Текст
                    Отсканировано в сентябре 2025 года
специально для эл. библиотеки
паблика «Бæрзæфцæг»
(«Крестовый перевал»).
Скангонд æрцыд 2025 азы сентябрь!
сæрмагондæй паблик «Бæрзæфцæг»-ы
чиныгдонæн.
В КОНТАКТЕ НИр://ук.сот/Ьаг2атсад
ТЕЛЕГРАМ НИрзг/Д.те/Ьаггатсад!


Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цур Уанеты 3. номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт Мæргъиты Ирбег Гудисгом, Дзомагъгом, Едысгом, Къусджыты зылд, Мзиугом, Пацъагом, Урсдзуаргом 2-агхай Цхинвал, 2018
М 25 Мæргъиты И. Т. Ирыстоны кæмтты ивгъуыдæй. 2-аг хай. - Цхинвал, «Глобус», 2018. Зонадон редактор: историон зонæдты кандидат Гаглойты Хазбийы фырт Роберт Рецензент: историон зонæдты доктор Дзаттиаты Георгийы фырт Руслан Автор ацы историон-этнографион куысты зонгæ кæны Гудис- гом, Дзомагъгом, Едысгом, Къусджыты зылд, Мзиугом, Пацъагом æмæ Урсдзуаргомы ивгъуыд цардыуагимæ, кæцы æрмæджытæ сты куыд быдырон, афтæ историон æмæ зонадон литературæйы ратæдзæнты гуырæнтæ. Чиныджы æвдыст цæуынц рагдугтæй фæстæмæ хицæн комбæсты ивгъуыд цард. Сæрмагондæй дзы дзырд цæуы мыггæгты равзæрдыл, цыртдзæвæнтыл, хицæн историон цаутыл æмæ а.д. Чиныг ахъазгæнæг уыдзæн бæстæзон- джытæн æмæ зонадон кусджытæн. Æгасæй дæр Ирыстоны ивгъуыд кæй цымыдис кæны, уый дзы ссардзæн цымыдисон æрмæджытæ, фæлæ иуыл æхсызгон дæр та уыдзæн уæлдæрзагъдгонд кæмтттæй чи рацыд, уыдонæн. ©МаргиевИ.Т.,2018 © Оформление. Издательство «Глобус», 2018
Ацы чиныг хæлар кæнын мæ иузæрдион æмбæлттæн
РАЗНЫХАС Историу ивгъуыды æвдисæн, рæстдзинады рухс, удгас хъуыды, царды ахуыргæнæг æмæ рагзамантæй фидиуæг Цицерон Йæ ивгъуыд чи зоны, уый уарзы æмæ аргъ кæны йæ Рай- гуырæн бæстæн, уый у æцæг патриот. Æнæ ивгъуыд зон- гæйæ, нæй уарзæн фыдæлты зæхх. Ивгъуыд ахуыргæнгæ- йæ, адæймаг æмбары нырыккон уавæр æмæ хъуыды кæны йæ сомбоныл. Уымæн æмæ ивгъуыд цардыуагæй хатдзæг- тæ аразгæйæ, адæймаг æвзары растдæр фæндæгтæ. Хъыгагæн, мах, ирон адæм, ныр дæр ма нæ ивгъуыд, нæ фыдæлты цардыуаг, хæрз цъус зонæм æмæ уый æппæли- наг хъуыддаг нæу, бæрæгбæрцæй рæдыдтæ дæр уымæн æруадзæм. Фыдæлты ивгъуыд цардыуаг иу бонмæ нæй са- хуыргæнæн, уый сабидугæй фæстæмæ хъуамæ цадæггай æвæрд цæуа гоймаджы сæрымагъзы, æмæ уый бындурыл хъуамæ рæза йæ дунеæмбарынад, йæ рæзгæ уд. Стыр ката- йаг фарст ссис æгъдауыл цайдагъ кæнын кæстæр фæлтæ- ры, фæлæ сын уыцы зонындзинæдтæ чи бацамона, уый та кæм бацагурæм? Хъыгагæн, хистæртæ дæр цасдæрбæрцæй ферох кодтой, цы хæс сыл ис сомбоны æцæг гоймаджы райрæзтæн, уый. Уый аххосагæн, гæлиртæ фæндагыл цæу- гæйæ, чехойты дугъау нæ хъуыддæгтæ хæццæ кæнынц. Къостайы загъдау - «Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм». Кæй зæгъын æй хъæуы, цард йæхи ивындзинæдтæ хæс- сы. Информаци исыны размæцыды фæстиуæгæн, сæрымагъзы æгæр бирæ ис хæццæгæнæн зонæнтæ æмæ бар- æнæбары дæр æндавынц адæймаджы зондахаст æмæ дуне- æмбарынады райрæзтыл. Адæймаджы сконд афтæ у æмæ æвзæрдзинадыл тагъддæр хæст кæны, уымæ гæсгæ æнæ- мæнгхъæуæг та цы у, уыцы зонындзинæдтæ фæсвæд азза- дысты. Нæ æхсæнады арæх быцæу рауайы дин æмæ уыр- нынады фæдыл, алчи дæр йæхион фæкæны, фæлæ нæ уый байрох æмæ æгъдау куы нæ уа, уæд ницы ис, цард афтид æмæ æмыр у. Æгъдау у дин дæр, уырнынад дæр æмæ цардыуаг дæр! 5
Нæ фыдæлтæм æнæгъдау адæймагыл кодтой хъоды, уымæн æмæ уый уыд æхсæнады знаг, йæ худинаггæнæг. Фыдæлты цардыуаг, дæ ивгъуыд куы нæ зонай, уæд æгъ- дау дæр нæ зондзынæ æмæ уымæ гæсгæ ахсджиаг хъуыд- даг у ивгъуыд ахуыр кæнын æмæ зонын. Ацы чиныг у «Ирыстоны кæмтты ивгъуыдæй»-йæн йæ дыккаг хай. Хает дзы æрцыдысты историон-этнографион зонæнтæ. Уыцы нымæцы: Гудисгом, Дзомагъгом, Едысгом, Къусджыты зылд, Мзиугом, Пацъагом æмæ Урсдзуаргомы тыххæй. Ацы кæмтты фæдыл хицæн уацтæ мыхуыр уыдысты журнал «Фидиуæг» æмæ газет «Хурзæрины» фæрстыл. Автор ма сыл цаедæрбæрцæй бакуыста æмæ фæхъæздыгдæр сты фылдæр æрмæджытæй. Раст зæгъгæйæ, фыццаг хайы хает цы æртæ ком æрцыдысты, уым бирæ фылдæр æрмæ- джытæ бахауд алы комы тыххæй дæр, фæлæ мын дык- каджы уый фадат нал фæцис æмæ развæлгъау хатыр ку- рын мæ кæсæгæй. Тæркъæвдайы фæстæ Доны сæрты хид аразгæйæ фæндагыл доны ивылд Зылды мæсыгмæ цæугæйæ Æнцонулæгъз фæндагыл 6
Цæмæй ацы æрмæг æмбырдгонд æрцыдаид, уый тых- хæй цас фыдæбон хъуыд, уый ныхæстæй равдисæн нæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ басгæрстон уæлдæр загъдгонд кæмттæ, кæцы ран нал ис фæндæгтæ, хъæутæн сæ фылдæр федзæрæг сты æмæ хъæдæй бамбæрзтой, бирæтæн дзы сæ бынат дæр нал зыны. Хæхбæсты арвыгъæд боны мидæг цалдæр хатты ивы æмæ уымæ гæсгæ иу хуылыдзæй æмæ их надæй дæр цух нæ уыдыстæм мæ иузæрдион æмбæлттимæ. Цæмæй иу ком басгарай, уый тыххæй къуыригæйттæ хъуыд балцы цæуын æмæ иунæгæй та ницы бакуыстаин, фæлæ мæ Хуыцау хайджын фæкодта æмхъуыдыгæнæг хæлæрттæй, кæцытæ сæ удæй фылдæр уарзынц нæ хæхтæ, нæ бæстæ æмæ зивæг дæр уымæ гæсгæ нæ зыдтой, нæдæр сæрд, нæ- дæр зымæг. Æдзæрæг кæмтты æмæ æгæндæг хъæдты 'хсæн, хæххон тæссаг къахвæндæгтыл цæугæйæ, хатт талынджы, нæдæр уазалæй тарстысты, нæдæр хъæддаг сырдтæй. Уы- цы иузæрдион æмбæлттæ æмæ хæлæрттæ та сты: Гобоз- Зылды мæсыг Зылды мæсыгæй здæхгæйæ Къæвдайы дæр кусгæйæу Хохы сæрыл кувæндоны фарсмæ 7
ты Д., Джиоты С, Плиты В., Тедеты О., Чилæхсаты А., Чысиа- ты Я., Уалыты А., Бæззаты Н., Бæззаты Р. æмæ æндæртæ. Ацы хæлæрттæ мæ фарсмæ куы нæ уыдаиккой, уæд мын цы бантыстаит, уый зын зæгъæн у. Уымæ гæсгæ сын зæгъын стыр бузныг. Цай цымгæйæ Сихоркæнын цыхт, нуры æмæ рæвдуанæй Мæсыгмæ хизгæйæ Бахизæны дæргъ æмæуæрх баргæйæ Информанттæй бæрæг зонæнтæ райсын æнæмæнгхъуыддаг у 8
БАЦÆУÆН Ирыстоны ивгъуыд нырма фаг ахуыргонд æмæ иртæст- гонд кæй нæу, уæлдайдæр йæ хуссар хайы, уымæ гæсгæ ахсджиаг бынат ахсы хицæн кæмтты истори сахуыр кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы ивгъуыд сахуыр кæнынæн хъæуы алыварсыгон ратæдзæнтæ. Фыссынады ратæдзæн- тæ сты сæ сæйрагдæр бындур, фæлæ уыдон дæр сты тынг мæгуырау æмæ сæ уадиссаг ницы зонæнтæ ис райсæн. Уæлдайдæр уæлæнгай зонæнтæ ис Х1У-ХУ111 æнусты рæстæгæй, æмæ сæ Ирыстоны историйы талынг æнустæ дæр уымæн хонынц. Ацы уавæрæн цасдæрбæрцæй æххуысгæнæг ратæдзæнтæ сты адæмон сфæлдыстад, кæцытæ цæмæдæр гæсгæ рохуаты фæрсырдыгæй аззадысты. Фыссынады кадавар зонæнтæ, археологон зонæнтæ, фольклорон æрмæг, топо- нимион сæрмагонд нæмттæ æмæ этимологион хатдзæгтæ сты стыр ахъазгæнæг, дуджы фæлм цы ивгъуыдыл ныб- бадт, уый рафæлгъауынæн. Цæмæдæр гæсгæ мах нæ хъус фаг нæ дарæм хицæн мыггæгты истори сахуыр кæнынмæ. Стæй ма бирæ мыг- гæгтæ цæгатæй рафтгæ кæй сты, уый фæдыл дзурæм, зæгъгæ, дам, уый, нæ афтæ хуыйнæг сыхæгтæн, фадат дæт- ты, «ирæттæ ам уазджытæ кæй сты», уый бындурыл æн- цой кæнынæн. Фæлæ истори нæ уарзы сусæгдзинæдтæ æмæ æбæрæгдзинæдтæ. Стæй, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый ницæуыл дзурæг у æмæ дзы тæрсын та нæ хъæуы. Тæрсын хъæуы æбæрæгдзинадæй. Цæвиттонæн та æрхæсдзæн цал- дæр таурæгъы æвдисæнтæ: Цъæритты мыггаджы размæ Цъæритты хъæубынаты цардысты Хæлиты мыггаг. Челиа- ты комы Мæхъхъиты, Дзукъаты, Мысостаты æмæ æндæр мыггæгты разæй цардысты Цъырынгаты мыггаг. Сохты æмæ Дыргъджыны хъæуы Остъаты æмæ Тедеты мыггаджы размæ цардысты Сохты æмæ Алхасенты мыггаг, Тылийы комы Тæгæрджыны хъæуы Мæргъиты размæ цардысты Пыцалты мыггаг, ацы комы Бадзыгаты хъæуы дæр Мæргъиты мыггаджы размæ цардысты Бадзыгаты мыггаг, Урс- дзуаргомы та - Дзиццойтæ, Бæгъиатæ æмæ æндæр мыггæг- 9
ты размæ цардысты Хæлиты [Дзиццойты, 2005] æмæ Ба- карты мыггаг, Едысгомы Дæллаг Къабузты хъæуы Тотра- ты размæ цардысты Еккаты [Гаглойты 3., 2005. 250 ф.] мыг- гаг æмæ афтæ дарддæр. Алы адæмы историйы дæр зындгонд у уый, æмæ дуг- ивæнты руаджы, афтæ ма æрдæгцæугæцарды фæстиуæгæн, раг æнустæй фæстæмæ, адæмты хицæн знæмтæ арæх кæй ивтой сæ цæрæнуæттæ. «Шли миграционные процесы, кочевой образ жизни заставлял многие племена уходить с насиженных мест обитания, но на территории Центрального Кавказа всегда оставались группы ираноязычных племен, которые в той или иной мере сохраняли свои этнические свойства, продолжая былые традиции, свою материальную и духовную культуру... миграция не предполагает полный уход населения из насиженных мест» [Техов, 1993. Ф. 8]. Астæуккаг Кавказы цæргæйæ, уæлдайдæр та тæтæр- монголты ныббырсты фæстиуæгæн, аланты паддзахад куы ныппырх æмæ куы байсæфт, уæдæй нырмæ сæм тых хæс- сын чи нæ райдыдта ирон æдæммæ, ахæм сыхаг адæмтæ нал баззад. Фæлæ уыцы хæстон ныббырстытæ гуырдзыйы æлдæрттæ уæлдай арæхдæр арæзтой, цæмæй сæрибар уар- заг ирæттæй хъалондартæ арæзтаиккой. Уыцы хæстон ныб- бырстыты рæстæджы ирæттæм иудзинад нæ уыд, хицæн кæмттæй дарддæр-иу тыхгæнджыты ныхмæ æмзондæй никуы растадысты, уый фæстиуæгæн-иу састы бынаты баззадысты. Уæлдай хæстон ныббырстытæ та сæм арæзтой ирæттæй гуырдзыйы æндæвдады фæрцы чи сæлдæрттæ сты, уыдоны балхонтæ æмæ, уымæ гæсгæ, абон ирон адæмы зæхх ныддихтæ æмæ сдзырддаг. Арагуийы æлдæрттæ нуæзтой Арагуийы æмæ Терчы доны ратæдзæнты цы кæмттæ уыд, уыцы ирон адæмы туг. Чысаны Ерыстаутæ та - Тырсыгомы, Чысангомы, Медзыдагомы, Лехурагомы, Чысыл Леуахийы кæмтты. Мачабелтæ - Стыр Леуахигомы цæрæг адæмы. Стæй ма Херхеулидзетæ, Амилахъваритæ æмæ æндæртæ. Арæх ма сæм хæстон ныббырстытæ арæзтой Дагъыстаны лекъæгтæ дæр. Дур - дурыл дæр нал ныууагътой æмæ быны сыгъд бакодтой, уæлдайдæр та Чысаны Ерстаутæ Сидамонты Шалва, Виршель æмæ Иоанн - 10
Туалгом æмæ Цъалагомы, гуырдзыйы паддзахы урæд лæг Туалгомы - Георгий Саакадзе (Саккаты), имереттаг пад- дзах Соломон та Къуыдаргомы æмæ æндæртæ. Ацы æлдæрттæ кæд цыфæнды амалæй дæр архайдтой ирон адæмы сæ дæлбар бакæнын, уæд сын ирон адæм дæр дæттой аккаг ныхкъуырд, суанг ма-иу сæ лидзинагдæр фæкодтой. Уыдис ма иу ахæм цаутæ дæр æмæ ирон адæм сэехæдæг дæр мастисынæн арæзтой хæстон ныббырстытæ. Уыцы хæстон ныббырстыты фæстиуæгæн сæ æмризæджы рызтысты Гуырдзыстоны мидæггаг районты цæрджытæ. Ахæм хæстон ныббырстытæй историйы æмæ адæмы хъуы- дыйы баззад бирæты кой, уыцы нымæцы: Æгъуызаты балц Рацъмæ [Джыккайты, 2014. Фф. 352-353], Къæбысты мыг- гаджы хæстон-тæлæтхæссæн балцтæ Имерет æмæ æндæр рæттæм [История Осетии, 1962. Фф. 305-307], Тылигом æмæ сæ сыхаг цæрджыты тæлæт Ацъырсхеуæй [История Осетии, 1962. Ф. 94-95], Джиуæр æмæ Гуыбайы балц (Джи- уæргуыба æмæ Къозы цады равзæрды легенда} [Зассеты, 2003] æ.а.д. Ацы хæстон ныббырстытæ гуырдзыйы адæм- мæ баззадысты куыд «особа», ома ирæтты дуг. Ирыстон æмæ Гуырдзыстон Уæрæсемæ куы баиу сты, уæд та уырысы æфсады фæрцы, гуырдзыйы æлдæрттæ сæ архайд фæуæрæхдæр кодтой. Сæрибар ирон адæмыл æвæрдтой хъалонтæ, алы хуызæн сæ æфхæрдтой æмæ-иу сæм Ир ныхмæ куы фæлæууыдысты, уæд та уырысы æфсады разамонджыты ссы кодтой, ома ирон адæм сты паддзахы ныхмæ. Х1Х-æм æнусты райдианæй суанг ХХ-æм æнусты райдианмæ стæм аз уыд, цæмæй ирон адæмы ныхмæ æфхæрæг æфсæддон ныббырстытæ ма арæзтаиккой гуырдзыйы æлдæртты хъузонтæ æмæ уырыссаг æфсад. «Вскоре после присоединения Грузии (и Осетии - МИ) к России помещики, князья Мачабели и Еристави-Ксанские, стали осаждать русские власти в Грузии жалобами на осетин- крестьян, которые не только отказывались отбывать им повинности, но производили нападения на помещичьи усадьбы, забирали в плен и даже убивали помещиков... В результате настойчивых жалоб помещиков русские власти в Грузии решили привести в покорность крестьян-осетин вооруженной силой» [Ванеев, 1956. Ф. 119-120]. Уырысы 11
æфсады æххуысæй гуырдзыйы æлдæрттæ ирон адæмы ныхмæ цы хæстон ныббырстытæ кодтой, уыдонæй ныры Дзауы районы кæмттæм зынгæдæртæ уыдысты: 1802 азы уырыссаг æфсады дæлбулкъон Симоновичы разамындæй гуырдзы æмæ уырысы æфсад ныббырстой Стыр Леуа- хигомы æмæ Пацъагомы цæрджыты басæттынмæ [уый дæр уым 120-121 фф]. 1804 азы Дзауы кæмтты цæрджыты сæттынмæ ныббырст уыд Цициановы разамындæй [уый дæр уым 133-137 фф]. 1807-æм азы хохаг ирæттыл низ кæй сыстад, уый тыххæй сын бар нал дæдтой гуырдзыйы хицæуттæ, цæмæй быдырбæстæм æфтыдаиккой æмæ уый тыххæй Ир растадысты. Уый аххосагæн майор Зайцевы разамындæй Стыр Леуахигом, Пацъагом æмæ æндæр кæмтты цæрджытæм æрвыст æрцыд æфхæрæг æфсад [уый дæр уым 141-142 фф]. 1810-æм азы Дзауы комы æмæ æндæр кæмтты цæрджыты сæттынмæ ныббырста булкъон Сталь æмæ та сау дæрæн ныккодта хохæгты. [Уый дæр уым 157-160 фф]. 1812 азы Стыр Леуахигомы цæрджыты сæттынмæ ныббырста инæлар Сталь, фæлæ йын Уанелы цур Ир аккаг ныхкъуырд радтой, йе 'фсад фæцагъдысты, йæхæдæг ма тыххæй раирвæзт. 1817-æм азы Туалгомы сæттынмæ æрвыст æрцыд инæлар Ерыстау 1000 æфсæддонимæ. Æфсад рахызтысты Дзимырыл, фæлæ сыл Хъелы æфцæгыл схъызыд æмæ цагъды кодтой уазалы. 100 адæймаджы бæрц дзы басыд æмæ амардысты, фæстæмæ ма тыхамæлттæй аздæхтысты [уый дæр уым 171-174 фф]. 1820-æм азы майор Титовы разамындæй æфсад æрвыст æрцыд Стыр Леуахигомы цæрджыты сæттынмæ, фæлæ йæ Ир Уанелы цур ахъаззаг цæф фæкодтой æмæ лидзынмæ фæцис. 1821 азы та Титов ногæй ныббырста æнæсæттон ирæтты сæттынмæ, басыгъта Крозы хъæу æмæ йæ алыварс 21 хъæуы. Дарддæр Титов абырста Дзауы комæй Цъалагоммæ. Ам Елбачиты хъæуы бын ирон адæм йæ размæ слæууыдысты, фæлæ сæ бон бирæ нæ бацис æмæ уымæ гæсгæ алæууыдысты фæстæмæ Уанелмæ. Ам та сæхи æрфидар кодтой, æххуысмæ ма сæм фæзындысты мидæг Цъалагом æмæ Урстуалтæ дæр æмæ ахъаззаг цæф фæкодтой æфхæрджыты, фæкодтой йæ лйдзинаг [уый дæр уым 175-177]. 1830-æм азы Чеселтгом, Дзауы ком, Цъалагом, Урстуалтæ æмæ æндæр сыхаг кæмт- 12
ты сæттынмæ æрвыст æрцыд инæлар Ренненкампф. Уый рынау рацыд æгас хæххон Ирыстоны хъæутыл æмæ сæ зынджы амæттаг фæкодта. (Ацы растады тыххæй кæс дæл- дæр хицæн кæмтты тыххæй). Мзиугомы æмæ æндæр кæмт- ты цæрджыты сæттынмæ та 1840 азы æрвыст æрцыд князь Андронников (кæс бæстондæр дæлдæр Мзиугом æмæ Урс- дзуаргомы). 1850-æм азты ма æлдæртты ныхмæ уыд стыр растад Цъалагом æмæ Урстуалгомы кæмтты, кæцыйы фæстæ (кæс дæлдæр) Уырысы хицæуттæ лæмбынæгдæр æркастысты ирон адæмы хъуыддæгтæм æмæ сæ цасдæр- бæрцæй суæгъд кодтой гуырдзыйы æлдæртты хъалон æмæ æндæр хæстæй. Ирон адæм хæхты зындæр сæттæн кæй уыдысты, уый фæстиуæгæн гуырдзыйы хицауад архайдта æппæт амæлт- тæй дæр, цæмæй ирон адæмы ракодтаиккой хæхбæс- тæй быдырбæстæм. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, Мзиугомы цæрджыты фылдæр хай фæцыдысты æндæр рæттæм цæрынмæ, сæхи бынæтты сын цæрыны бар кæй нал дæдтой, уый фæстиуæгæн. Чеселтгомы басæттыны фæстæ Чеселт- гомы цæрджыты фылдæр хайы сыстын кодтой æмæ сæ æрцæрын кодтой быдырбæсты, уыцы нымæцы ма Гуыр- дзыстоны хицæн районты. Ацы уавæр æрмæст XIX æнусты нæ сывзæрд, йæ райдайæн уыд раг æнустæй фæстæмæ. Арабаг балхон Буга Астæуккаг Кавказы цæрджыты сæттынмæ куы ныббырста, уæд хохаг ирæтты, Арвыкомы цæрджыты иу хайы дæр басаста æмæ сæ æрцæрын кодта Гуырдзыстоны, Дманисы зылды хъæуты 3 мин бинонтæй фылдæр [Ванеев, 1989. Ф. 51]. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзыйы æхсæн батадысты. Æмæ ахæм цæвиттонтæ цас ис... Ирон адæм, уæлдайдæр гуырдзиаг культурæ æмæ æн- дæвдады бын кæм уыдысты, кæрæдзимæ хæстæг кæм цар- дысты æмæ æмарæн кæм кодтой, уым уæлдай тынгдæр бахаудысты се 'ндæвдады бын. Ахæм хуызы ирон адæмы фылдæр хай схæццæ сты Арагуийы комы, суанг Душеты онг. Уæлдай тынгдæр та ассимиляцигонд æрцыдысты ны- ры Къахеты, Гуджареты, Гуры, Каспы, Хашуры æмæ æндæр районты цæрæг ирæттæ. Æрæджыдæр ма Къуыдарго- мы арæнтæм хæстæг, ныры дуджы Рацъмæ чи хауы, уыцы ирæттæ дæр сгуырдзиæгтæ сты, се 'ннæ хай та 13
фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ. Цæмæдæр гæсгæ, хъыгагæн, ирон адæм тынг æнцонæй исынц æндæр адæмты культурæ æмæ æвзаг, æнцонтæй ас- симиляцигонд æрцæуынц. Уый æппæрццагæй æндавы ирон адæм нымæцæй кæй къаддæр кæнынц азæй-азмæ, ууыл, æмæ у нæ национ трагеди. Бындæр æвдыст цæуы алы хицæн комы цыбыр исто- рион-этнографион афæлгæст, æмæ мæ уырны, алы ирон дæр куы зона йæ фыдæлты ивгъуыд æмæ цардыуагы тых- хæй, уæд хорзæрдæм бандавдзæн национ хиæмбарындзи- над æмæ райрæзтыл. СПАЙДАГОНД ЛИТЕРАТУРÆ: Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. Дзæуджыхъæу, 2005, «Ир». Ванеев 3. Н. Крестьянский вопрос и крестьянское движение в Юго-Осетии. Сталинир, 1956, «Госиздат». Ванеев 3. Н. Избранные труды. Том 1. Грузинские летописцы об овсах (В изложении М. Джанашвили). Цхинвал, 1989, «Ирыстон». Дзиццойты Ю. А. Жур. «Фидиуæг» №1, 2005. Джыккайты Ш. Ф. Ирон таурæгътæ. Дзæуджыхъæу, 2014, «Ир». Зассеты Б. Газ. «ТВ» №46 (565), 2003. История Осетии. Цхинвал, 1961, «Госиздат». История Юго-Осетии. Цхинвал. Том 1,1962, «Госиздат». Техов Б. В. Осетины - древний народ Кавказа. Цхинвал, 1993, «Ирыстон». 14
ГУДИСГОМ Гудисгом ис Стыр Леуахидоны фæрсаг къабаз Чъимас- доны ратæдзæнты. Æмарæн кæны ахаем кæмттимæ, куыд: Ципрангом, Хъобы ком, Тылигом, Чъимасгом, Джеры ком, Потнисагом æмæ Чапарухы комимæ. Йæ зæххы равæрд у дæргъæццон, цæгатварсæй хуссарæрдæм. Стæй фæзылд ныгуылæнæрдæм. Йæ алыварс бæрзонддæр хæхтæ сты: Джермугъ, Къуырфыты рагъ, Бибылты хох, Котолиты æф- цæг, Саболокъ, Чангали, Сидæмонты дзуары хох æмæ а.д. Гудисгом Дзæццойты хъæуæй Комы бæрзонддæр бынат у Джермугъы хох - 3169 м ден- джызы æмвæзадæй бæрзонддæр æмæ бындæр та Чъыби- гъоты хъæуы бын комы 1500 метыры бæрц. Комы сæйраг дон хуыйны Гудисы дон æмæ Чъыбигъотæй дæлæмæ та, Леуахимæ кæм баиу вæййы, хуыйны Чъимасы дон. Гудисы доны фæрсаг дæттæ сты: Гобаты дон, Гуыцмæзты дон, Бероты комы дон, Бестауты дон, Тадтаты дон, Лæсгæрты комы дон æмæ æндæртæ. Комы фæрстæ 2000 м дæлæмæ 15
сты æмбæрзт сыфтæрджын хъæдтæй, уыцы нымæцы: тæрс, тæгæр, фатхъæд, фæрв, бæрз, кæрз, хæрис æмæ æндæр- тæ. Хъæздыг у альпион зайæгойтæй æмæ сойджын кæр- дæгæй. Йæ хъæдты æмæ йæ сæрвæтты зайы алыхуызон га- гадыргътæ: хъæлæрдзы, цъуй, мыртгæ, дурвæткъуы, уа- гъылы, мæнæргъы, саунæмыг, къабузæг, дзедыр, æрыскъæф, мæцкуы æмæ æндæртæ. Дæлвæз рæтты арæх сты дыргъ бæлæстæ: кæрдо, бал, фæткъуы æмæ æхсынцъы. Бе стауты хъæу Гудисгом у Ирыстоны рæсугъддæр æмæ фæрнджын- дæр кæмттæй сæ иу. Ам рагæй фæстæмæ дæр цæрджытæ кæй уыд - ирон адæмæй, уымæн та æвдисæн сты бирæ тау- рæгътæ æмæ легендæтæ. Раст зæгъгæйæ, археологон æмæ фыссынады ратæдзæнтæй ницы бæрæггæнæнтæ ис, фæлæ йæ хицæн бынæтты нæмттæ дзурæг бирæ цæуылдæртыл сты. Ирон адæм карз дугты сæртыл хизгæйæ бирæ дис- сæгтæ баййæфтой, æмæ уый уæззау фæд ныууагъта нæ адæмы историйы. Аланты паддзахад куы ныппырх, уæдæй фæстæмæ ирон адæм хæхбæсты уавæрты цæргæйæ уæвы- над кодтой хæдхуыз сæрибар æхсæнадтæй. Сæ сæрибар- дзинад сын уыд алцæмæй зынаргъдæр æмæ-иу тугкалæн 16
хæстыты хъазуатонæй тох кодтой знæгтимæ. Цагъайра- джы къæлæт скæнын сæ сæрмæ никуы бахастой æмæ уымæ гæсгæ, фыдбонтæ æрвитгæйæ, уæддæр хæхты цъассыты сæ царды кой кодтой. Хицæн мыггæгтæ-иу арæх сæ цæрæн бынæттæ аивтой æмæ-иу ахызтысты æндæр кæмттæм, сæ бынæтты та-иу цасдæр рæстæджы фæстæ æрцардысты æндæртæ. Уымæ гæсгæ хицæн мыггæгты истори ахуыр- гæнгæйæ, тынг арæх фембæлæн вæййы, иу кæнæ иннæ мыггæгтæ, хицæн кæмттæй куыд фæлыгъдысты хуыздæр цардагур, кæннод та-иу дзы куыд æрцардысты. Историон гуырæнтæй куыд бæрæг цæуы, афтæмæй, ацы комы ивгъуыд рæстæджы бирæ цæрджытæ уыд, кæд ныртæккæ бынтондæр федзæрæг, уæддæр. Æрмæст хицæн мыггæгтæ дзы уыд 30-мæ æввахс, æмæ дзы хъæутæ та уыд 25 фылдæр. Ацы комы тыххæй историон ратæдзæнты ницы уадис- саг æрмæг баззад, фæлæ уæддæр цы æрмæг ис, уымæй бæрæг цæуы, хъæздыг æмæ йын фæрнджын ивгъуыд кæй уыд. Гудисгомы мæхæдæг цыппар хатт уыдтæн, басгæрстон æмæ йын сахуыр кодтон йæ цыртдзæвæнтæ, афтæ ма систон бирæ нывтæ дæр. Фæлæ уæддæр уымæ нæкæсгæйæ, ацы комæй рацæугæ Къæбулты Къостайы фырттæ Æхсар æмæ Зауыры ныхæстæй бирæ æрмæг æртымбыл кодтон æмæ мæ куысты бындур дæр уыцы зонæнтыл æнцой кæны фылдæр. Адæмон хъуыдымæ гæсгæ, Гудис раздæр хуынд Худис [Гаглойты, 2005. Ф. 109], фæлæ йæ фæстагмæ, æбæрæг ах- хосæгтæм гæсгæ, Гудис хонын райдыдтой. Гудисгом байдайы Църуйы хъæуæй иу 3 километыр мидæгдæрæй, Чъыбигъоты хъæуæй. Ам цардысты Хъуы- лымбегты мыггаг, хъæуы ном та бает у хицæн фыдыфырты номимæ. Мыггаг иу сæдæ азы размæ алыгъдис быдырмæ Гуиргуинайы хъæумæ, афтæ ма Джеры ком æмæ æндæр рæттæм. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Хъуылымбегтæ раздæр Хъалабегатæй уыдысты æмæ кæимæдæр фæтуджджын сты, ам куы æрцардысты, уæд сæхи Хъуылымбегтæй рахуыд- той. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 172]. Гуырдзыстонмæ сæ чи аф- тыд, уыдон та ныффыстой Хъулумбегашвилитæ æмæ Ку- лумбегашвилитæ. [Цхуырбаты, 2007. Ф. 91]. Дарддæр ко- 17
мы рахиз фарс дыккаг хъæу уыд Бадаты хъæу, кæн- нод та Уæллаг æмæ Дæллаг Бадатæ. Уæллаг Бадаты цар- дысты Бадаты мыггаг, фæлыгъдысты Арбойы хъæумæ æмæ уым Бадашвилитæ ныффыстой. Чидæртæ ма-иу сæ кæд- дæрты æрбацыд æмæ-иу сæ зæд Таранджелозы номыл кусæрттæ акодтой. [Къæбулты 3.]. Дæллаг Бадаты та цар- дысты Пухаты мыггаг. Пухатæй дæр иутæ Знауыры район- мæ фæлыгъдысты æмæ кæм æрбынат кодтой, уым дæр сæ хъæуы Бадатæ рахуыдтой. Пухатæ ма æрцардысты ахæм хъæуты, куыд Принеу, Æхслит æмæ æндæр хъæуты. Иутæ ма дзурынц, зæгъгæ, Бадатæ Пухаты хицæн фыды фырты номимæ сты бает æмæ, зæгъгæ, Бадашвилитæ дæр Пухатæй равзæрдысты, фæлæ цае раст у, уый зын зæгъæн у. Æнæуи та таурæгътæм гæсгæ, Пухатæ Гудисгоммæ Тылигомæй æрцыдысты, ныр дæр ма Тылигомы сæ цæрæнуат Бадзыгаты хъæуы бынмæ Пухаты æрдуз хонынц. [Мæргъиты И., 2007]. Дæллаг Бадаты 50-60 азты цард 5 хæдзары. Уыдис сын мыггаджы мæсыг дæр. Дарддæр комы рахиз фарс æртык- каг хъæу, адагы фалейæ уыд Гуыцмæзты хъæу. Ам 50-60- æм азты цард 5 хæдзары, уыдис сын мыггаджы мæсыг. Гуырдзымæ сæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Гуч- мазашвилитæ. [Цхуырбаты, 91]. Дарддæр комы мидæгдæр уыдис Сиукъаты хъæу, дих кодта дыууæ хайыл - Уæллаг æмæ Дæллаг хъæу, уыдис сын мæсыг дæр. 50-60-æм азты ма Сиукъаты хъæуы цард 7 хæдзары бинонтæ. Гуырдзымæ сæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Сиукашвилитæ, Шиукъашвилитæ. [Цхуырбаты, 91]. Ардыгæй цъус мидæгдæр уыд Ходты мыггаджы хъæу, 50-60-æм азты дзы цард 5 хæдзары, уыдис сын мыггаджы мæсыг дæр. Ходты иу хай дæр хуыздæр цардагур рацыдысты быдырмæ æмæ сæ цæрæнбынаты ном схуыдтой Ход. Гуырдзыйы æхсæнмæ сæ чи афтыд, уыдон та фыесынц Ходашвилитæ æмæ Ходели- тæ. Ходты мыггаг ма æмбæлы Ирыстоны цæгат хайы дæр. Уæлладжыры комы та ис хъæуы ном Ход. Цардысты дзы æртæ мыггаджы æмæ быдырмæ куы фæцыдысты, уæд сæ хъæуы номыл æртæ мыггаджы дæр ныффыстой сæ мыггаг, афтæ равзæрд ног мыггаг Ходы. Дарддæр комы рахиз фарс мидæгдæр уыдысты Бестауты хъæутæ Чъеботæ æмæ Хатæтæ, се 'хсæн ис чысыл адаг. Ацы хъæуты нæмттæ 18
равзæрдысты Бестауты хицæн фыдыфыртты нæмттæй. Чъеботы хъæуы ма 50-60-æм азты цард иу хæдзар. Ход- ты хъæуы сæрмæ уæлдæр ран та уыд Къуырмиаты хъæу, фæстаг хатт ма дзы цард Къуырмиатæй 1 хæдзар. Къуыр- миатæ дæр фæлыгъдысты фылдæр Ленингоры районмæ Уæллаг Цъиры хъæумæ. Гудисгом куыд мидæмæ зилы цæгатырдæм, цæгат-ныгуылæнварсырдыгæй сæйраг ком- мæ иу кæны Бероты (Къæбулты) ком. Ам 1 км уæлдæр фæрсаг комы галиу фарс æрынцад Къæбулты хъæу. XX æнусты 50-60-æм азты ам цард 20 хæдзарæй фылдæр, 19 Къæбултæй æмæ иу та Цыбыртæй (мидæгмоймæ йæ æрбакодтой). Къæбултæ уыдысты цалдæр фыды фырты. Куыд: Цитатæ, Ражамтæ, Созырыхъотæ (Алихантæ), Ну- къелтæ, Хитилотæ æмæ Саукуыдзты фыдыфырт. Хъæуы мидæг мыггагæн уыд мæсыг дæр, фæлæ йæ ХХ-æм æнусы райдианы сыхæлдтой æмæ дзы хæдзæртты систæ самад- той. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Къæбултæ, Сиукъатæ æмæ Цъæхилтæ æрвадæлтæ сты. Сæ фыдæлтæ цардысты Нузалы æмæ уыдысты Цæразонтæй. Уым кæимæдæр фæ- туджджын сты æмæ рафтыдысты ардæм. Æндæр зонæн- тæм гæсгæ та уыдысты Цъæхилтæ, Сагкатæ æмæ Къæбултæ. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2015. Ф. 452]. Къæбултæ, Цъæхилтæ æмæ Сиукъатæ фыццаг цардысты иумæ, фæлæ бинонтæ куы сбирæ сты, уæд хицæн бы- нæтты æрцардысты. Къæбулты байзæддаг - Къæбулты хъæуы, Цъæхилы байзæддаг - Фаллагхъæуы, Сиукъатæ та - Сиукъаты хъæуы. Цъæхилтæ XIX æнусы райдианы хуыз- дæр бæстæ агурæг фæлыгъдысты быдырбæстæм, куыд Са- рабукы хъæу, афтæ æндæр рæттæм дæр. Къæбулты хъæуы сæрмæ цы æртæ хъæууат ис: Хæдзаруæттæ, Уæллаг æмæ Дæллаг хъæу - уым дæр Къæбулты мыггаг цардысты. Куыд дзурынц, афтæмæй ацы æртæ мыггаг Гудисгоммæ æрыфтыдысты иу 10 фæлтæры размæ. Къæбулты хъæуы ныхмæ, комы рахиз фарс, уыд Фаллагхъæу, кæнæ та Беро- тæ. Цъæхилты мыггаг куы фæлыгъдысты, уæд сæ бынаты Бероты мыггаг æрцардысты, фæлæ адон дæр XIX æнусы райдианы фæлыгъдысты Ередмæ æмæ ам Беруашвилитæ ныффыстой. Беруашвилитæ кæд гуырдзиæгтæй уыдысты зындгонд, уæддæр ма йæ сæ хистæртæ хъуыды кодтой 19
Беротæй кæй уыдысты æмæ стаей Гудисæй рацæугæ кæй сты. [Къæбулты Æ.]. Бероты мыггаг ма æмбæлы Ирыстоны цæгат хайы Уæллаг Санибайы хъæуы. [Гутнов, 2004. Ф. 148]. Къæбулты (Бероты) ком кæм иу кæны сæйраг коммæ, уым дарддæр комы мидæмæ фыццаг хъæу уыд Джериты (Гериты) хъæу. Джериты мыггаджы иутæ Къæбултæй рав- зæргæ хонынц æмæ ныр та, зæгъгæ, сæ иутæ Джиотæй ныффыстой. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ, Геритæ-Гелитæ сты æрвад мыггаг Джиголатæн æмæ æвзæргæ дæр уыдонæй ракодтой. [Гаглойты, 2005. Ф. 89]. Джеритæ кæм цардысты, уым зад диссаджы фæткъуытæ, ныр дæр ма дзы зæронд бæлæстæ ис. Джериты иу хай хуыздæр цардагур афтыдыс- ты Карелы район Суканаобаны хъæумæ. [Калоев, 2012. Ф. 95]. Дыккаг хъæу уыд Беппиты хъæу, сæ фылдæр фæлыгъд Знауыры районмæ Метъехы хъæумæ. Гуырдзыйы æхсæн сæ чи æрцард, уыдон та ныффыстой Беппишвилитæ. Æр- тыккаг хъæу та уыд Елдзарты хъæу. Елдзартæй Гуыр- дзыстонмæ чи афтыд, уыдон фыст æрцыдысты Елиджа- рашвилитæ, Елдзарашвилитæ. [Цхуырбаты, 91, 92]. Елдзарты мыггагæй бирæ алыгъд Къахетмæ Арешпераны хъæумæ дæр, ХХ-æнусы 60 азты дзы цард 20 хæдзары бæрц. [Калоев, 2012. Ф. 103]. Ацы æртæ хъæуы цæрджытæ ра- джы фæлыгъдысты быдырбæстæм æмæ сæ комы зæронд- дæр адæмæй дæр ничи хъуыды кодта. Комы рахиз фарс рæбинаг хъæу уыд Уырыгаты хъæу, фæлæ ацы хъæу дæр раджы федзæрæг. Фæлыгъдысты быдырбæстæм, сæ иутæ та Гуырдзыстонмæ æмæ уым Уригашвилитæ фыст æрцыдысты. Ис ма ахæм таурæгъ, зæгъгæ, Бихъары хъæуы дæр кæддæр Уырыгатæ цардысты. Дардтой бирæ фос, фæлæ сыл иу рæстæджы бирæгъ сахуыр æмæ сын сæ фос æрдæгыл фæкодта. Уырыгаты фæсивæд бирæгъы æрцахстой. Йæ царм ын удæгасæй бастыгътой æмæ йæ афтæмæй ауагътой. Бирæгъ сæ сæрмæ зæнгыл æртæ æхсæв æмæ æртæ бон фæниудта æмæ стæй амард. Уыцы бонæй фæстæмæ Уырыгатæ быныцагъд кæнын байдыдтой. Баззад ма, дам, сæ иу æвгъæддоны чындз, фæцыд, дам, Члианамæ йæ цæгат- мæ. Уым, дам, ын райгуырд лæппу æмæ абоны Уырыгатæ уымæй рабирæ сты. [Дудайты, 2010. Ф. 98, Цхуырбаты, Дзиццойты, 2015. Ф. 623]. 20
Къæбулты хъæу Комы галиу фарс дæлейæ ранымайгæйæ фыццаг хъæу уыд Сохты хъæу. Комы рагондæр цæрджытæй сæ ними хъуыды кодта. Æнхъæл дæн æмæ фæлыгъдысты Гуыр- дзыстонмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй, Сохты мыггаг ма æмбæлы Пацъагомы Сохты хъæуы (авт. М. И.), ома Сохты хъæуы рагондæр цæрджытæ уыдысты Сохты мыггаг. Сохты мыггаг ма æмбæлд Ирыстоны цæгат хайы дæр, хохы Урсдоны хъæуы дæр. [Гутнов, 2004. Ф. 82]. Уырдыгæй ми- дæгырдæм комы уыд Сосеты хъæу (фыды фырты номæй), цардысты дзы Бестаутæ. Уыдис сын мæсыг дæр, ныр йæ систæ ныккалдысты. ХХ-æм æнусы 50-60-æм азты ма ацы хъæуы уыд 4 хæдзары. Дарддæр комы уыд Дзиуты хъæу. ХХ-æнусы 50-60 азты дзы цард 3 хæдзары. Иуты ныхæстæм гæсгæ, Дзиутæ хицæн мыггаг сты, аннæты ныхæстæм гæсгæ та - Бестауты мыггаджы хицæн фыды фырты ном у, зæгъгæ. Фæлæ кæд мыггагон номимæ сты бает, уæд ирон мыггæгты 'хсæн Дзиуты мыггаг дæр æмбæлы. Ома Бестауты хицæн фыды- фыртæй равзæрд Дзиуты мыггаг. Таурæгътæм гæсгæ Дзиуты мыггаг цард Уанелгомы дæр Цъæритты мыггаджы фарсмæ, Дзиуты къуылдымыл. [Мæргъиты, 2009]. 21
Дæрддæр комы мидæгдæр уыд Бестауты хъæу (Стыр Бес- таутæ, Стыр Гудис). Иу таурæгъмæ гæсгæ, Бестаутæ фыц- цаг Къуыдаргомы Багаты мыггаджы размæ Замтареты хъæуы цардысты, фæлæ сын фæстагмæ зæхх нал фаг кодта æмæ ардæм ралыгъдысты хуыздæр бæстæ агур. [Мæргъи- ты, 2011]. Бестаутæй равзæргæйыл ма сæхи нымайынц Булкъаты мыггаг дæр. Бестаутæй сæ иу - Булкъа алыгъд Къуыдаргоммæ Хæлиудоны коммæ. Ам æрцард, йæ цæуæт- мæ йын дзырдтой йæ номæй - Булкъатæ. Сæ хъæуы ном дæр схуыдтой Булкъатыхъæу. Фæстæдæр Булкъатæ алыгъ- дысты Къахетмæ. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 60]. Æссæдзæм æнусы æмбисы ацы хъæуы цард 6 хæдзар, 5 - Бестаутæй æмæ 1 та Тадтатæй (мидæгмоймæ æрбацыд). Ацы хъæуы сæрмæ уæлиау хохы цардысты Хуыцъистаты мыггаг, фæлæ афтæ раджы фæлыгъдысты æндæр ранмæ, æмæ сæ хистæртæй дæр ничиуал хъуыды кодта. Куыд ма цæуы бæрæг, афтæмæй Гудисы ма куы цардысты, уæд Бестаути- мæ фæтуджджын сты æмæ фæлыгъдысты Дменисмæ. Сæ иу уыд тынг ныллæг лæг æмæ йæ уымæ гæсгæ хуыдтой «Къуызыр», æмæ йын уый тыххæй йæ кæстæрты дæр Къуы- зыртæ хуыдтой. Куыд фæстагмæ Къуызырæй Къуезерты мыггаг равзæрд, хицæн хæдзарвæндагы номæй. Иннæтæ Хуыцъистатæй баззадысты. [Гаглойты, 2005. Ф. 113-114]. Ацы мыггаджы минæвæрттæ ма цардысты Куырттаты комы дæр. [Гутнов, 2004. Ф. 185]. Бестауты хъæуы мидæгæй сæйраг донмæ галиуварс, фæрсаг дон кæм кæлы, уым та уыдысты Тадтаты дыууæ хъæуы: Тадтатæ æмæ Фаллаг хъæу. Таурæгътæй куыд цæуы бæрæг, афтæмæй мыггаджы рагфыдæл Тадт æмæ Болат æфсымæртæ уыдысты, цардысты Гудисы [Гаглойты, 2005. Ф. 141]. Тадтæн уыд фондз фырты, Болатæн та авд. Куы бастыртæ сты, уæд сæ фыдты номæй мыггаг хонын райдыдтой. Куыд фæстагмæ сбирæ сты, зæхх сын нал фаг кодта æмæ Болататæ æндæр ранмæ фæлыгъдысты. Тадты байзæддаг дæр ныкъкъабазджын ис æмæ уыдоны иу хай дæр фæлыгъд быдырбæстæм: Метъех, Тъилиан æмæ Дидмухамæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 141]. Тадтаты хъæуы мыггагæн ис мæсыгы бæстыхай, ныр дæр ма æрдæгкалдæй лæууы. Ацæугæ æнусы 50-60-æм азты Тадтаты хъæуы цард 5 хæдзары æмæ 3 та Фаллаг хъæуы. 22
Тадтаты хъæуы сæрмæ Зæнгыл Гудисы цардысты Дзæц- цойты мыггаг. Ацæугæ æнусы æмбисы ма ацы хъæуы цард 4 хæдзары. Дзæццойты хъæуæй скæсæнырдæм 1,5 км бæрц мидæгдæр та цардысты Куымæриттаты мыггаг, 50-60-æм азты ма уыдысты 7 хæдзары. Куымæриттаты иу хай дæр хуыздæр цардагур ацыдысты Гуры районмæ Къорд æмæ Дицы хъæутæм æмæ уым ныффыстой Баришвилитæй. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2015. Ф. 465]. Куымæриттатæй ма сæ равзæрд хонынц Котолиты иу хай дæр æмæ, зæгъгæ, Гудисгомæй рацæугæ стæм. [Цхуырбаты, Ф. 92]. Джериты хъæу Ацы мыггæгтæй дарддæр ма Гудисгомæй рацæугæ мыг- гæгтæ сты, куыд: Кумситæ, Чъыбылатæ, Лолотæ [Гаглой- ты, 2005. Ф. 89] æмæ æндæртæ. Фæлæ кæцы хъæуты цардысты, уый бæлвырд нал у. Седанты тыххæй информатор- ты иу хай дзуры, зæгъгæ, уыдысты Къæбулты мыггаджы хицæн фыды фырт. Кумситы мыггаджы дæр Хъуылым- бегтæй равзæргæйыл нымайынц. Гудисгомы ма уыд ахæм хъæутæ: Саргъау - [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2015. Ф. 478], Седантæ (уый дæр уым, Ф. 480), Хъараманты хъæу (уый дæр уым, Ф. 496). 23
Историон документтæ куыд амонынц, афтæмæй Гудис- гомы цæрджыты нымæц 1833 азы уыд: Къæбулты хъæуы - 6 хæдзар, Беппиты хъæуы - 4, Тадтаты хъæуы - 13, Гудисы - 6, Бестауты хъæуы - 11 хæдзары. 1852 азы цæрджыты нымæц уыд афтæ: Дæллаг Бадаты (Пухаты хъæу - М. И.) уыд - 10 хæдзары, уыдоны - 28 нæлгоймаджы æмæ - 18 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 46 адæймаджы. Уæллаг Бадаты - 7 хæдзары, уыдоны - 22 нæлгоймаг æмæ - 12 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 34 адæймаджы. Гудисы (Бестаутæ) - 10 хæдзары уыдоны - 37 нæлгоймаг æмæ - 27 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 64 адæймаг. Къæбулты хъæуы - 7 хæдзары, уыдоны - 23 нæлгоймаг æмæ - 15 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 38 адæймаджы. Беппиты хъæуы - 3 хæдзары, уыдоны - 8 нæлгоймаг æмæ - 8 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 16 адæймаг. Зæнгыл Гудисы та - 9 хæдзар, уыдоны - 34 нæлгоймаг æмæ - 25 сылгоймаджы, æдæппæтæй 59 адæймаджы [История ЮО, 1960. Ф. 99]. Æдæппæтæй дзы нымад цæуы 6 хъæуы цæрджыты номхыгъд, фæлæ чи зоны чысылдæр хъæуты кæцыдæр стырдæр хъæуты цæрджытимæ баиу кодтой. Куыд фед- там, афтæмæй, æдæппæтæй комы мидæг нымадæуы - 46 хæдзары, уыдоны мидæг - 152 нæлгоймаг æмæ - 105 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 257 адæймаджы. 1860 азы Гудисгомы цард - 52 хæдзары. [История ЮО, 1962. Ф. 548]. Гудисгомы 1890 азы та цард - 89 хæдзары. [История ЮО, 1961. Ф. 296]. 1926 азы Гудисгомы уыд: Уæллаг Гудисы - 70 адæймаджы, Астæуккагы - 230 æмæ Дæллагы та - 77 адæймаджы, ома æдæппæтæй Гудисгомы цæрджыты нымæц уыд - 377 адæймаджы. [Цхуырбаты, 2007. Ф. 158] Уæлдæр куыд федтам, афтæмæй ХХ-æм æнусы 50-60 азты зонæнтæм гæсгæ та æдæппæтæй комбæсты цард - 83 хæдзары. Гудисгомы цæрджытæ дæр сæрибар адæмыл нымадтой сæхи æмæ хъалондартæ никуы никæмæн уыдысты. Уый фæстиуæгæн сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ ныббырстой Чысаны ерыстаутæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ныб- бырсты фæстиуæгæн-иу бирæ туг ныккалд æмæ та-иу кæд с'асты бынаты баззадысты, уæддæр сæ сæрибардзинад раттыныл никуы сразы сты. Ахæм цау уыд ХУШ-æм æну- 24
сы, Гудисгомы цæрджытæй хъалондартæ скæнынмæ куы хъавыдысты Ерыста}/ты æлдæрттæ. [История Осетии, 1962. Ф. 229, 303]. Уый тыххæй ист æрцыд сæрмагонд суагъæ, фæлæ сын уадиссаг нæ рауад. Гудисæгтæй хъалондартæ скæнын æмæ сæ басæттыныл уæлдай тынгдæр байдыдтой архайын XIX æнусы райдайæнты. Хъалон фидыныл кæй нæ разы кодтой, уый фæстиуæгæн сыхаг кæмттимæ иумæ 1821 азы тыхгæнджыты ныхмæ растадысты Гудисгомы цæрджытæ дæр [История ЮО, 1960. Ф. 293-296]. Фæстæдæр та ахæм хицæн растад уыд 1857 азы Бадаты хъæуккаг Пухаты мыггагæн [История ЮО, 1960. Ф, 531-538]. Гудис- гом æмæ Чысыл Леуахигомы цæрджытыл 1861 азы сы- вæрдтой ахæм хъалон: цæмæй сын дыууæ аз иу хатт фыс- таиккой 21 сомы сызгъæрин æхцайæ. Хицæнæй та цыппар сом алы азы дæр. Алкæцы хæдзарæй дæр иу адæймаг 6 боны бæрц хъуамæ бакуыстаид хуымгæрдæнты æлдарæн, стæй ма найгæнæнты алы хæдзарæй дæр иу лæг 10 боны дæр- гъы, æд галтæ, хъуамæ лæггад кодтаит. Уый æддейæ алы хæдзар дæр æлдарæн хæсджын цыд, цæмæй йын ласа хъæдæй суг. [История ЮО, 1960. Ф. 205, 206]. Чизоны-иу сын цыбыр рæстæджы бантыст хохæгтæй тыххæй исты байсын, фæлæ та-иу сæрибаруарзаг ирæттæ уæддæр æм- зондæй аккаг ныхкъуырд радтой. Хохаг ирæттæ разы уы- дысты иумæйаг хъалон фидын æмæ Уырысы паддзахы æфсады рæнхъыты уæвын, фæлæ æлдæрттæн лæггад кæ- нын сæ сæрмæ никуы бахастой. Кæд-иу хицæн хъæуты агуырдтой сæхицæн хъузонтæ æмæ-иу дзы урæд æрцыд хъæуы хицæуттæ, уæддæр сæ фæнд æххæст нæ цыд. Æл- дæртты амындмæ гæсгæ Гудисы 1882 азы хъæуы хицау уыд Сиукъаты Михаил, йæ хæдивæг та Бестауты Парсадан [История ЮО, 1961. Ф. 161]. 1853 азы бынæттон полицæйы æмæ æфсæддон дæл- хæйтты сконды Гудисгомæй уыдысты: Бестауты Гиго, Ростом, Георгий æмæ Лекса, Беппиты Уасил æмæ Къæбулты Харгон, Тадтаты Мираз æмæ æндæртæ. [История ЮО, 1961. Ф. 465-486]. Комбæсты уыд ахæм кувæндæттæ: Мыкалгабыр - куыв- той йын сæрмагондæй Къæбултæ, Сиукъатæ æмæ Цъæхил- тæ. Нузалæй куы рацыдысты, уæд ардæм рахастой сæ дзуары хай - сырх дур æмæ Къæбулты хъæуы сæрмæ са- 25
рæзтой кувæндон, ацы дур та æвæрд æрцыд бахизæн дуары сæрмæ. [Гутнов, 2014. Ф. 260]. Кувæндоны алыварс амад уыд сие 80 м йæ дæргъ, 40 м бæрц та йæ уæрх. Иæ хуылфы дæр уыд бæстыхæйттæ. Мыкалгабыры кувæндон арæзт уыд стыр дуртæй æмæ йæ куы арæзтой, уæд ын йæ систы дуртæ дардæй ластой, ныр дæр ма дур кæуылтыл ластой, уыцы фæндаг бæрæгæй зыны. [Гутнов, 2014. Ф. 261]. Кувæндонмæ 2 км дæрддзæфæн уыд донуагъд æлыг хæтæлты. Кæд ныртæккæ кувæндоны систæ фехæлдысты æрдзон фæзындты аххосагæн, уæддæр ма бæрæгæй зы- нынц. Йæ систы æхсæн ма ис цымыдисон тымбыл сус-ду- рæй цæст, йæ уæлæ ис нывæфтыдтытæ. Йæ нысан кæнæн бæрæгбон уыд Дауджыты хуыцаубоны. Кувæндоны бæ- рæгбоны рæстæджы Къæбулты мыггаг бадт скæсæнварс. Гудисгомы цæрджытæн Мыкалгабыры кувæндон иумийаг уыд, æмæ йæм алчи дæр куывта, йæхи-иу ыл фæдзæхста. Къæбулты мыггаг Мыкалгабыры дзуары лæгтыл уыдысты нымад æмæ-иу бæрæгбоны рæстæджы кувæндоны адæмæн кувæг æнæмæнгæй хъуамæ Къæбултæй уыдаит. Куырыхон дзуары кувæг лæгтæ уыдысты: Къæбулты Михел, Иуане, Къыбыл, Лекса, Никъа, Гига æмæ æндæртæ. Мыкалгабыры кувæндоны «Сусдур» 26
Комбæсты ма уыд ноджыдæр кувæндæттæ Реком æмæ Таранджелозæн - Сиукъаты хъæумæ хæстæг, Нырыбар- дуагæн (Кæстæрты дзуар), Худисæн, Уацилла - Къæбулты хъæуы, Хæстæгдзуар, Сидæмонты Уастырджы - Бестауты хъæуы сæрмæ, Устыты Майрæм, Мичрили, Бæрзонд дзуар. Сæрмагондæй ма нысан кодтой уæрæхæй Бæлдæрæнтæ æмæ Джиуæргуыбайы бæрæгбонтæ дæр. Бæрæгбоны рæс- тæджы-иу зæдты номыл сæрмагондæй куывд рацыд æртæ зæды номыл: Мыкалгабыр, Худисæн æмæ Джеры дзуары тыххæй, цæмæй сæ, зæгъгæ, сæ хорзæх уа. Ссардтои ма-иу Джермугъы æмæ Арбойы Уастырджыйы ном дæр (Къæбулты 3.). Нырыбардуаг (Сывæллæтты дзуар). Къæбулты хъæу Ирыстоны алы комы дæр уыд тæрхоны лæгтæ. Исты скъуыддзаг кæнинаг фарстатæ, туджджынты фидауын кæ- нын æмæ æндæр лыгкæнинаг хъуыддæгтыл-иу тæрхон кодтой æгъдауыл æмæ кадыл мæлгæ куырыхон зæронд лæгтæ. Гудисгомы ма фæстаг хатт ахæм æвзæрст тæрхоны лæгтæ уыдысты: Къæбулты Михел, Ходты Датти æмæ Тад- таты Борыхъо. ХХ-æм æнусы райдианы комбæсты конд æрцыд райдиан цыппаразон скъола дæр. Фыццаг конд æрцыд Сосеты хъæ- 27
уы, комбæсты æппæт хъæутæн ардæм æнцондæр уыд, куыд дæллаг хайæн, афтæ уæллаг хайæн дæр. Фæлæ йæ стæй рахастой уæлдæр - Бестауты хъæумæ. Фæстаг хатт та йæ рахастой Къæбулты хъæумæ, комы дæллаг фарс цæрджы- ты фылдæр хай кæй фæлыгъд æмæ уæллаг хайы та нырма бирæ цæрджытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ. Стæй сывæллæттæ дæр фылдæр уыдысты æмæ сын цæмæй зымæгон æнцондæр цæуæн уыдаит. Къæбулты хъæуы ногæй скъола куы арæзтой, уæд систы дуртæн спайда кодтой Къæбулты мыг- гаджы мæсыджы дуртæй. Скъола аразыныл хъазуатонæй куыстой: Къæбулты Григол, Лекса, Шамил, Къоста æмæ æн- дæртæ. Ахуыргæнджытæй та дзы бирæ азты куыстой: Гас- ситы Фин, Къæбулты Къоста, Гио æмæ Руси, Хъуылымбегты Федыр, Бестауты Ескъа, Ходты Тамара, Бекъойты Миша, Тедеты Варя, Зæгъойты Федыр, Плиты Митъуша æмæ æн- дæртæ. ХХ-æм æнусы 30-æм азты колхозон арæзтадыл куы нылæууыдысты, уæд Гудисгомы цæрджытæ дæр хицæн колхозтæ сарæзтой. Дардтой бирæ ставдкъах æмæ лыстæг- къах фос. Тыдтой хъæбæр хор, мæнæу, картоф. Æмбисонд уыд «Гудисаг картоф», уый уыд тынг хæрзад æмæ сæртæг. Афтæ ма йæ ном хъуыстгонд уыд «Гудисаг цыхтæн» дæр, уый дæр уыд тынг хæрзад æмæ сойджын. Иурæстæджы хицæн хъæутæ баиу сты быдираг хъæутимæ. Зæгъæм, Куы- мæриттатæ быдыры Ходы хъæуимæ, Сосеты хъæу При- симæ, Бестауты хъæу Мугутимæ, Тадтаты хъæу Дидмухаи- мæ. Æндæр рæстæджыты колхозы сæрдæрттæй фæкуыс- той: Бестауты Уанкъа, Къæбулты Григол, Митъуша æмæ Къоста, Тадтаты Раман, Гæбæраты Симон æмæ æндæртæ. Кусæг адæмы бартыл ХХ-æм æнусты райдианы акти- вонæй архайдтой: Бестауты Илья æмæ Лентъо, Къæбулты Алекси, Ходты Пашка - фехстой йæ 1920 азы гуырдзыйы абырджытæ. Афтæ ма Гудисгомæй уыдысты: фыссæг Ходты Хазби æмæ таурæгъгæнæг Къæбулты Хъыбыл. 28
СОХТЫ МÆСЫГ Сохтæ сты мыггагон ном. Гудисæй рацæуæг зæронд лæг Къæбулты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, ацы мыггаг ам цард тынг раджы, уымæн æмæ сæ уый хистæртæ дæр нæ хъуыды кодтой. Сæ номыл ма баззад æрмæст бынаты нæмттæ - Сохты цæгат, Сохты мæсыг æмæ Сохты цæрæнуат. Сохты хъæу уыд Джеры комæй Гудисгоммæ ныххизæны, - цъа- лайы. Уыцы бынат ма хонынц Кæрдоджын дæр. Сохты номыл ма цæрæнуаты ном баззад Пацъагомы рахиз фарс Дыргъджыны хъæуы бынмæ - Сохты хъæу, зæгъгæ. Ныр- тæккæ дзы цæрынц Остъатæ. Остъаты размæ ам цардысты Сохты мыггаг, афтæ ма дзы баззад сæ кувæндон дæр - Сохты дзуар, зæгъгæ. Ам, Гудисгомы, сæ мæсыгы бæстыхай у пырх. Æнæбары ма бæрæгæй зынынц йæ систæ, сæ бæр- зæнд ма у 2-4 м бæрц. Мæсыгæн йæ бындур уыд раст- къуымон - фæйнæ 5 м æмæ 40 см, сæ бæзджын та 4 м æмвæзæй зæххæй у 1 м æмæ 40 см бæрц. Мæсыгы арæзта- дон æрмæг уыд бынæттон дуры мыггаг цасдæрбæрцæй. Дурты иугæнæг фæрæз уыд хуымæтæг сыджыт. 29
БЕСТАУТЫ МÆСЫГ Бестауты хъæу Мæсыг уыд Бестауты мыггаджы æмæ хъæуæн ис йæ цæгат-скæсæнварс 40-50 м æддæдæр. Мæсыгы бындур у расткъуымон иуырдæм, иннæрдæм йæ фæрсты дæргъ у фæйнæ 6 м æмæ 50 см бæрц, сæ бæзджын та зæххæй 4 м, йæ бæрзæндæн у 1,70 см бæрц. Бæстыхайы систы арæзтадон æрмæг уыд дойнаг дур сыджытимæ. ТАДТАТЫ МÆСЫГ Тадтаты хъæуы хуссар-ныгуылæнварс ис расткъуымон мæсыгы æрдæг калд арæзтад. Йæ цæгат æмæ хуссарварс къулты дæргъ у 7,40 м, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты дæргъ та - 6,10 м бæрц. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд та у 3,60 м æмæ сæ бæзджын та - 3 м, бæрзæнд зæххæй - 1,60 м. 30
Амад уыд бынæттон хохаг къæйдур æмæ бынаты арæх чи æмбæлы, ахæм дурты мыггагæй, æнæ иугæнæг фæрæзæй. Лглеортлг ХкЛАРС А САСолокг 31
БИБЛИОГРАФИ Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу, 2005. «Ир». Гутнов Ф. X. Века и люди. - Владикавказ, 2004. «Ир». Гутнов Ф. X. Осетинские фамилии. - Владикавказ, 2014. «Респект». Дудайты Г. Д. Зæрдæйы сагъæстæ. - Цхинвал, 2010. «Хуссар Алани». История Осетии. I том. - Цхинвал, 1962. «Госиздат». История Юго-Осетии. II том. - Сталинир, 1960. «Госиздат». История Юго-Осетии. III том. - Цхинвал, 1961. «Госиздат». Калоев Б. А. Осетины Восточной Осетии и районов Грузии. - Владикавказ. 2012. «Ир». Мæргъиты И. Т. Пухатæ. Газ. «Стыр Ныхас» №8. 2007. Мæргъиты И. Т. Дзиутæ. Газ. «Хурзæрин» №71.15.08.09. Мæргъиты И. Т. 2011 азы быдырон æрмæджытæ. Цхуырбаты 3. Д. Ирон мыггæгтæ æндæр æвзæгтыл фыс- тæй. Жур. «Фидиуæг», №11 - 1991, №1 - 1992. Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии в Х1Х-ХХ вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Цхуырбаты 3. Д., Дзиццоиты А. Ю. Топонимия Южной Осетии. II том. - Москва, 2015. «Наука» Информанттæ Къæбулты Къостайы фырт Æхсар, 85-аздзыд. Цхинвал, 10.02. 2017 аз. Къæбулты Къостайы фырт Зауыр, 76-аздзыд. Цхинвал, 19.04.2008 аз. 32
ДЗОМАГЪГОМ Дзомагъгом ис Цъалагомы уæллаг хайы, Бурсамдзели, Саухох, Кутых, Бæхвæндаг, Зикъара æмæ Магъы æфцæгы хъæбысы. Йæ зæххы равæрд у æртæкъуымонгонд тымбы- лæг. Æмарæн кæны Рукъгом, Урсдзуаргом, Чеселтгом æмæ Зруггомимæ. Комы сæйраг дон у Дзомагъы дон, хауы стыр Леуахи донмæ рахизæрдыгæй. Дзомагъгомы фæрсаг къа- бæзтæ сты Магъы дон, Саджджынкъуырфы дон, Тотырдон, Губаты дон æмæ æндæртæ. Дзомагъгомы ма ис ахæм фæрсаг къаннæг кæмттæ - Сомихгом, Губаты ком, Дзæгъæлком, Дземцъынаиы ком, Къæйты ком, Къахыры ком, Хæрæны ком, Хъæуы ком, Стыр ком, Магъы ком [Цхуырбаты, 1969. Ф. 156,157] æмæ æндæртæ. Дзомагъы хъæу Дзомагъы ном цы нысан канны, уый нæма ахуыргæндтæ бæстонæй нæ равзæрстой. Цоциты Аланы хъуыдымæ гæсгæ, Дзомагъ нысан кæны магты цæрæнуат. 02аи-Ма§ (дзомаг) - 33
поселение странников. [Чочиев, 2000. Ф. 43]. Ома фæндаггон магты цæрæнбынат. Магъы хъæу та "магты цæрæнбынат". Ирайнаг знæмты «маг», «магтæ» уыдысты кувæг æдæмы æхсæнадыл нымад æмæ, зæгъгæ, ацы нæмттæ дæр бает сты уыдонимæ. Дзомагъы цæгатварс фæсрагъ Зруггомы ис хъæуы ном Камах. Дзомагъ æмæ Камахы æхсæн та ис Магъы хъæу, Магъы æфцæг. Ам Магъы хъæу æмæ æфцæгы номæй равзæрдысты Камах, ома цæгатварс Магъ æмæ Дзомагъ, хуссарварс Магъ. Фæлæ «ка» цæгаты æвдисæн æмæ «дзо» та хуссары æвдисæн цы 'взæгтæй равзæрдысты, уый бæрæг нæу. Чизоны рагон ирайнаг 'взагыл сæ нысаниуæг цæгат æмæ хуссар уыд?.. Уымæй дарддæр ма Ирыстоны топони- мийы (ойкономийы) æмбæлынц маг-тимæ магъ-тимæ бает нæмттæ - Магали, Зæрæмæг. Дæлдзæхы цæрæг адæмы- хатт - Магатæ, ирон мыггаг - Маггатæ, Магкотæ æ.а.д. Дзиццойты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ ном «Магъ» нысан кæны уæрм, дзыхъхъ бынат. [Дзиццойты, 1996]. Кæй зæ- гъын æй хъæуы, кæд Магъ нысан кæны дзыхъхъ бынат, уæд Дзомагъы номы дыккаг хай дæр бает у дзыхъхъимæ. Æнæуи ма Фæзы Дзомагъы дыккаг ном хуыйны Дзыхъхъы хъæу, Дзыхъхъы Дзомагъ æмæ кæд Магъы нысаниуæг «дзыхъхъ» у, уæд Фæзы Дзомагъы хъæуы номыл хорз бады. Историон зонæнтæй æмæ стæй ахуыргæнддæ куыд зæгъынц, афтæмæй, комы рагондæр цæрæнуаты номыл баззайы комы ном дæр. Æмæ Дзомагъы, ома дзыхъхъы номæй, равзæрд комы ном дæр Дзомагъгом. Дзомагъгомы иу фæрсаг чысыл ком хуыйны Сомихгом. Адæмон ныхæстæм гæсгæ, ам раздæр цардысты сомихæг- тæ æмæ къахтой сызгъæрин, уымæ гæсгæ кæм цардысты, уыцы ком баззад сæ номыл. Куыд дзурынц, афтæмæй ма сæ уæлмæрдтæ ныр дæр бæрæг дарынц, сæ дуртыл ис æбæрæг• æвзагыл фыстытæ. Дзомагъгомы археологон куыстытæ кæй никуы уыдис, æмæ стæй историон ратæдзæнтæйдæр кæй нæ баззад зонæнтæ, уымæ гæсгæ зын дзурæн у йæ раг ивгъуыдыл. Фæлæ мæ фæнды уымæ нæкæсгæйæ иу фиппаинаг сарааын: Чысаны Ерыстауты цыртдзæвæны æмæ æндæр ратæдзæн- ты Урстуалты кæнæ Цъалагомы хицæн кæмтты æмæ хъæу- ты кой куы фæцæуы, уæд дзы алы комы ном дæр бæрæг 34
цæуы Дзомагъгом, Урсдзуаргом æмæ Ципрангомы йеддæ- мæ. Фæлæ хабар уый мидæг ис, æмæ æбæрæг нæмттæ Сосхо, Тцубен æмæ Цергуе [Гаглойты Ю., 1996. Ф. 43-44] никæцы кæмтты нæмттыл бадынц æмæ сæ арæх фæбæттынц кæ- цыдæр хицæн бынæттимæ, фæлæ бæрæг-бæлвырд нæ цæуы бæстонæй. Сохсы у доны ном Рукъгомы æмæ йæ уымæ гæсгæ бахахх кæнынц, зæгъгæ, уырдæм æввахс кæцыдæр бынат хуындаит «Сохе». Сохе бынаты ном æмæ доны ном ис Рукъгомы, ныртæккæ тунел кæм ис, уый сæрмæ. Мæн зæгъын цы фæнды, уымæн, чизоны, мæ бæрæггæнæнтæ фаг не сты, фæлæ йæ æнæбахахгæнгæ нæ фæуыдзынæн. Кæд Рукъгом, Згъуыбиргом, Челиатгом, Тылигом, Ерман, Ходз, Брытъат, Къусджытæ æмæ Мугуты комы нæмттæ бæрæг цæуынц æмæ сæ кой чындæуы, уæд Дзомагъгом, Урсдзуаргом æмæ Ципрангом дæр уый бæрц чысыл кæмттæ не сты, стæй дзы уæды дуджы цæрджытæ кæй уыдаит, уый дæр дызæрдыккаг нæу æмæ сæ кой кæй нæй, уый та тынг цымыдисаг у. Ам (сосхоел - тцубенисхевелни), ома Сохе æмæ Тцубеныл иумæ кæй цæуы дзырд, уый, мæнмæ гæсгæ, дзурæг у æмæ сыхаг кæмтты нæмттимæ сты бает, ома фæр- сæй-фæрстæм чи уæвынад кæны. Æмæ кæд Дзомагъгом æмæ Урсдзуаргом кæрæдзи фарсмæ сты æмæ сæрмагон- дæй ХШ-Х1У æнусты сæ кой нæ цæуы, уæд уый нысан кæны, чысаны ерыстауты азфыесæг сын сæ нæмттæ нæ зыд- та, фæлæ сæ æбæрæг зонæнтæм гæсгæ схуыдта; Дзома- гъы - Сохе, Урсдзуары та Тцубен. Фæлæ сæ нæмттæ Сохе - Дзомагъ, Тцубен - Урсдзуар этимологон æгъдауæй кæрæ- дзимæ дард кæй лæууынц, уый, мæнмæ гæсгæ, уадиссаг ницæуыл дзурæг у. Дзомагъгомы фыццаг цы мыггæгтæ цардис, уыдонæй æппæты рагондæр цæрджытыл нымад уыдысты Медойты мыггаг. Фæлæ фæстæдæр Джыккайты Тоти йæ бинонтимæ куы æрлыгъд æмæ Дзомагъгомы куы æрбынат кодта, уæд Медойтæ сыстадысты æмæ фæлыгъдысты Дзриайы хъæу- мæ. [Джыккайты, 1989. Ф. 414]. Кæм цардысты, уый ма æрæ- джыдæр бынæттон цæрджытæ хуыдтой «Медойты бынтæ», ныр дæр ма бæрæгæй дарынц сæ галуаны пырхæнтæ æмæ сæ зæппадз. 35
Таурæгъы куыд дзырдæуы, афтæмæй: Джыккайты фы- дæлтæй Дзомагъгомы фыццагдæр æрцард Джыккайты Тоти. Æрбафтыд Бæхвæндаджы æфцæгыл иуæндæс фæл- тæры размæ. Фæстæдæр ма ардæм æркодта йæ æфсымæр- ты. Кæм æрбынат кодта, уым уыд стыр тархъæд æмæ йæ куы ныццагътой, уæд дзы хъæу сарæзтой, цыбыр æмгъуыдмæ мæсыг дæр самадтой. [Джыккайты, 1989. Ф. 414]. Фæстæдæр Тотийы цæуæт куы сбирæ сты, уæд сæ иу хай слыгъд уæлдæр, æмæ ам дæр хъæу сарæзтой - Фæзы Дзомагъ, зæгъгæ. Тотийы æфсымæртæ ам дæр мæсыг æмæ дыууæ гæнах сыскъæрдтой. Уыдис сын мыггагон зæп- падз дæр. Джыккайтæй иу, Багъда, æрцард Магъы хъæуы. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2013. Ф. 152]. Ам дæр самадтой гæнах. Сомихгом Джыккайтæй хуыздæр цардагур дзæвгар афтыд Ирысто- ны æмæ Гуырдзыстоны быдырбæстæм. Уыцы нымæцы: Стырком, Дменис, Сатихъар, Бихъар, Нипарет, Амбрет, Зна- уыр æмæ с. Цхинвалмæ дæр. [Гаглойты 3. 1962. Ф. 422]. Афтæ ма Гудзарет æмæ Къахетмæ дæр. 36
Джыккайтæ æрвадиуæг кæнынц Бигъатæ, Уанитæ æмæ Касатимæ. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 228]. Фæстæдæр Дзомагъгоммæ æрлыгъдысты Дзугатæ, Каса- тæ; Уалытæ, Калотæ, Губатæ æмæ Плитæ. Ам ма Сомихгомы фыццаг цардысты Гобегты мыггаг дæр æмæ стæй алыгъ- дысты Цæгат Ирыстонмæ, Кæрдзыны хъæумæ. [Цхуырба- ты, 1965]. Саджджынкъуырф Магъы хъæумæ ма фæстæдæр æрлыгъдысты Касатæ дæр. Касаты Бадзойæн кæстæртæ нæ уыдис æмæ æркодта йæ хæрæфырт Уалыйы. Куы амард, уæд йæ бынтæ базза- дысты Уалыйæн, ахæм хуызы Уалытæ æрцардысты Дзо- магъгомы - Магъы хъæуы. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2013. Ф. 152] Дзугатæ Дзомагъгоммæ æрыфтыдысты Урсдонæй. [Гаглойты, 2007]. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ та Дзугаты раг- фыдæл уыд Дзукъаты рагфыдæл Дзукъайы хистæр фырт. Йæ фыдимæ цæуылдæр фæбыцæу, Дзомагъгоммæ балыгъд æмæ дзы æрцард. [Беджызаты, 2007]. Дзугатæ куыд фыл- дæр кодтой, афтæ сын зæхх нал фаг кодта æмæ фæлыгъ- 37
дысты æндæр рæттæм дæр: Цъинагармæ, Гдумæ, ее. Цхин- вал, Дзæуджыхъæу æмæ æндæр рæттæм. Дзугаты æрвадæлтæ сты: Æмбалтæ æмæ Айлартæ, æндæр вариантмæ гæсгæ та - Æмбалтæ, Чилæхсатæ æмæ Че- селатæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 225, 229.] Плитæй иулæг мидæгмоймæ бацыд Дзомагъгоммæ æмæ йын йæ каистæ зæхх радтой. Рукъгомы йæ æрвадæлтæн зæхх кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ ма цалдæрæй йæ фæ- дыл бацыдысты æмæ сæ йæ фарсмæ æрцæрын кодта. Сæ сылгоймæгты сын Плионтæ нæ хуыдтой, фæлæ Уæрдæсон- тæ [Плиты В., 2015, информант]. Куыд ма дзурынц, афтæ- мæй Плитæ æмæ Дзантиатæ иу мыггаг сты. Дзомагъы цы Плитæ цардис, уыдоны Дзантиатæ хуыдтой. Плитæ сæхи- цæн тугæй хæстæг мыггаг хуыдтой Уæрдæсонты, уымæ гæсгæ сын сæ сылгоймæгты æрæджыйы онг дæр ма хуыдтой Уæрдæсонтæ. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 132-133]. Губатæ, дыууæ æфсымæр, æрæфтыдысты Нары комæй цуангæнгæйæ, ком уыд æдзæрæг æмæ фæстæдæр сæ би- нонты дæр æркодтой, сæ цæрæнбынаты самадтой бæр- зонд мæсыг дæр. [Мæргъиты, 2008]. Губаты мыггаджы ми- нæвæрттæй Ирыстоны цæгат хайы чи цæры, уыдон сæхи хонынц Гуыбатæй, хуссары та - Губатæй, фæлæ иу мыггаг сты. Хуссары сæ æрвадæлтыл нымайынц Тыджыты æмæ Хæбæлаты [Губаты М.], цæгаты та - Мулдарты, Бесаты, Ко- бесты æмæ Сатхъоты. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 231]. Дзомагъгомæй рацæугæ Губатæ æрцардысты Цхинвал æмæ Хæрисджыны (Торманеулийы), афтæ ма Гуырдзысто- ны: Згъудеры, Батиуры - Карелы район æмæ æндæр рæт- ты. [Гаглойты,1962. Ф. 231]. Фæзы Дзомагъы, Хæтъотæм æмæ Уæллаг Магъы цар- дысты Джыккайтæ, Дзугаты къуылдымыл - Дзугатæ æмæ Калотæ, Къæззаты хъæуы æмæ Саджджынкъуырфы - Плитæ, Медойты къуылдымыл - Медойтæ, Къæберты цæ- рæнуаты - Къæбертæ, Дæллаг Магъы - Касатæ æмæ Плитæ, Губаты хъæуы - Губатæ. Дзомагъгомæн ма уыд сæхи тырыса дæр. Иу ран чыры- ны мидæг уыд æвæрд [Гаглойты 3., 2007, ф. 87], фæлæ фæстæдæр цы фæцис, уый ничиуал зоны, æбæрæг сæфт фæкодта. Æгæрыстæмæй цахæм уыд, уый дæр æнусты тары басусæг. 38
Куыд астæуккаг æнусты, афтæ фæстаг æнусты дæр Дзо- магъгомыл хуссарæй - цæгатмæ, цæгатæй - хуссармæ Ма- гъы æфцæгы сæртыл цыд сæйраг фæндæгтæ. Дзомагъгомы цæрджытæ дæр, куыд æндæр ирон кæмт- тæ, афтæ хъазуатонæй тох кодтой æддагон знæгты ныхмæ, уыцы нымæцы гуырдзиаг æлдæрттимæ дæр. Уыдон гуырдзиаг æлдæрттæн хъалон фидыныл кæй нæ разы кодтой, уый тыххæй-иу сæм сарæзтой æфхæрæг-хæстон ныббырс- тытæ, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ хъалондартæ суæвыныл никуы разы кодтой, сæхи нымадтой сæрибар адæмыл. Ирыстон Уæрæсемæ куы биу ис, уæд Дзомагъæгтæ æрмæст разы уыдысты хъалон фидын паддзахадæн, сæхи казенон зæхкусджытыл кæй нымадтой, уымæ гæсгæ [История ЮО, 1960. Ф. 182-184, 465-466]. 1821 азы Дзомагъгомы адæм æппæт сыхаг кæмтты цæрджытимæ растадысты иумийаг знæгты ныхмæ, æмæ аккаг ныхкъуырд дæттой гуырдзийаг æлдæрттæн, уыцы нымæцы уырысы æфсадæн дæр, гуырдзиаг æлдæртты хъузон æмæ фарсхæцджытæ кæй уыдысты, уый фæстиуæгæн [История ЮО, 1960. Ф. 296]. 1836-æм азы уырысы æфсады раздзог майор Герич Цъалагомыл Дзауы 'рдæм йе 'фсадимæ куы рацæйцыд, уæд Медойты къуылдым 39
æхсæвиуат кодта Дзомагъгомы бахизæны. Уый фенгæйæ Дзомагъгомы цæрджытæ æнхъæлдтой, зæгъгæ та комбæс- тæм бырсынвæнд кæнынц уырысы æфсад æмæ та семæ схæцыдысты. Герич Дзомагъгоммæ бырсынвæнд кæй нæ кодта, уымæ гæсгæ семæ уадиссаг хæсты нæ бацыд, фæлæ дарддæр йæ фæндаг акодта Дзауы комыл [История ЮО, 1960. Ф. 399]. Иу рæстæджы Хъуды абырджытæ æлдæртты ныхмæ кæй цыдысты æмæ сæ æхсæвæй бонæй кæй цагътой, уый фæстиуæгæн зылдысты сæ фæдыл, Хъуды абырджытæ та арæх ивтой сæ лæууæн бынæттæ æмæ ахæм хуызы æрфы- сым кодтой Дзомагъгомы Губатæм дæр. Хицауад уый куы ба- зыдтой, уæд сæм барвыстой, зæгъгæ сæ раттут. Губаты мыг- гаг не сразы сты, уымæн æмæ уыдон дæр æлдæртты тынг æфхæрдтой æмæ се 'мтохгæнджыты фарс лæууыдысты. Æлдæрттæ уый куы бамбæрстой, уæд сæм æрбацыдысты уырысы æфсадимæ æмæ сыл схæцыдысты. Губатæ се сæфт куы базыдтой, уæд сæ уазджытæн загътой: «уæ бавæрын нæ бон нæ бауыдзæн, фæлæ уæхицæн исты сæрфат скæ- нут», - уыдонæн дæр ма цы гæнæн уыд æмæ ацыдысты. Сæхæдæг мæсыгы бахызтысты æмæ сæ уырдыгæй æхстой, Уæллаг Магъ 40
фæлæ иуæн дыууæ æфсад у æмæ састы бынаты баззадыс- ты, сæхи сын æрцахстой. Сæ мæсыг та сын халгæ фæкодтой, уый уыд 1840-æм азты [Мæргъиты, 2008]. Уый фæстæ Губатæй чи аирвæзт, уыдон хъæдты бамбæхстысты, сæ хæ- дзæрттæ сын басыгътой, сæ фæллæйттæ сын ратæлæт кодтой [История ЮО, 1960. Ф. 405]. Губатæй гуырдзийаг тыхгæнджытимæ чи схæцыд, уыдонæй раззагондæртæ Гу- баты Мосе, Реуаз, Сала æмæ Коко дæр сæ къухты бафты- дысты. Мосейы ауындзгæ æркодтой, иннæты та Сыбыры хай фæкодтой. Иу рæстæджы Дзомагъгоммæ сауджын бацыд дины хъалон исынмæ, фæлæ йæ уыдон саубыны над фæкодтой æмæ йæ афтæмæй расырдтой. Æмæ та сæм уæд хъазахъхъаг æфсады барвыстой æмæ сын сæ хъæутæ басыгътой [Мæргъиты, 2008]. 1850-æм азты Цъалагом æмæ Урстуалтæ куы растады- сты иумийаг знæгты ныхмæ, уæд растадонты сконды уы- дысты Дзомагъгомы цæрджытæ дæр. Ацы комбæстæй растадонты сæргъ слæууыдысты Джыккайты Мириман æмæ Темырыхъо, Плиты Джио [История ЮО, 1960. Ф. 470-471], афтæ ма Плиты Пина, Гицо, Багуса, Хуца, Мисо, Плиты Дзиу æмæХъанцау (Конча) [История ЮО, 1960. Ф. 501-503]. Хъан- цау фæмард Золатаревимæ тохкæнгæйæ [уый дæр уым]. Кæд растадонтæ цардысты æрдзон фидæртты, æмæ фидар лæууыдысты тыхгæнджыты ныхмæ, уæддæр æнæ хæстон зонæнтæй æмæ хуымæтæг мигæнæнтæй, зын хæцæн уыд гарзджын æфсады ныхмæ. Июны мæйы 8-10 [История ЮО, 1960. Ф. 516] бонты инæлар Андрониковы æмæ булкъон Золатаревы разамындæй саст æрцыдысты Дзомагъгомы цæрджытæ [История ЮО, 1960. Ф. 486], бынаты кæй бай- йæфтой, уыдоны ахстой, сæ хæдзæрттæ та сын тæлæт кодтой, хæдзæрттæ зынгы хай фесты. Комбæсты адæмæн сæ фылдæр хæхтæм ацыд æмæ уырдыгæй хæцыдысты сæ тыхгæнджытимæ. Дзомагъгомæй уырысы æфсады æмæ гуырдзыйы æлдæртты къухтæм амынæтæй бахаудысты: Джыккайты (Хоситы фыды фыртæй) - Зауырбег æмæ Габи, (Хуытъоты фыды фыртæй) - Моцка æмæ Гетæгаз, (Абайы фыды фыртæй) - Биаслан æмæ Гогия, (Тугъанты фыды- фыртæй) Темырыхъо, Плитæй - (Гиоргаты фыды фыртæй) Галоба, Ялар, Джота æмæ Сало. Губатæй - Хъыдайнат æмæ 41
Медойтæй Пиркаоз. [История ЮО, 1960. Ф. 490-491]. Афтæ мæ сæ къухтæм бахауд амынæтæй раззагон тохгæнæг Джыккайты Гицо [История ЮО; 1960. Ф. 491] æмæ Датуа. Фæстæдæр Джыккайты Датуа æфсæддон тæрхонмæ гæсгæ хает æрцыд Сыбырмæ 10 азы æмгъуыдмæ [История ЮО, 1960. Ф. 517]. Магъы ком Æлдæрттимæ сусæгæй-æргомæй чи тох кодта, æмæ сæ тасы чи дардта, уыдон уыдысты Дзомагъгомæй - Джыккайты Варна æмæ Дзугаты Китъа [История ЮО, 1960. Ф. 346-347]. Уыдон уыдысты Хъуды абырджытимæ иу къор- ды. Æхсæвæй бонæй зылдысты æлдæртты æмæ сæ хъу- зæтты фæдыл, æмæ сæ мардтой, тыххæй сын истой сæ фæллой. Уымæ гæсгæ сæ уыдон дæр ахстой, сæ фæдыл зылдысты æнæхъæн балтæй. Ирон адæмы тох æлдæртты ныхмæ æмæ уырысы æфса- димæ куы фæцис, ома ирон адæм уырысы æфсады æххуы- сæй «саст куы æрцыдысты», уæд гуырдзиаг æлдæрттæ сæхи æрцæттæ кодтой ирон адæмæй хъалондартæ скæнын- мйе. Фæлæ уый æппæт тугкалд æмæ растадты фæстиуæ- гæн, Уырысы паддзахмæ дæр бахъардта, ирон адæм кæй 42
никуы уыдысты гуырдзыиæн хъалондартæ æмæ сæ тохы æмæ растадты нысаниуæг дæр уый кæй уыд. Уæд рахастой уынаффæ, цæмæй хæхбæсты цæрæг ирон адæм сæрибар æрцыдаиккой æлдæртты хъалонæй. [История ЮО, 1960. Ф. 200]. Ирон адæм та сæхи нымадтой сæрибар адæмыл (паддзахады зæхкусджытыл) æмæ уымæ гæсгæ æрмæст разы уыдысты хъалон фидын паддзахадæн. Дзомагъгомæй Уырысы паддзахады æфсады рæнхъыты æмæ йæ æддагон хæстыты Х1Х-æм æнусты æмбисы хайад истой: Дзугаты Таймураз, Джыккайты Симон, Елбыздыхъо, Гарсо, Плиты Мæцыхъо [История ЮО, 1961. Ф. 483, 485], афтæ ма Джыккайты Павле, Плиты Хуца, Анзор, Губаты Георгий, Касаты Ростом æмæ æндæртæ. [История ЮО, 1961. Ф. 494]. Бурхох (Бурсамдзели, Хурбадæн хох) Ирон адæмы æхсæн ХХ-æм æнусы размæ, ахуырдзинад тынг æвзæр уавæры кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу æнæбары фыссын, фæрсын чи базыдта, уыдон нымад уыдысты ахуыр- гонд адæмыл. Дзомагъгомæй фыццаг æнæххæст ахуырад чи райста, уый уыд Дзугаты Симон. Ахуыр кодта Рукъы приходон скъолайы 1855 азы [История ЮО, 1960. Ф. 609]. 43
Фæстæдæр Дзомагъгомы дæр конд æрцыд райдиан скъола. 1864 азы дзы ахуыр кодта 6 сывæллон, æндæр зонæнтæм гæсгæ та 13 сывæллоны [История ЮО, 1960. Ф. 629, 701]. Дзомагъгомы 1852-æм азты цард: Дзомагъы хъæуы - 22 хæдзары, уыдоны - 63 нæлгоймаг æмæ 52 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 115 адæймаджы. Магъы хъæуы - 7 хæдзары, уыдоны - 22 нæлгоймаджы æмæ 12 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 34 адæймаджы. Дзугаты хъæуы (Уæллаг хъæу) - 4 хæдзары, уыдонæй - 16 нæлгоймаджы æмæ 12 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 28 адæймаджы. Къæззаты хъæуы - 9 хæдзары, уыдоны уыд 28 нæлгоймаджы æмæ - 17 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 45 адæймаджы. Саджджын- къуырфы - 6 хæдзары, уыдоны - 18 нæлгоймаджы æмæ 17 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 35 адæймаджы [История ЮО, 1960. Ф. 94]. 1845-1849 азты Дзомагъгомы цард 56 хæдзары бæрц. [История ЮО, 1960. Ф. 182]. 1860 азы та - 54 хæдзары Дзомагъгомы æмæ 1 хæдзар та Губаты хъæуы [История ЮО, 1961.Ф. 546]. 1926 азы Дзомагъгомы цард: Саджджынкъуырфы - 24 адæймагы, Фæзы Дзомагъы - 169 адæймаджы, Дзугаты хъæуы - 39, Магъы - 53, Касатыхъæуы - 62. [Цхуырбаты, 2007. Ф. 154]. Дзомагъгом федзæрæг 1980-æм азты кæрон. Советтон уагæвæрдæй фæстæмæ Дзомагъгомы аразын байдыдтой иумийаг хæдзарадтæ - колхозтæ. Хицæн хæдза- радтæ уыдысты: Дзомагъ, Магъ, Дзугатæ æмæ Саджджын- къуырф. Ацы хъæуты ма конд æрцыд райдиан цыппаразон скъолатæ дæр. Дзомагъгомæй рацыд бирæ зындгонд адæм, уыцы ны- мæцы: Джыккайты Аким - адæмон зарæггæнæг, Гуыр- дзыстоны сгуыхт артист; фысджытæ Дзугаты Георги æмæ Хаджумар; профессор - Джыккайты Шамил; Джыккайты Мурæт - зындгонд нывгæнæг; филологон зонадты кандидат - Губаты Федыр, таурæгъгæнджытæ - Губаты Дзакко æмæ Харшил; революционертæ: Джыккайты Дзоццæ, Федыр, Никъала, Гæбила, Серго, Къола, Аким, Хъазбег, Хабе. Дзугаты Гæбила, Исмел, Федыр, Плиты Арон, Лексо, Гариго. Джыккайты Дауыт та уыд хъуыстгонд тæрхоны лæг. 44
САУДЖЫНЫ ФÆНАД Дзомагъы сауджын зымæгон, Цыппурсы карзы, астæумæ миты слæгæрста Плиты Бедзетæм. Уым нæдæр Бедзейы баййæфта, нæдæр йе 'фсымæр Цаисманы. Сæ мад Гæбæриан сауджынæн цæхджын фыд сфыхта, хæбизджын æмæ йæ арахъхъæй хорз бахыгъта. Сауджын куы барасыг, уæд Гæбæрианæн загъта: - Хорз мæ федтай, фæлæ ма мын мæ хæдзармæ дæр иу куы раттис. Зæронд ус исдугмæ фырдиссагæй фергъуыйау, стæй йын æфсон скодта: - Цыхт нæм нал ис. Сауджын бузныджы бæсты фелгъыста усы: - Кæд ма дæм ис цыхт, уæд дæ хæндыджы мыст ныхха- уæд, æмæ дын мæ аргъауинаг фæуæд. - Йæхæдæг хъуыр- хъуыр дыв-дывгæнгæ ацыдис. Уалынмæ Цаисман хос æрбаласта æмæ йæ мады мæс- тæйдзагæй æрбаййæфта. Афарста йæ: - Цы кодтай? Мад ын радзырдта сауджыны æбузн æмæ æдзæсгом хъуыддаг. Цаисман загъта: - Мæсты ма кæн, нана, æз дын ацы сахатыл дæ мает райедзынæн! Йæхæдæг Бедзейы райстбавæрд худ райста, йæ цухъхъайы фæдджийы йæ атыхта, ставд бæрз лæдзæг аиста æмæ афтæмæй асырдта сауджыны. Дзугаты рагъæй куы ауырдыг кодта, уæд дæлæ дæлиау- мæ сауджыны федта æмæ йæм ныхъхъæр кодта: - Фæлæуу, сауджын, мæнæ дын дæ цыхт раттон. - Йæхæдæг йæ цухъхъайы фæдджийы тыхт худыл йæ галиу къух авæрдта, ома цыхтыл хæцын. Сауджын æрлæууыди цыхт æнхъæлцау. Цаисман æй куы æрæййæфта, уæд ыл бæрз лæдзæгæй ралæууыди нæмын. Уыцы арф миты йæ афæлдæхта æмæ йæ уыйбæрц фæнадта, цалынмæ йæ хъæр æмæ йе 'рдиагæй банцадис. Уæд æй мардæфсонæй ныууагъта æмæ йæ мад- мæ хæрзæггурæггаг сфардæг: 45
- Дæ мает дын райстон хъуынджын хæрæгæй. Фæзы Дзо- магъ хъуыстой сауджынæн йæ кæуын æмæ йе 'рдиаг, фæлæ сæ йæхи ними равдыста, цыма ницы федтой. Сауджыны над Цаисманæн батади. [Джыккайты Ш., 1989. Ф. 312]. Дзомагъгомы куывтой ахæм зæдтæм æмæ дзуæрттæм: Бурсамдзелийы дзуар - Майрæмы куадзæнæй æртæ къуы- ри фæстæдæр, Ичъына, Атынæгы дзуар (Губаты хъæу), На- фы дзуар, Найфат, Ныхасы дзуар, Рагъы дзуар - Атынæгы, Рагъы Уастырджы, Уацилла, Хъæузæд, Хъугомы Æргъиавд, Цъынайы дзуар (Магъы) æ.а.д. Магъы Цъынайы кувæндон куыд фæзынд, уый фæдыл ис ахæм таурæгъ: Кæддæр Магъы хъæуы зæй фæласта. Уыцы рæстæджы мад хæдзары йæ сабийæн æхсыр дардта æмæ сæ зæй афтæмæй аскъæфта, ныртæккæ ацы кувæндон кæм ис, уырдæм. Мад йæ сывæллоны авдæн не суагъта амæ афтæмæй иумæ цыдæр хуызы аирвæзтысты. Уыцы бынаты, зæй сæ кæм авæрдта, уым ныртæккæ дæр ис лæгуын æмæ кæй аирвæзтысты удæгасæй, уый тыххæй дзы фæстæдæр кувæндон сарæзтой. Ацы бинонтæ иуылдæр амардысты мад æмæ сабийæ дарддæр. Сабийæн кæнгæ фыд уыдис Че- мерты хъæуы, æмæ уый хабар куы фехъуыста, уæд бацыд æмæ сæ æд мад ракодта йæхимæ. Ацы сабийы та ныффыс- та Магъы хъæуæй кæй уыд, уымæ гæсгæ Магъаладзе æмæ фæстæдæр æнæхъæн мыггаг баисты, æрæджыдæр ма хио- ны цæстæй кастысты Джыккайтæм (Джыккайты Э., 2011). ХУЫБЕТЫХЪÆУЫÆМÆДЗОМАГЪЫХЪÆУЫ ЖÆН ÆБÆРÆГМÆСЫГ Хуыбеты хъæуæй 100 м дæрддзæфæн ныгуылæнæрдæм, былмæ хæстæг, ис рагон мæсыгы хæлд,. Мæсыгы арæзтад кæй уыд, уый бæрæг нæу. Бынæттон цæрджытæ йæм цыдысты куывды Хъугомы Æргъиавды бæрæгбоны рæстæджы. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 1м хæстæг. Цасдæрбæрцæй ма бæрæгæй зынынц цæгат æмæ ныгуылæнварс къултæ. Сæ вæзн у фæйнæ 5,50 м бæрц. Амад уыд бынæттон дуры мыггагæй сыджытимæ. 46
ÆБÆРÆГХЪÆУУАТЫ МÆСЫГ Дзугаты хъæуæй 100 м цæгат-ныгуылæнæрдæм рагъы дæллаг фарс ис хъахъхъæнæн арæзтады хæлд. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй уыд мæсыгы бæстыхай. Йæ фарсыл ма уыд æндæгъд цæрæн æмæ æндæр бæстыхæйттæ дæр. Фæлæ ныртæккæ бынтондæр арæзтад иумийагæй хæлд кæй у, уымæ гæсгæ рæстмæ нал зыныц. Цасдæрбæрцæй ма бæрæ- гæй зынынц хуссар æмæ скæсæнварс къулты систæ. Æнæуи мæсыгы дæргъ æмæ уæрх сты фæйнæ 7 м бæрц. Сæ бæз- джын та зæххæй 1,30 м бæрзæндæныл хæццæ кæны 1,0 м. Бæстыхай амад уыд стыр дуртæй, цасдæр бæрц равзæрст- гонд æрмæгæй. ÆБÆРÆГ ХЪÆУУА ТЫ ГÆНАХ Г АЛ У А НИМÆ Дзугаты хъæуæй цæгат-ныгуылæнварс 200 м дæрддзæ- фæн фахсыл ис галуан-гæнах арæзтады хæлдтæ. Бæстыха- йы бындур у расткъуымон, æрмæст хуссар-ныгуылæнварс фисын у расткъуымон къахыргонд 3,70 м иуырдæм æмæ 5,00 м та иннæрдæм. Иумийагæй галуаны цæгатварс къу- лы дæргъ у 22,60 м, хуссарварс къулæн та - 20,10 м, скæсæнварс къул - 19,40 м æмæ ныгуылæнварс къулæн та - 14,40 м Арæзтад хуылфырдыгæй уыд цыппар хатæныл дих. Иуæн дзы хуылфырдыгæй йæ дæргъ æмæ йæ уæрх сты 13,50-12,0 м, дыккаг хатæнæн - 3,80-11,0 м, æртыкка- гæн - 7,10-5,50 м, цыппæрæм хатæн у гæнахы арæзтад. Уымæн та æддæрдыгæй баргæйæ йæ дæргъ у 9,40 м æмæ уæрхырдæм та 7,90 м бæрц. Ам ацы гæнах хицæн кæны уымæй æндæр гæнæхтæй æмæ йæ дæргъ цы бынаты лæууы, уымæн цæхгæрмæ нæу, фæлæ уæлейæ дæлæмæ. Иумийагæй сисгæйæ арæзтад амад æрцыд хохаг къæйдуры мыггагæй, равзæрстгонд дуртæй, амад та уыд сыджытимæ. Къулты бæзджын уыд 1,20 м æмæ сæ бæрзæнд та 2,20 м - 1,50 м. 47
МЕДОЙТЫ ГАЛУАН Галуан ис Дзугаты хъæуæй ныгуылæн цæгат-ныгуылæн- варсæрдыгæй рагъыл 400 м дæрддзæфæн. Галуан æвæрд ис ахæм бынаты æмæ йæм æнæхъæн Дзомагъгомы хъæутæ армы тъæпæнау зынынц. Ома ис æвæрд тынг стратегион бынаты. Галуаны хуылфы сæйраг арæзтад у гæнахы бæс- тыхай. Цæгат æмæ хуссар къулты вæзн у фæйнæ 8,00 м, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты вæзн та - 6,90 м. Систы бæрзæнд у 2,20 м æмæ 0,90 м. Йæ хуылфмæ бахизæн ис хус- сарварс къулыл, хуссар-ныгуылæнварс фисынæй 3,0 м, ома цасдæрбæрцæй дæрддзæфдæр лæууы хуссар-скæсæнварс фисынæй. Бахизæны бæрзæнд у 1,50 м æмæ уæрхырдæм та 0,43 м - уæлæрдыгæй, бындурмæ хæстæг та 0,60 м бæрц. Гæнахы хуссарварс æндæгъд ис æндæр хатæн. Уымæн та йæ ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты вæзн у 3 м æддæрдыгæй, цæгат æмæ ныгуылæнварс къулты вæзн та гæнахау 8,00 м. Йæ къултæй уадиссаг бæрæг ницыуал ис, ныппырх сты суанг бындуры онг. Гæнахæн йе скæсæнварс къулыл ис цыппар хъавæны, хъавæнтæ ма ис цæгат æмæ ныгуылæнварс къултыл. Гæнахы алыварс, ома галуаны 48
къултæ гæнахы алыварс амад сты тымбыл конд. Иумийа- гæй сисгæйæ та галуаны равæрд у зылд. Йæ æрбахизæн ис скæсæнварсæрдыгæй, йæ фæтæн у 0,80 м æввахс. Гæнахы цæгатварсæй галуаны къулмæ у 7,0 м, скæсæнварсæй та - 12,7 м, ныгуылæнварс къулæй 5,50 м, æмæ хуссарварс къулæй та - 7,10 м бæрц. Галуаны къултæ æмткæй амад сты хохаг кæрдгæ дурæй сыджытимæ. Медойтæ куы фæ- лыгъдысты, уæд бæстыхай куыд фæстагмæ ссис кувæндон иннæ бынæттон цæрджытæн. Куывды йæм цыдысты Ра- гъы дзуарыбоны рæстæджы. СОМИХГОМ (ГОБЕГТЫХЪÆУ). ГОБЕГТЫ ГАЛУАН Галуаны арæзтад Дзугаты хъæуæй у ныгуылæнырдæм 400-500 м дæрддзæфæн, фæзбынаты, йæ алыварс ис цалдæр ран цæрæнуæтты пырхæнтæ. Иумийагæй сисгæйæ галуаны мæсыг галуаны мидæг нæй, куыд æндæр галуанты мæсгуытæ, фæлæ йæ фарсыл æндæгъд, бæлвырддæрæй йæ æртæ фарс мæсыгæн сты галуаны къулты æддейæ. Ома уымæй мæсыг дæр æмæ æмткæй галуан дæр кодта тыхы рæстæджы æдыхдæр, хъахъхъæнджыты архайдæн хъуыд фылдæр тыхтæ. Ацы галуан дæр куыд Дзугаты хъæуы фарс- мæ цы галуан ис, уыйау уымæндæр йæ иу фисын у раст- къуымон къахыр, ома цæгат-ныгуылæн фисын у къахыр, йæ уæрх æмæ йæ фæтæн сты уыцы къахыргондæн 6,0 м - 2,0 м. Галуаны хуссарварс къулы вæзн у 20,0 м, цæгатварс къулы вæзн та 10,20 м, скæсæнварс къулы вæзн у 14,50 м, æмæ ныгуылæнварс къулты вæзн та - 12,50 м. Галуан хуылфырдыгæй дих кæны 3-4 хатæныл. Галуаны къултæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд ма у 1,20-1,50 м, сæ бæзджын та 1,20 м бæрц. Мæсыг галуанæн ис йе скæсæнварс къулыл, хуссар-скæсæнварсæй та райдайы мæсыгы ныгуылæнварс къул. Мæсыгæн йæ цæгат æмæ хуссарварс къулты вæзн у 5,40 м, скæсæн æмæ ныгуылæнварс къулты вæзн та 5,50 м, йæ къултæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд та у 2,50 м бæрц. Мæсыгы хуылфмæ бахизæн уыд хуссарварс къулыл 2,50 м бæрзæндæныл зæххы æмвæзадæй. 49
ДÆЛЛАГМАГЪ. КАСАТЫГÆНАХ Дæллаг Магъы хъæу ис Магъыдоны рахиз фарс, 80-100 м доныбылæй, 500 м дæрддзæфæн Уæллаг Магъæй. Гæнахы бæстыхай ис Дæллаг Магъы цæгат-ныгуылæн хайы ком- рæбын хохвахсыл. Фыццаг уæладзыг дуртæй кæй байдзаг, уымæ гæсгæ йæ бæстон сбарын къухты нæ бафтыд. Стæй ма бæстыхай тынг къул бынаты кæй лæууы, уымæ гæсгæ фыццаг уæладзыг цæгатæй хуссарæрдæм у бирæ нарæгдæр. Дыккаг уæладзыгæн йæ хуссар æмæ цæгатварс къулты вæзн у 8,90 м, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты вæзн та у - 9,65 м бæрц. Хуссарварс къулыл хуссар-ныгуылæн фисынмæ хæстæг ис сисы мидæг чысыл къускъгонд. Ныгуы- лæнварс къулыл хуссар-ныгуылæн фисынмæ хæстæг ис рудзынг конд рухс цæуынæн, 0,23 м у йæ бæрзæнд æмæ 0,34 м йæ уæрх. Уымæй чысыл стырдæр рудзынг та ис скæсæнварс къулыл астæуæй, уæрхæрдæм æмæ бæрзæн- дырдæм дæр у 0,32 м скæсæнварс къулыл, хуссар-скæсæн фисынмæ хæстæг та ис топпуадзæн. Хуссарварс къулыл хуссар-скæсæнварс фисынмæ хæс- тæгдæр ис хуылфмæ бахизæн. Хуылфырдыгæй хуссарскæ- сæнварс фисынæй у 2,0 м дæрддзæгæн æмæ хуссар-ныгуы- 50
лæнварс фисынæй та 3,90 м бæрц. Бахизæнæн йæ бæрзæнд у 1,65 м. Йæ уæрх бынæрдыгæй у 0,92 м куыд уæлæмæ мидæмæ базылд æмæ кæм æрбаввахс кæрæдзимæ, уым йæ фæтæн у 0,35 м бæрц. Кæм æрбаввахс кæрæдзимæ, уым йæ сæрыл ис къæйдурæвæрд. Фыццаг уæладзыгмæ бахизæн дæр ис уыцы къулыл, фæлæ ноджы æввахсдæр фисынмæ - 2,20 м дæрддзæгæн, се 'хсæн ис 1,05 м. Фыццаг уæладзыгмæ бахизæнæн йæ бæрзæнд у 1,45 м, йæ уæрх та бынæрдыгæй - 1,0 м, астæуæй - 0,92 м æмæ куыд уæлæмæ кæрæдзийыл бандæгъд зылд. Раззаг къулæн йæ бæрзæнд зæххы 'мвæзадæй у 4,60 м бæрц, иннæ къултæ чысыл ныллæгдæртæ сты. Иумийагæй систæн сæ бæзджын у дык- каг уæладзыгы æмвæзадыл 0,95 м. Гæнахы арæзтад амад уыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй сыджытимæ. Гæнахы алыварс ис цæрæн æмæ æндæр бæстыхæйтты арæзтадтæ. УÆЛЛАГ МАГЪ. ДЖЫККАЙТЫ ГÆНАХ Хъæуы дæллаг хайы цæрæн хæдзæртты хæлдты хсæн ис гæнахы бæстыхай. Цæгат æмæ хуссарварс къулты вæзн у 51
8,75 м, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты вæзн та - 9,60 м бæрц. Хуссарварс къулыл фыццаг уæладзыгы æмвæзадыл ис дыууæ рудзынг фæрсæй-фæрстæм хуссар-ныгуылæнварс фиссынмæ хæстæгдæр. Хуылфмæ бахизæн та ис хуссар скæсæнварс фисынмæ хæстæг 1,50 м дæрддзæфæн. Къулты бæзджын зæххæй дыууæ метыры бæрзæндæныл у иу метр æмæ фондз сантиметр. Æмткæй сисгæйæ ма гæнахы систæй цы баззад, уыдоны бæрзæнд хæццæ кæны 5,0 м чысыл фылдæрмæ. Дыккаг уæладзыгмæ мидæмæ бахизæн уыд ныгуылæнварс къулыл, зæххы 'мвæзадæй 2,0 м ч^ы- сыл фылдæр, хуссар-ныгуылæнварс фисынæй 1,15 м. Йæ бæрзæнд уыд 1,50 м æмæ йæ уæрх та 1,10 м бæрц. Уыцы фарс къулыл цæгат-скæсæнварс фисынмæ хæстæг та ис æддæмæ хъавæн. Скæсæнварс къулыл та ис рухсдзæуæн фæрсæгтæ - дыууæ. Хуылфырдыгæй сæ уæрх æмæ бæрзæнд у 0,30x0,40 м, æмæ æддæрдыгæй та 0,30x0,25 м. Гæнах уыд амад бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй, цасдæр бæрц бакуыстгонд æмæ равзæрстгондæй. ДЖЫККАЙТЫ ТОТИЙЫМÆСЫГ. ХУЫБЕТÆ (ДЗОМАГЪ) Таурæгътæм гæсгæ ацы мæсыг самадта Джыккайты То- ти, мыггагæй фыццаг чи æрцард Дзомагъгомы, уый. Мæсы- гы бæстыхай лæууы хъæуæн йæ цæгат-ныгуылæнварс 100 м дæрддзæфæн. Иæ бындур у расткъуымон -6м æмæ 10 см иуæрдæм, 6 м æмæ 10 см иннæрдæм. Хуссар къулы бæрзæнд у 10 м æмæ 70 см, скæсæн æмæ ныгуылæн къулы цæ- гатварс хæйттæ сты пырх, цæгатварс къулæн дæр ма йæ иу чысыл хай скæсæнварс дыууæ-æртæ метыры бæрц баззад. Мæсыгы къулты бæзджын у 1 м æмæ 40 см бындурмæ хæстæг. Куыд уæлæмæ кæнынц нарæгдæр. Хуссарварс къулыл дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл 3 м æмæ 30 см бæр- зæндыл зæххæй ис мидæмæ бахизæн, йæ уæллаг фарс у æрдæг зылд, фæтæнырдæм у 90 см, бæрзондæрдæм та 1 м æмæ 20 см, мидæгырдæм кæны фæтæндæр. Къулы хуылфы ма баззад æнæхъæнæй тулдзæй конд дуархъæд. Фыццаг уæладзыгы 'мвæзадыл ныгуылæн къулыл ис хъавæн, дык- 52
каг уæладзыгы æмвæзадыл фæйнæ хъавæны ис ныгуылæн æмæ скæсæнварс къултыл. Æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл хуссар, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къултыл ис ды- гай хъавæнтæ, цыппæрæм уæладзыгы æмвæзадыл æртæ хъавæны хуссарварс къулыл, дыууæ хъавæн ныгуылæн къулыл æмæ иу та скæсæнварс къулыл хуссар-ныгуылæн фисыны. Хъавæнтæ иуылдæр уæллаг фарс сты æрдæг зылдтытæ. Хуссарварс къулыл æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл дыууæ хъавæны 'хсæн ис уæлæрдæм здæхт хъа- вæнгонд, фæлæ йæ æддаг кæрон уымæн у расткъуымон æмæ бирæ стырдæр иннæ хъавæнæй, стæй мидæгæй дæр у стырдæр æмæ у расткъуымон, куыд æддæмæ дæллаг фарс у асингод. Бæрæг ма цæуы уый дæр, æмæ мæсыгыл кæй уыд æххуысгæнæг хъавæнтæ дæр - «машикультæ». Хуылфырдыгæй къултыл баззад æлыг сыджыты сæрсты- ты фæдтæ. Фисынты хуылфырдыгæй ис къулæй æддæмæ уагъд дурты тигътæ, æхсæнуæладзгуыты бынхъæдтæ кæ- уыл æнцой кодтой. Мæсыгы бæстыхай амад у хохаг къæй- дурæй æмæ йæ иугæнæг фæрæз та уыд сыджыт. 53
ДЖЫККАЙТЫ МÆСЫГ. ФÆЗЫДЗОМАГЪ Мæсыгы бæстыхай лæууы хъæуы цæгат-ныгуылæн хайы къуылдымыл. Йæ бындур у расткъуымон -6м æмæ 60 см иуырдæм, 6 м æмæ 60 см иннæрдæм. Йæ къулты бæрзæнд у 12 м бæрц, æрмæст къул бынаты кæй ис амад, уый тых- хæй раззаг къул, кæй зæгъын æй хъæуы, у даргъдæр фæс- тагимæ абаргæйæ. Мæсыгы систы бæзджын у 1 м æмæ 30 см, зæххæй 3 м бæрзæндæныл, куыд уæлæмæ кæнынц нарæгдæр. Хуылфмæ бахизæн арæзт у хуссарварс къулыл 5 м æмæ 50 см бæрзæндæныл зæххæй æмæ йæ конд у уæл- лаг фарс æрдæгзылд. Фæтæнырдæм у 85 см, бæрзæндыр- дæм та 1 м æмæ 25 см, куыд мидæмæ у уæрæхдæр. Къулты мидæг ис бахизæны дуархъæд, тулдзæй конд. Фыццаг уæ- ладзыг у дуртæй куырм æхгæд, дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл къултæ дæр сты куырм амад, æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл, хуссарварс къулыл ис æрмæст æрбахи- зæн. Цыппæрæм уæладзыгы æмвæзадыл алы къулыл дæр ис фæйнæ хъавæны, фæндзæм уæладзыгы æмвæзадыл скæсæн æмæ ныгуылæнварс къултыл ис дыгай хъавæнтæ, хуссарыл - æртæ æмæ скæсæныл та иу дæр нæй. Къултыл ма баззадысты æхсæнуæладзгуыты бынхъæдтæ ранæй рæтты. Мæсыг амад æрцыд хохаг къæй дуры мыггагæй, чъыр сыджыты змæстыл. 54
ДЖЫККАЙТЫ-КЪÆБЛИТЫГÆНАХ. ФÆЗЫДЗОМАГЪ Къæблитæ сты Джыккайты мыггаджы хицæн фыды- фырт. Гæнахы бæстыхай ис хъæуы уæллаг хайы, мæсыгмæ хæстæг æмæ у æрдæг хæлд бæстыхай. Йæ бындур у раст- къуымон, цæгат æмæ хуссарварс къулты фæтæн у 8 м æмæ 20 см, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты фæтæн та 7 м æмæ 80 см. Бæстыхайы къулты бæрзæнд у 7 м, скæсæн къул астæуæй чысыл фæкъахыр. Хуссар къулы иу хай ныгуылæнварс у калд æмæ ма калд у ныгуылæн къулы хуссар фарс хай дæр, йæ фæтæн у 4 м æмæ 60 см. Къултæн та сæ бæзджын у 1 м æмæ 10 см, куыд уæлæмæ кæнынц нарæг- дæр. Хуссарварс къулыл дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл ис æрбахизæн, йæ уæллаг фарс у æрдæг зылд, фæтæнырдæм у 90 см æмæ уæлæрдæм та 1 м æмæ 70 см, куыд мидæмæ кæны уæрæхдæр. Уыцы къулыл ма æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл ис æртæ хъавæны, фæйнæ кæрæтты, иу та астæуæй. Хъавæнтæ ма ис скæсæнварс къулыл æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл - дыууæ фисынмæ æввахс рæтты. Иу хъавæн та ис ныгуылæн къулыл, уый дæр æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл. Гæнах уыд цыппар уæладзыгон. Бæстыхайы арæзтадон æрмæг уыд хохаг къæй дур æмæ бы- нæттон дуры мыггаг. Къултыл ма бæрæгæй зынынц æлыг сыджыты сæрстытæ. 55
ДЖЫККАЙТЫ-ХОСИТЫ ГÆНАХ. ФÆЗЫДЗОМАГЪ Хоситæ сты Джыккайты мыггаджы хицæн фыды фырт. Гæнахы бæстыхай ис хъæуæн йæ хуссар-скæсæн фарс. Йæ бындур у расткъуымон -8м æмæ 40 см иуырдæм, 8 м æмæ 40 см иннæрдæм. Къулты бæрзæнд у 5 м, сæ бæзджын та 1 м æмæ 20 см, куыд уæлæмæ кæнынц нарæгдæр. Гæнахæн ис æртæ бахизæны, иу цæгатварс къулыл, дыккаг уæла- дзыгы æмвæзадыл, иннæ дыууæ та скæсæнварс къулыл цæгат-скæсæн фисынмæ æввахсдæр, сæ иу фыццаг уæладзыгмæ хизæн, аннæ та дыккаг уæладзыгмæ, æмæ сты æвæрд иу иннæйы сæрмæ. Бахизæнтæ æртæ дæр сты уæ- лæрдыгæй фарс æрдæгзылд конд, сæ бæрзæнд у 1 м æмæ 70 см, фæтæнырдæм та 95 см, куыд мидæмæ кæнынц уæ- рæхдæр. Хуссарварс къулыл фыццаг уæладзыгы ис чысыл къускъ арæзт. Дыккаг уæладзыгы хуссарварс къулыл ис дыууæ хъавæны æмæ фæйнæ иугæйттæ та ныгуылæн æмæ скæсæнварс къултыл. Гæнахы бæстыхайы арæзтадон æрмæг уыд хохаг къæй дур æмæ йæ алыварс чи æмбæлы, ахæм дуры мыггаг. Дурты иугæнæг фæрæз та у сыджыт. 56
ПЛИТЫ-КЪÆЗЗА ТЫ 2-аг ГÆНАХ. КЪÆЗЗАТÆ (ДЗОМАГЪ) Плиты мыггаджы Къæззаты фыды фырты 2-аг гæнахы бæстыхай лæууы фыццаг гæнахы фарсмæ скæсæнæрдыгæй æмæ у æрдæг пырх. Бæстыхай уыд æртæ уæладзыгон, йæ систы бæрзæнд у 6 м бæрц, сæ бæзджын та дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл у 90 см. Йæ бындур у расткъуы- мон - 11 м иуырдæм æмæ 11 м та иннæрдæм. Хуссарварс къулыл фыццаг уæладзыгы æмвæзадыл хуссар-скæсæн фисынмæ хæстæг дæр ис гæнахы хуылфмæ бахизæн, йæ бæрзæнд у 1 м æмæ 50 см бæрц, йæ фæтæн та 1 м бæрц. Бахизæнæн йæ уæллаг фарс у æрдæгзылд арæзт. Уыцы къулы, иннæ фисынмæ хæстæг, дæр ис арæзт хъавæн. Дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл уыцы къулыл ис дыууæ рудзынгы, хуссар-ныгуылæн фисынмæ хæстæг дæр цы рудзынг арæзт ис, уымæн йæ бæрзæнд у 1 м æмæ 50 см, йæ фæтæн та 60 см. Иннæ фисынварс та кæцы ис, уымæн дæр йæ уæллаг фарс арæзт у æрдæг зылд, йæ бæрзæнд у 1 м æмæ 50 см, йæ фæтæн та 70 см. Скæсæнварс къулыл ис дыууæ бахизæны, иу фыццаг уæладзыгмæ, иннæ та дыккагмæ. Фыццаг арæзт у чысыл хуссар-скæсæн фисынмæ хæстæг дæр. Йæ уæллаг фарс у æрдæгзылд, йæ бæрзæнд у 1 м æмæ 50 см бæрц, фæрсырдæм та 1 м бæрц. Дыккаг бахизæн та у арæзт ноджы æввахс дæр фисынмæ, йæ бæрзæнд у 1 м æмæ 60 см, йæ фæтæн та 90 см. Ацы къулы дыккаг æмвæзадыл цæгат-скæсæнварс фисынмæ хæстæгдæр ис арæзт иу хъавæн. Иу хъавæн ма ис ныгуылæн къулы дыккаг æмвæзадыл, цæгат-ныгуылæн фисынмæ хæстæг дæр. Бæстыхай арæзт æрцыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй æнæ иугæнæг фæрæзæй. ПЛИТЫ - КЪÆЗЗА ТЫ 3-аг ГÆНАХ. КЪÆЗЗАТÆ (ДЗОМАГЪ) Къæззатæ сты Плиты мыггаджы хицæн фыды фырт. Сæ гæнахы бæстыхай ис дыккаг гæнахы скæсæнварс æмæ у бынтон пырх бæстыхай. Гæнахæн йæ бындур у расткъуы- 57
мон - 10 м иуæрдæм, 10 м та иннæрдæм. Хуссар æмæ скæ- сæн къулты бæрзæнд ма у 1 м æмæ 50 см бæрц, цæгат æмæ ныгуылæнварс къулты бæрзæнд та 5-6 м. Къулты бæзджын фыццаг уæладзыгы æмвæзадыл у 1 м. Цæгатварс къулы тæккæ астæу дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл ис арæзт чысыл къускъ - 30 см йæ фæтæн æмæ 25 см та йæ бæрзæнд. Ныгуылæнварс къулыл дыггаг уæладзыгы æмвæзадыл цæгат-ныгуылæн фисынмæ хæстæгдæр ис иу хъавæн. Гæнахы бæстыхай арæзт у хохаг къæйдуры мыггагæй, йæ систы дуртæ сты цасдæрбæрцæй бакуыстгонд æмæ у сурамад, ома æнæ сыджытæй. ПЛИТЫ ~ КЪÆЗЗАТЫ 4-æм ГÆНАХ. КЪÆЗЗАТÆ (ДЗОМАГЪ) Къæззатæ сты Плиты мыггаджы хицæн фыды фырт. Сæ гæнахы бæстыхай ис 3-аг гæнахы фарсмæ скæсæнæрдыгæй æмæ у бынтон дæр пырх бæстыхай. Йæ бындур у раст къуымон - 10 м иуырдæм æмæ 10 м та иннæрдæм, къулты бæзджын та у фыццаг уæладзыгы æмвæзадыл 1 м бæрц. Цæгатварс къулы бæрзæнд у 5-6 м, иннæ къултæ сты бынтон пырх, сæ бæрзæнд ма ранæй-рæтты хæццæ кæны 1-2 м. Бæрæг куыд цæуы, афтæмæй ныгуылæнварс къулыл фыццаг уæладзыгы æмвæзадыл уыд дыууæ рудзынгы æмæ сæ астæу та гæнахы хуылфмæ бахизæн. Иу бахизæн ма уыд хуссарварс къулыл хуссар-ныгуылæн фисынмæ хæстæгдæр ран. Гæнахы бæстыхай арæзт уыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй æмæ йæ дуртæ уыдысты цасдæр бæрцæй бакуыстгонд. ДЖЫККАЙТЫ ЗÆППÆДЗТÆ. ФÆЗЫДЗОМАГЪ Хъæубынатæй цæгат-скæсæнварсырдæм 150 м дæрд- дзæфæн ис æрдæгзæхбын зæппадзы арæзтад. Йæ бахизæн ис скæсæнварсæрдыгæй 0,90 м бæрзæндæныл. Йæ уæрх æмæ йæ бæрзæнд сты фæйнæ 0,60 м бæрц. Бахизæны 58
æмвæзадыл къулы бæзджын у 1Д0 м бæрц. Хуылфырды- гæй зæппадзы дæргъ у 3,20 м æмæ уæрхырдæм та 1,90 м, йæ бæрзæнд та 2,50 м. Арæзтады къултæ амад уыдысты бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй, цасдæрбæрцæй сты бакуыстгонд æмæ равзæрстгонд, йæ систы дуртæ æвæрд цыдысты æнæ иугæнæн фæрæзæй. Фыццаг зæппадзæй ныгуылæнырдæм 20 м дæрддзæ- фæн уыд дыккаг æрдæгзæхбын зæппадзы арæзтад. Йæ къултæ æркалдысты æмæ уадиссаг ницыуал бæрæггæнæн- тæ ис сисæн. Амад уыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй сыджытимæ. Йæ бахизæн уыд скæсæнварсæрдыгæй. МЕДОИТЫ ЗÆППАДЗ Медойты мыггаджы зæппадз ис Дзугаты хъæуæй 100 м ныгуылæнæрдæм дæр, хохрагъы суанг хъæдрæбын. Йæ бахизæн ис хуссарварсæрдыгæй, зæххæй 0,90 м бæрзæн- 59
дæныл. Йæ уæрх у 0,60 м æмæ йæ бæрзæнд та 0,65 м. Бахизæны æмвæзадыл йæ къулы бæзджын у 1,20 м бæрц. Хуылфырдыгæй йæ дæргъ у 2,45 м, уæрхырдæм та 2,30 м æмæ йæ бæрзæнд та 2,25 м. Арæзтады къултæ амад æрцы- дысты бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй, цасдæрбæрц сты бакуыстгонд æмæ равзæрстгонд. БИБЛИОГРАФИ Беджызаты Д. Г Чи сты сыгъдæг Æгъуызатæ. Жур. «Мах дуг», №7, 2007. Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу, 2005. «Ирыстон». Гаглойты 3. Д. Известия ЮОНИИ. Вып. 11. Осетинские фамилии в Юго-Осетии. - Цхинвал, 1962. «Госиздат». Гаглойты 3. Д. Зæххы куыст Къуыдаргомы. Жур. «Фи- диуæг», №5. 2007. Гаглойты Ю. С. Проблемы этнической истории южных осетин. - Цхинвал, 1996. Дзиццойты Ю. А. Скифаг æмæ алайнаг æвзæгты фæд Ирыстоны топонимийы. Жур. «Мах дуг», №7,1996. 60
Джыккаиты Ш. Ф. Ирон таурæгътæ. - Орджоникидзе, 1989. «Ир». История Юго-Осетии. 2 хай. - Сталинир, 1960. Госиздат. История Юго-Осетии. 3 хай. - Цхинвал, 1961. Госиздат. Мæргъиты И. Т. Губаты мыггаджы историйæ. Газ. «Хур- зæрин», № 9. 06.02.08 аз. Цоциты А. Р. Феномен 5ШХ - ШÆЬ как координата перехода человечества к цивилизации. ЗШХШÆЬ - Цхинвал, 2000. Цхуырбаты 3. Д. Материалы по топонимике и гидронимике Южной Осетии. Уацтæ. 16 рауагъд, - Цхинвал, 1969. «Мецниереба». Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии XIX- XX вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Цхуырбаты 3. Д. Социалон термин æрмыдзыд. Жур. «Фидиуæг», №7,1965. Цхуырбаты 3. Д., Дзиццойты Ю. А. Топонимия Южной Осетии. Том 1. - Москва, 2013. «Наука». Информанттæ Джыгкайты Эльбрус. Дзомагъаг 22.11.2011. Цхинвал. Плиты Лерикы фырт Вадим. 10.04.2015. Цхинвал. 61
ЕДЫСЫ ЗЫЛД Едысы зылд ис Урстуалты цæгат-скæсæн хайы, Хъæд- ласæн, Лæгъзцъити, Кода æмæ æндæр хæхты дæллаг хъуы- ры. Едысы зылд æмарæн кæны: Ермангом, Тырсыгом, За- хъагом, Челиатгом æмæ Брытъатгомимæ. Комбæстæн йæ равæрд у зылын цыппаркъуымон. Скæсæнæй ныгуылæн- æрдæм зæххы равæрды дæргъ у 6 км бæрц æмæ хуссарæй цæгатмæ та 4 км æввахс. Едысы зылды ис ахæм фæрсаг кæмттæ: Гæлыуаты ком, Хъæдласæны ком, Куыройгом æмæ æндæртæ. Стыр Леуахи донмæ цæгатæрдыгæй иу кæны Едысы дон. Едысы доны фæрсаг къабæзтæ сты: Ходзыдон, Хъæдласæны дон, Лæгъзцъитийы дон æмæ æндæртæ. Едысы хъæу Адæмон таурæгътæм гæсгæ Едысы зылды ивгъуыд рæстæджы уæвынад кодтой Царциаты знæмтæ, ома ирон адæмы мифон фыдæлтæ. Историон æрмæджытæй куыд цæуы бæрæг, афтæмæй Едысы зылды иумийагæй хæххон 62
Ирыстоны рагастæуккаг æнустæй фæстæмæ цардысты ирайнаг знæмты хицæн минæвæрттæ, ома ирон адæмы фы- дæлтæ - туалтæ. Историон туалты знæмтæ æмæ таурæгъон царциатæ иу знæмтæ уыдысты, уымæн æмæ Ирыстоны кæмдæриддæр царциатимæ бает бынæтты нæмттæ æмбæ- лы, уыцы бынæтты раг æнустæй фæстæмæ уæвынад код- той туалты знæмтæ. Ома туалтæ æмæ царциатæ иу адæм уыдысты. Фольклорон æрмæджытæй ма куыд цæуы бæрæг, афтæмæй ма царциатæй дарддæр хæххон Ирыстоны, ома Урс туалты зылды, зындгонд уыдысты Цъырынгатæ, Сухтæ, Хуырымтæ æмæ Цъыбырттæ. Фыссынады ратæдзæнтæм гæсгæ Ходзы æмæ Къабузты нæмттæ куыд Уæллаг Урстуалты хъæутæ, афтæ бæрæг цæ- уынц XIV æнæустæй фæстæмæ [История Осетии, 1962. Ф. 96]. Археологон æрмæджытæм гæсгæ Едысы хъæуы фарсмæ Ходзы хъæу Царциаты Калакы уыд чысыл сæудæджерадон æмæ æрм- дæсныты сахар [Дзаттиаты, 2002. Ф. 89-90]. Куыд рабæ- рæг, афтæмæй дзы разынд 80 фылдæр цæрæн æмæ æндæр хæдзарадон бæстыхæйтты бындуртæ. Дзаттиаты Русланы 63
хъуыдымæ гæсгæ, уый сыгъд æрцыд чысаны ерыстауты хæстон ныббырсты фæстиуæгæн. Царциаты Калак йæ рæс- тæгмæ гæсгæ уыд стыр нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм сахар. Едысы хъæуы номы равзæрд таурæгътæм гæсгæ бает у Царциаты Ахуыйы фырт Едыссæимæ. Зæгъгæ, царциатæ куы фесæфтысты, уæд ма фæстаг хатт, Едыссæ ардæм æр- балыгъд æмæ уЫмæ гæсгæ бынат йæ номыл баззад [Та- хъазты, 2000. Ф. 275-276]. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй царциаты сæфты фæстæ Беджызатæ Едысмæ куы æрлыгъдысты, уæд хъæубынаты уыд стыр тархъæд æмæ дзы афтæмæй æрцардысты [Гаг- лойты, 2005. Ф. 51]. Ам хабар уый мидæг ис æмæ царциатæ бæрæг æмæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ куы аскъуыдысты, уæд, æвæццæгæн, Едыс 100-200 азы бæрц уыд æдзæрæг æмæ дзы тар хъæд дæр уымæн сырæзт. Таурæгътæм гæсгæ, Едысы хъæу царциаты фæстæ федзæрæг æмæ ехъæд. Беджызатæ фæсхохы цардысты, дыууæйæ Саудженыхъ æмæ Ахан лæг амардтой æмæ ралыгъдысты, фæдзæгъæл сты æмæ æрхаудтой Едысмæ. Уæд бæстæ уыд æдзæрæг, фæлæ дзы рыййæфтой æрдæгзæхбын зæппадз æмæ уый фарсмæ æрцардысты. Фæстæдæр ма ардæм æрвадиуæджы тыххæй æркодтой Æлбегаты, Букуылты æмæ Къобеты (Хуыбиаты). Æлбегатæ æрцардысты суадоны сæрмæ, Букуылтæ Бры- тъаты æмæ Къобетæта Æлбегаты ныхмæ хъæды. Беджызатæ тынг сбирæ сты æмæ æрцардысты æртæ раны: Едысы - Сыбæлойы цæуæт, Тæхойы Хъугомы - Æхджеры цæуæт æмæ Хъæдласæны цъитийы цур та - Саудженыхъхъы фырттæ. Сæ фæстæ ма æрцыдысты Тотыратæ, Гæбуатæ, Гæлыуатæ æмæ æндæртæ. Беджызатæ Едысы цæрынц 16 фæлтæрæй фылдæр [Гаглойты, 2005. Ф. 50-51]. Беджыза- ты æрвадæлтыл нымад цæуынц Хетъетæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 226]. Æндæр вариантмæ гæсгæ та Дауиатæ, Кодитæ, Бе- ройтæ, Хатизатæ [Гаглойты, 2005. Ф. 228]. Гæлыуатæ Гæлыуаты хъæумæ æрцыдысты Цымытийы хъæуæй, ныр дæр ма уым ис сæ мæсыг æмæ сæ хæдзæртты хæлдтæ. [Гаглойты, 2005. Ф.72]. Гæлыуаты хъæуы дæр сын уыд дыууæ мæсыг, сæ иу расткъуымон, иннæ та гуылдзыг 64
Гæлыуатæ мæсыг. Фольклорон зонæнтæм гæсгæ, Къабузты хъæуы Тотраты æмæ Бураты мыггæгты размæ цардысты Еккаты мыггаг [Гаглойты, 2005. Ф. 250]. Æлбегаты мыггаг ардæм æрцыд Хынцæджы хъæуæй [Гаглойты, 2005. Ф. 41]. Æндæр таурæгътæм гæсгæ та Са- нибайæ æрцыдысты [Ирон адæмон аргъæуттæ, 1962. Ф. 133]. Сæ цæрæн бынаты цы мæсыджы бындур ис, уый Æлбегаты мæсыг дæр хонынц æмæ Колыты мæсыг дæр. Æр- вадиуæг кæнынц Икъатæ æмæ Битартимæ [Гаглойты, 2005. Ф.225]. Къобетæ дæр Санибайæ æрцыдысты [Ирон адæмон ар- гъæуттæ, 1962. Ф. 133], Къобеты фæцагътой Æлбегатæ, чи ма сæ аирвæзт, уыдон фæлыгъдысты æндæр ранмæ. Къобетæ Хуыбиатæ кæй уыдысты, уый тыххæй кæс [Ирон адæмон аргъæуттæ, 1962. 3 хай. Ф. 133]. Къобеты мыггаг аскъуыд мыггагон тохты рæстæджы Албегатимæ. [Дзаттиаты Р., 2002. Ф. 292]. Бынаты ном дæр хуыйны Къобетæ, ис дзы хæдзæртты систы пырхæнтæ. Колытæ дæр Едысы цардысты. Колытæй иу, Хила зæгъгæ, уыд ^Æлбегаты хæрæфырт, æмæ цæргæ дæр сæ цуры кодта. Йæхицæн самадта мæсыг дæр. Иурæстæджы Хъуды абырджыты æлдæрттæ æгæр кæй æстыхсын код- 65
той, уымæ гæсгæ æрынцадысты Колыты мæсыджы. Æл- дæрттæ æмæ хицæуттæ уый куы базыдтой, уæд Хиламæ барвыстой, дæ уазджыты ратт, зæгъгæ, фæлæ сын уый не сразы. Æфсад Æлбегаты сыхыл æртыхстысты æмæ мæсы- гы æхстой. Хъуды абырджытæ иу къуырийы бæрц бафæ- рæзтой сæ ныхмæ æмæ нæмыгцух кæнын куы байдыдтой, уæд мæсыг ныууагътой. Уый базонгæйæ æфсад æссыдыс- ты, мæсыг ныппырх кодтой, Хила æмæ йын йæ бинонты та ахсгæ æркодтой, Сыбыры хай сæ фæкодтой. Хилайæн ма йæ лæппу аирвæзт, уый Гудзаретмæ фæлыгъд æмæ уым ногæй Колытæ рамыггаг кодтой. [Беджызаты, 1992.]. Сæ æрвадæлтыл нымад цæуынц Къомайтæ [Гаглойты, 2005. Ф.230]. Бураты мыггаг Мидæггаг Уыналæй рацыд, ныр дæр ма уым ис сæ номыл Бураты дзуар. Уырдыгæй сæ иу ралыгъд фыццаг Захъхъамæ, стæй та Къабустæм. [Гаглойты, 2005. Ф. 60]. Сæ æрвадæлтыл нымад цæуынц Зæгъойтæ æмæ Пæр- рæстатæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 227]. Джеллытæ Урстуалтæм ралыгъдысты Куырттаты ко- мæй Дзуарыхъæуæй. Уым Черджиаты мыггагæй фæхицæн сты Джелы, Гæбуа æмæ Гаха. Уыдонæй сæ иутæ æрцардыс- ты Барзыхъæуы, иннæтæ та æфцджытыл ахызтысты Хус- сар Ирмæ æмæ æрцардысты Уæллаг Ерман æмæ Ходзы. Равзæрдис сæ мыггæгтæ - Джеллытæ, Гæбуатæ, Гахатæ. Джеллытæй Гуырдзыстонмæ чи афтыд, уыдон фыссынц Гелдишвилитæ. Джеллытæн æрвадæлтæ сты - Гæбуатæ, Гелдытæ, Гахатæ æмæ Гæджынатæ [Гаглойты, 2005. Ф. 88-89]. Джеллытæ цардысты Уæллаг Ерман æмæ Ходзы. Ерманы сын уыд дыууæ мæсыг æмæ иу гæнах, Ходзы та дыууæ мæсыджы. Дзестæ дæр Едысмæ æрцыдысты Санибайæ. Сæ æрвадæлтæ та сты Кодзыртæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 84]. Тотраты рагфыдæлтæ Ходзы хъæумæ æрыфтыдысты Куырттаты комæй, Дæллагхъæуæй. Æнæуи та сæ рагфы- дæл уыд Багатæй - Тотыр зæгъгæ, æмæ йæ номæй равзæрд ног мыггаг. Сæ æрвадæл мыггæгтыл та нымайынц Бага- ты, Джергаты æмæ Гамахарты [Гаглойты, 2005. Ф.150]. 66
Къабузтæ Баситæ рацыдысты Цæйы комæй. Ам сæ æрвадæлтыл нымадтой Дзалаты æмæ Гогаты. [Гаглойты, 2005. Ф. 48]. Æндæр вариантмæ гæсгæ та: Кънататæ, Дзлиатæ, Гогатæ, Таиратæ [Гаглойты, 2005. Ф. 226]. Басатæ фыццаг цардысты Цымытийы Куырттаты комы æмæ сæ рагфыдæл Бас чи уыд, уый лæг амардта, æмæ афтæмæй æрбафтыд Едысмæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 47]. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ та, Едысы Басатæ равзæрдысты Куырттаты коймаг Инарыхъойæ. Уый уарзта Зæрæмæджы хъæуккаг чызг Минтæйы, фæлæ йæ йæ ныййарджытæ æндæр мыггагмæ моймæ дæттой. Уый зонгæйæ Инарыхъо чындзхæсджыты дзæмбытæй йе 'мбæлттимæ Минтæйы раскъæфта æмæ хæхтыл хуссармæ рахызтысты, сæхи Едысы уазæг бакодтой. Ам сæ хорз райстой, зæхх дæр ма сын балæвар кодтой. Уæдмæ сын фæзынд кæстæртæ дæр, æмæ Басатæ Едысы цалдæр хæдзар баисты [Беджызаты, 2004]. Æрвадиуæг кæнынц Торчынтимæ [Гаглойты, 2005. Ф. 226], æндæр вариантмæ гæсгæ та Хъаратимæ [Гаглойты, уый дæр уым]. Æртыккаг вариантмæ гæсгæ - Джимитæ æмæ Гусойтимæ [Уый дæр уым]. Цыппæрæм вариантмæ гæсгæ та - Алидзатæ æмæ Гусатимæ [Гаглойты, уый дæр 67
Уæйгуыты мæсыг уым, ф. 227]. Гугкатæ дæр Едысмæ æрыфтыдысты Уæл- ладжыры комæй. Сæ æрвадæлтыл та нымайынц Габеты. [Гаглойты, 2005. Ф. 74]. Æндæр вариантмæ гæсгæ та - Кцой- тæ æмæ Зыкъуыртæ. [Гаглойты, 2005. Ф. 230]. Мамитæ Нарæй æрцыдысты Едысмæ, ардæм сæ чи æр- цыд, уый Бызæ хуынд æмæ йæ Беджызатæ сæ фарсмæ æрцæрын кодтой. Фæстæдæр ын сæ гæнах дæр раттой. Беджызатæ Бызæйы хорз кæй райстой, уымæ гæсгæ абондæр ма æрвады зæрдæ дарынц кæрæдзимæ, сæ æхсæн чызг куырд нæ æрцыд. [Беджызаты, 1992.]. Æрвадиуæг кæнынц Хетæгкатимæ [Гаглойты, 2005. Ф. 230]. Едысгоммæ хауынц: Едыс, Тахойы хъугом, Гæлыуатæ, Æлбегаты цæрæнуат, Къобетæ, Къабузтæ (Дæллаг хъæу, Фаллаг хъæу) æмæ Ходз. Цардысты дзы ахæм мыггæгтæ: Едысы - Беджызатæ, Дзестæ, Дзукъатæ, Гуккатæ, Баситæ, Басатæ. Тахойы хъугомы - Беджызатæ, Æлбегаты цæрæн- уаты - Æлбегатæ æмæ Колытæ, Къобетæм - Къобетæ (Хуы- биатæ), Къабузты (Дæллаг хъæуы) - Тотратæ, Къабузты (Фаллаг хъæуы) - Буратæ, Гæлыуатæм - Гæлыуатæ, Ходзы - Джеллытæ æмæ Тотратæ. 68
Ацы зылды куывтой ахæм зæдтæн æмæ кувæндæттæн: Аларды - Ходзы, Гæлыуаты дзуар, Калачы дзуар, Кувæн- дон - Къабузты, Мады-Майрæм - Гæлыуаты, Мады-Май- рæм - Ходзы, Реком - Едысы, Реком - Къабузты, Реком - Ходзы, Таранджелоз - Едысы, Тбау Уацилла - Едысы, Тутыры кувæндон - Къабузты, Уацилла - Ходзы, Ходзы Уастырджы, Хоры Уацилла - Едысы, Хохы дзуар - Ходзы, Цыргъы дзу- ар - Едысы, Хъуды Майрæм - Едысы (Сланты, 2009. Ф. 176-179). Гæлыуаты мыггаг ма кодтой куывд уалдзæджы тыххæй дæр. 1830-æм азты Едысы цард - 11 хæдзары, Ходзы - 14, Къабузты - 9, Гæлыуаты (Уæллаг Къабузтæ) - 6 хæдзары [История ЮО, 1960. Ф. 59]. 1852 азы Едысы зылды цард: Едысы - 19 хæдзары, уыдоны - 77 нæлгоймаджы æмæ - 56 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 133 адæймаджы. Къабузты (Гæлыуатимæ) цард - 14 хæдзары, уыдоны - 42 нæлгоймаджы æмæ - 37 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 79 адæймаджы. Ходзы хъæуы цард - 14 хæдзары, уыдоны - 54 нæлгоймаджы æмæ - 43 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 97 адæймаджы [История ЮО, 1960. Ф. 96]. 1860-æм азты Гæлыуаты цард - 4 хæдзары, Едысы - 20, Къабузты - 5 æмæ Ходзы та - 14 [История ЮО, 1961. Ф. 547]. 1926 æм азы Ходзы хъæуы цард - 73 адæймаджы, Гæлыуаты - 52, Едысы - 129, Къабузты - 36. [Цхуырбаты, 2007. Ф. 154-155]. 1856 азы Рукъы приходон сколайы ахуыр кодтой Беджызаты (Баситы) - ? Федыр, Максим, Дауыт, Георгий, Петр, Иван, Миха, Иван, Беджызаты Григол æмæ Мамиты Фома [История ЮО, 1960. Ф. 612-613]. 1896 азы Едысы райдиан скъолайы ахуыргæнæг уыд Санахъоты Иван. [История ЮО, 1961. Ф. 676] 1897 азы Едысы ахуыргæнæгæй куыста Табунидзе. [История ЮО, 1961. Ф. 683]. 1840-æм азы растады раззагондæр архайджытæ уы- дысты: Албегаты Гуырдзыбег, Дзесты Дауыт, Джеллыты Батрадз, Беслан æмæ Пъепъе [История ЮО, 1960. Ф. 416]. 1850-æм азы растады раззагон хайадисджытæ уыдыс- ты: Беджызаты Гука, Хачеты Цъицъа, Тотраты Огъо, Ги- цо, Джалает (Дзылæу) [История ЮО, 1960. Ф. 503] æмæ Баситы Реуаз. Фæстæдæр уырысы æфсад хæххон Ирыстоны 69
куы басастой, уæд сæ раззагондæртыл скодтой карз тæр- хæттæ, кæй дзы ауындзгæ æркодтой, кæй та фæхастой дард Сыбырмæ. Уыцы нымæцы Баситы Реуаз æфсæддон тæр- хондоны уынаффæмæ гæсгæ хает æрцыд цæрæнбонтæм Сыбырмæ [История ЮО, 1960. Ф. 508-509]. Амынæты кæй ракодтой, уыдоны нымæцы уыдысты Беджызаты Хъаплан æмæ Бато [История ЮО, 1961. Ф. 489]. 1850-æм азты уырысы æфсады дæлхæйтты æмæ æдда- гон хæстыты хайад иеджытæ уыдысты: Беджызаты Пъе- пъе, Тотраты Тасел, Джеллыты Тотрадз [История ЮО, 1961. Ф. 483-484], Мамиты Коко, Донукашвили Аско, Тотраты Гицо æмæ Таныхъо, Джеллыты Зауырбег [История ЮО, 1961. Ф. 489]. Едысы зылдæй рацыд зындгонд адæм. Таурæгъгæн- джытæ - Бураты Дзакко, Беджызаты Леуан, Мамиты Гæм- сыр æмæ æндæртæ. Беджызаты Леуан фæцард 149 азы бæрц. Бæхмæ сгæпп кодта æмæ æвзæр гæпп кæй скодта, уый тыххæй бæхæй иннæрдæм ахауд æмæ зæххыл сæмбæлд. Фысджытæ - Дзесты Куыдзæг, Гуккаты Шамил, Беджызаты Чермен, Гæлыуаты Акимæ æмæ æндæртæ. Революцийы хъæбатыр хæстонтæ - Беджызаты Герас, Чермен, Дауыт, Едыс. Уацилла 70
Мелитъон, Алыкси, Гуккаты Лентъо, Дзесты Аврам, Тотра- ты Асланбег. Баситы Сандро - зындгонд куырд. Гуккаты Дзатте - ХИЗИИ зонадон кусæг, Гуккаты Евелина - СССР-ы æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист æ.а.д. Кады лæгтæ Тотраты Афæхъо, Мамиты Æмзор, Беджызаты Пепе æмæ а.д. Едысы зылды ис ахæм кувæндæттæ: Едысы - Мады- Майрæм, Калачы дзуар, Гобеты кувæндон, Атынæг, Реко- мы кувæндон, Таранджелоз, Тыбауацилла; Уацилла, Хъуды майрæм, Цыргъыдзуар, Ходз - Кувæндон (Дзуар), Галæр- гæвдæн (Аларды), Мады-Майрæм, Нырыбардуаг, Реком, Уацилла, Ходзы Уастырджы, Хохыдзуар, Гæлыуатæ - Рагъы- дзуар, Къабузтæ - Мады-Майрæм, Кувæндон, Рекомы кувæндон, Сиры дзыхъхъ, Тутыртæ, Хоры Уацилла, Гæлыуатæ - Мады-Майрæм. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2013. Ф. 168- 161]. ЕДЫС. ÆЛБЕГАТЫ ЗÆППАДЗ Хъæуæй скæсæнварсæрдыгæй 70-80 м дæрддзæфæн ис æрдæгзæхбын зæппадзы арæзтад. Йæ бахизæнварс къулы уæрх æддæрдыгæй у 2,20 м æмæ йæ бæрзæнд та 2,10 м 71
бæрц. Хуылфæрдыгæй та йæ дæргъ у 3,30 м, йæ уæрх 2,10 м æмæ йæ бæрзæнд та 2,50 м бæрц. Йæ бахизæн ис хуссарварс къулыл, зæххы æмвæзадæй у 1,75 м бæрзæндæныл. Ми- дæмæ хизæн æддæрдыгæй у уынгæгдæр 0,50 м йæ уæрх æмæ 0,42 м йæ бæрзæнд. Хуылфырдыгæй та йæ бæрзæнд у 0,60 м æмæ йæ уæрх та 0,70 м бæрц. Бахизæны æмвæзадыл йæ къулы бæзджын у 0,80 м. Амад æрцыд бынæттон дуры мыггагæй. [Дзаттиаты. 2002. Ф. 315]. ТОТРАТЫ ЗÆППАДЗ. КЪАБУЗТЫХЪÆУ Хъæуы уæллаг фарс ис æрдæгзæхбын зæппадзы арæз- тад. Йæ бахизæн ис хуссарварсæрдыгæй. Йæ хуссарварс къулы æддаг фарсы уæрх у 4,35 м бæрц, йæ бæрзæнд та 4,1 м. Йæ бахизæн ис зæххæй 1,35 м бæрзæндæныл. Йæ уæрх у 0,55 м æмæ йæ бæрзæнд та 0,52 м бæрц. Йæ сæр уыд дыу- уæрдæм агъуыст хохаг къæйдуры фарктæй. Хуылфæрдыгæй йæ дæргъ у 5,50 м, уæрхæрдæм 2,80 м æмæ йæ бæрзæнд та 2,76 м бæрц. Мидæгæй къултæ сæрст уыдысты æлыгсыджытæй. Йæ къултæ амад сты бынæттон дуры мыггагæй. [Дзаттиаты. 2002. Ф 317] 72
ХОДЗ. ДЖЕЛЛЫТЫ ЗÆППАДЗ Хъæуы кæрон скæсæнварс ис æрдæгзæхбын зæппадзы арæзтад. Йæ бахизæн ис цæгат-ныгуылæнварс къулыл 0,30 м бæрзæндæныл. Бахизæны уæрх у 0,50 м æмæ йæ бæрзæнд та 0,47 м бæрц. Бахизæн къулы æддаг бæрзæнд у 2,0 м æмæ йæ уæрх та 3,70 м бæрц. Бахизæны сæрмæ йæ рахиз æмæ галиуварс ис къулæй æддæмæ чи æнцайы, ахæм къæйдуртæ, кæцытæ сты астæуæй хуынчъытæ, сæ нысаниуæг бæрæг нæу [Дзаттиаты, 2002. Ф. 317]. ЦАРЦИАТЫ КАЛАКЫ СÆЙРАГ МÆСЫГ Царциаты къуылдымы тæккæ сæр, цæрæн хæдзæртты пырхæнты æхсæн ис рагон мæсыгы бындур. Ацы мæсыгы бындур абон зыны археолог Дзаттиаты Р. археологон куыс- ты фæстиуджыты фæрцы. Ацы арæзтады бындур у раст къуымон -7м æмæ 20 см хуссар æмæ цæгатварс систы уæрх, 6 м æмæ 80 см бæрц ныгуылæн æмæ скæсæн фæрсты уæрх, сæ бæрзæнд у 2-3 м æмæ сæ бæзджын та 1 м æмæ æрдæгы 73
бæрц. Мæсыгы систæ амад сты хъæбæр дуры мыггагæй, цасдæр бæрц бакуыстгонд æмæ равзæрстгонд дуртæй. Дур- ты æхсæн нæй иугæнæг фæрæз, ома амад уыд «сур амад», «ирон амад». Уæлдæр загъдгонд ахуыргонд куыд зæгъы, афтæмæй Царциаты калак уыд астæуккаг Кавказы сæудæ- джерадон æмæ æрмдæсныты сахартæй сæ иу. Уый пырх æр- цыд Чысаны ерыстауты ныббырстыты фæстиуæгæн, ома уæвынад кодта 1У-Х1У æнусты. [Дзаттиаты Р., 202. Ф. 89-90]. Уæдæ куыд уынæм афтæмæй, ацы мæсыгы бындур у раг астæуккаг æнусты цыртдзæвæнтæй сæ иуы æвдисæн. ЕДЫС. ЦАРЦИА ТЫ КАЛАКЫ 2-аг МÆСЫГ Царциаты къуылдымы хуссар-скæсæнварс ис æрдæг- зылд (гуылдзыг) мæсыгы бындур. Йæ систы бæрзæнд ма у 1 м бæрц. Арæст у къуылдымы фахсыл. Ацы мæсыгы дæр хæдзаруæтты систы хæлдтыты дурты бынæй разынын кодта археолог Дзаттиаты Р. Мæсыгæн йæ цæсгом у хуссар- скæсæнæрдæм æмæ йæ уæрх у 5,50 м. Раздаг раст фарсæй зылды фæстаг кæронмæ у 7 м æмæ 80 см. Систы бæзджын у 1 м æмæ 50 см æввахс. Амад уыдысты хъæбæр дуры 74
мыггагæй æнæ иугæнæг фæрæзимæ. Йæ дуртæ уыдысты бакуыстгонд. Ацы мæсыг дæр, сæйраг мæсыгау, пырх æр- цыд Чысаны ерыстауты ныббырстыты фæстиуæгæн. ЕДЫС. КОЛЫТЫ (ÆЛБЕГАТЫ) МÆСЫГ Едысы хъæуæн йæ цæгатварс хохрагъыл ис арæзтады хæлд, æмæ йæ бынæттон цæрджытæ хонынц Колыты мæсыг Æлбегаты хъæууаты. Мæсыгæй ницыуал баззад чысыл дурты обау йеддæмæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй уый пырх æрцыд уырысы æфсады ныббырсты фæстиуæгæн. Ацы мæсыгы бабадтысты Хъуды абырджытæ æмæ сыл æфсад авд бон фæхæцыдысты, фæлæ уæддæр цыдæр амæлттæй аирвæзтысты, мæсыг та пырх ныккодтой. [Ирон адæмон аргъæуттæ, 1962. Ф. 291]. ЕДЫС КЪОБЕТЫ (ХУЫБИАТЫ) МÆСЫГ Едысы хъæуæй скæсæнæрдæм 200 м, цæугæдоны фаллаг фарс, дурджын къуылдымыл, бæлæсты 'хсæн ис Къобеты 75
(Хуыбиаты) мыггаджы мæсыг. Мæсыгы бæстыхайæн йæ бындур у æрдæгтымбыл (гуылдзыг) конд. Иæ раздаг раст- къуьшон фарс здæхт у ныгуылæнæрдæм. Йæ фæстаг фарс та у æрдæгзылд. Раздаг къулы æддаг фарсæй фæстаг æр- дæгзылд къулы æддаг фарсмæ у^8 м æмæ 80 см, ныгуылæн къулты уæрх та у 6 м æмæ 15 см. Йæ раздаг къулы бæрзæнд у 7 м, йæ бæзджын та у 1 м æмæ 40 см. Фæстаг хай у бынтондæр хæлд. Хуылфмæ бахизæн дæр ис ныгуылæн къулыл æмæ у расткъуымон, ацы хуыз арæх не 'мбæлы Ирыстоны мæ- сыгамады. Бæрзондæрдæм бахизæн у 1 м, уæрхырдæм та 80 см. Зæххы æмвæзадæй бахизæн ис 3 м бæрзæндæныл. Бахизæны бынат æвæрд у чысыл ныгуылæнæрдæм, уыцы нымæцы уый у тынг стаем, уымæн æмæ фылдæр вæййынц къулы астæу. Рахисæрдыгæй дæллаг фарс бахизæнæн ис асин цы дурыл уыд ауыгъд, ахæм дурæй ауындзæн. Мæсыг уыд арæзт бакуыстгонд дуртæй хъæбæр дуры мыггагæй æнæ исты тадæгæй. Мæсыгы систы æхсæн фидардзинадæн уагъд ис дæргъырдæм бæрз уистæ. Мæсыгæн йæ цæс- гомырдыгæй дуртыл ис дзуар нывæфтыдтытæ. ЕДЫС. БЕДЖЫЗАТЫ СЕМАЙЫ (МАМИТЫ) ГÆНАХ Гæнахы бæстыхай ис Едысы хъæуы бæсты астæу. Ныр- тæккæ ма йын йæ сæрыл æмæ йæ фарсыл самадтой цæрæн хæдзары æндæр бæстыхæйттæ. Ацы гæнах кæд Беджызаты уыд, уæддæр æй фæстагмæ Мамиты мыггагæн радтой. [Беджызаты Д., 2007]. Гæнахы бæстыхайæн йæ бындур у расткъуымон -8м иуæрдæм, 6 м та иннæрдæм. Систы бæрзæнд хæццæ кæны 2,5-3,5 м, сæ бæзджын та 1 м. Йæ бахизæн ис ныгуылæнварс къулыл. Йæ фæтæн у 90 см. Гæнахы систæ амад сты хъæбæр дуры мыггагæй, цасдæрбæрцæй бакуыст- гондæй чъыр сыджыты тадæгимæ. КЪАБУЗТЫХЪÆУ. УАРИГАНЫГАЛУАНМÆСЫГИМÆ Уариган уыдис Тотраты мыггагæй æмæ мæсыг дæр уый ном хæссы. Цæргæ та кодта Къабузты хъæуæй 300 м ныгуылæнæрдæм дæр æмæ уыд хъæздыг лæг, дардта æх- 76
хуырстытæ дæр. [Ирон адæмон аргъæуттæ, 1962. Ф. 220]. Мæсыгы бæстыхай ис хъæуæн йæ дæллаг кæрон æмæ у æрдæгкалд. Йæ цæгат-скæсæн кæрон фисыны бæрзæнд у 11м, цæгат-ныгуылæнварс фисыны бæрзæнд 9 м æмæ хус- сар-скæсæнварс фисыны бæрзæнд та 10 м. Хуссар ныгуы- лæнварс фисын ракалд æмæ уымæ гæсгæ цасдæр бæрцæй хъыгдард баййæфтой хуссар æмæ ныгуылæнварс къултæ. Бæстыхайæн йæ бындур у расткъуымон -6м иуырдæм, 6 м та иннæрдæм, систы бæзджын та 3 м бæрзæндæныл у зæххæй 1 м æмæ 20 см. Хуылфмæ бахизæн ис скæсæнварс къулыл 3 метыры бæрзæндæныл. Йæ конд у уæллаг фарс фатыг-æрдæгтымбыл. Уæрхæрдæм у 85 см, бæрзондæр- дæм та 1 м æмæ 20 см, скæсæнварс къулыл 3-аг уæладзыгы æмвæзадыл ис 2 хъавæны, уыцы æмвæзадыл цæгатварс къулыл ис 3 хъавæны æмæ хуссарварс къулыл та хуссар- скæсæн фисынмæ хæстæгдæр иу хъавæн. Мæсыгы цæгат æмæ скæсæны 'рдыгæй ис галуаны систы хæлдтытæ - 18 м иуæрдæм æмæ 13 м инæрдæм. Мæсыгы æрæзтадон æрмæг уыд хохаг къæйдур æмæ туф дуры мыггаг цасдæрбæрцæй бакуыстгондæй. 77
КЪАБУЗТЫХЪÆУ. ТОТРАТЫ ДАУЫТЫ МÆСЫГ Ацы мæсыг Дауыт самайын кодта чысайнæгтæн. Йæ уæл- хæдзар æмæ къултæн сыджыт æрхæссын кодта Хъараты хъæуæй - Тырсыйæ хæрджытыл, ома гъæдджындæр сыджыт у æмæ хуыздæрæн. Мæсыджы сæрыл арæзт уыд уат æлхынцъæй. Иæ мæсыгæн æмбæрзæн сырх дур æрласын кодта Ходзæй, фаджысæй сын кодта сыфц. [Ирон адæмон аргъæуттæ 1962. Ф. 172-175]. Мæсыг ис хъæуæн йæ цæгат-скæсæн хайы, къæдзæх- рындзыл. Йæ бындур уыд расткъуымон -6м æмæ 10 см иуæрдæм, 6 м æмæ 20 см та иннæрдæм. Мæсыгы пырх сис- тæй ма бæрæг дарынц цасдæр бæрцæй цæгат-скæсæн фи- сын, йæ бæрзæнд 7 м, æмæ цæгат-ныгуылæн фисыны бæр- зæнд та у 4 м. Йæ систы бæзджын зæххæй 4 м æмвæзадыл у 1 м æмæ 20 см. Йæ систы дуртæ сты хохаг къæй дуры мыг- гагæй, сæ иугæнæг фæрæз та у æлыг сыджыты тадæг. 78
КЪАБУЗТÆГÆЛЫУАТХОХРАГЪЫЛ ЕККАТЫ МÆСЫГ Къабузты æмæ Гæлыуаты хъæуы æхсæн Зылды мæсы- джы æрдæм цы хохрагъ рацыд, уый сæр, фæндагы рахиз фарс, 70-80 м дæрддзæфæн, ис мæсыгы хæлды бындур. Уый дæр ма æнæбары бæрæг кæны. Мæсыг кæй у, уый бæрæг цæуы йæ равæрдæй æмæ йын уыд стыр хæстон нысани- уæг, уымæн æмæ йæм армы тъæпæнау зынынц Урс-Туалты зылды фылдæр хай, стæй Гæлыуаты хъæу йæ мæсгуытимæ иппæрд бынаты ис æмæ йын ацы зылды мæсгуытимæ уы- даит бастдзинад. ГÆЛЫУАТЫ ХЪÆУ ГÆЛЫУАТЫ УÆЛЛАГ МÆСЫГ Мæсыгы бæстыхай лæууы æрдæг калдæй хъæуæн йæ уæллаг хайы. Бæстыхайæн йæ цæгат-ныгуылæнварс къул кæй ракалд, уымæ гæсгæ фехæлдысты цæгат-скæсæн æмæ хуссар-ныгуылæнварс къултæ ^дæр. Хуссар скæсæнварс къулæн йæ бæрзæнд у 11-12 м. Йæ бындур у расткъуымон. Цæгат-скæсæн æмæ хуссар-ныгуылæн къулты уæрх у 4 м æмæ 80 см, хуссар-скæсæн æмæ цæгат-ныгуылæн къулты уæрх та 5 м æмæ 10 см, сæ бæзджын та 1 м æмæ 35 см. 79
Хуылфмæ бахизæн ис цæгат-скæсæнварс къулыл, зæххæй 2 м æмæ 80 см бæрзæндæныл. Йæ конд у æрдæгзылд уæ- лæрдыгæй. Къулты хуылфы ма баззадысты йæ дуархъæд- тæ тулдзæй арæзт. Бахизæнæн йæ бæрзæнд у 1 м, узер- хæрдæм та 70 см. Хуссар-скæсæнварс къулыл, фыццаг уæла- дзыг арæзт у къуырмæхгæд дуртæй. Дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм уæладзгуыты æмвæзадыл ис æддæмæ хъавæнтæ (топпуадзæнтæ). Сæ арæзтмæ гæсгæ сты стыртæ. Сæ бæрзæнд у 1,20 см, сæ уæрх та - 50 см. Ацы хъавæнтæ ма хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæхи мидæг ис ноджы æртыгай хъавæнтæ кæрæдзи сæр арæзт. Хуылфæрдыгæй къултыл ис æхсæн уæладзгуыты бынхъæдтæ кæуыл æнцой кодтой, ахæм дуртæ. Йæ къултæ æддæрдыгæй уыдысты сæрст æлыгæй. Арæзтадон æрмæг уыд хохаг къæйдурæй, хæрзгъæд æлыгы тадæгимæ. ГÆЛЫУАТЫХЪÆУ. ГÆЛЫУАТЫДÆЛЛАГМÆСЫГ. Уæллаг мæсыгæй 50 м дæлдæр цæрæнуæтты хæлдты- ты 'хсæн ис Гæлыуаты мыггаджы дыккаг мæсыгы бæсты- хай. Йæ бындур у æрдæгзылд конд (гуылдзыг мæсыг). Фæс- 80
тæрдыгæй у æрдæгтымбыл, раззаг фарс та расткъуымон. Раззаг расткъуымон къулы уæрх у 5 м æмæ 80 см. Фæр- сæрдыгæй къултæ æмраст цæуынц 5 м æмæ 80 см, стæй фæстаг фарс баиу сты. Мæсыгы систæй ма æнæхъæнæй цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 11 м, йæ хуссарварс фисын æмæ зылд къулы цæгат фарс бынтон дæр æркалдысты. Сæ бæрзæнд ма у зæххы æмвæзадæй 2-3 м бæрц. Къулты бæзджын у 1 м æмæ 30 см зæххæй 3 м бæрзæндæныл. Амад æрцыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй. ХОДЗ. ТОТРАТЫ-ГОГОТЫМÆСЫГ Ходзы хъæуæн йæ хуссар-скæсæн хайы цæрæнуæтты хæлдтыты 'хсæн ис Тотраты фыды-фыртæй Гоготы мæсыг. Мæсыгы бæстыхайæн йе скæсæн фарс фисыны бæрзæнд у 12-13 м, цæгатварс фисын - 10 м, ныгуылæнварс фисын - 7 м æмæ хуссарварс фисыны бæрзæнд та - 9 м. Бæстыхайæн йæ систы бæзджын у 1 м æмæ 40 см, зæххы æмвæзадæй 3 м бæрзæндæныл. Йæ бындур у квадратон - 6,0 м иуæрдæм, 6,0 м та иннæрдæм. Йæ бахизæн ис цæгат-ныгуылæнварс къулыл зæххæй 3 м æмæ 30 см бæрзæндæныл, уæрхæрдæм 81
у 85 см, дæргъæрдæм та 1 м æмæ 15 см, хуылфырдæм кæны уæрæх дæр. Йæ бахизæн дуар у æнæхъæн, фæлæ хуылфырдыгæй систы дуртæ кæй æркалдысты; уымæ гæс- гæ дуары нал уадзынц бакæнын. Бахизæнæн йæ дæллаг был ис ауындзгæ асины æнцойгæнæн дур. Йæ дæргъ у æд- дæрдæм 35 см. Мæсыгы къултыл ис æддæмæ хъавæнтæ. Мæсыгы фарсыл ис æндæгъд дыууæ бæстыхайы. Сæ иу къаннæгдæр цæгат-ныгуылæн фарсæрдыгæй, иннæ та цæ- гат-скæсæн æмæ хуссар-скæсæн фарс къултыл æндæгъд. Чысылдæр бæстыхайæн -8м æмæ 80 см йæ дæргъ; уæр- хæрдæм та 3 м æмæ 50 см. Йæ цæгат-ныгуылæнварс къул ракалд зæххæнкъуысты фæстиуæгæн 90-æм азты. Йæ систы бæрзæнд у 3 м æмæ 50 см, сæ бæзджын та 1 м. Ацы бæстыхайæн йæ бахизæн ис хуссар-скæсæнварс къулыл, скæсæн фисынмæ хæстæгдæр 1,50 см бæрзæндæныл, йæ конд у уæллаг фарс æрдæгзылд. Хуссар-ныгуылæнварс къулыл ма ис æххуысгæнæг хæстон тæпп (машикуль). Чы- сыл бæстыхайы йæ хуссар-скæсæн къулæй, цæгат-скæ- сæнæрдæм ацыд стырдæр бæстыхайы сие. Йæ дæргъ уымæн та у 26 м, фæтæнырдæм та 17 м. Йæхи мидæг кæны дыууæ дихы. Уыцы бæстыхайæн йæ иннæ къулы кæрон мæсыгмæ бандæгъд, мæсыгы хуссар фисыныл. Ацы арæзтадæн йæ систæ сты тынг пырх æмæ дзы уымæ гæсгæ æндæр ни- цыуал зонæнтæ ис сисæн. Уæлдæр загъдгонд мæсыг ацы арæзтадтимæ у хæстон хъахъхъæнæн фидар-галуан. Куыд мæсыг, афтæ йæ фарсыл æфтыд бæстыхæйттæн сæ арæз- тадон æрмæг у бынæттон бакуыстгонд дуры мыггаг. ХОДЗ. ТОТРАТЫ-ЧЕЛОЙТЫМÆСЫГ Тотраты дыккаг мæсыг, фыды фыртæй Челойты мæсыг, ис фыццаг мæсыгæй ныгуылæнæрдæм дæр. Йæ бындур у квадратон -6м æмæ 20 см иуæрдæм, 6 м æмæ 20 см та иннæрдæм. Йæ хуссар-ныгуылæнварс къулы бæрзæнд у 6 м, йæ бæзджын та 1 м æмæ 40 см уыцы æмвæзадыл. Арæз- тады иннæ къултæ сты пырх. Мæсыг арæзт уыд бынæттон бакуыстгонд дуры мыггагæй сыджытимæ. 82
ХОДЗ. ДЖЕЛЛЫТЫ (МОДИТЫ) МÆСЫГ Джеллыты фыццаг мæсыг ис хъæуæн йæ ныгуылæн хайы. Йæ бындур у квадратон -6м иуæрдæм, 6 м ин- нæрдæм. Систы бæзджын та у 1 м æмæ 40 см. Мæсыгæн ма æнæ калдæй баззад йæ ныгуылæн фисын - 10-11 м бæр- зæндæнæн æмæ йæ цæгатварс фисын та 5 м бæрц. Хуссар- ныгуылæнварс къулыл зæххæй 2 м æмæ 40 см бæрзæн- дæныл ис йæ хуылфмæ бахизæн. Бахизæны бæрзæнд у 1 м æмæ 20 см, уæрхæрдæм та 85 см. Куыд мидæмæ кæны уæрæхдæр. Хуссар-ныгуылæн къулыл ис фæйнæ хъавæны, æртыккаг æмæ цыппæрæм уæладзгуыты æмвæзæдтыл цæгат-ныгуылæн къултыл та дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм уæладзгуыты æмвæ- задыл. Мæсыг у амад бынæттон бакуыстгонд дуры мыг- гагæй. ДЖЕЛЛЫТЫ 2-аг МÆСЫГ Джеллыты 2-аг мæсыг ис хъæуæн йæ цæгат хайы. Мæсыгæн йæ бæстыхай у калд. Бæрцæй дæр ма йæ систы 83
бæрзæнд у 2-3 м. Йæ бындур у расткъуымон - 5,90 см иуы- рдæм, 6 м та иннæрдæм. Йæ систы бæзджын у 1 м æмæ 25 см. Мæсыг у амад бынæттон дуры мыггагæй сыджытимæ. ЗЫЛДЫМÆСЫГ Зылды мæсыгы бæстыхайы арæзтад лæууы Урстуалго- мы - Гæлыуатæ æмæ Ходзы хъæуы æхсæн цы уæлхох дурджын быдыр ис - Хуыртæ, уый астæу, Гæлыуаты хъæумæ хæстæгдæр, тæккæ айнæг былы сæрмæ. Иумийагæй, арæзтад кæм ис, уыцы ран цасдæрбæрцæй у къуылдым æмæ, дурджын фæзимæ абаргæйæ, лæууы бæрзонддæр. Ацы уæлхох дурджын фæзæн йæ дæргъ уыдзæн 3 км бæрц, йæ уæрх та 1 км чысыл фылдæр. Арæзтады иу фарс хорз бæрæгæй зы- ны Гæлыуаты хъæумæ 500 м дæрддзæфæн, комкоммæ та йæм фæндаг нæй. Бацæуæн æм ис æрмæст дæр къахæй, бæ- хыл æмæ галдзоныгъыл хъуыды кæнæн дæр нæй, уымæн æмæ ахæм дурты уæлæ фæндаг саразынæн ницы амал ис. Арæзтад цы бынаты ис, уый бæрзæнд денджызы 'мвæ- задæйу 2415 м. 84
Арæзтады бындуры нывæзт у тымбылгомау, йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 3-4 м бæрц. Арæзтады къулты бæрзæнд цæгатварс æмæ скæсæнварс у 4 м бæрц, йæ ныгуылæн хайы та æрмæст йæ бындур ранæй рæтты бæрæг цæуы, уыцы нымæцы былы æрдыгæй фарс дæр. Хус- сарварс къулты бæрзæнд дæр у 1,5-2,5 м бæрц æмæ сыл зыны кæмдæрты кæлгæ кæй ракодтой, уымæн æмæ систæй рахаугæ дуртæ бæрæгæй зынынц. Ныгуылæн æмæ цæгат- ныгуылæн къулы тыххæй та мæ зæгъын фæнды уый, æмæ ам къул арæзт не 'рцыд, æрмæст дæр йæ бындур. Уымæн æмæ кæлгæ куы акодтаит, уæд йæ кæлдтытæ бæрæг дариккой, фæлæ дзы хæстæг къулæй цы дуртæ ракалдаиккой, уый бæрæг нæй. Ам æнæмæнгæй загъдæуыдзæн, акалдысты коммæ, фæлæ цæгат-ныгуылæнварс хайы къул былмæ дæрд лæууы, йæ фæйнæфарс у фæзгонд бынат æмæ дуртæ куы æркалдаиккой, уæд удæппæтæй бæрæг дариккой. Уымæн æмæ арæзтады къулты бæзджын хæццæ кæны 2,8 м бæрцмæ æмæ арæзтады уыцы бынаты сæ фæд æнæразын- гæ нæ фæуыдаид. Иумийагæй, бæстыхайы къулты дæргъ у 225 м бæрц æмæ йæ диаметыр та ныгуылæнæй скæсæн- æрдæм у 70 м, хуссарварсæй-цæгатмæ та 80 м бæрц. Иумийагæй, йæ фæзуат уыдзæн цыппармин æмæ фондзсæдæ квадратон метыры бæрц, ома æрдæг гектармæ æввахс. Йæ равæрды конд, ома йæ формæ, хæстæгдæр лæууы трапеци- йы формæмæ, æрмæст тымбылгонд фисынтимæ, йæ хус- сар-ныгуылæн фисын та у расткъуымон. Арæзтады къултæ амад æрцыдысты бынæттон стыр дуртæй, æддæрдыгæй растдæр фæрстæ æвзаргæйæ. Сæ амад у ирон мæсыгамады кондмæ гæсгæ æртæ рæгъæй, ома æддæрдыгæй æмæ хуыл- фырдыгæй стырдæр дуртæ, астæуæй та лыстæгдæр дуртæ. Иæ дуртæ сты æвæрд æнæиугæнæг фæрæзæй «сурамад», «ирон амад». Арæзтадæн йæ цæгатварс къулыл ис арæзт хуылфмæ бахизæн. Йæ бæрзæнд у 1,5 м æмæ уæрхæрдæм та 1 м бæрц. Бахизæны фæрсты дуртæ сты уæлдай æмлæгъз. Зылды мæсыджы арæзтады фæдыл дæр баззад легендæ, зæгъгæ, Зылды мæсыг куы амадтой, уæд æй амадтой «хон- гæ дуртæй», зæгъгæ, «когда человек еще не был подвержен смерти, тогда был построен Зильде Машиг, они пригласили 85
О 2 К. ^— V 6 3 *0/*< Зылды мæсыгы пълан (Дзаттиаты Р. Г. чиныгæй ист) к себе камни и попросили их, каждый особо, стать на указанное им людьми место. Так был построен Зильде Ма- шиг», - уый фыссы Пчелина [Пчелина, 1934. Ф. 88]. Иуæй-иу легендæтæм гæсгæ Зылды мæсыджы самадтой уæйгуытæ æмæ цæргæ дæр уым кодтой. «Уæйгуытæ цардысты Едысы уæллаг фарс [Зылды мæсыг, М. И.]». Царциатæ та Едысы къуылдымыл...» [Царциаты таурæгътæ, 2007. Ф. 276]. «Царциатæ Едысы Калачы цардысты... Цардысты Нарт æмæ уæйгуыты рæстæджы. Нарт фæсхох цардысты, уæйгуытæ та ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы цур ис - «Уæйгуыты га- луан» [Царциаты таурæгътæ, 2007. Ф. 276]. Иу легендæйы дзьфдæуы: Царциатæй сæ бон зонгæйæ уæйгуытæ æры- мысыдысты фидар саразын. Нæ æхсæв, нæ бон æнцой нæ зыдтой. Дур ласæн æмæ дур тулæн кодтой. Уæд Хуыцаумæ скуывтой æмæ зæгъынц: Хуыцау, кæд нæ истæмæн скодтай, уæд нын хонгæ дур рауадз. Сæ куывд Хуыцаумæ фехъуыст, æмæ хохыл къахыр фегом ис, уырдыгæй сау дуртæ тæвдæй кæлын байдыдтой. Уæйгуытæ сæ тæвдыл саст кодтой æйæ зылд арæзтой. Зылд та ахæм уыдис æмæ ма ныр дæр уæртæ æмбисондæн хæссынц уый. Зылд, кæнæ йæ хонынц 86
Х1Хæнусты арæзт Едысы аргъуан Уæйгуыты галуан дæр. Æмбисонд та уымæн у, æмæ тæвд дуртæ куыд бырыдысты, афтæ сæ каретой æмæ сæ æвæрд- той сисамадæй. Дуртæн сæ дæргъ дыууæ ивазны уыдис, сæ бæрзæнд та - иу ивазны бæрц. Уæйгуытæ уыцы зылд арæз- той афæдзæй афæдзмæ, хъæр æй нæ кодтой, цæмæн æй аразынц, уый [Царциаты таурæгътæ, 2007. Ф. 195]. Дарддæр дзырд цæуы: Царциатæ, зæгъгæ, куы базыдтой, уæйгуытæ зылд цæмæн аразынц, уæд рымысыдысты, цæмæй сæ фæ- цæгъдой... семæ хæст самадтой, дыууæты æрдыгæй дæр бирæ фæмард, фæлæ уæйгуытæ бынтон аскъуыдысты [уый дæр уым, фф. 196,197,199]. БИБЛИОГРАФИ Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу 2005. «Ир». Беджызаты Д. Г. Басатæ Едысы куыд æрцардысты. Газ. «Хурзæрин» №85 (16740), 30.10.2004. 87
Беджызаты Д. Г. Мамитæ Едысы куыд æрцардысты, Ко- лыты Хила æмæ Хъуды абырджытæ. Жур. «Фидиуæг», №4, 1992. Дзаттиаты Р. Г. Культура позднесредневековой Осетии. Владикавказ, 2002. «Ир». Дзаттиаты Р. Г. Царциатские памятники (Едисское городище). - Владикавказ, 2002. «Ир». Ирон адæмон аргъæуттæ, 3 хай, Цхинвал, 1962. «Госиздат». История Осетии в документах и материалах. 1 том. - Цхинвал, 1962. «Госиздат». История Юго-Осетии в документах и материалах. 2 том. - Сталинир, 1960. «Госиздат». История Юго-Осетии в документах и материалах. 3 том. - Цхинвал, 1961. «Госиздат». Пчелина Е. Г. Крепость «Зыльде Машиг». Жур. СЭ. - Л. 1934, №3. Сланты А. А. ХИЗИИ Уацтæ. 38 рауагъд, Урстуалтæ. - Цхинвал, 2009. «Южная Алания». Царциаты таурæгътæ. - Дзæуджыхъæу, 2007. Цхуырбаты 3. Д. ХИЗИИ Уацтæ, 16 рауагъд. Материалы по топонимике и гидронимике Южной Осетии. - Цхинвал, 1969. «Мецниереба». Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии Х1Х-ХХ вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Цхуырбаты 3. Д, Дзиццойты Ю. А Топонимия Южной Осетии. 1 том. - Москва, 2013. «Наука». 88
КЪУСДЖЫТЫ ЗЫЛД Къусджыты зылд ис Цъалагомы дæллаг хайы, Леуа- хидоны рахиз фарс. Æмарæн кæны Урсдзуаргом, Тылигом, Ципрангом, Мзиугом æмæ Чеселтгомимæ. Ам ис ахæм чы- сыл дæттæ, кæцытæ хауынц Стыр Леуахидонмæ: Комы дон, Цъæритдон, Мамайы суадоны дон æмæ æндæртæ. Къусджыты хъæу Къусджыты зылды фыццаг цæрджытæ кæд фæзынд, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ фыссынад æмæ архео- логон æрмæджытæй нæ цæуы бæрæг. Ерыстауты цырт- дзæвæнты зонæнтæм гæсгæ, Къусджыты (Къошки) хъæуы ном бæрæг цæуы 1У-æм æнустæй, Чысаны Ерыстау Шалва сæрибар туалты-ирæтты сæттынмæ куы ныббырста, уæ- дæй фæстæмæ. [Гаглойты Ю., 1996. Ф. 95]. Къусджыты зылд ма ивгъуыд заманты хуыдтой Æгъуызатæ, уымæн æмæ Гаглойты стыр мыггаг хауынц Æгъуызаты къабазмæ æмæ сæ рæстæджы уыдысты тынг хъаруджын, суанг ма-иу Цъа- 89
лагомы рæбинаг тыхджын мыггæгтимæ цыдысты стæры Гуырдзыстоны мидæггаг районтæм дæр. Фæстагмæ афтæ стыхджын сты æмæ сæхæдæг стæры нал цыдысты, фæлæ- иу стæр чи кодта сæ рæзты, уыдонæй дæр ма-иу истой сæ хай, ома мах зæххытыл цæут æмæ нын нæ хай фидут, зæгъ- гæ [Гаглойты Ю. ныхæстæй]. Къусджыты Гаглойты мыггаджы зæронд лæгты ныхæс- тæм гæсгæ, Гаглойты размæ Къусджыты зæххыл цардыс- ты æндæр адæм, уыдысты тынг цæрæг æмæ хъæздыг. Уый бæрц хойраг дам-иу сæм уыд æмæ дам-иу сын баззад дыккаг азмæ дæр. Стæй дам-иу æй былтæй калдтой æмæ, дам- иу, уым дæлæмæ азæй кодта коммæ. Æмæ, дам-иу, фæрак дардмæ бурбынæй зынд. Цæргæ та кодтой Дыргъджынæй цæгатырдæм дæр 300-400 м дæрддзæфæн, Закаты цур, Комы доны тæккæ сæрмæ, ныр дæр ма, зæгъгæ, сæ хæдзæрт- ты бынæттæ бæрæгæй зынынц. Сæ сыгъзæринтæ ныгæд уыдысты уæрмыты, æмæ ма-иу сæ æрæджы дæр чидæртæ агуырдтой, фæлæ дзы исты ссардтой, уый зын зæгъæн у. Ацы адæм искуыдæм фæлыгъдысты, æви низæй аскъуы- дысты, уый дæр ничи зоны [Гаглойты Т., 2007. Информант]. Таурæгътæм гæсгæ, Гаглойты рагфыдæлтæ Къусджы- тæм куы слыгъдысты, уæд дзы æрæййæфтой мæсыгы систы хæлдтæ. Мæсыгы систы уыд къускъытæ æмæ дзы уыд бæгæныйæ дзаг къус, зæгъгæ... [Ирон адæмон аргъæуттæ, 3 хай, 1960. Ф. 120]. Ам хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Гаглойты размæ ам цæрджытæ кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу æмæ мæсыгы систы хæлдтæ дæр уыдонæй баззадысты. Куыд ма у бæрæг, афтæмæй раздæр Марданты къуыл- дымыл цардысты Хæллиты мыггаг æмæ, дам, сæ æрцæуæг- гаг адæм кæй хъыгдардтой, уый тыххæй фæлыгъдысты æндæр рæттæм [Гаглойты Т., 2008. Информант]. Уæдæ куыд федтам, афтæмæй Къусджыты зылды цы мыггæгтæ цард, уыдоны размæ ам уыд рагондæр цæрджытæ. Къусджыты хъæуы ном та равзæрд уæлдæр цы мæсыгы систы къусчъытæ уыд, уымæй. 1 Къусджыты зылдмæ хауынц ахæм хъæутæ, куыд: Къус- джытæ, Содтитæ (Дæллаг хъæу), Сидæн, Дыргъджын, Зака- 90
Дыргъджыны хъæу тæ, Сывылдзджын, Кортиатæ, Кутатæ, Миройтæ, Дидинæдж- джын, Дзæгъиатæ, Уанел, Сосатæ, Цæбитæ, Лæппынæгтæ (Нафитæ), Цъæрит, Дзиутæ æмæ афтæ дарддæр. Къусджыты номы равзæрд уæлдæр федтам, фæлæ йæ алфæмбылай хъæутæй Уанел æмæ Сидæны равзæрды тыххæй дæр зæгъæм. Сидæны хъæу Гаглойтæн æмæ æгас Къусджыты зылдæн уыд тæрхонгæнæн бынат, ам-иу скъуыддзаг кодтой комбæсты лыгкæнинаг фарстатæ æмæ- иу сæ алфæмблай хъæутæм ардæм сидтысты, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Сидæн. Сидæны хъæу ма ис Уæлладжыры комы дæр, Цæразонты зæххыл. Уанелы хъæуы ном, мæ хъуы- дымæ гæсгæ, æрæджы равзæрд, XIX æнусты 'мбисы. Уырыс хæххон адæмы куы басастой, уыцы нымæцы ирæтты дæр, уæд архайдтой, цæмæй парахатгонд æрцыдаид чырыстон дин, уымæ гæсгæ алы комбæсты дæр арæзтой чырыстон дин парахатгæнæн аргъуан кувæндæттæ. Уый фæстиуæ- гæн Уанелы хъæуы дæр арæзт æрцыд Чырыстон кувæндон. Уанелы хъæу æрæджы кæй равзæрд, уый ма бæрæг цæуы уымæй, æмæ XIX æнусты Уанелы Тутыры номыл чырыстон аргъуан куы сарæзтой, уæд æй хуыдтой Къусджыты аргъуан. 91
Уанелы Тутыры бæрæгбоны рæстæджы-иу кодтой стыр куывдтытæ. Ардæм-иу хæххон адæм кодтой æмæ ластой сæ уæййæгтæ. Тутыры кувæндоны бынмæ-иу сæудæджер кæнынмæ æмæ æлхæнынмæ цыдысты суанг цæгат Кавказ æмæ Гуырдзыстонæй дæр. Алчи-иу йæ хъуыддæгтæ куы бабæстон кодта, уæд-иу уый фæстæ кодтой стыр куывдтæ. Ам-иу кæстæртæн хъазт бацайдагъ. Уыдис-иу дзы бæхты дугътæ дæр, кæрæдзиимæ зонгæ кодтой усгур лæппутæ æмæ чындздзон чызджытæ. Дзуары бын-иу скъуыддзаг кодтой стыр тæрхонтæ æмæ зын лыггæнæн фарстатæ. Ардæм-иу уый фæдыл фæхуыдтой куыд хæстæг комбæсты, афтæ дард рæттæй дзырддзæугæ тæрхоны лæгты. Ам ирон адæмы æмбырдгæнæн бынат кæй уыд, стыр тæрхæттæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ кæй цыдысты скъуыддзаг, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой «Уанел» [Беджызаты, 1958. Ф. 409]. Иннæ хъæуты нæмттæ равзæрдысты мыггагон, фыды- фырты æмæ бынæттон нæмтты бындурыл. Къусджыты зылды цардис ахæм мыггæгтæ: Гаглойтæ - Уæллаг Къусджыты, Сидæны, Дыргъджыны, Закатæм, Сы- вылдзджыны, Сосатæм, Содтитæм, Уанелы æмæ Лæппы- нæгтæм, Миройтæм æмæ Дидинæджджыны. Содтитæ - Сод- Уанел 92
титæм æмæ Уанелы. Кортиатæ - Кортиатæм, Дзæгъиатæ - Дзæгъиатæм, Цæбитæ - Цæбитæм æмæ Уанелы, Мардан- тæ - Мардантæм, Цъæриттæ - Цъæриты æмæ Марданты къуылдымыл (дæллаг хъæуы), Дзиутæ - Дзиуты уæзæгыл. Таурæгътæм гæсгæ ам, Къусджыты зæххыл, цардысты Санахъоты рагфыдæлтæ, фæлæ фæстæдæр фæлыгъдысты Дзаумæ æмæ ам æрбынат кодтой. Гаглойтæ, Санахъотæ æмæ Кортиатæ æрвадæлтæ сты, афтæ ма сæ æрвадæлтæ сты: Гæбæратæ, Галуантæ æмæ Тъотъотæ дæр. Гæбæратæ цардысты Мзиугомы æмæ уырдыгæй сæ фылдæр фæлыгъдысты Залдамæ. Галуантæ та æрцардысты Мугуты. Кор- тиатæн нырдæр ма сæ хъæууат бæрæгæй зыны, фæлæ фæстæдæр фæлыгъдысты Хуыцъе æмæ йæ алфæмбылай хъæутæм. Тъотъоты рагфыдæл Гаглойтæй уыд, æмæ æрбынат кодта Мзиугомы, ам йæ номæй равзæрд ног мыггаг - Тъотъотæ. Дзæгъиатæн дæр нырма сæ хъæууат бæрæгæй зыны Дыргъджыны хъæуы фарсмæ. Адоны иу хай та хуыз- дæр цардагур афтыдысты Сазелет æмæ Гуырдзыстоны ми- дæггаг районтæм. Цæбитæ цардысты Дыргъджыны бын- мæ, Нафиты хъæууатмæ хæстæг, адонæн дæр нырма сæ цæрæнуат бæрæгæй зыны. Уанелы хъæуы мыггæгты ном- хыгъдмæ ма ХХ-æнусты дыккаг æмбисы æрбафтыдысты Деметæ, Цæбитæ, Цъæриттæ æмæ Дзассохтæ. Гаглойты рагфыдæл - Гагло Къусджытæм æрбафтыд зæхх агур. Ардæм æрæфтыд Цæгат Ирæй Зджыдæй. Иемæ ма ракодта йæ сыхаг Кортиайы дæр æмæ йæ æрцæрын кодта Уæллаг Къусджытæй чысыл дæлдæр. Ацы хъæу Къусджытæ уымæн схуыдтой, æмæ Гагло æмæ Кортиа кæм æрæнцадысты, уым уыд мæсыгы хæлдтытæ. Ацы мæсы- гæн йæ иу фарс уыд къускъ æвæрд, æмæ йæхигъæдæй ронгæй йедзаг кодта. Гагло саг амардта. Аходæн бахордтой, стæй къускъы цы ронг уыд, уый банызта. Цъус рæстæджы фæстæ та къускъ ронгæй байдзаг, Гагло та йæ банызта, стæй къускъ фæдæлгоммæ кодта. Уый фæстæ нал байдзаг къускъ. Уыцы мæсыджы хæлдтæ нырма дæр бæрæгæй зынынц [М. И]. Уæллаг Къусджыты Гаглойы цæуæтæй цардысты дыууæ фыды фырты. Джиойы фыды фырт æмæ Бебейы фыды фырт - Джио уыд Гаглойы хистæр фырт. Джио йæхицæн сарæзта мæсыг. Йæ цæуæт цардысты Мы- 93
калгабыры кувæндонмæ æввахс. Бебетæ та цардысты Уæллаг Къусджыты, уæллаг сыхы. Рæстæг куыд цыд, афтæ рагон фыды фырттæй ног фыды фырттæ равзæрд. Зæгъæм, Джиойы фыды фыртæй равзæрдысты Писыртæ, Майортæ, Куазтæ. Иумийагæй Гаглойты фыды фырттæ уыдысты - Притæ, Миройтæ, Сосатæ, Лæппынæгтæ (Нафитæ) (М. И.], Пидотæ, Хаджитæ æмæ а.д. Сидæны цардысты Къомайты (Паты М. И.) фыды фырт, Будатæ та цардысты Дыргъ- джыны. Рæстæг куыд цыд, афтæ сын зæхх нал фаг кодта æмæ цыдысты хуыздæр цардагур æндæр рæттæм. Притæ алыгъдысты æмæ æрцардысты Андис æмæ Къуылыхты хъæуы 'хсæн. Пидотæ - Боржомы районмæ, Писыртæ - Триалетмæ. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 62-64]. Иутæ ма дзы æрцардысты Урсдзуаргомы, Лицъийы хъæуы, хонгæ та сæ Мураштæ кодтой, уыдонæн уырдыгæй сæ иу хай Монас- тъеры хъæумæ (Цхинвалы район) рацыдысты фæстæдæр, иннæтæ та Тъбеты хъæумæ (Цхинвалы район), (М. И.). Дæд- титы (Додтиты) фыды фырт та æрцардысты Хъобы [Мæр- гъиты И., 2014. Ф. 169.]. Гаглойты æрвадæл мыггæгтæ сты: Санахъотæ, Уанетæ, Гæбæратæ, Галуантæ [Гаглойты, 2005. Ф. 227.] Афтæ ма Тъотъотæ æмæ Елбачитæ дæр [М. И.]. Кортиатæ дæр сæхи нымайынц Гаглойты æрвадæлтыл. Санахъоты рагфыдæл Санахъо дæр иу таурæгъмæ гæс- гæ Гаглойы æфсымæр уыд, фæлæ йæ байзæддæгтæ фæхыл сты æмæ сæ Гаглойтæ фæцагътой, чи ма сæ аирвæзт, уы- дон Дзауы æрцардысты. Уанетæ дæр Гаглойтæй уыдысты. Гаглойтæй иу лæг, йæ ном Уане, Къусджытæй алыгъд Цъыфджынмæ æмæ куыд фæстагмæ йæ цæуæтæн йæ ном мыггагæн баззад - Уанетæ. Содтиты рагфыдæл Къусджытæм æвзонг лæппуйæ æр- бафтыд æлдары кæй амардта, уый фæстиуæгæн, æмæ йæ Гаглойтæ райстой. Æнæзивæг æмæ æгъдауджын лæппу кæй уыди, уымæ гæсгæ йын сæ фарсмæ зæхх дæр цæрынæн рахицæн кодтой, бинойнагæн та йын сæ чызджы радтой æмæ йæ цард аразыныл слæууыд. Гаглойтæ йæ хъахъхъæд- той æмæ йæм æндæр мыггæгтæй зулмæ фæкæсын дæр ничи уæндыд. Азтæ цыдысты, фæзындис ын кæстæртæ дæр æмæ Содтийы мыггаг ныкъкъабазджын. Æнæхъæн хъæу 94
баисты. Дих кодтой æртæ хицæн фыды-фыртыл - Мак- симтæ, Федыртæ æмæ Нинотæ. Содтиты мыггаг куыд фылдæр кодтой, афтæ сын сæ зæххытæ та кодтой къуын- дæгдæр. Уымæ гæсгæ лидзын райдыдтой æндæр рæттæм. Куыд Ирыстоны быдыртæм, афтæ Гуырдзыстоны мидæг- гаг районтæм дæр. Ныртæккæ Содтиты мыггаджы ми- нæвæрттæй цæры горæт Цхивалы иу-дæс хæдзары, стæй ма Ленингоры районы, Гдулет æмæ Захъхъоры, афтæ ма Дзауы дæр. Бирæтæ дзы хуыздæр цардагур фæцыдысты Гуырдзыстон æмæ Цæгат Ирыстонмæ. Сæхицæн æрвадæл мыггаджы нымайынц Гуыцмæзты. (Фæцыбыргондæй]. [Мæргъиты И., 2008]. Дзиуты хъæу уыд Цъæритты хъæуы фарсмæ, æмæ сæ фыдæлтæ фыццаг ам бынат куы кодтой, уæд сæ Цъæриттæ нæ уагътой. Уыдон æрцыдысты æмæ æхсæвыгон хæ- дзæртты систæ самадтой. Цъæриттæ уый куы базыдтой, уæд сæм балæбурдтой, фæлæ сын Дзиутæ сæ размæ дыууæ æнхъæлцау сылгоймаджы рарвыстой. Уый фенгæйæ, Цъæриттæ ницыуал загътой æмæ сæ бауагътой. Кæддæр сæ чидæр хъæдæй зокъотæ æрхаста æмæ сæ куы сфыхтой, уæд, æвæццæгæн, хъæстæ уыдысты æмæ иуылдæр фæцагъды сты. Аирвæзт ма дзы æрмæст иу æнхъæлцау сылгоймаг æмæ йын æй Хуыцау лæппу фæкодта, гъе уымæй та ногæй рамыггаг кодтой. Мыггаг та куы сбирæ æмæ куы стыхджын сты, уæд сæ сæрмæ никæйуал хастой, æгæрыстæмæй Хуыцауæн дæр нал куывтой. Дауджыты бæрæгбоны фыдæнæн-иу нард хуытæ аргæвстой æмæ уымæй фæцæл кодтой. Дыккаг бон сæ æддæмæ ничиуал ракаст, иуылдæр бындзагъд фес- ты. Хуыцау æмæ сын Зæдтæ сæ митæ нæ ныббарстой. (Фæцыбыргондæй). [Мæргъиты И., 2009]. Цъæриттæ æндæр мыггæгтимæ фæтуджджын сты зæх- хы фæдыл æмæ ардæм æрыфтыдысты. Иу вариантмæ гæсгæ фыццаг Хуссар Ципраны æрцардысты, фæлæ фæс- тæдæр, ныртæккæ Марданты къуылдым кæй хонынц, уым æрцардысты. Фыццаг кæм цардысты, уым сæ хъæу хуын- дис Цъæрит æмæ ардæм æрцæугæйæ сæ хъæуы ном семæ рахастой. Раздæр Гусатæ уыдысты, фæлæ ам сæ фыццаг 95
цæрæнуаты номæй сæ мыггаг раивтой. Ныр дæр ма сæ фыццаг бынаты сæ мæсыг æнæхъæнæй лæууы. Ам куы æр- цардысты, уæд мæсыг дæр самадтой, æнæ мæсыгæй уæды рæстæджы уæвæн нæ уыдис. Иурæстæджы Гаглойтимæ фæбыцæу сты æмæ сæ уыдон быныцагъд фæкодтой, аирвæзт ма сæ æрмæст иу æвзонг лæппу Гина, æмæ уымæй ногæй рамыггаг кодтой. Цъæрит- ты мыггаг куыд фылдæр кодтой, афтæ сын сæ уæзæгыл зæхх нал фаг кодта æмæ уымæ гæсгæ сæ иутæ фæстæдæр æрлыгъдысты бындæр, Тылигомы ракомкоммæ фæндагы уæлбылмæ. Уыдысты авд хæдзары бæрц. XX æнусты 60-æм азты стыр мит уарды фæстиуæгæн ацы хъæуы зæй фæлас- та, цалдæрæй дзы амардысты. Афтæ ма Цъæритты мыггаг æрцардысты: Тигъуа, Гал- уанты хъæу, Хуыцъе, Мсхлеб, сахартæ Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы. Бирæ дзы цæры Гуырдзыстоны хицæн районты. Куыд дзурынц, афтæмæй Цъеретелитæ дæр Цъæриттæй сты. Ис ахæм таурæгъ: Кæддæр раджы рæстæджы Цъæриттæй иу лæг иннæйы амардта æмæ абырæг алыгъд гуыр- дзымæ. Уым æй иу гуырдзиаг лæг суазæг кодта æмæ йын йæ фарсмæ цæрынæн зæхх радих кодта, усагæн та йын йæ чызгы радта æмæ уыдоны цæуæты рахуыдтой Цъеретелитæ. Сæ хъæу та хуыйны Даргъ хъæу, гуырдзы йæ Дархъауи схуыдтой сæхирдыгонау. Цъæриттæ æрвадиуæг кæнынц куыд Гусатимæ, афтæ Алидзатимæ, Басатимæ, Дзæгъойтæ æмæ Саламтимæ. (Фæцыбыргондæй). [Мæргъиты И., 2011]. Цæбиты мыггаг иу вариантмæ гæсгæ Къусджыты зылд- мæ туджджын кæй фесты, уый фæстиуæгæн æрбафтыдыс- ты, иннæ вариантмæ гæсгæ та Цæбиты чызг Гаглойтæй смой кодта æмæ сæ уый æркодта ардæм, зæхх хъуаг кæй уыдысты, Гаглойтæн та зæххытæ бирæ уыд, æмæ сын дзы бахай кодтой. Цæбиты мыггагæй бирæ цæры Цæгат Иры: Уæлладжыры, Хъобаны, Хъæдгæрон, Црау æмæ Дур-Дуры хъæуты. Фалæ Цабиевтæ фыссынц, ам та Чабиевтæ уы- рыссагау, фæлæ иу мыггаг сты. Бæрæг куыд цæуы, афтæмæй XIX æнусы фыццаг æмбисы, Цæбиты мыггагæй цардис Цуртайы комы дæр. 96
Къусджыты, Мыкалгабыры бæрæгбоны рæстæджы, Цæ- битæ æмвынг уыдысты Дыргъджыны Гаглойтимæ, уымæн æмæ кæрæдзимæ хæстæг цардысты. Цæбитæн сæ æрвадæлтæ сты Æгънаты æмæ Реуæзты мыггаг. (Фæцыбыргондæй). [Мæргъиты И., 2008]. Марданты мыггаджы равзæрды фæдыл уадиссаг ницы таурæгъ баззад, фæлæ Уанелы сæрмæ куы æрлыгъдысты, уæд бынат уыд æгæндæг хъæдæй æмбæрзт. Æвæццæгæн, фыртыхджын адæм уыдысты, фæлæ фыртыхст, зæхх хъуаг æмæ хъæд цæгъдын байдыдтой, уидæгтæ та джиркъатæй фæкъахтой æмæ зæххытæ афтæмæй сарæзтой, [Гаглой- ты Т., информант, 2007]. Марданты æмæ Цъæритты зæххыл бынтон раджы Хæ- литы мыггаг цардысты. Фæлæ мыггæгтæ ардæм лидзын куы байдыдтой, уæд сæ тыхсын кодтой. Гъе æмæ æрцæуæг адæмы тыххæй сыстадысты æмæ æндæр рæттæм фæлыгъ- дысты [Гаглойты Т., информант, 2007]. Хæлитæ ма цардысты Урсдзуаргом, Згъуыбир æмæ æндæр рæтты дæр. Уый тыххæй кæс дæлдæр Урсдзуаргом. Закатæ 97
Сидæны хъæу 1852 азы Къусджыты зылды цард: Къусджыты хъæуы - 25 хæдзары, уыдоны - 127 нæлгоймаджы æмæ 118 сыл- гоймаджы, æдæппæтæй - 245 адæймаджы. Содтиты хъæуы - 13 хæдзары, уыдоны - 58 нæлгоймаджы æмæ 51 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 109 адæймаджы, Дыргъ- джыны - 15 хæдзары, уыдоны - 58 нæлгоймаджы æмæ 42 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 100 адæймаджы [История ЮО, 2 том. 1960. Ф. 94]. 1860-æм азты Къусджыты зылды цард - 52 хæдзары [История ЮО, 3 том. 1962. Ф. 546]. 1926 азы Уæллаг Къусджыты цард - 130 адæймаджы, Цъæрит- ты - 44 æмæ Уанелы та - 36 [Цхуырбаты, 2007. Ф. 152]. 1950 азты Къусджыты зылды хъæуты цард: Уæллаг Къусджыты - 18 хæдзары, Сидæны - 4, Содтитæм - 13, Сывылдзджы- ны - 3, Закатæм - 1, Дыргъджыны - 14, Цæбитæм - 2, Уанелы - 8, Цъæритты - 7. Къусджыты зылды цæрджытæй 1850-æм азты растады раззагон хайадисджытæ уыдысты: Гаглоиты Писыр æмæ Созыр [История ЮО, 2 том. 1960. Ф. 491]. Къусджыты зылды цæрджытæй уырысы æфсады æмæ æддагон хæстыты хайад истой: Гаглоиты Писыр, Епре, 98
Содтиты хъæу (Дæллаг хъæу) Реуаз, Цъоцъе, Гуло, Мироман, Соло, Георгий, Дзиго, Гам- зор, Кермен, Гина, Гыби, Батрадз, Реуаз, Шиво (Шио-Джиуо), Батрадз, Содтиты Есе, Цъæритты Ростом [История ЮО, 2 том. 1960. Ф. 103-109]. Афтæ ма Гаглойты Гыбыл, Эпре, Кечо, Батрауон, Бицол, Гуло, Гицо æмæ Куаз, Цъæритты Дзиу [История ЮО, 3 том. 1961. фф 481-483, 495-496], æмæ æндæртæ. 1856 азы Къусджыты хъæуы конд æрцыд райдиан при- ходон скъола, ахуыргæнæгæй та дзы куыста Лашаурты Иоанн. [История ЮО, 2 том. 1960. Ф. 610]. 1864 азты Къусджыты скъолайы ахуыр кодта 10 сывæллоны [История ЮО, 2 том. 1960. Ф. 629], 1865 азы - 12, 1866 азы та - 13 ахуырдзауы [История ЮО, 3 том. 1961. Ф. 599]. 1896 азы ацы скъолайы ахуыр кодтой 22 ахуырдзауы, уыцы нымæ- цы - 4 чызджы [История ЮО, Зтом. 1961. Ф. 700]. 1897 азы ам ахуыргæнæгæй куыста Хæныкъаты Ника æмæ ди- намонæгæй та Абайтæй, йæ ном бæрæг нæу [История ЮО, 3 том. 1961. Ф. 683]. 1870-æм азты Къусджыты зылды хъæуы хистæр уыд Гаглойты Симон [История ЮО, 3 том. 1961. Ф. 145]. 99
Къусджыты зылды цæрджытæ куывтой Зæдтæн æмæ Дауджытæн, сæйраджыдæр та: Мыкалгабырæн - ныр дæр ма йæ тынг уæрæхæй фæнысан кæнынц, уæлдайдæр та Гаглойтæ æмæ Содтитæ, кæд дзы бынæттон цæрджытæ бирæ нал ис, уæддæр. Ардæм æндæр рæттæй æрымбырд вæййынц йæ фæдонтæ. Къусджыты - Уанелы зылды Мыкалгабырæн ис æртæ кувæндоны. Сæйраг кувæндон кæм ис, уыцы бынат хуыйны «Галуаны рагъ». Ардæм ныр ничиуал фæцæуы, æгæр дард кæй у, уый фæстиуæгæн. Кувæндоны бæстыхай кæм лæууы, уыцы хохрагъы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй у 2 км æмæ 265 м бæрц, ардæм къухы тъæпæнау зынынц Хуыцъейы зылд, Мзиугом æмæ бирæ æндæр кæмттæ. Кувæндоны агъуыст у дурæй амад мæсыгы бæстыхайы æнгæс. Хуылфырдыгæй йæ дæргъ æмæ уæрх сты фæйнæ 3 м æмæ 30 см бæрц, систы бæзджын та - 1 м æмæ 30 см. Систæ сты амад хохаг кæрдгæ къæйду- рæй, æнæ иугæнæг фæрæзæй, ома «сур амад». Бæстыхай у æрдæг пырх, йæ систы бæрзæнд хæццæ кæны 1 м æмæ 50 см. Йæ бахизæн ис хуссар-скæсæнварс къулыл, хуссар фисын- мæ хæстæгдæр, йæ фæтæн у 1 м æмæ 10 см. Кувæндоны бæстыхайы мидæг у йемыдзаг систы дуртæй. Дурты бынæй Къусджытæ. Мыкалгабыры сæйраг кувæндон Галуаны рагъыл 100
зынынц æлыг æмæ æндæр мигæнæнты цъæлтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй ам уыд æрхуы цуайнæгтæ, æмæ иу сæ, зæгъгæ, бæрæгбонмæ фыхтой бæгæны. Уымæй 500 м дæлдæр ран уæвынад кæны дыккаг кувæндон. Кувæндоны бынаты ис дурæй амад дæргъæццон сие. Йæ дæргъ у 3 м æмæ æрдæджы бæрц, йæ фæтæн та 1 м æмæ 50 см, бæрзондæрдæм та - 70-80 см. Йе скæсæнварс кæрон ис сагъд тулдзæй цæджындз 3 м бæрзæндæн æмæ йыл конд ис дзæнгæрджытæ. Æртыккаг кувæндон та ис Къусджыты хъæуы бынмæ, сосæ фæндаджы уæлбыл. Ам ницы арæзтад ис. Ардæм куывдты фæцæуынц, уæлæмæ ссæуыны фадат кæмæн нæ вæйы, уыцы куывдонтæ. Къусджыты Мыкалгабыры бæрæгбон ивгъуыд рæстæ- джы нысан кодтой бынæттон цæрджытæ зымæгы цыппур- сы мæйы. Нымайгæ та-иу æй бакодтой Джиуæргуыбатæй, фæлæ ныр уыцы нымад ничиуал хъуыды кæны. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ-иу уыцы афон хæхбæсты мит ныууа- рыд æмæ-иу кувæндонмæ ссæуæн нал уыд. Уæд комбæс- тæ æрымбырд сты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй сæ бæрæгбон хъармдæр рæстæгмæ ахæссой æмæ йæ уый фæстиуæгæн сæрды фыццаг æмбисы райдыдтой нысан кæнын. Ныртæккæ Къусджыты Мыкалгабырты бæрæгбон фæнысан кæнынц Дауджытæй 10 бон фæстæдæр, цыппæ- рæмы боны кæд нæ, уæд та Атынæгæй иу мæй раздæр. Йæ æрвитæн бон та вæййы цыппар бон фæстæдæр, къуыри- сæры æмæ уæд Мыкалгабыры кувæндонмæ нал фæцæ- уынц, фæлæ Къусджытæй фалдæр, къуылдымыл хуссар- æрдæм - Шæхты дзуармæ. Мыкалгабыры номыл фæкусарт кæнынц родтæ æмæ фырытæ, амынд-иу кæмæн уыд, уы- дон-иу галтæ дæр æснывонд кодтой. Иуыл фыццаг куывдон адæм цыдысты сæйраг кувæндонмæ, фæлæ фæстæдæр æнцойдзинадæн, бындæр ран, ныртæккæ дзуары фæз кæм хуыйны, уым скодтой кувæндон. Ныртæккæ дæр ма йæм бынæттон цæрджытæ фæ- цæуынц кувынмæ алы аз дæр. Йæ бæрæгбон ын нысан кæнынц фысымгай. Алы хъæу, алы мыггаг дæр фæбадынц хицæн «Бинаты». Зæгъæм, Уæллаг Къусджыты Гаглойтæ фæбадынц æппæты уæллаг бадæны. Уый та уымæн, æмæ адон сты сæ раг фыдæл Гаглойы хистæр фырт Джиойы 101
фæдонтæ. Уыдонæй чысыл дæлдæр «Бинаты» цæгатæр- дæмдæр Дæллаг хъæу (Содтитæ) - Содтиты æмæ Гаглой- ты мыггаг. Содтиты хъæуы дæр цалдæр хæдзары цард Гаглойтæй. Дыргъджын, Цъæрит, Цæбитæ æмæ Уанелы цæрджытæн дæр хицæн «Бинæтæ» ис. Афтæ ма ардæм куывды цыдысты Хуыцъе æмæ Мзиугомы цæрджытæ, уыдон дæр-иу бадтысты хицæн «Бинаты». Уый йеддæмæ ма ардæм сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты Гаглойты æппæт æрвадæлтæ дæр, куыд Санахъотæ, Гæбæратæ, Галуантæ, Кортиатæ æмæ а.д. У. Къусджытæ. Мыкалгабыры кувæндон Дзуары фæзы Алы «Бинайæн» дæр уыд хицæн фысымтæ. Уыдон сæу- мæцъæхæй ссæуынц сæ кусæрттаг æмæ кувинæгтимæ галдзоныгътыл кувæндонмæ æмæ куывдонты ссыдмæ сцæттæ кæнынц æппæтдæр. «Бинаты» æппæт дæр куы сцæттæ вæййы, уæд иуылдæр æртымбыл вæййынц дæлдæр ран, дзуары фæзы кувæндонмæ æмæ дзуары лæг алкæй кувинæгтæй дæр скувы, бафæдзæхсы куывдонты. Уый фæстæ алчидæр аздæхы йæ «Бинамæ» æмæ уым адарддæр кæнынц бæрæгбон. Ныртæккæ кæд ам куывдонты нымæц сфæлахс, уæддæр ивгъуыд рæстæджыты, куыд дзурынц 102
афтæмæй, ам бæрæгбоны рæстæджы къух бакæнæн дæр нæ уыд. Куывдонты хъæлдзæг зард æмæ хъазты зæлтæ- иу кæмтты зæлыдысты, бынтон æрæджы дæр ма-иу дзы уыд бæхты дугътæ æмæ-иу раззагон дæр барæгæн саккаг кодтой нуазæн сгуыимæ. Хицæн «Бинаты» куывдонтæ-иу кæрæдзимæ барвыстой нуазæнтæ æмæ-иу кæрæдзи рахон- бахон кодтой. Мыкалгабырты номыл сæрмагонд нывондаг кодтой уыцы аз лæппу, йе та хæрæфырт цы хæдзары рай- гуырд, уыцы бинонтæ, хуыдтой йæ «хъаллон». Ацы 'гъдау ныр дæр ма æххæст цæуы. Бæрæгбон-иу йæ кæронмæ куыд бахæццæ, афтæ-иу равзæрстой алы «Бинайы» дæр фидæны фысымты æмæ-иу сæм фысымдзинадæн ацы азы кусæрттаджы рахиз сгуытæ радтой. Уыцы сгуы æнæмæнг уыд хæдзармæ хæсгæ æмæ-иу дзы уым скывтой. [Мæргъиты И., 2011]. Дарддæр иннæ кувæндæттæ сты: Шæхтты дзуар - куыв- ды йæм цыдысты Мыкалгабырты цæуæнбон къуыри- сæры, Рекомæн, Уациллайæн, Бурсамдзелийæн - Содтиты хъæу, Шынайы дзуарæн - нысан æй кодтой Цъæрит, Уане- лы - Тутырæн, Мады-Майрæмæн æмæ æндæртæн. Цъæ- ритты цæрджытæ ма кодтой Халоны куывд дæр æмæ уый фæдыл баззад ахæм таурæгъ: кæддæр Цъæрит арæзтой Шынайы дзуары номыл бæгæны къусбарæй. Уæд-иу бæ- гæны стыр цæджджинæгты фыхтой дзуары бын. Æмæ бæгæны кæм фыхтой, уым къæдзæхæй хъарыд суадон. Бæгæны фыцджытæ чи сты, уыдон къæдзæхæй комкоммæ хъæдын нук авæрдтой цæджджинагы былмæ, цæмæй до- нæй байдзаг уыдаит æмæ йыл стæй арт бафтыдтой. Хабар афтæ рауад, æмæ нукы мидæг калм раивæрзт бæгæныйы агмæ, фæлæ йæ уынгæ ничи фæкодта. Æвæццæгæн, дзуары номыл кæй уыд бæгæны, уый тыххæй сын ирвæзынгæнæг халоны рарвыста. Халон чи уыд, уый Цæджджинагы сæрты ратæх-батæх кодта, асырдтой-иу æй, фæлæ та-иу фæстæ- мæ æрбатахт «хъуыахъхъ гæнгæ». Уæд дын халон ногæй æрбатахт æмæ уыцы иу æхст йæхи цæджджинагмæ фæкодта æмæ фыцгæ бæгæныйы смидæг. Ахæм æнæзæрдæмæ- дзæугæ бæгæныйæ ма куыд скуывд кодтаиккой сæ Зæды хайæн, æмæ йæ зæххыл акалдтой. Кæсынц, æмæ бæгæны- имæ зæхмæ рахаудта стыр маргджын калмы мард. Цъæ- 103
риттæй иу Гæды хуынд æмæ афтæ, «далæ ма дзы цуано- нæн авæрут» - æмæ дзы уый куы астæрдта, уæд цъус фæстæдæр сниудта æмæ æрбамард. Ахæм ныв фенгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстой стыр бæллæхæй кæй аирвæзтысты халоны фæрцы æмæ йын уæдæй фæстæмæ райдыдтой куывд кæнын. Алы аз дæр-иу йæ куывд кæны- ны бон куы æрцыд, уæд-иу æртахт иу сау халон, сбадт-иу бæрзонд бæласыл æмæ уасыд. Стæй та-иу ын куы скуывтой, уæд-иу фæстæмæ атахт. Халоны куывд кæныны рæс- тæг-иу уыд Къусджыты Мыкалгабыры бæрæгбоны фæстæ цыппæрæм бон. [Мæргъиты, 2011]. Цъæритты мыггаг ма кодтой Кæлмытæн куывд. Дард- той сæ хæдзары мидæг, нымадтой сæ куыд хæдзары бына- ты хицæуттæ. Сæрмагондæй сын-иу скодтой уаливыхтæ, дзыкка æмæ бæгæны. Уыцы кувинæгтæй бинонты йеддæ- мæ никæмæн æмбæлд. Кæлмытæн-иу сæ кувын афон куы æрцыд, уæд-иу къæсæртыл рабыр-бабыр кодтой. Кæлмытæн кувыны бон уыдис июны мæйы дыккаг æртыццæгы. Кæлмытæн кувыны рæстæджы-иу бафæдзæхстой бинонты, стæй сæ фосы дæр, цæмæй сæм уа бæркад уалейæ исгæ бынæй ахадгæ. Æнæ уый дæр кæлмытæн уыд сæрмагонд чысыл тогонагонд æмæ сисын къулы мидæг та уыд къускъ- ахстон. Уым-иу сын æвæрдтой къусы мидæг æхсыр дæр. Кæддæрты-иу уыдис афтæ дæр, æмæ-иу сын не скуывтой. Ахæм рæстæджыты-иу сæ уыдтой æппынæдзухæй дæр фыны æмæ-иу сæм лæбурдтой æрвылæхсæв дæр, цæлынмæ сын-иу не скуывтой, уæдмæ. Кæддæр нæ хъæуæй иу лæг кæлмыты дзыхæй хыл кæнгæ-кæнын байста цыкурайы фæрдыг. Цыкурайы фæрдыгы уæлæ уыд фыркъайы сæры хуызæн нывæфтыд. Иу фæлтæры ма уыдис ахæм хабар дæр, æмæ сывæллон хæдзары иунæгæй аззад æмæ куыдта, фæлæ цыдæр рæстæджы фæсабыр. Бинонтæй чидæр кæддæр куы бахызт уатмæ, уæд ауынгæ нывмæ кæсгæйæ сагъдæй аззад. Калм чи уыд, уый авдæны хъæдыл æстыхст æмæ йæ къæдзил сывæллоны дзыхы бакодта, сывæллон дæр æй дадта сывæдæгау. Æстæй куы федта, хæдзары чидæр фæзынд, уæд абырыд йæ ахстонмæ [Мæргъиты И., 2011]. Гаглойтæ, сæрмагондæй та Сосаты (Джедуанты) фыды фырт, арæзтой Бæлоны æмæ Кæфты куывд дæр. Мардан- 104
ты къуылдымы бынмæ, Уанелы хæдсæрмæ уыд сæ хъæу, ныр дæр ма сæ хæдзары хæлдтæ зынынц, афтæ ма дзы ис мæсыджы бындур дæр. Сосатæн уыд стыр хæдзар, æнудæс хатæнимæ. Иу хатæны дзы сæрмагондæй уыд бæллоны- зæды уат, иннæ уат та кæфты уат. Сæрмагонд хицæн бонты- иу сын кодтой куывдтæ дæр, фæлæ цы рæстæджы, уый нал хъуыды кæнын. Æвæрдтой дам-иу сын æхцатæ дæр мысайнæгтæ сæ бæрæгбоны рæстæджы. Куыд фæстагмæ адæм æмæ æрдз схæццæ сты, фæлæ-иу сын сæ зæдтæ æххуыс дæр кодтой, адæм та сæ æвæрдтой æмæ сын куывтой. [Гаглойты Т., информант. 2007]. 1950-æм азты Цъæритты хъæуы зæй фæласта æмæ йæ амæттаг фесты хъæубæсты фæллой, зæйы бын фесты хъæубæсты цæрджытæ, амард дзы 5 адæймаджы. 1987 азы стыр митуарды фæстиуæгæн зæй фæласта Уæллаг Къусджыты хъæу, фæлæ дзы уды зиæнттæ не 'рцыд. Советтон уагæвæрды æрцыды фæстиуæгæн Къусджыты зылды арæзт æрцыд колхозон хæдзарæдтæ: Уæллаг Къусджыты, Содтитæм, Дыргъджыны, Уанелы æмæ Цъæритты хъæуы. Уыцы нымæцы ма ам баконд æрцыд райдиан 4-азон æмæ 8-азон скъолатæ дæр, уыцы нымæцы чиныгдонтæ дæр. XX æнусты 40-50-æм азты та Уанелы конд æрцыд астæук- каг скъола дæр, кæцы фæстæдæр æрцыд æхгæд, скъола- дзауты нымæц кæй фæкъаддæр, уый фæстиуæгæн. Къусджыты зылды уыд бирæ мæсгуытæ, уымæ гæсгæ ацы хъæу астæуккаг æнусты рæстæджы хуыдтой мæсгуы- ты хъæу, гуырдзиагау «Къошки». Æрмæст Гаглойты мыггагæн уыд фондз мæсыгы, хицæн фыды фырттæн. Уæллаг Къусджыты уыд мæсгуытæ Бе- беты æмæ Джиоты фыды фырттæн, Сидæны хъæуы - Паты (Къомайты) фыды фыртæн. Дыргъджыны хъæуы - Будаты фыды фырты мæсыг æмæ Лæппынæгты (Нафиты] фыды фыртæн та - Дыргъджыны хъæуы бынмæ. Мæсыг ма уыд Цъæритты мыггагæн дæр, Марданты къуылдымыл. Мар- дантæ уæлдæр цардысты, Цъæриттæ та бындæр. Фæстæдæр Цъæриттæ æрлыгъдысты ноджы дæлдæр, Тыли- гомы баздæхæны тæккæ сæрмæ. Уæлейæ та Мардантæ кæй баззадысты цæргæйæ, уымæ гæсгæ мæсыгы дæр бирæ- тæ хонын байдыдтой Марданты мæсыг. Ацы мæсгуытæй дарддæр ма Къусджыты зылды бæрæг цæуы цалдæр 105
рагон мæсыгы хæлды, уыцы нымæцы Къусджыты бынмæ куыроймæ хæстæг, Шæхты кувæндоны бынмæ дыккаг, æр- тыккаг та Сидæны хъæуы уæллаг фарс, тæккæ фæндаггæ- рон. Систæй уадиссаг ницыуал зыны, фæлæ ма æрмæст дæр сæ бынæтты нæмттæй бæрæг цæуы «Мæсыгуат» «Мæсыгы хæлд» æ.а.д. Уанелы хъæу рагæй дæр къаннæг хъæу уыд, уый ма фыста зынгæ ирон поэт Плиты Харитон дæр, йæ поэмæ «Сæлимæт»-ы, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ раззагон æмæ ак- тивон хъæубæстæ уыд. Уæлдайдæр XIX æнустæй суанг ХХ-æм æнусты онг, æдзухдæр уыд сæрибары сæрыл тохгæнджы- ты ахстон. Уыдоны ном арынæн ХХ-æм æнусты æмбисы бирæтыл æвæрд æрцыд цыртытæ. 10-15 хæдзарæй фылдæр кæм никуы цард, уым арæзт æрцыд ахæм цыртытæ, куыд революцийы æмæ ирон адæмы сæрхъызойтæ Гаглойты Серги æмæ Рутенæн, ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн, Советтон цæдисы разамонджытæ В. И. Ленин æмæ И. В. Сталинæн. Афтæ ма Стыр Фыдыбæс- тæйон хæстæй 1941-1945 азты чи нал сыздæхт, уыдонæн æмæ æндæртæн. Къусджыты зылдæй рацыд ахæм дзырддзæугæ адæм: зындгонд революционертæ æмæ æхсæнадон кусджытæ - Уанелы Тутыр XIXæмбисы арæзт. ХХ-æм æнусы райдайæнты ист къам 106
Гаглойты Серги, Цуцукк, Иликъо, Тъотъо, Данел, Дауыт, Марданты Никъала, инженертæ Гаглойты Рутен æмæ Мух- тар, фысджытæ - Гаглойты Федыр (Гафез), Григол, Сод- титы Римма. Рухстауджытæ Содтиты Уасил æмæ Гаглойты Сауи. Гаглойты Сала та уыд зындгонд абырæг, гуырдзыйы æлдæрттæн æрынцой чи нæ дæтта æмæ-иу сын сæ фæл- лой мæгуыртæн чи уæрста. Ивгъуыд дугы зындгонд тæр- хоны лæг уыд Гаглойты Джетæ. Хъуыстгонд дохтыр Гаглойты Сауи. Зындгонд композитортæ - Гаглойты Гриша, Гаглойты Серги æмæ æндæртæ. Ивгъуыд рæстæджы адæм æнгом дæр уыдысты, кæрæ- дзийæн фылдæр аргъ кодтой æмæ-иу уымæ гæсгæ сæ ны- хас дæр хорз бадт. Уымæн æмæ уыдысты æгъдауджын æмæ дзуаппджын. Уыдоны æхсæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд дзырддзæугæ дæр æмæ хъуыддаджы мидæг хорз чи арæхст, ахæм лæгтæ. Ныр дæр ма сæ кой кæмæн баззад, уыдон уыдысты: Гаглойты Джедуан, Зарбег, Гыби, Уасикъо, Григол, Мушкел, Тъатъа, Хъауырбег, Содтиты Уасил, Митъуша, Сандро, Цæбиты Арсена, Марданты Кудза, Аслынбег, Цъæ- ритты Ваня æмæ æндæртæ. Уанелы Тутыр. 2010-æм азы ист къам 107
Гаглоиты Серги æмæ Гаглоиты Рутены цыртытæ Уанелы Къостаиы цырт Уанелы 108
ГАГЛОЙТЫПАТЫ (КЪОМАЙТЫ) МÆСЫГ. СИДÆНЫХЪÆУ Патæ кæннод та Къомайтæ, сты Гаглойты мыггаджы хицæн фыды фырт. Мæсыгы бæстыхай лæууы Сидæны хъæуæн йæ хуссарварс къуылдымыл - 70 м æддæдæр. Мæсыг у расткъуымон, ныгуылæн æмæ скæсæны къулты фæтæн у 6 м. Цæгат æмæ хуссарварс къултæ та 5 м æмæ 80 см, куыд уæлæмæ кæнынц нарæгдæр. Цæгат-ныгуылæн фисыны бæрзæнд у 4 м æмæ 80 см, иннæ фисынты бæрзæнд та 1 м æмæ 50 см, - 2 м æмæ 50 см. Къулты бæзджын у 1 м æмæ 40 см, зæххы æмвæзадæй - 3 м бæрзæндыл. Арæзтад хуылфырдыгæй байдзаг систы пырхæнты дуртæй. Мæсыгы бæстыхай амад æрцыд хохаг къæйдурæй æмæ йæ алыварс чи æмбæлы, æндæр ахæм дуры мыггагæй. Бæстыхайы дуртæ æвæрд цыдысты æнæиугæнæг фæрæзæй. ГАГЛОЙТЫ-БУДА ТЫ МÆСЫГ. ДЫРГЪДЖЫН (УАНЕЛ) Будатæ сты Гаглойты мыггаджы хицæн фыды фырт. Мæсыгы бæстыхай ис хъæуы цæгат-скæсæн хайы, у æрдæг пырх. Йæ бындур у расткъуымон. Цæгат æмæ хуссар фарс 109
къулты фæтæн у 6 м æмæ 70 см, ныгуылæн æмæ скæ- сæнварс къулты фæтæн та 6 м æмæ 80 см. Цæгат-ныгуылæн æмæ хуссар-ныгуылæн фисыны бæрзæнд у 4 м æмæ 30 см, цæгат-скæсæн фисыны бæрзæнд та 1 м æмæ 40 см, хуссар- скæсæн фисыны бæрзæнд та у 2 м æмæ 30 см. Ныгуы- лæнварс къулыл 2 м æмæ 70 см бæрзæндыл зæххæй ис мæсыгы хулфмæ бахизæн, йæ уæллаг фарс у æрдæг зылд конд, бæрзондырдæм у 1 м æмæ 15 см, фæтæнырдæм та 90 см. Иæ къултæ куыд хуылфырдыгæй, афтæ æддæрдыгæй дæр уыдысты сæрст æлыг сыджыты змæстæй. Ныртæккæ хуылфырдыгæй байдзаг систы пырхæнты дуртæй. Мæсыг уыд амад хохаг къæйдур æмæ йæ алыварс арæх чи æмбæлы, æндæр ахæм дуры мыггагæй. Систы дуртæ æвæрд цыдысты æнæиугæнæг фæрæзæй, ома уыд «сур амад». ГАГЛОЙТЫБЕБЕТЫ МÆСЫГ. КЪУСДЖЫТÆ Бебетæ сты Гаглойты мыггаджы хицæн фыды фырт. Мæсыгы бæстыхай лæууы хъæуы уæллаг фарс æрдæг хæл- дæй. Йæ бындур у раст къуымон. Цæгат æмæ хуссарварс къулты фæтæн у 6 м æмæ 20 см, ныгуылæн æмæ скæсæн- 110
варе къулæн та 6 м, куыд уæлæмæ кæнынц нарæгдæр. Скæсæн къулы бæрзæнд у 7 м æмæ 80 см, хуссар-ны- гуылæнварс фисыны бæрзæнд у 5 м æмæ 80 см, цæгат- ныгуылæн фисыны бæрзæнд та 2 м. Къулты бæзджын у бындурмæ хæстæг 1 м æмæ 40 см. Скæсæнварс къулыл 4 м æмæ 30 см бæрзæндыл зæххæй ис мидæмæ бахизæн, йæ уæллаг фарс у æрдæгзылд. Бахизæны фæтæн у 70 см, йæ бæрзæнд та 1 м æмæ 30 см, куыд мидæмæ кæны фæтæндæр. Къулты хуылфы ма баззадысты тулдзæй конд дуархъæд- тæ. Хуссарварс къулыл дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл ис хъавæн, чысыл хуссар-скæсæн фисынмæ хæстæгдæр. Йæ бæрзæнд - 30 см, æмæ йæ фæтæн та 20 см. Куыд æддæмæ кæны нарæгдæр. Мæсыгы фисынты мидæгæй ис дурты тигътæ, æхсæн уæладзгуыты бынхъæдтæ кæуыл æнцой кодтой. Къултыл ма хуылфырдыгæй бæрæг цæуы, кæй уыдысты æлыг сыджытæй сæрст. Мæсыгы арæзтадон æр- мæг уыд хохаг къæйдур æмæ йæ алыварс чи æмбæлы арæх, æндæр ахæм дурты мыггагæй. Систы дуртæ æвæрд цы- дысты æнæиугæнæг фæрæзæй, ома уыд сур амад. 111
ГАГЛОЙТЫДЖИОТЫ МÆСЫГ. КЪУСДЖЫТÆ Джиотæ сты Гаглойты мыггаджы хицæн фыды фыр- тæй. Мæсыгы бæстыхай лæууы хъæуæн йæ хуссар-ныгуы- лæнварс æрдæгкалдæй - 100 м æддæдæр. Мæсыгы бындур у раст къуымон -6м æмæ 30 см иуæрдæм, 6 м æмæ 30 см - иннæрдæм. Цæгат-скæсæн фисыны бæрзæнд у 2,50 м, цæ- гат-ныгуылæн фисыны бæрзæнд 6 м, хуссар-скæсæн фисыны æмæ хуссар-ныгуылæн фисынæй ницыуал баззад, зæххимæ сраст сты. Къулты бæзджын у 1,50 м бæрц. Цæгат къулыл дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл ис хъавæн - 30 см иуæрдæм æмæ 20 см иннæрдæм. Мидæгæй мæсыг у йедзаг систы пырхæнты дуртæй. Мæсыгы бæстыхай амад æрцыд хохаг къæйдур æмæ йæ алыварс цы дуры мыггаг ис, уыдонæй. 112
ГАГЛОЙТЫ - НАФИТЫ, ЛÆППЫНÆГТЫ (ЦÆБИТЫ) МÆСЫГ Гаглойты мыггаджы Нафиты (Лæппынæгты) фыды фырты мæсыг, иуæй-иутæ йæ хонынц Цæбиты мыггаджы мæсыг, ис Дыргъджыны хъæуы бынмæ Лæппынæгты цæ- рæнуаты. Иæ бындур у цыппар къуымон. Хуссар æмæ цæ- гатварс къулты дæргъ у 6,70 м, ныгуылæн æмæ скæсæн- варс къулты дæргъ та - 6,40 м йæ бæрц. Мæсыгы бæстыха- йæ ма баззад хуссар æмæ ныгуылæнварс къултæ æмæ куыд цæуы бæрæг, афтæмæй уыдис цыппар уæладзыгон бæс- тыхай, йæ бæрзæнд у 7,60 м æмæ сæ бæзджын та зæххы æмвæзадæй - 1,70 м бæрц. Йæ къултæ куыд уæлæмæ кæ- нынц тæнæгдæр. Дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл сты 1,50 м, æртыккаг уæладзыгы æмвæзадыл - 1,30 м æмæ цып- пæрæм уæлæдзыджы æмвæзадыл та 1,10 м бæрц. Хуылфырдыгæй бæстыхай сæрст уыд æлыг сыджытæй. Систы дурты иугæнæг фæрæз уыд чъыр сыджыты æзмæст. Æгасæйдæр мæсыг амад уыд хохаг къæйдуры мыггагæй. 113
ÆБÆРÆГ МÆСЫГ - СИДÆН-1. СИДÆНЫХЪÆУ Сидæны хъæууатæй 60 м уæлдæр ис дурты пырхæнтæй обау. Бынæттон зæронд лæгтæ куыд дзурынц, афтæмæй, дам, ам уыд кæддæр мæсыгы бæстыхай. Обауы сæр кæр- дæг схæцыд, фæлæ сыджыты иу хай хафтгонд куы æрцыд тракторæй, уæд дзы разынд сисамадтытæ. Ноджы ма ис ахæм дзурджытæ, зæгъгæ, дам-иу дзы ракалд адæймагы стджытæ æмæ æлыгæй конд мигæнæнты цъæлтæ. ЦЪÆРИТТЫ МÆСЫГ Цъæритты мыггаджы æрдæг калд мæсыг ис Марданты хъæууатмæ хæстæг. Иæ бындур у расткъуымон, цæгат-ны- гуылæн фарс Уанелы хъæуæй уæлдæр, 1,500 м дæрддзæ- фæн. Цæгат æмæ хуссарварс къулты фæтæн у 6,0 м, ны- гуылæн æмæ скæсæнварс къулты дæргъ та 5,0 м бæрц. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 5 м, сæ бæзджын та зæххæй 2,0 м бæрзæндæныл 1,50 м. Ныгуылæнварс къу- лыл зæххæй 2,40 м бæрзæндæныл ис æрдæгзылд арæзт 114
хуылфмæ бахизæн, йæ бæрзæнд æддæрдыгæй у 1,10 м. Амад уыд хохаг къæйдур æмæ æндæр дуры мыггагæй. Йæ дуртæ уыдысты цасдæрбæрцæй бакуыстгонд æмæ равзæрстгонд. Дуртæ амад уыдысты æнæиугæнæг фæрæзæй, ома уыд сур амад. БИБЛИОГРАФИ Беджызаты Ч.Д Æвзæрст уацмыстæ. Сталинир, 1958. Гаглойты 3. Д Ирон мыггæгтæ. Дзæуджыхъæу, 2005. «Ир». Гаглойты Ю. С. Проблемы этнической истории южных осетин. Цхинвал, 1995. «Ирыстон». Ирон адæмон аргъæуттæ. 1 хай. Цхинвал, 1962. «Госиздат». История Юго-Осетии, 2 том. Сталинир, 1960. «Госиздат». История Юго-Осетии, 3 том. Цхинвал, 1961. «Госиздат». Мæргъиты И. Т. Ирыстоны кæмтты ивгъуыдæй. 1 хай. Цхинвал, 2014. «Республикæ». Мæргъиты И. Т. Дзиуты мыггаджы историйæ. Газ. «Хур- зæрин», №71.15.08.09. Мæргъиты И. Т. Мыкалгабыртæ. Газ. «Хурзæрин» № 81, 19.07.2011аз. Мæргъиты И. Т. Содтиты мыггаджы историйæ. Газ. «Хурзæрин», №62. 02.08.08. Мæргъиты И. Т. Цæбиты мыггаджы историйæ. Жур. «Фи- диуæг» №3. 2008. Мæргъиты И. Т. Цъæритты мыггаджы историйæ. Жур. «Фидиуæг» № 4. 2011. Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии в Х1Х-ХХ вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Информанттæ Гаглойты Матейы фырт Таймураз, 70-аздзыд. Уанел, 26.09.2007. Гаглойты Андройы фырт Мурик, 77-аздзыд. Дыргъджын, сæрд, 2007. Содтиты Исланы чызг Диана, 35-аздзыд, г. Цхинвал. 115
МЗИУГОМ Мзиугом ис Цъалагомы дæллаг кæройнаг хайы, Леуахи доны рахиз фарс. Раст зæгъгæйæ, Мзиугом Цъалагоммæ хауы æви Дзауы коммæ, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ дыууæйы арæны хсæн ис. Фæлæ географион æгъдауæй Цъалагоммæ æнгомдæр кæй лæууы, уый тыххæй хает æрцыд Цъалагомы кæмттæм. Мзиугом æмарæн кæны Чеселтгом, Къусджытæ, Хъобы ком, Чъимасгом æмæ Хуыцъейы зыл- димæ. Комæн йæ равæрд у дæргъæццон ивæзт, хуссарæй цæгатмæ йæ дæргъ уыдзæн 5 км бæрц æмæ уæрхæрдæм та 2 км æввахс. Мзиугом æмæ йæ алыварс зылды бæрзонддæр хæхтæ сты: Джетæйы фæлгæсæн, Къубаладжын, Дзамура, Мзиу-Къусджыты рагъ æ.а.д. Комы сæйраг дон у Мзиуы дон, фæрсæрдыгæй йæм ха- уынц ахæм чысыл дæттæ: Дзамурайы дон, Гæлæуты дон æмæ æндæртæ. Рокъаты хъæуы фæрсты уайы Рокъаты дон, Сазелеты фæрсты та Къубалæджджыны дон. Мзиугомы ном равзæрд дзырд «зиуæй». Ам цы æртæ хъæуы уыд: Галуанты хъæу, Астæуккаг хъæу æмæ Уæллаг хъæу, уыдон-иу арæх иумæ зиу кодтой - æмзиу уыдысты æмæ сæ уымæ гæсгæ иумийаг номæй - Мзиу - схуыдтой (Гаглойты 3., 2005. Ф. 67, æмæ Гæбæраты 3., 2007). Æмæ иу- мийагæй комы ном дæр Æмзиуæй баззад. Комбæсты зæронд адæм куыд дзырдтой, афтæмæй Мзиугом федзæрæг 13 хатты, стыр митуарды фæстиуæгæн æмæ æддагон тыхгæнджыты ныббырсты фæстиуæгæн (Гæбæраты 3., 2007). Мзиугомы уыд ахæм хъæутæ: Галуантæ (Пишиты хъæу), Астæуккаг хъæу, Уæллаг хъæу, Тъотъоты хъæу, Гæлæуты хъæу æмæ Елбачитæ. Афтæ ма комы фæрсырдыгæй - Ро- къатæ æмæ Дæдитæ. Мзиугомы бахизæны ныхмæ Леуахи- доны галиуфарс - Сазелет æмæ Хуыджетæ. Ацы фæстаг цып- пар хъæуы Мзиугоммæ хаугæ чизоны нæ кæнынц, фæлæ йæ тæккæ фарсмæ кæй сты æмæ сæ æндæртимæ кæй нæй бабæттæн, уый тыххæй хает æрцыдысты Мзиугоммæ. Са- 116
Елбачитыхъæу зелет æмæ Хуыджеты хъæу сты Мзиугомы акомкоммæ Леуахидоны иннæ фарс. Рокъатæ та сты Мзиугомы бахизæ- ны уæллаг фарс, Леуахидоны рахиз фарс. Мзиугомы рагъыл, Борджнисы сæрмæ та уыд Къахыры хъæу. Галуанты хъæуы цардысты Галуантæ - Пишиты фыды фырт, Астæуккаг хъæуы - Гæбæратæ, Дженеты фыды фырт æмæ Дзерантæ. Уæллаг хъæуы - Хъотайтæ, Къæбыстæ, Ходтæ æмæ Енал- дытæ - Гæбилты фыды фырт. Тъотъоты хъæуы - Тъотъотæ æмæ Гæлæуты хъæуы та чи цард, уый ничи зоны, уымæн æмæ раджы федзæрæг. Елбачиты хъæуы (Тъиботæм - Ты- былты фыды фырты ном) - Елбачитæ æмæ ма фæстæдæр Тыбылтæ æмæ Гæззатæ. (Гæбæраты 3., 2007). Рокъатæм æмæ Дæдитæм та цардысты Гаглойтæ. Сæ цæрæнуæтты нæмттæ равзæрдысты сæ рагфыдæлтæй фыццаг ам чи æрцард, уыдоны нæмттæй (Гаглойты Б., 2009). Сазелеты цардысты Дзæгъиаты мыггаг, сæ фарсмæ Хуыджеты хъæуы та - Хуыджетæ æмæ Икъатæ. Мзиугом æмæ йæ алфæмбылай хъæуты раг историйы фæдыл ницы ратæдзæнтæ ис æмæ уый тыххæй йæ ив- гъуыдыл зын дзурæн у. Бæрæг куыд у, афтæмæй Сазелеты 117
(Хуыджеты хъæуы) Хуыджеты мыггаджы рагфыдæл Сосо куы æрцард, уæд хъæубынаты уыд стыр нæзыхъæд æмæ дзы æрбынат кодта [Гаглойты, 2005. Ф. 168]. Фæстæдæр дзы æрбынат кодтой æндæр мыггæгтæ дæр. Профессор Дзат- тиаты Русланы хъуыдымæ гæсгæ, ном «Сазелет» равзæрд «сазвере»-йæ. «Сазвере» та нысан кæны хъалон исæн бынат, ома таможня. Дзаттиайы фырты хъуыдымæ гæсгæ, Мзиугомы бахизæны уыд æбæрæг фидары арæзтад, ныр дæр ма йæ хæлдтытæ зынынц [Дзаттиаты, 2002. Ф. 8]. «Гæбæратæ фыццаг Къусджыты цардысты, фæлæ сын уым цæрæн нал уыд æмæ ралыгъдысты Мзиугоммæ - Гæ- лæуты хъæумæ. Тъотъотæ раджы заманы Уырысимæ куы хæцыдысты, уæд Гæбæратæй сæ иутæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ æв- варс уыдысты æмæ уымæ гæсгæ фæлыгъдысты Гнугъмæ. Фæлæ чидæр фæцис дзырдхæссæг æмæ сæ банымыгъта. Уæд та уырдыгæй дæр сыстадысты æмæ алыгъдысты Зал- дайы хъæумæ. Залдайы цæргæйæ сын уыд бирæ зæххытæ. Нæ фыды фырты раг фыдæл чи уыдис, уый æнæнхъæлæджы фæзиан. Иæ ус та уыд Бететæй æмæ сын баззад чысыл лæппу дæр. Сæ æрвадæлты (дыккагхæдзæртты) фæндыд, цæмæй сын баззадаиккой сæ зæххытæ æмæ сæ тыхсын кодтой. Ус уый адыл сыстад æмæ йæ цæгатмæ фæхаста сабийы. Азтæ цыдысты, æмæ дын Хуыцау хорз ракæна, саби байрæзт - слæг ис. Иу бон дын Бетеон зæгъы йæ фыртæн, зæгъгæ, дæ фы- дæлты зæххытæ сты Мзиугомы, ацу æмæ дзы æрцæр, ам дæуæн ницы ис. Уый дæр бацыд æмæ дзы æрбынат кодта. Афтæ Гæбæратæ дыккаг хат æрцардысты Мзиугомы». (Фæ- цыбыргондæй). [Гæбæраты 3., 2007]. Хуыджеты Сосо Сазелеты куы æрцард, уæд ма ардæм Икъатæй лæппу æрбакодта, æмæ уымæ гæсгæ Сазалеты Икъатæ дæр æрцардысты. Куыд дзурынц, афтæмæй гуыр- дзиаг Ходжашвилитæ дæр сæхи Хуыджеты æрвадæлтæ хо- нынц. Сæ æрвадæлтыл ма нымайынц Дудайты æмæ Лиан- т!ы мыггаджы. Сазелеты Хуыджетæй бирæ алыгъд Цъор- бисмæ дæр [Гаглойты 3., 2005. Ф. 168-169]. 118
Тъотъотæ Гаглойтæй равзæрдысты. Гаглойтæй иу мæ- гуыр лæппу Тъотъо хуындис æмæ йæ йæ дыккаг хæдзæрт- тæ нæ уарзтой, хæрдмæ скæсын æй нæ уагътой. Тъотъо ахæм цардæй сфæлмæцыд, сыстад, йæ къæсс, йæ уæзæг ныууагъта æмæ фæлыгъд Мзиугоммæ. Уым æрцард, хæдзар сарæзта, æрхаста бинонтæ дæр. Йæ мыггагмæ уый бæрц мæсты кодта æмæ сын сæ мыггаг кæй хаста, уый дæр æм хъыг касти. Уымæ гæсгæ йæ кæстæртæн сæ мыггаг хонын кодта Тъотъотæй, йæхи номæй. Уый адыл равзæрдис ног мыггаг - Тъотъотæ. Æбæрæг хъæууат Тъотъотæн Мзиугомы уыд хицæн хъæу, ныр дæр ма йæ Тъотъоты хъæууат хонынц [Содтиты Д., 2007]. Тъотъоты мыггаджы минæвæрттæй цæры с. Цхинвалы, Дзагъинайы, Мухаурийы, Хæрисджыны (Торманеули) [Гаглойты 3., 1962. Ф. 451] æмæ æндæр рæтты. Дзæгъиатæ æрцыдысты Холсты хъæуæй æмæ фыццаг æрцардысты Урсдзуары комы æмæ Къусджыты зылды, ныр дæр ма сæ хъæубынаты хæдзæртты систæ бæрæгæй зынынц, сæ номыл та баззадысты сæ хъæууæтты нæмттæ. 119
Фæстæдæр та æрцардысты Сазелеты хъæуы. Æнхъæлдæн æмæ ардæм Урсдзуаргомæй æрцыдысты. Иу рæстæджы сæм æлдар бацыд æмæ сæ хъалон домдта, фæлæ хъалоныл не сразы сты Дзæгъиатæ æмæ æлдары фæсдзæуинтæй дыууæйы амардтои. Сазелеты сын цæрæн нал уыд æмæ æндæр рæттæм фæлыгъдысты цæрынмæ, сæ иутæ Бенде- ры æрцардысты [Гаглойты 3., 2005. Ф. 85], инæтæ та æрцардысты Хæрисджыны хъæуы, Малдайы æмæ æндæр рæтты. Елбачитæй иу лæг Заза хуынд æмæ йæ мыггаг раивта Гаглойтæй. Фæстæдæр алыгъд Карелы районмæ æмæ йæ цæуæты дæр ныффыста Гаглойты мыггагыл. Æцæгæй та Елбачитæй уыдысты. Карелы районы цы Елбачитæ цæрынц, уыдон æрвадиуæг кæнынц Гаглойтимæ, кæд тугæй хæстæг не сты, уæддæр. [Гаглойты 3. 2005. Ф. 92]. Æндæр зонæн- тæм гæсгæ Елбачиты æрвадæлтæ ма сты, куыд Гаглойтæ, афтæ Санахъотæ æмæ Гæбæратæ дæр, æмæ се 'хсæн чызг куырд нæй. Карелы хæхты цы Елбачитæ цардысты, уыдон 1960-æм азты уыдысты 200 хæдзары бæрц. Хистæртæ, дам, куыд дзырдтой, афтæмæй Карелы Елбачитæ Дзадза, Марч æмæ Абелы байзæддæгтæ сты. Елбачитæй иутæ ныффыс- той Турмантæй (Турманидзетæ) [Калоев Б. А. 2012. Ф. 93]. Елбачиты номыл ма сыхтæ уыд Курта æмæ Тамаресы - Елбакидзентубани æмæ Елбакети [Цхуырбаты, Дзиццой- ты, 2015. Ф. 277]. 1840-æм азы Мзиугомы Тъотъоты хъæуы цард 9 хæдзары [История ЮО, 1960. Ф. 422]. 1852 азты комбæсты зылды цард: Елбачитæм - 11 хæдзары, уыдоны - 54 нæлгоймаг æмæ - 43 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 97 адæймаджы, Сазелеты - 4 хæдзары, уыдоны - 12 нæлгоймаг æмæ 9 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 21 адæймаджы æмæ Хуыджетæм дæр - 4 хæдзары, уыдоны - 11 нæлгоймаг æмæ - 5 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 16 адæймаджы. [История ЮО, 1960. Ф. 94, 99]. 1860-æм азы Елбачиты хъæуы цард - 8 хæдзары, Сазелеты - 9. [История ЮО, 1961. Ф. 546-547]. 1926 азы Мзиугомы (Елбачитæ æмæ Рокъатимæ - МИ) цард 57 адæймаджы, Сазелеты (Хуыдже- 120
ты хъæуимæ - МИ) - 53 адæймаджы, [Цхуырбаты, 2007. Ф. 158-159]. Мзиугомы зылды 1950 азы цард Галуанты хъæ- уы - 3 хæдзар, Астæуккаг хъæуы - 3 хæдзар, Уæллаг хъæ- уы - 5 хæдзар, Елбачитæм - 3 хæдзар, Сазелеты - 3 хæдзар, Хуыджетæм - 2 хæдзар, Рокъатæм дæр 2 хæдзар [Гæбæра- тыЗ, 2007]. 1821 азы æддагон тыхгæнджыты ныхмæ, Цъалагомы цæрджытимæ растадысты Мзиугомы цæрджытæ дæр æмæ Елбачиты хъæуы бынмæ аккаг ныхкъуырд радтой тыхгæн- джытæн, фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты, æмæ сæ фæстæмæ алæууын бахъуыд. Уанелы цур та Ир сæ ныхмæ æрлæууыдысты, сæ фарсмæ ма æрбалæууыдысты Цъалагомы уæллаг хайы æмæ Урстуалгæмтты цæрджытæ æмæ тыхгæнæг æфсады, сæ разамонæг майор Титовы сæргъ- лæудæй, лидзинаг фæкодтой. [История ЮО, 1960. Ф. 293-294]. Тыхгæнджытæ басыгътой æмæ ныппырх кодтой Елбачиты æмæ Сазелеты хъæуы раззагондæр ныхмæлæуджыты хæ- дзæрттæ: Елбачитæм - 4, Сазелеты та - 1. [История ЮО, 1960. Ф. 298]. Мзиуы æртæ хъæуæй иу 121
1830-æм азты Чеселтгомы растады раззагон архайджы- тæ уыдысты - Мзиугомæй Плиты Гаджи æмæ Елбачиты Пипа [История ЮО, 1960. Ф. 336]. 1838-æм азы размæ Мзиугомы Тъотъоты мыггаг хъалон фыстой æрмæст паддзахады къазнайæн, Мачабелты æл- дæрттæ сæм ницы бар дардтой. Фæлæ капитан Васильевы Дзауы сæйраг пъырыстыфæй куы баурæдтой, уæд йæхи æмæ гуырдзиаг Мачабелты пайдайæн паддзахады зæх- кусджытæй хъалон исын райдыдта - алы хæдзарæй дæр 20 сом æвзистæй алы аз дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, хо- хæгтæ ууыл нæ разы кодтой æмæ ныхмæ лæууыдысты. Уæд Васильев Мзиугомы Тъотъоты ныхмæ ракодта Маца- белтимæ 500 æфсæддоны, æнæсæттон мзиуæгты ныхмæ. Комы бахизæны Тъотъотæй дыууæйæ - Тъотъоты Заза æмæ Куаз æфсады ныхмæ хъæды бабадтысты, къутæр- тæй æрбагæрах кодтой Мачабелты Бардзимы æмæ дзыхъ- мард фæцис. Цасдæрбæрцæй фæстæмæ алæуды фæстæ уыцы дыууæ адæймаджы æфсадимæ хæст самадтой, фæлæ сæ бон куы базыдтой, уый бæрц балхон æфсады ныхмæ нæ фæлæудзысты, уæд фæстæмæ алæууыдысты. Æфсад хъæумæ бабырстой, æгас хъæубæстæй сæхи хæхтæм айстой, хæцæг фæсивæд та сæм ныхмæ лæууыдысты, фæлæ цы сæ бон уыд, æфсад сыл зæйау тыхстысты, стæй бынтондæр сæхи хæхтæм айстой. Тыхгæнджытæ басыгътой хъæу, бынаты цы баййæфтой фæллойæ, уый атæлæт кодтой. Комбæсты фосæй цыдæриддæр баййæфтой, уый ратардтой: 30-æй фылдæр ставдкъах фос, 80-æй фылдæр лыстæг фос, 7 бæхы æ.а.д. Цы бафтыд сæ къухы Тъотъоты фæллойæ, уый дихгонд æрцыд Мачабелты æмæ Васильевы 'хсæн сæ хисæрмагонд пайдайæн. Уый фæстæ ма Васильев æмæ Ма- чабелтæ бафсæрстой Чеселтгом æмæ Къусджытæм æмæ та адонæй дæр уæлдай хъалон тыххæй байстой. Уый фæстæ сæ алыварс хъæуты цæрджыты иуылдæр карз фæдзæхст бакодтой, цæмæй Тъотъотæн мачи дæр æххуыс бакæна, мачи дæр сæм æввахс цæуа. Æфсад куы ацыдысты, уæд лыгъд адæм рыздæхтысты сæ пырх уæзгуытæм æмæ та балæууыдысты цард аразыныл. Кæд фæрсаг хъæуты цæрджытæ фæдзæхст уыдысты, цæмæй сын ма æххуыс кæной, уæддæр сæм, кæй зæгъын æй хъæуы, фæкастысты 122
чи армæй, чи хæлцæй, кæмæн цы йæ бон уыд, уымæй. Ахæм хуызы Тъотъотæ арвыстои сæ зымæг. Тъотъотæн чи æххуыс кодта, уыдонæй кæй ахсгæ кодтой, кæуыл та дзы уæлдай хъалонтæ сывæрдтой, бирæтæй та дзы тыххæй райстой мæнг æвдисæнтæ, цæмæй сæ фыдмитæ æмбæхст æрцыдаиккой æмæ Тъотъоты фылдæр фæазымджын код- таиккой. Мæнг хъуыддæгтæ ма чи мысыд йæ мыггаджы хицæн минæвæрттыл æмæ Тъотъотыл, стæй ма ардауæн æвзаг чи хаста уæлдæр лæууæг хицæуттæм, уыдонæй сæ иу уыд хъæуы хистæр Елбачиты Заза. Тъотъотæ сæ цæ- рæнуæттæм куы æрыздæхтысты, уæд Зазайæн йæ фос атæлæт кодтой. Мзиугомы рæгътæ Тъотъотæ бæргæ хъаст кодтой уæлдæр лæууæг хицæут- тæм, фæлæ сын сæ ничи хъуыста, уымæн æмæ Васильев æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй мæгуыр фæл- лойгæнæг адæмыл ма æууæндыдаиккой. Васильев та бахатыд уæлдæр лæууæг хицæуттæм, æмæ мæнг ныхæстыл баууæндгæйæ, Мзиуæгты ныхмæ æрвыст æрцыд æфхæрæг экспедици - 100 æфсæддоны, инæлар Анд- 123
ронниковы сæргълæудæй. Мзиугомы цæрджытæ сæм ацы хатт ныхмæ нал фæлæууыдысты, фæлæ сæ ис, сæ фæллои- мæ хæхтæм сæхи айстой. Æфсад хъæуы цы баййæфтой, уый та ныссæрфтой, хæссынæн цы бæззыд, уый та хæсгæ ра- кодтой, уыцы нымæцы ма сæ къухты бафтыд цалдæр бæ- хы дæр. Мачабелтæ æмæ Васильев æппæт мадзæлттæй дæр архайдтой, Тъотъотæ сæ къухты бафтыдаиккой, æгæры- стæмæй ма фыстой æхца сæ хъузонтæн, уæлдайдæр сыхаг кæмтты цæрджытæн, фæлæ уыдон уæддæр сæ къухты не 'фтыдысты. Гуырдзыйы æлдæрттæ æмæ сæ хъузонтæ афтæ зæрдиагæй архайдтой Тъотъоты æрцахсыныл, æмæ сын бон æмæ æхсæв дæр нал уыд. Тъотъотæ уый уынгæйæ, 1840-æм азы фæззæджы ныууагътой сæ цæрæнуæттæ æмæ бадтысты æд бинонтæ Бæгъиаты хъæуы мæсгуыты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам дæр та сæ ссардтой. Зымæгон мит- вæндæгтыл æфсад ссыдысты Бæгъиатмæ æмæ сыл хохаг сармадзантæй мæсгуытæм схæцыдысты. Хæцæг адæм дæр сыл мæсыгæй хæцыдысты, фæлæ сармадзанты ныхмæ цы фæлæууыдаид, æмæ мæсгуыты дурты бын Тъотъоты мыг- гаг фæцагъды сты [История ЮО, 1960. Ф. 421-434]. Уæл- дæр загъдгонд Заза мард фæцис тыхгæнджытимæ тох- гæнгæйæ. Куазы та æрцахстой æмæ хает æрцыд Сыбырмæ, фæлæ фæндагæй алыгъд æмæ æрцыд фæстæмæ йæ рай- гуырæн бæстæм. Ам бынаты Залдайаг Гæбæратимæ сиу ис æмæ та йæ мает ногæй иста йæ цыфыддæр знæгтæй [История ЮО, 1960. Ф. 459-460]. Ацы хæсты фæстиуæгæн Тъотъоты мыггаг тынг сцыбыр, сæ хъæу та æдзæрæг фæцис. Сæ хъазуатон тохы хабæрттæ та адæмы 'хсæн базза- дысты диссагæн - «Тъотъоты митæ, зæгъгæ». (Кæс ноджы дæлдæр Дзерассæйы дзуар). XIX æнусы æмбисы Мзиугом æмæ йæ алфæмбылай зыл- ды цæрджытæ хайад истой уырысы æфсады дæлхæйтты æддагон хæстыты: Елбачиты Пирас, Парса, Кечо [История ЮО, 1961. Ф. 481,497], Дзæгъиаты Кеко æмæ Тура [История ЮО, 1960. Ф. 110], Галуанты Хаджи [История ЮО, 1961. Ф. 481] æмæ æндæртæ. 124
Советтон уагæвæрды æрцыдæй 30-æм азты Мзиугом æмæ Сазелет-Рокъаты зылды уыд дыууæ колхозон хæдза- рады æмæ дыууæ та райдиан скъолатæ. Фыццаг Сазелеты æмæ дыккаг та Мзиугомы рæбинаг хъæуы. Мзиугом æмæ йæ алфæмбылай хъæуты цæрджытæ куывтой ахæм зæдтæн æмæ кувæндæттæн: Мыкалгабы- рæн - цыдысты Къусджыты рагъыл, фыццаг Галуаны ра- гъы кувæндонмæ, стæй та фæстæдæр Дзуары фæзмæ, Бур- самдзелийæн, Хæстæг дзуарæн, Къутиауæн, Рагъыдзуар - Рокъатæ, Мыкалгабыр - Рокъатæ, Мæсыгы дзуар - Мичри- ли æмæ Мыкалгабыры номыл кувæндонæн, Хисты Дзуар - Атынæгы (Дзеранты кувæндон), Дзерассæйы дзуарæн æмæ æндæртæн. Дзерассæйы дзуары фæдыл ис ахæм таурæгъ: Дзерассæйы дзуар ис Мзиугомы - Дисиджыны. 1840 азты Мзиугомы Тъотъоты мыггаг уырысы æфсадимæ куы схæ- цыдысты, уæд Тъотъотæ уыдысты æрмæст 10 хæстонæй æнæхъæн æфсады ныхмæ. Цас фæхæцыдысты, уый дар- дыл у, фæлæ састы бынаты куы задысты, уæд сæхи айстой Бæгъиаты мæсгуытæм. Хæцгæ-хæцгæ фæстæмæ куы алæу- уыдысты хæхтырдæм, уæд семæ цы чызг уыд, Дзерассæ зæгъгæ, ууыл нæмыг сæмбæлд æмæ Дисиджыны фæзы дзыхъмард фæцис. Тъотъотæ сæ хойы уым бавæрдтой æмæ фæстæдæр, бæстæ куы ныссабыр, уæд ын йæ ингæн- мæ алы аз дæр куывды цыдысты фæсивæд. Æмæ уæдæй фæстæмæ баззад Дзерассæйы дзуарæй [Гæбæраты 3., 2007]. Мзиугом æмæ йæ алфæмбылай хъæуты уыд цалдæр хъахъхъæнæн арæзтады, фæлæ XIX æнæусты ныббырсты- ты фæстиуæгæн уыдон пырх æрцыдысты, уыцы нымæ- цы: фæйнæ иугай мæсгуытæ уыд Тъотъоты хъæуы æмæ Елбачиты хъæуы, гæнах та уыд Гæлæуты хъæуы. Мзиугом æмæ йæ алфæмбылай хъæутæй рацыд ахæм зындгонд адæм: Фыццаг Дунейон хæсты хайадисæг æмæ революцийы зынгæ архайæг - Елбачиты Дауыты фырт Никъала, Гаглойты Багир - инженер, Дзеранты Буту - революцийы раззагон хæстон, 13 коммунаримæ мард æрцыд 1920 азы Згъудеры къуылдымыл. 125
ТЪОТЪОТЫ МÆСЫГ Хъæуы уæллаг хайы, цæрæн хæдзæртты пырхæнты 'хсæн, чысыл къуылдымыл ис мæсыгы арæзтады хæлдтæ. Æххæст бæстон нæу, мæсыг Тъотъоты уыд æви æндæр мыггаджы, уымæн æмæ Тъотъоты мыггаджы цæрæнуат ис комы скæсæнварс къуылдымыл. Бæрæг у таурæгътæй æмæ Тъотъотæн уыд мæсыг, фæлæ сæ хъæууаты мæсыгæн йæ фæд дæр нæ разынд. Куыд дзырдтои комы зæронд цæрджытæ, афтæмæй сæ мæсыг уыд æндæр ран æмæ ком- бæсты та мæсыг ацы хъæууаты йеддæмæ æндæр никуы ис. Комбæсты куыд цæуы бæрæг, афтæмæй уыд цалдæр хъæуы, сæ нæмттæ дæр сты зындгонд. Фæлæ ам цы хъæууæт- тæ ис, уыдонæй чи кæцы у, уый бæрæг нæу. Æрмæст дзы рабæрæг Тъотъоты хъæууат. Мæсыгæн йæ бындур уыд расткъуымон. Цæгат æмæ хуссарварс къулты вæзн у 6 м, ныгуылæн æмæ скæсæнварс къулты вæзн та 6,20 м бæрц. Мæсыгы къултæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд ма у 0,50-1,0 м бæрц. Мæсыгы къултæ уыдысты амад хохаг къæйдуры мыггагæй æмæ ма 126
бынаты чи æмбæлы, ахæм æндæр дурты мыггагæй. Мæсы- гы хæлды дуртæй куыд цæуы бæрæг, афтæмæй дзы пайда- гонд цыд кæрдгæ дуртæ дæр, æвæццæгæн, æддаг фæрсты. Дурты иугæнæг фæрæз уыд хуымæтæджы сыджыт. ЕЛБАЧИТЫ МÆСЫГ. ЕЛБАЧИТЫХЪÆУ Хъæууаты схизæны хуссар-ныгуылæнварс ис расткъуы- мон мæсыджы бындур. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 1,0-1,50 м бæрц. Йæ бындур у расткъуымон, йæ систы дæргъ у фæйнæ 5,50 м бæрц. Амад уыд бынæттон хохаг къæйдуры мыггагæй, йæ дурты иугæнæг фæрæз уыд хуымæтæг сыджыт. Мæ информанты ныхæстæм гæсгæ, мæсыгы хæлдмæ куывды цыдысты Елбачиты мыггаг Мы- калгабырты æмæ Мичрилийы бæрæгбоны рæстæджы [Гæз- затыХъ. 2008]. БИБЛИОГРАФИ Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу, 2005. «Ир». Гаглойты 3. Д Осетинские фамилии в Юго-Осетии. Известия ЮОНИИ, 11 вып. - Цхинвал, 1962. «Госиздат». Дзаттиаты Р. Г. Позднесредневековая культура Осетии. Владикавказ, 2002. «Ир». История Юго-Осетии в документах и материалах. 2 том. Сталинир, 1960. «Ирыстон». История Юго-Осетии в документах и материалах 3 том. Цхинвал, 1961. «Ирыстон». Калоев Б. А. Осетины Восточной Осетии и районов Грузии. Владикавказ, 2012. «Ир». 127
Цхуырбаты 3. Д., Дзиццоиты Ю. А. Топонимия Южной Осетии. Том 2. Москва, 2015. «Наука». Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии в Х1Х-ХХ вв. Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Информанттæ Гаглойты Мухарбеджы фырт Багир. Цхинвал, 2009. Гæбæраты Гигийы фырт Зарбег. 1930 азы гуырд. Мзиуаг. Цхинвал, 16.11.2007. Гæззаты Алексийы фырт Хъауырбег, 73-аздзыд. Елба- читы хъæуккаг. 2003. Содтиты Исланы чызг Диана, 35-аздзыд, - Цхинвал, 26.08.07. 128
ПАЦЪАЙЫКОМ Пацъагом ис Пацъайы цæугæ доны астæуккаг цыды, Рибиса, Раро æмæ Алхасенты æфцджыты дæллаг хъуы- ры. Пацъагом æмарæн кæны Дзауы зылд, Чеселтгом, Маш- харагом, Къуыдаргом, Цъон æмæ Синагур-Карзманы кæмт- тимæ. Пацъагомы фæрсаг чысыл кæмттæ сты: Сæриттаты дон, Суæртты дон, Шитъаты дон, Абанойы дон, Нæзыджы- ны дон, Елхъанты дон æмæ æндæртæ. Пацъагомы фæрсаг кæмттæ сты: Суæртты ком, Сæриттаты ком æ.а.д. Комæн йæ зæххы равæрд у цæгат-ныгуылæнæй хуссар-скæсæны- рдæм, йæ дæргъ уыдзæнис 7-8 км бæрц æмæ уæрхæрдæм та 4 км æввахс. Сохты хъæуы цы рагон уæлмæрд ис, уым ингæнты цы мигæнæнтæ æмæ гæрзтæ разынд, уыдонæй бæрæг куыд цæуы, афтæмæй ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ хауынц 1-Н æнустæм нæ дуджы агъоммæ [Тъехты, 2006. 458]. Пацъагом 129
Уæллаг Хъемулта Ома ам, 2000 мин азæй раздæр дæр уæвынад кодтой адæм æмæ сæ цардуагон æгъдæуттæм гæсгæ та уыдысты хæстæг ирайнаг знæмты минæвæрттæм. Таурæгътæм гæсгæ, Сохты æмæ Дыргъджыны хъæуы Остъаты æмæ Те- деты мыггаджы размæ цардысты Сохты хъæуы - Сохты мыггаг æмæ Дыргъджыны та - Алхасенты мыггаг. Афтæ ма, Бæрдзойтæ æмæ Семыраты мыггаг та цардысты Сохты æмæ Дыргъджыны хъæуы 'хсæн, фæлæ фæстæдæр Сохтæ æмæ Алхасентæ стыр æмæ тыхджын мыггæгтæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ азмæлын нæ уагътой. Уæд уы- дон дæр сыстадысты æмæ фæлыгъдысты æндæр ранмæ. Таурæгътæм гæсгæ Сохты æмæ Алхасенты мыггаг тынг хъæздыг цардысты, сæ бæркадæн ныккæнæн нæ уыдис. Фæлæ фæстæдæр сæ бынатæй цæмæн фæлыгъдысты, уый бæрæг нæу [Джусдойты В., 1981]. Иуты ныхæстæм гæсгæ, Сохтæ низæй фæцагъды сты æмæ, дам, сæ зæппæдзтæ æрæджыйы онг дæр ма рæдзæгъдтæ уыдысты Пацъадоны рахиз фарс [Джуссойты В., 1981], фæлæ фæстæдæр лæсæны бын фесты æмæ абон бæрæг нал сты. Абон ма Сохты номыл баззад сæ дзуар æмæ сæ хъæуы ном, Алхасенты номыл та 130
Сохты хъæу Дыргъджыны сæрмæ стыр рагъ æмæ сæ кувæндоны нæмт- тæ. Алхасент ма куыд хъæуы ном, ис Знауыры районы. Куыд ма цæуы бæрæг, афтæмæй Гудисгомы, Джерырдæм фæлдæхт иу бынат хуыйны Сохты цæгат, ам ма æрдæгпыр- хæй баззад сæ мæсыг дæр. Гудисæй рацæугæ зæронд лæгты ныхæстæм гæсгæ, ацы бынаты цардысты Сохты мыггаг, фæлæ кæд фæлыгъдысты æмæ кæдæм, уый ничи зоны. Гуырдзыстоны мидæггаг районты ма æмбæлы Сохты, Соха- швили (Сухишвили)-тæ дæр. Æнхъæл дæн æмæ адон уæл- дæр загъдгонд Сохты мыггагимæ сты бает. Адæмы 'хсæн баззад дзырд, зæгъгæ, ныртæккæ ам цы мыггæгтæ цæры, уыдоны бон никуы бауыдаит Сохты æмæ Алхасенты ныц- цæгъдын, уый бæрц хъаруджын уыдысты, фæлæ æбæрæг аххосагæй аскъуыдысты. Баззад ма æрмæст дзырд-æл- гъыст «Сохты мæрдтæн фæлдыст фæу». Æндæр зонæнтæм гæсгæ та Остъатæ Сохты хъæуы куы æрцардысты, уæд ма Сохты мыггаг ам цардысты. Остъатæ куы сбирæ сты, уæд сæ фæсырдтой. Мæсыг дæр уыдоны уыд [Дзабиты, 1999. Ф. 108-109]. Сохты хъæуы цæрджытæ куыд дзурынц, афтæмæй Къуыдаргом, Чеселтгом æмæ Дзауы коммæ цы фæндæгтæ 131
цыд, уыдонæн се 'лхынцъ уыд Сохты хъæуы. Кæд ныртæк- кæ сæйраг фæндаг йæ бынтыл цæуы, уæд фыццаг та цыд хъæуы астæутыл. Амы цæрджытæ уыдысты диссаджы æрм- Абанойы хъæу дæснытæ, кодтой æрхуыйы куыст. Кæмдæр æй, зæгъгæ, Дыргъджыны хъæуы сæрмæ къахтой æмæ йæ Сохты хъæуы та дарддæр куыстой. Ныртæккæ дæр ма хъæу кæм ис, уым зæххыл ис дзæвгар æвзалыйы - сыгъд дурты згъæлæнтæ. Сохты хъæу ивгъуыд æнусты уыд сæудæджерадон æмæ æрхуыгуыстгæнджыты бынат, уымæ гæсгæ хъæуы алы- варс уыд дурæй амад стыр æмæ бæрзонд конд къултæ, сæ бæрзæнд уыд 4-5 м, æмæ сæ бæзджын та 1 м бæрц, йæ дæргъ æмæ йæ уæрх уыдаиккой фæйнæ 400-500 м бæрц. Æрбахизæнты уыд стыр дуæрттæ, æрхуыйæ арæзт æмæ дзы бадт хъахъхъæнджытæ дæр. Фæндагыл цæуджытæй- иу истой хъалон æмæ, уымæ гæсгæ, амы цæрджытæ алы- вæрсыгонæй дæр уыдысты тынг хъæздыг. Фидары дæл- лагварс хуссарæрдыгæй уыд бæрзонд æмæ фидар мæсыг, фæлæ тыхгæнджытимæ тохкæнгæйæ хæлд æрцыд. Кæм уыд, уыцы бынаты ма ныр бæрæгæй зыны чысыл дурты 132
обау [Мæргъиты И., 2010]. Уæдæ куыд федтам, афтæмæй Тедеты æмæ Остъаты мыггаджы размæ Сохты æмæ Дыргъ- джыны хъæуты цардысты æндæр мыггæгтæ, кæцытæ цагъ- ды фесты бæрæг æмæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Куыд уынæм, афтæмæй историон ратæдзæнтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ XVII æнæусты размæ Дзауы сæр цы хъæутæ уыд, уыдоныл сыстад низ, стæй ма хорæрзад кæй нæ уыд æмæ стонгæй адæм кæй фæцагъдысты, уымæ гæсгæ цагъ- ды кодтой уæлдæр загъдгонд ирæттæ дæр [Гаглойты, 2007. Ф. 208].Таурæгътæм гæсгæ, Сохты æмæ Алхасенты фæстæ сæ бынæтты æрцардысты Остъатæ æмæ Тедетæ, комы фал- лаг фарс та Лалыты мыггаг. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ та Сохты Остъатæ фæсырдтой сæ цæрæнбынæттæй [Наниты В., 1982]. Иу таурæгъы та дзырдæуы: Остъаты рагфыдæл цуангæнгæйæ бафтыд Сохты хъæууатмæ æмæ æдзæрæг кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы æрцард [Наниты В., 1982]. Йæ зæрдæмæ фæцыд, уæды рæстæджы зæхх тынг кадавар уыд, æмæ ма æнæзæхх лæджы æндæр цы хъуыд. Æрцæуæг мыггæгтæ тынг сбирæ сты æмæ ма ацы зылды æндæр рæтты дæр сарæзтой цæрæнуæттæ, хицæн фыдыфыртгай. Остъаты рагфыдæл Остъа хуынд æмæ мыггаг дæр йæ номæй рацыд. Уыдис ын дыууæ æфсымæр - Карсан æмæ Коко. Уыдон цардысты Гыццыл Гуфтайы. Иу хатт Остъа цуаны бацыд Хъемултагоммæ, ам йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы æрцард. Остъайы байзæддæгтæй быдырмæ чи алыгъд, уыдонæй иутæ Тигъуайы ныффыстой Оситъашвилитæ [Наниты В., 1982]. Остъаты æрвадæлтæ сты: Джиотæ, Хуы- былтæ, Гасситæ, Бабатæ, Битетæ, Кокойтæ, Магкотæ æмæ Карсантæ. Таурæгътæм гæсгæ, Багатæ фыццаг цардысты Цама- ды, фæлæ стæй Туалгоммæ-Тибмæ балыгъдысты æмæ уырдыгæй та фæстæдæр фыдыфыртгай фæлыгъдысты. Æрвадæл мыггæгтæ та сын сты: Гамахартæ, Тотратæ æмæ Джергатæ. Тибы сæ кувæндон уыд Батлон æмæ йæ хуссар- мæ семæ рахастой. Багатæ куывтой авд зæдæн, бæгæны дæр авд цуайнаджы фыхтой æмæ бадгæ дæр бæрæгбоны рæстæджы авд боны кодтой. Пацъагоммæ æрцыдысты Зам- 133
Сæриттатæ тареты хъæуæй [Гаглойты 3., 2005. Ф. 44]. Багатæ уæлдæр ранымадгонд хъæутæй дарддæр ма æрцардысты: Синагу- ры, Джалабеты, Тъбеты, Хуымысæрты, Дзауы, с. Цхинвалы æмæ æндæр рæтты. Бирæ дзы алыгъд Гуырдзыстонмæ дæр æмæ фыссынц Багауритæ æмæ Багашвилитæ. Биазыртæ сты Сидæмоны фырт - Сукайы байзæддаг, йæ фыдæй куы рахицæн, уæд йæ номæй мыггаг скодта æмæ фæзынд ахæм хуызы ног мыггаг - Биазыртæ. Цардысты Дæйы хъæуы. Бирæ дзы афтыд Дыгургоммæ. Ирыстоны хус- сары сæ æрвадæлтыл нымад цæуынц Тедетæ æмæ Лалытæ, цæгаты та - Муритæ, Агетæ, Дзедихъотæ, Дзодзитæ, Хъæ- бæлотæ æмæ Сидахъотæ [Гаглойты 3., 2005. Ф. 56.]. Биазыртæй бирæтæ æрцардысты фæстæдæр ахæм рæтты: Цъоисы, Дзауы, Цхинвалы æмæ æндæр бынæтты [Гаглойты 3., 1962. Ф. 411]. Тедеты мыггаг цардысты Тибы æмæ Биазыртимæ сты нымад æцæг тугхæстæг мыггæгтыл, Лалытæ та сын, зæгъ- гæ, æрхæссæггаг мыггаг сты. Цæгаты ма сæ æрвадæлтыл нымад цæуынц Реуæзты мыггаг дæр [Гаглойты 3., 2005. Ф. 134
Хихаты хъæу 145]. Тедетæ Хъемултайы коммæ бафтыдысты Дзауы ко- мыл æмæ æрцардысты Пацъайы доны ратæдзæнты Ер- цъойы хъæуы, стæй Сохты доны раз Дыргъджыны æмæ Котантойы [Гаглойты 3. 2005. Ф. 145]. Пацъагомы уыд ахæм хъæутæ: Хихатæ, Нæзыджын, Ба- хутæ, Абано, Сохтæ, Дыргъджын, Тотыртыхъæу, Котанто, Уæллаг Хъемулта, Дæллаг Хъемулта, Хæлиудон, Елхъантæ, Сæриттатæ, Шитъатæ, Цъусхъугом, Мæсхъугом, Сагърат, Мосетæ, Жиботæ, Кæрдоджын æ.а.д. Куыд у бæрæг афтæ- мæй, Хихаты хъæуы ном бает у Цхуырбаты хицæн фыды- фыртты номимæ, Елхъантæ, Шитъатæ, Мосетæ, Жиботæ дæр цæуынц Багаты хицæн фыды фыртты нæмттæй. Хъемултайы хъæуы ном, Уанеты Владимиры хъуыдымæ гæс- гæ, равзæрд дзырд «хъамыл»-æй, ома амоны дондзаст бы- нат. Ном Хъемулта та йæ гуырдзиаг вариант у (Уанеты В., 2004). Котанто та уыд Биазыртæй лæджы ном. Цъусхъугом, ома гыццыл хъугом, Мæсхъугом та равзæрд мæсыг цы хъугомы уыд, уымæй. Бахутæ дæр сты бает мыггаджы хицæн фыды фырты номимæ. 135
Шитъаты хъæу Елхъантæ 136
Ацы хъæуты цардысты ахæм мыггæгтæ: Хихаты - Цхуырбатæ, Нæзыджыны - Лалытæ, Бахуты - Тедетæ, Гог- котæ, Цхуырбатæ, Багатæ, Дæллаг Нæзыджыны - Лалытæ, Уæллаг Нæзыджыны - Лалытæ, Абанойы - Тедетæ, Сох- ты - Остъатæ, Дыргъджыны - Тедетæ, Котантойы - Биазыр- тæ æмæ Хетæгкатæ, Уæллаг Хъемултаиы - Багатæ, Гусал- тæ, Дæллаг Хъемултаиы - Багатæ, Елхъанты - Багатæ, Сæриттаты - Багатæ, Шитъатæм - Багатæ, Мосетæм - Багатæ, Жиботæм - Багатæ. Дзангтæ - Багатæ, Куастæ - Остъатæ, Леуантæ - Остъатæ, Сагъраты - Багатæ, Мæс- хъугомы - Багатæ, Цъусхъугомы - Багатæ, Джихатæ - Хъæц- мæзтæ, Кæрдоджыны - Багатæ, Хæлиудоны (Тотырты хъæу) - Багатæ. 1852-æм азы Пацъагомы хъæуты цард: Хихаты - 5 хæ- дзары, уыдоны цард 18 нæлгоймаджы æмæ 12 сылгойма- джы, æдæппæтæй - 30 адæймаджы. Уæллаг Нæзыджыны хъæуы - 4 хæдзары, уыдоны 18 нæлгоймаджы æмæ 18 сыл- гоймаджы, æдæппæтæй - 36 адæймаджы. Дæллаг Нæзыджыны хъæуы - 4 хæдзары, уыдоны - 15 нæлгоймаджы æмæ 14 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 29 адæймаджы. Ко- Сæриттаты дзуар 137
тантойы - 9 хæдзары, уыдоны - 54 нæлгоймаджы æмæ 38 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 92 хæдзары. Хъемултайы - 9 хæдзары, уыдоны - 47 нæлгоймаджы æмæ 34 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 81 адæймаджы. Сохты - 4 хæдзары, уыдоны - 18 нæлгоймаджы æмæ 16 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 34 адæймаджы. Абанойы - 6 хæдзары, уыдоны - 29 нæлгоймаджы æмæ 22 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 51 адæймаджы. Дыргъджыны - 10 хæдзары, уыдоны - 35 нæлгоймаджы æмæ 44 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 79 адæймаджы. Сæриттаты - 18 хæдзары, уыдоны - 72 нæлгоймаджы æмæ 60 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 132 адæймаджы [История ЮО, 1960. Ф. 97]. 1860 азты Котантойы хъæуты цард - 10 хæдзары, Хъемултайы - 11 хæдзары, Нæзыджыны хъæуты - 8, Сохты - 4, Абанойы - 6, Дыргъджыны - 9, Сæриттаты - 18 [История ЮО, 1961. Ф. 547]. 1926 азы та дзы цард: Абанойы - 75 адæймаджы, Дыргъджыны - 90, Нæзыджыны (Уæллаг æмæ Дæллаг хъæу- тæ) - 135, Сæриттаты (æртæ хъæуы) - 281, Сохты - 162, Котантойы (Уæллаг, Астæуккаг æмæ Дæллаг хъæуты) - 312, Къоратæ - 53, Хъемултайы (Уæллаг æмæ Дæллаг Хъе- Сохты дзуар 138
мулта) - 165, Хæлиудоны - 210, Цæгаты - 50, Хихаты - 57 адæймаджы [Цхуырбаты, 2007. Ф. 156 ]. 50-æм азты Уæл- лаг Хъемултайы цард 20 хæдзарæй фылдæр, Елхъанты хъæуы 45 хæдзары [Мæргъиты, 2011-2012]. 1830 азты растады раззагондæртæ уыдысты: Биазыр- ты Реуаз, Остъаты Реуаз, Багаты Айдарыхъ (Дауит), Багаты (Гассаты фыды фырт) Тъетъо [История ЮО, 1960. Ф. 335-336]. 1840 азы Мамысонгомы æлдæртты ныхмæ растады раззагон хайадисæг уыд Багаты Жабо (Дзабо) [История Юго-Осетии в документах и материалах, 1960. Ф. 41]. 1850-æм азты уырысы паддзахы æфсады рæнхъыты æмæ æддагон хæстыты хайадисæг уыдысты: Багаты Тотыр, Ноне [История ЮО, 1960. Ф. 105, 108], Хетæгкаты Тайму- раз, Багаты Бино, Тура, Георги, Чермен, Бардзим, Буда, Са- нахъоты Малхаз, Лалыты Лыуа, Тедеты Тедо æмæ æндæр- тæ [История ЮО, 1961. Ф. 482, 497, 498]. 1877-1878 азты Уырыс-Турчы хæсты хайадисджытæ уыдысты Багаты Алыксандр æмæ Ефрем. Уыдон се сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты æфсæддон хорзæхтæй «Знак от- Сохты дзуары бахизæн 139
Æрхуы цæджджинаг/æрхуыйæ конд цæджджинаг линия военного ордена 4-ой степени и золотая медаль в петлицу» [История ЮО, 1961. Ф. 570]. 1880 азты Сохты хъæуы хъæууон хицау уыд Остъаты Моисей, Котантойы - Биазырты Гаврил» [История ЮО, 1961. Ф. 159-160]. XIX æнусы фæуды æлдæртты ныхмæ карзæй тох кодта æмæ сын æрынцой нæ лæвæрдта, зындгонд абы- рæг - Остъаты Кудзи. Йæ фæдыл æхсæвæй бонæй зыл- дысты хицауады æрвыст лæгтæ, фæлæ йын æххуысгæн- джытæ кæй уыдис - Лалыты Никъо, Куаз, Кужи, Шора, Джеллыты Мошка æмæ Остъаты Мошка, Бришка, Гиго, Нарси, Нарсон æмæ æндæртæ, уымæ гæсгæ-иу ын бантыст аирвæзын. Фæлæ æвзаг хæсджытæ дæр уыд - æлдæртты хъузонтæ - æмæ йæ уымæ гæсгæ фæстагмæ æрцахстой, хает æрцыд Сыбырмæ (История ЮО, 1961. Ф. 451-453]. XX æнусты райдианты та Мацабел æлдæрттæ сæ хъалон исыныл куы ныллæууыдысты, уæд сæм ныхмæ чи ныл- лæууыд, уыдон уыдысты Багаты мыггаг дæр. Цалдæр хат- ты сæм æлдæрттæ барвыстой сæ хъузонты, цæмæй сæ хъалон райстаиккой, фæлæ та-иу сæ Багатæ фæсырдтой. Уæд Багатæй 19 адæймаджы бæрц ахст æрцыд, уыдоны иу хай амардысты ахæстоны [Ванеев 3., 1956. Фф. 445-446]. 140
Цицияайы кувæндон. Лбамо Пацъагомы цæрджытæ куывтой ахæм зæдтæн æмæ кувæндæтты: Алхасенты дзуарæн - Дауджыты бæрæгбоны Дыргъджыны хъæу. Ныртæккæ дæр ма дзы ис кувæндоны систæ цымыдисаг нывæфтыдтытимæ дуртыл, Сохты дзу- ар - уымæн дæр Дауджыты бæрæгбоны. Йæ систæ ракал- дысты, фæлæ ма бæрæгæй зынынц, бынæй дзы цы нык- кæнд уыд, ууылтыл æддæмæ зæххы бынтыл уыд сусæг фæндаг. Ам дæр ис диссаджы нывæфтыдтытæ дурты уæ- лæ. Йæ быны та ис стыр цæджджинаг æрхуыйæ конд. Цæуы дзы 800 литырæй фылдæр, ныр дæр ма дзы къусбарæй сфыцынц ирон бæгæны бæрæгбонмæ. Куыд дзурынц, аф- тæмæй уыдысты 3 цæджджинагы æмæ сæ иумийагæй пай- да кодтой цыппар мыггаджы: Тедетæ, Остъатæ, Лалытæ æмæ Биазыртæ. Батлоны кувæндон - Уæллаг Хъемултайы. Куывды йæм цæуынц Дауджыты бæрæгбоны. Къуыдаргом, Чеселтгом æмæ Пацъагомы цæрджытæ цыфæнды бæрæгбон, гъе чын- дзæхсæвы рæстæджы, фæндагыл цæугæйæ сæхи æнæ- мæнгдæр бафæдзæхсынц ацы кувæндоны бын. Дархъауы 141
дзуар - йæ бæрæгбон вæййы Дауджыты, куывды йæм цæуынц Хъорсеу, Котанто æмæ æндæр хъæутæй. Жиботы дзуар - Сæриттатæ, Ихы дзуар - Дыргъджыны Дауджыты фæстæ хуыцаубоны, Кувæндон - Уæллаг Хъемулта, Лæн- кауы дзуар - Елхъантæ, Майрæм - Котанто, Майрæмы кувæндон - Мосетæ, Рагъыдзуар - Сæриттатæ æмæ Елхъантæ Дауджыты, Худиссæныдзуар - Котанто, Сагъраты дзуар - йæ бæрæгбон вæййы Дауджыты рæстæджы, куывды йæм фæцæуынц Уæллаг Хъемулта, Тибы дзуар - Сæриттатæ Майрæмы куадзæны хæдразмæ хуыцаубоны. Уæллаг дзуар - Елхъантæ кувынц æм Джиуæргуыбаты. Билуртайы дзуары кувæндон, Горийы дзуар - Хихатæ, Цъицъилайы дзуар - Абано, Рагъы дзуар - Сæриттатæ, Елхъантæ, Æв- зæнгты (Хæстæг) дзуар - Уæллаг Хъемулта. Ис ыл ахæм тау- рæгъ: Æвзæнгты дзуар (Хæстæг дзуар) - кæддæр, XX æнус- ты фыццаг æмбисы, сыстад цавæрдæр низ æмæ æвзæнгтæ цагъды кодтой. Уæд хъæубæстæ æрхъуыды кодтой, цæй æмæ Хæстæг дзуары номыл куывд кæнын саразæм, зæгъ- гæ. Гъе æмæ уыцы куывдæй фæстæмæ уыцы низ хъæу- бæстæй фесæфт. Афтæ, уæдæй фæстæмæ, нысан кæнынц æмæ кувынц Æвзæнгты дзуарæн [Джиоты, 2011]. Хæстæг дзуар - Хъемулта, Нæзыджын, Хуссары дзуар - Сæриттатæ. Майрæмы куадзæны фæстæ фыццаг цыппæрæмы, Хъуго- мы дзуар - Сæриттатæ, Дауджыты хæдразмæ сабаты, Ши- тъаты дзуар - Шитъаты хъæу [Мæргъиты, 2011-2012]. 1930 азты Пацъагомы хъæуты сырæзт колхозон хæ- дзарадтæ Сохты, Дыргъджыны, Абанойы, Нæзыджыны, Хи- хатыхъæуы, Уæллаг Хъемултайы, Елхъанты, Сæриттаты, Шитъаты, Уæллаг æмæ Дæллаг Котантойы. Дардтой ставд къах фос фылдæр, кодтой ма картоф æмæ хойраджы куыст дæр. Ацы хъæуты ма сырæзт райдиан скъолатæ дæр. Уыцы нымæцы Дыргъджыны, Нæзыджыны, Уæллаг Хъемултайы æмæ а.д. Дæллаг Хъемултайы уыд астæуккаг скъола æмæ Котантойы та авдазон скъола. Хъемултайы ма уыд чиныгдон дæр. Пацъагомы райгуырд ахæм зындгонд адæм: Советтон цæдисы хъайтар Остъаты Алыкси, фыссæг Тедеты Авгар, журналист Остъаты Алан, нейрохирург Остъаты Алик, ин- 142
женер Тедеты Алыксандыр, Гуырдзыстоны адæмон артист Тедеты Георгий, Филологон зонæдты кандидат Остъаты Джульетта, зындгонд кувæг лæг Цхуырбаты Али- хан (Джиккуыр), революционертæ: Багаты Григол, Никъа, Хъайтыхъо, Есекк, Алыксандр, Къонстантин, Уасил, Серги, Лалыты Гиго басыгъд 1937 азы азарæй, Никъала, Остъаты Петр æмæ Тъатъо, Тедеты Иосиф, зындгонд тæхæг Остъаты Инал, æ.а.д. ШИТЪАТÆ Шитъатæ сты Багаты мыггагджы хицæн фыды фырт. Мæсыгы бæстыхай ис хъæуæн йæ дæллаг хай æмæ у æр- дæгпырх. Йæ бындур у расткъуымон -5м æмæ 90 см иуæр- дæм, æмæ 5 м æмæ 90 см та иннæрдæм. Бæстыхайы къул- тæй ма цы баззад, уыдон бæрзæнд у 6 м æмæ 60 см. Зæххæй 4 м бæрзæндæныл къулты бæзджын у 1 м æмæ 15 см. Багаты-Шитъаты мæсыг 143
СÆРИТТАТÆ Ацы хъæуы уыд æртæ мæсыгы Багаты мыггаджы хицæн фыдыфырттæн: Жожаты мæсыг, Пъапъуниты мæсыг æмæ Хашиты мæсыг, фæлæ дзы иу мæсыг йеддæмæ нал ис бæрæг, фыдыфыртæй та кæй у, уый дæр зындгонд нæу. Хъæуы уæллаг хай ис æрдæгхæлд мæсыгы арæзтад. Арæзтады бындур у расткъуымон, скæсæнварс къулы фæтæн у 7 м æмæ 10 см, ныгуылæнварс къул бынтондæр хæлд кæй у суанг йæ бындурмæ, уымæ гæсгæ цæгат æмæ хуссарварс къулты фæтæн сбæрæг кæнæн нæй. Мæсыгы къулты бæз- джын у 1 м æмæ 35 см. Мæсыгы систæй ма цы баззад, уы- доны бæрзæнд у 4 м æмæ 60 см. Багаты мæсыг ЛАЛЫТЫ МÆСЫГ. НÆЗЫДЖЫН Мæсыгы бæстыхай ис хъæуæн йæ уæллаг хуссар хайы, цæрæн хæдзæртты хæлдты 'хсæн. Арæзтад у бындурмæ хæлд, æддагон тыхгæнджыты аххосагæн цы ныппырх, уы- 144
мæй дарддæр ма йæ фехæлдтой цæрджытæ сæхæдæг дæр, бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Амад уыд хохаг къæйдуры мыггагæй, дурты иугæнæг фæрæз та уыд чъырсыджыты змæст. Мæсыгы бындур у расткъуымон 5,90 м иуæрдæм æмæ 5,90 м та иннæрдæм. Йæ систы бæрзæнд ма у 2,00 м æввахс. Йæ систы бæзджын Дзаттиаты Русланы куысты- тæм гæсгæ уыд 1,10 м йæ бахизæны æмвæзадыл. Дзаттиа- йы фырт куы басгæрста мæсыг, уæд ма йæ къулты бæрзæнд уыд 4-5 м. Мæсыгы бахизæн уыд фæстæрдыгæй, ны- гуылæнварс - 4,25 м бæрзæндæныл зæххæй. Йæ бæрзæнд уыд 1,5 м æмæ йæ фæтæн та 0,80 м [Дзаттиаты, 2002. Ф. 284]. Абоны бон, мæсыгы хæлдæй бынæттон цæрджытæ скодтой кувæндон æмæ йæм фæцæуынц табу кæнынмæ Джиуæргуыбайы Уастырджы æхсæв кувынмæ. Æнæуый та йæ хонынц «Мæсыгы дзуар». Адонæй дарддæр ма мæсгуытæ уыд Уæллаг Хъемулта- йы æмæ Мæсхъугомы - Багаты мæсгуытæ, Сохты хъæуы - Остъаты мæсыг æ.а.д. БИБЛИОГРАФИ Ванеев 3. Н. Крестьянский вопрос и крестьянское движение в Южной Осетии в XIX в. - Сталинир, 1956. «Госиздат». Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу, 2005. «Ир». Гаглойты 3. Д. Осетинские фамилии в Юго-Осетии. Известия ЮОНИИ. - Цхинвал, 1962. «Госиздат». Гаглойты Ю. С. Алано-Георгика. - Владикавказ, 2007. «Ир». Джуссойты В. Остъа æмæ йæ фырттæ. Жур. «Фидиуæг», №4.1981. Дзабиты 3. Т. Остъатæ. Жур. «Фидиуæг», №6.1999. Дзаттиаты Р. Г. Позднесредневековая культура Осетии. - Владикавказ, 2002. «Ир». История Юго-Осетии в документах и материалах. 2 том. - Сталинир, 1960. «Госиздат». 145
История Юго-Осетии в документах и материалах. 3 том. - Цхинвал, 1961. «Госиздат». Мæргъиты И. Т. 2010 азы Быдырон æрмæджытæй. Мæргъиты И. Т. 2011-2012 азы Быдырон æрмæджытæй. Наниты В. Хъемултагомы мыггæгты равзæрд. Жур. «Фидиуæг», 1986. Техты Б. В. Археология южной части Осетии. - Владикавказ, 2006. «Ир». Уанеты В. Д. Ирон тапонимтæ гуырдзиаг фæлдæхтæй. Газ. «Хурзæрин», №10 (16867). 10.02.04. Цховребова 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии XIX- XX вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Информанттæ Джиоты Федося, 1927 азы гуырд. Хъемулта, август 2011 аз. 146
УРСДЗУАРГОМ Урсдзуаргом ис Цъалагомы астæуккаг хайы, Бурхохы (Бурсамдзелийы) хуыр рæбын хуссар-скæсæнварс. Æмарæн кæны Дзомагъгом, Чеселтгом æмæ Къусджытимæ. Комæн йæ зæххы равæрд у дæргъæццон; скæсæнæй ныгуылæнæр- дæм. Йæ дæргъ уыдзæнис 7-8 км, уæрхæрдæм та 4-5 км. Бурхох йеддæмæ ма ам ис ахæм хæхтæ, куыд: Губаты рагъ, Дзамура, Бæгъиаты къуылдым æмæ æндæртæ. Комы сæй- раг дон у Урсдзуары дон, иу кæны Стыр Леуахидонмæ галиуæрдыгæй. Урсдзуардоны фæрсаг къаннæг дæттæ сты: Бæгъиаты дон, Лицъийы дон, Æхсæрдзæнты дон, Тамаджы- ны дон, Къæйджыны дон [Дзиццойты, 1994] æмæ æндæртæ... Урсдзуары комы ис ахæм фæрсаг чысылдæр кæмттæ: Бæгъиаты ком, Дзæгъæл ком, Хъылийы ком, Урсдзуары ком, Æхсæрдзæнты ком [Дзиццойты, 1994]. æ.а.д. Уæллаг Урсдзуары хъæу 147
Комы ном «Урсдзуаргом»-ы равзæрды тыххæй адæмон сфæлдыстады баззад ахæм таурæгъ: зæгъгæ, Дзиццойты рагфыдæл фыццаг хатт ардæм куы 'рыфтыд, уæд дзы æрыййæфта урс дурæй амад дзуары кувæндон æмæ йæ, зæгъгæ, уымæ гæсгæ схуыдта Урс дзуар. Урс дзуары кувæн- донæй равзæрд фæстæдæр Урсдзуары хъæу æмæ æмткæй Урсдзуаргомы ном дæр [Дзиццойты, 1994]. Урсдзуаргомы фыццаг цæрджытæ кæд фæзынд, уый фæ- дыл историон ратæдзæнты ницы зонæнтæ баззад. 1927- æм азы, ам, Хуыдзых адагы, рагон ингæнæй цы стæгдартæ ракалд, уыдонимæ цы фæлындзæн дзаумæттæ разынд, уыдонæй бæрæг цæуы, ам ЫУ-æм æнусты цæрджытæ кæй уыд. Æмæ сæ цардуагон æгъдæуттæй та кæй уыдысты ирайнаг знæмты минæвæрттæй, ома ирон адæмы комком- мæ фыдæлтæй [Пчелина,1968. Ф. 139-150]. Астæуккаг æнусты Урсдзуаргом нымад уыд дæллаг Ту- алты кæмттæй сæ иуыл. Кæд комкоммæ Урсдзуаргомы кой историон ратæдзæнты никуы æмбæлы, уæддæр Тылигом, Къусджытæ æмæ Рукъгомы хуыдтой дæллаг Туалтæ [Гаг- лойты, 1996. Ф. 42] æмæ Урсдзуаргом та се 'хсæн ис. Ома Урсдзуаргом уыд Туалты дæллаг кæмттæй сæ иу. Урсдзуары кувæндон, Урсдзуары хъæу 148
Дзиццойты мыггаджы зæронд лæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Дзиццойты размæ Урсдзуары цардысты Хæли- ты мыггаг, фæлæ сæ, зæгъгæ, Дзиццойтæ фæсырдтой. Сæ цæрæнуæттæ ма æрæджы дæр уыдысты Уæллаг Цæгаты хъæуы сæрмæ æмæ Тамаджыны [Дзиццойты, 2005]. Иннæ вариантмæ гæсгæ Дзиццойтæ ардæм куы æрцыдысты, уæд дзы цæрæг никæйуал æрæййæфтой. Куыд ма у бæрæг, афтæмæй Дæллаг Урсдзуармæ Дзиццойтæ куы æрлыгъдыс- ты, уæд дзы æрæййæфтой мæсыгы (гæнахы) хæлд, фæлæ кæй уыд, уый бæрæг нæу [Дзиццойты, 1999]. Уымæй дард- дæр ма ам, Урсдзуаргомы Поты угæрдæны ис рагон уæл- мæрдтæ, (бæрæг нæу кæй уыдысты) æмæ Бурсамдзелийы кувæндонмæ хæстæг дыууæ ран рагон хæдзаруæтты хæлд- тæ. Адон дæр кæй уыдысты, уый бæрæг нæу [Дзиццойты, 1994]. Урсдзуары хъæуы дыккаг ном ма хонынц Бакартæ дæр æмæ уый фæдыл та ис ахæм таурæгъ: зæгъгæ, Урсдзуаргомы фыццаг цардысты Бакартæ, уыдысты æлдæрт- тæ, Чъехæй мидæмæ зæххытæ уыдысты сæ къухы. Стæй фæлыгъдысты быдырбæстæм, гуырдзымæ æмæ уым Бакра- дзетæ ныффыстой, сæ номыл ма баззад сæ хъæуы ном Бакартæ [Дзиццойты 3., информант]. Æцæгæй дæр, Бакрадзетæ Гуырдзыстоны æлдæрттæ уыдысты. Урсдзуаргомы ма иу бынат хуйыны Дзлиты адаг æмæ хъæууаты ном Дзлитæ (Дзлит). Зæгъгæ, дам, ам цардысты Дзлиты мыггаг. Фæлæ сæ ничи хъуыды кæны зæронд адæмæй. Уæдæ куыд уы- нæм, афтæмæй Урсдзуаргомы Дзиццойты мыггаджы размæ цардысты Бакартæ, Хæлитæ æмæ Дзылитæ, стæй уы- дон бæрæг æмæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ куы фæлыгъдысты, уæд сæ бынæтты æрцардысты Дзиццойты, Бæгъи- аты, Комайты, Тыджыты, Дзæгъиаты æмæ Гаглойты мыг- гæгтæ. Сæрмагондæй ацы мыггæгтæ цардысты: Бæгъи- аты къуылдымыл - Бæгъиатæ æмæ Къомайтæ, Гызыло- тæм - Бæгъиатæ, Тыджыты хъæуы - Тыджытæ, Дзлитæм - Дзлитæ, Уæллаг Урсдзуары - Дзиццойтæ, Дæллаг Урсдзуары (Уæллаг Цæгаты) - Дзиццойтæ, Дæллаг Цæгаты - Дзиццойтæ, Къомайты хъæууаты - Къомайтæ, Лицъи- йы - Гаглойтæ æ.а.д. Фæстæдæр комы бахизæны сырæзт къаннæг хъæу Бæгъиатæ æмæ Къомайты мыггагæй. Дзæгъиаты мыггаг цы ран цардысты, уый бæрæг нал у, фæлæ 149
историон гуырæнтæм гæсгæ 1850-æм азты растады рæс- тæджы Урсдзуаргомы цæрджыты номхыгъды уыдысты Дзæгъиаты мыггаджы минæвæрттæ дæр (кæс дæлдæр). Куыд дзурынц афтæмæй, Дзиццойты рагфыдæл Мæл- ликк уыд; уыдис ын цыппар фырты Дзæдздзо, Дзицц, Сау- лох æмæ Хæныкъа. Уыдон цардысты Урсдзуары, фæстæдæр Саулох æмæ Хæныкъа ацыдысты Згъуыбирмæ æмæ уым æрцардысты, Дзицц та Урсдзуаргомы цæргæйæ баззад. Ацы æфсымæртæй равзæрдысты Дзиццойтæ, Саулохтæ, Хæны- къатæ æмæ кæрæдзимæ æрвады зæрдæ дарынц [Дзиццойты А., 1999]. Æндæр таурæгътæм гæсгæ та Саулохтæ æмæ Хæныкъатæ Дзиццойтæн тугхæстæджытæ не сты. Дзиццы байзæддаг ныббирæ æмæ йæ фырттæй цалдæ- рæй дæлдæр ран комы иннæ фарс æрцардысты æмæ сæ хъæу схуыдтой Дæллаг Урсдзуар [Дзиццойты А., 1999]. Дзиццойтæн ма уыд уæзданы чиныг дæр байрагдзармыл, фæлæ сын бынтон æрæджы æбæрæг сæфт фæцис. [Ирон адæмон аргъæуттæ, 1962. Ф. 62]. Дзиццойты рагфыдæл Дзиццæн уыд æхсæз фырты: Дзардан, Алихан, По, Чедзе, Хъыбыл æмæ Чъыб. Адон куы байрæзтысты æмæ бинонтæ куы æркодтой, уæд сæ зæнæг ныббирæ. Фыццаг иуылдæр Уæллаг Урсдзуары цардысты, фæлæ сын ам зæхх нал фаг кодта æмæ уæд лæппутæ æртæйæ Дзардан, Алихан æмæ Хъыбыл æд бинонтæ Дæллаг Урсдзуармæ ралыгъдысты æмæ ам хъæу сарæзтой. [Дзиццойты А., 1999]. Дзиццы мыггаг ныббирæ æмæ уæд комæй æддæдæр зæххытæ агу- рын байдыдтой. Сæ иутæ æрцардысты Додоты, Рустауы, Балтайы, афтæ ма ее. Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы. Бирæ дзы афтыд Гуырдзыстонмæ дæр æмæ дзы иутæ ныффыс- той гуырдзиагау Джичошвилитæ. Хъобангомы Алыккатæ, Асбиатæ æмæ Бæгъиатæ равзæрдысты Тылаттатæй. Адонæн сæ раг фыдæл хуындис Тылатт. Уый фыд та Камби, Камбийы фыд та уыд Тага. Цæргæ та кодтой Дæргъæвсы хъæуы. Бæгъиаты мыггаджы раг фыдæл хуынд Бæгъа, уыдис ын дыууæ æфсымæры - Сохъуыр æмæ Знауыр. Ам Хъобаны кæимæ дæр фæтудж- джын сты. Стæй уырдыгæй рафтыдысты Хуссармæ. Хæ- рйсджыны та угæрдæнтæ уыдис. Кæм цардысты ацы æртæ æфсымæры, уым сын мæсыг дæр уыдис. Æфсымæртæ Хус- 150
сармæ куы æрцыдысты, уæд æхсæв, æвæццæгæн, Уанелмæ æввахс Мардантæм баззадысты. Дыккаг бон Сохъуыр æмæ Знауыр Бæгъайæн афтæ: «Махæн ам лæугæйæ нæу» æмæ фæстæмæ раздæхтысты. Ныр Сохъуыртæ фылдæр Джызæ- лы цæрынц. Знауыр та кæдæм афтыд, уый бæрæг нæу. Бæгъа чи уыдис, уый цуанон уыдис æмæ йæхицæн цæ- рæнуат агуырдта. Иурæстæджы бафтыд, ныр Бæгъиаты Къуылдым кæм хуыйны, уырдæм. Бæстæ йæ зæрдæмæ фæцыд, уæд дзы нæма цæрæг нæ уыдис. Ныр хъугом кæм ис, уым æрулæфыд æмæ, йæ дзыппы цы хоры нæмгуытæ уыдис, уыдон зæххы баныгæдта. Уый фæстæ сæм фæззæджы уынынмæ æрбацыд æмæ мæнæ диссаг, хоры æфсиртæ фыр нæрстæй æскъуыдтæ кодтой. Уый фенгæйæ ма йæ æндæр цы хъуыд, æцæг дон дæрддзæф уыд, фæлæ дзы уæддæр мусонг æрцарæзта. Бæгъа сæрæн лæг уыдис æмæ йын тагъд бантыст тъæпæнсæр хæдзар саразын. Æркодта бинонтæ дæр æмæ уæдмæ цардыл дæр фæхæст. Бæгъайы кæстæртæ ныббирæ сты æмæ йæ номæй рав- зæрд мыггаг «Бæгъиатæ», зæгъгæ. Куыд бирæ кодтой, афтæ хицæн хæдзæрттæ баисты. Бæгъиаты Къуылдымыл Бæгъиаты хъæу 151
цæргæйæ, Бæгъиатæ уыдысты æртæ фыды фырты: Къæ- билтæ, Кæрчитæ æмæ Бдайтæ. Фæстæдæр ма сæ равзæрд ног фыды фырт, Гызылотæ, зæгъгæ, æмæ уыдон бынтон хицæнæй æрцардысты хъæуæн цæгат фарс, фæсрагъ. Сæ цæрæнуæттæ дæр сын Гызылотæ хуыдтой. Бæгъиаты Къуылдымтыл чи цард, уыцы фыды фырттæ Быдайтæ са- мадтой чъырын (гæнах). Къæбилтæн дæр уыд мæсыг. Бæгъиаты Къуылдымы бынмæ рагъыл цы мæсыгы хæлд ис, уый та кæй уыд, уый бæрæг нæу. Бæгъиаты мыггаджы байзæддæгтæ куыд фылдæр код- той, афтæ сын зæхх нал фаг кодта æмæ цæуын райдыдтой æндæр рæттæм дæр. Бирæ дзы алыгъд сæ фыдæлты фыц- цаг бынат Хъобангоммæ, афтæ ма Дзаумæ хæстæг Рагъы хъæумæ, Присмæ, ее. Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæумæ, Гуыр- дзыстоны - Имерхеу, Къахет æмæ Карелы зылдмæ. Уæлдæр куыд цыдис бæрæг, афтæмæй Бæгъиатæн сæ æрвадæлтæ сты Знауыртæ æмæ Сохъуыртæ. (Фæцыбыр- гондæй). [Мæргъиты И., 2008 (1)]. Къомайтæ сæвзæрдысты Куырттаты комы Лæцы хъæ- уы. Ам уыдысты 13 хæдзары. Угæрдæныл фæхыл сты Хæ- дарцатимæ. Къомайтæ сæ амардтой æхсæз лæджы, уыдон та фондз. Адæм æртымбыл сты, Лæцы хъæуы чи цард, уыдон æмæ сын загътой, ам сымахæн нал ис фæцæрæн. Хæдарцатæ сымахæй фылдæр сты фондз ахæм æмæ уæ сомæй-соммæ иугай æфсонæн мардзысты. Уый адыл сыстадысты æмæ рафтыдысты Хуссармæ. Ам нæ бынаты ничиуал баззад, æрмæст нæм дыууæ чындзы уыд Хæдарцатæй æмæ уыдон баззадысты, сæ цæгатмæ ацыдысты. Сæ иу уыд æнхъæлцау æмæ йын райгуырд фырт. Уымæй чи рацæуæт кодта, уыдон дæр сæхи Къомайтæй ныффыстой æмæ фæстæдæр фæлыгъдысты Мæздæг æмæ Беслæнмæ. Къомайтæй иу Бестау хуындис æмæ уыд Гаглойты сиахс. Иурæстæджы сыстадис енымæ - сау низæй хуыдтой, æмæ дзы фæрынчын сты Бестау æмæ йæ цардæмбал Салуме, зæгъгæ. Низ та ахæм уыдис æмæ-иу дзы чи фæрынчын, уымæн ирвæзæн нæ уыдис, уайтагъд-иу æрбамард. 152
Сидзæрæй баззадысты æртæ æнахъом лæппуйы - Росеб, Гигала æмæ Соломон. Уæд сæм сæ мады æфсымæртæ Гаг- лойтæ æрбацыдысты æмæ сæ сæхимæ акодтой, фæстæ- дæр та фæлыгъдысты Гудзаретгоммæ. Уым ралæгтæ сты, æркодтой сын бынонтæ дæр, фæзынд сын кæстæртæ дæр. Хуссары Къомайтæй иутæ цардысты Урсдзуаргомы - Къомайты хъæууаты, Бæгъиаты Къуылдымыл, Астæуккаг Рукъы - Æрхыбыл - Дзеранты хъæуы. Ам ма ныртæккæ дæр хъæуæй цæгатæрдæм, сæдæ къахдзæфы уæлдæр, бæ- рæгæй лæууы сæ æрдæг калд гæнах. Къомайты чызг мой- мæ куы фæцæуы, уæд æй фæхонынц Бæгъиан. Уымæн æмæ Къомайтæ равзæрдысты Бæгъиатæй. Къомайты мыггагæй дзæвгар цæры Мæздæджы, афтæ ма Дзæуджыхъæуы, Беслæны, Хъобаны, Элхотты, Майрæ- мададжы. Бирæ дзы афтыд Къахет æмæ Гудзаретмæ дæр. (Фæцыбыргондæй). [Мæргъиты И., 2008(2)]. Къомайтæ æмæ Колытæ нымад цæуынц æрвадæл мыггæгтыл. [Гаг- лойты 3., 2005. Ф. 230] Гаглойтæ Урсдзуаргомы Лицъийы хъæуы куыд æрцардысты, уый фæдыл ис ахæм таурæгъ: Гаглойтæ Цъæритты куы ныццагътой, уæд ма сæ баззад иу æвзонг лæппу Гина (Цина), зæгъгæ. Фæстагмæ фидыды къахыл фæрсаг кæмт- ты дзырддзæугæдæр лæгты фæрцы слæууыдысты æмæ куы бафидыдтой, уæд цæмæй кæрæдзимæ туджджыны цæстæй мауал кастаиккой, уый тыххæй Гаглойтæ Гина- йæн усагæн радтой Сæлизæты. Фæстагмæ афтæ хæларай цæрын райдыдтой æмæ йæ каистæ кæцы хæдзарвæндагæй уыдысты, уыдонæн Гина балæвар кодта Лицъийы зæххытæ. [Бекъойты, 1985. Ф. 365-366]. Стæй дзы фæстæдæр Гаглойтæ æрцардысты цалдæр хæдзарæй. Лицъийы зæхх цæгатварс у æмæ дзы зымæг стыр мит уары, фæлæ дзы кæрдæг тынг зад вæййы, афтæ ма йæ сыджыты мæр дæр тынг бæркадджын у. Уæлдæр ма куыд цыд дзырд, афтæмæй Урсдзуаргомы цардысты Хæлиты мыггаг, фæлæ сæ Дзиццойтæ фæсырдтой. Сæ цæрæндæтты пырхæнтæ ма æрæджы дæр Уæллаг Цæ- гаты хъæуы сæрмæ бæрæгæй зындысты. Хæлитæ ма Урсдзуаргомы - Тамаджыны дæр цардысты. Урсдзуаргомы баззад Хæлиты хуым - бынаты ном. Бæрæг куыд цæуы, аф- 153
тæмæй Хæлитæ ма цардысты Уанелы сæрмæ - Марданты къуылдымыл æмæ Згъуыбирмæ æввахс комы. Зæронд ратæдзæнтæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ Ле- нингоры районы Боселтайы хъæуы æмæ Карелы районы Мохисы хъæуы XIX азты райдайæнты цардысты Хæлиты мыггагы минæвæрттæ. Урсдзуаргомы баззад ахæм дзырд «Хæлиттаг æвæрд» зæгъгæ. Уый та у церихъилы уæлæ бæндæн кæныны æндæр хуыз, кæцы вæййы фидар дæр бает. [Цхуырбаты 3., 2007. Ф. 22, 35 æмæ Дзиццойты, 2005. Ф. 133-134] Хæлиты мыггагæй кæд Ирыстоны арæх нæ æмбæлынц, уæддæр дзы ис Гуырдзыстоны районты. Тетрицхъароиы районы - Уæллаг Ахалкафа æмæ Битареты, афтæ ма æндæр рæтты дæр. [Гаглойты 3., 2005. Ф. 275]. Хæлиты æрвадæл- тыл нымад цæуынц Мæхъитæ æмæ Хъулагъартæ. [Гаглойты 3.; 2005. Ф. 230]. 1845-1849-æм азты Урсдзуаргомы цард 18 хæдзары. [История ЮО, 1960, Ф. 182]. 1852-æм азты Урсдзуары хъæуы æмæ Лицъийы цард 15 хæдзары, 56 нæлгоймаджы æмæ 44 сылгоймаджы, æдæп- пæтæй - 100 адæймаджы. Бæгъиат æмæ [Гызылотæм] та - 11 хæдзары, уыдоны цард 32 нæлгоймаг æмæ 30 сылгоймаджы, æдæппæтæй - 62 адæймаджы [История ЮО, 1960. Ф. 94]. 1926-æм азты Уæллаг Урсдзуары цард 73 адæймаджы, Дæллаг Урсдзуары - 94, Лицъийы - 24 адæймаджы, Бæ- гъиаты хъæуы - 67 [Цхуырбаты, 2007. Ф. 152]. 1950-æм азты Уæллаг Урсдзуары цард - 7 хæдзары, Дæллаг Урсдзуары - 11 хæдзары, Лицъийы - 3, Тыджыты хъæуы - 2, Бæгъиаты хъæуы - 5, Бæгъиаты цъалайы - 2 [Мæргъиты Т., 1994]. Урсдзуаргом федзæрæг 2005 азы. Урсдзуаргомы цæрджытæ æгас хохбæсты адæмы æм- рæнхъ хъазуатонæй тох кодтой æддагон тыхгæнджыты ныхмæ. Х1Х-æм æнусы райдианты гуырдзыйы æлдæртты 'взагæй Уырысы æфхæрæг балцытæ ирон адæмы ныхмæ куы сарæх сты, уæд Урсдзуаргомы цæрджытæ дæр хъазуатонæй сæ ныхмæ ныллæууыдысты, хъалон фидыныл кæй нæ разы кодтой æлдæрттæн, уый тыххæй. Уыцы растадтæй зындгонддæртæ сты: 1820-æм азты райдианты Урсдзуаргомы бахизæны Дзлиты адагы цур Цъалагом 154
æмæ Урстуалты растадонтимæ иумæ Урсдзуаргомы цæр- джытæ ныддæрæн кодтой майор Титовы æфсады æмæ сæ фæсырдтой сæ комбæстæй. 1840-æм азты Андрониковы сæргълæудæй уырысы æфсад æмæ гуырдзыйы æлдæрттæ ныббырстой Дзауы коммæ, цæмæй амы цæрджытæй хъа- лондартæ скодтаиккой. Уыцы ныббырсты рæстæджы хъазуатонæй сæ ныхмæ чи ныллæууыд, уыдон уыдысты Мзиугомы Тъотъоты мыггаг. Кæд сын сæ хъæутæ басыгъ- той æмæ сæ фæллой фæхастой, уæддæр удæгасæй сæхи нæ радтой æмæ сæхи æрфидар кодтой Урсдзуаргомы Бæ- гъиаты мæсгуыты. Бæгъиаты мыггаг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фарсмæ æрлæууыдысты стырæй-чысылæй, хæцынхъом чи уыд. Тыхгæнджытæ, хохаг зын сæфтæн ранмæ зымæджы митвæндæгтыл се 'ккой фæхастой хохаг сармадзантæ æмæ сæ хæлæн нæмгуытæ, сæ развæндагыл мит сыгъдæггæнгæйæ. Хъæумæ куы сæфтыдысты, уæд æртыхстысты Бæгъиаты хъæуыл æмæ сармадзантæй схæ- цыдысты растадонтимæ. Тъотъоты æмæ Бæгъиаты мыггаг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхи рауæлдай кодтой тыхгæнджытимæ мæлæтдзаг тохы æмæ мæсгуытæй хæ- цыдысты. Фæлæ сармадзанты ныхмæ сæ мæсгуыты къул- тæ нæ фæлæууыдысты æмæ сыл къултæ кæлын райдыд- той, фæлæ уæддæр сæхи нæ радтой. Мæсгуытæ куы нык- калдысты (сæ иу гæнах уыд), уæд цалдæрæй мæсыгæй рагæпп кодтой æмæ сæрсæфæн къæдзæхæй сæхи аппæрс- той, сæ иутæ зæйы амæттаг баисты, сæ иннæтæ та аир- вæзтысты. Æфсад хъæуыл арт бандзæрстой, фæллой сын ныттæлæт кодтой, удæгасæй ма хъæуы кæй ссардтой, уыдон та амынæтæй ракодтой, 12 адæймаджы бæрцæй. Æфсад куы ацыдысты, уæд сыхаг хъæутæй фæдис æртымбыл сты æмæ ма мæсгуыты хæлдты бын удæгасæй чи баззад, уыдоны скъахтой. Удæгасæй кæй скъахтой дурты бынæй, уыдонæй сæ иу уыд, уæды рæстæджы зындгонд барæг, Бæгъиаты Радзам [История ЮО, 1960. Ф. 433, 434, 436, Мæргъиты, 2008]. Ацы цауы фæдыл цалдæр хуызон хъуы- ды ис: Историон ратæдзæнтæм гæсгæ, мæсгуыты бацы- дысты æрмæст Тъотъоты мыггаг. Бæгъиаты хистæр кары лæгты ныхæстæм гæсгæ, Тъотъотимæ уыдысты Бæгъиаты мыггаг дæр. Фæлæ æндæрты хъуыдымæ гæсгæ та 155
Бæгъиаты хъæуы цардысты Дзиццойты Сосо æмæ Радзам сæ мад æмæ сæ хотимæ. Мæсыг (гæнах) дæр уыдон самад- той. Уыдон тынг æфхæрдтой хъæздгуыты - æлдæртты æмæ уый тыххæй æхсæвæй-бонæй сæ фæдыл зылдысты. Куы сæ базыдтой, зæгъгæ ам мæсыгы цæрынц, уæд сыл уырысы æфсад æртыхстысты, сæ мæсыг сын сармадзантæй æхстой, æмæ куы æркалд, уæд дыууæ æфсымæры агæпп кодтой сæрсæфæн коммæ, фæлæ удæгасæй аирвæзтысты, сæ мад æмæ сæ хотæ та мæсыгы басыгъдысты [Дзиццойты А., 1999]. Урсдзуаргомы цæрджытæ Мачабелты дæлбартыл сæхи кæй нæ нымадтой, уый тыххæй сын никуы разы кодтой хъалон фидыныл. Уыдон æрмæст разы уыдысты, цæмæй хъалон фыстаиккой паддзахадæн, уымæн æмæ сæхи ны- мадтой паддзахады (къазенон) зæхкусджытыл [История ЮО, 1960. Ф. 181-184]. Фæлæ сæ гуырдзиаг æлдæрттæ уæд- дæр хъыгдардтой, сæ кæнон нæ уагътой. Уый фæсти- уæгæн 1850-æм азты Томайты Мæхæмæты разамындæй Цъалагом æмæ Урстуалтæ куы растадысты гуырдзы- йы æлдæртты æмæ уырысы æфсады ныхмæ, уæд уыцы растады активон хайадисджытæ уыдысты Урсдзуаргомы цæрджытæ дæр. Кæд растадонты нымæц хæццæ кодта 3000 бæрцмæ, уæддæр уырысы æфсад уыдысты хæцæн- гарзæй æххæстдæр, стæй хæстон зонындзинæдтæй та арæхсджындæр æмæ уымæ гæсгæ растадонтæ саст æрцы- дысты. Уыцы азы сусæны 6-8 бонты уырысы æфсады бул- къон Андрониковы сæргълæудæй ныббырст уыд Урс- дзуаргоммæ. Комбæстыл æртыхстысты, басыгътой ныхмæ сæм чи лæууыд, уыдоны хæдзæрттæ, ахст цыдысты зын- гæдæр хæстонтæ [История ЮО, 1960. Ф. 485]. Уыцы растады активондæр хайадисджытæ уыдысты комбæстæй Бæгъиаты Гого, Дзæгъиаты Бато (Батова) [История ЮО, 1960. Ф. 501] æмæ Дзæгъиаты Ебо (Дзиццойты - Дзангты фыды фыртæй) - [История ЮО, 1961. Ф. 471]. Гуырдзыйы æлдæрттæ сæ дæлбар кæныныл кæй архайдтои хохаг ирæтты, уымæ гæсгæ сын сæ зæххыты нымадтой сæхи, æмæ-иу мæгуыр адæмы стæлфын нæ уагътой. 1885 азы Мачабелтæ Урсдзуаргомы зæххытæм сæ фос куы батард- той хизынмæ, уæд сæ комбæсты цæрджытæ, хъæууон 156
тæрхонгæнæг, Дзиццойты Зурабы сæргълæудæй, фæсырд- той сæ сæрвæттæй. Сæ фыййæутты сын фæнадтой, сæ фо- сæй та сын исгæ дæр бакодтой [История ЮО, 1961. Ф. 233]. Урсдзуаргомы цæрджытæ хайад истой Уæрæсейы æд- дагон хæсты Х1Х-æм æнустæй фæстæмæ. 1853 азты 1-аг Дзауаг саедæйонты сконды уыдысты: Дзиццойты Кирги (Хъыргъы), Михаил (Миха) [История ЮОД961. Ф. 495] æмæ Эба [История ЮО, 1960. Ф. 106]. 1882 азы Урсдзуаргомы хъæуы хицау уыд Дзиццойты Зураб [История ЮО, 1960. Ф. 160]. Советтон уагæвæрды фæстиуæгæн Урсдзуаргомы 1930- æм азты колхозтæ сырæзт Уæллаг Урсдзуар, Дæллаг Урсдзуар, Лицъи æмæ Бæгъиатæм. Урсдзуары хъæуы ма конд æрцыд 7-азон скъола, Бæгъиатæ æмæ Дæллаг Урсдзуары та цыппаразон скъолатæ. 1965-æм азты стыр митуарды фæстиуæгæн, Бæгъиаты хъæуы сæрмæ æхсæв хъæпæн сывæрдта æмæ сыл зæй раскъуыд. Хъæубæсты фæллой миты амæттаг баисты, 'рцыд дзы уды зиæнттæ дæр. Урсдзуаргомы цæрджытæ куывтой ахæм зæдтæм æмæ дзуæрттæм: Аларды - Бæгъиаты къуылдымыл, Бурсам- дзелийы кувæндон - Бæгъиаты къуылдымыл, Бурсамдзе- лийы кувæндон -^Тамаджыны фæзы ныгуылæнварс, ис дзы чысыл сисамад. Йæ бæрæгбон вæййы Майрæмкуадзæны фæстæ фыццаг æртыццæджы. Къусрайы фырты бæрæгбон, Лицъийы тæхгæ дзуæрттæ - Дæллаг Цæгатмæ хæстæг, Рагъыдзуар - Бæгъиаты къуылдымыл, Рагъы Уастыр- джы, Реком - Тыджыты хъæуы сæрмæ, Уацилла, Хæстæг дзуар - Тыджыты хъæумæ хæстæг. Куывды йæм цыдысты Уастырджыйы æхсæв, Хæстæг Урсдзуар, Хуыцауы кувæндон - Уæллаг Цæгаты хъæумæ хæстæг. Йæ кувæн бон у Комахсæны дзуар, Хуыцауы кувæндон - цыдысты йæм Комахсæны. Чецунайы дзуар - Фыццаг хосгæрдæнмæ-иу куы цыдысты, уæд-иу æм скуывтой æмæ-иу сæхи Сафайыл бафæдзæхстой. [Дзиццойты Ю., 1994, æмæ Мæргъиты И., Быдырон æрмæджытæ]. Бурсамдзелийы хохы тыххæй ис дзæвгар легендæтæ: Тамаджыны цардысты ус æмæ лæг, æмæ сын райгуырд хæфс. Иурæстæджы лæг чи у, уый кæмдæр балцы уыд. Уыцы 157
рæстæджы сæм фæндаггон æрбахауд. Сылгоймаг уазæгæн кæрдзын кæныныл балæууыд. Æмæ кæрдзын пецмæ куыд фæцæйхаста, афтæ арынджы бынæй хæфс рагæпп кодта æмæ сылгоймаджы фæстæ гæпп-гæпп кодта. Сылгоймаг уазæгæй фефсæрмы æмæ йæ фæстæмæ къахæй басхуыста. Уæд æй уазæг бафарста - «бахатыр кæн, фæлæ хабар цæй мидæг ис, уый хъуамæ базонон». Сылгоймагæн æндæр гæ- нæн нал уыд æмæ æфсæрмытæгæнгæ загъта - «ис ахæм загъдау - мады гуыбынæй хæфс дæр куы райгуыра, уæддæр æй йæ мад уарзы». Уæд фæндаггон фæрсы сылгоймаджы: «Хатыр, фæлæ сыл у æви нæл?». Сылгоймаг фæсырх æмæ загъта: «Æнæуый нæл у, фæлæ дзы цы пайда ис, уæддæр хæфс у». Уæд фæндаггон фæмæсты ис æмæ сылгоймаджы ралгъыста. «Æмæ уæдæ кæд нæл у, уæд æй къахæй куыд асхуыстай». Уæд хæфсы царм айхæлд æмæ йæ хуылфæй рахызт сызгъæрин сæрыхил лæппу. Фæндаггон ын раарфæ кодта, йæ ном ын схуыдта Бурсамдзели æмæ йын загъта: «Дæ ном макуы фесæфэет æмæ дын адæм табу кæнæт. Ды дæ зæд æмæ зæдтæм атæх». Зæд атахт æмæ æрбатт ацы хохыл, кæцы уæдæй фæстæмæ хуыйны Бурсамдзели. (Уырыссагæй иронмæ тæлмац М. И.]. [Цхуырбаты, Дзиццойты, 2013]. Тамар-паддзах уыди Бурсамдзелийæн йæ бинойнаг. Бурсамдзели лæг уыд æмæ^царди хохы сæр. Æмæ уыцы хохы хуыдтой Бурсамдзели. Йæ цьупп дынджыр фæз уыди. Йæ хæдзары хæлдæн йæ фæйнæджытæ сбутъро сты. Фæз уыди сырдты бæгайæ йедзаг. Уыцы рæстæджы мит нæ уарыд. Бонвæрон ахст уыди Бурсамдзелийæн æмæ йæ чырыны ны- вæрдта. Йæ бæхты рæгъау Бурсамдзелийæн хызти Имереты. Иу бон куы уыди, уæд Бурсамдзели сфæнд кодта йæ бæхты бабæрæг кæнын. Куы цыди, уæд йæ усмæ радта дæгъæлтæ æмæ йын ныффæдзæхста, цæмæй ма бакæнæ чырыны дуар: «кæннод мæ, зæгъгæ, фесафдзынæ». Араст Бурсамдзели йæ бæхтæ уынынмæ. Иу хæдзармæ æрфысым кодта æмæ йын фысымты ус аходæн æрцæттæ кодта. Йа сывæллон дуармæ бæгъæмзæнгæй рауади, фæстæмæ уайтагъд базгъордта æмæ дзуры: «Нана, арвæй урс цыдæртæ хауы æмæ дзы къæхтæ æмæ къухтæ сийынц». Бурсамдзели бамбæрста бæлвырд, ус стъалыйы кæй ауагъта. Фестади, фынг иуварс авæрдта, йæ бæхыл абадт æмæ фæстæмæ раздæхт. 158
Сгуымимæ куы схæццæ, уæд бæхæн мит йе сгуытæм схæццæ æмæ уыцы бæстыл Сгуыми сæвæрдта. Иннæ хъæумæ куы бахæццæ, уæд уым мит бæхæн йе 'уæнгтæм схæццæ æмæ йæ рахуыдта Оны-калак. Къуыдармæ куы ссыд, уæд уым йæ бæх амард æмæ йыл Къуыдар сæвæрдта. Уæд Хуыцауæн сбустæ кодта æмæ йæхи зæххы бын фестын кодта, зæгъгæ, «мæ зæхх цъити-уат фæцис». Тамармæ уыди искæйуæттæ. Хуыссæнтæ-иу хуры тын- тыл куы аппæрстой, уæд-иу зæхмæ нæ хаудтой. Искæйуæттæй сæ иу Тамармæ æваст цыд бакодта. Тамар æмæ йæхи усæн лæппутæ райгуырди. Райсом та хуры тынтыл аппæрста хуыссæнтæ æмæ хуыссæнтæ зæхмæ æрхаудысты. Райсом сæ фæрсы: «Чи мын сарæзта ахæм ми?» Уад æм чи фæрæдыд, уымæн загъта: «Далæ Цхетайы сæрмæ цы ныв ис, уый мын кæд арбахæссай, уæд мын лæгæн бæздзынæ, кæннод дæ фесафдзынæн». Куы йæм ахæццæ, уæд Тамар скуывта Хуыцаумæ: «Хуы- цау, дон куыд раивыла æмæ йæ куыд фесафа». Уæд фæкаст Тамар æмæ дон дæлæмæ афардæг. Йæ ис- кæйуæттæм дзуры: «Мæ лæппуйы мын ма фенын кæнут. Ахæссут æй æмæ йæ доны баппарут!» Искæйоны лæппу дзæбæх хъазын хъом фæци. Тамар æм бахæлæг кодта æмæ загъга: «Афонмæ мæнæн дæр мæ лæппу афтæ уаид. Ох, мæныл цы рæдыдтæ арцы- ди, уый никæуыл: фыццаг уый, æмæ Бонвæрон ауагътон æмæ бæстæ зæйуат фæци, аннæ уый, æмæ мæ лæджы фе- сæфтон, Бурсамдзелийы хуызæн лæг, бæсты сой аласта дон, æртыккаг - мæ лæппуйы ма та цæуыл фесæфтон, мæ гуыбыны чи сæвзæрд, уый». Искæйуæттæ йын загътой: «Кæд нын ницы кæндзынæ, уæд дын æй фенын кæндзыстæм». Уæд Тамар дæр бацин кодта йæ лæппуйыл, йæ хъæбыс- мæ йæ райста. Лæппу загъта: «Æй, нана, ам куыд хъарм у!» Уæдæй фæстæмæ баззад, мады хъæбыс адджындæр кæй у, уый. [Ирон адæмон аргъæуттæ, 2003. Ф. 22-24]. 159
Бурсамдзели у зæдты хистæр. Дзомагъы рæгътыл Бур- самдзелимæ уыд æлутон ласæн фæндаг, ныр дæр ма йæ афтæ хонынц. Куырттатæй ардæм æлутон ластой кæддæр. Кæддæр, зæгъгæ, хохы сæрыл сæнæфсир задис æмæ дзы быркуытæ дæр уыди. Бурсамдзелийы сæрæй, бынтон æрæ- джы дæр ма уасæгы уасын хъуыст. [Дзиццойты Ю., 1998]. Кæддæр зæхх доны бын куы фæцис, уæд Ной йе стыр науыл агуырдта сур зæхмæ кæм рахызтаит, ахæм ран. Дард- мæ суыдта Бурсамдзелийы цъупп æмæ йæм тыхамæлт- тæй баленк кодта, цæмæй рахызтаит, фæлæ Бурсамдзели йæ сæр æркъул кодта æмæ донæй нал зынд, уæд Ной смæс- ты æмæ йæ ралгъыста. Уæдæй фæстæмæ Бурсамдзелийыл кæрдæг нал хæцы. [Калоев, 1967. Ф. 237]. КЪУСРАЙЫ ФЫРТЫ БÆРÆГБОН Къусратæй иу лæг фалейæ рахызтис Бурсамдзелийы бынтыл. Райсом раджы рацæйцыдис æмæ райсомæй хур куы 'рбакæсы Бурсамдзелийы хохмæ, уæд хох ныррухс вæййы æмæ йæм чи бакæсы, уый фæкуырм вæййы. Ацы лæг æм бакасти æмæ бакуырм ис. Бырынтæ бай- дыдта æмæ кусартгæнæн фæзмæ куы æрбырыдис, уæд фæ- рухсдзаст. Стæй гал балхæдта æмæ стыр куывд сарæзта ацы ран. Уæдæй фæстæмæ Дзиццойтæ Бурсамдзелийы бæ- рæгбон аразынц. Уыцы бон хонæм «Бурсамдзелийы бон», стæй йæ «Къусрайы фырты бон» дæр хонæм. [Дзиццойты Ю., 1996. Ф. 89.]. Урсдзуаргомæй рацыд ахæм зындгонд адæм: Дзиццойты Шамил - культурайы сгуыхт кусæг, Дзиццойты Май- рæм - милицийы булкъон, революционертæ - Дзиццойты Миха æмæ Гиорга (Таджи). Бæгъиаты Коля - Цæгат Ирыс- тоны сгуыхт артист, Дзиццойты Юрий - филологон зонæд- ты кандидат. Дзиццойты Мурат - физикæйы зонæдты дохтыр, зынгæ æхсæнадон архайджытæ: Бæгъиаты Мате, Дзиццойты Иван - басыгъд 37-æм азы азарæй, Дзиццой- 160
ты Толик, Дзардан æмæ Яша, Бæгъиаты Аслынбег æ.æ. Æл- дæрттимæ хъазуатонæй тох кодтой æфсымæртæ Дзиццоиты Сосо æмæ Радзам (кæс уæлдæр). Колхозы сæрдæрт- тæй хицæн рæстæджыты куыстой: Дзиццоиты Раманоз, Миха, Присо æ.æнд. УРСДЗУАР Мæсыгы бæстыхай лæууы хъæуæн йæ цæгат-скæсæн- варс. Йæ бындур у раст къуымон 6 м æмæ 40 см иуæрдæм, 6 м æмæ 40 см иннæрдæм. Къулты бæрзæнд хæццæ кæны 12 м, сæ бæзджын у 1 м æмæ 40 см - 3 м æмæ 50 см бæр- зæндæныл зæххæй. Цæгат-скæсæнварс фисын у калд фыц- цаг уæладзыгæй уæлæмæ. Хуссарварс къулыл ис мидæмæ бахизæн зæххæй 3 м æмæ 40 см бæрзæндыл, йæ конд у уæлæрдыгæй зылд. Бахизæны уæрх у 90 см, бæрзондæр- Дзиццойты мæсыг 161
дæм та 1 м æмæ 40 см, хуылфырдæм фæуæрæхдæр вæййы. Къулты хуылфы ма баззад тулдз хъæдæрмæгæй арæзт дуа- ры хъæдтæ. Дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм уæладзыгы æмвæзадыл ныгуылæнварс къулыл ис фæйнæ хъавæны. Хуссарварс къулыл æртыккаг æмæ цыппæрм уæладзгуы- ты æмвæзадыл ис фæйнæ дыууæ хъавæны, афтæ ма хъавæн ис цæгатварс къулыл дыккаг уæладзыгы æмвæзадыл. Фыццаг æмæ дыккаг уæладзгуыты хсæн ис æхсæнуæладз- гуыты тулдзæй арæзт бынхъæдтæ. Мидæгæй къултæ уы- дысты чъыр сыджытæй сæрст. Мæсыгы бæстыхай амад æрцыд хохаг къæйдур æмæ йæ алыварс арæх чи 'мбæлы, ахæм дуры мыггагæй, сæ иугæнæг фæрæз та уыд чъыр сыджыты змæст. БÆГЪИАТÆ Гæнах ис хъæуы цæрæнхæдзæртты пырхæнты 'хсæн. Йæ бындур ^ расткъуымон - 9,60 м иуæрдæм æмæ 7,60 м иннæрдæм. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 5,40 м бæрц, сæ бæзджын та 0,85 м. Бæгъиаты-Бдайты гæнах 162
ДЗЛИТÆ Мæсыгы арæзтад ис цæрæнхæдзæртты пырхæнты 'хсæн. Йæ бындур у расткъуымон - 6,50 м иуæрдæм æмæ 6,50 м та иннæрдæм. Йæ систæй ма цы баззад, уыдоны бæрзæнд у 2,0 м, сæ бæзджын та - 1,50 м. Урсдзуаргомы ма уыд мæсгуытæ: иу - Бæгъиаты хъæуы, иу мæсыг та хъæуы бынмæ, ныртæккæ «Мæсыгуат» кæм хуыйны, уым. Ныр дæр ма йæ обау бæрæгæй зыны. Æмæ иу гæнах та уыд Дæллаг Урсдзуары. Дзлиты мæсыг 163
БИБЛИОГРАФИ Бекъойты Д. Е. Иронский диалект осетинского языка. - Цхинвал, 1985. «Ирыстон». Гаглойты 3. Д. Ирон мыггæгтæ. - Дзæуджыхъæу. 2005, «Ир». Гаглойты Ю. С. Проблемы этнической истории южных осетин. - Цхинвал, 1995. «Ирыстон». Дзиццойты Ю. А. Дзиццойты мыггаджы историйæ. Жур. «Фидиуæг», №4.1999. Дзиццойты Ю. А. Урсдзуаргомы топоними. Жур. «Фидиуæг», №4.1994. Дзиццойты Ю. А. Ирон адæмон сфæлдыстадæй. Жур. «Фидиуæг», №1. 2005. Дзиццойты Ю. А. Ног æрмæджытæ Бурхохы культы тых- хæй. Жур. «Фидиуæг», №6.1998. Дзиццойты Ю. А. Ирон адæмон сфæлдыстадæй Жур. «Фидиуæг», №1.1996. Ирон адæмон аргъæуттæ. - Цхинвал, 2003. «Ирыстон». Ирон адæмон аргъæуттæ. - Цхинвал, «Госиздат». 1962. История Юго-Осетии в документах и материалах, 2 том. - Сталинир, 1960. «Госиздат». История Юго-Осетии в документах и материалах, 2 том. - Цхинвал, 1961. «Госиздат». Калоев Б. А. Осетины глазами русских и иностранных путешественников. - Кох К. Путешествие через Россию к Кавказскому перешейку в 1837 и 1838 гг. - Орджоникидзе, 1967. Мæргъиты И. Т. Бæгъиаты мыггаджы историйæ. Жур. «Фидиуæг», №5. 2008. Мæргъиты И. Т. Къомайты мыггаджы историйæ. Газ. «Стыр Ныхас», №3. 2008. 'Миллер В. Осетинские этюды, 2-аг рауагъд. - Мæскуы. 1882. 164
Пчелина Е. Г. Погребальные комплексы из Сохта, Урс- дзуар и Рук. ХИЗИИ Уацтæ № 15. - Цхинвал, 1968. «Мец- ниереба». Цховребова 3. Д., Дзиццойты Ю. А. Топонимия Южной Осетии. 1 хай. - Москва, 2013. Наука. Цхуырбаты 3. Д. Осетины в Южной Осетии и Грузии XIX- XX вв. - Цхинвал, 2007. «Ирыстон». Информанттæ Дзиццойты Рефийы фырт Зауыр, 75-аздзыд. Цхинвал, 2008. Мæргъиты Никъалайы фырт Тугъан, 58-аздзыд, 1994. 165
СÆРГÆНДТÆ: Разныхас 5 Бацæуæн 9 Гудисгом 15 Дзомагъгом 33 Едысы зылд 62 Къусджыты зылд 89 Мзиугом 116 Пацъайы ком 129 Урсдзуаргом 147
Маргиев Ирбег Туганович ИЗ ИСТОРИИ УЩЕЛИЙ ОСЕТИИ Редактор: Р. Р. Козаева Худож. редактор: А. Н. Дэюиоева Корректор: Р. Р. Козаева Комп. верстка Æ Н. Дэæыоева Подписано в печать 25.12.2018. Формат 60x841/16. Бумага офсетная. Печать офсетная. Уч. - изд. л. 8,2. Усл. - печ. л. 9,8. Тираж 300 экз. Заказ № 100 ПБОЮЛ Сиукаева Лана Георгиевна. Республика Южная Осетия, 100001, г. Цхинвал, ул. Санакоева, 45.
Мæргъиты Тугъаны фырт Ирбег - этнограф-бæстæзонæг. Райгуырд 1979 азы Бадзыгаты хъæуы. Каст фаэцис Тыбылты А. номыл ХИПУ, историйы факультет. 2004-2005, 2007-2009 азты уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. У Уанеты 3. номыл ХИЗИИ ис- тори аэмæ этнологийы хайады зонадон кусæг. Йæ иртасæн архай- ды фадыгтæ сты: Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнæн арæзтæдтæ æмæ кувæндæттæ, ирон адæмон бæ- рæгбæттæ æмæ мыггæгты рав- зæрд, Ирыстоны хицæн кæмтты истори, ирон легендæтæ, зайæгой- ты дуне æмæ а.д. Фыссы ма æм- дзæвгæтæ дæр. 2007 азы йын рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Сæуæхсиды зарджытæ», 2014 азы - истори æмæ этнографион куыст «Ирыстоны кæмтты ивгъуыдæй» 1-аг хай. 2016 азы та коллективон монографи «Инновационные ресурсы культурного наследия Северной и Южной Осетии». 2018 азы та бацæттæ кодта «Ирон мифты æмæ легендæты» æмбырдгонд ахуырдзаутæн. Йæ зонадон куыстытæ мыхуыр цæуынц Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зонадон æмбырдгæндты, æдæппæтæй сты 10 бæрц. Периодикой мыхуыры та йæ историон-этнографион уацты нымæц у 30 фылдæр. Активон хайад исы зонадон конференциты, этнографион экспедициты, афтæ ма æхсæнадон куысты дæр. ^2013 азæй у Республикой æвзонг натуралистты станцы сæргълæу- гдæр. 2013 азы Ахуырад æмæ зонады министрады уынаффæмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Кады Грамотайæ Зонады бæрæгбоны цытæн «Ир- зонады зынгæ хайбавæрды тыххæй». 2016 азы та РХИ Президенты уынаффæмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Кады Грамотайæ «Ирзонады райрæзты æмæ бирæ азты дæргьы зонадон архайды тыххæй». 2017 азы Ахуырад æмæ зонады министрады уынаффæмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Кады Грамотайæ «Сывæллæтты хъомылады æмæ практикой зонындзинæдтæ парахат кæныны тыххæй». ^2018 азы та хорзæхджын æрцыд майданæй «Уæлæмхас ахуыра- ыкадджын кусæг».