Автор: Сотник Ю.  

Теги: æрымысгæ  

Год: 1952

Текст
                    ю. сотник
ÆНАХУЫР МАРГЪ
ЦÆГАТ ИРЫСТОНЫ АССР-ы ПАДДЗАХАДОН РАУАГЪДАД
ДЗÆУДЖЫХЪÆУ * 1952


ю.сотник НЕВИДАННАЯ ПТИЦА Перевод на осетинский язык Бекузаровой В. Государственное Издательство Северо-Осетинской АССР Дзауджикау * 1952
,К Æ Ф X Ъ У Ы Н Д А Р Ы. Л Æ П П Ы Н" (Сеня Лооюечкины боныгæй) 15 февралъ. Ацы изæр æз уыдзынæн нæхимæ. Æхсæз мæйы дæргъы фыццаг хатт нал ацыдтæн Кириллмæ, хæдзармæ лæвæрд куыст иумæ цæттæ кæнын- мæ. Стæй йæм цæугæ дæр никуыуал акæндзы- нæн. Æгъгъæд у! Цавæр адæймаг у, уый ныр бамбæрстон! Абон нæм цы хъуыддæгтæ æрцыди, уыдон афтæ ахсджиаг сты, æмæ сæ æнæмæнгæй ныф- фыссын хъæуы. Уроктæ куы фесты, уæд къласæй рацыдтæн æппæты фæстæ. Къæлидоры раййæфтон цавæр- дæр æнахуыр змæлд. Нæ къласы цур дзыгуырæй лæууыдысты з
лæппутæ. Уыдон-иу сивæзтой сæ къубæлттæ сæ къахфындзтыл-иу слæууыдысты, схуыстой кæрæдзи. Алырдыгæй хъуысти: — Кæдæм бырсут! — Цы хабар у? Цæмæ кæсут, цæ, лæппутæ? — Фæлæуут-ма! Ныцъист мæ кодтат! Куыддæртæй размæ бабырыдтæн æмæ къу- лыл федтон гæххæтты сыф. Йæ уæллаг галиу къуымы уыди гæккуырийы хуызæн ныв конд. Уымæй рахизæрдæмдæр та алыхуызон ахорæн- тæй ахуырст дамгъæтæй фыст уыд: „КÆФХЪУЫНДАРЫ ЛÆППЫН" У1-æм кълас „Б"-йы сатирикон газет. Цæуы бонцухæй.—№ 1" Кæд мæ алырдыгæй схуыстытæ кодтой,г'уæд- дæр мæ къухы бафтыд бакæсын газеты раз- дзырд „Сатирæйы бырынкъыл!", зæгъгæ. Уым уыд фыст: „Нæ кълас у скъолайы хуыздæр кълæстæй иуыл нымад, фæлæ мах ’хсæн дæр ис лодыртæ æмæ дисциплинæ халджытæ. Уыдон нын къуы- лымпы кæнынц нæ цыд ног æнтыстдзинæд- тæм. Æнтыстдзинад æмæ дисциплинæйыл чи тох кæны, ахæм отрядон газет дæр ма нæм ис, фæ- лæ хъæндзинæдты ныхмæ сатирикон худт цы бынат ахсы, уый алчи дæр зоны. Гъе уымæ гæсгæ абон рацыди „Кæфхъуын- дары лæппыны" фыццаг номыр. Уый кæндзæн æгъатыр тох, къласыл фæстæ- мæ чи хæцы, уыдонимæ, уый чи фæнды куы феста, уæддæр. Уый уыдзæи нæ къласы нæбæз- 4
зон æгъдæуттимæ тох кæныны сатирæйы цыргъ хæцæнгарз. Фыссут уацхъуыдтæ „Кæфхъуындары лæп- пынмæ"! Газет уыдис гыццыл. „Сатирæйы бырыикъ- мæ" уал бахаудысты нырма æртæ лæппуйæ. Уацхъуыдтæй иуы фыст уыдис: „Историон наукæты дохтыр Мишæ Огурцов фыст фæци йæ чиныг астæуккаг æнусты исто- рийæ. Мæнæ скъуыддзаг уыцы чиныгæй: „Крестхæсджытæн 1781 азы бантыст Сири байсын, фæлæ сын фæзынди тæссаг знаг—тур- каг султан Барбароссæ. Крестхæсджыты лаге- рæн йæхимидæг райдыдтой змæ’стытæ: англи- саг къарол Карл Хъæбатыр фæбыцæу ис Ричард Домбайы Зæрдæимæ æмæ францусаг къарол Салладинимæ". Уыцы уацхъуыды бын уыди дыууæ нывы: иуыл дзы цавæрдæр бæгъатыр тох кодта знæгты къордимæ, иннæ нывыл фыдуаг, æгæнон лæппу тарстхуыз сабийы йæ сæры хъуынтæй ралас- балас кодта. „Михаил Артамонов æнахъои сывæллæттимæ куы фæхыл кæны, уæд йæхшмæ ахæм лæг фæ- кæсы", афтæ фыст уыд фыццаг нывы бынмæ. „Æцæгдзинадæй та йын вæййы мæнæ ахæм хуыз", афтæ та уыд фыст дыккаг нывы бын. Æртыккаджы уыд, стыр кардæй партæйыл йæ ном æмæ йæ фыды номы фьщцаг дамгъæтæ чи къахта, ахæм лæппуйы ныв. Йæ бынмæуыди æмдзæвгæ: „Æнусмæ хъуамæ уон мысинаг,— Иван Прибылов афтæ загъта Æмæ гъе уый тыххæй йæ мыккаг Уый дуæрттæ, иартæтыл æскъахта". 5
Газетæн йæ бинаг рахиз къуымы уыди къухæвæрдтæ: „Редколлеги: К. Замятин (бæрнон редактор). В. Пеликанов (нывгæнæг)." Ныр æй бамбæрстон, Кирилл Замятинæн а фæстаг рæстæджы ахæм сусæг хуыз цæмæн уыди, уый. Ныр бамбæрстон, переменæты-иу Валеркæ Пеликанов æмæ вожатый Игоримæ цæуыл сусу-бусу кодта, уый, Киркæ къулы газет уадзыны фæнд мæнæй кæй басусæг кодта, уый мæм æппындæр хъыг нæ фæкаст. Æнæзындгонд мын нæ уыд, мийаг, Киркæ адæймаджы æнæнхъæлæджы дисы баф- тауын куыд уарзы, уый. Лæппутæ ног газетæй хъæрæй æппæлыдыс- ты. Кириллы æнтыстдзинад мын афтæ æхсыз- гон уыд, æмæ азгъордтон редколлегийы уæнг- ты агурынмæ, цæмæй сын сæ диссаджы æнтыст- дзинады фæдыл раарфæ кæнон, уый тыххæй. Ссардтон сæ пионерты уаты. Нывгæнæг Ва- леркæ дуары разæй агæпп кодта, æз дуар куы фегом кодтон, уæд. Уый дуары зыхъырæй ка- сти, газеты раз чи’ æрбамбырд, уыдонмæ. Ре- дактор лæууыд йæ фæстæ, æвæццæгæн йæ хъус дардта, къæлидорæй цы хъæлæстæ хъуысти, уыдонмæ. — Киркæ! — ныхъæр кодтон æз. —Уый га- зет у, гъе! Уе ’нтыстдзинады тыххæй уын арфæ кæнын! Нывгæнæгæн æхсызгондзинад йæ цæсгомыл анхъæвзта, фæлæ редактор йæхи æндæрхуызон дæр нæ фæкодта. Æнæуый дæр уыдон тынг фæй- нæхуызон сты: Валеркæ — дæргъындзæг, бур- 6
хил, хъæлдзæг лæппу, Киркæ та — ныллæггомау, бæзæрхыг арæзт лæппу. Уый хъазгæ куы фæ- кæны, уæддæр хъуыддагхуыз фæдары йæхи. — Зæрдæмæ хъары? — цыбырæй афарста уый. — Хъæбæр! Мишкæ Огурцовы ныридæгæн дæр „историкæй" мæстæй марын байдыдтой, Прибыловыл цы æмдзæвгæ ныффыстат, уый та наизуст сахуыр кодтой. Фæлæ лæппутæ тынгдæр цæуыл дис кæнынц, уый зоныс: „Куыд, зæгъы, бауæндыдысты Мишкæ Артамоновы тых- хæй ныффыссын? Уый дам ныр, æнæмæнг, За- мятины ныппырх кæндзæн. Валеркæмæ нæ бав- налдзæн. — Валеркæ тыхджын у, фæлæ Замяти- ны — æнæмæнг!" — Уæдæ ма бафæлварæд, — загъта нывгæ- нæг. — Æмæ цы! Чи зоны, æмæ фæнæма, — цы- ма йын уæлдай нæу, уый хуызæн дзуапп рад- та редактор. — Сатириктæн кæддæриддæр бирæ знæгтæ вæййы. — 0\ Æз дæр лæппутæн афтæ загътон: „Йæ хорздзинад дæр, зæгъын, уый мидæг ис, æмæ хатыр кæй никæмæн кæнынц. Фæнды Ар- тамонов, фæнды æндæр исчи". Раст нæзæгъын, Киркæ? Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма уыцы ныхæсты фæстæ редактор æмæ нывгæнæг цыдæр къæм- дзæстыг хуыз фесты. Валеркæ „мм\ зæгъгæ, ба- кодта, стъолы размæ бацыд æмæ газеты дык- каг номыры сæргонд ахорыныл балæууыд. Ки- рилл та мæм йе ’рфгуыты бынæй хъуынтъыз хуызæй касти. — Зоныс, Семён, æз дын хъуамæ рагацау зæгъон...— райдыдта Кирилл. — Кæд уый редак- цийы сусæгдзинад у, уæддæр дын æй, мæ хæ- 7
лар куыд дæ, уымæ гæсгæ хъуамæ... æз... Иу ныхасæй, мах дæ иннæ номыры пъланмæ бахас^ там. Æз фыццаг ницы бамбæрстон. — Куыд, цавæр пъланмæ? — Фельетонмæ, — загъта Киркæ. — Къласы дзæнгæдацæгъдджыты тыххæй. — Хорз æрхъуыды кодтат!.. Ды... ды уый зæрдиагæй зæгъыс, Кирилл? — Ахæм хъуыддаджы хынджылæг нæ фæ- кæнынц. — Æмæ уæдæ... уæдæ уæ хуыздæр æмба- лыл фысдзыстут, Кирилл Иванович? — Диссаг дæ, Семён! Уæдæ иннæ дз&нгæ- дацæгъдджыты тыххæй фысс, фæлæ дæ кой ма скæн, нæ? — Æмæ дын уыдоныл æнæ фысгæ нæй? Æвæццæгæн æмæ æнæ уыдон дæр ис, цæуыл фыссат, уый. Уæдæмæ дзурыс афтæ... Киркæ фæмæсты: — Цы дын зæгъон, уый зоныс, Семён... Хæ- лардзинад хæлардзинад у, фæлæ хъуыддаг та хъуыддаг у. Къласы дзæнгæдацæгъдын æвзæр- дзинад у æмæ хъуамæ нæ сатирикон газет йæ ныхмæ æнауæрдон тох кæна. Ам хъуыддаг принципы мидæг ис. — Хорз принцип у, цы дзы загъдæуа! Хæ- лæрттæй хынджылæг кæнын! Валеркæ æваст йæ кисточкæ иуфарс аппæр- ста æмæ фестад. — Ныр цы ’рбацыдтæ æмæ цы хъуыр-хъуыр кæныс? — загъта уый. — Цæугæ-ма ардыгæй æмæ нæ ма хъыгдар! Æз бамбæрстон, йемæ мын дзуринаг кæй ницыуал ис, уый.. Æрмæстдæр ма бафарстон: — Карикатурæ дæр мыл скæндзыстут? 8
— Æмæ уæдæ. Махмæ алы уацхъуыд дæр нывгондæй цæуы. — Афтæ фæуæд, Кирилл Иванович! Буз- ныг!.. Нæ зæрдыл æй бадардзыстæм! — загътон æз æмæ рацыдтæн. Æвæдза, маст адæймаджы цæмæты ’ркæны! Фыстон, фыстон æмæ нырма гъе ныр мæ зæр- дыл æрлæууыд, цыбыргонд хатткæнынады фор- мулæтæ мæ ахуыр кæнын кæй хъуыди. Цæй, кæд мæ райсом нæ бафæрсид. 16 февралъ. Изæры 7 сахати. Абон, къласмæ бацæугæйæ, æз мæхи бына- ты, Кириллы фарсмæ, нал сбадтæн. Редакторы раз æрæвæрдтон ныхæст къонверт æмæ, мæ портфель мæ фæстæ бакæнгæйæ, партæты ’хсæн- ты рацу-бацу кодтон. Къбнверты уыдис писмо. Писмоны фыстон афтæ: „Замятин! Мæн фæнды, цæмæй Пеликановимæ нæ бы- нæттæ баивæм. Афтæмæй уын æнцондæр уы- дзæн уæ раздæры æмбæлттыл цъыфкалæн кæ~ нын. Кæд Пеликанов йæ бынат баивыныл не сразы уа, уæддæр дæ фарсмæ нал сбаддзынæн. Уый у мæ фæстаг ныхас. С. Ложечкин"- Киркæ писмо бакасти æмæ загъта: — Худæгæй марыс, Семён! Æз æнæсдзургæйæ ме уæхсчытæ . базмæлын кодтон æмæ дарддæр мæ рацу-бацуйы кой код- тон. Уæд Кирилл пи:мо Валеркæмæ бавдыста. Валеркæ йæ мидбылты бахудти æмæ загъта: 9>
„Уый хъуыддаг у, уый нын бæззы", æмæ йæ чингуытæ редакторы партæмæ бахаста. Æз сбад- тæн йæ бынаты, Мишкæ Артамоновы фарсмæ — газеты бæгъатырæй кæй равдыстой, уыимæ. Дзæнгæрæджы фæстæ, урок нæма райдыдта, афтæ нæм æрбацыди вожатый Игорь. — „Кæфхъуындары лæппын" уæ зæрдæмæ фæ- цыд?—бафарста нæ хъæрæй. — Фæцыд! — æмхуызонæй дзуапп радта кълас. Суанг ма „историкон наукæты дохтыр" Миш- кæ Огурцов дæр загъта: „Фæцыд", зæгъгæ. Дзуапп нæ радтам æрмæстдæр æз, Артамонов æмæ Ваня Прибылов. — Ныр уæхи хъахъæнут! — загъта Игорь.— „Кæфхъуындары лæппын" оперативон газет у: гыццыл исты хъуыддаг ракодтай, зæгъгæ, уæд дæ фыдгул дæр афтæ. Бамбæрстат? — Бамбæрстам! — дзуапп радта кълас. — „Кæфхъуындары лæппынæн" æххуыс кæн- дзыстæм? Уацхъуыдтæ йæм фысдзыстæм? — Фысдзыстæм! — æмхуызонæй ныхъæр код- той дæс æмæ ссæдз лæппуйы. Уыцы бон мæхи афтæ дардтон, цыма Кирил- яы уынгæ дæр нæ кæнын, фæлæ мæ уый дæр хъуыды дæр нæ кодта. Переменæты йæм лæп- путæ хастой уацхъуыдтæ. Уый сæм-иу тынг хъуыддагхуызæй æркасти æмæ-иу загъта: „Хорз! Мах ыл бакусдзыстæм", кæнæ: „Нæ ацæудзæн. Æгæр лыстæг хъуыддæгты тыххæй у", Ваня Прибылов абондæргъы æртæ хатты сис- та йæ хæрынкъа, фæлæ та-иу æй къæмдзæстыг хуызæй йæ дзыппы авæрдта. Уый дæр уыцы бон. 10 сахаты æмсе 30 ми- нугпы. АбоньГ хъуыддаг мæ уый бæрц маст бауагъ- ю
та, æмæ ныр дæр ма мæ чемы нæма дæн. Иу- нæгæй ахуыр кæнын мæ бон нæу. Æвæццæгæн æмæ æнахуырæй. Нæ зонын: кæд æгæр ратæвд дæн æмæ Кир- кæимæ дзæгъæлы фæхыл дæн? Æниу цас дис- саг хъуыддаг уыдзæн, иу хатт мæн тыххæй дæр газеты куы ныффысса? Стæй цы аххос- джын у, кæд æмæ йæ хæс ахæм у, уæд? Цыбыргонд хатткæнынады формулæтæ мæ хъæуы ахуыр кæнын, фæлæ нын райсоммæ уы- рыссаг æвзагæй дæр бирæ ис лæвæрд. Æвæц- цæгæн æмæ уал формулæтæ ахуыр кæнын фæс- тæдæрмæ аргъæвдзынæн. 17 февраль. Нæ, Кирилл Замятин, Семён Ложечкин дæм иу дзырд дæр никуыуал скæндзæн. Скодтой ахæм ныв: партæйы чъылдымыл ба- дынц цыппар дзæгъындзæджы гом бырынчъы- тимæ, сæ фарсмæ та сныв кодтой цыппар кæ- саджы, доскайы цур сæ къæдзилтыл хъен лæу- гæйæ æмæ сæ сæртæ дæлæмæ æруадзгæйæ. Уыцы æдылы нывы бын ныффыстой: „Б а з о н - б а з о н! Партæйы уæлхъус мах — къæбæда дзæгъын- дзæгтæ. Доскайы’цур та — æгомыг кæсæгтæ. Чи стæм мах? Дзуапп: Артамонов, Ложечкин, Тараскин, Бодров\ Æмæ лæппутæй иутæ мæныл худæгæй куы и
мардысты, уæд уыцы рæстæг иннæтæ та пио- нерты уатæй рацæйластой Киркæ æмæ Валеркæ- йы æмæ сæ фыр цинæй хæрдмæ æппарын бай- дыдтой. Уыцы митæм кæсгæйæ, мæнæн мæ дæндæгты къæскъæс ссыд. Æз мæхæдæг дæр мæстæй мæлгæ кодтон, Мишкæ Артамонов та ма, мæ мастыл цæхх кæнæгау, мæ размæ æрбацыд æмæ, мæстæймарæгау загъта: — Де ’рдхорд дæуыл цъыфкалæнгæнгæйæ йæхицæн цыт дзæбæх куы аразы! — Æмæ мын цæй æрдхорд у? Æз æй дæ- уæн дæттын, — йæ ныхас ын цæхкæр фæлыг- кодтон. Мишкæ фæхъус, стæй мæсты хуызæй загъта: —л Уынгмæ рацæуын йеттæмæ йæ ницы хъæуы ныр! Æз ын дзæгъындзæг æмæ кæсаг фенын кæндзынæн! Æгъгъæд у! Райсомæй фæстæмæ урокты иу ныхас дæр нал скæндзынæн. 18 февралъ. Мæстæй мæхи дæр не ’мбарын. Уырыссаг æвзаг æмæ физикæйы урокты мæ дзæгъæл ныхасы тыххæй уайдзæфтæ райстон. Стæй алгебрæйæ дæр райстон „дыууæ": нæ зыд- тон цыбыргонд хатткæнынады формулæтæ. Серёжкæ Бодров дæр райста „дыууæ". Уый йын æртыккаг у. Фыццаг дыууæ уыдысты уы- рыссаг æвзаг æмæ химийæ. Бон-изæрмæ кæрты хоккейæ хъазыны куыст йеттæмæ ницы кæны. Ваня Прибылов мын загъта: — Цæй, баивæм: ды мын дæ бæзджын тетрад ратт, æз та мæ хæрынкъа. Сразы дæн. Ба- ивтам. 12
19 февраль. Ныр æй бынтондæр базыдтон, Замятин ца- вæр æдзæсгом адæймаг у, уый. Гъе ’ндæр хуыз- дæр ницы ’рхъуыды кодта, æмæ та мæ газеты рауагъта, ацы хатт та алгебрæйы тыххæй. Артамонов дæр та бахаудта „ Кæфхъуындары лæппынмæ". Уый курдиатджын лæппу у, фæлæ æнахуыр у: уырыссаг æвзагæй райсдзæн „фондз", йæ хæд фæдыл геометрийæ та„дыууæ",геометри бацæттæ кæндзæн, уæд хъуамæ биологийæ та рахафа „дыууæ". Газетмæ ма ноджы бахаудта Кузя Тараскин дæр: скъоламæ æнæхсадæй æмæ пыхцылсæрæй кæй цæуы, уый тыххæй. Ныр раст скъоламæ дæхи дæр мауал æвдис! Алырдыгæй æрмæстдæр хъусæм: — Гъы, куыд цæрыс, Дзæгъындзæг? — Бæгъатыр, знæгтæй бирæ ныццагътай? Замятин æмæ Валеркæйы кой та æгæр дис- саг сси. Æрмæстдæр искуы фæзынæнт — асин- тыл уа, къæлидоры уа, — уый йеттæмæ алырды- гæй хъуысын байдайы: — Салам „Кæфхъуындары лæппыны" редак- тортæн! — Æгас цæуат, сатирæйы дæснытæ! Кæд та рацæудзæн газеты иннæ номыр? Артамонов бæллы редакторы уынджы æрцах- сынмæ, фæлæ йын не ’нтысы: Кирилл æмæ Ва- леркæ иу уынджы цæрынц æмæ цæугæ дæр иу- мæ.фæкæнынц. Эх, куы йыл æрхæст уаид! 20 феераль. >Уа диссагæй ницы ’рцыд. Мæ дзæгъæлдзырды тыххæй та англисаг æв- н
заджы ахуыргæнæгæй уайдзæф райстон. Серёжæ: Бодровимæ фæбыцæу дæн. Æгæр æппæлы йæ хоккейæ! Огурцов историйæ райста „цыппар",æмæ йæ ныр „историон наукæты дохтыр" нал хонынц. 21 февраль. Ногæй та ,.Кæфхъуындары лæппын", æмæта дзы ногæй æз, Бодров æмæ Артамонов. Æз æмæ Бодров — дзæгъæл ныхасы тыххæй, Мишкæ та геометрийы тыххæй. Кæд Кириллимæ нæ дзурын, уæддæр æм абон бацыдтæн æмæ йын загътон: — Хъус-ма, æппынфæстаг дын цæсгом ис æви нæй? Дæ ныхтæ иæ цы ныссагътай? — Æмæ мын уæдæ цы кæнын кæныс, кæд æндæр æрмæг нæй, уæд?—-дзуапп радта редак- тор. — Стæй дæ рох ма уæд, сатирикон газет хъæндзинæдтимæ тохы мадзал кæй у, уый. Хъæн- дзинæдты ныхмæ афтæ тох кæнын хъæуы, цæ- мæй цæуой бындзарæй къахт. Газет хъуамæ хъомысджын уа. Æмбарыс? Фæлæ уыцы хъуыддаг мах афтæ нæ ныу- уагътам. Æртæйæ дæр: æз, Бодров æмæ Арта- моноввожатый Игормæ бацыдыстæм æмæ йын загътам, зæгъгæ, афтæ раст нæу: нæ къласæн сæ фылдæр газетмæ æппындæр иикуыма бахаудтой кæддзы исчи бахауы, уæддæр стæм хатт, фæлæ мах та æртæйæ дæр цыма газетмæ цыхасгæ ба- чындæуыд, уыйау. Игорь нын радта цыбыр дзуапп: — Уацхъуыдтæ раст вæййынц? Раст. Уæхи аххос у, уæдæ, худын уыл хъæуы æмæ уыл худынц. 15
22 февралъ. Физикæйы урочы æрцыди ахæм цау, Иван Денисович нын амыдта гидравликон прессы архайды принцип, доскайы цур рацу-бацу кæнгæйæ. Уалынмæ фæлæууыд æмæ йæ кæсæн- цæстыты сæрты Киркæ æмæ Валеркæмæ æдзынæг ныккаст. Æз дæр сæм бакастæн. ’ Нывгæнæг кодта цавæрдæр карикатурæ, редактор та, йе ’рфгуытæ тшлхынцъ кæнгæйæ, ’хсыдта ручкæйы кæрон: йæ разы лæууыд тетрады сыф, æрдæг-, фыст æмдзæвгæтимæ. Ахуыргæнæг бацыд стъолы размæ: — Уæдæ афтæ, иу хатт ма йæ зæгъын: кæд æмæ стыр бæрдыныл фембылды вæййæм дæрд- дзæджы, уæд уый хыгъд уал хатты та æмбулгæ ракæнæм... Пеликанов, цæм рамбулæм? Валеркæ фæгæпп кодта æмæ. йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт. — Уæдæ цæм рамбулæм?—загъта та Иван Денисович. — Доны! —срæцыгъта нывгæнæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр ныккæл- кæл кодтой. — Сбад, Пеликанов!.. Уæдæ цæм рамбулæм, Замятин? — Бæрцахсты?—схъуырхъуыр кодта Киркæ. — Сбад, Замятин!.. Рамбулæм тыхы,—загъта ахуыргæнæг æмæ журналы цыдæр фæнысан кодта. Урокты фæстæ Артамонов, Бодров æмæ æз бахостам пионерты уаты дуар. Мах æртæйæ дæр уыдыстæм тынг хъæлдзæг æмæ кæрæдзийы нæ рæмбыныкъæдзтæй басхой-басхой кодтам. Кирилл нын дуар бакодта æмæ нывгæнæгимæ кæрæдзимæ бакастысты. Нывгæнæг лæууыди уаты астæу, йæ иу къухы доны агуывзæ, иннæйы та 16
кисточкæ, афтæмæй. Æз уæздангомау хъæлæоы уагæй бафарстон: — Бахатыр кæнут, нæ уæ бахъыгдардтам? — Табуафси, мидæмæ,—загъта редактор. Æртæйæ дæр мидæмæ бацыдыстæм. — Мæнæ нæм иу уацхъуыдгонд ис, — ногæй та тынг уæзданæй загътон æз#æмæ редактормæ тетрады сыф бадаргъ кодтон. Уый уацхъуыд райста, Валеркæйы ’рдæм ба- цыд æмæ йæ иумæ райдыдтой кæсын. Мах лæу- уыдыстæм æнцад, æнæ сыбыртт скæнгæйæ. Æцæг Мишкæ иу хатт ныппыррыкк кодта. Редактор нæ уацхъуыд адыдæгътæ кодта æмæ йæ йæ дзыппы авæрдта. — Раст зæгъын хъæуы, мах зыдтам, хъуыд- даг афтæ кæй рауайдзæн, — загъта уый. — Тынг æхсызгон нын у, æгайтма йæ зыд- тат,—загътон æз.— Ныр бафæрсын аипп ма уæд: нæ уацхъуыд рацæудзæн? Кирилл мæм комкоммæ бакаст æмæ цæхкæр загъта: — Нæ рацæудзæн. — Гъе уый дын гъе!—зæгъгæ, фæкодта Ар- тамонов. — Æмæ уæд цæй тыххæй? — Уымæн æмæ дзы цыргъзонддзинад нæй. Махæн нæхимæ уыцы темæйыл уымæй хуыздæр æрмæг ис. Кæд æмæ уый редакцион сусæгдзинад у, уæддæр уæ кæд фæнды, уæд æй нæ бон у равдисын. Мах бацыдыстæм стъолы размæ: стъолыл лæууыди æрдæгфыст газет. Уыдис дзы ахæм ныв: кæфхъуындары лæппын систа сæ æфцæг- гæттæй дыууæ лæппуйы: уыдонæй иуæн къори- йы хуызæн тымбыл цæсгом, иннæмæн та даргъ цæсгом, зынгхуыз сæры хъуынтимæ. Уацхъуыд та фыст уыд афтæ: 2 Æнахуыр ларгъ ут
„К æ ф х ъ у ы н д а р ы лæппын, Гъы, цьь тæ куыстат ацы къорд боны, ахæмтæ-ухæмтæ? Замятин æмæ Пеликанов. Æвзæр’ ахуыргæнинæгтæн сæ хъæндзинæдтæ хурма^ калдтам. Кæфхъуындары лæппын. Æмæ уæд уæхæдæг та знон цы ми бакодтат? Замятин æмæ Пеликанов. Физикæ- йæ æвзæр бæрæггæнæнтæ рахафтам". Бынæй ма йæм бафтыдтой. „Р е д а к ц и й æ. Редакци ацы критикæимæ разы у, æмæ дзырд дæтты, цыбыр рæстæгмæ уыцы æвзæр бæрæггæнæнтæ кæй сраст кæндзæн, Ацы номыры фæстæ „Кæфхъуындары лæппын" цæудзæн бонцухæй нæ, фæлæ къуыри дыууæ хатты". — Федтат? —загъта Валеркæ. Цы ма загътаиккам. Нæхи нымæр ма цыдæр- тæ багуымгуым кодтам æмæ рацыдыстæм. Мæхицæн дзырд радтон, цыдæриддæр уа, уæддæр райсом алгебрæйæ ме ’взæр бæрæггæнæн кæй сраст кæндзынæн: цыбыргонд хатткæныиады формулæтæ кърандасы тигътыл ныффысдзынæн. Æмбарут, цы зын куыст мæм æнхъæлмæ кæсы, уый? Æмæ куыннæ: судзины фындзæй хæрз лыстæг дамгъæтæ æмæ цифрæтæ къахын! 23 февраль. Абон нæм диссаджы хъуыддæгтæ рауад. Фыццаджыдæр, Киркæ уацхъуыд йæхиуыл кæй ныффыста, уымæй „Кæфхъуындары лæп- пыныа кад ноджы фæбæрзонддæр. Лæппутæ фыр цинæй хъæр кодтой: — Уый газет у, гъе! Гъе уый дын хатыр никæмæн кæнын, гъе! Бур, цъæх не ’взарын! 18
Дыккагæй, мæ кърандасы руаджы æнæ къуы- лымпыйæ алгебрæйæ райстон „æртæ". Æртыккагæй, Валеркæйæн йæ дæндаг срыст æмæ фæстаг урокæй дохтырмæ ацыд ’æмæ уы- мæ гæсгæ Кирилл æнæ сæрыл фæхæцæгæй баззад. Асинтæй куы ’рхызтæн, уæд мæ зæрдыл æр- балæууыд, мæ кърандас къласвд кæй баззад, уый, æмæ фæстæмæ аздæхтæн. Æртыккаг уæладзыджы афтид къæлидоры ауыдтон Артамоновы. Уый пионерты уаты раз рацу-бацу кодта æмæ та-иу тарæрфыгæй дуары ’рдæм бакаст. Мæн нæ федта, уымæн æмæ æз лæууыдтæн асинты схизæны, фисыны фæстæ. Мæ кърандас дæр мæ уайтагъд æрбайрох. Æз фембæрстон, цы фæнд æм ис, уый. Пионерты уаты дуар байгом æмæ дзы рацыд редактор. Артамоновы ауынгæйæ, уый хорзау нал уыд. Фæлæ цыма Кирилл хъуыддагæн ницы бамбæрста, уыйау сындæггай асинты ’рдæм араст. Артамонов дæр йæхи ницы ’мбарæг хуыз скодта æмæ йæ фæдыл араст. Æз дуары фæстæ ам- бæхстæн æмæ редактор æмæ Михаил мæ рæзты куы ацыдысты, уæд сæ фæдыл ахъуызыдтæн. Замятин рагъæнæй йæ пъалтр райста, фæлæ йе скæныныл тагъд нæ кодта. Йæ къалостимæ дæр бирæ фæархайдта æмæ, цыма Артамоновы уынгæ дæр нæ кæны, йæхи уыйау дардта. Арта- монов та, йæ пъалто йæ уæлæ, афтæмæй, кæ- сæнмæ бакæс-бакæс кодта æмæ-иу базарыд: — „Царди-уыд зæрондмæ иунæг цъæх сæ- ныкк..." Уалынмæ дыууæйæ дæр араст сты сæ уазал Цæстæнгас нæ аивгæйæ. ш Минуты ’рдæджы фæстæ, мæ пъалто мæ уæлæ, афтæмæй æз дæр уынгмæ рагæпп кодтон. Скъо- лайы цæхкæрмæ уынг уыд сабыр, змæлæг дæр 19
дзы нæ уыд. Тротуары æмрæнхъ кæрæй-кæрон- мæ, хæхты рæгътау, кæритæй лæууыд мит. Ки- рилл æмæ Михаил цыдысты сындæг, цыма тез- гъо кæнынмæ рацыдысты, уыйау: разæй — ре- дактор, сау пъалтойы, хъусджын худы, йæ фæс- тæ —Артамонов, валенкæты, цæрмын къурткæ- йы, йæ сæрыл уæлдзарм худ зулмæ кондæй. Скъолайæ иу гыццыл куы рауадысты, уæд Кирилл æваст фæлæууыд æмæ фæстæмæ фездæхт: — Гъы, нæмынмæ мæ хъавыс, нæ?—ракæнон хуызæй бафарста уый. Артамонов цыдæр сдзырдта, фæлæ йæ æз нæ фехъуыстон. — Гъа, цæв мæ, цæв!Уыдæттæй мæ не ’рта- сын кæндзынæуæддæр... Цæуылнæ цæвыс?Цæв! Фæлæ Артамонов редакторы нæмгæ нæ фæ- кодта. Æрмæст æй хæрдмæ фелвæста æмæ йын йæ сæр миты атъыста. Æмæ гъе уæд... уæд æз бамбæрстон, цы мæ кæнын хъæуы, уый. Ныр æй Кирилл базондзæн, цы у æцæг хæлардзинад! Гъе ныр æй бамбар- дзæн, цавæр адæймагæй хынджылæг кодта йæ газеты, уый! Æз базгъордтон Михаилмæ, йæ цуры алæу- уыдтæн, тагъд-тагъд афтæ дзургæйæ: — Цы дæ хъæуы, цы дæ хъæуы, цæмæ йæм æвналыс? Артамонов дæр афтæ тагъд-тагъд дзуапп лæвæрдта: — Æмæ дæу та цыхъæуы, дæута цы хъæуы, дæу та цы хъæуы ? — Ей-ей, уасджытæ! — райхъуысти нæ сæр- мæ кæйдæр бæзджын хъæлæс. Цавæрдæр лæг нæ фæйнæрдæм акодта. < Уалынмæ ауыдтам ахуыргæнджыты скъолайæ ацæйцæугæ. 20
— Афтæ фæуæд, редактор, фæлæ ма фем- бæлдзыстæм,—загъта Артамонов æмæ алыгъд. Æз фæзылдтæн Замятинмæ. Редакторæн йæ худ балæууыд тротуары, йæ сæр уыд митæй дзаг, фæлæ йын уæддæр уыди райгонд цæстæнгас. —Риссы? —бафарстон æй æз. —Нæ-æ! Ацы хъуыддагмæ æз цæттæ уыд- ,тæн, — загъта редактор, йæ хуылыдз цæсгом сæрфгæйæ. — Мах уыдæттæй не ’ртасын кæн- дзынæ!.. Дæуæн та — бузныг. Лæгдзинад равдыс- тай. Дæ къух! Æмæ мах кæрæдзимæ нæ къухтæ радтам. Уыцы сахат ахæм уавæры уыдтæн, æмæ мæ бон дзурын дæр ницыуал уыди. Редактор йæ миттæ йе ’фцæгготæй ацагъта. Йæ цæсгом та фæтар: — Цы, уыйзоныс, Семён... Хъыг дын мауæд, фæлæ та дæ мах пъланмæ бахастам. Æз ницы дзырдтон. Ныхъус Кирилл дæр. — Æмбарыс, хæлардзинад хæлардзинад у, хъуыддаг та хъуыддаг у. Пъланмæ дæ бахастам шиаргалкæты фæдыл. Æз иуфарсырдæм ату кодтон, фæзылдтæн æмæ рараст дæн. — Фæнды дæ, уæд дын алгебрæйæ баххуыс кæнон? —цавæрдæр уынгæг хъæлæсы уагæй мæ бафарста редактор. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз æм фæстæмæ дæр нал фæкастæн. 24 февраль. Мæ чемы нæ дæн. Абон Михаилмæ баздæх- тæн æмæ йын загътон: — Артамонов, æз знон раст нæ уыдтæн. Гъе ныр ма исты... уæд æз æппындæр... Цæй, æмба- рыс мæ, æвæццæгæн. 21
Артамонов йæ сæр æруагъта, ахъуыды кодта æмæ арф ныуулæфыд. — Æмæ æниууымæйцы рауайдзæн! Фæнæм- дзынæ йæ æмæ та йæхицæй ныббузныг уыдзæн^ ома рæстдзинады фæдыл æвзарын зындзинæд-\ тæ, зæгъгæ. Бафиппайдтай? Зноны хъуыддаджы тыххæй йæ хъаст дæр никæмæ бахаста! 25 февраль. 6 сахаты æмæ 30 минуты. Серёжæ Бодровæн уырыссаг æвзаг æмæ фи- зикæйæцы æвзæр бæрæггæнæнтæ уыд, уыдон сраст кодта. Ныр ма йын баззад иу—алгебрæйæ. Райсом та рацæудзæн „Кæфхъуындары лæп-. пыны" ног номыр æмæ та дзы ногæй уыдзæн мæ кой. Диссаг та куыннæ у Замятины æрхъуыды-. дзинад: фыссы æдзух уыцы иу хъуыддаджы тых- хæй, уыцы иу адæймæгты тыххæй, фæлæ алы хатт дæр бынтон æндæрхуызон! Æмæ гъе ныр мæ сæры фæзынди иу дисса- джы хъуыды: „Цымæ куыд уаид „Кæфхъуында-. ры лæппыны" хъуыддаг, Артамонов, Бодров æмæ æз æвзæр бæрæггæнæнтæ куы нал исик- кам, стæй урокты дзæгъæл куы нал дзуриккам’ уæд? Кæм ссариккой æрмæг сæ газет рауадзы- нæн? Къласы та мах йеттæмæ æвзæр бæрæг- гæнæнтæ никæмæн ис!" Ууыл ахъуыды кæнын хъæуы. 6 сахаты æмæ 50 минуты. , Нæ, уый æцæг диссаджы пълан у! Мæ цæс- тытыл уайы, газетæн æрмæг нал ис, зæгъгæ, Кир- кæ уый куы бамбара, уæд йæ цæсгомы хуыз куыд аивдзæн. Ныртæккæ Артамоновмæ теле- * фонæй адзурдзынæн. 22
7 сахаты æмæ 15 маяуты. Ура! Мæ пълан сцæттæ! Телефонæй дзургæ- йæ, Артамонов æнæхъæн дыууæ минуты кæл- кæл кодта. Ныртæккæ згъорын Серёжкæ Бодров- мæ, цæмæй йын нæ диссаджы пъланы тыххæй фехъусын кæнон. 26 февраль. Абон рацыд „Кæфхъуындары лæппыны" ног номыр. Æмæ дзы, нывы бæсты, фæзынди мæ кърандас лыстæг фыст формулæтимæ. Уый гæх- хæттмæ уыд фидаргонд æндахæй. Уыцы къран- дасы бынмæ уыд ахæм фыст: „Ацы лыстæг куыстыл Сеня Ложечкин ба- хардз кодта æппынкаддæр æртæ сахаты. Цымæ хуыздæр нæ уыдаид, уый бæсты фор- мулæтæ сахуыр кæныныл иу сахат куы бахардз’ кодтаид, уæд?и Ницы кæны, Кирочкæ! Уæ цин бирæ нал ахæс- дзæн. Сымах зонгæ дæр нæ кæнут, уæ сæрмæ цы сау мигътæ æмбырд кæнынц, уый. Сымах æй нæ зонут, дысон ’изæр Артамонов мæнæн æмæ Бодровæн æнæхъæн сахат алгебрæ кæй æм- барын кодта æмæ йæ уый фæстæ мах та æнæ- хъæн сахат географийæ кæй фæфарстам. Стæй сымах нырма нæма бафиппайдтат, Бодров, Ар- тамонов æмæ Ложечкин абон урокты сæ дзых- ты дон бакæнæгау кæй бадтысты. Сымах нæ бафиппайдтат, Артамонов переменæты йæ къах кæй никæмæ уал фæцарæзта æмæ кæй нал ба- къуырдта искæйы къæбут. Ницы кæны! Тагъд алцы дæр бафиппайдзыстут! Куыд рабæрæг, афтæмæй тынг зын нæу дзы- хь1л хæцын, куы ничи дæм дзура, уæд. 23
28 февраль. Знон мæ боныджы ницы ныффыстон, нæ мæ ’вдæлди: алгебрæ ахуыр кодтон. Ацы фæстаг бонты къласы афтæ сабыр вæййы, æмæ дзы бындз куы атæха, уæддæр фехъуысдзæн. Кир- кæ æмæ нæм Валеркæ дисгæнгæйæ бакæсынц, фæлæ мах ницы дзурæм, æрмæстдæр хин худт бакæнæм. Артамоновы доскайы цурмæ ракодта геогра- ^фийы ахуыргæнæг. Редактор æмæ нывгæнæг сæ ’кърандæстæ æрцæттæ кодтой, географи æвзæр зоныны тыххæй фельетон фыссынмæ, фæлæ фæрæдыдысты, Артамонов райста „цыппар". Абон Кирилл æмæ Валеркæ урочыты фæстæ пионерты уатмæ нал ацыдысты сæ газет фыс- сынмæ. Мæ цæстытыл уайы, куыд æнкъард кæ- нынц! 29 февраль. „ Кæфхъуындары лæппын" нæ рацыд!!! Ныр къæлидорæй хъæлдзæг худт нал хъуыс- ти, редактор æмæ нывгæнæджы дæр хæрдмæ нал æппæрстæуыд. Æз алгебрæйæ дзуапп радтон „фондзæн" (æвæ- дза, диссаджы хорз предмету алгебрæ!), Бодров та— „æртæйæн". Стыр переменæйы редколле- гийы æгуыст уæнгтæ æнкъард хуызæй къæли- доры рацу-бацу кодтой, мах та Артамоновимæ сæ фæдыл цыдыстæм æмæ сæм дзырдæппарæн кодтам. — Нæ цытджын стыр курдиатджын редактор- тæ! — дзырдтон æз. — Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ уæ диссаджы сатирикон газет цæуылнæ рацыд? Æрмæг уын нæ фаг кæны? Æппæт фы- 24
дуæгтæ æмæ зивæггæнджытæ куыстурæд сарæз- тои? Æвирхъау хъуыддаг! — Сымах та хъусинаг ныффыссут, — уынаф- фæ сын кодта Артамонов: —ома, афтæ ’мæ аф- тæ. „Сатирикон газел^ кæсын кæй фæнды, уый хъуамæ мæй иу хатт уæддæр райса æвзæр бæ- рæггæнæн æмæ уайдзæф йæхи æвзæр дарыны тыххæй." — Æвзæр бæрæггæнæнтæ чи исы, уыцы ахуыр- гæнинæгтæн исты преми æрхъуыды кæнут, — дзырдтон сынæз.— Кæнæ сын фидут бæрæг аргъ: иу æвзæр бæрæггæнæны тыххæй —сом,. урокты дзæнгæдацæгъдыны тыххæй та — сомыр- дæг. 1 маргпъи. Тагъд кæнын, абон цы хъуыддæгтæ æрцыд,, уыдон ныффыссынмæ! Ахсджиаг цаутæ! Урокты фæстæ къласмæ бацыд Игорь æмæ загъта: — Курын уæ, æмæ байхъусут. Дысон изæр уыди друйшнæйы советы æмбырд. Ныртæккæ уын. отряды советы сæрдар Лёвæ Курочкин бакæс- дзæн уыцы æмбырды уынаффæ. Лёвæ кафедрæмæ схызт æмæ райдыдта кæ~ сын: — „Дружинæйы совет нысан кæны, скъола- йы мидæг хуыздæр къласыл нымад чи уыд, уы~ цы 6-æм кълас „Б"-йæн йæ къухы ноджы фыл- дæр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтыд. А фæстаг рæстæджы уыцы къласы ахуыргæнинæгтæй иу Дæр нæ райста уайдзæф йæхи дарыны тыххæй, стæй бындзарæй сæфт æрцыдысты æвзæр бæ- раеггæнæнтæ..." — Ура! — ныхъæр кодта Артамонов. 25»
— Ура-а! — ныхъæр кодтой иууылдæр, æмæ уыдонимæ æз дæр. Мæн кæддæриддæр уырныдта, не скъолайы мах къласæй куыстхъомдæр æмæ æмзæрдæдæр кæй нæй, уый. Сæрдар банхъæлмæ каст, цалынмæ иууыл- дæр басабыр уæм, уæдмæ, стæй дзырдта дард- дæр: — „... Дружинæйы совет нымайы, зæгъгæ, къласы æнтыстдзинæдтæн стыр æххуыс фæци сатирикон газет „Кæфхъуындары лæппын". Уы- цы газет хъæбатырæй, хатыр никæмæн кæнгæ- йæ, тох кодта къласы хъæндзинæдтимæ æмæ йын уыцы хъуыддаджы бантысти стыр æнтыст- дзинæдтæ, суанг ма æппæты фыдуагдæр лæппу- тæ дæр сæхи #хуыздæр дарын байдыдтой æмæ къласыл фæстæмæ нал хæцынц". Æз, Бодров æмæ Артамонов кæрæдзимæ бакастыстæм æмæ æваст нæ цæсгæмттæ фæтар сты, Лёвæ та йæ хъæлæс бæрзонддæр фæкодта æмæ дзырдта дарддæр: —„...Дружинæйы совет хæссы уынаффæ: Фыц- цаг: „Кæфхъуындары лæппыны" редакторæн — цыппæрæм отряды пионер Кирилл Замятинæн æмæ „Кæфхъуындары лæппыны" нывгæнæг, уы- цы отряды пионер Валерий Пеликановæн арфæ ракæнын. Дыкдаг: Фæтыхджындæр кæнын „Кæф- хъуындары лæппыны" ахадындзинад æмæ йæуый тыххæй отрядон сатирикон газетæй дружинæйы «сатирикон газет скæнын". Лёвæ кафедрæйæ æрхызт æмæ йæ бынаты сбадт. Иууылдæр „ура", зæгъгæ, ныхъæр код- той „Кæфхъуындары лæппыны" намысæн. Суанг ма Бодров дæр цæмæндæр ныхъæр кодта „ура". Нæ ныхъæр кодтам æрмæстдæр æз æмæ Ми- хаил. 26
Игорь редактортæм бакаст æмæ йæ къух фæ- дардта: — Байхъусут!.. Сабыр! Ныртæккæ уæ цæс- тыты раз рацæудзæн отрядон газет „Кæфхъуын- дары лæппыныа уæлрадон æмæ фæстаг номыр. Курын уæ, æмæ æнцад бадут, ма хъыгдарут ре- дакцийы йæ бæрнон куысты... Æмбæлттæ редак- тортæ, табуафси! Бæлвырд уыди, рагацау кæй бадзырд кодтой, фæлæ цæуыл, уый ничи зыдта. Иууылдæр ныс- сабыр сты. Валеркæ йæ бынатæй сыстади, ка- федрæмæ схызти æмæ æнæ исты дзургæйæ ме- лæй доскайыл райдыдта „Кæфхъуындары лæп- пыны" сæргонд кæнын. Бынæй бафыста: „Уæл- радон рауагъд". Нывгæнæг йæкуысткуы фæци, уæд, æнæ исты дзургæйæ, йæ бынаты сбадт, доскайы размæ та араст редактор æмæ райдыд- та уацхъуыд фыссын. Æмæ куыд фыста, афтæ æгас кълас дæр йæ фæдыл хъæрæй уæнггай каст. — Дынг æх-сыз-гон нын* у, Ар-та-мо-нов, Бод-ров æмæ Ло-жеч-кин сæ а-хуыр æмæ дис- цип-ли-нæ кæй фæ-хуыз-дæр код-той, уый. Фæ- лæ цæ-уынц дам-дум-тæ, зæгъ-гæ, дам, уы-дон ба-рæй аф-тæ ба-код-той, цæ-мæй „Кæф-хъуын- да-ры лæп-пы-нæн" маст скæ-ной, уый тых-хæй. Æц-цæй, аф-тæ у?" Редактор фæци фыст æмæ йæ бынаты сбадт. Лæппутæ иууылдæр худтысты æмæ хъæл- дзæгæй махмæ бакæс-бакæс кодтой. Мах ныс- сырх стæм æмæ нæ зыдтам.— мæсты кæнæм æви худгæ. — Цæй! Редакци æнхъæлмæ кæсы ацы кор- респонденций’æн дзуаппмæ, — загъта Игорь. Мишæ Артамонов сыстад, йæ мидбылты къæм- 27
дзæстыг худт бакæнгæйæ доскайы цурмæ бацыд æмæ ныффыста: „Критикæ нымайæм растыл. М. Артамонов*. Æз æмæ Бодров дæр сыстадыстæм æмæ нæ къухтæ бафыссынмæ араст стæм... Фыст фæвæййын. Сахаты ’рдæджы фæстæ цæ- уæм Кириллимæ киномæ.
Вагоны рудзгуыты размæ, ленкгæнæгау, фæ- зынди фæстаг фонарь. Поезд æрлæууыд. Платфор- мæйæ æрбайхъуысти тагъд-тагъд ныхас: — Цæй фæндараст! Хъусыс, рудзынгæй-иу дæ сæр æттæмæ ма дар! — Нæ, ма тæрс, нана. — Куыддæр ныххæццæ уай, афтæ-иу тел!.. Искуыдæр ма уый æрцыд, æмæ ахæм æлгъаг- дзинæдтæ поезды лас! Поезд фезмæлыд. — Фенынмæ уал, нана! — Дæ мады-иу мын дæ хъæбысы акæн. Дæ фьшдзы кæлмæрзæн дын дæ дзыппы... Кæттаг панамæ кæуыл уыд, уыцы зæронд ла^г мынæг хъæлæсæй загъта: 29
— Афтæ, афтæ! Ныртæккæ, уæдæ, ардæм æрбацæудзæн Боря. Дуар æрбайгом, æмæ Боря æрбахызт. Уый уыди иуо дыууадæсаздзыд, хæрзхуыз, сыр’хуадул лæппу. Йæ фæныкхуыз къепкæ йæ сæрыд зул конд, йæ сау къурткæйы æгънæджытæ—æфтыд. Йæ иу къухы сæрджын карзинкæ, иннæйы—си- нагын хызын. Хызыны кæрдæгхуыз стыр авджын банкæ. Лæппу вагоны мидæг цыдис сындæг, хъавгæ, йæ дзæкъул йæхицæй иу цасдæр æттæ- дæр хæсгæйæ æмæ дзы йæ цæстытæ нæ ис- гæйæ. Вагоны адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Пас- сажиртæй -ма чидæртæ уæллаг тæрхæджытæм дæр схызт. Боря вагоны астæумæ куы бахæц- цæ, уæд æрлæууыд. . — Мах иу гыццыл фалдæр бабаддзыстæм, ацы лæппу та ам, кæронæй æрбаддзæн, — сдзырд- та, кæттаг худ кæуыл уыд, уыцы зæронд лæг. — Бузныг!—зæгъгæ, сындæг загъта Боря æмæ ’рбадт, йæ багаж бандоны бын бавæр- гæйæ. Пассажиртæ йæм аивæй сæ цæст дардтой. Иу цасдæр рæстæг уый бадти æнцад, йæ къух- тæ йæ уæрджытыл сæвæргæйæ æмæ арф улæф- гæйæ, стæй йæ бынатæй куыддæр дæлæмæ æр- бырыд, бандоны бынæй хызын райста æмæ бирæ фæкаст банкæйы хуылфмæ, стæй сындæг „Ам и*\ зæгъгæ, бакодта. Хызын бафснайдта æмæ та йæ бынаты сбадт. Вагоны адæмæй бирæтæуыдысты фынæй. Боря цалынмæ нæ бацыд, уæдмæ вагоны уыди сабыр. Хъуыстис æрмæстдæр цæлхыты уынæр æмæ I кæйдæр хуырхуыр. Фæлæ ныр уыцы иудадзыг, хъ^с кæй нал хатыдта, уыцы уынæртæм бафтыд , 30
цавæрдæр иугæндзон сыбар-сыбур: уый цыдис, æнæмæнг, бандоны бынæй. Панамæ кæуыл уыд, уыцы зæронд лæг йæ дынджыр портфель йæ уæрджытыл æрæвæрдта æмæ Борямæ баздæхт: — Мæскуымæ цæуæм, мæ лымæн лæггаг? Боря, о, зæгъгæ, йæ сæр батылдта. — Дачæйы уыдтæ? —. Хъæуы, нанамæ. — Афтæ, афтæ!.. Хъæуы. Уый хорз хъуыд- даг у. — Зæронд лæг фæхъус. — Фæлæ дын иунæгæй, æвæццæгæн, зынгомау у. Дæ багаж уæртæ цæйас у, акæс-ма, дæхæдæг та уылынджы. йас. — Карзинкæйæ зæгъыс? Нæ, уый рог у. — Боря цæмæдæр æргуыбыр кодта, карзинкæ ас- кæрста æмæ ма йæ ныхасыл бафтыдта: — Уым æрмæстдæр донзæххонтæ ис. — Куыд? — Æрмæстдæр донзæххонтæ æмæ хилæгой- тæ. Уый бынтон рог у. Иу минуты бæрц ничиуал ницы дзырдта. Стæй саурихи, бæзæрхыг кусæг бæзджын хъæлæсæй бафарста: • — Уый куыд æмбарын хъæуы: донзæххонтæ æмæ хилæгойтæ? — Ома хæфсытæ, галхæфсытæ, гæккуыритæ, хоргæлмытæ. — Бррр, æлгъагдзинад! —радзырдта къуы- мæй иу сылгоймаг. Зæронд лæг йе ’нгуылдзтæй портфель æр- хойгæйæ загъта: — Афтæ, афтæ! Æмæ бафæрсын аипп ма Уæд, фæлæ сæ уæддæр цы хуыздæрæн... ^— Скъолайæн террариум аразæм. Нæ лæппу- та^й дыууæ террариум аразынц, æзта ахсгæкæнын^ 31
— Цы аразынц, зæгъыс?—бафарста ацæргæ; колхозон сылгоймаг уæллаг тæрхæгæй. — Террариум,— бамбарын кодта зæронд лæг.— Уый, зонут, ахæм авджын асыкк, аквариумы хуызæн. Гъе уым фæдарынц æппæт уыцы йæд- ты, цы сæ хонынц... — Уыцы æлгъæгты? — О, о æлгъæгты нæ, фæлæ наукон æвзагæй лзургæйæ, доизæххонтæ æмæ хилæгойты.— Зæ- ронд лæг та Борямæ баздæхт. — Æмæ... æмæ лæм, уæдæ, уыцы донзæххонтæй бирæ ис? Боря йæ цæстытæ хæрдмæ сзылдта æмæ йæ галиу къухы æнгуылдзтыл нымайын райдыдта: — Хоргæлмытæ—цыппар, галхæфсытæ—дыу- уæ, гæккуыритæ—аст, хæфсытæ—иуæндæс. — Диссæгтæ!— райхъуысти талынг къуымæй. Ацæргæ колхозон сылгоймаг, йæ рæмбыны- къæдзыл æрæнцойгæнгæйæ, дæлæмæ Борямæ ’ркаст: — Æмæ сеппæты дæр скъоламæ ласдзынæ? — Сеппæты нæ. Хоргæлмытæ æмæ хæфсы- тæн се ’мбис тритонтыл баивдзыстæм чызджыты скъолайы. — Багъæц, дæ ахуыргæнджытæ дын аккаг фæ- уыдзысты. Боря йæ уæхсчытæ базмæлын кодта æмæ йæ мидбылты бахудти: — „Аккаг фæуыдзысты"! Куыннæ стæй. Уы- дон ма мæ бузныг дæр фæуыдзысты. — Кæд æмæ ахуыры хъуыддагæн исты ’ххуыс сты, уæд æм иу уайдзæф дæр не ’рхаудзæн,— .загъта рихиджын кусæг. , Ныхасмæ сæ хъус æрдардтой иннæ пассажир- тæ дæр: хурсыгъд æрыгон лейтенант æрлæууыд вагоны рацæуæны, йæ рæмбыныкъæдзæй уæл- лаг тæрхæгыл банцой кæнгæйæ; бацыдысты сæ 32
размæ дыууæ колхозон чызджы, æхсæртæ къæрц- цытæгæнгæйæ, ноджыдæр пенснеджын гæмæхсæр бæрзонд лæг, стæй дыууæ ремесленничы. Йе ’мбæлццæттæ йæм сæ хъус кæй æрдардтой, уый Боряйæн афтæ æхсызгон уыди, æмæ фарстытæм не ’нхъæлмæ кæсгæйæ, йæ ныхас фæцырындæр кодта: — Зонут, мах скъолайæн цы пайда хæссæм... Иу хоргалм зоомагазины иу фондз туманы аргъ у, æмæ уæвгæ дæ* къухы дæр бафтдзæн!.. Æмæ хæфсытæ та... Кæд æмæ алы хæфс дæр фондз сомы аргъ йеттæмæ нæу, уæддæр дын уый дæр фондз туманы æмæ фондз сомы... Æмæ терра- риум йæхæдæг та! Ахæм террариум магазины æлхæнгæйæ иу дæс æмæ дыууиссæдз туманы уыдзæн. Сымах та афтæ зæгъут „аккаг фæуы- дзысты". Пассажиртæ худтысты æмæ-иу сæ сæртæ разыйы тылд бакодтой. — Уый æцæг хорз хъуыддаг куы аразут! — Æмæ уæдæ куыд? Бæгуыдæр хорз хъуыд- даг аразынц. — Бирæ рæстæг бахардз кодтай се ’рцах- сыныл?—бафарста лейтенант. — Æнæхъæн дыууæ къуырийы. Райсомæй: иу куыддæр ахордтон, афтæ —цуаны. Нæхимæ- ну æрбауадтæн, сихор ахордтон — æмæ та ах- сынмæ, суанг изæрмæ.—Боря йæ сæрæй иæ худ систа æмæ дзы, йæхицæн дымгæ кæнæгау, рай- лыдта тилын.—Хæфсытæ æмæ галхæфсытимæ ма :^æ хъуыддаг хорз цыд... гæккуыритæ дæр арæх Хгь1дысты, фæлæ мæнæ хоргæлмытæ... Иухатт дзы иуЫ ауыдтон, йæ фæдыл агæпп кодтон, ра- Нахсон æй, зæгъгæ. Уый цадмæ йæхи баппæрс- Па> ^з дæр мæхи нал баурæдтон æмæ йæ фæ- ДЬ1л--.цадмæ> дфтæ ’нхъæлут, тæссаг нæу? ÆмахУыр маргъ 33
— Тæссаг у, кæй зæгъын æй хъæуы, — сра- зы ис лейтенант. Ныр вагоны иууылдæр æрыхъуыстой дзур* джытæм. Алы хатæиæй дæр худæндзастæй кас- тысты пассажиртæ. Боря-иу куы дзырдта, уæд^ иу иууылдæр ныхъус сты. Куы нал-иу дзырдта, уæд та-иу алырдыгæй хъуысти æмыр худт æмæ сабыр ныхас: — Цы дзырдарæхст лæппу у! — Саби уæвгæйæ куыд æмбаргæ у! — Афтæ, афтæ!—загъта, панамæ кæуыл уыд? уыцы зæронд лæг.—Æхсæнадон пайдайы куыст Мах заманы, хорз адæм, ахæм сывæллæттæ нæ уыд. Нæ уыд ахæм сывæллæттæ. — Æз ма ноджыдæр фылдæр дæр æрцахста- ин, нана куы нæ уыдаид, уæд,—загъта Боря.— Уый сæ мæлæтдзаг тарст кæны. — Мæгуыр йæ бон дæ нанайæн! — Уæддæр ма йын æз саугалмы тыххæй нæ загътон. — Цæй тыххæй нæ загътай? — Саугалмы тыххæй. Æз æй æнæхъæн цып- пар сахаты дæргъы фæхъахъæдтон. Уый дуры бын бабырыд, æз та йæ хъахъæнгæ кодтон. Стæй рабырыд, æз æй алхъывтон... — Æмæ уæдæ саугалм дæр ласыс?—афарста йæ кусæг. — Ай-гъай! Мæнæ ам хицæнæй банкæйы ис, — Боря йæ къухæй ацамыдта бандоны бынмæ. — Гъе уый хъуаг ма уыдыстæм, гъе,- сæр- диаг кодта талынг къуымæй иу сылгоймаг. Пассажиртæ фæхъус сты. Сæ цæсгæмтты хъæлдзæг хуыз æрбайсæфт. Æрмæстдæр ма лей- тенант худти йæ мидбылты. — Æмæ кæд саугалм нæу, уæд та?—бафарс- та уый. 34
~- „Саугалм нæу"! — фæмæсты Боря. — Æмæ уæдæ цы У? * _ Уый дæр æвæццæгæн хоргалм. — Афтæ ’нхъæлыс, æмæ æз хоргалмы раир- тасын нæ базондзынæн? — Уæдæ ма йæ равдис! — Ныууадзут-ма, уæ хорзæхæй!—сдзырдтой алырдыгæй.—Æнæхайыр фæуæд! — Бауадзут-ма йæ, æмæ йæ равдиса. Цымæ цавæр у. — Æмæ дзы диссагæй цы ис! Йæ уындæй дæр зæрдæ хæццæ кæны! — Нæ, уый диссаг уыдзæн. Боря бандоны бынæй хызын райста æмæ йæ разы дзуццæджы æрбадт. Рацæуæны чи лæу- уыди, уыдон сæхи фæйнæрдæм айстой, бандæт- тыл чи бадт, уыдон сыстадысты æмæ иууылдæр сæ къубæлттæ банкæйы ’рдæм баивæзтой. — Дыууиссæдз азы фæцардтæн, фæлæ хор- галм саугалмæй нæ раиртасдзынæн, — загъта, пеиснеджын лæг. — Уынут! — зондамонæгау загъта зæронд лæг.—Фæлæ уе скъолайы террариум куы уыда- ид, уæд æй зыдтаис. — Хоргалмæн йæ сæрмæ ’ввахс вæййы кæр- дæгхуызтæппытæ,—загъта Боря, банкæйы хуылф- мæ фæрсæрдыгæй бакæсгæйæ. — Саугалмæн та ахæм тæппытæ...—Боря æваст фæхъус. Йæ цæс- гом аци æдзынæг хуыз.—Саугалмæн... саугалмæн ахæм тæппытæ... — Йæ ныхас та æххæстæй нæ фæци æмæ банкæмæ иннæрдыгæй ныккаст. Стæй ^андоны бынмæ бакаст. Уый фæстæ йæ цæст йæ а^фæмблайыл ахаста. —- Куыд у, нæй^?—афарста чидæр. Боря сыстади. Йæ къухтæй йæ уæрджытыл Хэ^Цгæйæ ма, уæддæр каст банкæмæ. 35
— Æз... æз ма йæ æрæджы дæр аскæрстон... Уым уыди... Пассажиртæ ныхъус сты. Боря та бандоны бынмæ бакаст: — Хæцъил райхæлд. Æз æй тынг фидар ба- бастон, уый та... уынут? Бæттæны мæт никæйы уыд. Иууылдæр тарст хуызæй пъолмæ кастысты æмæ сæ мидбынаты цоппай кодтой, — Ма дзы байрайут! —йæ дæндæгты къæс- къæс ссæугæйæ, сдзырдта пенснеджын лæг. — Уæдæ ныр, æвæццæгæн, ам искуы рабыр-бабыр кæны. — Гъе уый дын хъуыддаг, гъе!.. — Ацы къуындæджы искæуыл куы фæхæца! Ацæргæ колхозон сылгоймаг уæллаг тæрхæ- гыл сбадт æмæ Боряйы йæ цæстытæ ныццавта: — Цы мын бакуыстай уый, мæ хæлар! Мæн тагъд хизын хъæуы, афтæмæй мæ дзаумæттæ та бандоны бын сты. .Ныр сæм куыд балæсон? Боря ницы дзуапп радта. Йæ хъустæ сырх- сырхид афæлдæхтысты, йæ цæсгомыл хиды фæрд- гуытæ фæзынд. Уый-иу куы æргуыбыр кодта æмæ бандоны бынмæ бакаст, куы та-иу, йæ къухтæ дæлæмæ æруадзгæйæ, йе ’нгуылдзтæй æнæбары йæ синтæ бахоста. — Къулбадæг хъæзтытæ! Гыпцыл гагитæ! — рахъæр кодта талынг къуымæй иу ’ус. — Тетя Машæ, уæ тетя Машæ!—ахъæр код- та чызджытæй иу. — Цы хабар у?— айхъуысти вагоны нинæ кæронæй. — Дæхи хъахъæ: бандæтты бынты саугалм ралæс-балæс кæны. — Цы-ы? Цавæр саугалм? Бæстæ змæлд сси. Чызг-проводник йæ хатæ- 36
иæй рацыд, хуыссæгхъæлдзæг цæстытæ аууæрс- та, стæй сагъдауæй аззад. Дыууæ ремесленничы дыккаг тæрхæгмæ æр- \ ъæвтой æфснайдхуыз зæронд усы. — Цæй, цæй, нана, дæхи бафснай! Гыццыл раздæр ма къух бакæнæн дæр кæм нæ уыд, уыцы бадæнтыл ныр уыд бирæ афтид бынæттæ, уый хыгъд алы æртыккаг тæрхæгæй дæр æрзæбул цалдæр сылгоймаджы къахы. Пас- сажиртæй дæле чи баззад, уыдон сæ къæхтæ сæ комкоммæ цы бандæттæ уыд, уыдоныл сæвæрд- той. Рацæуæны лæууыди цалдæр лæджы, пъол дзыппы цырæгътæ æмæ спичкæтæй рухс кæн- гæйæ. Чызг-проводник араст вагоны иу кæронæй иннæмæ, алы купемæ дæр бакæс-бакæс кæнгæйæ: — Цы хабар у? Цы ’рцыди? Дзуапп ын ничи радта. Алырдыгæй хъуысти дæсгай мæсты æмæ хъæлдзæг хъæлæстæ: — Цавæрдæр лæппуйы тыххæй бæстæ куыд сызмæст и! — Мишæ, Мишæ, райхъал у, ам саугалм ра- быр-бабыр кæны! — Хорз æмбæлццон ис немæ! Æваст райхъуыст сылгоймаджы цъæхснаг цъæхахст. Стæй бæстæ ныссабыр æмæ уалынмæ уæле кæцæйдæр райхъуыст кæйдæр фæлмæн украинаг ныхас: — Цæмæй фæтарстыстут! Уый уыл мæ рон ныххауд. Боря йæ ирд цæстыхаутæ афтæ аххосджын хуызæй тъыбар-тъыбур кодта, æмæ йæм чызг- проводник æнæбары фæкомкоммæ: — Гъе?.. Цытæ бакуыстай, уый? — Хæцъил райхæлд... Æз æй хæцъилæй ба- бастон, уый та... 37
— Цымæ йæ ахуыргæнинæгты хæцаг кæл- мытæ ласын чи кæнын кæны, уый цавæр ахуыр- гæнæг у! — Мæн ничи арвыста...—сдыгъал-дыгъул код- та Боря.—Æз... æз мæхæдæг æрхъуыды кодтон уыцы хъуыддаг. — Йæхи ’рхъуыды у,—бахудти лейтенант. Чызг-проводник бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. — „Мæхæдæг, мæхæдæг"!—ныхъæр кодта уый кæуын хъæлæсæй. — Гъе ныр дæхæдæг балæс бандоны бынмæ æмæ йæ æрцахс! Куыд дæ фæнды, афтæ йæ ахс! Æз балæсон дæу бæсты, æви? Балæс дын зæгъын! Боря йæ цыппæртыл бандоны бынмæ балæст. Чызг-проводник ын йæ батинкæйыл фæхæст æмæ ноджы тынгдæр ныхъæр кодта: — Æрра фæдæ?.. Ралæс! Ралæс дын куы зæгъын! Боря бандоны бынæй схæкъуырцц кодта æмæ йæ къах ариуыгъта: — Мæхæдæг... мæхæдæг æй ауагътон... æмæ йæ мæхæдæг... ссардзынæн. — Æгъгъæд у цæй, мæ лымæн, хынджылæг ма кæн,—загъта лейтенант æмæ цуаноны бандо- ны бынæй раласта. Чызг-проводник ма алæууыди, йæ сæр нын- къуыста æмæ дуары ’рдæм араст: — Цон, хисдæрæн зæгъон. Бирæ рæстæг нал фæзынди. Пассажиртæ ба- фæлладысты тыхсынæй. Хъæлæстæ фестæмдæр æмæ фæсындæгдæр сты. Лейтенант, дыууæ ре- месленничы æмæ ма иу цалдæр лæджы, чемодантæ æмæ голджытæ бандæтты бынтæй арæхсгай ис- гæйæ, дарддæр калм агурыны куыст кодтой. Иннæ- 38
тæ ма-иу искуы иу хатт афарстой, уæ куыст куыд.цæуы, зæгъгæ, æмæ ныхас кодтой марг- джын кæлмыты тыххæй. — Ныр мын кобрæты тыххæй цы дзурут! Кобрæтæ хуссары цæрынц. — ... къух, куыд гæнæн ис, афтæ хъæддых- дæр бабæтт, калм кæм фæхæцыди, уырдыгæй туг сцъир, стæй йæ уæд тæвд* æфсæйнагæй ба- судз. — Стыр бузныг! „Тæвд æфсæйнагæй"! Ацæргæ колхозОн сылгоймаг хъаст кодта: — Нырма куыд райсон мæ дзаумæттæ!.. Цыппор цыппæрæм, азы иу ахæм калм мæ хæс- тæджытæй иу усыл фæхæцыд. Æмæ æнæхъæн дыууæ къуырийы рынчындоны фæхъизæмар кодта. Кæттаг худ цы зæронд лæгыл уыди, уый ныр бадти æртыккаг тæрхæгыл. — Аслам ын ауад дæ хæстæгæн уыцы хъуыд- даг. Саугалмы хæст мæлæтдзаг вæййы, — загъ- та уый. — Ам ис! Мæнæ и!— ныхъæр кодта æваст лæппутæй иу. Æмæ цыма вагон рогдæрæй сулæфыд æмæ йæ цæлхытæ хъæлдзæгдæрæй базмæлыдысты. — Ссардтат æй? — Кæм и? — Цæвут æй тагъддæр! Йæ зонгуытыл цы ремесленник лæууыд, ууыл уайтагъд амбырдсты цалдæрæй. Схуыстытæ кæнгæйæ, кæрæдзийы хъыгдаргæйæ, иууылдæр кастысты, лейтенант рухс кæдæм дардта, уыцы бандоны бынмæ. — Бандоны бын ис, зæгъут? — фарстой сæ пассажиртæ. — О! Æппæты къуыммæ бабырыд. 40
— Ныр æй куыд райстæуа? — Зынгомау у уыцы хъуыддаг! — Цæмæ ма йæм кæсут? Алидздзæн! — Нæ алидздзæн. Куыддæр йæ сæр радара, афтæ йæ кæрон æрхæццæ. Фæзынди хисдæр проводник, йемæ чызг-про- водник. Хисдæр проводник æргуыбыр кодта æмæг йæ цæстытæ бандоны быны талынг къуымæй нæ нсгæйæ, чызгмæ йæ къух батылдта: — Цæхæрхафæн!.. Цæхæрхафæн! Цæхæрха- фæн радав! Чызг-проводник ацыд. Пассажиртæ ныссабыр сты: иууылдæр æнхъæлмæ кастысты, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уымæ. Панамæ кæуыл уыд, уыцы зæронд лæг, æртыккаг тæрхæгыл бадгæйæ, йæ сахатмæ ’ркаст: — Дыууиссæдз минуты фæстæ — Мæскуы. Рæстæг куыд аивгъуыдта, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам. Ацы лæппуйы... гъм... ацы лæппуйы руаджы. . Пассажиртæй иуæй-иутæ ныххудтысты. Ре- месленничы раз чи æрæмбырд, уыдон иууылдæр Боряйы ’рдæм бакастысты, цыма йæ нырма гъе ныр фæхъуыды кодтой, уыйау. Уый лæууыди иуфарс, æнкъардæй, фæллад хуызæй æмæ йæ чъизи армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл хафта. — Гъы, мæ хæлар, дæ фæллæйттæ фесæф- тысты?—загъта лейтенант.—Фæцуан кодтай, фæ- цуан кодтай, дæ нанайы дæр тухийæ фæмардтай, æмæ гъе ныр мæнæ ацы лæг цæхæрхафæнæй иу цæф фæкæндзæн, æмæ нал ис дæ æххуысгæнæн фæрæз. Боря йæ армытъæпæн суанг йæ фындзы бын: мæ схаста æмæ йын йæ цъыфтæ йæ амонæн æн- гуылдзæй хафын. байдыдта. 41
— Тæригъæд у, цуанон, нæ? — афарста ре- месленник. — Æмæ уæдæ нæу!—сдзырдта Боря. Пассажиртæ ныхъус сты. — Æмæ, æцæгдæр, цыма хорз нæу афтæ ба- кæнын, — бæзджын хъæлæсæй сдзырдта кусæг. Уый æнцад бадти йæ бынаты æмæ тамако дымд- та, йæ иу къах иннæуыл сæвæргæйæ æмæ йæ æлыгæйдзаг цырыхъы фындзмæ кæсгæйæ. — Цы нæу хорз? — фæстæмæ раздæхгæйæ, афарстл хисдæр проводник. — Фыдуагдзинады тыххæй йæ нæ ласы, мийаг. Йæ амарын, цыма, уыйас аив нæу. — Æмæ йын уæдæ цы ис дæ зæрды? — ба- фарста пенснеджын. — Æрцахсын æй хъæуы! „Цы ис дæ зæр- ды"!—загъта ремесленник.—Æрцахсын æй хъæуы æмæ йæ цуанонæн раттын хъæуы. Æрбацыди чызг-проводник цæхæрхафæнимæ хæстмондагхуызæй. — Ам ма ис? Нæ алыгъди? Æрбадарут-ма рухс. Лейтенант ын арæхсгай цæхæрхафæн йæ къухæй айста: — Æмбæлттæ, уæд та йæ ныууадзиккам, и? Фæтæригъæд кæниккам калмæн?.. Кæсут-ма лæп- пумæ: куыста, йæхи тухийæ фæмардта! Пассажиртæ хъуыдыты аныгъуылдысты. Хис- Аæр проводник лейтенанты йæ цæстытæ ныц- цавта æмæ фыр мæстæй сырх-сырхид афæлдæхт. — Дæуæн худын у, æмбал, ’ фæлæ пассажир- тæй искæуыл исты куы ’рцæуа, уæд дзуапп та уый тыххæй махæй агурдзысты! — Фæлæ калмы куы амарай, уæд та дæ дзуапп æндæр хъуыддаджы тыххæй агурдзыс- ты;—мæсты хуызæй загъта ремесленник. АЧ
— „Дзуапп агурдзысты"...— йæ ныхас даргъ аивæзта чызг-проводник. — Ома мæ уæд дзуапп цæй тыххæй агурдзысты? — Скъолайы мулк сафыны тыххæй, æндæр цæй тыххæй. Сæ алфæмблай пассажиртæ хъæлдзæг худт ныккодтой, стæй цæуылдæр фæбыцæу сты. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, уæддæр ахæм калм скъолайы нæ фæдардзысты; иннæтæ дзырдтой, зæгъгæ йын ис фæдарæн, биологийы ахуыргæнæг æм йæ цæст куы дара, уæд; æртыккæгтæ разы уыдысты дык- кæгтимæ, фæлæ йæ Борямæ дæттын нæ уæн- дыдысты, искуы та йæ трамвайы кæнæ метройы куы ауадза, зæгъгæ. — Нæ йæ ауадздзынæнШионеры дзырд дæт- тын, ницæй тыххæй йæ ауадздзынæн! — загъта Боря, хисдæртæм ахæм цæстытæй кæсгæйæ, æмæ ма йын суанг ацæргæ колхозон сылгоймаджы зæрдæ дæр фæфæлмæн ис. — Нæ йæ ауадздзæн! — тæригъæдгæнæджы хъæлæсы уагæй загъта уый. — Ныр ыл ахæм ми иал æрцæудзæн! Иу гыццыл тæригъæд кæ- нын дæр хъæуы: иннæ сывæллæттæ каникул- ты сæ зæрдæйы дзæбæхæн ратæх-батæх код- той, хъазыдысты, уый та æнæхъæн дыууæ къуырийы дæргъы йæ кæлмыты фæдыл тухийæ фæмард. — Гъм! Цыбыр ныхасæй, искæйы фæллойæн аргъ кæнын,—сдзырдта, панамæ кæуыл уыд, уыцы зæронд лæг. Пенснеджын лæг йæ сæр уæлæмæ схъил кодта: — Ныхæстæ кæныс уым... Фæлтау лæппуйы калмимæ йæ хæдзармæ куы бахæццæ кæнис. —Æз? Гъм... Æз... æмæ... Лейтенант йæ къух ауыгъта: 43
— Цæй, хорз, æз æй бахæццæ кæндзынæн!.. Кæм цæрыс? — Чернышевскийы уынджы. Дыууын дыккæ- гæм номыр. — Бахæццæ дæ кæндзынæн. „Бузныг" мын зæгъ, дæу тыххæй дæрдтыл æрзилдзынæн! — Гъы, куыд у, цуанæттæ, амардтат æй? — бафарста вагоны иннæ кæроны чидæр. — Нæ, фæтæригъæд ын кодтам, — дзуапп радта лæппутæй иу. Хисдæр проводник „цуанæттыл" мæсты хуы- зæй йæ цæст ахаста: — Гыццыл гагитæ! — æмæ чызг-проводничы ’рдæм аздæхт: — Æртыскæн дæм ис? Рахæсс- ма йæ! — Сывæллæттæ! — загъта ма уый дæр æмæ араст. Дæс минуты фæстæ калм уыди банкæйы, бан- кæта, ацы хатт тынг æнгом бастæй, лæууыди лей- тенанты уæрджытыл. Лейтеканты фарсмæ, æнæ дзургæйæ, фæлæ хъæлдзæг хуызæй бадти Боря. Суанг Мæскуыйы онг пассажиртæ мысыдысты сæ ахуыры азтæ, æмæ вагоны уыди тынг хъæл- дзæг.
ÆНАХУЫР МАРГЪ Къардиуы сæрмæ карæг къæдз-мæдз фæн- дагыл фæцæицыдысты æртæйæ æнгуыртимæ. Ра- зæй Вася. Йæ уæлæ йæ фыды цинел уæрæх пæлæзы хуызæнæй йæ фатхъултæм хæццæ код- та, йæ пилоткæ йæ фындзы онг æрбырыд. Йæ фæдыл Димæ — Васятæм фатеры чи æр- цард, уыцы дохтыры фырт. Æппæты фæстæ, йæ хъарм кæлмæрзæны къабæзтыл йæ роцъойы бын- мæ хæцгæйæ, уади Васяйы кæсдæр хо Нюшæ. Хур æрæджы аныгуылд, фæлæ уыд мæйдар æхсæвау талынг; бæзджын мигъы къуыбылæйт- тæ арвы æмбæрзтой. Стæм хатт æмæ цыбыр рæстæгмæ-иу мигътæ фескъуыдысты æмæ-иу уæд 45
разынди тар цъæх арв. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу фæзынди рог дымгæ æмæ-иу ссыди, къахвæн- дагæн рахизæрдыгæй цы гыццыл хлепайы хуым уыди, уый æфсирты сырсыр. Галиуæрдыгæй къардиуы рæбынæй æрттывта дон, йæ фæле та, ныллæг былгæрон, тæккæ доны цур; саудардта хъæд. — Æмбисвæндагмæ ’рбахæццæ стæм,—фæс- тæмæ нæ фæкæсгæйæ, загъта Вася. — Гъе ныр ма иу æртæ фондзыссæдз метры — æмæ дæлæ- мæ, уым та ахæм мал ис,- ахæм, æмæ дисæй амæлдзынæ. — Ахæм мал... æмæдзы æз æгасæй дæр аны- гъуылдзынæн, — бафтыдта ма Нюшæ. Димæ цыди, йе’нгуыр йæ дæлармы бакæнгæ- йæ æмæ йæ къухтæ йæ пъалтойы дзыппыты нытъысгæйæ. Уыди йын хуыссæнхъæлдзæг хуыз: — Æнæзонд.ми! йæ ком аивазгæйæ, загъта уый. — Цы? — фæзылд æм Вася. — Æнæзонд ми уыд афтæ раджы рацæуын. Æмбисæхсæвмæ фæхуыссыдаиккам. — Раджыгомау у бæргæ, фæлæ ницы кæны, арты фарсмæ фæбаддзыстæм æмæ сæуæхсидтмæ банхъæлмæ кæсдзыстæм. Махмæ цавæр кæсаг ис, уый зоныс? Тæккæ-тæккæ сæуæхсидтыл куы сарæхсай, уæд йу æртæ килограммы æрцахсдзы- нæ, фæлæ, æвæдза, хур йæ был сдардта, зæгъгæ, уæд ницыуал, кæсæгтæй иу дæр хæстæг нал æрбацæудзæн. — Æртæ .килограммы тыххæй гæды зæгъыс, Васечкæ... Æгæр сыл афтыдтай. — Омæ æртæ ма уæд, фæлæ айфыццаг цас æрцахстон, уый зоныс? Æнæхъæндæс кæсаджы. — Æмæ уæд афтæ загътаис, кæннод - æртæ 46
килограммы! Æвæдза, гæды ныхæстæ кæнын би- рæ уарзыс. Вася ницыуал сдзырдта. Йæ цыд фæсындæг- дæр кодта æмæ сабыргай загъта: — Нюшк! Димæйæн уыцы бынат фенын кæн- дзыстæм? — Уæдæ нæ! Мах дын ныртæккæ ахæм бы- нат фенын кæндзыстæм!.. Раст фыр тæссæй дæ уд схаудзæн! — Цавæр бынат? — Фендзынæ йæ... Васькæ, мацы йын зæгъ^ Вася ма иу гыццыл ауади, стæй æрлæууыди. — Мæнæ ам,—хæрз сабырæй загъта уый. Доны фаллаг фарс тæккæ былгæрон зади дыу- уæ зæронд хæрис бæласы. Сæ фале уыд æрдуз;. уый хæццæ кодта суанг доны былмæ. Æрдузы кæрон, бæлæсты ’хсæатæй урс дардтой стыр урс агъуысты къултæ. Нюшæ Днмæйы пъалтойы дысыл фидар хæ- цыди. — Æцæг тæссаг ран у!.. Кæс-ма-иу. Вася сæм хæстæгдæр бацыд. Йæ цæсгом уыди хъуыддаг хуыз. — Хъус! —сындæг сдзырдта уый æмæ йæ тых йæ бонæй ныхъæр кодта:—Эй! — Эй! — афтæ тынг райхъуысти фаллаг бы- лæй, æмæ Димæ фесхъиудта. «— Эй! — зæгъгæ, ма райхъуысти ноджыдæр иу хатт, фæлæ мынæгдæр, дарддæрæй. — Эй!—райхъуысти бынтон дардæй. — Тæрсыс? — афарста Вася. Димæ йе уæхсчытæ базмæлын кодта. — Тæссагæй дзы ницы ис...—зæгъгæ, райдьтд- та Димæ, фæлæ ферхæцыд. — ... ссагæйдзы ницы ис, — бæлвырдæй æр- байхъуыст иннæ былæй. 47
— ...ницы ис,—айзæлыди æрдузы кæрон. — ... цы ис,—бамыр и кæмдæр. Димæ иу цасдæр рæстæг ницы сдзырдта, стæй ризгæ хъæлæсæй загъта: — Хуымæтæджы ныййазæлд. — Мæхæдæг дæр æй зонын, цы у, уый, фæлæ уæддæр тæссаг у! Цыма хæлд къулты яууон исчи бады æмæ барæй мæстæй мары, уыйау. — Цавæр хæлд къулты? — Уартæ уым. Уыныс, урс къултæ? Уым санатори уыд, фæлæ йыл, хæст куы райдыдта, уæд бомбæтæ æрæппæрстой: фашист Мæскуымæ нал бахæццæ æмæ йæ фугаскæтæ ам схардз кодта. — Æмæ йæ фæстæмæ нал аразынц? — Æмæ ма дзы цы саразой? Дыууæ къулы йеттæмæ дзы куы ницы уал баззад. — Дзурынц, ног, дам, сарæзтой, æндæр ран,— бафтыдта Нюшæ. Сывæллæттæ ныхъус сты. Никæй уал сæ фæндыд æрдзы сабырдзинад хъыгдарын. Иу сы- быртт никуыцæй уал хъуыст. — Цæуæм? —сабыр бафарста Вася. — Цом!—дзуапп радта Димæ. Фæлæ сывæллæттæн сæ бынатæй фезмæлын сæ бон нæ баци. Нюшæ æнæнхъæлæджы хлепайы хуымы ’рдæм фæкаст. Лæппутæ Нюшæйы цæстыты бафиппайд- той тасдзинад, Нюшæ кæцырдæм каст, уыдон дæр уыцырдæм фæкастысты — æмæ сагъдауæй -аззадысты. - Хлепайы сæрты, стырæй-стырдæр кæнгæ, уы- доны ’рдæм æрбацæйтахт цавæрдæр аууон. Секун- дæй фылдæр нæ рацыдаид. Нюшæ фæхъæр код- та æмæ зæххыл æрбадт, лæппутæ дæр, цыма сын 48
]1Счи командæ скодта, уыйау зæхмæ сæхи æрæп- пæрстой. Сывæллæттæй иу æртæ метры æттæдæр атахти цавæрдæр æнахуыр стыр маргъ. Йæ базыртæ’ уæлдæфы фæйнæрдæм ныппака кæнгæйæ, фæзын- ди къахфæндаджы сæрмæ, фæсыффыт кодта доны сæрты æмæ фаллаг фарс хæристы тар сыфтæрты аныгъуылд. Уырдыгæй æрбайхъуыст рæуæг уы- нæр, стæй бæстæ ныссабыр, цыма æппындæр ницы ’рцыди, уыйау. Бирæ рæстæг сывæллæттæ фезмæлын дæр пæ уæндыдысты. Нюшæ бадти дзуццæджы, йæ кæлмæрзæнæй йæ сæр стухкæйæ. Лæппутæ лæу- уыдысты сæ уæрджытыл, сæ рæмбыныкъæдзтыл æнцойгæнгæйæ, сæ сæртæ зæхмæ ныггуыбыр кæнгæйæ. Æрмæстдæр иу цалдæр минуты куы рацыд, уæд Нюшæ сабыргай сдзырдта: — Вася!.. Ой, Вася!.. Цы уыди, цы? Вася йæ сæр схъил кодта, йæ пилоткæ уæл- дæр скодта. — Димæ... Федтай? Уый æнæсдзургæйæ йæ сæр батылдта. — Маргъ, нæ? Йæ бынатæй нæ фезмæлгæйæ, Димæ йе уæхс- чытæ базмæлын кодта. — Уæртæ уыцы хæрисыл абадтис. Нæ? Димæ та йæ сæр батылдта. Вася сындæггай йæхиуыл схæцыд, фæлæ уæд- дæр йæ уæрджытыл лæугæйæ баззад. Æртæйæ дæр кастысты доны фале хæрис бæласмæ. Фæ- лæ бæласы тар сыфтæрты ’хсæн ницы раиртасæн уыд. — Ахæм цæргæстæ нæ вæййы, — сындæг та сдзырдта Вася. — Уæдæ йæ алы базыр дæр мет- ры. дæргъæн кæмæн уа, ахæм хърихъуппытæ дæр нæ вæййы! 4 Æнахуыр маргъ 49
— Ахæм... æрмæстдæр йæд... кондор-цæргæс кæй хонынц, уый вæййы,—загъта Нюшæ. — Цавæр? — Кондор-цæргæс. Хъуыды ма кæнут „Ка- питан Гранты сывæллæтты"? Лæппуйы куыд ахаста... Ныхъус та сты иууылдæр. Фаллаг фарс хæ- ристæ змæлгæ дæр нæ кодтой æмæ сæ сыбыртт дæр нæ хъуыст. — Æрæмбæхсти. Сусæгæй нæм йæ цæст дары, — сдзырдта Вася. Димæ йæхи зæхмæ ноджыдæр æрныллæгдæр кодта æмæ, кæцæй æрбацыдысты, уыцырдæм бы- рын райдыдта. Йæ гыццыл цырыхъыты фындз- тæй сыджыт хафгæйæ, йæ фæдыл абырыд Ню- шæ дæр, Нюшæйы фæдыл — Вася, йæ цинелы фæччитæ йæ къæхтыл тыхсгæйæ. Йæ худ та йæ цæстытыл æрбырыд. Йæ цæс- гом хæрæг сындзы къудзимæ бахаста æмæ фæхъæр кодта: — Ой! Ой! Ой!—æртæ хатты æрбайхъуыст доны æттейæ. Æртæйæ дæр хæрдмæ фæгæппытæ кодтой æмæ æрхы былты ныййарц сты. Иу æртæ фондзыссæдз метры бæрц афтæ фезгъордтой сывæллæттæ, цалынмæ чысыл хъæ- уы уынджы сæ кæрты дуармæ нæ бахæццæ сты, уæдмæ. Куы ’рлæууыдысты, уæд иу цасдæр дзургæ дæр не скодтой. Æртæйæ дæр тыхулæфт код^ той, сæ хид акалди. Димæ æмæ Нюшæ сæхицæн дымгæ’ кодтой, Вася«та иæ хидæйдзаг цæсгом йæ пилоткæйæ ^сæрфта. Йæ хуылыдз урс сæры-' хъуынтæ ныппака сты. — Æнæзонд ныхæстæ,—загъта æппынфæ-? стаг Димæ. 50
- Цы? — Советон Цæдисы кондор-цæргæстæ нæй. — Æмæ уæдæ уый цавæр маргъ уыдаид? — Æнæуи дæр махмæ ахæм егъау мæргътæ нæй, — цæхкæр загъта Димæ. Вася йæм æдзынæг каст: — Димк! — Цы кæныс? — Ныр кæд æцæгæй дæр кондор - цæргæс у, уæд та? Æнæнхъæлæджы æрбатахт... — Ныхæстæ кæныс! Афтæ никуы вæййы. — Æмæ кæд... кæд уый, бынтон кæй никуы фендæуыд, ахæм маргъ у, уæд та!Уый багæрах кæн, и? Кæд ын наукæйы ахæм ахадындзинад ис, æмæ... — Вася фæхъус и, цыма цæмæдæр хъуыста, уыйау, стæй æвиппайды кæрты дуары ’рдæм атындзыдта. — Фæлæуут! Æз ныртæккæ. Фæстæмæ уайтагъд фездæхт. Йæ къухы уыди йæ фыды цуанон топп, цинелы бæсты йæ уæлæ цыбырдыс зæронд пиджак. Пилоткæ ныууагъта хæдзары. Базгъордга Димкæмæ æмæ йæм дыууæ æрттиваг гилдзы февдыста: — Уыныс! Æрмæст хорз нæу, чысыл цъиу- тæ марæн кæй сты, уый. Цом, бафæлварæм, и? Димæ иу къахдзæф æттæдæр алæууыд: — Цы „бафæлварæм"? Цы ма ’рхъуыды код- тай? — Багæрах æй кæнæм уыцы маргъы. Уæд та, чи зоны, наукæйы æхсызгон хъæуы. Цæуæм! Вася хъæугæроны ’рдæм араст. Нюшæ æмæ Димкæ дæр бынтон æнæбарыгомау йæ фæдыл ацыдысты. — Васькæ, цы ’рхъуыды кодтай?Æз никуы- дæм цæуын,— загъта Нюшæ. — Гъемæ ма цу. Мах Димæимæ дыууæйæ... — Мемæ? Нæ... Æз ахæм æрра нæ дæн. 51
Вася æрлæууыд: — Нæ ацæудзынæ? Димæ йе уæхсчытæ базмæлын кодта: . — Æмæ дзы цы нæ федтон? Афтæ ’нхъæ- лыс, æмæ тынг диссаг у, раджы чи атахт, уы- цы цавæрдæр маргъы фæдыл рауай-бауай кæ- нын? — Æмæ кæд нæ атахти, уæд та? Кæд ын уыцы хæрисыл ахстон ис, уæд та? — Æмæ йын кæд нæй, уæд та? — Уæд хъæдмæ ацæудзынæн агурынмæ. — Æмæ йæ куы нæ ссарай, уæд та? — Æмæ йæ куы ссарон, уæд та? — Куы йæ ссарай, уæддæр æй ахæм гилдзы- тæй нæ амардзынæ. Смæсты йæ кæндзынæ, дæ сæр дын йæ бырынкъæй æркъуырдзæн æмæ — капут. — Гъемæ уадз æмæ уа капут. Уæддæр нау- кæйы сæраппонд фесæфдзынæн. — Дæхицæй хъæбатыр аразыс! Фæлæ дын цы зæгъон, уый зоныс: хъуамæ уый хуымæтæ- джы маргъ у. Чи зоны, æрмæстдæр махмæ фæ- каст егъау. — Куыннæ стæй, не ’ппæтмæ дæр раст гъе афтæ фæкаст! — Æмæ цы диссаг у, цæст фæсайын дæр зоны. — Ныууадз цæй! Демæ дзурыны бæсты...— Вася йæ къух ауыгъта æмæ тагъд-тагъд араст. Нюшæ дæр йемæ йæ фарсмæ азгъордта. — Вася, æз дæр цæуын, фæлæ æрмæст хæс- тæг нæ бацæудзынæн, хорз? Димæ иу цасдæр йæ мидбынаты алæууыд, стæй йе уæхсчытæ базмæлын кодта. — Æдылы митæ! — сдзырдта хъæрæй æмæ уый дæр иннæты фæстæ араст. 52
♦ Æмæ райдыдта æнахуыр маргъы фæдыл цуан. „Вася, æз дарддæр нал цæуын, тæрсгæ кæ- нын",— дзырдта Нюшæ, къардиуы былтыл къах- вæндагыл цæугæйæ, фæлæ уæддæр уади дард- дæр. Æнахуыр маргъы æппæты фыццаг кæм фед- той, уырдæм нæма бахæццæ сты, афтæ Васяйы зæрдыл æрбалæууыд, йæ топп ифтыгъд кæй нæма у, уый. Æрлæууыди, гилдзытæ йæ дысæй асæрфта, топп сифтыгъта æмæ уæззау ныу- улæфыд: — Эх! Куыннæ амардзынæн æз ацы топпæй ахæм æнахуыр маргъы!.. — Васькæ, æз тæрсгæ кæнын, ма ацу! — сын- дæг сдзырдта Нюшæ. Вася йæ мидбынаты цоппай кодта, æрхæн- дæг хуызæй фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ. Мигътæ ноджы фæбæзджындæр, фæтардæр сты. Доны æтте хъæд зынди ноджы саудæр, къардиуы бын- мæ дон — арфдæр, уазалдæр. — Ам лæуу. Мийаг исты, уæд-иу хлепайы хуымы дæ сæр æфснайыны куыст кæн, — сын- дæг загъта Вася æмæ араст, топп æргъæвдæй даргæйæ. Иу цалдæр къахдзæфы куы акодта, уæд фæ- зылд фæстæмæ: — Нюшк! — Цы кæныс? — Исты мыл куы ’рцæуа, уæд-иу фехъусын кæн скъолайы: ома афтæ ’мæ афтæ... — .Васькæ, ныууадз-ма цæй!.. Васькæ, ма цу! — кæуын хъæлæсæй загъта Нюшæ. Фæлæ Вася фæстæмæ дæр нал фæкаст. 54
Нюшæйæ гыццыл дарддæр лæууыди Димæ. — Æдылы ми!—сындæг æрбайхъуыст уый ’рдыгæй. — Сс. хъæр ма кæн! — сдзырдта Нюшæ. ...Мæнæ фаллаг фарс хæристæ, сæ фæстæ æрдуз, хæлд агъуысты урс къултæ. Вася улæф- гæ дæр нал кæны. Хъусы. Сыбыртт дæр никуыцæй. Хæрисмæ ныхъавыди, фæлæ та топп æруагъ- та, йæ былтæ астæрдта æмæ ногæй байхъуы- ста. Цавæрдæр уынæр йæ хъустыл ауад. Вася цæхкæр фæзылди: бынтон хæстæгæй хлепайæ зынди Нюшæйы сæр аемæ та: „Вася, тæрсгæ кæнын!" зæгъгæ, сдзырдта. Вася цоджы фæ- ныфсджындæр. Ногæй та ныхъавыд æмæ ны- хъæр кодта: — Эй! Æртæ хатты ныййазæлд йæ хъæр æмæ ба- мынæг. Хæристæ змæлгæ дæр нæ фæкодтой. — Эй! — ногæй та ныхъæр кодта Вася. Фыццагау та бæстæ уыди сабыр. — Атахти!— загъта Нюшæ. Вася бацыди къардиуы тæккæ былмæ, æр- гæпп кодта æмæ лæбырдыл дæлæмæ доны был- мæ æрбырыд. Йæ топп не ’рæвæргæйæ, йæ дзабыртæ æмæ йæ хæлаф раласта æмæ доны ’рдæм ацыд. Уалынмæ уæлейæ райхъуыст кæй- дæр къæхты уынæр. Вася фæстæмæ фæкаст: къардиуы былыл дзуццæджы бадти Нюшæ, йæ цуры та лæууыд Димæ. . — Гъы, æз дын нæ загътон? Нæ дын дзырд- тон, ницы дзы рауайдзæн, зæгъгæ? Нæ? — Ам куы нæ уа, уæд æй хъæды ацагур- дзынæн,—багуымгуым кодта Вася æмæ доны ба- раст. 55
— Вася! Вася!—сындæг æм фæдзырдта Нюшæ. Цуанон æрлæууыд. — Вася, æмæ кæд барæй йæхи ныхъус код- та, уæд та?.. Кæд, мийаг, бæласыл бады, стæй æваст рапæррæст кæндзæн... Вася алæууыд, ахъуыды кодта, стæй тагъд- тагъд æнæ уынæрæй фæстæмæ раздæхт. Димæ ныххудти: — Цæмæн рагæпп кодтай? Хъæбатыр куы дæ! Вася ницы сдзырдта. Нюшæ æмæ Димæ фед- той, Вася змисыл куыд рацу-бацу кæны, йæ къæхты бын цыдæр куыд агуры, уый. Уалынмæ ссардта зыкъуыртæ суг, систа йæ, хæрисыл æй фехста æм’æ топп фæдардта. Фæцыди доны цæллахъ: уæззау суг бæласмæ нæ бахаудта, æмæ донмæ ^ныххауд. Вася ссардта ставд цыбыр лæ- дзæг. Йæ къухмæ йæ систа... Ныхъавыди, хъæл æмæ лæдзæгæй рæвдз хъазæг куыд ныхъавы, афтæ... æмæ — зыввытт... — Мамæ! — зæгъгæ, ныхъыллист кодта Нюшæ. — Æллæх! — бæзджын хъæлæрæй ныхъæр кодта Димæ. Уыдон ауыдтой, хæрисæй стыр аууон. куыд фæхицæн, æмæ, ныллæгæй-ныллæгдæр кæнгæйæ, доны сæрты куыд атахт. Дæле ферттывта цæ- хæр, фæцыд гæрах æмæ йæ нæрын дардыл айхъуысти. Маргъ хæрдмæ фæтахт, асæрбихъуы- рой кодта уæлдæфы, æмæтопп йæ къухты, аф- тæмæй чи баззад, уый ’рдæм комкоммæ атахт. — Ма-мæ!~вазгæ хъæр ныккодта Нюшæ. Ногæй та — цæхæр, æмæ та — гæрах... Маргъ уæлдæфы фесхъиудта æмæ... сывæллæтты цæ-, стйты раз хайгай фæхауд. 56
Ие ’муд æппæты фыццаг æрцыд Нюшæ. Лæ- бырдмæ æргæпп кодта, æрбырыди дæлæмæ æмæ Васяйы цур алæууыд. Димæ дæр йæ фæдыл уым балæууыд. Васяйы цур кодта топпыхосы тæф. Талын- джы дæр бæрæг уыд,ойæ цæсгом бынтон хуы- лыдз кæй у хидæй. Йæ мидбынат сагъдауæй баззад æмæ тагъд-тагъд улæфыд. Нюшæ йын йæ къухмæ бавнæлдта: — Вася... Цы кæныс? Тæрсгæ фæкодтай? — О! — тыххæй сдзырдта Вася æмæ, йæ сæт аныхъуыргæйæ, бафарста: — Цы уыди уый? Димæ иуфарс ацыд æмæ, маргъ цы хæйттыл ныппырх, уыдонæй иу систа. Уый уыд дæр- гъæццон* тъæпæн предмет, йæ дæргъ метрæй гыццыл даргъдæр. Иу минуты бæрц æй Димæ йæ къухты фæрауын-бауын кодта, стæй змисыл æрбадт æмæ, йæ уæрджытæ йæ хъæбысы ба- кæнгæйæ, худæгæй бакъæцæл. Вася æмæ йæм Нюшæ хæстæгдæр бацыды- сты. — Димæ, цы ’рцыд, цæуыл худыс? Димæ ноджыдæр хъæрдæрæй ныххудт. — Хъæбатыр! — зæгъгæ, фæкодта уый, Ва- сямæ йе ’нгуылдзæй ацамонгæйæ. — Цуанон! Ды... ды зоныс, цы багæрах кодтай, уый? Мо- дель! Авиамодель багæрах кодтай!—Димæ йæхи змисыл уæлгоммæ аппæрста æмæ йæ къæхтæ уæлдæфы тилын байдыдта. Рацыди иу сахаты ’рдæджы бæрц. Æртæйæ иуы дæр кæсаг ахсыны мæт нал уыди. Васяйы цуаны трофей хъæумæ æрбахастой æмæ йæм Димæты авджын тыргъыл ракæс-бакæс кодтой* 57
Димæйæн йæ мад æмæ йæ фыд абон уыдысты Мæскуыйы. Лампæйы бынмæ стъолыл лæууыди даргъ фюзеляж æмæ иу базыр. Уыдон уыдысты хæрз тæнæг планкæтæй æмæ бапъирозы гæххæттæй конд, стæй уыдысты цъæх лакæй ахуырст. Мо- делы къæдзил æнæхъæнæй баззад, фæлæ фюзе- ляжы раззаг хай топпыхосæй ныффæскъау ис. Хуыздæр уавæры нæ уыдбазыр дæр: гæххæтты скъуыддзæгты ’хсæнæй хъилтæй лæууыдысты саст планкæтæ. Дыккаг базыр аргæ дæр нал скодтой. Æвæццæгæн донмæ æрхауд æмæ йæ цон аласта. — Афтæ, афтæ! —зæгъгæ, фюзеляжы хуылф- мæ ныккæсгæйæ, сдзырдта Димæ. — Резинкæ дзынæй—уæдæ планёр у. Планё- ры модель. — Æмæ ардæм та кæцæй æрбахаудтаид, — бафарста Вася. — Кæцæй, уый зоныс?.. Авиамоделистты æп- пæтцæдисон ерыстæй. Газетты нæ кастыс- тут? — Радиойæ йæ фехъуыстон. Æмæ уыцы ерыстæ кæм цæуынц? — Ардыгæй дард нæу. Мах æфсæнфæндагыл, станцæ С***-ы. — Æмæ йæ ды та цæмæй зоныс? — Мæ фыд мын æй дзырдта, æндæр цæмæй. Уый вагоны рудзынгæй федта, аэродромы сæрмæ куыд тахтысты, уый. Æмбарыс, цы бакодтай, уый?—дзырдта Димæ.—Ацы модель иу ссæдз ки- лометры атахти æмæ уымæй дæр раст тæхгæйæ. Чи зоны æмæ дунейон рекорд райста, ды та йæ гæбазгай • бакодтай. Вася лæууыди, топпыл æнцой кæнгæйæ æмæ топпыдзых йæ роцъомæ саразгæйæ. Уый фæ- 58
уыргъуыйау æмæ аххосджын каст кодта куы Димæмæ, куы та пырхытæ моделмæ. — Вася, мæнæ ам цыдæр фыст ис,—йе’нгуыл- дзæй фюзеляжмæ амонгæйæ, загъта Нюшæ. Димæ æмæ Вася стъолмæ хæстæгдæр бацы- дысты. Фюзеляжыл ныхæст уыд цавæрдæр гæххæт- ты гæбаз. Йæ фылдæр хай цыдæр фæци, фæлæ ма дзы цы скъуыддзаг баззади, ууыл бакæсæн уыд машинкæйыл мыхуыргонд ныхæстæ: „ дель № 112. рæм æрбарвитын. .... • . . . . соавиахимьГ. — Бæлвырд у, — загъта Димæ. — Ам уыди фыст: „Модель № 112. Ацы модель чи ссара, уый курæм æрбарвитын фæстæмæ уырдæм æмæ уырдæм". — Æмæ йæ куы нæ арвитон, уæд та?— ба- фарста Вася. — Уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, ды нымад уыдзынæ æдзæсгом адæймагыл. Чи зоны, æмæ йæ саразыныл конструктор афæдзы ’рдæг фæ- куыста...чЧи зоны, æмæ дунейон рекорд райста... Æмæ йæ куы нæ арвитай, уæд уыцы хъуыд- дæгтæ иууылдæр — сæфт. Васяйы цæсгом уыд тынг æнамондхуыз. — Æмæ йæ куыд... куыд æй аласон афтæ пырхытæй? Димæ бахудти: — Уый дæхи хъуыддаг у. Æз ыл нæ цуан кодтон, фæлæ ды... Дзæвгар рæстæг Вася ницы дзырдта, Димæ- мæ йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ. — Уæдæ мæм дзы раттдзысты, нæ?—тарæр- фыгæй бафарста Вася. 59
— Кæй зæгъын æй хъæуы, бузныг дын н& зæгъдзысты. Ахæм диссаджы хорз модель ныгь пырх кæн! Вася уæззау ныуулæфыд. — Æмæ йæ куы нæ аласон... куы нæ йæ аласон — уæд, чи зоны æмæ сæ рекорд æцæгæй дæр куы фесæфа? — Æмæ уæдæ куыд æнхъæлдтай? — Димк! — Цы зæгъдзынæ, æмбал хъæбатыр? ~ Димк!.. Æмæ йæ ныр ды нæ аласис, и? — Æз? Нæ!.. Кæд дæхæдæг цæуыс, уæд ма чи зоны демæ ацæуон, цæмæй уым æваст ма фæуыргъуыйау уай. Фæлæ дæу тыххæй дзуапп дæттын... Уымæй мæ бахиз. Стыр бузныг! — Димк! Æмæ ды аэродромы никæмæн зæгъ- дзынæ? — Цæй тыххæй? — Ома афтæ йæ æз кæй... Цы зæгъдзыстæм, уый зоныс?Цыма йæ афтæ пырхытæй ссардтам. — Цæй фæуæд! Нæ-зæгъдзынæн. Дыккаг бон, фæссихор иу сахатмæ ’ввахс Димæ æмæ Вася электричкæйы æрхæццæ сты станцæ С***-мæ. Сæхицæй рацæуыны размæ скодтой сæ уæлæ урс-урсид хæдæттæ, сырх галстуктæ æмæ хæрз итувæрд хæлæфтæ. Васяйы бур сæрыхъуынтæ уыдысты хуылыдзгонд, дихфаст æмæ уыцы хуызы бæргæ дзæбæх уыдаиккой, хъусты сæрмæ фæйнæ бындзыджы хъил куы нæ лæууыдаид, уæд. Поездæй рахизгæйæ, тæккæ æфсæнфæндаджы раз лæппутæ ауыдтой цалдæр брезент пъалат- кæйы, сæ хæд фæстæ та рæнхъæй лæууыдыс- 60
1Ы, ахуыр кæуыл фæкæнынц, ахæм хæдтæх- джытæ. Лæппутæ уыцырдæм араст сты. Васяйы дæ- ларм газеты тыхтæй уыди фюзеляж. „Цуано- нæн" уыди ахæм хуыз, цыма йæ дæндаг ласын- мæ цæуы. Димæ та уыд хъæлдзæг æмæ цæрдæг уад кодта, йæ дæларм базыр газеты тыхт, аф- тæмæй. Дуары раз сæ æрурæдта дежурный. Димæ йын бамбарын кодта се ’рбацыды сæр. — Штабы ныртæккæ ничи ис,—загъта лæп- пу.—Цæут аэродромы быдырмæ æмæ уым пла- нёрты старт кæм ис, уый бафæрсут. Лæппутæ аэродроммæ бахызтысты. Уыди райдзаст хур бон. Уæрæх быдыры алы рæтты фæйлыдтой æрвхуыз гыццыл тырысатæ урс дамгъæтимæ. Алы ахæм тырыса дæр нысан кодта, иу кæнæ иннæ хуызы модель цы ранæй уагъд цыд, уый, æмæ алы тырысайы раз дæр лæууыди авиамоделистты къорд. Ам фехъусæн уыди уырыссаг, эстойнаг, узбекаг, украинаг ны- хас... Ам уыди студенттæ, æфсæддонтæ, лæппу- тæ ’мæ чызджытæ пионерты галстукты, ам уы- дис ацæргæ адæм дæр, уыцы лæппутæ æмæ чыз- джытæн ныййарджытæн чи бæззыди, ахæмтæ. Иутæ кæдæмдæр тагъд кодтой, планкæтæ æмæ бапъирозы гæххæттæй конд чи уыд, ахæм рæ- сугъд мæргътæ сæ къухты хæсгæйæ, иннæтæ сæ гуыбыныл æмæ уæрджытыл кæрдæгыл бырыдыс- ты, сæ тæссонд аппараттимæ цыдæртæ архай- гæйæ, æртыккæгтæ кастысты бæрзонд арвыл сæ моделты тахтмæ. Лæппуты сæрмæ, мынæг гуывгуыв кæнгæ, тахтысты хæрз къаннæг аив хæдтæхджытæ, æнæ уынæрæй ленк кодтой алыхуызон, алыфор- мæ æмæ алыйас планёрты моделтæ. Иу ахæм 61
планёр, йæхи зæхмæ æрцæйуадзгæйæ, Димæйы- къæбут йæ бырынкъæй æркъуырдта. Уалынмæ, та дыууæ ’мбалы, йæ мотор бензинæй кæмæн архайдта, ахæм моделæй лидзын бахъуыд, уымæн, æмæ мотор хорз нал куыста æмæ, сонт хъæр- гæнгæйæ, зæххы тæккæ сæрмæ ратæх-батæх кодта. Æппæтæй фылд’æр лæппутæ фæлæууыдысты,- дамгъæ „С" фыст кæуыл уыди, уыцы тырысайы раз. Ардыгæй-иу стахтысты „схемкæтæ", йæ фюзеляж цыппæрдигъон планкæтæй конд кæ- мæн уыд, уыцы æппæты хуымæтæгдæр моделтæ. Иу чызг, Нюшæйæ гыццыл хисдæр уыдаид, сис- та йæ сæрмæ ахæм хуымæтæджы „схемкæ" æмæ, йе ’нгуылдзтæй пропеллерыл хæцгæйæ, фæстæмæ адзырдта: — Иван Андреевич, сахатмæ ма ’ркæс. Тырысайы раз хисдæрæн чи лæууыд, уыцы лæг секундомеры кънопкæ нылхъывта. Чызг модель суагъта, æмæ модель йæхи уайтагъд уæлдæфы бæрзонд систа. Чызг йæ „схемкæйы" фæдыл азгъордта. Райдайæны моделмæ йæ цæст дардта, секундомер кæмæ уыд, уыцы лæг. Мо^ дель тахти дарддæрæй-дарддæр, фæлæ чызг уæд- • дæр йе згъорд нæ уагъта, æмæ старты цы авиа- моделисттæ уыд, уыдон дæр сæ цæст дарын байдыдтой моделы тахтмæ. Модель ма цæст тыххæйты иртæста, чызг та стъæлфы йас йет- тæмæ нал зынд, афтæ секундомер кæмæ уыд, уыцы лæг æргуыбыр кодта, æртыкъахыгыл цы стереотруба арæзт уыд, уый окуляртæм. Рацы- ди ма ноджыдæр иу минут. Адæм базмæлыдьь сты: — Хæдтæхæг!.. Модель ирвæзы!.. Хæдтæхæг таг>д!.. Секундомер кæмæ уыд, уый азгъордта, æв- 62
вахс сæм цы зæрондгомау „УТ-2" лæууыди, уымæ. Минуты фæстæ старты сæрмæ хъæргæнгæ стахти хæдтæхæг æмæ йæхи сарæзта, „схемкæ" кæдæм атахт, уыцырдæм. — Димкæ, федтай?—сындæггай загъта Вася. — Цы „федтай"? — Ахæм ницæййаг моделы фæдыл æнæхъæн хæдтæхæг арвыстой! — Æмæ уæдæ куыд æнхъæлдтай! Уæдæ дæумæ гæсгæ уадз æмæ модель фесæфа, нæ? Цом! Лæппутæ араст сты. — Димæ! — Цы кæныс? — Димæ, никæмæн зæгъдзынæ, и?.. Ам ни- цæййаг модель дæр куыд хъахъæнынц, æз та цы хуызæн планёр фехæлдтон! Нæ зæгъдзынæ, Димæ, и? — Æз бæргæ нæ зæгъдзынæн, фæлæ дæ хуызмæ’гæсгæ алчидæр бамбардзæн, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Вася ныуулæфыд æмæ йæ цыд фæсындæгдæр кодта. Бæрæг уыди, аэродромæй алидзын æй тынг кæй фæнды. Фæлæ уый гæнæн нал уыд: лæппутæ бахæццæ сты планёрты стартмæ. — Дæ бон хорз, æмбал,—баздæхт Димæ, йæ къухы секундомер кæмæн уыд, уыцы цъæх ком- бинзонджын сылгоймагмæ. — Сымахæй модель нæ фесæфт, мийаг? Сылгоймаг цæхкæр фæзылд: — Фесæфт. Сæдæ дыууадæс? Стыр, цъæх ахуырст? Аргæ йæ скодтат?—тагъд-тагъд сдзырд- та уый æмæ ныхъæр кодта: — Аббас, Аббас! Фæдзурут-ма Аббасмæ, модель фæзынд! ; Уыцы хабар, фехъусгæйæ, моделисттæ хъæл- 63
дзæг змæлд бакодтой æмæ уайтагъд лæппуты алыфарс æрбамбырд сты. — Зноны планёр фæзынди! — Кæм æй ссардтат? Дард? — Аббас! Аббас! Ардæм! Тагъддæр! Адæмы ’хсæнты бабырыд Димæйы цахъæн лæппу. Уый уыд саулагъз, стырцæстджын, къæ- бæлдзыг сау сæрыхъуынтимæ. — Ссардтат? Кæм ис? Кæм æй ссардтат?-^ сдзырдта кавказаг ныхасздæхтимæ уый. Æрлæууыд тæссаг сахат. Димæ базыр Васяйы къухты фæсагъта, йæ- хæдæг иуфарс алæууыд, Аббас Васяйы къухтæй фюзеляж ратыдта æмæ газет халынмæ фæци. — Гыццыл... гыццыл фæхъыгдард, — багум- гуым кодта Вася. Аббас газет райхæлдта. Моделисттæ æмхуы- зонæй ныууынæргъыдтой æмæ фæхъус сты, пла- нёры пырх бырынкъ ауынгæйæ. — Цы бæллæх ыл сæмбæлди? —райхъуысти кæйдæр фæлмæн хъæлæс.. Васяйы фарсмæ лæууыдопыхцыл æрфыгджын фыдхуызгомау æфсæддон. Йе уæхсчытыл уыди булкъоны пъагæттæ, йæ риуыл та — сыгъзæрин стъалы. Комбинзонджын сылгоймаг лæмбынæг касти планёры хæлддзæгтæм. — Йæхи ’гъдауæй афтæ нæ ныппырх уыдаид, æмбал булкъон. Булкъон æнæ сдзургæйæ йæ сæр батылдта æмæ Васяйы афарста: — Кæм æй ссардтай? Вася йæ хъæуы æмæ æфсæнвæндаджы стан- цæиы ном загъта. — Æвзæр нæ атахт, — хъуыдыты ацæугæйæ, ы
загъта булкъон.—Цымæ йын ахæм митæ чи ба- кодта? Димæ йæ цæстытæ дæлæмæ æруагъта æмæ йæ мидбылты бахудти. Йæ цæсгомыл фыст уыд: „Æз æй бæргæ зонын, ахæм митæ йын чи ба- кодта, уый!" Вася сдыгъал дыгъул кодта: — Мах... Æз æй афтæмæй ссардтон, æмбал булкъон. Афтæмæй йæ ссардтон... — Куыд „афтæмæй"? — Дробæй иырхæй. — Цæмæй?—йæ хъæлæс фæбаерзонддæр код- та булкъон. — Дро...—сцæйдзырдта Вася, фæлæ йæ су- сæггаг кæй раргом кодта, уый куы фембæрста, уæд фæхъус. Моделисттæ сгуывгуыв кодтой. Булкъон Ва- сямæ комкоммæ бакаст: — Цæмæй зоныс, дробæй иырх у, уый? Æз зæронд цуанон дæн, уæддæр æй не ’рхъуыды кодтон. Вася ницы дзырдта. Уый касти уыцы иу ран- мæ æмæ йæ цæстытæ тъыбар-тъыбур кодтой. Афтæ сырх уыди, æмæ суанг цыма йæ сæры- хъуынтæ дæр фæсырхбын сты. Димæ мидбылты худти, йæ къухæй йæ дзых бамбæрзгæйæ. Аббас Васямæ багæпп кодта æмæ, йæ къухтæ тилгæйæ, ныхъæр кодта: — Æз æй зонын!.. Йæхæдæг æй фехæлдта! Йæхæдæг багæрах кодта модель! Бакæсут-ма йын йæ цæсгоммæ! Йæхæдæг æй фехста!.. — Сабыр, сабыр! Хъæр ма кæнут,—фæлмæ- нæй загъта булкъон æмæ Васямæ баздæхт:— Гъы? Вася фыр тыхстæй йæ галстучы кæрæттæ йæ 5 Æнахуыр маргъ 65
къухты ’хсæн" æууæрста æмæ уæлæмæ дæр нæ каст. — Æз... Æз æнæбары уыдтæн, — тыххæй сдзырдта уый. — Ома куыд „æнæбары"? — Æз нæ зыдтон, уый модель у, уый. — Нæ зыдтай! Уæдæ йæ цы фæхуыдтай? Уæрцц? Васяйæн йæ галиу цæстæй цæссыг æрыз- гъордта æмæ йæ былы кæрон æрлæууыд. Уый йæ тагъд-тагъд астæрдта. — Æз... Æз æй кондор-цæргæс фенхъæлд- тон,- сдзырдта Вася, йæ ныхас тыххæй хъуыс- гæйæ. — Цы? — Кондор... Кондор-цæргæс æй фенхъæлд- тон... — Цæй-ма, цæй, дзæбæх нын нывыл радзур, Афтæмæй дын уæддæр ницы бамбардзыстæм. Вася ницы сдзырдта. — Нæ дæ фæнды дзурын? — Уæртæ уый радзурæд, — загъта Вася, йæ сæрæй Димæйы ’рдæм ацамонгæйæ. Моделисттæ хæстæгдæр æрбалæууыдысты. Димæ йæ армы тъæпæнтæ кæрæдзиуыл асæрфта æмæ, йæ мидбылты худгæйæ, райдыдта: — Æмбарут, хъуыддаг афтæ уыди. Фæцæй дын цæуын æхсæвыгон кæсаг ахсынмæ. Мемæ, цæвиттон хъуыддагæй, мæнæ ацы лæппу Вася æмæ йæ хо. Кæй зæгъын æй хъæуы, дзурынц мын кæсагахсджыты алыхуызон цаутæ, цыма сæ доны ис, раст æртæ килограммы чи ласы, ахæм кæсæгтæ... Фæлæ хъуыддаг ууыл нæу. Уæдæ афтæ, цæуæм. Уалынмæ нæ рæзты ратахти ца- вæрдæр стыр аууон, доны сæрты фæсыффыт кодта æмæ бæласы сыфтæрты ’хсæн фæцыдæр. бб
Уæд дын мæнæ ацы „хъæбатыр" хъæр кæнын куы райдаид: „Уый кондор-цæргæс у! Уый ца- вæрдæр æнахуыр маргъ у! Наукæйы сæраппонд мæ цард дæр ауæлдай кæндзынæн, фæлæ уыцы маргъ æнæ багæрахгæнгæ нæ ныууадздзы- нæн!" Димæйы бауромæн нал уыд. Уый стыр дæс- ныйæ дзырдта, Вася æмæ Нюшæ „цуаны" куыд фæцæйцыдысты, уый. Вася фыр тæссæй йæ уд йæ къухы хæсгæйæ, къардиуы былæй куыд хъæр кодта „эй" æмæ айдагъ цыбыр хæлафы доны куыд бацыд, фæлæ куыд фæтарст æмæ фæстæ- мæ^куыд раздæхт. Йæ ныхас афтæ цыргъзонд уыди, æмæ мо- делисттæ худæгæй мардысты. Суанг ма мæсты Аббас дæр худын байдыдта. Суанг ма Вася йæ- хæдæг дæр лæмæгъ, мæллæг худт бакодта. Булкъон дæр-иу бахудти, йæ дзыхы бапъи- роз, афтæмæй. Радзырд куыд дарддæр цыд, афтæ булкъон дæр арæхдæр каст Васямæ æмæ-иу уæд йæ пыхцыл æрфгуыты бын йæ къуырф цæстыты фæзынди цавæрдæр фæлмæндзинад, рæвдауæн хуыз. Æмæ Димæ æнахуыр маргъимæ тохы тых- хæй дзурын куы райдыдта, уæд булкъон йæ ху- дын нæ уромгæйæ, Васяйы æрбахъæбыс кодта æмæ йын йе уæхск æрхоста. —... Нæ „хъæбатыр" дыккаг хатт фергъæв- та — гæрах~æмæ „кондор" фæйнæрдæм фæтахт, æмæ мæнæ æркæсут, — фæци йæ ныхас Димæ, йæ къухæй моделмæ ацамонгæйæ. Моделисттæ афтæ гуывгуыв кодтой, æмæ дзы чи цы дзырдта, уый зын рахатæн уыд. Иутæ цыдæр дзырдтой, иннæтæ та нырма худгæ кодтой. Димæ йæхицæй разы уæвгæйæ, къеп- кæйæ йæхицæн дымгæ кæнæгау кодта. Вася лæу- 68
уыд сæргуыбырæй æмæ йын ахæм хуыз уыд, цыма ацы цалдæр минутмæ мæллæгдæр фæцн. — Диссаг!—загъта булкъон, уынæр гыццыл куы ’рсабыр, уæд. Йæ бапъирозы æртхутæг афу кодта æмæ Димæмæ баздæхт: — Куыд уынын, афтæмæй цыргъзонды хи- цау дæ. Дæ дзыхы бафтынæй адæймаджы бахыз- тæуæд. Фæлæ^мæм диссаг цы кæсы: ды дæр æй, æвæццæгæн, нæ зыдтай, уый модель у, уый. Нæ? — Нæ зыдтон,—загъта Димæ. — Нæ зыдтай, уый модель у, уый, стæй дæ уырныдта, кондор дæр кæй нæу, уый. Æмæ уæд куыд хъуыды кодтай: уый цы уыдаид, зæгъгæ? Димæ йæ къепкæ тилын ныууагъта: — Æз .. æз ницы хъуыды кодтон... Æз... — Фæлæу, фæлæу! Уый та куыд „ницы хъуы- ды кодтон". Хъуыды нæ фæкæны бæлас, дур, сæтæлæг, фæлæ адæймаг кæддæриддæр цæуыл- дæр фæхъуыды кæны. Моделисттæ бахудтысты. Димæ фæсырх. — Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, æз уыдтон, маргъы хуызæн кæй у, фæлæ исты нæ зонын, ахæм егъау маргъ нæ вæййы, уый. Булкъон Димæмæ касти, йæ мидбылты гæзæ- мæ худт кæнгæйæ. — „Маргъы хуызæн у, фæлæ ахæм егъау маргъ нæ вæййы". Уæдæ дæ разы уыди цавæр- дæр æнахуыр, æнæзындгонд фæзынд — æмæ ды йæ раиртасын дæр нæ бафæлвæрдтай. Афтæ, нæ? Димæ ницы дзырдта. Иæ алфæмблай цы адæм уыди,. уыдон дæр Димæйы дзуаппмæ æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ Димæ уæддæр ницы дзуапп радта. — Уæдæ куыд уæндыс де ’мбалыл худын? Ды дæ иу къах иннæуыл сæвæргæйæ де ’мбалы 69
фауыны куыст куы кодтай, уæд уый та уыцы рæстæг йæ архайды куыст кодта. Уый уырныд- та, йæ разы цавæрдæр æвирхъау цæрæгой кæй ис, фæлæ нæ фæтарст йæ ныхмæ топпимæ ра- цæуынæй. Уадз фæрæдыд, фæлæ уый хъæбатыр уыд уыцы сахат, ныфсхаст æрдзиртасæг, ды та цы уыдтæ? — Æмæ уый руаджы модель^ уæддæр фæ- зынди,—бафтыдта моделисттæй чидæр. — О,—загъта булкъон дæр, — модель фæ- зынд. Знон æп суагътой хурныгуылды хæд раз- мæ, уымæн æмæ афтæ дард атæхдзæн, уый æн- хъæл ничи уыди. Фæлæ модель тахти дарддæ- рæй-дарддæр. Йæ фæдыл цы хæдтæхæг атахт, уымæн модель æрбайсæфт: хур æм комкоммæ касти... Модель рекорд нæ райста, фæлæ уæд- дæр йæхи хорз равдыста. — Гъемæ де ’мбал дæр дæ хуызæн куы ра- зындаид, уæд куыд уыдаид,уый зоныс? — загъта комбинзоиджын сылгоймаг. — Дымгæйы фыццаг- дæр футтæй модель доны скуыси уыдаид, æмæ йын хæрзбон зæгъ! — Æмæ Абба^æн дæр модель нал уыдаид, стæй зынаргъ лæварæй дæр фæцух уыдаид,— бафтыдта ма моделисттæй чидæр. — Аббас, арфæ ракæ цуаионæн! — Аббас, хатыр дзы ракур! Аббас Васяйы къух райста æмæ йын æй дыу- уæ хатты тыхджын ныууыгъта. — Бузныг! Хатыр курын!—загъта уый. Моделисттæ фæйнæрдæм фæпырх сты. Бул- къон та ногæй Васяйы æрбахъæбыс кодта. — Искуы хæдтæхæджы тахтæ?—афарста уый лæппуйы. Вася йæ сæр батылдта. — Цом,; уæдæ, æз дæ сбадын кæнон. 70
Фондз минуты фæстæ аэродромы цард цæ* уын байдыдта йæ фыццаджы уагыл. Моделисттæ быдыры ратæх-батæх кодтой, сæ планёртæ сæ фæдыл даргъ лыстæг синæгтыл— лейертыл скъæфгæйæ. Урс, æрвхуыз, бур, цъæх мæргътæ-иу хæрдмæ фæтахтысты æмæ, лейер- тæй фæхицæн уæвгæйæ, райдыдтой уæлдæфы ленк кæнын. Димæ йæ къухтæ йæ дзыппыты, афтæмæй, йе ’рфгуыты бынæй кæсгæйæ, аэродромы дыууæр- дæм рацу^бацу. кодта. Хаттгай-иу æрлæууыд, йе уæхсчытыл-иу хæрдмæ схæцыд æмæ-иу мынæг хъæлæсæй сдзырдта: — Æдылы ми! Райхъуысти моторы гуывгуыв. Хæрз ныллæг Димæйы сæрмæ атахти, Вася цы ахуыргæнæн хæдтæхæджы бадти, уый.
СÆРГÆНДТÆ Фярс „Кæфхъуындары лæппын" ....♦• 3 Саугалм 29 Æнахуыр маргъ 45 Редактор Мамиаты II. Техредактор Дзгойты А. Корректор Датъриты Е. ЕИ02829. Æмбырд кæнынмæ лæвæрд æрцыд 28/1-52 азы. Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд 18/111—52 азы. Мыхуырон сыфтæ 3,69. Рауагъдады хыгъдон сыфтæ 2,71. Рауагъдады № 18. Заказ № 503. ТиражЗООО. Гæххæтты формат в^ХЮЗ^/зз Аргъ 1952 азы прейскурантмæ гæсгæ 1 с. 35 к. Цæгат Ирыстоны АССР-ы Полиграфнон промышленносты рауагъдадты æмæ чиныг уæйкæныны хъуыддæгты Управленийы типографи. Дэæуджыхъæу, Дзанайты Иваны уынг, 20.