Текст
                    НЫРЫККОН
ИРОН
ЙРГЪÆУТТÆ
Дзæуджыхъæу
2020


ББК 84(2Рос=Осе)6 А—79 Конкурс «Современные осетинские сказки» осуществлён в рамках государственной программы «Национально-культурное развитие осетинского народа 2018-2020 гг.» Организаторы: Комитет РСО-Алания по делам молодёжи, ГАУ «Центр военно-патриотического воспитания молодёжи РСО-Алания» А—79 Аргъау-биргъау (Нырыккон ирон аргъæуттæ) [Текст] / [чи- ныгаразæг Тъехты Эльбрус] — Дзæуджыхъæу: Ир; 2020 — 142 ф. Жил да был... Современные осетинские сказки Составитель Э. В. Техов 15ВЫ 978-5-7534-1618-6 В сборник включены лучшие произведения молодых авторов — участников конкур- са на лучшую авторскую детскую сказку на осетинском языке. ББК84(2Рос=Осе)6 © Техов Э. В., составление, 2020 © Гаппоева Н. У, дизайн, 2020 15ВЫ 978-5-7534-1618-6 © Оформление. ГУП «Издательство «Ир», 2020
Абдуразакова Луиза АЦЫРУХС Цардис æмæ уыдис иу гыццыл чызг. Нæ йын мад уыд, нæ фыд. Цæргæ кодта йæ нанаимæ. Нана йæ бирæ уарзта. Цух æй нæ уагъ- та хæринагæй æмæ уæлæдарæсæй дæр. Кæсын, фыссын нæ зыд- та. Йæ нана тынг дæсны уыд бийынмæ, хуыйынмæ. Хæринаг кæ- нынмæ та афтæ дæсны уыд, æмæ иу ницæмæйты тынг хæрзад ис- тытæ ацарæзта. Ноджы ма зыдта алыхуызон кæрдæджытæй хос кæнын. Бирæ адæм æм цыдысты уый тыххæй. Гыццыл чызг дæр иу каст йæ нанамæ, æмæ сабыргай ахуыр кодта. Йæ цæстытæй ахæм рухс калди, æмæ йæ раст йæ ном дæр амыдта — Ацырухс. Бонтæ ивгъуыдтой, Ацырухс рæзыдис, æмæ дзы хæрзконд, рæсугъд чызг рауад. Сæ бæстæйы уыд паддзах. Паддзахæн уыд усгур лæппу. Паддзахы фæсдзæуинтæ агуырдтой аккаг къай лæп- пуйæн. Агуырдтой хъæздыджыты ’хсæн, æндæр паддзахадты, фæлæ лæппуйы зæрдæмæ чи фæцыдаид, ахæм никæм разынд. Иу бон Ацырухс йæ нанаимæ æмбырд кодта хъæды кæр- дæджытæ. Уыцы афон дын паддзахы фырт Уырызмæг йе ’мгæрт- тимæ бæхтыл дугъуадзы. Дугъы рæстæгУырызмæджы бæхы рæзты тæрхъус агæпп ласта. Бæх фæтарстис æмæ барæджы аскъæфта. Уый бæхæй рахаудта æмæ йæ сæр ныццавта. Йæ фæсдзæуинтæ ма йæ бæргæ агуырдтой, фæлæ бæх фæзынд, лæппу — нæ. Уыцы рæстæг Ацырухс йæ нанаимæ, сæ кæрдæджытæ сæ къухы, афтæмæй фæзындысты. Ауыдтой Уырызмæджы. Раздæр æй мард фæхуыдтой. Хæстæгдæр куы бацыдысты, уæд нана бам- бæрста, æгас кæй у, уый. Нана зыдта, цы кæнын хъæуы. Уайтагъд ын цыдæр кæрдæг бадардта йæ фындзмæ, æмæ лæппу хъæрзын райдыдта. Хуылыдз къухмæрзæнæй йын йæ цæсгом асæрфта, уый йæ цæстытæ байгом кодта, ауыдта Ацырухсы. Чызджы фæлмæн цæстæнгас йæ зæрдæйы ахъардта, йæ цæфтæ дæр æй ферох сты: — Чи дæ? Кæд зæд дæ, мыййаг? Ацырухс худæгæй бакъæцæл. 3
— Цавæр зæд? Æз дæн Ацырухс. Уырызмæгмæ афтæ фæкаст, цыма худын нæ, фæлæ дзæн- гæрæджы цагъд фехъуыста. Цыма хуымæтæг адæймаг афтæ нæ фæхуды. Стыр диссаг æм фæкаст Ацырухс. Æнæмæнг, ахæм цæ- стытæ кæмæн ис, уый хъуамæ зæд уа, уæдæ куыд? Уалынмæ Уырызмæгæн йе ’мбæлттæ фæзындысты. Сæ цинæн кæрон нал уыдис, Уырызмæджы куы ауыдтой, уæд. Уыры- змæг сын радзырдта хабар, куыд æй адзæбæх кодтой Ацырухс йæ нанаимæ. Сæхимæ куы бацыд, уæд йæ фыдæн хабæрттæ ракодта, æмæ загъта: — Кæд мын Ацырухс сразы уа, уæд мæ уый йеддæмæ ничи хъæуы. Иæ фыд уыдис тынг фæлмæнзæрдæ паддзах, иннæ пад- дзæхты хуызæн нæ уыд. Йæ лæппу амондджын уа, уый йæ фæн- дыд, æмæ йемæ сразы ис. Барвыстой минæвæрттæ. Ацырухсы зæрдæмæ дæр Уырызмæг тынг фæцыдис. Радта разыйы дзуапп. Нана цин кодта: «Мæ сидзæрмæ ныр мæ зæрдæ нал æхсайдзæн». Рæсугъддæр æмæ стырдæр чындзæхсæв нæма уыди сæ пад- дзахады. Уырызмæг æмæ Ацырухс бирæ азты амондджынæй, дзæбæхæй фæцардысты. Сымахæн дæр мæ зæрдæ уый зæгъы!
Агасиева Ангелина СЫЗГЪÆРИН СÆГУЫТ Царди æмæ уыди зындгонд æлдар, æмæ йын уыди дыууæ тыхджын æмæ хъæбатыр фырты — Сæрмæт æмæ Созырыхъо. Æфсымæртæ уарзтой хæхты цуан кæнын, æмæ-иу семæ алыхатт æрхастой Æфсатийы лæвæрттæ. Иу райдзаст бон Сæрмæт æмæ Со- зырыхъо сæхи цуанмæ сцæттæ кодтой. Бирæ фæцыдысты-чысыл, афтæмæй æнæнхъæлæджы сæмбæлдысты сызгъæрин сæгуытыл. — Мæн уыдзæн! — загъта Созырыхъо, фелвæста æрдын æмæ ныхъхъавыди сæгуытмæ. Фæлæ сæгуыт бамбæрста тæссаг уавæр æмæ уæртæ ныййарц. Æфсымæртæ — йæ фæдыл. Тар хъæды згъоргæйæ, хинæйдзаг сæгуыты баййафыны охыл æфсымæртæ сæ ных сарæзтой цæугæдонмæ, фæлæ сæгуытæн йæ кой дæр нал уыд. Уыимæ сæ разы бады диссаджы рæсугъд чызг. Лæппуты æнæнхъæлæджы фæзындæй фесхъиудта æмæ йæ дурын доны ныххауд. — Мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн, уыцы сæгуыты зæххы бынæй дæр куы нæ скъахон, уæд, — йæ риу ныххоста Со- зырыхъо. Уыцы рæстæг Сæрмæт та æдзынæг каст кодта чызгмæ. Уый хъавыди йæ дурын ын æрцахсын, фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Уæд лæппу бæхæй æргæпп кодта æмæ дурын донæй фелвæста. Чызджы æвæндонæй доны ’ртæхтæй сæрæй-къæхтæм ныххуылыдз кодта. — Дæ-дæй! — ныхъхъæр кодта чызг æмæ иуварс агæпп кодта. Сæрмæт комкоммæ каст фæцис чызгмæ æмæ сæ цæстæнгас баиу. Чызг фефсæрмы ис æмæ алыгъд, Сæрмæт та сагъдауæй баззад. — Цы лæууыс, ауай тагъддæр æмæ йын йæ дурын ратт, — дзуры йæм Созырыхъо. Лæппу, цыма йæ фынæйæ фехъал ис, атындзыдта чызджы фæдыл. Федта, цы хæдзармæ бахызтис, уый, бахоста дуар. Ми- гæнæн кулдуармæ æрæвæрдта, йæхæдæг бæласы фæстæ ам- 5
бæхст. Чызг сабыргай дуар байгом кодта, акастис йæ алфамблай, уайтагъд йæ дурын фелвæста æмæ дуар фæстæмæ ахгæдта. Лæппуйы зæрдæйы уарзондзинады цæхæр ссыгъди æмæ сфæнд кодта чызджы бæлвырддæр базонын. Цалдæр боны зыл- ди, базыдта, Зæринæ мæгуыр фыййауы чызг кæй у, уый. Сфæнд кодта минæвæрттæ барвитын. Уыцы рæстæг Созырыхъо дæр йæ фæнд нæ уагъта æмæ зылд сæгуыты фæдыл. Цалдæр къуырийы фæстæ Сæрмæт чызджы ракуырдта. Зæринæйы зæрдæмæ дæр Сæрмæт тынг фæцыд, уæлдайдæр та, доны был йæхи куыд равдыста, уымæй. Æрмæст æм иу курдиат уыд — йе ’фсымæр Созырыхъо ныууадзæд мæгуыр сæгуытыл цуан. Созырыхъо тынг фæхъыг ис, фæлæ йын йе ’фсымæры амонд сæйрагдæр уыд йæ фæндонæй, æмæ дыууæ уарзон уды баиу сты. Цыди рæстæг, бонтæ ивтой, фæлæ Созырыхъойы зæрдæйы фæнд йæ хъуыдыйæ нæ цыд. Нал дæр æй хуыссæг ахста, нал дæр æм хæрын цыди. Æппынæдзух хъуыды кодта уыцы сæгуытыл, тынг æй фæндыдис йе ’рцахсын. Иухатт йæхи нал баурæдта æмæ та араст ис сæгуыты агурын- мæ. Иу ахæм бон та, цуангæнгæйæ, Созырыхъо сæгуыты ауыдта. Уый сабыр хуыссыди кæрдæгыл æмæ йæ фæллад уагъта. Лæппуйы зæрдæ риуы къултыл йæхи ныххоста. Фелвæста æрдын æмæ цæрæгойы фехста. Æвиппайды зæхх ныззыр-зыр кодта, арв ныннæрыди, сы- стади зилгæ дымгæ, æмæ сызгъæрин сæгуыты бæсты йæ разы февзæрд Зæринæ. Йæ туг калгæ хуыссыд сæгуыты бынаты æмæ æнкъардæй каст йæ тиумæ. Созырыхъомæ ацы æвирхъау хабар фынау фæкаст. Аууæрста йæ цæстытæ, кæсы æмæ æцæгæйдæр йæ чындз йæ уд исы. Йæ фæстаг тыхтæ сæмбырдгæнгæйæ радзырдта чызг Созы- рыхъойæн, Хъæды зæд кæй у уый, æмæ кæй хъахъхъæны хъæд- даг сырдты æмæ цæрæгойты цуанонтæй. Радзырдта йын, кæй йæ фæндыдис хуымæтæг адæймаг уæвын, фæлæ йын æндæр хъысмæт нывгонд уыд. Ныллæгъстæ кодта Зæринæ Созыры- хъойæн, цæмæй йе ’фсымæрæн ацы хабар ма схъæр кæна, æмæ йæ уд систа. Сдзынæзта уæд Созырыхъо Хуыцаумæ, цæмæй чызджы рау- дæгас кæна, йæ бæсты та айса лæппуйæн йæхи уд. 6
Сыхъуыст Иунæг кадджын Хуыцаумæ лæппуйы курдиат. Ра- удæгас кодта Зæринæйы хуымæтæг зæххон чызгæй, фæлæ Со- зырыхъойы уд дæр нæ айста. Фестын æй кодта сæгуыт, цæмæй Зæринæйы нысанæвæрд уый æххæст кæна: ауда хъæддаг сырд- тыл æмæ цæрæгойтыл...
Аджиты Аминæ РУВАСÆМÆЦЪИУ Раджыма-раджы хъæды цардис сауцъиу. Бæласы цъуппыл йæхицæн ахстон сарæзта. Тынг бузныг уыд йæхицæй, йæ сыхаг цъиутæн дæр-иу æппæлыд йæ ахстонæй. Æрæфтыдта дзы æй- чытæ, цъиутæ дæр дзы рауагъта. Иу бон та сауцъиу æппæлы иннæ цъиутæн, мæ ахстонау мæ цъиутæ дæр тынг рæсугъд сты, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы кæ- цæйдæр æрбасæнк-сæнк кодта гæды рувас. Фехъуыста сауцъиуы ныхæстæ æмæ йæм дзуры: — Ацы бæлас хъуамæ акалон, мæхицæн дзы гутон саразон. Кæннод мæ зæххытæ æнæ хуымгондæй баззайдзысты. Сауцъиу скатай, лæгъстæ кæны рувасæн, ма йæ акал, мæ цъиуты тæригъæды ма бацу, зæгъгæ. Рувас ын зæгъы: Дæ цъиутæй мын иу ратт æмæ йæ нал акалдзынæн. Бæргæ йын раттид цъиу рувасæн йæ лæппыны, фæлæ кæцы, иу дæр дзы йæ цæст куы нæ уарзы. Къухы æнгуылдзтæй кæ- цыфæнды алыг кæн — æмхуызон риссынц. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ кæцæйдæр халон фæ- зынд. Бæласыл абадт æмæ сæм дзуры: — Мæ хæлар сауцъиу, ма тыхс. Уадз æмæ акала бæлас. Æрмæст æй бафæрс, цæмæй йæ акалдзæн, уымæй. Фæрæт æм куынæ ис. Кæсы сауцъиу æмæ, æцæгдæр, рувасмæ фæрæт нæй. Рувас дзуры: «Мæнæ йæ мæ къæдзилæй акалдзынæн!» Райдыдта рувас йæ къæдзилæй бæлас хырхын. Фæлæ никуы æмæ ницы. Уый фенгæйæ сауцъиу йæхимæ æрцыд. Рувас тынг смæсты халонмæ. Йæхицæн загъта: «Фæлæу, æвзæр хæдмæлхор, æз дæуæн ацы маст куы ныууадзон!» Схуыссыд зæххыл, йæхи марды ’фсон скодта. Халон фæтæхы. Уыны, рувас зæххыл хуыссы. Хъуыды кæны: «Цон, мæхи хорз фенон». Халон куыддæр æрхæстæг, афтæ йæм рувас фæлæбурд- 8
та, рацахста йæ. Хъуыды кæны: «Хъуамæ йæ исты фыдмардæй амарон». Халон æм дзуры: «Рувас, дæ хорзæхæй, хæргæ мæ бакæн, æр- мæст мæ, пец кæм уа, ахæм хæдзары ма бакæн. Уый махæн рагæй дæр нæ фыдызнаг у. Мæ мад æмæ мæ фыд дæр пецы амардысты!» Рувасы дæр ма æндæр цы хъуыд. Халоны ахаста æмæ йæ хъæды кæрон иу хъæдын хæдзары бакодта. Дуæрттæ йыл фидар сæхгæдта. Халон тохынайæ сбырыд æмæ ма абон дæр хъæды ратæх- батæх кæны йæхицæн холы агурæг.
Багаты Лоренæ МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ АМОНД Иу изæр мæгуыр лæг хæдзармæ цыд æмæ æлгъыста йæ хъысмæт: Амонд кæм ис мæгуыр лæджы, амонд? Æлгъыст фæуай! Хъысмæты бафæндыд, цæмæй амонд фæзына æмæ йын йæ цард фæрогдæр кæна. Æмæ, æцæгдæр, амонд фæзынд, лæгмæ йæ къух бадаргъ кодта æмæ йын загъта: Цом мемæ. Ма тæрс! Æз дæ Амонд дæн! Уыцы ныхæстимæ йæ фелвæста æмæ йæ дард кæдæмдæр ахаста. Дуне диссæгтæ уыдта мæгуыр лæг тæхгæ-тæхын. Цас рæстæг рацыди, чи зоны, фæлæ мæнæ иу лæгæты цур февзæр- дысты. — Бацу мидæмæ, æмæ фендзынæ дунейы хæзнатæ. Райс, цас дæ бон у, уыйбæрц, фæлæ зыд ма ракæ, фæстæмæ иунæгæй здæх- дзынæ, дæ фæндаг зын æмæ дард уыдзæн. Дæ уаргъ зæхмæ куы ’руадзай, уæд æй фесафдзынæ. Мæгуыр лæг бацыд лæгæтмæ, æмбырд кæнын байдыдта тæккæ рæсугъддæр, тæккæ зынаргъдæр дзаумæттæ. Нал зыдта бæрц. Тыхтæй амæлттæй рацыд лæгæтæй, йæ хид калгæ, фæлæ бирæ нæ ауад, уайтагъд афæллад. — Цæй, æмæ йæ атулон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæ уаргъ æрбайсæфт. Æрбадт мæгуыр лæг æмæ нырдиаг кодта, ноджы тынгдæр æлгъыста йе ’намонд хъысмæт. Уыцы рæстæг фæзынд Амонд дæр, мæстыгæрæй бакаст мæ- гуыр лæгмæ: Ды амонды аккаг нæ дæ. Ды хъуамæ райстаис, дæ бон цас у, уыйас, фæлæ дæ дæ зыд æмæ æнæфсис фесæфтой. Уыцы ныхæстимæ Амонд æрбайсæфт. Гъе, афтæ рауайы зыд æмæ кæрæф адæймаджы цард. 10
Бæрæгъуынты Дзерассæ ХИВÆНД ТÆРХЪУСЫ ЛÆППЫН Иу тар хъæды астæу, фæрвджынмæ æввахс, царди иу хъилхъус тæрхъус йæ бинонтимæ: йæ цардæмбал æмæ æртæ лæппынимæ. Сæ цоты дыууæ хистæры уыдысты сабыр æмæ коммæгæс — сæ мад æмæ сæ фыды ныхасыл дыууæ никуы загътой, фыдуаг ми никæд бакодтой. Хистæр цотæй бæргæ рухс кодта сæ зæрдæ мад æмæ фыдæн, фæлæ сæ иууыл мæт æмæ сагъæсыл æфтыдта сæ кæстæр хъæбул — Тæку. Æгæр æгæнон, фыдуаг æмæ хивæнд уыди, кæд ын йæ хистæртæ иууылдæр зонд амыдтой æмæ уай- дзæф кодтой, уæддæр. Уæдæ-иу æй тæрсын дæр кодтой, хъæды тæссагу тугдзыхтæй æмæ иунæгæй макуыдæм цу, зæгъгæ. Фæлæ Тæку йæхи фæнд тардта... Иуахæмы та сфæнд кодта абалц кæнын: фæндыдис æй фе- нын, сæ цæрæнбынатæй дарддæр ма цавæр цард ис, уый. Фæрсгæ дæр никæй бакодта, зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодта, афтæмæй гæппытæгæнгæ фæраст ис. Раздæр уал йæ фæндаг уыди æнæмаст æмæ æдас. Йæ размæ- иу кæд хъæддаг маргъ кæнæ уызын фæцис, æндæр ницы. Уæдæ кæм сты, йæ ныййарджытæ йæ цæмæйты тæрсын кодтой, уыдон? «Сайгæ мæ кодтой!» — ахъуыды кодта Тæку æмæ ноджы тынгдæр разæнгардæй алæгæрста размæ. Куыд æризæрмилтæ ис, уый æмбаргæ дæр нæ бакодта. Уæддæр æм фæстæмæ аздæхы- ны хъуыды не ’рцыди. Йæ мад æмæ йæ фыд афонмæ сæхицæн бынат дæр нал арынц фырмæтæй, уый йæм хъуысгæ дæр нæ кодта. Уалынмæ бынтондæр куы баталынг, уæд æм тас хъарын бай- дыдта. Бæргæ, куы фестид ныр йæ хъарм хæдзары, йæ уарзон би- нонты ’хсæн, фæлæ кæцырдæм фæцæуа, ацы талынджы куы ны- дздзæгъæлтæ ис бынтондæр, уæд?! Талынджы йæм алы бæлас, алы къудзи дæр касти егъаудæр, тæссагдæр. Цыма йæм ныртæк- кæ цыдæр фæхæпп кæндзæн, афтæ... 11
Уалынмæ уыцы сау талынджы ауыдта дыууæ зынджы стъæлфæны. Хæстæгæй-хæстæгдæр æм кодтой. Уый уæлвæд ма айхъуыста хус сыфтæрты сыбар-сыбур æмæ лыстæг къæцæлты рог къæрццытæ. Тæку змæлгæ дæр нал кодта, адæргæй йæхи къудзиты зæнгтæм балхъывта æмæ улæфын дæр нал уæндыди. Фыртæссæй йæ уд йæ къæхты бынæй агæпп кæнынæввонг уыд. Зыр-зырæг ыл бахæцыди, змæлынхъом дæр нал уыди. Фæлæ йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, дыууæ зынджы йæм бынтон хæстæг куы ’рбацыдысты, æмæ йыл цавæрдæр сырды тæвд комулæфт куы сæмбæлди, уæд. «Ай, æнæмæнг, у, æдзух-иу мæ кæмæй тæр- сын кодтой мæ мад æмæ мæ фыд, уыцы къуыбырхъус цъæх бирæгъ»,^— адæргæй ма йæ сæры зилдух кодта уыцы иунæг хъуыды. Йæ хæрзцыбыр цард йæ цæстыты раз атахти иу уысммæ: æдзух куыд хивæнд митæ кодта æмæ йæ ныййарджытæм куыд нæ хъуыста. Ныртæккæ мæлдзыг куы фестид æмæ иу гыццыл хуын- чъы куы бабырид, уый дæр æй æрфæндыд. Фæлæ йæ уымæй тынгдæр та фæндыд, йæ хъарм æмæ райдзаст хæдзары куы фе- стид, йæ уарзæгой бинонты ’хсæн. Фæлæ нæй! Йæ хæдзары нæ, фæлæ ис æбæрæг талынг ран, йæ бинонтимæ нæ, фæлæ тугдзых сырды тæккæ раз, мæлæтдзаг тасы. Уыцы заман бирæгъ йæ алыварс басмыстытæ кодта, цыма йæ амæддаджы тæф бамбæрста, йæ мидбынат æрзылд, æмæ, Тæкуйы амондæн, кæдæмдæр атындзыдта. Лæппын тæрхъус иудзæвгар æнæзмæлгæйæ баззад йæ бынаты, цалынмæ йе ’муд не ’рцыд, уæдмæ. Нæма йæ уырныдта, стыр фыдбылызæй кæй аирвæзт, уый. Йæхи арф банорста хус сыфтæрты ’хсæн, йæ цæ- стытæ тынг ныцъцъынд кодта, цæмæй æхсæвы тары мацы тæр- сæн нывтæ уына. Æппынфæстаг, кæд ацы æнæкæрон æхсæв тагъддæр ахицæн уаид. Йæхæдæг дæр æй нæ бамбæрста, æнæн- хъæлæджы куыд афынæй ис, уый... Райхъал ис хуры фæлмæн тынты æндзæвд æмæ мæргъты хъæлдзæг зарынæй. Хъавгæ рабырыд, йæхи аивæзта, йæ алы- варс аракæс-бакæс кодта, æмæ дзы зæрдæхсаинагæй куы ницы бафиппайдта, уæд йæ хæдзары ’рдæм ныййарц ис. Фæстæмæ иунæг каст дæр нал фæкодта. Цæсты фæныкъуылдмæ балæууыд йæ райгуырæн хъæды, ацы ран ын бынæттæ иууылдæр зонгæ уыдысты. Иæ цæрæнбынатмæ куы бахæццæ ис, уæд федта йæ бинонты æмбырдæй: бæрæг уыд, æнæхъæн æхсæв сæ цæст дæр кæй не ’рцъынд кодтой, йæ мад æмæ йæ фыд та иунæг æхсæвмæ зынгæ кæй фæзæронддæр сты... 12
Сæ хивæнд, æгæнон хъæбулы куы федтой, уæд уайдзæфты бæсты æваст æмхуызонæй ныккуыдтой. Тæку фырæфсæрм&й æмæ фæсмонæй йæхицæн бынат дæр нал ардта. Ныртæккæ зæххы скъуыды куы ныххаудаид, уæд ын æнцондæр уыдаид. Кæнæ йæ фæлтау бирæгъ куы бахордтаид дысон æхсæв! Йæ мад æмæ йæ фыдæй, хæкъуырццæй кæугæйæ, бирæ хатыртæ фæкуырдта, стæй ныхас радта, кæй сæм хъусдзæн æмæ йæхи фæнд кæй нал тæрдзæн. Уыцы хабар зонды хос фæци Тæкуйæн. Уæдæй фæстæмæ йæ- хицæй коммæгæсдæр, кусагдæр, фæзминагдæр кæстæр нал уыди. Афтæмæй ма бирæ азты хæларæй, амондджын æмæ æнæмастæй фæцардысты тæрхъусты бинонтæ.
Биганаты Дианæ МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ЦЪИУ Цардис æмæ уыдис иу мæгуыр лæг. Уый бон-изæрмæ æнæр- лæугæйæ куыста куы быдыры, куы та — цæхæрадоны. Бирæ фы- дæбон кодта мæгуыр лæг, фæлæ йыл цард нæ хæцыд. Уæд дын иу бон рацæуы йæ куыстæй фæлладæй. Кæсы, æмæ уыны йæ къæх- ты бын айк. Систа æмæ йæ йе тары бавæрдта. Бахæццæ хæдзар- мæ. Ферох æй ис, айк йе тары кæй ис, уый. Ныххауд фæлладæй йæ сынтæгыл æмæ бафынæй. Райсомæй райхъал цъиуы цъыбар- цъыбурмæ. Йæ тарæй рагæпп кодта бур-бурид цъиу. Хæдза- ры къуымты зилы. Мæгуыр лæг ын дзулы къæбæртæ, мæнæуы нæмгуытæ æркалдта æмæ йæ бафсæста. Лæг рараст йæ куыстмæ, цъиу дæр йæ фæдыл рацыд. Куыст- мæ куыд бавналы, афтæ цъиу фæлæбуры æмæ йын æй йæ бæсты цæсты фæныкъуылдмæ ацаразы. Алы куыст дæр ын йæ бæсты кæны. Мæгуыр лæг цъиуы руаджы размæ рацыд, йæ куысты бæр- кад фæзынд. Ссардта цард, райдыдта мæгуыртæн æххуыс кæнын.
Бутаты Батраз АЛАНЧИК Фондзархайдон драмæ-аргъау АРХАЙДЖЫТÆ: Аланчик — цардбæллон хуымæтæг лæппу. Агуындæ — æлдары рæсугъд чызг. Нодрыс — хинæйдзаг лæг. Аланчикы мад. Æлдар. Рувас. Хъахъхъæнджытæ. Уæйгæнджытæ. Донхæссæг. Фыццаг архайд Хъæуккаг уынг. Хъæлæс. Тынг раджы уыдис ацы хабар. Авд сæдæ азы размæ Нарыма хъæуы. Уыцы хъæу уыдис иу хъæздыг æлдары. Уыдис ын иу чызг, Агуындæ, тынг æй уарзта. Уыцы хъæуы ма цар- дис иу хъæбатыр лæппу — нæ аргъауы сæйраг архайæг — Алан- чик. Ацы аргъауы фендзыстут уарзондзинад, диссаджы хъуыд- дæгтæ æмæ хиндзинад. Фæзындис Нодрыс. Н о д р ы с. Бæлас уай æви хъæды сырд, Стъалымæт у æртæк- кæ мæ дзырд. Мæ хъару мæ къухты бафтыд! Зæгъут-ма, а бæсты мæнæй хъæбатырдæр чи у, чи? Хъæлæстæ. Аланчик! Н о д р ы с. Аланчик? Хм... Æз дæ ссардзынæн, Аланчик! Уæйгæнджытæ (хъæр кæнынц). Харбыз, харбыз! Неси, неси! Кæрдо, кæрдо! 15
Д онхæссæг. Дон! Дон! Уазал дон! Н о д р ы с. Уæртæ лæппу, рауай-ма ардæм, æркæн ма мын дон! Донхæссæг. Тынг сыгъдæг дон у, суадоны дон! Н о д р ы с. Мауал дзур, уый бæсты мын зæгъ, Аланчик, зæгъ- гæ, ацы хъæуы исчи цæры? Донхæссæг. Аланчикы та чи нæ зоны! Фыййау Хасаны фырт. Н о д р ы с. Куыд æй ссарон? Донхæссæг.Ам араст у размæ, уый фæстæ — галиуæрдæм (цалынмæ дзырдта, уæдмæ Нодрыс æрбайсæфт). Мæнæ диссаг, хинæй мыл куыд рацыд, æнæ æхцайæ куыд аззадтæн... Дыккаг архайд Аланчикы хæдзар. А л а н ч и к. Дæ райсом хорз, Хур! Æгас цу, сыгъдæг уæлдæф! Аланчикы мад. Алан, кæм дæ? Кæм дæ, мæ хъæбул? Аланчик.Ам дæн, ам! Цы райдзаст райсом у, Нана! Кæс-ма, уыцы мигъ рæсугъд чызджы хуызæн у, цыма урс дарæсы ис! Аланчикы мад. Алан, мауал тæх мигъты ’хсæн. Кæд фæ- зондджындæр уыдзынæ? А л а н ч и к. Æлдар куы суон, уæд! Аланчикы мад. Æдылы ныхæстæ ма кæн! Уый бæсты ба- зармæ ацу. Кæд абон дæ бон у, исты куыстыл кæд фæхæст уаис! Хæдзары хæринаджы мур нал баззад... Дæ фыд куы амард, уæдæй нырмæ бынтон ныммæгуыр стæм. А л а н ч и к. Нана, ис хæдзар балхæнæн, бæх, æлдар суын, фæлæ афтæ дæр царды рæсугъддзинад ма фенын! Аланчикы мад. Уый чи загъта? А л а н ч и к. Цавæрдæр зондджын лæг! Аланчикы мад.О, Хуыцау, мæ фыртæн мын сæрызонд цæуылнæ радтай... Фæзындис Нодрыс. Н о д р ы с. Салам, лæппу! Ал анч и к. Салам! Н о д р ы с. Ды Алан дæ, Хасаны фырт? Аланчик. Уый дæн! Н о д р ы с. Кæдæй-уæдæй дæ ссардтон, мæ лæппу! Кæдæй дæ агуырдтон! 16
Аланчик.Чи дæ, чи? Н о д р ы с. Æз дæ фыды æфсымæр дæн. Аланчикы мад. Хъусыс, мæнæ æнæзонгæ лæг? Мæ лæп- пуйæ дæ цы хъæуы? Н о д р ы с. Æз йæ фыды æфсымæр дæн! Аланчикы мад. Фыды æфсымæр? Цыдæр дæ нæ хъуыды кæнын... Н о д р ы с. 0, мæ чындз, æз ацы хъæуæй куы цыдтæн, уæд ме ’фсымæрæн ус нæма уыдис, уымæн мæ нæ зоныс. Аланчикы мад. Уæдæ де ’фсымæры ном цы хуыйны? Н о д р ы с. Хасан. Аланчик, сахуыр дæ кæнон бирæ æхца ку- сын? (æхца систа). Рацу мæ фæстæ! Аланчикы мад. Ацу, кæд афтæ у, уæд! (ацыдысты). Æртыккаг архайд Уæрæх афтид уынг. Н о д р ы с. Æрбахæццæ стæм. Уыныс ацы цъай? Ал анч ик.Уынын! Н о д р ы с. Гыццыл раздæр ауылты фæцæйцыдтæн, æмæ дзы цыдæр хъæлæс фехъуыстон. Ныккастæн, æмæ дзы рувас. Дæ хорзæхæй, ныххиз æмæ йæ сис! А л а н ч и к. Æмæ дæ цæмæн хъæуы уыцы рувас? Дзурын кæй зоны, уый тыххæй? Н о д р ы с. Фæстæдæр дын æй зæгъдзынæн. Аланчик ныххызт æмæуайтагъд сзынд æд рувас. А л а н ч и к. Тынг тæссаг уыдис уыцы талынджы! Н о д р ы с. Æдылы, ацы рувас цыфæнды сызгъæринæй зынаргъдæр у! Æри йæ ардæм! А л а н ч и к. Цалынмæ хабар бамбарон, уæдмæ йæ нæ дæт- тын. Нодрыс. Æри йæ дын зæгъын! Науæд дæ амардзынæн! (хъама систа). Аланчик алыгъд. Н о д р ы с. Æнæбайрайгæ макуы фæуай. Рувас! Рувас! (ацы- 2* 17
Цыппæрæм архайд Базар. Уæйгæнджытæ æмæ адæм дыууæрдæм кæнынц. Хъахъхъæнджытæ. Хъусут иууылдæр! Æмæ ма зæгъут, нæ фехъуыстам! Æлдары чызг Агуындæ рацыдис галуанæй! Мачи йын хъуамæ фена йæ цæсгом! Чи йæм скæса, уымæн — мæлæт! Æ л д а р . Мæ чызг, цæуыл æнкъард кæныс? Фæткъуы дæ хъæуы? Æви дæ кæрдо хъæуы атæппæт бæркадæй? Агуындæ. Мæн хъæуы... исты рухс, æнæуæз, фæлмæн... Скæс-ма, дада, уæртæ арвмæ, цыма æрыгон рæсугъд лæппу у мигъ урс дарæсы! Æлдар. Цы хъуыдытæ ис йæ сæры! Мæнæ цы зын у, чызг дын куы уа, уæд... Æрбатахт Аланчикæд рувас, хъахъхъæнджытыл йæхи скъуырдта. Агуындæ худы. А г у ы н д æ . Мæн фæнды, цæмæй мæм æрбакæса ацы лæппу! Æ л д а р . Омæ йæм уæд мæлæт æнхъæлмæ кæсы! А г у ы н д æ. Мæн фæнды, цæмæй мæм æрбакæса ацы лæппу! А л а н ч и к. Диссаг, куыд рæсугъд дæ. 0, фæнды мæ, цæмæй домбай æрбалæбура æмæ дæ æз фервæзын кæнон! Фæнды мæ, цæмæй дæ галуан ссудза æмæ дæ æз уырдыгæй рахæссон! А г у ы н д æ. Цы æнахуыр цыдæртæ дзурыс. Дæ ном та цы хуыйны? А л а н ч и к. Аланчик дæн. А г у ы н д æ. Аланчик! Æ л д а р. Мæ чызгмæ мын цытæ уæнды! Амарут æй! Аланчикы мад разгъордта. Аланчикы мад.О, æлдар, ма йæ амар, уый бæсты мæн фесаф! Цытджын æлдар, мæ иунæг хъæбул у! Курын дæ, фæтæри- гъæд ын кæн! Æ л д а р . Иунæг фырт... Мæнæн та — иунæг чызг... Хорз, ауа- дзут æй, æрмæст уæ мæ цæсты кæронæй дæр куыд нал фенон, афтæ! Æлдар, Агуындæ, хъахъхъæнджытæ ацыдысты. Аланчикы мад. Куыд дын фæтарстæн! А л а н ч и к. Агуындæ... Аланчикы мад. Хур дæ ныццавта, æви?! Цон, дон дын æрбадавон. Ацыд. 18
Рувас. Аланчик, æз хуымæтæг рувас нæ дæн. Хатын дæ хъуыдытæ! А л а н ч и к. Цы хатыс, мæ хорз æмбал? Рувас скуыдта. А л а н ч и к . Цы кодтай, Рувас? Р у в а с. Æз бирæ цæрын, бирæ хицæутты аивтон, фæлæ ал- кæмæн дæр цагъайраг уыдтæн, дæуæн та — æмбал. Фæзынд Аланчикы мад. Аланчикы мад.Чиууыйта? А л а н ч и к. Рувас, нана, нæ йæ уыныс? Ме ’мбал у. Аланчикы мад. Рувасæмбал... Мæ боныл... А л а н ч и к. Нана, фæндæттæ æххæст кæны. Аланчикы мад. Æмæ дæм цы фæнд ис? А л а н ч и к. Агуындæ мæ къай суæд! Аланчикы мад. Æгæр тынг дæ ныццавта хур, нæ, мæ лæппу? Мах æлдаримæ æмбар не стæм! А л а н ч и к. Омæ нæм ныр Рувас ис. Нана, ды ныртæккæ арастуыдзынæ æлдармæ æмæ йын мæ номæй сызгъæринтæ рат- дзынæ! Аланчикы мад. Цæй сызгъæринтæ? Ай нæм ссад куы нæ ис, нæ цалдæр карчы та ма нын дæ рувас куы фæдавдзæн... А л а н ч и к. Рувас, кæд гæнæн ис, уæд... Р у в а с. Бамбæрстон дæ! Сызгъæринтæ сæ цуры февзæрдысты. Аланчикы мад. Дуне сызгъæринтæ! Диссаджы рувас! А л а н ч и к. Ацу, Нана, æз та адæмæн радзурон, Агуындæйы кæй курын! Фæндзæм архайд Æлдары галуан. Æ л д а р . Мæ чызг, фынддæс усгур лæппуйы ’рбацыдис мах- мæ абон. Хъуамæ дзы иуы равзарай. Мæнæ, зæгъæм, Дæллаг Æл- дары фырт Рихиты Мурат. Тынг хъæздыг у! А г у ы н д æ. Æмæ къуымых! Æ л д а р . Омæ хорз. Гуыбынты Инал та? Агуындæ. Уый дæр къуымых, æмæ ма тæрсын, мæ сæр мын куы бахæра искæд. 19
Æ л д а р . Уæдæ алкæмæй хъæздыгдæр — Хъусты Феликс. Агуындæ. Кæй бауарзтон, æрмæст уымæ ацæудзынæн чындзы! Æ л д а р . Мæ хъустыл мыд цыма æркалди! Бауарзтай? Чи у, чи, уыцы амондджын? А г у ы н д æ. Аланчик... Æ л д а р . Аланчик?! Аланчикы мад æрбацыд. Аланчикы мад. Цытджын æлдар, дæ хорзæхæй, байхъус мæм! Æлдар. Дзур... (иуварсмæ). Цыма йæ кæмдæр федтон ай- размæ... Аланчикы мад. Мæ лæппу дын дæ чызджы хъавы раку- рынмæ æмæ мæн рарвыста, мæнæ фæткъуыимæ. Æ л д а р. Фæткъуыимæ? Аланчикы мад.О, нæ цæхæрадонæй у. Ноджы ма мæнæ сызгъæринтæ. Æ л д а р . Ныр та мæ цæстытыл æркалди мыд... Ахæм хъæз- дыг чи у, дæ фырты ном ма мын зæгъ. Аланчикы мад.Аланчик! Агуындæйæн йæ зæрдæ бахъарм. Æ л д а р. Цы кодтай, мæ чызг? Дохтырмæ бадзурут! Атæрут ацыусы! Агуындæ. Аланчик! Ракæнут æй ардæм! Æрбацыд Аланчик. Æлдар. Мæнæ цавæр дæ, хъæздыг Аланчик... Цыма дæ кæмдæр федтон нырид. Уæдæ амондджын ут! Нодрыс сæ цуры февзæрд. Н о д р ы с. Нæ уыдзæн чындзæхсæв! Фыййау Хасаны фырт у! Мæгуыртæ сты! Æ л д а р . Афтæ у? Аланчик. 0, фыййауы фырт дæн. Фæлæ дæ нæ сайдтон. Уарзын Агуындæйы! Н о д р ы с. Ма йæм хъус, æлдар. Сайæгой у æмæ ма давæгой дæр, адавта мын мæ Рувасы. Æ л д а р. Мæнæ ма диссæгтæ, æрхъуыды дæ кодтон. Æдзæсгом! Ахæстонмæ! Акодтой йæ.
Н о д р ы с. Агуындæйы мæнæн радт. Æ л д а р . Разы дæ, мæ чызг, ацы лæгмæ смой кæнын? А г у ы н д æ. Нæ дæн, уый бæсты — мæлæт! Фæзынд рувас. Н о д р ы с. 0, Рувас! Ам ма æрмæст Агуындæйы ныууадз... Р у в а с. Хъусын дæм. Дымгæ ахаста алкæйдæр, Агуындæйæ фæстæмæ. А г у ы н д æ. Аланчикы фæстæмæ раздах! Н о д р ы с. Рувас, амар Аланчикы! Фæзынд зæрондус. Зæронд ус. Куырм зæронд ус дæн, дон мын авæрут. Бахæстæг, йæ пæлæз аппæрста. А г у ы н д æ . Æгас дæ! А л а н ч и к. Мæ зæрдæ! Н о д р ы с. Æгас дæ? Рувас, цæуылнæ йæ амардтай? Р у в а с. Уымæн æмæ мæ уый йеддæмæ æмбал ничи никуы схуыдта. А л а н ч и к. Рувас, кæд гæнæн ис, уæд ма се ’ппæты дæр фæстæмæ æрбаздах ардæм! Р у в а с. Хъусын дæм... Иууылдæр ногæй фæзындысты. А г у ы н д æ. Дада! Æ л д а р . Мæ чызг! Бузныг дын, Аланчик! Фесафут уæртæ уыцы кæлæнгæнæджы! Ахæстонмæ йæ, марадз! Нодрысы хъахъхъæнджытæ акодтой. Дыууæуарзоны лæууынц. Аланчикы мад. Нæ сывæллæттæм кæсгæйæ мæ уырны, рæсугъддзинад кæй ис фенæн... Æ л д а р. Уый чи загъта? Аланчикы мад. Нæ зонын, иу зондджын лæг... КÆРОН
Бутаты Зауырбег АГУЫНДÆЙЫ БАЛЦ Уалдзыгон хур касти. Хъæуы адæм мæлдзыджыты хуызæн дыууæрдæм кодтой. Æнæ куыстæй дзы ничи уыдис. Уыцы хъæуы цардис Агуындæ йæ мадимæ. Фыд ын нæ уыдис, цыппар азы размæ зæйы бын фæцис. Агуындæ йæ мады тынг уарзта. Йæ фарсмæ-иу æрбалæууыд, æмæ-иу йæ бон цæмæй уыди, уымæй-иу æм фæкастис. Æрыгон уыд, æхсæрдæс азы йыл æххæст нæма цыдис. Сихор. Мад дон хæссынмæ ацыд. Рацыд сахат. Дыууæ. Нæ зыны æмæ нæ зыны. Агуындæ сывæллæттимæ хъазыдис, фæлæ изæрмæ хæстæг фæфиппайдта, йæ мад фæстиат кæны, уый. Тых- сын райдыдта. Адæмы фæрсгæ-фæрсгæ бахæццæ ис цæугæдоны размæ. Агуындæ кæсы æмæ уыны — фæдтæ доны тæккæ раз æрбай- сæфтысты. Хъуыдыты аныгъуылд, уæдæ цы фæцис йæ мад, зæ- гъгæ. Фæстæмæ куыд ацыдаид, уый дæр нал зыдта, уымæн æмæ æрталынг ис. Стъалытæ тынг æрттывтой, рухс уыдис. Ныр ма йыл бирæгъ куы фембæла, уый хъуаг ма у. Æрбадтис. Æрфынæй... — Ахиз-ма иуварс, — сæумæцъæхæй йæ чидæр хъал кæны. Агуындæ йæ цæстытæ бакодта æмæ федта цыдæр гæккуыри- хуыз цæрæгой. — Уæуу! — фæхъæр ласта æмæ лæдзæг йæ къухы фестад. Уæлæуæз æй фелвæста, цæмæй цæрæгойы ныззæланг кæна... — Ма кæн! Ма кæн! Æвзæрæй дын куы ницы кодтон... Ам дæ быны мæ хæринаг æмбæхст уыдис. Иууылдæр иухуызæттæ стут, æви?! — кæуæгау сдзырдта цæрæгой. — Уый та цы хоныс, иухуызон? — лæдзæг æруагъта æмæ ба- фарста Агуындæ. — Дысон-ма дзы уыдис иу дæу хуызæн, æрмæст зæронддæр. Уый дæр мын мæ хæринагыл ныллæууыд, æз æм рагæпп кодтон, цæмæй йæ афæрсон, куырм у æви цы... 22
Агуындæйы цæсгомыл зындис, кæй рамæсты уыцы ныхæстæм, уый. Гæккуырихуыз йæ ныхас фæивта: — Хех, хех, зæгъынмæ йын хъавыдтæн, ома, хорз ус, дæ хорзæхæй, дæ къæхты бынмæ кæс... Фæлæ дзы ницыуал рауадис, дон æй йæхи бакодта цæстыфæныкъуылдмæ. — Уый та куыд? — бафарста Агуындæ. — Дынджыр уылæн — æмæ ус нал ис. Ахаста йæ, — дзуапп радта гæккуырихуыз. Куыддæр уый загъта, афтæ дын доны уылæнтæ куы фæдын- джыр уаиккой. Гæккуырихуыз кæрдæгхуыз нал уыдис, фæлæ морæ, йæ алыварс цы дуртæ уыдис, уыдонау. Уылæн сæ ахаста. Уалынмæ дын йæхимæ ’рцыдис Агуындæ. Ракæс-бакæс кæны, фæлæ не ’мбары, кæм ис, уый. Ауыдта гæккуырихуызы. Базгъ- ордта йæм: — Кæм стæм, зæгъ мын æй, кæннод дæ дзабырæй цæвын! — Уæу, уæу, чызг, сабырдæр... — Агуындæ дæн æз! Чызг мæ ма хон! — Уæдæ мæнæн та мæ ном у Феликс... — Цæмæ мæ хъæуы дæ ном?! Кæм ыстæм, дзургæ! — Нæ зонын, кæм стæм, уый. Дæ хорзæхæй, айс-ма дæ дза- быр, гыццыл мæхимæ æрцæуон... Агуындæ фæсабыр ис... Бады, цы кæна, уый не ’мбары. Бафæн- дыдис æй Феликсæй фылдæр базонын. — Райхъус-ма, мæ ды цавæр цæрæгой дæ? — Хамелеон... — Уый та циу, куыд æмбаргæ у? — Хъæбатыр! — фæхъæр ласта Феликс æмæ йæ буар ныссырх. — Ой, дæ хуыз дæр фæивыс!? — Уæдæ, æз æнæхъæн Зæххы къорийыл иунæг ахæм дæн, — ноджы тынгдæр ныссырх Феликс. — Феликс, æцæгæй нæ зоныс, кæм стæм, уый? — бафарста Агуындæ. — Нæ зонын, — загъта Феликс æмæ та кæрдæгхуыз кæнын райдыдта, — фæлæ, мæнмæ гæсгæ, зонын, кæй агурæг рацыдтæ, уый цы фæцис, — æмæ бацамыдта, доны был цы фæдтæ уыдис, уыдонмæ. — Феликс, уæддæр иумæ хъуамæ уæм, цæмæй ардыгæй исты хуызты фервæзæм! — загъта Агуындæ. Гæккуырихуыз ницыуал загъта æмæ фæд-фæд араст сты Агуындæйы мады агурæг. 23
Бирæ фæцыдаиккой æви гыццыл, фæлæ бахæццæ сты егъау гæнахмæ. Цыппар уæладзыджы дзы зындис. — Цæй, уæдæ, нæ тыхтæ æмæ нæхæдæг, — бахудт Феликс. Дуар бахостой. Уый йæхæдæг байгом æмæ дзы райхъуыст, сæрыхъуын арц кæмæй слæууыд, ахæм хъæлæс. — Чи стут? Цы агурут ам? — Агуындæ, дæу фæрсы, дзуапп ын радт! — чызджы фæстæ амбæхст Феликс, йæ хъæбатырдзинады кой дзы нал уыд. — Æз дæн Агуындæ, æз агурын мæ мады... мыййаг ам нæй? — Хм, ам ис, фæлæ ам баззайдзæн... Æнæфæрсгæйæ дон дав- та. Кæд ды ам дæ, уæд ды дæр давтай. Ды дæр ам баззайдзынæ. — Никуы! — фæхъæр ласта Агуындæ æмæ æрзылд. Кæсы æмæ Феликс ныббур. Афтæмæй сабыргай фæстæдæр акъахдзæфтæ кодта. — Феликс, тæрсгæ кæныс? — Æз? Никуы! — ныссырх та ис гæккуырихуыз. — Цы нæ хъæуы скæнын, цæмæй не ’ртæйы дæр ауадзат, уый тыххæй? — бафарста чызг. — Цыппæрæм уæладзыгмæ уæ хъæуы схизын, — райхъуыст дуарæй хъæлæс. — Уæдæуæд афтæ! Схиздзыстæм! — хъæддыхæй загътачызг. — Базон-базонтæ уæ хъæудзæн базонын! — айхъуыст ма фæстагмæ хъæлæс... Хъæлæс куы æрбайсæфт, уæд Феликс фæныфсджындæр ис: — Ныр ма иу ныхас куы скодтаид, уæд æй аскъуыдтæ кодта- ин! — æмæ тынгдæр ныссырх. — Уæдæ, уæдæ, Феликс... — бахахх æй кодта Агуындæ æмæ дуарыл бахызтысты. Фыццаг уæладзыджы бадтис зæронд лæг. Куыддæр бахызты- сты, афтæ сæм дзуры: — Хъуамæ базон-базон базонат, кæннод ам баззайдзыстут... Цæттæ стут? — 0, цæттæ стæм... — Нæ зонын, нæ зонын, — загъта Феликс. — Уæдæ хъусут: райсомæй йæ цыппæртыл фæцæуы, сихо- рæй — дыууæ къахыл, изæрæй та — æртæйыл. Цæй кой кæнын? Феликсæн йæ дзых гомæй аззадис... Агуындæ хъуыдыты ацыд, тарстис, куы нæ йæ базона, æмæ ацы бæстæйы куы баззайа. Йæ цæстытыл ауад йæ хъæу. Мæнæ сыхæгты гыццыл сывæллон хъазæнæй хъазы. Гыццыл фалдæр
йæ мад цъындатæ бийы, йæ фарсмæ та бады сæ зæронд лæг, йæ къухы хъил, афтæмæй... — Æз зонын дзуапп, фæлæ йæ ды зæгъ! — загъта Агуындæ- йæн Феликс æмæ та асырх ис. — Уый у адæймаг... 0! Адæймаг у! Райсомæй, ома куы рай- гуыры, уæд йæ цыппæртыл. Сихорæй, куы айрæзы — дыууæ къахыл, æмæ изæрæй лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ зæрæттæ фæ- цæуынц... Феликсæн йæ дзых гомæй аззад. Зæронд лæг змис фестадис. — Ихуууууууууу! — фыр цинæй фæхъæр ласта Феликс, æмæ арвыроны хуызтæ ссис йæ буар. — Раджы у нырма цин кæнынæн, фæцæуæм дыккаг уæла- дзыгмæ, — загъта Агуындæ. Схызтысты дыккагмæ, Феликс Агуындæйы уæхскыл бады, афтæмæй. Кæсынц, æмæ дзы бады фыццагæй зæронддæр лæг. — Дарддæр хъус: мæрдты раудæгас кæны. Мах хатгай худын фæкæны, хатгай та — кæуын. Цæстыфæныкъуылдмæ фæзыны. Куы базæронд вæййыс, уæд амæлы. — Ныр уый цы хъуамæ уа? — тыхстхуызæй афарста Феликс Агуындæйы. Агуындæйæн йæ цæстытыл ауадысты йæ мад æмæ йæ фыд. Куыд хъæлдзæг уыдис, изæрыгон-иу хæдзары куы бадтысты, æмæ куыд æнкъард у, фыд семæ куы нал ис, уæдæй нырмæ. Фæлæ хъуыдыты руаджы сæ фарсмæ арæх вæййы... — Уый у, æвæццæгæн, мысæн... — Раст дæ, мæнæ чызг, — æмæ зæронд лæг змис фестад. Ахæм зондджын кæцæй дæ? — бадис кодта Феликс. Нæ зонын, нæ зонын... Æнæдзургæйæ æртыккаг уæладзыгмæ схызтысты. Кæсынц, æмæ дзы бадынц дыууæ зæронд лæджы. Бадис кодтой. Ничи ма сæм никуы бахæццæ ис. — Мæнæ чызг, уæдæ хъус ардæм: æхсæвы вæййынц сæ бына- ты æнæ дзургæйæ, боныцъæхтыл дзы иу дæр нал фендзынæ. Агуындæйы цæстытыл уайтагъд рухс æхсæв ауад, цæй руа- джы рухс уыдис, уыдонимæ, æмæ загъта дзуапп: — Стъалытæ... Зæрæттæй та иу фестад змис. Дыккаг зæронд лæг загъта: — Уæлæуæз у фæлæ нæ рæзы, дæлæмæ бæлæстæм кæсы, фæлæ йæ уидæгтæ æмбæхсы. 25
Феликс ныббур ис. Нæ зыдта, цы зæгъа, уый. Баххуыс кæнын æй фæндыдис, фæлæ йæ сæрмæ ницы цыдис. Агуындæ та йын æцæг æмбал сси. Чызг та рудзынгмæ йæ цæстытæ ныццавта æмæ йæхинымæр, ам кæдзæхтæ дæр куы нæ ис, махмæ та дуне бæр- зонд къæдзæхтæ, зæгъгæ, бакодта. — Къæдзæх! — фæхъæр ласта чызг. Дыккаг зæронд лæг ма цыдæр зæгъынмæ хъавыдис, фæлæ змис фестад. Афтæ бæлццæттæ цыппæрæм уæладзыгмæ схæццæ сты. Уат- мæ бахызтысты æмæ та хъусынц уыцы хъæлæс: æрмæстдæр дыу- уæйы уыдзæнис мæ бон ауадзын, базон-базон куы базонат, уæд. — Раст нæу! Гæды ныхæстæ ма кæн! Дыууæйы кой дзы нæ уыдис! — смæсты Агуындæ. — Ма мæсты кæн, Агуындæ, мæнæн ам хорз уыдзæн. Ды дæ мадимæ фездæх уæ хъæумæ, хъæлдзæг цард кæнут, — загъта Фе- ликс æмæ ныссырх. — Сайыс, сайыс! Зоныс, кæцæй йæ базонын, сайгæ кæныс? Ныссырх вæййыс пъамидоры хуызæн. Нæ дын уыдзæн ам хорз! Мæнæ ма мæ дзыккуты амбæхс æмæ дæ нæ фендзæнис. Феликсы скæуынмæ бирæ нал хъуыдис. Амбæхст. — Хъæлæс, кæм дæ? Дзур дæ базон-базон, хъусын дæм, — за- гъта Агуындæ. — Уалдзæджы йæ хуыздæр дарæс скæны, зымæджы та бæгъ- нæгæй фæлæууы... Чызг хъуыдыты аныгъуылдис. Феликсæн та йæ цæстытыл ауад, куыд-иу æмбæхстис цъиусурæй бæласыл сыфтæрты ’хсæн, æмæ куыд зын уыдис зымæгон æнæ сыфтæй. — Бæлас! — Агуындæйы хъусы сусæгæй дзуры Феликс, — бæлас у! — Бæлас! — фæхъæр ласта Агуындæ... Цæстытæ райгом кодта. Рабадтис. Кæсы, æмæ дын йæ хæ- дзары йæ сынтæджы.^Уайтагъд йæ мадыл ахъуыды кодта, æмæ уынгмæ разгъордта. Йæ мад сыхæгты усимæ цъындатæ быдта. Агуындæ æхсызгонæй сулæфыд. Феликсыл дæр ма ахъуыды код- та. Никуыуал æй федта, фæлæ алы зымæг дæр цалдæр бæласыл бадæн æхгæд бынæттæ акæны, цæмæй цъиусур Феликсы ма хъыгдара.
МЫРÆМÆЙЕ’МБАЛ Дыууадæсаздзыд лæппу базары лæууыдис æмæ гауыз уæй кодта. Адæм йæ алыварс æмбырд кæнын райдыдтой. — Бакæс-ма йæм! Афтæ нын нæ загътай, ахъахъхъæндзынæ нын нæ гауыз? Дæхæдæг та йæ адавтай æмæ йæ ам уæй кæныс! — адæмы ’хсæнæй иу лæг радзырдта. — Кæмæн йæ бон куыд у афтæ цæры! — дзуапп радта лæппу æмæ лидзынмæ фæцис. Æртæ лæджы йæ расырдтой. Акаст лæппу æмæ никæй уыны. Цæугæдоны был æрбадтис аулæфыны тыххæй. Райхъуыст æм къæбылайы рæйын. — А, гыццыл къæбыла. Æххормаг дын у нæ? Мæнмæ ис дзу- лы къæбæр, фæлæ йæм сгæпп кæн. Ацы царды дæхæдæг куы нæ архайай, уæд дæм ничи фæкæсдзæнис, — загъта лæппу æмæ къæбæр йæ къухы балхъывта. Къæбыла цалдæр гæппы скодта, афтæ дын уыцы æртæ лæджы лæппуйы раз куы фестиккой. Къæбылайы иуварс асхуы- стой æмæ лæппуйы дæрæн кæнын райдыдтой. Уалынмæ хидыл федтой иу æрыгон нæлгоймаджы. Уый тынг æнахуыр уыдис, йæ цæст ныкъулгæ дæр нæ кодта. — Лæппу айс дæхи, цалынмæ дæу дæр нæ фæнадтам! — фæхъæр кодта лæгтæй иу Æвиппайды денджызæй богъоли разынд, æртæ лæджы кой дæр цыма нæ уыдис, афтæ. Гыццыл лæппу фыртæсæй йæ бынатæй нал змæлыд, æрыгон та тохы бацыд уыцы богъолиимæ æмæ йыл фæуæлахиз ис. Уый дын куыд рауад? Чи дæ? Æз Мыр, мæ ном ахæм у Ды та? Нæ мæм кæсыс? Уыныс мæ? — гыццыл лæппуйы фарстытæн кæрон нал уыдис. — Æз зонын, куыд хъæуы кусын æхца, ды та мын æххуыс кæндзынæ. Кæд ницы дзурыс ныхмæ, уæд разы дæ. Цæуæм уæдæ! Мыр, чи у ацы нæлгоймаг æмæ кæцæй фæзындис, уымæн ницы ’мбæрста, фæлæ йæ фервæзын кодта, æмæ йыл баууæндыд. Ноджы йыл хылы размæ мæнгдзæсгом уыд, ныр та йæхи хуыз ра- зынд... 27
Бирæ фæцыдысты æви чысыл, фæлæ бахæццæ сты иу хъæумæ. Сызгъæринæй арæзт хæдзæрттæ дзы. Цæрджытæй сæм рацыдысты æртæйæ. — Кæд богъолийыл фæтых уыдзыстут, уæд рахизут æмæ уæ хъæуы хицауæн равдисæм. Кæд нæ, уæд уæ фæндаг раст. — Мах дæр богъоли йеддæмæ куы ницы хъæуы, нæ, ме ’фсымæр? — сдзырдта Мыр нæлгоймагмæ. Дыууæ бæлццоны бакодтой хъæуы хицаумæ. Уый уыдис сылгоймаг. Æрыгон нæлгоймаг куыддæр уатмæ бахызт, афтæ йæхи хъæуы хицауыл ныццавта. Уый дæр богъоли разындис. Цæрджытæ-иу бæлццонты хъæумæ ’рбасайдтой, æмæ уый хъæуккæгты нæ хордта. Хъæуæй рацыдысты дыууæйæ дæр. Мыр кастис æрыгон- мæ æмæ дис кодта. Къæхтæ-къухтæ — хъæдынтæ... Фæлæ дын æвиппайды фæхъæр ласта æрыгон æмæ æрхауд зæххыл. Диссаг! Йæ хъæдын къах рахауд æмæ йыл ног разадис... Араст сты дард- дæр сæ фæндагыл. Цас фæцыдысты, чи зоны, фæлæ бахæццæ сты иу хъæумæ. Уынгты дзы цъиуæзмæлæг нæй. Иунæг чызг сыл амбæлди æрмæст. — Хорз чызг, ам цы хабар æрцыдис? — афарста Мыр. — Адæм сæ рустæн тæрсынц æмæ хæдзæртты бадынц. Иу цыдæр æнæлвыд лæг фæрацу-бацу кæны æмæ сын дзæхстытæ фæкæны сæ рустæ. Æз та мæнæ ме ’фсымæры агурæг рацыдтæн... — Мыййаг, богъоли нæу уыцы дзæхстытæ кæнаг? — афарста та Мыр, — уæд ныртæккæ æхца бакусиккам. — Нæ зонын, фæлæ... Чызг йæ ныхас кæронмæ нал ахæццæ кодта, афтæ къудзитæй рагæпп ласта æнæлвыд лæг æмæ чызджы ныххафт кæндзæн, зæгъгæ, афтæ йын йæ къух ацахста æрыгон лæппу. Æнæлвыд тынг хæстæг уыдис чызгмæ, йæ цæсгом дæр зынд. — Инал... — сдзырдта ма чызг, ме ’фсымæр... — Цы?! Де ’фсымæр у? — Мыр фæуыргъыйау. Уæдмæ æрыгон Иналы къухæй къухдарæн фелвæста æмæ йæ дурæй ныцъцъæл кодта. Инал йæхимæ æрцыдис æмæ йæ хойы дæр базыдта. Иууылдæр цин кодтой, Мырæй фæстæмæ — нæ та йын бантыст æхца бакусын. Араст сты сабыргай сæ фæндагыл, æмæ дын æрыгон йæ хъустыл фæхæцыд. Уайтагъд хъусын рай- дыдта æмæ нæма фæцахуыр. Мыр дæр æй бамбæрста, æмæ йын хъуымацæй йæ хъустæ сбаста фенцондæры тыххæй. Афтæ цыды- сты размæ. 28
Æрдз дæр йæхи ’вдыста. Хур каст æмæ адæм сыдæй мар- дысты. Кæмдæр фæздæг дæр зындис, æвæццæгæн та хæст уыд дыууæ паддзахы ’хсæн. Иу хъæуы цардис, Алан, зæгъгæ иу лæг. Уыцы хъæуы тынг арæх сæфтысты адæм. Æвзæр паддзах дзы уыдис хицау. Тæри- гъæд цы у, уый нæ зыдта. Адæм æнхъæлдтой, таурæгъмæ гæсгæ дзы æхсæвы фæзыны дынджыр хæлуарæг æмæ сæфтытæ уый тыххæй вæййынц. Уалынмæ нæ хъайтартæ, æрыгон æмæ Мыр, æрбахæццæ сты ацы хъæумæ. Хабар куы фехъуыстой, уæд æхсæ- выгон агурын райдыдтой уыцы хæлуарæджы. Алан хæдзармæ быдыры рæзты фæцæйцыд æмæ дзы федта фæллад сылгоймаджы, фæкастис æм, баххуыс ын кодта. Хæдзар- мæ йæ ’рбакодта æмæ йын хæринаг радта, йæ уазæгмæ базылд. Йæхи гуыбыны хъуыр-хъуыр æххормагæй ссыди. — Цы у уый? — бафарста сылгоймаг. — Ницы, ницы... Дæ хæрыны куыст кæн, — дзуапп радта Алан. Сылгоймаг æй бахæрынмæ хъавыд, уымæн æмæ уый уыд уыцы хæлуарæг-богъоли, фæлæ йыл йæ лæггадмæ гæсгæ ба- цауæрста. Райсомæй паддзахы æфсæддонтæ ’рбацыдысты Аланы хæдзары размæ. Иннæрдыгæй та — æрыгон æмæ Мыр. — Рахизут уынгмæ! — фæхъæр ласта æфсæддонтæй иу. Алан æмæ сылгоймаг рахызтысты... — Сымах хъуамæ паддзахмæ бацæуат æнæмæнгæй! — Адæмы адон давтой? — тызмæгæй бафарста Мыр. — Æз, — сдзырдта Алан, — æрмæст æз... Ауадзут ацы сылгой- маджы... — Цæмæн сæ давтай, адæймаг куы дæ? — Уымæн æмæ сын æз сæрибардзинад лæвар кодтон, лидзын сын æххуыс кодтон ахæм паддзахæй. — Ды мæн фервæзын кодтай, æнæзонгæ уыдтæн афтæ, хæринаг мын радтай æмæ ныр дæр мæ сæрыл хæцыс, — рай- хъуыст сылгоймаджы хъæлæс. Ныр та мæ рад у! Уыйадыл Аланы фелвæста æмæ æрбайсæфтысты. — Хорз æмæ хъусыс, æндæр та богъолийыл дæхи ныццавта- ис, нæ? — афарста Мыр, — фæлæ та диссаг — æнæ æхцайæ баз- задыстæм. Æфсæддонтæ дæр паддзахмæ æнæ ницæмæй араст сты. Мыр æрыгонимæ фæцæуы хъæды. Мыры размæ бæласæй хæлуарæг æрхауд æмæ иуварс агæпп кодта, фæтарстис. Æрыгон бахудтис. 29
Фæзынд! Дæ хъæлæс фæзынд! Ныр мемæ дзурдзынæ, нæ? Фæлæ ницы дзургæйæ дарддæр цыдис æрыгон. Ацы хатт бахæццæ сты се ’ппæты хъæздыгдæр зæххытæм. Мæнæ-мæнæ хæст кæм хъуамæ райдыдтаид, уырдæм. Сæ размæ рацыдис паддзах. Йæ ном хуындис Хорх. Куыддæр æрыгон лæп- пуйы ауыдта, афтæ йæ цæссыгтæ æркалдысты. Мыр лæугæйæ баззад, фезмæлын йæ бон нæ уыд. — Мæ лæппу, ды дæ? — сдзырдта паддзах. Æрыгон йæ сæр æруагъта. Паддзах æм бацыд æмæ йын ахъæ- быс кодта хатыртæ кургæйæ. Ныр хабæрттæ Мырæн дæр раргом сты. Æрыгоны райгуыр- ды фæстæ куыд нæ аирвæзтис йæ мад, богъолитæ йын йæ буа- ры хæйттæ куыд фæдавтой, фæлæ хуымæтæджы нæ. Паддзахы зæххытыл нæ хæст уыдис, нæ æвзæр бонтæ цыдис уæдæй фæстæмæ. Æрыгонæн йæ буары хæйттæй кæцыдæртæ йæхиуыл сты, уый та нысан кодта, кæй йæм здæхтысты богъолиты æм- булгæйæ æмæ раздæрау хæст кæй æрбаввахс, æнæмæт цард кæй фæуд кодта. Фæлæ æрыгон йæ фыдæн алцыдæр куы ныххатыр кодта, уæд йæ буары хæйттæ се ’ппæт дæр сæ бынат ссардтой. Богъолиты хин фæцыдæр. Афтæмæй Мыр йæхицæн ног хистæр æфсымæры ссардта, æрыгон та — йæ фыды.
Гæбæчиты Виктория СЫЗГЪÆРИН СИС Раджы-ма раджы цардис æмæ уыдис иу хъæздыг æлдар. Ахæм хъæздыг уыди, æмæ йæ бæсты кæрæттыл хæххон цæргæс къуыри тахт нæ фæуыдаид. Иу бон куы уыд, уæд æлдар дард балцæй æрбайцæйцыд. Сæ хъæумæ бирæ нал хъуыд, афтæ æрцыд тыхджын тæрккъæвда. Кæсы, æмæ иу стыр бæласы бын сæхи æрæмбæхстой æртæ уæйыджы. Сæ дон сæ фæдджитæй уайы. Æлдар йæ саулох бæх бæласы бынмæ баскъæрдта, уæй- гуытæм дзуры: «Дардæй цæуджыты хуызæн стут. Фысым уын уыдзынæн!» Уæйгуытæ араст сты æлдаримæ. Суазæг сæ кодта, сæ уæлæдарæс сын бахус кодта. Уазджытæ уыдысты æфсымæртæ. Райсомæй цæуыныл куы ныллæууыдысты, уæд сæ хистæр афтæ зæгъы: «Нæ буц фысым, зæрдиаг арфæ дын кæнæм! Дæ саламæн дын лæвар кæнæм нæ иунæг хойы бинойнагæн. Æнхъæлмæ нæм кæс иннæбон». Уыйадыл ацыдысты. Къуырийы фæстæ æртæ æфсымæры æлдары хæдзармæ æрбахуыдтой сæ хойы. Ахæм рæсугъд уыди, ахæм, æмæ æппæт дунейы дæр дыккаг ахæм нæ уыди. Цæрын райдыдтой кæрæдзийы уарзгæйæ æлдар æмæ уæйгуыты хо. Цас фæцардысты, хуыцау йæ зонæг. Иу бон куы уыди, уæд æлдар сфæнд кодта балцы фæцæуын, хæтæнты ахæтын, цæуæн- ты ауайын. Йæ бæх йæ быны кафыди, уæлбæхæй хæрзбон загъ- та йæ рæсугъдæн æмæ араст. Цас фæхатти, бирæ æви чысыл, чи зоны, фæлæ хæдзармæ раздæхыны рæстæг æрцыд. Йæ саулохы рохтæ æрбалвæста æмæ йæ сæхирдæм фездæхта. Йæ фæндаг йæ хоры быдыртæ æмæ фосы рæгъæуттыл акодта. Йæ хъæз- дыгдзинæдтæй йæ зæрдæ барухс. Фæлæ диссаг! Фосы дзугтыл йæ цæст нæ хæцы. Сæрвæтты иу фыс, иу уæрыкк змæлæг нæй. Йæ саулохы басхуыста æмæ цæстыфæныкъуылдмæ рагъыл бал- лæууыдысты. 31
Кæсы, æмæ арф æрхы æнæнымæц фосы дзугтæ батымбыл сты. Фос дойны æмæ стонгæй уасынц, сæ къæхтыл тыххæй лæууынц. Æлдар сæм хæстæг бацыд. Цæст кæуыл не ’ххæссы, уыцы фосы дзуджы æртымбыл кодта сау калм. Æлдар æм дзу- ры: «Чи дæ? Курын дæ, ауадз фосы!» Нæй дзуапп дæттæг. Ноджы тынгдæр æрбалвæста фосы. Сæ уасын дур дыууæ кодта. Æлдар та йæм хаты: «Чи дæ, цавæр тыхгæнæг дæ? Кæд мæ фосæй дæхицæн фос кæныс, уæд сæ атæр, дæу фæуæнт! Суæгъд сæ кæн æрмæст, æгомыг фос тæригъæд сты æнæ дон æмæ хæринагæй». Уæд æм калм дзуры адæймаджы хъæлæсæй: «Суæгъд сæ кæндзынæн! Æрмæст мын дзырд радт, де ’нæзонгæ хæзна мын кæй ратдзынæ!» Æлдар дзуапп радта: «Мæ фос, мæ зæххытæ сты мæ хæзнатæ! Дæу фæуæнт, æрмæст фосы донмæ ауадз». Калмы ставд буар уылæнтæ-уылæнтæй азгъордта фосы дзугыл. Уыдон ноджы тынгдæр ныууасыдысты. Æлдар фæлмæнзæрдæ лæг уыд, сæ тæригъæдмæ йæ зæрдæйы тугтæ калдысты, фæлæ ницы йæ бон уыди. Калм æм дзуры мæстыйæ: «Мæн ницæмæн хъæуынц дæ фос, дæ хъæздыг быдыртæ. Мæн хъæуы де ’нæзонгæ хæзна!» Æлдар дзуапп радта: «Кæд мæ бæстыхæйтты искæм ис, æз кæй нæ зонын, ахæм хæзна, уæд дæу фæуæд! Æрмæст суæгъд кæн фосы». «Дæ дзырдæн хицау уыдзынæ, æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн», — загъта калм, йæ къæдзил йæ фындзæй фелвæста, йæ фæд ма йын ауыдта æлдар. Фос донгуырæнмæ ныццавтой, стæй хизын- мæ апырх сты цъæх сæрвæтыл. Æлдар йæ бæхыл абадт æмæ сæхимæ араст. Сæ хъæугæрон- мæ куы бахæццæ, уæд сыхаг лæппутæ йæ размæ разгъордтой: «Дæ фарн, дæ фарн, нæ буц æлдар! Лæппу дын райгуырд!» Æлдар сагъдауæй аззад. Фырмæстæй йæ зæрдæ адур, æр- мæст ма афтæ бакодта: «Хуыцау дын æй ма ныббарæд! Æзынма мын цы хуыдта ме ’нæзонгæ хæзна!» Сæргуыбыр æмæ уæнтæхъилæй фæцæуы сæхимæ. Дуармæ йæ фырт хъазыд йе ’мгар лæппутимæ. Сыхаг лæппу-иу тымбыл къухы йас дур фехста, æлдары фырт та-иу æй ныззыввытт кодта æхсæры нæмыгау. Уый фенгæйæ æлдар ноджы æнкъарддæрæй бацыд хæдзармæ. Лæппу афтæ тагъд рæзыд, æмæ йыл сахатмæ уылынг æфтыд, æхсæвæй бонмæ та — уыдисн. Æлдар бонæй-бон æрхуымдæр кодта. Уæд æй иу бон йæ фырт баййардта: «Цы кæныс, баба, æви дын мæ райгуырд зын уыд?» Æлдар арф ныуулæфыд, фыццаг ын 32
нæ хъавыд хабар хъæр кæнынмæ, фæлæ йæ йæ фырт куы нал уагъта, уæд ын радзырдта йæ сусæг маст. Уæд фырт йæ фыдмæ дзуры: «Баба! Дзырд радтай, уæд æй сæххæст кæн. Барæвдз мæ кæн дард балцмæ. Ацу æмæ мын куыр- дадзы æфсæйнаг лæдзæг сæхсидын кæн». Æлдар æфсæйнаджы сæстæгтæ рамбырд кодта йæ хъæбысы, фæраст куырдадз- мæ. Лæппу бахудт æмæ афтæ зæгъы: «Баба, уыдон чысыл сты». Фондз галуæрдоны æфсæйнаг аласта куырдадзмæ. Хорз сæхсы- стой лæдзæг. Фондз галы та йæ фæстæмæ сыфцæй æрластой. Лæппу рауад, бумбулийау æй фелвæста, фехста йæ хæрдмæ, йæ армытъæпæн æм фæдардта, æмæ лæдзæг фæдыдагъ. Фырт та афтæ зæгъы: «Баба, бафтау ма йæм дыууæ уæрдоны». Авд галæй та фæстæмæ лæдзæг сластой. Куырдадзы хорз сæхсыстой утæппæт æфсæйнаг, фæлæ та лæдзæг нæ фæрæстмæ. Бафтыдтой та æфсæйнаг. Фараст галы тыххæй æрластой æндон лæдзæг. Лæппу та рауад, пуртийау фехста лæдзæг хæрдмæ. Йæ къух æм фæдардта. Лæдзæг цъула дæр нæ фæци. Уæд загъта: «Баба, уый лæдзæг у, лæдзæг! Ныр æз цæуын, хуыцау мæ кæмæн саккаг кодта, уымæ!» Мад æмæ фыд ныккуыдтой. Æлдар йæ сæр тымбыл къухæй ныххоста, мæ иунæджы фосыл сæрмæсæр фесæфтон, зæгъгæ. Дыккаг бон лæппу йæ саулох бæхыл абадт, хæрзбон загъта йæ ныййарджытæн æмæ афардæг йе ’нæзонгæ хъысмæты фæдыл. Цас фæцыди, бирæ æви чысыл, чи зоны. Хуыцау æй бахаста æлвæндагмæ. Фæндаг фæсаджил. Рахиз фарсыл фыст уыди: «Ацу дæ фæндаг раст», галиу фæндагыл фыст уыди: «Фыдбылызы бафт- дзынæ». Лæппу йæ бæх фæцарæзта рахизырдæм. Цæуы, цæуы æмæ бафтыд галиу фæндагмæ. Раздæхтта рахизмæ. Иу чысыл ауад, кæсы, æмæ та йæ хуыцау бафтыдта галиумæ. Бахызт та рахизмæ. Цас ма ауад, чи зоны, фæлæ та кæсы æмæ — галиу фæндаг. Нал раздæхт. «Цы уа, уый уæд», — загъта йæхицæн æмæ йыл афардæг. Иудзæвгар куы ауад, уæд бахæццæ хъæздыг галуантæм. Йæ бæх дуармæ сызгъæрин бæхбæттæныл абаста. Бацыд мидæмæ, æрбадт бандоныл. Иуцасдæры фæстæ къуымæй ратылд дзаг фынг алы хæрд, нозтимæ. Лæппу бахордта, арфæ ракодта æмæ фынг цыдæр фæци. Уалынджы рацыд иу зæронд лæг. Йæ зачъе — уæрджытæм. Тарæрфыгæй бакаст лæппумæ æмæ загъта: «Схæ- цæм!» «Буц зæронд! Æз мæ тых æвзарынмæ не ’рбацыдтæн ардæм. Фæлæ дæ кæд афтæ фæнды, уæд мын Уастырджи бахатыр кæнæд дæ тæригъæд!» Зæронд лæг æм фæлæбурдта. Рогæн абырсынмæ з* 33
йæ хъавыд, фæлæ ахæм гуыппырсаримæ не сбыцæу! Лæппу йæ цæстыфæныкъуылдмæ абырста. Йæ рихийæ йын иу æрду ратыд- та, йæ къæхтæ æмæ йын йæ къухтæ абаста, æмæ йæ быдыргъау ацауыгъта къулыл, стæй абадт йæ бадæны. Иучысыл рæстæджы фæстæ та йæм рацыд дыккаг зæронд лæг. Йæ рихитæ ронбастмæ. Дзуры лæппумæ: «Хæххон дзигло, мæ зæрды ис хъæбысæй рахæ- цын демæ! Дæ ныфс хæсыс?!» Лæппу та зæгъы: «Æз тых æвза- рынмæ не ’рбафтыдтæн, фæлæ дæ кæд афтæ фæнды, уæд мын дæ зæронды хатыр бакæнæд Уастырджи!» Цæй хатыртæ æмæ цæй цы! Зæронд лæг æм фæлæбурдта. Фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты. Лæппу йæ абырста. Иæ рихийæ йын иу æрду ратыдта. Йæ къæх- тæ æмæ йын йæ къухтæ абаста. Къулыл æй йе ’фсымæры фарсмæ ацауыгъта, уæ тæригъæд уæхи, зæгъгæ, загъта æмæ та æрбадт. Иу цъусдуг куы абадт, уæд та йæм рацыд æртыккаг зæронд лæг. Йæ рихитæ — йæ риумæ. Фæуæлахиз та ууыл дæр. Галуанæй куыд рацæйцыд, афтæ рувас рагæпп ласта. Лæппу рувасы суры. Фæндаг сæ бахаста æвæд тархъæдмæ. Уæдæ ныр цы чындæуа, калм куынæ абырдзæн ацы æнгом хъæды, уæд дзы куыд бацыдæуа! Йæ фыртыхстæй лæдзæгæй зæхх æрцавта лæп- пу. Лæдзæг куыддæр зæххы фæсагъд, афтæ хъæд фæйнæрдæм фæцыд æмæ лæппуйы раз февзæрд уæрдонвæндаджы уæрхæн уадздзаг. Лæппу ауыдта рувасы лидзгæ æмæ йæ суры. Лæдзæг та уæдæй нырмæ бæлццæттæн баззад бæхбæттæнæн. Рувас ли- дзы, лæппу йæ суры. Сырд фæллайын райдыдта. Се ’хсæн фæндаг цыбырæй-цыбырдæр кæны. Иу ран лæппу сырдмæ хæрзхæстæг бацыд, фæлæбурдта йæм. А ныр æй рацахса, зæгъгæ, афтæ рувас йæ фæстæгтыл алæууыд. Йæ конд, йæ уындæн æмбал нæ уыд, ахæм рæсугъд чызг фестад. Чызг æм афтæ дзуры: «Бафæллайын мæ кодтай! Дæ зонд, дæ хъаруйæ дæ бафæлвæрдтон, фæлæ ма дæ къахы цырддзинадæй фæлтæрдтон! Æз ацал-ауал азы дæумæ æнхъæлмæ кæсын! Хуыцау нæ кæрæдзийæн саккаг кодта». Лæппу тарстхуызæй фæстæмæ акъахдзæф кодта æмæ афтæ зæгъы: «Рæсугъд чызг! Æз дæ фæндимæ разы дæн, бæргæ! Фæлæ рацыдтæн ме сæфты фæндагыл, сау калмы дзыхмæ!» Чызг ба- худт æмæ афтæ зæгъы: «Мæ зынаргъ, уый æз дæн!» Лæппу чызгимæ раздæхт йæ мадырвадæлтæм. Уæйгуытæ сæ хæрæфыртæн стыр чындзæхсæв скодтой. Иу абонæй иннæ абон- мае минас фæкодтой. Уазæгуаты хорз у, фæлæ хи хæдзар — ноджы хуыздæр. Сфæнд кодта сæхимæ цæуын. Сызгъæрин къареты сæвæрдтой мадыфсымæртæ сæ чындз æмæ хæрæфырты. 34
Хистæр æфсымæр афтæ зæгъы: «Фæндараст, нæ буц хæрæ- фырт! Искуы дæ нæ сæр куы бахъæуа, бацагур-иу нæ æвæсти- атæй». Раарфæ кодта лæппу йæ мадыфсымæртæн. Бæхтæм февзы- ста æмæ араст йæ фæрныг хæдзармæ йæ рæсугъд усимæ. Цас фæ- цыдысты, хуыцау йæ зонæг! Иу ран быдырты куы фæцæйцыды- сты, уæд лæппу кæсы, æмæ сæ фæстæ æртывдтытæ калгæ згъо- ры сызгъæрин сис. Лæппу йæм рагæпп кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ чызг нæ бауагъта. Сис згъоры сæ фæстæ. Лæппу афтæ зæгъы: «Ауадзмæ мæ. Сисон æй. Мæ зæронд фыд дзы йæ рихи асæрф- дзæн». Чызг æм дзуры: «Ма йæм хæлæг кæн. Масты хос дын уы- дзæн. Фæфæсмон кæндзынæ!» Нæ йæм байхъуыста. Рагæпп кодта къаретæй. Рацахста сис. Йæ роны йæ атъыста. Æрхæццæ сты сæхимæ, уæдæ цы! Æлдар адæмæн æмбисонд чындзæхсæв скодта йæ иунæг фыртæн. Иæ сызгъæрин сис-иу ныхасмæ рахаста, æмæ-иу дзы йæ рихи, йе ’мхуызон зæронд лæгты цæстмæ, расæрф-басæрф кодта, æмæ- иу дзырдта: «Кæмæн ис мæ фырты хуызæн фырт?» Æгæр-æгæр куы æппæлыдис йæ фыртæй, уæд ын иу бон афтæ зæгъынц сыхы зæрæдтæ: «Кæд дæ фырт ахæм хорз у, уæд дын æрхæссæд, уыцы сис цы каркыл зади, уый». Зæронд æлдар бацыд сæхимæ. Йæ фыртыл бустæ кæны. Фырт æй фæрсы: «Цы кæныс, баба? Истæмæй дæ зæрдæхудты бацыдтæн, мыййаг?» Фыд ын мæстыйæ афтæ зæгъы: «Дæ сисæй мæ цы буц кæныс! Кæд мæ афтæ бирæ уарзыс, уæд мын æрхæсс, ацы сис цы каркыл зади, уый». Лæппу сæргуыбыр, уæнтæхъилæй бацыд йæ уатмæ. Ус æй фæрсы: «Цы кæныс, мæ сæрыхицау? Цы маст дæ бацыд?» Лæппу йын радзырдта йæ фыды ныхæстæ. Ус дзуапп радта: «Нæ дын за- гътон, ма йæ ис, фæсмонгонд уыдзынæ? Ныр дæхи бацæттæ кæн. Сæххæст ын кæн йæ курдиат. Дæ фæндаг акæн дæ мадыфсымæр- тыл. Уыдон дын феххуыс кæндзысты». Дыккаг бон лæппу араст дард балцы. Цас фæцыди, бирæ æви чысыл, чи зоны, фæлæ иу афон бахæццæ йæ мадырвадæлтæм. Уæйгуытæ йæ фырбуцæн кæм сбадын кодтаиккой, уый нæ зыд- той. Афарстой йæ сæ зæронд хойæ. Лæппу сын загъта: «Йе ’цæг дунемæ аивгъуыдта». Радзырдта сын, цы хъуыддаджы фæдыл æрбафтыд, уый тыххæй. Хистæр æфсымæр афтæ зæгъы: «Хорз фæндагыл нæ рацыдтæ, фæлæ исты амал уыдзæн. Паддзахы иунæгчызджы карку. Мæнæ нæ кæстæр æфсымæр цъиусур фест- дзæн. Афтæмæй кæд къухы бафтид». 35
Райсомæй раджы, йæ зачъе йæ уæрджытæм кæмæн уыд, уыцы уæйыг цъиусур фестад. Паддзахы рæсугъд чызг авд уæла- дзыджы сæр бадти. Иæ каркæн куыддæр уæлхæдзар нæмыг æр- калдта, афтæ цъиусур бæрзонд бæласы сæрæй йæхи раскъæрдта, сызгъæрин карчы аскъæфта. Сæхимæ бахæццæ. Лæппу раарфæ кодта йæ мады æфсымæртæн, хæрзбон сын загъта æмæ рацыд. Æрхæццæ сæхимæ, уæдæ цы уыдаид. Æлдары цинæн кæрон нал уыди. Ныхасмæ-иу рахаста йæ сызгъæрин карчы. Ноджы тынгдæр æппæлын райдыдта йæ фыртæй. Зæронд лæгтæ йæм фыццагæй тынгдæр мæсты кодтой. Хæлæгæй йæм мардысты. Зæронд æлдар æгæр-æгæр куы æппæлыд йæ каркæй, уæд та йын ныхасы бадджытæ бауайдзæф кодтой: «Кæд дæ фырт нæ фырт- тæй хуыздæр у, уæд дын бинойнагæн æрхонæд, ацы карк кæй уыди, уый». Æлдар та мæстыйæ бацыд йæ хæдзармæ. Фырт æй фæрсы: «Цы кæныс, баба? Дæ зæрдæхудты кæм бацыдтæн?» Фыд йæ рихи адаудта æмæ афтæ зæгъы: «Дæ каркæй мæ фæуæлбыл код- тай? Кæд мæ афтæ бирæ уарзыс, уæд мын бинойнагæн æрхон, ацы карк кæй уыдис, уыцы сылгоймаджы!» Ницы сдзырдта фырт. Сæргуыбыр, уæнтæхъилæй бацыд йæ уатмæ. Ус æй фæрсы: «Цы кæныс, мæ сæрыхицау? Цы маст дæ ба- цыд?» Лæппу йын загъта йæ фыды домæн. Ус ын афтæ зæгъы: «Æз зыдтон ацы хъуыддæгтæ. Фæлæ цы æрцæуа, уымæн раз- дахæн нал ис. Ацу дæ мады æфсымæртæм, уыдон та дын бах- хуыс кæндзысты». Æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куы хицæн код- той, уæд араст лæппу. Цас фæцыди, бирæ æви чысыл, чи зоны, фæлæ иу афон бахæццæ йæ мадырвадæлтæм. Бацин ыл кодтой, уæдæ цы! Лæппу радзырдта, цы хъуыддаджы фæдыл рацыд, уый. Хистæр æфсымæр афтæ зæгъы: «Æнцонæй нæ бафтдзæн къухы, фæлæ исты амал кæндзыстæм. Чызг тынг æнкъард кæны йæ каркыл. Астæуккаг æфсымæр фестдзæн сызгъæрин карк — йæ карчы хæдхалдих. Райсомæй уæлхæдзармæ куы рацæуа, уæд йæ размæ абаддзæн. Чызг каркыл цин кæндзæн, ахсынмæ йæ хъав- дзæн. Фæлæ йæ карк асинæй-асинмæ йæ фæдыл сайдзæн бын- мæ. Ды лæудзынæ мæсыджы рæбын. Куыддæр чызг зæхмæ йæ къах æрцæйиса, афтæ йæм фæлæбурдзынæ. Æрмæст хъуыды кæн. Чызджы рæсугъддзинадмæ ма бахæлæг кæн. Фæрсдзæн дæ: «Каемæн мæ хоныс?» Ма фæрæди мæнг ныхас зæгъынæй, цавд- дур фестдзынæ. Зæгъ-иу ын раст: «Мæ зæронд фыдæн». Гъе стæй хъуыддаг йæхæдæг йæхи амондзæн». 36
Астæуккаг мадыфсымæр æмæ хæрæфырт ацыдысты пад- дзахы чызджы галуантæм. Мадыфсымæр сызгъæрин карк фе- стад. Атахт авд уæладзыгмæ. Лæппу мæсыджы рæбын бамбæхст. Чызг уæлхæдзармæ куы рацыд; уæд ауыдта йæ карчы. Фырцинæй йыл йæхи ныццавта, рацахсынмæ йæ хъавыд; фæлæ карк иу къæпхæн дæлдæр æртахт. Куыд фезнæт ис; зæгъгæ; чызг йæ фæ- дыл æрхызт. Карк цæуы бынмæ; йæ фæдыл сайы чызджы. Æрхæц- цæ асины фæстаг къæпхæнмæ; æргæпп кодта зæхмæ. Чызджы къах зæххыл нæма æрæнцад; афтæ йæ лæппу ацахста. Чызг æй афарста: «Кæмæн мæ хæссыс? Дæхицæн æви æндæр искæмæн?» Лæппу дзуапп радта: «Мæ зæронд фыдæн!» Чызг загъта: «Хорз! Разы дæн демæ!» Лæппуйы мадыфсымæртæ сызгъæрин къареты сæвæрдтой сæ хæрæфырт æмæ паддзахы рæсугъд чызджы. Афæндараст сæ кодтой сæ фæрныг хæдзармæ. Цас фæцыдысты; чи зоны. Сæ хъæумæ куы фæхæстæг сты; уæд чызг лæппумæ дзуры: «Ацу ]эазæй! Мæ бацыдмæ байдзаг кæн стыр цуайнаг бæхы æхсырæй. Иæ быны йын бандзарæнт. Хъуамæ фыцгæ æхсыры мæ сæрыхи- цауимæ мæхи ныннайон». Лæппу бæхыл абадт. Сæхимæ бахæццæ. Уайтагъд хъæубæ- стыл айхъуыст; зæронд æлдарæн йæ фырт паддзахы рæсугъд чызджы бинойнагæн кæй æрхуыдта. Æлдары фæсдзæуинтæ стыр аг бæхы æхсырæй байдзаг кодтой. Йæ быны йын арт бан- дзæрстой. Æхсыр рафыхт. Чысыл рæстæджы фæстæ сызгъæрин къарет кæрты æрбалæууыд. Кæрты адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Къаретæй рахызт; йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ кæмæн каст; ахæм чызг. Зæронд æлдар фырцинæй зæххыл нал хæцыд. Чызг бацыд æхсыры аджы цурмæ æмæ афтæ зæгъы: «Мæ сæрыхицау чи у; уый мемæ йæхи ныннайæд». Чызг йæхи фыц- гæ æхсыры ныппæрста. Бабызау дзы куы иуæрдæм аленк кæны; куы иннæрдæм. Зæронд æлдар йæ гæрстæ фелвæста; фырцинæй аджы былыл алæууыд, фæлæ фыцгæ æхсыр куы ауыдта; уæд дарддæр йæ ныфс нал бахаста. Чызг та денджызы хъазау аленк кæны; куы иуæрдæм; куы иннæрдæм. Æлдармæ дзуры: «Æрхиз! Хуыцау мæ дæуæн саккаг кодта!» Æлдар; цы уа; уый уæд; зæгъгæ, йæхи фыцгæ агмæ фехста. Хорз ныннадтой сæхи. Схызтысты. Æл- дар цы уыд; уымæй авд хатты æрыгондæр фестад; чызг та — авд хатты рæсугъддæр. Æлдар æмæ йæ фырт сæ къæйттимæ абон дæр ма цæрынц æмæ хæрынц. Бирæ цæрут сымах дæр! 37
Гæззаты Олеся ХОРЗÆМÆÆВЗÆР Раджы заманы цардис иу паддзах. Уыди йын дыууæ фыр- ты. Иу сæ уыди хорз лæппу, хæларзæрдæ, иннæ та — хинæйдзаг, æдзæстуарзон адæймаг. Уыдысты фаззæттæ. Æрмæст сæ мадæн уыди йæ бон сбæрæг кæнын, чи дзы кæцы у, уый. Иуæн йæ ном уыди Хадзумар, иннæмæн та — Хасан. Адæм фылдæр рæстагæй цæрæг Хадзумары уарзтой. Уæд иу хатт ацыдысты цуаны. Бирæ рæстæг цыдысты хæх- ты, хъæды, быдыры, фæлæ сæ къухы ницы æфтыдис. Уæд дын иу заман цыдæр змæлд ссыд къутæры бын. Разынд саг, зæххыл хуыссыд, фезмæлын нæ фæрæзта, йæ къах уыд цæф. Хасан афтæ зæгъы: — Аргæвдæм æй! — Нæ, тæригъæд у, — зæгъы Хадзумар. Йе ’ккойы йæ скодта, æрбахаста йæ сæхимæ. Райдыдта йæ дзæбæх кæнын, йæ къах ын хæцъилæй бабаста. Цалдæр боны фæстæ саг куы адзæбæх, уæд дзуры адæймаджы хъæлæсæй: — Стыр бузныг, кæд дын æз дæр искуы феххуыс кæнин, цы бæрæг и? Хадзумар æй ауагъта хъæдмæ, саг азгъордта, уайтагъд цы- дæр фæци. Цас рæстæг рацыдис, чи зоны, фæлæ та ацыдысты æф- сымæртæ цуаны. Ацы хатт дард ацыдысты. Иу заман сæ разы стыр галуан февзæрд. Уый уыди æлдары галуан. Бацыдысты мидæмæ, мæнæ диссаг — къултæ цæхæртæ калынц, царæй хур кæсы. Æфсымæрты сбадын кодтой, дзæбæх сæ суазæг кодтой, ба- зонгæ сты æлдаримæ, йæ ном хуынд Хетæг. Уыдис ын иунæг чызг Фатимæ-бæстырæсугъд. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыди дыууæйæн дæр. Рацыдысты, æмæ Хасан йæхинымæр загъта: «Хадзумар куы нæ уаид, уæд уыцы рæсугъды ракурин, фæлæ мæн куы нæ бауар- 38
за». Æхсæвы Хадзумар куы бафынæй, уæд æй амардта. Дзыхъхъ скъахта, зæххæй, сыфтæртæй бамбæрзта Хадзумары æмæ сæ- химæ афардæг. Хæдзары радзырдта, хохæй рахауд æмæ фесæфт, зæгъгæ. Бирæ фæхъыг кодтой фыд æмæ мад, фæлæ рæстæг цæуы, бон ивы боны, æхсæв — æхсæвы. Сабыргай сæ сæ рыст уадзын байдыдта. Хасан сфæнд кодта ус курын. Сразы сты зæрæдтæ, арвы- стой минæвæрттæ Хетæджы хæдзармæ. Уый сразы ис, лæппу йæ зæрдæмæ фæцыдис. Уыцы рæстæг Хадзумары саг ссардта, скъахта йæ, йе ’взагæй йын йæ цæсгом астæрдта. Лæппу йæ цæстытæ бакодта, йæхи аивæзта: — Цас фæфынæй кодтон, цас! Радзырдта йын саг, цы йыл æрцыди, уый. Æмæ ныр уæдæ цы кæна? Саг ын афтæ зæгъы: — Нырма дæхи ма схъæр кæн, рæстæг йæхæдæг амондзæн, цы кæнын хъæуы, уый. Акодта йæ йæ хæдзармæ. Æрбацыдысты стыр галуаны размæ. Бацыдысты мидæмæ, алцыдæр дзы уыдис, хæринагæй, дзаумайæ. Хадзумар цалдæр бонмæ йæхиуыл фæхæцыдис, сси ноджы рæсугъддæр, тыхджындæр. Уыцы саг разынд сагты пад- дзах, йæ бон бирæ уыдис. Ныр дын Хасанæн уыцы чызджы ракуырдтой, фæхæссынц чындзы сæхимæ. Уалынмæ дын сæ размæ абырджытæ куы ра- цæуиккой, æмæ Фатимæйы аскъæфтой. Хасан уый куы айхъуы- ста, уæд араст ис агурæг. Саг зыдта, абырджытæн сæ лæгæт кæм уыдис, уый, Ха- дзумарæн бацамыдта сæ бынат. Уæдмæ Хасан абырджытæм балæбурдта Фатимæйы ирвæзын кæнынмæ, фæлæ йæ уыдон амардтой. Уæд саг абырджыты дуртæ фестын кодта. Фатимæ та Хадз- умары куы ауыдта, уæд тынг бацин кодта. Абырджыты лæгæты цы хæзнатæ уыди, уыдон уæрдоны сæвгæдтой æмæ ацыдысты сæхимæ. Тынг фæцин кодтой мад æмæ фыд сæ фыртыл æмæ сæ чын- дзыл. Ноджы тынгдæр цин кодта мад, уымæн æмæ йæ зыдта, Хадзумар кæй у, уый. Иннæтæ иууылдæр æнхъæлдтой, Хасан у. Лæппу адæмæн абырджыты хæзнатæ байуæрста. Уыдон тынг цин кодтой — Хасан схорз ис уыйадыл. Царды хъуамæ афтæ уа — хорз баззайы, æвзæр — фесæфы! 39
Гобозты Екатеринæ ÆЦÆГХÆЛÆРТТÆ Раджыма-раджы цардис æмæ уыдис иу гыццыл Рувас. Дуне- тыл иунæгæй æрзылд, фæлæ йын нæ æмбал уыд, нæ хæлар. Нæ йын уыд, зæрдæбын ныхас кæимæ акодтаид, ахæм дæр. Уыдис зыбыты иунæг. Иухатт хъæды амбæлд Калмыл. Рувасæн йæ уд йæ къæхты бынæй ауад æмæ лидзынмæ фæци. Фæлæ йæм Калм фæхъæр кодта: — Ма алидз, ма тæрс мæнæй. Ницы фыд дын скæндзынæн. Лæппын Рувас йæ мидбынаты æрлæууыд, цадæггай йæхи байста Калммæ æмæ йæм сдзырдта: — Чи дæ? Цæмæн хуыссыс фæндаджы был? Цæмæн тæрсын кæныс се ’ппæты дæ уындæй? Ахæм ныхас фехъусгæйæ, Калм йæ сæр æруагъта æмæ арф ныуулæфыд. Уый зыдта, кæй йæ ничи уарзы. Фæлæ уыдис зæрдæхæлар цæрæгой æмæ дзуапп радта: — Ма тæрс, гыццыл Рувас! Дæумæ куыд кæсы, ахæм нæ дæн, никæй хъыгдарын, никæй тæрсын кæнын. Мæ ном хуыйны Калм. «Фыдуынд» æмæ «тæрсæн» мæ хонынц адæм. Æмæ ныккуыдта. Рувас æм хæстæгдæр бацыдис, йæ разы æрлæууыд, рæвдаугæ каст æм бакодта æмæ йын йе ’взист сæр æрлæгъз кодта. Калм йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ йын загъта: — Бузныг дæ адджын ныхæстæй, мæ зынаргъ Рувас! Зыбыты иунæг дæн. Нæй мын, кæимæ аныхас кæнон, уый дæр. Рагæйдæр бæллын хæлармæ. — Æмæ тыхулæфт скодта. Рувас арахъуыды-бахъуыды кодта, фæхъæлдзæгдæр ис æмæ цингæнгæ фæхъæр кодта: — Æрхъуыды кодтон, æрхъуыды кодтон! Æз уыдзынæн дæ хæлар! Калм бацин кодта, фæлæ фæгуырысхо ис, æмæ йын загъта: 40
— Ды рæсугъд æмæ фæлмæнкæрц куы дæ, æз та — фыд- уынд. Дæу нæ бафæнддзæн мемæ балымæн уæвын. Ныккуыдта раздæрæй тынгдæр, фæлæ йæ Рувас басабыр кодта æмæ загъта: — Мæ къона Калм, ды фыдуынд нæ дæ, фæлæ аив. Дæ буар, цыма æрттиваг хъæдабæ у, уыйау цæхæртæ калы хурмæ. Дæ цæ- стытæ та рухсмæ тæмæнтæ калынц. Уыдон сты стыр, зынаргъ ал- масийы æнгæс. Кæсынæй сæм чи бафсæддзæн! Мæн фæнды демæ балымæн уæвын. Ды уый нæ зоныс, æмæ æз дæр уыдтæн зыбы- ты иунæг, цалынмæ дæуыл нæ сæмбæлдтæн. Абонæй фæстæмæ уыдзыстæм хæлæрттæ! Калм фырцинæй Рувасæн йæ хъуырыл æртыхст. Иугыццыл ма хъуыдис, æмæ йæ бахурх кодтаид. Рувас нæ бавдыста йæ тарст, цæмæй Калм ма фæхъыг уа, уый тыххæй. Рувас æмæ Калм систы хæлæрттæ. Уыцы бонæй фæстæмæ сæ кæрæдзийæ дард никуыдæм цыдысты. Сæ хæрд, сæ куыст иу уы- дис. Сæ ныхас — фæлмæн, зæрдæмæдзæугæ. Маст дæр æмæ цин дæр дыууæ дихы кодтой. Алчидæр уæ йæ царды фæндагыл сæмбæлæд уыцы Рувас æмæ Калмы хуызæн хæлæрттыл!
Гуæздæрты Виктория МАЛУСÆГ ÆМÆ ДАВОНЫ МАСТ Раджы уыд æви æрæджы, уый ничиуал хъуыды кæны. Иу хъæ- ды цардысты-уыдысты сырдтæ æмæ мæргътæ иумæ хæларæй. Зæронд уыджы сæвæрдтой сæхицæн æлдарæй, æмæ сын уый сæ цард арæзта раст фæндагыл. Хъæд уыдис ахæм рæсугъд, æмæ дзы зæрдæ рухс кодта: цъæх- цъæхид нæзытæ алæмæты уæлдæф лæвæрдтой, нарæгастæу бæрзытæн сæ хъæдтæ урс-урсид митау дардмæ æрттывтой. Мæргътæ-иу бæлæсты къалиутыл рабадтысты æмæ алы- хуызон зарджытæ кодтой. Æхсæрджытæ та-иу рог гæппытæгæн- гæ иу къалиуæй иннæмæ, иу бæласæй иннæмæ сæ кæрæдзийы расур-басур кодтой. Зымæджы кæрон-иу хуры тынтæй миттæ куыддæр атады- сты, афтæ-иу малусæг та йæ сæр сдардта, йæ рæсугъд базыртæ-иу батылдта. Ничи йæ хъыгдардта, сырдтæ-иу ыл бацин кодтой. Хъæдæн йæ арфмæ куы бацыдаис, уæд уым та рæзыдис су- дзаг кæрдæг, даргъгомау сыфтимæ — давон. Афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кодтой, малусæг æмæ давон кæм рæзыдысты, уыцы бынæттæ. Фæлæ дын иу хатт хъæдмæ фæзындысты цалдæр мæстыгæр адæймаджы. Куыддæр дидинджытæ ауыдтой, афтæ дын сæ то- нынмæ февнæлдтой. Сæ хъæбыстæ байдзаг кодтой æмæ аздæх- тысты цингæнгæйæ. Бæлæсты къалиутæй ма сæм дисгæнгæ ка- стысты мæргътæ æмæ æхсæрджытæ. Цалдæр боны фæстæ та уыцы адæм ногæй фæзындысты хъæды. Сæ къухты — голджытæ æмæ белтæ. Кæсынц дидинджы- ты бынæттæм, фæлæ — нæй. Уыцы мæстыхуызæй фæцæуынц дарддæр. Æмæ мæнæ бахæццæ сты давæтты быдырмæ. Фæлæбурдтой сæ белтæм, райдыдтой къахын æмæ уайтагъд сæ голджытæ айдзаг кодтой. Алырдыгæй та сæм кæсынц бæлæ- 42
сты аууæттæй сырдтæ, уыг бæласы сæрæй уасы, фæлæ сæ уыдон уынгæ дæр нæ кæнынц. Иннæ аз ма æрмæст ранæй-рæтты фæзындис малусæг. Ракæс- бакæс кæны тарстхуызæй, базыр-зыр кæны. Тæрсы, фаронау та адæм куы фæзыной æмæ йæ бынтондæр куы сыскъуыйой. Уæдæ давон дæр æдас нæу. Уый дæр ацы хатт дзæвгар къаддæр æрза- дис. Уалынмæ дын уыджы уасын райхъуысти. Фæтарстысты хъæды цæрджытæ. Кæсынц, æмæ дæлæ фароны хъæддзаутæ фæзындысты. Сæ голджытæ, сæ белтæ — сæ къухты. Фæлæ сæ голджытæ дæр нæ байдзаг сты давонæй, дидинджытæ дæр ма ссардтой хæрзчысыл. Цымæ цæмæн? Зæгъут-ма мын æй сымах!
Гуыбеты Сослан ЦАДЫ Иу рæсугъд æрдзы астæу уыд гыццыл сыгъдæг цад. Ам цар- дысты алыхуызон хъæндилтæ. Ацы цадмæ дон нуазынмæ тахты- сты мæргътæ, цыдысты йæм хъæддаг æмæ хæдзарон цæрæгой- тæ. Хæдзарон цæрæгойтæй йæм арæх цыдысты бæхтæ. Бæхтæ иу кæрдæгæй куы бафсæстысты, уæд-иу сæхи байстой цадмæ, фæлæ-иу цад уыд чъизи æмæ змæст. Бæхтæ-иу фæлæууыдысты цады цур, цалынмæ æрсыгъдæг уыдаид, уæдмæ. Иу хатт куы уыд, уæд та æмбырдæй лæууынц цады алыварс æмæ æнхъæлмæ кæ- сынц. Уæд дын кæсæгтæ иугай сæ сæртæ райдыдтой дарын æмæ бæхтæн лæгъзтæ кæнын: — Мæнæ тæхудиаджы æмæ зондджын бæхтæ, мах уæ курæм, цæмæй нын баххуыс кæнат, кæннод иууылдæр амæлдзыстæм ам, чъизи доны. — Цы дын баххуыс кæнæм? — бафарста сæ бæхты хистæр Æрфæн. — Æрбакæсут-ма цадмæ, цы хуызæн чъизи æмæ змæст у, уымæ! Хуытæ йæ цыхуызæн фестын кæнынц, æмæ мах ам афтæмæй куыд цæрæм? Тагъд иугай мæлын райдайдзыстæм. Хуытæн исты амал скæнут æмæ нуаздзыстут сыгъдæг дон! — Раст зæгъут, — загъта Æрфæн. — Исты саразын хъæуы ацы хуытæн, фæлæ цы?! — Дæлæ æрдудзы кæрон ис хорз цъыфдзаст, — сдзырдта зæронд хæфс, æмæ хорз уаид, хуытæ уым сæхи цъыфы куы тулик- кой, æмæ уæд мах дæр æмæ сымах дæр фыдæбойнаг нæ кæниккам. Дыккаг бон бæхтæ райсом раджы хъахъхъæнын райдыдтой хуыты, фæлæ уыдон сихормæ нæ фæзындысты, цалынмæ бын- тон стæвд ис, уæдмæ. Хуытæ доны куыд багæппытæ кæной, афтæ сæм Æрфæн дзуры: — 0, мæ хæлæрттæ, иу гыцццыл ма мæм байхъусут. 44
— Хъох! Хъох! Хъох! Кæд ма уыдысты хуытæ æмæ бæхтæ хæлæрттæ?! — бадис кодта тымбылхъус Хуыгис æмæ та ныхъ- ох-хъох кодта. — Цæуыл хыл кæнæм?! Бынтондæр ницæуыл! Ацы цады уæхи куы нал наиккат, кæннод цады кæсæгтæ æмæ хæфсытæ чъизи доны амæлдзысты. — Хъох! Хъох! Æмæ амæлæнт, махæн та цы у?! — загъта Хуы- гис. — Ехх, æмæ дæ зæрдæ бынтондæр тæригъæд нæ зоны?! — бафарста йæ урс бæх. — Ныууадз, ме ’фсымæр, хуыйæн та цæй зæрдæ ис?! — ба- дзырдта йæм Хъулон бæх. — Куыд цæй зæрдæ ис хуыйæн?! — фæхъæр кодта Хуыгисы мад Хуыгиста. — Хорз, мах ам нæхи нал найдзыстæм! Цомут мæ фæстæ! — Цæй зондджын дæ, — загъта Урс бæх æмæ Хуыгистайы ных асдæрдта. Хуыгиста фефсæрмы æмæ ма сабыр хъох-хъох бакодта. — Дæлæ æрдузы кæрон ис хорз цъыфдзаст æмæ уæ кæд фæн- ды, уæд-иу уым уæхи найут, — загъта Æрфæн, — мах дæр-иу ам уæ цуры хиздзыстæм æмæ иууылдæр иумæ хæларæй цæрдзы- стæм. Хуыгистайы зæрдæмæ тынг фæцыдысты йæ фæстаг ныхæстæ, æмæ уый дæр дзырд радта, хæларæй кæй цæрдзысты алкæимæ дæр. Ацы ныхæстæм бахъæлдзæг сты цады цæрджытæ дæр, æмæ уæдæй фæстæмæ кæрæдзийы æмбаргæйæ цардысты.
Дарчиты Хетæг АВД ХОХЫ СÆРМÆ БАЛЦ Мæ хæлар, ме ’мгусæг, хорз актер æмæ адæймаг Цæллагты Сосланæн Æрцыдис аргъау, зонут уый бæлвырд, Куыд дæн æцæг уæ разы, уый дæр афтæ цыд. Фæлæ рæстæг нæ аййафдзæн сæгуыт... Цæй, райдайон мæ цымыдисаг дзырд. Уыд хабар афтæ: рагæй дæр æрæгмæ, Куы нæма уыдис хæстæн дæр йæ кой, Лæджы тыххæй зæгъæн уыдис — фæрæстмæ. Сылгоймагæн йæ къухтæй тагъди сой. Сæгуыттау сабитæ-иу сбыттыр кодтой бæстæ, Нæ уагътой зæрæдтæн сæ фæззæджы æнцой, Сæ хъæрæй-иу тыхсын кодтой хъæубæстæ... Цыбыр ныхасæй — дымгæ здухы куырой. Цæй, сабитæ сты, тынг раст дæр ма кодтой, Кæннод æгæр хорз цард кодта сæ хъæу. Нæдæр-иу сæм æвзæр адæм ныббырстой, Нæдæр-иу сæм мынæг кодта мæнæу. Фæлæ сæ сабыр цардæн тагъд æрцыд йæ кæрон, Куыд мæ нæ фæндыд фенын уыцы бон... Иу ахæмы хъæуы цæрджытæй кæмæндæр райгуырд сывæл- л он. Уыдис хуымæтæг лæппу — нæдæр æм хъæбатыры туг хæццæ кодта, нæдæр — ахуыргонд лæджы. Иæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ, сæ бакаст уыд хорз адæмы бакастæй. Бæлццонæн лæггад кодтой хионæй фылдæр, сыхæгты та сæ бинонтыл ны- 46
мадтой. Иу ныхасæй, æгъдауджын цард кодтой, æмæ сæ хъæуы мидæг дæр бирæ уарзтой, аргъ сын кодтой. Цыдысты азтæ. Лæппу хъомыл кодта. Æмæ цас хистæр, уый- ас фылдæр æвдыста йæ зондахаст æмæ йæ сæрæндзинад куысты мидæг. Адæм-иу дзырдтой, зæдтæ йын уæлдай зонд балæвар кодтой, зæгъгæ. Æцæгæйдæр, йæ аив хъуыды-иу цыма ацæргæ лæджы дзыхæй сирвæзт, афтæ каст. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй йе ’мгæрттæй тагъд фæиппæрд. Адæм æй къаддæр уарзын нæ райдыдтой, фæлæ-иу хатгай сæ бакаст уыд æнахуыр, цыма се ’хсæн æцæгæлон цæры, уыйау. Цы- мыдисаг ын уыдысты æрдз æмæ йæ фæзындтæ. Сæ хъæуы кæрон цы хæрис бæлас зад, уый бын-иу арæх бадт цъæх кæрдæгыл æмæ кодта хъуыдытæ. Уæд дын иу ахæмы, сæрды кæрон фæззæджы райдайæнимæ куы бафидауы, уæд æгæр афæстиат хъæугæрон, — афынæй бæласы бын, — æмæ йыл æрæхсæв. Дуне баталынг. Уыцы æхсæв арвыл мæй нæ атылд, æмæ рухс кæцæй калдаид, уый дæр нæ уыд. Цæрæгойтæ иууылдæр бамбæхстысты, суанг ма суадонæн дæр йе цыд фæсабырдæр. Цавæрдæр уæлиау тыхы руаджы лæппу дæр райхъал. Аракæс-бакæс кодта йæ алфамблай, æмæ куы ницæуыл фæхæцыд цæст талынджы, уæд бæласмæ сбырыд æмæ райдыдта агурын йæ хъæумæ фæндæгтæ. Бирæ фæракæс-бакæс кодта алы- рдæмты, фæлæ йæ бон уæддæр ницы сси фенын, — хъæуы дæр цырæгътæ рагæй ахуыссын кодтой. Гæнæн нал уыд, æмæ йæ- хицæн бæласы къалиутыл бахсæвиуат кодта. Йæ кæрцы дыстæ базы хуызæн стымбыл кодта йæ сæры бын, кæрц та бадыдагъ кодта йæ быны, цæмæй йын фæлмæндæр уа. Æрхуыссыд. Та- лынг арвмæ кæсгæйæ, йæ сæры цы февзæрыдаид, уымæн чи цы зоны, фæлæ йæ йæ хъуыдытæй æвиппайды фæиппæрд ласта цы- дæр ирд рухс, уыимæ фæраст хæхтæй сæ бæрзонддæрмæ. Лæппу фæтарст, æнæнхъæлæджы йæ кæй баййæфта уыцы рухс, уымæй, фæлæ йе руаджы ауыдта хъæумæ къахвæндаг, æмæ атындзыд- та йæ хæдзармæ. Райсомæй йæ уынд уæддæр нырма уыдис тарст æмæ дзагъул. Йæ уатæй нæ рацыд суанг изæрмæ, цалынмæ йæ мад æмæ йæ фыд зиуæй не ’рбацыдысты, уæдмæ. Лæппу хъавгæ дуар бакодта æмæ йæ фыды комкоммæ бафарста: — Дысон бæласыл бадгæйæ æхсæвы æвиппайды арв байдзаг цыдæр ирд рухсæй, æмæ хохы сæр ныуурс. Цы уыдаид уый? Йæ фыд йæ сæр æруагъта æмæ сабыргай сдзырдта: — Уый, мæ хъæбул, уыд стъалыйы рухс. 47
— Алчи нæ фены уыцы диссаджы фæзынд, — сдзырдта мад, пецæй хæринаг райсгæ. — Раджы-ма раджы, адæм ма зæххытæ куы дих кодтой, æмæ æфсæддоны куыст кадджын куы уыд, уæд а зæххыл цардысты тохгæнæг адæм. Райсомæй изæрмæ сæ иунæг куыст уыд хæцæн- гарзимæ архайд. Сылгоймагæй, нæлгоймагæй се ’ппæт дæр арæх- стысты хъамайæ, фат æмæ ’рдынæй. Уæгъд рæстæг-иу арæзтой хъæзтытæ æмæ куывдтæ. Дун-дунейы нæ уыд ахæм хъæбатыр æмæ хъæлдзæг адæм. Зæрдæргъæвдæй æрвыстой сæ рæстæг, цалынмæ сын сæ зæххытæм знæгтæ не ’рбабырстой, уæдмæ. Æрлæууыдысты-иу сæ ныхмæ тохы адæм се ’ппæт дæр, хæцæнгарзыл хæцын кæй бон уыд, уыдон. Бирæ мæйты дæргъы-иу цыдис сæ тохы хъæр алы хъæуты мидæг, фæлæ знæгтæн сæ бон нæ уыд тохы адæмы басæттын. Уæд иу ахæмы сæ хæсты тæккæ арцы бацыдысты: зæхх сæ алы цæфæй дæр хъырнгæ кодта, скъуыйгæ; сæ фат- тæ фæлхæрстæй æхситгæнгæ тохгæнджыты фæлдæхтой; сæ хъæрæй та дунейы цард фыртæссæй æрлæууыд. Райдыдта æгъатыр æмæ æнæхуыцауыхай хæст. Кæрæдзи- йæн уæлдай рæдыд нæ хатыр кодтой. Тохгæнджыты дыууæ фар- сæн дæр сæ зæрдæтæ ссау сты. Сæ удтæ чъизи кæнын райдыдтой. Ныр зæххыты мæт никæйыуал уыд, ничиуал хъуыды кодта йæ бинонтыл æмæ йæ фидæныл. Уæдæ-иу хæсты уацары цы адæм фесæфтысты тохы рæстæг, уыдон та-иу зæххы хай фесты. Сæ иунæг нысан уыд кæрæдзи ныццæгъдын. Сæ тохыл афæдз куы сæххæст, уæд дыууæ адæмы сæрдартæ иумæйаг ныхасмæ æр- цыдысты, цæмæй боны дæргъы йæ къухмæ хæцæнгарз мачиуал райса, æмæ уымæ гæсгæ сæ гæрзтæ ныууагътой тохы быдыры. Араст сты сæ хæдзæрттæм. Боны рухс æхсæвы талынгмæ куы æрбаввахс, уæд тугкалæн хæсты бынæттæй иумæ æрбацæйцыд тохы адæмы хъæбатыр- тæн сæ хуыздæр. Йæ бакаст уыд тугмондаг, йæ хуыз та — фæл- лад. Уалынмæ кæцæйдæр сылгоймаджы хъæр райхъуыст. Лæп- пу фæтагъд кодта æххуысмæ. Кæмдæр пырх хæдзæртты астæу лæууыд чызг — сон адæмы сæрдары хъæбул. Йæ алыварс æр- тымбыл бирæгъты дзуг. Куыддæр сырдтæй иу гæппæвонг æр- бадт, афтæ чызджы уæлхъус февзæрд нæ хъайтар æмæ бирæгъы æрбамардта. Сырдтæ фæтарстысты æмæ уайтагъд фæйнæрдæм апырх сты. Лæппу йе ’ргом раздæхта чызджы ’рдæм. Чызг дæр æм йæ цæстытæ систа. Сæ цæстæнгастæ куы фембæлдысты, уæд 48
уайтагъд бамыр сты: чызг уыд хæрзконд æмæ уæздан, бæрæг уыдис йæ зæрдæйы фæлмæндзинад; лæппу уыд бæрзонд æмæ хъаруджын, фæлæ йæ цæстæнгас уыдис фæллад. Сæ дыууæ дæр загътой æрмæстдæр фæйнæ ныхасы, æмæ сæ къухтæ кæрæ- дзимæ баивæзтой. Афтæ, иу бакастæй, сæ зæрдæты уарзондзи- нады зынг ссыгъд. Уыцы изæр арвыстой иумæ ныхæстæ кæнгæ, хъазгæ æмæ худгæ, фæлæ мæй арвы астæумæ куы бахæццæ, уæд лæппу сæмбæлын кодта чызджы йæ фыды уæзæгыл. Фыд рамæ- сты, æмæ лæппуйы марыны ’ввонг сси, фæлæ йæ нæ хъæбатыр баурæдта æмæ йын мæймæ бацамыдта. Чызг ныхъхъæбыс кодта йæ зæрдæйы хайæн, æмæ лæппу йæ хъæумæ фæраст. Райсомæй, куыддæр уасджытæ сæ фыццаг уац ныууасыды- сты, афтæ æфсæддонтæ сæ гæрзтæ цæттæ кæнын райдыдтой. Уыцы рæстæг дыууæ æфсады астæу æрлæууыд знаг адæмы сæр- дары чызг. Се ’ппæт дæр уадзыгæй баззадысты, цы кæной, уый нал зонынц. Уасджытæ дыккаг хатт ныууасыдысты, тохы рæстæг æрцыд, фæлæ адæм ныр дæр нæма фезмæлыдысты. Йæ размæ рацыд нæ хъæбатыр лæппу, йæ сæрæй æркуывта. Чызг дæр афтæ, стæй йæм радта цавæрдæр лæвар æмæ ацыд. Лæппу уыцы лæвар райста, йæ хъуырыл æй æркодта æмæ ацыд йæ бынатмæ. Райдыдта та ногæй тох. Цы сабырдзинад ныллæууыд сæ зæххыл, ууыл та сау бон æрцыд. Фæлæ нæ дыууæ лымæны уый ницы бахъыгдардта. Куыд-иу сæ бон уыд, афтæ-иу сæ улæфæн рæстæг æрвыстой кæрæдзиимæ. Адæмæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ дыууæ сæрдары баныхас кодтой, цæмæй сын сæ уарзондзинадæн ахæм кæлæнтæ скæной, æмæ сæ зæрдæтæ сæ царды кæронмæ ныддур уой. Ссардтой кæлæнгæнджытæн сæ хиндæртæй иуы, афтæмæй араст сты хохы ’рдæм чызг æмæ лæп- пуйы æмбæлæн бынатмæ. Æфсæдтæ баззадысты хохрæбын, пад- дзæхтæ та кæлæнгæнæг æмæ хъахъхъæнджытимæ фæраст сты хохы сæрмæ. Схæцыд йе знæгтимæ. Хъахъхъæнджытæ уайта- гъд бардзырд сæххæст кодтой æмæ чызджы æрцахстой. Цыбыр рæстæджы фæстæ лæппу дæр фæзынд. Куы бамбæрста уавæртæ, уæд хæцынмæ фæци. Уыцы рæстæг кæлæнгæнæг йæ хинтæ нык- калдта дыууæ удыл. Кæрæдзимæ ма бæргæ фæхъæр кодтой лæп- пу æмæ чызг, фæлæ æрæгмæ — арв уайтагъд фæтар, æхсæвы та- лынг боны рухс раивта, мигътæ хохы сæр æрбадтысты æмæ чы- зджы хæрдмæ систой, лæппуйыл та зæхх йæхи здухын райдыдта. Адæм фæтарстысты æмæ лидзынмæ фесты. Уалынмæ хохы сæр цыдæр ферттывта æмæ дуне басабыр. Нæдæр æфсæдтæ, нæдæр 4* 49
паддзæхтæ, нæдæр уарзæттæ. Баззадысты ма хъæуы цæрджытæ æмæ сывæллæттæ. Иннæтæ цы фесты, уымæн ничи ницыуал зоны. Чи зæгъы, зæхх сæ айста, чи та — кæлæнтæ, фæлæ уый- адыл цыдæр фесты. Уæдæй фæстæмæ адæм сабыр цард кæнын райдыдтой. — Цæй, æгъгъæд у таурæгътæн, фынæй кæныны афон дæр æрцыд, — сдзырдта мад. — Афон у, — сразы фыд æмæ стъолы уæлхъусæй сыстад. Лæппуйы цæстытæ цæхæртæ калдтой фырдисæй. Йæ цард-цæрæнбонты ахæм таурæгъ никуы фехъуыста. Æнæхъæн æхсæв йæ цæстытыл уадысты таурæгъы цымыдисагдæр фæ- зилæнтæ. Фæлæ йæ иу фарст æнцад нæ уагъта: цавæр фæйнæ дзырды загътой кæрæдзийæн чызг æмæ лæппу? Бирæ фæхъуы- ды кодта ууыл, фæлæ ницы сси йæ бон раиртасын. Йæ хъазæн зæрдæйыуаг фæцыдæр. Æрæнкъард. Арф ныхъхъуыды кодта. Афтæ йæм фæкаст, æмæ æгæр бирæ сусæгдзинæдтæ ис уыцы тау- рæгъы, фæлæ сæ чи раргом кæна, уый та нæй. — Мæхæдæг! — загъта йæхицæн лæппу, æмæ йæхи фæндаг- мæ æмбырд кæнынмæ фæци. Йемæ райста йæ зымæгон дзаумæт- тæ, батыхта сæ хъæццулы æмæ фæраст хæрæндонмæ, цæмæй æххормагæй ма баззайа фæндагыл. Æхсæвæрæй ма цы уыд, уый иууылдæр райста æмæ, куыд æрбацыд, афтæ сабыргай фæраст фæстæмæ йæ уатмæ. Æрæвæрдта хойраг йæ хуыссæныл æмæ та ногæй ныхъхъуыдытæ кодта — хæринагæн йе ’рдæг хордзе- ны нæ бацыд. Акаст рудзынгæй хохы ’рдæм, сæвæрдта цалдæр къæбæры йемæ æмæ араст дард балцы авд хохы сæрмæ. Талынг уынгты цæуын афтæ бынтон тæссаг нæ уъщ, тар хъæды куыд уыди. Йæ размæ-иу фесты алыхуызон цæрæгойтæ: тыртына, уыг, тæрхъус, уызын, фæлæ тугдзых сырдтæн сæ кой дæр нæ уыд. Хъæдæн йæ астæумæ куы бахæццæ, уæд кæцæйдæр райхъуыст арсы богътæ. Лæппу фæтарст æмæ йæ цыд фæтагъд- дæр кодта. Хъæуы уæдмæ хур йæхи фыртæвдæй мардта: афтæ уæлиау систа йæхи арвмæ, æмæ йæ тынтæ апырх сты æнæхъæн комыл. Ахæм фæзындтæй хур арæх нæ хъал кæны комы цæрджыты, æмæ уымæ гæсгæ адæм иууылдæр ракалдысты уынгмæ, раст цыма цæугæдон раивылд, уыйау Се ’ппæт дæр цин кæнынц хурыл, æр- мæст нæ гыццыл лæппуйы ныййарджытæн сæ уд ауад. Агурынц сæ фырты, фæлæ ницы — уый тар хъæды фæцæуы ног таурæгъы бындур æвæрынмæ. 50
Цас ма фæцыди нæ хъайтар, уый ничи зоны, фæлæ йæм афтæ фæкаст, цыма фæдзæгъæл — кæцыдæр бынæттæ-иу æм тынг зонгæ фæкастысты, раст цыма сыл фыццаг хатт нæ цæуы, уыйау. Баурæдта йæ балц, æмæ иу стыр къалабæласы бын æрбадт. Тар хъæдæй фервæзын зын у, ахуыр ыл куы нæ уай, уæд. Бирæ фæ- хъуыды кодта лæппу, куыд раирвæза уыцы хъæдæй, ууыл, æмæ йæ сæрмæ æрцыд: кæддæр йæ хистæртæй фехъуыста, хъуына, дам, цы дуртыл схæцы, уыдонмæ гæсгæ ис ссарæн фæстæмæ хъæумæ фæндаг. Хъуына дур куы ссардта, уæд араст дарддæр йæ фæнд æххæст кæнынмæ. Бирæ фæцыдис дуртæм гæсгæ. Хъæд арфдæрæй- арфдæр кодта, бæзджынæй-бæзджындæр, цæрæгойтæн дæр сæ нымæц цыма фæкъаддæр. Бæлæсты къалиутæ-иу хатгай зынгæ дæр нал кодтой, сыфтæртæ сæ хуыз фесæфтой æмæ зындысты куы урс, куы сау Йæ алыварс цы цыдис, уый канд йæхæдæг нæ, фæлæ хъæд дæр нал зыдта. Исчи куы бафæрсид, сабырдзинад адунемæ кæцæй фæзынд, уæд дзуапп радтиккам: уыцы хъæды астæуæй. Йæ алфамблай цæрæг, змæлæг нал уыд, суанг ма дымгæ дæр ферох кодта уырдæм фæндаг. Цавæрдæр тых ын цыма йæ къæхтæ рацахста æмæ йæ размæ хуыдта, уыйау цыдис дарддæр. Кæцæйдæр мигъ æрбахъуызыд, лæппу йæ æмбаргæ дæр нæ ба- кодта, афтæмæй, æмæ йæ уайтагъд аныхъуырдта — фæстæмæ фæндаг нал уыд. Ныр йæ фындзыбын исты тæрхъус куы агæпп ластаид, уæддæр æй нæ федтаид, ахæм тар æмæ æмбæрзт уыд хъæды арфдæр хай. — Цы ’рцыдис ацы хъæды? Цæмæн æй бамбæрзта ахæм бæзджын мигъ? — ахъуыды кодта лæппу æмæ æвиппайды æр- лæууыд йæ мидбынаты. Йæ цæст ацахста цыдæр хъуымацы гæп- пæл. Уыдис дыууæ хуызы: сау æмæ урс, раст цыма йыл цыдæр нывгонд уыдис, уыйау, фæлæ йын йæ ныв ныр ничиуал равзæр- стаид. Лæппу хæстæгдæр бацыд æмæ йæ йæ къухмæ райста, стæй йыл сабыргай æрхæцыд. Гæппæл æрхауд, уалынмæ райхъуыст æнахуыр къæр-къæр, раст цыма æмбыд бæласы зæнг йе ’рдæгыл афазти, уыйау. Хъуымац цы хъæдыл ауыгъд уыд, уый сабыргай зæххыл сæмбæлд. Лæппу мисхалы бæрц дæр нæ фæтарст, ныр æм ацы уавæртæ фæкастысты ноджы цымыдисагдæр. — Чи кæд федта йæ царды мидæг ахæм бынат? Чи уыд æв- дисæн ахæм цымыдисаг уавæртæн? Искуы исчи радзырдта адæ- мы астæу авд хохы сæры тыххæй? Ничи. Æз уыдзынæн фыццаг! — загъта йæхицæн лæппу æмæ ноджы ныфсджындæрæй йæ 51
къах андзæвын кодта зæххыл. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ зæрдæ æмæ йæ цæстæнгас аивтой: йæ буар хъаруджындæр фæци, йæ зæрдæйы та цыдæр æнахуыр маст февзæрд. — Цæуон дарддæр. Æрдæг фæндаг дæр куы нæма ацыдтæн! Ныр цы бынаты уыдис, уый хъæды хуызæн дæр нал уыд. 0, йæ алыварс ма æрттывтой хæстæджыты дæргъæй-дæргъмæ бæлæстæ, фæлæ уый æрмæстдæр сæ хуызмæ гæсгæ... Бæлæстæ уыдысты æви нæ, уый бæлвырд нæ уыд. Афтæ цæугæйæ бахæц- цæ цавæрдæр дурæй амад асинтæм. Сæ фылдæр хай сын кæрдæг æд хъуына бахордта, фæлæ сæ тигътæй уæддæр бæрæг дардтой. Хъавгæ-хъавгæ лæппу æрхызт асинтыл. Ам хъæд æвиппайды фæцыдæр. Дæргъæй-дæргъмæ быдыр. Æрмæстдæр къæхты бын — цъæх нæуу. — Фæуазалдæр. Æвæццæгæн, фæизæр кæны, — тагъд фе- уæгъд кодта йæ хызын, кæрц йæ уæлæ акодта, æмæ та хызын йæ уæхсджытыл абаста. ^Æхсæвиуатæн исты бынат ссарын хъæуы. Фæлæ кæдæм цæуа? Йæ алыварс — кæрæй-кæронмæ быдыр. Ам нæ хъайтар байхъуыста йæ зæрдæйы ныхасмæ, æмæ та ногæй йæ фæндаг араст кодта. Кæдæм цыд, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, фæлæ йæ зæрдæмæ тынг лæмбынæг хъуыста. Уалынмæ йæ уæлхъус февзæрыдысты цыдæр зæронд хæдзæрттæ: сæ къултæ уыдысты дур амад, сæ сæртæ та кæддæр хъæдæй æмбæрзт, фæлæ цас рæстæг рацыда- ид, уый чи зоны, æмæ кæм къул бафæлдæхт, кæм та уæвгæ дæр хæдзары сæр нал уыд. Лæппу аракæс-бакæс кодта, фæлæ никæй федта. Уæд хæдзæрттæй иумæ хæстæгдæр бацыд æмæ, зæгъ- гæ, хæдзаронтæй искæй афæрса, афтæ талынджы ауыдта дыу- уæ сырх судзгæ цæхæры, райхъуыст бирæгъы хъырнын. Лæп- пу фесхъиудта æмæ, бирæгъы цæстытæм кæсгæйæ, сабыргай фæстæмæ акъахдзæф кодта. Бирæгъ, йæ былтæ асдæргæ, рухсмæ рахызт æмæ хæдзары дуармæ æрлæууыд. Уалынмæ йæ алыварс цы хæдзæрттæ уыд, уырдыгæй дæр ма рахызт фæйнæ иу бирæ- гъы æмæ афтæмæй систы æхсæз. Лæппуйыл æрхъула сты æмæ куы иуырдæм ацæуынц, куы иннæрдæм. Лæппу йæ бынаты цъи- лау зилы, хъæр сыл кæны, къухæй сæм æвзиды. Бирæгътæ йæм не ’вналынц, куыд сабыр уыдысты, афтæ сабыргай дыууæрдæм рацу-бацу кæнынц. Лæппуйы къæхтæ фæцудыдтой, йæ сæр ра- зылди, йæ уæрджытыл æрхауд æмæ йæ сæр æруагъта. Тых æм нал уыд, æмæ æрцъынд кæна йæ цæстытæ, зæгъгæ, афтæ йæ тæккæ раз цыдæр цырагъ фæзынд, урс цæхæр судзгæ, ирддæрæй- 52
ирддæр кæнгæ, æмæ дын йæ фарсмæ сæрджын саг куы февзæрид. Саг уайтагъд йæ алыварс гæппытæ кæнын райдыдта, раст цыма бирæгътæм сидти, стæй фæурæдта æмæ бирæгътæн сæ сæрты агæпп ласта. Цы ма хъуыди уыцы тугдзыхты æндæр, æмæ йæ фæ- дыл ныййарц сты. Лæппу дисгæнгæйæ бадгæ баззад. Цы ’рцыд, уый нырма æмбаргæ дæр нæ бакодта. — Дæхиуыл схæц, — райхъуыст кæцæйдæр зæронд лæджы хъæлæс. Лæппу фестъæлфыд æмæ йæ къæхтыл алæууыд, — чи дæ? Цы Хуыцау дæ æрбакодта ацы бынæттæм? Лæппу фыртæссæй нырма йæхимæ нæма æрцыд, фæлæ уæд- дæр арæхстгай сдзырдта: — Æз комы цæрджытæй иу дæн. — Дзæгъæл фæдæ? — аскъуыдта йын йæ ныхас зæронд лæг. — Нæ... — Дæ мад, дæ фыд дæ хинæй æрбасайдтой хъæдмæ? — нæ та йæ бауагъта сдзурын. — Нæ... — Дæ ныййарæджы хæдзар ныууагътай, лидзгæ ракодтай? — 0, афтæ дæр зæгъæн ис. — Уæд цымæ цæмæн? — Авд хохы сæрмæ дарын мæ балц. — Кæдæм? — ныхъхъуыды кодта зæронд лæг, æмæ йæ худ йæ сæрæй систа, дыууæ хатты йæ æрцагъта æмæ та йæ ногæй йæ сæрыл æркодта. Лæппу хохы сæрмæ ацамыдта æмæ кæрдæгыл æрбадт. Йæ хызын суæгъд кодта æмæ йæхи ауагъта кæрдæгыл. Арф ныу- уылæфыд. Зæронд лæг йæ мидбыл бахудт æмæ йæ цæстыты цавæрдæр æнахуыр зæрдæдарæн ныфс ссыгъд. — Цæмæн дæ хъæуы хохы сæрмæ схизын? Мыййаг дзы исты ферох кодтай уым? — рувасау хин аци йæ хъæлæс, æмæ сабыргай лæппуйы ’рдæм бацыд. — Нæ, æз уым нæма уыдтæн. — Уæдæ цы ис цымыдисагæй хохы цъуппыл, и? — ныккаст лæппуйы цæстытæм. Лæппу рабадт, йæ хызын райхæлдта æмæ дзы систа кæрдзы- ны карст. — Нæ зонын, фæлæ мæ уый тынг базонын фæнды, — стæй йæ къухы цы кæрдзыны карст уыд, уый зæронд лæгмæ балæвæрдта. Зæронд лæг ын йæ лæдзæгæй йæ къух æрцавта, æмæ кæрдзыны карст фæстæмæ хызыны ныххауд. 53
— Цæуын хъæуы! Ныртæккæ сырдтæ ам уыдзысты но- гæй. Дæ хызын абæтт, æмæ мæ фæстæ згъоргæ. Дæ хойраг та уал бахъахъхъæн хуыздæр афонмæ, — йæ дзырд фæци зæронд лæг, æмæ йæ аууон дæр нал разынд мигъы астæу. Лæппу йæ хызын абаста æмæ зæронд лæджы фæстæ азгъордта. — Фæлæуу, æз та? — Рæвдздæр! — райхъуыст зæронды хъæлæс дардæй. Сæ цыд уыд тагъд æмæ æнæрлæугæ. Нæдæр лæппуйæ, нæдæр зæронд лæгæй иу дзырд дæр нал схауд сæ балцы рæстæг. Уæрæх æмæ æгæрон цы быдыр зындис, уый цыма уадиссаджы стыр нæ уыди, афтæ фæкаст лæппумæ. Фæлæ уæддæр сцымыдис: йæ къæхты бын-иу хатгай ауыдта цыргъæгтæ, згæхæрд фаты бы- рынчъытæ, саст æрцытæ æмæ æнахуыр хъуымацы гæппæлтæ. — Бирæ хæстон азтæ æрцыдис ацы зæххыл. Бирæ тохы бонтæ федта ацы ран, — зæронд лæг дзырдта æрхæндæг æмæ са- гъæсгъуызæй. — Хæстон азтæ? Ам цардысты тохгæнæг адæм! — ныр бам- бæрста лæппу, уыйбæрц хотыхтæ цæмæн ис йæ алыварс, уый. — Нæ, ам лæууæндон сарæзтой се ’знæгтæ. — Таурæгъ нæу? — цæхæркалгæ цæстæнгасимæ бафарста лæппу зæронд лæджы. — Нæ, мæ хæлар, таурæгъ нæу. Æз куыд æцæг дæн ныр дæ разы, афтæ уыдысты уыцы хабæрттæ дæр ам нывыл. — Уæдæй бирæ рæстæг рацыд. Кæцæй сæ зоныс ды? — Æз рагæй цæрын ам. Мæ уындмæ гæсгæ бæрæг нæу? — ба- худт зæронд лæг. — Дæ уынд хуымæтæг зæронд лæджы уынд куы у. Ау, авд сæдæ азæй фылдæр цæрыс, зæгъынмæ хъавыс? — къæйных- фарст акодта лæппу. Зæронд лæг фæхъуынтъыз æмæ æвиппайды сдзырдта: Ам уал абадæм. Дæ фæллад суадз. Цалдæр хатты зæхх йæ лæдзæгæй æрхоста, æмæ сæ фарсмæ февзæрд арт, фæиуварс мигъ æмæ, æрæджы дæр ма цы стъалытæ нæ зындысты уæлар- выл, уыдон цæхæр пиллон скалдтой артау мæйдар æхсæвы. — Уый... циу куыд? — йæ дзых хæлиуæй аззад лæппуйæн. Йæ цард-цæрæнбонты ахæм диссæгтæ никуы федта. Æмæ, æниу, чи федта, цымæ? Лæг бахудт, йæ хуыз фæфæлмæндæр: — Ды бирæ цыдæртæ нæма зоныс, мæ хур. Æрбад уал афтæ. Куыд тагъд фестъæлфыдтæ? 54
Лæппу æрбадт арты раз æмæ йæм йæ къухтæ бадардта. Арт æй тынг дæр нæ тавта. Уæд йæ кæрцæн йе ’гънæджытæ суæгъд кодта æмæ йæ хызынмæ нывнæлдта, систа дзы дыууæ карсты, стæй зæронд лæгмæ скаст. — Тагъд ма кæн. Дæ хойраг ма дæ бахъæудзæн фæстæдæр, —сдзырдта зæронд лæг. Лæппу хæринаг фæстæмæ йæ хызыны нывæрдта æмæ ба- фарста: — Мæнæн мæ фыд дзырдта, кæлæнгæнæг йæ хинтæй куыд бабын кодта дыууæ адæмыхатты. Уый ды дæ? — Нæ, уый æз нæ дæн. Мæнæн мæ ныхас уыд æндæр. Цæмæй фæуа нæ хæстытæн сæ кæрон, æмæ æрцæрой адæм ногæй, кæрæ- дзийы æмбаргæ дунейы гуырæны. Фæлæ мæм иу хъусæг нæ уыд. Сæхи фæнд тардтой иу аз иннæйы фæдыл, æмæ сæ тохæн кæрон нал уыд. Суанг хингæнджытæм арвыстой æххуысмæ. Æмæ ма æр- кæс, цы ’рцыди бæстыл, уымæ?! Нæдæр дзы цард баззад, нæдæр — мæлæт. Кæлæнтæ аныхъуырдтой ацы зæхх æнæхъæнæй. — Ацы мигъ дæр кæлæнты тыххæй ныббадт? — лæппуйы хъæлæсы сагъæсы зæлтæ райхъуыстысты. — Нæ, ацы мигъ у стыр хæсты мигъ. Нæ худинаг нын бамбæх- ста æрдз адæмы цæстытæй. — Бирæгътæй дæр мæ ды фервæзын кодтай? — Уыдон бирæгътæ нæ уыдысты, фæлæ, цы ма сæ баззад, уый — æрмæстдæр аууон. — Саг та? Уый дæр æцæг нæ уыд? — Нæ, уый уыд мæ кæлæнты цырагъ. Аууон цæй фæрцы цæры, уый. Се ’хсæн февзæрд цавæрдæр æгомыгдзинад. Раст цыма уыцы рæстæг сæ дыууæ дæр иу цæуылдæр хъуыды кодтой, уыйау. Лæп- пу æрынкъард, йæ зæрдæ бауынгæг. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæ сæрыл схæцыд, æмæ, зæронд лæджы цæстытæм бакæсгæйæ, загъта: — Æз фервæзын кæндзынæн се ’ппæты дæр кæлæнтæй. Æр- мæст мын зæгъ, цы бакæнын хъæуы? — Ды саби дæ нырма, фæлæ дæ ныфс у раппæлинаг. Дæ балц кæронмæ куы ахæццæ кæнай, куы фенай хохы урс сæр ды, уæд- иу æм, цыма кувгæ кæныс, афтæ, ныхъхъæр кæн: «Сæрибар дæ! Дунейы дæ бынат!». Бахъуыды йæ кæндзынæ? — Сæрибар дæ. Дунейы дæ бынат. 0, бахъуыды кæндзынæн. 55
— Мæй нæ сæрмæ. Ныр — цæугæ. Ныртæккæ разындзæни доны сæрты хид. Дæ хъару ’мæ дæхæдæг, дæ къæхтыл фидар лæуу, дæ ныфс та ма бауадз сæттын. Цæугæ! Лæппу тагъд йæ кæрцы æгънæджытæ авæрдта, йæ хызын йе ’ккойы баппæрста æмæ уайтагъд фæраст цæугæдоны ’рдæм. Фæстæмæ куы фæкаст, уæд нæдæр зæронд лæджы федта, нæдæр арты цæхæртæ. Бæзджын мигъ та ногæй бамбæрзта стъалыты, æмæ ма æрмæстдæр цæхæр калдта хохы сæр, раст цыма йын фæндаг амыдта, уыйау. Лæппу йæ цыд фæтагъддæр кодта. Хиды сæрты куы ахызт, уæд цыма комы рæсугъддæр бынатмæ бахауд, афтæ йæм фæкаст. Мигъæн йæ кой дæр нал уыд. Бæлæсты сыфтæр дымгæмæ тыбар-тыбур кодта, цыма дыууæ æмуд уарзоны мæйы тымбылæгмæ кæсгæ сæ сæрдыгон изæртæ иумæ æрвыстой, уый- ау; лыстæг бындзытæ, стæй алыхуызон гæлæбутæ, дидинджыты къуыбылæйтты бауат кодтой сæхицæн æмæ сæ адджын фынтæм кастысты; цæрæгойтæ сæхицæн кæрдæджы егъау тулдз бæласы бын хуыссыдысты æмæ сæ æппындæр ницæй мæт уыди. Дуне уыд æнцад æмæ фæрнæйдзаг. Лæппу джихæй аззад. Ацырдыгæй йæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд. Мæнæ цы бæстæ уыд йæ хъуыдыйы кæддæриддæр. Мæнæ цы зæххы гæппæлыл æрцардаид, мæнæ цы цардмæ тырныдта. 0, ай уыцы бынат у! Сабыргай цалдæр къахдзæфы акодта, стæй йæ цыд фæтагъддæр, æмæ фырцинæй уыцы-иу гæпп куы скæнид. Йæ быны цыдæр ныкъкъæрцц кодта, æвæццæгæн къалиу, æмæ афтæ тынг цы дунейыл цин кодта, уый уайтагъд фестад æдзæрæг: бæлæстæ — хус, зæхх — æдзæрæг, йæ алфамблай æрмæстдæр уæззау хæстæй æууылд тар бæстæ. «Мæ цæстыл ауад уый? Æви æцæг уыд? Цы федтон æрдæбон?!» — ахъуыды кодта лæппу æмæ йæ циндзинад æвиппайды фæцыдæр. Йæ къæхтæ фæцудыдтой, фæлæ уæддæр лæугæйæ баззад. — Тыхджын дæ! Хъаруджын дæ, о! — кæцæйдæр райхъуыст ивæзгæ хъæлæс. — Чи дæ?! Цæмæ мæ хъазыс? — уайтагъд æй афарста лæппу, æмæ йæ къухмæ систа æмбыд къалиу. — Цы ферох кодтай дунеты æхсæн?! Кæлæнгæнæджы фæ- донтæй дæ? — Æз никæй фæдонтæй дæн. Æрмæстдæр мæ мад æмæ мæ фыды хъæбул дæн! Ды та чи дæ?! — сдзырдта лæппу, йæ мид- бынйты цъилаузилгæйæ. — Зонын! Нæ мæсгуытæ нын раууатмæ æртæринаг дæ ды! — фæхъæрдæр хъæлæс. 56
— Æгъгъæд, — æрлæууыд лæппу иу ран, — кæд дæм ны- хас кæнын цæуы, уæд равдис дæхи, æмæ лæгæй-лæгмæ аныхас кæнæм, кæннауæд та мын мæ фæндагыл ма лæуу, — æмæ йæ къухы цы къалиу уыд, уый зæхмæ æрæппæрста. — Хм, ныфсджын дæ, о. Дæ ныхасы ис тых. Дæ салам бирæ, Стыр Хуыцауы уазæг у. Лэеппуйы размæ февзæрд аууон. Хæстон лæджы хуызæн йæ конд. Йæ бæх йæ разы, раст Æрфæн. Æмæ сæ дыууæ дæр ныллæг сæ сæртæй кувынц. — Æрбад, дæ хорзæхæй, мæ уазæг, — нæма фæци дзырд, афтæ сæ разы февзæрдысты фынг æмæ бандæттæ, — кæдæм дарыс дæ фæндаг? Лæппу сæрбæрзондæй, куыд йæ бон уыд, афтæ стъолы уæлхъусмæ бацыд, стæй фефсæрмы, йæ сæрæй æркуывта йæ фы- сымæн æмæ бандоныл æрбадт. — Мæ фæндаг дарын авд хохы сæрмæ. — Авд хохы сæрмæ? Уырдæм? — ацамыдта иуырдæм аууон, — æви уырдæм? — æмæ йæ бæхмæ æнæгуызавæ цæстæй бакаст. Бæх дæр фæстейы нæ баззад æмæ дзы йæхи фæиуварс кодта. — Нæ, уæртæ уырдæм, — ацамыдта хохмæ лæппу, — æз хъуа- мæ фехалон, ацы бæстæйыл цы кæлæнтæ конд æрцыд, уыдон. Аууон фестъæлфыд æмæ уайтагъд йæ бакомкоммæ æрбадт. Бæх дæр афтæ, æцæг уый — зæххыл. Нæ! Уырдæм никæмæн ис фæндаг! Уый у æлгъыст бынат! — йæ дзырд сси уæзбындæр. Æз уыдæттæй нæ тæрсын. Нæ баивдзæн мæнæн мæ фæнд, — ныллæууыд лæппу. — Не ’мбарыс, лæппу, цы тæссаг фæндаг равзæрстай дæхицæн! Авд сæдæ азы бæрц цы кæлæнты тых нæ ныккалд, уый ныртæк- кæ нал фехæлдзæн! Бирæты фæндыд фенын сæхи цæстæй, цы ис уыцы хохы сæр, уый, фæлæ сæ иу дæр нал æрыздæхт фæстæмæ. Дæхицæн маст ма агур, махæн дæр уæлдай ныфс ма дæтт... — Ды тохгæнæг адæмæн сæ паддзах дæ? — Уыдтæн, кæддæр... Мæхи къухæй фехæлдтон мæ адæмæн сæ цæрæнбынат, сæ цард, сæ фидæн. Стыр æлгъыст æрцыд ацы бæстыл — ауæй кодтам нæ хъаруджындæр фырты, цæмæй нæ хæстæн бафидæм егъау мызд — фидæн. Фæлæ куырм уыды- стæм, тугмондаг æмæ дурзæрдæ. Нæ федтам уарзондзинадæн йæ тых. Нæхи дæр ферох уарзты адджын зарæг. Нæ хъустæ ферох кодтой зæрватыччы цъыбар-цъыбур. Æрмæстдæр тох æмæ нæ 57
цыргъæгты кæрæдзийыл зыланг цæф. Нæй ацы хинты ныхмæ ницавæр тых. Сæ кæлæнгæнæг уарзондзинад уыд. — Уарзондзинад? Уый та куыд? — Ды хох цы хоныс ныр, уыдис кæддæр уый айнæг. Бæрзонд нæ уыд. Йæ иу фарс дуртæ сты мæ адæм, йæ иннæ фарс та — не знæгтæ. Бæлæстæ, къудзитæ, иннæ зайæгойтæ сты нæ хъæуы цæрджытæ, сырдтæ æмæ алыхуызон цæрæгойтæ. Æз та, куыд паддзах, ныр лæггад кæнын, кæй ауæй кодтой, уыдонæн. — Цы хуызы? — Алы мыггагæн дæр уыди мæсыг, ныр уыцы мæсгуытæм бонæй-бон кæсын. Искæй ферох кодтон, гъе кæнæ та баулæфыд- тæн, уæд рухсы бын тайын райдайын. Лæппу йæ сæр систа æмæ фидар ныхас скодта: — Баууæнд мыл. Мæ зæрдæ мын цæмæндæр афтæ зæгъы, æмæ мæ бон бауыдзæн æрсæттын уыцы кæлæнтæ. Бæх сыстад зæххæй æмæ йæ хицаумæ бакаст. Йæ цæстæн- гасыл ын куы сæмбæлд, уæд йæ сæр æруагъта æмæ хохы ’рдæм аздæхт. — Сис дæ хызынæй кæрдзыны карст æмæ йæ мемæ адих кæн, стæй дæ мæ бæх фæхæццæ кæндзæн хохы сæрмæ. Уый у æгъдау, æндæр гæнæн нын нæй. Лæппу йæ хызынæй систа дыууæ кæрдзыны карсты æмæ дзы иу радта аууонæн, иннæмæй йæхæдæг акомдзаг кодта. Уый фæстæ сыстад æмæ бæхыл сбадт. Æууæндын дыл, мæ уазæг, — рохтæ йын радта йæ къухмæ, æмæ ма бафтыдта, — дæхи хъахъхъæн. Цæугæ! — ныхъхъæр код- та бæхыл йæ тых йæ бонæй, бæстæ урс фестад æмæ цæсты фæ- ныкъуылдмæ лæппу æрхауд урс митыл хохы сæр. Æнæ бæх, æнæ хызын, æрмæстдæр ма йæ къухы уыд рохты бæттæн. Лæппу фæгæпп кодта, йæ къæхтыл алæууыд, фæлæ йæ уад- тымыгъ фæстæмæ митмæ æрæппæрста. Лæппу йæ цæсгом асæр- фта, сабыргай сыстад æмæ йæ кæрцы æфцæгготæй бамбæхста йæ цæсгомы ’рдæг. Уæззау къахдзæфтæ кæнын райдыдта хохы сæр- мæ. Мит æй æмбæрзта йæ астæумæ æмæ йæ алы къахдзæф дæр уыд тынг уæззау. Иæ къухæй йæ иннæ цæсгомы ’рдæг амбæрзта, цæмæй уадтымыгъæй бахъахъхъæна йæ цæстытæ, иннæмæй та- иу миты уылæнтæй йæхи сивæзта алы къахдзæфы фæстæ дæр. Уадтымыгъ-иу цыма тынгæй-тынгдæр кодта алы уысм, афтæ йæм касти. Цас ацыд, уый бæрæг дæр нал уыд. Куы-иу æрлæууыд сулæфынмæ, уæд-иу æй уыцы-иу рæстæг мит фæцæйæмбæрзта. 58
Сабыргай-сабыргай йæ ныфс сæттын райдыдта: иунæгæй стыр хохы сæр уадтымыгъы астæу нæдæр хъæр фæкæндзæн искæмæ æххуысмæ, нæдæр æм йæ къух ратдзæн исчи фæкæсынмæ. Уыцы хъуыдытæй йæ уæрджыты æнæмбаргæ тас бацыд, æмæ куыд йæ бон уыд, афтæ тагъд азгъордта размæ, миты хъæпæнтæ рæмудз- гæ. Æвæдза, кæцæй йæ зыдта, уыдон йæ фæстаг тыхтæ кæй уыды- сты, уый. Цалдæр къахдзæфы фæстæ æрхауд æмæ, зынтæй улæф- гæйæ, аныгъуылд миты. Йæ цæстытæ æрдæгмæ æрцъынд сты, — уыйбæрц æдых сси æмæ йæ уæлтъæфалтæ нал фæрæзта, — тох кодта семæ, нæ сæ уагъта бынтондæр æрхауын цæстытыл, фæлæ ницы... Цæстытæ æрцъынд сты. Уадтымыгъ йæ къуыззит стынг кодта, миты хъæпæнтæ фады йæ армæй: куы сæ иуæрдæм апырх ласы, куы иннæрдæм. Æнцой нæ зоны. Сонтæй агуры лæп- пуйы фæд, фæлæ ма кæм ис ныр?.. Нæ банцад. Йæхи уæларвмæ бæрзонд æмæ куыд йæ бон уыд, афтæ тынг ныццавта хохы къар- диу. Мит фезмæлыд æмæ зæй рацыд хохы сæрæй. Ногæй та систа йæхи æмæ уыны, цыдæр гыццыл хъуымацы гæппæл кæй æрхауы къардиуы былæй. Уадтымыгъ ныццавта йæхи йæ фæдыл, æрцах- ста лæппуйы æмæ йæ бæмбæгау армытъæпæныл ахаста йемæ. Лæппу райхъал лæгæты арты фарсмæ. Æмбæрзт уыди алыхуызон сырдты цæрмттæй. Æддейы уадтымыгъы къуыззитт нал хъуыст, мит æнгом бамбæрзта хохы ахадгæ цæнгтæ. Боныхъæд сси сабыр æмæ æнцад. Лæппу йæхиуыл схæцыд æмæ рабадт. — Хуысс, — райхъуыст йæ хæдфæстæ кæйдæр хъæлæс, — дæ тыхтæ нырма ма хардз кæн. — Чи дæ? — бафарста йæ лæппу. — Ма тæрс, æдас бынаты дæ. Ам дæ ничи ссардзæн. Ануаз ацы æвдадз. Хъæдын агуывзæ йæм балæвæрдта. Лæппу йæ райста æмæ йæ сабыргай бануæзта. — Ай хос нæу, фæлæ марг цыдæр, — анцъылдтæ йæ цæсгом. — Хос адджын никуы вæййы, марг та — арæх. Æрхуысс, дæу нырма дæ тыхтæ бахъæудзысты. — Куыд февзæрыдтæн ам? — Уадтымыгъ дæ æрбахаста. Æрхуысс, нырма фаг хъаруджын нæ дæ. Лæппу агуывзæ фæстæмæ алæвæрдта йæ ирвæзынгæнæгмæ æмæ æрхуыссыд. Арты къæрццытæм хъусгæйæ дзы бынтон ай- рох йæ рыст æмæ æдыхдзинад. Йæ цæстæнгас æрзылд лæгæты къултыл æмæ та йæ цæстытæ æрцъынд сты. 59
Цасдæр рæстæджы фæстæ та райхъал. Æддейы каст хур æмæ хъуысти, миты хъæпæнтæ лæгæты къæсæрмæ куыд æрхауынц, уый. Лæппу та йæхиуыл схæцыд, уайтагъд фæгæпп ласта æмæ йæхи аивæзта. Бамбæрста, йæ тыхтæ йæм кæй æрбаздæхтысты, уый, æмæ æваст йæ дзаумæттæ кæнынмæ фæци. — Тагъд ма кæн, — райхъуыст та кæцæйдæр йæ ирвæзын- гæнæджы хъæлæс. — Нæ, мæн цæуын хъæуы. Дуармæ нымдзаст æмæ куыддæр фезмæлыд, афтæ лæгæты къæсæрмæ дур æрхауд. — Байхъус уал мæм, стæй уæд ацæудзынæ, — загъта хъæлæс. Лæппу йе ’ргом раздæхта, хъæлæс кæцæй хъуыст, уырдæм, æмæ йæ кæрц раласта. Ирвæзынгæнæг тар лæгæты къуымæй лæп- пуйы размæ рацыд. Уый уыд урсзачъе зæронд лæг арсы цармæй кæрцы. Йæ къухы цы лæдзæг уыд, уый систа æмæ йæ дурмæ сарæзта. Дур фæстæмæ къæсæры сæрмæ стахт. — Æз æй зонын, цæмæн дæ ам, уый, — сдзырдта зæронд лæг, — тохгæнæг адæмы паддзах алкæй нæ рарвиты ардæм. — Цы? Зонгæ дæ йемæ? — бадис кодта лæппу. — 0, зонгæ стæм. Дысон уадтымыгъы ныхмæ равдыстай æп- пæлинаг хъару æмæ ныфс. — Фылдæр хъуыдаид, фæлæ мын нæ бантыст, — лæппуйы хъæлæсы февзæрд маст, йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты йе зно- ны хъуыдытæ, уæд. — Дæхи ма æфхæр дзæгъæлы. Алкæй бон нæу уыйас хъару равдисын. Уæдæ дæ фæнды, зæгъыс, бирæнусон æлгъыст сисын ацы зæххытæй? — 0, фæнды, — фидар загъд кодта лæппу. — Æмæ зоныс, куыд? — йæ мидбыл бахудт зæронд лæг. — Зонын. Хъæдрæбын мыл иу кæлæнгæнæг амбæлд æмæ мын æй бацамыдта. — Æмæ, дам, дæ цы кæнын хъæуы? — афарста зæронд лæг. — Хохы сæр ныхъхъæр кæнын: «Сæрибар дæ. Дунейы дæ бынат». Зæронд лæг бахудт. — Куыд нæ æнцайы уыцы рувас, уый та! Ныхæстæ раст сты. Фæлæ йын цы аргъ бафидын хъæуы, уый зоныс? — Нæ, уый тыххæй мын ничи ницы загъта. — Ай-гъай дæр. Сæрибардзинадæн йæ аргъ зынаргъ у. — Цы у, мæ фыды хай, зæгъ-ма? — Дæ цард æмæ дæ сæрибардзинад. 60
Лæппу йæ сæр æруагъта æмæ дурыл æрбадт. — Æндæр хуызы никуыд? — афарста лæппу катайгæнгæ. — Нæ, мæ хур... Æндæр гæнæн нæй. Исчи йæхи сæрибардзи- надæй хъуамæ бафида, цæмæй æлгъыст басæтта. — Бæлвырд мын радзур кæлæнтæн сæ нысан. — Дæу таурæгътæ æрбакодтой ардæм, фæлæ таурæгъты алцы нæу æвдыст. Æз ралгъыстон ацы зæхх. Лæппу фестъæлфыд. — Куыд?Ды?!.. Зæронд лæг бахудт. — Æрбад. Нырма нæ зоныс æппæт хабæрттæ. Лæппу æрбадт, фæлæ йæ хуыз уыд мæстджын æмæ хъуынтъыз. — Хъæдрæбын дыл цы кæлæнгæнæг амбæлд, уый у знаг адæмы паддзах. Йæ сонт хъуыдытæй хæрд æрцыд æнусы кæрон- мæ, æмæ йæ иунæг бæллиц у цæмæй та тохгæнæг адæмимæ стыр хæст райдайа. Фæнды йæ се ’ппæты дæр ныццæгъдын. Мæн уый бафтыдта кæлæнтыл. Йæ хинтæй мын мæ ныхæстæ сæмхæц- цæ кодта, æмæ кæлæнты бæсты æлгъыст ныккалдис а зæххыл. Дыууæ адæмы дур фестадысты æмæ айнæгæй хох рауад. — Уый о, фæлæ дзы уæд уарзондзинад та цы аххосджын у? — Уарзондзинад сси æлгъыстæн йæ бындур. — Уый та куыд? Уарзондзинад дæр æлгъитын зоны? — Йæхæдæг нæ, фæлæ йæ тых. — Зæгъ-ма йæ, куыд æмбæлы, афтæ, — стыхст лæппу. — Мах кæлæнтæ æвæрдтам дыууæ уарзоныл. Паддзæхты тынг хъыгдардта сæ уарзондзинад, æмæ иумæйаг ныхасмæ æр- цыдысты... — Кæлæнтæм, о, уый зонын. Цы ис цымыдисагæй уым? — Сæ уарзондзинад разынд ахæм тыхджын, æмæ хуымæтæг кæлæнты ныхæстæ фестадысты æлгъыст. «Уæ зæрдæтæ ныддур уæнт», — уыдысты ахæм ныхæстæ, фæлæ сæ зæгъын афон куы æрцыд, уæд знаджы паддзах ныхъхъæр ласта: «Уæ уарзты фæр- цы сæрибардзинад æрцæуæд сæфт!», — стæй мигътæ ахгæдтой цъæх арв, дуне атар æмæ арвы цæхæр æрцавта айнæджы сæр. Дыууæ уарзонæй иу фестад стъалы, иннæ та — къæдзæх. Фæлæ сæ уарзондзинад ахæм тыхджын уыд, æмæ-иу фыццаг рæстæг къæдзæхтынгæй-тынгдæр йæхи ивæзта стъалыйы рухсмæ, стæй уæд йæ тых асаст. — Фæци сæ уарзондзинад? — Нæ, тæфсы ма хохы дадзинты, фæлæ раздæрау нал. 61
— Стъалы та? — Йæ рухс ма ирд у, фæлæ ма сæрттивы искуы-иу хатт... Сæ ныфс асаст... — Кæронмæ нæ, — систа зæххæй йæ кæрц лæппу, æмæ йæ йæ уæлæ скодта, — æз цæттæ дæн. Фæндаг мын бацамон. — Кæдæм? — бадис кодта зæронд лæг. — Уарзæтты ссæрибар скæнынмæ. — Уый афтæ æнцон нæу... Цæмæй уарзæтты суæгъд кæнай, уый тыххæй зонын хъæуы, кæрæдзийы куыд хуыдтой, уый. Лæппу бахудт æмæ загъта: — Мæнмæ гæсгæ йæ зонын. Цæуæм, рæвдздæр, рæстæг сафæн нал ис! — Хуыцауы фæдзæхст у, лæппу! Цæуæм уæдæ, цæуæм! — фæхъæлдзæгдæр ис зæронд лæг, — æри дæ къух! Лæппу йæм йæ къух радта, зæронд лæг зæхх йæ лæдзæгæй æрцавта æмæ æвиппайды фестадысты, дыууæ уарзоны-иу кæм æмбæлыдысты, уыцы бынаты. — Ардыгæй рацыд уарзæтты таурæгъ, — сдзырдта æнкъард хъæлæсæй зæронд лæг. — Райдайæм, фæлæ мæм иу курдиат ис, фæнды мæ, цæмæй ацы ран иумæ февзæрой дыууæ адæмты паддзæхтæ. — Уый мæ бар бакæн. Æмæ æрцæва, зæгъгæ, зæронд лæг зæхх йæ лæдзæгæй, афтæ йæ лæппу баурæдта: — Ныр нæма. Æз куы зæгъон, уæд. Зæронд лæг йæхи аиуварс кодта. Лæппу арф ныууылæфыд æмæ йæ тых йæ бонæй ныхъхъæр кодта: — Сæрибар дæ, Хох! Дунейы дæ бынат, Стъалы! Дуне та атар, мигътæ арв æрæхгæдтой æмæ арвы цæхæр æр- цавта зæхх. Кæцæйдæр æнæнхъæлæджы фæзынд уадтымыгъ æмæ митæй æмбæрзын райдыдта хохы уæнгтæ. — Афон у! — ныхъхъæр кодта лæппу зæронд лæгмæ. Уый систа йæ лæдзæг æмæ дзы йæ тых йæ бонæй æрцавта зæхх. Дыу- уæ паддзахы февзæрдысты уыцы бынаты æмæ кæрæдзийыл сæхи ныццæвой, зæгъгæ, афтæ арв дыккаг хатт æрцавта зæхх, дуне банцад æмæ сæ размæ фестадысты дыууæ уарзоны. Лæппу йæ уæрагыл æрлæууыд æмæ загъта: — Уæ сæрибардзинады номæй хатыр курын уарзтæй. Урсзачъе зæронд лæг ницы бамбæрста, фæлæ йæ цæсгомыл баззад дисы фæд. Уайтагъд йæ уæрджытыл æрхауд æмæ ныхъ- хъæр ласта: 62
— Ныххатыр кæнут уæ уарзты номæй! Ныххатыр кæнут! Тохгæнæг адæмы паддзах бакаст лæппумæ, æрлæууыд йæ уæрагыл æмæ сабыргай загъта: — Дæ сæрибардзинады номæй хатыр курын уарзтæй. Ныхха- тыр кæн, мæ лæппу. Знаджы адæмы паддзах дæр æрлæууыд йæ уæрагыл æмæ загъта: — Дæ сæрибардзинады номæй хатыр курын уарзтæй. Ныхха- тыр кæн, мæ чызг. Уыцы ныхæсты фæстæ арвы цæхæр æртыккаг хатт æрцавта зæхх, комы мигъ хохы сæрмæ ссыд æмæ, раст цыма асинтыл хиз- гæйæ, дæлæмæ æрцыд знаджы адæмы паддзахы чызг. Зæххыл æм йæ къух радта, йæ зæрдæйæн адджын цы адæймаг уыд, уый, æмæ сæ иу бандзæвдæй хохы дуртæ фестадысты адæм, комы бæлæстæ — цæрæгойтæ, хох та фæстæмæ сси айнæджы йас. Куыддæр кæлæнтæ ист æрцыдысты, афтæ знаджы паддзах ныхъхъæр ласта: — Кæдæй-уæдæй нæ хæст кæронмæ ахæццæ уыдзæн! — фæхæцыд йæ цыргъагыл æмæ тохгæнджыты паддзахыл йæхи ныццавта. — Æгъгъæд! — райхъуыст урсзачъе кæлæнгæнæджы хъæлæс. — Дæ тугзæрдæйы номæй дын зæгъын, ахæстон дын уæд ацы ран. Уыцы ныхæсты фæстæ æрцавта зæхх æмæ знаджы паддзахы айнæджы уæнгтæ аныхъуырдтой — дур фестад. Чызг бирæ рæстæг фæкуыдта йæ фыды тугмондаг зæрдæйыл, фæлæ йæ царды цыд ууыл нæ баурæдта — цасдæр рæстæджы фæстæ тохгæнæг лæгмæ смой кодта, иуцасдæры фæстæ та ма сын райгуырд бæгъатыр лæппу, æмæ уый сси дыууæ адæмы фи- дыды нысан. Тохгæнæг адæм фæстæмæ сæ бынаты æрцардысты æмæ ног цардыуылæнтимæзонгæкæнынрайдыдтойсæкомысыхæгтимæ. Знаджы адæм дæр уæдæ нæ фесæфтысты, æмæ айнæджы иннæ фарс цы уæгъд зæххытæ уыд, уыдон бацахстой. Афтæмæй иу азæй иннæ азмæ дыууæ адæмы хæстæгдæр кодтой кæрæдзимæ чындзæхсæвтæй, цалынмæ сæ иу адæмыхатт нæ рауад, уæдмæ. Лæппу та? — бафæрсдзыстут мæ сымах. Лæппу та фæстæмæ йæ хæдзармæ æрбаздæхт, йæ мады фæлмæн зæрдæйы уарзтмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ хаста хъайтары ном æрмæст йæ хъæубæ- сты мидæг нæ, фæлæ ма æппæт бæстæйы дæр. 63
Дзгойты Маринæ АЦЫРУХС ÆМÆ МÆЛДЗЫГ 1 Раджы-ма раджы царди æмæ уыди æлдар. Уыдис ын æртæ фырты. Домбай æмæ хъаруджын уыдысты. Уыдис ма æлдарæн иу цъæхдзаст чызг дæр. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кастысты. Ацы- рухсæн йæ цыллæ хъуымбыл дзыкку хæццæ кодта раст йæ фад- хъултæм. Нарæгастæу æмæ гуырвидауц. Уый хуызæн рæсугъд хъæлæс æнæхъæн хъæубæсты нæ уыд. Раст булæмаргъы зард кодта алы райсом дæр, чызджытимæ доны былмæ цæугæйæ. Тынг бирæ курджытæ уыд æлдары чызджы, фæлæ йæ фыд никæмæн аккаг кодта. Тынг хъал уыд йæ чызгæй фыд. Йæ иу фæнд дæр ын æнæ сæххæстæй нæ уагъта. Æлдар арæх цыд цуаны йæ фырттимæ. Иу ахæмы та атез- гъо кодтой æмбырдæй. Мит тъыфылæй уарын райдыдта. «Афтæ хуыздæр дæр ма у — загъта æлдар, — кæд нæ сырдтæ нæ бафип- паиккой». Мит ставдæй-ставддæр кодта. Тымыгъ миты портитæ тъы- фылгай зæхмæ æппæрста. Хъæд урс-урсид фестад. Дымгæ мит цæсгомыл цавта. Раст цæвæг марæджы нал ардта. Æлдарæн йæ къах миты фæсагъд, æмæ йæ йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, куыд фæдзæгъæл. Хæцæнгарз миты аныгъуылд. Ахæм тымыгъы ма йæ чи ссардзæн? Размæ бырсынтæ райдыдта лæг, хъæр кæны, фæлæ йæ иу хъусæг нæй! Бæстыл цъиуызмæлæг нал и. Кæцæйдæр бирæгъты ниуын ссыд. Æлдар, йæ кæрон æрцыд, уый бæмбæрста. Иæ цард йæ цæ- стытыл ауад. Ницæуыл фæсмон кодта. Хорз фæцард. Æрмæст... Ацырухс. «Тæхуды, фæстаг хатт ма йæ фен, дæ хъæбысы йæ акæн. Куыд уыдзæн мæ чызг æнæ мæн? Нæй, мæнæн мæлæн нæй ныр- ма!» — хъуыды кодта лæг. Бирæгъты ниуд хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Раст уыцы рæстæг æлдарæн йæ къæхты бын зæхх фæцы- дæр æмæ миты аивгъуыдта. 64
2 Лæг йæ цæстытæ куы бакодта, уæд æм афтæ фæкаст, цыма мæрдты бæсты ис. Рухсы цъыртт никуыцæй калд. «Мæнæ цы дис- саг у, кæд амардтæн, уæд мæ фæрстæ та цымæ цæмæн риссынц?» — дис кодта лæг. Фезмæлынмæ куыд хъавыд, афтæ фембæрста, йæ къухтæ æмæ къæхтæ баст кæй сты. Раст уыцы тæккæ афон кæцæйдæр цыдæр æнахуыр богъ фæ- цыд. Лæгæты æлдары уæлхъус фестад уæйыг. Æлдар ныззыр-зыр кодта, фыртæссæй йæ цæстытæ ахгæдта æмæ та сæ байгом код- та, кæд фын уынын, зæгъгæ. Ахæм удхæссæг аргъæутты дæр нæ уыд. Уæйыг арт æндзарын райдыдта стыр аджы бын æмæ лæгæт фæрухс. Уыцы рæстæг кæцæйдæр мæлдзыг рабырыд. Уый тынг диссаг фæкаст æлдармæ, уымæн æмæ раст мысты йас уыд уыцы мæлдзыг. — Уæ хорз лæг, ныртæккæ дæ сфыддзæн æмæ дæ бахæрдзæн ацы уæйыг. Хорз æй зонын, уымæн æмæ стыр аджы бын æндзары арт уæртæ. — Фервæзын мæ кæн æмæ дын дæ фæндон сæххæст кæн- дзынæн! — лæгъстæмæ фæци æлдар. — Æлдары ныхас дын дæт- тын! Мæлдзыг хæстæгдæр бабырыд æмæ бæндæн аскъуыдта. Æл- дарæн йæ къухтæ æмæ къæхтæ феуæгъд сты, æмæ сындæггай абырыд лæгæтæй мæлдзыгимæ. — Ныр мæ де уæхскыл сæвæр æмæ лидзгæ! — загъта мæл- дзыг. Лидзынтæ райдыдтой. Уæйыг тагъд фембæрста, йæ амæттаг кæй алæгъд, æмæ йæ фæдыл ацагайдта. Æййафын æй куы рай- дыдта, уæд мæлдзыг дзуры æлдармæ: — Тулдз бæласы бынмæ лидзгæ, æз ын балæгъстæ кæн- дзынæн! Тулдз бæлас сæ æрæмбæрзта йæ сыфтæй æмæ уæйыг аив- гъуыдта. Лæг та лидзынмæ фæци, уæдæ цы. Уæйыг хъæд æмæ быдыртыл иу зылд æркодта æмæ та æййафын райдыдта æлда- ры. Уæд та мæлдзыг дымгæйæн лæгъстæмæ фæци. Уайтагъд сы- стад диссаджы дымгæ æмæ уæйыджы быдыры иннæ кæронмæ баппæрста. Раздæрæй тынгдæр згъорын райдыдта фырмæстæй уæйыг. «Ницы йыл тых кæны, мæ кæрон æрхæццæ», — ахъуыды кодта йæхинымæр æлдар. Мæлдзыг æм дзуры: — Ма тыхс, ме ’мбæлттæ нæ сæрмæ дзæгъæлы нæ фестады- сты! 5* 65
Æлдар уæлæмæ скаст æмæ уыны: æртæ цъиусуры зилдух кæ- нынц. Уæйыг æлдары рацахса, зæгъгæ, афтæ цъиусуртæ фатау ныц- цавтой сæхи уæйыгыл, йæ цæстытæ йын акъахтой, æмæ уæйыг йæ зонгуытыл æрхауд. Афтæ мæлдзыг фервæзын кодта æлдары мæлæтæй. 3 Æлдар куы фесæфт, уæд æй бирæ фæагуырдтой йæ цот, хъæубæстæ. Чызг фæрынчын фырмæтæй. Фыды æгасæй куы федтой, уæд бинонты цинæн кæрон нал уыд! Авд боны æмæ авд æхсæвы æвæрдтой цины фынгтæ, кафыдысты æмæ зарыдысты æлдары хæдзары. Æрмæст адæм куы ныххæлиу сты, уæд радзы- рдта æлдар, чи у йæ ирвæзынгæнæг, æмæ сын æй равдыста. Æл- дары фырттæ æрлæууыдысты мæлдзыджы раз æмæ йын раарфæ кодтой. — Ныр афон æрцыд дæ фæнд раргом кæнынæн, цæмæй дын бафидон дæ хорздзинад. Цы дæ фæнды, уый ракур! — загъта хъæлдзæгæй æлдар. — Хорз бинонтæ дын и, æлдар. Дæ чызг та мæ зæрдæйы ных- хауд, куыддæр æй федтон, афтæ. Дæ чызджы мын радт! Смæсты сты бинонтæ, фæлæ гæнæн нæй. Æлдар радта ныхас мæлдзыгæн. Афтæ мæлдзыг сси æлдары сиахс. Бонтæ цæуынтæ райдыдтой. Чызг бирæ цæссыг фæкалдта — кæй фæнды мæлдзыгмæ мой кæнын? Уæлдайдæр та Ацырухсы хуызæн рæсугъд чызг куы уа, уæд. Бонтæ кæрæдзийы ивтой, æмæ ахæм заман æрцыд, æнæ кæрæдзи хæргæ дæр кæд нал кодтой. Иу райсом та чызг йæхи цæттæ кодта донмæ цæуынмæ, афтæ йæм мæлдзыг дзуры: Абон хæдзары лæуу. Иннæ чызджытæн дæр зæгъ, цыдæр бæллæх æрцæудзæн, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры. Нæ байхъуыста чызг мæлдзыгмæ, сыхаг чызджытимæ уæд- дæр ацыд. Мæлдзыг сæ фæдыл ахъуызыд, уæдæ ма цы кодтаид. Куыддæр доны былмæ бахæццæ сты, афтæ сæм къудзитæй стыр калм рабырыд. Чызджытæ фыртæссæй сагъдауæй аззады- сты, разæй та лæууыд Ацырухс. Йæхи сыл бауадза калм, зæгъгæ, афтæ йыл мæлдзыг йæхи ныццавта. Бирæ фæтох кодтой. Уалын- мæ калм мардæй æрхауд, фæлæ ма йæ бон сси мæлдзыгыл фæхæ- цын. Ацырухс ныккуыдта æмæ йæм базгъордта. Мæлдзыг нал улæфыд. Чызджытимæ йæ кæугæйæ ахастой хæдзармæ. Бинонтæ 66
тынг фæхъыг сты, йæхи сын тынг бауарзын кодта хæларзæрдæ, цыргъзонд мæлдзыг. Æнæхъæн хъæу дæр фæфæдис. Ацырухс агъуысты мæлдзыгимæ куы аззад, уæй йæ цæссыг нал урæдта. Тынг зын ын уыди, йæхи дæр ма аххосджын кодта. Уæд дын агъуыст ныррухс. Ацырухс иуцасдæр уынгæ дæр ницыуал кодта. Йæхимæ куы ’рцыд, уæд кæсы, æмæ мæлдзыджы бынаты хуыссы диссаджы бæгъатыр лæппу. Чызг фестъæлфыд. Лæппу бацыд чызгмæ мидбылхудгæ: — Ма тæрс, Ацырухс. Æз дæн Мæлдзыг. Кæлæнгæнæг ус мæ ралгъыста, уымæн æмæ йын йæ фырты мæлдзыг хуыдтон. Бирæ азты фыстон уыцы тæригъæд. Бамбæрстон мæ рæдыд, æндæр- хуызон сдæн. Цæмæй фæстæмæ суон адæймаг, уый тыххæй мæ хъуамæ мæлдзыгæй бауарзтаид диссаджы рæсугъд чызг, на- уæд мæлдзыгæй мæ царды бонтæ арвыстаин. Дæу куы федтон, уæд дæ æнæкæрон уарзтæй бауарзтон, фæлæ мæ нæ уырныд- та, дæуæн дæр дæ бон кæй суыдзæн мæн бауарзын. Ныр уыцы хинтæн кæрон æрцыд! — æмæ йæ хъæбысы акодта чызджы. Ныццин кодта чызг дæр. Иумæ рацыдысты адæммæ. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Мæлдзыг æмæ Æлдары чызгæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой иумæ Ацырухс æмæ Мæлдзыг. Зард æмæ кафтæн кæрон нал уыд, рагон фæндыры зæлтæ Хуыцау дæр хъуыста.
Дзебойты Розæ ЗЫМÆГОНАРГЪАУ Хъæдæн йæ тæккæ кæрон, уырдыг æрдузы;^эæзыд зазбæлас. Цардис йæхицæн æмæ ницæуыл мæт кодта. Иæ бынат уыдис хорз: иуæй хуры хъармæй дæр æфсæст уыд; иннæмæй йæ рог дымгæ дæр фаг рæвдыдта. Къуыппæй йæм алцыдæр хорз зынд. Хъыгдарæг æй нæ уыд æмæ уымæ гæсгæ йæ цардæй уыд разы. Чысыл уæлдæр, къуылдымы фæстæ; рæзыд æндæр бæлæстæ æмæ семæ дыууæ стыр нæзы бæласы. Нæзы бæлæстæ уыдысты зæронд. Уыдон бæрзонд фæцыдысты æмæ хатгай сæ аууон æп- пæрстой къаннæг зазбæласмæ. Зазбæласы фæндыдис уыдоны хуызæн рæвдздæр сырæзын æмæ сæм хæлæггæнгæ касти. «Ехх; æз та кæд уыдзынæн ахæм бæрзонд; — уæззау ныууылæфыд заз- бæлас. — Æз дæр уæрæх аппарин мæ къалиутæ æмæ бæрзондæй фæлгæсин мæ алфамблай. Мæргътæ скæниккой мæ къалиутыл ахстæттæ æмæ сын хъусин сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбурмæ». Афтæ хъуыдыгæнгæйæ къаннæг зазбæлас бынтондæр нынкъард ис æмæ йæ нал æндæвтой нæдæр хуры хъарм тынтæ; нæдæр йæ алыварс чи ратæх-батæх кодта; уыцы мæргътæ; нæдæр йæ сæрты æмбойны ленкгæнæг æврæгътæ. Афæлгæсыд йæ алыварс къан- нæг зазбæлас. Митæй нал зыны иу зæххы гæбаз дæр. Хъæд цыма фынæй баци; уыйау ныхъхъус; сыбыртт никæцæйуал хъуысы. Рог дымгæ ракодта; базмæлын кодта бæлæсты къалиутæ æмæ зазбæлас айхъуыста цавæрдæр ныхас. Уый ныхас кодтой дыууæ нæзы бæласы. — Куыд рæсугъд рахаста нæ чысыл хæлар, — загъта сæ иу; — куыд дæм кæсы; нæ басийдзæн изæры ирдгæты? — Йæ рæхснæг зæнг митæй нал зыны. Ирдгæты куы нæ ба- сийа; уæддæр ын тæссаг у; адæмæй йæ исчи куы ныцъцъæл кæна; уымæй. — Цъæл æй куы ничи ныккæна, уæддæр бирæ нал аирвæз- дзæн. Ног азы бæрæгбон æрхæццæ кæны; æмæ адæм сæ сабитæн агурынц зазбæлæстæ. 68
— Нырма ахæм стыр нæу, кæд ыл бацауæрдиккой. — Адæм уымæ нæ кæсынц. Уыдон бæласæн кæсынц йе ’ддаг бакастмæ, æмæ уымæй та тынг аив у нæ чысыл хæлар. Кæс-ма, цы рæсугъд пух къалиутæ йын ис, цæст æм кæсынæй не ’фсæды. Афтæ дзырдтой кæрæдзиимæ дыууæ стыр нæзы бæласы, чысыл зазбæласы та тас бацыди сæ ныхасæй. Миты хъæпæнты бын тынгдæр бамбæхста йæхи æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Далæ бынæй, дзыхъхъы, ис чысыл хæххон хъæу. Цалдæр хæдзары йед- дæмæ дзы уæвгæ дæр нæй, фæлæ сын сæ цæрджыты арæх фены. Лæгтæ кæнынц фосы куыст, мадæлтæ кæсынц сæ сабитæм, сы- вæллæттæ та арæх фæхъазынц уынджы, фыдуæгтæ дæр акæ- нынц. Ныр ын уыцы фыдуаг лæппутæй исчи йæ къалиутæ куы ныссæтта кæнæ йæ бынтондæр куы афæлдаха, уæд та? Афтæ катайгæнгæйæ зазбæлас нæ бамбæрста, куыд æрталынг ис, уый, æмæ адæргæй афынæй... Райсомæй хуры тынтæ йæ къалиутыл куы андзæвыдысты, уæд зазбæлас дæр фехъал ис йæ тарф фынæйæ. Афæлгæсыд йæ алыварс. Æхсæвы уарды фæстæ миты хъæпæнтæ зæхх æрæм- бæрзтой. Бæлæстæ сæ уæлæ урс кæрцытæ ныккодтой. Зазбæлас ныккаст хъæумæ. Гыццыл хæххон хæдзæрттæ тæргайхуызæй кæрæдзимæ дарддзæф лæууыдысты. Уæлейæ кæсгæйæ афтæ зынд, цыма хæдзæрттæ сæ сæртыл пух урс худтæ скодтой. Чысыл зазбæлас скаст йæ сыхаг стыр нæзы бæлæстæм. Уыдон дæр цыма æндзыг баисты, уыйау лæууыдысты æнæ сыбырттæй. Æрдзы рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ дзы айрох ис зноны тас дæр. Уалынмæ хуры рухс фæтынгдæр ис, мит дæр цæхæр скалдта. Æрттивгæ хуры зæрин тынтæ тыбар-тыбур кодтой бæлæсты цъуппытыл. Рог дымгæ кæцæйдæр ракодта æмæ йын йæ хъустыл ауайын кодта цыдæр ныхас. Уый уыди адæмы ныхас. Къаннæг зазбæлас акаст бынмæ æмæ хъæугæрон ауыдта дыууæ сау æн- дæрджы. Æваст зазбæлас фестъæлфыд, базмæлын кодта йæ пух къалиутæ — йæ зæрдыл æрбалæууыд йæ сыхаг дыууæ нæзыйы ныхас. Катайы бахауд. Уæдмæ дыууæ æндæрджы æрбаввахс сты æмæ сæ зазбæлас хуыздæр федта. Сæ иу уыдис стырдæр, иннæ та чысыл, йæхи хуызæн. Æвæццæгæн, уыдон уыдысты фыд æмæ фырт, сæ дыууæйыл дæр уыдис хъарм кæрцытæ, хъусджын худтæ æмæ хъарм цырыхъхъытæ. Лæгæн йæ къухы уыдис хызын æмæ дзы зындис фæрæты хъæд. Зазбæлас адæргæй ризын байдыдта. Фыд йæ цурты араст ис, фæлæ йæм йæ фырт фæстейæ фæхъæр кодта: 69
— Баба, мæнæ цы дзæбæх зазбæлас ис, раст мæхи йас у! Зазбæлас базыр-зыр кодта. Ныртæккæ йæ йæ рæбыныл ахауын кæндзысты æмæ нал уыдзæн. Æнкъардæй скаст йæ сы- хаг дыууæ нæзы бæласмæ. Фыдæн йæ къухы фæрæт, афтæмæй ракæс-бакæс кодта æндæр бæлæстæм, фæлæ йæ фырты хъæрмæ фæстæмæ фездæхт. Бæласмæ кæсгæйæ аззад. Хæстæгдæр æм ба- цыд, йæ къалиутæ йын базмæлын кодта, æмæ миты хъæпæнтæ зæхмæ æрызгъæлдысты. Нæзы бæлæстæ дæр цымыдисæй ка- стысты бынмæ. Цалынмæ лæппу цин кодта бæласыл, уæдмæ йæ фыд та йæ алыварс разил-базил кодта. Æрæджиау загъта: — Лæппу, ацы бæлас нырма гыццыл у, æвгъау у акалынæн. Иннæ азмæ тынгдæр сырæздзæн æмæ ноджы рæсугъддæр уыдзæн. Лæг фæрæт фæстæмæ хызыны сæвæрдта. — Æмæ ма уæдæ кæм ссардзыстæм ахæм рæсугъд бæлас? Æнæ бæласæй ацæудзыстæм хæдзармæ? — æнкъардæй сдзырд- та лæппу. — Æмæ йæ хæдзармæ та цæмæн хæссæм? Ам æй куы саразик- кам æмæ йыл куы ацин кæниккам, уæд хуыздæр нæ уаид? Хæдза- ры йæ иу цалдæр боны фæстæ аппарын хъæудзæн, ам та æдзух дæр лæудзæн цъæх-цъæхидæй æмæ нын алы аз дæр нæ зæрдæ рухскæндзæн! Лæппуйы цæстытæ цины æрттывд фæкодтой. — Мæ хотæн зæгъдзынæн æмæ йæ иумæ сараздзыстæм! — хъæлдзæгæй сдзырдта уый. Иннæ бон зазбæласы цурмæ æрбацыд фылдæр адæм. Фыд ын фыййагæй йæ алыварс ныссыгъдæг кодта митæй. Сывæл- лæттæ семæ æрбахастой чысыл чыргъæд алыхуызон хъазæн- тимæ. Æрцауыгътой сæ зазбæласы къалиутыл, баппæрстой йыл цæхæртæкалæг даргъ фæрдгуытæ æмæ æрттиваг гæххæттæй арæзт цæгтæ. Сæ куыст куы фесты, уæд фæстæмæ хъæумæ ацы- дысты. Зазбæлас аззад иунæгæй йæ цæхæртæкалæг дарæсы. Сывæллæттæ йæ афтæ рæсугъд сфæлындыдтой, æмæ йæм, йæ алыварс цы бæлæстæ задис, уыдон монцкаст кодтой. Рог дымгæ ракодта æмæ йæ хъустыл ауад дыууæ нæзы бæласы ныхас. — Йæ хуыз куыд скалдта нæ чысыл хæлар, — загъта сæ иу. — Ныр ын фесæфынæй тас нал у, — сдзырдта иннæ. Чысыл зазбæлас афтæ схъæлдзæг ис, æмæ йæ къалиутæ ноджы уæрæхдæр аивæзта. Фæссихор зазбæласы цурмæ ссыди иукъорд адæймаджы, сæ фылдæр уыдысты сывæллæттæ. Хистæртæ сын скодтой дзæбæх 70
хъазæн бынæттæ: уым сæ бон уыдис зилдух кæнын дæр æмæ дзоныгътыл бырын дæр. Сабитæ хъыллистгæнгæ къуыбырæй сæхи уагътой. Цалдæр сывæллоны та сарæзтой Митын Дада æмæ йæ зазбæласы цур сæвæрдтой. Афтæ хъæлдзæг никуыма уыдис зазбæласы цур. Суанг хуры аныгуылдмæ фæхъазыдысты сабитæ йæ цуры, стæй фæлладæй, хъæлдзæг дзолгъо-молгъогæнгæ сæ хистæртимæ ныффардæг сты хъæумæ. Сывæллæтты хъæлдзæг змæлдмæ кæсгæйæ зазбæлас бамбæрста, куыд хорз у искæмæн пайда уæвын, искæмæн циндзинад хæссын. ...Рог дымгæ рахъазы зазбæласы алыварс, зына-нæзына йын базмæлын кæны йе ’рттиваг хъазæнтæ, рæвдаугæ хъæлæсæй йын базары йæ хъусы. Æрбахæссы йæм дыууæ нæзы бæласы сусæг ныхас. — Арвы хъарм — зæрдæйæн æвдисæн, — фæзæгъы сæ иу. — Зæрдæйы хорзæхæй хуыздæр ницы ис, — сразы вæййы иннæ. — Афтæ, афтæ, — разыйы тылд бакæны йæ рæсугъд цъупп чысыл зазбæлас æмæ æмбаргæ цæстытæй скæсы йæ сыхаг нæзы бæлæстæм.
Дзоблаты Владислав РАИСÆМÆМАХШУД Æппæт скæсæны æрдæг тымбылæджы хъуысти алыхуызон хабæрттæ горæт Сахары тыххæй. Дзырдæуыд, фенæн ын нæй, цыфæнды куы фæкæнай, уæддæр. Равзæрди афтæ: Адам æмæ Евæйы размæ ма уыд дыууæ адæймаджы — Раис æмæ Кабир. Æмæ сын Хуыцау загъта: «Сымах стут фыццаг адæм æппæт ду- нейы. Сымах уыдзыстут дунейы хицау. Уынгæ уæ ничи кæндзæн, стæй цы кæнат, уый дæр ничи уындзæн». Раис бындур æрæвæрдта горæт Сахарæн. Йе’фсымæр та ацыд æндæрырдæм. Раис сарæзта æххуысгæнджытæ. Уыдонæй ал- кæмæн дæр уыди йæхи куыст, фæлæ ницæуыл тыхстысты, ни- цавæр æнкъарæнтæ сæм æвзæрыд, æмæ семæ ныхас дзæгъæлы уыди. Зын уыди уый Раисæн. Йæхицæн æххуыс кæмæй агуырдтаид, ахæм нæ уыди. Сфæнд кодта хуымæтæг адæмæй равзарын. Афтæ рауади, æмæ алы æнусы дæр æхсæнадæй æвзæрста иу адæймаг, фæлæ дзы æмбалы аккаг ничи уыди. Цæмæй йе’мбал суыдаид, уый тыххæй хъуамæ тæригъæдджын ма уыдаид суанг йæ райгуы- рдæй фæстæмæ. Уæд адæм иууылдæр уыдысты тæригъæдджын, фæлæ бирæ рæстæджы фæстæ фæзынд сыгъдæг адæймаг, ома, æнæтæригъæдджын. Махшуд — афтæ хуынди Зæххы хицауы æмбал Раис. Адæ- мимæ йæм бастдзинад нæ уыди, фæлæ йæ уый ницы хъыгдардта. Махшуд хъуамæ федтаид фын. Махшуд фæзынди Раисы уаты. — Ды чи дæ? Ам цæмæн дæн? — Мæ ном у Раис. Æз дæн Дун-Дунейы хицау. Хуыцау мæ сфæл- дыста, цæмæй разамынд дæттон Зæхх æмæ йæ цæрджытæн. Ацы фын дзæгъæлы нæ уыд. Æз бирæ фæцагуырдтон сыгъдæг адæй- маг. Дæуæй уæлдай иууылдæр уыдысты тæригъæдджын. Хæрз- чысыл тæригъæд дæр хъыгдардта ме ’мбал суæвынæн. Адæм мæ нæдæр уынгæ кæнынц, нæдæр хъусгæ. 72
— Æз дæн уыцы иунæг дæу аккаг адæймаг. — Уæдæ хъуамæ ды суай æппæт дунейы хицау. Фæлæ æвзæр митæ куы кæнай, уæд хицау нæ суыдзынæ. Æрмæст ме ’мбал нæ дæ, фæлæ ма ме ’ххуысгæнæг дæр. Æз ныр мингай азтæ архайын ме’фсымæр Карибы хъаруйыл фæуæлахиз уæвыныл. Маххъуамæ дыууæйæ хицауиуæг кодтаиккам æппæт дунейыл, фæлæ уый ацыд зылын фæндагыл. Уымæ гæсгæ дунейы цæуы æвзæр митæ. Раис систа йæ хызынæй айдæн. — Кæс, Махшуд, мæнæ — цæсты айдæн. Уынæн дзы ис алцы- дæр. Уыныс Кабиры? Хъуамæ сисæм дур аргъуаны мидуатæй. Тагъд райхъал уыдзынæ, æмæ уæд аныхас кæндзыстæм ал- цæуыл дæр. Райс-ма чиныг «Скæсæны мифтæ». Ссар дзы, горæт Сахар кæм ис, уыцы сыф. Стон сыф, йемæ рацу цъаймæ, æмæ дзы кæрдæгхуыз рухс куы фенай, уæд æм ныггæпп кæн. Махшуд райхъал æмæ йын Раис куыд амыдта, афтæ бакодта. Уайтагъд фестади Сахары тæккæ астæу, йæ фæстæ стыр дуæрт- тæ ахгæдтой. Бацыд стыр хæдзармæ æмæ сæмбæлд Раисыл. Уый йыл бацин кодта. Хызынæй систа уарт æмæ цирхъ. Махшудæн радта Виджайы фат, йæхæдæг райста цирхъ. Кусæг рахаста згъæ- рæй конд хотыхтæ æмæ дарæс. Скодтой сæ. — Ныртæккæ мах бацæудзыстæм æндæр дунемæ. Уым ис Кабиры горæт Шарун. Кабирмæ ис тынг бирæ æфсæддонтæ, сты махæй тыхджындæр. Баназ ацы сыгъдæг дон æмæ нæ ничи уын- дзæн Кабирæй уæлдай. Нæ хæс у зынаргъ дур райсын аргъуанæй æмæ йæ ныппырх кæнын. Уæд зæххыл нал уыдзæн фыддзинад. — Куыд бафтдзыстæм Шарунмæ? Хъæуы нæ чиныг «Ализаха». Раис систа йæ хызынæй уыцы чиныг, бахызти Кабиры ду- немæ æмæ кæсын райдыдта. Раис æмæ Махшуд бахаудысты горæт Шарунмæ. Æфсæддонты ’хсæнты бахæццæ сты паддзахы бадæны размæ. Кабир сæ ауыдта æмæ бадис кодта, ме’фсæддон- ты рæзты куыд æрбаирвæзтысты, зæгъгæ. Раис загъта: «Уый сæйраг нæу, афон дын у мах ныууадзын, иблис. Махшуд, æхс æй!» Махшуд аивæзта æрдынбос æмæ æхсы. Кабир æй уромы уартæй. Фат фехæлди. Кабир сласта циргъ «Сайфсариф» æмæ йæхи ныццавта Раисыл. Уый йæхи фæиуварс кæны, Махшуд та æхсы Кабиры. Уый æрхауы зæххыл, стæй стæхы. Йæ цæстытæ атартæ, ныссырх сты. Разади йыл къæдзил, уый дæр уыди сырх. Сси демон æмæ Раисы хурх кæны. 73
— Махшуд, де’мбал мæлы, дæ бон ын исты у? Мæн фехсынæй пайда нæй, æз æнæмæлгæ дæн. — Ауадз Раисы, иблис! — Æмæ мын цы акæндзынæ? Махшуд райста фат æмæ ныхъхъавыдис дурмæ, уый уыдис æппæт фыддзинæдты аххосаг. Сæмбæлд ыл. Иблис хайгай фæци, Кабир та зæхмæ æрхауд. Махшуд фехсынмæ хъавыд Кабиры, фæлæ йæ Раис нæ уагъта: «Кабир уыцы дуры тыххæй сси иблис. Ныр дур нал ис æмæ Кабир дæр суæгъд зины хъуыддæгтæй. Ссы- гъдæг ис». Афтæ Махшуды фæрцы дуне суæгъд ис фыдракæндтæй. Кабир æмæ Раис систы Зæххы хицæуттæ. Æппæт Дун-Дунейы нал уыдис давджытæ, фыдгæнджытæ. Иууылдæр цардысты хæларæй, иузæрдионæй.
Икъаты Риммæ КУЫСТУАРЗАГ БИНОНТÆ Цардысты æмæ уыдысты мад æмæ фырт. Лæппуйæн йæ фыд амард æмæ йæ мад хъомыл кодта иунæгæй. Алцæуыл дæр æй ахуыр кодта, сæйрагдæр та йын бацамыдта, фæллой кæнын кæй хъæуы, уый. Ирон лæг кæй у, уый дæр куыд никуы рох кæна. Уыдис сæм дыууæ галы æмæ сыл хъæдæй суг ластой. Суг-иу ауæй кодтой, æмæ уымæй цардысты. Иу бон мад йæ фыртæн загъта: — Дзидза мæ зæрдæ æрцагуырдта æмæ дæ иу гал аргæвд. Лæппу йæ мады бирæ уарзта æмæ йын сæххæст кодта йæ курдиат. Цард цыдис дарддæр, цæрын хъуыдис, амæлттæ кодта. Сæ хъæуы æлдар куы федта, лæппу куыд фыдæбон кæны, уый, уæд ын фæтæригъæд кодта æмæ йын радта æртæаздзыд уæныг. Лæппу бафтыдта уæныджы кусыныл. Иуахæмы та æлдар сæмбæлд лæппуйыл. — Æз дын цы уæныг радтон, уый у? Куыд тагъд æй ацахуыр кодтай кусыныл? — фæдис кодта æлдар лæппуйы арæхстдзина- дыл, йæ куыстуарзондзинадыл. — Бинонтæ дын ис? — Кæцæй! Мæ хуызæн мæгуырæн чызг чи дæтты? Æлдар загъта: —Мæнæн ис иу чызг, æмæ йæ æгæр буц ахуыр скодтон; ку- сын нæ уарзы, аст базы сæрыл фынæй кæны бон-изæрмæ. Дæт- тын дын мæ иунæг чызджы! Лæппу сразы, арфæтæ ракодта æлдарæн æмæ чызджы йæ хæдзары æрбалæууын кодта. Хæдзары бирæ базтæ нæ уыдис, фæлæ дзы цы ссардта, ног чындз уыдоны сæрыл бон-изæрмæ фынæй кодта. Лæппуйы мад-иу ын уырдæм хæринаг балæвæрд- та. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæппуйы зæрдæмæ уый нæ цыд, æмæ йæ мадæн загъта: 75
— Афтæ ма бакæнæм, æмæ фылдæр чи кусы, уымæн фылдæр æмæ хуыздæр хæринаг дæтт. Куыд баныхас кодтой, афтæ чындзæн æфсин хæринаг нал балæвæрдта. Суанг ма йын дон дæр нал радта. Афтæ ахаста дыууæ боны. Изæрæй чындз базты сæрæй рахызт æмæ йæ мой- мæ дзуры: — Райсом æз дæр демæ хъæдмæ цæуын, кæннод æххормагæй амæлæн дæр ис. Сабыргай хæдзары куыстытыл фæцахуыр, æххуыс код- та йе’фсинæн. Иуахæмы та сыл сæмбæлд æлдар. Йæ чызджы кусгæйæ куы федта, уæд тынг бадис кодта: — Уый мæ чызг у æви æндæр исчи?! — 0, уый дæ буцхаст чызг у, — дзуапп радта лæппу. — Æз æлдар дæн, ис мæм бирæ хъæздыгдзинæдтæ. Уыцы æппæт фæллæйттæ мæ къухы бафтыдысты мæ зæрдиаг куысты фæрцы. Мæ бирæ бынтæ кæмæн ныууадзон, уый нæй, мæхæдæг фæзæронд дæн. Мæ буцхаст чызджы чи æрцахуыр кодта, уый мæ фæллæйттæ фесафын нæ бауаддзæн. Ныууадзут уæ мæгуыр хæд- зар, æрцæрут мæ галуанты. Лæппу байхъуыста æлдармæ æмæ сразы йæ фæндоныл. Ра- цыдис сын бирæ куыстуарзаг цот æмæ абон дæр ма амондимæ цæрынц сæхи фæллойæ.
Кæркуысты Давид СЫКЪАДЖЫН БЫНДАР Иу паддзахады цардис æмæ уыдис зæрдæхæлар æмæ зондджын паддзах. Æрмæст æй иу хъуыддаг тыхсын кодта — сывæллæттæ йын нæ уыди. Иу ахæмы хъæды фæцæйцыд æмæ фембæлд æртæ кæлæнгæнæг усыл. Фæсидт сæм æххуысагур. Уы- дон загътой, афæдзы фæстæ йын сывæллон кæй уыдзæнис. Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Æхсæвы авдæны раз фæзындысты æртæ кæлæнгæнæджы, цæмæй ноггуырдæн лæвæрттæ скæной. Æрыгондæр загъта: — Ды уыдзынæ дунейыл алкæмæй рæсугъддæр лæппу! — Ды уыдзынæ домбайау хъæбатыр æмæ зæрдæхæлар! — загъта дыккаг. Æртыккаг куы фехъуыста, йæ хотæ сабийæн цы балæвар код- той, уый; уæд ын йæ хъусы сусæгæй бадзырдта: — Фæлæ цæмæй дæхицæй æгæр буц ма уай, уый тыххæй дыл сыкъатæ уыдзæнис! Уый фæстæ кæлæнгæнджытæ фæцыдæр сты. Лæппу рæз хаста, куыд хистæр, афтæ рæсугъддæр æмæ хъæ- батырдæр кодта. Фæлæ йæ сыкъатæ дæр рæзтысты. Паддзах йæ бинойнагимæ нæ зыдтой, цы кæнгæ у. Цы уыдзæн фидæны? Сы- къатимæ паддзах никуы уыдис. Æнæ худæй кæнæ æлвыдæй сæ бындары никуы ничи федта. Дзыккутæ æгæр фæдаргъ сты, æмæ хилдасæг агурын ба- хъуыд. Загътой йын: — Амæй фæстæмæ нын нæ фырты æлвындзынæ. Дæ куыст кæнгæйæ цыфæнды дæр куы фенай, уæддæр æй хъуамæ мачи ба- зона, хъуамæ дæ дзыхыл хæцай. Кæд дæ бон суа, уæд уыдзынæ тынг хъæздыг, кæд не суа — мæлæт дæм æнхъæлмæ кæсы. Хилдасæг сразы ис. Уыцы бон æрцард паддзахы хæдзары. Ал- цыдæр лæппуимæ кодта: цуаны цыди, хæргæ иумæ æмæ афтæ дарддæр. 77
Цасдæр рæстæг рацыд æмæ хилдасæг фæрынчын. Искæимæ хъуамæ адих кодтаид йæ сусæг, науæд æвзæрæй-æвзæрдæр кодта. Йæ бон куы нал уыди быхсын, уæд араст ис иу лæгмæ хъæд- рæбынмæ. «Кæд дæ бон нал у дæ дзыхыл хæцын, — загъта йын зæронд лæг, — уæд ацу быдырмæ, ссар арф дзыхъхъ, дæ сæр дзы нытътъыс æмæ зæххæн дзур. Уым дæ ничи фехъусдзæн, зæхх дын дæ сусæг баныгæндзæн». Рацыд рæстæг, хилдасæг алцыдæр ферох кодта. Фæлæ цы бынаты дзырдта, уым сзадис хъæз. Фыййæуттæ дзы сарæзтой уадындзтæ. Фæлæ диссаг, цыфæнды дæр сæ куы хъавыдаис ахъа- зынмæ, уæддæр-иу сæ райхъуыст: Нæ паддзахы фыртæн ис сыкъатæ, Нæ паддзахы фыртæн ис сыкъатæ! Тагъд æй се ’ппæт адæм дæр базыдтой, айхъуыстис ацы ха- бар. Паддзах мæстæй мардис. Амарынмæ хъавыдис хилдасæджы, фæлæ паддзахы фырт базгъордта уатмæ æмæ фæхъæр ласта: — Ацы лæг нæу аххосджын. Уадз æмæ мæ хабар алчидæр зона. Сомы кæнын — уыдзынæн хорз паддзах сыкъатимæ дæр! Хилдасæг аирвæзт. Фæлæ диссаг уый уыд, æмæ сыкъатæ къаддæрæй-къаддæр кæнын райдыдтой уыцы ныхæсты фæстæ. Кæлæнгæнæг федта, лæппу хъал кæй нæу йæ хуызæй æмæ хъæ- батырдзинадæй, æмæ йæ лæвар райста фæстæмæ. Иууылдæр цин кодтой, алкæмæй тынгдæр та — хилдасæг.
Кæркуысты Динæ ХАЛОН ÆМÆ ХЪАЛ ЧЫЗГ Царди-уыди иу зæронд æлдар æмæ йын уыдис чызг, хъал æмæ къулбадæг. Æлдары фæндыд йæ чызджы чындзы радтын, цæмæй æнæ бындарæй ма баззайа. Чызг та, цыма ницы зоны, афтæ дары йæхи, æнæмæт цард кæны. Мæсты кæны æлдар, фæлæ йын цы кæна, уый йæ сæр нæ ахсы. Уæд дын æм иу ахæмы йæхимæ фæдзырдта æмæ зæгъы: — Мæ зæрды ис, мæ чызг, ерыс расидын. Уыцы ерысы ды дæхицæн лæг равзардзынæ. Куыдфæндыйæ дæр дæ чындзы рат- дзынæн: æз зæронд дæн, æмæ мæ фæнды мæ хъæбулы хъæбулты фенын, цалынмæ ма удæгас дæн, уæдмæ. Чызг дзуапп радта: — Хорз, мæ фыд, уæд афтæ. Æз чындзы ацæудзынæн, æрмæст ахæм лæгмæ, нартхор чи бахæра бæхыл бадгæйæ æмæ дзы иу гага дæр зæхмæ кæмæн не ’рхауа. Иу дæр дзы кæмæн æрхауа, уый фæндараст уæд. Æлдар зæгъы: — Разы дæн. Фæлæ дæ ныхас куы нæ сæххæст кæнай, уæд дæ, фыццаг кæй фенон, уымæн ратдзынæн чындзы. Баныхас кодтой. Æвзарæн рæстæг æрцыдис, æмæ дуне хъæ- батыр адæм æрбамбырд. Æлдар йæ бинойнаг æмæ йæ чызгимæ уым уыдысты. Чызг-иу куыддæр радон ерысгæнæджы ауыдта, афтæ-иу ыл йæхæдæг ном авæрдта æмæ-иу худыныл схæцыд. Уыцы ерысгæнджыты ’хсæн уыдис иу зæронд, кæцы уарзта чыз- джы сыгъдæг^уарзтæй. Фæлæ-иу чызг худтис йæ зачъетæ æмæ йæ фындзыл. Иæхиуæттæ йын иу дзырдтой: — Бакæс ма йæм, куыд дзæбæх у! Чызг та: Æцæг халон куы у. Афтæ йæ хондзынæн — Халон, — æмæ худ- тис. Фæлæ ацы лæг бæхыл хорз бадтис æмæ тынг хъæздыг уы- дис, æлдарæй хъæздыгдæр. Фæлварынц тæхгæ-тæхын нарт- 79
хор бахæрын ерысгæнджытæ, фæлæ гагатæ æрхауынц зæхмæ æмæ æлдары чызг худæгæй бакъæцæл вæййы. Æрмæст Халон фесгуыхт — иу гага дæр зæхмæ не ’руагъта. Сайын, æрмæст иу, фæлæ йæ зачъеты ныссагъдис. Чызгмæ æрбахæстæг, уый та ныххудтис æмæ загъта, гага зачъеты кæй ис. Уæд æлдар нал фæлæууыд: — Зæххыл нæй! Дæ ныхас дæ ма уæд рох! — Мæ ныхас? Цæмæй ацы Халонмæ ацæуон чындзы? Æмæ иууылдæр ныххудтысты. Æлдар смæсты: — Уæдæ сомы кæнын мæ адæмы раз, фыццаджыдæр цы мæгуырыл фембæлон, уымæн дæ чындзы ратдзынæн, уымæн уыдзынæ ус! Чызг æнхъæлдта, хынджылæг кæны йæ фыд, фæлæ æлдары адæмæй иу æрбацыд æмæ загъта: — Æлдар, æрбацыд мæгуыр лæг, æмæ дæ ныхас сæххæст хъуамæ кæнай, зæгъы. Бахызт мæгуыр лæг, скъуыд, бызгъуыртæ дарæсы, йæ къухы — дзæкъул. Æлдар дзуры йæ чызгмæ: — Раив дæ дзаумæттæ! Хъусут, рахæссут ын исты бызгъуы- ртæ æмæ йыл сæ скæнут. Æлдары бинойнаг кæуын райдыдта, фæлæ аивæн ницæмæн- уал уыд... Ацыдис чызг йæ ног лæгимæ. Цæуынц-цæуынц æмæ уынынц: быдыры фыстæ хизынц, хъуццытæ, сæгътæ æмæ се ’ппæт фосæн сæ хуыздæртæ. Бæхтæ дæр ма! Фæрсы чызг: — Дæ Хуыцаумæ скæс! Адон кæй фос сты? — Халоны. Кæсынц: хъæутæ, иу иннæмæй хуыздæр. Сæ сæрмæ та — га- луан, диссаг æмæ æндæр ницы. — Кæй галуан у? — Халоны! — Æвæццæгæн, хъæздыг у уыцы Халон. — Æлдарæй хъæздыгдæр. Нæ алыварс алцыдæр, хъæуæй-фосæй Халоны сты. Хъуыды кæны чызг: «Мæ сæрхъæн митæ куы нæ уыдаиккой, уæд афонмæ уый бинойнаг уыдаин». Уалынмæ бахæццæ сты сæ хæдзармæ æмæ йын йæ ног лæг дзуры: — Арт скæн. Сарæхсдзынæ? 80
— Цæй кой кæныс? — Мæнæ замана! Арт — зæххыл æй скæнынц, къалиутæй æмæ зынгæй. Уæртæ ма нæм дзидза ис æмæ дзы лывзæ акæн. Ницæмæ сарæхст чызг, алцыдæр лæгæн йæхи кæнын ба- хъуыд. Райсомæй дзуры чызгмæ: — Мæнæ дын тъæсчъы æйчытæ. Ауæй сæ кæн, æхца та мæн- мæ æрбахæсс. Цæрын нæ уыдонæй хъæудзæнис. Араст ис чызг базармæ æйчытæ уæй кæнынмæ. Бацыд æмæ уыны: чи халсартæ уæй кæны, чи — дыргътæ, чи ма ноджы цы- дæр. Тæскъ зæххыл куыд æрæвæрдта, афтæ йæм иу ус бауадис: — Цас кæны айк? — Туман. — Æри-ма мын дыууæ. Чызг ын радта. Ус дзы иу асаста, æмæ йæ хуылфы разынд сæдæ сомы. Иннæ асаста, æмæ та уым дæр — сæдæ сомы. Мæнæ дын дæ дæс айкæн сæдæ сомы. Раздæхт чызг йæ хæдзармæ æмæ лæгæн алцыдæр радзырд- та. Уый та йын: — Æнæсæр, æнæсæр чи дæ! Æйчытæ хæдзармæ цæуылнæ æрбахастай, кæд уыдтай, сæ хуылфы сæдæгай сомтæ ис, уæд? Кæм ис дæ сæр? Ницæмæн бæззыс! Кæуын райдыдта чызг, йæхи нал урæдта. — Æгъгъæд фæуæд! Ахæсс ацы хъуыраутæ æмæ сæ ауæй кæн. Æрæвæрдта чызг хъуыраутæ. Хъусы цæфхæдты къуп-къуп. Йæ алыварс хъæлæба: — Халон! Халон! Уыны чызг: æртæхы бæх, сау-сауид, æмæ йыл бады лæг. Куыд тахт, афтæ йæ баскъæрдта хъуыраутыл, æмæ дзы иу æнæхъæн нал баззад. Чызгмæ кæсгæ дæр нæ бакодта. Скуыдта чызг: — Мæ бон уыдис йæ бинойнаг суæвын! Раздæхт фæстæмæ хæдзармæ æмæ алцыдæр йæ лæгæн ра- дзырдта. — Ницæййаг, ницæййаг! Ницæмæн бæззыс! Фæлæ зоныс, Халоны галуаны тæбæгътæ чи æхса, ахæм кусæг хъæуы. Райсом араст уыдзынæ уырдæм. Райсомæй акодта чызджы галуанмæ. Халон чындзæхсæвмæ цæттæ кодта, нæ фаг кодта адæм, æмæ чызджы райстой тæбæгъ- тæ æхсынмæ. Алы бон йæ куыстмæ цыдис, хæдзармæ та-иу фæл- ладæй тыххæй бахæццæ ис. Иу ахæмы дзуры йæ лæгмæ: 6* 81
— Фехъуыстай, Халон тагъд чындзæхсæв кæндзæн æлдары чызгимæ? — Уæдæ, диссаджы хæринæгтæ дзы ’рывæрдзысты, æвæц- цæгæн. Ды та цы кусыс? — Æз ныртæккæ халсартимæ фæархайын. — Мæн-иу ма ферох кæн, амбæхс-иу исты адджинæгтæ. Мæн- мæ дæр хай хауы, цæрын дæ дзæгъæлы ахуыр кодтон! Мæнæ ма ацы дзæкъул райс æмæ мын-иу дзы истытæ авæр. Райста чызг дзæкъул, ацыдис куыстмæ æмæ йе ’мгусæгæн афтæ: — Цы тынг мæ фæнды чындзæхсæв фенын! — Мæн дæр. Чындз диссаджы рæсугъд у, дзырдтой. Уæртæ уыцы æмбæрзæны фæстæ бамбæхсдзыстæм æмæ уырдыгæй фендзыстæм æлдары æмæ йæ бинойнаджы дæр. Чызг ахъуыды кодта, йæ мад æмæ йæ фыды дæр кæй фен- дзæнис, æмæ скуыдта. Фæлæ хабар хабармæ æмæ бафсæстысты, уый фæстæ дзæкъулы йæ лæгæн адджинæгтæ сæвæрдта. Уый фæстæ бамбæхстысты. Адæм дзы æрæмбырд, Халон иу сылгой- магимæ кафын райдыдта. Æмæ мæнæ æмбæрзæнмæ æрбахæстæг сты, æмæ йыл Халон æрхæцыд къухæй. Уый æрхауд æмæ æлдары чызг йе ’мгусæгимæ разындысты дыууæйæ дæр. Халон чызгмæ бацыд, уаты астæумæ йæ ракодта йæ фæдыл. Фæлæ йæ афтæ тагъд кодта, æмæ йæ дзæкъул æрхаудис, æмæ се ’ппæт дæр худы- ныл схæцыдысты. Фырæфсæрмæй чызг зæхмæ æрхаудис. Халон æй с^елвæста, уатмæ йæ ахаста æмæ йæ сынтæджы æрæвæрдта. Иæхимæ æрцыдис чызг, уыны: чидæриддæр уыдис чын- дзæхсæвы, уыдон æм кæсынц, рахизæрдыгæй йæ фыд лæууы, га- лиуæрдыгæй — йæ мад. — Кæм дæн? Цы мыл æрцыдис? — Ды Халоны галуаны дæ, нæ чызг. — Æмæ Халон йæхæдæг кæм ис? Ничи ницы дзуры. Æвиппайды дуар байгом æмæ уатмæ æр- бахызт мæгуыр лæг. Сынтæгмæ бацыд, йæ мæнгдзæсгом систа æмæ... чызджы раз æрлæууыд Халон. Лæг æмæ ус кæй уыдысты нырид, уымæ гæсгæ фынджы уæлхъус æрбадтысты æмæ чын- дзæхсæв дарддæр цыдис. Мæнмæ та хонæг дæр нæ уыдис!
Кцойты Тамарæ УЫЗЫН КЪУЫБЫЛОЙ ÆМÆ ИННÆТÆ Раджыма-раджыма... Фæлæуут-ма, раджы та цæмæн? Тынг раджы нæ уыдис ацы хабар. Æрцыдис Сау хъæды. Сау хъæды та цæмæн? Уый не заманы уыдис Сау хъæд, бирæгътæ æмæ дзы рувæстæ сæхицæй лæмæгъдæртыл тыхми куы кодтой, уæд. Ныр та йæ хонынц... Куыд уæм кæсы, куыд? О-о... Уалдзæджы — Дидин хъæд, сæрды — Сыфтæр хъæд, фæззæджы — Бур хъæд, зымæджы та — Митын хъæд. Хъæды цæрæгойтæ тынг буц уыдысты сæ- хицæй, уæдæма нæ — чи уæ райгуырдис, цалдæр номы кæмæн ис, ахæм ран? Уæлдай хъал та уыдысты сæ райгуырæн уæзæгæй тæрхъус Тæрсой, æхсæрæг Тæлфой, зыгъарæг Хылычъи æмæ уызын Къуыбылой. Уæдæ базонгæ уæм семæ. Тæрхъус Тæрсой уыдис авд хойы æмæ цыппар æфсымæры кæстæр. Згъорынмæ йын æмбал нæ уыдис: цæсты фæны- къуылдмæ-иу хъæды кæрон смидæг. Уыдис лæмæгъзæрдæ: фæз- зæджы-иу бæлæсты сыфтæр куы згъæлдис, уæд-иу йæ зæрдæ суынгæг: тæригъæд-иу сын кодта. Тæппуд та ахæм уыдис, æмæ- иу æм йæ мад хуыггомæй куы рахъæр кодта, уæд-иу хæрдмæ фæ- хаудис. Æхсæрæг Тæлфой-иу æм нæзыйæ кастис æмæ-иу ыл худæ- гæй мардис: — Уанцон нæу, Тæрсой, уагæр ма дæм æндæр исчи куы ра- хъæр кодтаид... Тæлфой уыдис хъæлдзæг æхсæрæг, уарзта бæлæстыл гæп- пытæ кæнын, цъуйы æмæ мыртгæйы гагатæй фæрдгуытæ араз- ын, фæлæуæддæр æппæтæй фылдæруарзта... йæхи. Райсомæй-иу йæ даргъ къæдзил дымгæмæ ацагъта, нæзыйы гыркъойæ-иу æй æрфаста æмæ-иу æнæхъæн бон йæхицæй æппæлыны куыст код- та: — Мæнæй рæсугъддæр цæрæгой нæй ацы хъæды. Кæсут-ма, уый уын къæдзил! Сымахыл дæр дзы куы ’рзадис къæдзилтæ... 83
Ха-ха-ха... Къудитæ! Кæмæндæр та уый дæр нæй, — æмæ-иу ху- дæгæй бакъæцæл. Уызын Къуыбылой æмбæрста, кæмæ хауынц уыцы фидистæ, уый, фæлæ никуы хæрам кодта Тæлфоймæ: æцæгдзинадмæ хæрам кæнæн нæй. Къуыбылойæн уыдис рæдау æмæ парахат зæрдæ, тæригъæд- гæнаг. Иæ мадæн та — йæ «цумайы лæдзæг»: хъæддаг кæрдотæ æмæ фæткъуытæ уидзынмæ йæхицæй сæрæндæр не ссардтаис. Йæ гыццыл бырынкъæй-иу цæстыфæныкъуылдмæ æнæхъæн чыргъæды дзаг донджын уидæгтæ акъахта, суанг ма-иу сыхæг- ты фаг дæр уыдысты. Зыгъарæг Хылычъи дæр ма-иу дзы йæ урс гуыбын байдзаг кодта: хæрын бирæ уарзта. Хæрын æмæ... хыл къахын. Айразмæ къуыри халон Сауийы бын бабырыдис: куы йын йæ къæдзилæй сис ратоны, куы йын йæ къахыл æрлæууы. Сауи дæр фæстагмæ рамæсты æмæ йын йæ бур фидар бырынкъæй йæ сæрæн уыциу къупп нылласта. Хылычъи йæ къæхтыл нал фæлæууыдис æмæ уæлгоммæ ахауд. Тæрсой уый куы ауыдта, уæд фыртæссæй къудзийы бын смидæг. Тæлфой бæласы къалиуæй фырхудæгæй рацæйхаудис. Æр- мæст Къуыбылой фæцарæхстис, схæцыдис Хылычъийыл, йæ сау кæрцыл цы сыфтæ ныххæцыдысты, уыдон ын асыгъдæг кодта. Афтæ æрвыстой сæ бонтæ нæ ног зонгæтæ. Иу фæззыгон бон райсомæй раджы хъæдхой Тъуппой ныххоста зæронд нæзыйы зæнг: — Хъусут иууылдæр Тъуппоймæ! Абон Тæлфойы гуырæнбон у, æмæ уæ хоны Стыр тулдзы бынмæ. Уæ лæвæрттæ уæ ма ферох уæнт! Фæссихор Стыр тулдзы бынмæ æмбырд кæнын райдыдтой хуынд цæрæгойтæ. Тæрсой, цыдæриддæр æрдузы дидинæг уыд, уыдон иууылдæр ныттыдта æмæ Тæлфойæн æрбахаста стыр хæрздæф баст. Хылычъи мæнтæджы сыфы æрбахаста хъæддаг мыд (сæрды йыл фæхæст тæгæр бæласы мæрайы). Сауи балæвар кодта ноггуырдæн æхсæртæ, хæсгæ та йын сæ æрбакодта йæ зæронд ахстоны мидæг. Къуыбылой райсомæй нырмæ къахта уи- дæгтæ, суадоны сæ дзæбæх фехсадта, бабаста сæ æрвхуыз бæт- тæнæй (къуыри размæ йæ дымгæ къудзийыл ацауыгъта) æмæ сæ афтæмæй æхсæрæджы раз æрæвæрдта. Тæлфой тынг разы нæ уыдис йæ лæвæрттæй, уидæгтæ ма куы федта, уæд та бынтон рамæсты: 84
— Æз диссаджы фынгтæ æмæ хæрдзтæ уымæн скодтон, æмае мын мæнæ ацы ницæййаг уидæгтæ æрбахæссай? Дæхицæн сæ уадз! Къуыбылой сæргуыбырæй раздæхтис фæстæмæ, йæ гыццыл дзæмбыты хаста йæ уидæгты тыхтон, йæ сæр æнкъард хъуы- дытæй байдзаг, афтæмæй. Йæхимæ ’рцыдис гæркъæраг Фæдисы хъæрæй: — Фæдис! Тагъд! Исчи! Тæлфой мæлы! Хъæддаг мыд ын нæ батадис! Уызын фæстæмæ фездæхтис. Уый та куыд?! Йæ хъуыдытæ сæмхæццæ сты, фæлæ йæ чысыл дзæмбытæ сæ куыст кодтой: уидæгты ’хсæн агуырдтой хъæугæ хос. Уайтагъд æй ссардтой, æмæ азгъордта, атылдис уызын Стыр тулдзы бынмæ. Бахæццæ. Тæлфой ма тыххæй улæфы, йæ уазджытæ йæм джихæй кæсынц. Къуыбылой уидаг æрсæстытæ кодта, Тæлфойы дзыхы йæ акодта: — Аууил æй: уый æвдадзы хос у! Иуцасдæры фæстæ æхсæрæг йæхимæ ’рцыдис. Ныссырх, ныфсæрмытæ, уызынмæ бакæсынмæ дæр нал уæндыд. Куыд- дæртæй ма сфæрæзта: — Къуыбылой, бахатыр кæн! Раст нæ уыдтæн. Чи йæ зыдта, дæ уидæгтæн аргъ нæй, уый?! — Æз æй бæргæ зыдтон, ныр æй сымах дæр зондзыстут, — бахудтис уызын. Иууылдæр схор-хор кодтой, бахъæлдзæг сты. Æмæ мæнæ æр- дузæй райхъуыстис хæлæртты зарæг: Дидин хъæд нæуæзæгу, Бур хъæд та — нæ дарæг, Цъæххъæды фæзарæм, гъей, Митын хъæды кафæм! Суанг изæрдалынгтæм хъуысыдысты Стыр тулдзы бынæй кафт æмæ зард. Бур хъæд та йæ мидбыл худтис æмæ каст йæ цæрджыты циндзинадмæ.
Къуыллыты Чермен ХÆСТОН БÆХЫ ТÆРГАЙ Хæсты фæстæ, дам, иу хæххон хъæумæ æрбафтыд рынчын бæх. Зылдис хæдзæртты алывæрсты. Чи зоны, агуырдта йæ зынг- хуыст барæджы. Уыцы рæстæг æнæхъæн хъæуы иу бæх дæр нæ уыд, æмæ йыл адæм тынг бацин кодтой. Райдыдтой йæм зилын. Бæх дæр сыл сахуыр æмæ та-иу куы иуы дуар йæ сæрæй бахоста, куы иннæйы. Хъæуы цæрджытæ йын йæ цæфтæ сæрстой æмæ йæ сдзæбæх кодтой. Райдыдта кусын, кæмæн хос ласта, кæмæн суг, кæмæн та куыроймæ — голджытæ. Афтæмæй бонтæ цыдысты. Зымæг уыцы аз уыд хъарм. Мит куыд уарыд, афтæ тад. Хуылыдз халæттæ кауы михтыл бадгæйæ хъæлдзæг ныхас код- той, цин кодтой хъарм зымæгыл. Уынгæй хъуыст сылгоймæгты ныхас, дзырдтой, сæ хортæ ссинаг кæй сты, фæлæ рæстæг хъарм кæй уыд, уымæ гæсгæ нæ тагъд кодтой. Иу ахæм хъарм изæр хæстон бæх йæ сæрæй бахоста иу хæ- дзары дуар. Ракаст иу 10-11-аздзыд лæппу, æмæ бæхы куы фед- та, уæд ыл дуар ахгæдта. Бæх та аивæй фæстæмæ дуар бахоста. Лæппу йыл хъуына кæрдзыны къæбæр рахста æмæ цыдæртæ схъуыр-хъуыр кодта. Зондджын бæх къæбæрмæ бирæ фæкаст, стæй йæ цæссыг калгæ азылд æмæ ацыд. Уыцы æхсæв бæстæ урс-урсид адардта. Астæумæ мит рауа- рыд, бæстыл азмæлæнтæ нал уыд. Сылгоймæгтæ сæ хортæ не рыссадтой, куыройы фыдтæ уазалæй ныддур сты. Адæм сыдæй æмæ уазалæй мардысты. Уæд лæппу йæ фыдымады ныхас афтæ фехъуыста: «Иу аз ма уыд ахæм фыд зымæг. Уæд хъæумæ æрбафтыд иу хæстон лæг, дон хъуаг æмæ æххормагæй. Иу æнаккаг ын хъуына кæрдзыны къæбæр азыввытт кодта. Нæ уыд хæстонæн æргуыбыр кæнæн къæбæрмæ, йæ къæхтæ уыдысты цæфтæ, аздæхт дон æмæ 86
къæбæр хъуагæй хъæуæй. Цалдæр азы, дам, уый фæстæ хъæуы скодта æххормаг азтæ. Хистæртæ дзырдтой, уый сæ уазал зæрдæйы аххосæй кæй уыд, уый». Лæппу йæ рæдыд бамбæрста. Дыккаг бон æрæмбырд кодта хъæуы фæсивæды, куыройы фыдты цур скодтой стыр æртытæ æмæ белтæй пырх кодтой ихы къуыбæрттæ. Халæттæ дæр сæхи æрбайстой хъарм арты цурмæ æмæ сæ хуылыдзтæ хус кодтой. Кæрæдзийæн дзырдтой кæд- дæры æххормаг азты хабæрттæ. Изæрырдæм хъарм дымгæ æрбакодта, æмæ ихтæ тайын байдыдтой. Уалынмæ æрзылдысты куыройы фыдтæ, æмæ адæ- мы цинæн кæрон нал уыд. Сылгоймæгтæ хастой куыроймæ се ссинæгтæ, хъæуæй та ракалд æртыты фæздæг æмæ хъарм кæр- дзынытæф! Халæттæ кæрæдзийæн дзырдтой, лæппу йæхиуыл кæй æр- худт, уый тыххæй кæй æрбахъарм...
Мысыкаты Данизæ ЦУАНОН ÆМÆ СЫЧЪИЙЫ ЛÆППЫН Раджы кæддæр иу цуанон хохы даджы бамбæлд сычъитыл. Бирæ сæм фæкаст, стæй йæ сæры февзæрд ахæм хъуыды: «Куыд хорз сфидаудзæн сычъийы фыд не стъолыл, мæ бинонты дзы дзæбæх фендзынæн! Нæ, фæлæ рагæй нал бамбæлдтæн ахæм диссаджы лæварыл. Ныр цæрæгойтæ мæ тæккæ размæ фесты, æмæ сæм хæлиудзыхæй куыд кæсон?» Уæдмæ æваст кæцæйдæр фæцыд гæрах. Сычъитæ ныххæлиу сты. Цуанонæн фырмæстæй йæ бон акъахдзæф кæнын дæр нал баци. Гыццыл фæстæдæр бахæццæ, сычъитæ цы ран лæууыды- сты, уырдæм. Кæсы, æмæ иу дуры аууон хуыссы гыццыл сычъийы лæппын. Хæстæгдæр æм бацыд, лæмбынæг æм æркаст æмæ бам- бæрста, лæппын сычъийæн йæ къах цæф кæй у Æндæр цинæй амардаид, фæлæ цуанонæн йæ зæрдæ атæнæг. Фæйнæрдæм ахъахъхъæдта, лæппыны систа, йæ роны йæ бакодта æмæ йæ хæ- дзармæ рараст. Иуран ауыдта цавæрдæр æнахуыр адæмы, æрæм- бæхсæгау кодта æмæ йæ фæндаг фæивта. Æрхаста тæнзæрдæ цуанон сычъийы лæппыны, базылди йын йæ цæфмæ æмæ йæ йæ цоты бар бакодта. Райдыдтой йæм зилын сывæллæттæ, хæринагæй йæ хъуаг æппындæр нæ уагътой, рæвдыдтой йæ чираздæрæй. Уалынмæ сычъийы къахы хъæдгом дæр сабыргай байгас, чъыллиппытæ дæр ма-иу систа. Иуцасдæр рæстæгмæ сычъийы лæппын бынтон сдзæбæх, байрæзти. Сахуыр сывæллæттыл æмæ сæ уæгъд нæ уа- гъта. Уыдон дæр-иу æм згъордтой цингæнгæ. Цуанон сæм каст æмæ-иу æхсызгонæй бахудт: «Сырды фы- дæй сæ бафсадыны бæсты мæ цоты сырдты хъахъхъæныныл са- хуыр кодтон, мæнмæ гæсгæ. Фæлæ куыд уыдзæн мæгуыр сычъи, куы байрæза бынтондæр, уæд?» Бирæ фæхъуыды кодта цуанон, ныууадза сычъийы лæппыны хæдзары æви йæ ауадза хъæдмæ йæ мадмæ, йе ’мбæлттæм. Æппынфæстагмæ сфæнд кодта хъæд- 88
мæ йæ ауадзын. Фехъусын кодта йæ фæнд сывæллæттæн дæр. Уыдон ныццин кодтой, мах дæр ууыл хъуыды кодтам, зæгъгæ: «Йæ мад æй кæд ныр дæр ма агуры, уæд тæригъæд сты дыууæйæ дæр!» Бахудт фыд йæ мидбылты æмæ сын боны ’мгъуыд загъта. Схастой сычъийы иумæ къæдзæхтырдæм, ауагътой йæ цъæх кæрдæгыл. Уый фыццаг æнæуæндгæ дардта йæхи, йæ ирвæзын- гæнджыты разæй йæ йæ къах нæ хаста. Стæй счъыллиппытæ кодта æмæ дугъ систа. Бирæ фæхъазыд цъæх кæрдæгыл, стæй- иу уæд дуртыл хæрдмæ сцæйлыгъд, æмæ та-иу цуаноны сывæл- лæттæм æрбалыгъд, йæхи-иу сыл асæрфта. Уалынмæ кæцæйдæр фехъуыст уасын, æмæ сычъийы лæппын фæкаст уыцырдæм. Æвиппайды цуанонмæ æрбазгъордта, йæхи йыл асæрфтытæ код- та, сывæллæтты рустæ асдæрдта æмæ гæппытæгæнгæ сфардæг къæдзæхыл хæрдмæ. Иу каст ма фæкодта дæлæмæ æмæ æр- байсæфт. Фæлыгъд гыццыл сычъи йæ мад, йæ хотæ æмæ йе ’фсымæртæм, ай-гъай... Цуанон æмæ йæ сывæллæттæ цасдæр фæлæууыдысты æнæ- дзургæйæ, чидæр дзы йæ цæстысыгтæ дæр ма асæрфта, æмæ рараст сты сæхимæ. Кæд тынг сахуыр сты сæ лымæныл æмæ сæ ныр дзурын дæр никæмæ цыд, уæддæр сæ риуты цавæрдæр æх- сызгондзинад хъазыд. Уæдæй фæстæмæ цуанон ныууагъта йæ цуан кæнын, йæ къухмæ топп никуыуал райста...
Норова Ангелина ДЖЕРИХАНЫ ЛÆВАР АДÆМÆН Раджы кæддæр Ирыстоны, хуры рæвдыдæй æдзух хайджын хæххон хъæутæй иуы, райгуырд лæппу. Сæвæрдтой йыл ном — Джерихан. Рæзыд хæлар бинонты ’хсæн. Ныййарджытæ тынг цин кодтой, сæ хъæбул фидар, цæрдæг сывæллон кæй уыд, ууыл. Цып- пар азы йеддæмæ нæма цыд Джериханыл, афтæмæй архайдта йæ фыдæн æххуыс кæныныл. Мад-иу цингæнгæ дзырдта сыхæг- тæн: «Хуыцау нын сæрæн, æмбаргæ, рæстзæрдæ хъæбул балæвар кодта». Хатгай-иу фыд акодта Джериханы йемæ хъæдмæ дæр. Уым ын амыдта, æрдзæн зиан не ’рхæсгæйæ, цуан кæнын куыд хъæуы, уыдæттæ. Джерихан тагъд рæзыди. Аст азы йыл куы рацыд, уæд йæхæдæг цуаны цæуын райдыдта. Æнусон хæхты фæхстыл тархъæды фыдæлтыккон бæлæ- сты ’хсæнты хъæлдзæгæй згъордтой рæсуг суадæттæ. Ацы хъæд хъæздыг уыд алыхуызон сырдтæ æмæ мæргътæй. Иубон та Джерихан райста йе ’рдын, фæттæ æмæ араст цуа- ны. Бон уыд райдзаст, хурæфсæст. Хъæдмæ куыд хæстæгдæр код- та цуанон, афтæ хъус тынгдæр ахста мæргъты алыхуызон зæл- ланг зарджытæ. «Ацы райдзаст хъарм боныл æрдз дæр куыд цин кæны!» — ахъуыды кодта лæппу. «Гъей, Джерихан! — фæхъæр æм кодта Чермен, гыццыл фал- дæр фосы рæгъау цы фыййау хызта, уый. — Кæцырдæм цæуыс? Цуаноны каст кæныс. Кæд афтæ у, уæд рæствæндаг фæу, Лæгты Дзуар æмæ дын Æфсати зæрдиаг лæвæрттæ ракæнæнт, æмæ-иу дзагармæй æрыздæх!» Джериханæн «бузныг» зæгъын йеддæмæ йæ къухы ницы- ма бафтыд, афтæ фæкомкоммæ арвмæ æмæ ауыдта: цæргæс йæ дзæмбыты уæрыччы фæдавы. Лæппу тынг рæстдзæвин уыд, æмæ уайтагъд йæ фат цæргæсы дзæмбыйыл сæмбæлд. Цæр- 90
гæс йæ рыстæй йæхи дæлдæр æруагъта, фæлæ йæ амæддаджы нæ уæгъд кæны. Цуанон дыккаг æхст кæнынмæ хъавыд, фæлæ маргъ иу стыр дурыл æрбадт æмæ уæрыччы феуæгъд кодта. Лæппу йæм хæстæгдæр бауад, амарон æй, зæгъгæ, фæлæ цæргæс адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта: — Ма мæ амар, ауадз мæ. Бахъæудзынæн ма дæ. Джерихан ныддис кодта: — Цымæ мын кæм баххуыс кæнын бауыдзæн дæ бон? Фæлæ афтæ фæуæд — цæр! Цæргæс афарста: — Ныртæккæ дæм ницы бæллиц ис? Цуанон ахъуыды кодта æмæ сдзырдта: — Кæд дæ бон у, уæд мын стыр хъару ратт. — Куыд зæгъай, афтæ. Стыр хъаруйы хицау у. Лæппу цæуынвæнд куы скодта, уæд ын маргъ загъта: — Искæд дæ мæ сæр куы бахъæуа, уæд-иу ардæм æрцу æмæ- иу булæмæргъы зард ныккæн. Уайтагъд дæ разы уыдзынæн. Ууыл кæрæдзийæн «хæрзбон» загътой. Джерихан цуаны фæстæ сæхимæ æрыздæхт. Йæ размæ сæ гæды рауад, æмæ йæ лæппу йæ хъæбысмæ фелвæста. Гæды ахæм цъæхахст ныккодта, æмæ йæ уайтагъд йæ хъæбысæй æрæппæр- ста. Уалынмæ къæсæрæй æрбахызт сæ сыхаг Аслæнбег: — Байриай, лæппу. Дæ цуан кæддæриддæр дæхи фæндиаг уæд! Дæ фыд кæм ис? Джерихан райста сыхаджы къух, фæлæ лæг куы ныууынæр- гъыдта, уæд æй феуæгъд кодта. — Дæ хорзæхæй, лæппу, мæ къух мæхицæй куы нæуал у. Уый цавæр хъаруйы хицау дæ? — афарста Аслæнбег. Лæппу бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ ногæй араст, цæргæсимæ кæм фæхицæн, уыцы бынатмæ. Булæмæргъы зарæг айхъуыст фыдæлтыккон хъæдыл. Уайтагъд цæргæс йæ разы фе- гуырд. — Тыхджын уæвын хорз у. Фæлæ уыйбæрц хъару æгæр у. Уыйбæсты мын стыр амонд радт, — бамбарын кодта Джерихан маргъæн. Цæргæс та сæххæст кодта лæппуйы курдиат æмæ стахт уæларвмæ. Рараст сæхимæ Джерихан зæрдæрухс, зæрдæхъæлдзæгæй. Дуне йæм йæ мидбылты худти. Æрдз æй рæвдыдта. Афтæ йæм 91
каст, цыма бæласæй, дидинæгæй — иууылдæр йæ амондыл ра- йынц æмæ йын сæ сæртæй кувынц. Хъæугæронмæ куы бахæццæ лæппу, уæд йæ хъустыл цыдæр хъæлæба ауад. Йæ цыд фæтагъддæр кодта. Хъæуы астæу ауыд- та æвирхъау ныв: æлдары фæсдзæуинтæ адæмимæ цæуылдæр загъд кæнынц, кæй схойгæ кæнынц, кæй ехсæй цæвынц. Сылгой- мæгтæ кæуынц, сывæллæттæ фыртæссæй сæхи сæ мадæлтæм нылхъывтой; нæлгоймæгтæ се ’фхæрджытæн цыдæр бамбарын кæнынмæ хъавынц, фæлæ сæм хъусæг нæй. «Раст нæ бакодтон, — ахъуыды кодта Джерихан. — Мæ хъæуы адæм хъизæмар кæнынц, æз та æрмæст мæхицæн ра- куырдтон амонд. Æз амондджынæй никæд æнкъардзынæн мæхи, уыйбæрц æнамонд адæмы ’хсæн цæргæйæ». Æмæ та араст лæппу хъæдмæ. Æрлæууыд та стыр дуры цур, æмæ та айхъуыст булæмæргъы зард. Фæзынд йæ лымæн цæргæс. Радзырдта йын Джерихан хабæрттæ æмæ ракуырдта, цæмæй се ’ппæтæн дæр æдыхст, амондджын цард радта. Цæргæс ахъуыды кодта æмæ загъта: — Зыдтон æй, ахæм курдиатимæ мæм зындзынæ, уый. Адæ- мыл кæй тыхсыс, уый хорз у Фæлæ-ма мæм æрбайхъус. Адæм иууылдæр сæ цардæй разы куы уой, уæд сæхиуыл фервæсдзысты, фыдæбон кæнын сæ нал фæнддзæн. Нал фосы куыст кæндзысты, нал — хоры. Кæрæдзийыл нал ауддзысты. Уыйбæсты-ма адæмæн ракур хæларзæрдæдзинад. Уадз, æмæ кæрæдзийыл аудой, искæй тыхст сæ зæрдæмæ хæстæг исой, искæй зындзинадыл бахъыг кæнын фæразой, искæйы циныл та — бацин кæнын. Æмæ уæд дунейыл рапарахат уыдзысты Уарзондзинад æмæ Амонд, Æнæ- низдзинад æмæ Хъару; стыхджын уыдзæн адæмы ’хсæн хæлар- дзинад. — Стыр бузныг дын, мæ хæлар, дæ куырыхон зонды тыххæй. Дæ ныхасимæ разы дæн. Кæй дæ фæриссын кодтон, уый мын ныххатыр кæн, — сдзырдта Джерихан. Уыцы бонæй фæстæмæ Дунæйыл паддзахиуæг кæнынц хæларзæрдæдзинад æмæ кæрæдзийы æмбарын. Хорздзинад кæддæриддæр фыдæхыл хъуамæ уæлахиз кæна.
Плиты Валерия МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ГÆДЫЙЫ АРГЪАУ Цардис æмæ уыдис мæгуырæй мæгуырдæр лæг Пæхъæчо йæ мæгуыр хæдзары. Уыдис æм гæды, уый дæр йæхиау мæгуыр, фырмæллæгæй гæдиау «миау» дæр нæ кодта, фæлæ-иу ниуæгау бауасыд. Йæ хицау æй хуыдта Очахъо. Хæстæг, хион ничи уыд Пæхъæчойæн, адæм дæр æм æввахс нæ цыдысты, нæ йæ уарзтой. Мадзура, фыдхъуын, фыдуынд лæджы чи хъуамæ уарзтаид? Уарз- гæ нæ, фæлæ ма дзы тæрсгæ дæр кодтой, уымæн æмæ йын уыд æнахуыр даргъ фындз. Суанг йæ астæумæ хæццæ кодта. Арвы бын Пæхъæчойы уарзта æрмæст йæ гæды. Хæдзары уæвгæйæ йыл æдзух йæ къæдзилæй йæхи рахаф-бахаф кодта, кæнæ та йæ уæрджытыл хуыссыд. Дзырд дæр ыл нæй, уарзтой Пæхъæчо æмæ Очахъо кæрæдзийы. Уæдæ Пæхъæчойæн йæ иунæг хъæздыгдзинад уыдысты йæ гæды æмæ йæ дыууæ цы- рыхъхъы йæ талынг хæдзары къуымы. Бон-изæрмæ Пæхъæчо бадт базары дуармæ. Дыууæрдæм цæуæг адæм ын-иу куы цы радтой, куы цы. Изæрæй-иу йæ боны фæллой æрбахаста хæдзармæ, Очахъоимæ-иу сæ адих кодтой. Хæрд-иу куы фесты, уæд-иу гæды йæ хицауы уæрджытыл схуыс- сыд, Пæхъæчо та-иу æй йæ дæрзæг къухæй лæгъзытæ кодта. Боны дæргъы цы федта, цы фехъуыста, уыдон ын-иу дзырдта. Гæды дæр хуыссыд æмæ йæм æнцад хъуыста. Фæлæ иухатт æрцыд ахæм бон, æмæ Пæхъæчойæн æппын- дæр ничи ницы радта. Афтидæй, æххормагæй æрбацыд йæ хæ- дзармæ. Куыд нæ уыдаид мæсты Пæхъæчо! Дуар куы бакодта, уæд æм æххормаг гæды хæринаг æнхъæл бауасыд. Пæхъæчо йыл схъæр кодта. Гæды фæтæргай, мæстыйæ хæдзары къуымы цырыхъхъы ныггæпп кодта. Пæхъæчо йæм дзырдта, сидтис æм, фæлæ гæды цырыхъхъы хуылфæй нæ рахызт. Цы кæна, уый нæ зоны Пæхъæчо. Цы бахæрын кæна йæ æх- хормаг гæдыйæн? Йæхи æххормагыл хъæцы, фæлæ йæ гæды... 93
Очахъо та бады цырыхъхъы хуылфы, уæлæмæ нæ хизы. Тынг куы сæххормаг, уæд ниуæгау райдыдта уасын. Цыма Пæхъæчойæ йæ маст иста. Уый йæм хъуыста, хъуыста, стæй куы сфæлмæ- цыд, йæ бон йæ мæгуыр гæдыйы ниудмæ хъусын куы нал уыд, уæд кард райста, йæ даргъ фындзы кæрон фæлыг кодта æмæ йæ Очахъойæн цырыхъхъы хуылфмæ ныппæрста. Дыккаг бон Пæхъæчо базары цурмæ нал ацыд. Очахъо та хæринаг агурын куы райдыдта, уæд та йын йæ фындзæй ралыг кодта æмæ йын æй радта. Гæды та йæхи бафсæста. Пæхъæчо, сыдæй куы амæлон мæхæдæг, зæгъгæ, йæ цæсгом стыхта, йæ фындз куыд нæ зындаид, афтæ æмæ ацыд базары цур- мæ. Изæрмæ фæбадтис, чысыл цыдæртæ йын радтой адæм, фæлæ тынг æххормаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ сæ йæхæдæг ахордта, хæдзармæ дæр сæ нал æрбахаста. Мæгуыр гæды та цырыхъхъы хуылфы бады æмæ æнхъæлмæ кæсы йæ хицаумæ. Пæхъæчо куы ’рбацыд, уæд дзы хæринаг агурын райдыдта: уасы, кæуы, ниуы. Пæхъæчо дæр та йын йæ фындзæй ралыг кодта æмæ йын æй цырыхъхъы хуылфмæ ныппæрста. Афтæ рацыд цалдæр боны. Пæхъæчо фындз лыг кæны, Очахъо та — хæргæ. Рацыд рæстæг. Иу изæр та Пæхъæчо æрцыд куыстæй. Йемæ æрбахаста йæ боны фæллой дæр. Очахъойы тæргай дæр фæцы- дæр. Йæ хицауы дзурынмæ сгæпп кодта цырыхъхъы хуылфæй. Гæды æмæ йæ хицау нал базыдтой кæрæдзийы. Пæхъæчойæн йæ дынджыр даргъ фындзæн йæ кой дæр нал уыд, фæхæрзхуыз, йæ хуыз скалдта. Очахъо дæр, цалынмæ цы- рыхъхъы Пæхъæчойы фындз хордта, уæдмæ снард, йæ хъуын фæлæгъз. Уæдæй фæстæмæ кæрæдзийы хъыджы никуыуал бацыды- сты Пæхъæчо æмæ Очахъо. Адæм дæр сæм хуыздæр цæстæй рай- дыдтой кæсын. Абон дæр ма цæрынц æмæ хæрынц.
Сохиты Тамерлан ÆРДХОРД-ÆФСЫМÆРТÆ Быцæуы куы архайай, уæд дæхи дæ ныхмæлæууæджы бына- ты авæрыс? Ахъуыды кæныс ууыл, æмæ дæ цæстæнгас раст уы- дзæн, æви нæ? Ацы аргъау æрыгон чиныгкæсæгæн фæахъаз уыдзæн йæ хъуыды ныффидар кæнынæн, кæнæ та йæ бынтон фæивынæн. Раджы иу гыццыл хъæуы, адæм æмзонд кæм уыдысты, уым цардысты дыууæ æфсымæры Алихан æмæ Цæра. Дыууæйыл дæр цыдис нудæсгай азтæ. Æфсымæртæ кæрæдзи уыдтой алы бон дæр, уымæн æмæ уыдысты хæрз хиуæттæ, æндæр сæ ницы баста. Афтæ зæгъæн дæр нæ уыди, æмæ кæрæдзийы нæ уарзтой, ал- чидæр йæ уавæрмæ гæсгæ фæллой кодта бинонтæ фæдарынæн. Фæлæ-иу сæ цард хаттæй-хатт ныхæй-ныхмæ æрлæууын кодта. Ацы уавæр-иу уыд, сæ ныхас-иу иу хъуыдымæ куы нæ æрхæццæ, уæд. Алчидæр сæ йæ рæстдзинадыл лæууыди æмæ-иу æй ин- нæмæн хъардта. Ахæм быцæутæ уыди бирæ, æмæ-иу алыхатт иу ныхасмæ не ’рцыдысты. Иухатт дæр дзы никæмæн бантысти ин- нæмæн йæ рæстдзинад бамбарын кæнын. Иуахæмы сфæнд код- той сæ быцæутæн кæрон сæвæрын, фæлæ куыд... Акастысты сæ алфамблай, сæ цæст æрхæцыд хохыл. Хох ныуулæфыд æмæ сæм адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта: — Фыццаг уæ чи схиза хохы цъупмæ, уый разындзæн раст. Сразы сты æфсымæртæ уыцы уынаффæйыл, æмæ сæ алчидæр араст ис йæхи фæндагыл. Алихан ацыдис тæсвæндагыл, Цæра та — къахвæдагыл, фæлæ сæ алчидæр бавзæрста зындзинæд- тæ уæлæмæ хизгæйæ: Алихан цалдæр хатты фæцæйхауд былæй, фæлæ йæ Хуыцау уыд йæ ирвæзынгæнæг. Цæра фæндагыл цæу- гæйæ, иу æмæ дыууæ хъæддаг сырдыл нæ сæмбæлд, фæлæ та уый дæр, Хуыцауы фæрцы, баззад удæгасæй. Æмæ мæнæ дыууæ къухы баивæзтой сæхи уæлахизмæ, сæ дыууæйы цæсгæмттыл дæр фæзынд мидбылхудт. Æмæ сæм Хох дзуры: 95
Сымахмæ афтæ кæсы, æмæ иу иннæмæй растдæр у, иу ин- нæмæй зондджындæр у, иу иннæмæй фендджындæр у, фæлæ нæ царды алкæмæн дæр йæхи фæндаг ис, æмæ йæ уыцы фæндаг бафтауы зондыл æмæ рæстдзинадыл дæр. Афтæмæй æфсымæртæ сæ рæдыд бамбæрстой. Кæддæры бы- цæугæнджытæ райстой сæ къухтæ æмæ ард бахордтой, абонæй фæстæмæ канд тугæфсымæртæ кæй нæ уыдзысты, фæлæ ма æм- зондæфсымæртæдæр.Æрхызтыстыхохæйæмæуæдæйфæстæмæ цардысты æрмæст сæхи зондæй нæ, фæлæ ма æндæр адæй- маджы хъуыдыйæн дæр аргъ кæнгæйæ. Иу сæр хорз, дыууæ — хуыздæр.
Тедтойты Эльвирæ СЫБЫЙЫ РÆСУГЪД Раджыма-раджы цардис хохы иу хъæздыг лæг æмæ йын уыдис чызг Сыбы. Чызг рахъомыл æмæ йын æрцыд мойгæнын афон. Тынг рæсугъд æмæ зондджын уыд, æнæхъæн бæстыл айхъуыст йæ кой. Бирæ лæппутæ æрвыстой минæвæрттæ, фæлæ чызг нæ разы кодта. Бавдæлд, æмæ хæдзарæй рацæуыны размæ скодта бызгъуыртæ, цæмæй йæ ма базоной усгур лæппутæ. Сæ размæ цыд æмæ куырдта æххуыс, фæлæ йын ничи æххуыс кодта, сæ разæй-иу æй атардтой, сæ сæрмæ йæ нæ хастой. Иу бон рацыд Сыбы хæдзарæй доны былмæ. Фæндагыл йæ размæ фесты абырджытæ. Чызгæн йæ зæрдæ ныллæууыд. Уа- лынмæ кæцæйдæр фæзынд иу мæгуыр лæппу æмæ сæ иугай ныддæрæн кодта. Сыбыйы зæрдæ арæхдæр гуыпп-гуыпп кодта. Чызг радзырдта, чи у æмæ кæм цæры. Лæппу йæ акодта йæ хæ- дзармæ. Фыд хабар куы базыдта, уæд æй бафæндыд йæ чызджы йын радтын. Чызг сразы ис. Ма кæсут адæймагæн йæ дзыпмæ, йæ миддунеон ми- ниуджытæ сты сæйраг! 7*
Томайты Елизаветæ ЗАБЕТÆЙЫ ФЫН Иу паддзахады цардис æмæ уыдис паддзахы чызг Забетæ. Уыдис тынг рæсугъд: цъæх-цъæхид цæстытæ, сызгъæринау мыд- хуыз сæрыхъуынтæ, йæ былтæ та — уардийау сырх-сырхид. Йæ бакаст куыд диссаджы рæсугъд уыд, афтæ уыд йæ миддуне дæр. Æрыгон чызджы зæрдæйы уыдис иу бæллиц — цæмæй æппæт дунейы дæр уа сабырдзинад æмæ уарзондзинад, зæххыл макуы уа хæст æмæ низтæ. Паддзах Чермен æмæ йæ бинойнаг Майæ тынг сæрыстыр уыдысты сæ чызгæй. Иу бон паддзахадмæ æрбахъуызыд цыдæр æнæзонгæ низ. Адæм æй схуыдтой къæдзым. Ницавæр хостæ æххуыс кодтой уыцы низы ныхмæ. Дохтыртæн сæ бон ницы уыд. Уæд иу бон Забетæ загъта: — Æз æнæмæнгæй базондзынæн ацы низы сусæгдзинад æмæ сдзæбæх кæндзынæн мæ адæмы! Сцæттæ кодта йæхи æмæ ацыдис тæссаг фæндагыл хос агурæг. Бирæ рæстæг рацыдис Забетæйы балцыл, фæлæ чызг не ссардта низы ныхмæ хос æмæ йæ ныфс асаст. Иу æхсæв йæхи куы ’руагъта йæ фæллад суадзынмæ, уæд тарф фынæй баци æмæ фед- та диссаджы фын. Йæ разы æрлæууыдис урсзачъе лæг урс дарæ- сы æмæ йæм дзуры: — Забетæ, дæ адæмæн хос кæм хъæуы, уым нæ агурыс. — Уæдæ ма кæдæм фæцæуон? Алы бæстæты бирæ зындгонд дохтырты фæфарстон, фæлæ мын дзуапп ничи радта. Мæ би- нонтæй фæстæмæ нæ адæм иууылдæр цæмæн фæрынчын сты? Урсзачъе лæг ын загъта: — Хорз чызг, искуы хъуыды кæныс уæ бинонты ’хсæн хыл, хъаугъа, зулдзых, кæнæ та ныфссастдзинад? — Нæ, нæ хъуыды кæнын, — дисхуызæй сдзырдта Забетæ. 98
— Гъемæ уæдæ уый тыххæй ницавæр низтæн у сæ бон уæ би- нонтыл фæуæлахиз уæвын! Ацу æмæ уыцы хъуыддаг дæ адæмæн бамбарын кæн! Забетæ фехъал ис æмæ уайтагъд хæдзармæ фæраст. Куы æрыздæхтис фæстæмæ йæ паддзахадмæ, уæд æрæмбырд кодта йæ адæмы æмæ сын йæ фын радзырдта. Цардамонд æмæ æнæниздзинад æмбæхст сты уæ бинонты æнцойады, уарзондзинады æмæ кæрæдзи æмбарынады! Забетæйы ныхæсты фæстæ адæм бамбæрстой сæ рæдыд, райдыдтой сæ бинонтимæ кæрæдзи уарзгæйæ æмæ кадгæнгæйæ цæрын. Къæдзым фесæфтис сæ паддзахадæй. Уæдæй фæстæмæ адæм ферох кодтой, низтæ цы сты, уый. Паддзах Чермен цалдæр азы фæстæ паддзахад йæ фырт Æрт- хуры бæрны бакодта, æмæ уый дарддæр хаста сæ бинонты фарн.
Уататы Надеждæ НОГ АЗЫ БÆРÆГБОН ХЪÆДЫ СЫРДТÆН Раджыма-раджыма цардысты æмæ уыдысты зæронд лæг æмæ ус. Цардысты хъæдмæ æввахс, æмæ уымæ гæсгæ арæх цы- дысты уырдæм зокъотæ æмæ гагадыргътæ æмбырд кæнынмæ, сугтæм. Афтæмæй фæлымæн сты хъæды сырдтимæ æмæ мæргъ- тимæ. Алкæй дæр зыдтой йæ номæй: бирæгъ Бирæйы, арс Æр- сæмæджы, тæрхъус Хъуысийы, æхсæрсæттæг Æхсæркæйы, æмæ афтæ иннæты дæр. Цардысты тынг хæларæй. Зæронд лæг-иу хъæдмæ куы цыд, уæд-иу алкæмæн дæр ахаста лæвар. Фæссихор-иу æрбадтысты бæласы аууон, æмæ-иу сын кодта алыхуызон таурæгътæ, кæцытæм сырдтæ тынг лæм- бынæг хъуыстой. Фæлæ сæм æппæтæй диссагдæр кастис Ног азы бæрæгбон. Цы у Ног аз? Чи сты Митын Дада æмæ Митæ? Зæронд лæг æмæ ус сфæнд кодтой хæстæгдæр Ног азы бæрæгбон хъæды сбæрæг кæнын. Сцæттæ кодтой бирæ алыхуы- зон ауындзгæ хъазæнтæ, зæронд ус сырх хæцъилæй бахуыдта стъалы. Æрхæццæ Ног азы бæрæгбон. Бæхуæрдон байдзаг кодтой алыхуызон диссæгтæй æмæ сырдтæн лæвæрттæй. Хъæды сырдтæ æмæ мæргътæ æмбырд кæнын райдыдтой. Куыд цыдысты, афтæ алчидæр куыстмæ æвнæлдта. Зæронд лæг мæргътæн амыдта, кæцы хъазæн кæм æрцауындзын хъæуы, уый. Æхсæркæ чи у, уый та æхсæртæ æмæ тулдз бæласы гыркъотæй даргъ хæлттæ сарæзта, алыхуызон ахорæнтæй сæ сахуырста æмæ уыцы хæлттæ дæр заз бæласыл æрцауыгътой. Сырдтæ та æххуыс кодтой зæронд усæн дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ аразынмæ. Ал- цыдæр куы сцæттæ ис, уæд зæронд лæг æмæ ус алкæмæн дæр скодтой лæвæрттæ Ног азы арфæтимæ, æмæ сын загътой: «Уæ лæвæрттыл хæцгæйæ алчидæр ахъуыды кæнæд йæ ахсджиагдæр бæллицыл, цæмæй йын Ног азы сæххæст уа». Уыдон афтæ ба- 100
кодтой. Сæ цæстытæ куы байгом кодтой, уæд кæсынц, æмæ сæм хъæдæй урсзачъе бæрзонд лæг æмæ рæсугъд, хъæлдзæг, æрыгон чызг рахызтысты. Уыдон уыдысты Митын Дада æмæ Митæ. Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй сырдтæн æмæ мæргъ- тæн сæ хъуыды уыд иу: «Митын Дада æмæ Митæ семæ уæнт Ног азы бæрæгбоны». Æмæ сæ бæллиц сæххæст ис!
Фарамисова Гулъсум ХУЫМÆТÆГ АРГЪАУ Уыдис æви нæ уыдис — ничи йæ зоны, фæлæ, зæгъынц; раджы заман цардис фыййауы фырт. Лæппу ахæм рæсугъд уы- дис, æмæ йæ бон уыд мæймæ бахатын: «Кæнæ ды равдис дæхи, кæнæ ныртæккæ æз равдисдзынæн мæхи». Уæд дын иу ахæм лæппуйы сæрмæ ныццавта дуне фенын, Зæххæн йæ алкæцы къуымæй дæр ракæсын. Хæстæджытæ йын нæ уыди, æмæ сфæнд кодта йæ бæллиц сæххæст кæнын — ничи æмæ йæ ницы урæдта. Цасдæр рæстæг фæцыдис æмæ дын иу хъæумæ æрбахæц- цæ. Тынг дзы фæцыдис йæ зæрдæмæ, цалдæр бонмæ дзы ныл- лæууыдис. Дыккаг бон быдырмæ рацыди йæ фæллад суадзын- мæ æмæ уыны гæнах. Гæнахы рудзынгæй зыны чызг. Куыддæр æй лæппу ауыдта, афтæ йæ бауарзта. Чызг дæр — афтæ. Кæрæ- дзимæ кæсынц, фæлæ сæ ныхас никæмæй хауы. Кæйдæр хъæуы уыдис лæппу, æмæ цы кæна? — фæстæмæ разылд æмæ фæстæмæ хъæумæ рацыд. Фæлæ чызг йæ зæрдæйы баззад. Уыцы хъæуы цардис иу зæронд ус. Хинтæ кодта, тæмæссаг уыди, йæ бон уыд Терчы дон бауромын. Уый куы базыдта лæппу, уæд æм сфæнд кодта бацæуын. Ссардта йæ æмæ йын загъта: — Фæтæригъæд мын кæн, мæнæ хорз ус. Æз æндæр бæстæйæ æрбацыдтæн æмæ кæм бахсæвиуат кæнон, уый мын нæй. Мæ фы- сым не суыдзынæ? Зæронд ус хъуыр-хъуыр кæны, нæ комы, лæппу та йæ иу ран нæ уадзы, æмæ уæд сразы ис. Рацыд иу бон, къуыри, лæппу цæры зæронд усмæ, базарæй хæссы хæринаг æмæ алцыдæр кæны хæ- дзары куыстытæй. Уæд дын иу ахæм зæронд ус дзуры: — Мæнæ лæппу, ды мæм тынг фæкастæ, æвæццæгæн, хуымæтæджы нæ. Кæд дæм исты бæллиц ис, уæд мын æй зæгъ! Лæппу сулæфыдис, æфсæрмы дæр кодта, фæлæ уæддæр рай- дыдта дзурын, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. 102
— Хорз ус, кæс-кæс æмæ сæрра уыдзынæн ацы судзгæ уарзтæй; алцыдæр дæ къухты ис, цы дæ фæнды, уый скæн, фæлæ мæ фембæлын кæн йемæ, — ракуырдта лæппу. Зæронд уый куы фехъуыста, уæд ныххудтис. — Уый æгæр æнцон у мæнæн! — æмæ уæртæ араст базар- мæ, уым загъта иу лæгæн, цæмæй æлдармæ фыстæг ныффысса, фæстæмæ раздæхт æмæ йæ дзыппæй къафет систа. Лæппу йæ куыд райста, афтæ рæсугъд чызг фестадис, ус йæхæдæг та — нæлгоймаг. Фыстæгæн дзуапп райста æмæ араст сты гæнахмæ — чызг чи у, чызг, уый æлдары чызг разындис. Фыстæджы та мæнæ цы уыдис фыст: «Æлдар, мæнæн иунæг фырт уыдис. Хъыгагæн, иу æхсæв хæдзарæй æрбайсæфт; тынг бирæ азты дæргъы йæ агурын, фæлæ йæ мæ бон нæу ссарын. Ныр æз æндæр бæстæтæм цæуын агурæг, мæ чындзы кæм ныууадзон, уый нæ зонын, æмæ йæ дæумæ æрбакодтон — уадз æмæ гæнахы баззайа, кусдзæн уæм, æххуыс кæндзæн, æмæ куы раздæхон, уæд æй акæндзынæн хæдзармæ». Зæронд ус фыстæг æлдармæ балæвæрдта. Æлдар æй ба- каст æмæ сразы ис. Уый чындзы арвыста йæ чызгмæ. Чызджы зæрдæмæ чындз фæцыдис. Тынг хъæлдзæг ын уыдис йемæ, фæлæ йæ нæ зыдта, лæппу у, уый. Чындз чызгæн хуыздæр æмбал ссис. Иу хатт дын лæппу фæрынчын æмæ стгæ нæ кодта. Чызг æй куыд нæ фарста, цы кæны, зæгъгæ, фæлæ лæппу кæсагæй уæлдай нæ уыд. Чызг ын бирæ алыхуызон хостæ дæтты, фæлæ сæ пайда та нæй, æмæ йæхæдæг дæр æнкъард кæнын райдыдта. Иу райсом, чызг рынчыны раз куыд бадтис, афтæ йæм уый сдзырдта: — Хъуыды кæныс, кæддæр рудзынгæй куы кастæ æмæ иу лæппуйы куы федтай? Чызг ыл ахъуыды кодта, тыхулæфт скодта. Лæппу йæ æмба- ры, чызг æй уарзы, уый. — Ныртæккæ куы фенис уыцы лæппуйы, уæд ма йæ базонис? — Базонин! Йæ хуыз раст афтæ мæ цæстытыл уайы, — дзуапп радта чызг. Уæд лæппу йæ дзыхæй уыцы къафет райста, æмæ раздæр куыд уыд, ахæм ссис. Чызг фыццаг бадис кодта, уый фæстæ йын зæрдиаг хъæбыс акодта. — Бахатыр кæн, фæлæ уый цы уыди уæддæр? — фæрсы чызг, лæппу та йын алцыдæр дзуры. 103
Ныр байхъусут аргъауы иннæ фæзилæнмæ дæр. Уыцы æлдарæн ма уыдис фырт дæр. Иу хатт йæ хойы уатмæ æрбацыдис æмæ дзы федта лæппуйы. Уыцы лæппу та уыдис чын- дзы хуызы, æмæ йæ æлдары фырт бауарзта. — Æз мæ хойы уаты иу чызджы федтон, ракурын æй хъæуы, — дзырдта йæ фыдæн, — куы нæ сразы уай, уæд фæрынчын уыдзы- нæн. Фыд ма йын бæргæ æмбарын кодта: — Уый нæм кусæгæн ныууагътой рæстæгмæ, лæг дæр ын ис... Æлдары фырт та йæхи ныхасыл лæууы: — Цыфæнды дæр уæд, мæн æрмæстдæр ацы чызг хъæуы! Афтæ куы загъта, уæд æлдар рамæсты ис æмæ йæ асырдта. Цалдæр боны рацыдис æмæ æлдары фырт фæрынчын. — Дæ фырт фæрынчын ис, дæ чызгмæ цы кæйдæр чындзы æрбакодтай, уый тыххæй. Афтæ ма цалдæр боны, æмæ амæлдзæ- нис, дохтыртæн сæ бон хос ссарын нæу, — загътой æлдарæн. Куыддæр æлдар уый фехъуыста, афтæ арвыста чындзмæ, ома, йæ йæ фыртæн кæй куры. Чындз, ома, чындзы хуызы цы лæппу уыдис, уый дзуапп радта: — Æмæ уый куыд уыдзæнис? Мæнæн лæг ис. Кæд федтат афтæ, æмæ усæн — дыууæ лæджы?! Фæлæ æндæр гæнæн нал уыд, æмæ æлдарæй æртæ боны ра- куырдта ахъуыды кæнынмæ. Æлдары чызгимæ ныхас кодта, цы кæна, йæ сæр æй нæ ахста. Сфæнд кодтой зондæй зæронд усы бафæрсын. Уыцы изæр æм лæппу ацыд, дыккаг изæр та æлдары чызг ралыгъд, æмæ уый дæр зæронд усы хæдзары фестад. Дыу- уæйæ дæр — æххуыс агурæг. Зæрондусафтæ: Мæнæ лæппу, уый тынг æнцон у. Ам уæ ничи зоны. Цы къафет дын радтон, уый чызг йæ дзыхы куы бакæна, уæд лæппу фест- дзæнис. Ды йæ уымæн радт, æмæ-иу боныгон уынджы цæуæн уы- дзæн, изæрмæ хæстæг та иу къафет айсдзыстут иуварс. Цалдæр боны дæргъы хъуыддаг афтæ цыдис, фæлæ гæнахы фæфиппайдтой, æлдары чызг кæй фæцыдæр, æмæ ма чындз дæр йемæ. Æлдар сæ агуры, фæлæ сæ фæд фесæфт. Дзыназы, йæхи ах- хосджын кæны: — Зылын хъуыддаг хъавыдтæн скæнынмæ: кæйдæр усы мæхи фыртæн ныууадзын, æмæ уымæн фесæфтон мæ чызджы дæр! 104
Лæппу æмæ чызг та сæ рæстæг иумæ æрвитынц. Цыдæр рæстæг рацыди. Се ’хца фесты. Зæронд усмæ та бацыдысты æх- хуыс агурæг, уый та сын зæгъы: — Æхца ссарын зын нæу. Уыцы ныхæстимæ йæхи къафет йæ дзыхы акодта, нæлгой- маг фестад æмæ лæппуимæ араст æлдары гæнахмæ. Йæ разы æр- лæууыд æмæ афтæ: — 0, сæргълæууæг, диссаджы æлдар, де ’руаджы æз мæ фыр- ты ссардтон мæнæ. Ныр та æрбацыдтæн мæ чындзмæ, кусæгæй дæм кæй ныууагътон, уымæ. Куыддæр æлдар уый фехъуыста, афтæ фæкуыддæр. — Дæ чындзимæ иу æхсæв мæхи чызг дæр æрбайсæфтис. Бирæ сæ фæагуырдтон, фæлæ ницы. Зæронд ус та нæлгоймаджы хуызы кæуы, богъ-богъ кæны: — Куыд рауадис афтæ, æмæ чындз дæ гæнахæй фесæфтис? Чи зоны, цы йын бакуыстат? — хъæр кæны ус, — мæ чындзы мын раттут! Æлдар уыны, нæ сабыр кæны ус, æмæ йын дæс сызгъæрин къæрты дæтты. Ус нæ разы кæны. — Кæд дзы ахæмтæ сæдæ минæй къаддæр уа, уæд не сразы уыдзынæн. Кæннауæд мын мæ чындзы ракæн! Цы гæнæн уыд — æлдар радта усæн, цас агуырдта, уыйбæрц сызгъæрин. Зæронд ус лæппуимæ хæдзармæ раздæхтысты. Зæронд хæдзар айстой, йæ бынаты йын ног хæдзар самадтой æмæ дзы лæппу æмæ чызгæн чындзæхсæв скодтой. Зæронд ус сын мады хуызæн уыдис. Фæцардысты амондимæ сæ амæлæты онг.
Хетæгкаты Арсен БИРÆГЪ ÆМÆ КУЫДЗ Цардис иу бирæгъ. Фæзæронд ис æмæ цуаны цæуын йæ бон нал уыд, фæлæ хæринаг цæттæйæ кæм вæййы. Рабыр-бабыр кæнын райдыдта хъæды, фæлæ ницы. Ацыд уæд хъæуы ’рдæм. Кæсы æмæ дзы дуне фыстæ. Бахъазыд йæ зæрдæ бирæгъæн. Хæстæгдæр куы бацыд, уæд дзы ауыдта фыййауы, йæ хæцæн- гарзимæ бæласы раз фынæй кодта. Фæлæ дзæгъæлы не ’руагъ- та йæхи фыййау, куыдз æм уыдис, уый каст фосмæ. Бирæгъ бан- къард и, цы кæнон, зæгъгæ, æмæ хъахъхъæны куыдзы. Иу бон æм фæкаст, æмæ бамбæрста, куыдзæн бирæ хæринаг кæй нæ дæттынц, уый, бæрæг уыд, стонг кæй уыд. Уæд æм бирæгъ бацыд æмæ йæм дзуры: — Ма райдай рæйын, æз дæм иу хъуыддагимæ ’рбацыдтæн. — Цы хъуыддаг дæм ис мæнмæ, зæронд бирæгъ? — Куыд кæсын, афтæ дæ æххормагæй фæдарынц, æмæ мæм ахæм хъуыды ис — фыййау фынæй фæкæны æмæ, æнхъæл дæн, ам цал фысы ис, уый нæ зоны. — Раст дзурыс. — Уæдæ нæ цы нæ уадзы нæхи афсадын? — Гъе, бирæгъ, зæронд дæ, фæлæ дæ сæр хорз кусы! — Ныртæккæ æз иу фыс хъæды ’рдæм ахæсдзынæн æмæ ды гыццыл фæстæдæр æрбацæудзынæ, æз дын дæ хай ныууад- дзынæн. — Баныхас кодтам! Бирæгъ цы загъта, уый бакодта. Фысы мардæн йе ’рдæг ба- хордта æмæ кæсы куыдзмæ. Уый нæ зыны. Бирæгъ нæ бафсæст æмæ куыдзы хай дæр ахордта. Уæдмæ куыдз дæр фæзынд, фæлæ ницыуал æрбаййæфта. — Кæм и мæ хай? — фæрсы йæ куыдз. — Бахатыр мын кæн, фæлæ дæм цалынмæ æнхъæлмæ ка- стæн, уæдмæты ногæй сæххормаг дæн. 106
Куыдз æрæнкъард и. — Райсом ногæй афтæ бакæнæм, фæлæ-иу тагъддæр рацу! — загъта бирæгъ. Ног бон æрцыд æмæ та сæ хъуыддаг бакодтой бирæгъ æмæ куыдз. Бирæгъ йæ хай бахордта æмæ та æнхъæлмæ кæсы куыдзмæ. Бирæ нæ фæлæууыд, афтæмæй бахордта куыдзы хай. Куыдз лæф- лæф кæнгæйæ æрбазгъордта æмæ уыны — ницыуал та дзы ис. — Бирæгъ, цæмæн мын бахордтай мæ хай?! — хъæр кæны куыдз. — Бахатыр мын кæн, ме ;стонг нæ ныхасæй фæтыхджындæр и, райсом афтæ нал бакæндзынæн. Куыдз мæстыйæ ацыд. Ног бон æрцыд æмæ та бирæгъ æрба- цыд. Куыддæр фыс æрцахсынмæ хъавыд, афтæ куыдз йæ тых йæ бонæй рæйын байдыдта. Фыййау фехъал æмæ бирæгъы æхсын байдыдта. Уый ма тыххæй фервæзт æмæ хъæдмæ балыгъд. Уæдæй фæстæмæ фыййау куыдзы æххормагæй никуыуал ныууагъта, бирæгъ та йæ зыд æмæ кæрæфы фыдæй æххормаг бонтæ æрвыста.
Хохойты Регинæ МАЛУСÆГÆМÆ ГОППОЙ Раджы уыди уый, фæлæ... Рох кæнинаг нæу. Байхъус-ма уал ды мæнмæ, Иугыццыл фæлæуу! Хъуыддаг уалдзæджы уыд, о! Иу æхсæры бын (Нæдæр бур уыд, нæ хъулон) Малусæг фæзынд! Митау урс-урсид, рæсугъд. Калдта уый тæмæн. Хур æм арвастæуæй худт, Тавта йæ фæлмæн. Уалынмæ йын иу сыхаг Кæцæйдæр фæзынд. Разынди уый тынг дзураг, Уыд рæсугъд йæ уынд. — Ох, цы хорз у рафтыдтон Хуры хъарммæ æз. Уалдзæг уын æрбахуыдтон. Цъæх-цъæхид — уæлвæз! — Бахатыр кæн, уый та куыд, Æмæ уæд æз та? Ахæм диссаг ма æрцыд? Малусæг куыдта... 108
Чи дæ, чи? Кæцы дæ, кæ? Арв кæны нæргæ? Никæй кæнын æз уынгæ, Чи кæны кæугæ? — Арв нæ нæры, уый æз дæн — Адæмы уарзон. Алчи фыццаг хоны мæн, Малусæг — мæ ном! — Хурау бур-бурид дæн æз, Калын æз тæмæн, Рафидауын кодтон фæз — Сæрттывта фæлмæн! — 0, рæсугъд дæ, уым нæй дзырд, Чи кæны быцæу? Фæлæ уалдзæджы æрхуынд Дæ ахоссаг нæу! — Миты ’хсæн нæ дæ бæрæг Ницæййаг, фæлурс, Куы ничи дæ ис уынæг Уæд цæмæй дæ буц? 'Ппæлынмæ фæци йæхæдæг: «Нæй хуыздæр мæнæй!» Уалынмæ æрбацыд хæрæг... Бургоппа фæнæй!
Хуыбаты Дианæ ЧЫСЫЛ УÆЙЫГ БИППИ Бæрзонд хæхты ’хсæн, тар хъæды, æмбæхстæй цардис уæй- гуыты къорд. Адæмы цæстæй сæхи дард айстой, уыдысты сын æнусон знæгтæ. Иу уæйгуыты бинонтæ хъомыл кодтой сæ фырт Биппийы. Йæ мады ном уыдис Дзехха, йæ фыды ном та — Къæдзæх. Сæ сабийы ахуыр кодтой карз æгъдæуттæм гæсгæ. Æмбæлттæ кæ- нын нæ уагътой чысыл Биппийы. Хиуарзон уæвыныл æй æфтыд- той. Йæ фыд Къæдзæх ын арæх дзырдта ахæм ныхæстæ: «Ды дæ нæ фидæны ныфс! Ма нæ фæхудинаг кæн! Дæхицæн хæлæрттæ ма кæн! Мах иугæйттæй цардыстæм æмæ нæ фæтк нæ халæм!» Уыцы ныхæстæ скъахтой гыццыл уæйыджы зæрдæ. Уыдис ын дыууæ маргъ-æмбалы — Сæлчи æмæ Бæр-бæраг. Тынг уарзта Биппи семæ хъазын, хъæлдзæг ныхæстæ кæнын, тезгъо кæнын. Фæлæ сæ никуы схъæр кодта йæ ныййарджытæн. Тарстис, уайдзæф æм куы ’рхауа. Алы бон-иу Биппийы хъус ацахста ахæм ныхæстæ: «Æцæг уæйыг хъуамæ тызмæг уа! Æцæг уæйыг тыхджын æмæ дурзæрдæ вæййы! Мах нæ зонæм фæлмæндзинад, уарзондзинад, рæдау- дзинад!» Кæуынæй йæхи мардта нæ фæлмæнзæрдæ гыццыл уæ- йыг. Фæхъæбатыр кодта йæхи æмæ иу бон загъта: «Нæ, æз нæ уыдзынæн саузæрдæ æмæ æдзæстуарзон! Æз уарзын дунейы цæрджыты се ’ппæты дæр! Бæр-бæраг æмæ Сæлчийы, доны цы кæсæгтæ ленк кæны, уыдоны, кæрдæджы цы хъæндилтæ хи- лынц, уыдоны дæр!..» Фæлæ уыцы ныхæстæй æрмæст тынг сфыдæх кодта йæхимæ Дзехха æмæ Къæдзæхы. Биппийы фыд мæстæй фыхти, йæ фырты æддæмæ кæсын дæр нал уагъта... Уыдис рæсугъд сæрдыгон бон. Хур йæ хъармæй рæвдыд- та зæхх. Мæргъты зарын дардмæ хъуысыд, арв цъæх-цъæхид дардта. 110
Бадзырдтой гыццыл уæйыгмæ йæ тызмæг ныййарджытæ. «Мæ чысыл, мæ уарзон лæппу, — загъта Дзехха, — ма мæсты кæн дæ фыды! Ма нæ худинаг кæн! Абон дæ бон у дæ рæдыд сраст кæнын...» Биппийы зæрдæ фырцинæй скафыд, æнхъæлдта, ный- йарджыты хъуыды фендæрхуызон. Фæлæ йын йæ рухс бæлли- цтæ Къæдзæхы дæрзæг хъæлæс аскъуыдта: «Нæ хъæдмæ арæх- дæр цæуын райдыдтой адæм! Уыдон сты не знæгтæ! Равдис нын, æцæг уæйыг кæй дæ, уый. Араст у æмæ сæ фæтæрсын кæн! Фæ- сур сæ нæ зæххытæй. Уæд мын бæззыс фыртæн!» Нæ фæндыд чысыл уæйыджы искæй тæрсын кæнын, фæлæ ницыуал сфæрæзта фыды ныхмæ сдзурын. Сæргуыбырæй ахызт кæртмæ. Уым ын йæ зæрдæ уайтагъд бахъæлдзæг кодтой йæ уарзон æмбæлттæ. Цал æмæ цал боны нæ федтой Биппийы. Тынг æй æрымысыдысты. Бæр-бæраг йæ алыварс ратæх-батæх систа: «Кæм уыдтæ, нæ хæлар? Цы дыл æрцыд? Рынчын уыдтæ? Цæуыл- нæ цыдтæ æддæмæ?..» Бирæ, тынг бирæ фæрстытæ сæвзæрдис Бæр-бæрагмæ, æмæ йын Биппи æнæзивæгæй радзырдта хабæрт- тæ. Лæмбынæг байхъусгæйæ, Сæлчи загъта: «Гæнæн нæй, цом адæммæ. Семæ хорзæй баныхас кæнæм, æмæ ацæуой. Æцæг æй дæ ныййарджытæн ма схъæр кæн». Æрбацыдысты хъæдбынмæ. Кæсынц, æмæ дын уæртæ хæрз- чысыл сывæллон арф дзыхъхъмæ æввахсхъазы. Биппийы зæрдæ ныггуыпп-гуыпп кодта! Фæтарстис сабийæн, базгъордта æмæ йæ йæ хъæбысы фелвæста. Адæмæй чидæртæ ауыдтой сывæллоны уæйыджы къухы. Цъæхахст систой: «Ауадз нын нæ сабийы! Ма йæ бахæр!» Сæлчи æмæ Бæр-бæраг куы бамбарын кодтой, Бип- пи сабийы ирвæзынгæнæг кæй у, уæд æм адæм сæхи æрбайстой хæстæгдæр, йæ къух ын райстой. Уалынмæ хъæлæбамæ æрбахæццæ сты Дзехха æмæ Къæдзæх. Сæ фырты куы федтой, уæд æй хæдзармæ рарвыстой. Фæхыл та йæм кодтой. Æнæдзургæйæ куыдта адæймаджы ирвæзынгæнæг. Æрмæст кæддæр сабыр хъæлæсæй загъта: «Гыццыл у... Сывæл- лон... Тæригъæд у...» Фæлæ йæм хъусæг нæ уыд. Нал та уагътой мæгуыр хурзæрдæ Биппийы уынгмæ. Уый бадтис æмæ хъуыды кодта, цæй тыххæй афтæ тынг нæ уарзынц уæйгуытæ адæмы, ууыл. Рацыдис цалдæр боны. Дзехха тынг фæлæгъстæ кодта Къæдзæхæн: «Æгъгъæд ын у, цæй... Нырма гыццыл у. Чи зоны, фæивдзæн йæ зæрдæйы уаг. Ауадз æй, цас ма йæ дарæм æхгæдæй?!» Мады фæлмæн зæрдæйæ 111
цъити дæр тайы. Рауагътой Биппийы. Бинонты хистæр та цуаны ацыд. Дзехха сбадын кодта Биппийы йæ фарсмæ æмæ йын радзы- рдта ахæм цау: «Раджы-ма, раджы адæм æмæ уæйгуытæ хæстæг цардысты. Кæрæдзийы нæ хъыгдардтой, алчи йæхи цард кодта. Иуахæмы уæйгуыты бахъуыд дард балцы ацæуын. Ныффæстиат стæм. Адæм нын нæ хæдзæртты æрцардысты, сæхи сæ бакод- той. Нал бакуымдтой цæрæнбынæттæ фæстæмæ радтын. Уæдæй фæстæмæ сызнаг стæм. Ацыдыстæм тар хъæдмæ æмæ дзы æр- бынат кодтам, бамбæхстыстæм». Йæ фырт Биппи, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, æрæнкъард... Йæ сæры зилдух кодтой сæдæ алы- хуызон хъуыдыйы. Æрмæст ма сфæрæзта зæгъын: «Æз федтон сабийы хæларзæрдæ цæстæнгас. Иæ ныййарджытæ мын хъарм хъæбыстæ кодтой, фæлмæн мæм мидбылты худтысты... Уыдон ахæмтæ не сты, нæ!» Ахæм хъуыдытимæ кæртмæ рацыд. Йæ хъус уайтагъд ацахста цыдæр уынæр æмæ йæ хъуыдытæй фæиппæрд. Æрбазгъорынц йе ’мбæлттæ, дардæй хъæр кæнынц. Ис сын цы- дæр тарст хуыз. «Тагъддæр, — дзуры Бæр-бæраг, — тагъддæр! Дæ фыд... Къæдзæх... Ныххауд... Уым... Арф... Талынг...» Хорз нæ бамбæрста хъуыддаг Биппи, фæлæ азгъордта цъиуты фæстæ. Иннæ уæйгуытæ скъахтой арф дзыхъхъытæ. Лыстæг къа- лиутæй сæ сæхгæдтой, хус сыфтæрæй сæ æрæмбæрзтой, æмæ дзы рауад цъысым. Уым бахауд Къæдзæх. Хæрдмæ схизын бæр- гæ бафæрæзта, фæлæ йæ къах тынг ныццавта. Æрбахызтис йæ размæ Биппи, аххуыс кодта йæ фыдæн хæдзармæ ныххæццæ уæ- вынæн. Фæрынчын бинонты дарæг Къæдзæх. Нал сты йæ хуыссæн- уатæй... Калы йæ тæвд судзаг цæстысыг Дзехха. Æнкъард у нæ уарзон хъайтары цæстæнгас дæр. Æртахтысты Биппимæ йæ дыууæ æмбалы. Зæгъынц ын, адæ- мы ’хсæн кæй цæры тынг зæронд æмæ дæсны дохтыр, æмæ йæ бон кæй у баххуыс кæнын. Нал фæкаст фæстæмæ дæр чысыл уæйыг, араст адæмы цæрæнбынатмæ. Бæр-бæраг æмæ Сæлчи дæр йемæ тæхынц. Ссардтой дохтыры хæдзар. Радзырдта Биппи йæ фыды уавæры тыххæй. Бамбæрста зондджын лæг хабар æмæ радта дзуапп: «Æз баххуыс кæндзынæн дæ фыдæн. Фæлæ хос саразынæн хъæуы иу зынæссарæн кæрдæг. Уый зайы æрмæст бæрзонд хохы фахсыл. У æртæсыфон сырх кæрдæг. Ссарут æй тагъддæр, науæд рын- чынæн фервæзæн нæй!» 112
Биппийы дыууæ æмбалы атахтысты кæрдæг агурынмæ. Тынг зын уыдис сæ фæндаг. Куы сæ хур сыгъта, куы сæ дымгæ хоста. Фæлæ уæддæр ссардтой æртæсыфон сырх кæрдæг æмæ йæ дохтырмæ ахастой. Скодта æртæсыфон сырх кæрдæгæй уый алæмæтаг хос. Ныц- цыдис рынчынмæ, йæ къах ын байсæрста. Мæнæ царциаты дис- сæгтæ! Къах цы уыди, уымæй хуыздæр фестади. Хъæдгæмттæ байгас сты, æмæ Къæдзæх дзæвгар фæхъæлдзæгдæр, дыккаг бон та бынтондæр схорз ис. Арфæйы ныхæстæ фæкодта йæ ирвæзын- гæнджытæн. Уæдæй абонмæ цæрынц хæларæй уæйгуытæ æмæ адæм. Кæрæдзийæн æххуыс кæнынц, сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрви- тынц. Сæххæст сты Биппийы стыр бæллицтæ дæр. 8*
Хуыбецты Маргаритæ БÆРЗБÆЛАСЫ ЦÆССЫГТÆ Раджы-ма раджы иу хъæуы цард мæгуыр дзабырхуыйæг, хуыдтой йæ Чермен. Уымæн уыдис ус æмæ æртæ сывæллоны. Чермен уыдис тынг хæларзæрдæ, куыстуарзаг æмæ æгъдауджын адæймаг. Хъæубæстæ дæр æй тынг бирæ уарзтой æмæ йын аргъ кодтой. Иу хатт Чермен хъæдмæ ацыд суг ласынмæ. Йæхæдæг дæр æй нæ фæхатыд, афтæмæй тар хъæды арф бацыд æмæ фæдзæгъæл ис. Æвиппайды кæцæйдæр рагæпп кодта иу стыр цъæх бирæгъ æмæ мæгуыр лæгыл йæхи ныццавта. Бирæ фæтох кодта Чермен сырдимæ, фæлæ йæ фæстагмæ куыддæр амæлттæй бахурх кодта йæ куыствæллад къухтæй. Цæфтæй рауæгъд бирæгъы дзæмбытæй, йæ фарсыл быр- гæйæ та ма архайдта хъæдæй дæр раирвæзыныл. Бантыст ын, фæлæ иу бæрзбæласы бын æрхауд æмæ йыл бæстæ аталынг. Хуыссы йæ туджы мæцгæйæ бæласы бын. Бæрзбæласæн йæ бон мæгуыр лæджы тæригъæдмæ кæсын нал уыди. Хъуыды кодта, зæгъгæ, адæмæн уарзон лæг сæфынæн æвгъау у, стæй йæ бинонтæ æмæ йæ чысыл сабитæ дæр тæригъæд сты... Йæ зæрдæ суынгæг бæрзбæласæн уыцы æнкъард хъуыдытæй æмæ райдыдта кæуын. Йæ цæссыгтæ цыхцырджытау калдысты Чермены тугæрхæмттыл. Хъæдгæмттæн бæрзбæласы цæссыгтæ æвдадзы хосау феххуыс сты æмæ гас кæнын байдыдтой. Чермен йæхи куы æрæмбæрста, уæд зæрдиаг арфæтæ ракод- та йæ ирвæзынгæнæгæн. Ныфс бавæрдта бæрзбæласæн, ацы ха- бар æппæт адæмæн дæр кæй радзурдзæн, æмæ алы аз дæр ацы бынаты кæй садздзæн бæрзбæлæстæ. Цасдæр рæстæг куы рацыд, уæд æцæгæйдæр уыцы бынаты фæзынд бæрзбæлæсты къох. Абон дæр ма фæндаггон адæм уым фæуадзынц сæ фæллад сæрдыгон тæвд бонты æмæ кæрæдзийæн радзурынц Чермены таурæгъ. 114
Хынцæгты Фатимæ НЫЙЙАРÆГ МАДЫ ЗÆРДÆ Цардысты æмæ уыдысты Уæлладжыры комы æрыгон би- нонтæ Алан æмæ Фатимæ. Уыдис сæм фос, зæххы куыст кодтой. Райгуырдис сын фырыхъулы хуызæн лæппу. Ирон æгъдаумæ гæсгæ ноггуырдыл сæвæрдтой ном Аслæнбег, хæлттæ æвзар- гæйæ. Сæ ноггуырды цинæй хæдзар ныррухс. Бирæ рæстæг нæ рацыд сæ циндзинадыл, афтæ Аланмæ æф- садæй æрбацыд гæххæтт. Катайы бацыд нæл гоймаг: куыд уыдзæн Фатимæ уыйбæрц фос æмæ ноггуырд сывæллонимæ? Фæлæ цы гæнæн ис — Райгуырæн зæххæн кад кæнын хъæуы. Афæндараст кодтой сыхбæстæ Аланы. Бонтæ цыдысты, мæйтæ кæрæдзийы ивтой... Иуахæмы та сылгоймаг райсом раджы фестад, фосы куыст акодта, Аслæнбегæн бахæрын кодта, абаста йæ къæрæби- йыл æмæ араст зæххы куыст кæнынмæ. Афтæмæй тухæнтæ кодта. Æрталынг. Иу сыбыртт никæцæй цæуы, æрмæст хъæдæй хаттæй-хатт райхъуысы алыхуызон мæргъты æмæ сырдты æна- хуыр уаст æмæ ниуд. Æрыгон мад цырагъ ссыгъта, авдæн узы æмæ зары йæ хъæбулæн: «Ацу, гæды, ма ’рбацу, Аслæнбег фынæй кæны...» Уалынмæ кæртæй æрбайхъуыст цыдæр гыбар-гыбур. Раздæр уыд хæйрæджытæ-дæлимонтæ, æмæ сылгоймаг тынг фæтарст. Фæлæ куыд фидар у ныййарæг! Куыд ныфсджынæй æрлæууы тыхгæнæджы ныхмæ, йæ сывæллоны хъахъхъæнгæйæ! Райста цырагъ æмæ рацыд кæртмæ, фæракæс-бакæс кодта æмæ ницы. Æрбаздæхт фæстæмæ, дуар фидар сæхгæдта, йæ хъæ- булы йæ риумæ æрбалхъывта, афтæмæй æрхуыссыд. Хур нæма скаст, афтæ фестад Фатимæ, дуар байгом... æмæ мæнæ диссаг! Кæрты астæу арс мардæй хуыссы, чысыл фалдæр, хосы мæкъ- уылы рæбын, батымбыл сты æртæ арсы лæппыны. Сылгой- маг загъта: «Цæй диссаг дæ, ныййарæг! Куыд диссаг дæ, мады зæрдæ!» Арс, йæ мæлæт хæстæг кæй у, уый банкъардта æмæ йæ 115
лæппынты сылгоймаджы кæртмæ æрбахаста. «Æвæццæгæн æй исты æгъатыр цуанон фехста», — ахъуыды кодта сылгоймаг. Зилын райдыдта лæппынтæм, хъуджы æхсырæй сæ хаста. Сырдтæ куы бахъомыл сты, уæд сæ хъæдмæ ауагъта. Фæлæ-иу ахæм бон дæр нæ уыд, æмæ се схæссæг мады ма абæрæг кæной. Рæстæг рацыд, Алан сыздæхт æфсадæй. Кæрæдзийыл фæцин кодтой дыууæ уарзон уды. Фатимæ радзырдта, цы диссæгтæ йыл æрцыд, уыдоны тыххæй. Нæлгоймаг дисы бафтыд. Арсы лæп- пынтæ уайтагъд балымæн сты хæдзары хицауимæ дæр. Иу ахæмы Аслæнбег арсы лæппынтимæ хъазыд æмæ сонтæй йæ сæр разылд. Ныффæлурс, йæ буар æнахуыр фаст ракодта. Мад ын алы хостæ фæкодта, фæлæ йын дзы никæцы спайда. Къул- бадæг усы йæм æркæсын кодтой, фæлæ йын уый дæр нæ рав- зæрста йæ низы хатт. Катайы бацыдысты мад æмæ фыд, сæ сы- вæллон лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта. Изæрæй адæм сæ фосы куыст куы кодтой, уæд Фатимæ, скъæтæй рацæугæйæ, федта арсы. Уый йæ дзæмбыты æрхаста кæрдæджытæ. Сылгоймаджы къæхтæм сæ æрæппæрста æмæ фæстæмæ сæргуыбырæй ацыд. Бамбæрста уайтагъддæр арсы хъуыдытæ Фатимæ, фæлæбурдта кæрдæджытæм æмæ сæ баскъæфта мидæмæ. Куыддæр лæппуйы кæрдæджыты донæй æрæхсадта, афтæ цы уыдис, уымæй авд хатты хуыздæр сси. Алан æмæ Фа- тимæйы æхсызгон хабар хъæуыл айхъуыст. Куывд скодтой, хъæуыхистæртæгаджидæуттæуагътой,æрсытæтаАслæнбегимæ хъазты фæзы сæхи кафынæй ирхæфстой. Абон дæр ма Алан æмæ Фатимæ амондджынæй цæрынц сæ бирæ цот, сæ цоты цот æмæ уыдоны цотимæ. Уыдоны æмрæнхъ та сын лæууынц сæ уарзон æрсытæ сæ лæппынтимæ. Ныййарæг мады зæрдæ иу у — адæм æмæ сырдтæн дæр.
Хосроты Руслан ХÆРÆГ ÆМÆ БИРÆГЪ Æххормаг бирæгъ быдыры фæцæйцыдис. Æртæ боны хæри- наджы ад нæ зоны, ныммæллæг ис, йæ къæдзил зæххыл хафы. Уа- лынмæ кæсы, æмæ быдыры астæу хæрæг хизы. Йæ фæстаг тых- тæ æрæмбырд кодта æмæ йæм згъоргæ. Хæрæг йæхицæн хызтис. «Мæлæтæй аирвæзтæн, — ахъуыды кодта бирæгъ, — цы нард хæрæг у!» Дзуры йæм: — Æгас цу, зынаргъ хæрæг! Тынг æхсызгон мын у дæ уынд! — Дзæбæх у, бирæгъ, — загъта хæрæг. — Мæнæн дæр æхсыз- гон у нæ фембæлд. — Ардæм куыд æрбафтыдтæ? — бадис кодта бирæгъ. — Раздæр дæ а бæсты куы никуы федтон. — Æз хъæуæй дæн, — дзуапп радта хæрæг. — Тынг цыдæр адджын кæрдæг дзы зайы ацы быдыры, æмæ уымæн рацыдтæн ардæм. — Уый хорз у, рагацау хæринагыл кæй ахъуыды кодтай. Сыдæй мæлын, æмæ дæ æнæ дзæгъæл ныхæстæй ныртæккæ бахæрдзынæн! — Цытæ дзурыс, бирæгъ! Ма мæ хæр! — фæтарст хæрæг. — Бахæрдзынæн! — Нæ хъæуы, курын дæ! — Уæдæ хъуамæ мæлгæ акæнон? Æртæ боны хæринаг нæ федтон! Хæрæг хинæйдзаг разындис: — Тæригъæд дын кæнын, бирæгъ! — Уæдæ куыд вæййы. Раст кæныс! Ахæм æххормаг бирæгъы фыццаг хатт уыныс. — Ныртæккæ æххормаг дæ, уый — о. Фæлæ мæ куы бахæрай, уæд та ног сæххормаг уыдзынæ, æмæ та дæ хитын хъæудзæн хæринаг агургæ! — Уымæй дæр раст дæ, бирæгъы цард зын у, — сразы ис бирæгъ. 117
— Æз зонын, æнæхъæн афæдзы фаг хæринаг куыд ис ссарæн! — Сайыс?! — бадис кодта бирæгъ. — Рæвдз дзургæ, цалынмæ дæ нæ бахордтон, уæдмæ. — Æрмæст дзургæ нæ, фæлæ ма дæ ласгæ дæр акæндзынæн, нæ хъæуы фысты дзуг кæм хизы, уырдæм. Куы сæ фенис! Уы- донæн сæ дзидза цы адджын у! Нæ фæфæсмон кæндзынæ! Æнæхъæн афæдзы фаг дын уыдзысты! Бирæгъ йæ былтæ асдæрдта. Хæрæджы радзырд йæ зæрдæмæ фæцыд. Ноджы ма йæ фæндыди хæрæгыл абадын. — Хорз, разы дæн. Алас мæ уыцы дзугмæ. Фæлæ сындæггай, æррайы тахт ма кæн. — Цытæ дзурыс, бирæгъ! Цыма бумбулитыл бадыс, афтæ хъавгæ цæудзынæн. Бирæгъ хæрæгыл абадтис, хæрæджы хъустæ ’рцахста, цæмæй сæ разил-базил кæна цæугæ-цæуын. Хæрæг сабыргай цæуы, дур- ты иувæрсты азилы, дзыхъхъыты иувæрсты дæр афтæ, æмæ хат- гай афæрсы бирæгъы: — Куыд дæ, бирæгъ? Æвзæр цæуын, исты дæ хъыгдары? — Ницы хъыгдары! — дзуапп радты бирæгъ. — Дарддæр дæр афтæ цу Кæннод рамæсты уыдзынæн. — Хорз, хорз, бирæгъ, ма мæсты кæн... Бирæгъ бады хæрæгыл, дæлæмæ æркæсы хатгай, кæнæ куы иу хъус раивазы, куы — иннæ. Уый федта, адæм бæхтыл куыд фæ- цæуынц. Хæрæг та фæзылд фæндагæй æмæ лидзгæ хъæумæ. — Цыдæр æрæгмæ цæуæм, хæрæг! — схъуыр-хъуыр кодта бирæгъ. — Мæ бон нал у. Æххормаг мын у! — Бирæ нæ нал хъæуы! — загъта хæрæг. — Мæ бон у рæв- дздæр цæуын! Æмæ йæ цыд фæрæвдздæр кодта. Фыццаг хæдзæрттæм нæма бахæццæ, афтæ куыйтæ рæ- йын райдыдтой, хæдзæрттæй адæм рацыдысты. Хæрæг уынгты фæтæхы, уасы! — Бирæгъ, бирæгъ! — хъæр кæнынц адæм. — Æрцахсут æй! Чи бел райста, чи — сагой. — Мæнæ ис тугдзых! Цас фыстæ нæ фæдавта, ныр та хæрæг- мæ бахъавыд! Фæтарст бирæгъ, æргæпп кодта æмæ лидзгæ хъæуæй дард. Пыхсыты ныббырыд хъæды æмæ хъуыды кæны: 118
— Мæ фыдæлтæ иууылдæр уæздæттæ уыдысты. Мæ фыды- фыд — уæздан, хæрджытыл нæ цыдис. Фистæгæй цыд æмæ йæ фаг кодта. Мæ фыд дæр — афтæ, цæмæй хæрæгыл абада, уымæ нæ бæллыд. Æз та мæхицæй схъал дæн, хæрæгыл сбадтæн, мæхи- цæй цыдæр арæзтон. Мæхи тыххæй фæцæймардтæн. Мæхи аххос, уыд, иннæ хатт æй зондзынæн. Никуыуал сбаддзынæн хæрæгыл!
Хъайсынты Артур ЦÆМÆН ЦÆРЫ АДÆЙМАГ? Адæймаг, сырд кæнæ дидинæг райгуыры, фæцæры зæххыл æмæ амæлы. Сырды æмæ дидинæджы кой куы кæнæм, уæд нæ бон у ахæм хатдзæг рахæссын, æмæ уыдон сæ дарддæры цардыл нæ хъуыды кæнынц, нæй сæм нысантæ. Фæлæ кæд адæмимæ сæ кæрон иухуызон вæййы, уæд сæ цард афтæ цæхгæр цæмæн хи- цæн кæны? Цæмæн архайы адæймаг бонæй-бонмæ йæ мулк фæ- фылдæр кæныныл? Цæмæн цæры адæймаг? Ахæм хъуыдытимæ цыппæрдæсаздзыд Бибо скъолайæ хæ- дзармæ фæцæйцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, скъоладзауы фæн- дыд ирон æвзаджы ахуыргæнæгмæ, Дзерассæ Батрадзы чызгмæ фарстытæ радтын, фæлæ фæкъуылымпы ис йе ’мбæлтты раз. Бибо зивæггæнгæ йæ хæдзармæ куыстытæ сарæзта, æрхуыс- сыд æмæ бафынæй. Фондз сахатыл телефон ныззарыд. Бибо фехъал æмæ хæтæл систа: — Бибо, ссæдз минуты фæстæ дæм бацæудзынæн æмæ дæхи ацæттæ кæн! Раст зæгъгæйæ, лæппуйы бынтондæр ферох ис, йæ сыхаг Уырызмæгимæ кæй баныхас кодта хъæбысæй хæцынмæ иумæ ацæуыныл. Уырызмæг фылдæр рæстæг уыд Дзæуджыхъæуы, æмæ-иу Æрыдонмæ куы ’рцыд, уæд æнæмæнг иумæ машинæйыл тренировкæтæм цыдысты. Фæндагыл лæппутæ кæрæдзи арафæрс-бафæрс кодтой сæ хъуыддæгтæй. Бибо йæхæдæг арæхстджын уыд спорты, фæлæ уæддæр тынг дис кодта Уырызмæгыл. Тренировкæйы фæстæ-иу иууылдæр хæдзармæ куы фæцæйцыдысты, уæд Уырызмæг та фæлладæй дарддæр йæхиуыл куыста, йæ къæхтæ йæм цалынмæ хъуыстой, уæдмæ-иу не ’рлæууыд. Фæстæмæ цæугæйæ Бибойы сæрмæ йæ æрæджыйы хъуы- дытæ ногæй ныццавтой. 120
— Цæмæ кæныс ахæм зын тренировкæтæ? — дзуры Бибо Уы- рызмæгмæ. Уырызмæджы Бибо афтæ фыццаг хатт бафарста, фæлæ йын Уырызмæг уайтагъд дзуапп радта: — Фæнды мæ Олимпиадæ рамбулын, цæмæй мæ алчидæр зона æмæ мæм бирæ æхца уа. Бибойы фæндыд бафæрсын, цы пайда ис, алчи дæ куы зона, уымæй æмæ хъæздыгдзинадæй, фæлæ фефсæрмы. Æхсæвы дæр ма хъуыды кодта Уырызмæджы ныхæстыл, фæлæ йæ бон не сси бамбарын бирæ æхцайы нысаниуæг царды. Дыккаг бон нал фæлæууыд Бибо æмæ Дзерассæ Батрадзы чызджы бафарста, цæмæн цæры адæймаг, зæгъгæ. Ахуыргæнæг бадис кодта æмæ дзуапп радта: — Бибо, дæ мад æмæ дæ фыд дæ райгуырын кодтой, схъо- мыл кодтой, архайынц, цæмæй дын хуыздæр хæринаг æмæ дза- ума уа, æмæ уымæн дæуæн æмæ алкæмæн дæр йе стырдæр хæс у ныййарджыты дзæбæх цардыл архайын. Хуыцау зæгъæд, æмæ дæ ныййарджытæ бирæ фæцæрой, фæлæ алкæмæн дæр æрцæуы йæ мæлыны бон, æмæ дæ ныййарджытæ дæуыл ныртæккæ куыд архайынц, ды дæр фидæны хъуамæ афтæ архайай дæ сывæл- лæттыл. Ахуыргæнæджы ныхæстæ тынг фæцыдысты Бибойы зæрдæмæ, фæлæ йын кæронмæ нæ радтой дзуапп. Бамбæрста, Уы- рызмæг йæ фæндон куы сæххæст кæна, уæд йæ ныййарджытæн уыдзæн тынг æхсызгон æмæ сæ цард дæр фенцондæр уыдзæн. Æхцайы нысаниуæгимæ баст фарст нал уыд лæппумæ. Изæрырдæм Бибо скусын кодта телевизор. Уым фехъуыста ахæм хабар, æмæ бизнесмен бирæ æхца кæй радта сидзæр сы- вæллæтты хæдзарæн, цæмæй сабитæ мацы хъуаг уой. Ау, уыцы сывæллæттæн нæй ныййарджытæ, уæд сын цар- ды бæллицтæ дæр хъуамæ ма уа? — ахъуыды кодта лæппу æмæ бамбæрста, ахуыргæнæг ын раст дзуапп кæй нæ радта. Ахæм æн- къард хъуыдытимæ Бибо уынгмæ рахызт æмæ бандоныл æрбадт. Сыхбæсты зæронд лæг Хъасбол дæр уыцы афон уарзта уынджы абадын, æмæ уый дæр хæдзарæй сцæйцыд. Бибо зæронды куы ауыдта, уæд бандонæй фæгæпп кодта. — Дæ изæр хорз, Хъасбол! — Дæ цæрæнбон бирæ! — загъта зæронд лæг æмæ ’рбад- тысты. 121
Бибо абон йæ хæдзармæ куысты фыста ирон æмбисæндтæ. «Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс, — дзуры йæхимидæг Бибо. — Æз Хъасболæй хистæр никæй зонын, æмæ мын кæд уый бæлвырд дзуапп нæ радта, уæд ничи». — Цæуыл хъуыды кæныс, Бибо? — афарста йæ уæдмæ Хъасбол. — Хъуыды кæнын, адæймаг цæмæн цæры, ууыл, — загъта лæппу. Зæронд лæг йæ мидбыл бахудт æмæ загъта: — Цæмæй базонай, цæмæн цæры адæймаг, уый тыххæй уал хъуамæ радтай дзуапп ахæм фарстæн: «Цас цæры адæймаг?» Бирæтæ зæгъдзысты, йæ райгуырды бонæй йæ мæлæты бонмæ, зæгъгæ, фæлæ уый раст нæу. Адæймаг цæры уæдмæ, цалынмæ йæ иннæтæ хъуыды кæнынц, цалынмæ ис искæй зæрдæйы. Æмæ архайын хъæуы æрмæст ууыл нæ, æмæ бирæ рæстæг дæ ном хъуыса. Хъуамæ зæрдæты баззайай хорз адæймагæй. Уый тыххæй та хъæуы алкæмæн дæр, дæ бон цы у, уымæй æххуыс кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ адæймаг армæстдæр йæхиуыл хъуыды кæны. Ацы ныхæсты фæстæ Бибо йæ фарстæн дзуапп ссардта. Рай- дыдта хуыздæр ахуыр кæнын, йæ размæ сæвæрдта нысантæ. Уыцы нысантæ сæххæст кæнгæйæ йæ бон уыдзæн бирæтæн бах- хуыс кæнын.
Хъараты Альбинæ САЙЫН ХОРЗ НÆУ... Иу сæрдыгон бон мæ мад сфыхта мæнæргъыйы вареннæ. Тынг мæ дзы фæндыдис саходын. Дзыццамæ бацыдтæн æмæ йын афтæ зæгъын: «Дæ вареннæйæ дын иугыццыл ахæрон?» Мæ мад мæм ракаст æмæ загъта: «Бакæс-ма, куыд ныффæд кодтай, уымæ. Афтæ баныхас кæнæм, æмæ мын æфснайынмæ аххуыс кæн, æмæ уæд вареннæйæ ахæрдзынæ». Æз æфснайын тынг нæ уарзын, стæй ма ме ’мбæлттимæ цы- дыстæм хъæдмæ, зокъотæ æмбырд кæнынмæ дæр, æмæ мæ æп- пындæр нæ фæндыд мæ мады фæдзæхст æххæст кæнын. Æвип- пайды мæ сæры фæзынд ахæм хъуыды: мæ мад дуканимæ куы ацæуа, уæд æз мæ хойы сразы кæндзынæн, цæмæй мæ бæсты бафснайа, æз та йæ немæ хъæдмæ акæндзынæн. Агуындæ æнæ уæлдай ныхасæй сразы ис. Хæрзæфснайд бакодта æмæ нæ хæ- дзар цыбыр рæстæгмæ цæхæртæ скалдта. Дзыцца дуканийæ куы æрбаздæхт, уæд тынг бадис кодта: «Афтæ æфснайын зоныс, уый æнхъæл дын нæ уыдтæн!» Æз ницы сдзырдтон, фæлæ мæ хо æмæ ме ’мбæлттимæ ацы- дыстæм хъæдмæ. Не ’рцыдмæ дзыцца сфыхта лауызтæ. Цыма ис уымæй хуыздæр: лауызтæ æмæ мæнæргъыйы ва- реннæ!? — ахъуыды кодтон æз. Мæ мад мын цыма мæ хъуыдытæ фехъуыста, уыйау фæлмæн бахудт æмæ афтæ зæгъы: Ауай цу, æмæ мæнæргъыйы вареннæ радав, цалынмæ ма ла- уызтæ хъарм сты, уæдмæ. Вареннæ та уыд æвæрд уæллаг тæрхæгыл. Бандон æрба- хастон æмæ йыл слæууыдтæн. Куыд æм февнæлдтон, афтæ нæ гæды фæстæрдыгæй ныууасыд. Æз дзы фæтарстæн, банкæ мæ къухæй фæбырыд... 123
Хъæлæбамæ æрбацыд мæ мад, бахудт æмæ афтæ зæгъы: Гæды дæр ма йæ бамбæрста, абон цавæр сайæн ми бакодтай, уый. Фæливын та, мæ къона, хорз нæу. Уæдæй фæстæмæ сайын мæ сæрмæ никуыуал æрхастон.
Хъæрджынты Алинæ ХЪÆУККАГ МЫСТ ÆМÆ ЙÆ ГОРÆТАГ ХÆЛАР Цардысты æмæ уыдысты дыууæ мысты. Иу царди горæты, иннæ та — хъæуы. Иу дзæбæх бон горæтаг мыст сфæнд кодта йæ хъæуккаг æфсымæр мысты бабæрæг кæнын. Хъæуккаг хæдзар. Мыст кæсы авдæнмæ йæ хъæбулмæ. Хъæуккаг мыст. Бафынæй ис нæ хъæбул?Æвæдза, цæй рæсугъд у, цæй, мæйтæ æмæ дзы хуртæ кæсы! Йæ цæстытæ мæ цæстыты хуызæн сты. М а д м ы ст. Нæ, йæ цæстытæ мæнæй фесты! Хъæуккаг мыст. Омæ хорз, уæдæ йæ хуыцау мæн хуы- зæн кусаг фæкæнæд. Акæс-ма, цас быдыртæ бакуыстон, зæхх та — дурджын, фæлæ нæй гæнæн, кусын хъæуы, цæмæй мæ уарзон бинонтæ мацы хъуаг уой. (Æрбадтис бандоныл). Цæй, цы хабæрт- тæ ис? Хиуæттæй нæм ничи æрбауад? Мад мыст. Ничи, ничи, кæм ма ис ныртæккæ хиуæттæ? Диссаджы цард скодта, кæрæдзимæ нал цæуæм, æфсымæр æф- сымæры нал уарзы, æрмæст мулк нæ сæрызонды ныффидар ис, æмæ афтæ куыд цæрæн ис? Æрбайхъуыст машинæйы уынæр. Горæтаг мыст (æрбахызт). Хелло, мæ хæстæджы гæбаз! Мадам (йæ сæрæй æркуывта, сывæллон мыстыл батутæ кодта). Цæстæй дын хай ма уæд, беби! Хъæуккаг мыст. Æгас цу, мæ хæрæфырт! Дæ хорзæхæй, кæцæй фæдæ? Горæтаг мыст. Мегаполисæй, мегаполисæй! Цæй, куыд дæм у цард, ме ’фсымæр? Хъæуккаг мыст. Кусæм. Горæтаг м ы ст.Уынын æй, уынын! Хъæуккаг мы ст.Не'фсин,истымафенуазæгæн,æххормаг уыдзæн! Горæтаг мыст. Бæргæ,хорзуаидхи истæмæйты фенын! 125
Мад мыст стъолыл æрæвæрдта нартхоры æфсир, нас, цыхт. Горæтаг мыст. Æххæст ма мын къæйдуртæ æрæвæрдта- иккат. Æз уын адоныл мæ сызгъæрин дæндæгтæ сæттын? (Нарт- хоры æфсир стъолмæ баппæрста). Байхъус-ма, ме ’фсымæр, ныу- уадз ма ацы ницæййаг цард, цом мемæ горæтмæ, æз дын равди- сон, цæрын куыд хъæуы; уый! (Ацыдысты дыууæйæ). Горæтаг хæдзар. Г о р æ т а г ч ы з г - м ы с т. Ай та ма нын чи у? Горæтаг мыст. Базонгæу, мæхæрæфырту! Горæтаг чызг-мыст. Æмæ ныр хæстæджыты иууыл- дæр куы æмбырд кæнæм, уæд нæ хæринæгтæ хæрд нæ фæуы- дзысты? Горæтаг м ы ст. Цу-ма, фæмидæгу! Горæтаг чызг-мыст. Цы загътай? Æз дын ныртæккæ фенын кæндзынæн! Горæтаг мыст. Ницы, ницы! (Æрбадтысты фынджы уæлхъус). Хъæуккаг мыст. Диссаджы фынг, хæрзаг бирæ æхца акалдтай. Горæтаг мыст. Æхца? Кæд сæ, мыййаг, мæ сурхидæй нæ кусын, æнцонæй æрбацыдысты, æнцонæй ацыдысты. Къуымы гино хуыссы. Хъæуккаг мыст. Уæртæ уый та чи у? Г и н о. Гæды мæ хонынц бирæтæ. Мæ цæстытæ калынц цæхæртæ, мæ хъуырыл сырх бæттæн баст. Фæлæбурын æз мы- стытæм, миау, миау! Фæцæуын дæм, цъæх мыст! (Мыстыты расур-басур кæны). Хъæуккаг мыст. Оф, оф, мæ къæхты руаджы ма аирвæзтæн! Ахæм буц цард мæ нæ хъæуы, фæлтау мæ мæгуыр зæххы гæбазыл кусдзынæн. Горæтаг мыст. Фæлæу-ма, кæдæм цæуыс? Мæн дæр демæ акæн! Горæтаг чызг-мыст. Фæлæу-ма, нæ лæг, мæн дæр ма демæ ахон! Хæрзбон, мæ горæтаг хъæздыг цард, ам гæдыйы амæттаг бауыдзынæн! Мыстытæ кафынц.
Хъæрджынты Ликæ ИРВÆЗЫНГÆНДЖЫТÆ Раджыма-раджы цардысты лæг æмæ ус. Уыдис сын иунæг лæппу. Æхсæрдæс азы йыл куы сæххæст, уæд æй йæ фыд райдыд- та йемæ цуаны кæнын. Иу зымæгон бон фыд æмæ фырт ацыды- сты цуаны. Хъæды астæумæ куы бахæццæ сты, уæд сæ хъустыл цыдæр хъист-хъист ауад. Лæппу атындзыдта, хъист-хъист кæ- цæй хъуыст, уыцырдæм. Иудзæвгар куы ауади, уæд кæсы, æмæ — стыр дзыхъхъ. Йæ мидæг та — арсы лæппын. Лæппу йæ хордзенæй бæндæн фелвæста, бæласыл æй абаста, иннæ кæроныл ныххæцыд æмæ сабыргай дзыхъмæ ныххызт. Уæдмæ йæ фыд йæ цурмæ æрбахæццæ. Арсы лæппыны йæ фыд- мæ слæвæрдта, йæхæдæг йæ бæндæныл уæлæмæ схызт. Фыд бацин кодта арсы лæппыныл æмæ загъта: «Лæппу, ацы гыццылæн йæ мады ссарын хъæуы. Тæригъæд у, ам иунæгæй амæлдзæн». Хъæды арфы бацыдысты æд арсы лæппын. Кæсынц, æмæ иу стыр арс богътæгæнгæ æрбацæуы. Цуанонтæ лæппыны суагъ- той, сæхæдæг бæласы фæстæ æрæмбæхстысты æмæ уырдыгæй кастысты, арс йæ лæппыныл куыд цинтæ кодта, уымæ. Сырдтæ хъæды арфы куы аныгъуылдысты, уæд фыд æмæ фырт дæр сæ фæндаджы кой кодтой.
Хъыбызты Астан УЫЗЫНЫ КУЫВД Иу хъæздыг æмæ бæркадджын фæззæджы фæстæ скодта хъызт зымæг. Бæстæ ныссалд, ныддур. Мит ставд тъыфылæй уары. Дымгæ къуыззит кæны æмæ мæстыйæ миты тъыфылтæ алырдæмты пырх кæны. Райсомæй миты хъæпæнтæй фезмæлæн нал уыд. Уæззау мит æмхуызонæй æрæхгæдта хъæдтæ æмæ быдыртæ. Хур йæ цæст бæргæ сдардта, фæлæ зæхх æппындæр не ’рбахъарм. Сырдтæ сæхи алыхуызон фæдарынц ахæм уавæрты. Бирæ- гъы ниуын цæуы дардæй. Бæрæг у йæ ниудæй, æххормагæй йæ бон кæй нал у уый. Иæ фæстæ ноджы райхъуысы бал бирæгъты хъæр. Тæрхъустæ нымбæхстысты алы къуымты. Рувæстæ бæргæ цуан кæнынц, фæлæ никуы æмæ ницы. Ахæм бонты æппæтæй хъармдæр вæййы арсæн. Уый æнцад фæфынæй кæны йæ хуыг- гомы. Бирæ сырдтæ фæцагъды сты уыцы зымæг уазал æмæ æх- хормагæй. Иу афон уызын сбырыд бæласы мæрайæ, акæстытæ кодта алырдæмты. Сырдты æнкъардæй куы федта, уæд сфæнд кодта се ’ппæты дæр æрæмбырд æмæ бахъæлдзæг кæнын. Арвыста хонæг рувасы. Рувас æрзылди хонæг æппæт сырдтыл дæр. Цалынмæ уазджытæ æмбырд кодтой, уæдмæ уызын ба- дзырдта йæ сыхаг мыдыбындзытæм дæр. Уыдон семæ æрба- хастой мыды чыргъæд. Хъæздыг уыры дæр афтид къухæй не ’рбацыд. Æхсынæнты кæри, æхсæртæ, æнгузтæ, фæткъуыйы, хъæддаг кæрдойы хустæ уыдысты йæ хуынтæ. Уызын æрæвæрд- та бæркадджын фынгтæ. Фынгтæ дæлæмæ тасыдысты алыхуы- зон хæринæгтæй. Уæдмæ уазджытæ дæр æмбырд кæнын байдыдтой. Фынджы уæлхъус æрбадтысты, чи куыд хистæр, афтæ. Иннабонæй инна- бонмæ фæкодтой алыхуызон сидтытæ, сæ кафт æмæ зарды хъæр дардмæ хъуыстис. 128
Цæрын та сæм æрцыд, сæ уæнгты та фæстæмæ хъару ба- цыд сырдтæн уызыны руаджы. Бамбæрстой, цард фæллойæ кæй цæуы, уый. Арфæтæ фæкодтой уызынæн æмæ заргæ сæ хæдзæрт- тæм ссыдысты. Уызыны къæбиц та цы уыд, авд ахæмы фæстæмæ фестад. 9*
Цомартаты Хетæг АЛÆМÆТАГ КÆСАДЖЫ АРГЪАУ Иу чысыл горæты цардис фæндзæм къласы ахуыргæнинаг Æрсойты Хетæг. Ахуыр кодта дыууæтыл. Цард йæ нанаимæ горæт- гæрон, цæугæдоны был. Йæ мад куыста æндæр горæты æмæ-иу стæм хатт æрцыдис Хетæджы уынынмæ. Йе ’рцыдмæ-иу лæппу тынг æнхъæлмæ каст, уымæн æмæ йын хаста бирæ лæвæрттæ. Хетæг тынг уарзта кæсаг ахсын. Арæх цыдис сæ цуры цæугæ- донмæ. Алы хатт дæр-иу йе ’рбацыдмæ æнхъæлмæ каст йе стыр бур гæды. Лæппу йын-иу авæрдта лыстæг кæсæгтæ æмæ-иу йæ зыд цъæм-цъæм ссыд. Иу хатт Хетæгæн йæ мад æрхаста ног, зынаргъ кæсагахсæн æнгуыр. Уыцы бон скъоламæ дæр нал ацыд, сæумæцъæхæй йæ ног æнгуыримæ азгъордта цæугæдонмæ æмæ райдыдта кæсаг ахсын. Иу чысыл рæстæджы фæстæ йе ’нгуыры хъæд æруæззау æмæ йæ къухæй æрцæйхауд. Тыххæйты йæ систа æмæ йын йæ цъуппыл ауыдта стыр кæф. Лæппуйы цинæн кæрон нал уыд. Кæф- мæ куыд фæлæбурдта, афтæ йæм уый адæймаджы хъæлæсæй сдзырдта: — Хетæг, ауадз мæ, дæ хорзæхæй, мæ сабитæ сидзæрæй баз- зайдзысты! Кæд дæ мæ сæр искуы бахъæуа, уæд дын æз дæр бах- хуыс кæндзынæн! Хетæг хъæрæй ныххудт: — Кæм мæ бахъæудзæн де ’ххуысы сæр, фæлтау дæ ахæс- дзынæн нæхимæ æмæ дæ нана сфыцдзæн! Кæф та балæгъстæ кодта лæппуйæн: — Ауадз мæ, æмæ цыдæриддæр зæгъай, уый сæххæст кæн- дзынæн! Хетæг фæцырд ис æмæ йын загъта: — Мæн фæнды, цæмæй хæдзармæ куы бацæуон, уæд мæ уроктæ иууылдæр уой цæттæ! Кæф ын дзуры: 130
— Исты дæ куы хъæуа, уæд-иу мæм фæдзур афтæ: «Кæф, кæф, Хетæджы фæндонмæ гæсгæ...» Уыцы ныхæсты фæстæ Хетæг ауагъта кæфы донмæ. Афтæ æнæмæтæй цард лæппу. Алæмæтаг кæф Хетæджы бæ- сты кодта æппæт хæслæвæрдтæ дæр. Лæппу райдыдта иттæг хорз бæрæггæнæнтæ исын. Кæм ма уыд йæ нанайы цинæн кæрон, дис кодта, Хетæг къæссавæлдæхт кæй фæцис, ууыл. Иухатт Хетæг йе ’мкъласонмæ федта компьютер. Тынг æм бахæлæг кодта, æмæ йæ бафæндыд, цæмæй уымæ дæр уыдаид. Ацыд цæугæдонмæ æмæ фæдзырдта кæфмæ. — Цы дæ хъæуы, Хетæг? — фæрсы кæф. — Мæн хъæуы компьютер интернетимæ! — дзуапп радта Хетæг. Кæф фæдисау: — Лæппу, нæ цæугæдоны нырма ахæм фæрæзты тыххæй хъусгæ дæр ничи ницы фæкодта, зонгæ дæр сын ницы кæнæм. Дæ домæнтæ тынг зын æххæстгæнæн сты! Бахатыр кæн, фæлæ дын мæ бон баххуыс кæнын ницæмæй у, фæлтау бавдæл, æмæ нырæй фæстæмæ дæхæдæг архай! Алчидæр хъуамæ йæхæдæг куса! Кæф ма йæ къæдзил атылдта æмæ доны арфы аныгъуылд. Хетæг æнкъардæй æрбаздæхт хæдзармæ. Тынг мæт кодта, компьютер æм кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Ноджы ма абонæй фæстæмæ йæ уроктæ дæр хъуамæ йæхæдæг ахуыр кодтаид. Бирæ фæхъуыдытæ кодта лæппу æмæ фæстагмæ бамбæрста, æнæ кусгæйæ цæрæн кæй нæй, уый. Йæхиуыл æрхудт, райдыд- та хорз ахуыр кæнын. Йе ’нтыстдзинæдтыл тынг цин кодтой йæ нана æмæ йæ мад. Хетæгæн йæ хорз ахуыры тыххæй йæ мад балæвар кодта ком- пьютер интернетимæ.
Цуциты Чермен ЦÆГАТАГ АРГЪАУ Ацы диссаджы хабар фехъуыстон мæ кæстæр æфсымæрæй. Уый æрæджы æрцыд хохæй æмæ йæ уым базыдта. Радзырдта сын æй йе ’мбæлттимæ иу зæронд лæг. Раджы, дам, кæддæр Цæгаты зæххытыл, мит æнæртайгæ кæм лæууы, уым царди иу чызг, йæ ном — Айнæ. Царди йæ бинон- тимæ, цæгатаг саджы цармæй æхгæд стыр цатыры. Æдзухæй дæр дзы йæ бæстастæу сыгъди стыр арт. Айнæйы фыд дардта сагты рæгъау. Ус ын æххуыс кодта, Айнæ та-иу хæдзары куыстытæ код- та æмæ артмæ касти. Цардысты æртæйæ. Исчи зæгъид, нæ фæлæ цы æнкъард цардæй цард чызг. Фæлæ афтæ никуы ахъуыды кодта Айнæ йæхæдæг. Уый тынг бирæ уарзта Цæгаты тыгъд быдыртæ, цы иугай зайæгойтæ æмæ дзы цæрæгойтæ уыд, уыдоны, йæ мад, йæ фыды дæр. Æппæтæй фыл- дæр та уарзта урс æрсытæм сусæгæй кæсын. Чызгæй-иу ферох ис алцыдæр. Иубон мад йæхи æвзæр хатыди æмæ фыдæн хæринаг хæс- сынмæ арвыста Айнæйы. Куыд нæ цин кодтаид чызг — йæ фыды ныр цалдæр боны нæ федта. Срæвдз кодта мад чызджы æмæ йæ арвыста. Хур уæлиауæй касти, мит хъыс-хъыс кодта къæхты бын, æмæ Айнæ цæрдæг уад кодта. Иучысыл куы ауади, уæд æвип- пайды сыстад дымгæ. Чызг куыннæ фæтарстаид, зыдта — ахæм æвиппайды дымгæ тымыгъ æрбахæссы йемæ. Иу миты хъæпæны рæбын æрбадти æмæ йæ сæр бамбæхста йæ пæлæзы тæрттæй. Уал ынмæ æцæгдæр тымыгъ сыстад. Фæлæ куыд æнæнхъæлæджы февзæрд, афтæ тагъд банцад. Бæстæ куы ныссабыр, уæд Айнæ йæ сæр систа, акæстытæ кодта йæ алыварс æмæ цæуынмæ фæци. Чысыл куы ауад, уæд бамбæрста, кæй фæдзæгъæл. Бæргæ йæхиуыл хæцыд, ныхъхъæбатыр уон, зæгъгæ, фæлæ йæ цæссыг- тæ иугай згъæлынмæ фесты. Æрбадти, мæгуырæг, æруагъта йæ сæр йæ къæхтыл æмæ кæуы. Цы нæ ауади йæ хуылыдз цæсты- тыл, цы хъуыдытæ нæ февзæрд йæ сæры. 132
Æваст цæйдæр сым-сым айхъуыста æмæ фæгæпп кодта. Цæ разы лæууыд чысыл арсы лæппын. Айнæйæн йæ тарст цыдæр фæци, æмæ урс хæмпус арсимæ дзурынтыл схæцыд: «Кæцæй февзæрдтæ ам? Кæм и дæ мад? Æви ды дæр мæнау дзæгъæл фæдæ?..» Æмæ ма бирæ цыдæртæ фæрсинаг уыд чызг, фæлæ йыл арс йæхи ахафта æмæ фæраст размæ. Цасдæр куы ауади, уæд ра- каст йæ ног зонгæмæ æмæ йын, цыма, цом мемæ загъта, уыйау йæ сæр батылдта. Айнæ бацин кодта, кæд мæ мæ фыдмæ кæны мæ чысыл ног зонгæ, зæгъгæ, æмæ фæцæуæг. Урс арсы лæппын ноджы рæвдздæр уайы, чызг йæ фæдыл згъоры. Бирæ фæцыды- сты, чысыл, фæлæ арс æвиппайды æрлæууыд. Айнæ йæм фæр- сæгау бакаст æмæ сдзырдта: «Цæмæн æрлæууыдтæ? Бахæццæ стæм?..» Арсы лæппын ын фæстæрдыгæй йæ къæхтæ бакъуырд- та, цу размæ, ома, йæхæдæг фæзылд æмæ кæдæмдæр ныййарц. Айнæ аракæс-бакæс кодта — никуы æмæ ницы. Цæй, цæуон, дам, размæ, айонг мæ дзæгъæлы нæ фæцæуын кодта мæ ирвæзын- гæнæг. Цасдæр ма куы ауади, уæд айхъуыста сагты уасын. Бам- бæрста чызг, йæ фыд дард кæй нал у, æмæ фæрæвдздæр кодта йæ цыд. Азгъордта размæ, æмæ уартæ уыны, сагты хицау алы- рдæмты фæлгæсы, кæйдæр хъахъхъæны. «Баба, ам дæн, ам!» — фæхъæр кодта чызг æмæ йæ фыдмæ базгъордта. Афтæ гъе, нæ чысыл хæлæрттæ дæр хаттæй-хатт баххуыс кæнынц адæймагæн. Диссаг у, цымæ ма Айнæ искуы фембæлд йæ ирвæзынгæнæгыл? Сымах та куыд хъуыды кæнут, зынаргъ чи- ныгкæсджытæ?
Чаллаева Ума ÆНХУСГÆНÆГ Горæтæй идард рауæн еу гъæуи цардæнц æ æма адтæнцæ асæй минкъий адæм. Кæрæдземæ дзурдтонцæ сæ нæмттæй, су- мах сæ зондзинайтæ. Адтæнцæ хъæбæр ниллæгутæ, устур æма сæбæл тумбул фийтæ, сæ уæледарæс — хумæтæг, фалæ аллихуз- гин: сурх, бор, цъæх æма мора. Æз куд æнгъæлун, уотемæй балæдæрдтайтæ, етæ гномтæ ке адтæнцæ, уой. Гъæуи медæгæ цардæй еу 50 гноми. Цардæнцæ хæларæй, сæ царди сæр адтæй фæллойнæ, уæдта ма æнхус код- тонцæ кæрæдземæн дæр. Ка си дохтирæй куста, ка фонси куст кодта, ка фонсгæс адтæй, ка — æфсапъæ. Сæхуæдтæ ба еугурæй дæр адтæнцæ кетаргин-æгъдаугин. Уоми еу рæсугъд хæдзари цардæй æнгом бийнонтæ — фидæ, мадæ æма сæ минкъий сабий Рут. Фидæ дардта берæ фонс æма сæ гъуд кодта, мадæ ба зилдæй сувæллонмæ. Еу бон ку адтæй, уæд Рут рацудæй тургъæмæ æма куййи кæу- гæй ку рауидта, æвæдзи си ести ристæй, уæд ин хъæбæр фæт- тæрегъæд кодта. Тæрсгæ дæр кодта сабий, уомæн æма ин æ мадæ æма æ фидæ фæдзæхсионцæ, куймæ хæстæг макæд бацо, зæгъгæ, фалæ имæ уæддæр бацудæй æма фæууидта, æ къах саст ке адтæй, уой. И мадæ æ биццеуи къæразгæй ку рауидта, уæд имæ рауадæй æма уинуй, сабий куййæн æ къахи цæф цидæр къимбусæй куд бæттуй, уой. Мадæ бацийнæ кодта, æ минкъий биццеу уæхæн хæлар, лæмбунæг æма зундгин ке разиндтæй, уобæл, æма си хъæбæр сæрустур æма аразийæй байзадæй.
Челæхсаты Алан ÆРТÆÆФСЫМÆРЫ Цардысты æмæ уыдысты мæгуыр зæронд лæг æмæ ус, æмæ сын уыдис æртæ фырты. Дыууæ хистæры уыдысты алцæмæй æххæст: уындæй, кондæй, асæй, æрхъуыдыйæ, фæлæ кæстæр зондæй æххæст нæ уыдис. Фыццæгты мад бирæ уарзта, сыгъдæг сæ дардта, хуыздæр хæринæгтæ сын хæрын кодта, уæззау куы- стæй сæ хызта. Æртыккаг та уыдис æнæркаст, æххормаг, саучъи- зи скъуыдтæ дарæсы, уæззаудæр куыстытæ йын кæнын кодтой йæ ныййарджытæ. Иухатт æлдарæй æрцыди гæххæтт: «Стыр рæсугъд гæнах чи сараза доны был, уымæн ратдзынæн мæ иунæг чызджы». Дыууæ хистæры уайтагъд сæхи арæвдз кодтой фæндагмæ — алыхуызон хæрзад хæринæгтæ сын авæрдтой хызыны æмæ сæ афæндараст кодтой. Уый æдылы куы базыдта, уæд мад æмæ фыдæн байдыдта лæгъстæ кæнын: — Нана, дада, ауадзут мæн дæр, кæд искуы истæуыл фæхæст уаин. Æз дæр мæ хъару бавзарон! Искуы дæ бирæгътæ бахæрдзысты, кæдæм цæуыс, ныххау дæ бынаты! Фыд куы бамбæрста, не ’рлæудзæн, уый, уæд ын фæндагмæ радта хъæбæр нартхоры къæбæртæ, иу гыццыл авджы дзаг дон æмæ йæ радде кодтой хæдзарæй. Бирæ фæцыди æдылы æмæ фембæлдис иу зæронд лæгыл. Салам радтой кæрæдзийæн æмæ йæ зæронд лæг фæрсы: — Кæдæм дæ фæндаг дарыс, ацы хорз лæппу? — Паддзах зæрдæ бавæрдта йæ иунæг чызджы радтынæй, стыр цады был бæрзонд рæсугъд гæнах чи сараза, уымæн, æмæ, зæгъын, æз дæр мæ тыхтæ бавзарон. — Æмæ истæмæ сарæхсдзынæ? — Æмæ гъа, нæ зонын. — Уæдæ кæдæм цæуыс? 135
— Хуыцау йæ зонæг... — Гъемæ кæд афтæ у, уæд уал баулæфæм, истытæ аууилæм. Сис дæ хæринæгтæ. — Æмæ мын цы нывæрдтой? Сæ равдисынмæ дæр æфсæрмы кæнын, хæрынмæ нæ, фæлæ. Ницы кæны. Хуыцау цы радта, уымæй бузныг, бахæрдзыстæм истытæ. Байгом кодта æдылы йæ хордзен, æмæ нартхоры кæрдзыны мурты бæсты систа урс гуылтæ æмæ алыхуызон хорз хъацæнтæ. Федтай, — зæгъы йын зæронд лæг, — Хуыцау дæ куыд уарзы, кæд дæ дæ ныййарæг мад йæ иннæ хъæбултæй фæхъулон кодта, уæддæр. Цæй, æмæ фæйнæ дæр баназæм! Авджы доны бæсты разынди нæртон нозт. Сæхи хорз куы федтой, уæд зæронд лæг æдылыйы арвыста хъæдмæ æмæ йын загъта: Ацу, æмæ дæ размæ стырдæр цы бæлас фенай, уый бын дæл- гоммæ ахау, дæхи фынæй æфсон скæн. Рацæудзæн рæстæг æмæ дæ исчи хъал кæндзæн. Куы райхъал уай, уæд дæ разы фестдзæ- ни стыр цад, йæ былыл та лæудзæни бæрзонд рæсугъд гæнах цалдæр уæладзыгимæ. Бузныг загъта зæронд лæгæн æдылы æмæ цингæнгæ хъæ- дырдæм ацыдис. Фыццаг бæласмæ куы бахæццæ, уæд ын зæронд лæг куыддæриддæр загъта, афтæ бакодта. Цас рацыдис, чи зоны, фæлæ йæ чидæр хъал кæнын байдыд- та. Æвиппайды фехъал ис æдылы æмæ уыны: йæ разы æнæкæрон æвидигæ цад, йæ былгæрон — бæрзонд гæнах. Хабар уайтагъд ныххæццæ йæ хъæумæ, йæ бинонтæм. Уыдон дисæй мардысты, се ’дылы лæппуйæн цытæ бантыстис, ууыл — иннæтæ сæргуыбырæй æрыздæхтысты сæ хæдзармæ. Æдылы йæхи сарæзта къахæй сæрмæ, ныццыдис æлдары хæдзармæ, æмæ йын уый йæ разæй скодта йæ иунæг чызджы. Абон дæр ма, æвæццæгæн, а æмæ о-йæ цæрынц сæ диссаджы га- луаны.
Чертыхъоты Марьям АЦЫРУХСЫ АМОНД Цардис æмæ уыдис иу стыр горæты хъæздыг лæг. Уымæн уыдис тынг рæсугъд чызг, хуыдтой йæ Ацырухс. Чызгыл дæс азы куы сæххæст, уæд йæ мад амард. Лæг тынг фæхъыг кодта йæ бинойнагыл. Афæдз куы рацыд, уæд æм адæм æрхатыдысты, цæмæй ногæй ус ракуырдтаид, фæлæ-иу сын уый дзуапп радта: — Мæ чызг уал иучысыл ахъомыл уа, кæннод мын æй, мый- йаг, йæ дыккаг мад куы нæ бауарза! Сфæлмæцыд лæг йæ цардæй, æмæ чызгыл фынддæс азы куы сæххæст, уæд сфæнд кодта ногæй ус ракурын. Хабар айхъуыст æгас горæтыл. Ацырухс ахуыр кодта сæ горæты скъолатæй иуы. Иу бон æй урокты фæстæ йæ ахуыргæнæг фæурæдта æмæ йын загъта: — Мæ чызг, ды зоныс, æз дæм цы зæрдæ дарын, уый. Мæн нæ фæнды, цæмæй дæ дæ дыккаг мад æфхæра. Дæ фыдæн зæгъ æмæ мæн ракура. Æз дын уыдзынæн дæхи мады хуызæн. Изæры йæ фыд куы æрбацыд, уæд ын Ацырухс радзырдта ахуыргæнæджы ныхæстæ. Фыд ахъуыдытæ кодта, зæгъгæ, мын кæд мæ чызджы афтæ тынг уарзы, уæд ма хуыздæр кæм ссар- дзынæн, æмæ сразы ис. Стыр чындзæхсæв скодтой æмæ райдыдтой амондджынæй цæрын. Фæлæ иу дзæвгар рæстæг куы рацыд, уæд ахуыргæнæг ба- лымæн ис дæлдзæхы цæрæг паддзахы фыртимæ. Иу бон ахуыргæнæг тезгъо кæнынмæ ацыдис. Ацырухс хæ- дзар æфснайын райдыдта. Мæрзгæ-мæрзын йæ цъылын цæуыл- дæр фæхæцыд, æркаст æм лæмбынæг, æмæ къуымы — чысыл дуар. Чызгмæ диссаг фæкаст, бакодта йæ æмæ дзы федта дæл- дзæхмæ асинтæ. Сабыргай ныххызт æмæ бахауд алæмæтаг дыргъдонмæ. Дыргъдоны астæу лæууыди бæгъатыр лæппу. Уыцы-иу рæстæг кæрæдзимæ фемдзаст сты. 137
— 0, Хуыцау, ам æнæзонгæ лæппу куы ис! — фæтарст Ацы- рухс. Фæстæмæ цæрдæг схызт уæлæмæ асинтыл æмæ дуар ахгæдта. Изæрæй бинонтæ бахсæвæр кодтой æмæ сæ хуыссæн бынæт- тæм ацыдысты. Иууылдæр куы бафынæй сты, уæд та ахуыргæнæг ныххызт йæ лымæнмæ æмæ-иу алы хатт дæр куыд кодта, афтæ та афарста лæппуйы: — Зæгъ-ма, чи рæсугъддæр у: хур, мæй æви æз? Паддзахы фырт арф ныуулæфыд æмæ дзуапп радта: — Сымах рæсугъддзинад мын нал хæссы æхцондзинад. Ацы- рухс у уе ’ппæтæй рæсугъддæр! Дыккаг мад бамбæрста, паддзахы фырты зæрдæмæ Ацырухс кæй фæцыд, уый. Сфæнд кодта чызджы фесафын. Ацыди къул- бадæг усмæ æмæ йын уый бацамыдта: — Изæры дæ лæг куы æрцæуа, уæд-иу рынчын æфсон скæн æмæ-иу ын зæгъ: «Цалынмæ Ацырухсы нæ хæдзарæй фесафай, уæдмæ мын сдзæбæхгæнæн нæй!» Ус дæр афтæ бакодта, райдыдта хъаст кæнын мæгуыр чыз- гæй. Лæг бæргæ нæ разы кодта, зæгъгæ, мæ иунæг чызджы куыд фесафон, фæлæ йын фæстагмæ æндæр гæнæн нал уыд æмæ сра- зы усы фæндыл. Дыккаг бон райсомæй куы сыстадысты, уæд фыд фæдзырдта йæ чызгмæ: — Мæ чызг, абон уазæгуаты цæуæм ме ’фсымæрмæ æмæ дæхи арæвдз кæн! Сахат дæр нæма рацыд, афтæ чызг йæхи ацæттæ кодта æмæ араст сты сæ фæндагыл. Бирæ фæцыдысты æмæ фæстагмæ бахæццæ сты тар хъæд- мæ. Фыд æвиппайды фæлæууыд æмæ цыма исты ферох кодта, уыйау афтæ бакодта: — Мæ чызг, ам мæм банхъæлмæ кæс, æз хæдзары цыдæр фе- рох кодтон æмæ йæм фæстæмæ аздæхон. Фыд чызджы уым ныууагъта æмæ æнкъардæй аздæхт хæ- дзармæ. Ацырухс изæрмæ фенхъæлмæ каст йæ фыдмæ, стæй куы æрталынг, уæд схызт бæласмæ æмæ уым райсоммæ фæбадт. Сфæнд кодта фæстæмæ хæдзармæ аздæхын, фæлæ фæдзæгъæл æмæ æндæрырдæм цыд фæцис. Фæстагмæ бахауд цавæрдæр хæдзармæ. Уым та цардысты абырджытæ. Ацырухс дуар бахоста æмæ йæм абырджыты хистæр ракаст. Чызг ын йæ хабæрттæ ра- 138
дзырдта. Зæронд лæджы зæрдæмæ тынг фæцыд Ацырухс. Бакод- та йæ хæдзармæ, бахæрын ын кодта. Изæрæй иннæтæ куы æрцы- дысты, уæд сæ сæ хистæр бафæдзæхста: — Абонæй фæстæмæ Ацырухс уыдзæн нæ хо! Цалынмæ цæрæм, уæдмæ йæ хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм! Райдыдтой адджынæй цæрын. Иу бон та ахуыргæнæг ных- хызт дæлдзæхмæ æмæ та фæрсы лæппуйы: — Чи рæсугъддæр у: æз, хур æви мæй? Лæппу дзуапп радта: — Ацырухсæй рæсугъддæр а бæстыл нæй! — Æдылы, уый афонмæ тар хъæды бирæгътæ ныскъуыдтæ кодтой! — фæхъæр кодта ахуыргæнæг. Лæппу йын уæд радзырдта, Ацырухс амондджынæй кæй цæры абырджыты хæдзары. Ацыди та дыккаг мад къулбадæг усмæ. Уый йын радта къух- дарæн æмæ йын загъта: — Ацы къухдарæн ын куыддæр йæ къухыл бакæнай, афтæ амæлдзæн!... Ахуыргæнæг ссардта, Ацырухс кæм цардис, уый. Дуар бахо- ста, фæлæ йæм чызг мидæгæй радзырдта, дуар æхгæд кæй у, уый. Уæд райдыдта йæ хинæйдзаг ныхас: — Мæ къона, куы фехъуыстон, дæ фыд дæ хъæды иунæгæй ныууагъта, уæдæй фæстæмæ дæ агуырдтон æмæ дæ тыххæй ссардтон! Де ’нгуылдз-ма радар дуары зыхъхъырæй æмæ дын къухдарæн балæвар кæнон зæрдылдарынæн. Мæгуыр чызг дæр йе ’нгуылдз радардта æмæ йыл ахуыр- гæнæг къухдарæн атъыста. Ацырухс æвиппайды æрхауд æмæ амард. Изæры абырджытæ куы æрцыдысты, уæд бирæ фæкуыдтой чызджы мардыл. Скодтой йыл рæсугъд дзаумæттæ, табæты йæ нывæрдтой æмæ йæ схастой хохы цъупмæ. Алы бон дæр-иу абырджыты хистæр ссыдис чызджы цурмæ æмæ-иу бирæ фæкуыдта. Иу бон æлдары фырт тезгъо кодта йæ фæсдзæуинтимæ. Хохы сæрмæ куы фæкомкоммæ, уæд дзы цавæрдæр рухсы тынтæ цæхæртæ калдтой. Диссаг фæкаст лæппумæ ацы хабар æмæ сфæнд кодта йæ фенын. Схызтысты хохы цъупмæ, кæсынц, æмæ табæтæй фæйнæрдæм рухс кæлы. Бакодтой табæты сæр. Лæп- пу Ацырухсы цæхæртæкалгæ цæсгом куы федта, уæд æй рахæс- сын кодта йæ галуанмæ. Уый афтæ тынг бауарзта чызджы, æмæ 139
фесæфт йе ’нцойад. Райсомæй изæрмæ бадт йæ цуры æмæ йын каст йæ рæсугъд цæсгоммæ. Радзырдтой хабар лæппуйы фыдæн. Уый тынг смæсты æмæ бардзырд радта, цæмæй чызджы ныннайой æмæ йæ баныгæной. Найгæ-найын ын йæ къух куыддæр сапонæй айсæрстой, афтæ къухдарæн æнгуылдзæй феуæгъд æмæ чызг раудæгас. Йæхи куы æрæмбæрста, уæд сын радзырдта йæ хабæрттæ. Кæм ма уыд æлдары фырты цинæн кæрон! Иу абонæй иннæ абонмæ фæкодтой стыр чындзæхсæвтæ æмæ райдыдтой амондджынæй цæрын. Æлдары фырт зыдта, ахуыргæнæг та сын исты фыдбылыз кæй араздзæн, уый. Ацырухсы иунæгæй нæ уагътой, сусæгæй йæ хъахъхъæдтой. Дыккаг мад та куы базыдта, Ацырухс та амондджынæй цæры, уæд ацыд къулбадæг усмæ. Уый йын радта маргæйдзаг судзин, цæмæй дзы чызджы амара. Араст ис ахуыргæнæг, Ацырухс кæм цард, уырдæм. Куыддæр галуанмæ бахæццæ, афтæ йæ хъахъхъæнджытæ рацахстой. Æл- дары фырт æй бæхы къæдзилыл абаста æмæ йæ дымгæмæ ныд- дардта. Фервæзт чызг йе знагæй æмæ ма абон дæр цæры йæ бинон- тимæ хæлар æмæ амондджынæй.
СÆРГÆНДТÆ Абдуразакова Луиза. Ацырухс 3 Агасиева Ангелина. Сызгъæрин сæгуыт 5 Аджиты Аминæ. Рувас æмæ цъиу 8 Багаты Лоренæ. Мæгуыр лæг æмæ Амонд 10 Бæрæгъуынты Дзерассæ. Хивæнд тæрхъусы лæппын 11 Биганаты Дианæ. Мæгуыр лæг æмæ цъиу 14 Бутаты Батраз. Аланчик 15 Бутаты Зауырбег. Агуындæйы балц 22 Мыр æмæ йе ’мбал 27 Гæбæчиты Виктория. Сызгъæрин сис 31 Гæззаты Олеся. Хорз æмæ æвзæр 38 Гобозты Екатеринæ. Æцæг хæлæрттæ 40 Гуæздæрты Виктория. Малусæг æмæ давоны маст 42 Гуыбеты Сослан. Цады 44 Дарчиты Хетæг. Авд хохы сæрмæ балц 46 Дзгойты Маринæ. Ацырухс æмæ мæлдзыг 64 Дзебойты Розæ. Зымæгон аргъау 68 Дзоблаты Владислав. Раис æмæ Махшуд 72 Икъаты Риммæ. Куыстуарзаг бинонтæ 75 Кæркуысты Давид. Сыкъаджын бындар 77 Кæркуысты Динæ. Халон æмæ хъал чызг 79 Кцойты Тамарæ. Уызын Къуыбылой æмæ иннæтæ 83 Къуыллыты Чермен. Хæстон бæхы тæргай 86 Мысыкаты Данизæ. Цуанон æмæ сычъийы лæппын 88 Норова Ангелина. Джериханы лæвар адæмæн 90 Плиты Валерия. Мæгуыр лæг æмæ гæдыйы аргъау 93 Сохиты Тамерлан. Æрдхорд-æфсымæртæ 95 Тедтойты Элъвирæ. Сыбыйы рæсугъд 97 Томайты Елизаветæ. Забетæйы фын 98 Уататы Надеждæ. Ног азы бæрæгбон хъæды сырдтæн 100 Фарамисова Гулъсум. Хуымæтæг аргъау 102 Хетæгкаты Арсен. Бирæгъ æмæ куыдз 106 Хохойты Регинæ. Малусæг æмæ гоппой 108 Хуыбаты Дианæ. Чысыл уæйыг Биппи 110 141
Хуыбецты Маргаритæ. Бæрзбæласы цæссыгтæ 114 Хынцæгты Фатимæ. Ныййарæг мады зæрдæ 115 Хосроты Руслан. Хæрæг æмæ бирæгъ 117 Хъайсынты Артур. Цæмæн цæры адæймаг? 120 Хъараты Альбинæ. Сайын хорз нæу 123 Хъæрджынты Алинæ. Хъæуккаг мыст æмæ йæ горæтаг хæлар 125 Хъæрджынты Ликæ. Ирвæзынгæнджытæ 127 Хъыбызты Астан. Уызыны куывд 128 Цомартаты Хетæг. Алæмæтаг кæсаджы аргъау 130 Цуциты Чермен. Цæгатаг аргъау 132 Чаллаева Ума. Æнхусгæнæг 134 Челæхсаты Алан. Æртæ æфсымæры 135 Чертыхъоты Маръям. Ацырухсы амонд 137
Литературно-художественное издание ЖИЛ ДА БЫЛ... Современные осетинские сказки Составитель Элъбрус Вячеславович Техов Оригинал-макет подготовлен в ГУП «ИЗДАТЕЛЬСТВО «ИР» Главный редактор Т Т Техов Директор К. У Таутиев Редактор издания Т Т Техов Художник и художественный редактор Н. У.Гаппоева Технический редактор А. В. Ядыкина Оригинал-макет Д. 0. Амбадова
Подписано к печати 10.11.2020. Формат бумаги 60x84 1/16. Бум. офс. 80 г/м2. Гарн. шрифта «Т1те5». Печать офсетная. Усл.-п.л. 8,37. Учетно-изд. л. 5,89. Тираж 500 экз. Изд. № 39 . Заказ № 906. Комитет по делам печати и массовых коммуникаций Республики Северная Осетия-Алания. ГУП «Издательство «Ир», 362040, г. Владикавказ, проспект Мира, 25. тел.: (8672) 333-198, 333-199, Интернет-сайт: Ыа^еНг.ги, е-таП: 12с1а1:еНг(а)уапс1ех.ги. Отпечатано в типографии «Лаки Пак» (ИП Шульгина Ю. Д.}, 344013, г. Ростов-на-Дону, ул. Мечникова, 112а.