбийын чи нє фєразы, сымах кєуинагдєр стут, стєй та уырдєм дєр хєццє кєндзынєн. Ныффыста йє Мамсыраты Дєбе. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 459. МЄРДТЄМ ХУЫН Уыдис зымєгон хъызт бон. Уыцы бон иу мєгуыр лєг уазалєй ныккука, аф- тємєй фєцєйцыдис уынгты. Уынджы йє размє фєцис иу сєрхъєндзєф ус ємє йє сонт фарст акодта: — Мєгуыр лєг, кєдєм цєуыс, кє? Мєгуыр лєгєн усы сонт фарст хъыг уыдис ємє йын дзуапп радта: — Мєрдтєм цєуын. — Ємє уєд цєугє та кєцєй кєныс? — Мєрдтєй, — дзуапп радта лєг. — Уєдє цымє мах лєджы нє федтаис? Уый дєр мєрдты ис. — Куыннє йє федтон? Дзєнєты иумє цардыстєм. — Гъы, мє бон, ємє дзы цы хабєрттє ис? — Тынг уазал рєстєг дзы скодта ємє уымєй тыхсєм, єндєр хорз у. — Нє лєгєн ам хорз уєлдзєртты кєрц баззад. Дє хорзєхєй, ма фєзивєг кєн ємє йын єй ахєсс! — Цєуылнє йє ахєсдзынєн! Марадз, рахєсс єй! Мєгуыр лєг райста уєлдзєртты кєрц ємє йє афардєг кодта. Уалынмє усєн йє фырт кєцєйдєр балцєй єрцыд, ємє йын ус кєрцы арвысты хабар аппєлыдис. Гъєтт, єнхъєлдєн, ємє дє чидєр фєсайдта, зєгъгє, лєппу фєстємє йє бєхыл абадт ємє мєгуыр лєджы асырдта. Мєгуыр лєг бєхы къєхты хъєр куы фехъуыста, уєд ын цы базонын хъуыд, кєй йє расурынц, уый. Кєрц фєсвєд єрєвєрдта, йєхєдєг фєндаджы был єрбадт. Уалынмє йє лєппу єрбаййєфта ємє йє фєрсы: — Хорз лєг, ам кєрц чи хаста, ахєм лєг нє федтай? — Нє федтон, дє рын бахєрон. Марадз, уєлє бєласы сєрєй акєс ємє кєд искуы фєцєйцєуа, уєд дєм зындзєн. — Дє хорзєхєй, уєдє мын мє бєхыл фєхєц,— зєгъгє, лєппу йє бєх лєгмє радта, йєхєдєг бєласмє схызт. Мєгуыр лєг кєрц фелвєста, бєхыл абадт ємє адымдта. Лєппу єнкъардєй єрыздєхт єнє бєхєй, ємє йє мад фєрсы: — Цєй єнкъард дє, лєппу? Цы фєцис бєх! — Дардмє цєуын, дам, нє фєхъєуы дзєнєты, зєгъы уыцы лєг, ємє дє мойєн йє бєх дєр арвыстон. Єнкъард та ууыл дєн, ємє ма йын кєд исты арвитын хъуыд ємє йын нє арвыстам. Ныффыста йє Мамсыраты Дєбе. Йє радзурєг бєрєг нєу. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 461—462. 533
ЧИ КЄЙ АСАЙА Єппєт бєстєтыл дєр хъуыстис хабар, фєсхохы, дам, ис ахєм сайєгой, ємє йыл ничима фєтых ис. Уыцы хабар хъуыстой иннє сайєгойтє дєр. Уєд иуахє- мы дєсныдєр сайєгойтєй иу йєхи срєвдз кодта, къуырийы холлаг йемє райста ємє цєуынтє райдыдта фєсхохы хъєумє. Цас фєцыдаид, чи зоны; йє дза- быртє хєхтыл баихсыдысты, йє уєлєдарєс ныппырх, йє хєринєгтє фесты, афтємєй фєцєйхєццє кодта сайєгойы хъєумє. Бынтон куы ’рбаввахс, уєд ставд уарыны єртєхтє хаз^ын байдыдта. Ныр кєй бафєрса йє фысымы хєдзарєй? Кєсы, ємє дын уєлє доны был иу євзонг чызг дзаумєттє єхсы: — Зєгъ-ма, хорз чызг, ам сайєгойы хєдзар кєцы ран ис? Чызг йє куыст фєуагъта, фєндаггонмє сєрєй-бынмє єркєстытє кодта, стєй йын афтє зєгъы: — Ам нєй, арв ємпъузынмє ацыди. Фєндаггон джихєй баззад. Уєд та чызг йе ’хсын фєуагъта ємє йєм дзуры: — Цєуыл ныджджих дє, мєнє хорз лєг, уарын нє уыныс, уый арв фє- хуынкъ ис, ємє уый ємпъузынмє ацыдис. «Гъей, гъей, — зєгъгє, ахъуыды кодта бєлццон, — сє сывєллєттє афтє дзуапджын кємєн сты, уыдонєн ма уагєр сє сайєгой цы уыдзєн!..» — ємє фєстємє фєзылд. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. Йсе радзурєг бєрєг пєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 223’, папкє 13, ф. 51. САЙЄГОЙ Ирыстоны єппєт хъєутыл дєр айхъуыст иу сайєгойы кой. Иу бон дын уыцы сайєгойыл фембєлдис бєлццон. Дардмє йє куы бауыдта фистєгєй цєугєйє, уєд ахъуыды кодта, уєдє ма мєн асайєд, зєгъгє. Уайтагъд барєг ємє сайєгой фембєлдысты, кєрєдзийєн саламтє загътой, стєй фєндаггои йє бєхєй єрхызти ємє йє фєрсы: — Ды, сайєгой кєй фєхонынц, уый дє? — Уый дєн, — загъта сайєгой, — ємє дє цємєн бахъуыд мє сєр? — Дє сєр мє ницємєн бахъуыд, фєлє ма, кєд єцєг сайєгой дє, уєд мєн асай. Сайєгой йєхи хъуыдыгєнєг скодта, стєй тыхстхуызєй загъта: — Бєргє дє бавзарин асайын, фєлє мє сайєн дзаумєттє мемє не сты. — Ууыл ма тыхс, мєнє мє бєхыл абад ємє сє єрбахєццє кєн, стєй уєд равзардзыстєм. — Зын мын уыдзєн дєу асайын, фєлє дє афтє тынг кєм фєнды, уым гєнєн нєй, — загъта сайєгой, бєхыл абадт ємє афардєг, фєндаггон та лєу- гєйє баззад. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 223, папкє, 13, ф. 50—51. 534
ГЄДЫ ЛЄГ Иу гєды лєджы адєм тынг бирє уарзтой, ємє йєм йе ’фсымєр бахєлєг кодта. Иу бон уый дєр гєды ныхас радзурынмє хъавыди. Ныхасмє рацыди ємє дзуры: — Мєнє хорз адєм! Диссаг уын радзурон! Абон хъєды иу саджы фехстон, ємє нємыг кєд сємбєлди йє хъусыл, сыкъайы кєроныл ємє йє фєстаг сєфтє- гыл. Стєй уый фєстє та арвєй къєбылайы рєйын фехъуыстон. Уєд адєм ємхуызонєй схор-хор кодтой, гєды ныхєстє нын ракодтай, зєгъгє. Уалынмє адємы астєуєй йє гєды єфсымєр фестади ємє дзуры: — Ау, ємє уєм уый цас диссаг фєкасти? Саг фєстаг къахєй йє хъус ныхта, ємє йыл нємыг афтємєй сємбєлди. — Ємє арвєй та цєй къєбыла рєйдта? — дзуры адємєй чидєр. — Уый дєр диссаг нєу. Цєргєс кєцєйдєр къєбыла рахаста ємє уый рєйд- та. «Ироп хъєлдзєг пыхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє. Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 25. ТЄВД ЄНТЫД Иу лєг йє сыхаджы скъєтмє изєрдалынджы кєрчытє давынмє бахъуызыди ємє сє хъайвантыл нардєй євзары. Уалынмє хєдзары хицау йє усимє тєвд єнтыды аг, йє тєф калгє, рахєссынц. Давєг алидзын нал бафєрєзта ємє кєвдєсы дєлгоммє ахуыссыди. Лєг ємє ус єнтыды, тагъддєр ауазалы тыххєй, кєвдєсы куы ауагътой, уєд давєгєн йє тєккє бєрзєйыл калд єрцыди. Хуыснєг Хуыцаумє фєхауди ємє хъєр кєны: — Жллєх, басыгъдтєн! Лєг ємє ус фыртарстєй уєлгоммє ахаудысты, бєстє цъєхахст ємє єрдиаг сси. Хуыснєг дудгє, араугє афардєг ис. «Ирон хьєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбнсєндтє». Берлин — Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 51. НОГ ДАВЄГ Иу лєг давджыты цардмє бабєллыди ємє ауєй кодта йє исбон иууылдєр. Ссардта йєхицєн саргъ, бєх, топп ємє араст и євзєргєнджытимє. Ємбисєхсєв иу хєдзармє бацыдысты, ємє сє хєдзары хицау топпєй рагє- рах кодта. Нємыг ног давєджы сєрыл сємбєлди, уєд єм йе ’мбєлтгє фєлєбурдтой ємє йє хъєугєронмє ахєццє кодтой, єрєвєрдтой йє. Иу йє къух цєфы агъыста ємє фєрсы: — Цымє йын йє магъз бахъыгдардтаид, йє магъз? Уєд єм цєф лєг йєхєдєг дзуры: — Нє, уымє кєцєй бахєццє, магъз дзы єппындєр куынє ис. — Ау, уый та куыд? Магъз та дзы куыннє ис? — Нєй, уым магъз куы уаид, уєд мє бындуртє нє ныууєй кодтаин ємє мєнє ацы ран, кєйдєр хъєугєрон, ємбисєхсєв куыдзы мард нє кєнин. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 9. 535
ЕУНЄГ ГАЛ Еу мєгур хєдзарємє адтєй еунєг гал. Еу кєми адтєй, оми ба ’й євгєрдун- вєндє искодтонцє, фал єй сє цєстє нє бауарзта нивгєрдун. Еу єхсєвє ба син єй ниффардєг киндєй. Куд нє фегъенцъун кодтайонцє, фал фесавдєй. Еу бонє ’й є хуарз синхон бахудта хинцунмє, къела сємє н’ адтєй єма ин єхе гали сєр є буни никкодтонцє, є уєле голлагє ємбєрзт, отемєй. Ниуазун байдєдтонцє ’ма хуарз баниуєзтгун єнцє, ємє фусун ракувта: «Кєд дин айфонмє дє гали сєрбєл есге исбадтєй, уєд є хєдзарє фехєлєд». Синхон дєр имє дзоруй: «Ам- менє», — зєгъгє. Отемєй лєги гал фесавдєй. Дє рун, мє рун отє фесєфєд. Радзырдта йє Секъинаты X., 1938 аз, 11 февраль, Сурх Дигорє. ЦИГСИИйы архив, фольклор №16, папкє 10, ф. 135. МОРГУАТЫ БЕКЫЗЄЙЫ МАД Стыр бєрзонд зєроыд ус. Цыди лєдзєджы єнцєйтты. Иу хатт єрбацыди уый сє хъєуы къєнцылармє хъєрзгє-хъєрзгє: «гъа, гъа», йє лєдзєгимє гуыбыр- гуыбыр. Хъєуыхицау єй фєрсы: — Цы кєныс, нана, цы дє хъєуы? — Мєлын дын, мє хур, мєлын! — Ємє ай рынчындон нєу, Дзєуджыхъєумє ацу, ємє дє уым дохтыртє сдзєбєх кєндзысты. Нана йєм дзуры: — Ємє уєм уый тыххєй не ’рбацыдтєн. — Уєдє цємєн? — Иу гєххєтты гєбаз мын мє къухы авєрут. — Цавєр гєххєтт? — Мєрдты куы дзурон, Хуымєллєгєй хуыздєрєй хуыздєрмє чи фємард, уыцы Болат, уыцы Хъудзєг, уыцы Абаци, уыцы Тепсыр, — гъе уыдонєн, — Хуы- мєллєджы старсинтє ємє памосничытє сысты Бердыхъоны фырт, Джыгурхоры фырт, уєд мын зєгъдзысты: «Нє, зєронд гєды, уый та куыд уыдзєни, сайгє нє кєныс? » Єрмєст-иу ує гєххєтты мыхуыр єрєвєрын дєр ма ферох кєнут, кєн- нод гєххєттыл дєр куынє баууєндой. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47— 16, иапкє 24. ДЫУУЄ ЧЪЫНДЫЙЫ Дыуує лєгєн сє чъындыйы кой адємыл айхъуысти. Иу єхсєв дзы иу ин- нємє єрфысым кодта, ємє цырагъы рухсмє бадынц, кєрєдзийєн сє хъєстытє кєнынц. Фысым дзуры. — Гъеныр нє рухс цємєн хъєуы? Уєлдай фєлхас цєуыл кєнєм? — ємє цырагъ ахуыссын кодта. Уєд уалынмє талынджы уазєгєн йе змєлын цєуы, ємє йє фысым фєрсы: — Цы ми кєныс, цы, мє буц уазєг? Уый йєм дзуры: 536
— Мєнє мє хєлаф ласын, талынджы мє цємєн хъєуы, бандоныл ихсийы, єндєр. <<Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин — Дзєу- джыхъєу, 1924. зыд Куыдз доны сєрты хидыл йє дзыхы стєг фєцєйхаста, ємє доны йє аууон ауыдта. Уымєй афтє, єндєр куыдз у, фырзыдєй йыл йєхи ныппєрста, уымєн дєр йе стєг байсон, зєгъгє. Доны бын йє аууоны комкоммє цыргъ дур хъил лєууыд, ємє йыл йє ных бакъуырдта ємє уым єд стєг ныммарди. ТехЬез 055еЬе5, гесиИШ раг АгИгиг Зкгг^Ье^еп КоЬепкапи, 1921, ф. 22. КЪУТУ НАЛ СБЫДТА Уєд, зєгъы, иу лєг къуту быдта, нє фыды, дам, дзы сєвєрдзынєн ємє йє хохєй ратулдзынєн. Уєддєр базєронд ис ємє ма, дам, дзы цы кєнєм. Уєд фырты йє фырт фєрсы: — Баба, цємєн дє хъєуы уыцы къуту? — Мєнє мє фыд базєронд, ємє дзы уый хохєй ратулдзыстєм. Уєд єм йє фырт дзуры: — Уєдє мах дєр райсом хъєдмє цєуєм уистє кєнынмє. Тєскъ дзы сбий- дзыстєм, ємє дзы мах та дєу ратулдзыстєм. Уыйадыл лєг йє къуту бийын ныууагъта. Радзырдта йє Гайты Игнат Сергийы фырт, 44-аздзыд. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия. 1960 аз, 23 июлъ, Калачы хъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 286, напкє 117, ф. 143. КЄД МЄНЫЛ КЄУЫС! Фєсхохы иу ус йє чызджы чындзы єрвитгєйє тынг куыдта, ємє йє сиахс фєрсы: — Ує, деда! Дє мады мєрдтыстєн, цємєн кєуыс? — Куыннє кєуон! — дзуры ус, — чызг фєхастон ємє йє ды хєссыс. Уєд єм сиахс дзуры: — Нє фєлє кєд дє чызг нє бєззы, ємє мє тєригъєдєй кєуыс? <<Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлии—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 36. ЄМЄ БЄХЄЙ ДЄР ХУЫМЄТЄДЖЫ БЄХ УЫДИ? Уєрєсейы иу стыр сахары єртє ’фсымєры ємє сє хєрєфырт, фыдзондго- мау, иумє цардысты. Иухатт сєхицєй гєххєтт райстой, сє цыппєрєм єфсымєр Хємєты уєззау рынчыны хабар. Єфсымєртє ууыл фенкъард сты ємє сє зєрдє тынг єхсайдта. 537
Къорд бонты фєстє єфсымєртє бадынц сєхимє, уалынмє кєуыны хъєр сє хъустыл єрцыди. Уєд дзы иу рауад єддємє, кєсы, ємє сє хєрєфырт кєрты дуарєй хъєрєй кєугє єрбацєуы. — Цы хабар у? Цы кодтам? — зєгъгє, ма сдзырдта, стєй уый дєр ныббогъ ласта. Иннє дыуує разгъордтой сє уєрджытє хойгє. Бєстє єрдиаг сси, цыппар дєр кєуынц. Иухатт хєрєфырт йє куыд фєурєдта ємє дз}фы: — Ємє бєхєй дєр хуымєтєджы бєх уыди?! Сымахты-йедты бєхты хуызєн уыди?! — ємє та ныккуыдта. Уєд єфсымєртєй иу йє куыдєй фєсабыр ємє йє фєрсы: — Уый та цєй бєхы кой кєныс? Чи дын дзырдта Хємєты мард? Хєрєфырт ницы дзуры. — Чи дын дзырдта? Єви?.. Уєд та йєм уый дзуры: — Мєнє нєхицєй гєххєтт райстон, Хємєт дзєбєхдєр у, фєлє нє бєх амарди. — Ау, уєдє нє бєхы тыххєй фєкєуын кодта? — смєсты сты єфсымєртє. Хорз над ын скодтой. «Ирон хъєлдзєг ныхєстє ємє фыдєлты ємбисєндтє». Берлин—Дзєу- джыхъєу, 1924, ф. 14. ЄФСИНЫ МЄТ Иу лєг єрцахста кєсєгтє. Єрхаста сє ’мє дзуры йє усмє: — Гъа, єфсин, марадз, ємє мєнє ацы кєсєгтє ахс ємє сє афыц! — Ємє сє цєрєнбонты иууыл доны куы вєййынц, уєд ма сыл єз та дзєгъє- лы мє дон цы хардз кєнон?.. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47—16, папкє 24, ф. 200. ЗИВЄГГЄНАГ ЦОТ Фыдєн уыди єртє фырты. Ємє райсомєй уєлємє не стадысты. Афтємєй єдзух тамако дымдтой. Уєд фыд райсомєй хъєр кєны. — Уєлємє сыстут, мєнє тамако єруарыди. Ємє йєм фырттє дзурынц: — Халамєрзєн райс ємє йє рамбырд кєн! Радзырдта йє Гайты Игнат Сергийы фырт, 44-аздзыд. Ныффыста йє Цагъаты Анастасия, 1960 аз, 23 июль ,Калачы хъєу. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 286, напкє 117, ф. 143. ЗИВЄГГЄНАГ ФЫРТТЄ (Вариант) Зєрємєджы иу лєгєн авд фырты уыди ємє зивєггєнаг уыдысты, хуыссын бирє уарзтой. Фыд ма сын цы кодтаид, уый нал зыдта, уєд ахъуыды кодта ємє сєм дзуры: 538
— Далє Къахырты иу лєг єрбацєйуади, райсомєй раджы сыстад ємє сом ссардта. Фырттєй йын иу афтє зєгъы: — Уый, уымєй размє чи сыстади, уымєй ахаудта. Радзырдта йсе Гайты Игнат Сергийы фырт, 44-аздзыд. Ныффыста йсе Цагъаты Анастасия. 1960 аз, 23 июль, Калачы хъєу. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 286, папксе 117, ф. 141—142. КУЫРМ ЛЄГ, МЄГУЫР ЄМЄ ЄНЄЗЄШТЄ Иу ран бадынц куырм лєг, йє цєргєйє рухсы цъыртт чи никуы федта; мєгуыр, йєхицєн хєдон балхєнынхъом чи нє уыд, ємє єнє зєнгтє лєг ємє нуазынц арахъхъ. Куырм райста агуывзє, йє къух размє адардта ємє афтє зєгъы: — Диссаджы рєсугъд нєу ацы нозт! Уєд ын єнєзєнгтє афтє зєгъы: — Уыцы ныхасмє дын мє зєвєтєй дє гєлдєрєи ахєм цєф фєкєнин!.. Мєгуыр лєг къуылыхы ныхасєн афтє: — Цєв єй, йє мард — мє фиддон. Ныффыста йсе Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календарь», ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47—16, папксе 24, ф. 169. ДУУЄ КЪУРМАЙ Йеу къурмамє адтєй дєс сєгъи єма сє дзєгъєл рауагъта хезунмє. Ку єри- зєрєй, уєдта сємє рандєй агорунмє. Йе они берє фєййагурдта, фал сє нє ирдта. Уєдта йеу хумгєнєг лєгмє бахъєрттєй єма имє дзоруй: Байрайай, хуарз лєг! — Фал Хуцау ой дєр къурма разиннун кодта єма йимє дзоруй: — Аци галтє дєр, лєхъуєи дєр мєхе єнцє. Йе бабєй йимє дзоруй: — Абєлти сєгътє рацєугє некєми фєууидтай? Йе ба дзоруй: — Аци кєндтитє йегурєй дєр, уєдта ма уєртє єнєкєндтитє дєр ’ма уєртє ой уалєнгє мєн єнцє, — зєгъгє йин є къохєй рамудта. Йе отє бангъалдта, ’ма кєд йин є сєгъти оми фєууидта, єма йин йе кумєти баамудта, ордємє уайун байдєдта. Хуцау сєгътє оми разиннун кодта, єма сє иссирдта, йеу сєгъє 6а си къулух разиндтєй, отемєй. Къурма цємєн нє бацийнє кодтайдє є сєгъти ирд- бєл єма разагъта: «Єндзерєггагєн мин йеци лєгєн аци къулух сєгъєн єнє раттун нєййес». — Ємє сєгътє, хуймон к’адтєй, йеци лєгмє тєрунти фєцєй. Ку имє єрбахъєрттєй, уєдта йимє дзоруй: — Хуцау дин раарфє кєнєд, мєнєн мє сєгътє ка баамудта; нур ба дин єндзерєггагєн мєнє аци къулух сєгъє дєттун, — зєгъгє, є къохєй баамудта къулух сєгъємє. Йе дєр йимє дзоруй: — Хуцаукуд, єй єз нє басастон, уєдта дин єй уингє дєр нє фєккодтон єма дин къапек дєр нє бафеддзєнєн. 539
— Хуцаукуд дин єй єнє райсун нєййес єндзерєггагєн омєй бабєй кємєй боз дє уєд? — зєгъгє, бабєй йимє дзоруй, сєгъє ке адтєй, йеци къурма лєг. Отемєй єй йе дєтгє кодта, иннє 6а єй, кєд мин єй федун кєнуй, зєгъгє, конгє нє кодта, єма сє кєрєдзей нємун байдєдтонцє. Уєдта бабєй йимє, сєгъє ке адтєй, йе дзоруй: — Мадта нур а Хуцауи дессаг нєй? Нур дин єз сєгъє ку дєттун, мє сєгътє мин ке баамудтай уой туххєй, уєд єй цємєннє йесис? Иннє дєр хъогъанцє фелваста єма сєгъи сунтєн йеу цєф фєккодта: — Єз дин къапек дєр нє бафеддзєнєн, ой туххєн єма йин є къах єз нє басастон. Нур 6а дєхуєдєг дєр мє разєй рандє о, кенє ба дєуєн дєр мєнє хъогъанцєй дє сунтє нимморє кєндзєнєн, єма отемєй рандє одзєнє уєдта, — єма бабєй кєрєдзебєл ралєудтєнцє єма, хуарз ку фєннадтонцє сє кєрєдзей, уєдта, сєгъє ке адтєй, йе рацудєй єма йимє дзоруй: — Кєд мє нєнгє фєккодтай, уєддєр дин єй уадзгє кєнун єндзерєггагєн. — Хуцаукуд, берєгътє дин єй ку бахуєронцє, уєддєр дин неци бафеддзє- нєн, — зєгъгє-ма йимє радзурдта йе дєр. Ныффыста йсе Гарданты Константии Соломоны фырт, Чырыстонхъєу. Йє радзурєг бєрєг нєу. Дигорские сказания, по записям дигорцев И. Т. Собиева, К. С. Гарданова и С.А. Туккаева с иереводом и примечаниями Всев. Миллера. Труды по воспюковедению, издаваемые лазаревским институпюм Восточных язы- ков, выпуск XI, Москва, 1902, стр. 39—40. ДЗЫРДАРЄХСТ ХОХАГ Иу мєрдты ’хсєв єрцєуы хохаг лєг мєллєг бєхыл бадгє Куйаны уынгты. Ныхас адємєй — йедзаг. Куы йє ауыдтой, уєд кєрєдзимє бакастысты ємє сє мидбылты худгєйє дзурынц кєрєдзимє: —Уый сыгъдєгєй дєр мєрдтєй цєудзєн, йє бєх єгєр фєлмєцыд у. Уалынмє йєм Куйаны хъалтєй иу йєхи хєстєггомау баласта ємє фєрсы: — Ныххатыр кєн, барєг, фєлє ма мах мєрдты кєм фєуагътай? — Уалє ма уым хєрєджы мардыл афєстиат сты, ныртєккє сє ардєм хъєуы, — зєгъгє, загъта хохаг, йєхєдєг йє бєхмє февзыста ємє уынгты дєлємє афардєги. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, «Отрывной калеидарь». ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 47 — 16, папкє 24, ф. 13. ЗОНДДЖЫН ЄДЫЛЫЙЫ ЗЄРДЄМЄ НЄ ЦЄУЫ Рагон ирон зондджын лєг Сем Санибайы комы фєцєйцыди ємє фєндагыл иу лєгыл сємбєлди. — Дє фєндаг раст! — загъта Сем. Уый йєм єрбаздєхти: — Ды Сем дє, адєм зондджын кєй хонынц, уый? Ємє, арфєйєн фєстємє дзуапп раттыны бєсты, Семєн алывыд калын бай- дыдта. 540
Цєуынц иумє. Сем хъусы. Иннє йын алывыд калынєй не ’нцайы. Хъєумє куы баввахс сты, уєд Сем ныллєууыд ємє єлгъитєгєн загъта: — Дє хорзєхєй, цасдєриддєр мє єлгъитинаг дє, уыйас мє ацы ран фел- гъит, кєннод хъєумє куы бахєццє уєм, уєд дыл адєм фєхуддзысты. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной калеидаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор Л^ 47—16, папксе 24, ф. 211. ХОРЗ МЄРДДЗЫГОЙ — Кєдєм цєуыс, Бимбол? — Мардмє цєуын, нє фехъуыстай — уєлє Хъуыдайнат амарди... — Ємє дєлє Елбыздыхъойы фырт дєр куы амарди, сєрєй. — Фехъуыстон єй, бєргє, фєлє Елбыздыхъомє ницы єргєвст ис, адєм дєр дзы уыйас нєй. — Ємє єниу цы аргєвда Елбыздыхъо, кєд йє цъєх куыдз?.. — Хъуыдайнатмє та цы ’ргєвст ис? — Цы та цы хоныс: дыуує стуры, иу фыс, арахъ тынг арєх. Хъєу єгасєй дєр уым сты. — Фєлєуу мєм, уєдє, дє хорзєхєй, мє кард ємє мє лєдзєг радавон. — Хорз, сабыргай цєудзынєн, раййаф-иу мє. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47—16, панкє 24, ф. 49. БАРЗЫХЪЄУЫ ХИСТ Куырттаты комы Барзыхъєуы Джелытє кодтой сє фыдєн єрєгвєззєджы хист. Уыди дзы єргєвст дыуує стуры, дєс фысы, бєгєны дыуує цєджджина- джы, арахъ бирє. Єгас ком єрємбырд сты хист хєрынмє, ємє сє бадт изєрмє ацыд. Фыццаг рєстєджы-иу бадджыты фынгтєй скъєфтой хисты хєйттє. Уыцы изєр фыййєуттєй иукъорд лєппуйы баластой сєхи хистєрты размє, фєлєбурд- той ємє сын сє фынгєй раскъєфтой галы сєр ємє бєрзєй. Сє фєдыл фєфєдис сты, фєлє сє нал баййєфтой. Хистєртє бабунт сты ахєм фыдуагдзинадыл ємє хєцын байдыдтой. Се ’ппєты хистєр карз єлгъыст кодта: — Уый чи уыди, уый мєрдты ацы марды къєхты бын фєсєйєд! Уєд фєстєты йє фырт єрбауад, ємє йын йє хъусы бадзырдта: — Ма єлгъит, Игко, бєрзєй мєнє мєнмє ис. — Ацы мардау фєуєд, уєдє, кой дєр ма йє чи скєна, мауал хєцут, банца- йут, ныууадзут, хєлар сын фєуєнт, уєддєр ма дзы мєнє нє фаг уыдзєн. Бар сєхи нє кєстєртєн. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47—16, папкє 24, ф. 138. ИУ НИЗЄЙ РЫНЧЫНТЄ Рагєй зыдтой сє кєрєдзийы Лексо ємє Фидар. Кєд фєйнє хъєуы цардыс- ты, уєддєр кєрєдзийыл стырзєрдє нє кодтой. Иубон Лексо єрцыди Фидармє ємє йєм куы балєууыди, уєд дистє кєны ємє йє фєрсы: 541
— Дє хорзєхєй, Фидар, цы дыл єрцыди, єгас комы дєуєй хъєздыгдєр куы нє уыди, ныр та, дє хєдзары фєлгєстмє гєсгєйє, дымгємєдардау куы сдє? — Єз дыуує хисты скодтон, фєлє дєуыл та цы ’рцыди, Лексо, цыма дє цъиутє ныттыдтой, уыйау куы дє? — Єз та мє фыртєн ирєд бафыстон. Ныффыста йє Цомайты Хадзырсет, 1926 аз, «Отрывной калепдаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47—16, папксе 24, ф. 174. ЙЄ ФЫРТТЄН ФИДИС НЫУУАГЪТА Раджы Джызєлы уынгты Єлбегаты Кыти фєцєйтардта уєрыччытє уєймє. Уый уыди зєрдєвєрєнмє єввахс. Ныхасы лєгтє йє єрурєдтой, ємє уым йє уєрыччытєй иукъорд фєуєй. Боциты дуармє куы ’рхєццє, уєд йє размє фєци Хъєрєсе ємє йє нал уадзы: «О, Кыти, дє сєныкк мын ратт єртє абазийыл». Уый карз сомытыл схєцыд ємє йын загъта: — Хуыцауыстєн — сомырдєг, асламдєр єй ницєй тыххєй ратдзынєн. Ууыл Кытийы фырттєи абон дєр ма фидис кєнынц: йє сєиыкк єнє сомыр- дєг єртє абазийыл чи нє лєвєрдта, уый фырттє, зєгъгє. Ныффыста йє Цомайты Хадзырсет, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47—16, папкє 24. СЄТТИ ЄМЄ БЄТТИ — Уєд мын амєлай, Тега, кєд ды расыгєй єрра куыдзы хуызєн нє вєййыс! — Уєд мын, Къардо, дє бинонтыл гуыбынниз ныххєца, кєд ды нозтджынєй базырджын зєд нє дє!.. Ємє дєуєй єррадєр чи вєййы?! Иргъєвєг дын ир- гъєвынєн куы ницыуал фєфєразы! Афтємєй євронгєй та сєтой къамбецєй хъауджыдєр куы нє вєййыс?.. — Тега, кєд єз расыгєй хылгєнаг дєн, уєддєр дєуау цъыфты ратул-батул нє кєнын ємє мє сывєллєттє хынгджылєг нє кєнынц. Ныффыста йє Цомайты Хадзырсет, 1926 аз. «Отрывной календаръ». ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 47 — 16, папксе 24. ДЄСНЫ ДОХТЫР Иу рынчынмє касти дохтыр. Куы та йєм єрцыди иу бон, уєд єй рынчын фєрсы: — Дохтыр, куы сулєфын, уєд мє фарсы цыдєр фєлєууы ємє дзы мєлынмє єрцєуын. Цы хос ис уымєн? — Ємє уымєй та цы тєрсыс: цємєй нал улєфай, уый бакєн, ємє дын —мє быгъдуан. Кєд ма дын срисса, — загъта йын дохтыр. Ныффыста йсе Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календаръ». ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 47—16, папкє 24. 542
СТОНГ ЛЄГ Иуахємы Стыр Дыгурєй рацыдис фистєгєй иу зєронд лєг. Уыдис уарын рєстєг, ємє євзєр фєндєгтыл тынг бафєлмєцыд. Зєронд лєг тынг сєххормаг ис ємє ма тыхамєлттєй єрхєццє ис Єхсєрысєрмє. Ам зєронд лєгєн разын- дис йє хєстєг, ємє уырдєм сарєзта йє ных. Дуар бахоста, ємє йєм ацєргє ус ракастис: уый уыд йє зонгєйы єфсин. Мидємє загъта зєронд лєгєн ємє йє єрбадын кодта. Хєдзары єфсин фєндаггоны йє кастєй уайтагъддєр бамбєрста, стонджы йын кєй у, уый, ємє йє афарста: — Дє фєндаг — дард фєндаг, ємє єххормаг уыдзынє... — Нє, бузныг, афтє єххормаг нє дєн, знон Стыр-Дыгуры ахордтон. Ныр йєхицєн хєринаджы коймє йє комыдєттє єруадысты ємє сє аны- хъуырдта. Хєдзары єфсин фынгыл єрєвєрдта дынджыр къусы дзаг єхсыр ємє гуы- дыны єрдєг кєрдзын, йєхи фефсєрмхуыз кодта ємє загъта: — Хъаст нє ма ракєн, єндєр ницємєй рєвдз стєм, лєг та, дєхєдєг єй уыныс, ам нєй. Зєронд лєг бузныг загъта, йєхєдєг бавнєлдта хєрынмє. Иу гыццыл куы ахордта, уєд йє сєры фєзындис хин хъуыды ємє йє кєрдзыныл ауєрдын райдыдта. Єхсыр фєцис уайсахат. Зєронд лєг куы йє афтид къусмє ныккєсы, куы та йє кєрдзыны уєлдаймє бакєсы, фєстагмє йєхи нал баурєдта ємє хъєрєй сдзырдта: — Мє кєрдзыны фаг-ма мын єхсыр... Сылгоймаг та уєзданєй єркодта къусы єхсыр, ахєр, ахєр, зєгъгє. Ныр та фєндаггон ауєрдын райдыдта йе ’хсырыл ємє кєрдзын уайтагъддєр фєцис, йєхи та нал баурєдта ємє бакой кодта: — Ме ’хсыры фаг ма мын кєрдзын... Єфсин та йын радта кєрдзыны ’рдєг, ємє та зєронд лєг фєстауєрц кєнын байдыдта йє кєрдзыныл, цємєй та ног єрцагура єхсыр. Иу цалдєр хатты афтє куы бакодта уазєг, уєд єфсин йєхи фєтар кодта, февнєлдта ємє фынгыл єрє- вєрдта, къєртайы ма цы єхсыр аззадис, уый, стєй дынджыр єртє кєрдзыны ємє йын хъєрєй загъта: — Хєргє, мє хур, хєргє, кєд нытътъєпп кєнис! Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. Йє радзурєг бсерсег пєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 223, папкє 13, ф. 45—46. АЙ НЄХЕМЄ ХАЛТЬАМАДОН КУ ЄЙ Йеу бон йеу хєдзарємє ирон лєг єрфусун кодта, фусун ба адтєй рацєргє лєг. Изєрєй рафєрститє кодтонцє кєрєдзей, уєдта ’й фусун фєрсуй: — Гъе, нє хуарз иуазєг, ци дин исхуєруйнаг кєнєн, фид дин ниффицєн єви дин хамбохъ искєнєн? Иуазєг дєр рагъуди кодта, уєдта загъта: — Фид ма йесгєд бахуардтон, фал хамбохъ ба некєд бахуардтон. Иуазєг єма фусун дзубанди кодтонцє, уалинмє єфсийнє донбєл инсад нис- тудта ’ма ’й исфунхта. Къоппи ’й никкодта ’ма сємє дзоруй: — Уєхе єрбахатетє фингємє. 543
Иуазєг єма фусун райдєдтонцє хуєрун. Иуазєг еу хупп ку скодта, уєд син сє хамбохъ базудта ’ма загъта: — Ай нєхемє донбєл халтъамадон ку єй, — єма рацудєй. Радзырдта йє Секъинаты Сєхи, 1937 аз, 10 июнъ, Сырх Дыгур. ЦИГСИИйы архив, фолъклор №16, папкє 10, ф. 134. МЄЙРОХС ЄЙ, НЄ ЛЄГ Еу лєг єма осє гъєуєй хецєн цардєнцє єма еу бон 6а арєхътє уагътонцє. Изєрєй уагъд фєцєнцє єма сє ундухъбєл зинг бафтудєй, єма ’й нє фєууид- тонцє дуує зєронди. Фєлладєй ниххустєнцє, уалинмє зинг дєр є кєнон кодта. Дуує зєронди єригъал єнцє єма кєсунцє къєразєй, єма дин бєстє ниррохс єй. Кєсунцє єма ’й етє 6а мєйрохс єнгъєл адтєнцє. Оси рарветидє лєг єма разєгъидє, мєйрохс єй, нє лєг, зєгъгє. Отемєй сє хєдзарє ба еугур сугъд бакодта єма ейє цирен кодта. Радзырдта йє Секъинаты X., 4 февралъ, 1931 аз, Сырх Дыгур. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №16, панкє 10, ф. 137. ЦАЙЫ АГУЫВЗЄ Иуахємы, дам, дын Єрыдонмє иыццыдысты усгуртє. Хорз сє куыд нє федта- иккой! Цалынмє минєвєрттє дзырдтой, уєдмє сєнафон ис ємє сын сыхаг хъєу- мє байрєджы. Хистєрты фєндонмє гєсгє минєвєрттєн ємє уыдонимє та усгу- рєн дєр уым лєугє єрцыдис. Усгурєн дєр хъуыдис хєринаг раттын: уый лєууы- дис єддейы, цалынмє минєвєрттє ныхєстє кодтой ємє хорз минас кодтой, уєдмє. Чызджытє загътой, уєдє нє сиахс чи уыдзєн, уымєй ахынджылєг кєнєм. Єрбадын єй кодтой фынджы уєлхъус ємє йын рахастой цай. Цайыл барєй сєкєр нє ныккодтой, кєд сєм бирє уыдис, уєддєр. Усгур цай змєнты, ємбары, сєкєр ыл кєй нєй, уый, ємє уидыг агуывзєйы фєрстыл хойы. Уєд чызджытєй сє иу йєхи фєкъєйных кодта ємє хъєрєй ныххудгєйє дзуры: — Къукъускє ссєуы Бехъаны быдырты! Уєд лєппу бахудтис ємє зєгъы: — Уый, євєдза, йемє сєкєр єрбаласы. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 223, папкє 13, ф. 42. ФЫЦЦАГ БОН СКЪОЛАЙЫ Кико єрбакодта скъоламє йє лєппуйы ахуыр кєнынмє ємє йє уым ныу- уагъта^Ахуыргєнєг єй фєрсы: — Лєппу, дє ном цы хуыйны? — Нє зонын. — Ау, куыннє зоныс? — Нє зонын. — Ау, ує хєдзары дє иу искуыд фєхонынц, єнє уый куыд уыдзєн? 544
— Фєхонынц. — Куыд? — Нана мє фєныкгуыз фєхоны, баба та — хєффындзхор. Ныффыста йє Цомайты Хадзырєт, 1926 аз, «Отрывной календарь». ЦИГСИИ-йы архав, фольклор Л& 47—16, папкє 24, ф. 218. ХЪЄЛДЗЄГ НЫХЄСТЄ Иу ус йе ’дылыгомау лєджы кєйдєртимє армукъамє арвыста ємє йын ба- фєдзєхста: — Стыр фєздонджын хъуг-иу балхєн. Уый ацыдис ємє армукъайы балхєдта дынджыр богъ. Куы ’рбацыд, уєд ус йє размє рауад. Богъ скъєтмє баластой, єрбастой йє. Ус лєгмє дзуры: — Лєгай, хъуджы радуцон? — Радуц. Ус бауади скъєтмє къєртаимє ємє йыл йє къухтє єрхаста, фєлє фєздон нєй. Ус рауадис ємє лєгмє дзуры: — Ард дє хєдзары бацыд, дє хъуг, уєныг кєй фєхонынц, ахєм ма разына. — Дєуєн къєртайы дзаг кєнєд ємє фєнды хъуг уєд, фєнды богъ. * * * Иу лєг райсом раджы Джызєлмє бауади ємє йын дуармє арахъ рахастой, уый дзы фєд-фєдыл ссєдз анызта. — Цєй, єгъгъєд фєуєд, гъеныр джызєйлаг арахъхъєй ссєдз сыкъайє иу кєд равзєрид. Ємє райсом раджы иу арахъ єгъгъєд у. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ УС Цардысты ’мє уыдысты мєгуыр лєг ємє ус. Иуахємы дын лєг афтє зєгъы йє усєн: —Гъеныр нєм бєх куы уаид, уєд ыл-иу хъєдєй сугтє єрдавин. Ус нал фєлєууыд, ємє дын уый дєр афтє куы бакєнид: — О, о, єз дєр-иу ыл мє цєгатмє бауаин ємє-иу дзы исты єрбадавин. Лєг къух дард фєхаста ємє усы уадул ныццавта: — Кєдєм ма дзы цєуыс ды та фєллад бєхыл?! Радзырдта йє Икьоты Клавдня, 68-аздзыд. Ныффыста йє Бнрєгъты Изє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон универснтет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1970 аз, №3. МЄГУЫР ЛЄГ ЄМЄ ХЄРЄГ Мєгуыр лєг хєрєгыл суг сєвєрдта. Уєззау разындысты хєрєгєн сугтє, ємє размє нє цыд хєрєг. Мєт кодта, цы ма йын кєнон, зєгъгє, мєгуыр лєг. Уыцы рєстєджы йє йє сыхаг лєг єрбаййєфта ємє йын бафєнд кодта: 35 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 545
—Дє хєрєджы къєдзилы бын цывзыйє фєхъєстє кєн. Мєгуыр лєг афтє бакодта. Хєрєг йє тых, йє бонєй размє лыгъд радта. Лєг хъуыдыты аныгъуылди, куыд ма йє аййафон, зєгъгє, уєд йєхицєн дєр уыцы ран фєхъєстє кодта... Цы ма акодтаид, уый нал зыдта ємє размє адзєхст кодта фырдиссагєй. Уєд дын йе ’фсинмє дзуры: — Єфсин, хєрзеджы бауром, хєц ыл ємє йє мауал суадз! Єз ма нє хєдза- ры фєрсты иу-дыуує-єртє зылды єркєнон. Радзырдта йє Гєлуаты Сандро Харитъоны фырт, 85-аздзыд. Ныффыс- та йє Гєлуаты Маргаритє Павелы чызг. Комгєрон. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1976 аз. ИУ ХАТТ ИУ ЛЄГ ХЄТЫНМЄ АЦЫД Иу хатт иу лєг хєтынмє ацыд. Фєстємє цєугєйє йыл йє хъєуккаг лєг фембєлд, ємє йє лєг фєрсы: — Нєхимє цы хабєрттє ис? Уый йын афтє: — Ує куыдз амардис. — Цємєй амард? — Йє хъуыры стєг фєныхстис. — Ау, ємє мах куыдз єддємє куынє фєцєуы. — Ємє уєхи галы стєг уыди. — Уєу-уа, мєнє диссаг, ємє нє галыл та цы ’рбамбєлд? — Хистєн єй аргєвстой... —Цавєр хистєн? — Рухсаг уа, ує мад куы амардис. — Куыд амардис?! — Ує хєдзар фехєлд ємє йыл аххєрєг єрхауд.... — Мє хєдзар бынтондєр куы бабын ис, уєд мын єй ай та нє куыдзы сєфтєй дзурын куы райдыдта, уєу-уа! Радзырдта йє Датиты Дуня, 63-аздзыд, 1976 аз, Лабє. Ныффыста йє Гєлуаты Маргаритє Павелы чызг. Цєгат Ирыстоны гшддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. УСГУР Иу лєппу, дам, иу лєгимє ацыд усгур. Усгуры къєхтыл уыдис къогъодзитє. Куы фєцєйхєццє кодтой чызджы хєдзармє, уєд лєг ємє усгур сє къахыдарєс баивтой, афтємєй бацыдысты мидємє. Куыд-иу уыд раджы заманы, афтє ацы хєдзары дєр къонайы сыгъд арт. Уазджыты сбадын кодтой къонайы арты цур. Ныхас кєнынц хєдзары хицауимє. Лєг усгуры къєхтєм фемдзаст ємє йєм дзуры, зєгъгє, дам, дє цырыхъхъ судзы ємє йє артєй єддєдєр айс. Усгур цыма ницы фехъуыста, афтє бады. Лєг та йєм ногєй дзуры, зєгъгє, дам, лєппу, дє цырыхъхъ судзы. Лєппу та уєддєр 546
ныхъхъус. Уєд ыл йе ’мбал фєхъєр кодта, мє цырыхъхъ судзы, зєгъгє. Уєд усгур дєр фестадис ємє єддєдєр абадт артєй. Радзырдта йє Персаты Ллыкси. Ныффыста йє Цакойты А.Змейксейы хъєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон универснтет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз, № 5. АМАРД СЄДЄАЗДЗЫД НИКЪО Амард сєдєаздзыд Никъо. Зианы рахастой, зианхєсджытє кєрєдзийы ивтой. Иосифєй ахъазєм, зєгъгє, йє ничи ивта, уєд сын уый афтє: «Марадзут-ма, єз дєр єй нєхимє нє хєссын». Радзырдта йє Кучиты Иосиф Сабиайы фырт, 65аздзыд. Ныффыста сє Гєлуаты Маргаритє Навелы чызг. 1976 аз, Октябры хьєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. ЄХХОРМАГ ЛЄГ Дзимыры, дам, иу хєдзармє єххормаг лєг бацыдис. Хєдзары ’фсин уазє- гыл баузєлыд, стєй уєд йєхинымєр батыхст хєринагыл уазєгєн. Уазєгмє 6а- каст ємє дзы хатыр ракуырдта, єз, дам, куыроймє ныууайон ссинагимє, кєннод нєм ссад нєй. Єфсин ацыд. Уазєг бады, куы иу къуыммє бакєсы, куы иннє къуыммє, єнхъєлмє кєсы, стєй уєд ахъуыды кодта: адон кєд куырой єсдзысты, кєд єй хєдзармє хєсдзысты се ссад ємє дзы кєд кєрдзын фыцдзысты. Фєлтау цєуон а хєдзарєй. Радзырдта йє Нерсаты Алыкси. Ныффыста йє Цакойты А. Змейкєйы хьєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1971 аз. № 5.
1905—1917 азты зарджытє МЫСЫКАТЫ СОСЛАНЫ ЗАРЄГ єлє Кєрдзыны вагзалєй фидиуєг Куы ныхъхъєр кодта: — Гъе, уєууєй, гъе, Ирыстон! Лєг чи у, уыдон иууылдєр Апоны хєстмє рацєуєнт, Єрмєст иунєджытєй, Йє сау бєхыл саргъ дєр ує мачи сєвєрєд. Фєлє Мысыкаты Сослан Йє сау бєх дєллаг Санибайє Куы ракодта. Гъей, йє быидар ысчифа. Мєнєн Кздэдзыны вагзалмє Мє^го^Гмє^єт чи нє баййафа. Ныр Апоны хєсты быдыры Єнахъом Сослан уєлдай хуыздєр куы арєхсы. — Єз хъуамє мє гыццыл Ирыстонмє Хъєбатыры дзуар ысхєссон! Фєлє бындары фехсты фєстаджы нємыг Сосланы йє саргъыгоппєй фелвєста. Ныр йє сау бєх хєсты быдыры 548
Разгъор-базгъор байдыдта: Йє барєджы агуырдта, Єрмєст йє барєгєн Йє бухархуд єрбахаста Иры хъайтартєм. Ныр Сосланы сау бєх Сауарєзтєй вагоны куы сєвєрдтой. Кєрдзыны вагзалєй та Ног фидиуєг ныхъхъєр кодта: — Гъе, Ирыстон, алчи ує йє бєлццоны Размє рацєуєд, Єрмєст Сосланы дыуує сидзєр хомє Мачи бадзурєд: Уыдонєн сє бєлццон хєсты быдыры баззади. Сосланы дыуує сидзєр хойы Сє уайсадєг чындзы къуымы бакодтой: — Цом нє бєлццоны размє. Уайсадєг чындз фидиуєджы ныхєстє Йєхи хъусєй куы фехъуыста: — Сымах ацєут: хистєртєй мє исчи куы фена... Ныр Кєрдзыны вагзалы алчи Йє бєлццоны уындєй бафсєсти. Иры хъайтартє Сосланы сау бєх Куы ракодтой, — Сосланы дыуує сидзєр хойы Кєрєдзийы сєрыхъуын тонын байдыдтой: — Цєй сайд нє фєкодтай, нє уайсадєг чындз! — Ємє сє сєрыхъуын тонгєйє Сє сау бєхыл рахєцыдысты. Ємє рацыдысты сє хєдзармє. Азарыд єй Гусаты Хадзымурат. Ныффыстой йє Бекъойты Мєдинє ємє Пагєты Зєлинє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет. Уырыссаг литератиурєйы кафедрєйы архив. ДЗЕРАНТЫ ГАБОЙЫ ЗАРЄГ Фєсмонгонд єрбауай, Єрыдоны инєлар Хоранты Созырыхъо, Ой, мєн, дам, євєндонєй дєлє дард Апоны хєстмє Чи стаучел кодта. Ой, рухс дзєнєты фєбадай, Дзеранты цєрынхъуаг Габо. Ой, тох, Хоранты инєлар, Ой, ды мын, загъта, зєрдєтє євєрдтай: Ой, дє бєхыл саргъ бавєр, Габо, Ой, тох, ємє фєцєуєм Апоны хєстмє. 549
Ой, єз, дам, дын паддзахы хєрзиуджытєй дє риу Байдзаг кєндзынєн. Ой, тох, мє уарзон ємгєрттє, Ой, ныр абон мєнє Харбины уєд бынмє Ой, апойнаг нємгуытєй, Ой, тох, ємє загъта, Мє риу куы байдзаг. Ой, тох, дойныйє куы мєлын Ємє мын дон раттєг куы нє ис, ой. Ой, тох, Бехъаны бынмє сын, Ой, цы суадон ныууагътон, Ой, цы суадон ныууагътон! Ой, ємє загъта, цєугє ємє зилгєйє, Ой, рухс дзєнєты фєбадай, Дзеранты цєрынхъуаг Габо. Ой, тох Апонмє цєугєйє, Ой, ємє загъта, єз куы ныууагътон, Ой, нєхимє ныууагътон, Ой, тох, мє сидзєргєс мад, Мє дыуує уєд хойы кєугє ємє ниугєйє. Єрджыуынгєджы Дзылат сын, Ой, ємє загъта йє фєлгуыры ныхєй, ой, Ой, йє фєлгуыры ныхєй, Ой, тох, ємє загъта. Габо та ныдздзуры, Ой, худгє мыл мачи фєкєнєд, Єз ардєм рацыдтєн мє мєгуыры тыххєй. Радзырдта йсе Фсерниаты Махарбег Генайы фырт, 77-аздзыд. Ныф- фыстой йсе Тохты Иветсе, Куыноыхаты Лариссе семсе Хьамболты Мсе- динсе. 1984 аз, 1 июнь, Фыййагдон. Цсегат Ирыстоны наддзахадон университет, ирон семсе иумсейаг севзаг- зоиынады кафедрсейы архив. ДЗЕРАНТЫ ГАБОЙЫ ЗАРЄГ (Вариант) Гъей, тох, ємє цом дєлє Апонмє нє фыдєлты кад исынмє, Зєгъгє, уой, мєнє Ирыстоны хъєбатыр фєсивєд, гъей, Ой, тох! Тох мыл єрцыди, уєртє Уєлладжыры — уєззау тулдз ныккалди, Ой, ой, тох єрцыди, ує, рухсаг. Дзеранты Габо бадзуры: — Ой, мєнєн мє полчъы разєй мє сау туг ныккалди, уой, тох.
Ой, тох, ємє ацы тымыгъ уєртє Ацылыхъєй лєппутє, ой, Ой, тох єрцыдис, ує, рухсаг. Дзеранты Габо бадзуры: — Ой, єрбабєттут мын мє цєфтє басылыхъєй, лєппутє, гъей, Ой, тох. Ой, тох, ємє райсомы хур, дам, Хъєриуыл сємбєлди, ой! Ой, тох єрцыди, уой, рухсаг, Дзеранты Габо бадзуры, Ой, мєнєн, дам, апойнаджы нємыг Мє риуыл сємбєлди, гъе, ой, тох. Радзырдта йє Къодоты Георги, 69-аздзыд. Ныффыстой ггє Гетъоты Ларисє ємє Мусаты Нафисє. 1972 аз, Алагир. Цєгат Ирыстоны паддзахадон унггверсггтет, уырыссаг литературєгш кафедрєйы архггв, 1972 аз, № 41. АНТОНЫ ЗАРЄГ Нє уарзон ємбал сиды мєгуыртєм, гъей! Ныр куы дзуры Антон йе ’мбєлттєм, гъей! Дзауы уєрдєттє тулгє нал кєнынц, гъей! Махєн не ’лдєрттє худгє нал цєуынц, гъей! Мачиуал зєгъєд, ’гас у мах Антон, гъей! Амард сахъ Антон... Далє быдыры дыууадєс цєды, гъей! Йє риуыгуыдыр — дыууадєс цєфы, гъей! Дзауы уєрдєттє тулгє нал кєнынц, гъей! Ныр нє уєздєттє худгє нал кєнынц. Цєй, дам, не ’ндзєлмттєй фыййєгтє скєнєм, гъей! Цєйут не ’лдєрттєй фыййєуттє скєнєм, гъей! Хъуды фєндєгтє, дам, коммє лєбырынц, гъей! Махєн не ’лдєрттє уєрммє фєбырынц, гъей! Уалдзєг єрлєууыд, хуымтє кєндзысты, гъей! Уадз сє, ныллєсєнт, уым дєр мєлдзысты, гъей! Уєлє фыййауєн йє ^’ис, йє лєдзєг, гъей! Рагъыл зайдзысты, рагъыл зайдзысты, гъей! Ує, бецау Антон, ує} бецау Антон, гъей! Хурмє зайдзысты дє ус, дє зєнєг, гъей! Ныффыстой ггє Нлиты Харгипон ємє Дарчгтт Дауыт. Йє радзурєг бєрєг нєу. ЦИГСИИ-ггы архггв, фолъклор №21, папкє, 72. АНТЬОНЫ ЗАРЄГ (Вариант) Кусєг, цагъартє Тєппуд єлдєрттє Знаджы базыдтой, гъей. ’Мбєхсынц ныккєнды, гъей. Масты цєхєртє Хойынц сє сєртє, Єлдары басыгътой, гъей. Фесты ныгєды, гъей. 551
Цъаммар єлдєрттєн Байсыст сє зарєг, гъей. Хъуысы не ’лдєрттєн Ниугє сє хъарєг, гъей: « Кусєг, сау кусєг Нал у мах дарєг, гъей. Махмє нал хъусы, — Фестад мах марєг, гъей». Чысаны хъєуты мын Єлдєртты марджытыл, гъей. Кєнынц хъуыдытє, Тохы зарджытє, гъей. Дзауы уєрдєттє Тулгє нал кєнынц, гъей. Махєн не ’лдєрттє Худгє нал цєз>ынц, гъей. Хъуды фєндєгтє Коммє лєбырынц, гъей. Махєн не ’лдєрттє Уєрммє фєбырынц, гъей. Къабулты Гришєйы ЦИГСИИйы архггв, Уєлє рагъыл мын Мигъау ныккалди, гъей. Антъон бадзуры: — Тохы нємыг ныл Ихау ныккалди, гъей. Дєлє рацєуынц Дзауы уєрдєттє, гъей. Цєй ємє сын, зєгъ, Нє худтє сисєм, гъей. Антъон бадзуры: — Цомут, ємгєрттє, гъей. Уыцы єлдєрттєй Нє тугтє сисєм, гъей. Сє дуармє сын, зєгъ, Суджы цєгъдтытє, гъей. Ангъон бадзуры: — Ызнєгты фєкодтон Сухы цєгъдтытє. Хъазахъ рамардтой Антъоны Дриаты, гъей. Ує, бецау Антъон, Ує, нє саг Антъон, гъей. фыст адємы ныхєстєй. Сталииир, 1938 фольклор № 25, папкє 71, ф. 30—32. ЗАРЄГ ЄМГЄРТТЫЛ Ой, тох, дам, єрцыдис стыр тох, Ой, сєрибары тох, ємгєрттє, гъей! Мєгуыр адємтє сєрибары сєрыл, гъей! Топпы хєтєлтєй к}’ы сныхас кодтой, гъей! Ой, тох, дам, єрцыдис, стыр тох, гъей! Мєзулы, дам, мєтыхы хъєр фехъуыстис, Мызуры, дам, нє тохы хъєр фехъуыстис, гъей! Мєгуыр адємєн, дам, уыцы хъазуаты Сє раздзєуджытє куы уыдысты, гъей! Бесаты Цомахъ ємє Токаты Саукуыдз, Ой тох, тох ємє, дам, тох, гъей! Цадєн йє рухс хъулон Ходмє сарєзтой, Адєм сє буц фєндон хорзмє сарєзтой. Хортє, хорты задыл ма фєцудут, гъей! Хотє, зонды уагыл ма фєхудут, гъей! Махєн Цомахъ, махєн Саукуыдз Зондамонєг куы уыдысты, гъей!
Пъаца йє доны куы ’рцауєзта, ох! Паддзах уыдоны куы ’рцахста, тох! Тархъєды халон куы ныццєйуасы, куы. Нє хорз ємгєртты нын дєлє Даргъ-Къохєй, ох! Уазал Сыбырмє куы фєцєйласы, куы, Єд хъадамантє єфсєн машинє, тох! Адайы хохыл єд бадєг бадєн, ох! Ує кады номыл ує кадєг зарєм, тох! Радзырдта йє Нангшы Сергей. Ныффыста йсе Хъазыбегты Хъазыбег, 1937 аз, «Мах Дг/г», № 2, 1956, ф. 74. ГЕТЬОЙТИ ХАРИТОНИ ЗАР Ой, гъей, нє хуєртє, ой, нє фєсевєд, нє цєуєт. Ниви цард уєбєл амонди хєтдзє єрцєуєд! Уєлє уєлкомєй ку рацєйкєлуй хєрам дон. Нє фєсевєдбєл, тєхгє цєргєсау, Харитон Ку рацєйзелуй, ку нигъгъєр кєнуй є фєндон: — Ой, нє Дигорє, ой, нє фєсевєд, ой, фєдес! Абони махєн нє тохи рад єй, гъей! Нє хъириймєгтє, цєй, байефтиндзєн, цєй! Байефтиндзєн ’ма сє цєвєнтє, цєй! Нє фидбилизти, нє фудєзнєгти, гъей!— Хъєреуи хонхєй сау мегъє ледзуй цазєй. Мєгур адємєн сє барти сєрбєл разєй Харитон цудєй дзиллити сєрбєл, ой, тох!.. Сау гъєди тала макєд бахускъє уа, гъей! Не ’мбали рохс ном макєд феронх уа, гъей! Радзырдта йє Базиты Саг/лох. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег, 1937 аз, «Мах Дг/г», № 2, 1956, ф. 74-75. КАРПАТИ ЗАР Содзгє никкєнуйнагєн, Уе хєстє федунєй уин Ку нєбал фєразєн. Дєлє сау машинє ку ссєуй, Кавкази фєсевєди нин Карпатємє ку ласуй.. — Хуєрзєбонє рауотє, Ує, нє сау ниййерєг маддєлтє Єма не ’схєссєг фиддєлтє! Мах фєццєуєн не ’хєстє федунмє, Хуєрзєбон, ка ма ує дардзєнєй, Єнєбаргъон є хєдзари кємєн баизадєй. Гъей, тох, ци идардмє игъусуй Єфсєдти дєлнєбойи гъєр. 553
Карпат ку резуй! Уєлє нин Курттати коми Йеу хуари къутутє, Гъе, нур мах Карпати хуєнхти Фєххуєст ан нє кудзи мукъутил. Хуєрзєбонє, Кавказ! Дєлє Силтанухъи будури Хуасє кєрдєг дєр ку нєбал йес; Дєлє нє Кавкази фєсевєдєй Карпати ка фєммардєй, Уони мардбєл кєуєг дєр Ку нєбал йес Мє уосє ’ма хуєрєй єндєр. Уєлє нин Курттати коми Хед аууст ку нєбал йес; Дєлє австєйраг салдєттємє Гелдзє иурст нєбал йес. Уєлє єз фєййидтон Курттати будури Берє бєкъуєлтє єма кєрдуйнєгтє, Уєлє Кавкази дзєгъєлєй байзадєй Берє мєгуртє єма кєуйнєгтє, Уєлє пусулмон Курттати сє нєуєг мєрдтєбєл Зєлдитє ку ивєрунцє, Кавкази фєсевєд бєргє гъєр кєыунцє: —Мах нє рєсугъд уоститєн Мєнгєттєй зєрдитє ку ивєрєн! Тох єрцудєй! Ци кєнєн, Ке некєдбал фаууодзинан Микъалайєн є ихєстє фист. Єгадєй ку исєфунцє Нє фєсевєди хуєздєртє, Дєлє Карпати къєбуртє Єма къєдзєхти ку ниййеугєйттє ’нцє! Макебал рацєуєд и Карпатємє, Йе не сєвди фєндаг єй! Радзырдта ггє Махъоты Євдул, 1928 аз, апрель, Цыкола. ЦИГСИИ-ггы архив, фольклор №111, папкє 89, ф. 244—245. КАРПАТЫ ЗАРЄГ Цєй, хєрзбон раут, хєрзбон, Лєгмарєн хєстмє паддзахы сєрыл. Нє мєгуыр фыдєлтє! Чи ма ує хєсдзєн, чи ма ує дардзєн? Мах куы фєцєуєм фыдвєндагыл Гъей, тох ємє тох! Радзырдта йє Єлборты Алексегг. Ныффыста йє Хъулаты Гєлинє. 1971 аз. Ноггср. Цсегат Ирыстоны паддзахадон универсггтет, угярыссаг литературєйы кафедрєйы архив. 554
НАРТЫХЪТЫ БОДЗИ ^єлє Пятигорскы аргъуанєн Йє фєрсєгтє — донырдєм. Уынгєджы фєци Нартыхъты Бодзи. Карпаты хєхты бонырдєм. Хъороты Габо, дам, райсом раджы Цъєх арсыл сємбєлди. Нартыхъты Бодзийєн Карпаты хєхты, дам, Гермайнаг нємыг Йє фарсыл сємбєлди. Дєлє Бехъаны доны — Дзєрєхы фєндаггаг. Ємгєрттє дыл цы бахардз кодтой, Уый дын єрбауєд, Бодзи, Дзєнєты фєндаггаг. Фыст єрцыди 1936 азы. «Ирон аоємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 275. НАРТЫХЪТЫ БОДЗИИЫ ЗАРЄГ ( Вариант) Дєлє Пятигорскы аргъуанєн Йє рудзгуытє донырдєм, Бодзи бадзуры: «Єз мє сау туг ныккалдтон Карпаты сау хєхты Ємбисєхсєв бонырдєм». Карпаты бєстє гєппєлтє ємє гєбєзтє. Бодзи бадзуры: «Мєнєн мє фыд Сослєнбегмє Чи сємбєлын кєндзєн мє бєх ємє мє гєрзтє?» Уєлє Бонвєрнон бон-бон куы кєны. Бодзи бадзуры: «Мєнєн мє иунєг хо уєлє Уолєцийы Мєныл богъ-богъ куы кєны». Ныр сє сау фыстє сє фосы разєй, Бодзи бадзуры: «Єз мє сау туг ныккалдтон Мє полчъы разєй». Ацы барєг та дєлє Хъанухъотєй адард и, Нартыхъты хорз Бодзи Карпаты сау хєсты хъазуатонєй амарди. Радзырдта йє Цогойты Джетєгъєз, 87-аздзыд. Ныффыстой йє Ге- тъоты Ларисє ємє Мусаты Нафисє. 1972 аз. Алагир. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1972 аз, №41. 555
ТОМАЙТИ СЕРГИ Саламты фєндаг нын Рукъєй рацыди. Томайты Серги та нын, зєгъы, Дзєнєты фєндагыл рухсєй бацыди. Райсомы хуры тын Хъєриуыл сємбєлди... Томайты Серги афтє бадзуры: «Джиауырты нємыг мє риуыл сємбєлди». Бехъаны бєсты, дам, уєззау хур ныккасти... Томайты хъєбатыр Серги афтє бадзуры: «Германы хєсты, дам, мє сау туг ныккалди». Фыст єрцыдис 1936 азы. «Ирон аоємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 275—276. ГАСИТЫ ХЪЫРЫМ Хєбалы Зилгє — євзєндаджы фєзтє, — Мєнєн абонєй фєстємє Талынг ингєн у мє фєстаджы бєстє. Вакзалы телыхъєд телефонєн ныссагъта. Гаситы Хъырым Киевы гуыпп-хєсты Знаджы ’фсєдты пулеметєй ныццагъта. Гєналгом мын, зєгъы, Тєгєлгоммє фєци. Гаситы Хъырым бадзуры: «Лєгафонмє мын цєрєнбон нє фєци». Уалдзыгон хуымєн йє галдєрєг смєллєг. Арфє мын ракєнут мє зарєггєнджытєн, Мє кадгєнєг Хуымєллєг. Зилгєйы уєлмєрдты уєззау тулдзєй цыртытє. Мєнєн мє уарзон адєм Куы федтаиккой мє хєцєн боны Мє сау туджы пырхытє. Уалдзыгон фыййауыл хєлиу кєттаг нымєттє. Мєныл мє зарєггєнєг сєвєрдта Мє тохы фєстє тєригъєддаг ныхєстє. Цєгаты нарєг Быдтатє ныккодтой, Гаситы Хъырым бадзуры: «Мє кады зарєг мын Куырттатє ныккодтой». Фыййауы былыл нын сыфтєрты гало. Арфє мын ракєыут — мє мард мын Сємбєлын кодта Хъуысаты Вано. Арвыкомы мигъ Калачы сєр зилгє фєцєуы. Мє сабыр ныййарєг, Саса, мє ингєны уєлхъусмє Сабатизєры ниугєйє фєцєуы. Зєронд зыруггаг гєны бєндєнтє єлвисєг... Мє уарзон сыхаг Гугкаты Уывєзыхъо — Мє нывєндтє фєлдисєг. «Ирон адємон сфєлдфыстад», Дзєуджыхъєу, 1949. ЦИГСИИ-йы архнв, ф. 274-275. 556
КАЛОТЫ СОСЛЄНБЕДЖЫ ЗАРЄГ Куырттаты комы Быгъуылты хъєуєй Калоты хъєумє фєндагыл Сауєрхєй куы ахизай, уєд фєзы, фєндаджы был ис цырт арыхъхъаг дурєй. Цырт конд у цыртгєнєг Шериповы къухєй. Цыртыл фыст ис: «Калоты Дотєйы фырт Сос- лєнбег». Ады цырт євєрд у фыццаг империалистон хєсты архайєг Калоты Сослєнбе- гєн: уый уєззау тохы бон фєцєфтє ємє амард Киевы єфсєддон рынчындоны. Куыд єфсєддон лєг, хъєбатыр хєстон, афтє йыл зарєг скодта Мырзаганты Ахмєт. Зарєг зарыдысты Хидыхъусы, Цымытийы, Дєллагхъєуы, ємє адємы зєрдємє фєцыдысты йє ныхєстє ємє мелоди. Ой, тох! Фєдис ныхъхъєр кодта Уєрєсейы паддзах, Знаг ын йє бєстєм ныббырста. Ой, тох, Калоты хъєбатыр Сослєнбег! Ой, тох, горєты сын къєразєй цєрджытє, Ой, тох, Сослєнбег немыцєн цагъта Сє разєй цєуджыты! Ой, тох, Цыгъойтєн, дам, иуаздзыд Єндрушкє, Ой, тох, зыны сахат мєм дыуує хойы куы авєрдтаиккой иу доны кърускє. Ой, тох, ацы азы уалдзєг — Сопырыхъойы уалдзєг. Ой, тох, кєнын мє зєронд мад Созырыхъойы уазєг. Ой, тох, Къєрєбийы бєхдон Баймєты конд хондзыстєм. Ой, тох, Калоты Сослєнбег, Кєрєдзийы цєсгом хъаймєты бон фендзыстєм. Калоты Сослєнбег — хъєбатыр хєстон. Рухсаг. Радзырдта йє Кєсєбиты Дзиго, 10 ноябрь, 1981 аз. Нартыхъєу. Ныф- фыста йє Кєсєбиты Венерє. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. Революци ємє Граждайнаг хєсты заманты фольклор ТОХЫ ЗАРЄГ Уой, цомут хъазуатєй, Бєрзонддєр схєцут Хєххон мєгуыртє, Тохы тырысайыл. Хєсты быдырмє Уой, сєрибары тохмє Знаджы ныхмє. Ныр хъазуатєй цомут! Уой, сє тых бавзарєм Уой, цомут, уой, цомут! Уыцы уєздєттєн, Хєсты быдырмє нєм Быдыртєм скєнєм Сиды райгуырєн зєхх. Нє царды фєндаг. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 126, папкє 13, ф. 4. 557
ХАРЕБАТЫ ИСАХЪЫ ЗАРЄГ Ой, кєнє — сєрибар, кєнє — мєлєт! Исахъ бадзуры: «Бирє фєхастам єлдары къєлєт». Ой, Сачхереты хуымты дєргъыты хуызєн! Исахъ бадзуры: «Махєн не ’лдєрттє дзєргъыты х}’ызєн». Ой, Дзєуджыхъєуы нє хєтєн хєхтє! Исахъ бадзуры: «Кадеттєн байстам сє хєцєнгєрзтє». Ой, дєлє быдыры дыууадєс цєды! Исахъ бадзуры: «Мє рахиз фарс фєци дыууадєс цєфы». Ой, Арвыкомєй кєлмєрзєн єрхауд! Исахъ Бадзуры: «Знаджы цєфєй мє бєрзєй єрхауд». Ой, уалдзыгон сєныкк цъитийыл баззад. Исахъ бадзуры: «Мє иунєг тугисєг дзидзийыл баззад». Хуссайраг бєлас макуы ракєла; Куы ракєла, — макуы бамбийа. Исахъы хуызєн макуы райгуыра; Куы райгуыра — макуы рамєла! Хуссар Ирыстоны фольклор, 1936 аз, ф. 345. НИКЪАЛАЙЫ ЗАРЄГ Уалдзыгон фыййау, Уалдзыгон фыййау цъитийыл баззад, Ой, уєрєйдє, гъо, уєрєйдє, ’мє цъитийыл баззад. Никъалайєн та, Никъалайєн йє чысыл саби, гъей, Ой, уєрєйдє, гъой, уєрєйдє ’мє Уєрєйдє ’ мє, дзидзийыл баззад. Гуйраг, сомихаг, Гуйраг, сомихаг сыгъдєг тулдзхъєдєй, Ой, уєрєйдє, гъой, уєрєйдє ’мє, Фынгтє самадта. Никъала та нын, Никъала та нын сыгъдєг булкъонтєй
Ой, уєрєйдє, гъей, Уєрєйдє ’мє, фынддєс амардта. Махєн Никъала, Махєн Никъала єлдєртты къухєй Ой, уєрєйдє, гъой, Уєрєйдє ’мє, тохы фємарди. Бецау Никъала, Бецау Никъала, меньшевикты сєфт, Ой, уєрєйдє, гъой, Уєрєйдє ’мє, чи нєуал федта. Фыст єрцыдис 1936 азы, Хуссар Ирыстоны, Дзауы. «Зарджыты чиныг». Сарєзта йє Тотиты Лндрей, Орджоникидзе, 1942, ф. 34-35. НАРТЫХТЫ СОСОЙЫ ЗАРЄГ Сау хохы фыййау мын Тулдзмє куы баскъєрдта, ой! Ой, бецау, Нартыхты Сосо. Нартыхты Сосо мын Афтє куы бадзуры, уой, Ой, бецау, Нартыхты Сосо. Мє дзурєн дзых, дам, мын Тугєй куы ’рбахгєдта, ой. Ой, бецау, Нартыхты Сосо. Уєлє мын рагъыл, зєгъ, Кєд дурєй дзєнгєрєг, ой, Ой, бецау, Нартыхты Сосо, Нартыхты Сосо мын Афтє куы бадзуры, о, ой. Ой, бецау, Нартыхты Сосо, Мє мад, мє фыдмє мын Чи фєуыдзєни хурєй хъєргєнєг, Ой, бецау, Нартыхты Сосос. Уєлє, дам, фыййауєн Йє худ куы ахауди, о, ой. Ой, бецау, Нартыхты Сосо, Нартыхты Сосо мын Афтє куы бадзуры, о, ой, Ой, бецау, Нартыхты Сосо, Адємы тыххєй, дам, Мє уд куы ысхауди, о, ой, Ой, бецау, Нартыхты Сосо, Радзырдта йє Мамиты Димитри. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт, 1938 аз, июлъ, Сталинир. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 24, напкє 71, ф.24—25. БУРГЪУСТАНЫ ЗАРЄГ Уой, Ирыстоны фєсивєд. Ирыстоны хъєбатыр фєсивєд Ызнаджимє хєсты быдыры Хъєбатыр тох куы самадтой! Єцєг хъєбатыр тох самадтой Хуссар Ирыстоны фєсивєд. Уой, Бургъустаны быдырты Нє фєсивєд куы базарынц: 559
«Уой, мах, дам, єфхєрд адємєн Сєрибар цард раттыны тыххєй Уой, ємє нє удтє мєлєтмє, Єцєг ємє мєлєтмє ратдзыстєм!» Уой, хъєбатыр куы стут, Хуссары фєсивєд! Уой, уєд дын хєсты быдыры Хъєбатыр, удуєлдай фєсивєды, Уой, цавєрдєр мєнгард лєг, Уой, ємє адємы фыдызнєгтєн Мєнгард уєй куы ракодта. Уой, ємє сыл єнєнхъєлєджы Фыдызнаджы фыд нємгуытє, Ихуарєгау куы ныккодтой. Уой, ємє євзаргє хєстон фєсивєд, — Адємы сєрибар царды сєрыл Сє удтє мєлєтмє чи радта, Уой, уыцы ’нєнхъєлєджы тохы, Уой, уыцы урс бандєйы атакєй Нє хъєбатыр фєсивєды туг Бургъустаны фєтєн быдырты, Уой, ємє донау куы анхъєвзта, Уой, рухсаг, хъєбатыр фєсивєд! Уой, фєлє сє уєддєр чи фервєзт, Уой, Бургъустаны хєсты быдырты, Гъей, тох, фыдызнаджы мєнгард митєй,— Уыдон дын Сырх Єфсадимє Уой, ємє сахъ фєсивєды фєндтє Уой, ємє куы сєххєст кодтой. Уой, уєдє, ызнаджы сау тугєй, Уой, Бургъустаны тыгъд быдыртє, Уой, ємє куы бахъєзныг кодтой. Уой, хъєбатыр стут, хъєбатыр, уєдє, Хуссар Ирыстоны фєсивєд! «Фидиуєг», 1938, № 10, ф. 38 - 39. ТОГУЫЗТЫ БАТЄРБЕДЖЫ ЗАРЄГ Сау хъєды мидєг лєсгєр баззади, Тотурдзан Батєрбеджы фєстє кєсгє баззади. Арвыкомы цинкєтє ластой. Батєрбег ныхъхъєр кодта: «Мєн ацы гиауыр сау хъазахъхъ Марынмє цингєнгє ластой». 560
Сє Пахсєны къахєнтє сє рєбынєй ныккєлой. «Мєныл мє дыуує хойы зєрдєбынєй ныккєуой». Арвыкомы сын Дайраны нарджытє. «Єз куы фехъуыстаин мє дыуує хойы Дариа ’мє Мариайы хъарджытє». Налцыччы сєры сын Кєсєджы уєлвєзтє. «Єз кємєн ракєнон Буыргуыстаны быдыры Мє зєрдєйы ныхєстє?» Сє уалдзыгон бєлццон Мєздєгыл сємбєлди. — Мєнєн ацы гиауыры топпы нємыг мє зєрдыл сємбєлди. Сє сау тулдзы сыгъдєттє Хъєрєгъєсєй фєкалдтой. «Єз Буыргуыстаны быдыры мє сау туджы пырхєнтє Мє хъєлєсєй фєкалдтон». Салыгєрдєны къукъусгє — цєугє-зилгєйє. «Єз куы ныууагътон мє зєронд мад, Мє гыццыл єфсымєрты кєугєйє-ниугєйє». Къорайы машинєйєн — тулдзєй къєбєлтє. «Мєнєн чи єрыхсдзєн Буыргуыстаны быдыры Мє туджы хъєбєртє?» Сє Дзылаты фєндєгтє Елхоты размє. «Мєнєн мє мард чи фєласдзєн Буыргуыстаны быдырєй Мє мад ємє мє хоты размє?» ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 122, папкє 38, ф. 136. ГИБИЗТИ ДЕБОЛА, ГОСТИТИ ЄНДИРЕ ЄМА КЬЕССАТИ КОЛКЄЙ ЗАР Ой, Дебола Єндиремє ку бадзоруй: «Євєццєгєн, Къессати Колкє тохун райдєдта Уєртє хеди билєбєл, уой!» Кєд, зєгъуй, гиаур сау хъазах Єрбатудтонцє уєртє Дзєуєгигъєумє. Єртє бони, зєгъуй, Дзєуєгигъєуи гъєунгти Тоги къанєуттє ку ивулдєй, уой тох! Ой, зєгъуй, уєд Гибизти Дебола Гостити Єндиремє ку нигъгъєр кєнуй: «Ой, Єндире, цєуєн, зєгъуй, цєуєн, Уартє нин Къессати Колгє гиаур єзнєгти нихмє тохгєй Циуан хеди билєбєл є тог ку калуй». Уєд сємє Къессати Колкє ку нигъгъєр кєнуй: «Мєнєй уин нецибал пайда ес, фалє, мє хортє, Уєхе бафєсвєд кєнетє Дзєрєхи коммє Єма ма ’ринцайетє, цалдєн тогцъиртєй Нє хуєнхбєсти маст ма сесайтє! «Нє дин феронх кєндзинан дє фєдзєхст, Тох кєндзинан, єнєхатир тох. 36 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том
Нє гъуддаг дєр уодзєнєй уєлахез Махєн нє раздзєуєг ємбал Киров ку єй!» Ой, Дебола єма, зєгъуй, Єндире Дзєрєхи коммє ку ниффардєг унцє, Уоми сєбєл гиаур саугин ку рамбєлуй, Е сєбєл хинєй ку рацєуй, Иуазєггади рєуаги сє федармє ку басайуй. Єхсєвє сємє єзнєгтє ку бампурстонцє Єма сєбєл єнєхатирєй ку никкалдтонцє. Дебола сємє ку фєццурд єй Єма ма си є уоди бєстєбєл Дуує ку рамардта, уой, уєй, тох! Дзєрєхи коми хургунтєй Дебо Єндиремє ку нидздзоруй: «Махєн нє мєрдтє рахєсдзєнєнцє Нє ниййергутємє хурдзинтєй!» Ой, рохсаг єрбауайтє, рохсаг! Нє сєребари сєрбєл є цард ка равардта, Ой, рохсаг єрбауайтє, рохсаг, Ує ном єности цєрдзєнєй. Радзырдта йє Тогъойты Геуєргн, 1934 аз, Чырыстонхъєу. Ирон адємон сфєлдыстад, Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 483—484. КЪОЛОЙТИ КУДЗИЙ ЗАР Уой, уой, єма дєлє сугъдє исцєуй, Ме ’нгєрттє! Уой, уой, мєнє бабєй нин хєст єрцєуй, Ме ’нгєрттє! Киристонгъєуи хъазахєн сє ледзєнфєд Сау надєй ку байзадєй; Кудзи нидздзоруй: «Мєнєн мє уарзон уосє — Нинє саударєй ку байзадєй!» Рохсаг! Уой, уой, Хъороти гъєди сє толдзи кєнєнтє; Кудзи нидздзоруй: «Ме ’нгєрттє, Хъодзасти хедбєл» — мє тоги кєлєнтє! Елхотти сєри сосхъєдєй сєргъгєнєг; Кудзи нидздзоруй: «Мєнєн мє хуєртємє ка фєууодзєнєй Сосєггєй гъєргєнєг!» Киристонгъєуєн сє толдзгєнєн Чегем єй. К}дои нидздзоруй: «Єз мє тог ку райстон єхсєз лєгемєй!» Рохсаг! Хъумєцти хуєздєр — хъанауат.
Кудзи нидздзоруй: «Ме ’нгєрттє, єз хъазахи хєтдзє Никкодтон хъазауат! Уалдзигон бонвєр бон-бон никкєнуй. Кудзи є хєсти бони дон-дон никкєнуй Уорс хъазайхагєн є дарєс є кард єй, Кудзи нидздзоруй: «Ме ’нсувєртє, єз сумах нє ниууагътон єгадєй!» Рохсаг! Радзырдта йсе Къорнаты Єндре Бегайы фырт, 25 сентябрь, 1927 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Толасты Анорей. ЦИГСИИ-йы архгш, фолъклор № 15, папкє 8, ф. 450. КЪОЛОЙТИ КУДЗИЙ ЗАР (Вариант) Ой, ой, далє не ’знєгтє єрбампурстонцє, Ме ’мгєрттє, гъай... Къолойти Кудзи Ниффєдес кодта — Не ’знєгти нє гъєубєстєй ку расурдтан уайтагъд. Хуєрзигурд Кудзи нидздзоруй: «Гъей, ме ’нгєрттє, мах не знєгти Нихмє никкодтан хъазауат». Орс офицер ку дзурдта, Дє кєрєбин, дан, балєвар кєнє фєндонєй. Хуєрзигурд Кудзи нидздзоруй: «Балєвар кєнуни рєуаги йбєл єй Ку ниццавтон єргомєй». Цъаммар Шкуро ку єрбацудєй — Пагонти хєтдзє одесєг. Хуєрзигурд Кудзи нидздзоруй: «Мєнєн мє зєронд фидє ку рацудєй Сагойни хєтдзє тогесєг». Киристонгъєуєй не знєгтєн Сє ледзєн фєд сау надєй ку байзадєй, Хуєрзигурд Кудзи нидздзоруй; «Мєнєн мє хъазар ємбал Нинє мє еунєг Кизги хєтдзє саударгєй ку байзадєй». Рохсаг єрбауайтє, рохсаг, Єгади мєлєт є сєрмє ка не ’рхаста. Рохсаг єрбауайтє, рохсаг, Нє сєребари сєрбєл є цард ка равардта. Радзырдта йє Габолаты Оля Цєрайы чызг, 59-аздзыд, 1985 аз, г. Диго- ра. Ныффыста йє Никколты Дилярє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон универсгтгет, уырыссаг лгипературєйы кафедрєйы архггв, 1985 аз. 563
ХЪОДЗАСТИ ГЪУЛЛЄ МА ЦЄРАЙИ ЗАР Уєлє согдзау ниццагъта є согти сєртє, Гъуллє нигъгъєр кодта: «Гъйа, Киристонгъєу, кумє ледзетє гиаурти тєссєй, Ує тєккє хуєздєрти уин ку фєццагътонцє сє хорхи сєртєй». Єрєдони хумгєнд доргинтє ку адтайдє. «Гъйа, мє уарзонтє! Мє унгєг хєсти медєг мє Дзорєнтє ку адтайдє». Фєндаги кєрдєг хезуни туххєй. «Нур Киристонгъєуи хъалтє хуарз бєхтє балхєдтой ледзуни туххєй». Дєлє мин Єргинарєги Донай ку адтайдє, «Мє уод йесєн бони мє Хєллати Бола ку адтайдє». Уєлє гъєддзау талай размє. «Мєнєн мє уодесєн Акъоти Къалай размє». Аци сауєри дон цєугєйє байзадєй. Хъодзасти Гъуллє ку нигъгъєр кодта: «Гъетт, мє уарзон єнгартє! Мє рєсугъд уосє мєн мєрдєй Мє уати кєугєйє байзадєй». Салигуєрдєни сєри мин делианкє ку адтайдє. «Мє хєсти бони ма мє уєддєр мє берданкє ку адтайдє». Курдадзи фєрєт курдадзи байзадєй, Цєрай нигъгъєр кєнуй: «Мє рєсугъд уосє курдуати байзадєй». Уалдзигон уєриккє цъетебєл байзадєй, Гъуллє нигъгъєр кєнуй: «Мєнєн мє тогесєг дзедзебєл байзадєй!» Дєлє зєрингурд ци рон искодта. Хъодзасти Гъуллє є реуи фєйнєгєй ци ном искодта. Єрєдони дон цєугє-зелгєйє байзадєй, Хъодзасти Гъуллє нигъгъєр кодта: «Мєнєн мє зєронд мадє Киристонгъєуи єхсєн Кєугє-неугєйє байзадєй!» Ацулухъєй хєцєн искодтой. Дєлє Хъодзасти дуує єнсувєри се стур заборєй хєцєн искодтой. Сєхе дуармє дуує сау бєлони. «Хъодзастє, гъєуи сєрєй єрласетє дуує сау уєрдони». Сє Хетєги-къох сє рохс царди туххєй. «Махєн баниуазетє, нє хуарз єнгартє, нє рохсаги туххєй». Зарєг скодтой Тєкъоты Дзыццыл, Бесолты Сергей, Дзалаты Куыдз ємє єнд, 1927 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Толасты Андрей. ЦИГСИИйы архив, фолъклор № 15, папкє, 8, ф. 454—455.
ХЪОДЗАСТЫ ГЪУЛЛЄ ЄМЄ ЦЄРАЙЫ ЗАРЄГ (Вариант) Быдыры кєрдєг хизыны тыххєй, Чырыстонхъєу хъазахъхъы бадомдтой Лидзыны тыххєй. Дєлє хъазахъхъаг йє кард ємє йє топпєй Цєй ном ыскодта, гъей! Хъодзасты Гъуллє ємє Цєрай Сє риувєйнєгєй цы кад скодтой! Уєлє сугдзау йє суджы сєртє ныццагъта. Гъуллє радзуры: «Гъєтт, хъазахъхъ нын Нє хуыздєрты сєртєй ныццагътой». Єрджынарєджы дон — дауынмє, Гъуллє ныхъхъєр кєны Боламє: «Ацы джиауыртє нє хъєуы сєрмє Фєкєнынц марынмє!» Уєлє хъєддзау — талайы размє. «Махєн нє удисєн у Къалайы размє». Гъуллє ныхъхъєр ласы: «Мєнєн мє тугисєг мє иунєг фырт у!» Ацы Урсдоны уылєнтє Цєугєйє ємє зилгєйє куы баззадысты, «Мєнєн мє уарзон мад ємє мє дыуує сывєллоны Кєугєйє ємє ниугєйє куы баззадысты». Куырдадзы фєрєт куырдадзы баззад, Цєрай ныдздзуры: «Мєнєн мє рєсугъд ус Куырдуаты куы баззад!» Радзырдта йє Тогъойты Геуєрги, 1934 аз, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Хъазыбегты Хъазыбег. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 485. КЪОРНАТИ ХЄМИЦ ЄМА ХЪОДЗАСТТИ САДУЛЛИ ЗАР Фарни гъєуи цєй бон никкодта. Хємиц нидздзоруй: «Садуллє, мах нє фурттєн цєй ном никкодтан». Тох! Машини фєндаг — зєгєлєндон, Садуллє нидздзоруй: «Хємиц, махєн аци бон никкодта нє мєлєн бон». Рохсаг! Гъєди сєри цєй толдзє никкалдєй. Хємиц нидздзоруй: «Садуллє, махєн гъєуи сєрбєл нє тог никкалдєй». Тох! 565
Хъєрєгъєси куройнєн є толдзєй къєбєлтє. Садуллє нидздзоруй: «Не ’нсувєртє, махєн ма ниууагътє нє тоги хъєбєртє». Рохсаг! Уорсдони донєн є тєнєгєй. Хємиц нидздзоруй: «Садуллє, єз нє тог ку райстон єртє лєгєй». Тох! Машини станцє Майкъоппи размє. Саду ллє нидздзоруй: «Хємици мард багоретє акъоппи размє». Зєронд базар Мамати размє. Садуллє нидздзоруй: «Махєн нє зар никкєнтє нє мади размє». Рохсаг! Мєгур лєги уєрдун цєугє зелгє. Садуллє нидздзоруй: «Мє мадє, єз дєуєн ниууагътон Салимєти кєугєйє неугє». Тох! Мєскъиаги фєсте арєхъи хузєн, Хємиц нидздзоруй; «Ме ’нгартє, махєн нє зар никкєнтє гъарєнги хузєн». Рохаг! Радзырдта йє Кьорпаты Андре Бегайы фырт. Ныффыста йє Толасты Андрей, 1927 аз, 24 сентябрь, Чырыстонхъєу.. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкє 8, ф. 452 — 4653. АБАЙТЫ АЛЫКСАНДРЫ ЗАРЄГ Гъой, йє цагъды дарєн хъєды раз ныккєнєм, Гъей, гъей, ємє рухсаг єрбауа, гъєйтт-мардзє, сахъ лєппу, гъей! Абайты Алыксандрєн йє кады зарєг йє хъєуы раз ныккєнєм. Дзанайты Агыса гєнайлаг єхца рахаста. Абайты Алыксандр Шкуройєн йє раззаг єхсар асаста. Пысылмонхъєуы Габанты хєрєндон, Абайты Алыксандр куы сарєзта Чырыстонхъєуы Хъазахъхъы цєгъдєндон, Гєналгомєй цєугєдон, Абайты Алыксандр йє уарзон ємгєрттєн куы загъта Фєсаууонмє хєрзєбон. Абысал йє зынаргъ зєххыл авд версты фєдардта, Абайты Алыксандр йє зынаргъ зєххыл авд цеппы фєцагъта. Абысал цєгъдинаджы тыххєй йє худ гєбєтмє куы радта, Абайты Алыксандр сєрибары тыххєй йє уд мєлєтмє куы радта.
Ханайты сабыр Сандыр кард ємє рон скодта, Абайты Алыксандр «Чермены къордєн» кад ємє ном скодта. Аргуыдан дєр Цыклонєн идон бакєнын кодта, Абайты Алыксандр Шкуройєн йє бон базонын кодта. Дард дєр дзы фєхаста, бон дєр дзы нє куыста, Абайты Алыксандры кард дєр нє карста, топп дєр дзы нє хызти... Радзырдта йє Гуыриаты Вано, Барзыхъєу, Куырттаты ком. Ныффыс- та йє Плиты Харитон. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор №21, папкє 71, ф.61. АКЪОТИ АМУРХАНИ ЗАР Тох, тох, Унгєг бон никкодта, ме ’нгартє, Уой-уой, Советскєй власт цєй ном никкодта. Тох-тох, Амурхан нидздзоруй: — Мєнбєл Силтанухъи рагъбєл ци бон никкодта». Рохсаг! Гъйа, мардзє, Хонхти астєу — сау хонхи хузєн, Тох, мє дуйне, Амурхан ниддзоруй: «Ме ’нгартє, ма фєлледзетє! Далє, нин нє адєми фєттєрунцє Єрєдонмє Сау гъомти хузєн Рохсаг! Амурхан нидздзоруй: «Мє тєрегъєдєй мє саулох бєх, ма байрайай, Цєунмє дин къєхтє ку нєбал йес». Амурхан нидздзоруй: «Ме ’нгартє, хуєцунмє нин фєттє ку нєбал йес» Рохсаг! Уой-уой. Гъєддзауєн гъєди є согкєнєнтє, Тох, мє дуйне, Амурхан нидздзоруй: «Нана, ду мєнєн ку фєййидтайсє Силтанухъи рагъбєл Мє тогикєлєнтє». Рохсаг! Єхсємєрє тала єй, Амурхан нидздзоруй: «Ме ’нсувєртє, мєн бєсти уин єнсувєрєн ка изайуй, Ейє Уруймєгти Микъала єй». Тох мє дуйне. 567
Къумайєн йе гопгєнєн дгъєл єй. Амурхан нидздзоруй: «Ме ’нгартє, уєддєр мє мард има ниууагътє дзєгъєлєй». Рохсаг! Арви коми Дайрани хумтє кєд єнєхсєститєй, Амурхан нидздзоруй: «Ме ’нсувєртє, мєнєн хъазахи цєфтє ма ниууагътє єнєхсинєдтитєй». Рохсаг! Дуує хумей астєу арєни хузєн, Амурхан нидздзоруй: «Мє хуєртє, мєнєн мє зар ує фєндурєй ниццєгъдетє Гъарєнги хузєн». Рохсаг! Бурлини завод сєкєрєй байдзагєй, Амурхан нидздзоруй: «Ме ’нгартє, махєн Ленини закъон єцєгєй байзадєй». Рохсаг! Радзырдтой йє Къорнаты Лндре Бегайы фырт ємє Созайты Цеко, 25 сентябрь, Чырыстонхъєу. Ныффыста йє Толасты Андрей. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор №15, папкє 8, ф. 448—449. ЄЛБЕГАТЫ ХЪАСБОЛАТЫ ЗАРЄГ Зарєг коид у Єлбегаты Хъасболатыл: уый хъєбатырєй фємарди мидхєсты 1919 азы горєт Налцыччы. Уыцы хєсты хъєбатырєй тох кодтой Сечеры хъєуы цєрджы- тєй дыууадєс лєппуйы, ємє дзы фондзєн сє мєрдтє єрбаластой уырдыгєй. Хъасболат бадзуры: «Гъей, тох! Цом ємє фєцєуєм Хъылыспийы сау хєстмє Знаджы ныхмє карз тох кєнынмє». Гъей, тох! Кєсєджы куырой сын Кєсгон ыскодта. Єлбегаты Хъасболат та ирон адємєн Налцыччы хєсты цєсгом скодта. Гъей, тох! Аргуыдайнаг цуанон Лескены хъєумє цыд кєрзытє кєнынмє. Хъасболат бадзуры: «Єз ацы хєстєй нал ацєудзынєн Сечеры хъєумє Кєрдзынтє хєрынмє». Гъей, тох! Уалдзыгон фыййау сын Цъитийыл баззади. Хъасболат бадзуры: «Мєнєн мє тугисєг Сослєнбег Дзидзийыл баззади». 568
Гъей, тох! Хатутаг кєсгон Налцыччы хєсты зєбул ехсимє. Хъасболат бадзуры: «Гуырдзыбеты Лола та Хъылыспийы хєсты йє бур ефсимє». Гъей, тох! Хъасболат бадзуры: «Ує мє хорз ємбєлттє, Мє мард мын-иу мє каистыл Дєргъєвсыл аласут, кєд ємє мын мє Усы хотє мє тугтє єрыхсиккой»... Радзырдта йє Гоггщаты Алыксандр Михалы фырт, 72-аздзыд. Ныф- фыстой йє Болиаты Альбинє и Кадиты Жаннє, 1987 аз, г. Беслєн. Цєгат Ирыстоны наддзахадон университет, ирон ємє иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. БУДТУТИ МУХАЙ ЗАР Єз фєццєун тохмє Мєгурти сєрбєл, Тогцъирти нихмє». Муха радзоруй: «Нє дє єрбауадздзєнєн, не знаг, Мє йеунєг уодєй дє рарветдзєнєн Устур масти хєтдзє. Нур нє ниууадзє, Нєбал дин бантєсдзєнєй, Мєгур адєм исгъигє ’нцє дє уиндєй!» Партизантє єрдзурдтонцє: «Болыпевиктє сє фронтєн Сау денгиз Гєрєницє искодтонцє!» Нур ма ци кєнон? Йеунєгєй Байзадтєн сау гъєди къохи! Тєходуй, уєддєр ма аци єнгъєлдзауєй Ку рацардайнє еу-дуує бони, Уєд райстаинє сєребар къохєй Мєгур адєми єфхуєрдтитє! Хъазахи хецєуттє уєлє горєти Нєбал ниууагътонцє Толдзє йесуйнаг. Муха радзоруй: «Кєд мє рамардтонцє, Уєддєр єз мє тогесуйнагєй Нєбал ниууагътон! Елхотти станци ку ма адтайдє. Муха радзоруй: «Єз мє хєдзари ку ниууагътайнє Йеунєг баргъон фурт! 569
Хуєрзєбон рауотє, мє хуарз єнгєрттє! Єз ує ниууагътон єма фєццєун Адзали надбєл! Хуєрзєбонє рауотє, Нє, нал ує фєууиндзинан, Мє бон ин не ссєй йеунєгєй Мє зєрди фєндон!» Радзырдта йє Махъоты Євдул, 1928 аз, Цыкола. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949\ ф. 491—492. ДЗАРАСТИ ХУМПИЙ ЗАР Уєрєсей революци истардта Тогцъирти Кавкази Хуєнхтємє; Хумпий радзоруй: — Цєуєн, єнгєрттє, Багорєн нє хуєнхти, Кєрон искєнєн адєми фидхуартєн. Рацєуй Хумпий йе ’нгєртти хєтдзє Хъєлисбитємє, Уєд бахъєрттєнцє уєртє Секермє хєстєг, Иссердтонцє тогцъиртєй йеу — Алдаттати Ибрагими. Гъавта уєд Хумпий йеу гъєуаггин Фєккєнунмє адєми тогцъирти. И гиаур цєттє куд на ’дтєй, Фелваста є топп, Є фитдзаг багъавди рахаудтєй Хумпий. Фєгъгъєр кодта Хумпий: — Мєнєн мє уодесєг — Алдаттай-фурт Ибрагим; Мєнєн мє тогесєг — Мє хуарз єнгарє Баппайти Даукуй! Баппайти Даукуй фєззилдта єхе Хумпийи гъєрмє; Йеци сахатбєл ниццавта уєд Алдатти-фурти є цубур топпєй. — Гузайваг нєбал єй Хумпий; Нєбал єй є тог есуйнаг, Райстан ин мах є тог. Дзурд дєттєн мах, Циколай єнгєрттє, Хумпий мєстєй Хъєбєрдєр нєбал ниууадздзинан. Нє хуєнхти тогцъиртєй йеунєг дєр. Хумпий рамардєй... Радзырдта йє Махъоты Євдул, апрель, 1928 аз, Цыкола. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 111, папкє 89, ф. 258—259. 570
ХУЙМАНТИ ДРИСИ ЗАР Уой, Дони фарси молло сє мєзгити заруй, Салауат искодта. Хуйманти Дрис Силтанухъи будурти Йе ’нгарти сєрбєл и гиаурти хєтдзє Хъазауат искодта. Уой, ку сємє дзоруй Дрис: «Гъа, єз ацибони бони Сумахєй йеу къуар мєрдтємє Бацєун кєндзєнєн советон хецауади сєрбєл!» Циколай будурти и кєруєг Гъесау ку зайуй; И гиаурти фєттєй мєбєл Йехау ку уаруй! Дур-Дури курєнттємє Донаууст нєбал йес; Мєнєн аци бон ме ’нгарти сєрбєл Фата}фст нєбал йес! Є уосиат ма, мєгур, Дрисєн Бугъулиєн Хамихъоти: «Єз зєнхєбєл бафт}’дтєн, Фал мє мадє єма мє дуує Єрвади — де ’уазєг!» Киристонгъєуи базар ба Согєй байдзаг єй. Хуйманти Дрисєн ба Є топпи къаропкє Мєскъиаги сєри Тогєй байдзаг єй! Радзырдта йє Махъоты Євдул, 9 мартъи, 1928 аз, Цыкола. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 111, папкє 89, ф. 260. СУРХ ПАРТИЗАН МУЛУКАТИ ХАДЖИМУСИ ЗАР Дур-Дури машинє — єнє рамкитєй Хаджимуссє нигъгъєр кєнуй. «Мах ниййахєстонцє цъаммар орситє Рєзб}^ни донбєл єнє равгитєй. Гъенур хуєрзбон, нє Кавкази хуєнхтє, мах фєццєуєн Мєгурти сєрбєл зонгє мєлєтмє. Нєбал бацєудзєнєй губунгин старшин, Мєгур лєг, дєумє тєлєтмє». Хуєнхти бєрзонддєр Хъєреу єй. Сурх партизантє тохунцє се ’знєгти нихмє сє реуєй. «Єз ниууагътон социалистон машинттє цєугє ’ма зелгє. Ниуз^агътон мє уарзон осє кєугє ’ма неугє». Єрєдони зєрингурдтє кард єма ронє скодтонцє.
Махєн нє партизантє цард єма ном искодтонцє. Дигори коми сє кард єма сє рони кусуратє. Хаджимуссє є од есунбєл фєгъгъєр кодта: «Ма нин рауагътє не знєгтєн есун нє сурх турусатє. Орсдони нихас Кехойти размє. Мєнєн мє зар никкєнтє мє хестєр хуєрє Сехой размє». Радзырдтой йє Цєллагти Дугус ємє Цакъоти Майрєм, сентябръ, 1935 Дур-Дур. Ныффыста йє Хаоаты Берди. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 28, иапкє 4, ф. 129—130. КЪЕЛОЙТИ ЗАЛУНГЕРИЙ ЗАР Къелойти Залун ку радзоруй: «Єз ку ’рцардтєн Секери астєу кадгин єма адгинєй. Секерєй син Лескенмє єз ку рацудтєн Мєнкъєй балчи зєрдєхцєуєн разведки. Секери бєрзондбєл галеу фарсєрдємє ку ракєсун. Дзєгъарходгинтє уєд ку бауинун. Хуєздєрєнгъєлти рахесфарсєрдємє уєд ку разелун, И гиаур дзєгъарходгинтє бабєй уєд ку бауинун мє рахес фарсєй. Мє медбунат син єртє зилди єз ку никкєнун. Ракєсє-бакєсє єз ку ракєнун, Мє цуппар фарси уєд ку байдзаг єнцє гиаур хъал хъазахєй». Кєсгон хєдзарє донєрдємє. Къелойти Залун нигъгъєр ласуй: «И гиаур хъазах мєн єрахєстонцє Секери бєрзондбєл ємбесєхсєвєй бонєрдємє». Кєсгон хєдзарє син — єнє рамкитєй. Къелойти Залун нигъгъєр ласуй: «И гиаур хъал хъазах мєн єрахєстонцє Секери бєрзондбєл єнє равгитєй». Паддзахи машинє син єздохгє цєуй. Къелойти Залун хъазахи разєй И гиаури къєндзумє ємбохгє цєуй. Секери ефенди устур аргъудєй хєтуй. Къелойти Залун нигъгъєртє ласуй: «Мє мард син Хъарадзаути гъєуи Устур кєрдту бєласбєл гиаури къєндзубєл ауигъдєй лєууй». Сєумон ахъуз син ку ’рбакєнуй. Къелойти Залун нигъгъєр ласуй: «Мє мард син гиаури къєндзубєл рателє-бателє кєнун ку байдайуй. Єз єнгъєл адтєн кєд мє мє мади зєронд авдєни уозгє кєнуй». Брани бєндєн син уєззау гєнєй. Къелойти Залун нигъгъєр ласуй: «Ме ’нсувєр Апон, єз дин фєдзєхсун Мє тог райсдзєнє уєздан лєгєй. Уалдзигон байраг мин чъетебєл байзадєй».
Къелойти Залун нигъгъєртє кєнуй: «Мєнєн мє тог райсєг дзедзебєл байзадєй». Радзырдта йє Цєрикъаты Хасим Умары фырт, Ныффыста йє Цагъа- ты Анастасия 1956 аз, 10 июлъ, Озрек.. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 175, папкє 44, ф. 49—50. ХОНХИ ДИГОРИ ПАРТИЗАНТИ ТОХИ ЗАР Гъе, нур нин абони сєребари хєсти тох, — Рацотє, нє фєсевєд, сєребари хєсти тохмє, гъей! Єрнємєцєунцє Деникини орс єфсєдтє, Мах нє уадзунцє сєребари цард аразун, гъей! Дигори мєгуртє, гъей, уєд ку нимбурд єнцє, Сурх туруса фєххєссунцє, фєццєунцє устур тохмє, гъей! Коммунистон парти мєгуртєн сє раздзєуєг, — Уони фєсте ку цєунцє Дигори партизантє, гъей! Уєд Дигори фєсевєд нимбурд єнцє, фєццєунцє Орс єфсєдти нихмє сєребари тох аразунмє, гъей! Дигори мєгуртє єма хъазуатон фєсевєд Фєццєунцє устур нифсєй Гъевони єфцєгмє, гъей! Дигори партизантє сєребари тох никкодтонцє, Коммунистон партий разамунд єнхєст кєнгєй, гъей! Цєй, ує цєрєнбон берє, нє Дигори партизантє, Социалистон арєзтади устур тох никкодтайтє, гъей! «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 483. ЗЄРОНД ЛЄГИ ЗАР Сау хъазахи мєстєй зєронд лєг Хъубади Зумєгєй, сєрдєй є авд фуртебєл Сау хонхи сєрбєл ку бадуй. Сєрдє єрцєуй. Киристонгъєуєй сау хъазахи мєстєй Незгун адємтє єрбацєунцє цъетемє; Хъубади єрхезуй сє размє. Сє мєгур бєнт тє йин нидздзорунцє уєрдунтєй; Исесунцє йин сау авгє; Сєхецєн зєгъунцє: — Нє барє нєхе исцєй! Сиздєхуй фєстємє сау хонхи сєрмє Зєронд лєг Хъубади сєударєй. Устур Дигори зєронд адємтє Мєцути кувд кєнунцє Саветскєй вєласти номбєл, Нє уод нє барє исцєй, зєгъгє. Рарветунцє Хъубадимє Хонєг сау хонхи сєрмє. 573
Єрєгиау исцєуй кєугє-кєугє Є фурттєбєл сау хъазахи мєстєй. Агувзє йин є къохмє раттунцє; Є зєрдє барохс уй, Єма син низзаруй єхе зар Є мєгур бонєй. ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 111, ф. 257. ХУЄНХАГ МЄГУРТИ ЗАР «Ниууадзєн нє сау кємттє, Нє мєгур хуєнхтє, Нє бєгънєг къєдзєхтє, Цєуєн лигъз будурмє, — Уотє зєгъунцє мєгуртє. — Советон хецауадє нин Фєндон лєвар ку кєнуй, Гъей, лигъз будуртєй Фєндон цєрєнтє». Єцєг низмалдєнцє, Гъой, гъай, мєгуртє Комєй лигъз будурмє, Гъе, уоми цєрєнтє кєнунмє. Сєребарєй, фєндон гъєлєсєй Уєд дзурдтонцє. Сєребарєй устур колхозтє Уєд аразтонцє. Уєйтє, ує, уєрайдє-рє, Устур колхозтє исаразгєй Лигъз будурти даргъ ауєдзє Фєтєн хумтє Уєд ку кодтонцє. Электрон хъаурєй Хонсар хумти Заргє ку фєццєунцє, Гъєйтт-гъєт, єндон бєхбєл. Уєрєдє-райдє-ра, Гъей, цєгєттєй фєстємє Исиздєхунцє. Фєтєн ауєдзє хатгєй. Фєрсаг ку кєнунцє. Колхозонтє уєд низмалдєнцє Нєуєг цард аразунбєл, Байдзаг кєнунцє Кємттє, гъєдтє Сау дзогтєй... Єстур єрдозтє ба Сурх єргъєуттєй. Гъєйта-мє, уєрайдє-ра. Колхозон фиййау Сєребари зар никкєнуй. Аци зар колхозон Фиййауєн федауц, Нє кади буидор Сурх туруса Нє сєргъи махєн Ку фелауй. Уєй, єгас нємє цєуєд Нє дуне —йеумєйаг цард, Єгас нємє цєуєд Колхозон гъєздугдзийнадє. Колхозонтєн сє хъиамєт Сєхе ку єй, Гъигє дарєг сє Ку неке бон бал єй. Зарсег сарєзта колхозоп Цєллагты Дзугус, Дур-Дур. «Ирон аоємон сфєлдыстад», 1949, ф. 494—496. ЛЕНИНЫ ЗАРЄГ Ныр нын абоны бон сєрибары хєцєн бон чи сарєзта Дунейєн рухсаджы Ленин. Гєбутє, Тезийы сєнт урс рагъыл залгъєд ныккєрдут, Лєппутє, Ленины рєсугъд кадыл зарєг ныккєнут.
Урс хъилтє рєбынєй куы кодтой. Ныр нє кєстєр фєсивєд Ленинєй Буц митє куы федтой. Сєкєр сисут Тебийы фєрк сєстытєй. Нє фєсивєд нє ферох кодтой Ленины фєдзєхстытє. Фєзы цады сигєцтє Беги фєрывта. Ныр зєххыцъары сидзєрты Ленин рєвдыдта. Тотраты Байти Къуыдаты цар єрдаудта, Рухсаджы Ленин, дє руаджы ныр мєгуыр лєгмє дєр Ныхасы бар єрхаудта. Дунейы єнгуыртє амы ранєй раивут. Ленины тыхджындєр фєдзєхст: «Дунейы мєгуыртє, алы ранєй баиу ут». Цъиусурты хєстєй Хъєриу фєйнєгмє фєтоны. Ленин ныдздзуры: «Тугцъирты мєстєй Мє риу фєйнєрдєм фєтоны». Пеки єргомєй хорз єрвад ныккодта. Ныр нын Ленин єндонєй сырх єфсад скодта. Ныр нын ацы аз — Цыкарийы уалдзєг. Рухсаджы Ленин бакодта дунейы кусджыты партийы уазєг. Нєзы бєлас фєзбєсты ма ныссадзут рєбынєй. Ленины фєдзєхст: «Не ’фсымєрты нын хєхбєсты ма ныууадзут мєгуырєй». Уартє Хилакъєн сє ивары сырхы хох. Ныр нын Ленин сарєзта сєрибарыл пырхы тох. Галтє ратєрут Гериты єндзєлттєн, Арфє ракєнут Ленины ємбєлттєн. Радзырдта йє Хєдарцаты Алихан. Ныффыстой йє Плиты Харитон ємє Дарчиты Дауыт. ЦИГСИИйы архиву фольклор № 21, папкє 71, ф. 135—137. КАЛОТЫ ЗАУЫРБЕДЖЫ ЗАРЄГ* Цєй, бахъырнут! Сау хохы сєрджын саг Рухсмє быдырон фєндагыл Уєнгфидарєй фєцыди. * Зауырбег уыд зынгє советон єхсєнадон кусєг. 1922 азєй йє амєлєты бонмє уыд ССР Цєдисы Єххєстгєнєг Комитеты (ЦИК) уєнг. 575
Саг нє уыд, — уый Калоты Зауырбег Кадджын Ленины хъуыддагыл Сєрибарєй хєцыди. Цєй, бахъырнут! Сау хохы цєргєс, дам, Баиу иннє цєргєстимє, Куы нал атахт сє балєй Цєргєс нє — уый Калоты Зауырбег Баиу дзыллєты хуыздєртимє Ємтохгєнєг ємбалєй. Цєй, бахъырнут намысы зарєгєн! Сомбон не суинаг фєлтєрєй Иу иннєйы куы ивдзєн, — Єнємєлєт Калоты Зауырбег Кусєг адємы зєрдєтєй Ыстъалыйау єрттивдзєн. Зарєг скодта Къутєрты Додтийы къорд. Ирон адємон сфєлдыстад, хрестомати. Сарєзта йє Калоты Георги. Орожоникидзе, 1975, ф. 392— 393. КОЛХОЗОНТЫ ЗАРЄГ Колхозмє, колхозмє, лєппутє! Ерысєй, ерысєй, лєппутє! Колхозмє, колхозмє, чызджытє! Ерысєй, ерысєй, чызджытє! Колхозмє, колхозмє цєудзыстєм, Ерысєй, ерысєй бавналєм! Иумєйагкуыст дзы кєндзыстєм! Ерысєй, ерысєй равзарєм! Чи нє рацєуа — худинаг, Йє куыст кємєн уа бєлвырддєр, Чи нє рацєуа — кєуинаг, Йє куыст кємєн уа хєрзк}’ыстдєр, Чи нє рацєуа — єрдиаг, Гъе уый єцєг у колхозон, Чи нє рацєуа — єххормаг. Гъе уый єцєг у хъазуатон! Ныффыста йє Гуыриаты Гагуыдз. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 21, папкє 71, ф. 131. ФЫЙЙАУЫ ЗАРЄГ Ой, ой, раскъєр-ма, фыййау, Ой, ой, хорз сє бахъахъхъєн Рауром ма, гъей, Колхозон фысты, гъей. Ой, дє фосы дзуг раривєд кєн. Ой, дє цєрєнбон бирє ’рбауа, Раривєд кєн, гъей. Бирє ’рбауа, гъей. Ой, ой, хорз фєхызтысты Ой, ой, суадоны былыл Зад кєрдєгыл, гъеи. Зарджытє ракєн, гъей. Дє нард фосы дзуг раривєд кєн, ой, мє хур фыййау, зарєг ракєн. Раривєд кєн, гъей. Зарєг ракєн, гъей. 576
Ой, ой, хєхты цъуппытєй Рафєлгєсыс, гъей. Ой, нє рухс бєстєм рафєлгєсыс, Рафєлгєсыс, гъей. Радзырдта ггє Плиты Гргггиа, 1939 аз, 5 мартъи, Сгггалгшир. ЦИГСИИ-йы архггв, фольклор № 24, ггагхкє 71, ф. 41. РУВЫНЫ ЗАРЄГ Цєйут-ма, рарувєм Хємпєл кєрдєджытє Нє фєтєн быдыртє, Єд уидєгтє рувєм Колхозон быдыртє! Нє иумєйаг хуымты! Нє цыргъком къєпитєй Нє хордєттє се ’дзаг Сє хємпєл кєрдєджы Куы уыдзысты хорєй. Бынтондєр фесафєм! Цєй, уєдє, рарувєм, Ноджыдєр хъєлдзєгдєр Хъєлдзєгєй, уєнгрогєй! Уыдзыстєм фєззєджы: Радзырдта ггє Плиты Гргшш, 1938, 5 магг, Сталинир. ЦИГСИИ-йы архгт, фольклор № 25, паггкє 71, ф. 2. НОГ ЄМБИСЄНДТЄЙ Колхозы кусай — бєркад дєхицєн, дє хєстєг, дє хицонєн. Єппєты фыццаг — колхозєн, стєй та — дєхицєн. Иумєйаг куыст — сойєдзаг. Лєг — єфсєддон, колхоз — єфсад. Радзырдггюгг сє колхозогтгє. Ныффысггга сє Брытъггаггт Созырыхъо, 1951 аз, 1 декабрь, Суадаг. ЦИГСИИ-ггы архив. ХОСДЗАУТЫ ЗАРЄГ Колхозон лєппутє, Зєрдєргъєвд, уєнгрогєй! Тагъддєр, цєй, акусут! Хъєлдзєгєй базарут, Уєнгрогєй ракєрдут, О тыхджын хосдзєуттє, Бындзарєй ракєрдут, Фєтєнты кєрдгєйє, Бєзджын цъєх кєрдєджы, Амонд сєрибарыл — Бєрзонд зад кєрдєджы! Колхозон ног цардыл. Ракєрдут фєтєнтє, Хъару ис уе уєнгты, — Єрттивгє хосгєрсты! Цинимє ракєрдут, Мєкъуылтє самайут Колхозон хосдзєуттє! Хуссєртты, къуылдымты, — Нє сауцєст чызджытє, Цємєй уой нє дзугтє Сымахєн ує сихор Зымєгон хєрзєфсєст! Заргє ’мє худгєйє Ракєрдут, хосдзєуттє, Хєсдзысты, мє хуртє! 37 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 577
Ракєрдут, хосдзєуттє, Колхозон хосгєрсты Ує цыргъком цєвджытєй Йє тєккє бындзарєй! Азарыди йє Плиты Гриша. Ныффыста йє Плиты Харитон. 1939 аз, 29 январъ, Сталинир. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 25, папкє 71, ф. 1. Фыдыбєстєйы хеесты замапы ємє уый фєстє азты фольклор ИРОН ФЄСИВЄДЫ ТОХЫ ЗАРЄГ Фєдис, фєдис, хєсты фєдис фєцыдис! Тох, тох ємє уынгєг тох єркодта! Гъей, мардзє, хъазуат Ирыстоны хъєбатыр фєсивєд, Нє фєтєг парти нєм фєсидтис кадджын хєсты фєдисмє. Бєрзонд хохєй бєлєттє истой, Гъей, ємє махєн та нє Иры фєсивєд Єгады бєсты мєлєт куы истой. Тыркайы хуым сын цєвєгхос фестад, Гъей, ємє махєн та не знєгты фєсырд цєрєн хос фестад. Цєллаггаты кєсгон ємє дзыллєйы кард, Гъей, мардзє, нє мыггаджы цєсгом ємє нє дзыллєйы кад. Хурмє куы худы уардийы цєсгом. Гъей, ємє нє хєстон фєсивєд афтє бадзурынц: «Мах нє фегад кєндзыстєм нє зынаргъ партийы цєсгом». Зєронд Бєтєхъойыхъєуы, дам, нын Кадитє, Гъей, мардзє, Кадитє, Мах та єрыздєхдзыстєм кадимє, Зєрєстон хуымы, дам, єрзади туаллаг пысыра, Гъей, мардзє, нє хъєбатыртє єрсагътой Берлины сєрмє кады тырыса. Радзырдта йє Єккацаты Фемидє, Беслєныхъєу. Ныффыста йє Къо- майты Азє. ЦИГСИИ-йы архив. СОВЕТОН ХЪЄБАТЫРТЫ ЗАРЄГ Гъей, фєдисы хъєр куы айхъуысти, фєдисы хъєр, лєппутє, Гъей, нє Райгуырєн бєстєйыл, гъей! Нє цытджын парти нєм куы сиды, фєсивєд, Байхъусут, тох єрцыд, хєсты тох, гъей! Ой, фєдис, домбай Уєрєсе, гъей! Мєнє сау знаг нє уарзон бєстємє куы ’рбалєбурдта. Гъєйтт, мардзєтє!
Гъей, тохы бон куы єрцыдис, гъей! Уыцы фєдисы хъєрмє нє хъєбатыртє куы араст вєййынц, гъей! Гъей, тох єрцыдис, хєсты тох, Куы дзурынц кєрєдзимє, гъей! Ує, арфє уын, нє єфсымєртє, Стыр Уырысы адєм, гъей! Махєн нє хєхбєстєй сау знаджы чи фєсырдта, Гъєйтт, мардзєтє, тох єрцыд, хєсты тох, гъей! Гъей, Плиты Иссє бадзуры, лєппутє! Гъєйтт-мардзє, нє Иры фєсивєд, бахъуыди лєджы сєр, Тох куы ’рцыдис нє Райгуырєн бєстєйыл, гъей! Гъеныр Гитлеры лєгхор фашисттє Партийы разамындєй саст к}гы ’рцыдысты, гъей, Гъей, єцєг саст куы єрцыдысты, лєппутє, гъей! Тох єрцыд, хєсты тох, фєсивєд. Гъей сомихаджы зєрингуырдтє Кард ємє рон скодтой, гъей! Гъеныр махєн та нє хъєбатыртє Кад ємє ном скодтой, гъей! Цєгат Ирыстоны адємон сфєлдыстады Хєдзары фолъклоры єрмєгєй. ПЛИТЫ ИССЄЙЫ ЗАРЄГ Дєргъєвсы комы Бытъєты зєххытє. Плиты Иссє бадзуры: Мах, дам, никємєн ратдзыстєм фыдєлты зєххытє. Хъобаны хид нєзы хъєдєй конд. Єрбамбырд мыл ут, Сырх Єфсад. Хъобаны хуссары сє тулдз ныккалди. Немыцы налаттєн Майрємададжы, дам, сє туг ныккалди. Куырттаты комы, дам, Цєлыккаты кєсгон. Мах, дам, не сыгад кєндзыстєм нє фыдєлты цєсгом! Радзырдта йє Уыртаты Ахмєт Дударыхъойы фырт, 68-аздзыд. Ныф- фыста йє Хємыцаты Тамарє, 1959 аз, 28 июлъ, Хъахъхъєдур. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклор № 250, папкє 117, ф. 100. ПЛИТЫ ИССЄЙЫ ЗАРЄГ Фєдис, дам, фєцыдис, гъа-мардзє, фєсивєд, Гъо-гъо-о, фєдис, дам, фєцыдис. Нє та нє уадзы сохъхъыр хєйрєг, Нє та нє уадзы, Гъо-гъо-о, хъєбатыр фєсивєд. Дєргъєфсы комы, зєгъы, Зазуаты гєнєхтє, Зазуаты гєнєхтє. 579
Плиты Иссє сє тєккє разєй, Сє тєккє разєй, гъо-гъо-о-й! Хъєбатыр фєсивєд куы райдайынц Дєлє Берлины хъазуаты гєрєхтє, Хъазуаты гєрєхтє, гъо-гъо-гъо! Уєлє сау хъєды бєлєстыл стыр арс, Сау хъєды бєласєй кєрдотє цєгъды, Кєрдотє цєгъды, гъо-гъо-о-й! Плиты Иссє фыдгулы ызнєгты Берлины уынгты кардєй куы цєгъды, Кардєй куы цєгъды, гъо-гъо-о-й! Уєлє, дам, фыййау йє фосмє кєсгєйє Цєугє куы кєны, Гъо-гъо-о-й, цєугє куы кєны. Акєсут-ма, йє ног ус Гитлерєн Йє ибкє кєнгєйє йє фєдыл кєугє куы кєны, Гъо-гъо-о-й, кєугє куы цєуы. Уартє, дам, Уєлладжыры хуымтє, Уєлладжыры хуымтє гъо-гъо-о-й! Ныр дурджынтє ’мє къуыбарджынтє. Гитлер, дам, нын катай байдайы. Размє, дам, лидзон — мє туджджынтє, Фєстємє лидзон — мє марджытє, Гъо-гъо-о-й, мє марджытє. Уартє, дам, нын Арвыкомы Сє зєронд усєн кєлмєрзєн єрхаудта, Гъо-гъо-о-й, кєлмєрзєн єрхаудта. Гитлерєн Сырх Єфсады цєфєй йє бєрзєй єрхаудта, Гъо-гъо-о-й, йє бєрзєй єрхаудта. Зарєг сарєзта Хъалєгаты Биби Тотырбеджы фырт. Ныффыста йє Цагъаты Анастасггя, 1959 аз, 25 июлъ, Джимара. ЦИГСИИ-йы архггв, фолъклор № 250, папкє 117, ф. 17-19. ПЛИТЫ ИССЄЙЫ ЗАРЄГ Фєндаггон йєхицєн кєттєгтєй арыигтє кодта, Плийы-фырт знєгтєн сє лидзєн фєндєгтє алыгтє кодта, ой, Сє лидзєн фєндєгтє алыгтє кодта. Тох, Хуырийы-фырт дардєй кєсгєйє Фєндаджы уєрдєттє сбєрєг кодта. Ой, ой, Плийы-фырт кардєй хєцгєйє Знаджы єфсєдтє стєнєг кодта. Ацы хосдзау уарынєй тєрсгєйє куысты йє цатырты синєгтє раздыхта, О, ой, Плийы-фырт кардєй хєцгєйє, Стыр хъєбатырдзинєдтє равдыста. Ой, тох, дардмє уынаг сгуыхт лєг куы дє, ой, Ой, бирє нын фєцєрай, Плиты хорз Иссє!
Ацы хъєддзау даргъ тагєй сардзинтє Хъєссєйы суджы лыг кодтой. Ой, Хъєссєйы суджы лєг кодтой. Ой, ой, знєгтє Кавказєй Берлинмє тєссєй хъуджы лыгъд кодтой. Ой, тох, фыййєуттєй баззади сєныччытє ємє уєрыччытє иугай сєгътимє. Хєсты бынаты знєгтєй баззади сєры ’рдджытє, ємє лєджы ’рдджытє, — Сє лидзєн фєндєгтыл лидзынц иугай къєхтимє. Зєрингуырд сын миры ронєн кард ємє рєхыс скодта, Ой, ой, Плийы-фырт єгас Иры номєн кад ємє намыс скодта, ой, тох! Хєххон гуырд ,хєстон сгуыхт лєг, бирє нын фєцєрай, Плиты хорз Иссє. Фрийы-фырт йе ’ннє тєлы хуыскъаг Бєрз уисєйттимє базайраг скодта. Ой, базайраг скодта. Ой, ой, Плийы-фырт не знєгтєй єнєхъєн штаб Сє хицєуттимє уацайраг скодта, ой, тох! Ой, тох, зондджын, єрхъуыдыджын, єхсарджын Иссє, Ой, ой, бирє нын фєцєрай, Плиты хорз Иссє. Сє хизєн сєрвєттыл сє дзуджы лєзгъєртє, Дєлє не знєгтєн сє лидзєн фєндєгтыл, Ой, сє туджы фєзгъєртє, Ой, ой, бирє нын фєцєрай, Плиты хорз Иссє. Ой, тох, хєххон єххєст гуырд, ой, сгуыхт хъєбатыр, Ой, ой, цардєй бафсєдай, Плиты хорз Иссє. Ацы бєхгєс єнє бєндєны таг, афтид телтимє, Ой, ємє сау байрєгтє єркодта, ой, сау байрєгтє єркодта. Плийы-фырт єнєхъєн къазармайы дзаг сє офицертимє Уацайрєгтє єркодта, ой, тох! Тох, хуымгєс, дє сау галтє куы нє расурай, Уєд дын сє сє таухизєнмє арвитдзынєн, — Ой, уацайраг, дє хабєрттє куынє радзурай, Уєд дє єз дє сау ингєнмє арвитдзынєн. Цєгат Ирыапоны адємон сфєлдыстады Хєдзары фольклоры єрмєгєй. МАМСЫРАТЫ ХАДЖУМАРЫ ЗАРЄГ Кєрон дєр нє уыди йє тохы фєндєгтєн Фєринк кардєй знєгты цєгъдгєйє. Хаджумары рухс ном йє тохы хєлєрттєн Сє зєрдєты баззад цєргєйє, гъей! Зымєг дєр булємєргъ ратєхы уєд сєрдєй, Нє мидбылхудт уымєн євдисєн, гъей! Єдас вєййы тохы хъєбатыры зєрдє, Уєд сонтєй куыд басєтты низєн, гъей! ^зєбидыры дзугєн цы хатєн ис хохы, Йє раздзєуєг цъититєм бафты. Йє дзыллєйы сагъєс кєй бацєуы тохы, Дывєрєй уый кадыл бафты, гъей! 581
Єрттивгєйє хурєн йє хъару нє фєуы, Йє тынтє ныппырх вєййынц фєзты. Цєхєрцєст Хаджумарєн баззад уєлєуыл Йє зарєджы намыс йє бєсты, гъей! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар — Орджоникидзе: Ир — 1990. — ф. 15. ИНЄЛАР ХЕТЄГКАТЫ ГАБОЙЫ ЗАРЄГ Сау сынт, зєгъ, ратахти ємє Туалгоммє Сау уац єрбахаста, гъей, тох! Сєрибарыл тох! Гитлеры сау дзєргъ, дам, нє бєсты арєнтєм Йє ныфс куыд бахаста, гъей, сєрибар! Туалты хистєртє Габомє бадзурынц Сє зєрдє рисгєйє, гъей, тох! Сєрибарыл тох! Нє буц фєсивєды кєнєм мах де уазєг Кєстєрєй-хистєрєй, гъей, сєрибар! Хетєджы сахъ фырт, дам, йе ’фсады разєй Карз тохмє фєраст и, гъей, тох! Сєрибарыл тох! Йє хєстхъом салдєттєм сармадзаны нємыг Уєд къори куы касти, гъей, сєрибар! Габойы разєй, дам, немыц куы лыгъдысты Єрра фосы дзугтау, гъей, тох! Сєрибарыл тох! Мєлєт дын макуы уа, карз тохы чи райста Нє рєзгєты тугтє, гъей, сєрибар! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар — Орджоникидзе: Ир — 1990.— ф. 12. ЦЄЛЫККАТЫ ХЪАНТЕМЫР Хєрисы Цъєлєй цомут Ганисы фєстє кад кєнынмє. Хъантемыр бадзуры: «Фєдисы цыдєй цомут Нє фыдыбєстє хъахъхъєнынмє». Цомут, не ’мгар Василыл Нє кємтты базарєм. Хъантемыр бадзуры: «Цомут, не знаг фашистыл Нє кєрдтє бавзарєм». Не ’ндзєлмттєм нє бауадздзыстєм хатын Бебины арєзт кард. Хъантемыр бадзуры: 582
«Не знєгтєн нє бауадздзыстєм халын Ленины арєзт цард». Фыны мєсты рєзты неЧщзєлмттєн Ныккодтам хєлєддзаг цєфтє. Хъантемыр бадзуры: «Фыдыбєсты хєсты не знєгтєн Ныккодтам мєлєтдзаг цєфтє». Кєсгон ємгар Дзантемыр нал ис, Фєлє нын йє бєсты бирє фєцєрай. Нє хєстон ємбал Хъантемыр нал ис, Фєлє нын йе ’фсєдтє бирє фєцєрой. Бечийы Борєтєн йє крест сисєм, Спъалы ныссадзєм. Хъантемыр бадзуры: «Берлины горєтєн йє крест сисєм. Ємє йыл стъалы ныссадзєм». Цєгат Ирыстоны адємон сфєлдыстады Хєдзары фольклорон єрмє- гєй. ЦЄЛЫККАТЫ ХЪАНТЕМЫРЫ ЗАРЄГ Бирє тох фєкодтай, Хъантемыр, Фыдыбєстєйы хєсты тохы быдырты. Уєлладжыры комы — сыгъзєрин къєдзєхтє. Кадимє сєххєст кодта Хъантемыр партийы фєдзєхсттє. Нє хъєздыг колхозтєн — дурєй хордєттє. Райстон єз, Ирыстон, гитлерон бирєгътєй бирє горєттє. Садоны кусджытє сє нормє сисдзысты. Гъєйтт, мардзє, Хъантемыр, гитлерон бирєгътє Сє хъоргъмє лидздзысты. Колхозон рєгъєуттє — Бестауы уєлвєзты. Стыр бузныг, Ирыстон, мє мард мын кєй бавєрдтат Къостайы уєлмєрды. Мєздєджы бран уєззау хидєй баззади, Советон паддзахад уєлахизєй баззади. Цєгат Ирыстоиы адємои сфєлдыстады Хєдзары фольклороп єрмє- гєи. АВД ЄФСЫМЄРЫ ЗАРЄГ Хуссары хоры адаг ныккєнут, Гєбутє, Фєззєджы єхсынєнтыл. Диссаджы тохы зарєг ныккєнут, лєппутє, Гєздєнты ’фсымєртыл. 583
Хъєдгєстє ’мє зыгъарджытєн — Хєснаджы Хъєрмєдон. Шамиль бадзуры: «Хъєубєстєн ємє ныййарджытєн Загътам фєстаджы хєрзєбон». Нє зєрєстєттє — Єксабиты Ног арєзтад и. Дзєрєхмєт бадзуры: «Нє зєрєдтє Ємє нє сабитє, Де уазєг, парти!» Тєгєрдонєй сє бєхтє фєластой Ємє хємпєлєй хосгєрстытє скодтой. Махарбег бадзуры: «Мє хєдонєй мын мє цєфтє фєбастой, Бємбєгєй мын комрєзтє фєкодтой». Мєхєдєг базонин, Цєгєраты бєхєй мє Хорхєссєн куы уаид. Мєхємєт бадзуры: «Цєвут сє, лєппутє, мє дєлармы цєфєй мє Хорз єхсєн куы уаид». Хасанбег бадзуры: «Гєздєнты єфсымєртє Фыдыбєсты хєсты Авдєй сє сау туг ныккалдтой». Фыййаджыдон ахєццє Елхоты нарджытєм. Хадзысмел бадзуры: «Ныр нын чи хъусдзєн нє ныййарєг ємє Нє хоты хъарджытєм!» Цєгаты нарєг Сє сынты раз ныккєрдєм. Гєздєнты авд єфсымєрєн сє кады зарєг Сє цырты раз ныккєнєм. Зарєг скодтой Куырттаты зєрєдтє Цєгєраты Созырыхъойы раза- мындєй. ЦИГСИИ-йы архив, фольклорон хайад, напкє № 124, инв. 410. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати. Сарєзта йє Калоты Геор- г/г. Орджонгъкидзе, 1975, ф. 404—405. ХЪАЛЄГАТЫ ТЄТЄРИЙЫ ФОНДЗ ФЫРТЫ ЗАРЄГ Куырттаты комы фыдохы сау барєг. Хъалєгаты Тєтєрийы фондз фыртыл Хъєдгєрон скодтой тохы зарєг, гъей!
Карцайы сєрмє Дзывгъисы гєнєхтє. Дзамболат бадзуры йе ’фсымєртєм: «Нє арєнєй фєцыди фєдисы гєрєхтє, гъей!» Дыгуры комы, дам, Фєсналы бєрєгбон. Хъазан бадзуры: «Мах куы загътам Нє уарзон бєстєйєн фєстаджы хєрзєбон, гъей!» Дайраны бынмє Дзєуыджы цъєх фєзтє. Мєцыхъо бадзуры: «Мах нє ратдзыстєм Германы фашисттєн нє Фыдыбєстє, гъей!» Уад-дымгє куы сыста — хєхтє дєр ракалдзєн. Мысост 6адз}фы: «Нє иунєг хо ныл Иронвєндаггєнгє кєуынєй йєхи амардзєн, гъей!» Мызуры бын, дам, худисєн гєнєхтє. Тєтєрхъан бадзуры: «Мах фєкєндзыстєм Нє фыдызнєгты удисєн гєрєхтє, гъей!» Зєрєстон фєзєй иу євзар ысзындис... Фондз єфсымєры ныййарєг Хангуассє бадзуры: «Мє фондз хъєбулєй хєстєй иу дєр нал ыссыди, гъей!» Фыййагдоыы былыл сау пысыратє. Єрыдонєй горєтмє фєндагыл Тєтєрийы Фондз фыртєн ныссагътам сау тырысатє, гъей! Зарєг сарєзтой Хъєдгєроны колхозонтє. ЦИГСИИ-йы архив, фолъклоры хайад, напкє № 124, 410. «Ирон адємон сфєлдыстад», хрестомати». Сарєзта йє Калоты Геор- ги. Орджоникидзе, 1975, ф. 406. ХЪЕСАТЫ ФОНДЗ ЄФСЫМЄРЫ ЗАРЄГ Уой, ємє, фєцєуєм Уєлладжырєй сєрибары тохмє. Уой, ємє, Фыдыбєстє бахъахъхъєнєм, Ой, Хъесаты хъєбатыр фондз єфсымєры, ой! Уой, ємє, Аслєнбег бадзуры: «Дєлє Ростовы нарєгєй не суадздзыстєм, Ой, нє ратдзыстєм ацы джауыртєн Советон бєстє, ой! Уой, ємє, Хъызлары гємєхтє хизыны тыххєй, Уой ємє, Тотрадз бадзуры: «Ой, арєвдз кодтой ацы фашисттє Сє машинєтє лидзыны тыххєй, ой!» Уой, ємє, уєлє хъєддзаутє бєлєстєн Суджы лыг фєкодтой, Уой ємє, Мысост бадзуры, ой: 585
«Уыцы фашисттє кавказєй Берлинмє Хъуджы лыгъд фєкодтой, ой! Уой, ємє, Мызуры ныхас Бады размє, Уой ємє, Алихан бадзуры, ой: «Чи нын ныккєндзєн нє зарєг нє хо, Нє мады размє, гъей?!» Ой ємє, єхсєны уазєг Куырттаты баззад. Ой ємє, Гаги бадзуры, ой: «Мєнєн мє уарзон куырдуаты баззад, ой!» Ой ємє, ацы Хъобан Бєтєйы фырттыл кадєг скодтой, Ой ємє, Харитон бадзуры, ой: «Алагиры фєсивєд Раздены фырттыл зарєг скодтой, ой, тох!» «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар. — Орджоникидзе: Ир — 1990, ф. 58—59. ДЗУГАТЫ ЦЫППАР ЄФСЫМЄРЫ ЗАРЄГ Иры бєрзонд хєхтыл фєдисхъєр ныккєуы — «Ыссыгъдис нє райгуырєн зєхх, ой, мєнє тох!» Цыппар єфсымєры ныр тохмє куы цєуынц, Ныййарєг мад, фєндараст сын зєгъ, гъей, тох! Дзыллєты мєсыгтєн єрвылбон сє сєрмє Нынниуынц тымыгъ ємє уад, ой, мєнє тох! Дє фырттєм, Фаризєт, тагъд ма кєс єнхъєлмє, Цєрєццагєй нын дард цєуынц, дард, гъей, тох! Уалдзєджы улєфтмє арвы цъєх хъєбысы Фєленк кєны рог мєргъты хал, ой, мєнє тох! Нє райгуырєн зєххыл мєлєтдзаг ныббырсты Єнхъєвзы євзонг туджы мал, гъей, тох! Цєргєстє єрзилынц ємє та фєдисєй Хєсты хъєрєй алидзынц дард, ой, мєнє тох! Костя ’мє Аслєнбег, Тєгкан ємє Мишє, Єнєвгъауєй радтат ує буц цард, гъей, тох! Цуаноны топны хъєр куы ныййазєлыд кємтты, Уєд фахсыл дзєбидыр єрхауд, ой, мєнє тох! Нє уарзон хъєбултє скодтой сє нємттєй Ирыстонєн ном ємє стыр кад, гъей, тох! «Ирон зарджытсе Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар. — Орджоникидзе; Ир. 1990, ф. 73.
ЦОГОЙТЫ ЦЫППАР ЄФСЫМЄРЫ ЗАРЄГ Гъей, тох ємє, ацы куырєйттє радєй исынц, Радєй куы исынц, радєй куы исынц, гъей! Гъей, тох ємє, Цогойты Зауырбеджы фырттє, гъей, тох. Германы сау хєсты, гъей, тох ємє, размє куы бырсынц, размє, гъей, тох! Гидойы хєдзары кєй зард ныккодтой, гъей! Гъей, тох ємє, Цогойты Зауырбеджы фырттє Германы сау хєсты, Германы сау хєсты, гъей, гъей, тох ємє, Гитлерон єфсадєн цєй цагъд ныккодтой, гъей, гъей, тох! Гъей, тох, дєлє сын Єрджынарєг — Хєсайы нарджытє, гъей! Гъей, тох ємє, мах ма куы фехъуыстаиккам нє сидзєргєс мад, Нє сидзєргєс мад, гъей, гъей, тох ємє, Машайы хъарджытє, гъей! Гъей ємє уєртє Уєлладжыры ком, гъей, тох ємє, Ком скодтой, гъей, тох! Гъей, тох ємє, Цогойты Зауырбеджы цыппар фырты Уєдє нє ирон адємєн цєсгом скодтой, гъей, тох! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар. Орджоникидзе: Ир, 1990, ф. 71. ЧЫПЫРАТЫ ДЗАНТЕМЫРЫ ЗАРЄГ Мєнє тох! Хєцєн бон єрцыди, лєппутє! Дєлє Германы сау хєсты, Ой, тох! Чыпырты Истылойы Сахъгуырдтє — цыппар єфсымєры — Нє райгуырєн бєсты сєр Карз тох ныккодтой. Сє зєронд мады Иунєгєй ныууагътой, гъей! Уынгєг тох, сє ныййарєг мад сєм Ыссєдз азы дєргъы єнхъєлмє фєкасти, Ой, тох! Ныр нын Неттє кувы: «Фєсивєд Дзантемыры ингєнєй Сау сыджыт ысхастой, сау сыджыт, Лазинка, Чыпыраты кєрты дзы Дыргъбєлас ныссагътой, гъей, гъей, тох! Мєнє тох! Хъєриуы цъититє Уєртє Гєналєй зындысты, Ой, тох! Хъєбатыр Дзантемыр Куы ныхъхъєр кєны: «Фашистон тєхджытє уєлдєфон Карз хєсты мє разєй лыгъдысты». «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудар — Орджоникидзе: Ир, 1990, ф. 77. 587
ДАТИТЫ ФАЗЗЄТТЫ ЗАРЄГ Гъе, гъей! Уєлахизы тох Датиты фаззєттыл ныккодта, Гъей, Карпаты хєхты, гъей! Фашистон ызнаг, гъей, сєрибары цард халынвєнд ыскодта, Гъей, нє райгуырєн бєстє, тох! Гъе, гъей ! Кєсут йє тыхмє, арт єфтауы нє зєххыл, Гъей, бирєгъау ниуы йє тулгє уєрдои, гъей! Хъєбатыр фаззєттє, гъей, карз тохы уаритау сє бєхтыл, Ой, фыдызнаджы фєкодтой судзгє сыгъдон, тох! Гъей, гъей! Хєсты бон кєрдєджы сойє сє цєфтє бастой, Гъей, Датиты барджын фаззєттє, гъей! Уєззау тохы, гъей, фыдызнаджы фидєрттє састой, Ой, сє кадджын нємттє ссарєм, тох ! Гъей, гъей! Уєззау хєсты фаззєттє фыдызнаджы кєм уагътой, Гъей, єхсаргарды цєфєй, гъей! Абе, Бути, гъей, цъаммар знєгтєн сє удтє ластой, Ой, рєзгє царды мєстєй, тох! Гъей, гъей! Тугисєн тох! Абе Бутийєн куы загъта: «Ой, ныссєттєм фыдызнаджы къєлєт, гъей!» Ныййарєг мад Быгъуылон йє хъєбултєн куы загъта: «Ой, худинаджы бєсты хуыздєр у мєлєт, тох!» «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». ныг сарєзта Хаханты Дудар, Орджоникидзе: Ир, 1990, ф. 75. АГЪНАТЫ ХАРИТОНЫ ЗАРЄГ Уєларвон хєтєг мєй, ныууадз-ма дє зарєг, — Бєлццоны зєрдємє нє цєуы дє зарєг. Финляндийы хєстєй куы цыдтєн фєстємє, Уєд афтє куы загътон мє уарзон ємгєрттєн: Мє зєронд ысхєссєг йє фєллад єсуадздзєн. Фєлє та мє фєндтє мє хъуыры куы бадынц. Абоны уєд бонты єз дєр та сє фєстє — Цєугє та куы кєнын Германы сау хєстмє, Германы фронтмє — нє рєзгє фєсивєд Сє сау туг кєм калынц. Ує, уаих єрбауай, Беслєны хъєууынгты Дзєбєхєй чи ’руайы, Хъамбегаты чызджы йє цєстєй чи фены. Мє иунєг мадєн та афтє куы загътон, Мє бєсты та уєдє кєнгє чызг уєд ыскє,— Хъамбегаты чызджы.
Мє иунєг мад мєм єнхъєлмє куы кєсдзєн. — Абон уа, райсом мє лєппу ыссєудзєн. Фєлє та, мє хуртє, куы нєуал ссєуон. Ує, рухсаг єрбауай, Агънаты Харитон. Йе ’нусы кадыл ын зардзыстєм фєлтєрты. Радзырдта йє Рємонты Наталья Дєгкайы чызг. Ныффыста йє Ник- колты Дилярє. 1985 аз, 48-аздзыд, Дур-Дур. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєгш архив, 1985 аз. ЄГЬУЫЗАРТЫ ОЛЯЙЫ ЗАРЄГ Ой, ємє зєгъы Хєнєзы ныхасы, Нє буц хистєртєн уыд хицєн сє бадєн. Ой, ємє зєгъы базарєм, Ой, ой, сахъ чызг Єгъуызарты Оляйы кадєн. Ой, ємє загъта, райсомы єртєхєй Колхозон рєгъау йє дойны уєд саста. Ой, уєззау цєф хєстонты судзгє цєхєрєй Ой, ой, сахъ чызг Оля уєнгдыхєй куы хаста. Ой, ємє загъта, зиууєтты уєд єфсин Йє зиууєттєн фєзы цєхєра єртыдта. Ой, Єгъуызарты сєрєн чызг Оляйєн, Ой, ой, Сырх Стъалыйы орден йє риуыл єрттывта, гъей. Ой, ємє загъта, сєрыстыр сау сычъи — Топдзєфєй суангыл дєлбылмє фєтылдис, Ой, Фыдыбєсты Стыр хєсты уєд Оляйєн, Ой, ой, знаджы судзгє зды йє риуыл сємбєлдис, гъей. Ой, ємє зєгъы Фєснєлы фыййєуттє Сє их халагъуд хус хъємпєй бамбєрзтой, Ой, Єгъуызарты Оляйыл уарзон ємгєрттє, Ой, ой, кад ємє намысы зарєг сарєзтой, гъей! Радзырдта йє Гульчеты Епо Майраны фырт, 56-аздзыд. Ныффыста йє Никколты Дгглярє. 1985 аз, г. Дгиора. Цєгат Ирыстоны паддзахадон унггверситет, уырыссаг лггтературєйы кафедрєггы архггв. ЄХСАРАТЫ ЭНВЕРЫ ЗАРЄГ Райгуырєн бєстє нєм тохмє уєд фєсидт, Нє сахъ фєсивєд, ой, ой! Нє бон мєйдарєй нє ивєм, ой, Мє бон, Єхсараты хъєбатыр Энвер, гъей! 589
Тархъєды бєлас кєд ємє акалдтой цєджындзы уєд тыххєй. Мє уарзон ємгєрттє, ой, ой, Фыдыбєсты Хєстмє фєцыдысты нє царды цєрыны уєд тыххєй, Мє бон, Єхсараты хъєбатыр Энвер, гъей! Махєн ахєм цардуарзон ємгєрттє Нє дуджы уєд фєрцы, ой, ой! Фыдызнаг дє цєфтєй йє туджы куы мєцы, ой! Мє бон, Єхсараты хъєбатыр Энвер, гъей! Ой, тох! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хаханты Дудары. Орджоникидзе: Ир, 1990, ф. 33. БАСИТЫ ЧАБЄХАНЫ ЗАРЄГ Гъей, тох єрцыди, зєгъы, уєртє Хърупсы быдырты, гъей! Гъей, мє сау туг фєкалди, лєсєнтє кєны, Немыцаг лєгмартимє, ох, мє бон! Рухсаг єрбауай, Баситы Чабєхан, гъей! Гъей, тох єрцыди, зєгъы, мєнє дє ныййарєг мад дєр, Гъей, дє фарсмє куы лєууы, дє фарсмє лєууы, Ой, дє фарсмє куы зєгъынц, ох, мє бон! Єдзардєй куы судзы Баситы Чабєхан, гъей! Гъей, тох єрцыд, зєгъы, ой, дє хєстон єфсымєрєн, гъей, Гъей, йє судзгє хъєдгємттє нє байгас ысты, Ой, йє судзгє хъєдгємттє, ох, мє бон! Єнусты цєрдзєнис нє Иры дє ном, гъей! Гъей, тох єрцыди, зєгъы, уєлє Хъєриуы хох срухс и, гъей, Гъей, тох, дє тєригъєдєй нє зєхх ныхъхъєрзы, Ой, дє хур дыл ныгуылы, ох, мє бон, Рухсаг єрбауай, Баситы Чабєхан, гъей! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Сгныр хєсгны хъєбатыртыл». Чиныг сарєзта Хахагипы Дг^ар. Орджогшкидзе: Ир, 1990, ф. 42. БУДТУТЫ ТАМАРЄЙЫ ЗАРЄГ Хєрзбон, нє Кавказы урс хєхтє, Фыдыбєсты хєстмє Фєцєуы Тамарє, гъей! Карз знагимє тохмє Хєхбєстєй рараст ис Тамарє, сахъ чызгай, гъей! Тамарє бадзуры: «Ныййарєг мын кєй бадардта, Уый мын ма уєд хєлар, гъей!
Знаджы ныхмє тохы Ме ’ппєт тыхтє дєр Єз куы бавгъау кєнон, гъей!» Хєстон госпитєлы Цєфтє дзєбєх кєны Тамарє, сахъ чызгай, гъей! Уымєн йє фєлмєн къух, Уымєн йє рєвдыд дзырд Адзєбєх кєны цєф, гъей! Знаджы нємыгєй Хєсты быдыры Тамарє фємарди, гъей! Ємбєлтты уадзгєйє, Тамарє фєдзєхста: «Цєвут сє карзєй, гъей, Дард нал у уєлахиз. Мє мадєн та иу бон Єркєндзыстут мє хабар, гъей! Знаджы ныхмє карз тох Кєй кодтон єдзухдєр». Уєй, рухсаг єрбауай, гъей! Дє тохы кадыл дын Зардзысты фєлтєртє, Будтуты Тамарє, гъей! Зарєг скодтой Цыколайы Кертанты С, Тегаты С ємє Дзадзаты Р. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 491—492. ГЄМЄТЫ ЗАРЄГ Ой, тохы бон ныккодта, ємбєлттє, — Бадзуры хъєбатыр Гємєт. — Ой, ємє бирєгъау лєбурынц знєгтє, Ой, чи уарзы йє адєм, йє бєстє, Уый размє фєдисы рацєуєд, ой, Фєдисы рацєуєд не знєгты ныхмє, гъей! Гъей, афтє ныхъхъєр кєны Гємєт. Ой, тохы уєйыгау єрлє}’уыд єдгєрзтє Знєгты ныхмє, ой, ємє тєрсгє дєр нє кодта, гъей! Знєгты єнєвгъау куы цагъта. Ой, рафыхт Гємєты зєрдє, Лєбурдта лєгмартєм уєндон, Ой, ємє тох кодта, цагъта сє Ботъоты хъєбатыр Гємєт Ой, адємы сєрыл йє цард єрхаста, Мєлынєй нє тарсти, ой, ємє, Фашисттєй куы райста адємєн сє туг. 591
Ой, базарут, ємбєлттє! Базарут хъєрдєрєй, ой, ємє,’ Лєгдзинад равдыста, ой, Ботъоты хъєбатыр Гємєт. Радзырдта ггє Хъайттаты Буцє. Ныффыста ггє Созєты Изабеллє. 1987 аз, Црау. Цєгат Ирыстоны паддзахадон унггверсггтет, ирон ємє иумєйаг євзагзонынады кафедрєггы архив. ДЗОТТИ ЛАЗЄРИ ЗАР Раседуй карз тохмє нє бєстє Нє болат фурттємє мадау, ой, ой! Лєгисєр багъудєй, ой, рацотє. Єзнєгти содзетє зингау, ей! Гермайнаг нє гъєутє ку содзуй, Сабити е артмє калуй, ой, ой! Сау берєгъ уєззау цєф ку есуй, Сау берєгъ мєлєтмє цєуй, ой! Дур-Дури сєри уєд базмалдєй. Таргъєдєй є сифтєн єваст, ой, ой! Дзеди фурт фертєстєй є мадєй. Єзнєгтєй ку иста є маст, ой, ой! Лазєр уєд Домбасси будурти Єзнєгти буройнє кодта, ой, ой! Уєлахез єдєрсгєй є къохти Єфсадєн сє разєй хаста, гъей! Зонун мє адєм, зонун мє бєстє, Єзнаг ке уодзєнєй дєрєн, ой, ой. Размє, цєветє єзнєгти хъартє! Радзырдта йє Гульчеты Епо Маггрєны фыргп, 59аздзыд, Ныффыстой ггє Хъазбегты Натагиє ємє Папасггмеонидгг Н., 1988 аз, г. Дгггора. Цєгат Ирыстоны наддзахадон университет, уырыссаг лигиературєйы кафедрєггы архив. ЕЛУАТЫ АЛЫКСАНДРЫ ЗАРЄГ Ой, ємє, ацы Куырттатєн сє комы нарєг, Ой, тох фєсивєд, Елуаты, ой, ныккєнєм Елуаты Алыксандрєн йє тохы зарєг ой, ой, Йє тохы зарєг, гъей! 592
Ой, ємє Єрджынарєджы цєуєнтє ныккодтой, Ой, тох, Алыксандр бадзуры: «Ой, Германы хєсты ємє тох, ой, ой, Лєджы мєрдтєй хєцєнтє ныккодтой, гъей! Ой, Гєналгомы сын хидауєзт нал ис, Ой, тох, Алыксандр бадзуры: «Ой, Германы хєсты, ємє тох, ой, ой, Гилдзауєрст нал и, гъей, ой, тох!» Ой, ємє Балхъары бєсты сын Хъєрєсейы фєзтє, Ой, тох, Алыксандр бадзуры: «Ой, ацы фашисттєн, ємє тох, ой, ой, Нє ратдзыстєм Уєрєсейы бєстє, гъей, ой тох!» Азарыди йє зарджыты къорд «Бселццон», 1989 аз, Дзєуджыхъєу. Ныф- фыстой йє Баскаты Зєлинє ємє Газалты Людмилє. Цєгат Ирыстоны паддзахадои университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. ТОГЪУЫЗТЫ ХЪАУЫРБЕДЖЫ ЗАРЄГ Ой, ой, зєгъы, топпыхосы фєздєг куы схєццє нє хєхты рєбынмє, гъей, гъей! Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег бадзуры: «Хъазуаты тохмє фєцєуєм, фєцєуєм, фєсивєд, гъей! Гермайнаг лєгсырдтєй Фыдыбєстє хъахъхъєнынмє, гъей!» Ой, ой, зєгъы, нузайлаг зєрингуырдтє болат хырх скодтой, гъей, гъей! Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег Йє хъєбатыр ємбєлттимє єфсєндзых бирєгътєн Сармадзанєй сау пырх ныккодтой, гъей! Ой, ой, ємє, дам, Бехъаны фыййау Фырцинєй фидиуєг фестад, гъей, гъей! Гъей, гъей! Тогъуызты Хъауырбег Хєстєй уєлахизимє цєугєйє, йє развєндаг, гъей! Єрыдоны быдырты дидинєг фестад, гъей! Ой, ой! Тогъуызты Хъауырбег фыдєлты фарнєй єфсармджын уыди, гъей, гъей! Гъей, гъей! Єфс^армджын уыди, гъей! Ой, айнєгриу хєхтє, сымахау тохы быдырты Уый єнєфєцудгє єхсарджын уыди, гъей! «Ирон зарджытє Фыдыбєстєйы Стыр хєсты хъєбатыртыл». Чи- ныг сарєзта Хаханты Дудар. Орджоникидзе: Ир, 1990, ф. 23. 38 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 593
ХЕСТАНТЫ БИЦЦОЙЫ ЗАРЄГ Къадаты хосгєрст, ой, ємє, кєронєй фєдастой, гъей! Ой, Хестанты хорз Биццойєн, гъей, ой, тох! Ой! Германы сау хєсты, ой, ємє, ызнаджы нємгуытє, гъей, Ой, йє ронєй, ой, фєластой, ой, тох! Ой, Джераты бєлєттє, ой, ємє, цєгатварс фєуагътой, Ой, ой, Хестанты Биццо бадзуры: «Гъей, ой, тох, ой, Германы єфсєдты мє кардєй фєцагътон, ой, тох! Ой, сусхъєд бєлас тєгєрфарс бахаста, ой, ємє, Хестанты хорз Биццо бадзуры: «Ой, ой, тох! Ой! Дє бындар єрбауай, мє саулохаг бєх, ой, ємє, Германы хєсты мє єгєр арф бахаста, гъей, ой, тох!» Ой, Цъамады дон сау дурєй байдзаг, гъей, ой, Биццо бадзуры: «Германы сау хєсты, ой, ємє, мє дзых сау Тугєй байдзаг, гъей, тох!» Лзарыди ггсе зарджытпы къорд «Бєлгщон», 1989 аз, Дзєуджыхъєу. Ныф- фыспюй г7є Баскаты Зєлггнє ємє Газалты Людмилє. Цєгат Ирыстоны наддзахадон унггверситет, уырыссаг лгппературєгш кафедрєйы архггв. ХЪАРАТИ МЄХЄМЄТИ ЗАР Сєумон рєууадє Тєторси уорс меттє Ласуй арф коммє, гъей. Гъе, мардзє, Дигорє, гъєйдє базарєн Нє сахъ тухбонбєл, гъей. Сєхоли рєсог дон гъизт зумєги дєр Сєлгє нє кєнуй. Сєребарє хєссєг дзиллити зєрдити Мєлгє нє кєнуй. Фєлмєнкъах рєубес Сатумей будурбєл Къахнад искодта. Хъарати Мєхємєт цъаммар фудголти Бундзагъд ку кодта. Сиугун дзєбодур Таймази фєхстєбєл Донмє єруадєй. Бєгъатєр Мєхємєт, дє домбай реубєл Сау фат исуадєй. Хєреси цъететєй Ирєфи ех дон Рєсогєй кєлдзєй. Бєгъатєр Мєхємєт дє кади зарєг Єносмє цєрдзєй. Радзырдта ггє Гулъчеты Ено Магтєну фырт, 56-аздзыд, Ныффыста йє Никколты Дилярє. 1985 аз, г. Дигора. Цєгат Ирыстоиы наддзахадон унггверсигиет, уырыссаг лгаиературєгЫ кафедрєйы архив.
ЦЄБИТЫ ГАГУЫДЗЫ ЗАРЄГ Наргомы Ганисы гєнєхтє, Гъєйтт-мардзє, нє фєсивєд, Нє арєнтєй фєцыдис дєлє, Нє арєнтєй фєдисы гєрєхтє. Цъєйы хєхты сын нєзыйы фєрстє. Цєбиты Гагуыдз бадзуры йе ’мбєлттєм: «Мах нє ратдзыстєм не знєгтєн Нє Фыдыбєстє». Уыналы суадон єхсєрдоны хуызєн. Гагуыдз бадзуры: «Мах нє цєхєрцєст Уаритимє бырсдзыстєм Не знєгтєм єхсєв боны хуызєн». Сє галы цармєй сын гєбєт ызгъєр. Гагуыдз бадзуры: «Цомут, ємгєрттє, Єрлєууєм сє размє не знєгтєн, Кєыиод єгады цардєй — мєлєт хуыздєр». Радзырдта йє Лазарты Хъайсын. Ныффыста йє КокогЬпы Тєтєрхъан, 27 август, 1953 аз, Хъєдгєрон. ШОТАТЫ ХЄСТОНТЫ ЗАРЄГ Уынгєг бон ыскодта Райгуырєн бєстыл, Євирхъау ызнаг размє куы бырста. Шотаты лєппутє тугкалєн хєстмє Євддєсєй иумє тохмє цыдысты. Ард куы бахордтой райгуырєн хєхтєй, Ард куы бахордтой уарзон хъєубєстєй, Карз тохы мидєг цъаммар фашистты Хъайтар єхсарєй бындзагъд кєндзысты. Нє урссєр хєхтє рухсмє куы ’рттивынц, Хуры цєст атылд уарзон хъєубєстыл. Сахъгуырд лєгшутєй иуєндєс не ’рцыд, Сє цард куы радтой Райгуырєн бєстыл. Иры фєсивєд ує намыс хєссы, гъей! Уарзон хъєубєстє сымах фємысы. Ує номыл зарєг рєсугъдєй хъуысы, Кады цыртдзєвєн дардыл фєлгєсы, гъей! Азаг)ыдг1 йє фолъклорон ансамблъ «Чепена». 1985 аз. Ныффыапой йє Дзоойты Меланє, Моргуаты Беллє ємє Сохиты Алггнє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архггв. 595
ЧЫЗГ ЄМЄ ЛЄППУЙЫ ЗАРЄГ Ч ы з г: Мє уарзон стъалы, Германы хєстєй мын кєд ссєудзынє, Ємє мын хибарєй Дє сусєг ныхєстє кєд фєкєндзынє? Мє зєрдє єнє дєу Бынат куы нє ары єппындєр йєхицєн, Иунєг минуты бєрц Мє рєзгє зєрдєйє нє комыс фєхицєн. Єнєхатыр знаг, Мє уды тєригъєд йє фєдыл єфтыд уа, Уарзоны уындєй мє Цыппар азы дєргъы єнє хай фєкодта. Кєд уыдзєн уыцы бон, Кєд мєм ссєудзынє, мє зєрдєдарєн? Дєхи аххос уыдис: Цємєн мє євзєрстай царды ємбалєн? Сыгъдєг уарзондзинад Зєрдєйы къултє єнгом єлвасы, Хєрзбон уал, мє уарзон, Мє сусєг писмо дєм поезд фєласы. Л є п п у: Мє зєрдєфєлєууєн, Судзгє уарзондзинад мє риуы нє мєлы. Уєззау тохы бон дєр Єфсєддоны зєрдє дє уындмє куы бєллы. Мєхи дєр куы фєнды Дєуимє ныхєстє, зєрдєйы уарзон, Фєлє тохы арты Мє хєстон ємбєлтты єз куыд ныууадзон? Нанайы рєсугъд чызг, Нє сабыр дугєн та йє рєстєг єрцєудзєн, Тыхсгє ма кє, мє бон, Къєвдайы фєстє та хурбон скєндзєн. Єнхъєлмє кєс, чызгай, Знаджы єфсєдтєн лєгау цєф ныккодтам, Дысоны изєр дын Берлины стыр уынджы ирон симд єркодтам. Куы зоныс, мє дуне, Уарзондзинадєй хистєр у нє бєстє, Фєуєлахиз стєм, — Сырх Єфсады руаджы — єххєст нє хєстє. «Ирон адємон сфєлдыстад», Дзєуджыхъєу, 1949, ф. 499—500. 596
ИРЫСТОНЫ ЗАРЄГ Фєхъуаг сты афєдзы дєргъы Уєртє февралы бонтє. Тох ныл ныккодта, Єрбалєбурдтой хохрєбынты Мєнє Германы лєгхортє. Фєцєуынц Єхсєрысєрєй Уєртє Цырагъы рєзты. Тох ныл ныккодта, єхсєвыцъєхєй Цы раны фестєм?! Знаг бырста дарддєр, Фєцєуынц уартє Алагирєй Хєтєлдонмє. Цєвут сє, лєппутє, Махєн нє хєст у Сєрибарыл цєрєнбонмє. Фєцєуынц Дзуарыхъєуєй Санибайы рєзты. Цомут ємхуызонєй Сєрибары хєстмє. Єрбацєуынц та уєртє — Ма сє байради. Цы карз хєст єрцыдис Нє гыццыл хъєуы — Майрємададжы. Ацы фєдисты алкєй дєр Фєдзєхсын хъєудзєн. Тох дыл ныккодта, ма бауадзєм Ацы фашистты Дзєуджыхъєумє. Єрбахєццє сты изєрєй нє Ирмє, Тох уыл ныккодта, хъєбатыр Ирыстон! Фєлє сє ныххєццє кодта Сырх Єфсад Джызєлєй Берлинмє. Радзырд77Ш йє Цєгєра??1ы Созырыхъо, 83-аздзыд. Ныффыстой йє Го- джъща?71ы М. ємє Тедеты Р., 1985 аз, Хидыхъус. Цєга?п Ирыс??юны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. \ 597
НЄ ИРЫ ХЪЄБАТЫРТЫ ЗАРЄГ Нє ирон, нє хъєбатыр, Нє кадджын адєм, Гъей, ой, карз тохмє цєугєйє, Гъей, ой, тох, тынгдєр-ма базарєм, гъей! Ой, ємє гъей-мардзє, ой! Нє Иры, ой, нє хъєбатыр адєм, ^алє Германы сау хєсты, гъей, ой, Йє туг чи ныккалдта, гъей, ой, Уыдоны єрымысєм, гъей, Ой, ємє гъей-мардзє, ой. Гъей, ой, нє Иры, ой, нє хъєбатыр адєм, гъей! Дєлє нє рєзгє фєсивєд, гъей, ой, Хєсты быдырєй, гъей, ой, Уєлахизєй куы здєхынц, гъей, ой, Ємє, гъей-мардзє, гъей, ой, Нє Иры, ой, нє хъєбатыр адєм, гъей! Азарыди йє фолъклорон ансамбль «Чепена». Ныффыстой йє Дзбойты Меланє, Моргуаты Беллє ємє Сохиты Алинє. 1985 аз. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив.
ттдтшш ТУГЪДОН ГЪАРЄНГЄ , мє бон, ци кєнон! Нє сайтани хай изоли исєнтєстєй, ’Ма нєбєл галеумє ку разилдєй. Къолхози кустєй фєлладєй ка рандєй, Етє сау гъоми цагъди фєцєнцє. Є хъазар бєдолє тугъди будури кємєн байзадєй, Омєн є мєйи хуаллєгтє є рагъбєл уайонцє. Уєззау хъатаратє єнгом єлвєститє. Отемєй єй лигъз будури гиаури фат ку раййафидє Е дєлгоммє ку рахауидє, ’Ма єй уєлгоммє хатєг ку нє уидє. Бєргє фєгъгъєр кєнидє: «Кєд дигорон есгєми ес, Фєммємє кєсє. Мє уєззау єлвєститє мин ка фєууєгъдє кєна. Мє ниййерєг мадє, дє уорс єхсирєй ке бададтон, Уони сау тогєй ку калун гиаури цєфєй. Мадта, уєддєр аци зєнхєбєл цирти бунат не ’ссердтон, Фалє си мє комидзаг исесон». Є мади бєдолє еци тугъди кємєн байзадєй, Уєззау цєф єдонуг гєнагєй ¦ ч 599
Є фиди кизгємє нигъгъєр кєнидє: «Дони къоппа єрбадєттє!» Дони къоппа зин ерєн адтєй. Сєхе тогєй хуєд єлвєст никкєнионцє, Атт, цємєннє никкєуетє, хуарз адєм, Мє хєццє, нє фелаугє єихєст ахургонд фєсевєд Тугъди будури ку байзадєнцє. Радзырдта йє Хосироты Сапархан, Ныффыста йє Туаты Изетсе. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. 1975 аз, 29 октябръ, Дур-Дур. ГЪАРЄНГЄ ТЕМИРАТИ САУЛЄГ ЄМА ХЪОЙБАЙБЄЛ (Фєммард єнцє Фидибєсти Стур тугъди) Мє арт куд бауазал єй, хормє єнєдарєгєй куд байзадтєн! Ме ’намондєн, гермайнаг цъаммартє ку исєнтєстєнцє изол дуйнетєбєл, тог мєбєл куд ниууардта, мє уарзон хъєболтє, мє цєугє мєсгутє, мє уонєхсєрттєн сє фєтєн фєсонтєй син Гермайнаг уєззау фєттє стур хъуєлтє ку рахаун кодтонцє! Мє бон куд бакалдєй, тог мєбєл куд єруардта! Саулєг, Дзидзойти рєсугъд Сибєт дин бєл- датєй ку байзадєй, уой ку фєууинун, мє зєрдє уєд єндємє ку фєттонуй фєй- нердємє. Найфонти хєдзари Гулєри тегъєбєл карк итаунєг ку рауагъта, мє бон ци бакєнон.! Саулєг, дєуєн ба дє нарєг астєубєл де ’нгон хъатара єносмє єлвєстєй ку байзадє, фусуйнагєн ку байзадтєй есге сау зєнхєбєл. О, мє бон, Хъойбай, ду мє кєстєр хъєболє, єррєстє бакєсун ку нєма єндиудтай адєй- магмє. Ци євзонгєй фєццох дє де ’мгєртти астєуєй, сау тог мєбєл єруара! Чи и уонгєй нигъєрзтайтє гермайнаг уєззау фатєй, уой дєр уин ку нє базудтон, чи кєнон нур, кумє цєуон, мє хєдзарє и уазалєй ку байзадєй. Радзырдта йє Темираты Сафят 78-аздзыд, Ныффыста йє Рємонты Виктор. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. 1967 аз, 18 ноябрь, Фєрєс- кьєтты (Хъодзасон), хъєу. ГЬАРЄНГЄ ТЕМИРАТИ МУХАБЄЛ Сау єрхє дє фєлласа, мєгур хєдзардар зєронд хъиамєтгун лєг, Дигоргоми уазал бун ку бадє, дє хєдзардартє тугъди будури идзєхсєнтєй ку байзадєнцє, дє царє царєфтудєй ку байзадєй, дє цєробєттєй сау тог ку ’ркалдєй, мєн дє цъєх кизгутти хєццє єнєдарєгєй ку ниууагътай, дє хєдзардартє єнєхатир єзнаги фєттєй салдати цинелти єнгом тухтитєй, єнгон хъатаратє єнгон єлвєс- тєй байзайонцє сє фиди зєнхєбєл, ци кєнон, мє бон! Радзырдта йє Темираты Сафят (Хъодзасои), 78-аздзыд, Ныффыста йє Рємонты Виктор. 1967 азУ 20 ноябръ. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. ГЪАРЄНГЄ Є бєдолє идард дуйнемє кємєн рандє уй ’ма уотемєй ка фєммард уй. Уотемєйти уєззау цєфтє є бєдолє сау машинємє кємєн бахезуй ємє сау туруса ка рафелаун кєнуй бєрзонд горєттєбєл. 600
Уотемєй еци уєззау сау машинє ке дуарбєл єрлєууй, еци хєдзарє ци мєгур фєууй. Еци мадє є сау фєрстєй гєппєлтє куд нє фєййесуй. Аци дуйнебєл уомєй дессагдєртє ес. Мадта тугъди будуртии ке бєдолє байззадєй, е 6а ци кєна, Еци маддєлти ба цємєннє гъуди кєнис. Адт, уєууєй, гєлєхха. Мадта нє фелаугє, єнхєст ахургонд фєсевєд дуує паддзахадемєн федауєг- гагєн ку байзадєнцє. ’Ма уєззау лигъз будури бєрзєнди самалеттє ку єрбацє- уионцє, уєд иин уєззау бомбитє ку никкалиуонцє, уєд етє ба сау зєнхєбєл сау фунук ку ниууиуонцє. Лигъз будурти уєззау танкитє сєхецєн цєлхдортєн ке ниввєриуонцє, еци фєсевєд ба мадта ^д уионцє. Лигъз будурти хори итауєнтєй ке мєрдтє байзадєнцє, еци маддєлтє 6а куд бухсунцє. Адт, ци хъєбєр мєгур мадє дє, є бєдолє разуєз, фєстеуєзєй є хєдзарємє кємєн иссудєй єма єнгом кирємє ка єркастєй. Цємєннє ник- котє, хуарз адємтє. Мадта ци фєццєнцє нє фєсевєд. Фагє ингєн ка не ссерд- та є райгурєн зєнхєбєл. Берє маддєлтє хъєбєр мєгур єнцє. Абони дєр ма бєлццон єнгъєлддзау ка бадуй етє ци мєгур єнцє, ’ма уони цємєн иронх кєнтє. Нє фєсевєд, нє бон уин неци єй, фал уиннє цєстисуг 6а не ’вгъау кєнєн. Радзырдта йє Лкъоты Зурмєхан, Ныффыста йсе Туаты Изетє. 1975 аз, 30 октябръ, Дзєуджыхъєу. Салєгатя Зояйы ємбырдгондєй. МЄ БОН ИИККЄЛА... Мє бон никкєла, мє бєнттє нимайгє фєцєрон. Хъали лєхъуєн мє хъал цардєй басайа, мєнєн хъали лєхъуєн еци хъал цард дуує паддзахєн федауєгга- гєн ниууагъта. Мєнєн мє деденєг цард мартъий думгє хъал горєти ку фєххас- та. Мартъий думгє мин єй нє фєххаста, фал мин єй Гитлер ку фєххаста. Мєнєн ме ’рєзгє сабитє Уєрєсей будурти сє сау тог муггагєн ку байтуд- тонцє. Нєннє, еци хъал лєхъуєн уой є сєрмє не ’рхєсдзєнєй, ’ма є сау агє дзєнгъєр нє никкєндзєй. Єз ме ’мгєртти астєу мє деденєг цардмє къолбєрзєййєй ку байзадтєн. Ечи гиаур паддзах мєн туххєй ку сєнтєстєй Германи зєнхєбєл. Мєнєн ме ’рєзгє сувєллєнттє цєугєдонмє сє били цортє хуєргє ку бацудєнцє, цєугє- донєй дєр є хъєстє ка нєбал бафсаста, ечи аст сувєллони. Ме ’взонг царди Ленингради горєти мє фєрстєбєл хуєцгє ку байзадтєн. Єз даргъ сау машини нєдтє дєр мє сау цєстисугєй єхснгє ку цудтєн. Дзєгъєлєй байзайон, Уєрє- сей будури дзєгъєл гъєр никкєнон. Мє бон никкєла, Хуасдзауи-фурт єхсаргин адтєй, ’ма є хъуачи хай хъал горєти дзєгъєл зиндгєнгє ку нє ниууадзай. Єз мєнкъєй Зои хъал горєти фате- ри миздєн ниууагътон, Юрикки 6а сау машини нєдтєбєл хъалонєн ку ниууагъ- тон. Мє цард афони цардагор фєххєтон, єз цардагор цємєй фєххаттєн ’ма дуує паддзахемєн федауєггагєн байзадтєн. Мє бон никкєла, Ленингради кой ку фєккєнунцє, уєд сонт хєтє ку фєккєнун. Буни уосєй фєттєрсон, бун бауон, єз ма уони кой ку скєнон, уєд мє кой Уєрєсей будурти байзайа. Ме ’мгєртти астєу цубур думєггагєй фєххєтон, мєнєн ме ’взонг тог хъал паддзах баниуазта. Радзырдта йє Хуасдзаути Разиат, 82-аздзыд, Ныффыста йє Зєгєл- ты Зинаидє. 1969 аз, Цыкола. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. 601
МАДЫ ХЪАРЄГ Мєнє хорз адєм, ма мыл фєхудут. Цы кєнон. Мє хъєбулы зєрдє аскъуыди. Цы кєнон. Мє иунєджы зынг бахуыссыди. Цы кєнон. Мє дуне мыл баталынг и. Цы кєнон. Мє дарєг мє ныууагъта. Цы кєнон. Ємє талынг ингєнмє алыгъди, цы кєнон. Мачи мыл фєхудєд, мачи, мє хуртє, Мє дарєгєй єнєдарєг баззадтєн. Мє масты бон мын мастисєг уыди, Бахъуаджы сахат мє разы лєууыди. Йє цєугє хох, йє лєугє мєсыг кємєн акалди, Уыдон цєуылнє єркєуынц ацы марды уєлхъус? Мє бирє сидзєртєн дарєгєй баззадтєн Єнє хєстєг, єнє къабазєй. Фєлмєн нана чи нє зоны, фєлмєн баба чи нє зоны, Уыдон цєуылнє єркєуынц ацы марды уєлхъус? Йє саби судзгє арты кємєн бахауди, Уыдон цєуылнє єркєуынц ацы марды уєлхъус? Йє сабийы дон кємєн аласта, Уымєн цєй кєуыны єфсон ис! Знаджы нємыг йє фєтєн риуы кємєн ауади Ємє єнє дон бадєтгєйє, єнє цєстытыл єрхєцгєйє чи фємарди, Уыдоныл єркєут, єркєут ацы марды уєлхъус. Радзырдта йє Сєлбиты Тамарє Уырысханы чызг, 52-аздзыд. Ныффыс- ?па йє Гариты С. 1971 аз, Елхоты хъєу. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литератєрйы кафедрєйы архив. ХЪАРЄГ Гъє, мєгуыры бон ыл ныккєна. Йє уалдзєджы дуармє йє хєдзар кємєн фехєлд, ємє йє мєгуыр сывєллєттє кєугє ’мє ниугєйє кємєн баззадысты єнє дарєгєй. Гъє, мєгуыры бон ыл ныккєна, єрыгонєй сидзєргєсєй чи баззайы кєугє ємє ниугєйє. Афєдзєй-афєдзмє йє сау дзаумєттє чи нє раласы, хур кєй нал тавы, уазал кєй нал хъыгдары. Ує, йє сау бон бакєла! Мєгуыр сидзєртєн зєхх дзабыр вєййы, хур хєдон куы вєййы. Мєгуыры тухєнтєй сє схъомыл кєндзєн, йе ’рыгон сєр сын нывондєн єрхєс- дзєн, ує йє сау бон бакєла! Бирє азты сє бєгънєг, бєгъєввадєй адємы ємрєнхъ куыд ракєндзєн? Ує, сау бон ыл куыд ныккодта, афєдзєй-афєдзмє кєугє ємє ниугєйє цот чи хєсдзєн. Радзырдта йє Доййаты Ксения Харитоны чызг, 70-аздзыд. Ныффыс- та йє Пагєты Еленє Хасанбеджы чызг. 1972 аз, 3 июль, Джызєлыхъєу. Цєгат Ирыстоны наддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. 602
СЕДЗЄРГЄС УОСИ ГЪАРЄНГЄ Мадє єма бєдолє кєрєдземєй хъєбєр зин єртєсєн єнцє. Етє кєрєдзе- мєй ку фертєсунцє, кєрєдзей хъури бунтєй гєппєлтє уєд фєййесунцє. Уєй- йєй, уєййєй, уодесєг, ду тєрегъєд К}’д некємєн кєнис. Седзєр мєгур єй. Дє мади бунатмє фиди уосє ку єрцєуа, уєд дє мади фудєбєнттємє дуарєй дє бакєсєн уодзєнєй, зєнхи астєуєй дє раздєхєн уодзєнєй. Дє сау цєстисугєй дєхе уєд єхснєндзєнє. Єргом кєун дєр не ’ндеудзєнє. Уох-хай, мє фиди уоси зєрдє мєбєл ходгє кєндзєнєй, єма куд кєуон мє мадєбєл. Седзєр мєгур єй, цомамє тагъддєр єй. Уой, мєгур седзєр, уарун бони уєсигєс єй, хорбони итауєнгєс єй. Седзєрєй алке дєр тєрсгє кєнуй. Дє мє- гурдзинєдтє кємєн єрдзорай, ка дин єртєрегъєд кєндзєнєй! Єнєнсувєр дєр седзєри хузєн єй. Єнсувєр кємєн нєййес, е ци хъєбєр мєгур єй. Є фиди хєдзарє кємєн бабун уй, уомєн ємбал нєййес. Алке дєр єхецєн бєргє фенсувєр кєнуй, фал дє мади бєдолє ку нє уа, уєд єнсувєр кєнун неке комуй. Тєходуй єма есге хєдзарємє є бєрзонд єнсувєр кємє єрцєуй. Єма ин зєрдиагонєй фингє ка искєнуй. Єма уомєн калгє синон ка раттуй, ’ма сє зєрди дзубандитє, є мєгуор бєнттє е ’нсувєрєн ка єрдзоруй, еци хуєрє ци хъал фєуй! Єнєнсувєр кизгуттє єнсувєргин кизгуттємє хицєгєнгє фєццєрунцє. Єнє мад, єнє єнсувєр — етє ємхузон мєгур єнцє. Єнєлєг уосє, ци хъєбєр мєгур фєууис. Є царди ємбал кємєн рамєлуй, е ци мєгур фєууй. Даргъ надєн кєрон нєййес. Даргъ над фєллайагє єй. Аккаг дєр єй єфхуєруй, єнє аккаг дєр єй єфхуєруй. Седзєргєс уосє єма фєндаггон бєласє ємхузон єнцє. Аккаг дєр єй цєвгє кєнуй, єнє аккаг дєр єй цєвгє кєнуй. Єма ємхузон уомєй єнцє. Седзєргєс уосєй алке дєр тєрсгє кєнуй. Бєхгин лєг ин фестєг нє кєнуй. Фестєг лєг 6а ин «бонхуз» нє зєгъуй. А, уєууєй, мєгур дєр фєууай. Баздєхис єма єставд бєндєн дє астєубєл батохис. Циргъ єхснеуєн — дє суйни. Уотемєй сау гъєдємє бацєуисє єма сау гъєди дє сау зар никкєнисє єма уєззау уаргъ никкєнисє. Адт, мєгур седзєргєс, къолхози кусти дє сєрєй хумє ку фєккєнис, дє думєггєгтєй ба ласє фєкєнис. Фал айфонмє дє мєгур сувєллєнттє дєумє єнгъєлмє кєсунцє. Кєд єризєр уодзєнєй. Уотемєй каурєбунти фєлладєй ку бафунєйтє унцє. Уотемєй адєммє хицє гєнгєй дє дуйней цард єрветис. Радзырдта йє Акъоты Зурмєхап. Ныффыста йє Туаты Изетє, 1975 аз. 30 октябръ, Дзєуджыхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгондєй. ГЪАРЄНГЄ О, мє федар, знаги ка тєрсун кодта, Мє къєдзєх, арви буни ка лєудтєй, Кєбєл цагътонцє фєндуртє, Кєбєл зардтонцє адєн. Федар адтєй — є фарс райгонєй, 603
Къєдзєх адтєй — никкалдєй е дєр, Стъалу, ме стъалу уєларвєй єрхаудтєй, Мє кєрдєг зєнхєбєл бампулдєй, Нур ба ду оми дє, уодтє кєми тєхунцє, Оми дє хуєруйнаг дєр, дон дєр нє гъєуй, Оми кизгуттє осгортєбєл нє сагъєс кєнунцє, Оми лєхъуєнтє кизгуттє нє агорунцє, Оми сувєллєнттє устур нє кєнунцє, Оми адєн нє зєронд кєнунцє, Оми єгас дєр нє уолєфунцє, ’ма къуру єнцє, Оми уорс дєндєгтє пурх кєнунцє, Оми дє къохтє бамбуйдзєнцє, Дє реубєл єркалдзєй дє рехє. Ду цєф адтє, ду дони фудєй мардтє, Ду дон курдтай, ду дон нє тог баниуазтай, Ду райгон кодтай зєнхи дуєрттє, Рандє дє, ниууагътай дє уоси, Нур сау дзаумєттє искєндзєй, Нинкъард уодзєнцє дє седзєртє, Байзадєнцє дє мєгур сувєллєнттє, Бєлас єнє сифєй ку байзайуй, уотє. Дєу фєндє адтєй уонєн хъалдзинадє раттун, Дєу фєндє адтєй батєрегъєд кєнун — байрєги кодтай, Ке нємонцє, они єхсєн фиццаг уодзєнцє, Кєми дєдтонцє, уоми 6а фєстаг уодзєнцє. Хорєй син хєдєнттє хуйдзєнєнцє, Зєнхєй син дзабуртє кєрддзєнєнцє, Уадзє, е 6а мєлєт єхуєдєг рамєла, Е ’лгъист сувєллєнттє дєр є хєццє, Уадзє, е ба мєгурти мєлєт ма еса, Уадзє, е 6а мєлонцє хъалтє. Фалє мєлєт хъалмє не ’рбацудєй. Мєлєт єй дє дуари размє, Дєу байста мєлєт, Нє батєрегъєд кодта дє седзєртєн. Радзырдта йє Габеты Губадє, Стур Дигорє, Ирєфы район. Ныффыс- той йє Абайты Р. ємє Хайманты С. Цєгат Ирыстоиы иаддзахадон уииверситет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1977 аз, Аг9 47. ГЪАРЄНГЄ — Уой, мєнє євваст бонигон дє хори хай Куд єрбаминєг єй! Куд сабур лєууис, куд нє ниттони Дє сау дзигкотє, дє фєлмєн ростє. Цєй никкотє, цєй, никкотє. 604
(Гъарєнгєгсенєг уосє бахатуй єхе, ке лєг рамардєй, уомє. И уосє є дзигкотємє фєллєборуй, Тоиуй сє бєндзуггай. Адєм никкєунцє). Гъарєнгєгєнєг уосє: — Ци хъал адтєй, Ци идзулд адтєй дє цард. Ци єнєсагъєс адтє, Дє согласєг, Дє хуасгєрдєг, Дє дессаг ємбал Дєу нур ку уадзуй. Хъєбєр мєгур уодзєнє, Хъєбєр мєгур, мє бони радє. (Адєм никкєунцє хъєбєрдєр.) Дє цъєх сувєллєнттєн Нур фидє дєр ду уодзєнє, Дє цъєх сувєллєнттєн Н}ф цитє кєндзєнє. Мудикъосгє єнцойнє цард Къолтє-молтєй раййевдзєнє. (Адсем никкєуицсе) Уєй, дєдєй, уєй, дєдєй! Дєдєйаг 6а мєнє аци сувєлєнттє ку єнцє. «Папє» дзоргєй сємє папє нєбал исдзордзєнєй. Адєми папитємє сє цєрєнбонти ка бєлдзєнєй. Уо, мє хортє, дєдєйаг етє єнцє. Ци сабур лєууис, ци сабур, дє уарзон сабити кудмє Куд нє рабадис Сугидзаг кири. Ци дєбєл єрцудєй, ци, зєгъай аци адємєн. Дє сабити кудмє ку фєууадзисє цифєнди гъуддаг дєр, Уєд нур 6а ци кєнис? Уєй, дєдєй, уєу дє-дє-дєй! Ци мєгур єй, ци мєгур, мє хортє, Кири ка хуссуй єноси хустєй. Уай, дє-дє-дєй! Амєй мєгурдєр ку неке ес нє рохс дуйнебєл. Є зєрддаг уосє дєр, є мєнкъєй сабитє дєр Ку нє ’нцє, ку нє ’нцє, мє хортє, амєй мєгурдєр. Уєй,дєдєй, дє-дєдєй! Ду нє бал игъосдзєнє дє сувєллєнтти ходун. Ду нє бал уиндзєнє сєумон хорискаст. Єзинє ’ма абони дє гъєргєнгутє Дє гъєубєсти дє хєстєгути дуєрттє Ку бахуастонцє. Ку бахуастонцє дєуєн дє номєй, Дєдє-дєй, дєдєй! Єрмєст дє дуар ба некебал єрбахуайдзєнєй
Дєуєн дє номєй. Уой, тєрегъєддаг уай. Рохс дуйнейєй Сау дуйнемє Є лєги ’мбеси ка фєццєйрастєй. Дєдєдєй. Радзырдта ємсе йє ныффыста Золойты Симсе, 1968 аз. Салєгаты Зо- яйы ємбырдгондєй. СЕДЗЄРГЄСИ ГЪАРЄНГЄ Ує, мє бон бакєла, ує, мє царє бафтуйа, ци єнагъомєй даргъ надбєл байзадтєн. Ує, есге дзєбєх лєхъуєн! Хуарзєй мин ке фєдтє, уони мин ци зин бонєй бахаттай. Ує, ци уєззау уаргъ мин бакодтай мє рагъи, уой хєссун мє бон ку нє уа, уєд дау ку рєгосдзєн. Ує, дє уарзон сабитє дєлдєр-уєлдєрєй мистити къохи дзагєй кємєн ииууагъ- тай, уєбєл сє бафєдзахстай, кєбєл син дє зєрдє бадардтай, уой ку нє зонун. Ує, мє бон бакєла, етє мєнє сє лєхъуєн фиди ку агоронцє, уєд єз уони кєдмє сайдзєнєн. Ує, мє хъазар, ує мє зинаргъ ємбал, ци зинєй бартєстан кєрєдземєй, сау ингєни дуар ци ’нєбари байгон кодтай. Радзырдта йє Баликъоты Тайбат Тахиры чызг, 42-аздзыд. Цыкола. Ныффысгпа йє Лагкуты Розє Рамазаны чызг. Цєгат Ирыстоны паддзхахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архимв, 1972 аз. № 39. ИУНЄДЖЫ ХЪАРЄГ Дєдєй, сау бон куыд ныккодта дє мєгуыр ныййарєгыл! Сау бонєй дє ныййарєг куыд баззадис, Ды кємєн уыдтє ємє кємєн нал дє! Цымє цы фєрстє ис дє ныййарєгєн, куыд фидар у?! Цымє, мєнє хорз адєм, йє иунєгєн тарфынєйє чи тарстис, Йє ацыд, йе ’рбацыдыл ын чи нє хъєцыдис, Уыцы ныййарєг ма куыд цєрдзєнис дє фєстє?! Ує мє иунєг, ує мє зынгхуыст хъєбул, Кємєн ныууагътай дє мєгуыр ныййарджыты, Дєхи цємєн фєраздєр кодтай, мє зєрдиаг? Дє мєгуыр ныййарджытє ма кєй ныфсєй цєрдзысты, Єнєныгєдєй сє цємє ныууагътай? Мєнє хорз адєм, иунєг фєхєссай дє мєлєты бонмє Ємє дзы афтидєй абадай. Сау бон єркєна дє ныййарєгыл! Дє мєгуыр ныййарєг дын уый куы фестадаид. Ємє ма дын дє цинаг цы федтаид. Дє номыл ма исты цы баззадаид! 606
Фєлє йыл сайдєй разылдтє, сау бон єркєна дє ныййарєгыл! Фєфєсмон кєндзынє, мє зєрдиаг: уым усгур лєппу ус нє хєссы, Чындздзон чызг дзы чындзы нє цєуы, Рєзинаг дзы рєзгє нє кєны. Бакєс-ма иу, мє зєрдиаг, кєддєра дзы цы мєгуыртє ис. Дард балцы чи ацыдис ємє ласгє мард чи фєцис, Уымєй мєгуырдєр дзы ничи уыдзєн... Бакєс-ма-иу, мє зєрдиаг, єндєра хєсты быдыры чи фємардис, Уыдон та куыд сты, сау бон сє ныййарджытыл єркєна. Тугхъулєттєй мєрдтєм чи бацыдис. Кєд сын дойны уыдис ємє сын хєсты быдыры Дон раттєг нє фєцис. Йєхи уаты чи амєла, уымєн ницы у, Фєлє хєсты быдыры чи амєлы, Уый у мєгуыр, сау бон сє ныййарджытыл єркєна! Цєрєнбонтєм сєм єнхъєлмє кєсдзысты сє ныййарджытє. Радзырдта ггє Саламты Фаризєт, 55-аздзыд. Ныффыста йє Саулох- ты Розє. 1971 аз, 12 октябрь, Мггхаггловскыхъєу. Цєгат Ирыстоиы паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архггв. №15. ГЪАРЄНГЄ Ма мєбєл нихходетє, мє хортє, Сумах хєдзєрттє дєр мєн хєдзари хузєн бабун уодзєнцє, Ой, фєццардтєн сау бонтємє, Ой, кємєн мє ниууагътай? Ду мє сау бони мє фарс ку адтє, Нур мє фарсмє ку нєбал дє, Ой, єрхаудтєй арвєй єстъалу, ’Ма еунєгєй єз ку кєун. Мєнє хуарз адєн, ци ма хезетє, Мє хєццє цємєннє никкотє? Мєн хузєн еунєгєй ка байзадєй, Етє цємєннє кєунцє? Мє хєццє цємєннє кєунцє, Дон ке фєлласта, уони маддєлтє, Хуртє син ку иссєй гобан, дон ба син гъєццолтє ку єй, Ку сєбєл фєккудтєнцє айдагъдєр єгомуг кєсєлгитє. Цємєннє котє мє хєццє, Гъєди ке лєгтє фєммардєнцє, етє? Уонєн 6а хєдєтепхєй уазал мет ку иссєй, Кєугє 6а сєбєл стонг сирдтє ку фєккодтонцє, Цємєннє кєунцє мє хєццє, Тонхи будури ка фєммардєй, они маддєлтє? Уонєн дон ка равардта сє фєстаг сахатти, Сє цєститєбєл син ка бахуєстєй? 607
Ести зин кєбєл єрцудєй, Цємєннє кєунцє мє хєццє? Єз кєун, кєд ой зонун, єма дессаг нєбал Єрцєудзєнєй, уєддєр, Некебал ес раздахєн ордигкєй, Чи ма кєнєн, мах кєуєн нє хуєздєртєбєл, Раздахун ба нє бон неке єй. Єз кєудзєн, мє цєстисугтє нє баримєхсдзєн, Кєудзєн уалдєнгити, цалинмє мє цєститє нихгєнон, Ма мє саумєрє бахуєра. Радзырдта йє Будайты Мєдинє, Ныффыстой йє Абайты Р. ємє Хай- маиты С. 1977 аз, Стыр Дыгур, Ирєфы райои. Цєгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив, 1977 аз, № 47. ГЪАРЄНГЄ Дєдєдєй, мє бон! Куд нє тона є ростє, Куд нє бєндзуггай кєна є сау дзиккотє; Кєд єма ибєл ємбесбони є бои єрбаталингєй, Є хор ранигулдєй, є цєугє мєсуг ниддоргай єй. Кєу етє! Кєу етє! Єнє нєтгєй зєрдє кємєи ниллєудзєй. Є лигъз дзурд ин некебал фегъосдзєй, некємє бал баходдзєй, Некємє бал, Некєд бал. Дєдєдєй, мє фєрстє ци федар єнцє! Ке рєвдудтай дє реуи гъарєй, Ке хастай дє єхсирєй, ейє ку цєуй талингє дуйнемє, Кєцєй не ’здєхуй неке дуйнебєл. Дє-дє-дєй, єдта! Ци федар єнцє дє фудхуз фєрстє. Ку нигєнис дє царди рохси, Дє царди нифси. Куд ма косдзєнє Хори гъар рохсмє, Кєд єма дє еунєг талинги хусдзєнєй. Дє-дє-дєй! Дє-дє-дєй! Кємєн нє уадзис? Кємєн уадзис дє Цъєх сабитє? Куд сєбєл ниббухсдзєнє?! Кєд єма алкєд Уони уиндєй, Уони худтєй
Єфсес ку некєд зудтай, Нур ба сє седзєртєй уадзис Дє-дє-дєй! Дє-дє-дєй! Радзырдта йсе Салєгаты Тамарє, 65-аздзыд, Ныфсрыста йє Сабеты Вггктор. 1973 аз, 15 декабрь, г. Дгггора. Цєгат Ирыстоны наддзахадон унгюерсшпет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архггв, 1973 аз, №8. ХЪАРЄГ Додойаг фєуа мє сєр, мє хъєбул, Афтє иунєгєй мє цємєн ныууагътай?! Ды ацєудзынє ’мє-иу сын радзур дє мады ’фхєрд! Уым дыл сємбєлдзысты дидинджытимє Ємє-иу хиуєттєй дєхи ма атигъ кєн! Дє-дє-дєй, туг ныууара дє мадыл! Кєд цы дзурын, уый дєр нал ємбарын. Ныр ма куыд уон, мє иунєг, уєзгуытыл мє куы ныууагътай ниугєйє? Хурмє ниугєйє куы баззадтєн, о мє иунєг, мє зыбыты иунєг! Радзырдта ггє Сасгшты Маруся, 66- аздзыд. Ныффыстой йє Дзестел- ты Л. ємє Дулаты 3. Цєгат Ирыстоны наддзахадон унгшерситет, уырыссаг литературєйы кафедрєггы архгю. МАДИ ГЪАРЄНГЄ Є ЕУНЄГ КИЗГЄБЄЛ О, мє бон бакєла, Мє еунєг кизгє, Мє хори тунє, Мє царди нивє, Йе ’нгєртти уиндєй Ка нє бафсастєй, Йе ’нгєртти ’хсєнєй Ка фєгъгъудєй, Є реуи дзаг Ка не солєфтєй. Кємєн ци кодтай, Кєд ке бафхуардтай. Зумєги дуармє Цємєн ниууагътай Дє зєронд мади Игон дуарєй, Дєумє єнгъєл кєсгєй, Дзиназгє, кєугєй. Дє дуує сау цєсти Дуує стъалуйау 39 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 609
Ку нєбал зиндзєнцє, Ку нєбал игъусдзєй Дє фєлмєн хъури дзурд, Ци ма кєндзєнєн Куд ма цєрдзєнєн?! Мє фуни ку уидтон, Цума дє фидємє Цидєр фєдзахстон, Е уєдєй нурмє Мє зєронд зєрдє Ку нєбал еруй Бунат єхецєн, Ци йин зєгъдзєнєн, Дє еунєг єнсувєр Арви кєронєй ку схъєрта, уєд? Уотє мин ку зєгъдзєй, Цємєн єй рауагътай? Фал дє бауорамун Ку не ссєй мє бон. Цємєн ниууагътай Мє мєгур хєдзарє Сау къирєй цагъдєй, Исдзорунгъон дєр Ку нєбал исдє. Ци ма кєндзєнєн, Куд ма цєрдзєнєн, Єфснайунмє ма Кємє ’нгъєл кєсдзєн. Сау пеллон арти мє Цємєн багєлстай, Ци ма кєндзєнєн Куд ма цєрдзєнєн Уо, мє бон бакєла! Радзырдта йє Мудойты Саринкъа Голдайы чызг, 62-аздзыд. Ныффыс- та йє Бєзаты Беллє, 1967 аз, 20 декабрь, г. Дигора. Салєгаты Зояйы ємвырдгопдєй. ГЪАРЄНГЄ Есге мє рамара, маке мє бафеда, мах ахур ан ечи сау машинє разуєз-фєсте- уєзєй єрбахезунбєл. Славик є сєрмє уой не ’рхєсдзєй, йе скъолай хай йе ’нгарти астєу єрдозєй байзайа. Дєдєй, фєлмєн мадє, мє цєстє дин ой ина, ечи тєхгє машинє бєрзонд хуєнхтє ниллєггєнгє ку рацудєй. Мє бон никкєла, Славик йе ’нгєртти астєуєй деденєгєй макєдбал рацєуа. Ейє Чиколай даргъ гъєунгти йе ’мгєртти усхъємє єнєбари исхеза. 610
Дєдєй, фєлмєн мадє, мадта ду нур куд цєрдзєнє?! Є адгин єнгар єй хєстєгмє єнгом цєф никкєна, йе ’рєзгє зєрдє дуує ’мбеси рахауа. Йе дин, фєлмєн мадє, є сау тог Бухари хуєнхтєбєл муггагєн байтауа, йе є деденєг фадун афони є деденєг єркєла. Уой кой ма ка скєна, уой кой йе ’мгєртти астєу байсєфа. Фєлмєн Славик кємє нєбал єрбауайдзєй, йе ’взонг зундєй зунд ка нєбал бамондзєй. Радзырдта йє Хуасдзауты Разиат, 82-аздзыд, Ныффыста йє Зєгєл- ты Зинаидє 1969 аз, Цыкола. Салєгаты Зояйы ємбырдгопдєй. ХЄЛАР КЄНЫНЫ ЄГЪДАУ — Хуыцау, табу дын фєуєд, мард дєр ємє дзуар дєр ды кєныс, Хуыцау, дєуєн табу уєд, рухсаг фєу, Додти! Мєрдты цы хорздзинєдтє ис, уыдонєй дын хай уєд, цалынмє хохы дур тула, быдыры цалх зила, уєдмє дє раз дзагєй- дзагдєр кєнєд, сєрд дын тєф ма кєнєнт, зымєг дын сєлгє ма кєнєнт. Аджы ком, арты комєй чи рацєуы, уый дын хєлар уєд, хомєй дзы мацы баком, фыхєй дын кєй кєнынц, уый дын хєлар уєд, мєрдты Барастыры уазєг у. Фєлмєн хуыссєны дын хуыссыны бар, дє къахы дзаумайєн дарыны бар, дє ингєн — рухс, дє мєрддзаг — ног, суадонєй дын — нуазыны бар, цъєх нєууыл — бадыны бар. Рєстытимє дє бынат, амонд демє ма ахєсс, дє фєстагєттєн єй уадз. Єхсыры цады дын найыны бар, кєимє дє фєнды, уыимє бад. Дє размє дє сывєллєттє: мой чи кєны, уый моймє арвит, чындз чи хєссы, уымєн чындз єрхєсс. Гъеныр цы бєстєм бахызтє, уым дє ингєн — рухс, дє сыджыты хай — рог, мєрдты Барастыры уазєг у. Нє разы куыд сты, дє разы дєр афтємєй фестєнт. Рухсаг у! Хєлар дын уєнт! Радзырдта йє Рємоиты Ф., 76-аздзыд, 1989 аз, Быдыры Дєргъєвс. Ныф- фыста йє Бибайты М. Цєгат Ирыстоны паддзахадои университет, уырыссаг литературєйы кафедрєйы архив. ФЄСТАГ АРФЄ Рухсаг у, рухсаг! Хорзєй фєцардтє адємимє, маст нє иыууагътай дє цєр- гєйє никємєн, афтємєй махєй хицєн кєныс. Дуыейы царды куыд арєхстє адємимє, афтє дє мєрдтєм фєндаг рєсугъд уєд. Цєуыс де ’нусы бынатмє ємє фєндараст у. Арфє дын кєнынц дє фєстаг бон, кєй ныууагътай дє фєстє, уыдон. Мєрдтєй сын арфєгєнєг у. Цардаудєн сыл кєн. Мєнє, буцєн кєй дардтай ємє бадынєй кєуыл нє бафсєстє, уыцы бєх. Хєлар дын єй кєнєм. Цєуєд ыл мєрдты дєр дє бар. Афтємєй, хєрзбон. Радзырдта йє Тезиаты Дударыхъо Увызыхъойы фырт, 92-аздзыд, Ныф- фыста йє Дзодзыккаты Зєидє. 1969 аз. Ногхъєу. Салєгаты Зояйы ємбырдгоидєй.
Уєлємхасєн ТАУРЄГЬТЄ КЪОСТАЙЫ ТЫХХЄЙ (Мысынєгты хуызы) Уєды рєстєджы Баталпашинскы (ныры Черкесск) уыдис базар. Бирє єхца ист цыд мєгуыр адємєй базары. Иу сєрд уыцы базармє кєцєйдєр єрбафтыд Къоста. Дардєй федта, базарник уырыссаг лєджы єд уєрдон куыд ныуурєдта, уый. Мєгуыр лєг ницы ауєй кодта ємє йєм єхца нє уыди, базарник та дзы тыххєй дєр «уєйгєнєггаг» агуырдта... Уый фєстє Къоста уыцы хъуыддаджы тыххєй ныффыста Кавказы намест- никмє, ємє иу мєйы фєстє дзырд рацыд, цємєй єхца ист мауал цєуа базар- гєнджытєй. Ацы хъуыддаг єрцыд мєхи зонгєйє. Хуырымты С. мысннєгтєй. Лабєйы хъєуы цардис паддзахы инженер. Уый сєхгєдта Лабємє бацєуєн хид, ємє адєм дардыл цыдысты єд галтє, єд уєрдон хєххон хєлд фєндєгтыл стыр зынтєй. Адєм нє зыдтой, цємєн сєхгєдта инженер фєндаг, уый, фєлє йє уєддєр фєрсєг нє уыд... Иу изєр Къоста ныхасы бадт... Уыцы афон уынгты єрбацєйуад инженер. Къоста йєм фєдзырдта, ємє йєм уый єрлєууыди. Къоста йєм хєстєг бацыд ємє йын єртхъирєнєй загъта: «Ды дє паддзахы счъилхафєг! Ды цы зоныс адємы царды уагєвєрдєн? Изєрмє хид куы нє суєгъд кєнай, уєд дын мєнє мє лєдзєгєй дє бєрзєй фєнємдзынєн!» Уыцы ныхєсты фєстє инженер йє бєхтє фєцарєзта хиды ’рдєм ємє йє суєгъд кодта. Адєм цєуын райдыдтой хєстєг фєндагыл єнцонєй. Радзырдта йє Тєтєраты Алыксандр, 70-аздзыд. Цєры Лабєйы. Хорз зыдта Къостайы дєр ємє йє фыд Леуаны дєр. Паддзахы службєгєнджытє: хєххон суд ємє началышк, атаман ємє сот- никтє цардысты Лабєйы. Уыдон єнєхатыр стыгъд кодтой мєгуыр адємы... Ку- сын сє кодтой сєхицєн лєвар. Иуцасдєр нын-иу сєхицєн суг лєвар фєласын кодтой. Иу хатт бирєйє иумє єрцєйластам суг, ємє ныл Къоста сємбєлди. Кєдєм сє ласєм, уый куы базыдта, уєд нє фєстємє нє галуєрдєттимє сыздєхта. 612
Сугтє нєхи хєдзєрттєм сластам. Къоста та йєхєдєг ныццыди участокмє ємє семє тынг фєхыл, тынг сє бафхєрдта. Уєдєй фєстємє уыцы цъаммартєн иу суджы схъис дєр нал аластам. Тєтєраты Алыксандры мысинєгтєй. Уыдис Комуадзєн. Цалдєр сахаты рацыдаид ємбисєхсєвєй, афтє быдырєй єрбахєццє Къоста. Йє дзаумєттє єрєфснайдта, стєй схызти аргъуаыгондмє ємє дзєнгєрєг ныццагъта. Адєм єрємбырд сты... Къоста федта, рагєй кємє бєллыд, уыцы адємы, ємє сыл фєцин кодта. Єрєджиау сєм сауджын дєр фев- зєрди мєстыйє, фєлє Къостайы куы ауыдта, уєд фєфєстємє ис... Адєм цыдыс- ты Къостайы уынынмє. Ферох сє ис Комуадзєн. Хуырымты С. мысинєгтєй. Иу писмойы Къоста фыста Хоранты Созырыхъомє: «Бауадз уал мє, нырма фырытимє хєцын, стєй далыстєм куы ацєуон, уєд та ноджыдєр фендзыстєм!» Радзырдта йсе Коласты Дрис, 70-аздзыд. Иу хатт Къостайыл фембєлди иу генерал (генерал єрцыди Хъєрєсемє адє- мы цард фенынмє) ємє йєм дзуры: «Ды паддзах-батюшкємє афтє ныхмє куы лєууай, уєд дє єз фесафдзынєн!» Къоста йын сабыргай загъта: «Ємє мє кєдєм сафдзынє?» Кєд, чернилє ємє кърандас кєм нє уа, уырдєм, уєд хорз. Уыдон кєм уой, уым єз сєфт нє уыдзынєн!» Цуциты Хъ. мысинєгтєй. Ирон адємєй бирєтє Садонєй ластой цинк Єрыдонмє. Мызд сын уыд тынг гыццыл. Къоста иу хатт бафтыд уырдєм ємє базыдта уыцы єнєгъдау ми. Бацы- ди хицауадмє, стєй бахъаст кодта, ємє згъєр ласджыты мызд фєфылдєр ис. Ацы хъуыддаг дзырдтой згъєр ласджытє... Хуырымты Семены мысинєгтєй. Къоста адємы арєзта ахуырмє. — Хъєздыгмє макуы бабєлл, — дзырдта Къоста, — фєлє — ахуырмє, зонд райсынмє! Сєдє ємє мин хъєздыгєй иу ахуыргонд хуыздєр у. Галазты Сабейы мысинєгтєй, Сабе у лабєйаг, Къостайы ємгар, кол- хозон. Нудєсєм єнусы кєрон ам уыди халер. Уыцы рєстєджы Къоста дєр уыди ам. Ам тынг мардысты. Къоста амыдта, халерєй хи куыд хъахъхъєнын хъєуы. уый. Мєрдтыл ємбырд кєнын нє уагъта, амыдта, рынчынтєм куыд зилын хъєуы, амыдта алыхуызон хостє. Йєхєдєг дєр зылдис рынчынтєм. Айларты Уызийы мысинєгтєй. Уызи у лабєйаг зєронд лєг. Цєуы йыл 60 азы, у колхозон, хорз зыдта Къостайы. 613
Єз иу ємбалимє (уый амард) бабєрєг кодтон Къостайы сє хєдзары ємє йє бафарстам афтє: «Адєймаг цы ’гъдауєй хуыздєр фєцєрдзєн?» Къоста нын дзуапп радта: «Адєймагмє рєстдзинад куы уа, куы цєра йєхи фєллойє, уєд фєцєрдзєн кадджынєй, амондджынєй»... Куы-иу єм бацыдыстєм (Къоста уыди рынчын), уєд-иу нє уайтагъд афарста: «Ницыма бакуыстат? Революци нєма ’рцыд? Адєм ницыма сарєзтой?» Айларты Барисы мысшєгтєй. Барис хорз зыдта Кьостайы ємє йемє царди хорз. Цєуы йыл 80 азы, у колхозои. Къоста рєстєгмє ссыд Петербухєй ємє куы базыдта, фєндаг аразєм, уый, уєд ацыд ємє пълан єрєвєрдта фєндагєн. Фєндаг конд єрцыд Къостайы пъла- нєвєрдыл... Гиоты Уасилы мысииєгтєй. Чи хъуыды кєны, цавєр бєрєгбон уыди уый, фєлє єз, Хетєгкаты Абел ємє ма чидєртє уыдыстєм куывды Бахъулты Есгъамє. Уырдєм нєм єрбайхъуыс- ти, зєгъгє, дам, Къоста єрцыди. Куывддонтє тынг бацин кодтой ємє Къостайы кадєн ныззарын кодтой Абелы. Абел йє зарєг райдыдта ахєм ныхєстєй: «Ма- хєн Къоста дєр єрцыди, ныр Хуыцауєй дєр нал тєрсєм». Ацы ныхєстє фєси- вєд сє хъєлдзєг зарджыты кодтой. Уырысты Сергеггы мысииєгтєй. Къостайыл Гуырдзыйы зарєг уыди, фєлє йын йє ныхєстєй ницы хъуыды кєнын. Зарєгєн йє сєйрагдєр хъуыды уыдис Къостайы бонтє ємє хорз хъуыд- дєгты фєдыл. Дзуры йє мысииєгты 105-аздзыд Козаты Бибо — Лабєйы хъєуккаг. Кавказы адємтє паддзахы заман уыдысты уєлдай зындєр уавєрты ємє фыс- той уєлдай хъалонтє. Уый тыххєй Къоста ирон арєзтєй цыд паддзахмє ємє йын бамбарын кодта Кавказы адємы зын уавєрты тыххєй. Фыстам уыцы рєс- тєджы налог 3 сомтє, ємє уыдон дєр нал бафыстам. Афтє нын феххуыс кодта Къоста. Фардзииты Бетчейы мысииєгтєй. «Махдуг», 1939, №11, ф. 32-36. ФЄЛЛОЙГЄНДЖЫТЫ БАРТЫЛ ЄНУВЫД ТОХГЄНЄГ ... Зєронд лєгтєн лєггад кєнынєй хуыздєр ницы каст Къостамє. Уыдон-иу куывд куы кодтой, уєд сын-иу Къоста ємбырд кодта фынгтє, бандєттє, уырдыг сын-иу лєууыдис. Зєронд лєгтєн-иу дзырдта: «Ує зєрдє мыл дарут, єз сымах сєрыл тох кєнын, мєгуыр адєм, цємєй ує сывєллєттє размє рацєуой, цємєй уыдонєн уа скъола, зєхх ємє єндєртє. Кєд сараты бынты нал бадиккой, удха- рєй нє нал мариккой хъєздгуытє». 614
Къоста Хетєджы къохы иу бєласыл ныффыста: «Ацы зєхмє мачи ’вналєд, уый хєххон фєллойгєнджыты зєхх у». Ємє дзы єцєгдєр єрцардысты Куырт- таты комы хєххон фєллойгєнджытє. Иттєг дєсны уыдис Къоста зарьгамє, кафынмє, фєндырєй цєгъдынмє. Арєх- иу згъорын кодта сывєллєтты, уарзта семє хъазын. Нартыхъєуккаг колхозон Саутєты Аврамы ныхєстєй. Газ. «Сталинон дзырд», 1 апрелъ, 1939 аз, А& 25. ФРАНЦ ЄМЄ БЕЛЬГИ САДОНЫ... Франц ємє Бельги Садоны рудник, Мызуры бын фабриктє куы скодтой, уєд Къоста бацыд уырдєм, йєхи-иу нє базонын кодта, афтємєй. Мєгуыр кусджыты- иу фарста сє мыздєй, сє цардєй. Мызд уыди чысыл. Къоста-иу бахъаст кодта, ємє-иу сын сє мызд фєфылдєр кодтой. Мєхєдєг єй бадгє федтон фєйнєг бандоныл. Уыдис ыл ирон цъєх цухъа ємє ирон уєлдзарм худ. Хорз дзаума нє дардта. Кєрєдзийєн єй амыд- той, уый Къоста у, зєгъгє. Уєддєр та кусджытєн сє мыздыл бафтауын кодта. ЦИГСНИИ-йы архив, фолъклор № 113, папксе 36. ХЕТЄГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ТЫХХЄЙ МЫСИНАГ Къоста чи уыд, уый мє мадєн къухылхєцєг уыдис ємє йын баз балєвар кодта. Нана-иу ын йє цъар куы раласта, уєд-иу дзы цицыры бумбулитє уыди ємє-иу єм єз бауырдыг дєн: «Ай та дын кєм уыдис, нана?» Ємє мын уєд радзырдта, Къоста йын уыцы баз куыд балєвар кодта, уый. Дуркалєнмє-иу нє акодта Къоста, йемє-иу чиныг дєр ахаста ємє-иу нє мєнє афтє рєнхъ ралєууын кодта ємє-иу нын чиныджы кастис: «Халон бар- гъєвст сындзыл, Сау айнєджы рындзыл...» Йе та: «Къордгай ныййистєм, ныу- уагътам нє бєстє»... ємє афтє дарддєр. Єз сє нал хъуыды кєнын, фєлє-иу нын бирє цыдєртє дзырдта Къоста, хъазыдис-иу немє. Йєхи мєт єй нє уыд, фєлє хъєубєстєн куыд хуыздєр уа, афтє кодта. Къостайєн зєхх дєр нє уыдис, ємє уєд Къоста чи у, уый куывд скодта, адєм єрємбырд кодта. Фєхордтой, фєнуєзтой ємє йын уєд радтой зєхх дєр. Къоста тынг зондджын лєг кєй уыдис, уымє гєсгє йєм бирєтє хєлєг дєр куыннє кодтаиккой! Саузєрдє адєм бирє ис ныр дєр ма. Ємє уєд Къостайы марынвєнд скодтой. Созырыхъо, зєгъгє, иу лєг уєлейє уыдис, уый дєр ам нє цардис. Уый куывды иу усмє нуазєн радта, цємєй йє уый Къостайєн радтаид. Ус нуазєн (сыкъа) пецы бамбєхста. Къоста чи у, уый йє федта ємє загъта: «Цы сфєнд кодтат, уый уын нє бантысдзєн, фєлє ирон лєг сылгоймаджы нуазєн никуыма раздєхта, ємє йє єз дєр нуазын» ємє йє банызта. Чидєриддєр йє тєригъєды бацыд, йє тєригъєд ын фєхєссєд.. Къоста-иу куы сєрра, уєд-иу быдырмє алыгъд ємє-иу дидинджытє йє худы, йє цухъхъайы риуы нытътъыста. Иє хо чи у Къостайєн, Уєлгъа, уый дєр се ’рвадєлтє, Хетєгкатє амардтой. Ахуыргєнєгєй куыста, мєгуыр, ємє куыстєй ссыдис иу изєр ємє асинтыл куы схызтис, уєд єм 615
сє дзатмайы бынєй лєгтє рагєпп кодтой ємє йє хъамайє ныррєтъыстытє код- той. Уєлгъа ма сєм, мєгуыр, бєргє дзырдта: «Цы уын кодтон, фєтєригъєд мын кєнут, сылгоймаг куы дєн?!» Фєлє уыдон ахємтєм хъуыстой — ныррєтъыстытє йє кодтой алырдыгєй ємє алыгъдысты. Уый йыы йє мулкмє бєллыдысты, єндєр сын, мєгуыр, цы кодта. Нал фервєзтис, мыгуыр, амардис Уєлгъа, ємє йє, Леуан ємє Къоста кєм ныгєд уыдысты, уым бавєрдтой. Гъе, афтєтє, мє хуртє. Зондджын лєг }’ыдис Къоста, фєлє мєгуырєй амард. Радзырдта йсе Бирєгъты Лидє Тимофейы чызг, 65-аздзыд. Ныффыста йє Баликъоты Аллсе. 1975 аз, 1 июлы, Лабє. Цєгат Ирыстоны иаддзахадон университет, ирон ємсе иумєйаг євзаг- зонынады кафедрєйы архив. НАРТЫ КАДДЖЫТЄ (Цыбыргондєй) ...Нартєм уыдис бирє хорз миниуджытє. Ирон адєм-иу дзєгъєлы нє акод- той: «нєртон лєг», «нєртон хорз», «нєртон хъєбатыр» ємє афтє дарддєр, — иудзырдєй-иу, алцємєй дєр иттєг хорз цы уыдис (євєдза, ныр дєр ма афтє у), уымєй-иу «нєртон», зєгъгє, загътой. Нарт сє кадджытєм гєсгє уыдысты хъє- батыр, сє бєстыл цъиу атєхын нє уагътой. Хъєбатырєй лєууыдысты се знєгты ныхмє. Тыхгєнєджы тых сєм цєй нє фєлтау єрбахєццє уыдаид, уый фєлтау сє цард дєр нє хъуыд ємє бон дєр. Кадджытєм гєсгє Нартєн сє зынгєдєр уыдис Батырадз. Батырадз амард- та, Нартєн сє зєронд фыды чи ахаста ємє бафхєрдта, уыцы уєйыджы. Нарт знагимє фидыд нє зыдтой, хъуамє йыл-иу фєуєлахиз уыдаиккой — єндєр гєнєн нє уыдис. Кєд хъару ємє тыхєй єххєст уыдысты Нарт, уєддєр гуымиры лєбурд нє кодтой, фєлє архайдтой зондєй; сє тынгдєр хєцєнгарз уыди зонд, ємє, уымє гєсгє, тынг аргъ кодтой зонд ємє зондджын адєймагєн. Нарт уыдысты цардуарзаг адєм. Цард сєм касти хорз, зынаргъ ємє йє сєрыл мєлын дєр зыдтой... Сєхи цагъары бынатмє єруадзой, зєгъгє, уый бєсты — мєлєт. Никєцы адєймаджы раз єркъул кодтаиккой сє сєр, адєймаджы раз нє, фєлє ма суанг Хуыцауы раз дєр. «Нє дуєрттє бєрзонд аразєм, кєннод къєсєрыл хизгєйє нє сєртє гуыбыр куы кєнєм, уєд Хуыцау зєгъдзєни, мєнєн кувынц, зєгъгє», — дзырдтой -иу Нарт. Хуыздєр миниуджытє цы ис, уыдонєй єххєст уєвын — уый уыд сє бєллиц, сє идеал Нартєн. Сє кєрон, дам, куы єрцєйхєццє кодта, уєд, дам, сє Хуыцау фєрсы: — Цы ує фєнды, Нарт — фыдвєд, єви євєд? Ємє, зєгъы, Нарт ємхъєлєсєй дзуапп радтой. — Фыдвєды бєсты — євєд, євєд, Хуыцау! Зонд кєстєр ємє хистєры сєрыл нє уєрстой Нарт. Сє кєстєртєй-иу ис- кємє хъару ємє зоыд куы рахатыдтой, уєд-иу йє ныхмє нє лєууыдысты, фєлє йын-иу бар лєвєрдтой, цємєй йєхи хъєппєрисєй архайа, уымєн. Зєгъєм, ахєм хабар: Нартыл єфхєрд сємбєлд — уєйыг сын сє зєрєдтєй иуы ахаста; Нарты зєрєдтє єрємбырд сты ємє уынаффє кєнынц, цы ’гъдауєй райсой се ’фхєрд, уый тыххєй. Уыцы сахат ныхасы кєрон єрбалєууыд иу лєппу; ничи йє 616
зыдта. Ныхєстєм байхъусгєйє, лєппу ракуырдта, цємєй йын бар радтой йє хъару бавзарынєн. Бар ын радтой. Хъару-иу цємєй євзєрстой, уыцы хъуыд- дєгты тынг хорзєй равдыста йєхи. Уєд фєрсынц хистєртє: «Чи у ацы лєппу?». Дзуапп райстой: «Хємыцы фырт Батырадз!» Кєрон нал уыд сє цинєн Нарты хистєртєн, ахєм хъаруджын гуырд кєй фєзынди Нартмє, уый тыххєй. Уєдєй фєстємє йын хистєртє йє ныхасєн кодтой стыр аргъ, кастысты йє коммє. Ємє ницємєй фєрєдыдысты: Батырадз кєддєриддєр кодта Нартєн кад ємє ном, йє фєрцы уєлахиз кодтой Нарт се знєгтыл. Бирє кад кодтой Нарт сылгоймагєн, хєдзонд-иу куы уыдис, уєд. Сатана — Нарты разагъды єфсин — уыди Нартєн сє уынаффєгєнєг, зын ран-иу куы баф- тыдысты, уєд. Нарты єхсєн-иу ын йє ныхасыл дыуує ничи загътаид зєрондєй, ногєй. Сатана уыд идеалон ус, йє моимє «гъа» ємє «о»-йє чи царди, бинонты цард, мыггаджы цард рєсугъддзинады кады раны чи євєрдта, ахєм. Сатана уыд идеалон єфсин, фєстауєрц кєнын чи зыдта, бахъуыды сахатмє цєттє чи уыд, ахєм... Сє кєрдзындєттоны кой дардыл хъуыст уыди Уырызмєг ємє Сатанайєн. Абоны онг дєр-ма ирон адєм зарынц ахєм зарєг: Дєлє дуармє уазджытє, — Уырызмєгмє бадзурут. Уырызмєгмє бадзурынц, — Уырызмєг сєм ракєсы, Хєдзармє сє бахоны. Уєд кєстєртєм радзуры: «Бурє нєл фыс раласут, Бурє нєл фыс раргєвдут, Сатанамє бадзурут, Цыннєрхьусыг рахєссут»... Бурє нєл фыс раргєвдынц, Цынпєрхьусыг рахєссынц. Є. а.д. Сатанайы номимє Нарты царды ис бирє хорздзинєдтє баст, зєгъєм — бєгє- ныйы фєзынд... Нарты эпос у адємон эпос. Адємон канд уымєн нє, ємє йє адєм хорз зонынц ємє бирє уарзынц, канд уымєн нє ємє йе ’взаг адємон євзаг у. Нє, Нарты эпос адємон уымєн у, ємє йє геройтє се ’ппєт дєр адємєй сты ємє адємимє баст сты. Тых ємє хъару кємє ис Нартєй, уый йєхи кой нє кєны, йєхи пайдайєн нє кусы, фєлє адємы — Нартєн се ’ппєты пайдайєн, се ’ппєты номєн. Мєнє єз адємєй фєуєлдєр уон, адємы мєхицєн цагъар скєнон, адєм мын уєлдай кад ємє цыт кєной, зєгъгє, ахєм зєрдєйы уаг ємє ахєм зондахаст никємє бафиппайдєуыдзєн Нартєй. Єппєт дєр — Нарт се ’ппєтєн, єппєт дєр — Нар- тєн се ’ппєты тыххєй. Адєм цємє бєллыдысты хорздзинадєй, адєммє сє цар- ды ныфс цємєй уыдис, адєм сє зєрдєйы цємє єнхъєлмє кастысты сє цард фєхуыздєр кєныны тыххєй — уыдон се ’ппєт дєр бынат ссардтой «Нарты кад- джыты». Афтє сты «Нарты кадджытє» аппєй. Бынтон диссаг та сты «Нарты кадджытє» аивады ’рдыгєй. Диссаджы сю- 617
жеттє, єнєаипп композици, євзаджы быркуы — «Нарты кадджытєн» сє бєрєг- гєнєнтє «нєртон аивдзинад», зєгъгє, кєд искєцы уацмысы тыххєй зєгъєн ис, уєд єппєты фыццаг — «Нарты кадджытєн» сєхи тыххєй. Аивдзинадєй «Нарты кадджытєн» єнєкъємдзєстыгєй абарєн ис, дуне-дзыллєйы фольклоры хуыздєр эпостыл нымад чи у, уыдонєй бирєтыл... Нарты кадджыты фылдєр бынат ахсы реализм. Нарты эпосы геройтє сє миниуджытєм гєсгє цы сгуыхтдзинєдтє євди- сынц, уыдонмє гєсгє тынг хєстєг сты адєймагмє, кєд сє равзєрдмє гєсгє, сє митєй иуєй-иутєм гєсгє мифон єгъдєуттимє баст сты, уєддєр. Уыдон сты адєм, єцєг адєм, стыр сгуыхтдзинєдтє кємє ис, бєрзонд, хорз миниуджытє кємє ис, ахєм адєм... Зєгъын хъєуы «Нарты кадджытєн» сє барсты, сє метрикон єгъдауы тых- хєй дєр иучысыл. Фыст дзы цы ’рцыдис «Нарты кадджытєй», уый иууылдєр фыст єрцыд таурєгъгєнджыты дзыхєй. Кадєггєнджытєм хъусгєйє дзы иу скъуыд- дзаг йеддємє фыст не ’рцыд (Ацємєзы зарєг). Уымє гєсгє рауади афтє, цыма «Нарты кадджытє» прозєйы хуызы сты. Уый рєдыд у. Ирон зарджытє, тынгдєр та ирон кадджытє, сты арєзт цавєрдєр метрикон єгъдауєй. Уыцы метрикон єгъдау циу, ууыл нырма дзєбєх ничи бакуыста, ємє дзы бєлвырд зєгъєн ницы- ма ис. Зындгонд у, кадєггєнєг хъисфєндырєй кєй фєцєгъды ємє заргє кєй фєкєны кадєггєнгєйє, уый. Кадєг кадєг дєр уымєн хуыйны ємє уымєй хи- цєн кєны таурєгъєй — єрмєст дзургє кєй фєкєнынц, уымєй. Даредзанты кадджытєй баззади иу скъуыддзаг, метрикон єгъдауєй фыст кєцы ’рцыд, ахєм. Мєнє дзы 4 рєнхъы євдисєнєн: Хорз, — загъта Ростъом, — сез уыдонєн дзуапп куы ратдзынєн, — Загъта ’’мє дын куы араст и, куы араст н. Уый фєстсе кєм ємбєлди, уыцы ран сє Ныхмє куы ныллєууыди, куы, мє хур, Ємє дын хєцынтє куы байдыдта, хєцынтє, зєгъгє... Єнємєнг у, «Нарты кадджытє» истыхуызон метрикон єгъдауыл арєзт кєй уыдысты, уый. Ирон эпикон зарджытє хицєн метрикон єгъдауыл арєзт кєй сты, уымєн євдисєнєн ис райсєн «Нарты Ацємєзы зарєг». Сау хохы цєрєг Сайнєг єлдар уыд. Уымєн уыд иу чызг — Агуыидє рєсугъд. Йє иуиєг сау чызг йє иунєг бындар — Єлдарєн куы уыд йє зєрдєдарєн... «Ацємєзы зарєг» кєрєй-кєронмє фыст у ахєм барстєй. Кадєггєнєгмє хъусгєйє чи ныффыста уыцы зарєг (Тугъанты М.), уый афтє зєгъы: «Метричес- кий размер сказания — обычный размер осетинской эпической песни». (Абаев. «Из осетинского эпоса», с. 11). Єз ницыма зєгъын, метрикон кєнє силлабикон барстыл арєзт у эпикон за- рєг, зєгъгє, чи фыссы, уыдон хъуыдыйы ныхмє, фєлє, мєнмє гєсгє, сє иуыл дєр нєу ємє се ’ннєйыл дєр. Уый у хицєн барст, адємон барст. Кадєггєнджытєм хъусгєйє фыст кєй нє цыдысты, уымє гєсгє «Нарты кадджытєн» сє аивдзинадєй бирє ахауди... «Нарты кадджытєн» сє метрикон арєзт раиртасын, сахуыр кєнын — уый у нє фыццагдєр хєс. Уыцы хъуыддаг канд «Нарты кадджытє» нє, фєлє у пайда єгас ирон поэзийєн дєр. Мєнг нє 618
уыдзєн, афтє куы зєгъєм: ирон аив литературємє «Нарты кадджыты» аивдзина- ды тєваг фаг куы фєхєццє уаид, уєд йє ахадындзинад ємє йє уєз зынгє фєфылдєр уаиккой, зєгъгє, уый. Тынг бирє бынат ахсынц «Нарт» ємє сє кой ирон адємы цардыуаджы. Нарты нємттє абоны онг дєр тынг арєх сысты ирон адєммє, зєгъєм: Уырыз- мєг, Хємыц, Батырадз, Сослан, Ацємєз, Созырыхъо, Єхсар, Ацырухс, ємє аф. д. Ис мыггєгтє дєр, сєхи Нартимє чи бєтты, ахємтє: Хємыцатє (Батра- дзы фыд Хємыц), Єхсаратє, (Уєрхєджы фырттє Єхсар ємє Єхсєртєг) ємє аф.д. Ирыстоны ис хъєуты нємттє, бєсты нємттє, Нартимє баст чи у, ахємтє, зєгъєм: Нартыхъєу, Зилахар (Нарты кадджытєм гєсгє-иу Нарт хъазынмє ємбырд кодтой Зилахармє) ємє аф..д. Ирыстоны ис ноджы материалон культурєйы баззайєггєгтє, Нартимє баст кєцытє цєуы, ахємтє, зєгъєм: Лєцы цур (Куырттаты комы) ис иу уєлмєрд ємє йє хонынц «Нарты уєлмєрд». Уыцы ран ис ноджы ныхас, ємє йє хонынц «Нарты ныхас». Нары иу зєппадз хонынц «Нарты Сосланы зєппадз». Кувєн- дєттє: Реком (Цъєййаггомы). Мыкалгабыр (Къасарагомы) ємє Таранджелос (Хъєды сєр), уыдонєн, Нарты кадджытєм гєсгє, сє фєзынд баст у Нарты Батырадзы мєлєтимє. Уымєй дарддєр ма ис Ирыстоны дуртє, къєдзєхтє ємє аф.д., Нарты коимє баст чи у, ахємтє. «Нарты кадджытє» сты иттєг стыр культурон хъєздыгдзинад, адємы зонд бирє сєдє азты дєргъы цєуыл куыста ємє цы сарєзта, ахєм. Дзанайты Иван. «Нарты кадджытє», Орджоникидзе, 1941. НАРТЫ КАДЦЖЫТЫ АИВАДОН МАДЗЄЛТТЄ Нарты эпосы аивдзинадыл дзургєйє, єнє зєгъгє нєй сюжетон хъєздыг ємє алыхуызондзинады тыххєй. Сєрмагонд хицєн сюжеттєй дзы банымайєн ис фон- дзыссєдзєй дєр фылдєр, ємє уыдонєй иу иннєйы хуызєн иу чысыл дєр нєу. Ємє алы цикл дєр хицєнхуызон у, уый нє, фєлє ма циклєн йєхи мидсюжеттє дєр сты алы мыггаг. Драматизмєй тыхджын эпизодтє, зєгъєм: Єхсар ємє Єхсєртєджы мєлєт, Сосланы сєфт, Батырадзы сєфт... ємє єыдєртє, — уыдон ємрєнхъ єхсєнмє-’хсєнты уынєм комикон эпизодтє дєр; ахєм хъєлдзєг эпи- зодтє сты Сырдоны циклы кадджытє се ’ппєт дєр, стєй иннє циклтєй дєр иукъорд эпизоды. Комикон єууєл тынг тыхджын у ахєм эпизодты, куыд, зє- гъєм: Уырызмєг Сатанайы йє цєгатмє куыд єрвыста, Уырызмєг ємє Сохъыр уєйыг, Сослан ємє Мукара, Батырадз ємє Сохъыр уєйыг ємє єнд. Уыимє драматикон єууєлтє ємбисонды аив ивд цєуынц комикон єууєлтєй ємє хъєл- дзєг ныхєстєй... Юмор Нарты кадджытєн у сє ахъаззагдєр єууєл, юмористон миниуджытє хєссєг та тынгдєр у Сырдон, кадджытєн сє номдзыддєр геройтєй иу. Уымє гєсгє адєймаг єрцєуы ахєм хъуыдымє, ємє эпос сфєлдисєг адєм тынг єргом- здєхт кєй уыдысты юмормє. Уыдон єрдзы поэзийє дєр єнєхай кєй нє уыдаиккой, уый євдисєг та нын сты «Ацємєзы зарєджы» ємбисонды рєсугъд нывтє... Уєдє цавєр сты Нарты кадджыты аивадон стилы хицєндзинєдтє? Кадджы- 619
тєн сє иумєйаг композици у хуымєтєг арєзт, єнцон ємбарєн, єнє уєлдай фєзилєнтє. Сє синтаксис дєр у ахєм, фылдєр дзы ис хуымєтєджы раст хъуы- дыйєдтє; гєнєн ємє амалєй дзы домгє вазыгджын хъуыдыйєдтє ыєй. Тау- рєгъты уєлдай ныхєстє нє фендзынє. Диалогтє сты хєрз цыбыр. Архайд ємє динамикє эпосы мидєг ис бирє фылдєр риторикєйє. Архайджыты цєсгом разы- ны сє архайдєй, сє митєй, эпитеттє ємє барєнтє эпосы ис бєрєг бєрц, стєй уадиссаг ныхєстє дєр не сты. Обрєзтєн сє фылдєр у реалон ємє сє пайдагонд цєуы єрмєст бєрєг бынєтты, арєх нє. Эпосы євзаг у бєлвырд, єлвєст, єнєхъуа- джы дзырдыл дзы нє амбєлдзынє, фєлє уыимє хъєздыг, хъєддых, уєззау ємє рєстдзєвин. Єркєсєм, уєдє, Нарты кадджыты аивадон арсеналы арєхдєр цы обрєзтє ємє ныхєстє ємбєлынц, уыдонєй иуєй-иутєм. Сылгоймаджы рєсугъддзинад эпосы євдыст у ахєм ныхєстєй: «хуртє ’мє дзы мєйтє касти»; «йє цєсгомєй хуртє касти, йє дєллагхъуырєй — мєйтє»; «йє сыгъзєрин дзыккутєй йє уєлє чи нє цыд, уыдон чыргъєдмє калдысты»; кєнє: «йє сыгъзєрин дзыккутє — йє фадхъултєм»; «йє цєстысыгтє йє разы цєппузырау абузтой». Эпосы геройы (Батырадзы) цєстыты тыххєй афтє: «йє цєстытє сасиры чъилтыйас». Донбеттырты бєстыхайы тыххєй: «йє бын — цъєх авг, йє къул — єргъєу, йє цар — сєууон стъалы». Євзыгъд лєппу, нырма хєрз саби, фыццаг хатт бєхмє чи схызт, ахєм йє мады фєрсы, бєхыл куыд фидауы, уымєй. Мад ын хъазгємхасєн дзуапп дєтты: «Сєууон єртєх бєхы лєхыл куыд фидауы, афтє фидауыс». Уєйыг барєджы тыххєй: «йє бєх хохыйас, йєхєдєг цъынайыйас!». Євєджиау сахъ барєджы тыххєй: «Єрбахєццє кєны диссаджы барєг, хуртє ємє дзы мєйтє кєсынц; йє размє мигъ сбадти, йє сєрмє халєттє зилдух кєнынц, йє фєстє ауєдзы хуызєн хахх зайы, хуры рухс у йє такайы єрттывд, мєйы рухс — йє цирхъы хєцєны єрттывд, йє размє мигъ, — уый у барєгєн йєхи ємє йє бєхы комытєф, йє сєрмє цы халєттє зилдух кєнынц, уыдон — йє бєхы сєфтджыты бынєй схъиуєг сыджыты къуыбєрттє, ауєдзы хуызєн арф хахх та у йє карды фындзы фєд». Уый абар ирландиаг сагєты ахєм скъуыддза- гимє. Лугайды бєхтєрєг зєгъы: «Цавєрдєр барєг нєм єрбаввахс кєны. Иє сєрмє цыма раст Ирландийы халєттє се ’ппєт дєр зилынц, йє размє та цыма миты тъыфылтєй лєгъз быдыр хъулон дары». Лугайд зєгъы: «Ды цъиутє кєй хоныс, уыдон сты бєхы сєфтджыты бынєй схъиуєг сыджыты къуыбєрттє, мит — уый та у, бєхы хємхуттыл цы фынк сбадтис, уый» ємє аф. д. Уырыссаг кадджы- ты дєр ис ахєм хуызы бынат: Да проехала поляница удалая. Да его храбра поездка молодецкая, Да ископыть у коня метана По целой-то овчине бараиовой. У коня изо рта-то пламя маше, Из воздрей у коня да кудряв дым валит. Куывдмє хуынды уаг эпосы євдыст у ахєм хуызы: «Цєуынхъом чи у — цєугє ракєнєд, цєуынхъом чи нєу — хєсгє йє ракєнут»... Сосланєн куы бафєдзєхстой куывдєй тєргай алидзєг Арєхдзауы фєстємє 620
єрбаздахын, уєд хъуыды кєнын байдыдта, хъайтар лєппумє куыд єгъдауєй бацєуа, ууыл: «Разырдыгєй йєм бацєуин — ємє афтє куы фенхъєла, йє размє бабадтєн, фєстєрдыгєй йєм бацыдєуаид, ємє мє фєдисои куы фєхона»... Ахєм гуызавє хъуыдытє єрцєуы Добрынямє дєр, къыйєзты куывдєй нуа- зєндонмє тєргай чи алидзы, уыцы Ильяйы єрбаздахынмє йє куы фервитынц, уєд: «Разырдыгєй йєм бацєуин, — ємє йєм дзєбєх куы нє фєкєса. Цєй ємє йєм фєстєрдыгєй бацєуон». Нарты кадджытєн сє тєккє бєрєгдєр миниуєг уый у, ємє дзы обрєзтє, эпитеттє, барєнтє, стєй нємттє кємдєриддєр ємбєлынц къєйттєй. Тынг тыхджын мит уарды тыххєй фєзєгъынц: «Залты мит ємє єнусы цъити». Тыхджын дымгєйы тыххєй: «Зилгє дымгє ємє тухгє уад». Тыхджын цъєхахсты тыххєй: «Цєргєсы хъєр ємє уарийы ахст». Сатана ємє Сырдоны євирхъау хиндзинад ємє зонды тыххєй: «Арвы хин ємє зєххы кєлєн». Батырадзы арєх фєхонынц ахєм эпитеттєй: «Къуыпных ємє цєгєрсєр». Мєгуыр арєзт геройы тыххєй-иу дзырдтой: «Зилгєзєнгой ємє сємпєрчъи». Нартыл сє кой айхъуыст «Церечы згъєр ємє Бидасы такайєн», уыдон дєр иудадзыг ємбєлынц иумє, єнєфєхицєнєй. Исты єнєкєрон бирє нымєцы тыххєй фєзєгъынц: «Сєдє сєдє ємє єрдзє сєдє». «Хуртє ємє мєйтє» дєр єдзух иумє кєй ємбєлынц, уый кой нєм уєлдєр уыдис. Афтє къєйттєй эпосы ємбєлынц єнгєс нємттє дєр: «Терк ємє Турк», «Єхсар ємє Єхсєртєг» — Уєрхєджы фырттє, «Хъайтар ємє Битар» — Созы- рыхъойы фырттє ємє аф.д, Обрєзтє ємє эпитеттє къєйттєй тынг арєх ємбєлынц канд «Нарты кад- джыты» нє, фєлє иннє фольклоры дєр: «сауцєст ємє сауєрфыг»; «нарєгастєу ємє гуырвидауц»; «тымбылдзыкку ємє хъамбулуєраг», «лєугє хох, цєугє мє- сыг», — афтє фєзєгъынц се стыр ныфсєй, стыр єнхъєлмє кємє фєкєсынц, ахєм адєймагєй; «кард ємє уартєй» ємє єнд. Єрымысєн ма ис бирє єндєр ахєм къайджын ныхєстє, адєм тынг арєх кєй дзурынц, ахємтє: «кад ємє радєй»; «худинаг ємє єрдиаг»; «загъд ємє замана»; «куыд ємє лєдєрст»; «єнє мард, єнє дзуар»; «чи куыдз, чи хєрєг»; «цы хур, цы къєвда»; «налхъуыт-налмас»; «судзгє-уыраугє»; «йє сєр, йє фад», «цєрынєй-хєрынмє» ємє єнд. Уыцы къайджын ныхєстєй иуєй иутє баны- майєн ис синонимон параллелизмыл, дыуує дєр уыцы иу хъуыды куы євдисой, фєлє фєйнєхуызон дзырды куы уой, уєд. Мах ма цыбырєй зєгъдзыстєм ирон эпосєн йе ’ддаг формє ємє йє метри- кон уаджы тыххєй. Героикон сагє-кадєг* фольклоры иннє жанрты єхсєн ахсы сєрмагонд бы- нат канд йє мидисмє гєсгє нє, фєлє йє куыд фєтаурєгъ кєнынц, уымє гєсгє дєр. «Аргъауы» хуызєн єппындєр нєу, уєдє «зарєджы» хуызєн дєр — афтє. Аргъауєй «кадєг» хицєн кєны уымєй, ємє «кадєджы» заргє фєкєнынц, дзургє нє, фєлє; «зарєгєй» та уымєй хицєн кєны ємє йє фєзарынц фєндыримє (хъисын фєндыр кєнє дыууадєстєнон), стєй йын ис бынтон єндєр мелодикє. * Євєццєгєн, дзырд «кадєг» равзєрд «кад»-єй, ома кад, намыс. 621
«Кадєджы» хуызы фєзарынц єрмєст Нарты ємє Даредзанты кадджытє ємє ма иу-цалдєр героикон зарєджы: «Иунєджы кадєг», «Ємзораты чысыл Ємзоры кадєг», «Дзанайты Дзамболаты кадєг» ємє ма иу-цалдєры. Историон геройты тыххєй цы зарджытє ис, уыдон «кадєг» схонєн нєй, стєй сє фєзарынц єнє фєндырєй. Кадєг фєндыримє иумє кєй фєзарынц, уымє гєсгє зєгъєн ис, уый кєй у поэтикон уагыл конд, ємє афтємєй уєд хъуамє арєзт уа ємдзєвгєйы цавєрдєр барєныл, стєй йын уа ритм дєр. Афтємєй нєм цы фыстытє ис, уыдон, искуы- иутєй фєстємє, се ’ппєт дєр сты прозаикон радзырдты хуызы фыст ємє, фыц- цаг єркєсгєйє, аргъєуттєй ницємєй хицєн кєнынц. Уєдє цымє цємєн уой кадджытє афтє дыгъуыз арєзт? Куыд раиртєстам, афтємєй уый у ахєм дыуує хъуыддаджы аххос. Фыццаг: кадєгфысджытє сє фылдєр кадєггєнєджы кєнынц єрмєст таурєгъ кєнын, єнє заргєйє, уымєн ємє афтємєй кадєггєнєджы ис бауромєн дєр ємє ногєй бафєрсєн дєр, ка- дєг кєм нє бамбарай, уым. Фєлє заргєйє та уый гєнєн нєй. Дыккагєй: поэти- кон формє «кадєг», кєд уыцы формє єнємєнгєй ис, уєддєр єм заргє-зарын єцєг зарєджы хєдхуызєн миниуджытє нєй, ємє уымє гєсгє, кадєгєн йє музыкє куы фєиуфарс кєнай, уєд дзы чи баззайы, уый нєм прозєйы хуызєн уый бєрц тынг фєкєсы, ємє йє бар-єнєбары дєр ныффыссєм хуымєтєджы прозєйє, йє ритмикон ємдзєвгєйы уаг ын нал иртасгєйє. Фєлє уєддєр єнєхъєн зарджытє ємдзєвгєйы бєлвырд уагыл фыст кєй сты (зєгъєм, Тугъанты Мухарбеджы фыст зарджытє Ацємєзы ємє Мєргъуы- дзы тыххєй), стєй ма суанг прозаикон фыстыты дєр єхсєнмє ’хсєнты ритмикон єгъдауєй раст арєзт чи у, ахєм хицєн скъуыддзєгтє кєй вєййы, уый нын бар дєтты ирон «кадєджы» метрикон уаджы тыххєй фарста єрєвєрынмє. Кадєг- гєнджытєн 1941 азы уалдзєджы Дзєуджыхъєуы цы съезд уыд, мелодитє ємє тексттє пластинкєтыл фыст кєм єрцыдысты, уый ма ноджы уєлємхасєн ахъаз- заг єрмєг радта уыцы фарста сбєлвырд кєнынєн. Мах Дзанайты Иванимє иумє цы хуыздєр типикон зарджытє ныффыстам, уыдои лыстєг равзаргєйє уал єрцыдыстєм ахєм хъуыдымє: зарєджы ємдзєв- гєйєн ис иу нє, фєлє цалдєр барєны. Иуєй-иу кадєггєнджытє куыд зєгъынц, афтємєй алы геройєн дєр уыдис йєхи сєрмагонд мелоди. Зарджытєн сє тєккє арєхдєр типєн ис ахєм бєрєггєнєнтє: 1. Ємдзєвгєйы уєнгты нымєц вєййы фарастєй єртындєсы онг; уєнгты ахєм бєрц єппєтєй хуыздєр арєхсы Нарты кадджытєн сє фылдєры мелоди- тєм; раст зєгъгєйє, хатгай-иу кадєггєнджытє уыцы музыкалон барсты бацєуын кодтой дзєвгар фылдєр уєнгтє, фєлє-иу уый адєймагмє афтє фєкаст, цыма дєс бынаты цы машинєйы ис, уым фынддєс кєнє ссєдз лєджы сєвєрдтой. 2. Фєндзєм кєпє єхсєзєм уєнджы фєстє єнємєнг вєййы цезурє. 3. Алы ємбисємдзєвгєйы дєр кєддєриддєр ис иунєг сєйраг цавд. 4. Ємбисємдзєвгєйы сєйраг цавд йєхи ласы райдианмє, фєлє йын уєвєн ис астєуєй дєр, хатгай та (тынг стєммє) — кєронєй дєр. 5. Гєнєн ємє амалєй дзы ємхуызон тыхджын дыуує цавды фєрсєй-фєр- стєм не ’мбєлынц. Сєрмагондєй дзы мах раиртєстам уый, ємє кадєгєн йє «классикон» мини- уєг уыд, цас амал ис, уымєй мєнє ахєм цыппар типы кєрєдзи арєх ивындзи- над: 622
Ч_/ ^ ^_У ^ Ч_У ^ Ч^/ Ч^ К^> 1. арвы кєрєттє куы ныррухс ысты Нарты адємыл фыдаз ыскодта ку ч^ ^ ч^ ч^ ч^ ч^ ^ 2. дє бєхы агъдєй чъёпс куыд фесхъиуа к^ ^ ^у ч_/ ч_/ ч^ ^ 3. Иу абонєй, зєгъ иннє абонмє 4. Цєуынхъом чи у цєугє ракєнєд Цыппар типы се ’ппєт дєр арєзт сты дєсгай уєнгтєй, фєндзємы фєстє цезурє, ємє кєрєдзийє хицєн кєнынц, сєйраг цавд фыццаг дыуує уєнгыл кєй хауы, єрмєст уымєй. Алы ємбисємдзєвгємє дєр ма уєлдай уєиг куы бафта- уай, уєд ємдзєвгєйы тип уымєй нє фендєрхуызон уыдзєн. Кадєгєн нє дєр йє кєроны, нє дєр йє мидєг рифмє нє вєййы. Єрмєст хъуыдыйады зєгъинаг арєх сємбєлы кєронєй, ємє афтємєй фєрсєй-фєрстєм цы ємдзєвгєтє фєлєууы, уыдонєн арєх сє мивдисджыты кєрєттє рауайынц єнгєс, рифмємє хєстєг, фєлє уый барвєндонєй арєзт нє вєййы, єнєнхъє- лєджы куы рауайа, єндєр. Зарєггєнджытє арєх фєкєнынц афтє дєр: иу ємдзєвгєйы дыккаг хай ма ноджыдєр фєзєгъынц, йє фєдыл цы ємдзєвгє лєууы, уый фыццаг ємбисы. Уыимє дыккаг хатт цы дзырдтє фєзєгъынц, уыдоны равєрынц иннєрдєм. Тугъанты Мухарбеджы фыстытєм гєсгє, зєгъєн ис, ирон кадджытєй дыгу- рон кадджытєн сє формє кєй у єнєивгєдєр, фидардєр. Ємдзєвгєйы уєнгты силлабикон принцип стєм хаттєй фєстємє дыгурон кадджыты хєлд нє цєуы. Ногєй та зєгъын хъєуы уый, ємє єппєт ацы раиртєстытє фаг не сты. Ирон героикон сагєйы мелодикє, ритмикє ємє поэтикє сбєлвырд кєныныл нырма ис бирє куыст. В. Абаев. «Нартовский эпос». Известия Северо-Осетинского научно-ис- следователъского института, Дзауджикау . 1945, с. 110—116. Уырыс- саг євзагєй Рємонаты Еленєйы тєлмац. ДАРЕДЗАНТЫ КАДЦЖЫТЄ ИРМЄ Адємон сфєлдыстады уацмыстєй йє равзєрд ныронг бєлвырд кємєн нєма у, Даредзанты геройты тыххєй ирон кадджытє уыдонєй не сты. Тынг єнцонєй сє бадихгєнєн ис, раздєр кєрєдзиимє баст чи нє уыд, ахєм радзырдтє ємє эпизодты къордтыл, уыдон та сє равзєрдмє гєсгє хауыиц цалдєр хицєн бєл- вырд зыидгонд эиикон циклтєм. Мах ам бацамондзыстєм уыдонєн сє сєйраг- дєрты: 1) астєуккаг єнусты фыст гуырдзиаг героикон повесть «Амиран-Дареджаниани». 2) Ирайнаг кадджытє Рустемы, Зорабы ємє Бижены тыххєй, «Шах-Намэ». Фирдоусийы фєрцы йє кой дардыл кємєн айхъуыст ємє Гуырдзыйы руаджы Ирыстонмє чи єрбафтыд, уыдон. 3) Цєгат Кавказы «Нарты эпос». 4) Дунейыл хъуыстгонд миф хуыцєутты ныхмєхєцєг Прометейы тыххєй. 623
Гуырдзиаг фантастикон-героикон роман «Амиран-Дареджаниани» фыст єрцыд, куыд єнхъєл сты, афтємєй XI єнусы фєстаг азты, кєнє XII єнусы райдианы ємє уый, євєццєгєн, у, мах онг єнєхъєнєй чи нє уал єрхєццє, уыцы уацмыс — персайнаг єрдхєрєны бєгъатырты таурєгъты ємбырдгонд «Кисай-Хамза»—йє уєгъдибар тєлмац. Романы иуєй-иу эпизодтє гуырдзиаг євзаджы фєрцы ахєлиу сты адємы єхсєн ємє, адємєн зындгонд єндєр аргъєуттє ємє героикон сю- жеттимє сємхєццє уєвгєйє, уыдонєй рауад адємон дзургє уацмыс «Дареджа- нианийы» тынг бирє алыхуызон варианттє, кєддєр уыцы романєй равзєргє чи уыд, ахємтє: Амыраны тыххєй ирон кадджытє єнєгуырысхойє хауынц гуырдзиаг адє- мон, уєлдайдєр та свайнаг ємє пшаваг варианттєм ємє сєм ис, гъе, уыдон хуызєн миниуджытє, мєнє ахємтє: 1) фыст повесты утєппєт геройтєй адємон вариантты уєлдай арєхдєр сты єртєйє: Амыран, Бадри ємє Усиб (Усибы ирон вариантты хонынц Усаби, Мы- сырби кєнє Руси); 2) Уыцы єртє геройы, хаттєй-хатт ма Шах-Намэйы геройтє Ростом (Рус- тем), Бежан (Бижен), ємє Зораб дєр кєимє баиу вєййынц, уыдон, литературон уацмыс куыд амоны, афтє нє, фєлє кєрєдзийєн єййафынц тугхєстєг, єртє єфсымєры, кєнє герой йе ’фсымєры фырттимє; таурєгъы мидєг иунєг Амыра- ны цы мыггагєй хонынц — Даредзаитєй, уыдонєй хонынц адємон вариантты єппєт геройты дєр, куыд иу мыггагєй равзєргє хицєн уєнгтє; ном «Йаман» (иронау Иамон) повесты иудадзыгдєр ємбєлы Бадрийы номы ємрєнхъ ємє нын євдисы, уыцы герой кєй у йеменаг, ома араббаг, адємон вариантты мидєг уыцы номєй хонынц нє геройты фыды, єрмєст иуєй-иу вариантты уый хуыйны Ростом дєр; 3) «Даредзанты кадджытє» систы, Кавказы рагєй цы ирайнаг кадджытє уыди, Рустемы, Бижены ємє Зорабы тыххєй, уыдоны єнгєс, уыимє ацы геройтє иууыл- дєр хауынц Даредзанты бєгъатыр мыггагмє; 4) Амыраны тыххєй адємон кадджытєм бафтыд, литературон «Дареджаниа- нийы» йє кой дєр кємєн нєй, ахєм єууєл — Хуыцауы ныхмє тох, уый та романєй дєр ємє ирайнаг, стєй кєцыфєнды национ эпосєй дєр у бирє рагон- дєр єууєл; фыст романы герой Амыран адємы фантазийы рауад ємбисонды хуызивд, багдадаг халифы мидгалуаны рыцарєй дзы титан Прометей скєнгєйє. Гъе ахєм иухуызон миниуджытє ис ирон варианттєм гуырдзиаг адємон ва- рианттимє. Даредзанты циклмє сыгъдєг ирои эпизодтє ємє єууєлтє бацыд Цєгат Кавказаг Нарты кадджытєй... Кєй зыгъєн єй хъєуы, адєймаджы хъуыдыйы єрєфты афтє бафєрсын, цымє хъулон-мулон мозаикєйы тыххєй дзурєн ис, алырдыгєй єрбафтгє, сєм- хєццє уєвєг ємє кєрєдзиуыл уєгъд ныхєст сюжеттє, мотивтє ємє эпизодтєй арєзт мозаикєйєн национ эпос схонєн ис? Национ эпос, цыдєриддєр у, уєддєр хъуамє уа иуцасдєр оригиналон, єнєхъєн ємє єххєст таурєгъ, кєнє таурєгъ- ты цикл, кєй таурєгъ у, уыцы адємы єцєг историон хъысмєт цыфєнды тынг хуызивдєй ємє єрымысєггаг хъуыдытимє дєр євдыст кєм цєуа, гъе, ахєм. Уыцы миниуджытєй ирон «Амыраны» ницы ис. Национ эпосы кєддєриддєр фєрссаг ахадындзинад кємєн вєййы, ахєм фантас- тикон алємєты єууєл «Амыраны» у ахъаззаг, йє ахадындзинад ахсджиаг ємє, зєгъєн ис, уый сихсийын кодта, мах «эпосы» ємє аргъєутты жанры, єппєты ин- тернационалондєр жанры уєвєи кємєн ис, ахєм уацмысты єхсєн хъауджыдзинад. 624
Єппєт уыдєттимє Даредзанты кадджытє уєддєр єнє ’вдисгє не сты, «ирон» кадджыты хуызы цы єхсєнады мидєг євзєрдысты, уый мидис. Уыцы єхсєнад йє фєд ныууагъта єндєр искуыцєй єрбафтгє таурєгътыл, куыд сє мидисыл, афтє сє формєйыл дєр. Зєгъєн куыд нєй, афтє бєлвырдєй мах нє кадджыты уынєм, мыггагон цардєй цєрєг адєм бынтон єндєр єхсєнадон формацийы равзєргє єрмєг сєхи аккаг куыд кєнынц, уый. Роман «Амиран Дареджаниани» йе ’мыдзаг цы паддзєхтє, халифтє ємє принцтєй у, уыдонєй иу дєр нал ныууагътой ирон кадджыты. Сєйраг геройтє євдыст цєуынц иу мыггаджы уєнгтєй, иу мыггагєй, ирон адєммє куыд вєййы, афтє; куыд уынєм, афтємєй єхсєнад йє геройты дєр, йє хуыцєутты дунейы хуызєн, аразы йєхирдыгонау, йєхи аккаг. Формєйы тыххєй та уый зєгъын хъєуы, ємє ам мыггагон цардыуаг бєрєг у єрмєджы цыбырдзинадєй ємє ныхасы хатты лаконизмєй, уый ныхмє персай- наг-гуырдзиаг литературон оригиналтє, тыхджын феодализмы заман чи равзєрд, уыдон та євзагєй, ныхасєй сты иттєг хъєздыг алы хуызы дєр. Гъе, афтємєй, сє мидисмє гєсгє ирон национ эпос схонєн кємєн нєй, уыдон — «Даредзанты кадджытє» тынг диссаг сты, иу єхсєнад бынтон єндєр єхсєнады идеологион продукт йєхи аккаг куыд скодта, йєхи цы хуызы хъєуы, афтє йє куыд раивта, уымєй... В. Лбаев. «Лмыран». Осетинский эпос. Лкадемия, Москва-Ленинград, 1932, с. 13—17. Уырыссаг євзагсей Рємонаты Еленєйы тселмац. ИРОН АДЄМОН ХЪАЗЄНТЄ Суанг ма 1870—1880 азты дєр Бєтєхъойыхъєуы цєрєг адємон курдиатджын таурєгъгєыєг Зыгъуытаты Бибо («Куырм Бибо» кєй схуыдтой, уый) ємє иннє таурєгъгєнджытєн дєр сєхицєн уыди куклаты театры єнгєс цыдєртє. Куырм Бибо йєхєдєг цагъта хъисфєндырєй, уыди йын зыланггєнаг ємє, зєрдєйєн єхсызгон чи уыди, ахєм хъєлєс. Афтємєй, хъисфєндырыл цєгъдгєйє, зарыди уєды дуджы адємон зарджытє. Хъисфєндыр уый, иннєтау, йє уєрагыл нє дардта, фєлє йыл конд уыди, суанг зєхмє чи ’ххєсти, ахєм даргъ лєдзєггонд. Фєндыры къусгонд йєхєдєг ємбєрзт уыди галы цармєй, уыди тынг стыр, ємє уый тыххєй йє уынєр дєр уыди тыхджын. Афтє стыр уыди фєндыры цєгъдєн єрдын дєр, ємє єппєт уыдон уыдысты зарєггєнєг-таурєгъгєнєджы иттєг стыр уєнгтєм гєсгє. Уымєн уыди хєрзконд цєсгом, бєрзонд ємє гомных. Єнєниз ємє хур- сыгъд цєсгом уєлдай рєсугъддєр кодта митау урс боцъо. Ахєм уыди уыцы зєронд лєджы єддаг бакаст. Бибо кєддєриддєр уыди хъєлдзєг, ныфсхаст ємє арєхстджын. Кєддєрид- дєр цєттє уыди, чи-иу єм хъуыста, уыдоны цыфєнды фарстєн дєр дзуапп рат- тынмє. Уымєн йє ном хъуыстгонд уыди канд Ирыстоны нє, фєлє ма иннє сыхаг хєххон адємтыл дєр. Бибойы репертуар уый бєрц хъєздыг ємє алыхуызон уыд, ємє йє бон уыди йє зарджытєм, таурєгътєм, хъєлдзєг зарджытєм ємє радзырдтєм єнєхъєн къуыри хъусын кєнын чындзєхсєвмє єрцєуєг адємы. 40 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том 625
Фєсивєды кафтєн уымє уыди хъєлдзєг мотивтє. Нарты таурєгъты ємє историон зарджытє чи уарзта, уыдонєн та уый цагъта рєсугъд кадджытє. Чысыл Тотрадзы мєлєты кєнє Єфхєрдты Хєсанєйы тыххєй єнкъард тау- рєгътєй-иу хъусджыты уадултыл згъордтой цєссыгтє. Уєд-иу Бибо єваст рахыз- ти хъєлдзєг зарджытєм ємє-иу ферох кєнын кодта ивгъуыд дуджы єнкъарддзи- над ємє трагизм, сраст-иу кєнын кодта хъусджыты єнкъард ємє хъуынтъыз єрфгуытє, сє цєсгємттыл-иу сын фєзынын кодта єхсызгон мидбылхудт. Ахєм рєстєджы йын иттєг стыр ахъаз кодтой йє куклатє, уыдоныл-иу нєл- гоймаджы аив дарєс цухъхъа, кєнє сылгоймаджы дарєс скєнгєйє. Лыстєг хуынчъытє кєм ис, ахєм стыр къус-иу дєлгоммє ныффєлдєхта, сєвєрдта-иу ыл куклатє, ємє-иу уыдон єваст кафын райдыдтой Бибойы хъєл- дзєг цагъдмє. Бибойы галиу єнгуылдзтєй дєлгом къусы бынмє уагъд уыди сау єндєхтє. Уырдыгєй та-иу къусы хуынчъытєй цыдысты, куклатє цы чысыл лєдз- джытыл фидаргонд уыдысты, уыдонмє, ємє афтємєй змєлын кодтой куклаты. Бибойы алы куклайєн дєр уыди сєрмагонд ном ємє-иу сєм дзырдта сє нємттєй, стєй-иу кодтой ирон кафты хъєртє: «Гъей, Хъамболат, дє хорзєхєй, скаф саурєсугъд Аминєтимє! Бакєс-ма, уый дєм єнхъєлмє кєсы». Куклатє-иу райдыдтой кафын. Уый афтє диссаг ємє худєг зынди кєсджы- тєм, ємє-иу фырхудєгєй сє бон нал уыди. Ахєм уыди адємон зарєггєнєг куырм Бибо. Бибойы куклатє, стєй фєндыры хуызєттєй ма пайда кодтой фєстєдєр 1890— 1900 азты дєр, кєд уыдон Бибойау арєхстджын нє уыдысты, уєддєр. Уыцы рєстєджы Ирыстоны алы кємтты зынгєдєр таурєгъгєнджытєм уыди фєйнє дыуує куклайы, ємє сє дєлгом къусы быныл, Бибойау, кафын кодтой єндєхты фєрцы. Уыцы єнахуыр куклаты театртє кємє уыди, уыдоны нємттє, хъыгагєн, литературєйы нє баззадысты. Фєлє уыцы куклатєн уєлдай оригиналон змєлд раттыныл кєй фєлвєрдєуыди, уый бєлвырд у. 1800 азты кєрон Дыгургомы Цыколайы хъєуккаг скрипкєйыл цєгъдєг Мє- хємєт-Гирей адємон хъисфєндыр раивта европєйаг скрипкєйє, ємє йын йє куклатє федтон дєлгом хъєдын къусыл нє, фєлє тарбын бур ахуырст цыппєр- дигъон ызгъєр къоппыл. Уыцы къоппыл євєрд уыди фабрикєйы арєзт чысыл бандон. Кафыдысты-иу дыуує куклайы: нєлгоймаг — ирон дарєсы, хъама ємє дам- бацаимє, сылгоймаг та — худ ємє чызджы рєсугъд дарєсы. Уыимє куклатєй сє иу хъуамє бадтаид бандоныл. Зєгъын хъєуы уый, ємє уьщы рєстєджы арєх кєй уыди «Ехсимє кафт». Чызг ємє-иу лєппу радыгай сбадтысты бандоныл. Лєугє-иу чи кодта, уый къухы уыди ехс ємє кафыди, бандоныл чи бадти, уый алыварс. Ємє цы куклаты кой кодтам, уыдон дєр-иу кодтой раст уыцы кафт бандоны єххуысєй. Куклатимє скрипкєйыл цєгъдєг ма федтон Махческы хъєуы дєр. Уыцы музыкант дєр цагъта нырыккон скрипкєйыл, кєд тынг хорз нє арєхсти, уєддєр. Зыдта єппєты хуымєтєгдєр мотивтє, фєлє йє куклатє дєр євєрд уыдысты къусыл нє, фєлє цыппєрдигъон асыккыл, ємє кафыдысты иттєг хорз. Чызг- кукла зилдух кодта йє мидбынаты, нєлгоймаг кукла та-иу гєппытє кодта ємє зылди иннєйы алыварс, єцєг кафджытє къахфындзтыл кафгєйє куыд фєкє- нынц, афтє. Йє къєхтє-иу куы дзуарєвєрд акодта, куы та-иу къахфындзтыл алєууыди. 626
Нырыккон инструменттыл цєгъдын цы скрипачтє райдыдтой капитализмы рєстєджы, уыдон нал бацархайдтой кафєг куклаты хъуыддаг Ирыстоны дарддєр парахат кєныныл. Фєлє уєддєр куклатєй арєх пайда кодтой Ирыстоны сывєллєттє. Уым хуымєтєджы куклаты ємрєнхъ фенєн уыди, йє къухтє чи змєлын кодта, ахємтє дєр. Куклатє ємє ємткєй ирон адємы хъазєнтє дєр євдыст не ’рцыдысты ирон литературєйы, бєрєггонд не ’рцыдысты этнографион єгъдауєй. Афтємєй та адємон аивадон хъуыдыйы уыцы къабаз ныры домєнтєм гєсгє сындидзын кє- нын иттєг стыр ахъаз бакєнид Ирыстоны нывєфтыд хъазєнтє сарєх кєныны хъуыддагєн. Ирон нывєфтыдон хъазєнты хъуыддаг хорз чи зоны, ахємтє ма ссарєн ис нє республикєйы хєххон хъєуты, стєй быдыры хъєуты дєр. Єрмєст хъусдард здахын хъєуы адємон культурєйы ацы хуызмє. Тугъанты Махарбег. Журнал «Фндиуєг», Сталинир, 1954, № 11, ф. 47—48.
ЮЗъфдуат А Авдиуаг — цы зєды мыггаг у, уый бєрєг нєу. Чи зоны, ємє йєм исты иудзинад ис тынг стєм дзырд «євдиу»-имє (дыг. євдеу), цыдєр дєлимоны ном (В. Абаев. «Из осетинского эпоса», М.Л., 1939, с. 82). Авд Уєхъєци — Дыгургомы авд хъєуы. Авдудзести уацайраг — ахєм адєймаг, кєцыйєн йє ас у авд уыдисны. Адай цъопп — Адайы хох. Ис Зєрємєг, Цъєй ємє Рацъы єхсєн. Азани гъєр — пысылмон дины сидт — Мєзджыдмє єрбацєуыны тыххєй. Азайы сыфтє, Аза, Аза-бєлас — кадджытєм гєсгє зайы «дзєнєты», ис єм низтє сурыны ємє мард єгас кєныны тых. Айнєги хед — Мєхческєй Мєцуты астєу цы хид уыди, уый хуыдтой афтє. Алаури (ир. Аларды) — ирон мифологийы — дзуары ном. Мифологимє гєсгє Аларды баст у дзуары низимє. Алардыйы номыл бєрєгбоны-иу арєзтой дугътє, хъазт, кафт. Алай — базарды ныхас чындз хєсгєйє. Аласа — чысыл уєвгєйє, тынг домбай чи у, ахєм бєхы мыггаг. Алфєн — охыл, тыххєй, нысанєн. Хєснаджы алфєн— ома, хєснаджы тыххєй. Алыппы мыггаг — ирон фольклоры — цавєрдєр хорз бєхты мыггаг. Андиаг нымєт — Анди — дагъистайнаг хъєу, уєрстой дзы хорз нымєттє.. Анигол — мыдыбындзыты бардуаг. Арє, ар — рєтєнагъд. Арєсын — размє бабадын, ныхъхъавын. Арси луби лупп-лупп — базарды ныхєстє. Арт (ард) — арт хєрын, ард хєрын. Арыхъхъ-сапон, — ома, хорз сапон. Євєццєгєн, йє ном равзєрд, кєцы ран єй кєнынц, уыцы бынатмє гєсгє. (В. Абаев. «Из осетинского эпоса», М. — Л., 1939, с.83.). Атауыз кєнын — дам ахєлиу кєнын, адам кєнын. Ахкемє — фєнд, уынаффєтє кєм кодтой, ахєм ран, уыди Мєхческы дєр, Дыгуры комы. 628
Є Євєд лєг — єнє цот, єнє байзєддаг, євєстаг лєг. Євєлмонєй — єнцонєй, єнєфыдєбонєй. Євддаджы сєрмє — євдєм уєладзыджы сєрмє. Єгондєй (єгєндєй) — єнє кєндєй?* Єдахст — куыстыл єнувыд чи у, ахєм. Єлутон — ирон фольклоры цавєрдєр диссаджы нозт — адєймагєн йє дойны дєр ємє йе стонг дєр чи сєтты, ахєм. Єлутон фых бєгєны — исты ку- сарт-иу кєм сфыхтой, ахєм. Ємбєлєггаг — рагон єгъдау; цуаноныл-иу фыццагдєр чи фембєлд, уымєн- иу хъуамє сырды мардєй хай уыдаид. Ємигиртє — иу лєджы дыуує усы . (Ємыджыртє) Єммыст — тєхуды, гъєй-джиди. Єнєгъоли — єнєгъолийє дзордзєнєнцє (?) Єндєуогъ исун — знаг суєвын. Єндзалє — (ир. єндзалм) — хєххон хєдзары сєр єппєты бынєй вєййы єндзєлмттє. Єндзєлмттє вєййынц кєрєдзимє єнгом євєрд. Єндзєлмтты сєрмє цєхгєрмє сєвєрынц уистє, уыдон уєлє нывєрынц хъємп, стєй сыл сыджыт ныккалынц ємє йє ныннємынц. Єнхєлцє — зулдзых, фыдєхдзинад, хєрамдзинад. Єргъай — кєсаг. Єргъєу — рєсугъд ємє зынаргъ дуры мыггаг, перламутр. Єргъон — єргъєу (?) Єртє Нарты — Нарты сєйрагдєр єртє мыггаджы. Єхсєртєггатє, Борєтє ємє Алєгатє. Иуєй-иу варианттєм гєсгє та — Нарты хъєуы єртє сыхы: Уєл- лаг Нарт, Астєуккаг Нарт, Дєллаг Нарт. Єрттигътє — фєтты кєрєттыл-иу цы єртєтигъон єфсєн фындзтє (бырын- чъытє; конд уыдис, уыдон. Єртєфтуд — єнєхатыр. Єрфєн. Нарты хистєр Уырызмєджы (єндєр варианттєм гєсгє Сосланы) ємбисонды бєхы сєрмагонд ном. Кадджытєм гєсгє, уый у зєххон бєхты «хис- тєр», ома, дам, бєхты мыггаг зєххыл уымєй рацыди. Ирд єхсєвты арвыл цы урсбын фєтєн тєлм фєзыны ємє ирон адєм, «Єрфєны фєд», зєгъгє, кєй хонынц, уый дєр равзєрд ацы мифон бєхы номєй, уый, дам, у йє фєд. Єстарын — зєгъєм, хєдзар, уынг, зєхх истємєй бамбєрзын. Єстєйрон (ир. стєрон) — абырєг. Єстємєй-астмє (иннабонєй-иннабонмє) — ирон фольклоры амоны къуыри. Єстули, Стули — Дыгур ємє Ассыйы єхсєн єфцєг. «Єстулий зєронд ков- гутє» — Стулийєн-иу єдзухдєр чи куывта, уыдон. Єсхъєрцєг — єфсєддон дзаума згъєр цєгтєй конд. Єфсати — ирон мифологийы — сыкъаджын сырдты ємє цуаны бардуаг. Єфсиз — Кєсєджы быдыр; Дыгур сє фос кєдєм скъєрдтой, уый хуыдтой єфсиз (кєсгонау — Псыж). Єхсєлєгин — ногуард мит. Мєхческы цур цы лєгъз зєххы гєбаз ис, уый дєр хонынц Єхсєлєгин. Єхсон, схон — фидар дуры мыггаг. Фарсты нысан євдисы, йє мидис бєрєггонд кємєн нєу, уыцы дзырдты. 629
Б Баллон берєгъ, уаллон берєгъ — бирєгъты балєй чи фєиртєсы, ахєм би- рєгъ. Уый фєхонынц єппєтєй налатдєр. Балсєджы Цалх (Малсєджы Цалх, Ойнопы цалх), — ирон мифологийы тыхджын удгоймаг цалхы хуызы, цардис уєлєрвты. Барастыр — ирон мифологийы мєрдтыбєсты хицау. Баридуаг — рагон мєнгуырнындзинадмє гєсгє бєрєг исты бар кємє ис, ахєм дуаг. Зєгъєм: «Абоны бардуаг», «Рыны бардуаг», «Бынаты бардуаг». Барысчъи — афтє хуынди, марды тыххєй-иу фыдызгъєл ємє урссаг куы нє хордтой, уыцы рєстєг. Дардтой-иу барысчъи. Бєгъатыр — алантє —ирєттє бєгъатыр хуыдтой хєстон стєрты раздзєуджы- ты. Ос-Бєгъатыр — ирон бєгъатыр. Гуырдзиаг рагон фыстыты V єнусєй XIV єнусмє ис цалдєр Ос-Бєгъатыры кой. Бидасы сєрзєнт, Бидасы тахъа — Нарты кадджытєм гєсгє номдзыд Бидасы ємбисонды згъєр худ. Билєгидон — цєугєдон Дыгургомы, Єхсєуы раз, Билєты комы. Богамєдзог — ома, хъєбысєйхєцєг, богал. Болат — рагон єндоны мыггаг. Бонвєрнон (Бонвєрнон. Боброн) — сєууон стъалы: бонырдєм цы стыр ирд стъалы скєсы, уый (планетє Венерє). Бонгєнд — раджы замаи-иу , иу бон зєхх бахуым кєнын цас бантысти, уый. Бонцау — иу бон цас ацєуєн ис, уый. Фєндаджы дєргъ-иу фыццагон рєс- тєджы нымадтой бонцаутєй. Бор мєлгъє — ирон фольклоры цавєрдєр маргъ, адєм амондхєссєг кєй хуыдтой, ахєм. Борхуарали (Бурхоралп) — ирои мифологийы тыллєджы бардуаг. Хуымгєн- джытє-иу сє хор куы ’рємбырд кодтой фєззєджы, уєд-иу бузныггады куывд кодтой Борхуаралийєн. Иуєй-иу зарджытєм гєсгє Борхуарали у Хуарелдары фырт. Бузна, бузнаг нєл хуы — хъєддаг хуы. Бунгард — бындзєфхад, къуындзих, къуыдыр. Бундор — (ир. бындур) — ома бындурон дур, дыгуронау уый у Бынатыхи- цау, иуєй-иу текстты амоны байзєддаг, иронау бындар кєй фєхонынц, уый. Бундзарє — єрчъитє. Бурємєдз — сасмы мыггаг, ныхасєн. Бынатыхицау — бынаты бардуаг (дыг. бундор) Быркуы — дынджыр дурын. Г Гагон къубус, Гагоон къубус, Гагуан къубус — таурєгътєм гєсгє Хъаныхъ- ты Есе Доныфарсыхъєуы цы бєрзондыл царди, йє мєсыг кєм скодта, уыцы бынат. Галєгон — ирон мифологийы дымгєты бардуаг. Гєлиат — хъєуы ном Уєллагкомы. Гєндзєхгин (гєндзєхнн) — лыстєг фосы мыггаг Нарты кадджыты. 630
Гєтєг — ирон мифологийы суадєтты бардуаг, Сырдоны фыд. Гебена — ємпъузєнтєй чи сбєзджын вєййы, ахєм куырєт. Гезе — єфцєг Дыгургомы, Стыр Дыгурєй Гуырдзыстонмє ахизєн. Гогойнє (ир.гогон) — стыр хъуывгъан дон хєссынєн. Гоцъеф — богал. Гудунмєрзєн — исты хъис хъуымацєй базгонд, пецєй хойраг куы райсынц, уєд уый сєрфынєн. Гулуєзгутє — бєрзєндтє. Гуппургинтє, гуыппырсартє — уєнгджын, домбай, єд-зонд, єгъдауджын ємє номдзыд лєгтє. Гуымирытє — ирон фольклоры афтє хуыйнынц уєйгуытє, нарты агъоммє зєххыл цєрджытє. Гуымы ком — Нарты кадджыты — бєстєйы ном; євєццєгєн — Хъуым. Хъуымы быдыр ис Цєгат Кавказы, ныры Пятигорскы цур. Гъ Гъєуанз (ир. хъуаз) — сыл саг. Гъосалгъ — хъусы алгъ; Дє гъосалгъи ’й бахєссє — ма дє ферох уєд, дє зєрдыл єй бадар. д Дангъа-хєтєлтє — къахырджын уадындзтє. Даргъон — Дыгургомы, Уазайы хох ємє Лескены єхсєн цы зєхх ис, уый. Дахран салє — сырх сєрак. Дєлмагур — мєрдтыбєстє. Дєлтъур — фыццагон ирон хєдзары артдзєсты фєйнєфарс-иу уыдис дуртє євєрд єхсидєвты кєрєттє єрєвєрынєн, ємє ахєм дур хуындис д є л т ъ у р. Дидил (Идыл) — Волгє доны рагон ном. Донбеттыр — ирон мифологийы денджызтє ємє стыр дєтты бардуаг. Донгомаг дор — доны хуылфы чи вєййы, ахєм дур. Дони хъаймагъ — хъуына. Доргєвдєсєй — єххормагєй. Дудзи хор (ир. дыдзы хур) — ирон мифологийы — мєрдтыбєсты хур. Дуредзи — маргъы мыггаг. Дывєрссєгтєй — ома, дыуує рєнхъєй. Дыхъусыг (дыг. Дугъосуг) — тъєпєнбын стыр єрхуы аг (цседжджинаг); дыу- уєхъусджын стыр дурын. Дз Дзагъайдойнаг дур — дзєнхъадур. Дзагъеббарзи бєрзонд — ис Єрєфы галиу фарс, Сечеры сєрмє. Дзахана-махана — зындон. Дзиндзє ’рдо — ирон фольклоры сыгъзєринау єрттиваг єрду. Дзоргъабєх — сираг бєх. 631
Дзудты Кудзи (Куци) — рагон таурєгъты арєх вєййы йє кой. Кудзи євдыст цєуы иттєг дєсны цуанонєй. Е Елиа — ирон мифологийы арвынєрд ємє арвєрттывды бардуаг. Емылыкк — саргъєвєрд кєуыл нєма вєййы, ахєм бєх. Ерєдзыпп — рагон топп. Ердо — рагон хохаг хєдзары-иу цары, фєздєг ємє рухс цєуынєн цы хуынкъ арєзтой, уый; иуєй-иу рєтты ма йє хонынц сєйраг, сєйраг рудзынг. 3 Залгъєд — ныллєг къутєртєй чи зайы, ахєм бєласы мыггаг, йє зєнг у лыстєг ємє цыбыр. Залдзєг — єфсєн хєдон, цєгтєй конд. Залты мит ємє єнусы цъити — тынг бирє миты єруард. Залун — ома, хин. Зєрдегин єма нихиджиуаргин — ныфсхаст зєрдєйы хицау ємє амондджын стъалыйы бын гуырд. Зєринбос — сызгъєрин бос. Зилгєзєнгой — єнєфснайд адєймаг, йє зєнгєйттє кємєн сыздыхсынц, ахєм. Золахъ-фєрдуг — зынаргъ дуры мыггаг. Зонгутонтє (?) — зонгуытыл (?) Зула — зулацєстєй ракєсын. И Игауун — єнкъардєй кєсын. Идауєг (и-> дау- єг, дуаг) — ирон мифологимє гєсгє — бєрєг исты бартє лєвєрд кємє уыдис, ахєм «чысыл» хуыцау. Индоет — ирон фольклоры — Инди. Исбайлєгъ уа — сыстыр уа, схъомыл уа. Й Йади — рєстєгмє исты куы раттынц, уєд уый хуыйны йади лєвєрд. Йаййы сыф, кєнє Бийайы сыф — къомсийы сыф. Йенцекк (ир. ємцег) — фыццаг заманы-иу уыдис ахєм єгъдау, ємє, єдых- дєр мыггагєй чи уыд, ахєм хєдзар-иу хєссынмє иста лєппу, кєнє чызг тых- джындєр мыггагєй. Ємє уєд уыцы дыуує хєдзары (дыуусе мыггаджы) кєрє- дзийєн уыдысты ємцегтє. Йехєврагъ — нєртон тыхджын их. К Кадзитє — кадджытєм гєсгє, зєххы бын, денджызы бын цєрєг адєм, дє- лимонтє, зинтє. 632
Кантє — «Бєхфєлдисыны» — мєрдты удтє; кадджыты мидєг — цавєрдєр адємы, кєнє бынаты ном. Капкай — Кавказ. Кєстєйраг — кєстєрєн цы хай ємбєлы, уый. Кезу - рад. Кереке — хєцєнгарз. Керотє (къеро) — сєрыхъуынтє (єлгъджын ныхас). Кесена — мєсыгуат, фидар цєрєнбынат. Кет — рагон дыгурон хъєу, Хєзныдоны раз. Киунудза — раджы заманы чызджыты бєрєгбон, комдарєны фыццаг къуы- рийы єртыццєджы. Уыцы бон-иу ног чындзытє лєвєрттє кодтой, чи сын ра- арфє кодтаид, уыцы чызджытєн. Конгъєдє — хъєд. Костєл (ир. куыист) — афєдздзыд фыс. Курєт хєстєгънєг — арєхєгънєг куырєт. Кургус кєнун — исты курын. Курпи бєрзонд — (ир. Куырыпиы бєрзоид) — нєухох, ис Цєгат Ирыстоны, Куырыппы районы. Куырдалєгон — ирон мифологийы — уєларвон куырд, куырдты бардуаг. Къ Къєлєлдар — фидар хох, сырдтє кєм фєбадынц, ахєм. Ис Дзынагъамє хєстєг. Къобор — тыхджын. Къоти — хєф, цъєй, фаджыс. Къуєре бєласє — чындзєхсєвы — къуырийы єгъдау. Къубуси хоргон — ис Доныфарсыхъєуы. Афтє хонынц Гагоон Къубусы ху- рыскєсєн фарс. Къулгард — гыццыл кард, рагон рєстєджы дард балцы куы цыдысты, уєд-иу єй ныссагътой къулы; амонд бєрєггєнєн. Къустелє (ир. къуыстил) — єнєхъєн хъєды лыггагєй конд мигєнєн дон- хєссынєн. Л Ламаздыхъхъ (дыг. Ламаздухъхъ) — ламаз кєуыл фєкєнынц, ахєм гауыз кєнє царм. Лєгты изєд — кєс Уастырджи (Уасгерги). Лєкъєф — уаргъ. Лєузєнгойнє — уєрєх зєнгєйттє чи фєдары, ахєм адєймаг. Лечъы адєм — афтє хуыдтой дагъистайнєгты Кавказы иннє адємтє. Лыггєнд — ома, єлыгєй конд. М Мадымайрєм — ирон фольклоры — Чырыстийы мад. Мадзасгє — Дыгургомы Къуссуйыхъєуы уєллаг фарс цы зєхх ис, уый. 633
Маргас — сабєттаг, хист. Матара — стыр цєрмын голлаг. Мачабели — гуырдзиаг кънйєзты мыггаг. Мєликк — стыр єлдар. Мєрдуадзє (ир. мєрдєгъдау) — фыццаг заманы-иу, мардмє бацєугєйє, нєлгоймєгтє хостой сє сєртє ехсєй, тымбылкъухєй, сылгоймєгтє та хостой сє уєрджытє, тыдтой сє рустє. Уый хуындис мєрдєгъдау. Мє сон ка ’й — ома, знаг мєм чи у... сон — знаг, фыдгул, фыд-зєрдє. Мегъєстуг — мигъ, єврагъ. Медмоси инайє — чындзєхсєвы кафт зарєгимє. Мереттаг — Имеретийє ласт. Ме стєг фезгъєр єй — ме стєг ныхъхъєбєр и. Мегъистуг (пр. сыг) — мигъы цъупп. Мисигон — зєххы ном Дыгургомы, Донифарсыхъєуы раз. Морги лєгєт — фєз Дыгургомы, Задєлескы цур. Мохъо — хъєды мыггаг. Мыдамєстытє — мыдджын хыссєйє конд кувинєгтє (чъиритє). Мыкалгабыр — кувєндоны ном Цъєйы комы. Устытє йє хонынц Галты дзуар, уымєн ємє йын вєййы гал нывонд. Мысыр — Египет. Мурдтгун кєрдєг — сойджын кєрдєг. Муртазати хонсар — Дигорайы цур цы бєрзонд ис, уый хонынц Муртазати хонсар, Муртазати бєрзєндтє, Муртазти зєнхє. Н Налхъуыт-налмас — зынаргъ дуры мыггаг. Нарти уонєхсартє — Нарты уєнгджын, домбай лєгтє. Нарты уацамонгє, уациамонгє, амонгє, нартамонгє — Нарты диссаджы зо- нынджын къус, кєхц, хъєбатыры кєхц. Уыди йєм ахєм миниуєг, ємє-иу стыр хєстон сгуыхтдзинєдтє чи равдыстаид, стєй йє хєстон сгуыхтдзинєдты тыххєй єрмєстдєр єцєгдзинад чи радзырдтаид, уымє-иу йєхи ’гъдауєй бацыди; иннє- тєй йє къухы никємєн єфтыд уацамонгєйє бануазын. Нет, ниат, ниєт, — фєнд, уынаффє, тырнындзинад. Ниингєн кєнун — исты ныхєсагєй хи ахорын. Нигкола — ирон мифологийы дуаджы ном. Нихєтти билє — Задєлескы раз айнєг къєдзєх. П Пакъуындзє (пакондзы) — ирон фольклоры цавєрдєр диссаджы тыхджын- уєнг адєймаг, тєхгє чи кєны, ахєм. Иуєй-иу кадджыты — диссаджы маргъ. Пилтхор — ирон фольклоры зєххы цъар хєрєг, ома бєркад сафєг. Попхихуартє — єфхєрєн ныхас. Р Разагъды фыййау — номдзыд фыййау, кадджын фыййау. Рєстефтонг — цыргъгонд. 634
Рєсти рєс де ’нсойнє ку уайдє — дє цыргъгєнєн цыргъгєнєнтєн сє хуыз- дєр куы уаид. Рєууес, рєубес — сєгуыт. Рєу, рєувад - цырд, цєрдєг. Реком — кувєндоны ном. Рекомы кувєндєттє уыдысты Ирыстоны хєхты алы ран дєр. Рагондєр кувєндон уыди Цъєйы хъєуєй Цъєйы цъитийы єхсєн. Рисхъє — амонд (?), хай (?). Ронг — Нарты уарзондєр нозт. Ронг фыхтой мыдєй, ємє уыди тынг карз нозт, стєй хєрзад. Рухын — саджы уасын йє хъазынафон. С Сагелдун — фєйнєрдєм къабузджын, хєлиувад. Саденджыз — Сау денджыз. Сайнєг-єлдар — зындгонд у куыд нарты знаг, иуєй-иу рєтты та нымад у Батырадзы фыд Хємыцы марєгыл дєр. Салдар — фыд, євзєр. Сапп — арєн, обаугонд. Сарахъхъ (ир, сарыхъхъ) — сєры дарєс. Саугъатє (?) Саулохаг — кєсгон номдзыд бєхты мыггаг. Сафа — ирон мифологийы артдзєсты, уєларт рєхысы, цыргъаджы ємє 6и- нонты царды бардуаг. Сахъоладон — ирон фольклоры цавєрдєр цєугєдон. Сєдозугай — сєдєгєйттєй. Сєлф — митын халас. Сємбу — балбєласы цъарєй конд сул, мыдыбындзытє чыргъєды ныккєныны тыххєй. Сєнд зелє — сонт (?) зелє. Сєрзєнт — єфсєн худ. Сєргуырыгєй (?) — сєргуыбырєй (?) Сєппєркъе — скъуыдтє дзабыртє кєуыл вєййы, ахєм адєймаг, иронау сєм- пъєрчъи. Сдєгъогъ унцє — схъєлєба кєнынц. Сесана — цавєрдєр бардуаг. Силтанухъи будур — Дигора ємє Цыколайы єхсєн быдыр. Синон — нуазєн. Сире — даргъ къєлєтджын. Сисдзєф — мєсыджы мидєг єхсєн бынат. Сиудонє — куырєты єддаг риуы дзыпп. Сонгутидон — ис Дыгургомы; Уєллагкомєй цєугє, кєлы Єрєфмє. Соппай зєппадз — Софиайы зєппадз. Византийы стырдєр ємє рєсугъддєр аргъуан уыдис Софиайы аргъуан. Ардыгєй рацыди Софиайы зєппадзы ном. Сосєги сєр — хохы ном Дыгургомы. Стъона — Зєххы ном Дыгургомы. Стъонамє ємбырд кодтой уынаффє кє- нынмє. 635
Суахъ, (дыг. совахъ) — аргъєутты мидєг цавєрдєр маргъ. Сугъдєскъєттє — Дыгургомы Мєцутєй Доныфарсы ’хсєн цы къахвєндаг уыди, уый. Сурхи бєрзонд — Дыгуры — хосгєрсты ном. Схъєрцєнгтє — рємбыныкъєдзы онг згъєр дыстє. Сылыхъ, цылыхъ — фєндаггон доннуазєн дзаума цармєй. Т Табєт — марды чырын. Тадзингин — къєпиджын. Тангъада ’ма тамаса — диссаг, алємєты ємбисонд. Тандет-Тундет — хины дзырдтє ирон фольклоры. Таранджелоз — кувєндоны ном. Тарбос — риубєттєн. Тасхє — басгєрст, ысгєрст. Тасхєгєнєг — ысгарєг. Таукелдзинадє — рєдаудзинад, нєртондзинад. Тєтєртупп — кувєндоны ємє дзуары ном, Ирыстонєй Кєсєджы зєххы ас- тєу, рагон горєт Дзулат кєм уыди, уым. Тергади кєнун — цєст дарын, хъус дарын, єрхъуыды кєнын. Терк-Турк — аргъєутты мидєг цавєрдєр адємы ємє бєстєйы ном. Тесы къєдзєхтє — сты Хуссар Ирыстоны. Тоги цитє — раджы исчи лєг куы амардтаид, уєд ын хъуамє йє туг бафыста- ид єхца кєнє фосєй; арєзтой-иу туджы фынг. Уый уыди сє фидыд. Тогмєсор — туджы уындєй сургєнаг. Тонг — фидар, хъєбєр. Туачъи оудуртє — цъымараджын, цъыхырыджын быдыртє. Тубауи хонх (ир. Тыбауы хох) — ис Цєгат Ирыстоны, Дєргъєвсы комы. Турє — сойджын бас. Тутыр (дыг. Тотур) — ирон мифологийы бирєгъты бардуаг. Тынты калак — горєты ном, йє кой арєх вєййы Нарты кадджыты. Тыр — лєппу. Тъ Тъаффє — ехсы фєтєндєр кєрон. Тъєпєн Дигорє — Уєхъєцє, Мєхческє, Къємунтє, Фєрєскъєттє, Мєсти- ноккє, Фєснєл ємє Нарє хуыдтой Тъєпєн Дигорє. У Уадєхсин — ирон мифологийы дымгєйы ємє уады бардуаг. Уаддымдтє — уад йє мит кємєн фєхаста, ахєм зєххы гєппєлтє хєхты. Уаддзалх — зайєгой. Уадсур — ирон мифологийы уад єййафєг бєх. Уаза, Уаз, Уазы къуыпп — хохы ном Дыгургомы. Уариндзєг — лыстєг уарын. 636
Уарт — фыццаг рєстєджы карды цєфєй хи хъахъхъєнєн тымбыл хєстон дзаума, цонгыл кєнгє. Уартдзєф — таурєгътєм гєсгє Сау денджыз хуынды Уартдзєфы ден- джыз. Уарыпп — дыгурон таурєгътєм гєсгє хох — Эльбрус. Таурєгъты ма ис Уарып- пы фєз, Уарыппы бєрзонд. Уастырджи (дыг. Уасгерги) — ирон мифологийы лєгты, хєстонты ємє фєн- даггєтты бардуаг. Уаца — сыгъдєг, рухс. Уацє рохс — єрвон, алємєттаг рухс. Уацилла — ирон мифологийы — арвы нєрд ємє тыллєджы бардуаг. Уєлєфтау — ємбєрзєн. Уєлиндзє — уєлхєдзар. Уєрсєджы хох — ис Хуссар Ирыстоны ’рдыгєй. Уєтєлтє (ир. хєтєлтє) — хєтєлджын хєцєнгєрзтє (цуанєтты євзагыл). Уєлундуг (ир. уєлєндыг) — къонайы сєрмє цы рєхыс ауыгъд вєййы, уый; Уєлундугбєл є хуасгєрцє — йє хосгєрст йє уєлкъона. Удєвдз — Нарты кадджыты диссаджы уадындз, йєхєдєг йєхи єгъдауєй алы зарджытє чи кодта, ахєм. Уираг — дзуттаг. Унаут — єххуырст, лєггадгєнєг. Ундуг — (ир. єндыг) — каубыд цар, зад кєм сур кєиынц, ахєм. Уогъуллу — амондджын. Уодзал — змєлд, хъєлєба дардмє куы хъуыса, уєд уый. Уоли, оли, — сєргълєууєг, хистєр, адємєн уынаффє чи кодта, ахєм лєг. Уорси сєр — хох Дыгургомы. Уосиат, уєсиат, осиат — фєдзєхст, ныстуан. Ф Фєгобан ис — афтє фєзєгъынц, хєрзхаст бєхы, бирє рєстєг єгуыстєй баззайгєйє, єрєджиау тых куыстыл куы бафтауынц ємє йыл євзєрырдєм куы фєзыны, уєд. Фєдзєл — єрцындзы быны стъыссыны тыххєй бєхсныгєн цы кєрон ныл- лыстєг кєнынц, уый. Фєлвєра — ирон мифологийы фысфосы бардуаг. Фєндагсодзєг — ирон фольклоры — кєлєнгєнєг фыддзєст, фыдємбєлєг адєймаг. Фєрєскъєттє — хъєу Дыгургомы. Фєринк — цирхъ, кєнє єхсаргарды мыггаг. Фєсалгуни сєр — хизєнуат Дыгургомы. Фєтыг — бєрєг хицєнхуызон єндоны мыггаг. Фесарєн — цєнгєт тебє. Фетхалын — бауайдзєф кєнын, бафидис кєнын, бафхєрын. Финдзцєуєг — раздзог. Фыдохы кєрдзын — зианы фєдыл цы хойраг скєнынц, уый. 637
X Хадзиртє — бєрцытє. Хадзы — Мысырмє-иу чи фєцыд дины фєдыл, ахєм адєймаг. Халхуар (ир. халхор) — хъєддаг фосы мыггаг. Хатиагау — ирон фольклоры цавєрдєр євзагыл дзурын. Хєлвиан — бєрєгбон хуымы куысты разєй. Хєрсєн — хєрєг кєнє єндєр уаргъхєссєн хайуан. Хєрхысєр — ис Уєлладжыры комы, Мызуры бын. Хєтєли хуаллаг — топпы хос. Хестєг — хистєрєн хистєры хай (!) Хидєг, хидєгмє — иунєг. Хомамєст, хомамыст — ссадєй касгонд цыхтимє змєстєй. Хор-хос — хор ємє хосєй цыдєриддєр ис, уый. Хуандон — кадджыты євдыст у нарты знагєй, хатгай сє цєдисон дєр вєййы. Хуарелдар — хорты бардуаг. Хуыдзых — зєххы хайы ном Дур-Дуры раз, уыди Тугъанты. Хузесєг — ирон фольклоры мидєг адєймаджы хуыз чи аивы, чи йє фєниз- джын кєны, ахєм дєлимон. Хузмє — хъєдгєрон, тархъєд. Хусар хъуымац — зынаргъ зєлдаг хъуымац. Хуыйысєр — рагон ирон хъисын фєндыр. Хъ Хъабахъ — зєронд заманы даргъ хъил, йє уєлє нымєты кєнє фєйнєджы гєбаз фидаргонд, марды номыл мысан єхсынєн. Хъалай бєрзонд — хохы ном Дыгургомы. Хъан — ємцег, фыццаг-иу искємє хъомыл кєнынмє кєй радтой, уый. Хъандзал — єндоны хицєн мыггаг, тынг хъєбєр; єндонєй конд цъєт. Хъєрємегъє — тар цъєх мигъ. Хъєддзарв — бєласы сой, бєласы чъиу. Хъєдус барєг — (дыг. гъєдарєхснєг) — хъєды бардуаг. Хъєлисбитє — кєсгон хъєуы ном. Хъєргєнаг — цуанонты євзагыл — топп. Хъогъалухъти гъєу — ацы хъєу ис Кєсєджы. Хъойрах (ир. хьоррагъ) — саджилджын мих. Хъонц — єнкъарддзинад, хъыгдзинад. Хъоргъ (дыг. хъоргє) — арф уєрм. Хъох-дєндаг, кєнє Архъызы дєндаг — Хємыцы дєндаг; кадджытєм гєсгє, ахєм дєндаг кєй комы уыдаид, уымєн йє фєндоныл «нє» никєцы сылгоймаг загътаид. Хъулхъасхан — лыгъд цагъайраг. Хъумайаг — (ир. хьуымиаг) — Хъуымтєй єрбафтгє цагъайраг, кєвдєсард. Хъуытаз — чысыл дзєнгєрєг. 638
ц Цагъдий бєх — хорз бєхы мыггаг. Цам дєн — ома, єфсєрм мыл ис, худинаг мєм кєсы. Цардахъхъ — кувєндоны раз-иу куывды рєстєджы бинонтє иумє кєм бад- тысты, уый. Цєлєтдзаг, цєрєтдзаг — удфидар, єнєниз, бирєазон. Цєнхигол — цєххы бардуаг. Цєргєс ємвинц — цєргєсєнгєс. Церечы згъєр — кадджытєм гєсгє — номдзыд лєг Церечы згъєр-хєдон. Хєсты коймє-иу йєхєдєг йє хицауы уєлє фестад, ємє йє уєд кард нє карста, фат дзы нє хызти. Цоппай — рагон єгъдау; адєм-иу єрвдзєфы алфамбылай заргє куы зылдыс- ты, уєд уый хуынди цоппай; єрвдзєф адєймаджы ныгєнгєйє цы зарєг кодтой, уый. Цыппєрдзєстыг фондзкъахыгон — цуанєтты євзагєй — сырд. Цъ Цъєнодє (ир. цъєнуд) — хъєз, хъамыл, дзала. Ч Чели — Хохы ном Дыгургомы. Чындзи — бєхы дымєджы стєг. Ы Ыфсургъ, єфсургъ (дыг. єфсоргъ, єфсорхъ) — ирон мифологийы тєхгє ємє євєллайгє бєх.
СЄРГЄНДТЄ ЦЄРЄГОЙТЫ АРГЪЄУТТЄ Гєды рувас 3 Рувас — номєвєрєг 5 Рувас ємє йє лєппын 6 Арс, бирєгъ ємє рувас 7 Рувас ємє уызын — Теуа йе ’нєзондєй куыд фесєфт 8 Лєг ємє арсы аргъау 9 Рувас ємє уєрцц 10 Уасєг, карк, катами, карчырдєг ємє дзылыйы аргъау 11 Хєрзгєнєг хорз нє ары 14 Пили тауєрєхъ 15 Хєрєги аргъау 16 Зєронд бирєгъ — Бирєгъ ємє зыгъарєг 17 Бирєгъ ємє бєх 18 Къоблийы сєгъты аргъау — Гєззай аргъау 21 Далис єма дєркъи аргъау 22 Уєс, далис єма сєгъє — Дзєргъ 24 Хъєдхой ємє бирєгъ 25 Бирєгъ ємє фыс — Арс ємє мыд 26 Саг ємє уызын — Саг ємє уызын (вариант) — Уызын ємє иаддзах — Узуни тауєрєхъ 27 Куй єма уасєнгє 28 Бєгъатєр тикис — Дуує мисти 29 Мыст ємє цъиуы аргъау 30 640
Мыст йє фыртєн усгур 31 Зєрин мулдзуг єма мистє 35 Сыст ємє єхсєнкъ 36 Цъеу єма синдзє 38 Хур ємє хєфс 39 Дымгє ємє зыгуымдон 40 АЛЄМЄТТАГ АРГЪЄУТТЄ Євдсєрон урс уєйыджы ємє зариаг калмы аргъау 41 Фосы Фєлвєрайы фырт Дзудзумар 46 Расти фєстаг не сєфуй 49 Фаззєттє 64 Байраг 70 Куырысмєдзоджы аргъау 72 Охох ємє мєгуыр лєджы фырт 76 Уылынг ємє уєйгуыты аргъау 79 Аббайкуыцыччы аргъау 82 Арвы айдєны аргъау 85 Єлдары єртє фырты ємє єртє чызджы аргъау 88 Дуує файности 91 Цуанон лєджы аргъау 93 Хуыцаумє хъєстмєцєуєг мєгуыр лєг 95 Мєликк ємє цуанон 97 Асєго 101 Мєгуыр лєг ємє ус (вариант) 108 Сидзєр лєппуйы аргъау 110 Хъєдын бєлон 112 Мєгуыр лєджы єртє лєппуйы аргъау 119 Фєныкгуызы аргъау 123 Єртє ’фсымєры 125 Роны кєнє єлдары аргъау 127 Хуыздєр дзаума сє кєцы уыди? 132 Єлдары фырт Мыстыхъусы аргъау 133 Раст лєг ємє зылын лєг 135 Хъараман-паддзахы аргъау 137 Єнєцєнгтє кизги тауєрєхъ 151 Єртє чызджы аргъау 158 Авд єфсымєры ємє иу хо 162 Мєгуыр лєджы фырт 163 Цєргєс 169 Узечы аргъау 172 НОВЕЛЛОН АРГЪЄУТТЄ Єлдары чызг кєнє дыуує єрдхорд єлдары 174 Хурыскєсєн ємє хурныгуылєн єлдары аргъау 181 Єлдары чындзы аргъау 185 Лєппу ємє чызг куыд бафидыдтой 190 41 Ирон адємон сфєлдыстад, 2-аг том ВД ^
Хєххон єлдары фырты ємє быдырон єлдары чызджы аргъау 193 Иу лєг йє фыртєн загъта (вариант) 195 Нарты хистєр йє фыртєн ус куырдта 196 Дыуує амонды 197 Устур Дигори 198 Мєгур лєги тауєрєхъ 199 Охъазты Налой 201 Джабагъєйи тауєрєхъ 202 Єфсєрмигєнагє иуазєги хабар 203 Цєхджын хойраджы аргъ 204 Єртє ’фсымєры куыд ссардтой сє давд бєхтє 205 Гуырдзиаг къєрных ємє ирон хуыснєг 206 Єртє ’нгари 212 Єхсєууон єма Нарон къєрнєхтє 213 ЛЕГЕНДЄТЄ Мєгуыр лєг ємє хєйрєг 215 Секъинати сайтани тауєрєхъ 216 Сагкаты хєйрєг, кєнє Сечъынаты хєйрєг 217 Хєйрєджыты ємбисєндтє 218 Бытъєйы таурєгъ 220 Мєгуыр лєг ємє хєйрєджытє — Хєйрєг мєнєуы куыд сайдта 221 Мєгуыр лєг ємє хєйрєг 222 Быдыры астєу — Уасгергийи дор 223 Цыллєйы кєлмытє — Уасгергий карди цєф єма мудзурай рєтъуст 224 Уасгергий тауєрєхъ (вариант) — Биндзитє куд рантєстєнцє Дигори, уой тауєрєхъ 225 Анєголи тауєрєхъ 226 Єфсатий тауєрєхъ 230 Руймон 231 Чызджыты хох 232 Чызджыты хох (вариант) — Чызджыты хох (вариант) — Транон єфцєг 233 Тауєрєхъ Ирєфи дои кєд єма куд фєззиндтєй, уобєл — Емынє 234 Бады хъєуы реком Цєразонтєн цы єххуыс бакодта, уый тыххєй — Санибайы дзуар Сидємонтєн цы єххуыс бакодта, уый тыххєй 235 Дзывгъисы дзуары равзєрд — Мигъдауы дзуар (скъуыддзаг) — Адєм раджы заманы цардысты хєхты сєрыл 236 Пусулмон адєм чушкай фид цємєннє хуєрунцє? — Хуыцау цєрыны азтє куы лєвєрдта 237 Цємєн баззадис нє фыдєлтєй куывды єртє кєрдзыны 238 Уарзондзинады аргъау — 642
ЦАРДЫУАДЖЫ АРГЪЄУТТЄ Хан єма мєгур лєг 240 Магусатє 242 Седзєргєс уосє єма є фурт 244 Сауджын ємє Зондаби 246 Сауджын ємє молло 248 Сайєджы сайд 250 Зондджын єфсымєр ємє єдылы єфсымєры агъау — Сонтхела єма Барєсби 252 Мєгуыр лєг ємє ус 254 Арс ємє хуыйы ємбисонд 255 Бирєгъы хинтє ємє цуаноны раст гєрах 256 Гуцъунати Габиц — Гуцъунаты авд єфсымєры бєллєхы тыххєй 258 Гуцъунаты Гєбисы хабар (вариант) 259 Гєбиц фараст домбайи еу рауєн куд рамардта 260 Таймораз — Атабийти зар 261 Бетрозти Дзадто 262 Хъардани тауєрєхъ 263 Мады зєрдє 264 Уарзондзинадє (рагон тауєрєхъ) 265 Фидиуосє — фиди рун — Єрцыдис ацы хабар Быдарты єфцєгыл — Ирон хєс 266 Дыуує єрдхорды — ФЄЛЛОЙЫ ЗАРДЖЫТЄ Хуари зар 268 Еси мєлгъє (вариант) 270 Ес хуарзи зар (вариант) — Еси мєлгъє (вариант) 271 Каййеси зар — Уасгергий зар 272 Хумидайєни зар 273 Готєнтти зар — Дєлє будури нє готєнттє (вариант) 274 Дєлє будури нє готєнттє (вариант) 275 Хуарелдари зар — Хуарелдари фурт Борхуаралий зар (вариант) 276 Хуари єлдари фурт Борхуаралий зар (вариант) — Хуари зар 277 Хуари зар — Хуари зар — Хуари зар — Єлдарти єлдари зар 278 Цєлилойтє єма уєлилойтє — Фєззєджы зарєг — 643
Фєззєджы зарєг 279 Фєззєджы зарєг — Фєззєджы зарєг — Устур фєззєги зар 280 Фєззєги зар (вариант) — Фєззєги зар 281 Устур фєззєги зар (вариант) — Фєззєги зар (вариант) 282 Истур фєззєги зар — Истур фєззєги зар (вариант) — Фєззєги зар 283 Найгєнєны зарєг 283 Хуасидайєни кувд — Хуари зар — Бєгєныйы зарєг 284 Бєгєны єнтауджыты зарєг — Сау бєгєны цємєй вєййы 285 Бєгєний зар 286 Тутыр 290 Фарн (вариаит) — Фарны хъєд фєласы — Нымєтуєрдджыты зарєг 291 Онайы, онайы, онайы! 292 Уонай — Нымєтуєрдуни зар 293 Ойира, онай, е, онай — Уостити зар — Уостити зар (цъонп єхсингєй) 294 Хъуылєг цєгъдгєйє цы зарынц — Хъуылєг цєгъдгєйє зарєг — Хъуылєг цєгъдгєйє зарєг — Дзыкка кєныны зарєг 295 Дзыккайы зарєг — АРФЄТЄ Фонсти цєстиарфє 296 Сувєллони цєстиарфє 297 Сувєллони цєстиарфє — Цєстдзыдыл тутимє дзырд — ЦИНЫ ЗАРДЖЫТЄ, КУЫВДТЄ Хєдзаронтє 298 Хєдзаронтє — Хєдзаронты зарєг 299 Басил — Басилти зар — Дигорон басилтє 300 Ногбоны къодах — 644
Ногбоны єгъдау Тотури зар 301 Алаурди 302 Аларди 303 Алаурдий зар — Алардыйы зарєг — Алаурдий зар 304 Алардий зар — Нигколай зар — Хоры Уациллайы куывд (мархойы рємонбоны) 306 Сидтытє — Куывд 307 Уациллайы зарєг — Уацилла 308 Уарун корун — Сєрдыгон бирє рєстєг уарын куы нє вєййы 309 Куывдтытє — Мадымайрєм 310 Мадымайрєм (вариант) — Тербаты Майрємы зарєг (вариант) 311 Уасгергий зар — Уасгергий зар — Хонхи Уасгеригий зар 312 Уасгергий зар — Хонхи Уасгергий зар (фпццаг) — Хонхи Уасгергий зар (дуккаг) 313 Уасгергий зар (вариант) — Уастырджийы куывд — Кувд 314 Уєлє Уєларвы пехуымпартє — Изєдтє, идаугутє будурмє рацудєнцє 315 Фацбадєн 318 Идауєг — Нывонды кувинаг — Хохаг куывд 319 Зєронд куывд 322 Нарты куывд — Коветы, коретє 323 Коветє, коретє (дууех зар) — Кувд Нарти Сосланєн — Касутє 324 Куывдтытє 325 Нєуєг игурд сувєллони зар — Лєхъуєни райгуруни зар (вариант) 326 Нєуєг игупл гупл3 ллони зпп — зарєг 645
Кєхцы зарєг 328 Кєхцгєнєн — Ракєсетє 329 Єгас єрцєуайтє, не ’уазгутє! — Каисгєнгєйы куывд — Уосгорти зар — Усгурты зарєг 330 Тєтєртуппи фурт Тєтєрхъани уосє коруни зар — Кизгутти зар 331 Кизгє киндзи ку фєццєуй, уєд ой єгъдєуттє єма кувдтитє 332 Киндзи кувд : 334 Хистєры расидтытє ирон чындзєхсєвы 335 Чындзхєсджыты куывд 336 Ку ывд 337 Кувд - Чындзхєсджыты зарєг 338 Чындзхєсджыты зарєг — Чындзхєсджыты зарєг 339 Нанайы зарєг (вариант) 340 Нанай зар (вариант) — Чындзы ацєуыны зарєг (вариант) 341 Чындзы цєуыны зарєг 342 Киндзи нєхстєри зар (вариант) — Алай — Чындхєсджыты зарєг 343 Медмоси инайє 344 Чындзхєсджыты зарєг 345 Симди зар (киндзє єрхонгєй) — Алай 346 Алай зар (вариант) 347 Киндзи алай (вариант) — Чындзєхсєвы зарєг — Чепенайы зарєг 348 Ємдзєгъды зарєг (кєстєйрєгтє) 349 Нєртон симды зарєг 351 МАРДЫ ЄГЪДЄУТТЄ, ХЪАРДЖЫТЄ Хъарєг 352 Хъарєг 354 Усджыныл хъарєг 355 Сидзєргєс усы хъарєг 356 Сидзєргєс усы хъарєг йє лєгыл — Сидзєргєсыл хъарєг — Гъарєнгє 357 Гъарєнгє — Хъарєг 358 Гъарєнгє — Гъарєнгє 359 646
Йє лєппу искєйы къухєй кємєн амард, уыцы мады хъарєг 359 Хъарєг усгур лєппуйыл — Марой 360 Гъарєнгє — Дадєй 361 Фєлдесун 362 Фєлдыст 363 Бєхфєлдесєни аргъуд марди уєлгъос — Дигори бєхфєлдесуни дзубанди 370 Бєхфєлдисын 377 Бєхфєлдесун (вариант, скъуыддзаг) 381 Цоппай зар 382 Цоппай — Єрвдзавд 383 ЄМБИСЄНДТЄ, УЫЦИ-УЫЦИТЄ Ємбисєндтє Хъєздыгдзинад — мєгуырдзинад 384 Сєрибарыл тох 386 Куыст — Адємы хъару 387 Хєлардзинад, уарзондзинад 388 Рєстдзинад 389 Намыс, хъєддыхдзинад 390 Зонд, ахуырдзинад — Адєймаджы аиппытє, къуылымпытє 391 Єрдзы фєзындтє ємє царды фєзындтє 395 Уыци-уыцитє Куыст. Кусєнгарз 396 Хєдзар. Хєдзары зылд 397 Халсар. Зайєгойтє — Єрдзы фєзындтє 398 Цєрєгойтє — Адєймаг 399 Культурє — ЄЛГЬЫСТЫТЄ, ЄЛХЫСЧЪЫТЄ, АРФЄТЄ, СОМЫТЄ Єлгъыстытє 400 Єлхысчъытє 407 Арфєтє Арфєтє бєлццонєн 408 Рынчынєн арфєтє — Арфєтє чызгєн — Хистєр сылгоймаджы арфєтє кєстєрєн — Сылгоймаджы арфєтє лєппу-нєлгоймагєн — Сылгоймаджы зєрдєлхєнєн ныхєстє 410 Тєригъєд кєныны ныхєстє — 647
Сомытє Нєлгоймаджы сомытє 410 Сылгоймаджы сомытє 411 ЦУАНОНТЫ ЗАРДЖЫТЄ, ФЫЙЙЄУТТЫ ЗАРДЖЫТЄ Цуанонты зарджытє Єфсати 412 Єфсатийы зарєг 413 Єфсатий зар 414 Цєу-бодзой зар 416 Цауєйнони зар 417 Хуры-мєйрухс Рудзынджы чызг (Єфсати) 418 Комиайы-фырт 420 Комиай-фурти зар 423 Єфсати ’ма Комиай-фурти зар 425 Хъєрєу Єфсатий рєсугъд кизги зар (вариант) 427 Ерецо 428 Сирдмартє 430 Сирдмартє (вариапт) 432 Дигори цауєйнєнтти зар 433 Дзасарбеги фурт минкъи Ботази зар — Дзасарихъоти Дзасарбеки зар 434 Дзасарбеги фурт мєнгєй Дзасботази зар (вариант) 435 Дзасботази фурт мєнгєй Дзасарбеги зар (вариант) 436 Наурузи зар 437 Гъуцъунати Габици зар 438 Гуцъунаты зарєг 439 Уорссєр цєргєси зар 440 Дзудты Куци 441 Дзудты Куци — Хъодзаси фурт Хъойбай, омєн є фурт Куцукки зар — Хъодзаси фурти зар 442 Уєлє хохыл цєу ралєууыд — Рагон цуанон 443 Цєу бодзо (цауєйнонти зартєй) — Сєдсугон саг (цауєйиоити зартєй) — Сирдмарти зар 444 Зораты Дзоццє — Фыййєутты зарджытє Фосы Фєлвєра 445 Фєлвєрай фурт Дзудзунай зар — Фєлвєрай зар (вариант) 446 Къудари зєронд лєги зар 447 Сау хохы фыййауы зарєг 449 Сау хохы фыййау Мєлегор (вариант) 450 Уорс хонх єма сау хонхи фиййаути зар 451 Стур Дигори фиййаути зар 453 Калабедай зар 454 648
УАРЗОНДЗИНАДЫ ЗАРДЖЫТЄ Дєдадєй 455 Гадзий зар 456 Кизгайи фєззєги зар — Фєззєги зар 457 Кизгайи сєребари зар — Кизгайи зар — Кизгайти кизгайи зар 458 Кизгайи зар — Гадзий зар — Кизгайи зар (вариант) 461 Кулли зар — Къуыллєдахе 462 Авд єфсымєры хо Къуыллєда (вариант) 463 Дзылаты Дзандзєбєхы зарєг 464 Хорискєсєни бонвєрнє февадєй 465 Гуассє рєсугъди зар 466 Дзгойты Пєсє 468 Чызг ємє лєппуйы зарєг — Уарзоны зарєг 470 Сагъєс — Зарєг (скъуыддзєгтє) 471 Дон-дон бирє фєцыдтєн — Кизги сагъєстє 472 Чызгайы зарєг — Чызгайы зарєг (вариант) 473 Тымбыл цагъд 474 Тар хъєды бєлас 475 Уарзоны зарєг — Толдзє — Терки билєбєл Дзарахан 476 Тауыче — Таукей зар 477 ЦАРДУАДЖЫ ЗАРДЖЫТЄ Рагон финги зар 478 Не ’фсинє Сатанай зар 479 Сатанай зар 480 Нєртон фысым 481 Сатанайы зарєг — Уєй, а ба ци гъєздуг єй 482 Айс єй, аназ єй! — Айс єй, аназ єй 483 Єрхєссун ба уавєр єй — Сойи зарєг 484 Цола — Беккуызарон-Битарон 485 649
Киунудза 485 Киунудзатє (варнант) 486 Хорз ус кємєн и — Бєстєбєл хуарз — Бєстєлгъистє 487 Фєззєги зар 488 Гуасси зар — Бєдєлєджы зарєг (худєн зарєг чызг скъєфєгыл) 489 Асєхмєты зарєг 490 Уєри фидєй ци кєнис — Цинел 491 Алолай — «Єз цєуын Хъызлармє...» — «Хуєрунмє мин єнгєрттє ’ма ємбєлттє...» — Алимєрза — Бимєрза 492 Чызджы зарєг йє мойаджы мардыл 493 Єна (єскъєфт кнзгн катайтє) — Скъєфт кизги зар 494 Дадианти зар 495 Дадианти зар (вариант) — Дзандзирахъи зар 496 Дзандзирахъи зар 497 Дзандзирахъ (вариант) 498 Софйа — Софйайы зарєг (вариант) 499 Софиайы зарєг 501 Софиай зар (вариант) 502 Ардємє, уордємє бакєсетє 503 Кєсгон цагъд 504 Куырой — Гасоти Бурнаци зар — Зєронди зар 505 Зєронди зар 506 Хъєрмєдоны зарєг — Хъєрмєдоны сєфты зарєг 507 Джусойты зарєг — Бадилаты хъалтє — Дзигойы зарєг 508 Дзуццаты Дзиго 509 Дзигойы зарєг 510 СЫВЄЛЛЄТТЫ ЗАРДЖЫТЄ ЄМЄ ХЪЄЗТЫТЄ Ло-ло, ло-ло, а-ло-лай! 512 Авдєны зарєг 514 Авдєны зарєг — Авдєны зарєг 515 Авдєны зарєг — Дзедз ємє дзедз — 650
Сувєллон авдєни бєтгєй зар 516 Хъахъа 517 Уєлє халон хъуахъ кєнуй — Гакк- гакк — куыдзы гакк (сывєллон хъєбысы узгєйє) — Гакк-гакк — куыдзы гакк — Куйи гакк 518 Готдза — Єхсири цигон кємєн уа — Зарєг 519 О реуа — Уєлє нє хъуг єрцєуы — Єхсир кємєн уа? 520 Цєуон, цєуон гъєути надбєл — Ам гал хызти (сывєллоны єнгуылдзтыл амонгєйє) — Сайєн 521 Мади зар сувєллонєн — Тєрна — Сувєллєнтти зар 522 Ує, карк, карк, чи дє фєнадта? — Хъуыффы, хъуыффы, чи дє? — Авд хойы — стъалытє 523 Зєрватыччы уаст — Седзєрти хор — Єртайгєй сабитє зарунцє 524 Ракєс, хур! — Билилуй, билилуй — Зуйлатє 525 Биццеути гъєститє — Нымайєнтє 526 Агла-догла — Дычъе- дычъе — Аккє- дыккє — Аки-дуки гамарджоба 527 Тала, Тала, Туртундек — ХЪЄЛДЗЄГ НЫХЄСТЄ Сырдон ємє йє хъуг 528 Сирдон єма царви гъосини — Сирдон 529 Сырдоны аг — Сырдоны хєрєг 530 Уєддєр сє куы ницы кусыс? — Дзуарєн ног тєбєгъ 530 Єхсидавєй аргъуыд 531 Хєрєг — Сауджыны сахат — Рєсугъд бєх — Хордзенджын 532 651
Бирєгътє 532 Фысым ємє уазєг — Удєгасєй кєуинєгтє — Мєрдтєм хуын 533 Чи кєй асайа 534 Сайєгой — Гєды лєг 535 Тєвд єнтыд — Ног давєг — Еунєг гал 536 Моргуаты Бекызєйы мад — Дыуує чъындыйы — Зыд 537 Къуту нал сбыдта — Кєд мєныл кєуыс — Ємє бєхєй дєр хуымєтєджы бєх уыди? — Єфсины мєт 538 Зивєггєнаг цот — Зивєггєнаг фырттє (вариатп) — Куырм лєг, мєгуыр ємє єнє зєнгтє 539 Дуує къурмай — Дзырдарєхст хохаг 540 Зондджын єдылыйы зєрдємє нє цєуы — Хорз мєрддзыгой 541 Барзыхъєуы хист — Иу низєй рынчынтє — Йє фырттєн фидис ныууагъта 542 Сєтти ємє Бєтти — Дєсны дохтыр — Стонг лєг 543 А нєхемє халтъамадон ку єй — Мєйрохс єй, нє лєг 544 Цайы агуывзє — Фыццаг бон скъолайы — Хъєлдзєг ныхєстє 545 Мєгуыр лєг ємє ус — Мєгуыр лєг ємє хєрєг — Иу хатт иу лєг хєтынмє ацыд 546 Усгур — Амард сєдєаздзыд Никъо 547 Єххормаг лєг — ИРОН АДЄМЫ СФЄЛДЫСТАД XX ЄНУСЫ Мысыкаты Сосланы зарєг 548 Дзеранты Габойы зарєг 549 Дзеранты Габойы зарєг (вариант) 550 Антоны зарєг 551 652
Антъоны зарєг (вариант) 551 Зарєг ємгєрттыл 552 Гетъойти Харитоии зар 553 Карпати зар — Карпаты зарєг 554 Нартыхъты Бодзи 555 Нартыхъты Бодзийы зарєг (вариант) — Томайты Серги 556 Гаситы Хъырым — Калоты Сослєнбеджы зарєг 557 Революци ємє граждайнаг хєсты заманты фольклор Тохы зарєг 557 Харебаты Исахъы зарєг 558 Никъалайы зарєг — Нартыхты Сосойы зарєг 559 Бургъустаны зарєг — Тогуызты Батєрбеджы зарєг 560 Зар Гибизти Дебола, Гостити Єндире єма Къессати Колкабєл 561 Къолойти Кудзий зар 562 Къолойти Кудзий зар 563 Хъодзасти Гъуллє ’мє Цєрайи зар 564 Хъодзасты Гъуллє ємє Цєрайы зарєг (вариант) 565 Къорнати Хємиц єма Хъодзасти Садулли зар — Абайты Алыксандры зарєг 566 Акъоти Амурхани зар 567 Єлбегаты Хъасболаты зарєг 568 Будтути Мухай зар 569 Дзарасти Хумпий зар 570 Хуйманти Дриси зар 571 Сурх партизан Мулухаты Хаджимуси зар — Къелойти Залунгерий зар 572 Хонхи Дигори партизанти тохи зар 573 Зєронд лєги зар — Хуєнхаг мєгурти зар 574 Ленины зарєг — Калоты Зауырбеджы зарєг 575 Колхозонты зарєг 576 Фыййауы зарєг — Рувыны зарєг 577 Ног ємбисєндтєй — Хосдзауты зарєг — Фыдыбєстєйы хєсты заманы ємє уый фєстє азты фольклор Ирон фєсивєды тохы зарєг 578 Советон хъєбатырты зарєг — Плиты Иссєйы зарєг 579 Плиты Иссєйы зарєг — Плиты Иссєйы зарєг 580 Мамсыраты Хаджумары зарєг 581 653
Инєлар Хетєгкаты Габойы зарєг 582 Цєлыккаты Хъантемыр — Цєлыккаты Хъаитемыры зарєг 583 Авд єфсымєры зарєг — Хъалєгаты Тєтєрийы фондз фырты зарєг 584 Хъесаты фондз єфсымєры зарєг 585 Дзугаты цыппар єфсымєры зарєг 586 Цогойты цыппар єфсымєры зарєг 587 Чыпыраты Дзантемыры зарєг — Датиты фаззєтты зарєг 588 Агънаты Харитоны зарєг — Агъуызарты Оляйы зарєг 589 Єхсараты Энверы зарєг — Баситы Чабєханы зарєг 590 Будтуты Тамарєйы зарєг — Гємєты зарєг 591 Дзотти Лазєри зар 592 Елуаты Алыксандры зарєг — Тогъуызты Хъауырбеджы зарєг 593 Хестанты Биццойы зарєг 594 Хъарати Мєхємєти зар — Цєбиты Гагуыдзы зарєг 495 Шотаты хєстонты зарєг — Чызг ємє лєппуйы зарєг 596 Ирыстоны зарєг 597 Нє Иры хъєбатырты зарєг 598 ХЪАРДЖЫТЄ Тугъдон гъарєнгє 599 Гъарєнгє Темирати Саулєг єма Хъойбайбєл (фємард єнцє Фидибєсти Стур тугъди) 600 Гъарєнгє Темирати Мухабєл — Гъарєнгє — Мє бон никкєла 601 Мады хъарєг 602 Хъарєг — Седзєргєс уоси гъарєнгє 603 Гъарєнгє — Гъарєнгє 604 Седзєргєси гъарєнгє 606 Иунєджы хъарєг — Гъарєнгє 607 Гъарєнгє 608 Хъарєг 609 Мади гъарєнгє є еунєг кизгєбєл — Гъарєнгє 610 Хєлар кєныны єгъдау 611 Фєстаг арфє — 654
УЄЛЄМХАСЄН Таурєгътє Къостайы тыххєй (мысинєгты хуызы) 612 Фєллойгєнджыты бартыл єнувыд тохгєнєг 614 Франц ємє Бельги Садоны 615 Хетєгкаты Къостайы тыххєй мысинаг — Нарты кадджытє (цыбыргондєй). Нигер (Дзананты Иван) 616 Нарты кадджыты аивадон мадзєлттє. Абайты Васо. Уырыссаг євзагєй Рємонаты Еленєйы тєлмац 619 Даредзанты кадджытє Ирмє. Абайты Васо. Уырыссаг євзагєй Рємонаты Еленєйы тєлмац 623 Ирон адємон хъазєнтє. Тугъанты Махарбег 625 ДЗЫРДУАТ 628
Литературно-художественное издание ОСЕТИНСКОЕ НАРОДНОЕ ТВОРЧЕСТВО Составитель Салагаева Зоя Мироновна Редактор С.З. ХУГЛЕВ Художник М.Ф. ДЖИКЛЕВ Художествениый редактор Г. 3. ЧЕДЖЕМТЫ Технический редактор Л. В. ЯДЫКИНЛ Корректоры Э.Дз. БЛЛИКОЕВЛ, Т.Л. КЛЗБЕКОВЛ Компьютерная верстка 3. С. МИСИКОВОЙ Сдано в набор 20.04.07. Подпнсано к печатн 30.10.07. Формат бумаги 70х90’/и. Бум. офс. №1. Гарн. шрифта «Кудряшов». Печать офсетная. Усл.-п. л. 47,97. Учетно-нзд. л. 47,44. Тнраж 3000 экз. Заказ № 2650. С 42. Комитет Республнки Северная Осетня—Алання по печатн н делам издательств. ГУП РСО—Алания «Издательство «Ир», 362040, г. Владнкавказ, проспект Мира, 25. Отпечатано с готовых днапозитнвов в ОАО «Издательско-полнграфпческое предпрнятне нм.В.А.Гасснева», 362011, г. Владикавказ, ул. Тельмана,16.