Текст
                    Журнал выходит
ЕЖЕМЕСЯЧНЫЙ
РЕСПУБЛИКИ
с мая1934 года
ЖУРНАЛ СОЮЗА ПИСАТЕЛЕЙ
СЕВЕРНАЯ ОСЕТИЯ-АЛАНИЯ
Главный редактор —
Редколлегия:
Техн. редактор
Корректор
Ахсар Кодзати
Гастан Агнаев
Руслан Бзаров
Борис Гусалов (отв. секр.)
Анатолий Дзантиев
Елизавета Кочиева
Анатолий Кусраев
Давид Темиряев
Камал Ходов
Сергей Хугаев
Кудзиева Раиса
Заира Карацева
Владикавказ 1999


_3_ '99 Журнал цæуын райдыдта 1934азы майы ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНЫ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ФЫСДЖЫТЫ ЦÆДИСЫ ÆРВЫЛМÆЙОН ЖУРНАЛ Сæйрагредактор - Редколлеги: Техн. редактор Корректор - Хъодзаты Æхсар Агънаты Гæстæн Бзарты Руслан Гусалты Барис (бæрн. секр.) Дзантиаты Анатолий Косты Лизæ Къусраты Анатолий Темыраты Давид Ходы Камал Хуыгаты Сергей Куыдзиаты Раисæ Хъæрæцаты Зæирæ Дзæуджыхъæу 1999
НОМЫРЫ ИС: «Мах дуджы» равдыст 5 КЪАДЗА ТЫ Станислав. Хуыцауы лæвар. Æмдзæвгæтæ .... 17 | АНДИА ТЫ Мæхæмæт\ Къуылых Бабо. Уацау 24 ХЪОДЗАТЫ Æхсар. Ныхыфыст. Æмдзæвгæтæ 79 ДЕГЪУАТЫСоня. Æнахуыр фын. Радзырд 94 ПЛИТЫ Зæирæ. Æмдзæвгæтæ 110 КЪОБЫЛТЫ Ольга. Уарзты цæхæр. Æмдзæвгæтæ 112 НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН ДЗИДЗОЙТЫ Азæ. Дыууæ радзырды 114 ДЗУЦЦА ТЫ Зæлинæ. Цæргæс æмæ сырддонцъиу. Аргъау . . .117 АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД БАЙАТЫГаппо. Куывд 122 Аргъæуттæ 125 ЛИТЕРАТУРÆЙЫ ФАРСТАТÆ ДЖЫККАЙТЫ Зæринæ. Адæмы монон цард трагеди «Хазби»-йы . .142 УÆЛÆМХАСÆН Тимур КИБИРОВ. Стихи 155 ТÆФÆРФÆС ГРИС\ 167 Учредители: СП РСО-А и коллектив редакции Сдано в набор 03.02.99. Подписапо в псчать 20.04.99. Формат издапия 60x84 '/|6 Бум. тип. № 1. Гарнитура шрифта Му$1. Псчать офсетная. Усл. п. л. 9,77. Учст- но-изд. л. 8,82. Заказ № 3113. Тираж 1100 экз. Адрес редакции: 362040, г. Владикавказ, пр. Мира, 25. Тслсфопы: 3-69-66; 3-69-62; 3-31-58; 3-31-24. Журпал набрап, свсрстаи и отпечатан па Рсспубликанском издатсльско-полиграфи- ческом предприятии им. В. А. Гассисва, 362011, г. Владикавказ, ул. Тсльмана, 16.
«МАХ ДУДЖЫ» РАВДЫСТ уыцауы, дам, лæджы фесафын куы бафæнды, уæд ын раздæр йæ зонд байсы. Уæдæ цæмæй æнæхъæн адæм бабытъайлаг уой, сæ сæфты къахыл ныллæууой, уый тыххæй та сæ Хуыцауы ’лгъыст ахæм хуызы æрæййафы, зæгъгæ, уе ’хсæн сылгойма- джы кад фæкъахыр уæд, намыс ын мауал уæд... Кæд не ’ргом æмзонд æмæ æмдыхæй нæ ирвæзæны фæндагмæ саразинаг стæм, уæд нæ фыццаджы фыццагдæр нæ Хуыцау - мæ кувæгау табу æмæ лæгъстæ кæнын СЫЛГОЙМЛГÆН дæр хъæуы! Мад... Хо... Уарзон... Бинойнаг, нæ сабиты ныййарæг... Мадыхо, мадыадгæнæг... Фыдыхо... Мадымад, фыдымад, Стыр мад... Æфсин — хæдзар дарæг-уромæг, не схæссæг, не схъо- мылгæнæг... Мæ дзæнæты бадинаг фыдымад Хъызмыдæ-иу афтæ загъта: — Мад адджын у, зынаргъ. Мад, зæгъгæ, уæд мидæгмæ дзурæм, былæнгомæй. Кæд, стыр хъыгагæн, алы ныййарæгæй МАД нæ рауайы, уæддæр уыи мады цытджын ном дзырддаг нæ кæны. Уымæн æмæ алы мад дæр МАДЫ-МЛЙРÆМ у, иугæр ирон æмбисонд Иу иннæмæн хуыцау у! — растыл нымайæм, уæд. Мæхæмæт-пехуымпар, Хуыцауы арфæ æмæ саламæй хай- джын уæд, афтæ загъта: 5
— Дзæнæт мады къæхты бын ис. Ома мад цы фæндæгтыл фæцæуы æмæ кæуылты фæхоны йæ хъæбулы, уыцы къахвæдтæ дзæнæтмæ хонæг вæййынц. Уымæн æвæсмойнаг у мады зондмæ æнувыдæй хъусæг. Дуне нынкъуыст æмæ та бындуронæй ныр цалæмдæр хатт рафæлдæхт. Æмæ та йæ хæлддзæгты бын фесæфынæн цы æвгъа- уаг хъуыддæгтæ фæкодта, уыдоны сæйрагдæр æз хонын} ирон сылгоймаджы кад æмæ намыс сæ кæддæры æмвæзадæй бирæ ныллæгдæрмæ кæй æрхаудтой, уый. Фыццагон æгъдау, фыццагон хъомылады домæнтæ царды сæ уæдыккон карзæй нал ис рауадзæн, фæлæ уæддæр нæ сы- лыстæг, нæ сылгоймаг билцъ æмæ талатæ иронæргом куынæ фæкæнæм, уæд иннæ хабæрттæ дон сыхырнайæ хæссæгау сты. Нæлгоймагæй лæгау лæг æрмæстдæр сылгоймаг рауайын кæны — ирон хæдзарон чызг, ирон хæдзарон ус чи вæййы, уый. Адæмы фарн мæрдтæм нæ цæуы. Æмæ ирон фæрнæйдзаг æмæ уарзон цæстæй акæсæм мæнæ нæ дард хуртæм, нæ туг нын æцæг ирон туг чи кодта, нæ ном нын æцæг нæртон ном чи кодта, уыдонмæ. Рагон къамтæ сты, æмæ уымæ гæсгæ афтæ зæгъæн ис, зæгъгæ, адонæй, ацы дзæбæх адæмæй иу дæр æгас нал у. Æмæ рухсаг уæнт, рухсаг. Мах та дыууæ дунейы Хуыцау сæ рæст- аудæны фæндиаг кæнæд. ГУСААТЫБарис 6
/Елдаттаты Алыксандры чызджытæ куыдхистæрæй: Елена (Ляля), Тамарæ, Верæ, Валя. Еленæ сси Францы Прс- зидснт Раймон Пуанкарсйы фырты бинойнаг. 7
Цсрекаты Тамарæ Æхсараты Хатæхцыхъойы чызг (чызгæй Хæдарцатæй) Зури. Зилгæ. Чи сты, уый бæрæг нæу. 8
Тлаттаты Бимболаты чызг Фузæ, Гæбуты Заретæ. Хъаныхъуаты чындз. Æрыдон. 9
Галиуырдыгæй кæсгæйæ: Тугъаиты Бсслæиы чызг Гикка (?), Цæлыккаты чыидз; Тугъаиты Раисæ, Абысалты Насыпхаи (?), Тугъаиты Бацæ. Урс- дойиæгтæ. Къам ист у 1898 азы. 10
Хъуылаты Дауыты чызг Нинæ, иæ зпмаиы Æрыдоны рæсуп,ддæр чызджытæй пу. 11
Тхостаты Тамарæ Уæлаты хотæ. Лæууы Сасери (Саса), Бегиты чындз; бады Верæ, Собиты Иналы ус. 12
Чи у, уый бæрæг нæу Брутаг Æлдатгаты Дзамболаты чызг Малукæ (?), Тугьанты Елхъаны къай. 13
Лдырхаты Сæли (Зæли), æрыдопнаг. Паддзахы заманы зынд- гонд инæлар Фидараты Афæхъойы бинойнаг. Афæхъойы куы ’рцахстой 1929 азы, уæд барвæндæй йсмæ Сыбырмæ ацыд. Иумæ сæ фсхстой... 14
Есснаты Гиго. Быдыры Хъахъхъæдур. 15
Мзокты Дзыллæ. Захъа. 16
КЪАДЗАТЫ Станислав ХУЫЦАУЫ ЛÆВАР ИРОН ÆВЗАГ 1 Кæмæндæр дæ æрмæст Елхотмæ, Мæнæн та дæ Парнасмæ, Мæнæн та стьалыты цъæх кодмæ, Къостайы дзырды тавсмæ. Кæмæндæр дæ æрмæст дыууæмæ, Мæнæн та дæ æрдзæмæ. Æрмæст гуыбынмæ дæ кæмæндæр, Мæнæн та дæ зæрдæмæ. Кæмæндæр дæ æрмæст къæсæрмæ, Мæнæн та дæ Хуыцаумæ! Кæмæндæр дæ айдагь изæрмæ, Мæнæн — тъымы-тъымамæ! 2 Нæртон фæткъуы — нæ мадæлон æвзаг, Йæ къалиутыл та мин-мин дыргьы хуртау. Уæрхæджы фырттау хъахъхъæнджытæ — мах, Фырхъалæй уæд фынаэй цы кæнæм дуртау?! Хуыцауы лæвар — диссаг дзырдты хуртуан, Фæлтæрты бурæмæдз, сæзæрин таг, Кæд ма нын исты баззади æлутон, Уæд иунæг уый — нæ мадæлон æвзаг. Нæ удтæ дзы æрвон быркуытау дзаг Куы уой,— кæндзыстæм царддугъы фыццаг. 1996 2 М.1\ л>, ^ з, 1999 17
• * * Ацыдтæн бæлæстæй дарддæр — Ма уынон сыфтæн сæ хауд, Рагвæззæг бур сыфтæ мардæй Зæры мæ мастыл цæххау. Фесты сæ ныхаэстæ арвæн, Зæхх сæм ныр дары йæ арм. Ханты цагьд къæвда æнкъардæй Ивазы уыдонæн даргь. Хатынц — сæ æрвон цард аскъуыд, Буцæн ма иу кафт — сæ бар, Дымгæ сын чегьре куы басгуыхт, Фестынц йæ фæндонæй маргъ. Ленкгæнгæ, зилгææртæхынц, Къалиутæ иууыл — фæлахс. Сыфтæн ма иунæг цин зæххыл — Уидæгтæм гьеныр æввахс... 1995 * * * Цъæх кæныныл йæхи лæмары кæрдæг, Йæ буртæ ног тауæй æмбæхсы. Мæнæн дæр афтæ у мæ ныры зæрдæ, Æз дæр мæ урсытæй куы тæрсын. Фæлæ мæ иу хъуыды уæдцæр рæвдауы — Мæ урсытæ дæр рухсмæ тæпп æфтауынц... 1995 * * * —Хицæуттæй арфæгонд Махæн нæ баэстæ — Адæм фæкалдысты Хицæутты хæрзтыл, Афтæ фæкалдысты, — Сыстынæн нал ысты!..
—Ма фау нæ хицæутты, Ма сæ хон хин-цæутæ! Къаддæр куы кæнынц нæ рис,— Алцы зынаргъдæр куы ссис,— Цæхх нын ныууагьтой аслам: Стигъын æнцондæр — нæ царм... 1994 Поэтæн æхсæнад Фæкæны æхсæн-над, Уæдцæр æй нæ сæтты — У иуæй æфсæддон, Йæдзыллæйы низтæ Уый апп-уппы систа... 1995 КУРЫН МÆГУЫРГУРÆЙ 0, курын дæ, стыр хатыр бакæн, Нæ-иу цыдтæн афтæ дæ цурты — Мæгуыргурæн баххуысæн нал дæн, Мæхи фаг дæр не сты мæ муртæ. Мæ сæрмæ мæ æфстæуттæ — цирхъау, Сыгъдæджытæн мах дуг — æргæвдæг. Мæгуыргурæй курынмæ чи ’рхауд, Дывæр мæгуыр уый у йæхæдæг. Хуыцауæй куыд фæкурынц, афтæ — О, стыр хатыр бакæ, ныббар нын, Кæй ысты нæ дзыппытæ афтид, Кæй нæ бадыс хæдзары хъармы, Нæ бæстæйы зæрдæ кæй рафтыд, Кæй басыдтæ амонды дуармæ... 1996 Арахъхъ донау бацыдис нæ быны, Ласы нæ — фæдис, фæдис! Уый цъæхæй нæм арвыцъæх нæзыны, Нуазæндон Ирыстон ссис. 19
Кувæндæттæн ферох и сæ нысан — Бахæрд, банызтæн æрмæст! Хорзæн ма нæ уæд Хуыцау куыд мыса, Фарн куыд бауарза йæ цæст? Ирыл тибиты рын сыстад ногæй — Нозты сау бæллæхтæ — цас! Нартæ бæрц зыдтой æлутон, ронгæн, Махæн та нæ барæн — саст. «Равдæлон кæн фæрныджы мигæнæн!» — Хъуысы алырдыгæй зард, Афтæмæй ныл арахъæй — æрвгæлæн, Фарнæй равдæлон нæ цард. Арахъхъ бацыдис нæ быны донау, Мах та дзы — хъайтартæ, буц. Не ’мбарæм, цы хæйрæг-низ, цы сон у — Уадзы нын нæ бынæй рухс... 1997 ИУ АРВÆЙ ДИХ Цыма мæхи уд айтынг ис мæ сæрмæ, Цъæх арвмæ афтæ джихауæй кæсын Æмæ æгæрон дунейы къæсæрмæ Мысайнагау мæ цымыдис хæссын. Æргомдæр арвæн ницы ис йæхицæй, Фæлæ куы басгуыхт сусæгтæн дзæнæт Æмæ у йе ’мыдзаг уыци-уыцитæй, Парахатгомæй тобæйау — æхгæд! Зæххонтæй цас уыд ахæмтæ мæ размæ — Æрвыг тыгъдадмæ чи нæ уыд бæллæг! Кæй уд нæ тахт йæхи къæсау йæ уазмæ, Фыртау дзы чи нæ куырдта дзуапп, хъæлæкк?! Фæлæ кæд иу арвæй сты дих нæ удтæ, Нæ хаедзарæн кæд у æхсæны цар, Цы тонæм уæд кæрæдзийы фыдгултау, Æрвон сыгъдæг цæуылнæ у нæ цард?!
Цыма мæхи уд айтынг ис мæ сæрмæ, Цъæх арвмæ афтæ джихауæй каэсын Æмæ кæнын зæххон уæзæй æфсæрмы, Мæ базыртæ æлхынцъбастæй хæссын... 1997 Фæззæг æмæ фæздæг, Бур сыфтæй — цъæх арт, Уæлдæфы сæ уæзæг Гомгæрццæй — æнкъард. Мæргътæ æмæ зæрдæ Ардыгæй тæхынц, Хæлуарæджы хæрдгæ Дымгæйæ — æлхынцъ. 1998 * * * Ис-æвзагæй нал дзурæм иронау, Ис-хъæбулæй не ’взаг у æвæд. Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй, Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд?! «Макæй уарзæм»,— афтæ æз нæ дзурын, Фæлæ уарзтæй хъуамæ ма уæм куырм. Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау, Рухс кæнæд æппæты фыццаг уым!.. 1994 ТОРКВАТО ТАССО Æз кодтон табу Рухс æмæ дæуæн. Нæутас, æнхъæлдтон, ницæмæй мæисæн. Мæ ныфс мын хастой ме знæгтæ дæр дисæн, Фæлæ фыдæхы ахæсты фæдæн. Ныр мысын ам дæ цæстыты тæмæн, Кæнын æууæрцъытæ мæ судзгæ риссæй, Мысинæгтæй ма амонды монц исын, Хæлуарæг-тынæй хъоргьы бузныг дæн — 21
Дыдзы мæйау йæ рухс кæд у чъызгæ, Уæддæр та йæм мæ зыд цæстæнгас фехсын. Зæгъут-иу мын мæ бæллицты чызгæн: Æз хъоргьы дæр цагъайраг не сдæн — Мæ цаэссыгтæй мæ сау рæхыстæ фехсын, Цæмæй сæтагьддæр бахæра ызгæ!.. 1995 Арв нæ ферттивы — цы тæрсыс? Цæвджытæ кæнæм æмист. Джихæй нæм бынæй цы кæсыс? Гъе-мардзæ, цæвæг нæм ис! 7 халдих нæу дзæгьæлы — Авд авды кæны бæркад, Арвы дуармæ уый дæгьæл у, Ратты нын æхцоны рад. Кады нуазæнау фæрныг у, Дзуапп дæр агуры нæртон, Хиды карзæй цæст æрныкъул — Рахъара дæ хъыгты дон... Фæззæгæн йæ размæ тауæм Гауызтау цъæх уистæ мах, Зымæг дæр йæ зачъе дауæд — Хос-мæкъуылтæй йын гæнах. Арв нæферттивы — цы тæрсыс? — Зилæм цæвджытæдæрдтыл, Зиуы кæстæрмæ куы кæсы Стыр майдан — нанайы гуыл... 1997 ИРЫСТОН У мæнæн дæ рыджы тæф дæр будау, У мæнæн дæ дойнаг дур дæр удау. Цæй, уæд ма дæ дидинтыл цы дзурон! Ды мæнæн мæйдары дæр — æвдхурон... 22
ФÆЛТАУ Уыд айдæнау сæ карды æндон Нартæн, Мæнг ныхасæй-иу уайтæккæ фээсау, Кæд адæмæн уыд Хурты хур Хуыцау, Сæ табу дæр уæд Рухсæн уыди, артæн. Ныр радтам зинтæм иууылдæр нæ бартæ, Мæнг дунейы рæстæй цæрын — уæззау, Сыгьдæджытæн сæ хъысмæттæ — оу=уау! Фылдæр цыт и фæлитойæн, мæнгардæн. Фыдрæстæг, уадз, æндæр адæмты ивæд — Нæ хъахъхъæнæг — нæ фыдæлты æгьдау, Нæ карды фарс ма ранæй-ран æрттивы, Лæгдзинад мах нæма исæм æфстау, Нæ фарны куырой ма бауадзæм ривад, Æрыссæд-иу нын не стджытæфæлтау!.. 1997 23
АНДИА ТЫ Мæхæмæ\ КЪУЫЛЫХ БАБО Уацау мбаладон хæдзарæдтæн нæ хъæуы бындур æвæН рын куы райдыдтой, суанг уæдæй йæ Ахæрæты бон- мæ Бабойы чи зыдта, уыдонæй дын чидæриддæр, йæ худыл бæрзонд схæцгæйæ, зæгъдзæн: — Къуылых Бабойæ мæ фæрсыс?.. Гъемæ дын æй дыууæ ныхасæй куыд бацамонон? Нæ фæлæ ма дæхæдæг бавдæл, æмæ’ йын, йæ «Кады нысаны» ордены уæз цас у, уый сбар. Цы| фæджих дæ? Банымай ма, орденæн йæ ныхмæ цы хор æмæ хал-| сар бафснайдта, уыдон! Ныхас ныхасы кæм нæ къахы, æмæ| дын йæ иннæ æмхъæуккаг та афтæ куы радзурид: — Нæхи Бабойы кой кæныс? Бирæ ныхас цы ахъаз у?.. Ахæм! лæг у Бабо, æмæ... Цæй, дæрдтыл цы зилон, стæй искæмæ дæр нæ джигул кæндзынæн: мæхæдæг æй хорз зонын. Уый зæгъи- наг уал дæн, æмæ йæ хæрзиуæджы хабар Бабойæн йæхи хъус- тыл сæмбæлдис ахæм хуызы. Афтæ ’мæ, дам, афтæ, Мæскуьв хъæуы хистæртæн сегасæн дæр сæрвыста ордентæ, стæй май- дантæ. Лæгыл базыртæ базади. Гъе, фæлæ уац мæнг разынди. — Искуыдæр ма уый фидауы, мæнæ хорз адæм?! — дзырдта! Бабо уыцы хъайтарæй хъæуы иумæйаг æмбырды.-1- Æмæ куын-1 нæ! Бабо кæд сидзæрæй схъомыл ис, уæддæр тæргæйттæм æмхиы нæу! Цæуыннæ, зæгъгæ, куы бафæрсат, уæд мын иуахæмы маз фыдыус Фырдæуыз мæ къусы иннæтæй къаддæр æхсыр куьп æркæнид. Æз мæхи адымстон, афтæмæй иуварс азылдтæн. Стæй фынгмæ æркастæн, æмæ къус йæ бынаты нал. Стыр сихæрттæм] уыцы бон æххормагæй нартхор фæрывтон. Пыр ме ’хсырьп къусæн нал тæрсын, стæй мын, цыма, мæ хæрзиуæг дæр йæхир-1 дыгæй ничи фæкæндзæн. Гъе, фæлæ уæддæр мæпæй æндæр исчи фæтæргай уаид. Æмбæлы мын. Уымæн æмæ нæ зæрæдтæм кæсын мæ цæсгом нал хъæцы. Нæ хъæцы уымæн, æмæ, бирæ ныхас цъц 24
,1ХЪаз у, абон мæнæ ацы ран сымах цæстыты раз хъуамæ ор- '»ептæ райсæм не ’ппæт дæр,— уый адыл Бабо адæмыл йæ цæст пхаста. Дзыллæ ныххор-хор кодтой: «Тынг раст зæгъыс, Бабо! Хъусæм дæм, хъусæм!» — Гъемæ, уæдæ,— йæ ныхас дарддæр кодта Бабо.— Диссæгтæ бирæ хъусæм, уынгæ дæр — Хуыцау, ды базон. Афтæ куынæ уаид, уæд, уæхæдæг æй зонут, нæ хъустæ хæрæджы хъусты æййафиккой, нæ цæстытæм та нын гал бахæлæг кæнид. Уæхæдæг сæ уынут, уæртæ бадынц. Хъæуы хистæртæй зæгъын. Ордентæ æмæ, дам, майдантæ се ’ппæтæн нæ фаг кæны. Уæд нæ паддзахад ахæм мæгуыр у? Раст уыцы изæр Бабо йæ хистæр чызг Райкæйы сыхаг ус Хандамæ арвыста сырх хъæдабæмæ. Ма, дам, бахæлæг кæнæд. Хъæдабæйы уадздзагыл чызгæн цыллæ алдымбыдæй ныффыс- сын кодта: «Бабойы звенойæн». Тæмæнтæкалгæ хъæдабæйы гæбазыл уыцы нывæфтыд дамгъæтæй фыст дзырдтæ æмæ «Кады нысан»-ы орден диссаджы рухс æмæ ма æнахуыр уæлдæфæй байдзаг кодтой хуымæтæджы ирон хæдзары къуымтæ. ...Адæмы æфсарм ыл фæтых и, æмæ знон, орден куы рай- ста, уæд йæ зæгъинæгтæ кæронмæ зæгъын уымæн не сфæрæзта Бабо. Фæлæ ныр, ома дыккаг бон, сæударæй уымæ бакæсын фаг диссаг уыди. Рамазаны... парторг Едзаты Рамазаны ру- дзынг тымбылкъухæй хорз ныххоста. Лæбурæджы хъæлæсæй сæм дзуры: — Кæм дæ, кæ?! Æддæмæ ма ракæс! Æз демæ лæджы ныхас акæнон! Хорз, æмæ Рамазан хъæмæ нæ разынд, кæннод ыл «дзæхсты- тæ» ахъаззаг æруадаид. Бабойы мастыл ма маст афтыдис, афтæмæй пихылæйттæкалгæ колхозы сæрдар Мерденты Клав- дяты кæртыдуар, куыд фæзæгъæм, йæ сæрыл байста. Клавдя егъау æнгузы бын талф-тулфæй йæхи æхсадта. Тæнтъихæг Бабо домбæйттæ чызджы мæкъуыстæджытæ бæгънæгæй куы ауыд- та, уæд цыма йæ хорз къах арф ауæдзы аирвæзти, уыйау сагъ- Дауæй аззад. Стæй, мæ фындз цы ’руагътон, зæгъгæ, йæхи фæфидар кодта, мæллæг хуыфт скодта æмæ æддозæй æрба- Дзырдта: — Дæ райсом уал хорз уæд, нæ сæрдар.— Клавдя йæм са- бьфгай йе ’ргом раздæхта: — Оуу, Бабо куы дæ! Уый дын мæ зæрдæмæ цæуы. Фæлæ хъуызгæ та цæмæн æрбакодтай? Гъемæ, æгас цу. 25
— Фæлæуу-ма. Нæ дæ бамбæрстон,— загъта Бабо æмæ йа уæхсчытыл схæцыд.— Цы фæцыди дæ зæрдæмæ? 1 Клавдя зæрдиаг худт ныккодта: 1 — Аскъæфынæй мын тæссаг кæй у, уый, æвæццæгæн, зо| ныс æмæ мæ сæударæй кæй абæрæг кодтай, уый мын æхсызгон у, Бабо. Бауырнæд дæ. I — Цæй, цæй... Бабо дæр йæ фындзæй кæй смуды, уый дын зындгонд у. Æлхысчъытæ кæй хъæуы, арæхсгæ уыдонмæ куь| кæнис. Æз дæм хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæн,— Бабо, цыма дзы Клавдя хæс дары, уыйау æм йæ цæстытæ ныттынг кодта.—| Комкоммæ ма мæм æрбакæс æмæ мын æй афтæмæй бамбарын кæ: ме ’мгæрттæй мæ цæмæ гæсгæ фæхъулон кодтат? Клавдя йæ сæр æмæ цæсгом сæвджын хисæрфæны æрба- тыхта, афтæмæй Бабомæ бакасти, æцæг уый дзы куыд домдта, афтæ комкоммæ нæ, фæлæ тæссармæ. Стæй цыдæр нысанæн арвмæ къухæй ацамыдта æмæ загъта: — Цы дын зæгъинаг дæн, Бабо. Хорз зæрдæйы хицау нæ дæ... Бабойы цыма тæвд æртыскæнæй фæцагайдæуыд — æваст фестъæлфыд. Армытъæпæн ныхыл авæрдта æмæ йæ цæстытæ бадзагъултæ кодта: — Гъеуый ма мын нæ фаг кодта... — Фæлæуу, фæлæуу,— йæ ныхас кæны Клавдя.— Афтæ куынæ уаид, уæд мæ цуры дæ дзых куыддæр схæлиу кæныс, афтæ дæ бамбарын. Ды та? Дæуæн та дæ сæрыгæхц цалынмæ сыгом кæной... Уæд фендджын лæг куы хоныс дæхи! Дæ халас сæрæн уыцы зын цæуыннæ скæныс?.. 1 Бабо йæхи нал баурæдта: 1 — Дæ фыдыстæн, мæ сæр дын цы кодта, сæргой йæ цы| скодтай?! Æви дæм зондагур искуы йæхи бакъултæ кодта?! Цыфæнды дæр дзур, чифæнды дæр мæ схон, уæддæр мын мæ] сæр æнцад йæ бынаты уадз! Ма йæ хъыгдар! Ныхилгæ дæр æм| ма кæн! Гъеныр дæм хъусын. О. Уый дæр дæ рох ма уæд, нæ| хорз сæрдар, æмæ æз мæ сæрыл худ хæссын, худ! Кæлмæрзæн] нæ, фæлæ!.. Гъеныр дæм хъусын. I — Мæнæ хуыцауы диссаг,— хорзау нал фæци Клавдя. — I Уыйбæрц рацардтæ, æмæ æдылыдзурæгмæ хъусын нæ базыд-1 тай. Бæллæх у уый, Бабо. Паддзахады хæрзиуджытæ не ’ппæты] тыххæй кæй не сты, уый ныронг цæмæ гæсгæ нæ зоныс? Æмæ} уæдæ цы ’нхъæл уыдтæ? Знон Бабо орден райста? Райста. Тæккæ! райсом дæр та куы фесгуыхай, уæд дæр та хæрзиуæг дæу| уыдзæн. Æндæр искæй нæ, фæлæ дæу. Арф хъæды суджы уæр- 1 26
д0н чи ракæны, хъæддзауы номæй уымæ фæдзурæм, пец чи »идзары, уымæ нæ, фæлæ. «Куыд дæсны у»...— ахъуыды кодта Бабо æмæ, сæрдар ныхас хъазынмæ кæй здахы, уый куы фембæрста, уæд æм йæхи ба- дзагъултæ кодта: — Уырыцы дзæбæх чызг... Рухсаг уæд Уырыц. Бабо къахæй къуылых у, фæлæ сæрæй... Мæгъа. Адæмæй сусæг кæнын æй нæ базонин. — Гъемæ, ды куыд зæгъыс, афтæ кæм у, уым æз æмæ ды бавдæлæм...— загъта Клавдя æмæ Бабойы уæлхъус хæстæг æрбалæууыд, йæ уæззау къух бæрзонд систа æмæ йæ мæстджын лæджы уæхскыл æрæвæрдта.— Бавдæлæм, æмæ нæ хъаугъа хылмæ æргъæвын ма бауадзæм. Клавдя кæддæриддæр хиуыл хæцын кæй фæразы, уый Бабо хорз зоны æмæ йæм кæсгæйæ баззади. — Лæбурдтытæ æмæ загъд-заманатæй ордентæ нæй, Бабо мæ хур,— загъта та Клавдя æмæ лæджы бауыгъта.— Æви куыд æнхъæл дæ? — Куыд æнхъæл дæн, уый зоныс? — загъта Бабо.— Æз хистæртæй иуы дæр йæ Ахæрæты фæндагыл æнæ орденæй нæ ауадздзынæн! И? Гæнæн цы хъуыддагæн ис, уымæн дард æмгъ- уыдтæ кæнын Бабо нæ уарзы. Кæд ды æдылыдзурæгмæ хъусын зоныс, уæд ацы хатт мемæ сразы у. — Тынг хорз. Тынг хорз, Бабо! — загъта хъæрæй Клавдя æмæ Бабомæ йæ къух радта.— Демæ чи сразы уыдзæнис, уый фыццагдæр дæн æз. Æппынкъаддæр ссæдз, кæннод та дæс æмæ ссæдз азы банхъæлмæ кæсæнт... Бабо йæм цæхгæр фездæхти: — Иудадзыг хъазын дæр хорз нæу! Стæ, дæ хорзæхæй. — Не сбаддзæн нæ дзырд кæрæдзиуыл, Бабо, абон дæр, стæй райсом дæр,— загъта Клавдя, æмæ цыма уый тыххæй æрæнкъарди, афтæ йæ сæр æруагъта æмæ иуварс аздæхти. — Курын дæ, уыцы ныхас дæ дзыхæй макуал суадз: бирæтæ лæгыл цы æфсонæй ахудой, уый фыдæй цъæх арт уадзынц,— загъта Бабо, æмæ цыма ныртæккæ йæ зæгъинæгтæй фæстæдæрмæ ницуал ныууадздзæн, афтæ йæ мучъатæ æвзист ^взагджын ирон роны фæсагъта æмæ сæрыл уæлдæр схæцыд. Фæлæ, æз мæ ныхас нæма фæдæн, бахъæц-ма, зæгъгæ, Клавдя къухæй Бабойæн куы ацамыдта, уæд лæг, ай мæ кæрддзæмы бадын æппын куынæ уал фæразын, зæгъгæ, йæхиуыл æрхудти. Клавдя загъта: — Цæмæй æвзæр у мæ фæндиаг, уый ма мын зæгъ. Абон 27
дæс æмæ æртиссæдз азы кæуыл цæуы, уыцы хистæр дæс æмаа ссæдз азы фæстæ орден куы ’рсадза йæ риуыл, уæд ын’уыць! хорз дæ цæст цæуыннæ уарзы? — Мæ цæст нæ уарзы, зæгъыс?! — бадис кодта Бабо.—| Гъемæ, хорз. Фæлæ дæс æмæ ссæдз азы... Уадз, цæрой... Хæйрæджыты фæддзæгъдæн, ацы хатт дæр та мыл фæуæлахиз дæ. Хорз, æмæ нæ ныхас кæрæдзиуыл сбадти. — Кæннод? — Кæннод...— Бабойы хъæлæс фæныллæгдæр.— Кæннод адæмы чи нæ уал фембары, уыцы хицæутты цыма æндæртæй фæивынц. Ныронг афтæ уыдис æмæ мæнмæ гæсгæ уый æвзæр æгъдау нæу. Хицæутты æмæ сæрдарты адæм се ’хсæнæй равза- рынц, стæй сæм адæмы хъæр куы нал фæхъуысы, уæд та сын дуармæ бацамонынц, ома уæ ацы дуарыл æрбахуыдтам æмæ фæстæмæ дæр ацы дуарыл куы ахизиккат. — Æмæ цы кæны, Бабо,— æцæгхуызæй дзуры Клавдя.— Фæлæ цыма адæм ацы хатт мæнæн уыцы тæрхон нæ рахæсдзы- сты... ... Цы хорз у, лæг лæгæн йæ зæрдæйы уаг æмæ удыхъæд куы фæзоны, уæд... Домбæйттæ арæзт Бабо ныронг йæ ри/ы гуыдыры цы стыр ныфс хаста, уый йын сысын байдыдта. Афтæ кæны рæстæг. Нæ, Бабо. Зæронд лæг дæ, зæронд лæг! Æмæ рæстæгæн ды хъуамæ фылдæр аргъ кæнай. Æмæ ма уый дæр — гъа. Фæлæ ма мæ фыды хæлар дæр куы дæ, афтæмæй дæхицæн лæгъстæ куы агурыс. Хъæлæкк, хорз нæу, ахæм зонд, фæлæ иугæр скар- стон, уæд мын мæ сæрыл михты уæрдон куы сцыргъчындæуа, уæддæр къæрттæй цъула — нæй. Тъемæ, бар дæхи, Бабо. Æз тæргай дæн. Цымæ мæ хъыджы цæуын кæдмæ фæраздзынæ? Дæ цæдисæмгæрттæ иу къордæй ордентæ дæр ма куы райстой, иннæтæ де ’вастæй сæ Ахæрæтмæ куы афардæг сты, уæд дæхи кæдмæ ныббыцæу кодтай? Цалынмæ дæм нæ бауырдгуытæ дæн, уæдмæ дæ хабæрттæ мæнæн фæдзурыны бæсты бавдæлыс æмæ кæмдæриддæр, дæ риуы къæй тымбылкъухæй бахойгæйæ, æндæр ныхæстыл ахæцыс. Аив нæу. Стæй йæ сæрмæ нæ хæссын, уый- йеддæмæ дæхицæй цæмæн феппæлыс, уымæй дæ иуахæмы ба- фæрсин. Айфыццаг та æгас районы æмбырды куыд дзырдтай? Афтæ нæ загътай: «Мæрдты сæракдзабырты кафæн нæй, фæлæ мæ Барастыр, табу йæхицæн, куы бафæрса, уæлæуыл кæцытыл нымад уыдтæ, зæгъгæ, уæд ын мæ орденмæ ацамондзынæн?..» Бабо, фæзæронд дæ, фæзæронд. Хиппæлой дæр уымæн бас- гуыхтæ. Уымæн аззайыс хатгай кæдæмдæр дзæгъæлгастгæнгæ. 28
дфтæ куы нæ уаид, уæд мæм ацы фыстæг дæр не ’рбарвыстаис. Каесын æй: «Мæ хæлары фырт! У адæмæн уарзон. Хуыцау дæр дæ уæд уарздзæн. Мæ ингæнмæ мын зулцæстæй куы ныккæсай... Нæ, иæ. Уыцы æфхæрдæн æз нæ бафæраздзынæн. Уымæ гæсгæ... Дæ хорзæхæй, мæ курдиатыл дæхи ма атигъ кæн. Дæ масты фæндагыл мауал цу. Рухс дзæнæты бадæд нырæй фæстæмæ дæр дæ фыд — мæ иузæрдион хæлар. Фæнды мæ йæ цурмæ сыгъдæг цæсгомимæ бацæуын. Уырдыгæй мæм цы зæрдæ дары, уый æз базыдтон тæккæ æндæрæхсæв. Куыннæ дын æй радзу- рон, куыннæ... Дыууæизæрастæу дын нæ кæрты дуармæ къодахыл бадын зыбыты иунæгæй. Куыддæр мæхимæ хъусыныл фæдæн. Гъестæй фæкастæн, æмæ Даду мæ уæлхъус лæууы. Фыццаг мæм æнцад нымдзаст ис, стæй афтæ зæгъы: — Дис мыл ма бакæ, стæй цин дæр. Цæстмæхъус ныхас Бабомæ æмгæрон никуы уыдис. Уый зон, æмæ мæ хæлар йæ зæгъинаг иунæг мæ хъусты бацагъта. Уыцы тас, тыхст æмæ уырыд заман хъæутæ æмæ горæттæ бæз-бæз кодтой къæрныхтæй. Къахтой поездтæ, тæлæт кодтой бæхтæ, адæмæн сæхи скъæтты сæ фос æргæвстой. Узæлыдысты къæбиц- тыл... Уæвгæ, ныхас сæрæй ракæнын хъæуы. Дардмæ уыдта мæ хæлар, дæ фыд Дæдуйæ зæгъын. Нæ сых иннæ сыхтæй æгуыдзæгдæр цæмæн хъуамæ уа, зæгъгæ, иуза- ман йæ сæрыл уæлдæр схæцыд æмæ хæсты куы бацæуид. Афтæмæй дукани байгом кодта. Хуымæтæджы бузныг дзы уыдис Куианы сых. Згъордтой бонтæ. Æрбалæууыд змæстыты рæстæг. Мæнæ иу инæлар... Шкуро уыдис æви Кожа, уый куы сбырста, гъеуæд уæхи Брикка «бархи» æфсадæй йæхи райста цыдæр æфсонæй. Цыппурсы хæдфæстæ уыдис, æнхъæлдæн. Ирд, уазал æхсæв. Дыккаг кæркуасæнтæм бирæ нал хъуыдис, афтæ Брик- ка æрбацæйцыд фалæсыхæй. Къæрных та дæ фыды дуканийы къуымты зылди æмæ зынаргъдæр дзаумæттæ голладжы æфсæрста. Халвайы асыччы бын æхца дæр ссардта. Цас æхца — стдæс сомы, фæлæ уæддæр æхца. Уалынмæ... Цырыхъхъыты хъист-хъист. Чи уа? Брикка йеддæмæ ацы зылды цырыхъхъытæ кæуыл ис!.. Æнæ хæцæнгарзæй кæртмæ дæр нæ хизы. Нæ баца- Уæрддзæн ахæм сахат лæгыл. Къæрныхы зæрдæ риуы къултыл йæхи бахоста. Ахъаззаг нылгъыста. Голлаг къуыммæ ныззыв- Вь1тт ласта. Йæ уд Хуыцауыл афæдзæхста æмæ йæ фæд-фæд — лцдзгæ. Уæ бакомкоммæ Бодзиаты кауæн йæ ныллæджы сæрты куыд асæррæтт ласта, уый Брикка ауыдта, æмæ хæрзаг æмбæлæг
нæу, зæгъгæ, йæ цыдмæ бафтыдта, австриаг топп уæхскæй æри| ста, афтæмæй. Æхсгæ? Нæ. Цы гæкæг у, уый Хуыцау йеддæма! чи зоны. Гъе, æрмæст хæрзгæнæг ацафон кауы сæрты нæ багæпп кæндзæн. Æрызгъордта. Мæйрухсмæ лæджы фæд дзæбæх бæрæн дары. Фæкаст иннæрдæм: дуканийы дуары фæрсчытæй иу нал| Фæхъæр кодта: «Мæнæ, гъе! Æтт, мæ хæсгæтæ!.. Дард наа фæцæудзынæ! » Бахоста рудзынг. I — Кæм дæ, хæдзар?! Фæхæссынц дæ. ] Мидæгæй райхъуыст: | — Цы фæхæссынц? Куыд фæхæссынц? Чи дæ? ] — Брикка дæн. Дæ духан дын фæхæссынц! Разгъордта мæ хæлар Даду æд фондзæхстон. Дуканийы; дуармæ фæкаст. | — Ардæм! Мæ фæдыл! — æрбахъæр æм кодта Брикка Бо-1 дзиаты кæртæй. Æфсымæртæ топпæргъæвдæй атындзыдтой’ хуыснæджы Æрфæныфæдау бæрæг фæдыл. Уайтагъд цæхæра- дæттæ фæсте аззадысты, фæд уæлæрдæм, уæлæрдæм, фаджыс- калæнырдæм ахаста. Æфсæнвæндаджы æмбуар гæрзæй-гæрзмæ къанау уæлмæрдты ракомкоммæ кæм схæццæ вæййы, уым Даду сагъдауæй лæугæ куы аззаид. Иу хатт ма дзабырты фæдмæ æркасти, стæй Бриккамæ адзырдта: — Лæппу! Æрбайхъус-ма. Раздæх. Брикка лæугæ æркодта, фæлæ йæм раздæхынвæнд нæ уыдис. Стæй йыл,— æз дæумæ дзурын! — зæгъгæ, хистæр куы фæхъæр кодта, уæд ын цыма исчи йæ тыл æркъуырдта: сæргуыбырæй йæ цурмæ æрбацыд. — Æз æмæ ды бавдæлæм, æмæ,— сабырæй загъта Даду.— Лæг марынæн æфсон хъæуы. Стæй зын у. Æвзæргæнæджы ацы хатт ауадзæм. Йæхи æвыдæй нæ ратдзæн. Нæ къухæй цæй ды- мæгыл фесæфтис, зæгъгæ, нæ адæм куы фæрсой, уæд сын цы дзуапп ратдзыстæм? Чишмишты джиранка, дыууæ дзылары æмæ цалдæр цæфхады тыххæй?.. Дыууæ ’фсымæры раздæхтысты. Сыхæгтæй искæйтьг æвдисæн райхъал кæной, уый сæ нæ бафæндыд. Искæмæ, бадзурын сæ зæрды куы уыдаид, уæд фыццагдæр — Бо-| дзимæ. Æмæ уый йæ хæдзары нæ разындаид; ногуард ми-] тыл уый дзабырты фæдтæ уыдысты. Бодзийы фæсмынхъу-! стæн сæ дæргъæй, сæ уæрхæй чысыл хъауджыдæр йеддæмæ] нæ уыд. ; Хуыцауы сконд лæг, зæгъгæ, дæ фыды хуызæттæй дзыр- | дæуы. Ныр дæр йæ маст йе стдæс сомы æмæ чишмишты джи- ранкайыл нæ уыдис. Йæ сыхаджы къух æм кæй батасыд, зын. 30
,сМ уый касти. Фыдæй фыртмæ цæхх, кæрдзын куы хæрынц ^умае. Цæсгом та ма дзы иу куы у... Дыккаг бон, райсомраджы дæ фыд, фыййагæй миттæ мæрзгæ уьшгмæ рахызт. Бодзи йæ хъахъхъæдта сæ ныллæджытæ хæдза- ры гыццыл рудзынгæй, стæй узгæ-узгæ цалдæр зылды сæ кæрты Къуымты æркодта. Скъæтмæ йæ бур бæхмæ бакасти. Уырдыгæй раздæхт æмæ, тæссонд каудуарыл йæ гуыры æмбæрц банцой кæнгæйæ, уынджы сæрты æрбадзырдта: — Дæ райсом хорз, Дадулыкки. — Хорз райсомтæ дыл кæнæд, Бодзи,— дзуапп ын радта Даду- — Хорз зымæгон бон та скæндзæн, æвæццæгæн,— загъта та Бодзи. — Алы бон дæр куыд вæййы, афтæ: кæмæн — хæрзтæ æрхæсдзæн, кæмæн — маст,— загъта Даду.— Æвдæлдзæн дæ? Ног хабар дын фехъусын кæнон. — Гъы, гъы, дæ хорзæхæй,— фæрæвдз и Бодзи æмæ кауду- ар, цыма хъæмпæй быд у, афтæ йæ рогæн иуварс ассыдта. Даду йын сæрæй дуканийы дуармæ ацамыдта: — Кæс-ма. Фæлæ йæ къухы ницы бафтыдис. Бодзийы бур æрфгуытæ фæхъуынджындæр сты, йæ рихи- тыл та йæ дынджыр арм æруагъта. Загъта: — Хуыцау кæмæн нæй! Ныр ууыл фæхæст у æмæ йæ ацы къулмæ балвас. Кæннод цы къалацитæ рахаста, уыдоны хал ын йе ’фцæгыл æрцауындз æмæ йæ хъæууынгты æрзилын кæп. Цъаммар! — ату кодта. — Нæ фæлæ, Бодзи... Тобæ зæгъæг дын куыд ничи фæуа, афтæмæй уыцы æдзæсгомы куыд ралгъитис? Бодзи фæтæрсæгау кодта. Æлгъитгæ, дам, цæуыннæ, фæлæ, зæгъы, ме ’лгъыст галиумæ цæуы. Зыгъуыммæ. Дадуйæн йæ мидбылхудт бауромын йæ бон нæ баци æмæ иннæрдæм азылд. Иузаман та йе ’ргом Бодзимæ радта æмæ, цыма цард йæ чъыл- лым кæмæ раздæхта, уыцы ’лгъыст лæгимæ ныхас кæны, афтæ уынгæг хъæлæсæй загъта: — Тæригъæд сты. Бауырнæд дæ, Бодзи. Хи фæллоймæ чи не ’нхъæлмæ кæсы, уый мæгуыр у. Хуыцау, дæу ардыстæн, маегуыр! Æмæ уымæн Хуыцау, æвæццæгæн , тæрхонгæнæг Уь1дзæн. Мах та цом, æмæ... Дæу руаджы кæд æз дæр иу хъарм арахъхъ бануазин. Знон Прохладнæйæ Хъаллæйæ дыууæ фæрæты сластон. Зонгæ лæджы куырдадзæй. Иу дзы дæуæн даевар кæнын. Стæй дæ саргъ та цæуыннæ ахæссыс? Бампъыз- т°н æй. Цом, цом. Райсомæй зивæггæнаг йæхæдæг йæхи сайы... 31
...Дæ фыд мын уыцы хабар куы рафæзмыдта, уæд арф ныу| улæфыд æмæ ма афтæ зæгъь: «Мулчы монцмæ дæр æмæ суан| æфхæрдæн дзуаппы охыл дæр сыхаджы фыдæхы бацæуæг лæ| худ хæссыны аккаг нæу». Ацы мæнг дуне мæнгард у, куы фæзæгъæм, уæд чидæртæ арвмæ ацамонынц, ома уый цыта кæрды де ’взаг, зæгъгæ. Ома Хуыцауæн амонын ницы хъæуы] Хуыцау дуне куы фæлдыста, уæд мах нæ бафарста. Фæлæ Хуы! цау мæн дæ фыды хуызæн адæмы уарзон лæгимæ цæрын кæи нæ бауагъта, уый тыххæй æз Хуыцаумæ зулцæстæй ракастæн! Дæ дукани дын чи фæкъахта, уыцы къæрныхы дæ хæдзармаа бахон, хæрд, нозт ын æрæвæр, стæй ма йын фæрæт дæр балæ-1 вар кæн! Æндæрæбон мын фыны цытæ ныффæдзæхста, уыдон та? Рухсаг уа? Мæ фæсонæрхæджы дæр никуы æрцыдаиккой. Ку- рын, дам, дæ æмæ мæм сыгъдæг цæсгомимæ равдис дæхи. Мæ! чызг, дам, де уазæг. Барвæндæй йын йæ зæрдæхудт ма райс, Хорз, æмæ фехъал дæн. Фехъал дæн, æмæ чызгимæ ацы фыстæг! кæронмæ ахæццæ кодтам. Уæдмæ, бонæрбарухсмæ хуыссæн-| уат нæ бацагуырдтон. Дæ фыды хатыр, алцы дæр мын бакæн. ! Дæ фыды хæлар Къуылых Бабо». Хуыцауы сконд æмæ, дам, диссаджы зæрдæйы хицау уыдис дæ фыд. Бæгуыдæр! Уый мæхæдæг дæр хъуыды кæнын. Никуы мæ ферох уыдзæн иу хабар. Газе (Хъазыбег) Дадуйы хистæр æфсымæр Забейы фырт уыдис. Æвзыгъд лæппуйы æвджид иу бон Даду йæ фосы дзуг куы ныууадзид. Ноджы ма хъæдрæбын,, комы дымæджы. Стыр сихæртты фос бæлæсты бынтæм ривæдмæ сæхи куыд байстой, афтæ Газейыл æрбамбæлдысты дæлæсыхаг, къуыдипп цуанæттæ, æртæйæ... Сæ иу хи хъæуккаг нæ уыд. Горæтаг, дам, у. Астемыр æй хуыдтой. Æнахуыр хъæлдзæг. I Уайтагъд худæджы ныхæстыл схæцыд. Газейы йæ цæстытæ фæсагъта. Стæй бердайнаг топп лæппумæ бадаргъ кодта, дзу- ’ ры йæм: — Айс. Айс æмæ афæлвар. Цыппæрдæсаздзыд Газе йын хъазын æнхъæл уыдис æмæ змæлгæ дæр нæ фæкодта йæ бынатæй. — Уæлæ, гъе,— ацамыдта йын Астемыр кæрдобæласы сæрыл иу хæлиудзых зæронд чъегъамæ. Газе йæ лæдзæг иуварс фехста æмæ хъыримагмæ йæ къух бадаргъ кодта. Маргъ йæ иу базыр хæрдмæ куыд систа, йæ сисрæбын, æвæццæгæн, йæ бырынкъæй асхъауын уыди, афтæ гæрах райхъуысти æмæ амæддаг къалиуæй къалиумæ сæрби- хъуырæйттæгæнгæ зæхмæ æрхауд. Горæтаг йæ къухтæ кæрæдзи- 32
уьтл ныццавта æмæ сывæллонау хæрдмæ йæхи фехста. Рæвдз- рæВдз Газемæ бауади. Йæ хъæбысы йæ ныккодта. Стæй йæ дзыппæй гилдз фелвæста: — Уый та нæмыгæй ифтыгъд у. Хуымарæн. Суадоны был дур уыныс? Газе йæ мидбылты’ бахудти. Къæмдзæстыг хъæлæсæй загъ- та: — Уынын, фæлæ... Æвгъау у. Чидæр æй раджы, тынг раджы æрхаста уырдæм. Амайгæ та, дам, æй мæ фыды ’фсымæр Гуыба скодта, фæлæ, кæд дæу тынг фæнды, уæд... Уый адыл райста гилдз. Сабыргай сифтыгъта иуæхстон. Ныхъхъавыд бадæн дурмæ æмæ... Йæ рыг скалди, дзæбæх къæртт дзы фæтахти. Уыцы цыбыр рæстæг дæргъæлвæс, саулагъз уазæг лæппуйæ цыппæрдæсаздзыд, тымбылдзæсгом, цæхæрцæст Газейæ чи кæй фылдæр бауарзта, уый зын зæгъæн уыд. Уæдмæ йе ’мбæлттæ комы фæаууон сты. Астемырмæ та Газейы къухтæй хъыримаг райсынзонд нæма уыдис: лæппуйы уындæй æфсис нал зыдта. Дзуг та сæ рох æрбаци... ...Нæ цуанæттæ изæрмилты æрзындысты хъæдрæбынæй. Сæ разæй згъоргæмхæццæ уади Газе. Æмæ кæд лæппутыл Æфса- тийы арфæ сæмбæлди — æрхастой дыууæ хъомыл рувасы, æртæ тæрхъусы æмæ хызыны дзаг та бæлæстæ. Сæгуыт дæр сыл æрбамбæлди, фæлæ Газе Астемыры къухтæй хæцæнгарз рас- къæфта: — Нæ, нæ! Æхсгæ — нæ! Уыцы сæгуыт у уый. Æндæраз Пыхсджын комы уис кодтам. Кæсын æмæ мæ цурты кæйдæр байраг æруайы æмæ дын мах байрагмæ куы фездæхид. Алæу- уыд. Махоны мукъутæм басмыста, стæй раздæхт æмæ нæ бай- раджы мады дæйыныл куы сбæндæн уаид. Æз æнцадгай Да- думæ бахъуызыдтæн æмæ йын кæйдæр байрагмæ ацамыдтон. Уый фæджих. Стæй йæ сæр батылдта æмæ афтæ зæгъы: — Сæгуыт у уый. Мах хъæдыл æй Тутыртæй кæцыдæр ныф- фæдзæхста. Хъыгдарæн ын нæй, ницы хуызы... Фæлæ цалынмæ Уыдон цуан кодтой, уæдмæ Газейы бæрны фосы та... — Махæн у Газеимæ цæугæ. Сæхимæ,— загъта уыцы æнкъардæй горæтаг уазæг. Цуанæттæ Дадуйы уæлхъус сæргуыбыр æнкъардæй балæу- Уьгдысты. Рахабар ын кодтой, куыд уыди, цы уыди. Стæй ха- тьгртæ курыныл схæцыдысты. Лæгъстæ йын кæнынц, лæппуйы ма бафхæр, зæгъгæ. Уæд сыл Даду йæ къухтæ куы стилид: — Цытæ дзурут? Кæуылты ныхæстæ кæнут, уæ хорзæхæй? Махдуг№ 3, 1999 33
Лæджы хуызæн лæг фосы зианыл хъуамæ хъыг кæна?.. Бирæ- гъы хай уыдысты æмæ йæ амæддаг фесты. Газе та... — Мæн аххос у. Æз æй фæрæдийын кодтон,— фæкодта Астемыр æмæ йæ армытъæпæн йæ риуыл авæрдта.— Мæ хатыр ын... — Хорз, хорз,— загъта Даду.— Лæппу арæх рæдийы. Фæлæ иу рæдыд дыууæ хатты хъуамæ ма кæна. Газейыл ныр ахæм рæдыд нал æрцæудзæн. Æз æй зонын. Ныр та бавдæлут, æмæ... Мидæмæ. Сывæллæтты мады фенут. 0, о. Кæннод нæ лæппуйы ног лымæн... нæ горæтаг уазæг цы фенхъæл уыдзæн?.. ...Нæ фембæлдмæ Бабойы бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъ- уыд: Афæдзæй-афæдзмæ мын фæллад суадзынæн цы мæй æмбæлы, уымæй цалдæр боны раскъуыдтон. «Бон хорз, Бабо». «Хорзæй цæр æмæ амондджын у, мæ хур». Цинты фæстæ Бабо йæ армытъæпæн сабыргай ме уæхс- кыл æрæвæрдта æмæ афтæ зæгъы: — Уый зон, мæ хæлары фырт, æмæ хатыр кæнын хорз у. Уымæ йæ ныфс цы лæг нæ хæссы, уый мæгуыр у. Уæллæгъи, мæгуыр... Бацамыдта мын Бабо сæ кæрты, сæ зæронд æнгузы бын йæхи арæзт бандонмæ. Æз ныртæккæ уыдзынæн, зæгъгæ, са- райы бын ныллæг хæдзармæ йæхи байста. Бадын иунæгæй. Мæ зæрдыл цы æрбалæууыд æнæнхъæлæджы, Бабо... Рух- саг уæд Къæлæу. Дæлæ Милдзыхты Къæлæуæй зæгъын. Чифæн- ды цыфæнды куы дзура, уæддæр Къæлæуæй æнæрхъуыдыйæ никуы ницы ирвæзти. Къæлæу йæ Ахæрæты фæндагыл æнæзæрдæхсайгæйæ кæй ацыд, уый ды, Бабо, хъусгæ æркодта- ис. Æз та йæ ацы дыууæ цæстæй уынгæ дæр ма фæкодтон. Уыцы сæрд, сусæны мæй, сымах уæртæ нæхи Бимболатимæ... Мах æй Баба куы хонæм. Бабаимæ сымах Хъæрмæдонмæ ацы- дыстут. Уо-олæ, Тменыхъæуы æдде, цъитирæбынмæ. Бабайæн йæ астæухъæд бынтондæр размæ атасыд, афтæмæй дæргъæй- дæргъмæ лæг хамутыхъæдау ныззылын. Суанг ма дзы хъæрзын дæр райдыдта. Дæу та дæ фынты дæлимонтæй кæцыдæр йæ уæлныхты куы систа, æмæ йын йæ уайдзæфтæм хъусын нал фæрæзтай: «Цæй æгуыдзæг дæ! Кæдмæ лæджы фыдæй чиу- дзынæ? Ацу æмæ дæхицæн Хъæрмæдоны хос скæн...» Гъемæ уын Хъæрмæдон уæ кусаг уæнгты цас туг æмæ хъарутæ ба- уагъта, уый уæхи уыдис. Гъе, æрмæст уæм уый фæстæ дæр мах кастыстæм, æмæ Бабайы астæухъæд бынтондæр æркъæлæт. Дæуæн та дæ къуылых къах кæд иннæмæй цыбырдæр æмæ лыстæгдæр уыдис, уæддæр æй уæззаудæрæн хæссын райдыд- 34
| та11 Цы гæнæн ис, лæгæн йæ хъысмæт йæ ныхыл фыст у. Гъемæ, | сымах уыцы сæрд, сусæны мæй Бабаимæ уæхицæн хостæ куы к0дтат, уæд иу бон Къæлæу та йæ галуæрдоны хъæууынгты зылди...» Бабо æмæ йæ кæстæр чызг Венерæ цалынмæ мидæгæй фи- зонæг кодтой, уæдмæ мæ цæстыты раз æрбалæууыд Къæлæу йæ галуæрдоны. Цæмæн, зæгъгæ, уæд уый тыххæй нæ, æмæ дæлæ бонхæрæны сынæр цы цъæх гал цæгъды, уымæй Бабо йæхицæн цæрдудæй хæрнæг скæна. Бауырнæд уæ, нæ. Уымæн хыæ Бабойæн амонын нæ хъæуы. Стæй йæ галæй куывд кæна, йæхицæн æй фæлдиса — бар æй ис. Фæлæ та, Къæлæу, ды уæддæр мæ цæстыты раз æрбалæууыдтæ. Чифæнды дæр мæ куы бафæрсид Къæлæуы хабарæй, уæд ын æй диссагæн радзу- рин, уымæн æмæ æнæдиссаг нæу. Къæлæу зæронд уыдис, фæлæ йæхимæ дæр ууыл басæтты- ны зонд цæмæй æрцыдаид, уыйбæрц зæронд нæма уыд. Цыбыр дзырдæй, иу бон Къæлæу йæ цоты мадмæ куы фæдзурид. Йæ цуры йæ æрбадын кодта æмæ, дæлæты-уæлæты нæ, фæлæ йын цыбырæй загъта: — Сæ мад, арахъхъ рауадзын та дæ куы бахъуыди. Богазон армытъæпæнæй стъол æрхоста: — Уымæй мæ цыма нæ фæтæрсын кæндзынæ. Марадз-ма, марадз, цалдæр голладжы ма урс нартхоры ссад сарайы æрæвæр! Æнæгæды ма зæгъ, Бындзи (афтæ йæ хуыдта Богазон), мæ арахъхъы раз искуы искæйы арахъмæ сцыбæл дæ? Къæлæу æм уырдыгмæ æркасти æмæ зына-нæзына мидбыл- ты бахудт: — Нæхи арахъхъ куы фæнуазын, уæд мæ искæйы арахъхъы ад ферох вæййы. Уый фыццаджыдæр. Дыккагæй та, хор æрба- ласинаг мæнæн никуы ис. — Гъы, гъы...— Рамæсты Богазон, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд.— Æмæ дæ цымæ уыцы æхсызгон нозт цæмæн бахъ- уыдис? Чындз хæссиккам, æмæ ме ’вастæй?.. Дыууæ голладжы йеддæмæ нæм нартхор куынæ ис. — Уый курæг дæр ма дæ дæн, сæ мад: æнæхъуаджы фаерстытæ мæ ма кæн. Хатгай мæ афтæ куы баййарыс, уæд фыдфынтæ фæуынын... — Мæ хæдзар бахорз,— фæрæвдз и Богазон.— Уæд дын А^снымæ ацæуон. Чиныг дын скæнон. — Цы, цы? Кой дæр нæ! — ратыхсти Къæлæу.— Цалынмæ Аын æз æгас дæн, уæдмæ «нæйæ» ма тæрс. Æниу, дæ фондз фырты... Байхъус мæм. Кæннод дын куынал уон, уæд дæ хъар- 35
æджы кæндзынæ: «Мæ бон куыд ныккалди. Йæ зæрдæхудть] цæмæн бацыдтæн? Мæхи барвæндæй фæсмойнаг цæмæн фæкод-1 тон?..» 1 Къæлæуы ныхæстæм Богазоны зæрдæ куыннæ бауынгæн уыдаид, æмæ уайтагъд йæ фындзы базыртæ скатайаг сты. Йаэ мæллæг уадултыл цалдæр цæссыджы æртылд æмæ саа зивæггæнгæ йæ раздарæнæй æрсæрфта. ...Рацыди къуыри, чи зоны, чысыл фылдæр. Бабадтис йаа галуæрдоны Къæлæу. Йæ фарсмæ фондзагуиануат тулдз боц-| къайы дзаг фæрсыгъд арахъхъ, чыргъæды дзагхъуаг бур-бурид] кæрдзынтæ, сыхырнайы — хъæдындзтæ, басцымæн къусы —: цæхх. Афтæмæй сусæнымæйы бонтæй иуы, фæсаходæнты Къæлæуы галуæрдон ратылди се стыр кæртæй. Богазон нырма æндæрæбон базыдта бæлвырд хабар, æмæ хуымæтæджы мæсты уыдис. Æрдæбон æм æддозæй уымæн æрбадзырдта: — Хуыцау дын куы уаид, уæд дын дæсны схос кодтаид æмæ абон Хуыцауы æваст митæ дæ сæрмæ нæ хæссис, хъæуæн дæхицæй хъазæнхъул нæ аразис. Цы номæй дæм дзурдзысты адæм абонæй фæстæмæ? Æви дын «Бындзи» æгъгъæд нæу?..— Къæлæу йæхимæ йæ цæст æрныкъуылдта, сыхырнайæ систа, цайцымæн æмæ æрдæг кæм цæуы, уыцы сырхахуырст къручкæ. Арахъхъ дзы рауагъта. Цыбырæлвыд рихийыл иуырдæм, стæй иннæрдæм амонæн æнгуылдз æруагъта, стæй та йæ цæст йæхимæ æрныкъуылдта æмæ цасдæр арвмæ кæсгæйæ аззади. Загъта: — 0, не сфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцау. А-Богазонимæ фидаудзыстæм. Уый æнцон у. Нæ сæртæ та иу базыл æвæрд куыддæр баййафой, афтæ та нæхæдæг нæхи стæм. Æрмæст мæм ды зулцæстæй ма ракæс. Де ’вастæй мæ къух куы никуы ницæмæ батасыд. Нæ. Уыцы ’лгъысты хъуыддаг мæ удæгасæй æз мæхимæ æввахс не ’рбауадздзынæн. И, сæ мад? Фыццаг мæхæдæг нуа- зын мæ рухсаг. «Рухсаг» зæгъ, сæ мад. Зынг зæгъынæй ком нæ судзы,— арвмæ кæсгæйæ, анызта. Цæст та æрныкъуылдта æмæ загъта: — Ныр та мын фæндараст зæгъ, Богазон. Загътай мын фæндараст? Иу каст ма фæкодта Къæлæу йе ’фсинмæ æмæ уæныджы рагъ æхсæруисæй æрдаудта: — Анцай, Кучук. Галуæрдон фенкъуысыд. Богазон йæ фæдыл фæкасти, ца- лынмæ уæрдон Карсанты дуармæ æрурæдта, уæдмæ. Уæртæ, гъе — Къæбли. Мидæггаг хæдоны кæрты алы- къуымты кæрдæг фæлдахы. 36
— Къæбли! Æз дæ куы уынын, уæд мæ ды цæмæ гæсгæ нæ уыныс? Дæ райсом хорз,— бадзырдта йæм Къæлæу. —- Къæлæу куы дæ, Къæлæу! Хорз райсомтæ дыл кæнæд. Мидæмæ! Рахиз мидæмæ. — Нæ фæлæ ма мæм дæхæдæг ракæс, мæ хур Къæбли,— загъта Къæлæу.— Æцæг, бæгъæмцонг, бæгъæмзæнгæй нæ. Цыдæр хабар ис, зæгъгæ, Къæбли, уайтагъд йæхи æфснайгæ рауади. — Ныр мæнæ айс,— загъта Къæлæу.— Иунæг сидт. «Рух- саг» зæгъ... Къæбли фæтарсти: — Рухсаг? Кæй рухсаг? Цафоны рухсаг? Къæлæу йæхи фæхъуыддагхуыз кодта: — Рухсаг — Къæлæуæн. Мæнæн. 0. 0. Æмæ ануаз. Мауал джихтæ кæн. Мæн ныхæстæм не ’вдæлы. Боцкъа равдæлон хъæуы. Цæй, цæй! — Гъемæ, кæд «о», уæд «о»,— æвæндонæй сыхъуыст Къæблийæ.— Нуазгæ бакæндзынæн, фæлæ... — Æрбайхъус-ма, Къæбли,— загъта Къæлæу æмæ æхсæр- уис уæныджы рагъыл æрæвæрдта.— Ныр æз уæ алкæмæн алцы бæлвырдтæ дзурыныл куы схæцон, уæд мæ балц кæронмæ кæд фæхæццæ уыдзæнис?.. Мæнмæ та ме ’фсин изæры æнхъæлмæ кæсы. Мæхæдæг дæ куыд фехъусон, афтæ мын «рухсаг» зæгъ, æндæр дæ ницы домын. Къæбли иуварс фæзылди æмæ йæхимæ сдзырдта: — Лæгыл цыдæр æрцыд,— стæй иу санчъех фæстæмæ ра- кодта æмæ Къæлæуы фæрсы: — Дæ Хуыцауы хатыр бакæ, Къæлæу. Мацæмæ йæ бамбар. Дæ цæстытæм дын кæсын, æмæ... Æхсæв фыдфынтæ нæ фæуыныс? Къæлæу йæ сыхаджы сæрæй къæхтæм æрбарста: — Гъæй, лæппу! Æз фыдфынтæ уынын канд æхсæв нæ, фæлæ боныгон дæр, мæнæ дæу хуызæн дзæгъæлдзыхты! Уæхи сæртæй хъуыды кæнын кæй нæ фæразут!.. Цы ма уа уымæй фыдфындæр? Æви кæд ды афтæ æнхъæл дæ, æмæ мын мæ фондз фырты бæзджын хæрнæг куы нæ скæной, ууыл у мæ сагъæс? Нæ, мæ хур, нæ. Стæй хъуамæ уый дæр зонай, æмæ ^з уырдæм кæй нæ тагъд кæнын. Ахæрæтмæ фæндаг мæнмæ бапхъæлмæ кæсдзæн. Йæ хидтæ, дам, кæмдæр ныккалдысты. Стæй уал нæ кæстæр лæппуйæн бинонтæ ’рхæссæм. Стæй та Уьщæн йæ фæндзæм фырт скъоламæ цы фæззæг ацæудзæн, раст уыцы фæззæгмæ у ме ’мгъуыд. Ныр та Къæлæуæн — РУхсаг... 37
Афтæ райдыдта Къæлæуы хист хæсты хæдфæстæ, хор- хъуаг, мæгуыр азæн йæ сусæнымæйы тæвд бонтæй иуы. Ныр Бабо Къæлæуы бафæзма, ома, бонхæрæны сынæр цы цъæх гал цæгъды, уымæй йæхицæн хæрнæг скæна, æз уый нæ зæгъын. Кой дæр нæ: Бабо йæхæдæг дæсны лæг у. Куывдæн æй рауæлдай кæн, зæгъгæ, дæр ын цæмæн зæгъон, кæд йæ хицау- мæ исты хорз фæнд ис, уæд та...» Уæртæ, гъе, Бабо чиугæ æрбацæуы. 'Йæ галиу къухы графин, рахизы — агуывзæтæ. Йæ фæдыл — йæ чызг Венерæ. Сæрыстыры худт кæны цæстытæй. Æмбæлы: ахæм чъиритæ акодта! Цыма сæ дардæй искæмæ æвди- сы, афтæ сæ бæрзондгомау систа. Стæй тæбæгъ стъолыл авæрд- та, йæхæдæг цъилау фæзылди æмæ уæртæ сиргæ-кафгæ фæстæмæ, сæрдыгон хæдзармæ, фæуайы. Уайтагъд фездæхти тебæимæ. Физонæджы адджын тæф уæлдæфы сфæйлауæнтæ кодта. Тебæ чъириты дæле авæрдта Венерæ, æмæ та ногæй — мидæмæ. Ацы хатт та халсартимæ фездæхти. Фынгæй графин фелвæста æмæ, æз цалынмæ стъолы иннæ фарсмæ хызтæн, уæдмæ æртæ агуывзæйы рæсуг нозтæй айдзаг кодта, æмæ та, æнæ исты зæгъгæйæ, дæлæ фæуайы. Бабо агуывзæ систа. Хуы- цауы ном ссардта. Стæй цыма æрдæбонсарæй цæуыл хъуыды кодтон, уый бамбæрста, афтæ цъæх галмæ сæрæй ацамыдта, бахудти: — Уыцы гал Къæлæуы кæрты куы уаид, уæд дзы, хæрзаг, йæхицæн дыккаг хист скæнид. И? Æз та йæ куывдæн хæссын. Æмæ уæдæ? Фынддæс æмæ æртиссæдз азæй дæс æмæ дыууис- сæдзы «а» æмæ «о»-йæ арвыстам Бзаронимæ. Куыд зæгъдзынæ? Уыдон дæс æмæ дыууиссæдз картофы губаччы не сты. Азтæ, азтæ. Æмæ а-фæззæджы — хъæугуывд. Абон та... Ныр та уал æз дзуапп дæттын мæ хæлары фырты курдиатæн. Нал цæуын дæ хъыджы. И? Хæрзаг дæм дæ зæрдæ дзуры: «Мæ фыд æй хорз куы стæрсынтæ кодта». Æмæ кæд ды афтæ ’нхъæл дæ, уæд афтæ дæр фæуæд. Æмæ Бабо дзуры, æз æм хъусын. Æз хъусын, Бабо дзуры... «Амонын дын нæ хъæуы, уæддæр дын æй зæгъын. Зонд- джын зондджын уымæн у, æмæ зондамонæгмæ хъусын зоны. 0, фæлæ дын æз пехуымпар нæ басгуыхдзынæн. Æмæ кæд уый æцæг у, уæддæр мæм байхъус. Æнæнхъæлæджы мæм мæ куысты уæлхъус быдыры куы ’рбалæууыдтæ, уæд кастæ? Мæхиимæ куыд хъуырдухæн код- тон! Уыцы сахат мæм мæ зæрдæ сдзырдта: «Гъе, гъе, а-лæппу, дæ рæстæг æрцыд. Дæ хæлар Дадуйы фырт дыл адæмы ахудын кæнынвæнд скодта. Де ’нгæс дæхимæ дар». Цæмæй лæгыл 38
цаДдæрæй, кæннод æгас дзыллæ дæр фæхуда, уымæн бирæтæ цæ хъæуы. Гъеныр, зæгъæм, мæнæ ды ныддæлæ-уæлæ кодтай, ^мæ дын абон æз цы радзурдзынæн, уыдонмæ къалиутæ æмæ къабузтæ бафтыдтай, ома, цы нæ загътон æмæ мæ фæсонæрхæ- д>кь1 дæр цы нæ ис, уыдæттæ мыл ныххуырстай. Уый уæм вæййы, æмæ цыфæнды тасаг ныхæстæ куы кæнат, уæддæр уыл нæ бау- уæнддзынæн. Бирæтыл уæ рихи нæй. Кърандасы фындзæй цы сныв кæнай, уый цыма сапонæй нæ, фæлæ фæныкдонæй дæр пал ссæудзæн...» Йæ улæфт уадзæгау фæлæууыд Бабо, стæй та тыннывæнд- æгау дарддæр кодта йæ ныхас: «...Хъуыдинæйæ зæгъын. Хъуыдинæ тынг хъуыдис мах, нæ мыггаджы. Хъуыдинæ нæй, зæгъгæ, уæд утæппæт бæллæхтæ махæн, æгас мыггагæн, чи бавзарын кодтаид?! Уый дæр дын зæгъдзынæн, æмæ ахæм чызджытæ Елхоты стыр уынгты ны- ронг æртæ дæр нæма ауади... Æртæ, загътон? Уæдæмæ лæг дзу- рын ахуыр куынæ уа... Нæма ауади Елхоты стыр уынгты Хъуы- динæйы хуызæн чызг. Иунæг дæр! Дæумæ гæсгæ æз рацардтæн, æви нæ рацардтæн? Рацардтæн. Уæллæгъи, рацардтæн! Æмæ куыд нæ ауадаин, куыд нæ федтаин æмæ фехъуыстаин. Æнæ дзургæ нæй, æмæ дын хъуамæ дæ цæстытыл Иры рæсугъды фæлгонцтæ æрбалæууын кæнон! Сомы дæр бакæндзынæн. Цæ- уыннæ. Мæхицæй. Гъе, æрмæст мæ мард ныртæккæйы æхцайæ цас ныккæндзæн?.. Куыд вæййы, цы вæййы, уыцы бонмæ, ома мæхи бонæй зæгъын, уæдмæ нæ лæппу хицауы бынат куы нæ бахъахъхъæна. Сиæхстæй дæр хайыр тæдздзæнис, нæ,— хæйрæг æй базонæд. Иннæмæй та... Хуыцау уый ма саккаг кæнæд, фæлæ ме ’вæрæн бон сабат æмæ хуыцаубонæй куы фæивгъуыйа, уæд бирæты «нæ равдæлдзæн». Фæстæдæр, уыдонмæ хъусгæйæ, афтæ фенхъæл уыдзынæ, цыма адæм уыцы бон æрцæуынц зи- анджынмæ нæ, фæлæ зианæн йæхимæ, йæ къух райсынмæ. Кад фæлгъаугæйæ нæу. Мæхи тыххæй нæ зæгъын. Тæфæрфæс ра- кæнын, рæстæг куы рацæуа, зиан йæ бынатыл куы сæмбæла, уаеддæр цыма махмæ аипп нæу. Ацы ныхасыл ма бадис кæн. Цæуыннæ, зæгъгæ, ахæм æфсæнттæй мæгуыр лæджы мард зы- наргъ не слæууы. Гъемæ мæ мард æхсæз минæй фылдæр кæд нæ сыстдзæн, уæддæр æй иннæ мæйноджы фен, кæд æз искæд искуы нæхи Хъуыдинæйы кондыл æмæ уындыл сылгоймаг фед- тон. Худгæ хур æмæ цæугæ дзылаты раз Хъуыдинæйы бакаст йæ заманы лæгæн — кар нæм нымады нæу — Хуыцауы зынаргъ ^æвар уыдис. Ныр та, æвзæр йæхицæй æмбисæндтæ хæссæд ^мæ хæссæд, æцæг хионы хорз дæр ма рох кæнæд. Æвзаг, дам, 39
кæрдаг у. Ууыл, цыма, дыккаг ничи зæгъдзæн. Фæлæ æз уый æнхъæл дæн, æмæ, цыма, Хъуыдинæйы конд æмæ уынд цы ’взаг скæрддзæн, уымæн Хуыцау йæ хицауы нæма райгуырын код-' та... Ацы сахат Мæхæмæт-пехуымпар мæ бæсты ам, дæ разы куы бадид æмæ дын Хъуыдинæйæ куы ’ппæлид, уæд фырцыбæлæй йæ былтæ асдæр-асдæр кæнид, йæ цæстытæ цæхæртæй æртти- виккой. Чи йæм-иу фæкомкоммæ и Хъуыдинæмæ, уымæй-иу æваст æрбайрох сты канд йæ маст, кæнæ йæ балц нæ, фæлæ ламаз дæр ма. Асæй — бæрзондгомау. Кондæй... Куыд дын æй бацамо- нон?.. Æмбисонд! Никæимæ йæ абардзынæн, уымæн æмæ йæ конд æмбисæндтæн се ’мбисонддæр уыдис. Цыма искæмæн кувгæ кæны, уый хуызæн йæ нарæг астæуыл дыууæрдæм ратас-батас кодта йæ нæрст гуыр. Йæ къæсхуыр, фæлæ цардхуыз уадултæ афтæ рæсугъд цы гыццыл фындзæй фидауынц, уый хæдбынмæ- иу йæ сырх былтæ худынæввонг куы базмæлыдысты, уæд-иу усгуртæ сæ хъаматы сæртæ ноджы тыхджындæр нылвæстой. Урс дæллагхъуыртыл курагахуыз разкъæрттыл уырдыгмæ, су- анг къахыфæтасæнтæм сæхи æруагътой цонджы стæвдæн сæнтсау дыууæ дзыккуйы. Махæй-иу алчидæр афтæ æнхъæл уыдис, цыма уыцы дыууæ дзыккуйы ныртæккæ искæуыл атыхс- дзысты, æмæ... Уый хуымæтæджы уацар нæ уыдаид, æвæдза. Къæлæт æрфгуытæ æхсæв дæр æмæ бон дæр хъахъхъæнынц зына-нæзына дæргъæлвæс æрвхуыз цæстыты. Се ’рттывдмæ чи фæкомкоммæ вæййы, уый цингæнгæ йæхи се ’вджид бакæны. Хъуыдинæйы бахудтмæ цæстытыл уадис хуссарварс бæрзæндтыл дидинджыты тæмæн, йæ зарынмæ хъусынæй чи зыдта æфсис! Йæ рудзынджы уæлхъус-иу куы рабадт Хъуыдинæ, уæд-иу цыма цæугæ дзылат зæд фестади: рæмбыныкъæдзтæ-иу тæрхæгмæ быцæуæвæрд скодта æмæ-иу цæстытæ дард, кæдæмдæр сæ каст скодтой, цыма сын сæ рухсмæ кæйдæр агуырдта. Йе ’взонгдзи- надæй хъал æмæ сæрыстыр сахъгуырдтæй-иу Хъуыдинæйыл йе ’нгæс кæмæн æрхæцыд, уымæн-иу йæ зæрдæйы цæхæр фыццаг пиллон артæй ссыгъди, стæй-иу æрмынæг, цавæрдæр тых-иу ын йæ фидар къабæзтæ æрбалвæста æмæ-иу йæ коммæ нал кастысты, цыма авдæны баст сывæллоны авналæнтæ æмæ аивазæнтæ сты. Йæ хъæлæс-иу зарæг нал амыдта. Кафгæ-ка- фын-иу йæ рог къæхтæ, раст цыма кæрæдзийы фыдæнæн, уыйау иуырдæм æмæ иннæрдæм тæссæрттæ кодтой. Нæ бецау ус- гуртæн-иу сæ сонт сæртæ бынтондæр разылдысты, Хъуыди- нæйы фæндырдзагъдмæ хъусгæйæ. 40
Уый дын зæгъдзынæн, æмæ Хъуыдинæйы минæвæрттæй æз 'еи# дзуаппæй никæйы никæд аздæхтаин, уымæн æмæ, ардыгæй дæумæ кæмæй фæзæгъæм, лæппутæй иу дæр уыдонæй нæ уыдис. уæддæр-иу нæ чызг йæхицæй ныббуц, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд мып тæригъæд ныхас уыдзæнис. Æнæуи та... зæрдæмæ рудзынг нæй. Æмæ дын Рамазаны куы саккаг кæнид... Заманхъуйлаг лæппуйы Æхсæрфарсы цæф уыдис уый нæ хъæуы усгуртæн, уæдæ цы! Фæлæ скъæфтæн йæ койæ дæр адæм æмризæджы рызтысты. Иннæмæй та — мыггаг стыр мыггаг. Дæхæдæг нæ зоныс: стæмтæй фæстæмæ уынгты тигътыл Сæлбитæ цæрынц. Гъемæ дæм дæ зæрдæ куыд дзуры? Уæллæгъи, зæгъгæ, дын зæгъын: чызг бабазар кæныны бар ма уыдис, зæгъгæ, уæд йæ курæджы ирæды охыл къаддæр уæддæр дæс азы æмгъуыдæй лæскъдзæрæг цæуын бахъуыдаид. Æмæ мах дæр Рамазаны минæвæрттæн загътам: «Ацы зæдæн уæхи æнхъæл нæ уыдыс- тут, стæй æлхæнгæ амонд фарсыл нæ хæцы. Хаир цард фæкæнут...» Уæвгæ нын æндæр гæнæн дæр нæ уыдис. Нæ чызджы циныл бацин кæнынмæ дзыллæ сæ къæхтыл слæууыдысты. Раздæр ыл чи дзырдта, уыдонæй йæ хъазты чи сæмбæлди, уыдонмæ, æз куыд æнхъæл уыдтæн, афтæмæй уыдис иу зонд: «Уадз, Хъуыдинæ ма иу хатт байхъуса мæ зардмæ, бакæса мæ кафтмæ. Чи зоны, иу бон æм фæсмон æрцæуа...» Уыцы сахатæй фæстæмæ мах, куыд вæййы, афтæ æнхъæлмæ кæсын райдыдтам каисты хуындмæ æмæ цардхæрæфырттæм. ...0, Хуыцау! Иуырдæм куыд зоныс, иннæрдæм дæр афтæ арæхсыс. Куыд дын æй радзурон... Дыккаг бон, райсомраджы хæдзарæй-хæдзармæ, стæй та сыхæй-сыхмæ фæдисы уацау айхъ- уыст æвирхъау хабар: — Ницы ’рыхъуыстат? Хъуыдинæ, дам, сæхимæ куы ис... — Макæ, стæ. Йæ мад йæ ингæны къултæ стондзæн... Кæд ь.1л чызгæй сайд æрцыди?.. — Цы?! Цы загътай?! Уæд ма махæй йæхиуыл чи хъуамæ баууæнда?! — дзырдтой чызджытæ. — Уый та дын нæ хъæуы фидауц. Хъуыдинæйы рæсугъд! Мыггаджы цæсгомыл бату кодта, уæллæгъи! Дысон æй йæ мой тÆргæбæхæй йæ фыды хæдзармæ хорз куы ’рхæццæ ласта... Æцæг лæппутæ афтæ кæнынц...— Уыцы ныхас та хистæртæ кодтой. — ...Марадз, цæй. Иры зылды иу усгур фæсвæд нал базза- Ли. Сæхи дæр ма саслам кодтой. Йæ бакастмæ сæ сæртæ, ду- рьщгæнæджы цалхызылд кодтой. Иыр нæм йæхи равдыста... 41
— Омæ... Уыцы хуызæнæй йæ фыды хæдзармæ йæ ныфа куыд бахаста. 1 — Дæуæн бар дæхи. Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз ус ная курын. Нал курын ус, æндæр ма дзы исты ис?!— Уый та дзырд^ той лæппу-фæсивæд. \ Уæвгæ та хабары æцæгдзинадæн кæд дæ цуры уартæ уыцы графин исты зыдта, уæд, койтæ чи радав-бадав кодта, уыдон дæр. Хъуыдинæ дуарæхгæдæй йæ уаты къуымы йæ цæссыгтæй йæхи ’хсадта. Схъуырдухæн-иу ис йæхиимæ: «...Сайгæ? Ницавæр дæлимон фæсайдзæн мæн! Нæ дæн æз хæйрæджджын!.. Нæ дæн рынчын. Ницы хъуаг дæн æз!.. Æмæ уæд ацы зынæн хъуамæ бафæразон... Ралыгъдтæн æмбисæхсæв... Бæгуыдæр ралыгъдтæн æмæ цы?.. Мачи мæ бафæрсæд. Ме ’фсымæртæ нæ, фæлæ мæм мæ Хуыцауы хай куы ’рхата, уæддæр мæ ницы фехъусдзæн. Æрмæст мæм мæ мад мæрдтæй ма рацæуæд. Рамазаны нæ фе- гад кæндзынæн. Фæлтау...» Уыцы судзаггаг сагъæстæ чызджы зæрдæ куы æууылдтой, уæд нæ мыггаджы фæсивæд та фæдисмæ æрбамбырд сты. Масты фæдыл ацæуынæй тæссаг уыдис æмæ сæ сæргъы мæхæдæг балæууыдтæн. Бонæрбарухсмæ сæрзилæджджыны ратæх-батæх фæкодта Рамазан, фæцагуырдта йæ. Къуым, къæраз нал ныууагъта. Æрбабон. Йæ кæстæр æфсымæр æмæ къухылхæцæг азылдыс- ты хъæуыл. Стæй се’ргом радтой Елхотмæ. Дыууæрдыгæй фæдисæттæ: мах — Заманхъулмæ, уыдон — Елхотмæ: «Чи куыдз, чи хæрæг, нæ чындзы нын нæ хæдзарæй чи рахаста?! Чи нæ хынджылæг кæны?!» Дыууæизæрастæу æрыздæхтыстæм хъæмæ. Мæхи ауагътон Хъуыдинæмæ: «Цы дыл æрцыди? Чи дæ бафхæрдта?..» «Мачи мæ мацæмæй фæрсæд»,— загъта æмæ мыл йæхи æрбаппæрста. Йæ тæригъæдæй мæ зæрдæ фæрчытæ куыд нæ фæхаудта. Кæд ын йæ курджытæй исчи йæ зæрдæйы уарзондзинады арт ссыгъ- та? Кæд ыл йæ зонд зыгъуыммæ разылдис. О, Хуыцау! Де ’вастæй нæу ацы маст дæр. Цымæ нын æй цæмæн бавзарын кодтай? Ахæм цау ма чи кæд федта, чи кæд фехъуыста?.. Сæ кæрæдзийы комытæф сæ фындзтыл дзæбæх нæма сæмбæлдис, афтæмæй... 0, Хуыцау, дæхæдæг ын куы саккаг кодтай йæ амонд, уæд ын уæнгæл цæмæн фестад?.. I ...Æз ныртæккæ. Ныртæккæ, мæ хуры цæст, зæгъгæ, нæ чызг йæ мойы уаты астæу фæуагъта. Рауади кæртмæ. Хосы мæкъуы- лæй æфсæйнаг сагой фелвæста æмæ... лидзгæ. Хъæугæрон йæхи абæгъæввад кодта: туфлитæ æмæ цъындатæ цыллæхызы атых- та. Хæрамæн дæр зын саккаг кæнæн уыдис Хъуыдинæйы уавæр." 42
ратымыгъ ласта Заманхъулы арыхъхъытыл, Кæрдзыны рæгътыл æМæ Æрджынарæджы уæрдонвæндагыл фатхъулмæ рыджы бæгьæввад, бæгъæмсарæй нæ чызджыты фидауц. Лидзы. Кæмæй? рамазанæй? Йæхæдæг æй куы равзæрста! О, йæхæдæг. Ныр та дзы лидзгæ кæны! Фæсæмбисæхсæвтæ. Цавæрдæр тых æй суры. Тæрсгæ? Йæ удæн та чи нæ тæрсы? Æххормаг бирæгъ ыл ма ’рбамбæлæд, уыййеддæмæ йын йæ фæндаг цы рувæстæ æмæ тæрхъустæ лыг кæнынц, уыдон уынгæ дæр нæ кæны. Йæ ныфс æфсæйнаг цыппаркъухыг сагой. Стæй масты цур тас цы у?! Æнахуыр диссаг: иу æмбæлæг ыл нæ фæци. Æрджынарæджы атагъатæ. Ацы уынгæг ран æхсæв нæ — боныгон дæр уыцы рæстæджыты гъæйтт-мардзæ лæджы уæнгтæ дæр æмризæджы рызтысты. Терчы былгæрæтты ауæзтытæй иуы дæллаг кæрон арты фарсмæ бадтысты цавæрдæр адæм. Цып- парæй. Сæ фондзæхстæттæ сæ хъæбысты. Бæлццæттæ сты: уæрдæттæ иуварс сæ цуры. Бæхтæ чысыл æддæдæр сахсæнтæ æвæрдæй хизынц. Хъуыдинæ æддоз йæхи æрæмбæхста. Бирæ сæм фæкаст. Стæй йæ зæрдæ ныссæххæтт ласта: йæ хистæр æфсымæр Хадзымæт, сæ хæрæфырт Хъазджери æмæ сæ сыхæгтæ дыууæйæ — Гату æмæ Тæтæри. Дыууæ бричкæйы æмæ дыууæ уæрдоны харбызтæй се ’дзаг. Уымæй æндæр сæм базгъ- ордтаид — æмæ сæ уæлхъус йæ уæрджытыл æрхаудтаид. Йæ цæссыгтæ фемæхстаиккой. Æфсымæр æмæ хæрæфыртæй ха- тыртæ куырдтаид. Хъуыдинæ та сæм фæкасти. Иузаман нык- катай кодта: «Нæ, нæ! Ницы хуызы! Нæ сын бакъуылымпы кæндзынæн сæ фæндаг. Фæндараст фæуæнт... Ацы худинаджы бæсты уæд та Терчы гуылфæнмæ мæхи фехсин... Худинаг? Цæмæй худинаг? Кæм ис худинаг?..» Æхсæв æмæ бон кæрæдзимæ февзыстой, хъæубæстæ ма сæ фæстаг фынтæй сæхи рæвдыдтой, уæд Хъуыдинæ æнæуынæрæй йæ уатмæ бацыд — хæдзар дуарæхгæд никуы уыдис,— æмæ сынтæгмæ йæхи баппæрста. Йæ дæндæгтæ ныкъкъæс-къæс код- той. Хъæрæй йæхицæн загъта: «Не ’рхастон мæ фыды хæдзармæ æз худинаг! О, фæлæ... Уый чи зоны? Фæлæ мæ бæхы къæдзи- лыл куы бабæдтой, уæддæр мæнæй ничи ницы фехъусдзæн. Рамазан та мын бахатыр кæнæд. Кæд мæ уарзы, уæд мын ных- хатыр кæндзæн. Зонын æй: нал æрбарвитдзæн мæнмæ Рамаза- пы хуызæн сахъгуырд йæ минæвæртты. Фæлæ цы кæнон?.. Нæ дæн æз Хуыцауы æлгъыст... Æмæ кæд афтæ у, уæд æз мæ къух мæхимæ нæ исын!» Æнæуи та Хъуыдинæ хорз зыдта, йе ’ртæ ’фсымæрæн За- манхъулы дзыхъхъæй Арыхъхъы рæгътыл æмæ Кæрдзыны 43
къуылдымтыл Æрджынарæгмæ, Стыр Елхотмæ изæрæй рай- соммæ цы зæрдæниз æрхаста, уый. Нæ бафæрæзтаид ахæм æфхæрдæн сæ фыд Исахъ. Рухсаг уæд. Æгæр раджы сæ фæлыгъ- ди. ...Йæ тæккæ карзы уыдис гермайнаг хæст. Гъемæ дын Хуы- цау хорз ракæна, адæм кæрæдзийы руаджы æмæ кæрæдзийы хынцмæ адæм сты. Афтæмæй дын мæ фыдыфсымæр Исахъы дæр... Хъуыдинæйы фыдæй зæгъын. Уромæг æй уромын нал бафæрæзта. Йе ’ккойы дыууæ агуианы сæгъдзарм хордзенты мидæг æрæфтыдта, дыууæбедрауат тулдз боцкъайы та къухы райста æмæ йе ’ртæ æмбалимæ поезды бабадти. Арахъхъ алас- той. Суанг Украинæмæ. Цыдысты æмæ цыдысты. Цал боны æмæ цал æхсæвы — мæгъа. Иузаман, Балаклея, зæгъгæ, дын иу станцæмæ куы ныххæццæ уаиккой. Нозт тæккæ тыхстдæрæй, æвæццæгæн, уыцы горæтæгты хъуыдис. Дæ хорзæхæй, мах фæндагыл стæм æмæ рæвдздæр у, цом, цом, зæгъгæ, дыууæ цавæрдæр лæджы Исахъы семæ айстой. Иу сарагонды фæкуыси сты. Уый адыл лæджы Хуыцау йæхимæ айста. Хъысмæт фыдгулы фыццаг кæй скæны, уый адæммæ йæхи æнцонты нал равдисы. Цас, кæдмæ фæцагуырдтой Исахъы йе ’мбæлттæ! Раст та уыцы сарамæ хæстæг уыдон дæр рацахстæ- уыдис æмæ ма амондæй раирвæзтысты. Бæтæгаты бæхы над сын фæкодтой. Иунæг Хадæхц сæ æвыдæй баззади. О, æмæ аннæ дыууæ цы уылæнты бахаудтой, уый махæй басусæг кæнынмæ хъавыдысты, фæлæ судзгæ цы хæдзар фæкæны, фыц- цаг фæдисхъæргæнæг дæр уый йæхæдæг вæййы: сæ иу, Хъаз- джери, мæйы бæрц йæ дыууæ къахæй дæр къуылых фæцыди. Дыккаг та йæ фæрсчытæй фæсади. Стæй йын йæ уадултæй та иуы царм баивдæуыд. Мыггаджы хистæртæ мæнмæ фæдзырдтой: «Марадз, Бабо! Не ’фсымæры нын дон фæласта, æви арты басыгъди, уый бæрæг базон! Ссарут æй. Йæ сæр ын схæццæ кæнут ардæм, нæ уæлмæрдмæ... Ныллæгъстæ, ныттабу кодтам Хадæхцæн. Æмæ кæд фæллад æмæ удаист уыдис, уæддæр ын цы гæнæн уыд?.. Абалц кодтам Хадæхцимæ Исахъы агурæг. Немæ айстам стыр голджытæ. Куыд вæййы, цы вæййы, лæг мард куы разына, уæд æй æндæр цæм батыхтаиккам: хъуымацæн ма-иу æрмæст йæ кой æрыхъуыс- там. Мæ цæстытыл-иу ауади, уыцы къæдзæхыйас лæджы мард куыд сæккой кæндзыстæм, иу поездæй йæ иннæ поездмæ куыд рахæсс-бахæсс кæндзыстæм, уый. Æмæ-иу, мæн къуылыхæй чи рарвыста, уыцы хистæрты хинымæр ахъаззаг нылгъыстон. 44
угевгае, дам, сæм мæ сахъат къахы кой дæр рауадис, фæлæ, аМ, сæ иу хъуыддаг алыг кодта: «Мах æй хуым кæнынмæ, кæнае хос кæрдынмæ не ’рвитæм...» Цæуæм, æмæ та мын иузаман заууаты хъуыдытæ мæ зонд азыгъуыммæтæ кодтой. Лæджы фæд бынтон фесæфтис, зæгъгæ... 0, Хуыцау, уый ма бакæ! Фæлæ цы нæ вæййы, æмæ ма уæд мæ цæсгом мыггагмæ, хъæубæстæм куыд равдисдзынæн? Мæ дзу- раг дзых ма адæмы раз куыд схæлиу кæндзынæн? Се ’фсымæ- ры бацагурынæн цы ’хцайы муртæ æрбамбырд кодта мыггаг, уыдон Бабо кæмдæр, Уæрæсейы харчевнæты банызта, бахорд- та эемæ афтæмæй йæ фæрныг хæдзармæ счепена ласта... Зарæг мыл скæндзысты. Сæ цæст дæр нæ фæныкъулдзысты. Ахæм фæнд мæм куы февзæрид: Украинæйы быдырты мæрдтæн пыккæнæн дæр нæй. Мыййаг, кæд Исахъы йæ марджытæ бам- бæхстой æмæ йе ссарынæн амал нæ фæци, уæд Хадæхцимæ Елхоты мах афтидармæй æрбалæудзыстæм? Уæдæмæ афтæ: искæйы мард цыфæнды зынтæй дæр слас- там æмæ... Йæ къæхтæ йын исты хуызы æрбадыдæгътæ кæндзыстæм: мардæн та циу? Асык ыл æнгом сæхгæндзыстæм. Фæлæ мард смаг куы кæны, смаг! Уыдæттæ иуахæмы Хадæхцæн куы радзурин. Лæджы цæстытæ æваст сæ къуырфытæй фæир- тасæгау кодтой. Мæ сæрты кæдæмдæр акасти. Ницы дзуры. Уымæ гæсгæ йæм æз мæхи нал баурæдтон. Цæй, зæгъын, кæйдæр аныхъуырынæввонг дæхи цы скодтай? Худинаджы бæсты, зæгъын, иу мæгуыр салдаты мард нæ мæрдты фарсмæ куы ба- ныгæнæм, уæд, зæгъын, уый æз æмæ дæуæн удыбæстæ дæр ма уыдзæн. Цæмæй йыл мачи фæгуырысхо уа, уый тыххæй йын йæ сæр ныддасдзыстæм. Исахъы бинаг æфсæр цы дыууæ дæ«даг- хъуаг уыдис, уыдон ын фелвасдзыстæм. Тыхсгæ ма, зæгъын, æппындæр ма кæ, æз дын кæйфæнды мардæй дæр Исахъ аца- раздзынæн... Уый загътон, цы: æваст фездæхти æмæ мыл йæхи сцагъта. Дæуæн, дам, дæ къух алцæмæ дæр батасдзæн, Хуыцау кæмæн нæй! Æз, дам, уый зонын, зондджын Бабо, æмæ махмæ адæм марды йæ зæххы хай нæ бакæндзысты, цалынмæ йæм сæ дыгай цæстытæй æркæсой æмæ йæ нæхимæ донæй æрæхсой, Уаедмæ. Æви, дам, кæм схъомыл дæ? Хистæрмæ фæстæмæ Дзурæн нæй, æмæ æз æрмæст мæ сæр батылдтон, ома уымæй с^ бар уыдзæнис, зæгъгæ. Ныр, дам, нæ пехуымпар Бабо, æз Д^умæ куы байхъусин, уæд ныл хъæубæстæ диссаджы зарæг 11е скæниккой! Йæ Ахæрæты фæндагмæ, дам, æй чи рæвдзытæ к^ндзæн, уыдонæй иу нæ фæкомкоммæ уыдзæнис æмæ нæ ба- Д^с кæндзæн: «Диссæгтæм цæуыннæ æркæсут! Исахъ мах цурæй 45
Уæрæсемæ пысылмонæй ацыдис æви нæ? Уæд абон йæ мард на уæлхъус чырыстон цæмæн у? Стæй... О нæ кæнæг Хуыцау! Чьи рыстонæй пысылмон ацаразынц, фæлæ пысылмонæй — чырыс! тон?.. Ницы хуызы...» Цæй-ма, зæгъын, Хадæхц, дæ фарн бира! уæд. Кæйдæр мард, зæгъын, цас асунæткæнинаг у, туг дзьй мыййаг, куынæ рацæудзæн. Ныр та дыууæ къухæй фæлæбурд! та йæ сæрмæ Хадæхц. Мæ ныхас дын цыбырдæр куы кæнон! уæд — Хадæхцимæ нæ бафидыдтам. 1 Иу бон, фæссихæртты Балаклейы станцæйы хъæдласæн поездæй æрхызтыстæм. Нæ алыварс иннæ фæндаггæрæтты ту-1 хитæм гæсгæ мах æнцонтæй æфтыдыстæм станцæйæ —I станцæмæ. Æз — къуылых, стæй ма мын нæ хистæртæ мæ уæлæ салдатты цинел æмæ цырыхъхъытæ скæнын кодтой. Мæ къухь] стыргомау лæдзæг. Фæндагыл, дам, дын цæф салдат æнхъæл уыдзысты. Æмæ нæ æцæгдæр уыцы дард фæндагыл иу бафæрсæг нæ фæци. ! О, Балаклейы станцæйы æрхызтыстæм. Ныр та цы фæуæм^ Сыстæй бæз-бæз куы кæнæм, уæд искæй хæдзары къæсæрæй куыд бахизæм? Цæмæй зыдтам, ам цæрæг адæм сæхæдæг дæр уыцы «маргъ» хъуаг не ’ййæфтой, уый. — Нæ, фæлæ цы, уый зоныс? — загъта Хадæхц.— Цыма уæртæ уыцы сарайы цур æхсæв будкæгæсы фанар фæсудзы» Байсæм уал уырдæм нæхи. Райсом азилдзыстæм, афæрсдзыстæм. Исахъ зынæг куы нæ фæуа, уæд нæ ингæнтæ ракъахын бахъ- æудзæн: кæд цардæгас нал у, уæд ын йæ мард уæлзæхх куыд ныууагътаиккой?.. ...Кæсæм, æмæ æфсæйнаг гæрæны æмбуар фæрсæй-фæрстæм цалдæр ингæны. Æнахуыр диссаг: сæ цурæй мæ мæ къах размæ нал хаста, мæ риу куыддæр ссудзæгау кодта. Хадæхц мæ,1 æвæццæгæн, фембæрста æмæ мæм фæстæмæ ракаст, æз сагън дауæй лæууын. Цы дæ зæрды ис, зæгъгæ, мæм раздæхти æмаа мын ме уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. Мæнæ-ма, зæгъын, ацы ингæнтæ ракъахæм. Хадæхц ахъуыды кодта æмæ афтæ зæгъы] — Кæд дæ фæнды, уæд сæ ракъахæм. Фæлæ цæмæ тагъд кæнæм? Уæвгæ... Ракъахæм. ] Æз бел агурæг ауадтæн. 1 Æхсæз ингæны уыдысты æмæ се ’ппæт дæр басгæрстам] Исахъ сæ иуы дæр нæ разынд. ] — Цом, Бабо. Цом æмæ уал нæ фæллад суадзæм,— загътЯ Хадæхц æмæ йæ иу уæхскмæ голлаг систа, иннæуыл та йæ кæр1| æрбаппæрста. 1 Нæ фысымуат дардмæ сара рахуыдтам, фæлæ хордон ра-1
зьшд. Нæхимæ, Елхоты станцæйы цы стыр амбартæ ис* ахæм, æцæг махмæ зестæй æмбæрзт сты, ацы хордон та хъæмпæй ^ембæрзт уыдис. Йæ иу къуымы хъæмп. Уым хъуамæ нæхи æру- аГътаиккам. Къуыммæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ æмбыд смагæй сулæфæн нал уыдис. Йæ ранмæ, зæгъын, æрбахæццæ стæм, Хадæхц. — Афтæ нæ,— загъта Хадæхц.— Бауырнæд дæ, ам цыдæр ис. февнæлдтам, æмæ дæм дæ зæрдæ куыд дзуры? Дæлæ, гъе! Дæлæ — Исахъы къæриткæрц. О, Хуыцау, дæуæн зын ницы у. Хæраммæ дæр уыцы хуызæнæй мачи æркæсæд. Иæ иу æхсæрварс ма йæхицæй баззади... Æвæццæгæн, сын мæлын нæ куымдта... фесæфтис лæг. Бацарæфтыд фондз сывæллоны дарæг. Арахъхъ фæласон æмæ кæд бинонтыл исты бызгъуыртæ æрбаппарин, зæгъгæ, рараст ардæм. Æнæхаир та кæд нæ уыдис ацы нозт... Мардмæ бавналæн иуырдыгæй дæр нæй æмæ иннæрдыгæй дæр. Куыд? Цы? — Кæсын æм нæ хъæуы,— загъта Хадæхц.— Ныгæнгæ нын у. Уæртæ уыцы ингæнты фарсмæ. Мæнæн мæ зæрдæ ныссæххæтт ласта æмæ йæм бакастæн. Уый, зæгъын, зын нæу. Ома, йæ баныгæнын æнцон у. Фæлæ, зæгъын, куы цыдыстæм, уæд хистæртæ афтæ нæ загътой, йæ сæр ын фыдæлты уæлмæрды сæмбæлын кæнут? Хадæхц мæм цæхгæр фездæхти æмæ йæ дæндæгты ’хсæнæй ралæмæрста: — Хистæртæ загътой! Загътой, æмæ цы дæ зæрды ис?! Йæхи йын, зæгъын, куыд аласдзыстæм, фæлæ йын йæ сæр уæддæр фæхæццæ кæнæм. Æмæ та мыл... Æллох-æллох! Фæхъæр та мыл ласта: «Йæ сæр ын уæддæр фæхæццæ кæнæм! И?» Лæг тынгæй-тынгдæр куы кодта, уæд æз дæр рамæсты дæн. Бахатыр ма, зæгъын, кæ, Хадæхц. Марды сæр ралыг кæнын цас хъуыддаг у? Кæннод æй, зæгъын, баныгæдтам, уый мыгга- джы, хъæубæсты куыд бауырндзæн? Лæг йæ къухтæ æруагъта æмæ арвмæ скасти. Загъта: — О, мæ кæнæг Хуыцау! Цымæ-ма мын ацы зондджын пе- хуымпары дзыхæй цытæ фехъусын кæндзынæ? Куыд хъуамæ ралыг кæнæм нæ мардæн йæ сæр? Куыд?! Дæу фæрсын! Æз асагъæс кодтон. Хуыцау, дæхи ардыстæн, Хадæхц нæ уæвгæйæ, нæ марды сæр Елхотмæ схæццæ кодтаин. Куыд æгъдауæй, уый ^ын хъуыдыгонд уыди. Балхæдтаин стыргомау дурын. Лæджы сæр дзы нывæрдтаин. Дурын исты цармы гæбазæй æнгом æрба- 47
стаин æмæ, табуафси: арвыкæронмæ дæр æй фæлас. О, фæлæ Хадæхц мемæ не сразы уыдзæнис, уый куы бамбæрстон, уæд катайы бынтондæр бафтыдтæн: «Цы зæгъдзыстæм уæле, нæхимæ?» Æнцонтæй ма сулæфдзынæн, уый ма мæ уырныдта! Куыннæ... Скъахтам ингæн. Йæ былгæрон ын æрæвæрдтам нæ мард, пырхытæ къæриткæрцы тыхтæй. Хадæхц ын йæ фæсмын- хъус дзабыртæ раласта, мæнæн та йæ ронмæ ацамыдта. Уый фæстæ Хадæхц кæрддзæмæй кард сласта æмæ, куырæты дзыпмæ хæстæг туг кæм бахус и, уырдыгæй иу гæбаз ралыг кодта. — Адон адæммæ куы равдисæм, уæд сын æгъгъæд нæу? — загъта Хадæхц. Æз ныццин кодтон. Фæлæ, ме ’фсымæры хурхыл кард куыд æрбавæрдтаин, уый мæ цæстытыл куы ауади, уæд бел мæ къухæй æрхауд. Мæ ныхас дын цыбырдæр куы кæнон, уæд Исахъы бавæрд- там æмæ йын «рухсаг» æмæ «хæрзбон» загътам. Æртыккаг къуырийы фыццаг бон, фæтæген æви нефтласæн поезды боцкъатæй иуы сæрæй æрхызтыстæм Елхоты стан- цæйы. Рахабæрттæ кодтам, уæдæ цы уыдаид. Мæхæдæг мæ алы- фарсмæ мæ хъус дарын. Уый дын зæгъын, æмæ сæ искæмæй, цæмæн афтæ бакодтат, зæгъгæ, куы ’рыхъуыстаин, Хуыцауæй дын ард хæрын, уыцы сахат мæ дыууæ хъуджы æрбауæй код- таин æмæ чи лæгдæр у, уый къухтæм мард сласынæн æхца рад- таин. Хорз, æмæ мыггагæй уый зæгъæг нæ фæци. Уæззау хабар дын ракодтон, æвæдза. Æмæ цæмæн? Уымæн, æмæ нæ чызг... Хъуыдинæйæ зæгъын, Заманхъулæй йæ райгуырæн хæдзармæ изæрæй райсоммæ цы стыр маст æрхæццæ кодта, уый йæ фыд Исахъы игæр æнæ цæхæрыл æрæвæргæйæ сау физонæг фестын кодтаид. Цæмæн ыл хъæуы бирæ дзурын: ничи уарзта йæ чызджы Исахъы уарзтæй. Иæ зынæн ын нæ бафæрæзтаид. Мады зæрдæ? Мæгуыр Бицъон. Цæсты фæтъæбæртмæ йæ фæллад, йæ рыст уæнгты туг ацахстаид... ...Хъуыдинæ уаты дуар фидар сæхгæдта. Йæхимæ кæсын никæй уагъта. Нæдæр махæй искæй, нæдæр къухылхæцæджы. Æз иу бон Рамазанмæ асидтæн. Ныронг дæр-иу чызгыл йæ зонд хаттæн разылди, зæгъгæ, йын аивæй бакой кодтон. Лæппуйы бауырныдта æмæ сæнтдзæфау фæци. Сныхас не сфæрæзта. Бацыд йæ бæхмæ. Æхтæнгтæ сæлвæста. Саргъмæ æвæндон хызт скодта æмæ, махмæ хæрам чи у, уый дæр йæ уарзон чызджы рудзынджы цурæй ахæм зæрдæйы уагимæ ма раздæхæд. 48
фыдбылызæн цас хъæуы?.. Æхсæвæй-бонæй хиуæттæ сæ ,еСт Хъуыдинæйы уатмæ дардтой. Мады мæгуыриад, йæ тæригъæд... Бирæ хъару хъуыдис уыдонмæ кæсынæн. Ноджы ма æз дæр æгуыдзæг разындтæн. Угедæй-уæдмæ Бицъоны уæлхъус æнцойæн нæма балæууыдтæн. Цардмæ иу цæстæй куы кæсай æмæ алкæм дæр искæй арæзт хядтыл хæрдтыгæсгæ куы хизай, уæд къах скъуырынæн зæгæлы саст дæр æгъгъæд. Тæхудиаг у, агурын чи зоны æмæ ссарын чи фæразы. Агургæйæ та раст фæндагæй тæссармæ фездæхын дæр бахъæуы. Тади, руади нæ чызджы мад. Худинаджы пæлæз йæхи æры- тауынмæ хъавыди æгас мыггагыл. Цæмæн? Цы кодтам? Чызгыл исты куы ’рцыдаид, уæд уыцы фарст æнæ дзуаппæй баззадаид, æмæ ма уый фæстæ дæхи адæммæ равдис! Хъуыдинæйы зæрдæ лæууыди æрмæстдæр йæ ныййарæгыл. Æмæ Бицъоны бахъахъ- хъæныны сæраппонд æз хъуамæ ахызтаин рæстдзинады сæрты... Иу бон дын Бицъоны фарсмæ хæстæггомау куы ’рбадин. Фæндыдис мæ аразгæ хъæлдзæг æнгас æвдисын, фæлæ мын не ’нтысти, растдæр зæгъгæйæ та мæ цæсгом нæ хъæцыд. — Хуыцау дын цæрæнбонтæ ма бавгъау кæнæд, Бабо. Зын сахат æнæ хæстæг, æнæ ’ввахсæй уæлдай зын вæййы,— уæзбын хъæлæсæй загъта Бицъон æмæ мæм йæ цæстыты æрфытæй тæригъæддаджы каст æрбакодта. Æз быннозæй сулæфыдтæн. Лфтæ ма мæм, зæгъын, иучысыл æрбайхъус. Фыццаг ын фæдзырд- тон, бирæтæ æнæхæлæгæй цæрын кæй нæ фæразынц, уый тыххæй... Акса-ма. Æз Зæлдайы къухæй... Бицъоны ном афтæ хуынди. Æз Зæлдайы къухæй цы цæхх-кæрдзын бахордтон, цы позт банызтон, уыдон мæнæн тынг хæлар уыдысты. Хуыцауæн йæхистæн. Уымæн æмæ йын Бабо æвзæр тиу нæ уыди. Йæ къухæй йын йæ куыст цал æмæ цал хатты райстон! Сугдонæй иæ сугтæ хæссын бауагътаин? Куыннæ! Пецы арт кæнын тынг иæ уарзтон, фæлæ-иу сæм æххормагæй куы ’рбалæууыдтæн, Уæд ма мын-иу цы гæнæн уыдис?.. Зæлда, дæу не ’вдæлдзæн, 3^гъгæ-иу хъайлайæн æхсæз айкæй къаддæр никуы сцагътон. Дьгууæизæрастæу сæмбæлгæйæ та-иу кæркдоны дуар ^хгæнынмæ фæрæвдз дæн. Æмæ мын, æвæдза, рæстæг ис, уæд- 1,У бæдултæй иуы къах истыхуызы æрбасаст. Тыхстхуызæй-иу сХ'й Зæлдамæ æрбадавтон. Æвзонг бæдул у, æмæ кæд йæ къах еЛзаебæх уаид, абæттæм ын æй, зæгъгæ-иу куы ской кодтон, У^Л-иу Зæлда бахудти. Загъта-иу: «Цæй, о. Æрбаргæвд æй. ^йк йеддæмæ ма исты у?.. Марадз...» Хорз сылгоймаг уыдис Бицъон. Æмбаргæ сылгоймаг. Йæ М,1Х лух № 3, 1999 49
маст, йæ фæллад, йæ тыхст æрбацæуæгмæ никуы равдыст! Уазæгæн дæр æмæ хи бинонтæн дæр фынг æвæргæйæ Æ цæстытæ худгæ кодтой. II Дæ бинонтæм, зæгъын, Зæлда, кæд хæрам ничи у, уæддэф уæм хæлæггæнджытæ ис. Зæлда-иу йæхимæ ныхъхъуыста, щ\ зæрдæ-иу кæдæмдæрты ахсайдта, æз та-иу ын дзырдтон, уыА нын æй кодтон. Ныр дæр афтæ. Байхъус мæм, зæгъын, Бицъо! ныхасмæ. I Мæ фыдæн, зæгъын, нырæй фæстæмæ дæр рухс дзæнæт й| бынат. Тæккæ æндæрæхсæв мæм браныбыл къардиуы фарсм! цы стыр къæдзæхдур ис, уый цурмæ куы фæдзурид. Фына фыны! Цингæнгæ йæ уæлхъус балæууыдтæн, афтæмæй мард || уый та зонгæ кодтон. О, Хуыцау, дæу цы бафæнда æмæ лæгæ! цынæ бавзарын кæндзынæ! Йæ Ахæрæты фæндагыл æй ку| ’рвыстам... мæ фыдæй зæгъын, уæд ыл мæ зæрдæ тынг фæры<| ти. Цы цæссыг мæ ахаста, уый йын хæлар уæд. Ныр^ ската! дæн, цымæ мыл, зæгъын, йæ зæрдæ цæмæй фæхудтис. Йæхим! мæ дæрддзæф æрлæууын кодта æмæ мын уыцы æнкъардæй дз)| ры. Куыд кæсын, афтæмæй, дам, дæ мæ ныстуан ферох. Уый т| куыд, зæгъгæ, æз мæхимæ ахæм æгад æркастæн æмæ, кæм лæ)1 уыдтæн, уым бынмæ искуыдæм куы афардæг уыдаин, уæд м! цæст дæр не ’рныкъуылдтаин. Цæуыннæ, зæгъгæ, мæ куы ба| фæрсис, уæд мæ сымах, уе ’ппæтдæр ныфсхаст хонут, фæл| цыма уый бынтон афтæ нæу. Дæуæн дæ зæрдæ æфхæрд у, Зæлд! æмæ дæм, зæгъын, нæ уæндыдтæн... Мæ фыды фæдзæхст ра| дзурынмæ. I — Мæрдты ницы ис, зæгъгæ, мачи зæгъæд,— загъта Бицт! он. I Махинымæр: «Кæд дæ уый уырны, уæд мæ хъавд рæстм! кæндзæн». I Мæ фыды, зæгъын, Зæлда, дæхæдæг дæр хъулон уарзт кет кодтай, уый мæнæй рох нæу. Æцæг уыдис, уый. Йæ бирæ тиу тæй Бицъон мæ^ фыды бæрц никæй нымадта. Æмæ, зæгъы» куыд диссаг у. Йæ Ахæрæтæй дæр дæумæ æмæ дæ цотмæ й| зæрдæ куыд тынг æхсайы! Чындз, дам, хъуамæ зона, йæ чызгмА ома Хъуыдинæмæ цы стыр бæллæх касти æмæ дзы йæ амонд!1! руаджы кæй фервæзтис, уый. Нæ чызджы курджытæ, дам, н*| сиахс Рамазаны сæ фыццаг æхсæв Хъуыдинæйы хъæбысж1! кæрдтæй кæй скарстаиккой, уый, дам, æз æмæ Хъуыдикй йеддæмæ ничи зыдта. Хъуыдинæйы зæды хайæн, дам, бакувут!' Хъуыдинæйæн йæхицæн, æмæ, дам, лæппуйæр^ дæр куыд æгъд|| уæй аирвæзæн ис, уый йын йæ зæды хай бацамыдта. Æмæ кæсь»'|
пæ чызг хуыздæрæн æвæстиатæй йæ фыды хæдзар бацагуырд- га. Гъе, афтæ Зæлда. Æз мæ фыдæй цы фехъуыстон, уый ды та фехъуыстай мæнæй. Æфтауын æм ницы хъуыдис, æппарын дæр, чи загъта. Мæ зæрды ницыуал зæгъын ис, уый Зæлда куы бамбæрста, уæд йæ сæр ныттылдта: — 0, Хуыцау! Дуне сфæлдисæг Хуыцау! Мæрдты ницы ис, уый мачи зæгъæд! Дыууæ-æртæ боны фæстæ Зæлдайæн базонæн нал уыди. Йæ цæсгомы туг схъазыд. Цæстытæ фæрухс сты. Йæ дзыхæй ны- хас хъуысын байдыдта. Уæнгтæ сæхиуыл схæцыдысты. Зæлдамæ кæсгæйæ, мæн бынтондæр бауырныдта, зæрдæ адæймагæн кæй у йæ цæстыты рухс, йæ улæфт, йæ ныфс, йæ царды хуымгæнд æгасæй дæр. Æз разы уыдтæн мæхицæй, уымæн æмæ мæ бон баци рыст мады зæрдæйы хъæдгом байгас кæнын... Сиахс, Рамазанæй зæгъын, йæ туг-стæг къабæзтимæ нæма иуырдæм кодта: æргом-аивæй йæ минæвæртты æрвыста Ел- хотмæ, чызджы бæрæг базонынмæ. Йæ зонд ыл бынтондæр галиумæ разылди, æви дзы дæлимонтæ æрмæстдæр уыцы ’хсæв ахъазынвæнд скодтой, мæгъа, фæлæ чызг йæ уаты дуар йæ мадæн йеддæмæ никæмæн гом кодта. Æцæг æм сдзырд нæ уыди: æмæ-иу мад исты куы срæдыд, уæд-иу Хъуыдинæ æрфгуытæ алхынцъ кодта. Фæразынæн дæр æмгъуыд куыннæ вæййы. Рамазан сфæлмæцыд... Нæ фæлæ йæ бон куы базыдта, уæд рохтæ хъыс- мæты бæрны бакодта. Рæстæг та цыдис, цыдис æмæ фæллад нæ зыдта. Рæстæг Хъуыдинæйæн хæрзгæнæг разындис ацы хатт. Йæ зæрдæйы йын нывæрдта диссаджы ныфс. Рухс ын ссыгъта йæ цæстыты. Фæндырдзагъдимæ та гом рудзынгæй райхъуысы йæ зарæджы зæлтæ æмæ та сæм райхъал вæййынц фæзтæ, бы- дыртæ, бæрзæндтæ. Ноджы ма «мæ фыды ныстуан» айхъуыс- ти, æмæ та йæ курджытæ фатау хауынц. Сæ иу дæр æмæ се ’ннæ дæр хъуыды кодта: «Мæ амонд у, æвæццæгæн. Афтæ куы- нæ уаид, уæд Рамазаны хуызæн сахъгуырдæй æмбисæхсæв бæгъæввадæй нæ ралыгъдаид. Æвæстиатæй барвитон мæ ми- нæвæртты...» Исджын, цæрæг хæдзæртты усгур лæппутæ ног Аугмæ, ома, ног царды ног æгъдæуттæм æмæ уагæвæрдтæм ^æстæй тъæпп хаудтой: «...Ехх, мардзæ. Ныр ма ирæды рæстæджытæ куы уаиккой! Сыгъдæг сызгъæринтæй йæ, Хгьæлæкк, балхæнин. Хъуыдинæйы рæсугъдмæ йæ хъæбысмæ чи æркæсид, уый уаид а-сау лæппу». Сахъгуырд хъайтартæ та 51
мæсты кодтой, скъæфынæн йæ кой скæнын дæр кæй ничиуа уæнды, ууыл: «У-у, байтаман! Ныр ма уыцы гæнæнтæ куы уаи Йæ цыппар æфсымæры æндондых къухтæй йæ чи рарæдувид уый — мæнæ, а-лæппу!» Йæ ахстон чи нæ уарзы, ахæм цъиу, æз куыд æнхъæл дæн афтæмæй арвы бын тæхгæ ничи-ма федта. Æмæ кæд уый æцæ афтæ у, уæд мæ алчидæр раст бамбардзæн. Уыдис ахæм рæстæджытæ, ахæм замантæ, æмæ-иу Иры зыл ды усгур фæсивæдæй йæ амонд агурæг Елхотмæ чи нæ фæзынд уыдон-иу уыдысты «дæлæмæ-уæлæмæ» кæй хонæм, ахæ сæмпæрчъитæ. Нæ чызг, Хъуыдинæйæ зæгъын, йæ мойы уæлхъусæй тæргай цы ’хсæв ралыгъдис, ууыл афæдз рацыдаид. Фылдæр нæ. Афтæмæй дын иу бон Гонатæ... Кодзырты Гонатæ сæ хæрæфыр- ты куы ’рвитиккой. Сидзæр чызг Зæликæйы сбуц кæнынмæ Кодзыртæ сæ къæхтыл слæууыдысты. Тъымы-тъымайæ дæр фæсвæд ничиуал баззади. Уымæ гæсгæ уыцы хурæфсæст фæззы- гон бон Кодзырты чызгæрвысты нæртон хъазты сæмбæлдис Гонатæн, сæ дæрддаг хæстæг дæр, брутаг Æлдаттаты лæппу. Умарбег. Хуыцауы фæндæй æрдз йæ кондæн æмæ йæ уындæн дæр кæмæн ницы бахæлæг кæны, уыдонæй иу уыдис ацы лæппу... Мæ ныхас дын цыбырдæр куы кæнон, уæд зæххыл цæрынæн тынг æхсызгон чи хъæуы, ахæм гуырд. Стæй ма амондагурæг у. Уый фысымтæн цас зын базонæн уыдис. Лæппуйы цæстæнгас мойгæнæг чызджыты æнæвгъау æмæ æгъатырæй сыгъта. Сæ уырнаг зæрдæты сын æвзæрын кодта уарзондзинады сагъæс. Уый дæр — о, фæлæ сæ мадæлтæ... Мойгæнæг чызджыты мадæлтæй зæгъын. Диссæгтæ фенын кæйдæриддæр фæндыдис, уыдон сæ цæстытæ мойгæнæг чызджыты мадæлтæй нал истой. Хуыцау дын хорз ракæна, мадæлтæ уыцы бон тынг тæригъæд- даг уыдысты. Уымæн, æмæ сæ алчидæр хицæнæй, æнæ хæрдмæ дзургæйæ, куывта Хуыцаумæ æмæ дзы куырдта, цæмæй сын уыцы Арвуациллайы сæ фæсдуар балæууын кæна. Фæстæдæр мойгæнæг чызджытæ, стæй сæ мадæлтæ сæхи куыд æнкъардтой, уый мæнæн зын зæгъæн у. Зын зæгъæн та мын уымæн у, æмæ брутаг усгуры цæст уыцы бон нæ хъæуы чызджытæй искæуыл æрхæцыдис, нæ, уый куыд хъуамæ ба- зыдтаин æз! Æцæг уый базыдтон, æмæ лæппу сæхимæ куы сыз- дæхтис, уæд йæ мады йæ дæлармы æрбакодта æмæ йын загъта: — Мæхи зонынхъом куы фæдæн, мæ мад, уæдæй абонмæ æз мæ Хуыцауы разæй дæр кувын дæумæ. Нырæй фæстæмæ та дæм арæхдæр кувдзынæн. Бауырнæд дæ! Цæй тыххæй, уымæй 52
цаеуыннæ бафæрсыс? Уымæн дæм кувдзынæн арæхдæр, æмæ ^рзондзинады арт цы лæппуйы, кæнæ чызджы риуы ссудза, уый зæрдæмæ ныййарæг хæстæгдæр æрбалæууы... •’ _— Мад фестъæлфыд. Йæ фырты æфцæгыл атыхсти: — 0, Хуыцау. Цы хорзмæ бæллыдтæн, уый... Мæ лæппу... — Мæгъа... Нæ зонын,— загъта Умарбег.— Кæд мын Хъуы- липæйы аккаг кæныс, уæд... На уый нæй... Мад фæтæрсæгау кодта. Къухтæ хæрдмæ фелвæста, иуварс алæууыд. Ныййарæджы зæрдæ афтæ бакатай кæндзæнис, уый фырт æмбæрста æмæ йæ дзурын нал суагъта. — О, о, мæ мад. Елхотаг чызг Хъуыдинæ. Мойгонд у, йæ лæгæй ралыгъди, зæгъгæ, зæгъинаг кæмæй дæ, уыцы Хъуы- динæ. Йæ зонд ыл зыгъуыммæ разылдис, зæгъгæ, кæмæй айхъ- уысти, уыцы чызг. Хъуыдинæ мыл кæй æрвæссы, уый æз абон базыдтон æмæ дæн стыр амондджын. Дæуæн та, дæ зæрдæйы дуар байгом кæнынæн æгъгъæд у йæ иу бакаст, йæ иунæг ба- худт... Уарзондзинад! Табу йæхицæн. Цымæ йын искæд тыхы хъа- ру, стыр зонд, æртхъирæнтæ йæ размæ цæлхдур æрæвæрдтой? Никæд! — Кувын дæм, мæ мад, æмæ дæ курын,— загъта та Умарбег. — Хорз, хорз! Мæ дунейы рухс, хорз! — сдзырдта иузаман мад æмæ та фыртыл йæхи баппæрста. Йæ цæстысыгтæ йæ- къæсхуыр рустыл æрызгъæлдысты. — Мæ иунæг, мæ зæрдæдарæн, æвæсмон у! Æвæсмон у, мæ цæстыты рухс. Уый дын мæ арфæ. Чындзæхсæв. Уæдæ! Фæхонæм адæмы. Хорз адæмы хорз фæндиæгтимæ... ...Лæууы Хъуыдинæ мæ уæлхъус. Афтæ ’нхъæл фæдæн, цыма мын ме ’рбацыды сæр зыдта æмæ мын бирæ цыдæртæ фæдзу- рынмæ йæхи барæвдз кодта. Йе ’рвхуыз цæстытæ... Нæ фæлæ мæм йæ цæсгом æгасæй дæр худгæ кæй кæны, уый, æвæццæгæн, пæхæдæг не ’мбары. Йæ уæнгтæ йын цыма бумбули уæз дæр нæ кæнынц æмæ ныртæккæ, хабар куыддæр базона, афтæ гом ру- Дзынгæй атæхдзæн æмæ æз иунæгæй йæ уаты аззайдзынæн, Уьгмæй куыддæр фæтæрсæгау кодтон. Фæлæ уый та циу? Хъуыдинæ æрхауд йæ зонгуытыл мæ ^Уры. Иу каст мæм скодта. Цыдæр зæгъинаг уыди, фæлæ фер- х^Цыд. Уалынмæ йæ хæкъуырцц фенцади æмæ, цыма, йе ’ккойы У^ззау уаргъ ис, афтæ зивæггæнгæ уырдыг слæууыд. Рудзын- А’Кы тæрхæгыл банцой кодта. Æрæджиау загъта: — Цыппар æфсымæры хо дæн æз, Бабо. Сомы сæ кæнын. -°мы кæнын ныр дæр ме ’фсымæртæй. Не ’рхастон æз худинаг 53
мæ фыды хæдзармæ, мæ мыггагмæ! Æз дæн зноны ХъуыдиА] æрмæст мæ мацæмæй фæрсут. Уый курæг дæн дæуæй дæр, БаЮ Æз ныццин кодтон. Хорз, зæгъын, мæ дзæбæх хо. НицæмИ дæ фæрсын. Æндæр хъуыддаг базонынмæ дæм, зæгъын æрШ цыдтæн. Цы уа, зæгъгæ, чызг сагъдауæй аззад. Уæлæ, зæгъЖ брутаг Æлдаттаты лæппуйы зондзынæ. Федтаис æй. Кæй А| бафæрсæм, уыдон дæр, зæгъын, ам, Елхоты чысыл не сжЛ Хæстæгæн нæ агурынц. Зæрдиагæй. Ацы хатт дæр та дæм Б хистæртæ мæн æрбарвыстой. 1] — Райдианты дæм мæхи не ’вдыстон, Бабо. Ныххатыр мш кæн,— загъта Хъуыдинæ. Кæд, дам, мын хатыр кæныс, уаН дам, дæм бауæнддзынæн. Æз ын мæ бахудтæй разыйы дзудИ радтон, мæхицæн мæ хъуыдытæ кæдæмдæр адзæгъæл сты, цьпИ мæм, зæгъын, цы бауæнддзæн. I — Уæндын дæм, Бабо,— загъта та Хъуыдинæ.— Мæхи д» фæдзæхсын, афтæмæй дæ иу хорздзинад курын... I Чызг цасдæр ницуал сдзырдта. Ныфсæрмы, стæй та йæ хт» рутæ æрбамбырд кодта. Куыддæр мæм къæмдзæстыг худт Л кодта æмæ загъта: I — Ацы хатт мауал батагъд кæнæм. Фенæм. Бафæрсæм. Б| зонæм. I Хуымæтæджы æхсызгон уыдис мæнæн Хъуыдинæйы æргя дзуапп. Фæбузныг дзы дæн. I Бирæ азты фæстæ мын райхæлдта Хъуыдинæ, йæ курдиа’! цы сусæг æлхынцъ уыдис, уый. Ныр та уал... | Ныр та рацæй-рабон æмæ нæ фембæлдæн йе ’ртыккаг б| Хъуыдинæйы мадыхо, кæрдзинаг Богазты чындз, Райзæт к& «æрбарынчын уаид». «Æрбатыхсти» мадыхо. Судзы, дам. Ар| пиллон уадзы, афтæмæй йæ хойы чызджы, Хъуыдинæйы кл| бацагурид. Сæййафдзæнис ма йæ, уый, дам, дыууæйыл у. I ...Фæсæхсæвæрты Богазты астæуккаг уатæй ХъуыдинæЯ хъустыл ауади сылгоймаджы, стæй та нæлгоймаджы ныхас. ш уой? Сæ иу Фузæ цыма у. 0 — Фузæ. Нæлгоймаг та? Кæу» æрбахгæдта йæ уаты дуар Фузæ? Иæ фыд Сослæнбег йæ чь! джы уатмæ рагæй нал бакаст. Йе ’фсымæр Ахте та Росто» студент куы у... Цæй, чифæнды уæд. Фузæ мæнæй ницы $ сусæг кæндзæн... 1 Уалынмæ уатæй Фузæ рацыд æмæ дын Хъуыдинæйы хъу<§ куы бадзурид: 1 — Хъуыди... Умарбеджы фенын дæ нæ фæнды? Æви... I Чызджы зæрдæ ныссæххæтт ласта. Йæ цæстытæ адзæгъ! сты. Фузæ та йæ ногæй йæ хъæбысы æрбакодта. Бауыгъта Щ 54
— Уæдæмæ афтæ: ды мæнæй ницы фехъуыстай. Хорз? Яьфтæккæ æз иннæ уатмæ бацæудзынæн. Ды — ам... Хъусыс? фæпдыр райсдзынæ... Кæд мæ уарзыс, уæд иу ныхас дæр ма скæн. Уый зон, æмæ нæм хæрам зæрдæ чи дары, ахæмтæ дæр ис, æмæ Уыдоны ныхмæ мах хъуамæ æрæвæрæм зонд дæр æмæ хъару АæР- Бамбæрстай? Хъусыс? фузæ йе ’мхæрæфырты русæн ахъаззаг ныпъпъа кодта æмæ йæхи уатмæ ауади. Умарбеджы уæлхъус алæууыд. Лæппу йæм кæсгæ дæр не скодта, æмæ йын уæд Фузæ йæ уæхск æрхоста, бустæтыл схæцыд: — Уæдæ ма Райзæт мæ мад ма уыдаид, хæрзаг æй уæд нæ атындтытæ, акъабæзтæ кодтаин! Тынг дзæбæх. Чызджы афтæ стæрсынтæ кæн! Уый Рамазанæй пыхс йæ сæрыл рахаста, Райзæт та ма йын æй йæ фындзы бын авæрдта. Ныр, дам, Рамазан йе скъæфджытимæ ам куы ’рбалæууид, уæд, дам, цытæ-куыдтæ акæнис? Уæд чызджы зæрдæ аскъуынынæн бирæтæ хъæуы? Ныр дзы Райзæт хатыртæ куры: «Уый мæ мард фенæд, мæ хисты къæбæртæ ахæрæд»... Бахатыр, дам, мын кæн. Фæндыр ын йæ хъæбысы авæры... Æмæ æцæгдæр астæуккаг уатæй фæндырдзагъд райхъуыст. Тæхудиаг æрбауа уы’цы чызг, тæхудиаг, Йæ уарзон кæмæн у фæндиаг ныфсхаст, Уарзоны цæстыты чи фены йæ сурæт, Йæ зæрдæйы гуылфæнмæ кæмæн ныхъхъусы. Тæхудиаг æрбауа уыцы чызг, тæхудиаг, Уарзоны ’фцæгыл чи ’ртыхсы фæрсылæй, Йæ комы улæфтмæ кæй уадул ыссудзы,— Тæхудиаг куыд нæу уыцы чызг, æцæгдæр... Фузæ йе ’мхæрæфырты йæ уатмæ æрбадавта. Умарбегмæ бакасти: — Мæнæ дын, гъе, Хъуыдинæ. Ацы лæппу та у Умарбег иæхæдæг. Æз ныртæккæ цырагъы фæтæген акæнон, зæгъгæ, Фузæ лæппу æмæ чызджы фæуагъта, йæ цæст кæмæдæр,— йæхæдæг А^р æй нæ зоны кæмæ,— æрныкъуылдта æмæ феддæдуар. Ныхас райдайын лæппуйыл æмбæлдис. Фæлæ Умарбегæн ие ’взаг йæ коммæ нал каст. Уый Хъуыдинæйæн худæджы хос фэеци, фæлæ йæ цæсгом мисхалы бæрц дæр нæ аивта. Æрмæст ^е цæстытæ стъæбæртт-тъæбæртт ластой æмæ, Умарбеджы '^еригъæдмæ кæсын куынæуал фæрæзта, уæд фæрсæгау загъта: — Гæды ма фæхъуызы раст афтæ мархомæ. 55
Умарбег къæхтыбынæй ахæм зæрдиаг улæфт скодта, æ^ йæ риу æгасæйдæр адымсти. Загъта: — Хъуыдинæ... Рувасы цармы мæ куы ’рбатыхтæуа, уæдд дæ иу хъуыддаг нæ басусæг кæндзынæн. Æз ардæм кæм æрбахъуызыдтæн, уый, æвæццæгæн, мархо у мæнæн. Фæл хуыснæг нæ дæн. Нырма уал мын, кæй йæ уынын, уый дæ æгъгъæд. — Цæст сайын дæр зоны. Тынг арæх,— загъта Хъуыдин æмæ къулыздæм азылди. Хъæдын сынтæджы чъылдыммæ йæх балвæста. Умарбег ма йæм худæндзастæй комкоммæ бæрг бакасти, фæлæ йын йæ цæстытæ нал ацахста. Уый йын уыйа хъыг нæ фæци, уымæн æмæ цонджыстæвдæн сатæгсау дарг дзыккумæ кæсынæй йе ’взонг зæрдæ чысыл рæвдыд не ’ййæфт — Æз уый зонын, æмæ ныронг мæ цæстытæ мæ зæрдæй зæрдæхудт нæма райстой,— загъта Умарбег.— Стæй... дæ за рынмæ хъусгæйæ... Хъуыдинæ фестъæлфыд, йæ уæхсчытæ æрвгъуыз дари га рузы бын базмæлыдысты. Афарста: — Мæ зарынмæ?.. Уый мæ зонгæ чызджы зарæг у... — Дæ зарынмæ, о. Уымæ хъусгæйæ æз цæуыл ахъуыды код тон... Иу уарзонæн, дам, йæ зæрдæйы дуар байгомчындæуыд фæлæ дзы йæ къæсæрæй бахизыны ныфс никæмæ уыд. Кæд н рæдийын, уæд дæ зарæг ууыл конд у. Фæлæ цыма уайдзæ æрмæст лæппумæ нæ хауы. Ахъуыды ма кæнæм. — Зарæджы ныхæстæм цыма æгæр хорз дæр ма байхъуыс тай. Уæд ма мæ къахæн фарстæй цæмæн фæрсыс? — хъуыддаг хуызæй йын дзуапп радта Хъуыдинæ. Умарбег хорзау нал фæци йæхи рæстытæгæнæгау загъта: — О, о. Фæлæ ма æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ зæрдæйы дуа байгом кæнын кæмæн бантысти, уый цыма къæсæрæй афти армæй нал аздæхдзæн. Хъуыдинæ зæрдиагæй бахудт: — Чи зоны. Уымæн æмæ искæй дуарыл рахæцын æм къæсæрæй бахизын чидæртæ куыд æнхъæл сты, афтæ æнцо нæу. Зæрдæйы авд дуарыл, дам, авд гуыдыры æвæрд ис. Ав гуыдырæн та ис авд дæгъæлы. Æмæ уыцы дæгъæлтæ сæ хица уæлæнгай бафснайдта, зæгъгæ, уыцы хъуыды макæй фæсайæ — Æз уал дзы цалдæрыл фæхæст дæн,— чызджы ныха айста Умарбег. Лæппуйæн уый адыл йæ цæсгом артау ссыгъдй афтæмæй армыдзаг гаруз йæ дзыппæй фелвæста: — Мæнæ а тыхт сты уыцы дæгъæлтæ. Фен сæ,— цалдæр къахдзæфы ба, кодта Хъуыдинæмæ, дæтты йæм гаруз. Чызг ныфсæрмЫ 56
.унарс аздæхти. Дыууæйæ дæр фæхъус сты. Хъуыдинæ ^рæджиау загъта: — Мæнмæ сæ цæмæн дæттыс дæ дæгъæлтæ? Умарбег æнæдзургæйæ чызджы сæрыл гаруз хъавгæ æры- т1,1/\та. Хъуыдинæ йе ’ргом æгасæй дæр лæппумæ раздæхта, йæ рахиз къухæй зыр-зыргæнгæ йæ зæрдæсæрыл æрхæцыд. Лæппу сагьдауаей лæууы. Йæ къухтæ, хъайванмæ баст бæндæнтау, зæбулæй баззадысты. Чызджы уæхсчытыл сын сæ уæзæй уæд та хæрз чысыл æруадзид, æмæ... Æмæ кæмæ ис, Хъуыдинæ йæ зарæджы лæппуйæ цы ныфс домы, уый?.. Чызджы сæр лæппуйы риуыл куыд æрхауд, стæй та уымæн Умарбег йæ фæскъæбутыл йæ къух тæрсгæ-ризгæ куыд æрхас- та, уыдæттæ сæ дыууæ зонгæ дæр нæ бакодтой. Уæвгæ та лæппуйыл куыд узæлдзæн, уыцы бæлвырдтæ дын Хъуыдинæ мæнæн дзырдта, авд азы хистæр дзы куы дæн, би- понтæ, нæ фæлæ ма мын уæд байзæддаг дæр куы уыдис. Бай- зæддаг, зæгъгæ, уæд иунæг лæппу. Абон дæр рагон къупецаджы цардæй æнæ маст, æнæмæтæй йæ бонтæ æрвиты. Цы дзы зæгъон — нæ зонын. Æцæгдзинад у уый, æмæ мын бирæ тæригъæдгæн- джытæ ис. Мæ хуызæн лæджы фыртæй æндæр мацы рауайæд. Дæлæмæ дæр — прокурор æмæ уæлæмæ дæр — прокурор. Æмæ чи у прокурор? Цы у прокурор? Уый афтæ æнæуи зæгъын, фæрсгæ дæ нæ кæнын. Фæрсгæ та дæ уымæн нæ кæнын, æмæ прокурор чи у, стæй цы у, уый мæхицæй хуыздæр цыма ничи зоны. Кæд ын хатгай кæмдæрты йæ ном хъæрæй фæзæгъынц, уæддæр прокурор нымад у æрмæстдæр цардæнадгæнæг æгæнон- ты цæсты. Цыппæрдæс азы æмæ авд мæйы фæцахуыр кодтон æз мæ фырты. Уыцы æвадат заманты... Райсомæй-иу мæ цыппар чыз- джы мæ алыварс куы алæууыдысты... Се ’ппæт дæр мæм мæ помæй дзырдтой: «Бабо». «Уæ, Бабо». «Æццæй, Бабо?..» Сæ ИУ мæм-иу æрбауырдгуытæ уыдаид: «Афтæ нæ загътай, фæлварæнтæ хорз куы радтай, уæд дын туфлитæ балхæндзынæн? Цæмæн мæ фæсайдтай?» Иннæ-иу ме ’фцæгыл атыхсти: «Бабо, ^ь! уый зоныс? Нартхор рувынмæ мæ куы акодтай, уæд мын и°г къабайæ зæрдæ нæ бавæрдтай?.. Бавæрдтай, бавæрдтай! Æмæ ^ем ис? И?» Уыцы сывæллæтты хъуагæй цыппæрдæс азы æмæ... Ч^л мæйы загътон?.. Уыцы рæстæг æз фæцахуыр кодтон нæ ^ппуйы. Ам, нæхимæ, хъæуы. Стæй та — Дзæуджыхъæуы. Ь’и фæстæ — до-олæ Ростовы стыр горæты. Уæдæ цы ’нхъæл А<е? Фесты йæ ахуыртæ, уæдæ цы уыдаид. Гъемæ дæм дæ зæрдæ ^ь^д дзуры? Мах лæппуйы ахуырæн йе ’мбис дæр кæмæ нæй, 57
уыдон гъæйтт-мардзæ цардæй цæрынц. Стæй нымад дæр ст хицауадмæ дæр æмæ адæмы ’хсæн дæр, нымад! Мах прокуро та?.. Нæ арæхсы. Цæрын нæ зоны. Куыд дæ фæнды, афтæ м бамбар. Уæвгæ дын йæ кой та цæмæн ракодтон?.. Фæлæ, иугæ ныхас рауади, уæд мæм байхъус. Иу уалдзыгон бон дын, рæстæг сихæрттæй фæивгъуыдт афтæ тæмæнтæкалгæ сатæгсау хæдтулгæ уæрдон мæ цурт æртыффытт ласта. Уæлæ Атагъайы. Атылдис иуцасдæр æм æваст фæурæдта, цыма дзы исты зынаргъ æрхаудта, раст афт Лæг дзы рахызт. Йæ палтойы дымджытæ ацагъта, йæхæд мæ размæ ссæуы. Æз куыддæр фыццаг мæхиуыл фенæууæн дæн. Уалынмæ мæ уæлхъус дæлæ Теппайы фырт алæууыд. Ц мартаты Теппайы фырт, йæ Таймураз. «Бон хорз». «Хорзæ цæр». Дæ салам, зæгъын, бирæ. Цæмæн бауырæдтат, сыма зæгъын, паддзахады хъуыддæгтæ куы лыг кæнут. Æнæвдæло куы стут. Стæй ахъуыды кодтон: «Ай сыгъдæгæй йæ каистæ куывд хæрынмæ цæуы. Дæлæ Агънатæм». Джамботты фыртт сæ хæрæфыртæн галгуывд скодтой. Теппайы фырт мæ фæрсы: — Бабо нæ дæ? Æз мæхимæ æркæстытæ кодтон. Зæгъын, мæгъа, цыма уы дæн. Уый та куыд «мæгъа», зæгъгæ, лæппу бахудти. Уæдæ дьн зæгъын, цы дзуапп радтон?.. Мæ кæстæртæ мыл кæд дызæр дыгтæ кæнынц, уæд ма, зæгъын æз цæй Бабо дæн. Лæппу хъæрæ бахудти æмæ мын йæ уæрдошл гом дуармæ амоны. Хабæрттæ" дам, дæ фæстæдæр афæрсдзынæн. Бахызтæн, уæдæ цы уыдаи Фæлмæн бадæныл мæхи ауагътон. Голладжы дзагхъуаг давæтт мæ уæрджытыл æрæвæрдтон. Тæрæгæн, ацæргæ лæгæн уырыс сагау «зрасти» загътон æмæ мæм йæ къух дæттынмæ фæрæвдз Стæй та мæм йе ’ргом раздæхта, йæ фарсмæ чи бадти, уыц хæрзуынд, саулагъз лæппу-лæг. Йæ къух мæм радта уый дæ Цæрæнбонтæ уын, зæгъын, бантысæд. Стæй Теппайы фырт м фарсмæ æрбабадти. Тæссармæ мæм æрбакаст æмæ афтæ зæгъь — Уæллæгъи, Бабо, фыдæбонæн райгуырдтæ. Æндæр цы... Йæхæдæг голлагыл йæ къух æрæвæрдта. Бузныг, зæгъын, Те пайы лæппу. Стыр бузныг. Фæлæ, зæгъын, дæлимонтæй искæ мæнмæ удагур æрбарвитыны зонд Хуыцаумæ нæма ис. Ц уыннæ, зæгъгæ, куы бафæрсай, мæ хур, уæд æнæзивæг æм уæнгрог лæгмæ уд уæлдай нæй. Ды та афтæ бакæн, æмæ къуь лых Бабойæн кусынæй ма тæригъæд кæн. Уый, зæгъын, зону лæппутæ, æмæ Хуыцау йæ минæвæртты удагур фыццагдæ 58
л^æгмæ кæй арвиты, стæй та æнæджелбетмæ æмæ æнæсæр- жатмæ? Гъемæ дæм, зæгъын, Теппайы фырт, дæ зæрдæ куыд зуры? Ацы ныхас дын, зæгъын, уымæн ракодтон, æмæ ды хъу- амæ фæллой æмæ фыдæбон кæрæдзийæ иртасын зонай. Дæрлтыл, зæгъын, цы зилæм. Нæ Уæлахизы хæдфæстæ, зæгъын, арвæй къæвдайы æртах кæй не ’рхаудис, уый куыннæ хъуыды кæпдзыстут. Нæ мæнæуы хуымтæм дон Теркæй хъæдын боцкъ- аты ластам. Афтæ, афтæ! Уæд сæ цæстытыл цæйбæрц хоры кæритæ ауадис нæ районы раздзæуджытæн, Хуыцау йеддæмæ сæм дæсны чи уыдис?.. Æвæстиатæй, ома уыцы аз, фæззæджы тынгыл ныууынаффæ ластой: — Байхъусут нæм, хорз адæм! Бавдæлæм, æмæ æнусон Теркæй иу къабаз Елхоты саумæр тъæпæнтæм æрбаздахæм! — Иттæг хорз! Не ’нусон бæллиц у уый...— Бацин кодтой хъæубæстæ. Бавнæлдтам белтæ ’мæ къахæнтæй. Сыхаг хъæуты дæр ма сæ къæхтыл слæууын кодтой. Цастæ нын æнтыстаид белтæй, къахæнтæй, стæй ма æрдæгæххормагæй! Иуахæмы къанауы был фембæлдтæн нæ районы хицæут- тыл. Фарн, зæгъын, уæ ныхасы, фæсивæд, стæй уæ уынаффæты лæр. Фæсивæд сæ кæй рахуыдтой, уый сын хуымæтæджы æхсыз- гон уыдис. Мæ къух исынмæ батагъд кодтой. Стæй сын мæ зæгъинаг куы загътон, уæд... Уæд се ’рбацыдыл æрфæсмон код- той. Цæй тыххæй? Хорз, зæгъын. Раци-рабон æмæ къанауы дон хуымтæм рахæццæ. Æмæ, зæгъын, уыцы фыдæбæтты фæстæ нæ быдырты хор фæлхас кæнын тæригъæд нæ уыдзæн? Сæ иу мæ уæлхъус алæууыд æмæ мæ тарст хъæлæсæй афарста: «Цытæ лзурыс, Бабо?» Мæ зæрды, зæгъын, цы ис, æрмæстдæр уый лзурын. Ды, дам, кæнæ расыг дæ, кæннод та кæйдæр сайд дæ. Сымах, зæгъын, Бабойæн чи ’нхъæл стут?! Уый адыл сæ хистæр и<'е къух ссивæгау æрбакодта æмæ загъта: — Цомут, кæннод ма лæг амæй æндæр истытæ дæр фехъ- Усдзæн. ... Къанау къахтам. Дыккаг аз къардиутæ ’мæ быдыртыл а*æццæ суанг Цыртыты коммæ. Стæй та базмæстам фæхстæ, Къуылдымтæ суанг Хæристæм. Уым къанау æнæ мах æххуысæй Фзецæхгæр кодта æнусон æрхвæдыл. Теркæй цы къабаз Ф^хицæн, уый мах, хъæуы зæрæдтæ иузаман нæ хуыммæ куы Р^здахиккам. Фæлæ, марадз: дон лæнчыты скултæ. Æмæ нарт- *°р пырындз куы нæ у: Фæнды йæ доны бын фæкæн, фæнды 1ие хурын арт басудзæд — сæфт æмæ сæфт. Мæ ныхас дын ^бырдэер куы кæнон, уæд дæ фæрсын: дæумæ æндæр искæй 59
номæй куы бадзырдæуа, уæд æм дæ хъус æрдардзынæ, де ’рг æм ратдзынæ? Æнхъæл дæн, æмæ — нæ. Æмæ уæд нæ къа скъахыныл цы æнæсæрфат куыст фæкодтам, уый йæхи ном * схонæм: дзæгъæл фыдæбон. Дыууæ азы йæ фæкъахтам... дагъ белтæ ’мæ къахæнтæй. Рацыдис аст азы, æмæ нын уы ^ рæстæг, аст боны йыл цы фæллой бахардз кодтам, уый а пайда нæ радта. Уæд нæ хицæуттæм сæ тæрхон раздæр размæ... Хъæуы хистæрты размæ рахæссын худинаг каст? фæхудинаг уыдаиккой. Дыууæ азы æз мæ бонтæ фервыст тæрсгæ-ризгæ. Тарф фынæйæ-иу мæ хъустыл ауади се ’ртхъир ныхас: «Кæсут-иу: ацы дзæгъæлдзых лæг хъæстгæнæг уыдз нис æрмæстдæр йæхицæй». Мæ зонд-иу адзæгъæл: «Цу, æ ды базон, куыд мын бамбæрстой ме ’ргомдзырд æмæ мæм I бæллæх кастис». Фæлæ йæ уæхæдæг дæр зонут: Хуыцау амонын раст нæу. Хуыцау мæ сæфын нæ бауагъта. Кæннод мын, зæгъын, нæ лæппуйы хатыр бакодтой... Ацы ныхас сын сæрæй кæронмæ цалынмæ ракодтон, уæд мæ Таймураз æмæ йе ’мбæлттæ хæдтулгæйæ хизын нæ бауаг той. Стæй ма мæ Теппайы фырт æгъдауы охыл афарст дæхæдæг та, дам, куыд цæрыс, Бабо? Цæмæй дын, зæгъын, раппæлон — нæ зонын. Фæлæ, зæгъы прокурорæй хуыздæр цæрын фæразын. Теппайы фырт уыц ныхасмæ ныппыррыкк ласта. Бауырнæд дæ, мæхæдæг дзы фе сæрмы дæн. Уый дæр ма уый у, фæлæ мæм йе ’мбал, фендджы лæппу-лæг сабыргай фæстæмæ куы ракаст, уæд мæ зæрд кæдæмдæр ахсайдта. Фæлæ, зæгъын, Бабо, ды лæг дæ æви сы гоймаг дæ? Дæ фындз ма ’руадз! Афтæмæй Теппайы фыртм мæхи куы рамæсты кæнин. Цæуыл, зæгъын, худыс, лæппу? Н лæппу, зæгъын, прокурор кæй у, уый дæ рох у? Теппайы фы фæхъус. Йе ’мбалæн та цыма исчи йæ тыл æрдаудта: сæргуь бырæй бадти. Æз Теппайы лæппуйы, куыд фæзæгъынц, м разæй айстон. Ацы давæтты голлаг, зæгъын, уыныс æви н уыныс? Уæдæ дын, зæгъын, абон хуыцаубон кæй у, уый д амонын нæ хъæуы. Гъемæ, зæгъын, афонмæ мæ прокурор фы ардæм, Елхотмæ фæндагыл ис. Йæ мад та йын а-изæр йæ ды джыр хызын кæрдзынæй, гуымбылæй æмæ давæттæй байдз кæндзæн. Уый йеддæмæ мæ хæдзары давон никуыма сцæхджь чындæуыд. Ницы мæнг дын загътон. Мæ прокурор фыртæн йæ дæр æмæ йæ бинонты дæр Бабо дары, уый зон. Мæ бир фыдæбæттæ фæдзæгъæл сты. Цыппæрдæс азы æмæ... Цал мæй * загътон? Уыйбæрц æй фæцахуыр кодтон æмæ кæсыс. Стæй зивæг дæр нæ кæны. Æмæ дæм, зæгъын, дæ зæрдæ куыд дзурь 60
’Геппайы фырт ныххудти. Рацæй-рабон æмæ уыцы лæппу-лæг, Таймуразы ’мбал æгас Ирыстоны прокурортæн сæ хистæр куы разинид. Афтæмæй æз прокуроры кой куы скодтон, уæд а- иæхионæн, Теппайы лæппуйæн, йæ худындзæг фæцагайдтон, ,-}е ’мбал та куыннæ бадис кодтаид: «Ацы лæджы мæ цæрæнбон- тЫ куы никуы федтон, уæд мæ цæмæн хъазы?..» Не ’взæр лæппуйы æмбисонд цæй дымæгыл ракодтон? 0. Уыйбæрц хистæр уыдтæн Хъуыдинæйæ. Æмæ мæ æфсæрмы дæр куыннæ кодтаид! 0, æмæ йын лæппу афтæ зæгъы, Умарбег, æз, дам, дæ, мæ сæууон стъалы, уыцы зарæджы чызгмæ тæхудиаг кæнын нал бауадздзынæн. Мæнæ, дам, дын, гъе, ме ’фцæг дæр æмæ мæхæдæг дæр. Æртыхс, дам, мыл. Уый адыл лæппу æмæ чыз- джы уадултæ кæрæдзиуыл андæгъдысты. Чызг ма-иу йæ къухтæ æфсонæн стылдта, афтæмæй та йæм лæппуйæ фæиртæсыны фæнд нæ уыдис. Уый нæ, уъщ фæлæ йæм афтæ каст, цыма æгас дуне дæр йæхи баци. Йæ быны зæхх нал æнкъардта, йæ сæрмæ — арв. Райсомы мын Хъуыдинæ, йæ уаты рудзынгæй æддæмæ, бæрзонд рæгътæм кæсгæйæ, загъта: — Бахатыр мын кæн, Бабо. Фæлæ дæу куыддæриддæр фæнды, афтæ... Фæззæг. Нæхи... Иры кæвдæсы райдзаст фæззæг. Йæ дис- саджы нывæфтыд ахорæнтæ. Йæ алæмæты бæркæдтæ. Худтис æмæ нæм касти дзагцæстæй нæ фæззæг. Æвæрдта нын зæрдæтæ. Домдта нæ лæппуйы куывдтæ, чындзæхсæвтæ. Сыгъдæг зæрдæйæ цин кодтам кæрæдзийы циныл. Уыцы фæззыгон изæртæй иуы Æлдаттаты минæвæрттæн мах радтам разыйы дзуапп. Стæй сæ афæндараст кодтам сæ фæрныг хæдзæрттæм. Фондз барæджы хъазгæ, худгæ Æрджынарæгæй ахызтаиккой, афтæ хъæуы- сæрæй, Денгуаты куыройырдыгæй фæд-фæдыл æрбайхъуысти лыууæ гæрахы... Стæй — æртыккаг, цыппæрæм гæрах. Фаесæмбисæхсæв хъазыны гæрæхтæ куыд уыдаиккой. Нæ кæстæртæ фæрæвдз сты. Кæд лæппу нал уыдтæн, уæддæр фæди- еь1 фæстаг нæ уыдтæн. Активæй уыдтæн. Актив та ахæм актив, ^мæ мæ коммунист суæвынмæ дæр бирæ нал бахъуыд. Суанг ма мын сырх книжкæйæ дæр зæрдæ бавæрдтой. Фæлæ лæгæн ИУ хатт йæ сæры æнахуыр цыдæр смидæг вæййы. Раст фæндагæй фæцудынæн уыцы цыдæр йеддæмæ ницы бахъæуы. Мæ ныхас А['Н1 æгæр куынæ даргъ кæнон, уæд курдиат балæвæрдтон, 11артимæ мæ айсут, зæгъгæ. Стæй... Куыд уыдзæн, цы уыдзæн? Æмбисæхсæвты-иу райхъал дæн, 61
æмæ-иу бонæрбарухсмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, цæстытæ рудзы джы зыхъхъырмæ ныттынг сты. Фыдæй никæмæн никуы ниц ракодтон... Уæвгæ уый дæр сæрæндзинад нæу. Æнæ аххосæ рæстуд адæймаджы... фæнды дæхи, фæнды та дæ фарсмæ искæ чи бафхæра, уымæн хатыр кæнынæй «хорз бакодтай» нич зæгъдзæн. Мæныл уæдмæ ахæм сахат нæма скодта. Иу дзырдæ хъæбатыр мæлæтæй нæ тæрсы, зæгъгæ, ды дæр макуы зæг Цæмæй тарстæн, уый мæхæдæг дæр нæ зыдтон, кæд æй м зæрдæ æмбæрста, æндæр. Иу бон та нæ коммунисттæ æнæзивæг куы ’рбамбырд уаик кой. Мæнмæ дæр фæдзырдтой. Мæ курдиат мын хъæрæй бака стысты. Æз ард бахордтон, гъæйтт-мардзæ большевик кæй уы дзынæн... Нæ фæлæ ныронг дæр кæй уыдтæн... Ноджы ма м чидæртæ сцанцали кодтой, ацы хъуыддаджы дын æнæуи дæ ферæджы æмæ де ’нгæс дæхимæ уæд, зæгъгæ. Чи цы зæгъина у курдиаты фæдыл, зæгъгæ, райхъуыст Рамазаны хъæлæс, ом коммунистты раздзог Едзаты Рамазаны хъæлæс. Сæ иу æрба дзырдта: «Бæззон æмæ нымад лæг у Бабо не ’хсæн. Нæ фарсм сфидаудзæн... Куыннæ бахъæлдзæг уыдаин! Стæй нæх æрвадæлтæй лæг сыстади... Йæ ном дын барæй нæ зæгъын Сыстади ме ’рвад æмæ фыццагæй растдæр загъта. Цалынм ингæнмæ ныххизон, уæдмæ йын йæ ныхæстæ мæ зæрдыл ба дардзынæн. Бауырнæд дæ. Ме ’рвад загъта афтæ: «Бабо нæ нæдæр ныфс хъуаг, нæдæр хъару æмæ лæгдзинад хъуаг. Уыдæт ты тыххæй йæм хæлæггæнджытæ чысыл нæй». Æрмæст, дам уæ курын, æмæ мæм дзæбæх байхъусут. Мæхинымæр: ныр м хъуыддаг цъыфы ма стæлфа! Ме ’рвад афтæ: мæнмæ, дам, м зæрдæ куыд дзуры, афтæмæй Бабойæн йæ хъуыддаг махимæ н ’сбаддзæн. Иу лæгæй, дам, мæн нæ фæнды... Коммунистт кæрæдзимæ бакастысты. Сæхимидæг цыдæртæ дзырдтой. Рай- хъуысти сæ: «Дæ ныхас куы фæбæлвырддæр кæнис»... Уæд ме ’рвад йæ сæр бæрзонддæр систа, мæнæ цыма фæдис- æтты раззæгтимæ уыди. Мæнæн, дам, ме ’рвад тынг зынаргъ у. Стæй, дам, мын Бабо хъæдæй хъæумæ ’рвад нæу, фæлæ, хæстæ æрвад у. Нæ фыдæлтæ иу артæй байуаргæ сты. Стæй мæ ком коммæ бафарста: — Зæгъ-ма, мæ хорз æфсымæр Бабо, Хуыцауы æвастæй д дзыхмæ комдзаг исыс? ’ 1 Куы ницы йæм сдзырдтон, уæд та мæм æрбакаст æмæ афтæ — Кæннод, Хуыцауы нæ бафæрсгæйæ, дæ къæсæрæй рахи зыс? -, Уæд ын чидæр йæхи афарста: цымæ, дам, Бабо Хуыцаумзб 62 ^
"<г куРАиæттæ гæххæттыл фыстæй бадæтты æви, дам, йæ уæл- ^ус йæхæдæг балæууы? у[е ’рвадæн уыцы хъазæн ныхас йæ артæнтæ цæгъдæн бас- уЫхт. Кæд, дам, дын æз мæнæ коммунистты раз дзуапп рат- дзынæн! Мæнæн та мæ бон мæ дзых схæлиу кæнын дæр нал уЫди. Мæ фарс рахæцинаг чи уыд, уыдон дæр æрныгъуылдыс- ты æмæ мæ хабар афтæ рауад, æмæ ме ’рвады иунæг дзырдæп- парæн мæнæн мæ хъуыддаг ныссуйтæ кодта. Ныссуйтæ, зæгъгæ, æмбырдмæ чи ’рцыдис, уыдон, цыма раздæр ныхас бакодтой, уыйау йемæ сразы сты... Æз сæ нæ хъаст кæнын. Суанг ме ’рвадæй дæр. Куыд сæм фæхæрам уыдаин? Рамазан мæ бафар- ста, Бабо, дин аппарыны хъару дæм ис æви нæй, зæгъгæ, уæд ын ницы дзуапп радтон. Æниу, цы загътаин? Мæ Хуыцауы хайы мæ къахфындзæй куыд ассыдтаин! Мæ къух мæ Хуыцауыл нæ систон, афтæмæй, кæд къуылых дæн, уæддæр нæ хицауады хах- хыл рагæй дæр цæуын, æнæфæцудгæ. Хуыцауы зæрдæхудт кæй нæ исын, уый та, мæнмæ гæсгæ, сусæг кæнын нæ хъæуы. 0, æмæ... Ныхас ныхасы къахы, зæгъгæ, фыдæл рæстытæ дзырд- та. Ды дæр æмæ чифæнды дæр афтæ ’нхъæл ма уæд, æмæ Бабо Хуыцауыл йæхи хуымæтæджы æнæрхъуыдыйæ ныффæдзæхста. Уæллæгъи, нæ! ...0, æмæ дын уый дзырдтон. Кæд мæ коммунисттæ сæхи- уыл нæ банымадтой, уæддæр æз мæхицæй тыхджындæр акти- выл никæйы нымадтон. Абоны онг цардмæ лæгдæрты аууонæй кæсын Бабо йæ сæрмæ нæма æрхаста. Уый тыххæй мæ сомы кæнын дæр нæ хъæуы. Фæдисы та фæстаг никуы уыдтæн. Афæрс, кæй дæ фæнды, уый. Гъемæ, фæсæмбисæхсæв хъæуысæрæй, Донгуаты куыройырдыгæй гæрæхтæ куы райхъуыст, уæд æгас хъæу фæдис ссис. Мæнæн дын мæ австрийаг фондзæхстон мæ къухæй хицæн кодта, куыннæ. Æмæхгæд хъатара æфцæгыл, афтæмæй бæхыл абадтæн... Ахæм заман уыдис, æмæ барæг бæхтæн æхсæв сæ сæргътæ нæ истам. Фесхуыстон æмæ мæ фæндаг Едзаты Пысымайыл ракодтон. Партиннæй уыдис Пы- сьща. Стæй ма милицæйæн цыдæр хицаугонд дæр. Гъемæ, дам, А’См, Бабо, дæ зæрдæ куыд дзуры? Цы хабар уа? Бафарста мæ Г1ысыма. Мæ зæрдæ мæм, зæгъын, афтæ дзуры, æмæ уыцы туг- м°ндаг Цонгой кæуылдæр йæхи андзæрста. Æмæ, зæгъын, æтт, м^ хæсгæтæ, æз йæ фендмæ мæ былыцъæрттæ куы хæрын. Æцæг ^ьг уыдис, уый загътон. Уыцы рагуалдзæгæй суанг æрæгвæз- ^еШæ мæнмæ куы бакастаис. Мæ судзгæ мастæй ма мæхи '1еРдæм фæкодтаин, уый нал зыдтон. Кæд æй не ’рыхъуыстай, ^еА дын æй радзурон... 63
Гъемæ, хорз... Æз кæд дæсны лæг нæ дæн, уæддæр цы хъуыды кæнын зонын. Гъемæ хъуыды кæнын кæм зонын, у мæм мæ зæрдæ афтæ бадзуры. Ныр, тæккæ райдайæнты лæг цы бирæ бæллæхтæ фенхъæлмæ кæсынц, уыдон ыл сæхи уыц калд цæуыннæ æрбакæнынц? Афтæмæй йæ кæнæ аууæрдæ } ацъист æй кæнæнт, кæннод та йæ цæрын бауадзæнт. Уый æндæ — абон иу хъизæмар, райсом иннæ фыд. Дæ фарн бирæ. Уæд мæ байзæддаг бакъорд сты, Хуыцауæй разы. Уый дæ бауырн æмæ Цонгойы сырдтæн сау хъæды æххормаг бирæгътæ сæ р джы дæр нæ уыдысты. Æрурæдтой мæ хъæды астæу. Хъуа æнхъæлмæ кастысты, фæлæ мын Хуыцау дæр мæ бирæ саби I уæзæгыл куыд фæуагътаид?.. Стæй сæ тæгшудтæй кæй нæ дæ , уый дæр зыдтой, æвæццæгæн, æмæ мæ амæстæймарынвæ уымæн скодтой. Уæвгæ ма сæ уый дæр цæмæн хъуыди , Уæлбæхмæ Цонгоймæ куы скастæн, уæд мæ зæнгты магъз ат ди. Йæ дзых-иу куы схæлиу кодта, уæд-иу йæ боцъотæ хл пайы куырисы змæлд бакодтой, йæ галиу цæст-иу цасд цъындæй аззади... Æниу дын мæ ныхас сæрæй та цæуыннæ р ’ кæнын. Нæ адæм мæ, бригады адæмæй зæгъын, уæнгуыты дзывыр ист скодтой. Ардыгæй-ардæм, дам, ма Арыхъмæ суай æмæ и голлаг картæфтæ æрдав. Цы ’фсон скодтаин? Бæхыл сарг сæвæрдтон. Хъæдтæ абырджытæй бæз-бæз кодтой, уый куынн зыдтон, фæлæ цы гæнæн уыдис. Æнæ фыдбылызæй схæццæ дæн Арыхъмæ. Дыккаг бон ка тофы голлагимæ раздæхтæн. Хуыцау æмæ йæ буц зæдтæм куы зæрдиаг куывдтытæ фæкодтаин, уый дæхæдæг æмбардзын Диссаджы лæгъстæтæ. Мемæ ма мын дыууæ хъарм кæрдзынь хъæбæр цыхт æмæ авджыдзаг дæр нывæрдтой. Иузама æфцæгæй фæуырдыг кодтон, Даскъофырдæм. Хæцæнгарз н айстон мемæ: чи мыл сæмбæлдаид, уый дзы кæнæ маргæ ако таин, кæннод та мын æй мæхи риуыл ныффæздæг кодтаид. Са хъæды астæу лæг иунæгæй цæуыл фæхъуыды кæны, уый д кæд нæма бавзæрстай, уæд æм ма батагъд кæн. Æз мæ кæнæгæ агуырдтон иунæг хорз: Мæ бинонты къордыл ма мæ цæм сæрыгасæй сæмбæлын кодтаид. Уыцы хъуыдытимæ, бæхы ро тыл хæцгæ фæкъуылых-фæкъуылых кæнгæ, размæ æфсæрстон 0, мæ кæнæг Хуыцау! Цы дæ бафæнда æмæ лæгæн цы нæ ба зарын кæндзынæ! Раст цыма зæххы бынæй,— мæ размæ сæнтс бæхыл февзæрди æнæдаст, фæлурс барæг. Зондцух лæджы ху мæм æвæндонæй бакодта, стæй мæ куы афæрсид: — Цæмæй фæтарстæ? Уæвгæ, æвзæр уд дæр зынаргъ у... | 64
уЕз æм сонт каст фæкодтон. Дæ зæрдæ дæ, зæгъын, сайы, л,сПпу. Лæг лæгæй куыд хъуамæ тæрса?! Стæй нын, зæгъын, фЬ1дæлтæй æгъдауæн куы баззади, сæмбæлгæйæ, фыццагдæр салам раттын. Уый адыл чъылдымырдыгæй мæ хъустыл æндæры пыхас ауади. «Гъемæ уæд салам-алейкум, хорз лæг». Æз æм фездæхтæн. «Алейкум-салам», зæгъын. Фыццаг та æдылыйы худт бакодта. Æвæццæгæн, дам, мах чи стæм, уый зоныс. Æз мæ сæрыл бæрзонддæр схæцыдтæн æмæ йын афтæ зæгъын, Хуыцау мæ, зæгъын, ныронг хизы æвзæр æмбæлджытæй. Æмæ, зæгъын, иугæр афтæ кæд у, уæд сымах дæр стут, стыр фидæн кæмæ ’пхъæлмæ кæсы, уыдонæй. Уыцы ныхасмæ дыккаг лæппулæг йæ бæхæй æрхызти. Хæстæггомау мæм æрбацыд. Фæрсы мæ: — Гъы, гъы, хорз лæг, уæд дын дæхимæ та цы цæстæй кæсы Хуыцау? Табу, зæгъын, йæхицæн. Мæ балцы мæ, зæгъын, кæддæрид- дæр Уастырджийыл ныффæдзæхсы. Уастырджи та мын, зæгъын, мæ размæ рарвиты сымах хуызæн хуыцауыуарзон кæстæрты. Афтæ, зæгъын, мæ хуртæ, афтæ! Нæ ныфс дæр æмæ, зæгъып, нæ цæстыты рухс дæр сымах стут. Æмæ та уыцы æдылыдзæф йæ дæндæгтæ базыхъхъыр код- та. Фæлæ ацы хатт хъæрæй нæ бахудти, æрмæст йæ цæст æрцъынд кодта æмæ йе ’мбалмæ бадзырдта: — Гъæй, Хъазджери. Сæ сæмпæрчъитæй нæу.— Йæхæдæг дæрдджын зæнгойы хъус ехсæй æрдаудта. Фæрсы та мæ: — Дысон та дæ фыны цы федтай? Æз куыддæр адзæгъæл дæн: уый та йæ чердыгæй бахъуыд? — Фынтæ чи нæ хæссы, уыдонæй куы у,— загъта та æды- лыдзæф. Дæ бæх, дам, ма ам фæуадз æмæ нæ фæдыл рацу. Мах дын æнахуыр диссæгтæ фенын кæнæм. Уыцы ныхæстæ æмæ кæйдæр быннозæй ласгæ бæзджын хуыфт баиу сты. — Иæхæдæг рацæуы. Уæртæ, гъе,— загъта фæлурс лæппу- лæг. Фæкастыстæм, хуыфын кæцæй райхъуысти, уыцырдæм. Бæх ^енæмæт, æнæсагъæс, худæндзаст æрыгон лæппуйы бын кафы. Цæмæйдæр мæ афæрса, зæгъгæ, йæ фарсмæ дыккаг барæг алæу- уьгд. Уый та, дæргъæлвæс, халас æфсургъыл. Цæстæнгасæй мæм ^ембаргæдæр фæкасти. Æнæуи, кæд мадызæнæг æфсымæртæ ^æ уыдысты, уæддæр туг-хæстæг хъуамæ уыдаиккой. Стæй та ^ртыккаг барæг. Амæн йæ уæззау мыдхуыз бæх, тæфæрфæс ,сæнæгау, мæ тæккæ цур йæ сæр бынмæ æруагъта. Иннæтæ ницы, фаелæ ацы лæг... Йæ бæзджын, сатæгсау схъæл рихитимæ, Хъуынджын тар худы, йæ тæссармæ арæзт цæстытимæ уыдис сеЦæг абырæг, æмæ... Уый хæдфæдыл фæндагмæ сау нымæты ^ М.|х дуГ № 3, 1999 65
рахызт бурхил лæппу-лæг. Сæрыл—сызгъæринхуыз уæлдзар» худ. Цæхæртæкалгæ тымбыл цæстытæ йын, бæзджын æрсщ гуытæ ныхыл сæхи бæрзонд систой. Истæмæй бафæрсыныл мЯ нæ тагъд кодта, æмæ йæм æз дæр кæсынтыл фæдæн. Идонш рохтæ рахиз къухы куы ауыдтон, ехс та — рахиз цырыхъхъщ хъусы, уæд мын мæ зæрдæйы хъустæ чидæр аркъæуттæй æрба;я вæста. Буар ауазал. Кæсын, æмæ лæджы цæстытæ æнахуыр тын! аисты, йæхæдæг быннозæй зæрдиаг хуыфт скодта, æрдæбонщ хуызæн. Мæнмæ афтæ фæкасти, цыма йæ морæ цухъхъайы быж уæдæй ардæм нырма ныр сулæфыд. 0... Уый йæ цухъхъай» галиу дыс афтид куы у. Бæрзонд, сырх бæхыл бады æмæ мæш уырдыгмæ кæсы, хъæрццыгъа йæ амæддагмæ куыд кæса, афта! — Цонгой-абырæг. Абубекир, нæ хъæды паддзах. Цымæ мы| цы йæ зæрды ис? Актив дæн, уый кæд зоны, уæд «амин», Бабо! — Ды дæ Бабо. Ды дæр мæ зоныс. Хин каст ма кæн,— загъ-1 та Цонгой кæсгон здæхт. 1 — Уый фæуæд. Фæлæ мæ зонгæ та куыд æгъдауæй кæны?-| Ныр, дам, дæ хæрдмæ фехс, уæд дард атæхис? Æмæ мын,| зæгъын, зæххыл тас куы ницæмæй у. Стæй, зæгъын, къуылыхæй! кæйонг атæхдзынæн... I — Уый хорз. Хорз,— загъта та Цонгой.— Фæлæ, зæгъæмд æз Елхоты болыневикты къухтæм бахаудтæн... 1 — Æнхъæлмæ дæм тынг кæсынц, фæлæ сын уый мархо у,—I æрбадзырдта йæ хъузæттæй чидæр. Цонгой йыл йæ къух ауыгъта,! йæхæдæг мæнмæ кæсы. Æз, дам, дæу фæрсын, Бабо. Уымæй, зæгъын,! Хуыцауы бафæрсын хъæуы. Фæлæуу æмæ, дам, уæдæ дæу уæлæ| уыцы бæласыл æрцауындзæм æви нæ уымæй дæр Хуыцауы фæрсын! хъæуы? Уымæй, зæгъын, Дунесфæлдисæджы дзуапмæ куынæ! банхъæлмæ кæсат, уæддæр мæн не ’рцауындздзыстут, уымæн æмæ| уæ мæ сæр кæддæриддæр бахъæудзæн. Бабойы сæр... 1 — Оуу, оуу! Цæмæ дæм æнхъæлмæ кæсæм, цымæ? Цы уа уый?1 Æхсидав, зæгъын, фыццагдæр рухс кæны, кæй къухы ис,1 уый развæндаг. «Хорз куы ракæнай, уæд ыл фæсмон макуы! бакæ»,— афтæ, зæгъын, загъта фыдæл. I — Разы дæн. Афтæ у уый,— загъта та Цонгой.— Ацы лæппу-1 ты цæрæнбонмæ кæй кувдзынæ, уый мæ уырны... Цæргæ куы| баззайай, уæд. Ацы хатт уал Рубайты Бодти æмæ Дзгойты! Алисойæн бамбарын кæн. Фæйнæ фондз бæхы... Сæрæндæр! хайуантæ кæвдæстыл бабæттæнт, сæхæдæг сæхи айсæнт. Со-| мыхсæв. На уый нæй — уæ мусонгтæ фæнык фестдзысты. Кæ-1 уыл сæ æрхæст уæм, уыдон та сæ уарзæтты цæссыгты хай ба-| уыдзысты. 1 66
Стæй йæ хъузæттæй иутæм йæ цæст æрныкъуылдта, афтаемæй идоны рохтыл æрбахæцыд. Фæндагæн йæ иннæ фарс \ъх^ы фæныгъуылд. Фыццаг мыл чи амбæлди, уыцы лæппу- дсегтае мын мæ хъама райхæлдтой, басылыхъ айстой. Дзыппæй сцсын кодтой ме ’ртæ сомы æмæ зæронд хæрынкъа. Хуымæтæ- д>кы рæсугъд, аразгæ дзабыртæ мыл уыдис. Уыдон дæр сæ бахъ- уыдысты. Картофы голлаг, дыууæ кæрдзыны æмæ авджыдзаг дæр айстой. Хорз, æмæ саргъмæ нæ фæкомкоммæ сты, нæбæззон уыдис æмæ, æвæццæгæн, уымæн. Бæх ныууагътой. Маргæ дæр... Чи зоны, хъæддых сæм куы фæлæууыдаин... Кæннод сæ куы фæтарстаин, уæд мæ акъæрцц ластаиккой. Фæлæ Бабо худ хæссы. Нæ фæлæ куыд цъаммар уыдис... Цонгойæ зæгъын. Со- мыхсæв, дам, уæм фæцæуын. Бæхтæ кæвдæстыл æрбæттут. Лбырджытæ... Цæй абырджытæ? Абырæг мæ зæронд хæрын- къа ’мæ хæцъил дзабыртæм куы ’рхауа, уæд ма уый абырæг у? Мæ ныхас дын дæрдтыл куынæ кæнон, уæд бригадмæ куыд æрхæццæ дæн æмæ адæммæ мæхи куыд равдыстон, уый уыдис стыр диссаг. Ныр дæр ма мæ хъустыл сæ худын ауайы. Мæнæн мæ игæр артыл сыгъди, мæ маст дымсти. Уый нæхи Дзаххотт куыд нæ ’мбæрста, уæддæр ма пиллон артыл æхсидæвтæ æвæрдта. Йæ дыууæ къухы хæрдмæ систа æмæ дзуры: — Мæнæ хорз адæм! Хуыцауы афтæ бафæндыдис, æмæ уыцы æнаккæгтæ ме ’фсымæры фæкафын кодтой, цалынмæ йæ дза- быртæ нæ ныкъкъуыхтæ сты, уæдмæ. Æмæ ма сын сæ бызгъ- уыртæ ардæм цы хастаид. Гъемæ уæ, мах, Сæлбитæ уыцы хорз курæм, кафты хабар хъæуыл куыннæ айхъуыса. Алывыдтæ йын фæкалдтаин Дзаххоттæн, фæлæ мæ хистæр уыдис. Маст мæнæ ам, мæ гуцъайы ныццæхгæр, мæ улæфт мын æхгæдта. Гъе, уæддæр кæйдæр дзабыртæ мæ къæхтыл акодтон, мæ бур бæхыл абадтæн æмæ — Бодтийы бригадмæ. Уырдыгæй —- Алисомæ: Цонгойы фæдзæхст сæм фæхæццæ хъуыди. Мæныл ЦЬ1 ’хсæв, стæй та цы бон аивгъуыдтой, уыдонæн æрмæст се ’рымысын дæр хъаймæтмæ къах бавæрд у. Цы дæ бауырна: Лыккаг æхсæв Цонгой ныббырста... Æцæг, Бодтийы æмæ Али- ^ойы фæуагъта. Æмæ йæхи рахафта Боцыны бригадыл... Дæлæ Карсанты Боцынæй зæгъын. Цал уыдысты,— зын зæгъæн у, фæлæ дзæбæх къорд уыдис Цонгойы бал. Цыма йæ уæны касти Коцын: уыцы æхсæв нæ авд лæгæй æхсæвæддæ бынаты баурæд- та. Æртхъирæн кæмæ кæнынц, уыдонæн, дам, ницы тас у. Кæрты къуымты, хосдоны, бонхæрæны дыгæйттæй нæхи бааууон код- там. Кæсæм, æмæ цалдæрæй æрбахъуызынц кæртмæ. Дыууæйæ ^хтæй цæрдæг æргæппытæ ластой. Бæхдоны дуармæ бауады- 67
сты. Фегом æй кодтой, Базгъордтой мидæмæ. Бæхдон афтря куы разынд, уæд сæ иу фæхъæр ласта: «Судзгæ! Æндзаргæ!! Уыцы хъæр æмæ цавæрдæр саби лæппуйы цъæхахст ныццарыД той. Каст ма цæмæ уыдаид — ралæууыдыстæм сыл. Лæппу т| уыдис Отарбийы... Милдзь хты Отарбийы дыууадæсаздзьш лæппу. Сæ иу æй ласæн къутуйæ фелвæста æмæ йæ иннæма! уæлбæхмæ авæрдта. Хорз æмæ уымæ, лæппу чи аскъæфта, уым| Боцын фæцарæхсти. Нæмыг бæхыл сæмбæлдис. Лæппу иуырдæ! расхъиудта, барæг æмæ бæх та — иннæрдæм. Лæппу ралыгъд Лæг йæ фаздзармыл абырыд. Бæх йæ гæндзæхтæ цагъта æма ма йæ Боцын иу æхст бакодта. Йæ барæг лæнчы фæныгъуылд Зиан ныл не ’рцыди. Æрмæст Едзаты Хъауырбеджы къахи фæлмæны нæмыг ахызти, Боцынæн та йæ уæнæй гæбаз айста! Райсомы рацыдыстæм. Кæсæм, æмæ нæ хæддзу уазджытæй дыууæйæ хъæдырдæм тугвæдтæ ахастой... 1 ...0, æмæ уыцы ’хсæв Æлдаттаты минæвæртты куы афæнда-] раст кодтам, уый хæдуæлвæд гæрæхтæм фæдисæтты разæй дæп уымæн тахтæн. Цонгойы бал æнхъæл сын уыдтæн. Атагъа уай-| тагъд нæ фæсивæдæй æмызмæлд ссис. Къордгæйттæй кæмттц фæныгъуылдыстæм. Бонырбарухсмæ махæй хæдзар ничи баца-| гуырдта. Уæддæр нæм æвирхъау хабархæццæгæнæг ничи фæци.' Хабар та ахæм, æмæ дын нæ сиахсаджы размæ куы бабадик- кой. Умарбегæй зæгъын. Цыппар æхсты йæ бакодтой. Æртæ нæмыджы йыл сæмбæлд. Уайтагъд æй аскъæфтой Беслæныхъæ- уы рынчындонмæ. Чи уыдысты? Кæмæн цы ракодта?.. Хъуы-. динæйы мой заманхъуйлаг Рамазан уыдаид?.. Æмæ цæмæн?. Чызгæй йæ бон куы базыдта, уæд цæмæн? Нæ. Умарбег никæмæн’ ницы ракодта. Уый хъæддаг ми у. Уæдæ чи? Сæ къæсæрæй æнæдзуаппæй кæй минæвæртты фездæхта, уыдонæй исчи? Зын; зæгъæн у. Дызæрдыггаг хабар. Æхсæвы тарæй куыд бамбæхста; фыдгæнæджы, афтæ нымæхстæй баззадис абон дæр. Дымгæ та; йын йæ фæдтæ ныммарзта. Хорз, æмæ нæ сиахсагæн йæ уд дзæбæхæй аирвæзти. Фæлæ] лæджы хуызæн лæджы зæрдæ нæ чызг æмæ Умарбеджы уавæр! йæ хæрамæн дæр нæ саккаг кæндзæни. Афтæ, хуыцауыстæн.| Уарзон бинонтæ. Хъуыдинæ сæ иунæг чызг. Уæддæр мæхицæй] куы зæгъон, уæд иу лæгæй мæнæн Хъуыдинæмæ кæсын мæ бон| нал уыдис. Æмæ мын иуахæмы æвæджиау æфсон фæци. Мæ| беслæныхъæуккаг хæлар Азджери... Хъамбегатæй... Хæстæй нал| сыздæхти. Фæлæ уый абон дæр никæй уырны. 0, æмæ Азджери! йæ хойы моймæ лæвæрдта. Æмæ мæ куы бацагурид. Æз| ныффæнд кодтон, Хъуыдинæйы кæнын мемæ, зæгъгæ. Мады! 68
^æр, стæй æфсымæртæй дæр никæй бафарстон, æрмæст сын бамбарын кодтон, кæдæм æмæ цæй охыл цæуæм, уый. ...Уыциуцыдæй не ’ргом радтам рынчындонмæ. Балгъитæгæн дæр уый зæрдæ нæ бакомдзæн. Æвæдза, адæймаджы цармы цас хъæхъхъаг сырдтæ тыхт ис! Хуыцау цæрынæн кæй радта, #гас хъæуæн уарзон, фæсивæды раз фидауц чи у, уыцы цæрэеццаг, æвзыгъд лæппуйы зæрдæмæ, дæхи ма фæхъахъхъæн, зæгъгæ, мæлæтхæссæг хотых ныццараз!.. Зынтæй нæм ракасти Умарбег. Куыд тынг æй фæндыдис бахудын, фæлæ йæ цæст уайтагъд цæссыджы разылди... Дык- каг цæст ын бæзджын баст уыдис кæрдæнæй. — Æнæфыдбылыз у. Уыдонæн та Хуыцау ма бахатыр кæнæд,— загътон æз æмæ йæ фарсмæ æрбадтæн. — Бузныг, Бабо. Ницы мын у,— загъта Умарбег æмæ ах- хосджыны каст цармæ скодта. Бадын Умарбеджы фарсмæ. Цы йæ хъыгдары, цæмæй тых- сы, уымæй йæ куыд бафæрсон, йæ уавæр ын мæхи дыууæ цæстæй уынгæ куы кæнын, уæд. Мæхицæн загътон: «Нæ, нæ, афтæ нæ бакæндзынæн. Уырысби куы нæ дæн»... Адæймаг æрмæст цæргæ кæнæд, æндæра цынæ фендзæн æмæ цынæ æрыхъусдзæн! А- Уырысби... Уæлæ Муссæйы фырт Уырысбийæ зæгъын. Цæрæнбонты рис нæма бавзæрста, уымæн æмæ низы хъæстæ никуыма фæци. Æртиссæдз азы уал рацарди æмæ дзы «охх» ничима фехъуыста. Иу дзырдæй, уыцы кары хъæрзын нæма зыдта. Йæ дæндаг дæр æй никуыма срæхуыста. Уæртæ уый рынчын у, зæгъгæ-иу кой куы рауади, уæд-иу йæ цæсгом ал- хынцъытæ кодта, стæй-иу йæ фындзыбынæй райхъуысти: «Ныу- уадзут, уæ хорзæхæй! Æдылы у æмæ фæрынчын». Уæд дын Уырысбийы фыдыфсымæры лæппу Бадзийы тыхстæй рынчын- доны куы ’рывæриккой. Райдианты йæ Уырысби ницæмæ æрдард- та. Загъта-иу: «Цæй, о. Ницы тас ын у. Дæлæмæ дæр — игæр æмæ уæлæмæ дæр — игæр. Цъиувæдис сисут, марадз». Фæлæ тыхст у, зæгъгæ, йæ хъустыл цалдæр хатты куы ’рцыди, уæд #м махимæ рынчынфæрсæг фæрасти. Æфсæрмæй. Æз уал чунæгæй бацыдтæн мидæмæ. Бадзийыл цыма хур ракаст. Стæй мæ афарста: — Демæ ма исчи ис? Къордæй, зæгъын, стæм. Уæхи Уырысби дæр... Бадзи куыд- Аæр фæтæрсæгау кодта. Батыхсти. Æз, дам, дæ фыды уазæг, ^або, исты ’фсонæй йæ аздах. Йæ уайдзæфтæ, дам, мын мæ иизмæ низ бафтаудзысты. Æмæ йæ цы хуызы аздахон, ууыл кУыд хъуыды кодтон, афтæ дуар йæ хъæлæсы дзаг фегом, æмæ 69
Уырысби лæбурæджы лæуд нæ уæлхъус акодта. Къухтæ чъыл| дымыл цæхгæр æвæрдæй, афтæмæй Бадзимæ ныккасти. Æрф| гуытæ ныхыл ныллæгдæр æруагъта æмæ фæрсæгау загъта: I — Ме ’фсымæр, æнæниз у. Фæлæ дæхи куыд аскъæрдтаи уый? Худинаг нæу? Стæй цæмæй тæрсыс? Лæг иу бон гуырга! ракæны, иннæ бон — мæлгæ. 1 Æз æм мæхи бадзагъултæ кодтон. Фæлæ йæ Хуыцауы хайы дæр чи никуы ницæмæ æрдардта, уымæн мæ дзагъултæ цы сты?.1 Уырысби мæ цуры алæууыд æмæ Бодзимæ ныккасти, ныртæккаа дзы цыма йæ цæстытæ иннæрдæм ахиздзысты. Стæй йæ сæд къодахы æнкъуыст бакодта æмæ йын дзуры. Дæ низы кой, дам| нæм рауади Бабоимæ. Хорз низы ахасты, дам, нæ фæдæ, ма ’фсымæр. Дæ мады æфсымæр Джетæгъæз, дам, æртæ къуьь] рийы æмæ дыууæ боны йеддæмæ уыцы низы ныхмæ лæууын нæ| бафæрæзта... ^ 'I Уый адыл Бадзи бынтондæр йæхи ауагъта. Йæ Ахæрæтмæ^ йæм мæ цуры хонæг куы фæзындаид, уымæй хуымæтæджы тарст фæкодтон. ...Ныр та мах, æз æмæ Хъуыдинæ лæууыдыстæм цæфтæ æмæ сæстытæ, пырхытæ Умарбеджы раз... Нæ. Мæнг дзурын тæригъæд у. Æз бадгæ кодтон, Хъуыдинæ — лæугæ. Мæнмæ афтæ касти, цыма, уатмæ гом рудзынгæй цы уддзæф кæлы, уый Хъуыдинæйы ныртæккæ хæрдмæ сисдзæн æмæ, уалдзыгон гæлæбуйау, дæлæ фæтæхы. Мæн дæр, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Хъуыдинæйы дæр фæндыдис рынчыны уавæр базонын. Йæ дыууæ къахы дæр ын æцæг алыг кодтой, æви уыцы æвирхъау хабар хæрамы дзыхæй райхъуыст... Кæд, мыййаг, йæ игæр æмæ фæрсчытæ дæр йæ мидæг нал сты. Æцæг цы у, уый куыд базындæуа, зæрдæ йæ бафæрсын куы нæ фæразы, уæд? Уырысбийы ми мыл куы ’рцæуа,' зæгъгæ, уымæй хуымæтæджы тарст кодтон. Æниу Хъуыдинæ та... Раст фæзæгъынц: хорз алкæмæн амондæн æххуыс нæу. Умарбег мæм фæкасти, фæкасти, стæй йæ баз бадзæбæх кодта; æмæ афтæ зæгъы: ^ — Цыдæр сагъæсхуыз дæ, Бабо. Мæн тыххæй?.. Нæ хъæуы...^ Æз тагъд фæдзæбæх уыдзынæн... 1 ...Хъæмæ фæндагыл Хъуыдинæйæн фæныхæстæ кодтон.1 Амонд, зæгъын, зынаргъ у, æмæ зæгъын, алы амонд дæр уар-Я зондзинадæй уымæн райдайы. Хъуыдинæ мæм уыцы цыбæл каст| кодта, цыма йын ныртæккæ диссаджы хæзнайæ йæ зæрдæ бал-| хæндзынæн. Ноджы ма йын Къостын æмæ Афизæты уарзон-1 дзинады хабар дзурынтыл куы схæцин... | 70
Ходы Бодзийы фырт Къостын æмæ дæлæ, Къубалты ^ечъайы чызг. Судзины хуызæн, саулагъз Афизæт. Уыдон дын 1<æрæдзийы куы бауарзиккой. Ахъуыды ма кæ, фондз хатты ^ш дæ минæвæрттæн æнæ дзуаппæй, цы дуарыл æрбацыды- сТы, уымæ бацамонæнт, уæддæр æм ныхас ма хъарæд. Ныфс ^зы уыдис чызгæй. Фæлæ-иу хæстæджытæ чызгмæ æфсоны фарст кæнынмæ сæхи куы байстой, уæд-иу сын æгъдаумæ гæсгæ загъта: — Куыд хуыздæр у, уый уын амонын нæ хъæуы. Йæхицæн-иу йæ зонд ныккуыддæртæ. Цалдæргай бонтæ-иу дзыхмæ хæринаг нал систа. Скъæфынты дугъыл та кау рафæл- дæхтис, уыйеддæмæ йæм Къостын райсомæй изæрмæ дæр нæ фæкастаид. Иу бон та Къостын Къубалтæм барвыста: «Сымах куыд фæнды, афтæ уал уæд. Кæд быцæу лæууын зын у, уæддæр æз æнхъæлмæ кæсдзынæн. Алы мæйноджы дæр уæм æрвитдзынæн мæ минæвæртты. Цымæ нæ уæхимæ цæмæн хæрам кæнут?» Хуыцауы афтæ бафæндыдис, æвæццæгæн, æмæ нартхорто- пæнты рæстæг иу изæр, быдырæй здæхгæйæ, Хæчъаимæ нæ фæндаг баиу. Нæ уæрдæттæ раздæр рарвыстам, нæхæдæг фистæгæй ныхасгæнгæ цæуæм. Нæ ныхасы сæр уыдис, кæйдæрты куывд Хуыцаумæ кæй сыхъуысти æмæ уый руаджы фæззæг хорз кæй хаста, æдыхстæй нæ хортæ кæй æфснайдтам, ууыл. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, кæд æмæ, дам, æнæ хор æмæ æнæ лонæй адæймаджы къæхтæ размæ исын нæ комынц, уæд æнæ койтæ хъустыл рæмпæг сысты. Кæсын, æмæ Хæчъа æрæнкъард. Цасдæр æнæдзургæйæ ауадыстæм. Хуыцау бæлвырдтæ зонæг, фæлæ æз афтæ ’нхъæл фæдæн, цыма мын йæ хъаст ракæна æви нæ, ууыл дызæрдыг кодта. Гъе, фæлæ маст уæлæмæ куы нæ абуха, уæд мидæгæй, æнуды æнхъизгæ кæны. Ацы хатт афтæ рауадис, æмæ Хæчъа йæ хъаст фидар æхгæдæй мæ фарсмæ хæссын нал фæрæзта. Иу каст мæм тæссармæ æрбакодта, стæй та — дыккаг. Фæстагмæ загъта: — Æнæ ныхасгæнгæ дæр нæй, Бабо. Зоныс мæ. Адæм куын- "æ федтон æз дæр. Фæлæ уыдон хуызæн ныхасмæ чи нæ хъу- ^Ь1... иу дзырдæй, уисæн чи нæ зоны, ахæмтыл нæма сæмбæлдтæн, ’ьæ кæнæг хуыцауыстæн. Йæ хæдзармæ йæ рардæ уа! Дзыхы ^ыхасæй æмбарæм кæрæдзийы. Адон та... Æз сæ бафарстон: 1ызг мæ чызг у æви нæуг Æз æй схъо’мыл кодтон æви йæ æндæр 11счи схъомыл кодта? Мæнæй хуыздæр фæндиаг æм, зæгъын, '111 дары, уый чи у?.. Гъемæ мæ, зæгъын, уæд ныууадзут. Мæнмæ Р^сыггæнаджы фыртæн чызг нæй. И? Уыцы дзуапп дæм куыд 71
кæсы? О-олæ, ирд арвы хъæбысы хур куыд бæрæг дары, афт| бæлвырд нæу мæ ныхас?.. Уæллæгъи, у! Æви æз рæдигæ кæныД Куы ницы йæм дзырдтон уæд мыл сбустæ кодта: 1 — Æз дæумæ дзурын, дæумæ! Дæу фæрсын! 1 Æз ныхъхъуыды кодтон. Æз мæ зæгъинаг куынæ загътаиш уæд мын уыцы лæппу æмæ чызджы тæригъæд фидгæ æрцыда! ид, уæлæуыл куы нæ уа, уæд та мæрдтыбæсты. Уымæй тæрсгæй 1 йæм бауæндыдтæн. Æз, зæгъын, Хæчъа, уыцы кары нал дæм æмæ дæу хуызæн æмгæртты зæрдæтæ дæлвæдзыг-уæлвæдзы! ныхæстæй къахон. Фидар бæласы бындзæфхадæй, зæгъын, цЛ ницæйаг талатæ сдзæхст ласынц, уыдонæй уæлдай мæм, зæгъын! нæ кæсынц æнæрхъуыды лæгтæ. Дæ фарстæн, зæгъын, æвас! дзуапп раттын мæ бон кæй нæу, уый мын бахатыр кæн. И/и чысыл курдиат мæм, зæгъын, ис. ] Уый фæтæрсæгау кодта æмæ йæ сæрыл уæлдæр схæцыд| Йæ фындзы бын загъта: ч — Гъы! Ничи йæм хъусы,— йæхæдæг йæхи фæрсмæ кæсæг| скодта. Æз куы ницы дзырдтон, уæд та афтæ зæгъы: ! — Иу дæу хуызæн йæ сыхагмæ хонæг æрбацыд, æмæ йын’ сыхаг куы бакой кæнид: «Нæ фæлæ ма уæ чъиритæ ардæм æрбадавут, махмæ. Ам сæ акувдзынæн». Уыйау ды дæр: «Кæд мын ды дзуапп радтай, уæд дын æз дæр дзуапп ратдзынæн»... Афтæ зæгъыс? Нæ фæлæ ма зæгъ: цы базонын дæ фæнды? Бахатыр, зæгъын, кæн, Хæчъа. Уыцы лæппуйæн йæхимæ фау чи хæссы, ахæмтæ дæр уыдзæн, æвæццæгæн... Лæг мæм фездæхти æмæ йæ дыууæ къухы хæрдмæ фелвæ- ста, цыма мæргътæ йæ цæхæрадонмæ æрбаирвæзтысты, йæхæдæг фæхъæр ласта: — Афтæ ’нхъæл дæ, уымæй мæ фыццаг ды фæрсыс?! Æви1 искуы сæгъæй уæрыкк райгуыргæ федтай? Фæлæуу, æмæ, зæгъын, дæ чызгæн кæд йæ амонд уыцы лæппу у... Уæд сæ тæригъæды цæмæн цæуыс? Лæг мæ цыма йæ рагон хæс агуырдта, уый каст æрбакодта. Æз æй фембæрстон, фæлæ дæлæсин-уæлæсин митимæ лымæн нæ дæн. — Уæдæмæ афтæ нæ,— йæ ныхас кодта Хæчъа, æмæ, цыма, мæныл дæр фæуæлахиз, уыйау та йæ сæрыл схæцыд. Ныртæккæ, дам, ламаз афон у, æмæ, дам, ма рухс кувæндонæй басомы кæн, афтæмæй зæгъ: расыггæнаджы фырты минæвæрттæн мæ бынаты цы дзуапп радтис? Мæхинымæр: мæ хъуыддаг фæцæуы. Мæ дзуапп та конд уыдис. Хурскæсæнырдæм сабыргай раздæхтæн æмæ мæ къухтæ 72
арвмае куыд бадардтон, афтæ кæсын: дзаг бричкæ кæйдæр су- р#гау æрбатындзы. Къорийы хуызæн бæхты сæ хицау, ^Бгеццæгæн, барæй сцæрдæг кодта, æмæ хайуантæ сæхи размæ #ппарынц. Акса. Акса-ма. Кæд ма мæхиуыл æууæндын, уæд уьгй Бодзийы фырт у. Мæн та æндæр куы ницы хъуыдис! Йæ хъуыддаг раст. Лæппу, Хæчъайы ауынгæйæ, бозитæ æрбалвæста. Бæхтæ кафæгау скодтой. Æз лæппумæ ацамыдтон, сабыр кæн, зæгъгæ. Мæхæдæг та мæ армытъæпæнтæ арвмæ сарæзтон, цыма мын ныртæккæ исчи æрыппардзæн. Кувын, Уæллагæй курын: — Не скæнæг Хуыцау! Табу дæхицæн. Ма мын бавгъау кæн уыцы хорз, æмæ абон Хæчъайыл цы уæззау уаргъ ис, уый мæныл тагъддæр æрæнцайын кæн. Дæ фарн бирæ. Чызджытæ мын ис æмæ бирæтæм нæ хæлæг кæнын. Рæвдздæр’мын куыд рахъо- мыл уой, уый мын дæ цæст бауарзæд, цæмæй мæм Бодзийы фырты хуызæн сахъгуырдтæ лæгъстæтæм цæуой. Ныр та мæ мæ хорз хæлар Хæчъа фæрсы æмæ йын де ’вастæй дзуапп нæ дæттын. Æруадз мæ лымæнмæ лæджы зонд. Радт ын ныфс. Зæгъ ын: Хæчъа, æз дæ бынаты бавдæлин æмæ ма иунæг лæджы бафæрсин ацы лæппуйæ. Абон фыццагдæр кæуыл сæмбæлон, уый... Цыма фæстаг ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ рамæсты: — Уæдæмæ!.. Цы, уый зоныс? Дæумæ гæсгæ æз зонд æмæ ныфс хъуаг дæн?! Стæй дæм мæн æфхæрын афтæ хорз цæмæн кæсы? — Æмæ та ныхъхъуыды кодта. Стæй зынтæй загъта: — Гъемæ, хорз. Разы. Сымах фыдæх мæ уæд! Йæ сывæллон ни- куы никæмæн амарди?.. Фæлæ йæ цæрдудæй мæхи къухтæй куыд баныгæнон?! Ды, зæгъын, мæнæн Катийы ныхæстæ ма кæн. Уый дæр чызгæй йæ курджытæм афтæ æрвыста: «...Гъемæ, зæгъæм, дæуæн бакуымдтон. Уæд ды дæхæдæг ды нал уыдзынæ». Иннæ лæппуйы минæвæрттæ та-иу дзы фехъуыстой ахæм дзуапп: «Зæгъæм, æз дæумæ смой кæныныл сразы дæн. Уæд уæртæ Хъауырбег та цы зæгъдзæн? Ууыл уал ахъуыды кæнæм. Хъа- Уьфбег мæ, цыма, дæуæй фылдæр уарзы...» Хæчъа мæм^ æвæццæгæн, дарддæр хъусын нал фæрæзта æмæ иæ хъоппæг цæстытæ сзылдта. Цалынмæ, дам, мæ Катиимæ нæ, Фæлæ уæртæ Фаризæтимæ дæр нæ абарстай, уæдмæ дын зæгъын: Фæрсын ма æрмæст иу лæджы. Кæд æмæ мын лæппуйы нæ Рафауа, уæд,— «0». Разы. Уый, зæгъын, Дунескæнæджы афтæ фæнды, Хæчъа. Хуы- !'ауы æваст хъуыддаг та, зæгъын, сæрмæ æрмæстдæр хæйрæ- Л>кытæ хæссынц, дæлимонтæ. 73
Нæ цыды кой кæнæм дарддæр æмæ та иу заман Хæчъайя мæ разæй ауагътон. Мæхæдæг фездæхтæн æмæ лæппумæ, КъсД стынмæ мæ къух фæтылдтон. Бричкæ цырдгомау не ’ркомкоммя æрбахæццæ æмæ фæурæдта. Лæппу нын салам радта æмæ зæхмя æргæпп ласта. Бричкæмæ нын амоны: 1 — Фистæгæй уæ нæ ауадздзынæн. 1 Мах ын фыццаг йæ бæхтæм бакастыстæм, кæд фæллад сть! зæгъгæ, стæй та нæ кæрæдзимæ. Цæй, зæгъын, Хæчъа, ацш дзæбæх лæппуйы зæрдæхудты ма бацæуæм. I — О, о. Нæхи ма цы фæстиат кæнæм,— загъта Хæчъа.-* Ныртæккæ дæр ламаз кæнын афон у. 1 Схызтыстæм ласæны сæрмæ. Æрбадтыстæм фæрсæй-фæрстæг! нартхоры куырисыл. Лæппу дæр сгæпп кодта æмæ бозитыл æрбах! æцыд. Хæчъа йæм зулмæ бакасти æмæ, кæй лæппу у, уымæй ма| аивæй бафарста. Æз ын йæ хъусы бадзырдтон, цыма, зæгъын| Цепылы фырт у, Хъаныхъуаты. Хæчъа йæ сæр банкъуыста: 1 — Нæ фæлæ ацы лæппуйы куы бафæрсиккам. И? | Æз фæтæрсæгау кодтон. Мæхимидæг стыхстæн: лæппу куьв ныггæлиртæ уа! Стæй, цы уæвинаг у, уый уыдзæнис, зæгъгæ,* æнæдзургæйæ мæ сæр разыйы тылд бакодтон, Хæчъа йæ мид-] бынаты базмæлыд æмæ уæхсчы сæрты Къостынмæ бадзырдта:| — Лæппу, кæй дæ, уыдонæн фæрнæй цæр. Мах дæ иу хъуыд-5 дагæй бафæрсинаг стæм. Де ’ргом ма нæм афтæ иучысыл радт., Уæдæ ды Бодзийы фырты дæр зондзынæ. Уæ сыхаг куы сты. 4 Лæппуйы цæсгом æваст туджы разылди æмæ мæнмæ æрба-? каст. Æз æм мæхи фæтызмæг кодтон, дзургæ кæн, зæгъгæ,^ æмæ йын цыма исчи йæ зæрдæйы ныфсы къæртт ныппæрста,; уыйау загъта: • — Куыннæ, куыннæ! Йæ цыппар фырты дæр ын зонын.1 Хистæр ме ’мгар у. 'I — Хистæр де ’мгар у, зæгъыс?.. Æмæ дæм куыд гуырд кæсы?] — афарста йæ цæхгæрæй Хæчъа. Къостын быннозæй сулæфыдя — Сæрæн дæр — куыннæ, фæлæ йын йе ’гъдау, йæ уагмæ йа ’мгæрттæй чи нæ хæлæг кæны, ахæм, мæнмæ гæсгæ, нæ раЯ зындзæн. Кусынмæ та... I Æз æм мæ дыууæ цæсты дæр иумæ æрныкъуылдтон, хорз загъ-1 тай, зæгъгæ æмæ мæхицæн, æвæццæгæн, мæ цæсгом фæрухс и. 1 — Кусаг дæр у, зæгъыс? Уæд йæ фыдæй фæсте ницыуал ныууагъта, сыгъдæгæй,— загъта та Хæчъа. Уыцы ныхасмæ, цыма! лæппуйæн исчи йæ тыл æркъуырдта. Фæлæ тасын нæ бакуымд4 та. Афтæ зæгъы: 1 — Иу хатт Бодзийы хистæр фырты нæ сыхаг Дзамырз æруя[ 74
рæАта— -Æрурæдта йæ æмæ йæ фæрсы: «Къостын, мæ хур. Зæгъ- ма. Æнæ кусгæ дæ авдæны куыд фæрæзтай?» Хæчъа мæнырдæм фæкасти, йе ’рфгуытæ фæтар кодта æмæ загъта: — Чи дæн æз, уый ацы лæппу дæр зондзæн. И?.. Гъемæ, уый лæр хорз, фæлæ мыл фæуæлахиз дæ. Лæипу афтæ кæй сарæхсти, уымæй мын хуымæтæджы хорз ракодта. Æниу, хъуыддаджы нæ бацыдтæн, æви? Фæлæ мæ цин гембæхсын фæрæзтон, кæннод а Хæчъайы йæ хæйрæг иннæрдæм дæр расимын кодтаид. Лæг ныхъхъус и, æз та, цы уыдзæнис, уый базонынмæ æрхъæцмæ нал хъæцыдтæн. Стыр уынджы тигъыл бричкæйæ æрхызтыстæм. Хæчъа йæ дæрдджын халас уæлдзарм худ йæ сæрыл арфдæр æрæфсæрста æмæ загъта: — Уыцы хъахъхъæд кæнын, æмæ амонд агургæйæ у. Лæгæн æй лæварæн йæ хордзены ничи нывæрдзæн. Уый, æвæццæгæн, расыггæнаджы фырт дæр зоны, æмæ куыд фæндфидар у! Уæл- лæгъи! Ныр та дæ уый курын, Бабо, æмæ мæ ма ауæй кæн. Мæнæй ницы фехъуыстай. Æрæрвитæд уыцы лæппу йæ минæ- вæрттæ. Сомизæр. ...Уыцы ныхас куы фæдæн, уæд Хъуыдинæ йæ армытъæ- пæнтæй йæ сæры фæхстæ балвæста. Джихæй баззади. Куыннæ йын фæтæригъæд кодтаин æмæ йæм хæстæгдæр бабадтæн. Кæсыс, зæгъын, Хъуыдинæ, лæгмæ йæ амонд, райсомы хуры тынтау, хи къахæй уатмæ не ’рбахиздзæн. Дæ зæрдæйы уаг, дæ бæллиц, зæгъын, мæнæй хæрздзæгъæлы æмбæхсыс. Мæ фæстаг ныхæстæ цыма чызджы цæссыгты хъуырдзæвæн уыдысты, уыйау æваст фемæхстысты æмæ йæ фæлурс уадул- тыл æрызгъордтой. Йæ тæригъæдмæ кæсын мæ зæрдæ нал фæразы, уый чызг куы фембæрста, уæд мидбыл аразгæ худт бакодта æмæ ме ’фцæгыл ныттыхсти. Бæрæг уыдис, цыдæр зæгъын цæмæй бафæраза, уый тыххæй йæ риуы арфы, кæмдæр хъарутæ æмæ ныфс кæй æмбырд кодта. Æппынфæстаг бын- нозæй сулæфыд. Загъта: — Мæ амондæй цæмæй фæхауон, уый дæ нæ бафæнддзæн, ^або. Рынчындонæй куы рацæуа... Уæд... Уæд йæ чындзхæс- Ажыты... Æмæ, зæгъын, кæд фæсахъат ис... Мæ амонд/ дам, у. Цыфæндыйæ дæр. ...Нал ракаст Умарбег йæ галиу цæстæй. Йæ рахиз уæраг тасын нал бакуымдта. ...Раст зæгъын хъæуы, Хъуыдинæйы дыккаг чындзæхсæв фьщцагау тæмæн не скалдта, афтæ дæрдты нæ азæлыд. Фæлæ хорз дзыллæ æрæмбырд. Зæрдæбын арфæтæ. Хъæлдзæгдзинад. 75
Уæддæр исты бæллæхæй æз æдас нæ уыдтæн. Иу хатт цы цъыф'1 дзасты стæлфай, уый, кафæн фæзау, куы слæгъз уа, уæддæр ы| æвыдæй нал ацæудзынæ. Фæтæргайæ та фæтарстæн нæ чызгæЛ Гъемæ чындзхæсджытæ заргæ ’мæ хъазгæ хъæуысæрмæ схæццгя уыдаиккой, афтæ æз нæ мыггаджы фæсивæдмæ куы арвитим Раст фæдисмæ æрвитæгау. Уыдон дзæбæх къордæй мæ уæлхъуД æрбалæууыдысты. Чи саргъы бæхыл, чи фистæгæй. Барджытæ! зæгъын, æвæстиатæй — Брутмæ! Уæ чызджы фæдыл! Æртыхсу’й хъæуыл. Хуыцау, зæгъын, уый ма саккаг кæнæд, фæлæ та, мыййаг| уæ хо куы ратымыгъ ласа, уæд æй ма рауадзут! | Ныхас йæ фæдыл ныхас сайы, æмæ ма дын уый дæр1 зæгъдзынæн. Хъуыдинæ мах зæрдæты уыцы тас æмæ рис цæмæн;1 цæй дымæгыл бауагъта, уый æз, стæй æгас хъæу дæр базыдта! хæрзæрæджы. Хуыцауы афтæ бафæндыдис, æвæццæгæн, æмæ] Хъуыдинæйы зæрдæ хæрдмæ хаста искæй хъыхъхъаг буары тæфæй. Стæй ма кæцыдæр кæрдæджыты тæфæй дæр. Уæдæ, уæдæ, дæумæ гæсгæ, Хуыцауы дзæгъæлы афтæ арфæ кодтои дыууæ къайæн, уæ буарыхъæд кæрæдзийæн адджын фæуæд* зæгъгæ... Уыцы æнахуыр æфсон куы базыдтон, уæд-иу мæ цæстытыл ауади, Хъуыдинæ фæсæмбисæхсæв Арыхъхъы рæгътыл бæгъæввадæй куыд тъæбæртт кодта, уый. ...О, æмæ уыцы мæйрухс æхсæв нæ лæппутæ боны æрба- рухсмæ фæхъахъхъæдтой Бруты хъæу. Мæхæдæг дæр семæ, уæдæ. Нæ фæдис дзæгъæлы кæй нæ фæцис, уый нын хуымæтæ- джы æхсызгон уыд! Æхсæв-бонмæ кæд хуыссæджы цъыртт нæ федтам, фæлмæст уыдыстæм, уæддæр хъæмæ раздæхтыстæм кæйдæр чындзхæсджытæй хъæлдзæгдæрæй. Мæнæ Хъахъхъæдур. Лæппутæн хъуамæ сæ хуыссæг фæли- дзын кæнон. Мæхимæ сæм хæстæгдæр фæдзырдтон æмæ сын кæртыдуæрттæй иумæ ацамыдтон. Уыцы дуарæн, зæгъын, дæс азы размæ тарвæзтæ куыд нæ уыдис, афтæ, зæгъын, абон дæр тарвæзтæм æнхъæлмæ кæсы. Стæй ма уартæ иннæ дуæрттыл дæр уæ цæст ахæссут... Афтæмæй та хъæды дæр æмæ Туацъ- æйы дæр тарвазæн бæзгæ бæлæстæм хъæдгæстæ сæхи дзыхæй амонынц. Фæлæ хъахъхъæдуйрæгты уымæ не ’вдæлы. Нæ, уæ зæгъын, уырны? Æмæ сын радзырдтон, дæс азы размæ мыл цы ми æрцыдис, уый. Мæ мадыхо Чабæ зилгæйаг ус уыдис. Нæ зыдтон, стæй уынгæ дæр никуы фæкодтон искæуыл Чабæйы хуызæн цингæнаг сылгоймаг. Уæвгæ, куыннæ уыдаид ахæм устытæ, фæлæ сыл æз никуы æмбæлдтæн. Уыцы диссаджы миниуæгæй балхæны чидæ- риддæр хæстæг уа, къабаз, хъæуккаг уа, сыхаг, зонгæты зæрдæтæ. 76
тьдынмæ æртæ ’мæ фондзыссæдзаздзыдæй мæнг дунейыл йæ к1,ух систа Чабæ, уæдмæ ахæм аз не скодта, цалдæр хатты йæ кæд нæ бабæрæг кодтаин. Афтæ мæм касти, цыма-иу æм мæнимæ хур цалдæр цæстæй æрбакасти. Ме ссыдмæ-иу мæм сæ хордоны æпхъæлмæ кастысты алыхуызон дыргъты хустæ, стад дзидза — физонæггаг, бырцджын арахъхъ. Йæ зæронд чырынæй мын-иу систа фæсмынхъус дзабыртæ, æцæг æнæ уæфстæй, къуымбил- цъындатæ... Æвæдза, фыдæл рæстытæ дзырдта. Мады хойæ, дам, мады ад цæуы. Гъемæ нæм иу уалдзæг куы фæхабарчындæуаид. Чабæйæн ногахст кæсаджы еугæф нæ фæтади æмæ ма йæ сæййаф- дзынæ, нæ — дыууæйыл у. Æз бæхыл саргъ авæрдтон, æмæ — Зилгæмæ. Кæрдзын фæсте аззади. Хъахъхъæдурмæ схæццæ дæн. Хъæууынджы, куыд æмбæлы, афтæ бæх фатдзуйæ ауагътон. Кæсын, æмæ иу кæрты дуармæ фæйнæджыты гæбæзтæй арæзт бандæттыл, стæй стыр уираг дуртыл хуынд лæгты бадт кæнынц хистæртæ. Кæстæртæ, лæппу-лæгтæ та сæ уæлхъус æнхъæлмæкæсджыты лæуд кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзары цыдæр хабар уыдис, фæлæ кæртæй нæ фæндырдзагъд хъуысыдис, нæ хъарæг. Каудуар æрдæггом, æрдæгæхгæд. Уымæ гæсгæ бадты адæмæн æрмæстдæр сæрбатылдæй салам радтон. Хуыцауы уый бафæндыд, æмæ Чабæйы мæрдтæ сæхимæ нæ бауагътой. Уæд, дам, сæ исчи фыны мæ размæ рацыдаид. Уыцы сахат, дам, сæ зивæг ферох вæййы. Афтæ мын худæнбылæй дзырдта Чабæ, йæ цуры куы ’рбадтæн, уæд. Уый тæккæ гутон- гæнæнты афон уыдис æмæ æмбойны раздæхтæн. Бон ма дзæбæх уыд, афтæ Хъахъхъæдурмæ æрхæццæ дæн. Кæсын, æмæ ма уыцы лæгтæ сæ бадæнты бадынц. Æцæг уырдыг чи лæууыди, уыдон уыйбæрц нал сты. Бакастæн та кауын дуармæ. Йæ бынатæй йæ ничима фезмæлын кодта. Мæхинымæр: кæд хæдзары зиан нæй, уæд ахæм уалдзыгон бон, быдыр йæ хицæуттæм æнхъæлмæ куы кæсы, уæд хурмæ æвдæлонæй сæхи чи тавы, уыдоны куыннæ бахъæлдзæг кæнон! Уынджы иннæ фарс мæ бæхæй æрхызтæн. Погбыд кауы михыл æй æрбастон. Зæронд каутæ æмбыд уыды- еты æмæ бæх фæтæрсын дæр зоны. Мæхæдæг мæ къухтæ æр- уагътон æмæ уыцы хуызы, тæфæрфæсгæнæгæн куыд æмбæлы, афтæ сындæг æмæ цыбыр санчъехтæгæнгæ бадты адæмы цурмæ бацыдтæн. Цалдæр сардзины ардæмдæр сæ ракомкоммæ уыцы ^рхæндæгæй æрлæууыдтæн. Бадты адæмæн сæ зæрдæтæ алыр- Аæмты ахсайдтой. Хъæргæнæг кæй нæ дæн, уый сын цас базо- ,]Ь1н хъуыд: хъæргæнæг бæхæй галиуырдæм æрхизы, иннæмæй т«1 йæ бæх бæхбæттæныл йæхæдæг нæ бæтты. Æрæджиау мæм ^аестæртæй иу хæстæггомау æрбацыд æмæ мæ фæрсы: 77
— Бахатыр кæн, уазæг. Исты хабаримæ сæмбæлдтæ нШ хъæуы? щ Нæ, зæгъын. Мæнмæ ницы хабар ис. Хатыр, зæгъын, бакаД нут. Райсомсарæй зианыл хъыггæнæг адæмы бадт ам кæну! æмæ, зæгъын, уæ хъæубæстæ абонæй фæстæмæ æнафоны зиж анæй хызт уæд. Иу хатт ма сæ хатыр ракуырдтон æмя раздæхтæн. Æз рацыдтæн, уыдон та кæрæдзимæ цас фæкастьш сты, мæгъа. Л — Ныр дæр кæсут? — афарстон нæ фæсивæды.— Уæд дæщ ’ сæ фылдæры кæртыдуæрттæ æнæ тарваз уыдысты. Сæ каутя — гæлиртæ. Цæмæн? Уымæн, зæгъын, æмæ сæ хицæутты н« ’вдæлдис. Сæхи тавынæй сæ <æртыдуæрттæм не ’вдæлдис! 1 Лæппутæ æмхуызонæй зæрдиаг худт ныккодтой. Ж ...Акса-ма! Цастæ дын фæдзырдтон, кæуылты... 0, æмæ бираа зонын хорз у. Гъе, фæлæ ды цы куыст кæныс, уый дæр мæ роЛ нæу. Æмæ куыд вæййы, цы вæййы, мæ хабæрттæй исты ныфД фыссын дæ зæрды куы æрыфта, уæд мын уыдон нырма æвæрд! сты æмæ, табуафси, иннæ цыд-иу кърандасимæ ’ркæ... 1 Раст уыцы аз, фæззæджы, чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæ сæ| тынгыл куы уыдысты, уæд Бабо æрсади. Уæззау æрсади. Йæ| сæрæн нал ссис. Фæрсæг æм-иу куы уыдтæн, уæд-иу æй цыдæртæ! зæгъын фæндыди, фæлæ нал — хъæлæс дæр нал амыдта, стæй! зонд дæр нал ахста. Куыд æй фæзмыдтой, афтæмæй-иу мæ| цуры тынгдæр тыхсти. Æз афтæ ’нхъæл дæн, æмæ зæронд Бабо! йæхицæн нæ барста, цы хабæрттæ мын фыссын кодта, уыдон! радзурын ын кæй нæ бантысти, уый. Ныр лæгыл йæ хъарутæ! сæхи атигъ кодтой, æмæ — марадз... I Ницуал мын радзурдзæн, уый мын дызæрдыггаг куы нал| уыдис, уæд систон мæ кърандас ацы хабæрттæм. Гъе, фæлæ нæ| хъæуæй кæйдæрты нæмттæ æмæ митæ æргом кæй ныффыстон,! уый мын-иу хатыргæнджытæ фæуæд. Фæлæ... Цæмæн хъæуы! ацы хатыр курын, кæд æмæ йæ хорз куы зонæм, уæд: фæлтæртæй! ницы басусæггæнæн ис. I Бабо йæ тынг раст загъта: йæ аууонæй йæхи никуыма ничи| бамбæхста. I 1981 аз\ 78
ХЪОДЗАТЫ Æхсар НЫХЫФЫСТ ПОЭТМÆ Стут иу артæй уæрст Афон æмæ ды. Уæ зонды кард æгъатырæй кæрды: ныууадзы Афон цæсгомыл æнхъырдтæ, Поэт ныууадзы гæххæттыл рæнхъытæ. 1997 МÆ МЫСТЫТÆ Гонты мыстытæ цæрынц, бонтæ мыстытæ хæрынц. Циу мысты ныхмæ мæ бон та? Бон та нал и, бон фæцис: скодтой мыстытæ цæдис æмæ бахордтой мæ бонтæ. Гино, гис, æрцу, фавдис! Гис, мæ мæстытæ сæ сис мыстытæй, фæтæр сæ гонтæй. Мыстытæ... мæрыстытæ... мæтыхстытæ... 1998 азы 16 сентябрь Хохы Саниба 79
БАТРАДЗЫ БÆРЗЫТÆ Дзырдта мын ацы хабар Дзиуон: «Æз хъуамæ арфæ кæнон цъиуæн. Кæс-ма, дыгоппоны лæвæрттæ лæууынц йæ бæстастæу нæ кæртæн, лæууынцдыууæбæрзы — лæппынтæ, æрдзон, хæдæвзæрдтæ: æппытæй. Сæ иу мын сау у, иннæ — урс, сæ иу мын — талынг, иннæ — рухс. Фæлæ сæ дыууæ дæр — мæ хотæ, кæнынц мын райгавдæр мæ бонтæ. Сæ фидауц айсафы мæ зынтæ, бæрзытæ нæ, фæлæчындзытæ...» Дзырдта мын ацы хабар Дзиуон. Фæлæ цæмæн хъуыд арфæ цъиуæн? Куыд цæмæн? Ма йæ кæ дзырддаг: æрхаста бæрзкъохæй мыггаг. Æз загътон: байхъус-ма мæм, Дзиуон, нæ хъæуы арфæ кæнын цъиуæн. Уыдис уый минæвар уæларвæй, æмæ уæлæрвтæн хъæуы арфæ. Дæуæн дæ урс бæрз æмæ сау æрхастой Цъиу æмæ Хуыцау. 1998 азы 23 сентябрь Хохы Саниба НЫХЫФЫСТ Ехх! Ныр сæрибарæй ацæр дæ уалдзыгоп бопты! Секъа Æз æрдзæй — æнæджелбетт, æлгьыст, æз сырд дæн, нæ мæ тавы мæ къона. Ме ’мгæрттæ, мæ бинонтæ, мæ куыст, удхайраг дзæгьæл дамтæ, тыхтона, ис мæ ныхы диссаг сусæг фыст: 80
«Ацу, ахаесс сау коммæ дæ сæр, арфдæр бафснай де ’рдиаг, дæ катай, фесаэф, сарс у, лæгæты æрцæр, арсимæ кæрдотæ цæгьдын райдай, уидæгтæ ’мæ гагадыргьтæ хæр. Уым газеттæ, радиотæ нæй, никæй хъæуынц ельцинтæ, галазтæ. Рухс дзы «дзаг»: æнусон цырагь — мæй. Джазтæ нæ — тæлтæг дæтты хъæлæстæ скæнынц уым сæ уацайраг дæуæй. Дымгæтæ сæ базыртæ сæттынц айнæг тигътыл — асхъиуынц уæлгоммæ. Æрдзы хæрзтæ, æрдзы цинтæхынц: цъитийы фæзгъæр-ысхъистау коммæ, арвы коммæ стъалытæ тæхынц. Бон фæцъæх. Йæ хæрæгыл Тылатт — бонзонгæ лæг — «сирдзæн» ныр изæрмæ. Фосы фæдыл уал азы фæхатг,— хох ныууадзын нал хæссы йæ сæрмæ. Бацин ыл кæ, нуазæн æм-иу ратт...» Ехх, Секъа... Сæрибар та кæм ис? Ис мæрдты ’мæ аргъæутгы æрмæстдæр! Райгуырдæй адзалы онг æлвис иу хæрзиуæг, иу бæллиц-фæдис: БАР, СÆРИБАР! (Фенæд æй нæ кæстæр!) Ехх, Секъа... Ныр сæрибарæй ацæр дæ фавззыгон бонты! 1997’азы июль Хохы Саниба БЫН (В. Некляевмæ гæсгæ) Нæ нын баззади ивгьуыд бонтæй бын,— мах — аууæтгæ, Махдуг№ 3, 1999 81
мах — сау æндæргтæ, фын... Нæхи ма мысæм хаттæй-хатт нæхæдæг, фæмысы афтæ арты дæр йæ фæздæг. 1997 НЕРУДАЙÆ 1 Кæддæр æрцарди Сталинæн йæ цармы Хуыцау, фæлæ йæ раивта Дæлимон. Уыд а гуырдзиаг хин æмæ хæрзарæхст. Сæ хорз дæр æмæ се ’взæр дæр зыдта сæнтæн æмæ цæмæндæрты ма ноджы. Хуыцау æмæ Дæлимонæн уыди рæдау фысым. Хуыцау ын радта айдæн, æмæ дзы лæг йæ аиппытæ ардта, йæ нарæг ных, йæ хæнкъуытæм зылди. Фæлæ фæхуынкъ и иуахæмы айдæн,— лæг афæлурс, фæуæлахиз ыл тас. Йæ цармы уæд æрбынатон Дæлимон, бæндæн ын радта, радта йын рæхыс æмæ цым лæдзæг. Тугыл аскъуыд ерыс. Лæгауæрст нал уыд — ауындзгæ, цæгъдгæ! 2 Гæрæхтæ сарæх. Æхст æхсты æййæфта. Кæм уыд лæгтæ, уым аззади гæмттæ. Гæмттæ, хуынчъытæ, туттытæ, мæратæ — Фыдыбæстæйæ рауади сыхырна, кæсагахсæн хыз, Афтид нæ тыхта йæхъæбысы, æмырæнгом нын баста нæ цæстытæ, нæ дзурæнтæ, нæ хъустæ, лæмæрста нын нæ зæрдæтæй нæ монцтæ, лæдæрстысты нæ хъуыдытæ нæ сæртæй, æмаэ-иу йе ’взаг аныхъуырдта дзых, нæ цæстытæ нын уæлтъыфалтæ ’хгæдтой: нæ хъусыс ницы, саугуырм дæ, къуытты дæ, бæстыл æрмæстдæр — ды æмæ дæ тарст. 1998
УЫЛÆН Дзантиаты Игорæн Сурынц мæ сурзæхмæ фурдæй, иудадзыг агурын был. Уадæн йæ удаист футтæй, зинтæн сæ хингæнæн худтæй нал дæн цæринаг бæстыл. Сурынцмæдодойæ, сарæй. «Дзагæй» (хъару æмæ ’хсарæй) былмæ æрбассæндын — æтт! Айнæгæн йе згæ къæйдзарыл зæрдæ ныккæны сæххæтт. «Ма лидз æбайрайгæ хъазтæй»,— дзурын дæрæхсæнтæй, састæй. Ногæй дæ цыппæртыл хил, фурды бын, фурды бæстастæу дуртæ къæбæлтау æууил! Зинтæн сæ дзыхтæ — уæрмытæ... Уидз та æртаугай дæ тыхтæ, суылæн у, ма ’вдис дæ «хин»: уады æрмылдыхт уæлныхтæм сæппар эедæрсгæ дæхи. Ацы цин, ацы фыдохæй бастадтæн, ихсыд дæн тохæй, Карна1, ныууадз-ма дæ хъазт. Цал марды акодтон, оххай, цал хатты радæн æгас! 1998 азы 10 сентябрь ’Кариа — (дыг.) хъысмæт, ныхыфыст. 83
КАД ÆМÆ ЙÆ ХЪÆЗТЫТÆ Йæ рард дæр ысхуыстæМ Къост^ 0, кадæн бирæ сты йæ нæмтгæ: Багьуза, Къулбадæг, Æнæнтыст. Йæ цин, йæ хъæзтытæ — хæрæмттæ, йæ рард, йæ арфæ дæр — фыдрæхуыст. Уый хъалы, хъилдзæуæджы ’лгъиты, йæ фат ыл уайтæккæ ысуадзы. Дзынгайæн бацæвы йæдитгы хъæмпыхал — афтæмæй йæсуадзы. Æравджы иу поэты ’рцахста йæ къух ыл узæлгæ æрхаста æмæ йæ акодта æрмыдул. Поэт ын бавзæрста йæ «рæвдыд»: ныр дæр нæ кадвæлгьау æлвыд у, æлвыду, чъепсæлвыд, сæгьæлвыд. 1998 ЧЕРМЕНЫ ЦÆССЫГ Чермен мыл калы ацы бон цæссыг, йæ къуыбар цавссыг аласта мæ хъыг, æмæ та цинæй айдзаг и мæ цард, æмæ та арвмæ фехъуысти мæ зард, æргъом-уæргьтæ та ме ’ккойæ — æппæрст, æргьæмтты ’фсон мыл базыртæ — пæррæст!.. Чермен мыл калы алы бон цæссыг, дзындзы цæссыгтæй самайын мæсыг, тæхгæ-здухгæ — дæлдзæхмæ у мæ балц: дæлгоммæ сынкъау — зинты бæстæ Царц. Ам симды бацу, зин-чызгимæсим, фыдынддæртæн сæ фыдынддæр — æхсин. Чермен мыл калы алы бон цæссыг, æмæ та бафты ме стыр хъыгыл хъыг. Мæ хъыджы фурд мæ аласы. Кæдæм?
Кавдæм, кэедæм? Æвæццæгæн, мæрдтæм... Чермен, бавдæйнаг, ма мыл кал цæссыг,— дæ карз цæссыгæй ахуыссы мæ зынг. Дæуау æз хъуамæ хох уаин, мавсыг, æз та цы дæн? Хæххон дзылы, мæлдзыг. Æмæ мыл калыс алы бон цæссыг,— æфты, æфты мæсудзгæхъыгыл хъыг... Фæлтау мыл кæ хæрзаудæн фыдау, æз та дæ зарæг акæнон фæлтау. 1998 азы 21 сентябрь Хохы Саниба ГÆВЗ (Кæнæ Ассоциаци Кавафисимæ) Ныууагьта йæ хæрздзæгьæлæй Хуыцау. Йæ дыууæ номы — Гæвз æмæ Мæгуыргур — хæсдзæнис йе ’ккой хордзентау. Æгьдау æй æрцахста æмæ ног æгьдау кæндзæн. Æндæр æвзагæй баивдзæн йæхи ’взаг, лæгъзтæйы ’взагæй: искæй дуæрттæ хой, уæнтæбæрзонд-сæрныллæгæй æрлæуу æмæ æркур, куыдзы комæй ыстæгау, æхсæвæйраг, фысымуатæн лыстæн! Сæумæ та ахс æцæгæлон цæстыты хъызгæ æнгас, авдзæм уайдзæф, æлгьыст! Ызнон дæр ма æндæр уыдтæ — нæрæмон, æнæрцæф, хъалсæр. Зоныс ныр дæ бон, дæ куыдзы бон æмæ ныххæц дæхиуыл, æфхæрдæн æмæ фидисæн фæраз, дæхи æлгьагыл банымай мыггагмæ, нывæр дæ риуы уды бæсты дур! Æгъатыр дзырдтæ — арцау дæ рæхойынц, ыссыхырна дæ — хъæц, ыскæн æфсон, ыскæн дæхицæй ницызонæг, гоби! 1998
• * * Фосгæсæн йæ цымлавдзæг — æнцой. Фосæн дзы сæ сæр ысси сæ кой. 1998 АЦУ! Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзурьц Къоста Ацу æддæмæ! * Афтæ схъæр кæнынц куыдзыл Мæн суры а дуне йæ фынгæй, йæ кæрт, йæ сых æмæ йæ уынгæй. Хъæуы кæйдæрты ам уæлдæйттæ, æмæ мын ассывтой мæ хæйттæ. Æз кусын иннæтæн сæ бæсты, мæн та тæргæ кæнынц мæ баэстæй. Æз сын сæтыхтона нæ барын,— ысдæн сæ емынæ, сæ сау рын. Мæн суры а дуне йæхицæй, мæн суры а дуне мæхицæй. 0, уаих, ацы дуне, ацы! Уынын йæ цæстæнгасы «ацу», уынын йæ фæзылды, йæ рарды, уынын йæ сомыты, йæ арды. 0, диссаг: ацу, дам, æддæмæ. Фæлæ цы хонынц ам «æддæмæ»? Бæллæх, «æддæйæ» дæр мæ сурынц, аеддæй-эеддæдæрмæ мæ сурынц. Æмæ, мæ байзæддаг, мæ фырттæ, бæстыл цы дзырдтæ и, цы дзырдтæ,—
сæ иу мын ахадгæдæр: «ацу». Мæнæн уыд ацы дуне Царцу. 1998 азы 24 сентябрь Хохы Саниба РУДАКИЙÆ 1 У иу ызнаг дæр иу лæгæн æгæр. Сæдæ æрдхорды цъус ысты лæгæн. 2 Фыдлæг дæ ды, кæныс æдзух æвзæртæ: зындоны зынтæм тынг тырны дæ зæрдæ. 3 Мах фос ыстæм, у дуне та уæтæр, æмæ, фæнда дæ, ма фæнда, уавддæр æфснай дæ сæр дæ уæтæры изæр! 4 Æз нымайын ахæмы æрдхордыл, сау адæм кæуыл бакодтой хъоды. 5 Æрцыди мæм кæсагахсæгдæхуызы. Мæгуыр мæ бон, æз бахаудтæн дæ хызы. 1997 ÆЛГЪЫСТ Æмæ зæгъыс: нæ къаддæр кæны рыст, æмæ хæссы æгæр бирæ фыдбон. Нырма кæм и! Нæма ’рцыди фæсмон, нæма фесты нæ тæригьæдтæ фыст! Æмæхæрамæй, раздæрау — нæ куыст, уынæм уæлæуыл уый фыдæй зындон. Нæ удхæрттæн уæд æрлæууид кæрон, йæ рæдыдыл куы басæттид ÆЛГЪЫСТ. 87
Уыдтæтæвдтуг, аэрра уыдтæ, ай-гьай. Дæ зæрдæ зулкъæн байтыгътай — хæра! Æмæ дзы зулкъ дæр сарæзта мæра. Ныр ма цы хос и? Мауал кæтæргай. Дæ мæра феставд сауцъиуæн цæрæн: Хуыцауæй де ’хсæн минæвар тæхдзæн. 1998.7.Х1 ПРЕЗИДЕНТÆВЗАРЫНЫ РАЗМÆ Уæлахизæй, дам, рацæудзыстæм тохæй,— кæсынц æнхъæлмæ сырхытæ. Фыркастæй сæ цæстытæ ныуурссырх ысты, оххай. 1996 ХÆЛУАРÆГ ...ненависть ко всем лет^цим. В. Шаламов Йæ тын та байтыгъта уæрæх. У раст йæхи халдих йæ тын дæр. Йæ хуызы бацыди Фыдæх, цæгьды, нæ ауæрды æппындæр. Йæ монц, йæ удæхцон — тыхми: æрбахауд й’ амæддаг йæ тынмæ,— æваст ыл андзары йæхи — цæрдудæй ауындзгæ сæрбынмæ! Кæс-ма дыдагъ къахмæ лыстæг,— æд хин, æд кæлæн та фæцæуæг, цыма æрбахъуызы хæстæг адзал, æрбадары йæ цæвæг. Кæс-ма, цæттæ та у йæ «хуын», цыма йын баззадис йæ фыдæй. ...Кæй бон у а бæстыл тæхын, æндзары уыдоныл йæ фыдæх. 1998 88
ÆЛХЫСКЪ Ды — хин, æнаезæгьинаг, зин. Дæ ном — дæхи аккаг: Æлхыскъ. О, курын: макуы мыл кæ цин,— дæуæн дæ арфæ дæр — æлгъыст. 1998 азы сентябрь ИДЕАЛТÆ Хъалтæ фæкодтой адæмæй галтæ. Галтæ цы хордтой? Цы? Идеалтæ! Рухс идеалты цъупрагь цъынатæй хордтой нæ галтæ, хордтой хъазуатæй. Хордтой хæлæфæй, гал дæр, дам, уд у. Галы уæцъæфæй рауади къуту. Хъал идеалтæ уал азы хæр! — Абон нæ галтæ сцагътой сынæр. 1998.26.10 ХЪРИХЪУППЫТЫ ФÆСТÆ КÆСГÆЙÆ Уæ балц та — хуссармæ. Нæ бæстæн йæ хæрзтæй ратыдтат уæ фаг; уæ фæстæ гомгæрццæй — нæ фæзтæ; уæ кой: æнæхæрд зæхх, баэзнаг. 89
Кæнут мæ фыдæлтау тæхгæ цард, цæугæцард: къона сæнæхъуыд... Ыстæм хæтæгхуæгтæ, æхæдзар, сæгьау нæ сомыбон — æлвыд. 1998.04.10 НÆДЗЫГЪУЫРКАРК Нæ дзыгьуыр каркæн не ’мбарын йæ хатт: йæ сæрыл сисы бæстæтæ æваст йæфæдисхъæрæй — æйтт-мардзæ, хъуыдатт! Цыма æрвылбон хуртæ ’фтауы раст. 1998 Тæрккъæвда хойы урс зæгæлтæ зæххы, дæлимонтæ сæ къæдз кæнынц дæлдзæхы. 1998 Йæ уæргьтæ нал уромы хид,— кæлы цыхцырджытæй йæхид, йæхидæй рауади цæугæдон. 1998.08.11 ИРОН АРГЪУАН КÆД ЫСДЗУРДЗÆН ИРОНАУ? 1990 азы 14 апрелы мæ блокноты ныффыстон: «Абон изæрзА Ирыхъæуы къуыппæй райхъуыстысты дзæнгæрæджы цъæхсндк зæлтæ: Сыгъдæг Мадымайрæмы Иры аргъуан сидтис адæммА хуыдта сæ йæ дæлбазырмæ Куадзæны бæрæгбонмæ. Æз уыЦ^ рæстæг фæдæн аргъуаны кæрты, дзæнгæрæджы фыццаг мырт* 90
куЫА райгуырдысты, уымæн уыдтæн æвдисæн Хистæр сау- л}кьш Леониды фæдзæхстмæ гæсгæ иу ныллæггомау урсбоцъо ’ъсронд лæг бацыди бæласыл ауыгъд (рæстæгмæ) дзæнгæрæгмæ. }['сс синагыл ын зæрдæргъæвдæй æрхæцыди. Бæрæг у: кады хъу- ыЛдагыл нымайы йæ куыст. Бæрæг у ноджы: гæзæмæ тыхсы })ххимидæг. Æмæ куыннæ! Ныртæккæ Ирыхъæу æмæ йæ алы- плрс сыхтыл фыццаг хатт ныййазæлдзæни дзæнгæрæджы хъæр! фыцЦаг зæлтæ хъуамæ уæлдай аивдæр, уæлдай æхцондæр рау- яиой. Гыццыл раздæр базонгæ дæн ацы зæронд лæгимæ. Уый у Цры аргъуаны кæддæры дзæнгæрæгцæгъдæг Полянский Яков фплиппы фырт. 90 азмæ æввахс ыл цæудзæни, фæлæ нырма йе змæлдтытæ — цæрдæг. — Фæстаг хатт ма кæд цагътай ацы аргъуаны дзæнгæрæг? — бафарстон æй æз. — 1921 азы. Æвæдза, диссаг у. 70 азмæ æввахс фæлæууыд æгуыппæгæй Лры аргъуан. Зилæг æм нал уыди, раууатмæ æрцыди, расыггæн- джыты, наркоманты, хъахбайты ахстон дзы рауад. Атеистон иропагандæ йæ куыст бакодта: адæм Хуыцауы бæсты табу кæнып баидыдтой хуыцауылгъыстытæн. Æмæ цæмæ æрцыдыстæм, уый пæхи цæстæй уынæм». Мæ блокноты ма ноджы ссардтон ахæм фыст: «1991.30. V. Осетинская церковь... Ее нынешнее состояние красноречиво огражаетуровень нашего национального самосознания. Сколько <\ст уже говорим о необходимости реставрации здания церкви, ио — увы! — кроме многоглаголания мы ни на что не способ- чы. Ее удрученный вид не дает мне покоя ни днем, ни ночыо. Нод предлогомреставрации с церкви содрали «шкуру» и, слов- "о опозоренную деву, бросили на произвол судьбы. Вот и сто- "’1 она нынче на возвышенности, униженная и беззащитная, и1>1ставив напоказ свою до безобразия изуродованную наготу. ()ип — немой упрек всем нам, безучастно проходящим мимо ]1СС». Аргъуан цалцæггонд нæма уыд уæд, фæлæ кусгæ кодта. Фæстæдæр æм базылдысты, фæлæ... Колыты Аксо йæ цыбыр царды бонты (43 азы) йæ удæй арт Ф^цагъта, «Ирыстоны къуымты зæрватыккау фæратæх-батæх К{)Лта, цæмæй сиу кодтаид чырыстон дины уырнындзинады Руаджы армыдзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы. (...) Аксойы 91
зонды фæдыл куы ацыдаиккам, уæд Иры дзыллæйæн цардш хæрзæбонæн бирæ ахъаз уыдаид, стæй сæ кæрæдзийы уарзощ дзинад дæр фылдæр уыдаид æмæ уаид; адæймаджы цард ’щ уарзондзинадыл арæзт у» (Секъайы ныхæстæ). Ж Фæлæ нæй, ирон адæм нæдæр Аксойы зонды фæдыл цÆ уынц, нæдæр Къостайы, нæдæр Секъайы. Ирон аргъуан кусж адæм дæр æм цæуынц. Фæлæ та замана: ирон ныхас дзы я! хъуысы, уырыссаг æвзаг та ам дæр рæбинаг ысси, барджьЩ бынат æрцахста, æмæ Иры аргъуан цæмæн хуыйны, уый Хущ цау йеддæмæ ничи зоны. 1 Уыцы удхæрæн сагъæсæй райгуырди ме ’мдзæвгæ. Аргъущ ны кой канд комкоммæ æмбарын нæ хъæуы. Ис дзы фæсномщ хъуыды дæр — кувæндон адæмы уды фарны символ у. Æрæгвæззæг. Бæрзонд кæрты лæууыс, дзæгъæлтæгæнгæ урс къултæм кæсыс æмæдæхи æмырдзыхæй фæрсыс: ирон аргъуан кæд ысдзурдзæн иронау? Нæ их-къона кæд ысуыдзæн æртхуыз? — Дæ зæрдæ ниуы, бардæг и дæ ныфс. Хуыцауы æмæхицауы фæрсыс: ирон бæстæ кæд ысдзурдзæн иронау? Зынудисæнау ацы удхар циу? Хуыцау дæр - иу, ирон аргъуан дæр — иу, Ирыстон дæр... Фæсайдта йæ æвдиу æмæ ирон лæг нал дзуры иронау. Дæ цард ныссуйтæ, нал дæ тавы хур, дæ зæрдæ риуы басыгъди, ныддур. Бынмæ, Къостамæ, ингæнмæ ныдздзур: «Дæ «Ирон фæндыр» нал хъæуы ироны. Дæ фарн дæр у гуыдырæвæрд, æхгæд, Аксойы фарн дæр а кæрты ныгæд, æмæ фæрсын бынтон дзæгьæлы кæд: «Ирон аргъуан кæд ысдзурдзæн иронау?» 92
Дæлæмæ, уынгмæ — дур-асин. Ныххиз. Сæргæхцытау, цъæхдойнагдуртæй — сис. Ныхъхъæр кæ: — Дуртæ, дунетæ, фæдис,— ирон иронмæ нал дзуры иронау! 1998.08.11 93
ДЕГЪУАТЫСонШ ÆНАХУЫР ФЫН Радзырд усæны мæй. Хур зæххыл бынтондæр атылд^ фæстаг цалдæр боны. Сулæфæнтæ нæй æнудæй,! æмæ алчи йæхи аууон рæттæм ласы. Кæд уыд,1 уæдæй уарыны æртах нæма ’рхауд, æмæ бæстæ дзæгæрæг кæны’.] Фæлæ ныр, Хуыцауæн табу, кæдæй уæдæй ма сæ Галæгонь^ хорзæх фæци — æнæнхъæлæджы радымдта æмæ тæрккъæвда| ныккалдта. Сулæфыдысты æмхуызонæй цæрæгойæ, удгоймагæй^ зайæгхалæй. Сæ уæнг та йæхиуыл схæцыд, æмæ адæм аууæттæй рахылдысты. .] — Оф-оф-оф! — уæззаугай æруагъта йæ къæсæрыл йæх^ Зæлу дæр æмæ зыдæй сулæфыд уымæл сыгъдæг уæлдæф. Рай-] сомсарæй, марадз-зæгъай, кæд æддæмæ ракæсын бауæндыд йаэ фæлладуадзæн бон, фæлæ ныр, изæрырдæм, йæ хæдзары зылд-^ тытæ куы фæрогдæр сты, уæд сфæнд кодта чысыл йæ фæллад суадзын. Æмæ та йæ уæлдай хатт дисы бафтыдта, йæ кæрть! фæлгонцтыл йæ цæст ахæсгæйæ, æрдзы сконд. Куыд диссаг у,| алцы дæр дзы йæ бынаты куыд ис, къух бакæнæн дзы куыд ницæмæ ис йæ миниуджытæй царды фæрæзæн. Куыд та сулæ-| фыд зæхх, доны хъуыртты фæстæ куыд фендæрхуызон æрдзя Науæд афæдзы афонтæ куыд зынынц удыхъæдыл, уый та! Фыц4 цаг йе ’взонджы бонты Зæлу уалдзæгæй фылдæр ницы уарзта! Ныр йæ азты нымæц фылдæргæнгæ куыд цæуы, афтæ йе стджы| ты магъз дæр сысгæ цæуы, æвæццæгæн, æмæ æппындæр уазалæ! нал быхсы, чысыл дымгæйы уддзæф дæр йе уæнгты иннæрдæй ахизы, ихæнриз ыл бахæцы. Сæрды æрцыдмæ йæ цæстытæ ныу! урс вæййынц, афæдзы дæргъæн æм фæкæсы раст зымæго* бон. I Гъе фæлæ, сæрд куы ’рцæуы, уæд та сусæны мæйæн йе ’нуд бонтæй афæлмæцы, къæвда æмæ хуры акъулмæ фæбæллы. Æм| 94
к#А НЫР сыг къæвДа уыд, бирæ нæ ахаста, уæддæр йæ зæрдæ 1\е 'МУА æрцыд, йæ риуы дзаг сулæфыд. Æрæхсадта сæ æмхуы- зонаей, йæ цæст цæуыл хæцы, уыдон — фосæй, маргъæй, зайæг- халæй сæхиуыл схæцыдысты, чысыл раздæр дæр ма, хуры тын- ТЬ1 æндæвдадæй зæхмæ чи дзынæзта сæркъулæй, уыдоны. Æмæ кха йæ зæрдæ нæ барухс сæ уындæй Зæлуйæн. Семæ архайд д#р зын у, цæуыл сыл дæхи тухæнæй марыс, зæгъгæ, йын афтæ зæгъджытæ дæр фæвæййы. Фæлæ уæд йæ хуыздæр куыст та цы уаид, цæуыл йæхи ирхæфсид? Стæй кæм сты йе ’рхæсджытæ дæр, кæцæй цы райсид йæ къухмæ бахъауджы сахат? Æнæ бахъ- æугæ та кæм и, цард цард у: кæм цин вæййы, кæм зиан. Цины бонтæ ныл арæхдæр кæнæнт! — хинымæр йæхицæн хъуыдытæ кæны Зæлу, афтæмæй фæкомкоммæ, сисрæбын йæ иу къахыл лæугæйæ, йæ цыргъ бырынкъæй йæхи чи хсæды, уыцы хъуыр- гом къоппаджын бæдулмæ. — Гъы, нæ кæсыс уæртæ Къоппамæ, чындздзон чызгау, йæхимæ куыд зилы, уарын æй цынадта æмæ! Амæлай, амæлай, Гоппа! — бахудызмæл Зæлу æмæ йæ цæстæнгас аздæхта, ба- бызтæ æмæ йæм хъазты хъæлдзæг уынæр чердыгæй хъуысы, тæгæнайы уарыны доны бæгъдулæггæнгæйæ, уыцырдæм. Сæ иугай цæстытæй арвмæ скæс-скæс кæнынц, цыма сæ, уарын ма уыдзæн æви нал, уый базонын фæнды, уыйау. — Му-у-у! — уыдонæй йæ цæстæнгас нæма систа Зæлу, афтæ йæм уынгæй æрбайхъуыст йæ хъуджы уасын. — Дæ хъуыддаг раст, Мани! Æгайтма мæ дæ размæ цæуын нæ бахъуыд! Фæцæуын дæм, фæцæуын! — Зæлу йæхиуыл уæз- заугай схæцыд æмæ йын дуар гом кæнынмæ фæраст. — Рауай, рауай! — дуар бакодта хъугæн, æмæ йын йæ бын- дзытæм йæ куатæйы фæдджийæ февзыста, йæ къæдзилæй йæ ^емæ тох кæнгæ куы ауыдта, уæд. — Мæгуырæг! Хъыгдарынц та дæ фæрсылхортæ! — хъуджы рагъ йæ армы тъæпæнæй рæвдаугæ æрсæрфтытæ кодта Зæлу.— Пæй гæнæн, мæ хæдзар, дуне афтæ арæзт у: иутæн алцыдæр сæ К’ьухы æнцонтæй æфты, цардæй хъулæй хъазæгау, аннæтæ та Нардсургæйæ арвитынц сæ цæргæ бонтæ,— хъугимæ ныхæстæ к<енгæйæ, фæстæмæ дуар ахгæнынмæ куыд хъавыд, афтæ фагкомкоммæ цавæрдæр нæлгоймагмæ. — Мæ къонайыл, Мураты хуызæн куы у, уæд тæргæбæхæй екгьæрæгау, кæдæм тагъд кæна? — йæ къух дуарыл хæцгæйæ (1Уыгъдауæй аззад, цалынмæ йæм схæццæ, уæдмæ. — Хорз хабархæссæг дæ Хуыцау фæкæнæд, мæ хур! — туг- Хæстæгау йæ хъæбысы æрбакодта Зæлу Мураты æмæ йæ йæ 95
дæллагхъуырмæ нылхъывта. — Мæ фæрстæ йын фехæлой ныййарæгæн, ныр дæ афтæмæй куы фенид,— йæ цæстытæ до* разылдта Зæлу æмæ иуфарсмæ атутæ кодта.— Буцхаст гуы^ пырсары хуызæн дæ раст! — Кæмæн цы нæ бон у, чЗæлу! Йæхи удæгасæй мæрдть^ бафтыдта, æнæ йæ чызг ын йæ цард ад нал кодта. — 0, мæ хæдзар, о, æмæ йæ ’фсонмæ-фсонты уый дае| йæхирдыгæй фæкодта, æндæр ма искуы ахæм диссаг фенда уыд? Ма мæ сæр зæгъ, ма мæ къах, мæ къух, афтæмæй æмбор ны ацъынд у! Рахиз ма мидæмæ, мæ хур, ныхæстыл дæ куьг] дарын,— кæртмæ бахызт йæхæдæг йæ разæй. — Нæ, мидæмæ нæ, Зæлу, уыййас рæстæг мын нæй. М*1 тыхстæй та мæ тъæпп дæуыл фæцыд. Дæ фарн бирæ, фæлæ на| къæбæргæнæгæн йæ фыдыфсымæры лæппу фæзиан, мæгуыщ æмæ нæ зыбыты æдзæллагæй æрыййæфта: нæ нын куысты мызд афоныл фидынц, нæ сывæллæттæн æххуысы капекк, æмщ зæгъын, кæд немæ рацæуын дæ фадат не суыдзæн куыстæщ уæддæр нын не ’хсызгон куы ацаразис, кæд гæнæн ис, уæда Цалынмæ нын нæ мызд дæттой, уæдмæ,— йæхи йæм бакъулта кодта Мурат.— Æнæ цæугæ та нын цы гæнæн ис, йæ зæронж фыд иунæгæй баззад, мæгуыр. Цы ма уыдзæн? — йæ сæр нын| къуыста Мурат. 1 — Дудгæ бада ахæм къæрцц кæуыл ауад. Æниу та уый дæщ цæрдзæн, кæд ма ахæм цардæн цардыл нымайæн вæййы, уæм Мæнæ мæнмæ нæ кæсыс! Мæгуыр йæхи уд, рухсаг фæуæд.-! Иуцасдæр зæхмæ кæсгæ æдзæмæй лæугæ аззад Зæлу, стæй... | — Æз дæр цас рæвдзытæй дæн, дæ рын бахæрон, дæхи загъ! дау, нын кæд уыд уæдæй нырмæ куынæ куысты мызд фидынщ куынæ пенсийы капекк уæд, фæлæ дæ уæддæр, хи хъæбуль| хуызæн, ахæм зын сахат, æнæ дæ къух фæрог кæнгæйæ дæд куыд аздахон уæдæ? 1 — Бузныг, Зæлу, бузныг! Цæмæй дын дæ хæрзтæ фиддзынæн! нæ зонын! Мæ мады мын мысын нæ бауагътай, бауырнæд дает Зæлу! Сымахты руаджы бахъомыл дæн... | — Цардæй бафсæд, мæ хур, цардæй. Æниу дын ныр куа уаид феххуыс кæнын истæмæйты мæ бон, фæлæ кæцæй? Цастщ ма у мæ бон, афтæ уæддæр мæхи размæ æппарын æндæр. -щ — Бауырнæд дæ, Зæлу, хъарутæ йедтæ ницы сты, фидаЙ зонды хицауæн дзы æмбал нæй! Цæстмæхъус ныхасыл мын м! банымай мæ ныхæстæ, фæлæ адæмы цæст уынаг у. Дæу бынатм æндæр сылгоймаг доны къусы сæфт фæкодтаид, мæ ныййарзещ джы хуызæн. Дæуыл фæд-фæдыл цы дыууæ къæрццы ауадЛ 96 I
афтæмæй дæхи хъысмæты бар куы ауагътаис, йемæ хъæбысхæ- сты бацæуынмæ дæ ныфс куынæ бахастаис, уæд. Афонмæ дæ, Хуыцауы уазæг у, фæлæ мæрдты стæгдар дæр нал баззадаид. фæлæ дæ, куыд фæзæгъынц, иу Хуыцау сафгæ кодта, иннæ та — æххуыс. Æмæ дын де уæнджы ныфс æмæ хъару бауагъта. — Мæ уд сæ нывонд се ’ппæтæн дæр, фæлæ ма мæхи дæр кæмæн сбуц кодтаин, дæ нывонд фæуон, Мурат, кæмæн? Йæ фыд уыд æмæ уый дæр уайтагъд йæ сæр æфснайынмæ куы фæци... Йæ быны хæдзары дуар та йын сындзæрх кæнын куыд бауагътаин? — ныхæстæгæнгæ мидæмæ бахызт Зæлу, стæй уай- тагъд фæстæмæ фездæхт. — Нæй гæнæн, Зæлу. Не Сфæлдисæгæй кæуыл цы уæз æнцайа, уый йын хæсгæ у, æмæ йæ хæссынхъом куыд уæм, уыцы хъару нæ уæд алкæмæ дæр! — йæ къух ын куы фæрог кодта Муратæн, уæд та йе ’фцæджы атыхст, стæй йын хæрзизæр загъта æмæ тагъд къахдзæфтæй фæраст. — Афæндараст у, дæ рын бахæрон, Мурат, æмæ цины хабæрттæ хъусын кæн амæй фæстæмæ. Дæ цæстуарзон ныхæстæй та бузныг. Фæлæ мæ ахæм фæрнджыны охыл ныв- джындæр бон райгуырын хъуыдис уæд, мæ цармы тыхтæй фæцæуа амæндтæуарæг! — зæрдæфæйлыдæй йæхицæн ныхæстæгæнгæ бацыд мидæмæ. Æрбадт, дыууæ къулæй йæм цы дыууæ хуызисты каст, уыдон астæу æмæ та арф хъуыдыты аныгъуылд: «Ай-гъай сын дæн кой кæныны аккаг адæмæн, куы- дзы уды фидар мын разынд æмæ!» Цал æмæ йæм цал хуызы равдыста цард йæхи! Пуртийау дзы куы фæхъазыд, хурыхуы- фи дзы куы сарæзта, æрчъицæджы æмпылд æй куы бакæнын кодта йæ хъузджы, хуызы ’ртау дзы куы нал ис, уæд ма дзы цымæ хорз зæгъæн куыд ис? Æмæ та йæ цæстыты раз иугай- дыгай сыстадысты йæ ног зонгæтæ, фыдбон ыл куы ныккодта, йæ цард ын зындоны хуызæн куы фестад, цыма йæ уд æндæр буары бацыд, уыйау æндæр царды хуыз куы райста, уæд æй хъысмæт кæимæ сбаста, кæрæдзийæн ныфсы хос кæимæ сыс- '1ы, уыдон. Æмæ быннозæй ныуулæфыд.— Уæвгæ, чи зоны, раст сты Мураты ныхæстæ, зынæн дæр фæразон хъæуы, ай-гъай! Иæ мады хъысмæт дзы рох уыдзæн, мыййаг, уый æрцыдмæ хорзæй цæра. Йæ мад кæмæн амæлы, дæ мады мард уымæн зæгъ, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, афтæ, йæ зыны рæстæг Зæлу дæр йæ раздæ- ры æмбæлттæ æмæ зонгæтæй фæцух. Нал æй хаста йæ къах се мцыд кæнынмæ, фæлæ баиу йæхи хуызæн хъысмæтæфхæрд рыстзæрдæтимæ. Тугхæстæгау сæ кæрæдзимæ æлвæста се 7 Мпх дуг № 3, 1999 97
’нкъард, се ’нæрухс цард. Уæдæ уый куыд фæразы хæссын йа| уæззау æргъом, зæгъгæ, сæ кæрæдзийæн ныфсы хос уыдыстьн Уæлмæрдтæ сæ алчи дæр йæхицæн нымайын райдыдта дыккап хæдзарыл, сæ сау хæдзæрттыл нæдæр рыг абадын уагътой! нæдæр сын миты хъæпæныл лæууыдысты. | Бæргæ? цæсты кæронæй дæр куы никуы федтаид Зæлу, ба-:] цæугæйæ йæм æндæр хъæуы хуызæн цы ран фæкæсы, цыртдзæ^ вæнтыл зонгæ сурæттæ уынгæйæ, уыцы фыдбоны ран. ФæлаЙ йын цы Хуыцау лæвæрдта ахæм амонд?! Уæд скадджын, уæд! йæ цæсты йæ уыйразмæйы цард, æрмæст ын уæд райдыдта аргт^ кæнын. Куыннæ йæ ’мбæрста, цыфæнды тыхст цард кæд кодта^ зæрдæзæгъгæ кæд нæ уыд йæ цардвæндаг, уæддæр цæргæ кæй кодта! Уæдæ ма йæ ныры цард дæр цардыл нымад у Зæлуйæн,;= йæ хуыздæр бæллиц уæлмæрдтæм ауайын кæмæн сси, йæ ту- джы æртах кæм ахъардта æмæ йæ цæсты рухс кæм бамынæг,- уыцы зæххы гæбазыл аудын? Зæхх ма нæмы æмæ арвы! фæздæгæй мары. Фæлæ Мураты мад та хуыздæр бакодта уæдæ,, йе ’нахъом сабийы уынджы къæйыл чи фæуагъта, йе амæл, йе цæр, зæгъгæ? Уыцы фыдбоны ранмæ цæуыны сæр æй куы бахъуыд Зæлуйы, уæдæй фæстæмæ дзы арæхдæр кæуыл æмбæлд, уый уыд Мура- ты мад Залек. Цафонфæнды ма бацыдаид, æппынæдзух дæр Залечы уым æййæфта хурæй, къæвдайæ. Æмæ ма æййафын иу, фæлæ-иу цыма цыртыл ныхæст уыд, афтæ алкæддæр лæууыд цавддурау йе ’нцой. Уым-иу æй куынæ баййæфта, уæд та-иу йæ хæдфæстæ фæзынд куы иунæгæй, куы та, цыппар-фондз азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппуимæ. Куыддæр-иу бахæццæ, афтæ- иу сылгоймаг цыртыл йæхи андзæрста, йемæ сывæллон ис, нæй — йæ хъуыдыйы дæр-иу нал уыд. Саби лæппу-иу хурæй,, къæвдайæ саубон изæрмæ рыгты æвдылди ингæнты уæлæ. Æмæ уый Зæлумæ тынг хъыг каст, йæхи сабийæ зæрдæрыст кæй уыд, уымæ гæсгæ. Куыд ис хъæбулмæ афтæ уазал цæстæй кæсæн, кæд, мыййаг, йæхи нæу, æндæр, зæгъгæ, йæм-иу ахæм хъуыды дæр февзæрд. Гъе, фæлæ йын цы зæгъын уыд йæ бон æнæзонгæ*; рыстзæрдæ сылгоймагæн? '• Фæлæ йын иуахæмы фæци, хæстæгдæр æй цæмæй базыдта-^ ид, ахæм фадат. Лæппу та йæхицæн куыд хъазыд дзæгъæл са^ бцйау, афтæ куыддæр æгъдауæй гæккуырийы къæдзилыл йæ* къахæй фæлæууыд. Афтæ дзы фæтарст, æмæ бæстæ йæ сæрыл! систа йæ цъæхахстæй. Зæлу йын йæ хъæр щуы айхъуыста, уæд| йæ уæлхъус куыд февзæрд, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста>| цалынмæ йæ йæ хъæбысмæ нæ фелвæста, уæдмæ. 98
— Ма тæрс, мæ хур, гæккуыри хæцгæ нæ кæны! — сабийы сæр йæ дæллагхъуыр анорста Зæлу, стæй йын йæ цæссыгæй амæзт чъиллон цæсгом къухты хæцъилæй сæрфы, афтæмæй мадырдæм скаст. Фæлæ, марадз-зæгъ, кæд уый йæ бынатæй æнкъуысгæ дæр фæкодта! Куыд лæууыд, афтæ лæууыд, донзо- ныгау, йæ мидбынат. «Мæнæ Хуыцауы диссаг, цы хабар уа уæдæр? Йæ зæрдæ мыл цыфæнды худт куы фæкæна, уæддæр мын ын æнæ бау- айдзæфгæнгæ нæй ацы бон!» — фидарæй скарста Зæлу йæхи- нымæр æмæ сабийы йæ хъæбысæй зæхмæ æрæргъæвта. — Дæ ном та.цы хуыйны, мæ хур? — йæ армы тъæпæнæй йын фасæгау акодта йæ сæрыхил Зæлу. — Мурик! — йæ хъоппæг цæстытæй йæм хæрдмæ сКаст лæппу. — Уый дæ мама хоны, æвæццæгæн, афтæ, нæ? — 0! Мæ фыд та мæ Мурат хоны. — Кæсыс? Уый дæм ’лæджы номæй дзурын райдыдта, йе ’нхъæлцау дæ æмæ, ды та гæккуырийæ тæрсыс! Калммæ ма цу хæстæг, уый хæцгæ кæны. Æндæр гæккуырийæ ма тæрс. Кæлмытæ дæр дзы ис ам, æмæ сæ дæхи хъахъхъæн, хæстæг сæм ма цу. — Кæм сты? — сонт фарст æй акодта лæппу. — Ма тæрс-ма, куы та старстæ! Куынæ сæ хъыгдарай, уæд уыдон дæр нæ хæцынц. Цом мамамæ,— йæ къухыл хæцгæйæ йæ фæкæны Зæлу. Цалдæр къахдзæфы ма сæ куыд хъуыди мады цурмæ, афтæ Зæлу фæкомкоммæ, цыртæй йæм, худгæ хурау, рагæпп кæнын æввонгæй цы æвзонг чызджы сурæт касти, уымæ. Йæ зæнгты хъару цыдæр фæци, йæ быны æваст фæдыдагъ сты. Исдуг ын кæуындзæг йæ хъуыры сæртæ ахгæдта, стæй дон йæ ауæзт куы айгæрда, уыйау йæ дзыхыдзагæй ныдздзынæзта: Уæ мæ дыууæ фарсы дын куыд фехæлдысты, царæфтыд ныййарæг. Ахæм худгæ хуры дæр та саумæр сыджыты æвджид чи бакодта, цы кæнон! Кæд дын, мыййаг, йæ бары хай æвзæрстæй баззади, мæгуыр дæ бон, Йæ чындздзон дарæс рагъæныл скæнынæввонг ауыгъдæй, цы кæнон! Науæд дын кæд йæ чиныг æрдæгкастæй тæрхæгыл лæууы, бын бауинаг, Уæд ма, додой дæ сæр фæуинаг, цы цард фенын æнхъæлмæ кæсыс? 99
Йæ уарзон æмгæрттæй йын ныр дæхи аууæттæ кæндзына мæ фæрстæ дын фехæло" Усгур лæппутæм та сæркъулæй кæсдзынæ, цымæ дзы н, фæсдуа1 Æрлæууынмæ кæцы хъавыди, зæгъгæ, мацуал дын ын бантыс! Æниу дæуæй æндæр чи уаид, уый йыл кæугæ дæр не скæни, Цардæбæллон уæвгæйæ, йæ сæрмæ сау алæй чи 'рхаста,1 дудгæ фæбад Уастæн йæ хъару басæтта æгъатыр удхорæн, тæригъæд ч: нæ зоны,] Цардбæллон æвзонг уды йæ рухс бæллицтæй æнæхай чи" фæкодта!! Ныр ма дæм æз исты куы бадзурон, царæфтыд буц | ныййарæгд Уæд стыр мыггаджы ’хсæн мæхæдæг бындурзылдæй I баззайон§ Æмæ мæ бынылæдзæгимæ кæйдæр уынгты дзæгъæлдзу фæкæнон.| Бацыд цыртмæ хæстæг Зæлу æмæ йыл йæ къух авæрдта, стæй мады йæ хъæбысы æрбакодта.1 — Бахатыр мын кæн, мæ хур. Куыд кæсын, афтæмæй хотæ куы| стæм æмæ дыл мæнæн та мæ зæрдæ куы худт, дæ лæппумæ афтæ уазал цæстæй кæй кæсыс, уый тыххæй. Фæлæ гæныстоны мады зæрдæ! Цотæн сæ иуæй рыст куы баййафы, уæд ын иннæтæ дæр ад нал фæкæнынц, нал æй фендавынц,— арф ныуулæфыд Зæлу.— Сызгъæрин тæбæгъты йын фæкуывдæуа Стыр Хуыцауæн, кæд| цæрынæн кæй нæ фæдæтты, уый ма зæрдæнизы охыл цæстæн цæмæн I фенын кæны, уæд! — æмæ та цæссыг нызгьæлдта Зæлу. | Чызджы мадæн дæр уæд йæ хæкъуырцц сусæг куыд.| фæхъæрдæр. $ — Нæ хъæуы, дæ фæхъхъау фæуон, нæ! — чысыл сæ кæ-| уындзæг куы февдæлон сæ дыууæйæн дæр, уæд æм дзуры| Зæлу.— Нæхи сыл куы ’рбамарæм, фыркуыд, фырдзынæзтæй,| уæддæр нын дзы ницыуал рауайдзæн. Ничиуал нæм дзы раздæхдзæн фæстæмæ, нæхæдæг сæм цы бацæуæм, æндæр. Мæнæ дын уый хъуыдыйаг у, мæ хæдзар,— ацамыдта йын, йæ зæнгтæм ын йæхи чи нылхъывта, афтæмæй йæм хæрдмæ скæс-* скæс чи кодта, йæхи ивазгæйæ, уыцы сабимæ. — Хуыцау мын æй бахатыр кæнæд, фæлæ мæ, раст зæгъгæйæ, 100
уЬ1Й дæр нал æндавы,— ауыгъта сылгоймаг йæ къух.— Цæст æЙ куы нал федтаид, бæргæ... — Мæ къонайыл! Тобæ зæгъ, цытæ дзурыс уый?! — дис- хуызæй йæм ныккасти Зæлу. — Дæ фарн фынæй уæд, фæлæ куы нал хъуыди, уæд ма ныл азрæджиау бафтыд. Чызгæй се ’хсæн æнæхъæн фынддæс азы ]1С, æмæ иунæг кæй уыд уыйбæрц рæстæг чызг, бынтон æбуал- гъы ахуыр кæрæдзиуыл уымæн уыдыстæм. Йæ цæра, йе стæн кодтам, цы хуыздæр бахæра, цы хуыздæр бадара, ууыл ын ар- хайдтам, æрхъæцмæ йыл нæ лæууыдыстæм. Стæй!.. — йæ къух ауыгъта.— Стæй йæ кæйдæр æвджид фæуагътам, бындурзылдæй баззайон! — дыууæ къухæй йæ сæрыл ралæууыд сылгоймаг.— Нæ, нæ! Никуы йæ ныббардзынæн мæхицæн! Цæмæн мыл æрцыд ахæм сайд, куыд ыл баууæндыдтæн искæуыл, бабын уон! — бын дæр бадæн, фæлæ... куы сæр, куы уæрджытыл балæууы хойыныл сылгоймаг. — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, хъæдгом агайæгау у мæ фарст æмæ, фæлæ йын мах æвæгæсæджы аххос кæнæм, æнахъом ма уыд æмæ... зæфцы фыдæй нын фесæфт зæгъæм, фæлæ... Фæлæ цы кодта сымахæн та, дудгæ бада, йæ чызджы кармæ æввахс куы уыд, уæд, цы йыл æрбамбæлд? — Гъы!.. Цы йыл æрбамбæлд? Сымахæн нæ зонын, фæлæ кæд зæфцы фыдæй искæд искæуыл исты æрцыд, уæд уый мах стæм, Хуыцау сæ ма сразы уа, мах чи байсæфта! Æниу нæхицæй аххосджындæр ничи у йæ разы: цæмæн сæм хъуыстам, кæдæм тагъд кодтам?! — Басабыр у, мæ хур. Æнæ адзалæй мæлæт нæй, мах ын æфсæнттæ фæагурæм, æндæр. Фæлæ йæ кæм ныууагътат, кæй бар? — Дохтырты, æндæр кæй! — Рынчындоны æви? — Уæдæ! Сау пиллон сын суадза! — Уанцон нæу! Ау, æмæ сæм куыд ницы хос разынд ахæм сывæллон чызгæн та, зæрæдтæ сæм тынг нымады нæ вæййынц, фæлæ?! Уагæр ын цы низ уыд, се ’гæр фæкалой! — Тибиты рын ын уыдис, æнхъæлыс, фаг цæстдард æм не ’рцыд, æндæр, мæ фæрстæ йын фехæлой! — йæ судзгæ бæллæхы кой йын ракодта Залек.— Фæстæдæр ын базыдта Зæлу йæ ном. — Æз кусгæ кодтон, уый та Университеты ахуыр кодта. Æртыккаг курсы... Æмæ-иу нæ раздæр хæдзарм^е чи раздæхт, Уый-иу иннæйы æрцыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ уынджы баззад. Æмæ дын, фыдбон мыл акæна, куысты цæмæндæр афæстиат Аæн. Æнхъæлдтон, дуармæ та йæ ныййафдзынæн, зæгъгæ, фæлæ 101
йыл мæ цæст куынæ ’рхæцыд, уæд уайтагъд бæстыхайы фе| гуырдтæн. Кæсын æмæ чызг хуыздзыд, фæлурсæй сулæ-мулЦ кæны диваныл, йæ размæ тас æвæрд. 1 — Мæ хæдзар фехæлд, цы кæныс цы? — æрзоныгыл кодтощ йæ цуры æмæ йын йæ сæрыл мæ къух авæрдтон. Пиллон ар! уагъта сæр. — Цы кæныс, цы дæ риссы? | — Мæ ахсæн,— зынтæй мын дзуапп радта чызг. ,| — Æмæ кæм цы бахордтай? -1 — Хæрæндоны мæскуыйаг салат,— æнæбары та дзуапп радтæ чызг. Уый айхъуыстон цы — фæдисхуызæй адзырдтон «Тагъй æххуысмæ». Æмæ уайсахат æрбалæууыдысты, нæ тæригъæй сæ уа уыдоны дæр. Фæлтау куынæ ’рбацыдаиккой, кæд ын мæхрй бон исты хос скæнын бауыдаид! — Залек дыууæ къухæй æрбал-1 вæста йæ фæрстæ.— Рынчындоны йын йæ ахсæн ранхъæвзтой;! Йæ катæйттæй фæсабыр, фенцондæр мын, зæгъгæ. Стæй... 1 — Омæ йын куыд ницы хос акодтой, зæлдаг синаджы хуы-1 зæн, уыцы цæрæццаг чызгæн, се ’гæрыл уой?! — йæ уæрджыт&| æрцавта дыууæ къухæй Зæлу дæр. ] — Кæсгæ дæр æм сæ ничиуал бакодта æхсæв бонмæ;] фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, мах цур ын цы ранхъæвз-1 той йæ ахсæн, æндæр. Сæ иу æй иннæйы аххос кодта, уыцы] ’хсæв рады чи уыд, уыцы дохтыртæй. Райсомæй йæм цалынмæз йæ фыд бацыд бæрæггæнæг, уæдмæ йæ зонгæ дæр ничи бакод-^ та, удмидæг нал у, уый. Æз та йын мемæ цы айсон, зæгъгæ,] биноныг митыл балæууыдтæн, фылдæр цы уарзта, уыдæттæй исты мемæ айсон, зæгъгæ. Æмæ дын куы схæццæ дæн мæ уæз-] зау хызынимæ лæф-лæфгæнгæ рынчындонмæ, уæд кæсын, æмæ] бæстыхай иууылдæр æмызмæлд кæны урс халатджынтæй —] иутæ асинтыл дæлæмæ цыдысты згъорæгау, иннæтæ та уæлæмæ.* «Цы хабар у, дæ хорзæхæй?» — уайтагъддæр мæм мæ зæрдæйы’; фæдисхъæр райхъуыст.— Мады зæрдæ зонаг у, зæгъгæ, мæнгæн] нæ фæзæгъынц. Æмæ асинты цурмæ куы бахæццæ дæн, уæд хæрдмæ куы скæсин дыккаг уæладзыгмæ, цæй хъæлæба уа, йæ’: фыды хъæлæсы хуызæн мæм дзы куы хъуысы, уæд, зæгъгæ*| Æмæ йæ кæимæдæр хъазуатæй дзургæ куы ауыдтон, уæд асин-| тыл кæуыл æмбæлдтæн, уыдоны схуыстытæгæнгæ куы фæраст! уаин хæрдмæ, мæ зæнгтæ мæ быны фæтас-фæтасгæнгæ. щ — Мæ хæдзар куыд уыд, кæимæ дын цы уаринаг ис ам та,| цæуыл хъæр кæныс? — батардтон æм мæхи лæгмæ. | — Гъеныр æгас цу дæ фæрв сугтимæ, нæ хæдзар нын сарæз-| той æмæ! — куы мæ ауыдта, уæд йæ дзыхы дзаг куы ныббогь-| богъ кæнид лæг. *> 102 ]
— Цы-ы?! —сонтæй ма сдзырдтон, стæй цы фæдæн, уымæн лицыуал бамбæрстон. Æмæ, бæргæ, куы ницыуал бамбæрста- цн, куы нал æрчъицыдтаин! Фæлæ алцæмæн дæр амонд хъæуы. — Æ, тæригъæдджын куыд фесты, гъе! Уæдæ та уый дæр зæфцы фыдæй сæфты хуызæн куы у, адзалæн мадзал нæй, зæгъгæ, кæд фæзæгъынц, уæддæр... Афтæ уыд йæ базонгæдзинад Мурат æмæ Залекимæ Зæлуйæн. Æмæ уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийæн цыдæр ад бавдыстой тугхæстæгау, цыма раст Залекæн йæ удылхæцæг Зæлу уыд, афтæ йæм каст æмæ йæм йæхи бонæй-бон хæстæгдæр ла- ста, йæ зæрдæвæрæн ныхæстæ йын удæнцойы хосау йæхиуыл кæй æнкъардта, уымæ гæсгæ. Куыддæр-иу æй ауыдта, афтæ-иу йæ уæлхъус февзæрд. Уæрст сын ницыуал уыд сæ зын уавæры, раздæр сæ-иу чи бафтыд уыцы æнæуынон ранмæ, уый-иу ин- нæйы сау хæдзармæ дæр азылд. Фæлæ фылдæр хатт сæ цыд иу кодта фæскуыст, фæллад- уадзæн бонтæй фæстæмæ. Уæд та сæ алчи дæр архайдта раздæр’ бацæуыныл æмæ йæ зæрдиаджы уæлхъус фылдæр фæуыныл. Гъе, фæлæ иуахæмы Зæлу æрæгмæгомау бацыд, йæ зæрды дыу- уæ кæрдзыны акæнын куыд уыд сабат бон, уымæ гæсгæ. Æмæ та уæлмæрд æфснайдæй куы баййæфта, уæд ын цы базонын хъуыд Залечы æрмдзæф, фæлæ йын йæхи ныхасмæ нæма фед- та, йæ зæрдиаджы рæвдауынæй йæ нæма равдæлд, афтæ иу асгомау сылгоймаг, йæ саутæ дæр чи нæма раласта, ахæм йæ уæлхъус куы ’рлæууид æмæ цыртмæ кæсгæйæ, кæуынхъæлæсæй дзуры Зæлумæ: — Мауал байрæзай, уæвгæйæ та, уæртæ цæхæрцæст, цымæ та йыл цы ’рбамбæлдаид? — Æгæнон уыдис, мæ хæдзар, æмæ йæ доны чызджытæ сæхирдыгæй фæкодтой,— сыстад æмæ йæм кæугæйæ дзуры Зæлу. — Рухсаг уæд. Дзæнæты цъиуы хуызæн у, æмæ Барастыры уæрагыл йæ бынат уæд, мæгуыр, æндæр ма йын кæй бон цы у? -— Дæу та дæ зæрдæйы хорзæх уæд! — цалдæр къахдзæфы акодта сылгоймаг цæуынæввонг, стæй фæстæмæ æрлæууыд æмæ Зæлумæ дзуры: — Бахатыр кæн, дæ хорзæхæй, фæлæ ам хæстæг цыртдзæв- ^еныл æрыгон чызджы хуызистыл дæ цæст не ’рхæцыд? Къæбæлдзыг цыбыр сæрыхил ын... Мæ чындзаджы агурæг ра- Цыдтæн, бындурзылдæй баззайон кæннодæ, мæ мæгуыр заердæйæ. — Ам, ацы фыдбоны ран лæг кæуыл æмæ цы кары адæйма- 103
гыл нæ фембæлы!..— иуцасдæр аджих Зæлу.— Уалæ дын, сыл^ гоймаг кæм архайы, уым дæр æрыгон чызджы ингæн,— Залечь^ дзуццæджы бадгæйæ цыдæртæ архайгæ ауыдта Зæлу, куы скаси уыцырдæм, уæд. | — Æмæ, цымæ, аипп уа ме ’ссыд? — къæмдзæстыгхуызæвд Зæлумæ фæрсæджы каст бакодта сылгоймаг. ^ — Цы аипп уыдзæн, ам цæуджытæй фылдæр цы вæййы?! Науæд чысыл фæлæуу, æмæ æз дæр демæ суайдзынæн...— Зæлщ йæ хызынæй цыдæртæ систа æмæ сæ ингæныл æвæры: — Хæлащ дын уæнт, мæ къойа, де ’нæбары хæйттæ, дон дæ фæласа! —| Стæй æнæзонгæ сылгоймагимæ фæраст. — Æмæ æрæджыйы зиан у, кæмæ цæуæм, уый? — фæрсы’ сылгоймаг Зæлуйы. — Иу афæдзырдæгмæ æввахс ыл цæуы, æвæццæгæн. — Хи низæй, æвиу та искæйы азарæй? — Куыд дзурынц, афтæмæй зæфцы фыдæй, фаг цæстæнгас. æм дард не ’рцыд дохтыртырдыгæй. — Уый та ма сын уæдæ дыккаг зæрдæнизы хос! — арф; ныуулæфыд æнæзонгæ сылгоймаг, цæугæ-цæуын. Фæлæ йæм| цыртдзæвæн куы разынд, уæд дзыхълæуд фæкодта: * — Æнхъæлдæн æмæ йæ ссардтон, мæ хъæбул, дæ барæвзæ- рсты, афтидæй дæ баззайон! — дзыхыдзагæй ныккуыдта ус æмæ цыртдзæвæнмæ фæцæуы. Залек, ингæны уæлæ цы дидин- джытæ сагъд уыд, уыдонимæ куыд архайдта дзуццæджы бадгæйæ, афтæ фестад æмæ сонт ракæс-бакæс кæны куы усмæ, куы та Зæлумæ, чи йын уа, зæгъгæ. Фæлæ уæдмæ æнæзонгæ ус цыртдзæвæныл чызджы сурæтыл йæ армы тъæпæн æрхæсгæйæ ныхъхъарæг кодта: Æ кæннод дæ ныййарæг дæ мæрдæй ниугæйæ баззайа, мæ хъæбул, Кæд мын кæйдæр ныгуылд хуры тынæй дæхицæн мæнг зæрдæтæ ’вæрыс, цы кæнон! Кæд уыцы ран усгур лæппу ус нæ куры, дæ нывонд фæуон,, Чындздзон чызг дзы чындзы нæ цæуы, бынбауинæгтæ! .1 Кæннод амæндтæуарæг уæ тæригъæдæй фæсмонгонд '1 æрбауа,! Сымах уæ рухс бæллицтæй æнæхай чи фæкодта, мæ зæрдаеу уын фехæла]| Æмæ мын фыдгулы нæмыгæй дæ сау туджы бæгъдулæг фæкæнай, цы кæнон! Кæд дæ ныййарæгмæ, искæй чызг æркува, 104
уыцы амонд нæ каст, мæ рахиз цæст! Кæннод дæумæ та цы бадзурон, урсдæллагхъуыр, мæйдзæсгом, Де ’мгæрттæй фæхъæуай, йæ ныййарджытæн мыггагмæйы зæрдæниз чи скодта!.. Ныр мын додой дæ сæр кæны, сар та дæ къона, буц ныййарæг, Йæ сау къæлæт æрфгуытæ дын ныр саумæры лæбыргæ кæндзысты, Йæ урс дæллагхъуыртæй дын хилджытæ Сæ мондæгтæ уадздзысты, дудгæ бада! Йæ къæбæлдзыг сæры хилæй дын мыстытæ сæхицæн ахстæттæ бийдзысты, Афтидæй дзы баззайай, уый кæй уыд æмæ уый кæмæн нал и, мæ фæрстæ дын фехæлой! Ныр нын уыдон мæнг зæрдæтæ ’вæрынц сæ чындзæхсæвæй, мæ къона, Фæлæ сын мах, бавдæлæм æмæ, афæдзы хистыты бæсты нæртон чындзæхсæвтæ ныззилæм, Афтидæй сæ баззайæм нæ бындурзылд æнхъæлцаутæй! Стæй æнæзонгæ сылгоймаг Залечы йæ хъæбысы æрбакодта: — Ма мыл фæхудут, уæ фæхъхъау фæуон! — йæ риумæ нылхъывта Залечы.— Æмæ мæ æрра усыл дæр ма банымайут, фæлæ дæ æз амæй фæстæмæ мæхицæн адджын хæстæгыл ны- майдзынæн! — хæкъуырцц куыдæй та йæ цæссыг фемæхст сыл- гоймагæн. — Цæмæн афтæтæ дзурыс, хорз у, куыд дæм кæсæм, афтæмæй дæуыл дæр махæй хуыздæр бон куынæ ис, уæд? Æрбад ма мæнæ бандоныл,— фæхицæн æй кодта Зæлу Залекæй æмæ йæ йæ фарсмæ бандоныл æрбадын кодта.— Ам худæнбонты бынат нæу, мæ хæдзар, фæлæ ма нын дæхи бацамон. — Цы уын зæгъон, мæ хуртæ, нæ зонын. Быны ус мæ ном, сенамонд боны гуырд,— асæрфта йæ цæссыгтæ ус.— Иунæгæн Цыдтæн мæ къæхтыл ацы мæнг дунейы, æмæ мын дзы чидæр йæ ^æрдæйы дзæбæхæн, йæхицæн афæдз раздæр хиирхæфсæн мысан ацарæзта. Æмæ йæ, мæ фæрстæ йын фехæлой, тыгъд бьгдырь!, йæ туджы мæцгæ, дзæгъæл æмыладжы фæуагъта. Ныр мæм, уæ рын бахæрон, дысон фыны худæнбылæй куы фæзы- нид. «Дæ зæрдæ мæм мауал æхсайæд, дытта, иунæг нал уыдзæн Лæ хъæбул. Ссыгъд йæ амонды стъалы. Раст цахæм чындз уарз- тай, ахæм дын равзæрстон, курын хатыр, фæлæ. Къуырийы фæстæ нæ чындзæхсæв, уазæджы æрцыдмæ ма у не ’нхъæлмæ- 105
гаст. Кæд дæ йæ фенын фæнды дæ чындзагæн, дытта, уæд мæнæЦ бирæ дарддæр нæ цæры, не ’хсæн уæрдонвæндаг ис æрмæста Уый сæрты куы бахизай, уæд æртыккаг уынджы, æхсæзæш хæдзар кулдуарæй бахизгæйæ. Дæ зæрдæмæ фæцæудзæн: са|| къæлæт æрфгуытæ æмæ йын стыр сау хъоппæг цæстытæ хæмпуЦ къæбæлдзыг сæрыхилимæ, йæ уæхсчытæм ын хæццæ кæнынц»! Мæ цуры дзуццæджы абадт æмæ мын мæ уæрджытыл йæ сæд æруагъта, мæгуыр. Дæ хъуыддаг, зæгъын, раст, мæ хъæбул,-! дыууæ къухæй йын йæ сæрмæ куыд февнæлдтон, мæ дæллагхъ^ уыр ын æй анордон, зæгъгæ, афтæ фехъал дæн, мæрдфынæй бауон. Куы нал райхъал уыдаин, бæргæ, æппындæр, фæлаез уыйбæрц амонд кæмæ хауы? — ус сыстад æмæ та цыртдзæвæ-1 ны уæлхъус æрлæууыд, чызджы хуызистмæ æдзынæг кæсгæйæ.1 — Цы Хуыцау лæвæрдта мæн хуызæн æнамонд адæймагæн! дæу хуызæн хурæнгæс, мæйдзæсгомы йæ къулæнцой ирон да-| рæсы фенын, мацыуал уын бантыса кæннæуæд дыууæйæ дæр| кæд æнамонд боны гуырдтæ разындыстут, уæд! Цы дын зæгъон| уастæн, мæ хъæбул, кæд мын дæхи маст æгъгъæдыл нæ баны-| мадтай, æмæ ма мын дыккаг зæрдæниз скодтай дæ мæнг бары-| хайы фендæй, уæд, гормон! — схæкъуырцц та кодта сылгой-1 маг. 1 — Куыд ницы дзурыс, Зæлу? — Кæд дзы æцæг исты ис,| мыййаг, уым дæр æмæ мах нæхи дзæгъæлы хæрæм?! — йæ цæсго-| мы хуыз фæрухсдæр, афтæмæй Зæлуйы фарсмæ абадт Залега æмæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта. ,4 — Бæргæ, бæргæ, дæ нывонд фæуон, куы дзы уаид исты!] Фæлæ, нæ зонын, нæ зонын, иу æмæ дыууæ гуыппырсарыл куы| нæ ’рцыд æхгæд саумæры дуар, уæд дзы йу фæстæмæ куыннæ] раздæхид, Нарты Сосланау, уыцы байтамантæй? *< — Æмæ дын уæд чызгæн йæ ном нæ загъта, мыййаг? —* фестад фæстæмæ Залек æмæ къæмдзæстыгхуызæй дзуры усмæ.* — Нæ, дæ рын бахæрон! — разылд æм сылгоймаг.— Чын-з дзагæй фæстæмæ дзы номы кой нæ фехъуыстон. Æфсæрмыгæ-^ наг мын уыд, фырнымд, мæ царм ын фехæла, æмæ мын йæ ном| зæгъын не сфæрæзта, æвæццæгæн. Йæ алы уæнджы мын аль?| æгъдау уыд. Фæлæ йæ мæнæ ныр куыдæй уынын, афтæ мын йае| сурæт фыны мæ цæстытыл бакодта ацы æнамондæн,— арф| ныуулæфыд, афтæмæй йæ къух авæрдта ингæныл æмæ цæуын-| æввонг йæ сæрыхæцъил аив кæнынмæ фæци. * — Цæуон ныр æз, базыдтон мæ дыккаг сау хæдзары дæр>* æмæ дзы амæй фæстæмæ чындзы мондæгтæ исдзынæн, игæрхæлА* фæуон сæ мæрдæй. Æз ма йын æххæст йæхи дæр абæрæг кæноН,| 106
цауæд мæм æнхъæлмæ куы кæса, кæд æй мыййаг базонын фæнды, фæцыд мæ зæрдæмæ æви нæ, уый, æнæ сдзургæйæ мæ цæстæнгасæй дæр чи ’мбæрста, уыцы æнæмаст хъæбулы.— За- лечы йæ хъæбысмæ нылхъывта сылгоймаг.— Дæу дæр, дæ рын бахæрон, кæд дæ сиахсаджы фенын æрфæнда, мæ арв, мæ зæхх мыл баиу уой, уæд-иу мæнæ чысыл уæлдæрты комкоммæ бау- ай, æмæ тæккæ фæндаджы былгæрон. Дадианаты бындурзылд. уЕз цæуын, фенынмæ уал. Кæд уын уæлдай зын скодтон, уæд мын хатырæй фæуæд,— иу каст ма сæм фæстæмæ фæкодта сылгоймаг æмæ фæцæуæг. — Фæндараст, мæ хæдзар, дæ зæрдæйы хорзæх дæ уæд! — йæ фæстæ ма адзырдта Зæлу дæр æмæ Залекимæ иуцасдæр рæстæг сæ бынæтты сагъдауæй лæугæ баззадысты. Уыцы ’хсæв бонмæ даргъ уыди, цыбыр уыди, йæ дыууæ цæсты кæрæдзиуыл не ’рывæрдта Зæлу, æнцой йын нæ лæвæрдта уыцы æнахуыр цау. Фынтæн цыдæр бастдзинад кæй ис цардимæ, ууыл гуырысхо никæд кодта Зæлу, сæ райхалынмæ дæр æй цыма ничи амбылдтаин, ныронг æм афтæ каст, сбаста сын-иу сæ мидис царды æцæгдзинадимæ. Хорзмæ йын дзы кæй фенд цæуы суанг хион, тугхæстæг зонгæтæй, æмæ йын дзы масты хос, кæнæ фыдбылызмæ кæй фæзынд вæййы фыны, уый дæр ын зындгонд у, фæлтæрд сыл у йæхæдæг. Гъе, фæлæ дзы абон цы æнахуыр фыны кой фехъуыста Зæлу, ахæмыл та никæд ма фембæлд. Цæмæ рацæудзæн, чи зоны, иунæг Хуыцау йеддæмæ?! Фæлæ дзы Залечы зæрдæ цæуылдæр кæй фæлæууыд, уый йе ’ууæлтыл бæрæг уыд, мæгуыр, йæ цæсгомы хуыз дæр фендæрхуызон, цыдæр цымыдисдзинады уацары бахауд. Уадз æмæ йæ уд ис- тæуыл лæууа, майды-ма йын исты ахъаз фæуа йæхиуыл схæцынæн... Дыккаг бон иннæ хæттытæй бирæ раздæр балæууыд Зæлу уæлмæрдты, æмæ та йæ сау хæдзар æфснайдæй куы ауыдта, уæд джихæй лæугæйæ аззад иуцасдæр.— Мæгуыр дæ бон, За- лек, æнхъæлдæн æмæ дæуыл дæр хуыздæр æхсæв нæ ауад...— йæ зæрды скæсын уыд уæлæрдæм, уым ма ис Залек, æви ацы- даид агурæг, зæгъгæ, фæлæ дын уæдмæ йæ ныхас йæ хъустыл куы ауаид: — Кæм дæ, кæ, Зæлу? Мæ цæстытæ дæм куы ныуурс сты райсомсарæй. Мæ зæрдæ дæм æхсайдта, кæд та дæ, зæгъын, дæ зэердæ хъыгдары зноны цауы фæстæ. — Гъей, мæ хур Залек! Адæймаджы царм фидар у! Хæрам Аæр мæ фынæйтæ кæнæд, фæлæ дысон бонмæ мæ дыууæ цæсты ^ппындæр кæрæдзиуыл нæ авæрдтон, бынтондæр фæлыгъд мæ 107
хуыссæджы хай, æрмæст бонырдæм цы арæдзæ-мæдзæ кодтонЦ æндæр. Æмæ афæстиат дæн. ^ — Æмæ мæнæй цы зæгъыс?.. Нæ дæ фæнды диссагæн уыць^ æнахуыр усгуры фенын? Цом-ма, кæд зивæг нæ кæныс, уæд! '< — Куыннæ, куыннæ! Мæхи зæрды дæр уыди.— Æмæ Зæл^; Залечы разæй фæраст. 3 Мад сын æй куыд амыдта, афтæмæй йæм комкоммæ 6ацы-: дысты. Цыртæй сæм каст цæхæрцæст æвзонг лæппуйы хуызист- йе ’мбæрцыгæй: йæ иу къухы чиныг, йе ’ннæ уæхскыл гитара^ æфтыд. * — Æ, дæ ныййарæджы фæрстæ дын куыд фехæлдысты,! кæйдæр зæрдæйы фиу! Цымæ дæм уый цавæр дурзæрдæ лæгсыр- ды къух батасыд, Хуыцауы фыдæх ссара, уагæр ын цы гæнæг уыдтæ?! — цыртдзæвæнмæ нæма бахæццæ, афтæ та æрдзы са- бырдзинад фехæлдта æрхæмзæрдæ Зæлуйы уынгæг хъæлæс. Залек нымдгæнгæ бахызт цыртдзæвæнмæ æмæ лæппуйы къæхтьг раз йæ уæрджытыл æрхауд, цыма дзы хатыр куырдта, мады сиахсæггаг нуазæн раттын ын йæ бон кæй нæу, уый тыххæй. — Уый дын фена мæ цæст, сиахсмондаг буц ныййарæг, кæд цæфыл нæ лæууыдтæ, уæд ма дын уый та рæхуыст! — афтæмæй куы ’ркаст Залекмæ, уæд Зæлуйæн ноджы хъæрдæрæй райхъ-' уыст йæ кæуын, стæй йыл схæцыд: — Æбуалгъ митæ ма кæн,> мæ хур! Сиахс дын куы ’мбæлдаид, уæд дæ Хуыцау нæ уыдта,' гормон? Уый бæсты йыл дæ къух авæр æмæ йын рухсаг зæгъ,— йæхи фæхъæддых кодта Зæлу æмæ йæ цæссыгтæ асæрфта. Уый фæстæ ма дыууæ хатты цыдæр федта Зæлу Залечы/ Уый дæр ныхасмæ нæ — æхсгæ уад кæнгæйæ, кæдæмдæр-иу’ тырныдта. Стæй йын иуцасдæр фадат нæ фæци уæлмæрдтæм ауайынæн. Куы йын бантыст, уæд та... Иннæ хæттыты хуызæн йæ цыртдзæвæныл Залечы æрмдзæф куынæ зынд, уæд æм уайтагъддæр йæ зæрдæ фехсайдта: кæм уа, йæ саби уа æнæфæразгæ, æви йæхæдæг?.. Æмæ куыддæр йе ’фснаинæгтæ акодта, афтæ цъылын æмæ бедрайы дзаг дон йемæ" айста, æмæ фæраст Залечы æфснаинæгтæм. Бирæ суайын æй нал хъуыд цыртдзæвæнмæ, афтæ кæсы æмæ йæм æфсæйнаг’ быруйæ чызджы цырты фарсмæ сагъдæй ногамад урс хъæдыкР цырт куы разынид! — Мæ арт бауазал, ай та цы хабар у?! — йæ цъылын йæ’- къухæй æрхауд Зæлуйæн æмæ уæд бедра дæр æрæвæрдта. Йэе’ зæнгты зыр-зыр ссыд, фæлæ уæддæр йæ цыд фæтагъддæр код-: та цыртыл фыст бакæсынмæ. Æмæ йыл Залечы ном куы ауыд-' та, уæд гæдыхъæдау ныррызт. 108
— Æ Хуыцау дын æй ма ныххатыр кæна Залекæн, дæ са- бийы тæригъæдæй, кæд цы ми бакодтай?! Æмæ дзы ма байрайа уыцы зæронд ус дæр йæ фынæй, кæд дыл сайдæй рацыдысты чындзæхсæвы æфсон, æндæр дæ ныццыдмæ уыдис се ’нхъæл- мæгаст, уæд! — тагъд-тагъд ыл йæ къух авæрдта Зæлу æмæ тарстхуызæй лидзæг фæци, йæ алфамбылай кæй никæй уыдта, уымæ гæсгæ йыл æбуалгъы царды цауæй ихæнриз бахæцыд. — Ныр ма уыцы саби цы фæуыдзæн, кæй ма хъæуы, йæ лæппулæг фыд йæ ног амонд куы ссара, уæд? — уыцы сагъæс хъуаг ма уыд Зæлуйы рыст зæрдæ æмæ та йыл уый дæр баф- тыд. Йæхицæн бынат нал ардта, цалынмæ сабийы фæдыл фæхæст, йæ бæрджытæ йын базыдта æмæ йæм йæ къух хæццæ кæнын байдыдта, уæдмæ. Æмæ, мæгуыр, байрæзт, бахъомыл Хуыцауы фæрцы, хорз адæймæгты узæлды руаджы. Рæвдыдта йæ Зæлу дæр, йæ зæрдæйы хъармæй йын хай кодта, йæ хъæбу- лы мондæгтæ дзы иста. Абоны онг дæр ыл нæ уадзы йæ арм- дард, йæ хъусдард, кæд йæ лæджы кармæ фæцæуы, дыууæ хъæбулы фыд у, уæддæр, тугхæстæгау. Цæмæндæр æм афтæ кæсы Зæлумæ, цыма уымæй Залечы зæрдæ æлхæны мæрдтæм, ома уæд уымæй дæр рохуаты нæ уыдзæн йæ хъæбул, дардзæн æм йæ цæст Залек дæр, рæвдаудзæн ын æй... Уыдæттыл куыд хъуыды кодта, афтæ Зæлумæ кæртæй æрбайхъуыст йæ хъуг Манийы уасын. — Ме ’гæрыл уон, мæрдырох мыл куыд бахæцыд! Сау сы- джыт дæ бахæра, кæд цы зæрдæ дæ! Фæцæуын дæм, фæцæуын, Мани! — уæззаугай та сыстад Зæлу йæ бынатæй æмæ æд хъуг- дуцæн бедыра рахызт кæртмæ. 109
ПЛИТЫЗæирæ ИЗÆРОН СТЪАЛЫ Сæрдыгон изæр та ыссыгъта йæ цырагь, Фæивта йæ кæлæн æрттывдæй мæ равг... Мæуарзт мæм ысдзырдта... Дæ ном та — мæ былалгъ. Ды — уыцы ыстьалы, æз та дæн дæ арв. Дæ фæлмæн арм айста мæ арм, Дæ цонг мыл æруагьтай уæзданæй, Мæ гом уæхскыл ку ’аныдзæвд хъарм, уæд ницыуал аззад æфсармæй: Мæхи дæм æлвæстон æввахс, Уæндонæй дæ цæстытæм кастæн... Цъæх нæуу æмæ дидинджын фахс Рæвдаугæ ыскодтой мах с ’астæу. МÆИ Ныккастæ мæ уатмæ æдзынæг,— Уыныс ды мæн иунæгæй ам. Цæмæн у мæ хъысмæт тæдзынæг? Мæ уадул мæ цæссыгæй — хъарм. 110
Мысын дæу,— ды дæ мæ амонд,— Тынг дæу фенынмæ бæллын; Хъуамæ фембæлон дыл абон: Науæд ’нæ дæ уарзт мæлын! Иу бон та рæсугъд цæрдзынæн, Иу бон мыл кæсдзæни хур: Ды фæлмæн ныхас кæндзынæ,— Зæрдæ фестдзæни æфсургь.
КЪОБЫЛТЫ Ольга Ацы æмдзæвгæты автор Къобылты Ольга уыд къо- баг чызг, Ухаты хъæуккаг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ сæхимæ каст фæци астæуккаг скъола, фæлæ дарддæр нал сахуыр кодта — уæззау зæрдæппзæй садп æмæ 1946 азы 22-аздзыдæй амард. Фыста æмдзæвгæтæ, цалдæр дзы мыхуыр дæр ныккодта. УАРЗТЫ ЦÆХÆР М-мæ Бадтæн иунæгæй мæуаты, Дзагуыд хъуыдытæй мæ сæр... 0, цæй хивæнд у, цæ, зæрдæ, Бахæра йæмæр!.. Бурæмæдз ахорæнæй дæ Уым ныффыстон — арф, фæлмæн, Æмæ йæ фæстæмæ скъахын Нæу мæ бон мæнæн. 0, куы йæ скъахин фæстæмæ, 0, куыдтыхджын мæфæнды!.. Ды дæ зæрдæ радтай ’ндæрæн, Бауарзтай æндæры ды. Уарз æй, уарз, дæхи фæндиаг, Амондджынæй цæр!.. Цæй, кæд худинаг-æгадмæ Не ’руадзин мæ сæр. 112
УАРЗОНДЗИНАД Дард уæвгæйæ, дард уæвгæйæ, Уарзын, уарзын æз зæрдæйæ. Уарзонад мæ риуы ’хсыстæй Ахаэсдзынæн сау ингæнмæ. Нæ, нæ зонын, гас бæстæйы Исчи уа дзæбæхдæр уымæй. Сирвæзт арт мæ сау зæрдæйы Адджын уарзоны цæхæртæй. Царды мæн фæллад куы ’вдæрза, Ме ’взагудхарæй куы ’рлæууа, Уæд мæнæн æгьгъæд у, ’рмæстдæр Йе ’нгас цæстытыл куы уайа,— Маст мæ риуы царды радæн, Цинæн рухс фæндаг уæд ратдзæн, Æмæ диссаг уарзонадæн Кад кæндзынæн, куыдХуыцауæн. 8 Мах дуг № 3, 1999 113
НÆ ЧЫСЫЛ ХУРТÆН ДЗИДЗОЙТЫАзæ СÆНЫЧЧЫ БАЛЦ ый уыдис уалдзæгæй сæрды ’хсæн. Чысыл сæныкк уæд фыццаг хатт сфæнд кодта йæ мадимæ хизынмæ ацæуын. Райсомæй бæргæ рæвдз цыдис йæ мадимæ, фæлæ мадæл сæгътæ æгæр куы сфардæг сты хохы бæрзæндтæм, уæд сæныкк фæллайын байдыдта æмæ æрхуыссыд иу къæдзæхы сæр: — Уæддæр сæ сæййафдзынæн æмæ уал чысыл ам аулæфон. Хуыссы чысыл сæныкк, уæдæ цы. Хæххон рог дымгæ йын йæ фæлмæн хъистæ фæйлауы, йæ хъусы йын цыдæртæ асусу- бусу кæны. Афтæмæй хуыссæг йæ цæстыты куыд фæмидæг, уый зонгæ дæр нæ бакодта. Йæ цæстытæ ма-иу тыхирд бæргæ фæкодта, фæлæ уалынмæ тарф фынæй бацис. Фыны йæ цæсты- тыл уайы, цыма хъæуы зæронд систы сæрты гæппытæ кæны. Мадæн йæ сæныкк йæ фæстæ куынæуал уыд, уæд хорзау пал фæци. — Сау бои мæ баййæфта, цы фæуыдаид мæ сызгъæрин хъæбул?! Фездæхтис фæстæмæ æмæ йæм бауасыд. Исдуг хъусæй алæу- уыд, стæй та фæцæуæг йе ’мбæлтты фæдыл. Чи зоны, уыдо- нимæ ис æмæ йæ нæ равзæрстон, зæгъгæ. Фæлæ йæ уарзон сæныкк æввæхсты куынæ разынд, уæд та фæстæмæ тигъмæ æрбауад, уырдыгæй аракæс-бакæс кодта æмæ та уынгæг хъæлæсæй райдыдта уасын. Мад куы йæ иу хъус схъил кæны, куы дыууæйыл дæр размæ рахæцы. Хатт ма кæрдæджы цъуп- пытæ дæр æнæбары стоны, фæлæ куы бауасы, уæд та йын фæстæмæ æрхауынц. Сæнык та йæхицæн тарф фынæй кодта къæдзæхы сæр цъæх кæрдæг æмæ дидинджыты тæфмæ. Уалынмæ йæ сæрмæ зилын райдыдта стыр урсдæллагхъуыр хæххон цæргæс. Уæлейы, къæдзæхы скъуыдæй та стыр сау калм 114
ралæсы. Цæргæс дæлдæрты тæхын райдыдта. Æмæ калмы ауыдта. Йæхи йыл рауагъта. Калм атымбылтæ æмæ цъæнуты смидæг. Уæртæ дзы чысыл фалдæр мæкъулæг цыдæр хъæпдил æрцахста æмæ йæ хæрынмæ хъавы. Калм уый куы ауыдта, уæд йæ мондæгтæ æруадысты. Йе ’взаг мæсты цъыччытæ кæпы, æрбайрох дзы, йе знаг йæ сæрмæ зилдух кæй кæны, уый. Уалынджы йыл цæргæс дурау йæхи рауагъта æмæ сын тох бацайдагъ. Сæ уынæрмæ сæныкк фехъал, хæрдмæ фесхъиудта. Куы сæ ауыдта, уæд фыртæссæй сæ сæрты куыд агæпп кодта, уый дæр пæ бамбæрста. Мад уайтагъд ауыдта уæд йæ сæныччы æмæ йæ размæ удаистæй ратындзыдта. Куы баиу сты, уæд æй уайтагъд хъарм æхсырæй афсæста, йæ хъæбулы раз йæ азым зонгæйæ. КЪÆВДА ур фæаууон. Къæвда нысæхх-сæх кодта. Фыццаг уал æрæхсадта зæронд тулдз бæлæсты. Уыдон йæ рагондæр хæлæрттæ уыдысты. Фæтындзы, чысыл ма йæ уд халыл кæмæн хæцы хус быдыр- ты, уыцы зайæгойтæм. Куы сæм бахæццæ, уæд сæ цинæн кæрои пал уыд: чи сæ худгæ кодта, чи æмдзæгъд, чи та уæздан кафт. Иу дзырдæй, се ’нæбары удтыл нал ауæрстой. Уæлдайдæр та къутæрты бынтæй гудзитæгæнæг лыстæгастæу дидинджытæ. Сæ кæрæдзийы хъусты сусу-бусуйæ диссаг фесты. Фæидаггæрон дугъы сыфтæ æмæ хъæды рæбыны стыр залмы сыфтæ та йæм сæ армытъæпæнтæ дарынц. Сычъитæ къæдзæхы цур бакъорд сты æмæ йæм уым сæхи дарынц, æхсынц сæхи. Уары къæвда, йæ сыгъдæг æртахæй æхсы зæхх, æфсады йæ сойæ. Раудæгас сты зайæгойтæ, сæ риуы дзагæй улæфынц. Уæртæ сæтæлæг дæр ратындзы. Йæ хæдзар æгасæй дæр йе ’ккой рахæссы. Йæ сыкъатæ истæуыл куы аныдзæвынц, уæд та сæ амбæхсы, фæлæ та сæ цæсты фæныкъуылдмæ раргом кæны, уыдон йæ фидыц дæр сты æмæ йæ хъахъхъæнæг дæр. Стыр хъоппæгдзæст хæфсытæ та чысыл малты нымбæхсты- сты æмæ уырдыгæй хъæр кæпыпц сæ амæддæгтæм, зæгъгæ, ма тæрсут къæвдайæ, рахизут æддæмæ. Даргъ бырынкъ, хъалзæнг æмæ тугцъир дзыпгайы дæр ма бæргæ фæнды, йæ хæдзармæ куы фæхæццæ уаид, уый, фæлæ 115
нал фæразы тæхып æмæ куы кæм ныххауы, куы кæм. Æмæ афтæмæй дæр не ’нцайы йæ дывдывæй. Мæнæ, йæ цæстытæ куы фæирд кæны, куы та сæ атъæбæрт- тытæ кæны, афтæмæй арф мæрайæ рахызт хуыссæгхъæлдзæг тыртына. Ногæй аууæрста йæ цæстытæ æмæ сдзырдта: — Охх, хуыссæг мыл æгæр фæтых! Уалынмæ йæ зокъотæ хуылыдзæй куы ауыдта, уæд йæ хъустæ фæхъил кодта. Бакаст та сæм æдзынæг æмæ ыыккуыдта: — Цы ма уыдзынæн зымæджы, мæ зокъотæ ныххуылыдз сты! Чи мыл батыхсдзæн зымæджы, йæ цæттæ фæллойæ мæнæн чи фæхай кæндзæнис?! Уалынмæ тыртынайы кæуын къæвдайы хъустыл ауадис, фæстæмæ йæм фездæхт æмæ йын афтæ: — Мауал маст кæн, тыртына, æз та дыи æрзайын кæндзыпæн пог зокъотæ! — Бузныг, къæвда, бузныг! — иу бæласы цъупнæй иннæ бæласы цъупмæ гæппытæгæнгæ, дзуры тыртына. — Сымах та, сымах? — фæрсы къæвда быдыртæ æмæ хъæдты, дæттæ æмæ сырдты. — Не ’ппæт дæр бузныг стæм дæуæй, къæвда! — дзуапп ын лæвæрдтой хъæлдзæгæй. Хоры æфсиртæ дæр ын акувынц сæ сæртæй æмæ дзурынц: — Бузныг, бузныг! Стæй хуры тынтæ айтыгътой сæхи зæххыл æмæ йын хъарм кæныиц йæ хуылыдз риу. 116
ДЗУЦЦА ТЫ Зæлинæ ЦÆРГÆС ÆМÆ СЫРДДОНЦЪИУ Аргъау •^~?г ъæууаты сæрмæ зæрæстон хуымтæ тугыл ас- ^ къуыдысты — диссаджы хъæбæрхор дзы æрзади. ~4лк Хуым-æлдарæй дзы иу тымбыл уæрцц цард йæ бирæ хотæ æмæ æфсымæртимæ. Хорæфсæст, зæрдæрухсæй-иу кæрæ- дзийæн арфæтæ кодтой: — Дæ бон хорз, Уæрцц-Былдыхъ! — Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд, Уæрцц-Былдыхъ! Уыцы диссаджы уæздан уæрццыты астæу æрцард иу фыд- цъылыс сырддонцъиу. — Æз дæр сымахæй дæн, былдыхъ-уæрццытæ. Асæй гыц- цыл дæн, уымæ мын ма кæсут — мæ базырты дзыгъуыртæ мып фенут. Æмæ уæрццытæ зæрдиагæй барæвдыдтой фыдцъылыс сырд- донцъиуы. Хоры хорзæй йæм фæкастысты, æмæ сырддонцъиу къуырийы бонмæ стымбыл, срæсугъд. Фырнæрдæй хуымы сæрмæ стæхын дæр нал фæрæзта. Уæрццытæ-иу бахудтысты: «Мæнæ махау къахвæндæгтыл сиргæуадæй згъор». Æмæ-иу ып баца- мыдтой, куыд згъорыи хъæуы, уый. Фæлæ сырддонцъиу бакастæй кæд гыццыл уæрццы хуызæн уыд, уæддæр æцæг уæрцц нæ уыди æмæ сиргæуадæй згъорыи нæ зыдта. Æмæ та-иу æмырццæгæй гæппытæгæнгæ къахвæнда- гыл ныййарц. Уый тынг худæг касти уæрццытæм: сæ тымбыл фæсонтыл-иу фырхудæгæй атылдысты. Бынтон æмбисонд та уый уыд, æмæ сырддонцъиу æмырц- цæгæй гæпп кæнын уæрццыты куыд ахуыр кодта. Фæлæ уæрц- цытæ гæпп кæнын нæ базыдтой, сырддонцъиу та — сиргæ- уадæй згъорын. Уæддæр тынг хъæлдзæгæй фæцардысты фæззæ- джы ралæудмæ. Иу æхсæв бонырдæм сæлфынæг кæнып байдыдта. Æгас бои 117
дæр — афтæ. Изæрырдæм доны лыстæг æртæхтимæ урс ссады муртæ згъæлын байдыдтой. Зымæг æрбахæстæг, уый уæрццы- ты хистæр Уæрцц-æлдар уайтагъд бамбæрста æмæ йæ бинонтæн- бамбарын кодта, боныцъæхтыл æмгуыппæгæй балцы кæй фæраст уыдзысты Хъарм Бæстæ’м, уый. Сырддонцъиу дæр уæрццыты бинонтыл нымад уыди сæрд- сæрды дæргъы æмæ уый дæр йæхи бацæттæ кодта балцы- тæхынмæ. Боныцъæхтыл — уæрццæй, сырддонцъиуæй — се ’ппæтдæр сæ базыртæй доны æртæхтæ ацагътой, сæ бырынчъытæй сæ сисбынтæ бахсæстой æмæ фæлварæн пæррæстытæ скодтой. Хæрзбоны «уæрцц-былдыхъ» ма загътой сæ уарзон зæрæстон хуымтæн æмæ, гъæйтт-мардзæ, зæгъгæ, æмгуыппæгæй ныппæ- рæст кодтой. Сæ базырты æхситмæ райхъал фынæй быдыр æмæ йæ зараг мæргътæн фæндараст загъта хуыссæгхъæлдзæгæй. Цас фæтахтысты мæргътæ, чи зоны, фæлæ сырддонцъиу фæллайын байдыдта æмæ йæ разæй тæхæг уæрццытæм хъæр кæны: «Былдыхъ-уæрццытæ, нæ фæллад уал суадзæм!» Уæрц- цытæ дæр, æвæццæгæн, бастадысты æмæ Терчы был иу ата- гъайы æрбадтысты. Бурдзалыг хъамылы стыр сихæрттæм сæ фæллад фæуагътой, стæй та стахтысты. Ацы хатт сæ фæндаг уыди сахары сæрты. Сырддонцъиу та фæсте зайын байдыд- та,— бæргæ йæ фæндыд искуы бæласы къалиуыл æрбадын, фæлæ йæ зæрдæ тынг æхсайдта Хъарм Бæстæм. Куыд тынг дзы æппæлыдысты уæрццытæ! Уым, дам, зæрæстон хуымты хоры гагатæ хуртуантæй лæууынц: фæнда дæ — еууы гагатæ хæр, фæнда дæ — хъæбæрхоры, бынтон бирæ та, дам, дзы мæнæуы æфсиртæ ис. Хурмæ, дам, цæхæртæ калыпц... «Бæргæ хорз уаид Хъарм Бæстæм фæтæхын,— йæхинымæр хъуыды кæны сырд- донцъиу,— фæлæ даргъ фæндагыл куынæ бафæразон, мый- йаг». Раст уыцы рæстæг кæсы, æмæ йæ тæккæ бынмæ зæрæстон хуымы йас стыр кæрты алыхуызон мæргътæн æмæ цæрæгойтæн иу цавæрдæр зæронд лæг хæринаг дæтты. Æмæ сырддонцъиу йæхицæн афтæ зæгъы: «Æдылы къоп- ,па! Цæй Хъарм Бæстæ дæ хъæуы! Дæлæ уыйбæрц мæргътæн хæринаг кæм дæттынц, уым дзы дæ фаг нæ разындзæн?!» Стыр кæрты иу кæрон зади бæрзонд сырх тæгæр бæлас, æмæ раст уый тæккæ цъуппыл æрбадти бæлццон сырддонцъиу. Лæмбынæгдæр иыккасти кæрты мæргътæм æмæ дын мæнæ дис- саг: хъазтæ, бабызтæ, мæлхъытæ, гогызты астæу рагæпп-багæпп кæныиц дуие сырддонцъиутæ. Бæлццон сырддоицъиу дæр айтæ- 118
уыйтæ нал фæкодта, фæлæ се ’хсæн фæмидæг æмæ сырддоны цæрæг мæргъты хæринæгтæй йæхи хорз федта. Уыцы бонæй фæстæмæ бæлццон сырддонцъиу рæбинаг сси сырддоны кæрты. Фæстагмæ та йæ цæсгом бынтон суагъта: куы- иу уыгты хæринагæй ахордта, куы та-иу къуырмагæрчыты хайæ раскъæфта, суанг ма-иу арсы къалати дæр абæрæг кодта. Стæй- иу æфсæстæй теуайы гоппыл сбадт æмæ-иу йæхицæн чыр-чыр кодта. Фæлæ кæд цыфæнды æдзæсгом æмæ ныфсджын уыди, уæддæр цæргæсты къалатимæ нæма уæндыди. «Хуыцау мæ уыдоны дзæмбытæй бахизæд! — хъуыды кодта сырддонцъиу.— Зæрæстон хуымы дæр сæ тынг тарстæн. Æмæ куыннæ! Мæ цæстыты тæккæ раз уæрццытæй цалы æрцахстой!» Фæлæ фæстагмæ иу хъуыддаг бафиппайдта;. быдираг цæргæстæ уыдысты цæрдæг, цæхæрцæст, къалатийы чи цæры, уыдон та — уæнгмард, æрдæгфынæй. Сырддонцъиу сæ æппын- дæр нал тарст: къалатимæ-иу куы батахт, уæд-иу æй цæргæстæ хъуыды дæр не ’ркодтой,— æрдæгæхгæд цæстытимæ-иу фынæй кодтой. — Гъе-уæууæй, цæргæстæ, кæрчытæ дæр ма сымахæй сæрæндæр куы вæййынц! Фæлæ уыдон сырддонцъиуы уайдзæф хъуыды дæр не ’ркод- той. Иу сæумæрайсом та сæм сырддонцъиу батахти — цæргæсты, ома «фынæй кæрчыты» амæстæймарынмæ. Куыддæр сæ фарсмæ æрбадт, афтæ къалатийы ауыдта ног цæргæсы æппæты бæрзонд- дæр къалиуыл бадгæ. Сырддонцъиу фыццагау уæндон æмæ æнæфсармæй бачыр- чыр кодта, ай нæм уазæг куы ис, зæгъгæ, æдасæй йæ тæккæ фарсмæ абадти æмæ йын уайдзæфтыл схæцыди: «Цæй, куыд, сæрибаруарзаг цæргæс, дæ къалати дæ зæрдæмæ цæуы?» Карз- дæры тыххæй ма бачыр-чыр кæнынмæ хъавыди, фæлæ йæ уæдмæ цæргæс йæ дзæмбыйæ ацахста æмæ йын афтæ зæгъы: «Æмæ ды та, хæмпæлцъиу, сæрибарæн цы ’мбарыс?» Уый йын лæгъстæмæ фæци: — Ц-ц-цæргæс! Ныббар мын! Дæ мад, дæ фыды хатырæй мæ ауадз... Сырддонцъиуы ныхæстæм цæргæс джихæй аззад: йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ мад, йе ’взонджы бонтæ. Бæрзонд хохы фахсыл гуыбыр дурвæткъуы бæлас... Йæ саджилæг къалиуты астæу йæ райгуырæн ахстон... Йæ къæцæлджын былгæрон-иу слæууыди дымгæты ныхмæ æмæ-иу арвыцъæхмæ каст... Цæргæсæн йæ хъуыдыты рæсугъд хал фескъуыди — йæ 119
дзæмбыты бынæй та йæм æрбайхъуысти сырддонцъиуы тæри- гъæддаг цъыбар-цъыбур: — Ц-ц-цæргæс, ауадз-дз-дз мæ. Æз дæр дын и-и-исты хор- зы бац-ц-ц-æудзынæн... — Æмæ мын цы хорзы бацæудзынæ, дæлæ хæмпæлцъиу?.. — бынмæ йæм æрдзырдта цæргæс.— Уæвгæ... Кæд мæ нæ фæсай- дзынæ, уæд мын мæ райгуырæн ахстонæй иу хъæмпыхал уæддæр æрбахæсс. Сырддонцъиу бацин кодта: — Иу нæ, фæлæ дыууæ хъæмпыхалы дæр! Цæргæс суагъта сырддонцъиуы æмæ йын бæлвырд бино- ныгæй бацамыдта, йæ райгуырæн ахстон цы хох, цы бæласыл ис, уый... Сырддонцъиуæн йæ базырты æндзыг куы ссыди, уæд къа- латийæ рапæррæст кодта æмæ ма тæхгæ-тæхын цæргæсмæ ба- дзырдта: — Æз дæ нæ фæсайдзынæн, ц-ц-цæргæс!.. Цыдысты бонтæ . Сырддонцъиуæй ницы хабар хъуысти. Кæд æй, мыййаг, фæсайдта? Уæвгæ йыл йæ зæрдæ ахæм тынг дæр нæ дардта Цæргæс: хæмпæлты цы цъиу схъомыл уа, уымæй цы агурыс? Æмæ та-иу йæхимæ хъусыныл фæци. Нæ хæргæ нал кодта, нæ дон нал нызта, базыруагъдæй, сæргуыбырæй зæронд къодахы къалиуыл бадти æмæ бадти. Сырддоны æхсæвгæс зæронд цуанон æм мидæмæ къалатимæ касти æмæ хъуыдытæ кодта: «Ме ’зæры бон ма мæ ацы тæригъæд цæмæн хъуыди? Цæмæн æй æрцахстон? Арвыцъæх дæр уынгæг кæмæн уыди, уый ацы уынгæг къалатийы куыд бакодтон?..» Дыккаг бон сæумæцъæхæй сырддонцъиу февзæрди цæргæсы къалатийы æмæ йын йæ размæ æрæппæрста дурвæткъуыйы сырх гага. — Цæргæс, цæргæс! — уæлæмæ дзуры сырддонцъиу.— Мæнæ дын дæ райгуырæн хохæй дурвæткъуыйы сырх гага æрхастон. Мæнæ ацы бумбули та дæ ахстоны ссардтои... Цæргæс йæ цæстытæ байгом кодта, æнæбарыгомау æркасти сырддонцъиумæ æмæ — диссаг! — гыццыл дурвæткъуыйы уындæй йæ уæнгтыл схæцыди, лæмбынæгдæр æркаст бумбу- лимæ æмæ йæ йæ зæрдæ базыдта: йæ мад-иу æй йæ базырты бый куы бакодта уазал сæлфынæг бонты, уæд æй цы бумбу- литæ хъарм кодтой, уыдонæй иу у ацы бумбули... Æвæдза, цард куыд диссаг у! Цæрын та æрцыди цæргæсмæ. Йæ базыртыл схæцыд æмæ сæ йæ мидбынаты уæззау тылд ба- 120
кодта. Базырты дымгæ сырддонцъиуы иуварс аскъæфта — къала- тийы кæроы йæ чыр-чыр ссыди: — Ни-ницы мын уыди, цæргæс, ма тыхс!.. Цæргæс дæр хорзау нал фæци: — Бахатыр кæн, сырддонцъиу! Æнæбары мын рауади — мæ зæрдæ та тæхын æрцагуырдта... <Уыцы рæстæг зæронд цуанон æрбацыди къалатийы размæ йæхицæн ныхæстæ кæнгæ: — Дысон дæр та æгъуыссæг куы фæдæн ацы цæргæсы тæригъæдæй! Цæй æмæ йæ ауадзон! — æмæ зæронд лæг къала- тийы дуар б§,кодта. Дуары хъæрмæ иннæ цæргæстæ, сырддопцъиу «фынæй кæрчытæ» кæй хуыдта, уыдон къалатийы рæбындæр балыгъ- дысты. Уæдмæ æрыгон цæргæс — сæрибаруарзаг — къæсæргæрон балæууыд. Йæ сæрибар æй, æвæццæгæн, нæма уырныдта æмæ дуаргæронæй скæс-скæс кодта арвыцъæхмæ. Раст уыцы рæстæг сырддонцъиу, цыма цæргæсæн фæндаг амыдта, уыйау йæ рæзты рапæррæст кодта æмæ быруйы фæйнæгыл абадти. Цæргæс дæр фæныфсджын — фестъæлфыдысты йæ базыртæ æмæ ратахти зæронд цуаноны рæзты. Йæ базырты кæрæттæ ма хæстæгдæр бæласы цъуппытыл андзæвыдысты, йæхи арвыцъæхмæ систа, йе ’ргом сарæзта цъитиджын хæхтæм — йæ райгуырæн бæстæм... Йе ’мтуг цæргæстæй йæ фæдыл кæсгæ дæр иичи ракодта. Йæ фæдыл кастысты æрмæстдæр дыууæйæ: зæронд цуанон æмæ гыццыл сырддонцъиу... . 121
АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД БАЙАТЫГаппо КУЫВД* 1 Ныхас дары ирон адæммæ фыссæг Байаты Гаппо. 2 Стыр æмæ рæсугъд æгъдау баззад ирон адæммæ фыдæлтæй нырмæ — куывд саразын бæрæгбонты æмæ цины сахаты. 3 Ирон куывдæн йæ фидауц уыдысты зæрæдты кувын, га- джидæуттæ æмæ зарджытæ. 4 Стыр куывды зæрæдтæ мах хæдзары-иу афтæ куывтой: 5 Табу дæуæн, нæ фыдæлты Хуыцау! 6 Дунейы чи сфæлдыста, дунейы дарæг иунæг Хуыцауæн! 7 Дæ хорзæх фод ирон мæгуыр адæмы! 8 Нæ куывд дын æхцон фод! 9 О Иры Уастырджы, баххуыс кæ! 10 Бызыбын — дæ рындзылбадæн, Дзывгъисы кувæндон — дæ бонасадæн, Ломисы рагъыл — дæ бæхбæттæн. 11 Не уазæг — де уазæг! Нæхуыддæг дæр — де уазæг! Ба- тæригъæд нын кæ! 12 0 Фæндагсæр Уастырджы! 13 Нæ дард бæлццæтты нын бафæдзæхс, фæндараст цæ фæкæ, знагæй цæ бахъахъхъæ, сæрæгасæй цын сæ хæдзар сса- рын кæ! 14 Барст дын фод нæ куывд! 15 Хор-Уацилла! Тбау-хох — дæ бадæн. 16 Рæстцæстæй нæм æркæс! 17 Хорзад нæ бакæ, хорхъуаг дæ кувæг адæмы макуы фæкæ! 18 0 Фосы Фæлвæра, дауджыты рæдаудæр! ,19 Нæ дарæг фос — де уазæг! Бæркад цыл æфтау! 20 Барст дын фод ацы куывд! "*• Лцы æрмæг редакцимæ ’рбахаста Цомайты Тамарæ. Арфæ йып кæпæм. 122
21 0 ые стыр ныфс Мады-Майрæм! Бæрзонд Зруджы — дæ бадæн. 22 Мæздæджы быдыртæ — дæ бæрны. 23 Ирон сылгоймаг — де уазæг! 24 Табу дын кæнæм, зæрин базырджын Аларды! 25 Хуссары мæнæуæй дын — чъирийаг, цæгаты хорæй дын — бæгæныйаг, Фæлвæрайы фосæй дын — нывондаг, Мысыраг æвзистæй дын — нысайнаг! 26 Бахъахъхъæ низæй нæ мæгуыр сывæллæтты! 27 0 бæстæтавæг Хур-Æртхурон! Ирон къонайы арт — де уазæг! 28 0 нæ Хъæуызæд! Абон у дæ бæрæгбон æмæ нæ дæ хорзæх уæд! 29 Дæ рæзты нæ чи цæуа, уый-иу фæндараст фæкæ! 30 Табу дын кæнæм, Бынатыхицау! 31 Ратт ацы хæдзары бинонтæн цард æмæ амонд! 32 Уæларвон Сафа! Уæларт рæхысы зæд у дæ бæр«ы. 33 Цы чындз-иу æрхæссой дæ бынмæ, уый — дæ фæдзæхст, цы чызг-иу æрвитой дæ бынæй, уый фæндараст фæкæ! 34 Барст уын фод ацы куывд, о зæдты æмæ дауджыты æхсæн цытджындæртæ! 35 Хетæджы къохы зæд, Цъæйы Реком, Цъæхилты Мыкал- габыртæ, Арвыкомы дзуæрттæ, Дзылаты Тæтæртупп, Цыргъо- бауы зæд, Ног дзуар! 36 Кæй ном уæ ссардтон, кæй не ссардтон,— уе ’ппæты хорзæх дæр уæд ирон адæмы! 37 О нæ хохы æмæ быдыры зæдтæ æмæ дауджытæ! 38 Рæстмæ уæ фæндтæ, рæсугъд уæ хъуыддæгтæ! 39 Дардæй нæм-иу рафæлгæсут, хæстæгмæ та нын æххуыс бакæнут! 40 Кæд уæ искæй ном не ссардтон,— ныббарут мын-иу: мæ зонд цыбыр у, ме ’взаг къуымых. 41 О стыр æмæ кадджын Хуыцау! 42 Ирон адæмы лæгхъуаг макуы фæкæ! 43 Бæстæ лæгæй фидауы. Лæг зæринæй дæр зынаргъдæр у. 44 Раст фæндагыл сараз нæ мæгуыр фæсивæды дæр. 45 Сæ ирон ном, сæ ирон æгъдау, сæ ироп цæсгом куыд хъахъхъæной, искуы исчи исты хорз цæ куыд зæгъа, афтæ! 46 О сыгъдæг Чырысти! Æгас дуне дæумæ æнхъæлмæ кæсынц. 47 Фæрнæй бацæрыи кæ мах не ’ппæты, кæрæдзи уарзгæйæ! 48 Æхцон фæкæ Хуыцауæн абоны куывд! 123
49 Фыды фарн мæрдтæм нæ фæцæуы. 50 Зæгъæм рухсаг нæ мæрдтæн. Хæсджын цæ стæм. 51 0 нæ фыдæлты Хуыцау! Цалынмæ хохæй дон цæуа æмае быдыры цалх тула, уæдмæ нын ацы минас æмæ ацы рæсугъд ирон æгъдæуттæ ма-иу байс! 52 Табу дæуæн мыггагæй-мыггагмæ! Оммен! 53 Адæм зæгъынц æмхуызонæй «Оммен, Оммен, Оммен!» Байаты Гаппойы архивæй сс^. ^сх/уу* /./зоК. с^сс^ии.^с.св-. сЖусссХл. ^дссХТу *^2-^7?? а 3 1ь 1. Ете Кес1е ап с1аз оззейзсЬе Уо1к Ьак с1ег ЗсЬпкзГеПег Сарро Ва1е\у. 2. Ете егЬаЬепе ипс! зсЬопе ЗкГе егЫек 51сЬ 1т оззейзсЬеп Уо1к Ыз ЬеиГе уоп с1еп УаГегп Ьег — ет РезГтаЫ г\х уегапзГакет ап Резиа^еп ипс! ги ГгоЬег 5шпс1е. 3. Б1е 21егс1е с!ез оззейзсЬеп Рез^таЫз \уагеп ет СеЪе!: с1ег Акеп, ТппкзргисЬе ипс! 1лес1ег. 4. Ве1 етет §гоззеп РезйпаЫ ЬеГеГеп сНе Акеп т ипзегет Наизе зо: 124
АРГЪÆУТТÆ ДУНЕЙЫ РÆСУГЪД , æлдар йæ фыртæн уат скодта. Æмæ кусджытæн сæ мызд хорз нæ фыста æмæ йын загътой: «Уæдæ Дунейы рæсугъды куы нæ ракурай, уæд дæ Хуы- цау хайыр макуы скæнæд». Уæд лæппу йæ фыдæн загъта, мæ фыд, бæх мын ратт, Дунейы рæсугъды куы нæ ракурай, уæд дын хайыр ма уæд ацы уат, зæгъгæ, мæ ралгъыстой аразджытæ ’мæ мын бæх радт. — Æмæ йæ æз мæ дунейыл куы агуырдтон, уæд æй ды кæм ссардзынæ? — Бæх мын радт. Радта йын бæх æмæ.араст, Иу æртæ бопы куы фæцыд, уæд иу мæгуыр зæронд лæг æрбацæуы, æмæ йын афтæ зæгъы лæппу: — Дæ бон хорз уа, хорз лæг! — Хуыцауы салам дæ уæд! — Цæуын Дунейы рæсугъды агурæг æмæ мын æй бацамоп. — Лæппу, уырдæм афтæ нæ ацæудзыиæ, фæлæ хъус: дæлæ уæйыджы чызг дон æрбахæссы. Уымæ бацу, æмæ дыи дæ хъуыддаг сараздзæн. Уый дын бæх ратдзæпи. Сбад ууыл æмæ ацу. Иу зæронд лæджы мæлгæ баййафдзынæ. Ды Хуыцаумæ скув. Уый райгас уыдзæп. Лæмбынæг æй бафæрс. Стæй зæронд лæг амæлдзæп æмæ йæ хорз баныгæн. Бацыди æлдары фырт уæйыгмæ. Уым ын зæгъыпц, ды пе сиахс дæ ’мæ нæм фысым бакæн. Фыс ып аргæвстой. Иу къуы- ри сæм фæцарди. Стæй хъыг кæнып байдыдта. Уæд æй куырм уæйыг фæрсы: — Цæмæн хъыг кæныс? Дарллæр- Райлпиæп «Мах лулжы» 1995 азы № 11-12; 1996 азы № 7; 1997 азы № 3; 1998 азы №№ 1, 2, 4, 7-10, 12; 1999 азы № 1, 2. 125
— Хуыцау мæ афтæ ралгъыста, æмæ Дунейы рæсугъды куы нæ ссарон, уæд мын цæрæн нæй. — Дæ бæх нæ бæззы. Алас мæ бæх. Фæлæ денджызыл куы уайай, уæд кæй ласай, уыдонæн сæ цæстытæ бабæтт, цæмæй бæхы хъуыддаг мачи бамбара. Ацыди лæппу. Зæронд лæгмæ бахæццæ. Уый амарди. Лæппу Хуыцаумæ скуывта: «Уæдæ, Хуыцæутты Хуыцау, ай райгас уæд, æмæ йæ дзæбæхæй куыд баныгæнон!» Зæронд лæг райгас и. Лæппу йæ фæрсы: . — Цы бакæнон? — Лæппу, раздæр куы ’рцыдаис, ме ’мгъуыд дæумæ уыд. Гъеныр мæлын æмæ мæ баныгæн. Уый фæстæ араст у. Денджы- зыл цæудзынæ, хъусыс, лæппу, сæр æртулдзæн дæ размæ ’мæ дæм дзурдзæни: «Мæгуыр дæ бон, мæлынмæ цæуыс!» Ды ма фæтæрс. Дæ цыды кой кæн. Ноджыдæр дæм иу сæр æртулдзæн. Уый дæр та дæм дзурдзæни: «Мæгуыр дæ бон, мæлынмæ цæ- уыс!» Ацу-иу, ма фæтæрс. Уæд дæ иу барæг расурдзæни. Ды йæм дæ ехс фæхъил кæн. Дзургæ дæр æм ма скæн, тæрсгæ дæр дзы ма фæкæн, дæ.цыды кой кæн. Зæронд лæг амарди. Лæппу йæ баныгæдта. Йæхæдæг араст и. Цæуы денджызы былтыл, æмæ сæр йæ размæ ратылд æмæ йæм дзуры: «Мæгуыр дæ бон, мæлынмæ цæуыс!» Лæппу йæм ницы сдзырдта. Йæ цыды кой кæны. Фалдæр бацыд æмæ та ноджыдæр иу сæр йæ размæ ратылди. Уый дæр та йæм дзуры: «Мæгуыр дæ бон, мæлынмæ цæуыс!» Уымæ дæр та ницы сдзырдта. Цæуы дарддæр. Уалынмæ иу мæсыгмæ баввахс, æмæ мæсыгæй иу барæг рагæпп ласта æмæ йæ суры. Лæппу йæм йæ ехс сдардта, æмæ йын барæг йæ ехс акъуырдта. Уæд ын загъ- та барæг: «Цом нæхимæ». Мидæмæ йæ бакодта. Фынг ын æрæвæрдта æмæ йæм дзуры: «Уазæг исты ахæр, æз ныртæккæ зындзынæн». Лæппу бады фынджы уæлхъус. Уалынмæ йæм рацыд иу рæсугъд. Лæппу цæфсæрмы æмæ фынгмæ не ’впалы. Уæд ын чызг афтæ: — Уыцы барæг æз уыдтæн. Æз нырмæ дæр дæумæ ’нхъæлмæ кастæн. Ныр цæрдзыстæм иумæ, Хуыцау мæ дæуæн саккаг кодта. Иу къуыри ацардысты. Стæй та лæппу æнкъард кæны. Ус æй фæрсы: — Цæуыл æнкъард кæныс? — Мæн Хуыцау ралгъыста, æмæ Дунейы рæсугъды куы нæ ссарон, уæд мын цæрæн нæй. — Уæдæ уымæ афтæмæй цæуæн нæй. Мæнæ дæ бæх дæр, 126
дæхæдæг дæр æрчъиагыл абадут, æмæ дæ уый сæ дуармæ цыххæццæ кæндзæн. Уым дæ бæхыл сбад. Дуармæ йæ ма фæца- раз, фæлæ хъæдкъулмæ. Уæд дæм дыууæ чызджы рауайдзæ- ци. Мæнæ не сиахс, зæгъгæ, дыл цинтæ кæндзысты æмæ дæ уатмæ бакæндзысты. Сæхæдæг атæхдзысты. Гъе уым сбад- дзынæ. Лæппу афтæ бакодта. Сæ дуармæ æрчъиагæй æрхызт. Йæ бæхыл сбадти æмæ йæ хъæдкъулмæ фæцарæзта. Куы йæ фæца- рæзта, уæд æм дыууæ чызджы рауади æмæ йыл цинтæ кæнынц, мæнæ не сиахс, зæгъгæ. Мидæмæ йæ бакодтой, сæхæдæг цыдæр фесты. Уæд æм уатмæ Дунейы рæсугъд рацыд. Иу къуыри та иумæ ацардысты. Уæд лæппу афтæ: — Æфсæрмы кæнын. Нæхи хæдзармæ куы цæуиккам, уæд хуыздæр уаид. — Æмæ дын кæд хæдзар ис, уæд ма уымæй хуыздæр цы уа! Мæ хотæ дæу тыххæй куы атахтысты. — Уæдæ цом. Æрчъиаджы гæбазыл абадтысты æмæ сæхимæ рараст сты. Ссыдысты топпæхсæг чызгмæ. Дунейы рæгъæуттæ йæм уыди. Чындзæхсæв скодтой. Æмæ лæппу нæ хæры. Фæрсынц æй, цæуылнæ хæрыс, зæгъгæ. — Ацы мæрдты райгас кæнын хъæуы. — Ме ’фсымæртæ фондзæй уыдон тыххæй куы фесæфтыс- ты, уæд сæ куыд райгас кæнон?! — Райгас сæ хъæуы! Топпæхсæг чйзг сыл нымæтын ехс ахаста, æмæ се ’ппæт дæр райгас сты. Лæппу сæ бакодта чындзæхсæвмæ ’мæ сыи загъта: «Ацы хæдзары уæ чи цæры, уый цæрæд. Йæхимæ чи цæуы, уый дæр цæуæд. Сымах кæй тыххæй фæцагътой, уыцы рæгъæуттæ дæр сымахæн уадзæм, мах цæуæм». Рараст та сты уырдыгæй. Цæуынц. Деиджызмæ бахæццæ сты. Лæг сын сæ цæстытæ бабаста. Бæх ныггæрæхтæ ласта æмæ денджызыл ауадысты. Уæд устытæ загътой, ай ныи лæгæн бæздзæни, зæгъгæ. Уæд сын сæ цæстытæ суагъта, æмæ йæ фæрсынц, кæдæм цæуæм, зæгъгæ. — Иу уæйыг мæ суазæг кодта, æмæ уый чызджы дæр æнæ хæсгæ нæй. Араст ысты æмæ уæйыгмæ ссыдысты. Уæйыгæн йæ фыстæ æрцыдысты. Йæхæдæг сохъхъыр уыд æмæ дзуры: «Сиахс, ку- сарт акæн!» Ныр фыстыл къæдзæх ахгæдта. Сиахсы бон цас уыдаид, æмæ уæд сохъхъыр уæйыг йæ фыстæй дыууæ аргæв- ста, æмæ сын чындзæхсæв скодта. Уæд чызгæн зæгъынц, хæсгæ 127
дæ кæнæм, зæгъгæ. Чызг афтæ: «Цытæ дзурут, мæнæп ардыгæй ацæуæн никæдæм и. Мæ фыд — сохъхъыр, мæ мад — сохъхъыр, кæмæн сæ ныууадзон!» Уæд Дунейы рæсугъд ехс систа. Расæ- рфта сæ, æмæ уыдон чындздзон чызг æмæ усгур лæппу феста- дысты. Афтæмæй лæппу йæ æртæ усимæ араст сæхимæ. Йæ фыды зæхмæ ссыд. Уым иу дынджыр тулдз бæласы бынмæ æрæнца- дысты, ам нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Лæппу бафынæй. Уæ- йыджы чызг нывтæ кæрды, уæладзыг мæсыджы ныв скарста. Уæд ууыл топпæхсæг бафтыдта рæсугъддæр нывтæ. Дунейы рæсугъд сæ нымæтын ехсæй рацавта æмæ уæладзгуытæ феста- дысты. Сиахсы (сæ лæджы) схастой. Тыргъты йæ æрæвæрдтрй. Уæдмæ лæппу райхъал æмæ сæ фæрсы: — Ай цы у? — Нæ хæдзар. Лæппу æрæнкъард. Дунейы рæсугъд æй фæрсы: — Кæд нæ бæззы, уæд æй фæнык фестын кæнои? — Цæмæн сæ халыс? Уæд йæ фыды æххуырст иуахæмы ууылты æрцыди. Федта уæладзгуытæ. Ссыди фыдмæ ’мæ йын радзырдта, дæ фырт дис- саджы æртæ усимæ цæры, зæгъгæ. Фыд æрцыди. Федта мæсыг æмæ фæстæмæ сыздæхт; æмæ йæ усæн афтæ: «Фыс аргæвдæм, сыхæгты æрхонæм». Сцæттæ кодтой. Лæппумæ дæр арвыстой. Хоны йæ. Дунейы рæсугъд ын афтæ: « Абон дæ маргæ кæндзысты æмæ мæнæ гыц- цыл къæбылайы демæ ахон». Ссыди куывдмæ. Акуывта зæронд лæг. Нуазæн хаимæ лæппумæ авæрдта. Лæппу хай нуазæны атылдта æмæ йæ къæбы- лайæн аппæрста, æмæ къæбыла дзыхъмард фæци. Уæд фыд адæммæ лæбурдтытæ кæны, джауыртæ, мæ иунæг фырты мын куы мардтат, зæгъгæ. Адæм ныджджих сты. Лæппу ралыгъди сæхимæ. Сæ хæдзармæ ныццыд, æмæ йын ус афтæ, нæ дын загътон, хма ацу, зæгъгæ. «Ницы кæны. Мæ фыд у, йæ коммæ кæсын хъæуы». Фыд райсом раджы æрцыд æмæ загъта: «Мæ фырт, уыдонмæ ма хъус. Демæ цуаны никуыуал уыдтæн æмæ цуапы цом». Уæд ыи Дунейы рæсугъд зæгъы: «Гъе, иæ лæг, абои цуаны цæуыс, фæлæ нал æрцæудзынæ. Дæхи нæ бахъахъхъæндзыиæ». Цуан фæкодтой изæрмæ, æмæ пицы ссардтой. Раздæхтыс- ты. Сæхимæ цæуынц. Уæд цыма фыд йæхи хъуыдыйы ахызт, афтæ фæфæстиат. Лæппу цæуы. Уый йæ фæсте фехста. Нæмыг 128
йæ тæккæ къæбутыл сæмбæлд, æмæ лæппу бæхæй ахауди. Фыд ацыд æмæ йын йе ’ртæ усæн афтæ: — Гъер мæн стут, уæ лæг нал и. Уыдон ын афтæ: — Мах дæу нæ уыдзыстæм, стæй нæ уыдыстæм. — Уæдæ æз райсом -æфсæдтæ æркæндзынæн. — Æркæн, цас дæ фæнды, уыйас. Ацыди лæг. Дунейы рæсугъд фæрсы: — Кæмæ уæ цы хъару ис? Топпæхсæг зæгъы: — Æз мæ топп куы радарон, уæд нæ февгъуыйдзæн. Уæйыджы чызг загъта: — Æз топыхосæй нæмгуытæ кæндзынæн, цас хъæуа, уыйас. Уæд Дунейы рæсугъд зæгъы: — Уæдæ мæнæн дæр уыцы хатыр бакæнут æмæ æз мæ бæхыл куы сбадон, уæд йæ къæдзилы цал хъисы ис, уал лæджы амар- дзынæн, æмæ Хуыцауы тыххæй, мæнæн дæр мæ хай æфсæдтæй ныууадзут. Æз дæр мæ лæджы хæс райсои. Райсом сæм æфсад æрбацыдысты. Хæцын райдыдтой æмæ æфсад ныццагътой, фæлæ фыды нæ амардтой, пæ лæгæн хъыг куы уа, зæгъгæ. Уæдмæ Дунейы рæсугъдæн йæ дыууæ хойы æрбатахтысты. Лæппуйы мард федтой, мæ сæ иу дзуры: «Ай не сиахс у æмæ йæ райгас кæнæм». Иннæ та афтæ: «Нæ хомæ нæ хъуыста, уадз æй». Нæ йæ ныууагъта. Нымæтын ехсæй йæ ракъуырдта, æмæ лæппу рабадти. Чызджытæ атахтысты, æмæ лæг сыдæй мæлы. Гутонгæнæгмæ ссыд æмæ йын афтæ: — Дæ хорзæхæй, хорз мæ фен. — Куыд дæ фенон, райсом мæ дæлæ æлдар хæстмæ куы кæны, уæд? — Дæ хорзæхæй, хорз мæ феп æмæ æз дæ бæсты ацæу- дзынæн хæстмæ! — Уæдæ, кæд мæ бæсты ацæудзынæ хæстмæ, уæд цом. Ныккодта йæ сæхимæ. Хорз æй федта. Æхсæв гутоигæнæгмæ баззади. Куы сбон, уæд адæм æрæмбырд сты. Уый дæр рацыди. Гутонгæнæг сæхимæ баззади. Хæстмæ æрцыдысты дуиейы адæм. Уый адæмæн афтæ: — Цæмæ хæцут? — Дæлæ уыцы æртæ усы цæмæй не ’лдарæи скæпæм, уый тыххæй. — Æз сæ ныртæккæ скæндзынæн. Афтæмæй лæг арасти. Скодта сæ уырдæм æмæ загъта: — Хорз адæм, бахатыр кæнут! Ацы лæг у мæ фыд. Лдои та 9 Млх дуг № 3, 1999 129
сты мæ бинонтæ. Ацы лæг ацы устыты тыххæй мæи амардта. Æз райгас дæн мæ усы хоты фæрцы. Дунейы адæм адон тыххæй ныццæгъдын кодта. Фæлæ мæнæн хъыг куы уа, уый тыххæй йæ мæ устытæ нæ амардтой. Ныр æй æз марын. Уыцы ран йæ фыды амардта. Адæм ын раарфæ кодтой. Уый йæ устытимæ ацыд, æмæ ма абон дæр дзæбæхæй цæрынц. 102-аздзыд, æнæхуыргонд Хъамбегаты Фæидийы фырт Осмæпы пыхæстæй йæ 1966 азы 1 октябры Беслæпы пыффыста Цагъаты Апаста- сия. ДАВЫНМÆ ЦÆУÆГ Иу лæппу уыд. Адæм давынмæ цыдысты. Уый дæр йæ мадæн лæгъзтæ кодта, ауадз-ма мæн дæр, зæгъгæ. — Куыд дæ ауадзон, иунæг куы дæн! Уæд сæ хъæуы йæхи хуызæн иунæг уыд. Уый æркодта æмæ загъта йæ мадæн. — Ай дын ме ’рцыдмæ лæппу. Йæхæдæг ацыди. Цас фæцыди, чи зоны, фæлæ Хæтæг-Ба- рæгыл сæмбæлд. Асалам кодтой, æмæ йæ Хæтæг-Барæг фæрсы, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. — Афæдзбалцы цæуын. — Уæдæ мæн дæр демæ ауадз. — Табуафси, æмбал мын нæй æмæ рацу мемæ. Ацыдысты. Бирæ фæцыдысты æмæ бахæццæ сты иу галу- анмæ. Йæ алыфарс дынджыр сис амад, дуар дзы нæй. Лæппу рæхыс систа. Дыууæ раны йæ ныццавта æмæ йыл ахæцыд си- сыл æмæ йæ бакалдта. Йæхæдæг дзуры Хæтæг-Барæгмæ, ды дзыхъхъы ныббыр, зæгъгæ. Уый ныббырыд дзыхъхъы, æмæ йæ лæппу йæ пæлæзæй бамбæрзта. Йæхæдæг кæсы. Уалынмæ уæ- йыг, уый уыди авд уæйыджы галуан, йæхи æхсынмæ рацыд. Йæхи цæхсадта. Мидæмæ бацыд æмæ йæ кæстæрмæ дзуры: — Цу-ма, дæлæ уыцы хæххон дзиглойы радав, æз дзы мæ дæндæгтæ асхъауон. • Кæстæр разгъордта. Лæппу йæм йæ къух тилы, рауай-ма, зæгъгæ. Уæйыг æм бауад. Уый йæ ехсæй рацавта, æмæ уæйыг фæсур. Уый йын йæ къæхтæ ’мæ къухтæ æрбабаста æмæ йæ дзыхъхъы цæппæрста. Афтæмæй æхсæз уæйыджы æрæвæрдта уым. Уæд æм æвдæм уæйыг — æвдсæрон, мæстæй пиллон калгæ, йæхи раппæрста. Уый дæр рæхысæй рацавта æмæ фæсур. Йæ 130
къæхтæ ’мæ йын йæ къухтæ абаста, æмæ йæм уæд уæйыг дзу- ры: — Ма мæ амар! Иунæг хо нын ис авд уæйыгæй æмæ гъеуый дæуæн дæттын. — Æмæ уæ маргæ нæ кæнын. Уæд сæ суагъта. Мидæмæ йæ бакодтой. Саг ын аргæвстой. фынгыл ын æй æрæвæрдтой æмæ йын загътой, мæнæ нын иунæг хо ис æмæ йæ дæуæн дæттæм, зæгъгæ. Уый сын афтæ: мæнæн мемæ уазæг ис. Уый мæнæй хистæр у, æмæ уый разæй мæнæн не ’мбæлы, фæлæ чызг уымæн раттут. Сразы сты. Хæтæг-Барæгæн радтой сæ хойы, радтой йæм дæгъæлтæ ’мæ йын загътой. — Цæр ам нæ хоимæ. Мах цуаны цæуæм, фæлæ хъус: ацы дæгъæлтæй йæ галуаны æхсæз дуары бакæн, фæлæ æвдæм ма бакæ. Уæйгуытæ дæр, лæппу дæр цуаны ацыдысты. Уыдон цуаны куы ацыдысты, уæд Хæтæг-Барæг дуæрттæ байгом кодта, æхсæз дуары. Уыцы уæтты уыди диссаджы дзауматæ. Æвдæммæ бахæццæ ’мæ загъта: «Ныр мын иннæ уæтты куы ницы уыд, уæд ма амæй дæр цы тæрсын? Цæй, æмæ йæ бакæнон». Бакод- та йæ, æмæ дзы иу уылынджы йас лæг, йæ зачъетæ зæхмæ хæццæ кæнынц, ахæм — рæхыстæй баст. Æмæ дзуры Хæтæг- Барæгмæ: — Гъы, мæгуыр дæ бон, дæ разы ма мын уыцы кард æрбадæтт. Хæтæг-Барæг къулыл уыцы кардмæ бацыд. Схæц, схæц ыл кæны æмæ кæм! Уæд æм гыццыл лæг дзуры: — Уæдæ мын иу бедра дон радав! Дон ын æрбахаста. Уый йæ анызта æмæ та йæм дзуры: — Ноджыдæр ма мын дон! Уый та йын дыккаг бедра æрбадавта, æмæ та йæ анызта. Дыккаг бедра куы анызта, уæд йæ рæхыстыл рахæцыд æмæ æрызгъæлдысты. Хæтæг-Барæгмæ фæлæбурдта. Уæрмы йæ цæппæрста, æмæ уый уым йæ фæрстæй хъæрзы. Усы йе ’ккой акодта æмæ йæ афардæг кодта. Уæд изæры цуанонтæ иу ранмæ бахæццæ сты. Уый уæй- гуытæ лæппуйæн зæгъынц: — Амæй фалдæр цæуæн нæй. Ай у, йæ тыхæн æмбал кæмæн нæй, ахæм уæйыджы зæхх æмæ нæ ныццæгъддзæн. Лæппу сын загъта: — Уый та куыд? Уый иу, мах та аст! Цы нын кæндзæн?! Лæппуйы æфсæрмæй уæд араст сты. Дуие сагтæ дзы фæцагъ- 131
той. Уыдон авдæй цас амардтой, лæппу йæхæдæг дыууæ ахæмы фæцагъта. Изæры сæхимæ æрцыдысты. Кæсынц, сæ хо сæм кæд рауайдзæн цымæ. Куы нæ зынд, уæд уæйгуытæ загътой, нæ хо фæхъал æмæ цом мидæмæ нæхæдæг. Бацыдысты. Сæ саджы мæрдтæ æрæвæрдтой. Кæсынц, æмæ хæдзары хо дæр нал, иу дæр нал. Райдыдтой агурыи æмæ Хæтæг-Барæджы уæрмæй хъæрзгæйæ сластой. Уæйгуытæ йæм бауырдыг сты, хæргæ дæ кæнæм, нæ хойы нын цы фæкодтай, зæгъгæ. Уæд лæппу загъта: «Хъусут, æз цæуын, мæ уазæджы ам уадзын. Сымах мæм афæдзмæ æнхъæлмæ кæсут. Кæд уын афæдзмæ уæ хойы не ссарон, уæд-иу æй бахæрут ам». Араст и. Иу-цалдæр боны фæцыд æмæ иу æрхуы мæсыг ссардта. Бахизæн æм нæй. Лæппу зæхх бакъахта æмæ мæсыгмæ схызт. Уым уæйгуыты хо бады, гыццыл лæг та йæ уæрджытыл хуыссы. Лæппу усæн бамбарын кодта, ракъах ма йæ, йæ зæрдæ кæм и, зæгъгæ, йæхæдæг йæхи æрæмбæхста. Райхъал гыццыл лæг. Ныр та йæхи балцмæ цæттæ кæны. Ус кæуы, æнкъард кæны. Лæг æй фæрсы: — Цы кæныс, цæуыл æнкъард кæныс? — Цы кæнын, ды ацæуыс, æз ам иуиæгæй баззайын. Мæхи цæуыл ирхæфсон, уый дæр ма мып нæй. Уæд та дæ уд кæм и, уый мын бацамон æмæ йыл мæхи ирхæфсон. — Мæ уд мæнæ къонайы. Ус дари хæцъилтимæ къонамæ фæуад æмæ йæ уыдонæй дауы. Лæг ыл худы: «Сылтæ цæй æдылы сты! Мæ уд къонайы цы ми кæпы, мæнæ цæджыпдзы и». Ус та цæджыидзмæ фæуади. Дари хæцъилтæй йæ дауы, рæсугъд æй кæны. Лæг та йыл худы. Ус æй фембæрста, æмæ йæ фæрсы, уæдæ кæм и дæ уд, зæгъгæ. — Мæнæн мæлæт нæй. Мæ уд ис: сау хъæды мидæг иæл хуы. Нæл хуыйæн та йæ хуылфы ис айдæи. Гъе, уыцы айдæны ис мæ тых дæр, мæ уд дæр. — Дæ-дæ-дæй, цæй мæнг раи ис! Иу цуанон æй куы амара! — Ма тæрс. Уымæн мæлæн пæй. Уый бонрæфты иу суа- донмæ бацæуы. Уым йæхи фæуазал кæны. Йæ ныхы ис иу урс æрду, æмæ йын уый куынæ акъуырай, уæд ып мæлæт нæй. Лæг ацыди. Лæппу дæр ацыд уыцы сау хъæдмæ. Ссардта хуыйы цад. Йæ размæ йыи дзыхъхъ скъахта. Йæхæдæг скуывта Хуыцаумæ: — Хуыцæутты Хуыцау, афæдзы дæргъы цы хур фæкæсы, уый абон рауадз, хуыйæп тæвдæй фæлæууæи куыд иикуыуал уа æмæ ацы цадмæ куыд æрбацæуа. Куы скуывта, уæд æрæмбæхсти. Хуы æрбацыди. Басмыста. 132
фæстæмæ алыгъд. Æнтæфы хуы цас фæразы æмæ та æрбацы- ди цады былмæ. Куыддæр донмæ фæгуыбыр кодта, афтæ йæ лæппу ныггæрах ласта, æмæ хуы атылди. Акъæртт æй кодта. Айдæн систа æмæ гыццыл лæгæн йæ удмæ дæр, йæ зæрдæмæ дæр нæ бавнæлдта — рахаста сæ йемæ. Хуыйы уæрмы цæппæрста æмæ араст. Æрбахæццæ æрхуы мæсыгмæ. Кæсы, æмæ гыццыл лæг дзойтæгæнгæ æрбацæуы. Уый йæм дзуры: — Ныр мæ къухы дæ! Марын дæ, фæлæ дæм цы хорздзинад ис? — Ницы. Иу бæндæн мæм ис. Уымæй дунейы хæхтæ куы бабæттай, уæддæр дзы сисы уæз дæр нæ уыдзæн. Иу æрчъиаг мæм ис. Ууыл куы абадай, уæд дæ уайтагъд, кæдæм фæнды, уырдæм фæхæццæ кæндзæн. Уæд ын йæ уд систа гыццыл лæгæн. Йæхæдæг усмæ дзуры: — Дуар бакæ! — Æмæ ма æгас у? — Нал у, дуар бакæ. Дуар ын бакодта ус æмæ йæ фæрсы: — Хорзæй цы уыдис ацы лæгмæ? — Иу чызг ын ис. Дунейы рæсугъд у. Уæлæ мæсыджы сæр бады. Сыгъдæг саджы магъзæй йæ хаста йæ фыд, фæлæ никæмæн кæны дуар. Лæппу йæм схызти. Дуар ын нæ кæны. Уый йæ ехсæй нытътъæпп ласта, æмæ дуар бахауди. Лæппу бацыди. Чызг бады. Агъуысты къултыл цалдæр дуары. Иу дзы бакодта, æмæ дзы чындздзон чызджытæ бады. Иннæ дуар бакодта, æмæ дзы — усгур лæппутæ. Аннæйы бакодта, æмæ дзы — зæронд устытæ. Цыппæрæм бакодта, æмæ дзы зæронд лæгтæ. Лæппу сæ фæрсы: — Ам цы ми кæнут? — Мæнæ нæ сындæггай æргæвды æмæ нæ хæры. — Уæдæ уын бар и. Мæнæ ам бирæ фос, бирæ зæхх, æмæ сыл уæхæдæг фидаут. Сæрибар стут. Уæ хæдзармæ уæ кæй фæнды, уымæн дæр бар и. Йæхæдæг йæхицæн рæсугъды ракодта. Хæтæг-Барæджы усимæ æртæйæ æрчъиагыл абадтысты æмæ уæйгуытæм ратах- тысты. Ныр афæдзы бон æрхæццæ, æмæ уæйгуытæ Хæтæг- Ьарæгæн йæ къæхтæ æмæ йæ къухтæ бæттынц фынгыл, афтæ сæм лæппу бакаст. Уый куы ауыдтой, уæд мардау фесты. Цы гæнæн ма сын уыд, æмæ йæ суагътой Хæтæг-Барæджы. Фæцин кодтой сæ хойыл дæр, лæппуйыл дæр. Стæй сын лæппу загъта: — Æз цæуын фос кæнынмæ. Хæтæг-Барæджы дæр кæнын 133
мемæ. Фæлæ уæ хойы дæр, ме ’мбалы дæр уадзын ам æмæ сав бахъахъхъæнут. Ацыдысты. Ныццыдысты фараст уæйыджы зæхмæ. Сæ бæхты рæгъау сын раскъæрдтой. Сæхи сын ныххафтой. Ссыдысты. Авд уæйыгæн балæвар кодтой бæхты рæгъау. Йæхицæн дзы равзæрста æртиссæдз бæхы сыгъдæг саулохæгтæ æмæ иу уырс. Рацыдысты уæйгуыты хæдзарæй. Сæ устыты дæр ракодтой семæ. Цæуынц, цæуынц. Цас фæцыдысты, чи зоны, æмæ иу хъæумае бахæццæ сты. Уым иу стыр бæласы бын сæ фæллад уадзынмæ æрæнцадысты. Лæппу дзуры: — Хæтæг-Барæг, æз тынг бафæлладтæн æмæ чысыл афынæй кæнон, ды хъахъхъæ. Лæппу афынæй йæ усы хъæбысы. Хæтæг-Барæг дæр иу къу- дзийы бын йæ усимæ схуыссыд. Уалынмæ Аргуыдан фæзынди. Лæппуйы сæр зæххы æрæвæрдта, йæ усы йын ахаста. Лæппу райхъал, æмæ — ус дæр нал, Хæтæг-Барæг дæр. Агуры сæ, æмæ Хæтæг-Барæджы къудзийы бын фынæйæ ссардта. Райхъ- ал æй кодта æмæ йæ фæрсы: — Кæм и мæ ус? — Æмæ йын цы зонын, æз фынæй кодтон. Уæд æм лæппу фæмæсты æмæ йын загъта: — Мæнæ ссæдз бæхы айс æмæ цæугæ! Мæ цæст дæр дæ куыд нал фена, афтæ! Йæхæдæг йæ бæхтæ уырсы æвджид бакодта æмæ рацыд йæ усы агурæг. Цæуы, цæуы. Уалынмæ иу уæйыгмæ бахæццæ. Кæсы æмæ уæйыг иу хох сисы æмæ йæ иннæйыл ныггуыпп ласы æмæ йæ фæздæг акæлы. Лæппу йыл бадис кодта. Уый йæм дзуры: — Диссаг æз нæ дæн. Диссаг, гыццыл лæджы чи амардта, уый у. Кæдæм цæуыс? — Мæ усы мын Аргуыдан ахаста æмæ уый агурæг. — Мæн дæр демæ акæ. Ацыдысты. Цæуынц. Иу уæйыгмæ та бахæццæ сты. Уый иу обау сисы æмæ йæ иннæуыл нывзилы. Сæ рыг акæлы. Ууыл дæр та бадис кодта лæппу. Уæйыг æм дзуры: — Диссаг æз нæ дæн. Диссаг, гыццыл лæджы чи амардта, уый у. Фæлæ сымах кæдæм араст стут? — Мæ усы мын Аргуыдан ахаста æмæ уый агурæг цæуæм. — Мæн дæр уемæ акæнут. Ракодтой йæ семæ. Цæуынц. Иу ранмæ бахæццæ сты. КæсынЦ æмæ иу сауджын æрцæуы, аргъуан йæ сæрыл. Ууыл дæр тз ныддис кодта лæппу. Сауджын æм дзуры: 134
— Диссаг æз нæ дæн. Диссаг, гыццыл лæджы чи амардта, уый у. Ныр сымах кæдæм цæут? — Мæ усы мын Аргуыдан ахаста, æмæ уый агурæг цæуæм. — Мæн дæр уемæ акæнут. Ацыдысты цыппарæй. Цас фæцыдысты ’мæ иу дзыхъмæ ныххæццæ сты. Уым иу ран къæй фæлдæхт. Рафæлдæхтой йæ æмæ дзы — уæрм. Сауджын дзуры: — Мæн ауадзут уæрмы. Ауагътой йæ ’мæ æмбисмæ куы ныххæццæ, уæд хъæр кæны, судзын, зæгъгæ. Фæстæмæ йæ систой. Уæд ауагътой хæхтæ кæрæдзиуыл хойæджы. Уый дæр æмбисмæ куы ныххæццæ, уæд та хъæр кæны, судзын, зæгъгæ. Систой уый дæр. Уæд ауагътой, обæуттæ кæрæдзиуыл хойæджы. Уый дæр æмбисмæ куы ныхæццæ, уæд хъæр кæны: — Судзын! Сластой та уый дæр. Уæд лæппу дзуры: — Уæдæ мæн ауадзут æмæ, судзын, зæгъгæ, куы хъæр кæнон, уæд мæ сымах та арфдæр ауадзут. Ауагътой лæппуйы. Судзын дæр нал, иу дæр нал, афтæмæй лæппу иу хъæумæ ныххæццæ. Кæсы, æмæ хъæуы змæлæг нæ. Æрмæст иу ранæй фæздæг кæлы. Бацыд уырдæм. Дзуры, æмæ йын дуар ничи кæны. Уæд лæппу фæмæсты. Дуар ехсæй нытътъæпп ласта æмæ бахауд. Уым бады чызджытæ. Чызджытæ ныккуыдтой. Уый сæ фæрсы: — Хъæу кæм сты? — Хъæу Аргуыдан бахордта. Мах ма стæм, æмæ абон та мах хæры. — Æмæ кæм цæры? Бацамыдтой йын йæ цæрæн æмæ йын загътой: — Кæд дын бантыса, уæд ын йæхи дæр, авдæны йын цы сывæллон и, уый дæр амар. Науæд Аргуыданæй уый ныридæгæн тыхджындæр у. Рацыди лæппу. Ацыд Аргуыданы хæдзармæ. Кæрты сывæл- лон авдæны хъазы. Уый йæ йæ ехсæй нырриуыгъта æмæ фæмард. Мидæмæ бацыди, æмæ Аргуыдан хуыссы, йæ ус та цармæ йæ къæхтæ ’мæ йæ къухтæ бастæй лæууы. Мæстæй рафыхт, Ар- гуыданы рæхысæй нырриуыгъта, æмæ дæ фыдгул афтæ! Уæд йæ усы фæрсы: — Цæмæн дæ бабаста афтæ? — Æз ын загътон, сомыгонд дæн, æмæ мын афæдзы онг демæ хæстæг уæвæн нæй. Уæд мæ афтæ бабаста. Суагъта йæ усы æмæ рацыдысты. Уыцы чызджыты дæр йемæ 135
ракодта. Бацыдысты хизæнмæ æмæ фыццаг чызджыты хистае- ры сæргъæвтой æмæ загъта: — Сауджын, уый дæуæн. Стæй дыккаг хистæр чызджы хæхтæ кæрæдзиуыл хойэег уæйыгæн саккаг кодта. Кæстæры та — обæуттæ кæрæдзиуыл хойæгæн. Уæд æргъæвы йæхи усы. Ус ын афтæ: — Раздæр ды схиз. Уыдон мæн куы феной, уæд дæуыл къæй æрфæлдахдзысты. Лæппу не сразы, æмæ йын уæд ус загъта: — Уæдæ дын хизæн куы нал уа, уæд уæртæ агъуыстмæ бацу. Уым ис урс нæл сæгъ. Кæд дæ амонд уа, уæд ын йæ рахиз сыкъайыл хæст фæуыдзынæ, æмæ дæ уый уæлзæхмæ фехсдзæ- ни. Кæд ын йæ галиу сыкъайыл хæст фæуай, уæд та дæ дæлзæхмæ фехсдзæни, æмæ уæд дæхæдæг амал кæн. Сæргъæвта усы. Уыдон усы куы федтой, уæд лæгыл сау- джын къæй ныффæлдæхта æмæ йæ нал исынц. Цы гæнæн ма йын уыд лæппуйæн æмæ агъуыстмæ бауад. Сæгъыл йæхи ныц- цавта æмæ йын йæ галиу сыкъайыл фæхæст, æмæ йæ дæлзæхмæ фехста. Цæуы, цæуы. Уым иу стыр бæласы сæрæй цæйдæр тыхст цъиу-цъиу цæуы. Скаст, æмæ дзы цæргæсы ахстон. Уалынмæ ахстонмæ залиаг калм фæбыры. Лæппу йæм фæлæбурдта. Скар- ста йæ æмæ йæ сардзин амад скодта. Уæд цъиутæ дзурынц, схиз ардæм æмæ дæ бамбæхсæм, кæннод дæ нæ мад фырцинæй ахæрдзæни, зæгъгæ. Лæппу схызт, æмæ йæ цъиутæ сæ базырты бын бамбæхстой. Уалынмæ тыхджын къæвда рацыди. Лæппу фæрсы цæргæсы лæппынты, уый цавæр къæвда у, зæгъгæ. — Уый нæ мад кæуы, афонмæ та мын залиаг калм мæ лæппынтæ бахордта, зæгъгæ, æмæ уый цæссыг у. Уæдмæ дуне ныххур. Лæппу та сæ фæрсы, уый цæй хур у, зæгъгæ. — Уый нæ мад мах федта æмæ бахудти. Уымæй ныххур. Уалынмæ тыхджын дымгæ рацыди. Бæлæстæ фæлдахы. Лæппу та сæ фæрсы, цу у, зæгъгæ. — Уый нæ мад æртæхы æмæ уый базырты хъæр у. Уалынмæ цæргæс æрхæццæ. Залиаг калмы сардзин амадæй куы федта, уæд сæ фæрсы: — Кæм и, чи уæ фервæзын кодта, уый? — Бахæрдзынæ йæ æмæ дæм æй не ’вдисæм. — Ницы йын кæндзынæн, равдисут æй. — Уæдæ нын басомы кæн. — Ме ’нæном хойæ уын сомы кæнын, ницы йын кæндзынаей» Уæд æм лæппуйы равдыстой. Уый йæ фырцинæй æртæ хаТ" 136
ты аныхъуырдта æмæ та-иу æй сæппæрста. Стæй уæд лæппуйы фæрсы: — Цы хорз дын ракæнон? — Ницы. Уæлзæхмæ мæ схæццæ кæн. — Схæццæ дæ кæндзынæн. Æрмæст мын авд галы лалымы- стыгъд акæн. Суæнгтæ сæ кæн агъд хицæн, фарс хицæн æмæ мын уыдон мемæ фæндаггагæн рахæсс. — Æмæ сæ кæм ссарон? — Дæлæ хъæумæ ныццу æмæ уым. Ныццыди лæппу хъæумæ. Хъæу сау дары. Лæппу сæ фæрсы, цы кæнут, зæгъгæ. Уыдон ын загътой: — Донбеттыр нын дон нæ дæтты, æмæ дойныйæ мæлæм адæмæй, фосæй. Дон нын ратдзæн, æлдары чызджы йын хъа- лонæн куы радтæм, уæд. Уалынмæ кæсы, æмæ æлдары чызг рацæуы иунæгæй кæугæ. Лæппу дæр йемæ фæцæуæг. Чызг æм дзуры: — Æз кæй сæфын, уый æгъгъæд куы у, ды та ма кæдæм сафыс дæхи! Ацыдысты. Доны был лæппу чызджы бæласмæ фидар баба- ста, йæхæдæг æрæмбæхст. Уалынмæ Донбеттыр рафутт кодта, æмæ йæ дзых дурæй, змисæй байдзаг. Дыккаг хатт та рафутт кодта, æмæ та уæддæр афтæ. Уæд фæмæсты æмæ донæй ра- цæуы. Лæппу йыл рæхысæй ралæууыд æмæ йæ ныммардта. Æлдары чызджы суагъта æмæ йæ йæ хæдзармæ рарвыста. Чызг йæ фыдæн радзырдта, куыд фервæзт, уый. Фæлæ æлдары нæ уырны æмæ зæгъы: — Æз мæ гал донмæ ауадздзынæн, æмæ кæд мæ гал донæй атъæпп уа, уæд мæ бауырндзæн, Доибеттыр нал ис, уый. Ауагъта йæ гал. Гал доннозтæй атъæпп, æмæ уæд æлдар ныхъхъæр кодта: — Мæ чызджы мын чи фервæзын кодта, уый æрцæуæд æмæ зæгъæд, цы хорз æй хъæуы, уый! Лæппу ссыд. Æлдар æй фæрсы, æмæ йып лæппу загъта, ницы мæ хъæуы, зæгъгæ. — Уæлæ мæ цæргæс уæлзæхмæ исы, фæлæ мæ уымæн хъæуы авд галы лалымыстыгъдæй. Гъе, уыдон мын радт, æндæр мæ пицы хъæуы. Æлдарæн уыдон цас уыдысты, æмæ йыи уайтагъд ацæттæ кодтой авд галы лалымыстыгъдæй. Цæргæсы базыртыл сæ ба- иæрдтой. Лæппу сбадти, æмæ атахтысты. Тæхыиц, æмæ цæргæс куы фæхъуахъхъ кæны, уæд та йын галы агъд йæ дзыхы баппа- ры лæппу. Афтæмæй схæстæг сты. Ныр дзидзатæ фесты, цæргæс 137
та хъуахъхъ кæны. Лæппу йæ зæнджы хæцъæфтæ æрбалыг кодта æмæ сæ цæргæсы дзыхы баппæрста. Уалынмæ схæццæ сты. Цæргæс æрбадти. Лæппу рахызт æмæ къуылых-къуылыхæй фæцæуы. Цæргæс æм дзуры: — Цы кæныс? Къуылых цæмæн цæуыс? — Ницы, мæ зæнгтæ гыццыл риссынц. Уæд цæргæс йæ дзыхæй райста лæппуйы зæнджы хæцъæфтæ ’мæ йын сæ йæ зæнгтыл аныхæстæ. Йæхæдæг ын загъта: — Æз æй базыдтон, уыдон дæхи дзидзатæ кæй уыдысты, уый æмæ сæ нал бахордтон. Ныр фæндараст! Цæргæс атахти. Лæппу, йæ бæхæн йе ’хтæнгтæ йæ цармы бабырыдысты, афтæмæй йæ ссардта. Араст. Иу хъæумæ бахæццæ, ’мæ дзы змæлæг нæ. Кæсы, æмæ иу хæдзары раз иу зæронд ус бады, æмæ йæ фæрсы, кæм сты хъæуы адæм, зæгъгæ. — Дæлæ сауджын йæхицæн ус схаста афæдзы размæ. Ус афæдз сау дардта. Абон та аргъаугæ кæнынц сауджынимæ, æмæ адæм уым сты. Лæппу усæн арфæ ракодта æмæ аргъуанмæ ныццыди. Сау- джыны куы федта, уæд йæ маст нал баурæдта æмæ уыцы ран сауджыны рæхысæй нывзылдта. Сауджын фæтымбыл. Лæппу адæмæн ракодта йæ хабæрттæ. Дыууæ уæйыджы æмæ йын ус та æвдисæнтæ фесты. Рацыдысты уырдыгæй сæхимæ. Уæйгуы- тæн арфæ ракодта. Йæхæдæг йæ усимæ ссыди сæ бæхтæм хъæдмæ. Урс уырсы йæ усæн балæвар кодта. Иннæты сæ разæй раскъæрдтой æмæ сæхимæ ссыдысты. Уым цы лæппуйы ныу- уагъта, уыимæ бæхтæ дыууæ дихы бакодтой. Сау айнæджы Сау рæсугъды йын усæн æрхастой, æмæ ма абон дæр дзæбæхæй цæрынц. Хъамбегаты Фæпдииы фырт Осмæпы пыхæ- стæй йæ Беслæпы 1966 азы 2 октябры иыффыста Ца гъ а ты Л па ста сия. ФЫДЫУС Лæг æмæ ус царди, æмæ сын æртæ чызджы уыд. Уæд ус рарынчын æмæ дзуры йæ лæгмæ: ,— Æз мæлын, фæлæ мæ фæстæ цъæхдзаст æмæ скъуыд- чъил ус ма ракур. Ус амард. Баныгæдтой йæ. Лæг ус курыныл ныллæууыд. Ацыд. Иу ран ыл иу ус амбæлд æмæ йæм дзуры: 138
— Дæ фæндаг раст!. — Дæ хъуыддаг раст! — Кæдæм цæуыс? — Ус агурæг цæуын. — Уæдæ æз та мой агурæг цæуын. Цæй æмæ сиу уæм. Лæг æм æркæстытæ кодта æмæ загъта: — Нæ, цъæхдзаст æмæ мын скъуыдчъил ракурæн нæй. Ацыди дзы алчи йæ фæндагыл. Ус йæ цæстытæ милæй аца- хуырста, йе счъилтæ сасмæй аныхæста æмæ та æндæр фæнда- гыл лæджы размæ фæци. Дзуры та лæгмæ: — Дæ фæндаг раст! — Дæ хъуыддаг раст! — Кæдæм цæуыс? — Ус агурæг цæуын. — Уæдæ æз та мой агурæг цæуын. Цæй æмæ сиу уæм. Лæг æм бакæстытæ кодта æмæ сразы. Æркодта йæ йæ хæдзармæ. Ус чызджыты нæ бауарзта æмæ лæджы бын бабадт: адон исты фæкæ ’мæ нæхæдæг дзæбæх цæрæм. Уæд иу бон лæг йæ фосмæ хъæдмæ ацыди. Хизы фос. Уалынмæ йын сыл иу калм æртыхст æмæ йын сæ нал уадзы. Лæг сæхимæ æрцыди æмæ йæ хистæр чызгмæ дзуры, мæнæ ма мын мæ зæнгой алас, фæткъуытæ дæр дзы ис. Чызг зæнгой ласы, æмæ йæм фыд дзуры: — Уæлæ мын иу калм мæ фос хæры, æмæ йын усæн ацу. — Дæ фос нæ, фæлæ ма дын дæ усы сæр дæр ахæрæд! Уæд кæстæр чызгмæ дзуры. Уый æруад. Йæ зæнгой йын ласы, æмæ йын фыд дзуры: — Уæлæ мын иу калм мæ фосыл æртымбыл æмæ мын сæ хæры. Ды йын усæн ацу æмæ мын мæ фос суадза. Цы гæнæн ма йын уыд! Чызг йæ фыды фæстæ кæугæ ацыди. Фæндагыл ын фыд зæгъы: — Калм кæдæм быра, уырдæм йæ фæдыл ацу. Ссыдысты. Калм чызджы куы федта, уæд фос суагъта, йæхæдæг абырыди. Чызг дæр йæ фæдыл кæугæ цыди. Иу цъити айнæджы рæбынмæ сбырыди калм. Уым цъити ныцъцъыкк лас- та йæ къæдзилæй. Фæхуынкъ цъити, æмæ калм уым ныссыф- фытт ласта. Чызг уым лæууы æмæ кæуы. Уалынмæ калм фæстæмæ фæзынди. Цъити та ныцъцъыкк ласта, æмæ уæд чызг ныххызт. Уым фæндагыл цъуын райдыдтой. Иу ран калм ’йæ хæрв аппæрста, лæппу фестад æмæ фæрсы чызджы: — Цæуыл куыдтай, цæ? 139
Чызг ын йæ хабæрттæ фæдзырдта. Уæд ын лæппу афтæ: — Мæнæн ис иунæг мад. Бацу йæм. Уый дын зæгъдзæни: «Чызг, къусæй, къоппæй цыдæриддæр ис, уыдон сæмбырд кæн æмæ сæ арты бакал». Ды сæ-иу сæмбырд кæн. Сыгъдæг сæ цæхс æмæ сæ бафснай. Уæд та дын зæгъдзæни: «Чызг, хæсгард райс æмæ дзы хъуджы фæдджытæ æрбалыг кæн». Ды къæрта райс. Хъуг æрдуц æмæ æхсыр бафснай. Уæд дын зæгъдзæни: «Чызг, фыдис райс æмæ мын дзы мæ сæр ахаф». Ды-иу ын йæ сæр цæхс, ныффас ын æй. Уæд та дыы зæгъдзæни: «Чызг фы- дисæй мын мæ фæсонтæ ахаф». Ды-иу ын йæ дзауматæ ралас. Цынай йæ æмæ йын йæ хæдон æхсадæй ратт. Бацыдысты. Зæронд ус дзуры чызгмæ: — Чызг, къусæй, къоппæй цыдæриддæр ис, уыдон сæмбырд кæн æмæ сæ арты бакал. Чызг къусæй, къоппæй цы ссардта, уыдон сæмбырд кодта. Сыгъдæг сæ цæхсадта æмæ сæ рæсугъд бафснайдта. Уæд та йæм ус дзуры: — Чызг, хæсгард райс æмæ дзы хъуджы фæдджытæ æрба- лыг кæн! Чызг къæрта райста. Хъуг æрдыгъта. Æхсыр æрбахаста æмæ йæ бафснайдта. Ус та йæм дзуры: — Чызг, фыдис райс æмæ мын дзы мæ сæр ахаф. Чызг дон схъарм кодта. Зæронд усы сæр цæхсадта. Ныф- фаста йын æй. Йæ дзыккутæ йын сбыдта æмæ йын йæ сæр сæрбæттæнæй бабаста. Уæд та йæм ус дзуры: — Чызг, фыдис райс æмæ мын дзы мæ фæсонтæ ахаф. Чызг та дон схъарм кодта. Зæронд усы гæрзтæ раласта. Цынадта йæ. Йæ дзауматæ йын цæхсадта æмæ йыл сæ сыгъдæгæй скодта. Уæд ын ус афтæ: — Ды мæнæн чызгайæн бæздзынæ. Цæрын байдыдтой. Афæдзмæ йын лæппу райгуырд. Уæд Кæхцгæнæн куы ’рцыд, уæд чызг йæ лæппуйы кæхцгур йæ цæгатмæ ахаста. Хотæ йæм бахæлæг кодтой, æмæ хистæр хо йемæ рацыди. Фæндагыл иу суадонмæ схæццæ сты. Хистæр хо дзуры: — Цæй-ма, ам нæхи анайæм. -Кæстæр йæ дзаума раласта ’мæ суадонмæ ныгæпп ласта. Хистæр та дзы цыргъаг авæрдта. Уый йæ зæрды суад æмæ амард. Хистæр хо сывæллоны райста æмæ сæм ссыд йæ хойы æфсон. Куы бацыд, уæд та йæм æфсин дзуры: 140
— Чызг, къусæй, къоппæй сæ сæмбырд кæн æмæ сæ арты бакал. Уый сæ сæмбырд кодта ’мæ сæ арты бакалдта. Уæд та йæм æфсин дзуры: — Чызг, хæсгард айс æмæ дзы хъуджы фæдджытæ æрба- лыг кæн! Уый та хæсгард райста. Скъæтмæ ауад æмæ дзы хъуджы фæдджытæ æрбачъепп ласта. Хъуг амард. Æфсин та йæм дзуры: — Чызг, фыдис райс æмæ мын дзы мæ сæр ахаф. Чызг фыдис æрдавта æмæ дзы усы сæр хафы. Сæры туг алырдыгæй мизы. Уæд æм ус дзуры: — Чызг, фыдис райс æмæ мын дзы мæ фæсонтæ ахаф. Чызг фыдис райста: Усы æгънæджытæ суагъта æмæ йын фыдисæй йæ фæсонтæ хафы. Ус ыыхъхъæрзыдта. Афтæмæй йæ хойы лæгимæ цæрын байдыдта хистæр хо. Ныр кæстæр хойы уд сырддон цъиу фестад æмæ-иу алы бои дæр сæ рудзынгыл бадт æмæ уасыди: — Цæгæра-мæгæра, ды кæй къустæ калыс арты? Цæгæрæ- мæгæра, ды кæй хъуджы фæдджытæ лыг кæныс? Лæг куы схъыг цъиуы уасынæй, уæд къулыбадæг усы ба- фарста. Уый йын афтæ: — Бахъав æм æмæ йæ æрцахс. Урс хæцъилы йæ батух цъиуы æмæ йæ чырыны сæвæр. Æртæ къуырийы йæ ма сыгом кæн. Стæй уæд байгом кæн чырын. Лæг афтæ бакодта. Æртæ къуырийы фæстæ чырын бакод- та, æмæ йæ ус уырдыгæй рахызти. Хистæр хойы æнæдомд бæхы къæдзилыл бабастой. Бæх ауагътой. Чи йыл ту кодта, чи йыл хæффындз калдта, афтæмæй йæ бæх куыйдур, куыйхъæд ба- кодта. Уыдон ма абон дæр дзæбæхæй цæрынц. Уыдоны æрцыдмæ сымах дæр дзæбæхæй цæрут! 81-аздзыд Лслгемырзаты Æзойы чызг Магдапы пыхæстæи пæ Чермепыхъæуы 1966 азы 12 нояб- ры иыффыста Цагъаты Аиастасия. 141
ЯИТЕРАТУРÆЙЫ ФАРСТАТÆ ДЖЫККАЙТЫ Зæринæ АДÆМЫ МОНОН ЦАРД ТРАГЕДИ «ХАЗБИ»-ЙЫ гъдау у ирон царды ахъаззаг хай, ирон ыацион культурæйы сæрмагонд хуыз. Уый нывæфтыд æрцыд фольклор æмæ литературæйы. Æгъдау ирд æмæ парахатæй зыны Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстады. Æгъдауæн комеди «Уæрæседзау»-ы цы ахадындзинад ис, уый тыххæй нæ ныхас загътам «Мах дуджы» (1997, № 8). I Елбыздыхъойы сфæлдыстады æмæ æмткæй ирон литерату- рæйы сæрмагонд бынат ахсы трагеди «Хазби». Уый ирон дзыр- даивады уыдис фыццаг историон драмæ. Уацмысæн уыд канд аивадон нæ, фæлæ æхсæнадон-историон ахадындзинад. Ирон драмон аивады фыццаг хатт ныхас цыди хицæн адæймæгты хъысмæтыл нæ, фæлæ æппæт адæм æмæ Ирыстоны хъысмæ- тыл. Ссæдзæм æнусы райдайæн æппæт Уæрæсейæн дæр уыд фыдæвзарæн заман. Бæстæйы социалоы проблемæтæ æлхын- цъæй зындысты Ирыстоны æхсæнадоп царды дæр. Фæлæ сæм ам бафтыдысты национ проблемæтæ дæр. Истори цы адæмтæн нæй, уыдонæн нæй абон æмæ фидæн,— уый у хуымæтæг æцæгдзинад. Адæмы дæлбар æмæ дæлдзиныг кæныпæн æппæты ахъаззагдæр мадзал у, сæ истори цæмæй ферох кæной, уый. Хуымæтæджы нæ фыста паддзахы заманы официалон историк монархист Чудинов, трагеди «Хазби»-йы цы цаутæ æвдыст цæуы, уыдоны фæдыл: «За пределами событий 1830 года у осе- тин нет больше истории». (Северная Осетия. Политико-эконо- мический очерк СО ЛССР. — Орджоникидзе, 1939, 30 ф.) Фæсдзæуин историк йæ мæнг ныхæстæй дуыейы дзыллæты цæсты æфтыдта ирон адæмы, цæмæй сæ кой дæр фесæфа исто- 142
рийы фæрстæй. Иннæмæй та ирæн сæхицæн дæр уырныи код- та, уыдон историйы сценæйы активон архайæг кæй нал сты, уыцы мæнг хъуыды. Фæрæдыд, историмæ зонадон цæстæнгасæй чи нæ каст, уыцы историк. 1830 азы фæстæ дæр Ирыстон цыдис æмæ цæуы стыр историон фæндагыл, ирон адæм историйы фæрстыл фыстой æмæ фыссынц кад æмæ сгуыхты хъуыддæгтæ. Ирæп культурæ æмæ аивады сæ къухы цы стыр æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдонæн ирд æвдисæн у Елбыздыхъойæн йæхи сфæлдыстад. Ирон номдзыд драматургæн «йæ цыбыр царды алы хабар дæр бæрзонд лæгдзинадыл амад уыд, йе ’пувыд æхсæнадон куыст сæрæй кæронмæ арæзт уыд иууыл райдзастдæр нысæнттæм, дзырдаивады та йæ къухы бафтыд сфæлдыстадон сгуыхтдзи- над». (Джусойты Нафи. Ныхас Елбыздыхъойы фарныл.— Мах дуг, 1981, № 5, 91 ф.) Елбыздыхъо йæ историон трагеди «Хазби» фыста тохы æртыты рухсмæ. Абон хицæн историктæ æмæ фысджытæ ре- волюцимæ кæсынц ног социалон æхсæнады позицитæй. Фæлæ уый уыд историон факт æмæ йæм кæсыи хъæуы историон цæстæнгасæй. Ирон фæллойгæнæг адæм тырныдтой социалон рæстдзинад æмæ национ хæдбарадмæ. Уыцы хъуыддаджы сæ бæллицтæ бастой революцион тохимæ. Уыцы змæлды активон архайæг уыд Брытъиаты Елбыздыхъо йæхæдæг дæр. Генион Къоста пехуымпарау уыцы змæлды тæмæн уыдта дардæй, зыд- та йæ рагацау, уымæн æмæ лæмбынæг æвзæрста царды рæзт æмæ цауты логикæ æмæ фыста: «Минуты сочтены, повсюду бьют тревогу.. Уж брезжит луч зари, играя на штыках...» Стыр поэты уырныдта, зæгъгæ, тох фæуыдзæи, адæм уыдзысты уæ- лахиз, «и обновленный мир отдастся вечно миру...» (Хетагу- ров Коста. Собр. соч. в пяти томах. Т. 2. — М.: АН СССР, 1960, 77-78 ф.) Сæрибары сæуæхсид йæ уаз бæллиц уыдис Елбыздыхъойæн дæр. Иæ иу фыстæджы Æмбалты Цоцкомæ фыста: «Я, как древний римлянин, буду кричать, что Карфаген иашего неве- жества, темноты и бесправия должеп быть разрушен» (II, 127). Тыбылты Алыксаидр Елбыздыхъойы «сæрибары фидиуæг» хуымæтæджы не схуыдта. Нæ драматургæп сæрибар уыд йæ сæйраг нысан, уымæн царды фарн баст уыд сæрибарыл. Ел- быздыхъойы зондахастмæ гæсгæ æмбаст вæййынц социалон бартæ æмæ национ хæдбарад. Уыдоны сæраппонд фыст æрцыд трагеди «Хазби» дæр. 1905-1907 азты цы стыр тох цыди, уый ныфс бауагъта адæмы зæрдæты. Цомахъы загъдау, уæд «цар- 143
ды уылæнтæ æрбахастой хæхтæм барджын æгъдæуттæ ’мæ бар- джын ныхæстæ» («Тохы хъæр»). Брытъиаты Елбыздыхъо уыд, барджын ныхас чи кодта, уыцы прогрессивон фысждытæй. Тох æмæ сæрибары зарæгау зæлы трагеди «Хазби». Драмон уац- мысы адæмон хъайтарон зарæг фыссæджы курдиатæй сси хай- джын стыр трагедион зæлынадæй,— уым сдзырдтой дзаг хъæлæсæй адæмы хъыгтæ, адæмы æхсар æмæ намыс. Трагеди фыст куы ’рцыди, уæдæй фæстæмæ йæ адæм арф айстой сæ зæрдæтæм. Хæдахуыр артисттæ йæ æвæрдтой Дзæу- джыхъæуы, Калачы, Бакуйы. Дзæуджыхъæуккаг газеттæ фыс- той, зæгъгæ, «геройы мæлæт æмæ йæ мады хъарджытæй те- атрдзаутæн сæ цæссыг калд æнæвгъауæй». (Терские ведомос- ти, 1908, 4 сентября, № -191). Уацмыс агайы канд æнкъарæнтæ нæ, фæлæ хъуыдытæ дæр. Уым бæлвырдæй зæлынц патриотиз- мы идейæтæ, æхсар æмæ лæгдзинады мотивтæ. Уацмыс сидт тох æмæ национ иудзинадмæ. «Трудно представить, каким гро- мовым гулом пронеслось по всей Осетии появление на осетин- ской сцене «Хазби» Бритаева,— фыста зындгонд литератор Тыбылты Алыксандр.— Призывные речи Хазби зажгли рево- люционным энтузиазмом осетинские народные массы»... (Ты- былты Алыксандр. Уацмысты æмбырдгонд.— Цхинвал: Ирыс- тон, 1988, 114 ф.) Авторæн куыд ис йæхи сæрмагонд хъысмæт, афтæ уацмысæн дæр. Елбыздыхъо хицауадæй æфхæрд æййæфта паддзахы за- маны дæр — удæгасæй æмæ советон рæстæджы дæр — мардæй. Тыхбар (власть) чысыл адæмты историйыл дардта рохуаты аууон. Трагеди «Хазби» та ироы адæмы истори бæрзонд иста. Уый цæхгæр æвæрдта национ проблемæтæ, уымæ гæсгæ сове- тон цензурæ æмæ вульгарон критикæ уацмысы уыдтой, сове- тон æхсæнадæн зиан чи хæссы, ахæм идеологон мидис. Æртынæм азты æнæзонгæ критик (йæ криптоним СС) фыста: «Пьесæ у йемыдзаг националистон цæстæнгасæй æмæ хæссы стыр политикон зиан» (Рæстдзинад, 1938 азы 2 июнь, № 124). Гуымиры социологизм ноджы тынгдæр йæ бархъомыс равдыс- та фæндзайæм азты. Уæд фидæны зындгоид фыссæг Æгъуы- зарты Æхсарбег фыста .уацмысы тыххæй: «Елбыздыхъо, ирон хъæздгуыты кълассимæ æнгом баст уæвгæйæ, йæ драмæйы рахæ- цыдис тæгиатаг æлдæртты кълассон интересты фарс æмæ æрлæууыдис уыдоны реакцион сыстад идеализаци кæныны фæндагыл, тæгиатаг æлдар-реакционер Алыккаты Хазбийы адæмон геройы хуызы æвдисгæйæ». (Æгъуызарты Æ. Брытъи- аты Елбыздыхъойы тыххæй. (Рæстдзинад, 1954 азы 24 январь.) 144
Ахæм дæрзæг критикæйы азарæй хицауад хъоды бакодта, патриотизм æмæ гуманизмы бæрзонд идейæтæ рухсмæ чи хæссы, уыцы уацмысыл. Æгъуызары-фырт æнæбындурæй фаутæ æвæры æцæг адæмон геройыл. Ирон историон зарджытæм ис ахæм миниуæг: уыдоны скæнынц адæм, скæнынц сæ, адæмы хъуыд- дæгтыл чи тох кæны, ахæм хъайтартыл. Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй Хазби, Томайты Мæхæмæт, Кодзырты Тай- мураз, Хъаныхъты Есен, Ларсаг Хъуыдайнат æмæ æндæр ахæм геройты зарджытæн ис æппæтадæмон нысаниуæг, уыдоны, зæгъы, «воспеваемые события по своему масштабу перераста- ют ограниченные рамки местных интересов и приобретают обще- национальное значение...» (Абаев В. И. Избранные труды.— Владикавказ: Ир, 1990, 397 ф.) Раст зæгъы номдзыд ахуыргонд, фæлæ, хъыгагæн, арæх рæстдзинады хъæлæсмæ хъусæг нæ вæййы. Хурæн мигъты æмбæхсæн нæй: иу афон æнæмæнг разындзæн. Елбыздыхъойы æмбисонды уацмыс æппæрстой рохуаты доны, фæлæ уый «арты пæ судзы, дон æй нæ ласы», æмæ ногæй бафтыд ирон культурæйыл. Уымæн ис ахъаззаг идейон-аива- дон ахадындзинад. II Вазыгджын æмæ парахат у «Хазби»-йы идейон-аивадон проблематикæ. Уацмыс æвæры цард æмæ рйестæджы цыргъ фарстытæ: адæмы хъысмæт историон фæндагыл, хæст æмæ фидыд, намыс æмæ сæрибар, адæмы иудзинад æмæ сæ фарн. Уыцы фарстытæн уацмыс дзуапп дæтты алыхуызон аивадоп фæрæзтæй. Уыдонæй ахъаззагдæр у ирон æгъдæутты нывæф- тыд равдыст. Ирон цард æмæ ирон æгъдау уацмысы æвдыст цæуынц уæрæх æмæ бирæ хуызты. . Трагедийы фыццаг акт (автор æй хоиы «ныв») у ирон ны- хасы хуызджын ныв. Уым ирдæй зыны хохæгты царды уаг, сæ куыст, сæ «уæгъд рæстæг», сæ уынаффæдон, сæ алы ’гъдау. Ныв у реалистон, колоритон, ахадгæ. Зæрдæмæ хъары арф, æвзæрын кæны æгъуыстаг тæлмæнтæ. Уыцы миниуæг бафип- пайдтой йæ рæстæджы критиктæ дæр. Н. Горский (Хъусæггаг ныхасæй уый уыди Цæлыккаты Ахмæт.) спектаклы тыххæй йæ рецензийы фыста: «Самым богатым в сценическом смысле мож- но назвать первое действие драмы. Здесь с поразительной вер- ностью была скопирована сцепа на «иихасе» со всеми харак- терными чертами его. Картина подкупала своей правдивостыо». 10 Мах дуг № 3, 1999 145
(Терские ведомости, 4 сентября 1908, № 191). Раст зæгъы ре- цензент, æрмæст ацы ныв «къопигонд» нæу, фæлæ курдиаты сконд ныв. Авторæн ацы нывы Сконд æнæнхъæлæджы нæу. Ныхасæн ирон царды уыди стыр ахадындзинад. Ныхас адæмæн уыдис уынаффæдон дæр, хиирхæфсæн дæр æмæ зонды скъола дæр. Зындгонд ахуыргæнæг Гуыриаты Гагуыдз, Елбыздыхъойы тыххæй цы мысинæгтæ ныууагъта, уыдоны фыссы: «С ранних лет он проявлял сильную любовь к природе и обществу. И то и другое он находил в горском, так сказать, народном собрании — Нихасе... По выражению покойного Елбасдуко, это была своеобразпая горская школа, где присутствующие находили себе большую пищу для развития ума, языка, ловкости, физи- ческого воспитания и вообще для развития своего миросозер- цания». (Гуриев М. Детство и ученические годы Е. Бритаева// Брытъиаты Елбыздыхъо. Уацмыстæ. 2-аг том.— Орджоники- дзе: Ир, 1982, 165-166 ф.). Æмæ адæмы цард æвдисгæйæ драма- тург нæ ахызт Ныхасы иувæрсты. Ныхас у ирон царды айдæн. Уым ирд æмæ бæлвырдæй зы- нынц адæмы æгъдæуттæ, сæ царды æууæлтæ. Ныхасы йæ аивад æвдыста зæронд Хъуыбады,— уымæн та «йæ хорз зарджытæн, йæ хорз кадджытæн кæрон кæм уыди?!» (Къоста. «Хъуыба- ды») Хуымæтæджы нæу Нигеры риторикон фарст: «Цымæ цы дзуры уый ныхасы зæронд лæг? Цымæ кæй кой кæны кæстæртæн, лæппутæн?» (1, 129). Поэты дзуапп у: зæронд лæг дзуры Къо- стайы ныхæстæ — Ирыстоны сагъæстæ. Афтæмæй раргом вæййынц, адæм куыд цæрынц æмæ сæ цы хъуыддæгтæ ’нда- вынц, уыдон. Цы уавæр ис, Брытъиаты Елбыздыхъо цы Ныхас æвдисы, уым та? Ам архайынц цардбæллон, ныфсджын æмæ сæрæн адæм. Драматург архайджыты æвдисы къордтæ-къордтæй. Фыццаг къорд цыргъ кæнынц сæ кæрдтæ, æмæ сæ койаг у карды хорз. Уацмысы персонажтæ сты фæллойгæнæг адæмæй, фæлæ цæрынц тыхы заманы æмæ кусæнгарзы æмрæнхъ цæттæйæ дарынц хæцæнгарз дæр. Уыдон уыциу рæстæджы сты зæхкусæг дæр æмæ хæстон дæр. Нæртон гуыппырсар æмæ рыцарау уыдонмæ кадджын у хотых, уæлдайдæр та кард, скифтæ табу кæмæн кодтой, уыцы æхсаргард. Едбыздыхъо нын æвдисыкардфæлварæн фæтк: хъобайнæгтæ сæ карды цыргъ æвзарыпц æрду лыг кæнынæй. Уыцы фæтк у традицион, нывæфтыдæй зыны эпосы, таурæгъты, аив литера- турæйы. 146
Фæлварæн кæм ис, уым вæййы хæснаг дæр. Драматург ны- вæфтыдæй æвдисы уыцы фæтк дæр. Уыимæ хæснаг дæр баст у царды уагимæ: карды хицау куы рамбула, уæд ын, чи фæхæрд ис, уый рацæудзæн «топпыхос нæмынмæ». Хицæн къорд кæнынц хæдзарадон куыст: нæрвæй нæмынц æрчъиаг. Уыцы куыст уыди зын æмæ ахсджиаг. Драматург æлвæст æмæ рæстдзæвин репликæтæй æвдисы архайджыты ерыс. Куыст æхсиды. Йæ хъарутыл пичи ауæрды: куыстуарзаг адæмæн фæразондзинад кады нысан у. Сæ ку- синæгтæ Ныхасмæ хуымæтæджы нæ хæссынц — ирон адæмæн зиууон куыст традицион у, тынг æмхиц сты уымæ, Ныхасы та цыфæнды куыст дæр райсы æхсæны æууæлтæ. Уыцы миниуæг бæстон бафиппайдта Къубалты Алыксандр дæр,— йæ иу æмдзæвгæйы ис ахæм хъуыдытæ ирон лæджы тыххæй: «Ды куыстай фыццаг дæр зиуæй», «æмæ ’хсæны куыстæй скæныс ды мæгуыр лæгæн бындур!» («Зарæг»). Елбыздыхъойы уацмысы ирон Ныхас у царды «театр». Сце- нæйы архайынц æппæт хъæубæстæ, уыдон та сты æппæт дзыл- лæйы «къаннæг хуыз». Фæсивæд хъыримæгтæй æхсынц милмæ, сабитæ хъазынц хъулæй, зæрæдтæй чи йæ кусæнгарзы хъæд амайы, чи та лæдзæг æмæ къæцæлтæ. Уыцы нывтæ сты архайды динамикæйы, сты æлвæст, архай- ды цыд нæ къуылымпы кæнынц. Уыдон авторы нæ хъæуынц этнографион нывты сæраппонд. Уыдонæн ис ахъаззаг идейон- аивадон нысаниуæг. Уыдон сты сабыр царды æууæлтæ. Адæм кæнынц сæ царды кой, цæрынц æрвылбоны сагъæстæй, сыгъдæг куыстæй. Æхсæнгарз дæр сæ хъæуы хæстæн нæ, фæлæ цуанæн. Никæмæ лæбурыпц, хъыг дæр никæй дарынц. Фæлæ уыцы са- быр царды æваст сызмæста урс паддзахы ультиматум. Афтæмæй контрасттæй райрæзт драмон архайд, æидыгъд сюжет. Драматург «сабыр хъæуы фæрныг цардæй» лыг кæны аива- дон æмæ идейон фарстытæ. Хæст ракъахтой æмæ æндзæрстой ир нæ, фæлæ паддзах æмæ йæ инæлæрттæ. Ацы хъуыддаг арвæй бæрæгдæр у историон литературæйы дæр æмæ Елбыздыхъойы драмæйы дæр. Уымæ гæсгæ стыр хæрам уыд «Хазби»-йы иаци- онализм агурын, йæ идейон нысан уырысы ныхмæ арæзт у, уый дзурын. Драмæйы дарддæр æвдыст цæуынц Ныхасы сæйрагдæр функцитæ. Ам бæлвырдæй зынынц салам дæттыны æгъдау, хистæртæ æмæ кæстæрты этикон ахастытæ. Драматург йæ ав- торон ремаркæты фыссы: «Алырдыгæй адæм æмбырд кæиыиц. Зæрæдтæй чи æрбацæуы, уымæп адæм сыстынц, «уæ ныхасы 147
фарн», зæгъгæ, фæзæгъы, стæй йын кæм æмбæлы, уым сбады (I, 66-67). Рухс æмæ бæрзонд у куырыхон Исламы зонд. Уый у цытджын хистæр,' аргъ ие йæ ныхасæн, аргъуц дзы кæнынц адæм се ’ппæт дæр. Хистæры ныхас æмæ фæндонæн стыр аргъ кæй уыди, уый гуырысхойаг нæу. Фæлæ куырыхон хистæр йæхæдæг дæр хъуы- ста кæстæрты зондмæ. Дзæгъæлы нæ фæзыпд æмбисонд, зонд кæстæрæй хистæры сæрыл нæу, зæгъгæ. Ислам хæцы ахæм æгъдауыл æмæ уынаффæдоны фæрсы: «Æмæ хистæрты йеддæмæ нæ хъæуы ничи ис? Кæстæртæ, фæсдуар кæй фæкæнæм, ахæм сты?» (I, 67). Бæрнон хъуыддаджы уый байхъусы алкæмæ дæр, æрцагуры Хазбийы, уымæн æмæ «ахæм уынаффæты йæ зонд бæззы». Уыцы æмахаст дæр ирон адæмæн традицион уыдис. Эпос нын фæдзæхсы: «Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой...» (Нарты кадджытæ.— Дзæуджыхъ- æу, 1995, 262 ф.) Бæгуыдæр, адæм кæрæдзи куы фембарынц, уæд цард арынц. Ислам æмæ Хазби кæрæдзимæ дзурынц, ирон этикет куыд домы, афтæ — æргом, фæлæ уæздан æмæ цыт кæнгæйæ. Драмæйы фыццаг нывы фыссæг æвдисы фысым æмæ уазæ- джы ахастытæ. Уыдон сты сюжеты æрдзон хай æмæ, иуæй, ахъаз кæнынц архайды рæзтæн, иннæмæй та — характертæ æргом кæнынæн. Хъобан кæнынц ирон уæздан æгъдау: «Уазæг — Хуыцауы уазæг» (I, 69). Хатынц зæрдæйæ, фыдбылызы уазæг сæм кæй фæзынд, уый, фæлæ Ислам зæгъы: «Æгъдауæй не ’мбæлы уазæджы аздахын, туджджын куы уа, уæддæр. Ра- цæуæнт!» (I, 69) Елбыздыхъо реалон хуызы æвдисы адæмы уаз æгъдау. Афтæ у Къостайы поэмæ «Фатимæ»-йы дæр: Адату родины послушны, Храня обычай старины, Кавказа верные сыны,— Будь кровники — без злобы тайной, При встрече званой иль случайной, По возрасту, по праву лет, Здесь делят ужин и обед, И, как друзья, полны одною Лишь мыслыо о приволье гор... Генион поэт æгъдауы æвдисы идеалон кавказæгты. Елбыз- дыхъойы драмæйы уынæм бæлвырд æмæ реалон типтæ. Ахæм тип у Биайы-фырт, уырыссаг ииæлары минæвар. Уый дæр æддаг 148
æвдисæнтæй хæцы ирон æгъдауыл, зоны ирои салам раттын, хистæртимæ дзурын. Фæлæ уымæн уыцы уаг æрдзон нæу — уый кæны аразгæ митæ. Драматург архайд афтæ нывæнды, æмæ тыхгæнæджы минæвар зыгъуыммæофæфæлдæхы, æрхауы йæ гамхуд, разыны йе ’цæг цæсгом, йæ дæлгоммæ ныхæстæй рахи- зы комкоммæ æртхъирæнтæм. Ирон æгъдау уыд фидар, йæ халын — фыдракæнд. Калоты Барис уый тыххæй хæссы бирæ дæнцæгтæ. Ахуыргæндтæ фыс- той, зæгъгæ, «фысым йæ уазæджы хъахъхъæны, йæхи цардæн тæссаг куы уа, уæддæр». (Калоев Б. А. Осетины. Историко- этнографическое исследование.— М.: Ыаука, 1967, 169 ф.) Фæлæ уазæгыл дæр фысымы раз ис бæлвырд хæстæ. Биайы-фырт ныфсхаст у йæ хицæуттæй æмæ йæхи равдыста къæйныхæй, хистæрты раз бавнæлдта йæ кардмæ дæр адæмы уынаффæдо- ны — Ныхасы. Карз æмæ æгъатыр у хистæр Исламы уайдзæф: «Цы ныфсæй сластай кард, Биайы-фырт? Æнæгъдаудзинад у уый! Мах, урсзачъе зæронд лæгтæ, демæ лæг æнхъæл ныхæстæ кодтам, уыйеддæмæ сывæллæттау Ныхасмæ æхсаргæрдтæй хъа- зынмæ цæуаг не стæм» (I, 81). Биайы-фырт Ныхасы æмæ æгъдауы нæ разынд лæг, уымæн æмæ у уæйгæнæг, гадзрахат адæймаг. Уымæн зынаргъ нæу «хæхты хæдбарад» («приволье гор») æмæ йæм нымады дæр не сты уазæджы бæрн æмæ хистæры æфсарм. Афтæмæй ацы эпи- зоды æгъдауы фæрцы раргом ис персонажы миддуне. Уыцы миддуне чъизи кæй у,- уымæн ис канд намысон (моралон) уидæгтæ нæ, фæлæ социалон аххоссаг дæр. Хазби зæгъы: «Хъус, Биайы-фырт! Абхадзы хæрзиуæг дын дæ ирон æгъдау ферох кæнын кодта. Ныхасы фарн дæм ницы кæсы, фæлæ уыцы фар- ны руаджы кæй ирвæзыс, уый зон! Хæсты быдырмæ — не ’мгъуыд!» (I, 81). Дыууæ ныхмæвæрд зондахасты кæмæ ис, уыдонæн хицæн сты се ’гъдау æмæ сæ уаг дæр. Биайы-фырт дыдзæсгом кæй у, уый кæрæй-кæронмæ зыны йæ царды уагæй. Хæсты быдыры дæр вæййы мæнгард æмæ.фæлитой: знæгтæн у фæндагамонæг йæхи адæммæ, йæхи схоны дæргъæвсаг фæди- сон. Фæлæ уæддæр раргом вæййы. Тузар ын раст зæгъы: «Хъахъхъæн-ма дæхимæ, æз дын дæ дæргъæвсаг хæрв æрæппа- рон!» (I, 114). Афтæмæй ссары æгады мæлæт. Æгъдау парахатæй æвдыст цæуы уацмысы дыккаг нывы дæр. Хазби йæхи цæттæ кæны балц æмæ хæстмæ. Уыцы архайд цæуы ирон цард æмæ ирон æгъдæуттæн сæ фоныл нæ, фæлæ сæ ат- мосферæйы. Уыдоны зыны адæмы мопон культурæ, сæ психо- логон нывæдз, сæ зондахаст. 149
Фыццаджыдæр ацы нывы уынæм бинонты цард æмæ бинон- ты æмахастытæ. Æлхъывд, фæлæ уæздан æмæ зæрдиаг у Хаз- би æмæ йæ къай Ханиффæйы ныхас. Дыууæйæ дæр хатынц: уый у сæ фæстаг фембæлд. Сценæ у, Гектор æмæ Андромахæ куыд хицæн кæнынц, ахæм. Æрмæст Елбыздыхъойы трагедийы ацы драмон эпизод эпикон нæу, фæлæ лирикон. Уавæр иуцасдæр суагъта ирон сылгоймаджы зæрдæйы рохтæ. Ханиффæ, æвæццæгæн, фыццаг хатт скæны æнкъарæнты кой. Хиуылхæцгæ, фæлæ æргом у ацы хатт йæ ныхас уарзондзинадыл. Йæ домæнтæ сты адæймагон, хуымæтæг. Бæрæг у, ирон патриархалон царды рæвдыдхъуаг кæй у, уый. Йæ ныхасы хъуысынц уарзты зæлтæ дæр æмæ фæлмæн уайдзæф дæр. Зын уавæры бахауд Хазби — уæздан æмæ тызмæг ирон лæг. Æмбары Ханиффæйы рæстдзинад, хаты йæ азым. Фæлæ цы кæна? Ис вазыгджын психологон уавæры. Лирикон сценæ æлвæсы драматизмæй æндон цъæтау. Хазбийы фæнды хъарм ныхæстæ зæгъын. Дурæй гуырд тызмæг хохаг исдуг æрфæлмæн ис, æнæнхъæлæджы басаст йæ «лæмæгъдзинадыл» æмæ зæгъы: «Цы уæ фæнда æмæ цы нæ бакæндзыстут, сылтæ!» (I, 86). Æрцыд диссаг: «Хъæбыс æй кæны йæ иу къухæй». Æрмæст афтæ — хъавгæ, уæлæнгай. Æгъдау ын нæ дæтты æндæр бар. Схауд дзы хъарм ныхæстæ дæр. Уæззау æмæ тар уыд ирон сылгоймаджы уавæр патриарха- лон æхсæнады. Уæлдай æрхуым уыд чындзы уавæр бинонты ’хсæн. Дыгъуырццæг уавæры фæлвары Елбыздыхъо йæ геройы. Фыццаджыдæр драматург дзуапп дæтты, амынд æхсæнады уарзт ис æви нæ, уыцы философон фарстæн. Раргом ис персонажты хъæздыг æмæ рухс миддуне. Иннæмæй автор æвдисы йæ ге- ройы стырдзинад. Хазби бар дæтты æрыгон сылгоймагæн йæ амонд ссарынæн, йæхæдæг хæстæй куы нæ раздæха, уæд. Уыцы фæнд зæгъынæн хъуыд лæгдзинад дæр æмæ уæздандзинад дæр. Æгъдау ам разынд л&гæвзарæн фæрæз. Ис ын æндæр аива- дон функци дæр. Ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты уарзт æмæ хæс. Тæссаг у сентименталон равг ахæм уавæры. Арæх цæссыгтæ фестынц цæлхдуртæ геройы фæндагыл. Персонажтæи ирон æгъдау фестад ныфсы хос. Хазби фидар æрхæцыд æнкъарæн- ты рохтыл. Зын уавæрæй ракæны Ханиффæйы дæр: «Ма ку! Худинаг у. Дæ файнустытæ дыл худдзысты: йæ мойы фæдыл кæуы, зæгъгæ, дын фидис кæндзысты» (I, 86). Уавæр фæивта. Хæс фæуæлахиз. Æнæрцæф сылгоймаг йæ бæлццонæй ныр домы узæлд нæ, фæлæ хæстон æхсар æмæ патриотон сгуыхт. Елбыздыхъо нывæфтыд кæныæфсин æмæ чындзы ахастытæ 150
дæр. Монументалон у нанайы фæлгонц. Йæ характеры йын ир- тасджытæ уынынц Сатана, Тотырадзы мад æмæ Æфхæрдты Госæмайы æууæлтæ. Йæ иунæг фырт цæуы хæстмæ. Нана йын зæрдæйæ хаты йæ хъысмæт. Уæддæр у хиуылхæцгæ, æмбæхсы йæ катай, йæхи ныффидар кæны. Зæрдæ агайы йæ ныхас йæ чындзимæ: «Цы хуызæн дæ уый? Дæ кæлмæрзæн кæм ис? Сау дарыс? Бызгъуыртæ цы скодтай? Дæ цæсгом дыл æрхауæд! Уый цæй хуызæн дæ? Кæуынæй кæй буц кæныс? Хазби йæ хъуыддаг дæ куыды тыххæй нæ ныууадздзæн. Цæмæн ын уæлдай зæрдæниз кæныс? Цæуыл кæуыс? Иу ахæм никуы райгуырди, никуы амар- ди? Æгайтма йæм ахæм тых æмæ ныфс ис, æмæ æгас адæмы æфсæрмы цæуы, æмæ йæм адæм хъусынц, дзыллæты худинаг йæ сæрмæ нæ хæссы. Цин цæуылнæ кæнут?» (I, 89). Ацы монолог сæвзæрди стыр куырыхоны зондæй. Æгъдау у уды культурæ, зæрдæ æмæ зонды æддаг хуыз. Ирон æфсин у барджын æмæ йæ чындзимæ кæны хъæбæр ныхас. Афтæ зыны æддаг -бакастæй. Фæлæ афтæ нæу ныхасæн йæ мидис. Уайдзæфтæ æмæ карз ныстуантæ дæр зæлынц имонау, хæссынц тавиц æнкъарæнтæ. Æгъдау мады нæ уадзы йæхи тыхстæй æвди- сын,— уæд æй уавæр æркæндзæн зæрдæхалæн хъарджытæм. Уый аив нæу. Аивдзинад та у ирон этикæйы хъомысджын домæи. Æддаг сабыр уаг тыхджындæр кæны мидæлхъывд уавæр. Рæзы психологон драматизм. Мад тыхст æмæ кæуинаг уавæр ивы æгъдауы фæрцы, здахы йæ рухсвæдмæ, кæны йæ бæрæгбон- хуыз. Тых ын дæттынц æгъдау æмæ, патриот фыртæй сæрыс- тыр кæй у, уыцы зонынад. Йæ чындз æмæ йæ чызгæн фæдзæхсы сæхи сфæлындын: рæсугъд хъуыддаджы хъæуы рæсугъд уæ- вын. Ирон æгъдау адæймагæй домы стыр тых æмæ фидар лæджыхъæд. Нана ис карз тохы: хицæнæй куы вæййы, уæд фергом вæййынц йæ хъыг, йæ рыст, йæ судзгæ катай; бинонты цур хæцы йæхиуыл, уазджытæ æмæ лæгты раз йæхи æвдисы æдыхст æмæ рухсцæсгомæй. Афтæ йын амоны æгъдау, афтæ дзы домы, утæхсæн цы хъуыддаг расайдта, уый стыр æмæ бæрзонд нысан — адæмы намысыл тох. Уыцы стыр хъуыдда- джы сæраппонд нана фидардзинад домы йæ фыртæйдæр. Йæ цæстмæ йын бадары йæ фæлмаст æнгас. Лæгæн аив нæу йæ фынтæ дзурын, уæлдайдæр та хæсты размæ. Фынтæн, уырныйадмæ гæсгæ, ис символон мидис, «они выражают свое содержание на языке природы, на языке, кото- рый нам непонятен и странен». (Миллер Г. X. Толкование де- сяти тысяч снов, или Что происходит во сне.— Ижевск: Стран- 151
ник Акцент, 1992, 6 ф.). Мады зæрдæ зонаг у. Нана раиртæста Хазбийы фын, йæ цауты символон мидис. Хаты йæ фырты тра- гикон хъысмæт, фæлæ уæддæр нæ сæтты йæ ныфс, бар нæ дæтты тыхстæн æмæ тарстæн: йæ фырты раз ис стыр адæмон хъуыд- даг. Æмæ сæрыстыр мад йæ фыртæн уайдзæфгæнæгау зæгъы: «Дæ фынтæ мæнæй куы бамбæхстаис, уый дыл æмбæлд» (I, 90). Ам фынæн ис егъау аивадон нысаниуæг. (Традици цæуы адæмон сфæлдыстадæй.) Мад æмæ фырт зонынц карз æцæгдзи- над, фæлæ сын æгъдау, æфсарм æмæ адæмы фарн цардæй сæйрагдæр сты, æмæ цæуынц хъысмæты размæ. Уыцы уаг сын бæрзонд кæны се сгуыхт æмæ сын æвдисы се стырдзинад. Ирон царды зынгæ бынат ахсы фынг — уый «уазæгæн йæ фæллад сафы, зианджынæн — йæ хъыг» (Къоста). Фынг та фидауы кувынæй, гаджидауæй. «Осетины вообще народ трез- вый,— фыста доктор Б. Пфафф,— но в торжественных случа- ях, при так называемых кувдах, они пыот араку или пиво. В обыкновенное же время они не чувствуют потребности в креп- ких напитках» (Пфафф В. Б. Путешествие по ущельям Север- ной Осетии.— ССК, т. I, 1871, 145 ф.). Афтæ уыдис ирон царды уаг. Гаджидау уыд ирон монон культурæйы хай. Уый, фыцца- джыдæр, æвдисæн у ирон ораторон аивадæн. Йæ мидис та æрмæст табу æмæ лæгъстæ кæнын нæу. Гаджидау у зонды ны- хас, фæдзæхст æмæ ныстуан кæстæртæн. Гаджидауы куыры- хон хистæр дзуры адæмы фæндиæгтæ, уымæ гæсгæ йæ мидисы зынынц царды æууæлтæ. Гаджидау æвдисæн у адæмы зондахастæн. Уымæ гæсгæ йæ бынат æрцахста фольклор æмæ литературæйы дæр. Кувæг лæг вæййы куырыхон, мæлгъæвзаг æмæ дзырддзæугæ. Къоста йæ кадæг «Хетæджы» рæстдзæвин ныхæстæй æвдисы ахæм цыт- джын лæджы фæлгонц: ’Р’æллаг уазæгдоны бадтысты хистæртæ... Зæронд Солтан сын ныллæууыд рæгъгæнæг,— Кувынмæ — пахуымпар, нуæзтæн — нæртон уæйыг, Афтæмæй ноджы лæппу-лæгау хъæлдзæг. Гаджидауы «жанрæй» арæхстджынæй пайда кæны Хъоро- ты Дауыт йæ пьесæ «Дæсны»-йы, уыцы фæрæзтæй арæзт у Къубалты Алыксандры поэмæ « Алгъуызы куывд». Кувын æргом кæны Плиты Грисы поэтикон фрагмент «Салдат»-ы сæйраг идейæ — авторы концепци хæсты тыххæй. Ацы традици цæуы Елбыздыхъойы сфæлдыстадæй дæр. Драматург уыд реалист, йæ нывтæ исга цардæй. Ироп æгъдау 152
балцы сæрæн домы фынг. Драмон сюжеты æрдзон хуызы ба- цыд зæронд Исламы куывд (I, 99-100). Ислам дæр, зæронд Сол- танау, кувынмæ у пахуымпар. Уый йæ раныхасы, зæгъæн ис, фæлгъауы ирон царды философи — адæмы социалон зонда- хаст, сæ этикон идеалтæ. Адæмы фæдзæхсы «мæгуыр æмæ æгадæй». Хуыцау æмæ бардуæгтæй адæмæн куры бæркад, амопд, æнæниздзинад. Уыдон адæмтæн иумæйаг бæллицтæ сты. Уыдонæй уæлдай куры, «адæмы номыл хорздзинадæй цы ис», уый. Иæ этикон принциптæ сты рæстдзинад æмæ патриотизм. Дзуры: Хазби æмæ йæ хæстонтæ «тых кæнынмæ нæ цæуынц, ды цы адæмы уарзыс, Уастырджи, уыдон тыххæй сæ уд мæлæтмæ дæттынц». Ирон адæмæн ахсджиаг у Исламы гуманистон кур- диат: «Гъе Реком, нæ хуыздæрты нын бахъахъхъæн!» Гаджи- дауы ис хæстонтæн фæдзæхст æмæ ныстуантæ дæр. Куыд уынæм, афтæмæй куывдæн уацмысы контексты ис ахъаззаг идейон-аивадон нысаниуæг. Уацмысы финалы Елбыздыхъо æвдисы фыдæлтыккон æгъдау иронвæндаг. Уый бæрзонд сисы драмæйы трагедион зæлынад. Рецензенттæ хуымæтæджы нæ фыстой, зæгъгæ, уыцы сценæмæ кæсгæйæ адæмæн, уæлдайдæр та сылгоймæгтæн сæ цæссыгтæ тагъдысты тæдзынæгау. Иронвæндаг у судзаг зианы æгъдау. Зианы хæстæг сыл- гоймæгтæ «сæ кæлмæрзæнтæ сисгæйæ, тыдтой сæ дзыккутæ, хостой сæ сæртæ», тыдтой сæ рустæ, кæрты-иу «æрзоныгыл кодтой æмæ, цыппæргæйттæй сæ зонгуытыл цæугæйæ, хъарæ- джы ныхæстимæ сæ армытъæпæнтæй сæ цæсгæмттæ цавтой æмæ дæдæй-дæдæйгæнгæ тымбыл къухæй сæ уæрджытæ хостой» (Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этногра- фи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат.— Дзæуджыхъæу, 1994, 67 ф.). Хъаныхъуаты Ипал сылгоймаг-мæрддзыгойы цыд коло- ритон нывæфтыдæй равдыста йæ боныг «Ирон хъæуы» (8-æм июнь). Иронвæндаг у уымæй æвирхъаудæр æгъдау. Уый йæхæдæг у зæрдæхалæн драмон архайд (действо). Елбыздыхъо ацы æгъдау æвдисы ноджы бæлвырддæрæй: Нана цæуы сылгоймæгты разæй, «йæ къухы лæдзæг, йæ рæхыс йæ астæуыл», афтæмæй. Йæ хъарæг у сюжеты эпикон финал, трагедийы катастрофæ. Рæхыс рафтауын, уыимæ иронвæндаг кæнын — уый у æппæты стырдæр зианы нысан. Уацмысы æрдзон прозаикон ныхас хъарæджы рахизы поэтикон зæлынадмæ. Мæ иунæгыл нæ кæуын — Йæ хæс мын дывæлдахæй райста. Æрттиваг цæппæрджынтæй 153
Йæ мæрдон фæндаг Æвзист камарийау рæсугъд сарæзта. Мæхиуыл нæ кæуын — Мæ иунæджимæ Амард Иры кад, фесæфт сæ бар. Архайд æмæ хъарæг райсынц символон мидис. Нана ацы сценæйы Хазбийы мад нал у — уый у æппæт иры Мад, йæ хуызы бацыд Райгуырæн бæстæ. «Хазби» у адæмон трагеди. Йæ сæйраг архайæг сты адæм. Уыдон иудадзыг сты æгъдауы мидæг. Æгъдау уыдонæп у сæ монон цард, сæ культурæйы ахъаззаг хай,— уым ирдæй зы- нынц сæ царды уаг, сæ зондахаст, сæ этикон идеалтæ. Ирон æгъдæуттæ уацмысы æвдыст цæуынц хицæн нывтæй нæ, фæлæ сюжеты нывæдзы, уыдон сты драмон архайды æрдзон нуæрттæ. 154
УÆЛÆМХАСÆН ТимурКИБИРОВ Ирон журналы уырыссаг æм- дзæвгæтæ? Уый та куыд фидауы? — чи зоны, бафæрса исчи. Фæлæ дзæбæхдæр æркæсгæйæ ам дис- сагæй пицы ис. Уырыс хуымæтæ- джы нæ акæнынц: нет правила без исключения. Къибирты Тимуры поэзи хъуыстгонд у канд Уæрæ- сейы нæ, фæлæ дунейы бирæ бæстæты. Париж, Ныо-Йорк, Вар- шавæ, Иерусалим, Тель-Авив, Лос-Анджелес, Бостоп, Хельсин- ки æмæ бирæ æпдæр горæтты ра- цыдысты йæ уацмыстæ. Ирыстоны дæр ын рауагътой чиныг, ноджы йе ’мдзæвгæты циклтæ,уыдысты журнал «Дарьял»-ы. Фæлæ пæ чип- гуыты тиражтæ афтæ чысыл сты, æмæ йæ уацмыстæ искуы-иуты къу- хы йеддæмæ не ’фтынц. «Хал- халæн æххуыс у», зæгъгæ, уыцы ирон æмбисопд зæрдыл даргæйæ мах сфæнд кодтам Тимуры æмдзæвгæтæй цалдæр нæ журналкæсджытæн балæвар кæнын. Æмдзæвгæтæ ист ысты поэты алы чингуытæй. стихи Шаганэ ты моя, Шаганэ, потому что я с Севера, что ли, по афганскому минному полю я ползу с вещмешком на спине... Шаганэ ты моя, Шаганэ. 155
Тихо розы бегут по полям... Нет, не розы бегут — персияне. Вы куда это, братья-дехкане? Что ж вы, чурки, не верите нам?.. Тихо розы бегут по полям... Я сегодня сержанта спросил: «Как скаЗйть мне «Люблю» по-душмански?» Но бессмысленным и хулиганским, и бесстыжим ответ его был. Я сегодня сержанта спросил. Я вчера замполита спросил: «Разрешите,— спросил,— обратиться? Обряжать в наш березовый ситец Гулистан этот хватит ли сил?» Зря, наверно, его я спросил. Шаганэ-маганэ ты моя! Бензовоз догорает в кювете. Мы в ответе за счастье планеты, А до дембеля 202 дня. Шаганэ ты, чучмечка моя. Шаганэ ты моя, маганэ! Там, на Севере, девушка Таня. Там я в клубе играл на баяне Там Есенин на белой стене... Не стреляй, дорогая, по мне! И ползу я по этому полю — синий май мой, июнь голубой! Что со мною, скажи, что со мной — я нисколько не чувствую боли! Я нисколько не чувствую боли... ПЕСНЯОЛЕНИНЕ Мама, я Ленина люблю! Мама, я за Ленина пойду! Ленин — он весны цветенье,
зори новых поколений — и за это я его люблю! К коммунизму на пути с нами Ленин впереди — и за это я его люблю! В давний час в суровой мгле он сказал, что на земле — и за это я его люблю! За фабричною заставой жил парнишка он кудрявый — и за это я его люблю! По военной по дороге шел в борьбе он и в тревоге — и за это я его люблю! Он за Волгой и за Доном загорелый, запыленный — и за это я его люблю! Ленин — гордость и краса, все четыре колеса! — и за это я его люблю! Неприступный для врагов, гордость русских моряков — и за это я его люблю! Ленин порохом пропах с сединою на висках — и за это я его люблю! Не пришедши он с полей превратился в журавлей — и за это я его люблю! С высоты он шлет привет, сожалений горьких нет — и за это я его люблю! 157
И в чем дело не поймешь — он нормальный летний дождь — иза это я его люблю! Там, на розовых ветвях, соловей он, славный птах — и за это я его люблю! Ленин — ивушка зелена, над рекою он склоненный — и за это я его люблю! Он не рокот космодрома — он трава, трава у дома — и за это я его люблю! То не ветер ветку клонит — он, мое сердечко, стонет — и за это я его люблю! Обнявшись, сидитс княжной он веселый и хмельной — и за это я его люблю! Милый барин, добрый барин, нехристь староста татарин — и за это я его люблю! Он особенная стать, его умом не понять — и за это я его люблю! И пойми же ты, Шувалов, Ленин выше минералов! 11 за это я его люблю! Ленин — бездна звезд полна! Нет у этой бездны дна! Мама! Я Ленина люблю! 158
ЭПИТАФИИ БАБУШКИНОМУ ДВОРУ 2 Но вот уже, в боты набравши воды, корабль из слоистой сосновой коры пускаешь по мусорным, бурным ручьям, слепящим глаза! Веселое, словно коза-дереза, брыкастое солнце изводит следы обглоданных, нечистоплотных снегов потемным углам. И прель прошлогодняя, ржавчина, хлам прекрасны!И так же прекрасен и нов мяча сине-кр.асного первый шлепок! И вот уже, вот — и сладких, и липких листочков налет покрыл древесину, и ты изнемог отзависти, глядя, как дядя Вадим сарай распахнул и пыльный «Орленок» выводитза руль. И вотуже, гордый бесстрашьем своим, ты слышишь гуденье двух пойманных ос в пустом коробке. И в маленьком пятиконечном цветке, единственном в грудах сиреневых звезд у нашей калитки, ты счастье найдешь. И вот уже кровь увидев на грязной коленке, готов расплакаться, но ничего, заживешь до свадьбы. И дедушка снова с утра отправился в сад. И в розово-белом деревья стоят. И ждет не дождется каникул сестра. И вечером светлым звучит издали из парка фокстрот. 159
И вот уже ставни закрыты. И вот ты спишь и летишь от прогретой земли. И тело растет. • * * Щекою прижавшись к шинели отца — вот так бы и жить. Вот так бы и жить — ничему не служить, заботы забыть, полномочья сложить, и все попеченья навек отложить, и глупую гордость самца. Вот так бы и жить. На стриженом жалком затылке своем ладонь ощутить. Вот так быть любимым, вот так бы любить, и знать, что простит, что всегда защитит, что лишь понарошку ремнем он грозит, что мы не умрем. Что эта кровать, и ковер, и трюмо, и это окно незыблемы, что никому не дано нарушить сей мир и сей шкаф платяной подвинуть. Но мы переедем зимой. Я знаю одно, я знаю, что рушится все на глазах, стропила скрипят, что релятивизмом кичится Пилат, а стены, как в доме Нуф-Нуфа, дрожат, и в щели ползетторжествующий ад, хохочущий страх, что хочется грохнуть по стеклам в сердцах, в истерику впасть, что легкого легче предать и проклясть в преддверье конца. И я разеваю слюнявую пасть, чтоб вновь заглотить галилейскую снасть, и к ризам разодданным Сына припасть, и к ризам Отца!
Прижавшись щекою, наплакаться всласть и встать до конца. 1995 * * * За все, за все. Особенно за то, что меня любили. Господи, за все! Считай, что это тост. И с этим тостом когда-нибудь мое житье-бытье окончится, когда-нибудь, я знаю, придется отвечать, когда-нибудь отвечу я. Пока же, дорогая, дай мне поспать, я так хочу уснуть, обняв тебя, я так хочу, я очень хочу, и чтоб назавтра не вставать, а спать и спать, и чтобы утром дочка и глупый пес залезли к нам в кровать. Понежится еще, побаловаться, какие там мучения страстей! Позволь мне, Боже мой, еще остаться в числе Твоих неизбранных гостей. Спасибо. Ничего не надо больше. Ума б хватило и хватило б сил. Устрой лишь так, чтоб я как можно дольше за все, за все Тебя благодарил. 12августа 1996 КОЛЫБЕЛЬНАЯ ДЛЯ ЛЕНЫ БОРИСОВОЙ Золотит июльский вечер облаков края. Я тебя увековечу девочка моя. Я возьму и обозначу тишиной сквозной II Махдуг№ 3, 1999 161
тонкий, звонкий и прозрачный милый образ твой, чтоб твое изображенье, легкое, как свет, мучило воображенье через сотни лет, чтоб нахальные хореи, бедные мои, вознесли бы, гордо рея, прелести твои, чтоб нечаянная точность музыки пустой заставляла плакать ночью о тебе одной, чтоб иных веков мальчишка тешщ! сам себя, от лодыжки до подмышки прочитавтебя, от коленок до веснушек золотых твоих, от каштановой макушки до волос срамных, от сосков почти девичьих до мальчишьих плеч, до ухваток этих птичьих доведуя речь! И от кесарева шрама до густых бровей, до ладошки самой-самой ласковой твоей, и от смехотворных мочек маленькихушей до красивых, узких очень, узеньких ступней,
от колготок до футболки до слепых дождей, от могилы до конфорки у плиты твоей, от зарплаты до зарплаты нету ни хрена! Ты, как Муза, глуповата, ты умней меня. От получки до получки горя нет как нет, игры, смехи, штучки, дрючки, вкусный винегрет! От Коньково до вечерней шильковской звезды обведу чертою верной всютебя! И ты в свете легковесных строчек, в окруженьи строф, в этой вечности непрочной улыбнешься вновь — чтоб сквозь линзы засияли ясные глаза, чтоб стояла в них живая светлая слеза. чтоб саднила и звенела в звуковом луче та царапина на левом на твоем плече, чтоб по всей Руси могучей гордый внук славян знал на память наш скрипучий шильковский диван, чтоб познал тоску и ревность к счастливому мне 163
мастер в живопистстве первой в Родской стороне! Не ехед| топитеп1ит! Вовсе не отом! — чтоб струилось тело это в языке родном, чтобы в сумраке, согретом шепотом моим, осветилась кожа эта светом неземным, чтобы ты не умирала, если я сказал, чтоб яичница шкворчала, чайникворковал, чтобы в стеклах секретера также, каксейчас, отраженье бы глядело той звезды на нас, чтобы Томик заполошный на полночный лифт лаял вечно и истошно, тленье победив, чтобы в точности такой же весь твой мир сверкал как две капельки похожий сквозь живой кристалл — в час, когда мы оба (обе?) в общем, мы уйдем тем неведомым, загробным, призрачным путем, тем путем печальным, вечным, в тень одну слиясь, безнадежно, скоротечно скроемся из глаз
по долинам асфоделей, в залетейской мгле, различимы еле-еле на твоей земле. Тем путем высоким, млечным нам стобой идти... Я тебя увековечу Ты не бойся. Спи. 1993 * * * Как на реках вавилонских плакалижиды, как какой-нибудь Полонский из-за барышни Волконской нюхал нашатырь — так вот мы сидим и ноем, из себя мы целок строим, ничего уже не стоим — ровным счетом ноль! Так сказать, за что боролись, вот на то и напоролись! Кто кричал: «Доколь?!» Получи, изволь. Как в Румынии Овидий, как Лимонов Э., ничего вокруг не видим, числим мелкие обиды, на вопросы с глупым видом время: «Не понимэ!» А чего ж тут не понять? И чего тут вспоминать. За базары отвечать время настает. 165
Сколь невнятен наш ответ! Наступает время тлеть, время в тряпочку гундеть, получать расчет. 1998 166
ТÆФÆРФÆС ГРИС Ирон аив дзырды зæрингуырдты ’хсæнæй та иу фæхъуыд — йæ арфæйаг æмæ фыдæбойнаг цардæй уалдзæджы тæккæ къæсæрыл ахицæн Плиты Дзамболаты фырт Грис. Амæй фæстæмæ йæ ном дæр æмæ йе сфæлдыстад дæр уыдзысты æнæцæстмæхъус тæрхонхæссæг Историйы бæрны. Грис райгуырди 1913 азы октябры мæйы 15 бон Ручъы хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ кæронмæ бакасти ахуыргæнджы- ты техникумы, стæй та сси Мæскуыйы театралон аивады ин- ституты студент. Уыд ирон театры актер, йæ литературон хай- ады сæргълæууæг. фыдыбæстæйы Стыр хæсты Грис хъазуатонæй хæцыди фа- шистон лæбурджыты ныхмæ йæ райдианæй йæ кæронмæ. Тохы быдырæй куы сыздæхт, уæд куыста Ирон театры директорæй, журнал «Мах дуджы» бæрнон редакторæй... Плиты Грис ахъаззаг поэтикон курдиаты хицау кæй у, уый сбæлвырд, хæрз æрыгон лæппу ма куы уыд, уæд. Бирæ ахадгæ сфæлдыстадон бынтæ ныууагъта Плийы-фырт — æмдзæвгæтæ æмæ кадджыты æмбырдгæндтæ, драмон уацмыстæ, арæхст- джын тæлмацтæ... Йæ чингуыты нымæц хæццæ кæны иу фондз æмæ ссæдзмæ. 167
Æцæг поэты хъысмæт куыд рауайы, афтæ Грис дæр дзыл- лæйырдыгæй уарзт базыдта, хицауадæй та маст... Фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ поэтæн зæрдæ æмæ зондæй йæхи цы нæ уырныдта, ахæм фæлывд ныхас адæмы рæгъмæ кæй никуы ра- хаста. Дзырд — цытгæнæг йе сфæлдисæгæн. Дзырд — комдзог- цæуæг йе сфæлдисæгыл... Рухсаг у, сыгъзæринфестинаг Грис. Цардаудæн кæн, уæл- æуыл кæй ныууагътай, уыдоныл. «Мах дуджы» кусджытæ «АРВ ЦЫХЦЫРДЖЫТÆЙ Т/ВДЗЫ» Мæ зæрдыл хорз лæууы æхсай фæндзæм азы уалдзыгон бонтæй иу: уыдаид 7 кæнæ 8 май — Уæлахизы боны хæдразмæ. Уаты бадтæн æмæ чиныджы кастæн. Мæ мад æнæуынæрæй цыдæртæ змæлыди хæринаггæнæны. Æвиппайды йæ кæуын мæ хъустыл ауади, æмæ йæм удайстæй рауадтæн: — Цы хабар у, Бабу? Лæууыди хæринаггæнæны бæстастæу; кæсгæ мæм нæ ра- кодта, афтæмæй мын къулыл ауыгъд репродуктормæ ацамыд- та. Грис касти «Авд цухъхъайы». Куыд æй касти, куыд æй касти! Мыхуыргонд нæма уыди поэмæ, æмæ йæм æз дæр сагъдауæй хъусгæ баззадтæн. Цы йæ сусæг кæнон: мæхи зæрдæ дæр суынгæг. Мады дæр æмæ мæн дæр цæмæдæр гæсгæ уæлдай тынгдæр агайдта рефрен «Арв цыхцырджытæй тæдзы». Грисы зырзыргæнаг æмæ уынгæг хъæлæс банцади, уæддæр ма мад йæ цæссыгтæ уромын нæ фæрæзта æмæ æрмæст æрæджиау сдзырдта: — Мæ фæрстæ сын æрбайхæлой... Кæд, мыййаг, мæхи æдзард æфсымæртæ дæр искуы æнæ цæстыл æрхæцæгæй... Фæстæдæр бирæты фехъуыстон поэмæ кæсгæ, фæлæ йæ Грис йæхæдæг куыд бакасти, афтæ — ничиуал. Хæблиаты Сафар 168