Текст
                    2^/г^а!ы Шсишиш
сугпЫГь
3>ур
ИДИНÆГ
/ /жЩьугВтхх \
( сялих. исщаитсг)
Ра уа гьд а д «, Ирыстон»


84 (Осет.) 7.44 Г93 Гугкаты Шамил Лентъойы фырт. Дур æмæ дидинæг. Радзырдтæ æмæ уацаутæ. Рауагъдад «Ирыстон». ч Цхин- вал, 1988. Гугкаты Лентъойы фырт Шамилы ирон чиныгкæсджы- тæ зонынц дзæвгар зæрдæмæдзæугæ радзырдтæ æмæ уа- цауты чингуыты авторæй. Гугкайы фыртæн ис йæхи фы- сты манерæ, хъæздыг, аив æмæ хуьшæтæг адæмон æвзаг. Йæ уацмыстæ рауайынц конфликтон æмæ зæрдæскъæф. Чиныг «Дур æмæ дидинæг», у Шамилы иууыл гуырахст- джындæр чиныг. Ам мыхуырæрцæуæг уацмыстæн сæ иу хайимæ базонгæ стæм ирон журналтæ æмæ газетты фæр- стыл. Ныр та сæ автор æмбырдгондæй хæссы чиныгкæс- джыты тæрхонмæ. 4702470000 М622 (06) —88 © Издательство «Ирыстон», 1988
РАДЗЫРДТÆ ЦЫРТ Кæрдæггъуыз четæн æрбырыд уырдыгмæ æмæ тымбыл- тæй æрхаудта зæхмæ. Бæрзондæвæрд цыртыл андæгъды- сты утæппæт цæстытæ æмæ зынгхуры тынтæ. Цырт-къæс- хуыртæ лæппулæг, цыма, йæ дардвæндаджы рухс нысанмæ фæлгæсы, царды рухс бæллицтыл сагъæс кæны, уыйау йæ мидбынаты бандзыг. Цыртмæ алчи дæр каст цымыдисæй. Æниу ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ сæхæдæг бирæ фæ- куыстой, цалынмæ ацы цытджын сахат ралæууыд, уэ^дмæ, фæлæ цахæм рауайдзæн, уый йæ цæстытыл никæмæн ма уад. Скъолайы кæрты астæу—адæймаджы цырт. Иæ алы- варс лæууæг адæм ныссабыр сты, ныссабыр æрдз, нал хъуысы, æгæрыстæмæй, цæугæдоны сæр-сæр дæр, нал змæ- лынц гæдыхъæды сыфтæртæ, рог уддзæф йæхи æруагъта нæууыл, дыргъдоны дидинвæлыст бæлæстыл бамыр мæргъ- ты цинæйдзаг цъыбар-цъыбур. Æрмæст ма тæлфынц æн- къараг зæрдæтæ æмæ, цахæмдæр æвæджиаг ныхасмæ æн- хъæлмæ кæсгæйæ, цæсгæмттыл ныхæсынц цин æмæ са- гъæстæ. Адæм цадæггай базмæлыдысты, æвæджиаг сабырдзи- нады денджызы фæзынд сыбар-сыбур æмæ ныхасы уы- лæнтæ: «Сыгъдæг — йæхи хуызæн!» «Цымæ кæй арæзт у?», «Цыма йæм къухæй æвнæлд дæр нæй», «Царды дæр раст ахæм рухсдзæсгом уыди». Лæппуйы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, , уыдон дзырдтой ныфсджынæй, сæрыстырæй. Буц уыдысты: уыцы адæйма- джы тыххæй сæ бон бирæ хабæрттæ ракæнын кæй у, уы- мæй, æмæ сæм исчи лæмбынæг куы байхъусид, уыцы бæл- лицц зынд сæ цæсгæмттыл. Чи йæ нæ зыдта, уыдон та лæмбынæг хъуыстой ныхасмæ æмæ афтæмæй адæмы бар- дзы ’хсæн фæзынд хицæн къордтæ. 3
Асæхмæт лæууыд хибарæй, бæласы аууон. Иугæр ын митинг байгом кæныны фæстæ скъолайы директор йæ ном куы загъта, куыд цырты автор, афтæ, æмæ йæ адæм цæст- æнгасæй агурын куы райдыдтой, уæд йæхи айста хибар ранмæ, стæй митинджы кæронмæ дæр нал банхъæлмæ каст,,— ацыд хæдзармæ. Асæхмæт бирæ уарзы иунæгæй, хибарæй йæ хъуыды- тимæ атезгъо кæнын, йе ’нкъарæнты цы зæгъын фæнды, уый бæстон базонын. Исдуг сæргуыбырæй алæууыд кæр- ты, стæй уæззау къахдзæфтæй бацыд цæхæрадонмæ æм<е æрбадт, парахатæй йæ дидин кæмæн райхæлд, уыцы бал- бæласы бын. Мыдыбындзытæ тыгуыртæ кæнынц бæласыл, зилынц йæ алыварс, изæры та, се ’мбæлтты ’хсæн, къæ- сæргæрон куыннæ кафдзысты ахæм хъæздыг хизæны ци- нæй. Кæд нырма талабæлас у, уадтымыгъ ыл никуыма асæрфта йæ дæрзæг уырзтæ, йæ уæздан къалиутыл ни- куыма æруадысты ’ихы къæрццытæ, уæддæр йæхи æрфи-. дар кодта зæххыл хæрзиуджытæ уарыны тыххæй æмæ сæр- бæрзондæй, дунейы уындыл цингæнæгау, лæууыд йе ’взон^ къабæзтæ хæрдмæ саразгæйæ. Асæхмæт йæ былтыл авæрдта, чысыл раздæр цы къан- нæг дидинæгджын къалиу расаста, уый. Цыма цæуылдæр тыхст, цыма йын цыдæр нæ фаг кодта, уыйау цалдæр хат- ты базмæлыд йæ мидбынаты, хабармæ æнхъæлмæгæсæгау- иу йæ цæст ахаста йæ алфæмблайыл, фæлæ йæ тыхст зæр- дæ нæ сабыр кодта. Иу заманы та арф ныуулæфыд æмæ сыстад уæззаугай, æвæндонæй, иу хатт ма йæ цæст аха- ста, сæ къуыпа дидин кæмæн фестад, уыцы дыргъбæлæ- стыл æмæ, цыма йæ зæрдæмæ цы рухсы уылæн фæцæй- тылд, уымæй йæхи бахызта, уыйау атындзыдта хæдзармæ. Асæхмæт ныр та сбадт рудзынджы тæккæ раз къæлæт- джын бандоныл. Кæддæр ын дуджы тымыгъ йæ зæрдæйыл цы риссаг фæдтæ ныууагъта, уыдон ын нæ уадзынц стæл- фын йæ рухс бæллицты, æмæ фылдæр вæййы йе ’рхæндæг сагъæсты ахæсты. Бар-æнæбары та ахæццæ рагбонтæм, æмæ йæ цæстыты раз змæлын райдыдтой йæ сабидуджы царды нывтæ. Æниу йæхæдæг дæр мæлæты рагон куынæ у, æз дæуæн зæгъон, мæнæ кæуыл бады, уыцы къæлæтджыны цахъæн уыдзæ- ни, фæлæ зындзинæдтæ уымæй къаддæр нæ федта, йæ ныфс сæм æрымысынмæ дæр нæ хæссы, — баризынц йе уæнгтæ, хъуыдытæн фесæфы се ’нцойад. Уæддæр æй сæ базыртыл ахæссынц скъолайы ахуыры бонтæм. Арæх æры- мысы сæ ног ахуыргæнæг Ханджерийы. Цæмæдæр гæсгæ йæ æрыгон зæрдæйæн тынг уарзон фæцис Ханджери, æмæ йæ уый йæхæдæг дæр цыма иннæ сывæллæттæй фылдæр 4
уарзта, афтæ касти Асæхмæтмæ. Йæ уайдзæф дæр æй ни- куы бафтыдта уæлдай сагъæстыл. Æниу дзы ахæмæй ни- цыдæр зонгæ кæны. Цæй уайдзæфыл ис банымайæн ахæм ныхæстæн: «Асæхмæт," урокты рæстæджы-иу нывкæныныл ма схæц, фæлæ-иу хъусгæ кæн. Ныв кæнын хорз у, уарз- гæ дæр æй кæй кæныс, уый дæр зонын, фæлæ уымæн дæр ис йæхи рæстæг». Ханджери нæ зыдта, фæстаг хатт ын Асæхмæт йæхи ныв кæй арæзта, уый. ,Ахуыргæнæг-иу картæ кæнæ фæй- нæджы цур лæугæйæ сывæллæтты ’рдæм куы фæкаст, уæд-иу Асæхмæт йæ нывкæнинаг амбæхста. Афтæмæй уро- кæй-урокмæ, бонæй-бонмæ ныв, тынгæй-тынгдæр кодта, картæйы цур* цыбыр лæдзæггондимæ чи лæууыд, уыцы ахуыргæнæджы хуызæн. Фæтæнгомауных æмæ бæзджын, сау æрфгуытæ бæргæ аив рауадысты. Сæхи ’нгæс уыды- сты тæнæггомау раст фындз æмæ гæзæмæ схъæлгомау ро- цъо дæр. Фæлæ лæппуйы хъавд ноджыдæр хуыздæрмæ уыдис, — егъау сау тымбыл цæстыты мидæг цы, гæзæмæ тызмæггомау, хæларзæрдæ ахаст æмбæхстис, уый равди- сынмæ. Нæ тагъд кодта дарæс æмæ гуырыконд раныв кæ- ныныл. Ахæм рæстæджы йæ æрыййæфта ахуыры азы кæ- рон. Айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг æмæ йын уæдæй фæстæ- мæ никуыуал бантыст фадатæй спайда кæнын, — Хандже- рнйы ныв кæронмæ саразын. Йæ зæрды уыд уыцы куыст ног ахуыры аз адарддæр кæнын, фæлæ... Æппæт фæндтæ æмæ бæллицтæн хæст фескъуыдта сæ хал, Ханджери ни- куыуал æрлæууыд йæ разы урок дзургæйæ, нал ын фæ- цис уыцы цардбæллон хуызмæ бакæсыны фадат... Асæхмæт æрдæг арæзт ныв бафснайдта чырыны æмæ .æнхъæлмæ кастис, æххæстæй йын йæ саразыны фадат кæд фæуыдзæн, уымæ. Хæсты фыццаг бонæй фæстæмæ бирæ ивындзинæдтæ æрцыдис адæмы царды. Ханджери уайтагъд бацыд æф- сæддон къамиссариатмæ æмæ райста æфсадмæ ацæуыны бар. Фæсивæды разæй ацыд тохы быдырмæ Асæхмæты фыд дæр æмæ лæппу баззад хæдзары йæ мадимæ. Цыдис рæстæг. Асæхмæты хъæумæ немыц афтæ æнæн- хъæлæджы бабырстой æмæ цæрджытæй бирæтæн нал бан- тыст æдас ранмæ фæлидзын, афтæмæй баззадысты сæ хæ- дзæртты. Хъæуы баззадысты Асæхмæт æмæ йæ мад дæр, æмæ æрвылбон æнхъæлмæ кастысты æнамонддæр цаутæм. Ног «фысымтæ» æрывæрдтой дзыхъхъынног фæтк, Асæхмæт уæды онг ахæм æнахуыр адæм никуыма федта. 5
Тынг дис æм касти, адæймагæн йæ бон цас æдзæсгом мн- тæ аразын у, уый, æмæ йæхæдæг уавæр цæй бæрц æмбæр- ста, уый бæрц катай кодта алы хабарыл дæр. Хъæуы ма чи баззад, уыцы сабиты иу бон æрымбырд кодтой уыцы æнæхонгæ адæм æмæ сын бафæдзæхстой, скъоламæ сæ цæуын кæй хъæуы, уый. Асæхмæты хæдза- ры дæр æнæнхъæлæджы, сырдау, фæмидæг сты уыцы æдзæсгæмттæ. Иу дзы зыдта уырыссагау æмæ-иу йе ’мба- лы ныхасмæ байхъусыны фæстæ, йæ гуырыл чысыл раз- мæ фæхæцыд, йæ хурхуадындзтæ-иу адымстысты, йæ бæз- джын былтæ-иу фæцъупп сты, хуыздзыд цæсгом-иу, аджы фарсау,' куы сау афæлдæхт,* куы цъæхбын хъулæттæ, аф- тæмæй-иу фæд-фæдыл, нæмыгæзгъалау, акалдта йæ дзырд- тæ. Асæхмæты мад, йæ лæппуйы сæрыхъуынтыл йæ фæлурс ризгæ къухтæ куы ’руагъта, уæд йæ бон исты зæгъын ба- уыдзæн æви нæ, уый дæр нæма зыдта, афтæмæй, тарст хъæлæс æмбæхсгæйæ, ралæмæрста цалдæр дзырды: «Æнæ- мæнг æй акæндзынæн скъоламæ, æнæмæнг, тæккæ рай- сом». Йæхæдæг æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæнис, уымæ. Лæппу нæ фезмæлыд йæ бынатæй, йæхи балхъывта ма- ды ризгæ буармæ æмæ кастис æндзыгæй, стæй йæ йæ мад йæ лæмæгъ цæнгты атыхта æмæ йын йæ пыхцыл сæр йæ дæллагхъуырмæ балхъывта. Сабптæ цæуын райдыдтой скъоламæ. Кæддæр сæ ци- нæйдзаг хъæлæба цы хатæны нæрыд, цардбæллон зæрдæ- ты æнкъарæнтимæ сæ хъус ахуыргæнæджы алы дзырд дæр кæм ахста, йæ алы фезмæлд, йæ алы фæзылдмæ дæр ирд цæстæй кæм кастысты, уым æрбынат кодтой æрхæндæг æмæ мæтæйдзаг саст ныфсытæ æмæ æбæрæг тас кæуыл æрцауындзæг, ахæм бæллицтæ. Асæхмæтмæ йæ ног ахуыргæнæг фыццаг бонæй фæстæ- мæ фæкаст тынг гуымир, дурзæрдæ, æнахъинон гобытъи- тæ. Йæ сæр гуыримæ ныхæстау, æмзылд кодта. Йæ алы фезмæлд, йæ алы къахдзæфтыл дæр зынд, цахæмдæр тас- дзинад ын йе онджы мигъ кæй æрбадын кодта,'уый, æмæ- ну йе ’лвæст цæстыты хуынчъытæй æууæнчы дзагъыр ный- исты йæ цъæх-цъæхид гагуытæ. Асæхмæт сæм комкоммæ бакæсынæй хызта йæхи: иуæй сæ тæрсгæ кодта, иннæмæй та йе ’нæуынон уыд ахæм цæстæнгас æмæ-иу, бирæхатт, æнæхъæн урокыл иунæг хатт дæр хæрдмæ не скаст. Афтæмæц цыдис æнæнцой рæстæг. Рæстæг æй хонæм, æндæра — зындоны бонтæ. Ахуыргæнæг æрвылбон дæр фæлхатт кодта иунæг фæдзæхст: «Ма дзурут Фыдыба^стæ, Фыдызæхх, Райгуырæн бæстæ. Уыдон уын нырæй фаестæ- 6
мæ ницы пайда сты. Уæ Фыдыбæстæ, амондджын кæм уат, уæ цард кæм дæуа, уый у». Æндæр дзуринæгтæ-иу ын куынæуал уыд, уæд та-иу сæ цалдæр хатты сфæлхатт кодта кæд сыл йæхæдæг дæр не ’ууæндыд, уæддæр. Сабитæм иууыл диссаг та йе ’ннæ ныхас фæкасти, стæй йæ ахæм хуызы загъта, цыма йæ- хæдæг æвзаджы дæсны у, афтæмæ та-пу цалдæр дзырды йæ бон нæ уыд æдæрсгæ кæрæдзийыл бабæттын. Уый загъ- та: — «Дунейы ’взæгтæй немыцаг æвзагæй хуыздæр æвзаг нæй, æмæ уый нырæй фæстæмæ уыдзæнис уæ мадæлон æв- заг». Ацы дзырдтæ зæгъгæйæ йæхæдæг фæдызæрдыг æмæ йæ цæстæнгас, цыргъ арцау^ сабитæй куы кæуыл сæмбæлд, куы кæуыл, афтæмæй сыл йæ ныхас кæмæ куыд фæкаст, уый бæрæггæнæг радгай æрзылдис. Асæхмæт мысыд Ханджерийы. Уый æппынæдзух, æн- дæргау, лæууыд йæ цæстыты раз, нал æмæ нал хицæн код- та йæ хъуыдыйæ. А-ныр æрбахиздзæн хатæны къæсæрæй, а-ныр фæзындзæн йе ’ндæрг, йæ аив уæнгты конд, зæгъ- гæ, — æппынæдзух æнхъæлмæ каст ацы стыр хæрзиуæгмæ, фæлæ уымæн нал уыдис æрцæуæн. Уый уыдис æрмæстдæр бæллиц, — Асæхмæты зæрдæйы домæн. Хатт-иу йæ мид- сагъæсты адзæгъæл æмæ-иу дзы æрбайрох йæ тæссаг уа- вæр дæр. Иу бон æм уыцы галы ’нгæс немыцаг сдзырдта иу, дыу- уæ, æртыккаг хатт, фæлæ йæ нæ фæхатыдта, йæ хъуыды- тæ ахæццæ сты, хæрз æрæджы дæр ма сæ цинæй кæмæн ради, уыцы рæстæгмæ æмæ зылдысты амондджын бонтæ мысгæйæ. Йæ разы, фынуынæгау, лæууыд Ханджери æмæ йын цæстæнгасæй ахста йæ алы фезмæлд, йæ мидбылхудт, цæмæй йæ портрет рауайа æнгæс зæрдæйы фæндиаг. Стыр æхцондзинад æнкъаргæйæ бахудт йæ мидбылты, фæлæ уайтагъд æрбайсæфт уыцы амонд æмæ, Асæхмæт, арвы цæфау, андзыг йæ мидбынаты. Бирæ йæ нал бахъуыд фыд- былызы цæхæры смидæг уæвынмæ. Лæппу иугæр æртыккаг хатт дæр дзуапп куынæ радта уьщы галы ’нгæсæн, уæд ферттывтой, уæдмæ йын чн нæма зынд, цæстыты уыцы урсытæ æмæ дæ балгъитæг афтæ: куыддæр сæм лæппу фæкомкоммæ, афтæ цыма йын исчи йæ астæумагъз ахауын кодта, уыйау йæ уæнгтæ æрыз- гъæлдысты, фæсонтыл уазал хиды æртæхтæ кæй атылд, уый ма банкъардта æмæ, токæй цæфау, андзыг йæ буар. Ноджы астæрдыл уæззау цырыхъы тъæпп-тъæпп йæ хъу- стыл куы ауад, уæд йæ зонд дæр фæкъуырма: цæстытыл, фæззыгон мигъау, фæлм абадт æмæ ницыуал ауыдтой. Уæдмæ йæм кæйдæр къухты æнгуылдзтæ, хъæрццыгъайы къæдз ныхтау, зыр-зыргæнгæ сæхи æруагътой, дыууæ бæз- 7
джын былы дуары фæхсытау, кæрæдзийæ фæхицæн’ сты æмæ, се ’хсæнæй ферттывтой, æддæг-мидæгæвæрд бур-бу- рид дæндæгтæ. Уыцы галæнгæсæн куыддæр йæ дзых фæ- хæлиу, афтæ «— Кæмæ дзурын æз!?» зæгъгæ æнахуыр богъ анæрыд хатæны; сæты фæзгъæртæ сæмбæлдысты лæппуйы цæсгомыл æмæ йын æнгуылдзтæ аркъæуттау ацахстой йæ хъустæ... — «Æз ницычкодтон, æз ницы кодтон», — кæуынхъæ- лæсæй ма архайдта Асæхмæт уыцы фыдбылызы дзæмбы- тæй фервæзыныл,. фæлæ йæ уыдон цæсты фæныкъуылдмæ ахæццæ кодтой къæсæргæронмæ. Дуары тæккæ цур феуæгъд Асæхмæты хъустæй сæ иу, фæлæ иннæйы ноджы тынгдæр нылхъывтой уыцы стæгдар æнгуылдзтæ æмæ лæппуйæн йæ уд ысцæйхаудта, афтæ- мæй йын йе ’ргом фæзылдтой иннæ сывæллæтты ’рдæм. — «Сымах иууылдæр партизантæ стут, цæгъдинаг стут!» — тынг-мæстыйæ загъта немыцаг, йæ цæстытæй ма- сты цæхæртæ акалдысты, афтæмæй лæппуйы асхуыста къæ- лидормæ, йæхæдæг, цæф арсау, йæхимидæг гуым-гуым- гæнгæ, баздæхт фæстæмæ æмæ йæхи æртъæппласта бан- доныл. Сывæллæттæ нындзыг сты, нал уæндыдысты улæфын дæр. Лæг, цавддурау, иудзæвгар нал фезмæлыд, йæ лæ- гуын сæр афардæг уæхсчыты ’хсæн æмæ ма зындысты йæ лæгуын тенка æмæ къæбуты сæрмæ, цыбырæлвыд, урс- хæццæ сæрыхъуынтæ. Сабиты фæлурс цæсгæмттыл баззад тасы æнгас, афтæмæй æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Уæдмæ сын уыцы галæнгæс, къухы риуыгъ- дæй, ацамыдта, сæрибар кæй сты, уый, æмæ уыдон дæр зындонæй фервæзæгау, уайтагъд фæтары сты. Цыди рæстæг. Немыцæгтæ-иу арæх сызнæт сты парти- занты скоймæ. Иугæр сын æхсæвæй-бонæй æрхуыст нал ис, уæд уый зон, æмæ та сын кæмдæр аккаг фесты, æмæ та-иу уыдон дæр цæрджытыл сæ пырх ныккалдтой. Иузаманы та сын, æхсæвыгон тох бацайдагъ уыцы хъæумæ хæстæг. Цалынмæ сæм æххуыс æрбацыд, уæдмæ нал кодтой сæ сæрæн, тынг бирæ сæ фæхъуыд. Цæфты уайтагъд бæргæ аластой, фæлæ сын мæрдтæ кæд æмæ кæдмæ нæ фесты ныгæд. Уыцы райсом бон куыддæр дзир- дз^р райдыдта, афтæ та сырдтау, азылдысты хæдзæртты къуымтæ фæлдахгæ, фæлæ сыл цы фыдбылыз сæмбæлд, уый сæхи йеттæмæ нйчима зыдта. Æртæ бонмæ та æрсабыр сты, фæлæ уæддæр цæрджы- тæн, радгæсæй æнæбаррайсгæйæ нæ уыд æддæмæ рахи- зæн. Сабитæн дæр ма цæй ахуыр уыд, ничиуал дæр сын скъоламæ рауай загъта, ничиуал дæр сæ кой скодта. 8
Æгæрыстæмæй нал хъуыст куыйты знæт рæйын дæр. Аф- тæмæй бонæй-бон тыхджындæр кодта цахæмдæр æндыгъд уавæр æмæ катайыл æфтыдта æнæуи дæр æнæнцой знæг- ты, — уæлдайдæр та æхсæвыгон. Хуыссæгæн цыма йæ бон адæймаджы абырсын нал уг уыйау фæлидзы кæдæмдæр æмæ нал фæзыны дыгай-æр- тыгай æхсæвты. Ныр дæр та иугай гæрæхтæ æмæ хæдтæх- джыты уынæрæй фæлыгъд кæдæмдæр. Æмбисæхсæвæй ра- джы ахызт, фæлæ Асæхмæт æмæ йæ мад, сæ дзаумæттæ нæ раластой, афтæмæй бадынц иу хуыссæныл. Куы сæ иу æруадзы йгехи йæ иу фарсыл, куы се ’ннæ, æнæдзургæйæ æмбарынц кæрæдзп, афтæмæй сын талынг хатæн иуæй сæ зæрдæты æхсар фидар кæны, иннæмæй та сæ æнæнхъæ- лæджы фыдбылызæй тæрсын кæны. Сылгоймаг чыс’ыл раздæр фехъуыста уынæр, хæдзары алыварс цыма цæуджытæ фæзынд, фæлæ йæ хъустыл нæ- ма ууæндыд. Лæмбынæг кæй ныхъуыста, уый фæхатыд Асæхмæт æмæ уый дæр сындæггай йæхиуыл схæцыд. Уæд- мæ уыцы уынæр бахæццæ тæккæ дуары цурмæ, фæлæ уæд- дæр мад æмæ фырт бадтысты, цавддуртау, æгомыгæй, ца- хæмдæр æнæнхъæлæджы бæллæхмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уалынмæ чидæр бахæцыд дуарыл. Мад æмæ фырт кæ- рæдзимæ сæхи балхъывтой, афтæмæй сæ тарст цæстытæ нал куымдтой дуарæй сæхи ратонын. «Ам чи пс, дуар ба- кæн!» — Æмбисæхсæв, арвы цæфау, сæ хъустыл сæмбæлд ацы ныхас æмæ сæ цахæмдæр тых авæрдта сæ къæхтыл, фæлæ уæддæр сæ бон нæ уыд дуары ’рдæм къахдзæф са- разын. «Ам чи цæры, дуар мын бакæнут». Мад æмæ фырт æнæдзургæйæ, кæрæдзи æнцой, ахæццæ сты дуары цур- мæ. «1<æд ам исчи цæры, уæд мын дуар бакæнут, ма тæр- сут». Ацы дзырд гæзæмæ ныфс бауагъта фысымты зæрдæ- ты æмæ уæд мадæй схауд ныллæг хъæлæсæй: «Бакæнæм æй, цы уа, уый уæд» — æмæ, галиу къухæй йæ фырты уæхскыл хæцгæйæ, рахпзæй æрзылдта æвдузæн, стæй, кæ- рæдзийыл хæцгæ, цалдæр къахдзæфы фæстæдæр алæууы- дысты. Дуар байгом. Къæсæргæрон лæууыд, æндæргау бæр- зонд, бæзæрхыг адæймаг, чысыл йæ мидбынаты фезмæ- лыд. Фыццаг сæм æцæг адæймаг нæ фæкаст, фæлæ ар~ гъæутты уæйыджы æнгæс цахæмдæр цæрæгой. Ныллæг хъæлæсæй куы сдзырдта, уæд сæ дыууæйæн дæр чысыл сæ зæрдæтæ фæфидар сты. — Ма фæтæрсут, немыцæгтæ уæм ис? — Нæй, — фæцырд сылгоймаг. Ахæм дзуапп радтын стыр зæрдиагæй фæндыд лæппу- &
йы дæр, фæлæ мад куы фæраздæр, уæд уый йæхиуыл фæ- хæцыд. — Уæдæ мын уæ хъуыддæгтæ раст, — загъта æнæзонгæ æмæ æнæбаррайсгæйæ бахызт мидæмæ стæй дуар рахгæд- та, æмæ та дарддæр дзырдта æнæфæрсгæйæ. — Æз иунæг нæ дæн, ме ’мбал уæззау цæф у æмæ йæ хъуамæ бавæрат, æндæр дзы ницы гæнæн ис, кæд уæ нæ фæнды æмæ немы- цæй тæрсут, уæддæр. Ацы ног хабар мады зæрдæйы, фатау, фæныхст æмæ йæ хъæбысы æрбатыхта Асæхмæты, хъуамæ загътаид: æз дæ мад дæ фыдьт уазæг, мæ иунæджы мын фыдбылызы ма баппар, æнæуый дæр мæлæты амондджын куынæ стæм, — фæлæ ацы хъуыды баззад зæрдæйы, гъе йæ зæ- гъын нæ бауæндыд, гъе та йæ йæ цæст сæргом кæнын нæ бауарзта. Уьтй хыгъд йæ бон бацис фидар фæлæууын, йæ мид-зæрдæйы йæхицæн ныфсытæ авæрьтн. Цахæмдæр сгуых’тдзинад равдисыны хъуьтды йæ баузæлын кодта уа- зæгьтл æмæ æрбадтысты хатæны астæу стъолы фарсмæ. — Кæм ис де ’мбал? — афарста сылгоймаг æмæ, йæ цæст дæр не ’рныкъуылдта, афтæмæй бакаст æнæзонгæ нæлгоймагмæ. — Ме ’мбал,— мæнæ уæ хæдзары фæстæ, фæлæ йæ æрбахæссын хъæуы, уæззау цæф у, бирæ туг дзы фæцыд æмæ йæ бон цæуьтн нæ, фæлæ змæлын дæр нал у. Уæд- дæр ахæм фидар у æмæ йæ зонд нæ сафьт. Се ’ртæ дæр уайтагъд кæрæдзи цæстæнгасæй бамбæр- стой æмæ æнæдзургæйæ фæцæуæг сты. Рынчыньт хъавгæ æмæ арæхстгай бахастой хæдзармæ. Сылгоймаг хуыссæн- тæ æрытыдта зæххын астæрдьтл æмæ сыл æрхуыссьтн код- той рынчыны. Æнæмæнг хъуьтд рухс ссудзын, науæд рын- чыньт цæфæн нæ уьтд дзæбæх бабæттæн. Рудзгуытыл бай- тыгътой хуыссæнæмбæрзæнтæ. Ссыгътой фæтæгены цы- рагъ. Фысымтæ æмæ æнæзонгæ æууæнчы фæдтæ агурæгау кæрæдзимæ комкоммæ бакастыстьт, стæй райдыдтой рын- чынимæ архайын. Уымæн йæ цæстытæ уыдьтсты ’хгæд. Бæзджын, сау рихитæ æмæ боцъотæй нæ зьтнд цæсгомьт хуьтз. Уайтагъд ьтн æнæзонгæ æмæ Асæхмæт раластой йæ цъыфæйдзаг дарæс æмæ йыл скодтой лæппуйы фыды дзау- мæттæ. Азаумæ, Асæхмæты мадмæ разынд бæмбæг, мар- лæ æмæ ма фьтццаг æххуысæн цы чьтсыл фæрæзтæ бахъæ- уьт, уыдонæй цыдæртæ. Рынчьтн цадæггай схæцыд йæ цæсты уæлтъыфæлттыл æмæ æрцагуырдта дон. «Иу хуьтпп ын авæрут», — загъта йе ’мбал æмæ бараст кодта рынчыны баз, комкоммæ йын ньтккаст йæ цæсгоммæ. Асæхмæт рахаста дон, рынчынмæ хæрз æввахс æрлæу- ю
уыд йæ уæрджытыл æмæ йын кружкæ цадæггай бахаста йæ дзыхмæ, лæмбынæг ып ныккаст иæ цæсгом, йæ былты змæлдмæ. Æнæнхъæлæджы акалд йæ сурхид æмæ... Æр- гомæй ницыма суæндыд, фæлæ сыстад, кружкæ æрæвæрд- та фынгыл, мадæн бамбарын кодта сусу-бусугæнгæ йæ хъуыды: «Нана, Ханджерийы хуызæн мæм кæсы». Азауæн ацы дзырдтæ атадысты йæ зæрдæйыл, йæ хъуы- ды фезнæт, йæ цæстытыл фæлм абадт æмæ, йæ хъæбул- мæ æввахс балæугæйæ, аивæй лæмбынæг ныккаст рын- чынмæ, стæй йæ дыууæ армы тъæпæнæй йæ цæсгом ам- бæрзта æмæ сæ иннæрдæм азилгæйæ та, йæ уæрджытæ æрцавта. Куыддæр судзгæ маст æмæ æнæнхъæлæджы цин хæрхæмбæлд фесты, афтæ сылгоймаджы сæ уæлных- ты систой тыхст æмæ дис, уайтагъд, æнæбын суадæттау, фемæхстысты цæссыгтæ æмæ сын йæ кæлмæрзæнæй дæр ницыуал фæрæзта сур кæнынæн. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ Ханджери хуыссыд Асæх- мæттæм æмæ сæ къухы цы ’фтыд, уымæй йын зылдысты йæ цæф къахмæ. Æвæццæгæн буарыхъæд дæр зоны, æн- дæра ахæм хъæдгомæн чи уыд мæймæ адзæбæх кæнын æнхъæл. Лæг райдыдта лæдзæджы æнцæйтты цæуын. Цал- дæр хатты йæ абæрæг кодтой йе ’мбæлттæ дæр медико- менттимæ, фæлæ йæм сæ зæрдæ куынæуал æхсайдта, уæд рæхджы æрцæуинаг нал уыдысты. Асæхмæт хæдзармæ хаста æппæт хабæрттæ. Уæдмæ Ханджерийы къах фæфидар æмæ йæ зæрдæ ахсайдта цæ- уынмæ. Нырма тынг лæмæгъ уыди, уый æнкъардтой уæр- джытæ, хæцъæфтæ. Цæстытæ сæ къуырфыты фæарфдæр сты. Цæсгом фæфæлурс, слæмæгъ, нал зынд хъуынæй. Арæх-иу æрымысыд ацы хъæуы ахуыргæнæгæй кусыны бонтæ æмæ-иу куы æрхæндæгæй ныккаст, куы та-ну ын Асæхмæтимæ, сывæллонау, худын æмæ хъазын бацайдагъ æмæ-иу сæ æрбайрох уæззау дуг, царды, хъысмæты æна- монддзпнад. Ахæм рæстæг-иу бирæ нæ ахаста. Хапджери- йы зæрдæ та-иу уайтагъд нырхæндæг, ахæсты бахауæг хæххон цæргæсы зæрдæйау. Мад æмæ йæ фырт нпкуы ба- фарстой йæ хабæрттæй, фæлæ сæ æппæт дæр базонын кæй фæнды, уый æмбæрста æмæ сын иу æхсæв рахабар код- та: — Иу райсом раджы нæ знаджы хæдтæхджытæ уæлæ- мæ скæсын нал суагътой. Иу хъæды къохы уазæг нæхи бакодтам æмæ дзы баззадыстæм суанг изæрмæ. Дыккаг бон куыддæр уырдыгæй цæуынвæнд скодтам, афтæ ба- зыдтам, æрхъулайы кæй стæм, уый. Нæхп бæргæ нæ лæ- вæрдтам уацары, фæлæ нæ æгæр куы стыхсын кодтрй, У^д нын нал уыди гæнæн. Баззад ма нын дыууæ фæнды: 11
кæнæ уацар, кæнæ — мæлæт. Афтæмæй æрхъулайы цæг атонынмæ бахъавыдыстæм æмæ нæ фæнд фæрæстмæ. Æрæ- джиау ма нæ базыдтой, фæлæ нын ницыуал ратых код- той сæ дзæгъæлы гæрæхтæ. Уæдæй фæстæмæ сфидар нæ партизанты къорд æмæ знаг хурныгуылдæй фæстæмæ фæ- агуры йæхицæн æмбæхсæн бынат. Уæртæ хъæуы фалейæ цы чысыл æфсæйнаг фæндаджы станц ис, уым цалдæр боны размæ æрымбырд тынг бирæ вагæттæ, сæ уæлæ тан- кæтæ, хæцæнгарз, афтæмæй. Уыдон зæгъгæ æнæхъæнæй фронтхмæ бахæццæ сты, уæд иуæй махæн худинаг уыд, ин- нæмæй та сын бантыстаид махуæттæн стыр зиæнттæ ра- кæнын. Фæлæ сын хорз фестæм, сæ пиллон арвмæ калди. Æрмæст ацы тохы мæнæн мæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ. Минæйы схъис мын мæ къах куынæ ацæхæраджынтæ код- таид, уæд мын мæ дымгæ дæр нал ауыдтаиккой бæргæ. Згъорынмæ’та дын нæ уыдтæ цы. Уæддæр мæхицæй рап- пæлон, — Ханджери. хъæлдзæг зæрдæйæ бакаст Асæхмæт- мæ, рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй йын фелхъывта йæ фындзы цъупп. — Дæ зæрдыл нал лæууы фыццаг майы бæрæгбон? — Куыннæ, куыннæ, — йæ цæсгом цинæй фæрухс Асæх- мæтæн, афтæмæй цингæнгæ дзырдта уыцы боны дугъы тыххæй, — уæртæ комы рæбын Стыр суадоны цурæй уæ- лæ Аргъуаны къуыппы сæрмæ. Æз та уæм ардыгæй ка- стæн, цæмæй мæм дзæбæхдæр зындаиккат. — Цас фæсивæд дзы уыд, амæй-ай-сæрæндæр! — Се ’ппæты разæй хорз схæццæ дæ къуылдымы сæр- мæ! — Ныр та? Кæсыс, цы уавæры бахаудтæн? Цæй, кæд та фæфидар уаин. Знæгтæй ма иу дыууæйы уыцы бæстæм куы барвитон, уæд мын бынтон адзæбæх уыдзæн, фæлæ пыр бæстон ахъуыды хъæуы партизантæм ацæуыны фæн- дагыл. Асæхмæтæн æхсызгон нæ ’уыд, Ханджери цæуыны кой кæй скодта, уый, фæлæ æргом ницы загъта, æрмæст æрæн- къард æмæ аныгъуылд цахæмдæр æрхæндæг хъуыдыты. — Дæ фындз цы ’руагътай?— Хаиджери фæхатыд лæп- пуйы уавæр, — ды мын аивæй дæ хъус бадар ацы «æнæ- зæгъинæгтæм», базон, кæцæй æмæ чердæм цæуынц, знæт сты, æви сабыр, æндæр мæ ницы хъæуы. Æрмæст дæхи дæр хъахъхъæн, уæлдай цымыдис æмæ уæгъды рацу-бацу ницы пайда сты, цæсты тагъддæр бахауыны йеттæмæ. Фæззыгон уазал уæнгты иннæрдæм хызт. Ахæм рæстæ- джы иууыл хуыздæр у хæдзары арты фарсмæ бадын. Хан- джерийæн дæр уыдис ахæм фадат, фæлæ уæддæр ныл- лæууыд цæуыны къахыл. Раст фæсæмбисæхсæв хъæугæ- 12
рон нысангонд бынаты хъуамæ фембæлдаид йе ’мбалимæ. д!ад æмæ лæппу йæ фæстæ ахызтысты кæртмæ, асины тæккæ рæбын æрлæууыдысты, æхсæвы сабырдзинадмæ сæ хъусдаргæйæ. Ханджерийы уайтагъд аныхъуырдта æхсæ- вы тар. Бæстæ уыд сабыр. Уыцы æхсæв дæр нæ бафынæй сты мад æмæ фырт, афтæмæй сыл æрбабон æнæнхъæлæ-. джы. Æнæуи дæр æрвылрайсом æнхъæлмæ кастысты ца- вæрдæр æнамонд хабæрттæм, фæлæ сæм ацы хатт дзæ- гъæлхæтаг уазал дымгæ бахаста ноджы æвирхъаудæр цау. Куыддæр сæм уынгæй фæдисы хъæлæба байхъуыст, афтæ тарстгъуызæй сæхи андæгътой рудзгуытыл. Исдуг сæ цæстытыл не ’ууæндыдысты, фæлæ ма’сын æй цы ба- зонын хъуыд, куы сæм æрбаввахс, уæд. Ханджерийы фæ- цæй кодтой дыууæ немыцаджы, йæ къухтæ фæстæмæ баст, афтæмæй. Сæ иу разæй цыд, иннæ фæстейæ, Ханджерп сæ астæу. Хабар куыд рауад, уый.базонын сæ къухы нал баф- тыд мад æмæ лæппуйæн, фæлæ адæм уæддæр хъус-хъус кодтой: Ханджери куыддæр хъæуæй ахызт, афтæ хæрхæмбæлд фæцис æртæ немыцагыл. Иуыл дзы йæхи бæргæ ныццав- та, фæлæ лæмæгъ æнгуылдзтæ æмæ хъæдгом - къахæн сæ бон нæ бацис фыдгулæй хи бахъахъхъæнын. Иннæ немы- цаг ын уæдмæ автоматы хъæдæй йæ къæбут ныццавта æмæ йæ хъуыды фесæфт. Цалынмæ æрчъицыдта, уæдмæ йыл фæкалдтой уазал дон, йæ уæлæ ма их дæр ныццис. Немыц фæсæмбисбон - цæрджыты æрымбырд кодтой хъæуы астæумæ. Азау æмæ Асæхмæт бæласы цонгыл ауын- дзæн бæндæн куы федтой, уæд ма сын цы бамбарын хъуыд, æнамонд хабар кæй æрцæудзæн, уый. Мад йæхи фидар дардта лæппуйы цæстмæ, фæлæ уæддæр йæ цæссыгтæ хъуызгæ тылдысты уадултыл, йæ зæрдæ хæкъуырццæй куыдта, йæ уæрджытæ йæ нал урæдтой æмæ ма тыхæй лæууыд кауы æнцой. Уалынмæ æрбакодтой Ханджерийы, гомсæрæй, ййæ сæ- рыхъуынтæ — пыхцыл, халгай æркалдысты тугæй ахуыр’ст ныхыл, цæсгомыл. Къухтæ чъылдымырдæм баст æмæ гуыримæ бæндæнæй фидар тыхт. Йæ дзаумæттæ уыдысты бынтон хуылыдз, цъыфæйдзаг. Цыдис йæ галиу къахæй гæзæмæ чиугæ, каст комкоммæ, куы та-иу адæмыл дæр йæ цæст ахаста. Бахæццæ сты ауындзæн бынатмæ. Иу не- мыцаг иннæйы хъусы цыдæр адзырдта æмæ уый цъæррæ- мыхст уырыссагау загъта: «Ацы лæджы уæ чи зоны, ды- сон кæмæ ’хсæвиуат кодта?» — стæй, йæ чъылдымыл йæ къухтæ сæвæргæйæ, йæ цæстытæ, хуыснæджы цæстытау, азылдысты адæмыл. Адæм нындзыг сты тызмæг æмæ хæ- рам зæрдæйæ. 13
Азау бæргæ загътаид æппæт дæр, Ханджерийæн исты пайда куы уыдаид, уæд, фæлæ... Хъæубæстæй дæр иунæг сыбыртт никæмæй схауд. Иу рæстæджы Ханджери æмæ Асæхмæт кæрæдзимæ фæкомкоммæ сты. Ханджерийы уа- дулы хæцъæф базмæлыд, хæрдмæ фæхæцыд йæ рахиз æр- фыгыл. Асæхмæт ын каст комкоммæ йæ цæсгоммæ, цалын- мæ йын Азау йæ сæр йæ хъæбысы нæ атыхта, уæдмæ. Дыккаг бон партизантæ райстой Ханджерийы маст, йæ мард ын ахастой æмæ йæ баныгæдтой хъæдгæрон, иу стыр тулдз бæласы бын. Азау æмæ Асæхмæт нал баззадысты хъæуы, уыдон дæр ныууагътой сæ хæдзар æмæ -ацыдысты партизантимæ. * # * Фыддуг æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы фæ- зæгъынц, фæлæ сæ фæд æрæгмæ фесæфы царды. Раджы æрцыд кæрон уæззау хæстон рæстæгæн дæр, фæлæ йæ азар æмæ йæ фыдбылыз ныууагътай сæ хъæдгæмттæ зæх- хыл, адæмы зæрдæтыл. Адæмæй нæ рох кæнынц, цард хъаймæтæй чи бахызта, уыцы зынгхуыстытæ. Асæхмæтæй дæр нæ рох кæнынц уыцы уæззау бонтæ, йæ ахуыргæнæг Ханджерийы фæлгонц. Цы æрдæгарæзт ныв фæдардта æвæрдæй, уый райста бирæ азты фæстæ, куы байрæзти æмæ нывгæнæг-скульптор куы сси, уæд. Бон ын улæфт нал( уыд, æхсæв — æрхуыст, цалынмæ Ханджерийы цырт сарæзта æмæ йæ сæ хъæуы скъолайы кæрты сæвæрдта,. уæдмæ. * * * Куыддæр Азау хæдзармæ бахызт, афтæ фескъуыдыстьт Асæхмæты хъуыдытæ. — Цæмæн рацыдтæ митингæй, уæдæй нырмæ дæу куы агурынц, исчи афтæ кæны? — уайдзæфгæнæгау дзырдта Азау. — Афтæ мын æнцондæр у, нана... Æз уæлдæфмæ ази~ лон. — Асæхмæты зæрдæ домдта æххæст æнцойдзинад, хи- бар ран., — Азилон, азилон... Зонын, кæдæм та зилыс, уый дæр. Ацу, фæлæ-иу тагъд фездæх, уæдмæ хæринаг дæр ацæттæ уыдзæн. Асæхмæт ногдзыд хуымты ’хсæнты къахвæндагыл ба- хæццæ хъæдгæрон Ханджерийы ингæны цурмæ. Æрбадт бæласы бын бандоныл. Хъæды къохыл рог уддзæф цы- 14
ма тайгæ бакодта, уыйау ныссабыр æрдз, æгæрыстæмæй хъæлдзæгзæрдæ мæргътæ дæр сæ чысыл цæстытæ æрцъынд кодтой æмæ ныхъхъус сты. Кæрдæджыты бын цы суадон фæцис, уымæн нал хъуыст йæ хæл-хæл, фæлæ царды хос кæй хæссы, уый зынд йæалфæмблай цъæхдарæнтыл, хус кæнын нæ уагъта хъæбатыры уæлмæрды дидинджыты. Асæхмæт арæх цæуы ацы,бынатмæ. Скульптурæ араз- гæйæ, бирæ фæндтæ фæкодта. Райдианы хъавыд, къласы урок амонгæйæ, йæ цæстыты раз( цахæм фæлгонц баззад, афтæ йæ саразын. Стæй та йæм фæзынд æндæр хъуыды: Ханджери-партизан бæзджын, сау рихитæ æмæ боцъоти- мæ. Иурæстæджы та æрывнæлдта, ауындзæны раз куыд сæрыстырæй лæууыд,. ахæмæй йæ сæнусон кæнынмæ, фæ- лæ та аивта уыцы фæнд дæр. Лæууы æрыгон адæймаг скъолайы кæрты бæстастæу, цардæгасау, кæсы сæрбæрзондæй дард кæдæмдæр, æвæц- цæгæн æм зыны, йæ дзуринæгты зæй кæцæй райдыдта, амонды стъалы кæцæй æрттивы, уыцы æвæджиаг бæрзæнд.
ХÆРЗÆГГУРÆГГАГ Æмбисæхсæвтæм нæ бафынæй Саукуыдз, рыстысты йе уæнгтæ, уазал кодта. Куыддæр арвыл мигъы къæм фæзы- ны, афтæ галиу фарс æмæ къух рæмбыныкъæдзæй бынмæ райдайынц æндзыг кæнын æмæ йæ буар нал фæтæфсы. Райсомы ’рдæм чысыл афынæй, фæлæ уæддæр рад^кы сыстад. Кæртмæ рахызт, æппæты фыццаг йæ цæст ахаста арвыл. Æмбисæхсæвты гæзæмæ рапырх кодта, стæй йыл мигъы къæм нал аззад. Цъитийы ’рдыгæй улæфыд уззал дымгæ. Лæг кæрты баст галты раз æркалдта холлаг æмæ баздæхт хæдзармæ. ’Амæйразмæ йын хæлынæй цы гуыр- дарæн бахуыдтой, уый раздæр нæ уыд скæнинаг, фæлæ ахæм сатæг сæумæрайсом æнæуый хуыммæ йæ ныфс нæ ахаста. Уый нæ, фæлæ ма йæ хæлын æрмкъух дæр райста йе ’вæрæнтæй. Рухс ссудзыны сæр æй нæ бахъуыд. Æнæ- уи дæр æгæр ферæджы кодта æмæ æрвгæрæтты рухс цыд хатæнмæ. «Раййафут-иу мæ», — ныууагъта хæдзары йæ ныхас æмæ галты акодта йæ разæй. Галтæ райдианы цы- дысты зивæггæнгæ, фæлæ куыддæр се уæнгтæ аивæзтысты, афтæ; цыма фæхъæлдзæгдæр сты, сæ къахыайст фæфидар- дæр. Хуымонтæй чи иу хахх акодта, чи фылдæр, кæмæн та бантыст иу адæггом бакæнын дæр, фæлæ Саукуыдзы фæ- стæ чи сцыд, ахæмтæ дæр дзы разынд. Саукуыдз баифтыгъта йæ галтæ, æмæ куыддæр гутон йæ бынатæй фезмæлыд, афтæ йæ зæрдыл æрлæууыд, цал- хы сæмæн сæрдын кæй хъæуы, уый. Æндæр гæнæн ын нал уыд æмæ уал хъинцъмæ хъусыны бæсты цалхыл бакалд- та сыджыт. Уæдмæ йæм схæццæ сты галтæскъæрæг, сæрылхæцæг, фæсуацгæнæг æмæ, уæд куыст фæрæвдздæр. Дысоны чы- сыл къзевдайæ фæсойгъуыз, фæфæлмæн зæхх æмæ галтæ æнцондæрæй ластой гутон. Мæнæ ма йæ, зæгъгæ, чысыл фæфылдæр кодта, уæд хуымкæнынæн нал сбæззыдаид. Ахæм уымæл æнæуидæр аходæнафонмæйы фагæй фылдæр 16
нæу, фæлæ дысонизæр тыд чи æрцыд, уыцы хуымты хур- æркастмæ æнæмæнг, хъæуы адæгæй баласын. Ахæм ахс- джиаг куыст нырма никуы ферох Муссæйæ. Æнæ уый дæр æй хæдахуыр агроном хонынц. Хуымы галтæй дыууæ цæды бафтыдта адæгæй лæсыныл: «Фæуыдзысты уын фæсахо- дæнмæ æмæ уымæй изæрмæ та хуым кæндзыстут». Муссæ зылди хуымгæнджытыл. Хаттæй-хатт-иу адард- та гутон. Йæ хъус дардта гутоны цыдмæ, фæсуацгæнджы- ты куыстмæ. Алыгъуызон скъуыд уидæгтæ æмæ сыджыты тæф, галты фæздæг æмæ хæхты цъуппытыл сныдзæвæг хуры тынтæ хуымгæнджыты зæрдæмæ хастой æвæджиаг хъару æмæ фæззæджы ныфс. Хæсты райдианæй фæстæмæ æртæ азы фæд-фæдыл бæргæ хорз æрзади тыллæг, фæлæ сæ зæхх уый фæстæ чысыл фæсайдта æмæ сæ бахъуыд уалдзæджы ’рдæм амæлттæ кæнын. Ныр та сæ кæд нал фæсаид, хорз æй барæвдыдтой. Фаджысы мур нал баззад хъгуы. Муссæ хаттæй-хатт æргуыбыр кæны æмæ зæххæй куы хуыскъæл сисы, куы — хуычъы æмæ йæ ныппары йæ фарсылбаст дзæкъулы. Ацæргæ лæг уыд. Ацы хъæуы рай- гуырд æмæ схъомыл. Боныхъæды тыххæй-иу цыдæриддæр загъта, уымæн æнæ рцæугæ нæ уыд. Æрвылизæр ныхасы, кæнæ къанторæйы уый уыдис колхозонты сæйраг уынаф- фæгæнæг, уæлдайдæр та хуымгæнæнты. Дыккаг бон-иу сы- стад се ’ппæты разæй, фæндагмæ-иу æрхызт æмæ сын амыдта: — Ды абон бахуым кæндзынæ уæлæ уыцы хуым, ды та — уæлæ уыцы хуым. Хатт-иу æй афæрсæг дæр фæ- цис, уæлдайдæр сылгоймæгтæй, æрыгондæртæй: цы уæлдай у, Муссæ, хуымтæ ацы хъугомы иу ран куы сты, уæд сæ кæцыфæнды бакæн. Зæронд лæг нæ уарзта ахæм фарсты- тæ, фæстæмæ йæм исчи дзырдтаид, тый, æмæ-иу сын бу- стæгæнæгау сæ цæстмæ бадардта: сымах дæр уал мæны- йас рацæрут æмæ уæд уæхæдæг дзуапп ратдзыстут уæ фарстæн. Афтæмæй иугæр Муссæ загъта, уæд алкæмæн дæр йæ бон уыд ныфсджынæй кусын. Иæхæдæг фылдæр таугæ кодта, — никæуыл æууæндыд. — Аходæнафон алчи йæ галтæ суагъта, дон сын бадард- та æмæ сын сæ разы æркалдта холлаг. Муссæ бахæццæ Саукуыдзы цурмæ. — Байриат æмæ фæрнæй кусут! — Фæрнæйдзаг у, Муссæ, хуыцау дын арфæ ракæнæд. Муссæ, дæ фыдыстæн, ды нæ цуры куынæ абадай, цæмæй дæм дзы бахатæм, фæлæ... — Хуыцау уын бирæ радтæт, æз та мæнæ тамако адым- дзынæн, мæ аходæнæй ирвæзт дæн. Муссæ йæ кæрц æрæп- пæрста æнæконд хуымыл*,æмæ .йыл_ йæхи^ уæззаугай æр- 2. Гугкаты Ш. 17
уагъта. Тамакодонæй æртæ æнгуылдзы ’хсæн систа, лу- лæйы кæхцыл дзы æрæвæрдта. Лæг, хъæбæр хикарст тамакойæ арф сулæфгæйæ, йæ цæст ахаста конд хуымыл. — ’Дæхи æгæр ма фæлмæцын кæн, Саукуыдз, истытæ та кæндзыстæм нæ кусинæгтæн дæр. — Куы ницы фæлмæцын, мæнæ мæхи чысылгай ирхæф- сын. — Дæ цæфтæ дæ тынг хъыгдарынц?.. Хъыгдаргæ та дæ куыннæ кæндзысты, фæлæ æз кусгæ-кусын зæгъын. — Кусгæйæ дæр мæ нырма хъыгдарынц, фæлæ мын сæ ацы цъæх мигъ бынтон нындзыг кæны. Мæ къух дæр нæ- ма байгас, фæлæ фарс æппынæдзух баст вæййы. Мæнæ мыл ныр дæр хæлынæй хуыд ис. Муссæ, катайгæнæгау, нынкъуыста йæ сæр æмæ тама- койы фæздæг фæрсудзгæ рауагъта бурбын рихиты ’хсæн, афтæмæй ныккаст йæ къæхты раз гутоны хахмæ. — Æппын дæлейæ дæр ницыуал хъуысы? — Ницы, бирæ сæ бæргæ нал хъæуы, фæлæ кæд уы- дзæн хæйрæг йæ зонæг. — Цы фыссынц дæ бæлццæттæ? — Мæ бæлццæттæй иуæй знон дæр бæргæ райстон фы- стæг, кæд, дам, хуыцауы фæнда, уæд, дам, рæхджы фен- дзыстæм кæрæдзи. Фæлæ иннæмæй ныр дыккаг аз ницы хабар хъуысы. Фæстаг хатт ма нæм Керчæй æрæрвыста æмæ уыйадыл фескъуыд йæ фыстæджыты хал. Муссæ та цалдæр хатты зæрдиагæй сулæфыд фæздæг, фæлæ йæ дзу- рын нал суагътой йæ мид-зæрдæйы катай æмæ фыдæх. — Адон чи сты, — Саукуыдз акасти фæндаджы ’рдæм. — Кæд ма исты зонын, уæд сывæллæттæ сты æмæ афтæ удаистæй кæдæм тындзынц. Уæдмæ сабитæ фæхицæнтæ сты æмæ дзы алы хуымгæнæджы ’рдæм дæр араст иу къорд. Муссæйы ’рдæм чи цыд, уыдон сæм нæма бахæццæ сты, афтæмæй сæ худтæ тилгæ, хъæр кодтой «Уæлахиз!», «Уæлахиз!». — Цы, дам, цы Саукуыдз? — Муссæ йæ къух къусгон- дæй авæрдта фæсхъус. — Уæлахиз, дам, уæлахиз, Муссæ, кæд ма нæм исты амонд кæсы, уæд хæст фæцис! Уæдмæ бахæццæ сты скъоладзаутæ дæр. Рафæрс-ба- фæрс æмæ æппæт дæр сбæрæг. Изæры та митинг уыдзæн хъæуæххæсткомы. Муссæ йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта. Саукуыдз йæ риссаг къух æрæвæрдта иннæйы къухы ар- мыл æмæ гæзæмæ бауымæл сты йæ цæстытæ. Дыууæ хæс- тоны дæр — тох æмæ фæллойы хæстонтæ бахæццæ сты зындоны фæндагыл сæ нысанмæ æмæ фæлладæй æркал- 1в
дысты сæ уæнгтæ. Мæнæ ма, зæгъгæ, хæст ахаста иу-дыу- уæ боны, мæнæ ма сæ, зæгъгæ, уыцы фæндагыл цæуын бахъуыд, уæд цыма сæ бон нал бауыдаид иу къахдзæф акæнын дæр, уыйау сæ цард, сæ фæндтæ бакодтой хъыс- мæты бар, афтæмæй, знæт дуджы нывтæм кæсгæйæ, ры- стысты сæ уæззау хъæдгæмттæ, æфхæрд æмæ фæллад зæр- дæтæ. Муссæ ацæргæ уыдис, фæлæ, æвæццæгæн, сæрбахъуы- ды рæстæджы фидар лæууыны ныфс йæхæдæг свæййы ты- хы суадон æмæ йын æгæрыстæмæй хъæубæстæ дæр дис кодтой йæ фезмæлдыл. Æппæт куыстыты — разæй, уынаф- фæгæнæг, сидзæргæстæн — лæппуйау, цумагæнæн, зиууон. Цалдæргай æхсæвты-иу нæ бафынæй найгæнæнты, цæттæ фæллойыл зиан æрцæуынæй тæрсгæйæ. Уый нæ, фæлæ йæ бахъ’уыд хотых райсын дæр. Иугæр æфцгуытыл посттæ æвæрыны сæр куы бахъуыд, уæд кæм фаг кодтой радгæ- стæн бынæттон цæрджытæ — æфсæддон службæйæ сæри- бар рынчынтæ, ацæргæтæ, æмæ номхыгъды бахауд Муссæ дæр. Иуæй йын æхсызгон уыд ахæм бæрнон хæс, иннæмæй та катайы бахауд, йæ бон æй æххæст кæнын куынæ бауа, уымæй тæрсгæйæ. Иуæхсæв Зикъарайы æфцæгыл баззад æмæ уæдæй фæстæмæ тынг фæцудыдта йе ’нæниздзинад, рæстмæ нал уыдысты йæ улæфæнтæ. Кавказы æфцгуытæй, æвæццæгæн, уымæй бæрзонддæр, зынвадатдæр никæцы у, сæрдыгон дæр ыл адæймаг зивæггæнгæ цæуы, кæд æмæ кæд фæхæццæ вæййы бынатмæ, уыцы дзæгъæл кæмтты цæстытæ ныуурс вæййынц. Æфцæджы тæккæ цъуппыл къæдзæхы бын сæ бынат æрцарæзтой æртæйæ. Ардæм дзæ- бæх зыны уæрæх ком. Æхсæвыгон та адæймаг цы фен- дзæн, фæлæ уæд та, алфæмблайы сабырдзинадæн, уыр- дыглæууæгау, хъуамæ хъуса алы ’рдæм. Фæсахсæвæртæм бадтысты æдыхетæй, сæхи кæрцытæ æмæ нымæтты æрбатухгæйæ. Бæхы хæрз æввахс æрба- стой къæмбырыл æмæ уый дæр, йæ хæс фидæгау, лæууыд сæргуыбырæй. Уалынмæ райдыдта къæвда уарын. Фæс- æмбисæхсæвæй раздæхта миты ’рдæм. Дон къæдзæхыл æрлæсæнтæ кодта æмæ байбыны нал дæр хуыссæн уыд, нал дæр — бадæн. Сæ уæлæдарæс ныххуылыдз æмæ рай- дыдтой уазал кæнын. Ноджы дымгæйы ’рдæм фæцис æмæ буары иннæ ’рдыгæй хызт. Иннæ дыууæ æрыгондæр уыды- сты, сæ бон уыд сæхи базмæлын кæнын, фæлæ Муссæйы уæнгтыл йæхи æртыхта уазал æмæ боны ’рдæм лæгæн йæ бон нал уыд змæлын дæр. Адæймаг, зæгъгæ, истæмæй арт акодта, уæд æй æндæр æххуыс нæ хъуыд, фæлæ къæдзæх- тæ æмæ къæйдуртæй дарддæр цæст ницæуыл хæцыд, бæ- лас, къутæр нæ, фæлæ сæм æввахс нæ уыд нæууы гæппæ.л 19
дæр. Муссæ ма цæстæй каст, фæлæ дзурынæн нал уыд. Сæ иу ын йæ дзыхыл арахъхъы сыкъа сдардта. Æууæр- дынц ын йæ буар. «Æвæстиатæй йæ хæссын хъæуы æф- цæгрæбынмæ». Стыхтой ма йæ æндæр уымæл дзаумæтты, сывæрдтой йæ бæхыл æмæ цадæггай æрхæццæ сты æфцæг- рæбынмæ. Уым фæхъарм. Къæвда цадæггай банцад. Хур ракаст æмæ кæрдæджы тæф æхцон хъыдзы кодта фындзы хуынчъытæ. Хъæумæ æрхæццæ сты изæрдалынгты. Уым цæрджытæн цы сæ бон уыд, ууыл нæ ауæрстой, медици- нон хо дæр æхсæв-бонмæ нæ ацыд сæ цурæй. Æрмæст æр- тыккаг бон Муссæ сæмбæлд йæ хæдзарыл. Уый фæстæ тынг фæрынчын, фервæзынæнхъæл дæр ын ничиуал уыд, фæлæ йæ æрцардта йæ организм. Æндæр, зæгъгæ, уый бынаты — дыууæ боны дæр нал ахастаид. Муссæ хатт фæиппæрд вæййы йæ хъуыдытæй æмæ ба- кæсы Саукуыдзмæ. Уый дæр йæ галиу къухы æнгуылдз- тæй сæрфта йæ цæф къухы уæларм, афтæмæй бадт æдзы- нæгæй, цыма сæм уæлахизы цины хабар нæ бахъардта, уыйау. Муссæ хатыд, Саукуыдз мид-зæрдæйы цæуылдæр кæй тыхсы, уый æмæ йæм ницы сдзырдта, азылд иннæ- рдæм æмæ та лулæйы æркодта тамако. Уыцы æвирхъау бонтæ та йын фæлæбурдтой йæ зæр- дæйы уидæгтæм æмæ нал æмæ нал цыд йе ’муд. 1944 азы фæззæджы... Мит нæма рауарыд, фæлæ æхсæвыгон уаза- лæй æддæмæ нæ уыд ракæсæн. Взводы салдæттæ дæр ба- тыгуыр сты цахæмдæр кæлæддзаг ныккæнды æмæ сæ алчи дæр, дыккаг бон тохы бацæуыны катаимæ, йæ хъуыдытæм лæвæрдта фарст, йæхи рæвдыдта рухс бæллицтæй, аф-^ тæ — Саукуыдз дæр. Уый йæхæдæг æртæ азы бæрц фæцыд* тохы фæндагыл, уæдæ куыннæ арвыста тæссаг бонтæ æмæ æхсæвтæ, фæлæ йæ уыцы æхсæв йæ мид-зæрдæйы хъуыр- духæнтæ сæ быны куыд скодтой, афтæ ницы, йæ сæрыл схæца æмæ йе ’мбæлттæм цæстыдзагæй ракæса, уый бæрц хъару дæр нал ардта йæхимæ. Ныккæнды сыгъд хъæдын цырагъ æмæ йæ пиллон ныхæст сæ цъæрттæ кæмæн æр- зæбул сты, ахæм цалдæр æддæгуæлæвæрд хъæдыл. Сал- дæттæ сæхи ауагътой уымæл сыджытæй астæрдыл, афæл- дæхтысты къуымты, чи тамако сдымдта, чи йе ’мбалимæ сусу-бусу ныхасыл фæци, чи йæхи æррæвдз кодта фыстæг фыссынмæ, чи йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæргæйæ, рæ- дзæ-мæдзæ кодта, кæд йæ хъустæ чысыл уынæр дæр ах- стой, уæддæр цыма уавæр мурмæ дæр нæ дары, ахæм хуыз1 æмæ уагахаст чи ’вдыста, ахæмтæ дæр дзы уыдис æмæ сæ ныхас уыд хъæлдзæгдæр, ныфсджындæр. Саукуыдз йæ хæдæхс æрæвæрдта йæ хъæбысы æмæ, йæ рахис рæмбынкъæдзыл æрæнцой кæнгæйæ, ныккаст йæ 20
мид-зæрдæйы æнкъарæнтæм. Æгæрыстæмæй æхсæвæр дæр нæ райста, тохы хæдразмæ йæм хæрын никуы æрцыд. Ие ’мбæлттæ йæм хатыдысты, фæлæ сæ хъусгæ дæр нæ кодта, къуырмайау. Йæ цæстытыл уадысты мæнæ ацы хъугом, йæ цæвæг сагъдæй кæм баззад, уыцы уыгæрдæнтæ, хъæу- бæсты адæм, бинонтæ, сабитæ. Бирæ хæттыты-иу сæ ’рбай- мысыд, фæлæ йын ацы хатты хуызæн йæ зæрдæйыл никуы æртыхстысты. Уæдæ уал азы куыннæ бавзæрста, се скойæ дæр адæймаг кæмæн баризы, ахæм зындзинæдтæ, фæлæ йæ ныры хуызæн онгмарæн æмæ ныфссæттæг хъуыдытæ- сæ уæлныхты никуы систой, баззадис ма-иу æм, адæймаг йæ зæрдæ кæуыл дара, ахæм ныфсы мур. Афтæмæй æп- пынæдзух фарста йæхи: — Цы хабар у? Амонд æви фыд~ былыз? Фæлæ кæд чи базыдта хæстоны хъысмæт. Хæст кæронмæ кæй фæхæццæ кæны, уый/бæрæг уыд, знагæн раздæрау йæ бон нал уыд ныхмæлæууын, фæлæ уæлахц- зы бон ма фен... Ау, куыд хъуамæ фескъуыйа йæ фæндаг,, æмбисæй йыл фылдæр куы рацыд, уæд. Æниу нырма туг бирæ ныккæлдзæн... — Лæппу, дæ фындз куы ’руагътай, тæрсгæ ма кæн, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы, фæндагсæр Уастырджи немæ ис, — йе ’мбæлттæй йын иу йæ уæхск æрхоста æмæ йæ сæрты бахызт фалдæр. Саукуыдз чысыл йæхиуыл фæхæцыд, йæ зæрдæйыл, царвау, атадысты ныфсы ныхæстæ, фæлæ йæм æрæджиау хардзау æркаст, йе ’мбал ын «ма тæрс» кæй загъта, уый. Ау, йæ цæсгомыл афтæ тынг зынынц йæ сагъæстæ, — ба- катай кодта йæхимидæг, растад æмæ йе ’мбæлттыл ахаста йæ цæст, цыма кæй ницæмæй тæрсы, уый сын равдисинаг уыд, фæлæ та йыл уæдмæ пъæззыйау æрхæцыд уыцы уæз- зау æнкъарæн. Тамако никуы дымдта, фæлæ боны ’рдæм салдæттæ, бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, куы ныссабыр сты, уæд йæ бон нал баци йæхи бауромын æмæ сд’ымдта, нал æмæ нал æфсæст фæздæгæй, фæд-фæдыл дзы улæфыд„ цалынмæ хуыфын райдыдта, уæдмæ. Уалынмæ æнæнхъæлæджы сармадзанты æмæхст фе- хæлдта æхсæвы сабырдзинад æмæ уыцы нæрын нал æмæ нал æнцад. Уæдмæ сыстадысты хæдтæхджытæ дæр æмæ зæхх æмæзмæлд скодта. Хæстонтæй чи танкыл бадт, чи фи- стæгæй æмæ бырстой размæ. Саукуыдз ма бамбæрста, ацы хатт æм бомбæ хæрз æввахс кæй фехæлдис, уый æмæ уый адыл фесæфт йæ хъуыды, йе ’нкъарынад. Цалдæр боны фæстæ госпиталы йæ цæстæй куы ракаст, уæд йæ риуы гуыдыр уыдис иууылдæр тыхт, къух та — рæмбынкъæдзæй суанг æнгуылдзтæм. Саукуыдз нал сбæззыд хæстонæн. 21
Нырма хæрз æрæджы æрцыд йæ хæдзармæ, скодтой йын куывд. Йæ бон кæд бирæ кусын нæ уыд, уæддæр æм ахæм рæстæджы зын каст хæдзары бадын æмæ æххуыс кодта хъæубæстæн... Дыууæ хæстон лæджы цины уац фехъусгæйæ, фер- гъуыйау сты. «Уæлахиз», — ацы иунæг дзырды тыххæй сæ бон нæ бацис æнæнхъæлæджы хабарыл баууæндын æмæ цыма уыцы æнæнцой бонты хал æнæкæрон уыд, уыйау джихæй кастысты царды фæзилæнтæм. , — Лæппу, хæрзæггурæггаг мæм кæй фæдæ, уый тых- хæй дын сараздзынæн, алмасийы хуызæн кард, сурæй чи даса, ахæм, — Муссæйы цæсгом фæрухс æмæ лæппуйы уæхск æрхойгæйæ, сындæггай схæцыд йæхиуыл, — Сау- куыдз, кæсыс уæртæ нæ хуымгæнджытæм, сæ кусын ныу- уагътой æмæ фæцæуынц хъæумæ. Цом мах дæр, нал нæ хъæуы, амæй ма изæрмæ кæй бакусæм, уыцы пайда. Саукуыдз дæр сыстад, йæхи аивæзта æмæ лæппуйы сæр галиу къухæй афбахъæбыс кодта. — Æз та дын цы балæвар кæнон? Цæй æз та дæ чын- дзæхсæвы æрбаддзынæн рæбынæй æмæ цъæх-цъæхид ра сыг фæуыдзынæн, — загъта Саукуыдз æмæ ныххудт зæр- диагæй. Райдзаст хуры тынтæ узæлыдысты адæймаджы зæрдæйыл æмæ йын бынтондæр систой йæ циндзинады арæнтæ. Царды ныфсытæ схæцыдысты сæ базыртыл æмæ къæхты бын фæфидар зæхх, Муссæ æмæ Саукуыдз дæр, сæ намысæй разы уæвгæйæ, тындзыдтой хъæуы ’рдæм, цæ- мæй дзыл^æимæ фæцин кæной, салдатæй, инæларæй, са- бийæ, зæрондæй цыппар азы, бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвитгæйæ, кæмæ бæллыдысты, уыцы фарны бæрæгбоныл.
РЕСТОРАНЫ Сæ дыууæ дæр хæрзбон загътой денджызæн. Фæлæ сæ уæддæр сæ къах нæма хаста æмæ, Ёзетхан лæугæ кодта, Хъамбол йæ уæз ауагъта æнцойгæнæныл, афтæмæй кас- тысты уылæнтæм. Мигътæ арвыл куыд уæззаудæр кодтой, афтæ уылæнтæ та стырæй-стырдæр. Нырма раджы уыд, фæлæ къæвдайæ тæрсгæйæ, адæм ивылдысты пляжтæй. Хъамбол йæ дзыппæй систа лыстæг æхцатæ æмæ дзы фондз капеччы дары Езетханмæ. Сылгоймаг исдуг нæ фем- бæрста ахæм нысан, æнæдзургæйæ комкоммæ бакаст лæ- джы цæстытæм æмэе йын уый йæ цæстæй доны ’рдæм куы ацамыдта, уæд æнæбары йæ мидбылты бахудт. — Цæйнæфæлтау байрæджыйæ тæрсгæйæ, тагъд-тагъд кæнæм, фæлтау ацæуæм вокзалмæ æмæ ма нын цы рæстæг баззад, уый уым арвитдзыстæм, — куыддæр йе ’хца доны смидæг, афтæ загъта Езетхан æмæ ма бафтыдта йæ ны- хасмæ. — Уæддæр ын ныртæккæ æнæуаргæ нæй. Иу мæйы дæргъы, боныхъæдыл мæтгæнгæйæ, сылгой- маг бирæ ’хсæвты рæстмæ фынæй дæр нæ бацис, фæлæ ныртæккæ йæ цæстыты раз къæвдайы ’рдæм кæй ивы, уый йæ тыхсыи нæ бакодта, фæлæ ма йын æхсызгон дæр уыд. Хъамбол дæр сразы Езетханы фæндоныл æмæ æнцад æн- Цойæ бахæццæ сты æфсæйнаг фæндаджы станцмæ. Бадынц бæлæсты бын фæхсбандоныл. Алчи дæр сæ æнæдзургæйæ йæ цæст хæссы, æртæ къуырийы бæрц цы горæты арвы- стой, уый зæрдылдаринаг бынæттыл, ивылынц цымыдисон хиирхæфсæндæттæ, концертон залтæ, экскурситæ, æнæ- нхъæлæджы зонгæтæ. Уысмы бæрц дæр сæ æнкъард кæ- нынмæ нæ равдæлд. Уæдæ боныгъæд, уæдæ найынæн бæз- гæ дон — алцы дæр уыдис комæй кургæйы хуызæн. Æр- мæст цалдæр боны фезнæт Денджыз, фæлæ уый дæр нæ фехæлдта улæфджыты зæрдæйы уаг. Денджызы стыр уы- лæнтæм бакæсын йæхæдæг у цасдæры аргъ. Сæ дыууæмæ дæр афтæ кæсы, цыма стыр абхцондзинад райстой сæ улæфты рæстæгæй, фæлæ ма сæ, зæгъгæ, иу-дыууæ боны 23
баззайын хъуыд, уæд сæ, æвæццæгæн, нал бафæндид.^ — Æвæдза, нырма раджы у æмæ ам бадынæн æвгъау стæм, — Хъамбол зулмæ бакаст Езетханмæ. — Уæдæ дæ цы фæнды? — Цы, куы зæгъай, уæд уæртæ уым абадæм, — лæг сæ- рæй ацамыдта рестораны ’рдæм æмæ йæ фæндон сылгой- маджы зæрдæмæ æнæмæнг фæцæудзæн, ууыл зæрдæдар- гæйæ йæхиуыл схæцыд. — Æвæдза дæу æрхъуыдымæ ничи амбулдзæн, — ци- нæйдзаг зæрдæимæ фестад Езетхан дæр æмæ йæ къаба барæстытæ кодта, дыууæ къухы æнгуылдзтæ азылдысты мæкъуыл амад бурдзалыг сæрыхъуынтыл, стæй хызынæй фелвæста къаннæг цыппæрдигъон кæсæн æмæ, бæласы бын аууоны балæугæйæ, былтыл гæзæмæ рауагъта фæ- лурс ахорæн. Цæсгоммæ уыйбæрц нæ бауагъта хуры тын- тæ, фæлæ аууоны дæр денджызон уæлдæф йæ куыст кæ- ны. Цæсгомы хæцъæфтæ, нуæрттæ хъæддых хæцынц цар- мыл æмæ цъæхбын ’дæргъæлвæст цæстытæй худы æвзон- гад... Æрбадтысты оркестрмæ хæстæг, къуымы, стъолы фарс- мæ. Официанткæ сæм заказ исынмæ кæд бацæудзæн, ууыл дæр нæ тыхстысты, рæстæг сын бирæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Лæг меню æнæдзургæйæ æрывæрдта сылгоймаджы раз. Йæ улæфты рæстæг зæрдæйы фæндиаг кæй æрвыста, уымæй сæрыстыр уæвгæй, цæттæ уыд йæ цардæмбалæн ацы горæты ноджы иу хæрзиуæг саразын, хъуамæ йын йæ разы фынгыл æрæвæра, цыдæриддæр хæринагæй, нуази- нагæй йæ зæрдæ зæгъы, уыдон, цæмæй йыл узæла канд ныхасæй нæ, фæлæ цæстæнгасæй, хъуыдыйæ, мид-зæрдæ- йы æнкъарæнтæй. Ныр дыккаг аз цæрынц иумæ æмæ йæм зæрдæ никуыма ницæмæй фехсайдта. Хæринаг — рæстæ- гыл, дзаума — итувæрд, хæдзар — æфснайд, кино, театр- мæ — иумæ. Хицæнтæй сын ис æрмæст фæйнæ фæндаджы. Хæдзарæй — куыстмæ, куыстæй — хæдзардеæ. Иæ фыццаг цардæмбалимæ дæр сын хъысмæт, æвæццæгæн, нæ загъта кæронмæ, зæры бонмæ рацæрыны амонд, æндæра сæ ны- хас кæрæдзийыл хорз бадт. Мæнæ йын дзы, зæгъгæ, сы- вæллон баззад, уæд, нæлгоймаг уæвгæйæ, дыккаг амонд æрцагурон, никуыуал загътаид. Фæлæ хæстæгæй-хионæй — иууылдæр уыдысты уайдзæфгæнæг. Фæстагмæ йæм хъа- рын райдыдтой йæ хорзмæбæлджыты уынаффæтæ, йæхц- мæ дæр фæзынд æндæр зонд: æвæццæгæн, царды закъæт- тæм не ’мбæлы фиппайнæгтæ хæссын, æмæ уæд йæ цæст ахаста адæмыл. Цыма йе ’нкъарæнтæ фынæй уыдысты, уыйау ын сæ йæхи карæн^æй никæй бон уыд райхъал кæ- нын æмæ уый дæр йæ цæст дардта æрыгондæртæм. Езет- 24
ханы рагæй зыдта. Ахуыргæн&г ын йæхæдæг уыд. Фæлæ цы бæЪæг ис, адæймаджы характер иу боиæй иннæ бонмæ дæр гæнæн ис аива. Чызг медтехникум каст фæуыны фæ- стæ цалдæр азы бакуыста хъæууон рынчындоны. Хъам- бол ыл уæддæр арæх æмбæлд, фæлæ цалынмæ йæ цард- æмбал фæзиан, дыккаг амонд æрцагурыны хъуыды йæм фæзынд, уæдмæ йæм каст куыд æгъдауджын æвзыгъд кæс- дæр, ахæм цæстæй æмæ тарст уыцы æнкъарæныл гадзра- хатæй разилынæй, тарст, миййаг æм æвзонгадыл бау- зæлыны хъару куынæ разына, æмæ та, йæ цард дыккаг хатт куы фехæла. Езетхан та йæм каст æрмæст хæрзæгъ- дау, намысджын адæймаджы цæстæй, æмæ иугæр дзырд сæ цард баиу кæныныл куы цыд, уæд æй нæдæр разыйы дзуапп раттын фæндыд, нæдæр «нæ» зæгъын. «Адæйма* гæн йæ гуырæнбон йæ ныхыл цы фыст æрцæуа, цы амонд æм кæса, уымæй йын нæй фæиппæрд. Иугæр чындзæхсæв- тæ куы фесты, уæддæр ма адæм кодтой сæ ныхас: — Езет- хан уымæ цы хур фена, уый никæмæ, хæдзар фæллойæ йе« дзаг, дæ цард дæхи бар, нæдæр дæ иуæрдыгæй ис хъыг- дарæг, нæдæр — иннæрдыгæй, иудзырдæй, чызг бахауд мыды къусы. Хъамболы амондмæ уыд хæлæггæнджытæ дæр: — чы- сыл фæстæдæр бæрæг уыдзæн, гæнæн ис æмæ йын æй ис- чи йæ чызг дæр рахона. Нæ зонын, нæ зонын, — арæх-иу сæ сæр банкъуыстой афтæмæй катайгæнæгау, тæрпгъæд- гæнæгау, дзырдтой цъар ныхасæй, ома, йæ дарддæр та уæхæдæг бамбарут, — фæлæ дзы хорзæй ницы ис... Езетхан куыннæ равзæрста, фæлæ ма Хъамбол куы ’ркаст менюмæ, уæд ма сæм æвастæй бафтыдта цыдæртæ æмæ фынгмæ куы ’рцыдысты, уæд сылгоймаг фæцымыдис, йæ цæсгом фæрухс æмæ буцæй хæстæгдæр бабадт фынг- мæ. ’ — Фынг æнæ нозт нæ фидауы, иу шампайнагæй аку- вæм нæ фæндагæн. — Куыд дæ фæнды, афтæ, фæлæ дзы æз баназдзынæн æрмæст æрдæг агуывзæ. Хъамбол акуывта æмæ анызта йæ нуазæн. Езетхан дзы йæ был ахуылыдз кодта æмæ йæ æрæвæрдта фынгыл. Хъамбол æм æгæр’-æгæр куы хатыд, уæд æй банызта иу- уылдæр. Сылгоймаджы уадултæ гæзæмæ басырх сты. Æнæуый дæр цæстытæй худаг уыд æмæ йын ныр æппынæдзух ци- ны æрттывд кодтой. Уалынмæ цæгъдын райдыдта оркестр. Езетхан йæ рæмбынкъæдзтæ уæрæх æрæвæрдта фынгыл æмæ æддæгуæлæвæрд уæлæрмттыл, йæ сæры уæз ауадз- гæйæ, каст, йæ агуывзæйы ма чи аззад, уыцы сæны цæп- 25
пузыртæм, стæй схæцыд йæ сæрыл, оркестры ца^ъд ын базмæлын кодта йæ уæнгтæ æмæ, зæгъгæ, уыцы уыбм фев- зæрд сæ хæдзары иунæгæй, уæд ныхъхъæр кæнид йæ хъæ- лæсыдзаг, йæ мидбынаты цъилау, ныззилид æмæ кафид æмæ кафид. Ам æй урæдтой агъуысты къултæ, рестораны бадæг адæм, йæ зонд æмæ йæ хъуыды. Афтæмæй зæрдæ тырныдта цахæмдæр æхцондзинады денджызы йæхи бап- парынмæ. — Уæ фарсмæ æрбадæн ис, — æрыгон лæппулæг хæ- цыд сæрибар бандоны тигъыл æмæ æнхъæлмæ каст дзу- апмæ. Езетханы фæндыд æрбад зæгъын, фæлæ йæхиуыл хæ- цыд, æнхъæлмæ каст Хъамболы дзуапмæ. — Табуафси, сбад! Езетхан йæ гуырыл схæцыд, фынгæй айста йæ къухтæ, йæ былтæ базмæлыдысты æмæ афарста Хъамболы. — Цал сахат у? Лæг цалынмæ йæ риуы дзыппæй сахат нста, уæдмæ æнæзонгæ загъта рæстæг, фæлæ ма йæ Хъамболат дæр сфæлхатт кодта. Чысыл фæмадзура сты. Æнæзонгæ йæхи- цæн ныззаказ кодта хæринаг. Езетхан æй цыма кæмдæр федта æмæ цадæггай йæ хъуыдытæ зылдысты улæфæн хæ- дзары, горæты, пляжы. Дысон цыма концерты хайад иста, фæлæ йыл уæд бынтон æндæр дарæс уыдис* Иудзырдæй, уый тыххæй йып йæхи афæрсын хъæуы. Хъамбол ын агуыв- зæйы æркодта шампайнаг сæн æмæ йæм бахатыд: — Махмæ, Кавказы фынгмæ чи ’рбацæуы, уымæн æп- пæты фыццаг авæрынц иу нуазæн æмбæлæггаг. — Хорз зонын уыцы æгъдау, бирæ хæттыты сæмбæлд- тæн кавказæгтимæ. Бузныг. — Айс, айс, æнæ аназгæ дын æй нæй. Лæппу айста агуывзæ æмæ йæ анызта. Нырма дысон æрхæццæ стæм, фыццаг концерт радтам. Абон та нын улæфт у. Езетхан дызæрдыг нал кодта, дысон ацы лæппу кæй зарыд, ууыл. — Ацы лæппуйы нæ хъуыды кæныс, — иронау афарста Хъамболы? — Цыдæр зонгæ цæсгом мæм кæсы. — Дысон афтæ кæмæй загътай, цы диссаджы хъæлæс ын ис, зæгъгæ, уый дæм нæ кæсы. — Æнæмæнг, æнæмæнг, мах знонæй нырмæ зонгæ стæм, — Хъамбол йæ къух бадардта лæппумæ, — мæ ном Хъамбол, — концертмæ кастыстæм. — Мæнæн та Мурат, — загъта æмæ бакаст сылгоймаг- 26
^æ. Езетхан ын фембæрста йæ хъуыды æмæ йæм авæрдта йæ къух. — Езетхан, тынг æхсызгон мын у, демæ кæй базонгæ дæн, уый. — Фæрсæг сонт у, фæлæ куыд иунæг дæ? — афарста Хъамбол æмæ цымыдисæй æнхъæлмæ каст дзуапмæ. Ахæм фарст йæ зæрдæйы сæвзæрд Езетханæн дæр, фæлæ йæ уый нæ уыд сæргом кæнинаг. — Уæдæ цы саразон, иунæг иунæгæй фæцæуы. — Ницы кæны, ам ссардзынæ хæлæрттæ, — загъта Хъамбол æмæ йæм бакаст хионы цæстæй. Ныхас кæнынц дыууæ нæлгоймаджы. Езетхан сæм хъу- сы, хаттæй-хатт йæ цæстыты кæрæттæ аныдзæвынц лæп- пуйыл. Къæсхуыр, дæргъæлвæст цæсгомæц гæзæмæ схъæл роцъо дæтты уæндон, хъæбатыр хуыз. Æрфгуытæ — сау- бын, сæрыхъуынтæ — тармыдгъуыз, бæзджынгомау гæзæ- мæ уылæнтæ. Цалдæр дастæн чи баззад, сæрыхъуынты æнгæс, уыцы рихитæ æрыгон цæсгомы кæнынц кардæр хуыз. Уæхсчытæ æмæ риуыгуыдыры æвæрдмæ гæсгæ чи фæнды дæр зæгъдзæн: ацы лæппу у спортсмен. Дыууæ нæлгоймаджы ма æрцыдысты иу хъуыдымæ: æрхастой дыууæ шампайнаг сæны æмæ фæстагмæ чысыл бацырд сты. Лæппу фылдæр ныхас кодта Хъамболимæ, фæлæ фæстагмæ йæ адрес райдыдта ивын, ныхасы Езет- хаи дæр хайад кæй иста, уымæ гæсгæ. Кæрæдзийæн цы бавæййынц, ууыл бæргæ хъуыды кодта, фæлæ йæ бон нæ бацис фидар хатдзæгмæ æрцæуын, афæрсын та йæ ныфс нæ хаста, æндæра йын æнцондæр уыдаид йæхи дарын. Иуæй йæ уырныдта, ус æмæ лæг. кæй сты, уый, иннæмæй та нæ, æмæ афтæмæй фарст ныууагъта, цалынмæ фадат æмæ уавæрмæ гæсгæ йæхæдæг йæхицæн дзуапп радтаид, уаэдмæ. — Ацы горæты æппæты фыццаг сымахыл фембæлд- тæн, — Мурат бакаст Езетханмæ. Сылгоймаг ын цыма йæ цæстæнгасæй фæтарст, уыйау йæ цæстытæ æруагъта .фынг- мæ, фæлæ зæрдæ та йæхимидæг базмæлыд. Оркестр цагъта алыгъуызон мелодитæ, фæлæ Муратæн цыма музыкæимæ ницы бастдзинад ис, уыйау уыцы ’рдæм кæсгæ дæр никуы фæкодта. Езетханы кæд фæндыд чысыл æргомдæр йемæ ныхас кæнын, комкоммæ йæм бакæсын, уæддæр ын тас æмæ æфсарм нæ лæвæрдтой уыцы бар. Хъамбол æм ацы хатт фæкаст тызмæг, æгъатыр, æнæцæст- Уарзон æмæ дæрзæг адæймаг. Сылгоймаг æм цыма фыц- Цаг хатт фæкомкоммæ, уыйау, разындысты йæ урсхæццæ тæнæг сæрыхъуынтæ, фæтæн ных, цæсгомы кæрæттæ æмæ дæллагхъуырты угæрдтæ. Цæсгом æмæ къухты дæрзæг- 27
гомау царм хатт айтынг вæййы афтæ зивæггæнгæ æмæ фæ- зыны, цыма йæ быны нал ис, æдæрсгæ дзы чи батæлфа, ахæм хæцъæф, нуар. Езетхан йе ’ргом сарæзта оркестры ’рдæм, бакæсы Хъамболмæ, фæлæ йын йæ цæстыты алвасынц Мураты фæтæн уæхсчытæ, цыфæнды тæссаг уавæрæй дæр чи нæ фæтаса, ахæм бакаст, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ.йын ба- цагайдта бæзджын, нæргæ хъæлæс. Хъамболæн бæргæ загъта нæ баназдзынæн, фæлæ йæм Мурат куы рхатыд, уæд уæлдай банызта дыууæ агуывзæйы. Йæ цæсгом арт уагъта, фæзындис æм йе ’нкъарæнты æргомæй равдисыны ныфс, комкоммæ бакаст Мураты цæстытæм æмæ æгас буа- рыл арт сирвæзт. Æппæты фыццаг йæ фæздæгæй фæкъуыр- ма хъуыды. Лæппуйы фæлмæн ныхасмæ хъусгæйæ æрсæ- лæф сылгоймаджы зæрдæ æмæ йæ æгæрыстæмæй нæ фæн- дыд, ныртæккæ сæ цæуын кæй хъæуы, уый схъæр кæнын дæр. Фæлæ сахаты фатæг зылд фыдæнæнгæнæгау. — Æз амондджын дæн, сымахыл кæй фембæлдтæн, уы- мæй. Æрвылхатт дæр уæ хондзынæн нæ концерттæм. Сы- мах уыдзыстут нæ иууыл кадджындæр уазджытæ. Ацы фæстаг ныхас зындоны цæхæры баппæрста Езет- ханы. Йæ фарсæй фесты йæ улæфты рæстæг, йæ ресторан. Æваст æрæнкъард, чысыл ма бахъæуа разыной йæ цæс- сыгтæ. Уæдмæ радио фехъусын кодта, бæлццæтты поезды сбадын кæй хъæуы, уый. Ацы хъусинаг, цæфау, сæмбæлд Езетханы зæрдæйыл". «Мах у», — загъта æмæ йæ хъоппæг цæстытæ фыццаг Му- раты риуыл сæмбæлдысты, стæй цадæггай сæхи систой æмæ нырмæ буц цы стыр бартæ, рæвдыд æмæ сæрибар- дзинадæй уыд, уыдон æм фæкастысты цахæмдæр æрымы- сæггаг, æнкъарæнты къуырма æмæ цагъаргæнæг. Йæ цæс- гом сыгъди артау, афтæмæй комкоммæ каст Мураты цæ- стытæм. — Езетхан, рацу байрæджы нын уыдзæн. Сылгоймаг, куыддæр Хъамболы хъæлæс фехъуыста, афтæ, йемуд æр- цæуæгау,. сыстад æмæ тыххæй фервæзт уыцы цæстæнгасы уацарæй, фæлæ йын уæддæр ахста йæ кæлæнгæнæг æбæ- рæг фарстытæ. Рестораны къæсæрæй ахизгæйæ ма иу каст ракодта фæстæмæ. Мурат бадт æнæзмæлгæ, хъуынтъыз- æрфыгæй, йæ дымст. мустъучъи æрæвæрдта стъолыл, сæр æрзæбул риуыл æмæ йæхи бакодта знæт хъуыдыты бар... , Поезд цæуы æмæ цæуы, рахызт цалдæр станцыл. Езет- хан бады рудзынджы фарсмæ, æппынæдзух кæсы æддæ- мæ. Иунæг сыбыртт дæр йæ дзыхæй нæ хауы... 28
ЦÆССЫГТÆ Бæлццон цадæггай æрхызт асины къæпхæнтыл кæртмæ. Йæ иузæрдион æмбал Севан æм цыма рагæй æнхъæлмæ касти, уыйау базмæлыдысты йæ былтæ, ома кæм дæ уæ- дæй нырмæ æмæ-иу уæды онг кæд йæ иу къахæн радта улæфт, стæй та иннæмæн, уæд сыл ныр æмхуызон æруагъ- та йæ уæз æмæ уыд арастæввонг. Лæг бæхмæ бацыд хæстæг, йæ армытъæпæн ауагъта барцы бын къæлæт бæрзæйыл æмæ, кæрæдзийыл сæ ру- стæ авæргæйæ, иу-цасдæр лæууыдысты æнæзмæлгæйæ, стæй бæлццон кауы михæй райхæлдта рохтæ æмæ бæхы разæй араст хъæугæрæтты, стыр фæндаджы ’рдæм. Куыд- дæр хидæй ахызтысты, афтæ барæг сындæггай схызти саргъмæ æмæ нæдæр æвзидгæ, нæдæр схойгæ, афтæмæй бæхы ауагъта йæхибар. Бæлццон йæхинымæр хæрзбон загъта бинонтæн, йæ уæзгуытæн, йæхи зонынхъом куы фæ- цис, уæдæй фæстæмæ йын йæ зæрдæ, йе нкъарæнтыл сæ фæд чн ныууагъта, сæ уындæй цæст æфсис кæмæн нæ зо- ны, уыцы къуылдымтæ æмæ фæзтæн, сæрвæттæ æмæ уы- гæрдæнтæн, алы дур æмæ бæласæн. Алыхатт дæр ын вæй- йынц царды ныфс, циндзинад æмæ рухс бæллицты æвпди- гæ гуырæн, æрхæндæг æмæ масты суадæттæ хусгæнæг,фæ- лæ йæм ацы хатт фæкастысты æрхуым æмæ æрхæндæг, æгæрстæмæй цахæмдæр æгъатыр æмæ дурзæрдæ. Цæуы Севан, фæлæ ныры хуызæн зивæггæнгæ, ныры хуызæн æвæндонæй никуы цыдис фæндагыл, æвæццæгæн, Уый йæ барæджы аххос уыд, бæх, дам, йæ барæгмæ гæсгæ У> фæзæгъынц. Æниу ацы фæндагыл иу æмæ дыууæ хатты Нæ рацыдысты миййаг. Канд барæг нæ, фæлæ йын Севан Дæр зоны йæ алы хæрд, йæ алы уырдыг, йæ алы фæзилæн #æр. Мæйдар æхсæвы дæр ын йæ рохтæ ауадз йæхибар æмае дæ æвыдæй фæхæццæ кæндзæн бынатмæ, йæ къах ду- Рьгл дæр не скъуырдзæн, афтæмæй. Æмбисбонæй раджы ахызт. Бæлццон иунæг хатт дæр Не ’рхызт саргъæй, иунæг хатт дæр не ’рурæдта бæхы, аф- 29
тæмæй ахызт комы хъæлæсæй. Хæхтæ ацыдысты фæйнæ- рдæм, арв бирæ фæуæрæхдæр æмæ хуры тынтæ парахатæй калдысты зæхмæ, сæ хъару фæфылдæр. Стырфæзы кæрон, Севан ацы фæндагыл цæугæйæ, æр- вылхаттау фæзылд хизæны ’рдæм æмæ, нæууыл чысыл ба- уайгæйæ, фæлæууыд. Барæг æрхызти зæхмæ, гæзæмæ ба- уæгъд кодта æхтæнгтæ, идоны къæбæлтæ рафтыдта бæхы дзыхæй æмæ йæхи æруагъта нæууыл. Севан зад кæрдæгыл дзæвгар куы рахызт, уæд ма дон анызта æмæ та дарддæр цыдысты сæ фæндагыл. Хуры ныгуылынмæ бирæ нал хъуыд, афтæ ныххæццæ сты бынатмæ. Барæг æмæ бæх сæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Севан иу æнахуыр адæймагимæ бацыд, нырмæ кæй никуыма федта, ахæм кæртмæ, уырдыгæй та дæлбазырмæ. Йæ саргъ ын цы гыццыл лæппу систа, уый йын иу зæронд пырхытæ кæвдæсы æркалдта хæтæлхæццæ хъæмпытимæ хосы муртæ. Хæрын æм бæргæ цыди, фæлæ холлаг фыр- хъæбæрæй хæрын нæ куымдта. Уæддæр ма иу амонд хора æмæ дæндагæй арæзт уыд, стæй ма йын дон аназын дæр бантыст, æндæра бынтон фыдæбойнаг фæуыдаид. Бæргæ ма æнхъæлмæ каст йæ хицаумæ, фæхицæны фæстæ дæр- иу æй æнæмæнг æхсæвæрафон алы хатт дæр абæрæг код- та, фæлæ йæм ацы хатт нал фæзынд. Йæхæдæг тынг ба- фæллад, фæлæ йыл уæддæр æрбабон къæхтыл лæугæйæ, æрмæст-иу сæргуыбырæй йæ цæстыхаутæ авæрдта кæрæ- дзийыл. Уалынмæ фæцыди дуары хъинцъ æмæ Севан дæр, сæ- химæ куыд фæкæны, афтæ схъæлбæрзæй æмæ хъилхъусæй фæкаст дуары ’рдæм, йæ хицауы фенынæнхъæл, мыр-мыр- гæнгæ, фæлæ та ацыхатт дæр фæфыдæнхъæл. Мидæмæ йæм чи бахызт, уыцы адæймагмæ каст æнæууæнчы цæ- стæй, хъавгæ, тæрсгæйæ-иу æм басмыста æмæ та-иу тæр- гайау йæ сæр азылдта иннæрдæм. Уый йын нæдæр йæ ном загъта, нæдæр ыл ныхасæй баузæлыд, нæдæр ын цъæх хос æркалдта йæ разы, нæдæр ын фæлмæн хæцъил ра- уагъта йæ буарыл, æрмæст ын рахæцыд йæ рохыл æмæ рахызтысты кæртмæ. Севан кæсы фæйнæрдæм. Æнахуыр бынат. Æгæрстæ- мæй. ардæм кæуылты æрбацыд, уый дæр нæма федта, кæд йæ зæрды лидзын уыдис, уæддæр. Æмæ та, йæ хицаумæ æнхъæлмæкæсгæйæ, слæууыд сæргуыбырæй. Ныр та Севан цыд сæхимæ зонгæ фæндагыл. Алыхатт дæр хæдзары ’рдæм æнæзивæгæйдæрæй фæцæуы, фæтын- дзы йæ тых æмæ йæ хъаруйыл нæ ауæрдгæйæ, æмæ кæд фæллайгæ тынгдæр бакæны, уæддæр кæронмæ йæ иузæр- дион лæггадæй вæййы уæлдай сæрыстыр. Фæлæ йæ ацы зо
хатт хæдзары ’рдæм дæр йæ къæхтæ нæ хастой. Уæды онг уæззау хæссинæгтæ дæр куыннæ ахаста, хæдзардарæг у„ фæлæ йыл ацы хатты хуызæн никуы æруæз кодта йæ уаргъ. Ноджы ма йыл уыцы тæнджын куы ’рбадт, уæд йæ- астæу фæкъæлæт, бирæ йæ нал бахъуыд фæцудынмæ. Ис- дуг йæ зæрды нæ уыд йæ къах айсын, фæлæ йыл цалдæр хатты ехсæй ахæм цæфтæ сæмбæлд æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Мæнæ, зæгъгæ, йæ бон бацис, уæд уы- цы æнæхъолайы, æнæрхъуыды дурзæрдæйы разыввытт кодтаид йæ уæргътимæ, фæлæ йæ иуæй рохтæ нæ уагътой фезмæлын, иннæмæй та уыцы уæз æмæ йæ фæллад. Цæуы, тагъд кæны Севан, хаттæй-хатт хъæрзæгау нын- нæты, ноджы тынгдæр адымсынц йæ фындзыхуынчъытæ æмæ сæ, куынц дымæгау, рæуджыты уæлдæф сисы æддæ- мæ-мидæмæ. Тагъд кæны Севан стыр фæзы уыцы зад кæр- дæгыл рахизын æмæ аулæфыны ныфсæй. Æнхъæл уыдис, ныртæккæ та йæ барæг æрхиздзæн саргъæй, уæргътæ зæх- мæ æрисдзæн, йе ’хтæнгтæ йын бауæгъд кæндзæн, йæ идо- ны къæбæлтæ йын рафтаудзæн йæ дзыхæй æмæ йæ ауадз- дзæн йæхи бар. Афтæмæй бæх стыр фæзы кæрон фæзылд фæсфæд æмæ дзыхълæуд фæкодта, фæлæ йын барæджы къухтæ йæ рохтыл фæндаджы ’рдæм куы фæхæцыдысты, ехсы цæф йæ синтыл мæстыйæ цалдæр хатты куы сæм- бæлд, лæджы зæвæттæ йын йæ фæрстæ цалдæр хатты куы басхуыстой, уæд та тынг ныннæтыд æмæ, йæ хъуыр размæ ивазгæ, æнæбары цыд фæндаг-фæндаг. Хур куыддæр æрныгуылд, афтæ бахæццæ сты хъæумæ. Лæг æндæр хæдзары раз фæурæдта бæхы, æрхызт сар- гъæй, райста уæргътæ æмæ сæ æрæвæрдта сисрæбын. Севанæн тынг фæрыст йæ астæу. Мæнæ ма йæ, зæгъ- гæ, уыцы хæссинæгтимæ ноджы цæуын бахъуыд, уæд æнæ- мæнг бастадаид. Ныр куыддæр йæ уæргътæй фервæзт, аф- тæ йæхи бауыгъта, ахъаззаг сулæфыд æмæ æнæбары ба- тылдта йæ сæр. Уæдмæ йæм бахæццæ, сæрвæтмæ йæм чи эзгъоры, йæ кæвдæс ын цъæх-цъæхид халхосæй чи байдзаг кæны, рыг абадын ыл чи нæ уадзы, уыцы лæппу. Куыд- Дæр æй ауыдта, афтæ фырцинæй ахъаззаг ныммыр-мыр кодта æмæ нал æмæ нал æнцад, тæлфыд йæ мидбынаты. Лæппу йын ахæцыд йæ рохыл. Бахæццæ сты сæхи кæрт- ^. Бæх фервæзт аци фæндаджы фыдæбæттæй. Иæ хид Иа^ уæлæ бахъæб^ер. Лæппу йын систа йæ саргъ æмæ йæ ауагъта сæрвæтмæ. Севан цалынмæ сæрвæтмæ хæццæ кодта, уæдмæ, хидæй а*изгæйæ, æрлæууыд цалдæр хатты æмæ-иу фæстæмæ ра- Каст, иудзæвгар-иу андзыгау йæ мидбынаты, фæндыдис ^й бауасын, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста. Тынг сæххормаг, 31.
фæлæ фырфæлладæй йæ бон нал уыд зæхмæ æргуыбыр кæнын æмæ кæрдæг стонын. Бæх азылд сæрвæты йе ’мбæлтты агурæг,, фæлæ сæ йæ цæст никæуыл схæцыд. Уыдон ныртæккæ кæм сты, уый бæргæ зыдта, фæлæ уырдæм дзæвгар бауайын хъуыд æмæ уал ихсыд нæууыл йæ былтæ хафта. Севанæн æхсæв-бонмæ йæ фæллад æрцыд, кæрдæгæй дæр фæкаст йæхимæ æмæ раст бон дзир-дзур кодта, аф- тæмæй араст Хъæдласæнмæ. Ацы балцы цæуыны агъом- мæ дæр æй уырдыгæй æркодтой. Уый у йæ иууыл уарзон- дæр бынат, чысылæй фæстæмæ рæз уым схаста, йæ рæ- стæг фылдæр уым æрвиты, балцы цæуынæй дарддæр. Сæумæрайсомы ирдгæ уазал уддзæф хаста цъитийы ’рдыгæй. Мæргъты зарынхъуысы тынгæй-тынгдæр. Севан цæуы фæсфæдты, фæлæ йæ хатт бахъæуы фæндагмæ ба- хизын дæр. Цæуы хуырвæндагыл, йæ цæфхæдтæ къæрцц- къæрцц кæнынц дуртыл. Сæрвæтты иууылдæр зоны. Ахæм къахфæндæгтыл бафты æмæ сыл адæймаджы къах лæугæ дæр никуыма æркодта. Гуыргæ дæр ацыран ракодта, фæ- лæ мады æхсырæй нæ бафсæст, афтæмæй сидзæрæй баз- зад. Абон дæр нæ зоны, йæ мадæй цæмæн фæхицæн, уый, фæлæ дзы цалынмæ æрбайрох, уæдмæ йæ тынг мысыд, кæд ын æвзæр цард нæ уыдис, уæддæр. Иæ цæст-иу дард- мæ дæр схæцыдаид бæхыл, уый йеттæмæ йæм згъордтаид, уасгæ, схъæлбæрзæйæ. Йæ хицау ын сарæзта йæхи аккаг къаннæг дзылар æмæ-иу йæ разæй згъордта рохыл хæцгæ. Хæргæ та кодта æрмæст хуссайраг цъæх хос æмæ хъæбæр- хор, — къæйыл фыхæй. Уæдмæ байрæзт, ралæууыдысты йæ хъалгæнæн бонтæ. Иæ хъуын тыбар-тыбур кодта, цæ- стытæ йæм нæ лæууыдысты, йе ’рдын бæрзæй æмæ лыстæг къæхтæ æппынæдзух кодтой змæлгæ. Ацы уæлхохбыдыры уый цы хизæны нæ бамидæг, ахæм ын дзы нал баззад. Тынг фыдуаг уыдис, цалдæрæй-иу фæхицæн сты æмæ-иу сæ куы кæцæй æрыскъæрдтой, куы кæцæй. Арæх-иу ын хылмæ дæр ацыд’йе ’мдæндæгтимæ æмæ-иу уæд йæ хид калд цæппузыргай, куы-иу састы бынаты баззад, куы та-иу фæуæлахиз. Иузаманы ма тыххæй аирвæзт фыдбылызæй. Хылкæнгæйæ, ахауд саппы сæрæй, рæбынмæ ныббырыд йæ иу фарсыл нæууыл. Мæнæ, зæгъгæ, чысыл фалдæр фæ цудыдта, уæд дæ балгъитæг афтæ, — комрæбын йæ къг дæр нал атылдтаид. Севанæн уыцы знæт рæстæг бирæ нæ ахаста. Иурæстæ- д>кы йæ цахæмдæр дурзæрдæ адæймæгтæ цыппæрбастæй æрфæлдæхтой зæххыл, сæ хъæумæ хæстæг. Иæ къæхтæ бæндæнæй афтæ фидар баст уыдысты æмæ йын æппын- дæр фезмæлæн нæ уыд. Баст атоныны тыххæй-иу афтæ 32
тынг ахæцыд æмæ-иу йæ тъæнгтæ фæцæйскъуыдысты, фæ- лае кæм... Фæстагмæ бафæллад, æрлæмæгъ æмæ æнхъæл- мæ каст цахæмдæр фыдбылызмæ. Иурæстæджы йæ йæ уд псынмæ дæр бирæ нал хъуыдис. Фыррыстæй акалд йæ уæнгты хид, цæстытæ туджы зылдысты, сæр, дойнаг дурау, нындзыг, ныууæззау. Уыцы дурзæрдæ адæймæгтæй йын иу йæ тъæнгтæ исæгау кодта йæ тæны тæнæгæй. Иæ хицау дæр бæргæ уым уыд, фæлæ уый лæууыди дæрддзæф, ца- хæмдæр, æнæмæтæй. Севан-иу æм хатт скаст змæст цæс- тытæй, ом’а мын æппын дæ бон дæр ницы у баххуыс кæ- нын. Фæстагмæ фесæфт цæстыты цæхæр дæр æмæ сыл ныр та равæрдта цахæмдæр фæлм, стæй гæзæмæ рахъард- та сæ цæссыг. Уалынмæ фесты зындоны минуттæ дæр, хæлд фесты йæ къæхты бæстытæ дæр, фæлæ уæддæр Севан хуыссыди æн- дзыгау. Иу лæг ын ахæцыд йæ рохтыл, иннæ йын къахæй гæзæмæ бацавта йæ фарс, райдыдтой йыл хъæртæ кæ- нын, — цыма сæ кæмæн цы ракодта. Уалынмæ æрфæлдæхт йæ иу фарсыл. Йæ зæрды уыд сыстын, фæлæ æгас буар цахæмдæр тасæй ныссæлæф. Йæ раззаг къæхтæ гæзæмæ базмæлыдысты, фæлæ фæстæгтæ цыма йæхицæй нал сты, уыйау сæ æнахуыр æндзыг нылхъавта зæхмæ. Тыххæйты сындæггай схæцыд йæ сæрыл, акаст фæйнæрдæм, стæй афæлвæрдта сыстыныл. Дыууæ раззаг къахы фæбыцæу сты зæхмæ æмæ йын йæ фæстаг æрдæджы дæр сæ фæстæ ласæгау систой. Иæ рохыл ын чи ахæцыди, уыцы дурзæр- дæ адæймаджы фæстæ араст, хъеллæуттæгæнгæ. Йæ хи- цау æм бацыд хæстæг, фæлæ йыл фæлтау куынæ баузæ- лыдаид. Севан æм кæсгæ дæр нæ бакодта, тæргайау æр- уагъта йæ сæр æмæ лæууыд æрхæндæгæй. Уыцы фыдбылызæй бæргæ фервæзт Севан, фæлæ дзы фæлтау куынæуал фервæзтаид. Уæдæй фæстæмæ йæ йæ зæрдæ нал дæр хъазын хаста, нал дæр йæ бон хылгæнæ- джы ныхмæ фæлæууын уыд. Уæдмæ йын ныссагътой цæф- хад, фæцайдагъ саргъыл æмæ райдыдта балцыты цæуын, йæ барæджы хæссын. Раст зæгъгæйæ, идоны къæбæлтыл тыпг æрæгмæ фæцайдагъ. Афтæ зын ын уыдис уыцы æф- сæйнæгтимæ архайын, афтæ бирæ фæлвæрдта сæ раппа- "рьшыл йæ дзыхæй, фæлæ йын дзы ницы рауад. Йæ комы- ^ьулты туг дæр-иу калд, фæлæ, марадз зæгъ, кæд ын иу- нæг тæригъæдгæнæг разынд. Тынг зынтæй быхста ацы зьшдзинæдтæ, фæлæ-иу куы акаст йæ алыварс йе ’мбæлт- тæм, уæд-иу йæ зæрдæ фæфидар, ома æз уыдонæй уæлдай кæм фесгуыхтæн. Фæцайдагъ ис идоныл дæр. Севан-иу >арæх рамæсты йæ хицауы æгъатыр митæм Дæр. Дард балцæй æрыздæхыны фæстæ-иу фæлыгъди æп- 3- Гугкаты Ш. 33
пæты дарддæр сæрвæтмæ, цæмæй йæ тæфтыл дæр мауал ауайа, бирæ хæттыты йын сæрвæты ахсын дæр нæ куымд- та, фæлæ та-иу дзы æрбайрох уыцы маст æмæ-иу уæд йæ- хæдæг хæдзары батæлфыд. Абон, балцæй здæхгæйæ, дæр нæ уыд йæ сæрæн. Иу- гæр йæ хпцауæй куы фæхицæн, уæд ыл нал фæцис аудæг æмæ фыдæбоны хай фæцис. Уæддæр ма хуыцау хорз, æмæ хæдзарыл сæмбæлд. Мæнæ та ныртæккæ бæхты рæгъауи- мæ кæрæдзпйыл фæцин кæндзысты, дыууæ боны цы фæ- цух, уый баххæст кæндзæн астæумæ сойджын кæрдæгыл, стæй та йæ пузæрдион хицау дæр кæд искуыцæй зынид. Ахæм бонтæ дæр ыл бирæ ацыд, фæлæ та-иу æй йæхæдæг бабаста йе скъæты, ныссагъта-иу ын цæфхад, къуыри иу хатт та йæ сапондонæй надта. Мæнæ ма, зæгъгæ, æнæ уый балцы ацыд, уæд æнæмæнг лидзæг кæй фæуыдзæн, уый сидтфос* у. Цы уынгæджы фæцис æмæ цахæмдæр дурзæрдæты æнтъуха йе ’ккой йæ хæссннæгтимæ. Уый бæ- сты дæхи айс æмæ дыл мацы уæз æрцæуа. Æниу сæрвæ- ты цæмæн бацæуы æнæзонгæ адæймагмæ та хæстæг, йæхи къахæй. Ахæм рæдыдтытæ йыл æрцæуы æрмæстдæр æу- уæнкæй. Исчи дæм йæ къух куы тила, йæхимæ дæ куы хо- на, уæд æм дæ фæстаг фездах æмæ лидз иннæрдæм. Аф- тæ уыдзæн, гъе, нырæй фæстæмæ. Цалынмæ хицау, кæнæ уыцы хæларзæрдæ лæппу фæзыной, уæдмæ æмгæрæтты цæуын дæр никæмæ хъæуы. Йæхи удыйас дæ чи уарзы, хорæй дæм чи зилы, уымæй дардмæ лидзын та æдылыдзи- над у. Бакæс йæ коммæ æмæ та — кæвдæсыдзаг цъæх хос, цæххы къæрттимæ. Нырма сæ ацы хæлардзинадыл гадзра- хатæй никуы ничи рацыд. Æмæ цæмæн? Сæ иуæн дæр пай- да æмæ — се ’ннæмæн дæр. Кæрæдзи къух аразынц. Фæлæ алчи нæ зоны лæггадæн аргъ кæнын, ома, æгомыг фос у æмæ цы бамбардзæн. Ацы хатт ыл цалдæрæй афæлвæрдтой æрцахсыныл, фæ- лæ сæ æмгæрæтты дæр никæмæ æрцыд. Алкæуыл æууæнк нæй. Уæд уыдон дæр æнæхъæн бæхты рæгъау ратæлæт кодтой хъæумæ. Севан лæууыд сæ кæрты астæу, йæ хицау кæнæ уыцы хæларзæрдæ лæппумæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Хæдзары, æдзæрæгау, нæ уыд змæлæг. Цалдæр карчы кæрты къуымы, хордоны раз, ныхбынæй змæстой зæхх, сæ фарсмæ тымбылтæй хуыссыди цуанон æмæ сæм куы йæ иу цæстæй ракæсы, куы— иннæмæй. Иурæстæджы фестад бæхы къæхты хъæрмæ, фæлæ Севаны куыддæр ауыдта, * Сидтфос—(идиома) нысан кæны: бæрæг, бæлвырд, скъуыддзаг- гонд. 34
афтæ, хъуыр-хъуыргæнгæ, ноджы бæстондæр батымбыл- тæ. Бæх цалдæр хатты йæ раззаг къахæй æрхоста къæй- дзар, фæлæ йын дзуаппдæттæг куынæ фæци, уæд ахъаззаг ныммыр-мыр кодта. Цуанон йæ сæр фæхъил кодта, срæйд- та æмæ уайдзæфгæнæджы цæстæй каст, ома цы дæ гæн- дзæхтæ цæгъдыс, ам нæ ды ’рцæрын кодтай^ æз дысон бон- мæ хуыссæджы хъæстæ нæ фæдæн, ды та бæстæ дæ сæрыл систай, æмæ тæргайхуызæй æрзылд йе ’ннæ фарсыл. Æнæзонгæ адæймаг куыддæр æд идон кæрты астæу- м.æ бахæццæ, афтæ цуанон æхсарджынæй фестад лæбу- рынмæ, фæлæ йæ хъусыл, æнæнхъæлæджы, сæмбæлдысты идоны къæбæлтæ. Ныр та хъыллистгæнгæ амбары бын смидæг æмæ уырдыгæй рæйдта. Уыцы адæймаг Севаныл уæздан æруагъта йæ къухтæ, стæй йыл тагъд-тагъд бакодта идон æмæ ахæцыд рохтыл. Ныр ын нал уыд алидзæн. Балцы та кæй цæуы, уый ба- зыдта, фæлæ кæимæ? Нæ зыны йæ хицау. Кæд та мыййаг амæйразмæ цы дурзæрдæ адæймаджы фæхаста, ахæмимæ, уæд йæ хабар хорз нæу. Фæлæ йыл нырма саргъ ничи сæ- вæрдта, æрмæст йæ идоны рохтæ фидар баст æрцыдысты, барæг кæуыл бадт, уыцы бæхы къæдзилмæ æмæ афтæмæй араст сты, дард балцы кæуылты фæцæуы, уыцы фæнда- гыл. Фæндаггæрæтты цы кæрдæджы хæлттæ стыдта, уымæй дарддæр Севан хор, доны хъæстæ нæма фæцис, йæ идон дæр йæ уæлæ нал уыд, баиу бирæ æндæр бæхтимæ, афтæ- мæй цыдысты æхсæвæй-бонæй цахæмдæр лæгъз фæндагыл, сæ цæфхæдтæй æмдзæгъдгæнæгау. Иурæстæджы вагæттæ байдзаг сты бæхтæй æмæ сыл ныхгæдтой хъинцгæнаг æфсæн дуæрттæ, афтæмæй цыды- сты узгæ, æппынæдзух цахæмдæр фыдбылызмæ æнхъæл- мæгæсæгау. Иубон рахызтысты уыцы уынгæг вагæттæй. Цыма цæ- уын дæр нал зыдтой, уыйау, зивæггæнгæ, истой сæ къæх- тæ, фæцудынæй тæрсæгау. Севан кæсы фæйнæрдæм. Æнахуыр бæстæ. Æнахуыр агъуыстытæ. Никуыма федта ахæм зæхх, йæ дзыхы нæ, фæлæ смудгæ дæр никуы бакодта ахæм кæрдæгмæ. Иæ былты ’хсæн æрбамбырд кæны иугай хæлттæ æмæ сæ ар- къæуттыхуызæн дæндæгтæ бындзарыл бæргæ ахауын кæ- нынц, фæлæ кæм цæуынц хъуыры, кæд фырæххормагæй æфсæйнæгтæ дæр баууилид, уæддæр. Хаттæй-хатт фестъæл- фы йæ мидбынаты æмæ уæд фæйнæрдæм акæсы иннæ бæх- ты сæрты. Адæм цæуынц алырдæм, тыннывæндæгау. Иуæй- иутæ дзы æрлæууынц æмæ, стыр æхцондзинад æнкъаргæ- йæ, фæкæсЬшц бæхты рæгъаумæ. Севан та æрбаймысыд 35
йæ хицауы, сæ зад сæрвæттæ, цæстысыгау сыгъдæг суа- дæттæ. Мæнæ ай хуызæн цъыфдзасты хуызæн доны уый йæ къах дæр никуы схуылыдз кодта, фæлæ дзы ныр нуа- зынц, иу-цалдæр хуыппы дзы скодта Севан дæр, фæлæ до- ны æмбис фæстæмæ æркалд йæ донгæмттæй. Уæдмæ та сыл ахъæр кодтой цалдæрæй, ехсытæй æв- зидгæйæ, кæуылдæрты дзы цæфтæ дæр аныдзæвд. Æнæ- хъæн рæгъау станцæй цыдис быдыры ’рдæм. Адæм сыл тыгуыртæ кодтой. Севан дзы бахæццæ иу къордмæ, фæ- цæуы сæ тæккæ цурты, æнæнхъæлæджы йæ цыд фæсабыр, æрлæууыд, комкоммæ фæцæуы, хибарæй чи лæууыд, уы- цы адæймагмæ. Ахæм дарæсы йæ никуыма федта, фæлæ йæм куы баввахс, уæд ноджы фезнæтау. Лæг дзы исдуг тæрсгæ дæр фæкодта. Цалдæр къахдзæфы алæууыд фæ- стæмæ. Севан фæлæууыд, гæзæмæ базмæлыдысты йæ был- тæ, цыдæр сдзурæгау, æмæ та смудгæ сарæзта цалдæр къахдзæфы размæ. Лæджы цæстытæ ферттывтой, раст галы къæлæттыйас аисты, уæнгты хид акалд, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд: «Севан», — сирвæзтис йæ дзыхæй ацы æвæджиаг дзырд æмæ æрцауындзæг бæхы æфцæгыл, йæ фæтæн уæхсчытæ змæлыдысты схъиуæгау, цæстысыг сур кодта бæхы хъарм буарыл. Уыдон уыдысты цины цæссыгтæ, райгуырæн уæ- зæджы уарзт æмæ рæвдыдæй чи нæуал æфсæст, уыцы æн- къараг зæрдæйы цæссыгтæ. Севан та лæууыд сæрыстырæй, цыма йæ бирæ фыдæбæттæ æмæ гуырысхотæн сæ хал ас- къуыд, уыйау. Куыддæр лæгæн йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, афтæ та йæ рус авæрдта бæхы русыл, йæ дыууæ армытъæпæны ’хсæн, схъиуæгау, тæлфыдысты æрдынæвæрд бæрзæйы нуæрттæ. Уæдмæ сæм æрбахæццæ, чысыл раздæр сæм ехсæй чи æвзыста, уыцы адæймаг. Севан хæстæгдæр балæууыд йæ хицаумæ, фæлæ йæ уый фыццаг йæ хъæбысы ныттыхта, стæй йын йæ уадулыл ахæцыд къухæй, æмæ, йæ цæстытæ лæмаргæ, ныккаст йæ къæхты бын сау зæхмæ. Севан ма иу каст фæкодта фæндагæй æмæ баиу иннæ бæхтимæ. Куыддæр бæхтæ адард сты, ’афтæ лæг ракаст йæ цæ- стытæй. Уыцы рæстæджы фыдгулы хæдтæхджытæ фæзын- дысты уæлдæфы, алчи агуырдта æмбæхсæн, фæлæ лæг нæ фезмæлыд йæ бынатæй. Уалынмæ базыдта, бæхты рæгъа- уыл бомбæтæ кæй æркалдысты, уый æмæ фæдисы цыдæй атындзыдта уырдæм. Севан хуыссыд йæ рахис фарсыл уæззау цæфæй. Йæ бон змæлын дæр нал уыд, фæлæ йæм куыддæр йæ хицау баввахс æмæ йæм йæ номæй сдзырдта, афтæ йын цахæм- 36
дæр æнахуыр тых схæцыд йæ сæрыл, цыдæр зæгъыныл фæлварæгау гæзæмæ базмæлыдысты йæ былтæ, сæ раз- дæры цæхæр-тæмæн æрнымæг, уыцы стыр цæстытæй ра- хъуызыд цалдæр цæссыджы, стæй йæ сæр . æрхаудта йæ хицауы хъæбысмæ. Севан нал фехъуыста, чысылæй фæс- тæмæ кæуыл фæцайдагъ, царвау ыл чи тади, уый рæвдыд ныхас, — нал фехъуыста йæ хицауы æнæкæрон маст æмæ хъынцъым, нал ын федта йæ судзгæ цæссыгтæ.
ФÆРНÆЙДЗАГ БОН Саукуыдз сæ хъæумæ куыд æввахсдæр кодта, афтæ йæ зæрдæйы тынгæй-тынгдæр ивылдысты цины уылæнтæ. Кæ- дæй нырмæ дзы нæ уыд: фондз азы — институт, уый фæ- стæ куыста Дард Хурыскæсæны, фæсарæнты. Иудзырдæй, рагæй нал федта йæ райгуырæн хъæу, йæ фыды хæдзар, йе ’взонджы бонтæ кæм арвыста, уыцы уæзгуытæ. Уæртæ уыцы хъæдмæ арæх цыдысты æхсæр тонынмæ. Уæртæ сæ хъазæн фæз. Халсарджын. Фæндыдис æй алы къутæр, алы бæласы цур алæууын, абадын, æвзонджы бонтæ æрæмы- сын. Цæстытæ нал æмæ нал æфсæстысты, зæрдæйы нал цыд циндзинад. Æрхизид машинæйæ æмæ ныр къахæй ацæуид хъæумæ, фæлæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Йæхи тыхæй урæдта. Мæнæ, зæгъгæ, дыууæ-æртæ боны æмгъуыд- мæ рацыд балцы, уæд æнæмæнг бауромид машинæ, ахи- зид æмæ, чизоны, æхсæвы рæстæгæй дæр спайда кæнид, цæмæй йæ хъæбысы æрбатуха, уал азы кæй уындмæ бæл- лы, уыцы къуылдымтæ æмæ хæхтæ, уыцы фæзтæ æмæ ад- гуытæ, æмткæй йæ райгуырæн хъæуы алфæмблайы цыдæ- риддæр хъæдæй, дурæй ис, уыдон иууылдæр. Фæлæ дзы ныр кæй афæстиат уыдзæн, уый йын сабыр кодта йæ бæл- лицтæ. Лæппуйыл бацин кодтой сыхæгтæ, хъæубæстæ, бинон- тæн уыд уазæг дæр æмæ фысым дæр. Æхсæвы дзырд фæ- цис йæ хабæртты иу хай, æгæрыстæмæй йæм уыд хæлæг- гæнджытæ, — афтæ бирæ горæттæ æмæ бæстæтæ федта. Саукуыдзæн бауат кодтой хицæн хатæны. Куыддæр хурæйæфсæст фæлмæн хуыссæнты йæхи æруагъта, афтæ къахæй-къухмæ зæрдиагæй ныуулæфыд æмæ загъта йæ мид-зæрдæйы: «табу дæхицæн!». Æмæ бацис тарф фынæй, ахæм фынæй бавæййы адæймаг æрмæстдæр йæхи хæдзары. Сæумæрайсом, йæ рудзынджы акомкоммæ цы нæзы хъæд ис, уырдыгæй, йæ мидфынæймæ хъуыста мæргъты зарын. Хъæубæстæ йыл ахуыр сты, фæлæ ма йæ, иууыл тынгдæр, фæхаты ног æрцæуæджы хъус. 38
Лæппу фестад, йæхи ахсадта æмæ æппæты фыццаг ацыд йæ мад æмæ йæ фыды ингæнтæ бæрæггæнæг. Уыр- дыгæй, армытъæпæнмæ кæсæгау, зынынц йæ хъæубæсты зæххытæ. Кæд колхозы æхсæнадон исад сты, уæддæр сæ уæды рæстæджы нæмттæй хонынц. Уый та æнæпайда нæу историйæн, нæ фыдæлты цард ахуыр кæнынæн. Саукуыдз уæдыккон нæу, ахæм цауты цардæгас æвдисæнтæ дæр би- рæ нал сты, фæлæ æцæг хабæрттæ дæр, аргъæуттау, хи- зынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Хæхбæсты кадавар зæххытæ кæм фаг кодтой уыцы рæстæджы цæрджытæн æмæ уыды- сты хицæн мыггæгтæ, хицæн адæймæгты ’хсæн быцæу æмæ фыдбылызы сæйраг аххосаг. Хорз ма хъуыды кæны сæхи уыгæрдæнтæ, хуымзæххытæ. Уæд адæм бынæттон хойра- гæй цардысты, сæ фос дæр бынаты хастой, нæ сын уыд ныры хуызæн зымæгон хизæнуæттæ Хъызлары. Уымæ гæс- гæ хуымзæхх æмæ уыгæрдæны алы гæппæл дæр уыдис ту- джы аргъ. Ныр та дæ хойраг — цæттæ ссад, дæ хизæн- тæ — Хъызлары уæрæх быдырты. Æрмæст ма æркæрд æн- цонвадат уыгæрдæнтæ, иннæтæ та дын сæрдыгон сæрвæттæ -æмæ ц’æр, пайда дæхицæн дæр æмæ паддзахадæн дæр. О, ныхас уæды заманыл цыд. Саукуыдзы фыд Тохы зæххытæ æнцонæй нæ бафтыдысты къухы. Иугæр хъуыд- даг уарынмæ куы ’рцыд, уæд алчидæр архайдта æнцонва- дат зæххытæ йæхи бакæныныл æмæ агуырдтой фарсрахæ- цæг æхсæны лæгтæ. Тох, ахæм фæзилæнты нысан куы ба- зыдта, уæд уый дæр æрхуыдта æгас комбæсты разагъта- дæр Солтаны. Йæхæдæг хæрз æрыгонæй баззад хæдзары бæрны æмæ дзы ахæм тыхы дуджы ничи дæр тæрсгæ код- та, ничи дæр æфсæрм. Уарджытæ фæцыдысты бынатмæ æмæ Солтаны ныхас уыд карды карстау: «Тох нырма æры- гон у, бæрзонд уыгæрдæнты кусгæйæ йыл исты фыдбылыз æрцæудзæн æмæ уæ уæд дзуапп чи ’рдома, ахæмтæ разын- дзæн. Тыхджын æмæ фæлтæрд адæм стут æмæ сæ айсут уæхицæн, уымæн та мæнæ хуымы сæртæ æмæ æфцæджы фæзтæ схай кæнут». Ууыл ахицæн уæрст. Уæдæй фæстæмæ Тохы хæдзарвæндаджы хосы куыст никуы уыд зын æмæ катайаг, кæд уыгæрдæнтæ тыпг стыр æмæ зайаг нæ уы- дысты, уæддæр. Тохы æфцæгыл цы уыгæрдæн ’фæцис, уый кусынмæ йæ ныфс нæма хаста æмæ йæ иу-цыппар азы æмгъуыдмæ ба- лæвар кодта Хъуыдабердæн: «Пайда дзы кæн, — мæн ни- Ды хъæуы, фæлæ мæ куы бахъæуа, уæд та йæ мæхæдæг кæрддзынæн». Ахæм хæрзиуæгыл цы нæ бацингæнгæ уыд, фæлæ ма Хъуыдабердмæ фæзынд æндæр хинæйдзаг хъуы- Ды дæр: мах, лæгджын адæм, æрдау кæндзыстæм уыгæр- дæныл æмæ цæрæнбонтæм нæхи бауыдзæн, зæгъгæ. 39
Рацыд цыппар азы бæрц. Тох фехъусын кодта рагацау Хъуыдабердæн, уыгæрдæн йæхæдæг кæй кæрддзæн, уый тыххæй, фæлæ йæм чи хъуыста. Æрмæст æппæт дæр ра- раст хосгæрдæны. Цалынмæ Тох йæ уыгæрдæнмæ хæццæ кодта, уæдмæ та дзы Хъуыдаберды хосдзæуттæ кæрæй- кæронмæ æрхастой цалдæр уисы. Тох дæр ссыд æмæ æнæ- дзургæйæ иу уис æрхаста. Хосдзæуттæй йæм иу бахæццæ, æртхъирæнтæгæнгæ, фæлæ цæвæджы риуыгъд, æхситтгæн- гæ йæ хъусы фæрсты куы ныззæлланг кодта, уæд хорзау нал фесты æмæ айстой сæхи. Уыдон ныр иууылдæр фос- хизæнтæн баззадысты, куыддæр сыл кæрдæг фæхæиы, уы- мæй æрæгвæззæджы онг. Совхоз иууыл фылдæр урсаг уыр- дыгæй раласы, æхсыры къæбиц æй хонынц. Саукуыдз тынг дис кодта йæ мад æмæ йæ фыдыл, бал- цы уæвгæйæ дæр-иу хæдзармæ кæй тындзыдтой, уый тых~ хæй. Фæлæ йæхæдæг æппæт дæр куы бавзæрста, уæд æм диссаг ницыуал каст. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты æрзылд, æртæ азы бæрц та Африкæйы фæцард, федта бирæ цымы- дисон историон цыртдзæвæнтæ, диссаджы рагон æмчæ æрьь гон горæттæ, фæлæ уæддæр æппынæдзух мысыд æмæ йæ цæстытыл уад йæ райгуырæн хъæу, йе ’ппæт æрдзон хæр- зиуджытимæ. Иугæр йæ фыд куы амард, уæд йæ мады акодта йемæ стыр горæтмæ цæрынмæ, хуыздæрæн, фæлæ йæ дыууæ азæй фылдæр йæ бон нæ бацис бауромын. «Мæ хъæбул, кæд_ дæ фæнды, дыууæ боны ма ацæрон, уæд мæ сæмбæ^ лын~ кæн мæ уæзæгыл, æппынæдзух хъалæй дæр æмæ мæ фыны дæр мæ зæрдæ йемæ дзуры». Саукуыдзæй никуы ферох уыдзæн уыцы боны ныв æмæ уæд дызæрдыг нал кодта, мад рæстытæ кæй дзырдта, ууыл. Йе ’мбæлттæн æп~ пæлыд, йæ мад уæливыхтæ куыд хорз кæны, уый æмæ дзы æрдомдтой, цæмæй сын æй бауырнын кæна. «Нана, уæливыхтæ æнæскæнгæ нæй». Мадæн ацы ны- хас уыдис тынг æхсызгон, йæ цæсгом фæрухс, стæй фем- бæрста фадат ын кæй нæй æмæ йын, бустæгæнæгау, загъ- та: «Кæм дын скæнон уæливыхтæ, кæнæ цæмæй», — тæр- гайгъуызæй æрбадт бандоныл. «Æз балхæндзынæн æхсыр, самал ма кæндзынæн, цы дæ бахъæуа, уыдон æмæ хъуамæ равдисай дæ арæхстдзинад». Нана иугæр йæ цæнгтæ бафистæг кодта æмæ цыхт ах- сынмæ æрæвнæлдта, уæд бынтон аивта йæ цæсгомы хуыз, цæстытæн уыдис цахæмдæр æвæджиаг хæрзиуджытæ ара- зæг æнгас. Рæмбыныкъæдзы онг цæигтæ ииджыны ауагъ- та, йæ хъуыдытæ та зылдысты йæ райгуырæн хъæуы. Би- рæ фæкуыста колхозы хъугдуцæгæй, цыхтахсæгæй. Урсаг бæстон кæнынмæ цын æмбал нæ уыдис. Ныртæккæ буа~ 40
рæй æмæ хъуыдыйæ бану уыцы æвæджиаг дунеимæ. Уы- мæн бынтон æндæр æрттывд кæнынц йе стъалытæ, хæххон суадæтты сæр-сæр, фынкхæццæ цæугæдæтты хъæлæба, алæмæтон æрдзы алы гæппæл дæр ын сты царды, сæрыс- тырдзинады хос, адæймаджы рæсугъд æнкъарæнтыл узæ- лæг. Æниу’ дзы зындзинæдтæ та куыннæ ис, хæхбæстæ уæд- дæр хæхбæстæ у, бирæ тых æмæ хъару домы. Æмбисæх- сæв фест æмæ хурæрцыдмæ хосы стыр мæкъуыл ададжы батæлфын кæн, изæры хæдзары куыстытæ, бинонты ауди- нæгтæ, уазæгæн лæггад æмæ чи фæнымайдзæн, афæдзæй- афæдзмæ, алы афонæн дæр йæхи æнаргъæвгæ куыстытæ цас сты, уый. Фæлæ сæ уæддæр мысы адæймаг, æнкъард кæны æнæ уыдон. Уыцы бонæй фæстæмæ Саукуыдзы бауырныдта, стыр горæты нанайæн алы бон дæр афæдзау даргъ кæй у, уый æмæ йын сæххæст кодта йæ фæндон. Ныр уый дæр ацыд йе ’нусон бæстæм, йæ цардæмбалмæ. Лæппуйы зæрдæ та — æвæсмон, йæ мады бæллиц кæй сæххæст кодта,, уый тых- хæй. Куыддæр хуры тынтæ рæгътыл сныдзæвдысты, афтæ хъæуæй сæрвæтты ’рдæм райдыдтой цæуын ставд фос, лы- стæг фос, хуытæ, хъазтæ. Цыдысты къордгæйттæй æмæ куы апырх сты, уæд адæймаг æнæмæнг загътаид цыма ут- æппæт фæллой кæм æхсæвиуат кодтой, хъæу армыдзаг йеттæмæ куыннæ у, уæд. Уалынмæ хæдзæрттæй иуæн, лу- лæ дымæгау, арвы ’рдæм нырраст йæ фæздæг, стæй иннæ- мæн æмæ цалдæр баисты. Кæддæры нæргæ хъæубæстæй ма баззад нымадæй цалдæр хæдзары, фæлæ дзы уæддæр æдзæрæг ннчи фæцис. Хæхбæсты бынаты хицау кæддæрид- дæр рæвдыдта æмæ рæвдаудзæн йæ фысымы, хъæубæсты, йæ уазæджы, уæлдай рæдау та у фæстаг рæстæджы. Кæд- дæр бæх æдæрсгæ кæдæм нæ цыд, уым дæр, аргъæутты æнæрцæугæ хабарау, æрдзы царддæттæг уынæримæ баиу маторы хъæр, тулынц хæдтулгæтæ, сомбонæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Саукуыдз гæзæмæ бахудт йæ мидбыл- ты, кæддæрйæ царды фылдæр рæстæг хохбæсты чи арвы- ста, ахæм профессоры дзуапп æрымысгæйæ. Профессор арæх нæ цыд Ленинградмæ, фæлæ-иу уæддæр хаттæй-хатт ацыд йæ хæстæджыты уынынмæ. Иурæстæджы та æрыздæхт æмæ йæ хабæрттæй, кæм хуыздæр у, уымæй куы афарста, уæд йæхн тызмæггъуы- зæй равдисгæйæ, цæхгæр алыг кодта йæ дзуапп: абарæн дæр сын нæй. Ленинграды адæймаджы зæрдæ къуындæг, æмпылгæ кæны, ам та, акæс-ма, — йæ цæст ахаста алфæм- блайыл, — сæрибар æмæ парахатæй айтынг вæййы. Фæлæ ууыл нæ ахицæн йæ дзуапп. Балхынцъ æй кодта: Ленин- 41
грады хæрзиуджытæ адæймаг æрымысыд, адæймаджы къухтæй арæзт сты. Нæ хæхбæсты хæрзиуджытæ та нæ ра- фæлдисæг æрдзы хæзнатæ сты, æндæр никæйы бон у сæ саразын». Аходæнафонмæ бирæ нал баззад. Хуры тынтæ сæхи æруагътой цæгатфахстыл дæр. Райсомы æртæхы фæздæг батад уæлдæфы, рог уддзæфимæ зылдис алыгъуыдон ди- динджытæ æмæ нæзыхъæды хæрздæф. Комы фынккалгæ дæугæдон хъырныдта æрдзы иугъæдон мид-зæрдæйы за- рæгæн æмæ адæймаджы зæрдæмæ ласта уæлтæмæны æн- къарæнтæ. Фæндагыл фæзынд автобус, æвæццæгæн, экс- курсийы чи цыд, уыдон æрбаласта. 'Машинæ фæурæдта скъолайы кæрты. Рахызтис дзы бирæ адæм æмæ се уæнг- тæ ивазгæ сæхи ирхæфстой: чи тезгъогæнгæ ацыд, чи та йæхи нæууыл æруагъта уæлгоммæ æмæ æдзынæг каст цъæх арвы риуы ленкгæнæг цæргæстæм. Саукуыдзы иууыл стыр- дæр нысан уал уыд йæ хæдзары сæр раивын. Ацы куыст- мæ йын æнæрывналгæ нæй а-дыууæ боны. Чизоны йæ ши- ферæй дæр æрæмбæрза, хъуари æнæуи дæр ничиуал фады яемæ зындæр самалгæнæн у. Уый фæстæ бынæттон хица- уадимæ æрæвналдзæн рынчындоны куыст йæ къахыл сæ- вæрынмæ, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы.
ÆНÆВДÆЛОН — Не ’фсин, фæцырд кæн, мæнæ ма ацы мæкъуыл аца- майæм исчердæм, науæд мын байрæджы уыдзæн. — Ма та-иу бафæстиат кæн ацы удисæн рæстæджы, адæм сæ къухтæм æмхасæнтæ кæнынц, мах та фæрссаг хъуыддæгтыл- сбæндæн стæм, — сылгоймаг тыхстгъуызæй, бустæгæнгæ, зæххыл цалдæр хатты рауагъта халамæрзæн æмæ рахиз къахы, ’рдæм æрнадта тъыфыл. — Цæмæ дзы фæстиат кæнын, дæ хорзæхæй, цæл кæ- нынмæ цæуын, æви, — Дзамболат мæхъиимæ архайын ныу- уагъта æмæ йæ астæу сраст кодта, стæй зулмæ бакаст сыл- гоймагмæ, цалдæр уайдзæфы абадт йе ’взаджы цъуппыл, фæлæ йæ æгæр зæрдиагæй кусгæ куы федта, уæд сыл фæ- хæцыд. — Зонын дын, зонын дæ ахуыр, ме ’нæзонгæ нæ дæ, дæхи мын ма амон, къæсæрæй ахиз, уый йеттæмæ дын хæдзармæ цом зæгъын нал фентысы. Цы бандзыг дæ, æрæ- вæр мæхъи, кæд искуыдæм цæуинаг дæ, уæд, — сылгоймаг иу тъыфылæй фервæст æмæ иннæйæ райдыдта цæттæ кæ- нын. — Дзурынæй дыл ничи фæтых уыдзæн, фæлæ ма-иу æххæст дæ ныхæстыл хъуыды дæр куы кæнис, уæд дын зæрдæмæ цæуиккой. Мæ рахиз цонг мæм фæсхохæй ра- рвыста æмæ йын уæдæ ма сæххæст кæнон йæ фæ- Дзæхст? — Дзамболат ма хъуамæ адарддæр кодтаид йæ ныхас, фæлæ йæм иугæр сылгоймаг куыницыуал дзырдта, уæд уый дæр банцад. Куыстой æнæдзургæйæ. Замманайы кусгæ бон скодта. Æхсæв-бонмæ арвы цъæ- хыл тыбар-тыбур кодтой стъалытæ. Цыма къæвда рауа- рыд, уыйау æртæхæй хуылыдз уыди зæхх. Боны ’рдæм Цъитийы цъуппыл, нымæтхудау, фæзынди мигъы бындзыг æмæ, хуры цæстыл баныхæсæгау, цыдис йемæ, цыма уый Дæр æссивджытæн æххуыс кодта, уыйау. Сатæг уддзæф Зылдис уыгæрдæнтыл æмæ сырдта кусджыты фæллад. Дзамбол æрхызт мæкъуылы сæрæй, æрцагъта йæ рыг- 43
тæ æмæ æрбадт бынылæлвыд цъæнуты губаккыл. Йæ дзып- пæй систа тамако æмæ дзы цалдæр улæфты скодта, йæ цæстыты тигътæ андæгъдысты сылгоймагыл, стæй сæхи æруагътой мæкъуылыл æмæ сæхи аппæрстой комы ’рдæм. — Не ’фсин, мæнæн цæуынафон у, — загъта Дзамбо- лат, фæлæ йæ бынатæй нæма фезмæлыд. Сылгоймаг халамæрзæнæй рæсугъд ’æрцарæзта мæ- къуыл æмæ уый фæстæ иу ранмæ æрбамбырд кодта хосы муртæ. Иуæй йæ зæрды сдзурын уыд, иннæмæй йæхиуыл хæцыд æмæ, дыууæйы ’хсæн хъуырдухгæнгæ, йæ февнæлд уыди рæвдздæр. — Дæумæ нæ дзурын," зæгъын, мæнæн цæуынафон у, — Дзамболат сындæггай сыстад æмæ та зулмæ бакаст мæ- къуылмæ, стæй уыгæрдæныл ахаста йæ цæст. — Ацы фæ- стаг рæстæджы æз ам ахæм кæрдæг æрзайгæ никуыуал федтон. Уый, зæгъгæ, карст æрцыд, хæдзарыл бахæцыд, уæд æппынкъаддæр дыууæ азваг уаид. — Афтæ куы рацу-бацу кæнæм, уæд куыннæ фæуыдзæн карст. Абоны хуызæн бон дæ куыст æрдæгыл ныууадз, уый мæм стыр тугтæригъæд кæсы. — Цæй, цæй, ма та сифтындз, абон ма кæд куысты ис- кæй ныййафон, кæннод дæр тæккæ райсом ам уыдзынæн. Уыцы иу боны фæллой дæр ма нæ кæдмæ æрхæсдзæн, нал нæ хъæуы, æндæр ма дзы исты ис. — Ацу ды, æз ма иучысыл ассивон, — фæфæлмæн сыл- гоймаг. — Нæ, æссивгæ нал, уæд æй амайын дæр хъæуы, на- уæд уæллагмæ кæсыс, — Дзамбол йæ цæст ахаста ар- выл, — къæвда хосы уылæнæй куы ’рыййафа, уæд ма къу- хы кæнæ бафтдзæн, кæнæ — нар # * * Дзамболат æхсæв-бонмæ никуы бафынæй, кæд-иу цæ- стытæ кæрæдзийыл авæрдта, уæддæр. Боны рухс ын йæ зæрдæмæ бауагъта цахæмдæр ныфс. Знон дæр бæргæ ра- джы æрхæццæ, фæлæ йæ хъуыддаг кæмæ уыд, уый бына- ты нал баййæфта. Чысыл раздæр, дам, ацыд йæ хæстæги- мæ кæдæмдæр. Сæ хъуыддæгтæ сæхи фæндыйаг, алчи дæр дзæбæх уæд, уый йеттæмæ æз иу æхсæв куыннæ бафæраз- дзынæн мæнæ ацы уазæгдоны. Ныртæккæ куыддæр гæх- хæтт къухы бафта, афтæ комкоммæ ацæудзынæн автобус- ты станцмæ æмæ фыццаг машинæйыл афардæг уыдзынæн. Нырма йæм æгæр раджы фæкаст æмæ, бынтон æвдæ- лонау, хуыссыд уæлгоммæ. Афтæ ахуыр нæ уыди бæргæ, 44
фæлæ ацы хатт цахæмдæр æнæмæты æнкъарæн узæлыд йæ зæрдæйыл. Куыдфæстагмæ йæм хуыздæр разындысты къултыл ныхæст гæххæттыты аив нывæфтыдтытæ. Дысон дæр сыл куыннæ ахаста йæ цæст, фæлæ абон цыма сæ хуыз аивтой, уыйау уыдысты райдзастдæр. Дзамболаты гуыбыргомау тæнæг фындзы бын цыбыр æлвыд цыппæр- дигъон рихи базмæлыд, хурсыгъд уадулты нуæрттæ гæ- зæмæ схæцыдысты цæстытыл æмæ хъуыдытæ сæ уылæн- тыл фыстой алгъуызон нывтæ. «Зонын дын, зонын дæ ахуыр, дæхи мын ма амон, къæсæрæй ахиз, уый йеттæмæ дын хæдзармæ цом зæгъын нал фентысы». Ацы дзырдтæ цыма йæ хъустыл ауадысты, уыйау фезнæт йæ зæрдæ, фе- стъæлфыд, цыма æфсæрмы дæр фæцис, æгæр бирæ кæй хуыссы, уымæй æмæ фæбадæг йæ мидбынаты. Ацы хатæ- ны ма кæд дыууæ сынтæджы уыд, уæддæр иунæгæй æх- сæвиуат кодта: «Кæй æвдæлы, кæ, ацы тыхст заманы бал- цы цæуынмæ»— ахъуыды кодта йæ мид-зæрдæйы æмæ ра- хызт хуыссæнæй. Бацыд рудзынджы цурмæ æмæ æппæты фыццаг йæ зæрдæ адзырдта боныхъæдимæ. Арвыл ленкгæнæн мигъы къуымбилтæ Дзамболаты æф- тыдтой катайыл æмæ, æнæвдæлонау, тагъд-тагъд акодта йæ дарæс. Бандонæй, агуывзæйæ — æппæт дæр æрæвæрд- та йæ бынаты æмæ, хъуызæгау, ахæццæ дуаргæронмæ. Уырдыгæй ма фæстæмæ ракаст хатæны ’рдæм, цыма дзы исты рох кодта, уыйау. х Ацы æхсæв кæй аивгъуыдта, уымæй буц уæвгæйæ, лæг йæ мид-зæрдæйы хæрзрайсом дзырдта, цæстытæ цæуыл хæцыдысты, æппæт уыцы дзаумæттæн, иунæг æхсæв æй афтæ хæларæй кæй суазæг кодтой, уый тыххæй. Къæли- доры нæма уыди змæлæг. Куыддæр асины сæрмæ рахæц- цæ, афтæ йыл хуыссæгхъæлдзæгæй сæмбæлд, дысон æй ацы хатæнмæ чи ’рбакодта, уыцы сылгоймаг. — Куыд раджы сыстадтæ? — Раджы нал у. Тынг æнæвдæлон дæн æмæ мæ цæуын хъæуы, куыддæр мæ хъуыддаг ацаразон, афтæ. Цæй хæрз райсомтæ ра’ут, — загъта æмæ фæраст къæлидоры. — Хорзыл амбæл, фæлæ-иу нæ абæрæг кæн, кæддæрцд- дæр дын фысым уыдзыстæм. — Бузныг, стыр бузныг, мæ бæсты уын иунæг хуыцау балæггад кæнæд, — Дзамболат дзургæ тындзыдта асины къæпхæнтыл уырдыгмæ. Куыддæр паспорт райста, афтæ рахызт уынгмæ: «Æз, æвæццæгæн, рæхджы ардæм нал æр- ба’фтдзынæн», — ацы хъуыдыйæ бабуц æмæ араст фæзуа- ты ’рдæм. Горæты уынгты цæуджытæ кодтой фылдæрæй-фылдæр, алчи дæр дзы тындзыдта кæдæмдæр. Дзамболат дзы йæ- 45
хи хуызæн æвдæлоныл нæма фембæлд. Горæты йын зон- гæтæ, хæстæджытæ та куыннæ ис, фæлæ дзы нырма цæст никæуыл схæцыд. Уыдонæй йыл, зæгьгæ, исчи фæхæст, уæд æй кæм ныууагътаид уазæгдоны. Æниу йæ фыдыхо дæр горæтмæ хæстæг хъæуы цæры, цæрæг хæдзарыл ны- мад у. Мæнæ, зæгъгæ, уырдæм бафтыд, уæд дзы цалдæр боны æцæг пайда нал уыд. Дзамболаты сæхи ’рдæм алвæстой рæсугъд бынæттæ, фæлæ йæ йæ къæхтæ та хастой архивы ’рдæм. Нырма ку- сынмæ бавналынафон нæ уыд, фæлæ уый бахæццæ дуары тæккæ цурмæ. Йæ цæстытæ андæгъдысты, дысон дæр цал- дæр хатты кæй бакаст, уыцы сырх дамгъæтæй фыстытыл. Кусы райсомæй изæрмæ. Улæфт иу сахат. Сабат æмæ хуы- цаубон кусгæ бонтæ нæ разындысты æмæ ууыл тынг нæ бамæт кодта. Хъæугæ дæр æй ницæмæн кæнынц. Ныр- тæккæ йын йæ къух ацараздзæн фæлмæнзæрдæ адæймаг. Кæд ыл нæ баууæнда, уæд фыстæг дæр цæттæ у. Дзам- бол та йæ дзыппæй сласта гæххæтт цыппар дыдагъæй, хъавгæ йæ райхæлдта æмæ æркаст: «Уæдæ ма æз дæр дæ- уæй хуыздæр кæмæ ныффыссон, æндæр мын ничиуал ис хæхбæсты. Кæд дын зын нæ уыдзæн, уæд мын архивæй райс мæ цардæмбалимæ æмкъайад саразыны гæххæтт æмæ мын æй рарвит. Уыцы лæггад дын æз дæр никуы ферох кæндзынæн». Дзамболат гæххæтт фæстæмæ нывæрдта йæ дзыппы. Тынг сбуц, йæ бон искæмæн хъуыддаг саразып кæй у, кæй- дæр йе ’ххуысы сæр кæй хъæуы, уымæй. Районы архивмæ уал цалдæр хатты дзæгъæлы цыд фæцис, фæлæ уæддæр йæ къухы бафтыд, мæнæ ардæм бавдисын кæй хъæуы, ахæм гæххæтт. Иумæ йын æвæрд сты, цæмæй сæ бахъуы- ды рæстæджы агурын ма хъæуа æмæ та сæ æрысгæрста йæ риуы дзыппы, йæхæдæг фæстæмæ рахызт уынгмæ. Æгæр раджы цыд ын фæцис, фæлæ цæйнæфæлтау бай- рæджы кæна, фæлтау ын чысыл анхъæлмæ кæсынæй мур дæр ницы уыдзæн. Ис ма йын атезгъо кæныны рæстæг дæр æмæ сындæггай араст бирæ уæладзыгон бæстыхæйтты ’рдæм. Чидæр ведрайыдзаг бырæттæ æркалдта фæндаджы тæккæ был æмæ сæ змæстой цуанонтæ. Гæзæмæ уддзæф уæлдæфы систа гæххæтты гæбæзтæ æмæ сæ, гæлæбутау, хаста фæйнæрдæм. Дзамболат йæ мидбынаты андзыг, тынг диссаг æм фæкаст уыцы æнæуæздан адæймаджы æнæ- рхъуыды ми. Чысыл, цыма, рамæсты æмæ, аххосджыны агурæгау, йæ цæстытæ рахаста уæладзгуытыл. Дзамболат раздæхт фæстæмæ, лæууы архивмæ бахи- зæн дуары тæккæ цур. Ныртæккæ æрбацæудзæн йæ ку- сæг, байгом кæндзæн уагдоны дуар æмæ йæ бахондзæн 46
мидæмæ: «Табуафси, рахиз мпдæмæ». Тынг уæздан дзырд- тæ сты, царвау, тайынц зæрдæйыл. Чидæр дын æмбары дæ уавæр, -дæ зæрдæйы уаг, рæвдауы дæ йæ цæстæнга- сэей, зонгæ дæр æй нæ кæныс, уынгæ дæр æй никуы фæ- кодтай, афтæмæй, фæлæ дæм дæ туг, де стæгау кæсы хио- ны цæстæй. Лæг бабуц йæ мид-зæрдæйы. Цæуын райдыд- той адæм. Чи гом дуары къæсæрæй бахизы, чи та йæ йæхæдæг байгом кæны. Бабирæ сты агъуысты змæлджы- тæ. Цыма уый дæр йæ фынæйæ райхъал, уыйау алы ра- нæй хъуыст фыссæн машинкæты къæрцц-къæрцц, адæмы ныхас. Къæлидоры дыууæрдæм, тыннывæндæгау, райдыд- той астæуккаг кары сылгоймæгтæ, чызджытæ, сæ къухты гæххæттытæ, папкæтæ, афтæмæй. Цахæмдæр организмы тугдадзинтау, куыстой уæладзгуытæ, хатæнтæ, тæлфыдис æгас бæстыхай æмæ Дзамболатмæ афтæ фæкаст, цыма йын ныртæккæ уыцы хъомысджын организм йе ’ппæт уы- нæг цæстытæй бакæсдзæн йæ зæрдæмæ, бамбардзæи ын йæ сагъæстæ æмæ йыл баузæлдзæн, йæ къухты йын фæ- садздзæн йæ хæрзиуæг æмæ йын зæрдиаг фæндиæгтимæ зæгъдзæн фæндараст. Дзамболат къæлидоры, дыууæрдæм кæнгæйæ, йæ цæст хаста къултыл конд диаграммæтæ æмæ стендтыл, фæлæ арæх фæкæс-фæкæс кодта дуары ’рдæм. Фæстæмæ йын уый йæхимæ ныббаста йе ’ппæт хъуыдытæ, йæ цæстытæ, афтæмæй зæрдæ цадæггай райдыдта тыхсын. Лæг иу хызт ракодта уынгмæ. Асины къæпхæнтыл фæ- стæмæ схызт къаннæг фæзуатмæ æмæ уырдыгæй йæ цæст хаста цæуджытыл. Иутæй йын уайтагъд фæиртæсынц, ин- нæтимæ та æрбахæццæ вæййы суанг архивы къæсæры онг дæр. Рæстæг райдыдта тагъдæй-тагъддæр цæуын æмæ йемæ хаста Дзамболаты æнцойад. Адæм æм цыма дисгæнæджы цæстæй кæсын дæр райдыдтой, уыйау йæ цæсгом нал хъæ- цыд нæдæр æддийæ лæууын, налдæр къæлидормæ бахи- зын. Цалдæр хатты афарста, сыхаг хатæны къæсæрыл Дыууæ ’рдæм барджынæй чи рахиз-бахиз кодта, уыдоны: — Цымæ мæнæ, ам чи кусы, уый абон ам нæ уы- дзæн? — къухæй-иу ацамыдта дуары ’рдæм. — Уыдзæн, уыдзæн, ныр тагъд æрбацæудзæн. Кæд ныр рæхджы нæ фæзына, уæддæр сихоры улæфты фæстæ æнæ- мæнг æрбацæудзæн, — алчидæр ын ныфсджынæй лæвæрд- та дзуапп. Дзамболаты зæрдæмæ цыма халæттæ лæбурдтой, уы- йау тыхст йæхимидæг. Масты къуыбылой фæзындис кæм- ^æр æмæ йæ тыхст, йе ’рхæндæг ныхæста цæстытыл, цæс- гомыл. Улæфты сахат йæхи цы фæкодтаид, уымæн ницы 47
зыдта. Чи бæстыхайы баззад, чи та тындзыдта хæрæндон- мæ. Уымæн йæ хъуыры къæбæр дæр нæ ныххызтаид æмæ уый тыххæй никуыдæм ацыд, фæлæ цæмæй райсомæй ныр- мæ йæ уынд ныхасы фæрæз кæмæн сси, уыдонæй чысыл рохуаты аззайа, уый тыххæй ацыд дæрддзæф æмæ иу къу- тæр бæласы аууонæй каст, асинтыл дыууæрдæм чи кодта, уыцы адæммæ. Кусæджы лæгæй-лæгмæ нæ, фæлæ хуызæй дæр кæй нæ зыдта, уый тыххæй фылдæр уыд йæ тыхстдзи- над æмæ-иу хаттæй-хатт цæуæджы фæстæ бахæццæ суанг дуары уонг. Уæдмæ фæцайдагъ фысымтыл, уыдон къах- дзæф уыд уæндондæр, ныфсджындæр, барджын æмæ хи- уылæввæрсон. Хъуыддаг аразынмæ чи цыд, уыдон та, Дзамболатау, цыдысты хъавгæ, хиуылхæцгæ, ныфссаст зэмæ цахæмдæр сагъæсты уæззау уаргъ хæссæгау. Аф- тæмæй бирæ фæкъаддæрсты, цæстдарын æй кæмæ хъуыд, уыцы цæуджытæ. Алкæйы фæстæ дзы нал цыд, нал каст æмæ-иу чысыл йæ фæллад дæр айсæфт. Сихоры улæфты фæстæ та Дзамболаты цæстытæ бар- нæлдтой .кусынмæ, фæлæ дзы архивы дуарыл ауыгъд сау стыр гуыдырмæ чи бавнæлдтаид, ахæмыл нæ фембæлды- сты. «Чизоны цы хабар æрцыд, æвæццæгæн, уыдзæн рай- сом». Æнæфæрсгæйæ йын цалдæрæй радтой ахæм дзуапп. Кæд сæм дзургæ ницы скодта, уæддæр сæм тынг рамæсты, йæ хъуыддаг ын дыккаг бонмæ кæй æргъæвтой, уый тых- хæй. Ныр Дзамболаты фæндтæ æмæ хъуыдытæ фесты дыууæ дихы. Иутæ ма цæуылдæр зæрдæдаргæйæ цоппай кодтой сæ мид бынаты, иннæтæ та, кæд сæ тынг нæ фæн- дыдис, уæддæр цадæггай ивылдысты дыккаг бонмæ. Фæцис куысты рæстæг. Дзамболат бонизæрмæ цы агъуыстмæ кæсынæй бафæллад/ уый та æрсабыр, йæ уы- нæр банымæг, сæумæрайсомæй дзы тæлфын цы зæрдæ æмæ тугдадзинтæ райдыдтой, уыдон фæлладæй æхсæвиуат кæнынмæ ацыдысты кусджытимæ, æрмæст ма-иу рæстæ- гæй-рæстæгмæ райхъуыст æфснайджыты ведраты хъæр æмæ цъылынты сыр-сыр. Дзамболат ману цыд бакодта архивы дуары онг, фæлæ цыма рæдигæ фæкодта, уыйау фæзылд цæхгæр æмæ мæстæйдзагæй, фыдæнæнгæнæгау, фæцæуæг бынтон æндæр уынгты. Цæуы, фæлæ кæдæм, уы- мæк йæхæдæг дæр ницы зоны, æрмæст æй йæ хъуыды ла- ста хибар ранмæ, адæм къаддæр кæм змæлыдысты, ахæм ранмæ, нæ йæ фæндыд зонгæ адæймагыл фембæлын, æр- мæст æм алы æрыгон сылгоймаг дæр каст архивы кусæг 48
æмæ-иу уæд йæ зæрдæ дæр бахъæлдзæг: «Æгайтма ам го- рæты ис, æгайтма æнæниз у. Райсом ын раджы куыстмæ цæй æнæцæугæ ис». Горæты кæронмæ хæстæг Дзамболат æрбадт иучысыл сквсры бæласы бын. Уалынмæ ферттывтой электроны рух- сытæ æмæ зæххыл афæрсыл сты бæлæсты егъау аууæттæ. Йæ рæзты æнæмæтæй фæцæйцæуынц тезгъогæнджытæ, чи Та сæрибар бандон агурæг, фæлæ уый афтæ нырхæндæг, я?мæ йæ цæстытæ агуырдтой æрмæстдæр æхсæвы тар. Лæг сыстад, йæ цæсгом нал бахъæцыд, иу æхсæв кæм сбон кодта, хæрз райсом кæм загъта, уыцы уазæгдонмæ æмæ араст горæты кæронмæ иннæмæ. Иугæр ын уыцы бур- хил æрыгон сылгоймаг æнæмæтæй цæхгæр куы загъта, бы- нат дзы нæй, зæгъгæ, уæд чысыл ма бахъæуа, йæ зонд фæхæццæ уа, йæ цæстытæ атарытæ сты, уазал уылæн ацы- ди уæнгтыл. — Уæдæ куыд? — йæ бон ма баци зæгъын, фæндыдис æй тынг ныхъхъæр кæнын, фæлæ иуæй сылгоймаг йæ бы- ыаты нал уыд, иннæмæй йæм нæ разынд уыйбæрц хъару, æрмæст ма æндзыгæй æнхъæлмæ каст æндæргъуызон дзу- апмæ. Æрæджийау æрбаздæхт уыцы сылгоймаг æмæ Дзам- болаты уыцы ран лæугæ куы федта, уæд æм бакаст лæм- бынæгдæр. — Хорз лæг, мах æнхъæлмæ кæсæм уазæгмæ æмæ куы- нæ фæзына, уæд дзы бахсæвиуат кæндзынæ, æндæр дын мæ бон ницы у, туристтæ нæм æрцыд æмæ дзы уыдон фаг дæр нæй бынæттæ. — Цымæ иннæ уазæгдоны дæр нæ разындзæн бынат? — Æвæццæгæн нæ, чысыл раздæр мæм уырдыгæй дзырдтой телефоны. Уым дæр ис, бынæттæ кæй нæ фæ- цис, ахæм уазджытæ. — Уазджытæ зæгъыс? — О, уазджытæ, мæнæ дæ хуызæн уазджытæ, уазæг- доны йеттæмæ бахсæвиуатгæнæн кæмæн нæй, ахæм бæлц- цæттæ. Дзамболат та раздæхт уынгмæ, æмæ йын чысыл раздæр Цы бандоныл бадт, уый цыма йæ маст æмæ йе ’рхæндæг фæсурдзæн, уыйау комкоммæ фæраст уыцы ’рдæм. Афон- мæ йæ хæдзары бадид æнæмæтæй йæ бирæ аудинæгтимæ зæрдæдзурыны бæсты. Кæрон дæр кæмæн нал уа, ахæм уайдзæфтæ та йæм æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ цы ми ба- кæна, æндæр гæнæн дзы нал ис, уæдæ æрвылбон ардæм кæм цæудзæн. Амæйразмæ дæр фæд-фæдыл цалдæр цыды фæци районмæ, фæлæ уæддæр ницы сдзырдта йæ цардæм- балмæ, кæд ын сусæгæй-æргомæй уайдзæфтæ кодта, уæд- 4- Гугкаты Ш. 49
дæр. Фæстаг цыдæн куы баздæхт, уæд ыл фыдæнæнгæнæ- гау, хæрхæмбæлд фæцис кæрты, æндæра хæдзармæ бацæ- уыны агъоммæ исты куыстытыл йæхи сивтыгътаид, цæмæй йæм дзырдхъом ма уыдаид. Сылгоймаг дæр ма уисойæ цалдæр хатты расæрфта къæйдзар, стæй йын йæ къуыдырыл йæ къухтæ æрæвæрд- та кæрæдзи уæлæ æмæ мадзурайæ ныккаст бæлццонмæ, йæхæдæг исты зæгъдзæн æви исты зæгъынмæ æнхъæлмæ каст, уый не сбæрæг, афтæмæй. Лæг фæйнæгæйарæзт бандоныл йæхи куы ’руагъта, ни- кæйы уынæгау, æмæ тамако куы сдымдта, уæд æм уый дæр бацыд, асины бынмæ баппæрста уисой æмæ æрбадт йæ фарсмæ. — Цæй, цы та бадæ дæ балцæй, дзæгъæлы та кæд нæ фæсæпп-сæпп кодтай? Лæг тамакойы фæздæг рауагъта дзых æмæ фындзы , хуынчъытæй, йе стыр къухы уæлармæй асæрфта, ног тар морæгъуыз хæлафыл чи ’рхауд, уыцы æртхутæг æмæ тыз- мæгæй загъта: — Цæмæн хъуамæ фæсæпп-сæпп кæнон дзæгъæлы, ал- чидæр йæ хъуыддаджы фæдыл.цæуы. — О, фæлæ хъуыддагæн дæр саразынафон у, кæд рæ- зинаг у, уæд, кæннод та йæ фæстæ рахау-бахау дæр нæ хъæуы. — Райсом ма мæ областы архивмæ цæуын хъæуы, уый фæстæ алцыдæр уыдзæн йæ бынаты, — ацы фæстаг ныхæ- стæ Дзамболат загъта фидар æмæ барджынæй, цæмæй сылгоймагæн ма фæуыдаид йæ дзых байгом кæныны фа- дат. — Уæдмæ хосгæрдæн дæр афардæг уыдзæн æмæ-иу стæй зымæджы де стуртæн архивы хабæрттæ дзур, — сылгоймаг сыстад æмæ дзургæ ацыд хæдзармæ. — Ацы удисæн рæстæджы ныр цалдæр боны дæ хæдзарыл уазал : доны къус ма бакал, афтæмæй æнæхъуаджы хъеллауыл бафт, уый мæм стыр диссаг кæсы, æндæр ницы, цыма уы- ; цы гæххæттæн æвдæлондæр рæстæджы нæ.уыд райсæн. Дзамболмæ ма къæлидорæй дæр æрыхъуыстысты ацы дзырдтæ, стæй дзы ноджы карздæртæ кæй уыдаид, уый ^ дæр дзы рох нæ уыд, фæлæ ныр уавæр ноджы кæй фæцæх- ] джындæр уыдзæн, уый та йæ бынтой бакодта дуарахæсты æмæ фестад, атындзыдта уазæгдонмæ. Уыцы сылгоймаг ма цæуылдæр гуырысхогæнгæ нык- каст йæ разы гæххæттытæм, стæй йын айста йæ паспорт. Къаннæг, дæргъæлвæст хатæны иунæг сынтæг æвæрд. Дзамболат афтæ фæллад уыд æмæ уайтагъд афынæй, æмæ, хосдзæуттæ хос кæрдынмæ цафон фæцæуынц, уыцы афон- 50
мæ йæ къах дæр нал атылдта. Куыддæр йæ цæстытæ бай- гом сты, афтæ исдуг аджих, хъуыдыты адзæгъæл æмæ ба- худт йæ мидбылты. Ацы хатт нæ тагъд кодта йæ хæдзармæ. Хуры фæндаг барæгау, йæ цæст ахаста арвы тыгъдадыл, æмæ нугæр куыстмæ бавналынафон куынæуал уыд, уæд цыд уæззау къахдзæфтæй. Хъæды астæумæ куы бахæццæ, уæд рæстæ- гæй-рæстæгмæ йæхи æруадзы бæласы бын, йæ цæст ахæс- сы æрдзы нывтыл. Мæргъты алгъуызон хъæлæстæ йын рæвдыдтой йæ фæллад зæрдæ. Бæлæсты ’хсæнты йæм хатт баирвæзынц хуры тынтæ æмæ йын йæ цæсгомыл сæхи ра~ сæрфынц хъыдзыгæнгæ. Бур-бурид цъуйы цупæлттæ зæу- зæу кодтой бæлæстыл æмæ æрттывтой^ дардмæ. Адæймаг- мæ афтæ фæкæсы, цыма дзы хæрынæй нæ бафсæдид, фæ- лæ дзы фыртуагæй дзыхы акæнæн нæ вæййы уыцафон. Хъуамæ йыл равæра халас æмæ цæджындзыл ауыгъдæй фæлæууа зымæгмæ. Дзамболатмæ ныры хуызæн цыбыр никуы фæкасти цард. Афтæ кæй акæнынц, скаст æмæ ныккаст, уый, æвæц- цæгæн, раст хъуыды у, йæхæдæг дæр нырма хæрзæрæджы райдыдта пенси исын. Ацы кармæ ахæццæ уыдзæн, ууыл хъуыды дæр никуы акодта. Мæнæ ацы хъæды халсарæй куы цард, уæд æм афтæ каст, цыма рæстæг размæ не ’пкъуысы æмæ æвзонгад та йæ мидбынаты бандзыг æмæ лæудзæн афтæ æнæивгæйæ æнусты дæргъы. Мæнæ цы бæ- ласы бын æруагъта йæхи, уый йын зоны йæ гуырд дæр. Йæхи зонынхъом куы фæци,' уæд дæр лæууыд афтæ пæ- лæхсарæй æмæ ныр дæр. Иæ къалиутыл æрвылаз дæр вæййы цалдæр ахстоны. Ацы аз дæр афтæ, фæлæ дзы иуæй-иутæ базæронд сты. Йæ аразджытæ йыл кæнæ æв- вæрсгæ нæ бакодтой, кæнæ та сыл исты фыдбылыз сæм- бæлд æмæ нал федтой сæ уæзгуытæ. Бирæ цыдæртæ зоны ацы бæлас æмæ сæ дзурид, фæ- лæ лæууы æгомыгæй æмæ афтæмæй аууон дары фæллад бæлццонмæ, лæууы пæлæхсарæй, цæмæй йын хъахъхъæна йе ’нцойад. Бирæ бæлццæттæн загъта «фæндараст» æмæ «æгас цу» куы æрхæндæгæй, куы та сæрбæрзондæй. Азтæ йыл радгай равæрдтой сæхи цæгтæ, сæ тых ыл фæлвæрд- той уадтымыгътæ, дымгæтæ, фæлæ лæууы, йæ алфæмбла- йы талахъæд æвналы фæйнæ ’рдæм, йæхи ивазы хæрдмæ. Дзамболат ма, чизоны, афынæй уыдаид, фæлæ йæ хæд- сæрмæ, бæласы цонгыл, абадт булæмæргъ æмæ хъæлæсы- дзаг куыддæр ныззарыд, афтæ фехъал, йæ зæрды уыд фес- тын, фæлæ йæ цыма сынтæг йæхимæ æрылхъывта, уыйау нал æмæ нал змæлыд, йæ фы.ны хуыздзыд нывтыл хаста йæ цæст. 51
Ацафон бæргæ уыгæрдæны вæййы, фæлæ ам та цæмæн ста афтæ раджы. Знон дæр ма йæхи цы фæкодтаид, уы- мæн ницыуал зыдта. Уый æмæ дын сæхимæ, уысмы бæрц дæр нæ абаддзæн иу ран. Мæнæ- йын ныр дæр йæ зæрдæ ’хсынынц йæ кусинæгтæ, фæлæ сын цы ми бакæна, цалын- мæ та сæ уæлхъус балæууа, уæдмæ. Рæстæг згъоры, æф- сургъыл бадæгау, йæ цæвæг та ныр дыууæ боны уыгæр- дæны сагъдæй лæууы. Иæ фын дæр æй, сыфцæйласæгау, уырдæм ласта. Æмæ цы? Адæмæн æхсæвæй-бонæй æрхуыст нæй, уый та уазæгдæтты йæ зæрдæйы дон уадзы, балцыты цæуын æрымысыд. Раст ын загъта йæ цардæмбал дæр, кæд ын йæ дзырд уæлæмæ не суагъта, уæддæр: «Ацы хъуыддæгтæ æндæр хатмæ куы аргъæвис, науæд нæ ку- синæгтæ ныкъкъуылымпы уыдзысты». Сылгоймаджы ацы уынаффæ йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ уæддæр йæ фæнд нæ аивта: «Æххæст дзы фервæзон, худинаг у уыцы лæгæй, чысылæй фæстæмæ иумæ схъомыл стæм æмæ мыл цæмæн хъуамæ бахуда йæ зæрдæ». «Цæй, ницы кæны», — загъта йæхицæн Дзамболат,— нал мæ хъæуынц сабат æмæ хуыцаубон, къуырисæрæй фæ- хтæмæ та мын мæ кусгæ бонтæм чи цы бар дары. Æниу кусинæгтæ къаддæр нæ кæнынц. Æххæсгæ дæр сыл нал кæны. Лæппу ма-иу æм бæргæ фæзынд æххуысмæ, фæлæ йæ уый дæр никуыуал абæрæг кодта. Æниу нырма зивæг нæ кæны, фæлæ уæддæр къах фæуæззау, улæфын фæзын- дæр. Зиуы рæстæджы-иу хосдзæуттæ йæ цæвæджы разæй лидзæг фесты. Афонмæ та уыгæрдæнмæ хуры тынтæ ныр- раст сты, фæлæ уæддæр нырма æртæхæй хуылыдз уыдзæн кæрдæг. Ацы аз бæргæ хорз æрзад, фæлæ боныгъæд, бо- ныгъæд. Гæнæн ис фæкъæвдатæ уа æмæ уæд сæ фылдæр æнæкарст, æнæссывд баззайдзæн. Куыддæр ныртæккæ гæх- хæтт мæ къухы бафта, афтæ дзы фæстиатгæнæн нал ис. Фосмæ дæр афоныл ракæсæг куынæ уа, уæд ныйиугæйттæ вæййынц. Дысон та дзы сæрвæты цал баззад, уымæн цы бæрæг ис. Иузаманы йын дзы иу стур та хъæды ныззад. Уый бирæгъы йæ сыкъатыл бæргæ систа, фæлæ дзы ахæм хъару алкæмæ нæ разыны. Дзамболат, сонтау, иуæрдæм аппæрста йæ хъæццул æмæ алæууыд йæ къæхтыл. Ацы хатт хæрзрайсом никæ- мæнуал загъта, фæлæ йын дысоны бурдзалыг чызг йæ пас- порт стъолы тигъыл куы ’рывæрдта, уæд ын зæгъинаг уыд, чизоны ма æрбаздæхон, зæгъгæ, фæлæ йæ цæсгом нал ба- хъæцыд, ацы райсоммæ йеттæмæ дзырд кæй нæ уыдысты, уый тыххæй. Афтæмæй сын сæ лæггад бафыста бузныгæй æмæ та ацыд архивы ’рдæм. Уым та кусæг а-ныр фæзын- дзæн, а-ныр фервæздзæн йæ мæтæй, афтæмæй фæцис æм- 52
бисбон улæфты рæстæг дæр. Дысон-иу йæхæдæг сыхаг хатæнты кусджытæй кæй афарста, уыдонæй йæм цалдæр æрлæууыд къæлидоры тыхстгъуызæй: «Нæма ’рбацыд?», «Нæма фæзынд?», «Ныр, æвæццæгæн, тагъд æрбацæу- дзæн», «Иуæй-иу хатт афæстиат вæййы», «Ие ’мбал чын- дзы ацыд æмæ, æвæццæгæн, уым афæстиат» — алчидæр сæ дзырдта йæ хъуыды. Дзамболат сæм дзургæ ницы скæны, фæлæ йæ мид-зæрдæйы уый дæр рахæссы йæ тæрхон ахæм æнæмæты ахасты тыххæй. Бынтондæр йæ къух ауигъид æмæ афардæг уаид, фæлæ ма йæ æнæ фæззæг кæд рав- дæлдзæн æмæ йæм уыцы лæг та æнхъæлмæ кæсы, : Канд Дзамболат нæ, фæлæ ма йæм æндæр цæуджытæ- дæр уыд æмæ та-иу мæстæйдзагæй аздæхтысты фæстæмæ.. «Ам бынаты чи ис, уыдонæн ма ницы у, фæлæ дыгай, æр- тыгай суткæты фæндагыл чи бахъæуы, ахæмтæ дæр вæй- йы». Ахæм ныхас рауад, Дзамболатмæ хæстæг цы цалдæр сылгоймаджы лæууыд, уыдонмæ. Лæгмæ тынг æгад æр- каст, ныхасы сæр кæй ссис æмæ йын тæригъæдгæнджытæ кæй фæзынд, уый æмæ та йæхи айста дарддæр, аууоны ’рдæм. Иузаманы та баздæхт Дзамболат æмæ, фынуынæгау, йæ цæстытæ ирдæй аззадысты, фырцинæй йæ зæрдæ ра- цæйтыдта. Иугæр стыр сау гуыдыр дуарыл ауыгъд куынæ разынд, уæд йе ’ппæт маст æмæ катай æрныгъуылдысты æмæ райхæлд æрфгуыты баст. Лæг йæ риуы дзыппæй си- ста йæ гæххæттытæ, асæртæ сæ кодта æмæ бахоста дуар, стæй йыл бахæцуд æмæ бахызт мидæмæ. Астæуккаг кары сылгоймаг лæууыд дуаргæрон æмæ, йæ къаннæг хызыни- мæ архайгæйæ, афарста: — Цы дæ хъæуы? Дзамболат исдуг ницы сдзырдта, цæмæй райдайа, ууыл дæр.нæма фæхæст йæ хъуыды, афтæмæй æркаст йæ къухты ’хсæн гæххæттытæм, стæй йæ дзырдтæ абадтысты æвзаджы цъуппыл: — Мæ хорз зонгæ мæм æрæрвыста фæсхохæй: — Хорз лæг, стыр хатыр дæ курын, фæлæ мын абон æппындæр рæстæг нæй. Къуырисæры-иу æрбацу, — загъта æмæ Дзамболаты разæй рахызт къæлидормæ. Лæг дæр йæ фæстæ, фæлæ хъуыддаг ууыл ахицæн уыдзæн, уый æн- хъæл нæма уыди æмæ лæууыд æндзыгау. Сылгоймаг дуа- рыл авæрдта сау гуыдыр, фæстæм дæр нал фæкаст, — фæаууон къæлидоры фæзилæны. Дзамболаты къухы зыр-зыр кодтой æнцъылдтытæ гæх- хæттытæ, йæ цæстытæ ныхæстæй лæууыдысты гуыдырыл, йæ хъустæ йын сыгътой, ацы бонты иууыл тынгдæр кæмæй тарст, ахæм дæрзæг дзырдтæ: «Къуырисæры-иу æрбацу».
ДАДАЙЫ АРС Æнцад, æнæнкъуысгæ цæугæдон хъæуы акодта дыууæ дихы. Иуæрдыгæй хæдзæрттæ лæууыдысты фæткыл дæргъ- мæ æмæ цæхгæрмæ уынгты фæйнæфарс æмæ сыл зынд быдираг хъæуы барджытæ. Донæн иннæрдыгæй фарс та гæзæмæ æдзæгвæз къуылдымы фарсыл амыты-уымыты -æвæрд хæдзæрттæ зæрдыл лæууын кодтой хæххон хъæуы æвæрд. Хъæуы сæр, пæлæхсарцонг æнгузбæласы бынæй, гæзæ- мæ зындис æмбæрзæндурæй агъуыст ныллæггомау хæдзар. Иунæг бакастæй дæр адæймаг æнæмæнг бафиппайдтаид, йæ сырæзтыл бирæ хуртæ æмæ мæйтæ кæй скастис, уый æмæ дзы, зæгъгæ, цæст змæлæгыл не схæцыд, уæд æнæ- мæнг ахъуыды кодтаид: ацы ран, æвæццæгæн, цæрæг нæй. Дуары хъинцъ фæцыд æмæ Дади рахызт хæдзарæй, къæлидоры астæу йæ мидбынаты лæугæДæ аззад, стæй цæджындзыл ауыгъд курткæ баппæрста йæ уæхсчытыл æмæ асины къæхтыл, хъавгæ, æрцæйхызт уырдыгмæ. Фæ- стаг къæпхæн змæлыд æмæ йæ фæсайдта. Лæг фæцудыд- та, ахауд йæ курткæ, фæлæ йæхи не ’руагъта зæхмæ. Лæ- дзæджы сæр æй уыйбæрц нæма хъæуы, фæлæ йæ йемæ райсы стæм хатт, ныр ын хорз баххуыс кодта. Мæнæ, зæгъ- гæ, уый нæ фæбыцæу, уæд, æвæццæгæн, йæ уæрджытæ фæ- тасыдаиккой йæ быны. Тынг рамæсты. Йæ уæхсчы сæрты æнæввæрсон каст акодта фæстæмæ, стæй йæ рахис къу- хы тъæпæн æруагъта гæзæмæ урсхæццæ рихитыл, къæдз лæдзæг фæбыцæу кодта зæхмæ æмæ йæ цæстытæ ’рзылды- сты арвы кæрæттыл. Æхсæвы гæзæмæ рапырх кодта æмæ бауымæл сты зæхх, асины къæхтæ, къæлидоры пъолы фæйнæджытæ. Лæг ахызт уынгмæ, банцой кодта кауын æмбондыл æм& йæ цæстытæ ахаста йæ уæзæгыл. Сæ цæрæн хæдзар зынд, стыр уæз тыхæй уромæгау, цыма йæ къултæ уæгъд сыджытыл лæууыдысты, нал дзы бынхъæд бæрæг уыд, нал — бындур, æрмæст ма къæлидоры бын кæрчытæ æмæ 54
хъыбылтæ сæхицæн фæкъахтой къæвда бон æмбæхсæн бы- нат æмæ уый зындис, байбынæй. Ам арвыста йæ сабийы бонтæ. Абоны онг æй ацы бæстыхайы фарн æрхæццæ код- та, фæлæ ныр цæсты нал ахады, уæлдайдæр, уæртæ йæ фарсмæ цы агуири къултæ сфардæг, уыдон фарсмæ. Уы- дон дæр амад бæргæ раджы фесты, фæлæ афтæмæй лæу- уыпц ныр цалдæр азы. Йæ уынаффæ кæд куыста, уæд куы- ста, фæлæ йæм ныр та цыма хъусæг дæр нал ис æмæ уый дæр хæцы йæ дзыхыл, æндæра куыннæ ис уый фаг хъæд- æрмæг самалгæнæн. Йæ лæппу та, колхозы хъæдфадæн кæд скусдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы æмæ кæд цы уы- дзæн, уымæн хæйрæг йæ дæсны. Уæдмæ къултæ дæр рай- дыдтой хæлын. Дади йæ къух ауыгъта, цъæх къуымбилæй æууæрст ны- мæт-худы счъилыл арфдæр æрхæцыд æмæ, йæ къæхтæ хъавгæ исгæйæ, фæзылд нарæг фæндагыл колхозы хъæд- фадæны ’рдæм. Бакаст хырхæйфадæны кæртмæ. Цалдæр лæппуйы уым кусгæ куы федта, уæд сын салам радта. Иæ лæппу дæр уыд^семæ. — Байриат æмæ уæ куыстæй уæ зæрдæ рухс кæнæд. — Арфæйаг у, Дади. Куыд дæм кæсынц нæ хъуыддæг- тæ, нæ куыст дæ зæрдæмæ нæ цæуы? — Æддæмæ уæ ницы зынгæ кæны, ницы хъуысгæ æмæ уын цы зæгъон, нæ зонын? — Разындзæн, Дади, разындзæн, кæд хуыцауы бафæн- Да, уæд. — Хуыцауæй арфæгонд фæут, мæ хуртæ, фæлæ дзы ма- хæй иуæн хæдзар нал ис, хæдзармæ нал цæуы. Кæдæм цæ- уыс? Хы’рхмæ. Кæцæй цæуыс? Хырхæй. Афтæмæй хæдза- рæй, бинонтæй æнæхицау стæм ныр цалдæр мæйы, — загъ- та Дади æмæ дзуапмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, афтæ- мæй фæраст йæ фæндагыл. Æниу ын æхсызгон у, хырхæй- фадæн сæм кæй рæзы. Арæх абады йæ кусджытимæ. Уы- цы цæлхытæ æмæ станоктæм кæсынæй не ’фсæды, цахæм- дæр тых æмæ йын ныфс дæттынц йæ зæрдæйæн. Фæлæ кæд сцæттæ уыдзæн. Нырма никуы бæхы хуыр- рытт, никуы ехсы цъыкк, афтæмæй уæзласæн машинæтæ ласынц æмæ ласынц амæй-ай ставддæр хъæдтæ æмæ рæ- дзæгъдтæй лæууынц йæ алыварс. Æхсæвæй-бонæй сæ æнæ- рынцойæ куы фада, уæддæр ын, æвæццæгæн, афæдзмæ дæр нæ фæуыдзысты. Дади ахызт хидыл æмæ бацыд дыргъдонмæ. Бæстæ уыд сабыр, æгуыппæг. Лæг йæ цæст ахаста дыргъдоныл, стæй йæ курткæ æр- цауыгъта мæнгагъуысты "цæджындзыл æмæ бацыд, æв- вахсдæр æм цы бæлас уыд, уый цурмæ, скаст бæласмæ, 55
стæй бæласы бынмæ. Бæласы бын хуртуаны хуызæн уыд ногзгъæлд фæткъуытæй. Лæг æргуыбыр кодта æмæ зæххæй систа, иннæтæй егъаудæр чи зындис, уыцы фæткъуы. Йæ армытъæпæнты йæ дыууæрдæм арайс-байс кодта. Хъыг ын уыд, ахæм фæткъуы æххæст нæма сцæттæ, афтæмæй æнæпайда кæй фæци. Æмæ йæм каст æрдæгцъынд цæстытæй. Уæдæ дзы зи- ангæнджытæ дæр нал зынди. Куыннæ сты адон дæр пай- да колхозæн, фæлæ алцæмæн дæр сæрфат хъæуы. Мæнæ, дам, æххæст нæ хырхы завод скуса, стæй, дам, нæм бирæ цыдæртæ сырæздзæн. Æмæ дзы сырæзæнт. Уый Дадийæ æхсызгондæр кæмæн хъуамæ уа, фæлæ кæд уыдзæн уый. Ацы дыргъæй дæр, дам, æнæхъуаджы иу гага дæр нал сæфдзæн. Кæй нæ бафæнда, уый йæ фенæд йæхи цæстæй, фæлæ ма дзы Дади дæр исты хъуамæ фена... Лæг фæткъуы зæхмæ аппæрста, иннæ фæткъуыты цæнгтæм дæр скæсты- тæ кодта. Фырзадæй зæхмæ тасыдысты. Æрцъæлæй тас кæмæн уыд, уыцы цæнгтæм быцæутæ бавæрдта. Хъæздыг тыллæг райсдзæн колхоз йæ дыргъдонæй, — йæ зæрдæ ба- рухс, раздæхт æмæ мæнгагъуысты раз фæхсбандоныл йæ- хи куыддæр æруагъта, афтæ йæ хъустыл ауад хырхæйфа- дæны арæзтадæй маторы уынæр æмæ хырхы цъæхснаг æхситт. Цыма уыцы хырхы æхситт йæ сабибонты йæ’ ный- йарæг мады алолайы зарæг уыд, уыйау æхцон уыд Дади- йы зæрдæйæн, йæ хурсыгъд, æнцъылдтытæ цармы бын гæ- зæмæ базмæлыдысты йæ уадулты нуæрттæ, цæстыты къуыр- фыты ферттывта сæ кæддæры цæхæр. Рихиты бын базмæ- лыдысты былтæ. Ради зæрдæ, цыма йæ азты æмбис ахауд, уыйау фæрогдæр сты уæнгтæ. Кæдæй нырмæ бæллыд уы- цы хырхæйфадæны срæвдзмæ. Ныр, табу хуыцауæн, йæ хæдзарæн æй фæйнæг рафадыны фадат фæуыдзæни æмæ æрынцайдзæнис йæ зæрдæ. Уæззау растад йæ бандонæй æмæ атындзыдта уырдæм, хъæдфадæны ’рдæм. Цалынмæ уырдæм хæццæ кодта, уæдмæ хырхы дæндæгтæ цалдæр рæгъæй æхсыдтой ставд, дæргъæй-дæргъмæ хъæды. Æм- бисонды арæзтадæнбæзгæ фæйнæджытæ хырхæйфадæны дæллаг кæрон сæ иу фарсыл æрхуыссыдысты. Лæппутæ хырхыл ног,хъæд бавæрдтой. — Æ, хуыцау уын бирæ цæрæнбонтæ радта æмæ уæ къухтæ фæрнæй фæдарат, — Дадийы арфæтæн кæрон нал уыди. Æниу ын маторы уынæр æмæ хырхы зæлланггæнæг æх- ситтæй хырхыл кусджытæ йæ ныхæстæ рæстмæ хъусгæ дæр нæ фæкодтой. Фæлæ сæ цæсгæмттыл бæрæг уыд, Да- ди сын сæ куыстæй райгонд кæй у. 56
Дади бирæ фæкаст, хырх хъæды арфæй-арфдæр куыд цыд, уымæ, стæй цæхгæр фæзылд æмæ ратындзыдта сæ- химæ. Кæрты дуарæй нæма бахызт, афтæ йæ ныхас фæ- раздæр: — Кæм дæ, не ’фсин, марадз-ма æртæ кæрдзыны ра- кэен, стæй иу карк дæр рацахс. Хæдзары дуар байгом, æмæ æддæмæ рахызт, йæ аз- тæй бирæ æвзонгдæр чи зынд, ахæм зæронд ус æмæ афар- ста Дадийы. — Цымæ та дæ кæмæн бахъуыдысты уыцы æртæ кæр- дзыны æмæ карк? — Уæртæ хъæдфадæн скуыста, нæ хъусыс? Æмæ уыцы лæппутæн бузныг зæгъын хъæуы. — Уæдæ нын кæд ныр бантысид ацы кæлæддзаг къуым- тæ раивын. Кæлæддзаг къуымтæ раивын иуæй æхсызгон уыд Да- дийæн, аннæмæй та йын цыма фæрæхуыстæуыд йæ зæр- дæ. Ацы хæдзæрттæ аразыныл бирæ фæфыдæбон кодта къаннæг лæппуйæ, æмæ та сноги, арæх кæй æрымысы, уы- цы хабар. Ацы бæстыхæйттыл тухæнгæнгæйæ, йæ фыдимæ цыдæ- риддæр сæ бон уыд, уый фæцарæзтой дурæй, фæлæ дзы хъæдæрмæг дæр хъуыдис, хъæдæрмæгæн та бынтон сса- рæн нæ уыди. Сыхаг хъæуы иу хъæздыг лæгæн хырхæй- фадæн кæй уыди, уый зыдтой, фæлæ дзы аслам аргъыл кæм лæвæрдта, фæлæ æндæр фæрæз нæ уыд æмæ Дадийы фыд сфæнд кодта исты амæлттæй хъæдæрмæг самал кæ- нын. Изæры æрцæттæ кодта æфсондз æмæ гæрзбæндæн> æмæ куы ’рталынг, уæд араст сты иу цæды галтимæ. Цæуынц мæйдары. Бæстæ уыд æгуыппæг, æрмæст ко- мы цæугæдон зарыдис уыцы иугъæдонæй. Цалынмæ хъæд- мæ хæццæ кодтой, уæдмæ æдæрсгæ цыдысты мæйдары фæндаг-фæндаг, фæлæ куыддæр хъæды чысыл бауадысты, афтæ бæстæ бынтон баталынг, сæ ныфс нал хастой æмæ фыд загъта йæ фыртæн: — Лæппу, кæнæ галæй, лæгæй былæй ахаудзыстæм, кæ- нæ къæхтæцъæлтæ фæуыдзыстæм... фæлæ банхъæлмæ кæ- сæм мæйрухсмæ. Дадийæн дæр æхсызгон уыдис йæ фыды фæндон, кæд Дзургæ ницы скодта, уæддæр. Фыд галты сæрбосыл ахæцыд æмæ фæсфæд ран бæла- сы бын æрбынат кодтой. Лæг йæхи æруагъта зæхмæ, лæп- ПУ æрбадт йæ фарсмæ, æмæ æнæдзургæйæ хъуыстой доны с^р-сæр æмæ тар хъæды æгуыппæг уынæрмæ. Арв, сæгъы цæстау, уыдис дзыхъирд, йæ къуырфы ты- бар-тыбур кодтой æнæнымæц стъалытæ. Рог уддзæф хат- 5?
тæй-хатт рауылæн кæны æмæ йемæ ахæссы сатæг уддзæф. Бæстæ уыд сабыр, æнæуынæр. Дади йæ нæ фæхатыд, фæ- лæ фыды хъустыл ауад æнахуыр сыбар-сыбур. Бæласæй цыдæр æрхаудта, кæрдо йеттæмæ цы хъуамæ уыдаид, сæм- бæлд лæджы уæхскыл, талынджы чердæмдæр атылд. Лæг айхъуыста. Сыбар-сыбур цыма фæтынгдæр. Фыды хъæ- бысмæ æрхауд цалдæр кæрдойы, иу дзы æрылхъывта æн- гуылдзты æхсæн: «Нырма зыбыты цъæх кæрдо, афтæмæй згъæлы, — ахъуыды кодта æмæ скаст бæласмæ, фæлæ ни- цы федта саудалынгæй дарддæр. Бадынц фыд- æмæ фырт мæйрухсы фæзындмæ æнхъæл- мæгæсгæ. Уалынмæ скæсæны ’рдыгæй хæхтæ фæрухс сты. Мæйы цалх йæхæдæг нæма фæзынд, фæлæ йæ фæлурс тынтæ, хъуызæгау, уырдыгмæ бырыдысты комæн иннæ фарс уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттыл. Уалынмæ аныдзæв- дысты, Дади æмæ йæ фыд æд галтæ цы бæласы бын æрын- цадысты, уый цъуппыл дæр. Фыд сыстад уæззаугай æмæ скаст бæласы сæрмæ. Уайтагъд йæ цæстытæ дыууæ къу- хæй аууæрста æмæ та хæрдмæ скасти. Лæг фæсонтау, йе уæнгтæ цыма фæдис хъæр кæнынц, цыдæр знæт æмæ тас банкъардтой. Бæласы цæнгтæ дыууæрдæм кæм фæхицæн сты, уым се ’хсæн бадти арс. Лæг йе ’муд куы ’рцыд, уæд фыццаг йæ фыртыл ахъуы- ды кодта, æмæ цæмæй лæппу ма фæтарстаид, уый тых- хæй йын сабырæй бамбарын кодта. — Тæрсгæ ма фæкæн, фæлæ уæлæ бæласыл арс. Ды галты сæрыл ахæц æмæ ацу уæртæ уыцы бæласы цурмæ. Я^ег йæ ныхас нæма фæцис, афтæ бæласы сыбар-сы- бур ссыд, ныррызтысты йæ къабæзтæ. Арсы, æвæццæгæн, къалиу фæсайдта æви йæ уæзæй æрсаст, зын бамбарæн уыд, фæлæ йемæ рахаста къалиутæ, сыфтæртæ, кæрдотæ æмæ уыдонимæ йæ тъæпп зæххыл фæцыди. Куыддæрид- дæр æрхауд, афтæ уыцы хуызы хуысгæйæ баззад, йæ къах дæр нал атылдта. Лæг цавддурау фæци. Къæхтæ йæ нал размæ хастой, нал фæстæмæ æмæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. ’ Арс хуыссыд æнæзмæлгæйæ. Лæг æм райдыдта æввах- сæй-æввахсдæр цæуын. Иугæр йæ тæккæ фарсмæ куы ба- хæццæ, уæд та йæм пыккаст, ныхъхъуыста. Арс, цыма улæфгæ дæр нал кодта, уыйау æм нал уыд удæгас цæрæ- гойы æууæлтæ. Ныр дзæбæх зынд мæйрухсмæ æмæ лæг дызæрдыг нал кодта, мард кæй ’у, ууыл. Лæг æй чысыл басхуыста къахæй æмæ æвиппайды фæстæдæр алæууыд. Уый фæстæ йæм февнæлдта къухæй дæр. — Лæппу, ардæм æрцу, галты дæр ракæн, цæй фæй- 58
нæджытæ ма нæ хъæуы, мæнæ галыйас арс бæрзæйсаст фæцис æмæ йæ аласæм хæдзармæ. Фыды ныхасæй лæппуйы тас æрбайсæфт, фæныфсджын, фездæхт æмæ райвæзта галты сæрбос. — Ныр куыд бакæнæм? Аргæвдиккам æй, æмæ йæ цæ- уыл аласдзыстæм, æнæхъæнæй дæр ын дзоныгъ хъæуы, — дзуры фыд æмæ хъуыды кæны: — Уæдæ æмæ йæ уæртæ хуымты сæрмæ баласæм, дыууæ къахдзæфы йеттæмæ нæу, цæмæй йæм æндæр сырдтæ ма ’рбацæуой. — Куыд- æй баласдзыстæм уырдæм? — афарста лæппу. — Куыд, куы сыфцæй. Ракæн-ма дæ галты мæнæ ауыл- ты. Уырдæм æм ныртæккæ æрбакæндзыстæм дзоныгъ æмæ æйда, батеу-теу æй кæндзыстæм нæ хæдзармæ. Лæг халын райдыдта æфсондзылтыхт гæрзбæндæн. Йæ фæнд лæппуйы зæрдæмæ кæй фæцыд, ууыл нæ гуырысхо кодта. Ныр цыма йæ кусарт конд уыд, йæ хурх ын ралыг кодта, уыйау æвнæлдта уæндондæрæй, бынтон æй бауыр- ныдта, арс мард кæй у, уый æмæ йын йæ хурхыл бæндæн авæрдта цасм æлхынцъæй. Стæй йæ айвæзта галты дæр- гъæн æмæ йын йæ иннæ кæрон æртыхта æфсондзыл, йæ- хæдæг фæрæт æрсагъта йæ фæсрон æмæ, комкоммæ арс- мæ кæсгæйæ, ахæцыд галты сæрыл. Куыддæр галтæ цал- дæр къахдзæфы размæ акодтой, афтæ арс базмæлыд, йæ къæхтæ стылдта, стæй сæ фæбыцæу кодта зæхмæ. Лæг фæсонтау, галтæ фезнæт сты. Арс уæдмæ слæууыд йæ къæхтыл æмæ у’ыцы иу богъ фæласта, хъуамæ йæхи ап- пæрстаид хъæдырдæм, фæлæ нæ аскъуыд гæрзбæндæн. Афтæмæй фæзылд æмæ йæ дзæмбыйæ цалдæр цæфы фæ- кодта галты. Галты богъ ныццарыдта хъæды, фæиппæрд сты фæндагæй, бæлæстæ æмæ пыхсыты æхсæн нал иуæр- дæм сæ бон уыд лидзын, нал нннæрдæм. Арс хатт фæлæу- уы йæ фæстаг къæхтыл æмæ та йæ дзæмбытæ æрхауынц галтыл. Галтæй иуæн æфсондз йæ бæрзæй сыздыхта æмæ æрфæлдæхт. Афтæмæй змæлын нал уагъта иннæйы дæр. Уæдмæ лæг фæрæтæй æрлыг кодта гæрзбæндæн. Куыддæр арс феуæгъд, афтæ ма иу богъ фæкодта æмæ йæхи аппæр- ста хъæды, йæ сыбар-сыбур ма ссыд пыхсыты. Лæг цадæггай æрсабыр кодта галты. Æнæмастæй кæй баззадысты, уый йæ æххæст уырнгæ дæр нæ кодта, афтæ- мæй цыд галты разæй, Дади дæр йæ фæстæ, афтæмæй... — Цæттæ сты де ’ртæ кæрдзыны æмæ карк. — Хæдза- Рæй йæм радзырдта йæ чындз. Дади йæ сагъæстæй фæ- хицæн. — Уæдæ ма дæм кæд æссадæхсид ис, уæд уымæй дæр ^зе разы дурыны æркæн æмæ мын лæппуйы мемæ рарвит. Лади райста кæрдзынтæ æмæ дурын. Карк радта йæ кæс- 59
дæры кæсдæрмæ, афтæмæй араст сты хырхæйфадæнмæ. Кусджыты сихор хæргæ кæй баййæфтой, уый йын уæлдай æхсызгон уыд æмæ йæ хуынимæ баиу семæ. Дади сын бирæ фæкуывта, фæарфæтæ сын кодта, стæй сын радзырдта, арсы сыфцæй куыд ласта, уыцы хабар æмæ нал æнцадысты сæ худынæй.
ФЕМБÆЛД Цыма арвы дуар фегом, уыйау æхсæв-бонмæ нæ бан- цад йæ уарынæй, сæх-сæх кодта уыцы иугъæдон æмæ ма искуы банцайдзæн, уый дæр нал уыд бауырнинаг, цæрæн- бонты унæрау ыл фæцайдагъ сты хъустæ, хъуыды, буар æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Машинæйы авгсæрфæнтæ, къæвдаимæ быцæугæнæгау, дыууæрдæм срæуæг сты. До- ны æртæхтæ асфалтфæндагыл куыд кафыдысты, уый дзæ- бæх зындис машинæйы рухсы тынтæм. Шофыр рулыл хæц- гæйæ, æндзыгау, касти размæ, кæд-иу æй исчи истæмæй афарста, уæддæр ын дзуапп лæвæрдта цыбыр æмæ размæ кæсгæйæ. Растдæр фæсахсæвæр йæ дзыхы бавæрдта назы чъиуы къуыназ æмæ йæ æмырдзыхæй æууылдта уæззау- гай. Уæхæнæз бадт шофыры фарсмæ, сæ фæстæ дыууæйæ. Размæ кæсынæй-иу чи бафæлмæцыд, уый-иу йæхи фæстæ- дзæг ауагъта бандоныл, æнæмæтæй-иу æрыхгæдта йæ цæ- стытæ, йæ хъысмæт шофыры бæрны бакæнгæйæ. Бирæ фæныхас кодтой бæлццæттæ, алчи дзырдта йæ мысинæгтæ, цымыдисондæр хабæрттæ, фæлæ æмбисæхсæв- тæм равдæлон сты се «’вæрæнтæ» æмæ цадæггай райдыд- та нымæг кæнын сæ ныхас, фæстагмæ ма хъуыст уыцы пугъæдон къæвдайы сæр-сæх, машинæйы цæлхыты æмæ маторы унæр. «Кæм сдæм, кæ?», — арæх-иу бæлццæттæ хуыссæгхъæл- Дзæгæй афарстой, фæлæ йæхи ничиуал тыхсын кодта ахæм фарстытæн дзуапп дæттыныл. Уалынмæ гæзæмæ фæрухс сты арвы кæрæттæ, æрбабон, бæлццæттæ ныр арæхæй-арæхдæр кастысты рудзгуытæй фæйнæрдæм æмæ сæ нал хъуыд фæрсын, алкæмæн дæр 3ьшдгонд уыдысты фæндаджы æппæт хæрдтæ æмæ уырд- гУЫтæ, йæ фæзилæнтæ. Бæлццæттæ раст аходæнафон бахæццæ сты хъæумæ. У^хæнæз тынг бафæллад, хорз уыдаид иучысыл аулæфын, хУыссæнтыл хи æруадзын, фæлæ йын æгъдау дæттыны 61
бæрп æмæ адаемы фенд айстой уыцы бæллиццаг бартæ. Уæхæнæзы хъæубæсты, комбæсты адæм фылдæр, цард- агур ацыран æрынцадысты, рагæй сæ нал федта æмæ кæй нæ бафæнддзæн, чысылæй фæстæмæ кæимæ схъомыл, йæ аходæн, йæ сихор, йе ’хсæвæр кæимæ дих кодта, царды ба- зыртыл тæхгæйæ, йæ зæрдиаг ныхас кæмæн кодта, уыимæ фембæлын, йæ цардыл ын фæцин кæнын. Мæрддзыгой адæм та цæуын райдыдтой зианджыны хæдзармæ. Базмæлæн нал уыд кæрты, уынджы. Уæхæнæз æппæт дæр арæзта æгъдаумæ гæсгæ, йе ’мбæлттимæ хъыг- зæрдæйæ лæууыд кæрты иу къуымы. Бæргæ раздæр куы фехъуыстаид ацы сау хабар, знаг-иу сæ хъусæт, уæд чи- зоны, раздæр рацæугæйæ, афтæ нæ бафæлмæцыдаид, фæ- лæ фыр тагъд-тагъдæй улæфгæ дæр никуы бакодтой. Æниу дзы уромæн дæр никуы уыд æхсæвыгон, арв æмæ зæхх кæрæдзи хостой, мащинæйæ æддæмæ кæм уыд ракæсæнтæ æмæ афтæмæй та фæнды бадгæ кæн фæнды цæугæ. Уæд- дæр йæ цæрæнбонтæ бирæ шофырæн, нырæй фæстæмæ хъæлдзæг фæндæгтыл цæуæд, уый куынæ уыдаид, уæд, чи- зоны, афоныл хæццæ дæр не ’руыдаид æмæ зиан дæр куын- нæ, (кæд ацæргæ лæг уыд, уæддæр нырма мæлынæн æв- гъау уыд, йæ зæрдæ йыл тынг фæрыст, бирæ лæггад дзы зоны, хæларзæрдæ æмæ уынаффæгæнаг, кæсдæртимæ кæс- дæр уыд, хисдæртимæ — хисдæр, кад æмæ радæй царди адæмы хсæн.) фæлæ ма мæнæ ацы адæмы афтæ æмбыр- дæй кæм хъуамæ федтаид. Уæхæнæз йе ’рфгуыты бынты йæ цæст ахаста адæмыл. Се ’хсæн уыд бирæ зонгæтæ, хиуæттæ, хæлæрттæ кæй хуыдта, ахæмтæ, фæлæ сæ алчи дæр лæууыд æрхуымæй, ныхас кодтой ныллæг хъæлæсæй, сæ фезмæлд уыд уæз- бын, цахæмдæр хъуыдыджын. Уыдоныл зæрдиагæй куын- нæ бацин кæнид, фæлæ йæ æгъдау нæ уагъта змæлын. Хатт-иу дзы, адæммæ кæсгæйæ, æрбайрох йæ зиан дæр, йæхæдæг-иу рафæнд кодта уытæппæт адæмы ’хсæн се ’ппæ- ты агурын, ссарын, фæлæ уазæг иу уыд фысымтæ бирæ æмæ уыдонæн æнцондæр уыд йæ фенын. Афтæмæй йæм цыдысты радыгай æмæ йын алчи кодта йæ мæсæллæйы хай. Йæхицæй кæсдæрты ма базоны амонæджы фæрцы, фæлæ йæхи карæнтæ, йæхицæй хисдæртæн парахатæй лæ- вар "кæны йæ хæлар зæрдæйы хъарм йæ рæвдаугæ цæст- æнгас. Иутæ йæ бæстон æрфæрсынц йæ царды хабæрттæй, ныхас сын ацайдагъ вæййы, райгуырæн бæстæйы нывтæ мысгæйæ, чи та йын куыд зианджын, афтæ фенхъæлмæ кæсы йæхимæ. Йæхæдæг дæр, йæ хъынцъымы уацары ба- кæнынæй тæрсгæйæ, æрымысы сæ царды зæрдылдаринаг- дæр цаутæ, йæ алы фезмæлд, йæ алы сныхасæй дæр зын- 62
ди, сæ уынд ын æнæкæрон æхсызгон кæй у, Хатт номгай æрфæрсы комбæсты адæмы, фæлæ дзы хур кæуыл нал кæ- сы, ахæмтæ дæр бирæ ис æмæ уæд фефсæрм, фенкъард вæййынц, цыма хабар кæй нæ зыдта, æгъдау раттыны фа- дат ын кæй нæ #æцис, уымæй стыр азымджын у, уыйау, æмæ уæд дзæвгар рæстæджы баззайы зæхмæ кæсгæйæ. Хæстæгæй, хионæй, зонгæйæ, æцæгæлонæй Уæхæнæзæн мæсæллæй чи нæуал загъта, йæ къух ын чи нæ райста, ахæм иунæг дæр нал уыд мæрддзыгой адæмæй. Фæстагмæ сæ ныхас рахызт царды хабæрттæм, сæ фыдæлты арæзт уæзгуыты, царды мысинæгтæм. Цахæмдæр буц æмæ сæ- рыстыр уыдысты уыцы бонты, цыма уыцы рæстæджы адæ- мыл зиан дæр нæ цыд, кæнæ сæ масты суадæттæ хуыскъ уыдысты уыйау. Фылдæр мысыдысты сæ царды хъæлдзæг- дæр нывтæ, кæд дзы ивындзинæдтæ ницы( ’рцыдис, уæд- дæр, раздæр куыд уыд, афтæ семæ æрцардысты чындзæх- сæв æмæ куывды, бæрæгбонтæ нысан кæныны æгъдæуттæ. Æрмæст æрцыд æндæр ивындзинæдтæ: саби байрæзт цар- ды цинæй, фæсивæд бахызтысты сæ лæджы кармæ, бирæ- ты та дзы рæстæг бахаста зæрæтты номхыгъдмæ. Уыдон Уæхæнæзмæ хъусгæйæ, уыдысты уæлдай буц, сæ цæсты- тыл уадысты райгуырæн хъæутæ, æрдзы нывтæ, цæрæн- бонты рохгæнæн кæмæн нæй, уыцы хуры скаст æмæ хуры аныгуылд алы дзырд, йæ алы сулæфт дæр ын скъæфтой уды хосау, нæ йæм æфсæстысты хъусынæй, кæмæн та-иу йæ зæрдæ бауынгæг æмæ-иу йæ уымæл цæстытæ сæрфгæ азылд иннæрдæм. Лæууы Уæхæнæз мæрддзыгой адæмæй цалдæримæ, хъусы, йæхæдæг дæр дзуры, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæст ахæссы адæмыл, кæд æй нæ фæфæнды, уæддæр. Æвæццæгæн уымæн фæзæгъьгац адæм: зианджыны цæст уынаг у, зæгъгæ. Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ ис ирон адæммæ. Нæ сæ хъæуы рох кæнын. Адæймаджы фарсмæ адæм куы балæу- уьшц, уæлдайдæр та йæ тыхсты рæстæджы, уæд ма уы- мæй стырдæр хæрзиуæг цы хъуамæ уа, маст фæрогдæр вæййы, сæ ныфсы ныхæстæ быцæу фæлæууынц, адæймаг ^рцæуынæнхъæл кæмæн нал вæййы, зæрдæйы уыцы цард- бæллон æнкъарæнтæн. Æнæ адæм цæрæн нæй, кæд хатт масты хос вæййынц, уæддæр сæ ныфс бирæ у, æгæрстæ- мæй зæрдæйы хъæдгом дæр байгас кæнынц. Уæхæнæзы хъынцъымгæнæг зæрдæйыл дæр дзы узæ- лыд алкæй дзырд, алкæйы уæздан ахаст æмæ цæстæнгас. Буц уыдис, йæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уымæй æмæ Та сыл арфæгæнæгау хаттæй-хатт йæ цæст ахæссы. Иурæ- ста^джы цыма фестъæлфыд, аджих, исдуг йæ хъуыдытæ 63-
фæпырх сты, стæй сæ цадæггай райдыдта æмбырд кæнын: «Кæд ма исты зонын уæд уæртæ уый-Хадо у» — загъта йæ- ^ицæн æмæ зæхмæ кæсгæйæ хъуыдыты адзæгъæл. «Æви, мыййаг, рæдийын?» — ахъуыды та кодта æмæ та схæцыд йæ сæрыл, аивæй кæсы лæгмæ. «Уый у, æнæмæнг уый у!» Хадо лæууыд дæрддзæф, чысыл раздæр ын йæ къух чи райста, ахæм зонгæты къордимæ. Уæхæнæз лæууыд мæрддзыгой адæмæй иу къордимæ, ацы хатт хайад нал иста ныхасы, цалдæр хатты та йæм аивæй бакаст, стæй тамако куыд сдымдта, зæрдиагæй дзы цалдæр хатты куыд сулæфыд, уый зонгæ дæр нæ бакод- та. Уæхæнæзы æрцыды хабар Хетæг куыддæр фехъуыста, афтæ азылд адæмы ’хсæнты, агуырдта йæ йæхимид, цæ- стæй. Цалынмæ йæм хæрз æввахс балæууыд, уæдмæ йæ нæ федта Уæхæнæз, йæ зæрды уыд зæрдиагæй йыл бацин кæ- нын, фæлæ йæм Хетæг æнкъардæй йæ къух уæззаугай куы балæвæрдта, уæд уый дæр йæхиуыл фæхæцыд: «Нырæй фæстæмæ-иу хорз фæндæгтыл цу, хæрзаудæн уыл кæ- нæд» — загъта æмæ цалдæр къахдзæфы алæууыд фæстæ- мæ, стæй Уæхæнæзы цонгыл ахæцыд æмæ йæ æрбадын кодта хибар ран бандоныл. Хетæг рагæй нал уыд йæ райгуырæн хъæуы, йæ рали- дзынæй фæстæмæ абон-райсом бæргæ фæкодта, фæлæ йын никуы бантыст. Уæд ма æрыгон уыд, Уæхæнæз та къан- нæг лæппу, ныр йæхæдæг æмбис лæджы карæй ахызт æмæ цæуынмæ зивæг дæр байдыдта. Уый хыгъд йæ мондæгтæ суадзы зонгæйыл амбæлгæйæ, кæд ын бантысы хæдзармæ акæнын, кæннод дæр æй цалынмæ лыстæггай фæфæрса, уæдмæ нæ ауадздзæн адæймаджы. Куыддæр Уæхæнæзы ауыдта, афтæ гуырæгау фæци, мæнæ зæгъгæ зианы фæдыл не ’рцыд, уæд æй æнæмæнг ныттыхтаид йæ хъæбысы. Уайтагъд йæ цæстытыл ауад йæ райгуырæн хъæу, сæ хæдзар, уыцы æрдзы нывтæ æмæ рахъуызыдысты йæ цæсты сыгтæ. Хетæг фæрсы. Уæхæнæз дзуапп дæтты. Хетæджы цæ- стыты раз сыстади, йæ алы дур, йæ алы хъæд дæр зæр- дæйы- тæгтимæ баст кæмæн у, уыцы номхæссæн бæстæ. Мæнæ ма йын зæгъгæ фадат фæцис, уæд иу æхсæв дæр не сбон кæнид ацыран, фæлæ дæ цы фæнды, кæсдæртæ бахъомыл сты æмæ ма дын уыдон кæдæм хъуамæ акомой, ’уыдонæн та ацы ран у сæ райгуырæн къуым æмæ сæм æп- пæтæй хуыздæр бæстæ кæсы. Уæхæнæз алы дзырд, алы дзуаппмæ дæр æнхъæлмæ касти æнæрхъæцæй, фæндыдис æй ацы ныхас, æвидигæ суадонау, йæ зæрдæйы уæлæ куы лæдæрстаид. 64
— Уæртæ Хадо дæр ам ис, — загъта Хетæг, йе ’фсы- мæры лæппумæ цæстæй ацамонгæйæ. — Иугæр æй куы фе- хъуыста, уæд нал ныллæууыд, куыстытæ, дам, никуы фæ- уыдзысты æмæ, дам, уый тыххæй не ’гъдауыл нæ къух хъуамæ сисæм, — загъта æппæлæгау Хадо. — Уæдæ ма уым не ’рвадæлтæ та куыдтæ цæрынц, афтæ фехъуыстон пад- .дзахад, дам, сын хæдзар сарæзта, чызджытæ та службæ кæнынц? — Паддзахад сыи хорз финаг хæдзар сарæзта, йæ ба- каст дæр цасдæры аргъ у. Чызджытæй иу библиотекæйы кусы, иннæ та ахуыргæнæгæй. — Афтæ куы зæгъынц ахæмтæй дзы ницыуал ис? — Ницыуал дзы уыд, фæлæ та сæм æрдардтой сæ хъус. Иунæг хæдзар кæм ис, уырдæм дæр цæуы машинæ, ба- уагътой йæм электроны рухс. Кæс ма дæ хорзæхæй, мах та нæ цæттæ бастыхæйттæ бынаты хицæутты æвджид ныууагътам, — загъта ма Хадо, катай æмæ фæсмонгæнæгау, æмæ йæ лæдзæг быцæу ба- вæрдта йæ дæларммæ. — Цæмæн зæгъыс, Хетæг, быдыр æмæ хох иу кæд уы- дысты, адæм уæ царды дзырдæй фылдæр куынæ сты, мах дæр ма куы фæнд кæнæм ацырдæм. — Ехх, Уæхæнæз, Уæхæнæз, хъаст бæргæ ницæмæй кæ- нæм, алцыдæр нын ис, фæлæ ма уæддæр цыдæр цух дæн, цыдæр, — загъта æмæ йæ сæр нынкъуыста Хадо. Уæхæнæз бамбæрста, Хетæг цы зæгъдзæн, уый, фæлæ ницы сдзырдта, æнхъæлмæ каст йæхæдæг йæ хъуыды кæд фæбæлвырддæр кæндзæн, уымæ. Æз ам цæрын, мæ зæрдæ та — хæхбæсты, æрмæст ба- иу вæййæм фыны, фæлæ уæддæр ам нæ, нæ фыдæлты уæ- зæгыл, мæ райгуырæн хъæуы, нæ комбæсты. Цымæ ма нæ уæзæг та цы хуызæн у, кæд нæ’ ныххæлæттаг, мыййаг?, — Уæ уæзæгæй афонмæ дур-дурыл дæр нал уаид, фæ- лæ дзы цæрджытæ ис, фæздæг дзы кæлы æмæ фæздæг кæ- цæй кæла, уыцы уæзæгæн цудынæй тас нæу. Нæ дохтыр æм раст йæхи хæдзары зылд кæны, цъиу батæхæг дæр æм нæ уадзы. Иæхи у, уæдæ ма дзы махæн та цы ис йæ номы йеттæ- мæ, фæлæ дзы æгайтма фæздæг цæуы, фæрнæй дзы цæ- рæд, фæрнæй. — Ацы хабар Хетæгæн афтæ æхсызгон уыд земæ дзурын дæр нал арæхст. Ныхас кæнынц Хетæг æмæ Уæхæнæз. Уæхæнæз йæхæ- дæг дæр фарста, дзуапп лæвæрдта, фæлæ йæ дисы æф- тыдта Хадойы уагахаст. Уый лæууыди чысыл фалдæр æм- бæлтты къордимæ æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæсты тигътæ андæгъдысты Уæхæнæзыл. Иу заманы дзы йæхæ- 5. Гугкаты Ш. 65
дæг фефсæрмы, æгæр æм кæй фæкомкоммæ ис, уый тых- хæй. Хадо уайтагъд фæзылд иннæрдæм æмæ аивта йæ лæууæн бынат. Уæхæнæз дисыл бафтыд, фæлæ æргомæй ницы сдзырдта. — Уæртæ ^адо дæр лæууы, цон æмæ йæ фенон. — Бад, йæхæдæг дæм æрбацæудзæн. Уæхæнæз фæкъуылымпы æмæ дарддæр кодта йæ ны- хас, фæлæ уæддæр йæ цæстытæ нал хицæн кодтой Хадо- йæ. Чысылæй фæстæмæ иумæ хъомыл кодтой, астæуккаг скъола дæр иумæ фесты каст, кæрæдзийæн хæстæджытæ дæр баххæссынц. Æмæ ма уый дæр цыфæнды фестæд, фæ- лæ сæ хъысмæт царды цынæхуызон æмбæлын кодта, ахæм нал баззад. Куывд, чындзæхсæв, бæрæгбон... кæрæдзийæ сын нæ уыд фæхицæн, цæдисы галтæ сæ хуыдтой адæм. Хадо зарын æмæ кафыны ’рдæм уыд, фылдæр æй æндæв- той царды цаутæ, дзæбæх арæхст кувынмæ, фынгйл дзу- апп дæттынмæ, лæджы куыстытæм, арæх цыд чындзæм- бал æмæ-иу сæрыстырæй лæууыд йе ’мбæлтты ’хсæн, хатт- иу йæхи баласта хисдæр кары фæсивæдмæ дæр, ома кæ- сут æз ныр хосдзауыл нымад дæн. Рæстæг цыдис уыцы иугъæдон, цалынмæ астæуккаг скъола каст фесты, уæдмæ. Дыууæ лæппуйæн сæ фæндаг фæсаджил институтмæ фæлварæнтæ дæтгæйæ. Уыцы аз Уæхæнæз райдыдта ахуыр кæнын, фæлæ Хадойы хъуыд- даг нæ фæрæстмæ. Дыккаг, æртыккаг аз дæр афтæ æмæ уæд райста бухгалтеры дæсныйад. Иугæр быдыры хъæу- мæ куы афтыд, уæд æй азмæлыны фадат нал фæцис, баз- зад колхозы кусгæйæ. Сарæзта хæдзар æмæ йæ, æвæц- цæгæн, Хетæгау, нал тыхсын кæны райгуырæн бæстæ, фы- дыбæстæйы уарзт баст кæимæ у, зæрдæйы уыцы таджы риссаг, æндæра куыд уромы йæхи, куыннæ райсы Уæхæ- нæзы къух, куыннæ йæ афæрсы йæ хабæрттæй. Иурæстæджы та Хадойы мадыл, балцæй здæхгæйæ, ба- талынг1 æмæ Уæхæнæзы йемæ акодта æмбалæн, кæд ныр- ма къаннæг лæппу уыдис, уæддæр. Лæппу бæхыл бадт, сылгоймаг фистæгæй цыд, афтæмæй уыцы мæйдары цы- дысты тархъæды астæуты æнæдзургæйæ, æрмæст дуртыл бæхы цæфхæдты хъæр хæлдта æхсæвы сабырдзинад. Уæхæиæз сылгоймагæн ницы загъта, фæлæ кæрддзæ- мæй сласта йæ фарсылдарæн кард æмæ йын рахиз къухы æнгуылдзтæй тыхджын нылхъывта йæ фистон, галиу къу- хæй та хæцыд бæхы рохтыл. Хæйрæг, дам, цыргъагæй тынг тæрсы, хъуыста йæ хисдæртæй æмæ дзы уый дæр уы- дис ныфсджын. Ныртæккæ Хадойæн бирæ хабæрттæ кæй дзурдзæн, уыцы бæллицц æй хаста размæ. Æниу хъæба- 66
тыр æмæ уæндон кæй у, уыцы хабар райсом куыннæ ай- хъуысдзæн хъæубæстыл, комбæстыл. Дыууæ хæлары тынг фæцин кодтой кæрæдзийыл, суанг æмбисæхсæвтæмнæ бафынæй сты, сæ ныхасы дымæг нал æмæ нал скъуыд. Ацы хабар нæдæр Уæхæнæз’æй æмæ нæдæр Хадойæ рох кодта, арæх-иу æй æрымысыдысты. Ныр дæр та æр- лæууыд Уæхæнæзы зæрдыл, йæ цæстытыл ауадысты уы- цы нывтæ æмæ йæ бон нал уыдис йæхи уромын. — Æз Хадойы фенон, — загъта та Уæхæнæз æмæ фæр~ сæгау бакаст Хетæгмæ. — Йæхæдæг дæм æрбацæудзæн, — загъта Хетæг æмæ та ныххал сты йæ фарстытæ. Уæхæнæз анвæй йæ цæст дары Хадомæ. Уый лæууыди тигъмæ æмæ-цу хаттæй-хатт аивæй адæмы ’хсæнты йæ цæст æрхаста Уæхæнæзыл. Фæстагмæ та аивта йæ лæу- уæн, бынтондæр æм сыздæхта йæ чъылдым, фæлæ та акæ- сы йæ уæхскы сæрты. Уæхæнæзы зæгъгæ Хетæг нæ къуы- лымпы кодта, уæд æм афонмæ бацыдаид, нæ йæм разын- даид уый бæрц быхсьщы хъару. Адæм цымыдисгæнгæ фарстой кæрæдзи, фæсхохæй чи ’рцыд, уыдон тыххæй æмæ уайтагъд алкæмæ дæр фæхæц- цæ Уæхæнæзы ном. Афтæмæй йæ агуырдтой канд йæ хæ- стæджытæ æмæ йæ комбæсты адæм нæ, фæлæ æцæгæлæт- тæ дæр, мæсæллæй йын ракæныны тыххæй. Алкæмæн дæр сæ йæ зæрдæйы æнкъарæн ныхæстæй лæууыд йæ цæсго- мыл, фæлæ йæ Хадойы уагахаст ныппæрста гуырысхойы æмæ йæм æгæрстæмæй æрæджиау хардзау дæр æркаст. Салам æмæ рæвдыд ныхасæй дарддæр ницы хæссы йæ зæрдæмæ, цалдæр чиныджы ныммыхуыр кодта æмæ йын дзы алы хатт дæр арвиты, æрмæст æм уый тыххæй иунæг хахх дæр никуы ныффыста. Хадо дæр уарзта литературæ, иу заманы фæлвæрдта фыссыныл дæр, фæлæ йæ куыд æмæ цæмæн ныууагъта, уый нæ рабæрæг. Ацы хатт Уæхæнæзæн йæ бон нал бацис йæхи бауро- мын æмæ сыстад. — Хетæг, хатыр бакæн, æз дæм ныртæккæ æрбаздæх- дзынæн, Хадойы хъуамæ фенон. Хетæгмæ исдуг хардзау æркаст, ома йæм Хадо йæхæ- дæг цæуылнæ æрбацыд, куыннæ фехъуыстаид йе ’рцыды хаВар æмæ къæмдзæстыгæй ницыуал загъта Уæхæнæзæн, æрмæст аивæй йæ хъус дардта сæ фембæлдмæ. Уæхæнæз ацыд комкоммæ, Хадо кæм лæууыд, уыцы къорды ’рдæм. Хадо лæууыд цæвæгхъæд аныхъуырæгау, кæд уæдмæ мадзурайæ лæууыд, уæд ныр та йæхимæ ай- ста ныхас æмæ нал æмæ нал æнцад. Йемæ чи лæууыд, уы- 67
дон федтой Уæхæнæзы æмæ сæ сæртæ æруагътой сæ риу- тыл, уайтагъд фæхатыдысты Хадойы фенын æй кæй фæн- ды, уый, æмæ фæйнæрдæм алæууыдысты. Уæхæнæз куыд- дæр Хадомæ баввахс, афтæ йæ зæрдæ тынгдæр базмæлыд, кæд мæрдджын уыд, уæддæр йæ цæсгомыл фæзындысты цины æнкъарæнтæ, мæнæ зæгъгæ æгъдауы уацары нæ ба- хауд, уæд æй æнæмæнг ’æрбатыхдаид йæ цæнгты ’хсæн. Уæхæнæз Хадойы къух райста йæ цæст ахаста алфæмблай лæуджытыл, ома сымах зонут, чи мын у, уый æмæ та йæ цæстыты фæзындис æмгарыл фембæлыны циндзинад. — Ды дæр ам дæ Уæхæнæз? К^д æрцыдтæ? Æз та ма хъуыды кодтон зæгъын цымæ Уæхæнæз не ’рцыд. Куыдтæ цæрут? Бæстæ уын ныууагътам æмæ уын цы у. Æвæдза æгæр фæзæронд дæ. Уæхæнæзмæ диссаг фæкаст Хадойы уагахаст, йæ бон нал баци ныхас айсын æмæ та баздæхт Хетæджы цурмæ...
ДУР ÆМÆ ДИДИНÆГ Хъæдгæройнаг Гугкаты Тамарæйы рухс ном дзы арын. Хъæугæрон иу уæлвонг райдзаст бынаты лæууы хъуа- рийæ агъуыст дыууæуæладзыгон бæстыхай. Йæ фыццаг уæладзыг æмæ фæсагæн къул* кæрæй-кæронмæ сты къæй- дурæй амад, иннæ иууылдæр нæзыхъæдæй арæзт. Ие ’ргом, йæ рудзгуытæ хурыскæсæны ’рдæм, афтæмæй фæлгæсы æрдзы алæмæты риумæ, рухс дунемæ. Бæстыхайы уæрæх цынабын кæрты, хуры тынтæ сæрдæй-зымæгæй кæдæм хæццæ кæнынц, ахæм райдзаст бынаты къулрæбын фæй- нæгæй арæзт бандоныл бадынц дыууæ ацæргæ сылгойма- джы æмæ сæ алчидæр тындзы йæ ми кæнинагыл. — Сæлимæт, бирæ ма ис де ’лвисинагæй? — Мæнæ ма ацы цонг** фæуыдзынæн æмæ уал абон æгъгъæд фæуæд, — загъта Сæлимæт æмæ æлвисинаг ба- дардта Залиханмæ, стæй йын ныккаст йæхи къухтæм,— дæуæн дæр æвæдза хорз æнтысы, афтæмæй, нæ зонын, ни- куы, дам, быдтон цъында, — раппæлыд ын йе ’нгуылдзты змæлдæй æмæ та йæ уæрджытыл æмбæрзт кæттаг разда- рæныл армы тъæпæнæй æрбатылдта æлхуый. Залихан йæ мидбылты бахудт, фæлæ дзургæ ницы скод- та, йæ уæхсчытыл æппæрст, егъау, чырынтæ бæзджын ша- лийы кæрæттæй бæстондæр æрымбæрзта йæ цæнгтæ рæм- быныкъæдзты онг æмæ дарддæр кодта йæ куыст. Йæ цы- бырæлвыд сæрыхъуынтæ уыдысты миты. хъæпæны хуызæн. Æрдынзылд æрфгуытæн нæ аивта се ’взонджы хуыз æмæ цæсты хаутимæ зындысты тарбын. Сылгоймаг хаттæй-хатт ракæсы йæ кæсæнцæстыты сæрты æмæ уæд фæфылдæр вæййынц йæ ныхы æнцъылд- тæ, фæлæ уый хыгъд гæзæмæ ферттивы стыр тымбыл цæ- 11 Фæсагæн къул — Хæдзары фæстаг, æнæфæрсаг сис. * «Цонг» фæхонынц æлвисæджы цонгыл конд къуымбилы тыхтон. 69
стыты кæддæры кæлæнгæнæг зынг æмæ та сыл фæллад уæлтъыфæлттæ сæхи куы ’руадзынц, уæд та уыцы зынгæн дæр æрнымæг вæййы йе ’рттиваг. Къæсхуыргомау даргъ æпгуылдзтæ змæлыдысты уæзбын æмæ арæхстгай. Сыл- гоймагæн, æвæццæгæн, фæриссынц йæ фæсонтæ æмæ хат- тæй-хатт схæцы йæ гуырыл, арф сулæфгæйæ йæ цæстытæ дæр фæиппæрд вæййынц цъындайы къæбæлтæй æмæ уысмы бæрц абады, æндзыгау, къулбæрзæйæ, стæй та ногæй йæ астæу æркъæлæт вæййы æмæ та ныккæсы амонæн æн- гуылдзыл тыхт тæбынмæ, — цъындайы къæбæл дзы цæст кæм фелвасы, уырдæм. Сæлимæт йæ тар морæ сæрбæттæн хъæддых æрбатых- та йæ сæрыл æмæ йын йæ кæрæттæ балхынцъ кодта æрф- гуыты хæдсæрмæ ныхыл, фæлæ ма уæддæр ранæй-рæтты зындысты халасгъуыз сæрыхъуынтæ. Иæ хурсыгъд цæс- гомыл нæ зындысты азты бæрджытæ, нæ йæ хъуыд кæ- сæнцæстыты сæр, фæлæ-иу уæддæр, æлхуыйыл æй атухы- ны фæстæ, арæх лыстæг ныккаст тæбыны халмæ. Æмбисбонæй раджы ахызт. Фæззыгон хуры тынтæм æрдзы гауыз æрттывтытæ кодта. Бæласы бур сыфтæр куыд- дæр къалиуæй рахауы, афтæ ма, тæхыныл фæлварæгау, æрзилы уæлдæфы æмæ стæй æрныхæсы уымæл зæххыл. Хуссæртты кæрдæг фæхус, фæхъæбæр. Хъугæмтты бæркад цадæггай ацыд къæбицтæм, хордæттæм æмæ, лулæ дымæ- гау, хæдзæртты фæздæг ныфсджындæрæй йæхи ивæзта ар- вы ’рдæм. Хъæды зарæг цадæггай тади. Мæргътæ ивтой сæ цæрæн бынат, фæлæ ахæм аудинæгтæй сæрибар уыды- сты сырддон цъиутæ. Уыдон та сæхи хæстæгæй-хæстæг- дæр ластой хъæуы ’рдæм, хæдзæрттæм, адæммæ. Уæртæ дзы ныр дæр иудзæвгар сæхи æруагътой кæртмæ æмæ ба- иу сты кæрчытимæ, уидзынц цыдæртæ, фæлæ тæрсгæ-риз- гæ сæ цæст дарынц алырдæм. — Кæс ма, кæс, ацы фæлитойтæм, сæхи та нын куыд фæдзæхсынц рагацау, — Залихан ныууагъта цъында би- йын, йæ къухтæ æрывæрдта йæ уæрджытыл æмæ та акаст йæ кæсæнцæстыты сæрты. — Нæ сæр та сæ бахъуыд æмæ та нæм сæхи æввахсæй- æввахсдæр ласынц. Уыдон, æвæццæгæн, иннæтау, нæ фæ- цайдагъ стььцæугæ цардыл, кæнæ та сæ сæ къах нæ хæс- сы сæ уæзæгæй, — йе ’лвисын ныууагъта Сæлимæт дæр æмæ хъæлдзæг зæрдæйæ каст сырддон цъиутæм. * — Сывæллæттæн зæгъын хъæуы æмæ та сын рагацау бацæттæ кæной бынæттæ, науæд та нæ зымæгон зымæджы дæргъы уынгæджы фæкæндзысты. — Мæ зæрдыл мын æй æрбалæууын кодтай, Залихан. Ды уал абад хуры хъæрммæ æз сывæллæттæн хæринаг 70
ацæттæ кæнон, науæд сæ мад дæр, мыййаг, куыстæй æрæг- мæ куы ’рбацæуа, уæд та, ацы сырддон цъиутау, сæхи ма- хыл ныццавдзысты, — Сæлимæт цыма тынг ферæджы код- та, уыйау дзургæ сыстад æмæ атындзыдта. — Ацу, æз дæр ма æххæст мæнæ кæртыл уисой рауа- дзон æмæ дæ феййафын, Залихан дæр къуыбылойы атъы- ста цъындайы къæбæлтæ æмæ йæхи æррæвдз кодта сы- стынмæ. — Æнцад æрбйд, мæнæ æрбацæудзысты æмæ та йæ уы- дон афснайдзысты. — Мæнæн дæр ницы уыдзæн, нырма афтæ нæ базæронд дæн æмæ ахæм куыстытæм базивæг кæнон. Сæлимæт ницыуал загъта æмæ ацыд хæдзармæ. Залихан сыстад æмæ бæрз уисæй1 арæзт даргъхъæд- джын унсойæ райдыдта мæрзын. Цалдæр кæрдзыны къæ- бæры систа зæххæй æмæ сæ, ныхасгæнгæ, нывæрдта йæ раздарæны дздоппы: — сымах чи аппæрста, уый цалдæр боны хор доны хъæстæ ма фæкæн æмæ уæд бамбардзæн, хойраг цы у, уый! Адон ныртæккæ мæ удыбæстæйы тых- хæй аудайдзынæн мæнæ ацы сырддон цъиутæн æмæ сæ мæтæй амарæд. Уæдмæ сывæллæттæ дæр æрбахæццæ сты скъолайæ, тагъд кæнынц хæдзармæ, лæппу фæхæрд кодта асинтыл. Сæли^æт кæсы къæлидорæй æмæ сæ фæдзæхсы: — Уæртæ уал Залиханы бæсты кæрт амæрзут, нырма уæддæр хæринаг цæттæ нæу. — Æппындæр нын рæстæг нæй, Æна, фæстæмæ нæ цæ- уын хъæуы, абон нын бирæ куыст ис, — лæппу ныхасгæн- гæ схæццæ асины сæрмæ. , — Залихан, ма фыдæбон кæн, цас мæрзинаг у, æз куы ’рбаздæхон, уæд афснайдзынæн кæрт дæр æмæ уынг дæр, — загъта ;чызг æмæ ма йæ мидбынаты лæугæйæ æнхъæлмæ каст Залиханы дзуаппмæ. — Цу, цу, дæ нывонд фæуон, дæхи загъдау цас мæр- зпнаг у, исты дын мæ хнд куынæ рацыд мыййаг, — загъта сылгоймаг фæлмæн хъæлæсæй æмæ йæм зæгъгæ æввахс- дæр лæуд фæцис, уæд ын æнæмæнг йæ русæн акодтаид зрдиаг пъа. Чызг ацыд, фæлæ уæддæр Залихан ныхас кодта йæхи- имæ: «Æз дæр мæхи истæуылты хъуамæ ирхæфсон, уæдæ цы. Афтæ зæронд дæр нæма дæн, нæ, ома пенси исын æмæ... Мæ цахъæнтæ нырма хæдзардарджытæ сты, сæ сæрмæ «цума» зæгъын дæр нæ хæссынц. Сылгоймаг зыдта, скъоладзаутæ æрвылбон дæр урок- ты фæстæ цырт аразыныл кæй кусынц, уый æмæ сæ ныр- 71
ма никуы бакъуылымпы кодта. Фæлтау йæхи бафæлмæ- цын кæндзæн. Залихан бырæттæ батымбыл кодта кæрты къуыммæ æмæ та æрбадт, чысыл раздæр кæцæй сыстад, уыцы бы- наты, йæ чындзимæ арæх иумæ кæуыл фæбадынц, уыцы фæйнæгæй арæзт бандоныл. Хæларæй цæрынц рагæй фæ- стæмæ. Уал азы дæргъы сæ иу иннæмæн дæ цæст сау ни- куы загъта. Адæмæн уыдысты тæхудиаг. Залихан та райста йæ къуыбылой, фæлæ йын нал фæ- цис бийынмæ бавналыны фадат, цины уацхæссæг æм ба- хæццæ æмæ йын фехъусын кодта Таймуразы æрцыды ха- бар. Сылгоймаг исдуг джихæй аззад, йæ зæрдæ фæуæззау, уæнгтыл цыма тымыгъы зæй бакалд, уыйау æрсæлæф сты, стæй йæ цнны уылæн атыхта йæ хъæбысы æмæ уæззаугай ахæцыд йæхиуыл, рухсдзæсгомæй бакаст комкомхмæ уац- хæссæджы цæстытæм, стæй йæ къæсхуыр армы тъæпæнтæ æрывæрдта лæппуйы уæхсчытыл. Чысыл зæгъгæ йæ зæр- дæмæ æнæнхъæлæджы баирвæзт цины, кæнæ масты æн- къарæн, уæд йæ хъуыды фæиртæсы æмæ къахæй къухмæ райдайы ризын, фæлæ йæм ацы хатт нæ фæзынд ахæм æу- уæлтæ, æрмæст æрæджиау базмæлыдысты йæ роцъо æмæ йæ былтæ. — Мæ уд дæ рæзгæ царды , нывонд, — загъта ныллæг ризгæ хъæлæсæй Залихан æмæ ма йæ фæндыд ноджы дæр цахæмдæр æнкъарæнтæ сæргом кæнын, фæлæ йе ’взаг нал бакаст йæ коммæ, æрмæст ма зæрдæ æмæ хъуыды æгас хæдзары фарн æмæ амонды фæдзæхстой цард рафæлди- сæгæн, хæхбæсты зæдтæн, быдыры дзуæрттæн, лæгты дзуа- рæн æмæ уалынмæ йæ зæрдæ йемуд æрцыд. Уæдмæ йæм бахæццæ бæлццон йæхæдæг дæр. Иугæр æй Таймураз йæ хъæбысы куы атыхта, уæд сылгоймаджы уæнгтæй æнæ- нхъæлæджы фæлыгъд амондыл гуырысхойы фæд æмæ йе ’фсымæры хъæбулы хъæбулы æвзонг, тыхджын цæнгты ’хсæн йæ фæллад зæрдæйы базмæлыд царды ныфс. Уæд- мæ æрбамбырд сты сыхæгтæ, фæсивæд, хъæубæстæ æмæ иууылдæр бацыдысты хæдзармæ. Залихан бадт Таймуразы фарсмæ æмæ йын æппын- æдзух каст йæ худæнбыл, æрттиваг цæстытæм. Лæппу æрæджы райдыдта йæхи дасын, гæзæмæ хурсыгъд цæс- гомы цъар æрттывта, лакæй ахуырстау, æрмæст æй йæ тæ- нæг саубын рихитæ хастой лæгты номхыгъдмæ. Залихан ма иучысыл абадт Таймуразы фарсмæ, стæй фæсивæды ныууагъта æмæ ацыд йæхи хатæнмæ. Афтæ фæцайдагъ æвзонджы бонтæй фæстæмæ, иунæгæй, хиба- рæй йæ зæрдæйы бæллицтæн радты сæрибардзинад, нæ- дæр сын сæ рæвдыдæй æфсæды, нæдæр сын сæ уайдзæф 72
æМæ тызмæг æнгасæй фæлмæцы. Ныртæккæ дæр æнкъард- та æнæкæрон циндзинад, фæлæ йæ уыцыиу рæстæджы уæгъд нæ уагъта цахæмдæр æрхæндæг æнкъарæн, афтæ- мæй хатæны къуымты зылд æрттæдæлармæй, къултыл конд хуызистытыл цæст хæсгæйæ, æмæ куы йæ цæсты хау- тæ баумæл вæййынц, куы та цины нысæнттæ дæр фæзы- нынц йæ цæсгомыл. Залихан æрбадт диваныл. Ныр та стъолæй райста хуыз- истыты альбом æмæ йæ æрывæрдта йæ уæрджытыл, аджих, — фæлдаха йæ æви нæ, ууыл дызæрдыггæнæгау. Хатæн уыдис, æрхæндæгау, сабыр, фæлæ-иу æм хатт бай- хъуыст фæсивæды ныхас æмæ худын æмæ-иу уæд айдзаг царды ныфсæй. Сылгоймаджы зæрдæ агуырдта циндзинад, фæлæ йæ тынгдæр ласта æнкъард сагъæсты гуылфæнмæ æмæ йæ рахиз къух рахæцыд альбомы фыццаг цъарыл. Ууыл æрып- пары цины æмæ масты цæссыг дæр. Уый йын ракæны ив- гъуыд дуджы таурæгътæ, уый йыи æрымысын кæны, фын- фенæгау, йе ’взонджы бонтæ æмæ сæм Залихан дæр фæ- кæсы куы сæрыстырæй, куы къæмдзæстыгæй. Альбомы фыццаг цъарыл йæ мад æмæ йæ фыд Машо æмæ Амырханы хуызистытæ. Æрмæст дæр уыдон раз хо- ны йæхи къæмдзæстыг. Афтæ йæм фæкæсы цыма йæ уы- дон мæрдты бæстæй дæр дарынц азымы. Цæмæн сæ ныу- уагъта сæ уæзæгыл æнæдарæг, æнæфæкæсæг. Фæлæ йæ уыдон никуы дардтой азымы, æрмæст æй фæдзæхстой алы фыстæджы дæр: нæ хъæбул, махмæ дæ зæрдæ ма ’хсайæд, истытæ кæндзыстæм, нæ фарсмæ ис нæ дарæг, нæ ныфс — нæ чындз Сæлимæт. Уый Асæхмæты цардæмбал у, Залиханæй цалдæр азы хисдæр, фæлæ нырма хæдзары зылдтытæ искæйы бар ба- кæнын йæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ кæны. Ныртæккæ дæр бæлццоныл бацин кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон пууылдæр айста йæхимæ, йæ азты уæз дæр нал æнкъары, афтæмæй. Асæхмæты фæзындмæ ис мыггагмæ æнхъæлмæ кæсæн: Хæсты фыццаг бонты фæци æбæрæг сæфт æмæ йæ хойы дæстыты дæр баззад раст мæнæ ацы хуызисты кары. Йæ пунæг бындар Мухтар та афонмæ йæ фосы дзугтимæ фæ- хгеццæ кæны Хъызлармæ. Бæргæ йæ фæндыд йæ бæлццо- НЬ1 фенын, йæ хъæбулыл бацин кæнын (æрæджы дзы цы фыстæг райста, уым фыста, рæхджы кæй ацæудзæн, уый тыххæй) фæлæ йын нал уыдис гæнæн, иугæр арв хъуын- тъыз кæнын куы райдыдта, уæд æфцæгыл мит рауарыны тасæй æнæнхъæлæджы фæраст сты фæндагыл. Мæнæ йын заегъгæ иунæг афæдз дæр нæ фæцис Хъызлармæ ацæуы- 73
ны фадат, уæд æй, æвæццæгæи, йæхицæн цæрæнбоныл дæр нæ банымаит. Мæнæ уый та, Мухтар йæ зæды хай кæй хоны, уый — Косер. Нырма йæ хъæбулы къух дæр нæ рай- ста, фæлæ ма йын исчи бакæсæт йæ зæрдæмæ кæддæра йæхи куыд пайы цины малы. Йе ’рыгон цардбæллон цæс- гом тæмæнтæ калы уалдзыгон райдзаст бонау, лыстæг, тæнæг æрфгуыты бын даргъæлвæст сатæгсау цæстытæ тæ- мæнкалгæ куы иуырдыгæй бакæсынц зæрдæйы уидагмæ куы иннæ ’рдыгæй. Йæ фезмæлдыл цæст дæр нæ хæцы. Кæддæр æрхæндæг æмæ сау маст йæ къуымы кæмæн ба- цардп, уыцы уæзæгæн нæ фесæфти йе стыр фарн æмæ та дзы æрфысым кодта царды амонд. Залихан йæ цæст рахаста сæ бинонты царды фæнда- гыл. Райдианы йыл бæргæ дзæбæх цыдис цинæпдзаг зæр- дæимæ, ’ фæлæ иугæр куы фæсаджилтæ, цæлхдуртæ йыл куы фæзынд, уæд фæкадавар сты æвзонгады хæрзиуджы- тæ, фæуæззаудæр хъысмæты æргъом. * * * Залихан тындзыдта хæдзармæ, цæмæй райдайдзæн, куыд ныхас кæндзæн йæ мад æмæ йæ фыдимæ, уыцы фæнд- тæ æмæ хъуыдытимæ. Фæлмæн уддзæф атыхсы йæ дæл- лагхъуырыл, йæхи асæрфы фæлурс цæсгомыл, февналы цыбыр æлвыд сæрыхъуынтæм æмæ сæ азмæнты, чызджы мæстæймарæгау, куы йыл размæ ахæцы, куы та йæ разы фæцæхгæрмæ вæййы цъилау зилгæ. Чызг бахæццæ кæрты астæумæ. Уым чысыл йæхиуыл фæхæцыд, цалдæр хатты арф сулæфгæйæ йæ цæст ахаста, чысылæй фæстæмæ кæм схъомыл, уыцы кæрты къуымты, уыцы цæхæрадоныл æмæ йæм дзы алы къутæр, алы бæлас дæр ацы хатт фæкаст дахæмдæр æцæгæлон, æрхæндæг, æгæрыстæмæй сæ цуа- нон йæ бынатæй дæр нæ фезмæлыд. Агъуысты дæлбазыр хуыссыд тымбылтæй. Залиханы къæхты хъæрмæ ракаст йæ иу цæстæй, стæй иннæмæй æмæ сæ стæй æрыхгæдта тæргайгъуызæй, цыма искæй азымы дардта, ома дысон- бонмæ фынæй кæй нæ уыдтæн, уый хъуамæ бинонтæй ал- чи дæр æмбарит æмæ зæгъит иу дыууæ рæвдауæн ныхасы. Залихан æм хъуамæ æввахс бацыдаит, фæлæ, къуылым- пыгæнæг æнкъарæнтæй тæрсæгау, атындзыдта асинтыл уæ- лæмæ. Уым, аивæй, фæдзырдта Сæлимæтмæ, йæ цонгыл ын ахæцыд æнæдзургæйæ æмæ йæ акодта йæхи хатæнмæ. Сæлимæт гуырысхойы бахауд. Залиханæн йæ бон нæ- ма уыд дзурын. Донгарзæй агуывзæйы æркодта дон æмæ йæ цалдæр хатты сдардта йæ дзыхыл. Иузаманы ныккаст 74
Сæлимæты цæстытæм æмæ сын сæ мпдæг агуырдта йæхи зæрдæйы фæндиаг уынаффæтæ. Æрæджиау ын йе ’фцæ- д>кы йæхи ацауыгъта, йæ цæстытæ фестадысты суадæттæ, куьтдта хæкъуырццæй, йе уæхсджытæ змæлыдысты ризæ- гау, афтæмæй нал æмæ нал æнцад. Сæлимæт тыхсгæ дæр фæкодта æмæ тæрсгæ дæр, ис- дуг йæ бон нæ уыд сдзурын, афæрсын, фæлæ иугæр Зали- Хан, йе ’фцæгыл ауыгъдæй, йæ кæуын куынæуал урæдта, уæд ын æрæджиау уайдзæфгæнæгау бакодта: — Дæ кæуын ма ныууадз фæлæ ныл цы ’рцыд, уый мæ- нæн дæр бамбарын кæн. Фæскъæвда, хуры цæсты ферттывдау, Залиханы сырх- бык уадултæ æмæ уымæл цæстытыл фæзындысты цины фæдтæ æмæ та ныккаст Сæлимæты цæстытæм. — Кæд мæ бамбарай, уæд дæ уыдзынæн æнæкæрон буз- ныг. Амырхан æмæ Машойæн мæ хъуыды сæ хъусты куы бацæгъдай, уæд-иу дæхæдæг та ме ’вварс фæу. Мæцæ зæгъгæ чысыл дæр фæгуырысхо дæ, мисхалы бæрц дæр мæ азымы бадардтай, уæд, æвæццæгæн... — Залихан кæ- ронмæ нал загъта йæ хъуыды, фæлæ ацы хатт тызмæгдæр цæстæй каст Сæлимæтмæ. — Иугæр ды, ныфсы цæджын- дзау, сæ фарсмæ куы балæууай, уæд дæу нал бахъæудзæн дзурыны сæр, мæхæдæг ныхас кæндзынæн семæ, — Зали- ханы хурхы у^адындзтæ ахгæдтой, фæлæ æрæджиау сæр- гом кодта йæ хъуыды, — цалдæр чызгæй цæуæм æфсадмæ. Сæлимæт фестъæлфыд, йæ цæсгом фæтызмæг, зæгъын- мæ хъавыд зæгъг-æ æз ацы ныхасы хайад нæ райсдзынæн, фæлæ йын Залихан фембæрста йæ хъуыды: — Фæлæу чысыл, кæронмæ ма? дзурын бауадз. Нæ фаг кæнынц медицинон хотæ æмæ мæм æгад кæсы ам фæны- чы фарсмæ бадын. Фæлтау зæгъын, — йæ ныхас фæфидар- Д^р Залиханæн, — ме ’фсымæр Асæхмæт æмæ нæ разагъ- та фæсивæд кæм фæразынц, уым уадз æмæ æз дæр он, чизоны сæ искæмæн мæ бон бауа баххуыс кæнын, æппын ницы, фæлæ цæф хæстоны дзыхыл дон уæддæр сдардзы- нæн. Цæй куыд дæм^кæсымæ хъуыды, æвæццæгæн мæ бамбæрстай? Æз афтæ зæгъæг нæ дæн æмæ дæуæн æнцон Уыдзæн. Дæу, æвæццæгæн, бахъæудзæн фидардæр фæлæу- Уын. Адæймаг йæ сомбоны ныфсытæй цæры æмæ мах дæр фенæм, чизоны нæм цы фарн кæсы, цы амонд, арв, дам, куыд нæры, афтæ нæ цæвы. Æбæрæг сæфты гæххæттытæ ма райстой нæ комбæстæй чидæртæ æмæ уал дзы цалдæр Разындис. Уæдæ бынтон нæхи ауадзæм, уый дæр раст кæ- Цаей уыдзæн, зæгъ ма! Тыхст заманы-иу зæрæттæн фидар !1Ь1фс авæр. Уыцы изæр Сæлимæт рахабар кодта Амырхан æмæ Ма- 75
шойæн. Мад æмæ фыдæн цыма сæ зонд фæцыд, уыйау джихтæгæнгæ дыууæрдæм кодтой хæдзары къуымты, аф- тæ сæм каст цыма та сæ чызг йæ хъазæн ныхæстæм ба- хæццæ, фæлæ хабæрттæ бæстондæр базоныны тыххæй зыл- дысты йæ алыварс, комкоммæ афæрсын та сæ йæ ныфс ничи хаста, цæмæй тарстысты, ахæм уац æнæнхъæлæджы фехъусынæй тæрсгæйæ. Залихан æмбæрста, æргом ныхас дзы кæй домынц, уый, цы фехъуыстой, уый сæм фынфенæгау кæй кæсы æмæ сын уæд къæмдзæстыгæй, зæхмæ кæсгæйæ рахабар кодта: Сы- мах æстут мæ мад æмæ мæ фыд, Сæлимæт та мæ чындз æмæ уæ хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр мæ бон басусæг кæнын ницы у. Цалдæр чызгæй цæуæм æфсадмæ, куыд медицинон хотæ, афтæ. Æххуыс кæндзыстæм цæф хæстон- тæн. Дарддæр цы уыдзæн, куыд уыдзæн, уымæн ничи ни- цы зоны. Æппæт дæр уæм фысдзынæн мæ фыстæджыты. Мад æмæ фыд тарстгъуызæй бакастысты кæрæдзимæ, стæй фыд йæ къух ауыгъта æмæ ацыд иннæ хатæнмæ ны- хасгæнгæ: кæнæ мæ зонд фæцыд, кæнæ мæ хæйрæджытæ сайынц. Мад ^йæ цæстысыгтæ лæмаргæ, тæргайгъуызæй йæхи æруагъта бандоныл æмæ уый дæр, чызг æй куыд хъуыста- ид, афтæ дзырдта уайдзæфгæнæгау: — Æвæццæгæн ма мын цæрын куы бацайдагъ уа, уæд ма истытæ хъусдзынæн æмæ уындзынæн, кæд ма фехъуы- стай фыдæлтæй фæстæмæ дæ цахъхъæн чызджы æфсадмæ цæугæ, уæлдайдæр айхуызæн заманы, кæд не сæфт не ’рцыдис, уæд? — Нана, æндæр^гæнæн нæй, афтæ домы рæстæг, фæлæ м-æ къуылымпы кæнынвæнд ма скæн, уæддæр мæ фæндæн ивæн нал пс. Уæ зæрдæ мæм ма ’хсайæд, сымахæн дæр æнцон иæ уыдзæн, фæлæ фæразын хъæуы. Мады зæрдæ рацæйтыдта фыртыхстæй, йæ бон нал уыд иунæг къуылымпы ныхас зæгъын дæр, афтæмæй бадт, цавд дурау, стæй йæ Сæлимæт акодта хуыссæнуатмæ. * * # Æфсадмæ Залиханы ацыды хабар хъæубæсты адæмы хъустыл куыддæр æрцыд, афтæ, куыройы нукмæ дон ауа- дзæгау, цалдæр боны се ’хсæн нал уыд æндæр ныхас: «Кæд æй агурæг нæ уыд, уæд цымæ кæдæм цыдис, немыцы уый аздахынмæ хъавы», «Сылгоймаг уым цы хъуамæ сараза», «Æниу йæ хæдзар, йæ зæронд мад æмæ фыды кæй æвджид ныууагъта, чындз у æмæ кæдмæ æнхъæлмæ кæсдзæн, иу- 76
гæр йæ бон куы базона, куы афæлмæца, уæд æй бæтгæйæ дæр ничиуал бауромдзæн». Фæстагмæ уыцы ныхæстæ рай- дыдтой кадавар кæнын, уæлдайдæр Залихан цалдæр фы- стæджы куы æрырвыста, уæд. Æппæлыд йæ камандирæй, де мбæлттæй, йæ службæйæ, иунæг фæсмоны дзырд дæр иикуы ныффыста... Цыдис рæстæг. Хæсты быдырæй хъуыст алыгъуызон хабæрттæ. Сæ райгуырæн уæзгуытæм здæхтысты, йæ бон хзсцæнгарз райсын кæмæн нал уыд, уыцы цæф хæстонтæ. Уасилы æрыздæхынæй мæй дæр нæма рацыд æххæст, йæ цонджы бæстытæ нæма райхæлдта, афтæ йæ хъæубæ- стæ равзæрсто?Г колхозы сæрдарæй. Бæргæ ма дзырдта: «Рынчын адæймаг дæн, æфхæрд лæг, нæ бауыдзæн мæ бон æмæ азымаг фæуыдзынæн, стæй мæ мæхи мæт уый бæрц нæй, фæлæ колхоз æдзæллаг уавæрмæ куы ’рцæуа, уæд ма ацы уæззау рæстæджы кæд слæудзæн йæ къахыл, кæд ма дзы бавæрдзæн адæймаг царды ныфс, æмæ æл- гъыстаг ’фæуыдзыстæм». Уасил — иуæрдæм, адæм та — иннæрдæм. Иу сылгой- маг æм бынтон бауырдыг, нæ, дам, нæ хъæуы дæ куыст, æрмæст нын ном хæсс, уый йеттæмæ нæхæдæг зонæм. Аф- тæмæй акарста адæмы ныхас. Уасилæн дæр нал уыд гæ- нæн æмæ загъта: «Цы уа, уый уæт, иугæр тох, уæд кæ- ронмæ!..» Æмæ æцæгдæр, адæмæн ницы хъуыд амонын, нæ сын уыди æрынцой æхсæвæй-бонæй. Гæппæл дæр нал уагътой аенæ куыст, цыдысты бегара, сывæллонæй, зæрондæй кар- стой хос, найгæнæнты сын нæ уыд æрхуыст. Уасил йæ хъус дардта æфсæддонты бинонтæм. Æххуы- сы рæстæджы-иу фæдзырдта скъоладзаутæм дæр, рæвдыд- та сæ ныхасæй, гæнæн уæвгæйæ дарæсæй, хæринагæй. Рæ- стæгæй-рæстæгмæ-иу азылд хæдзæрттыл дæр. Иухатт Амырханты къæсæрæй куы бахызт, уæд бинон- тæ исдуг фергъуыйау сты, афтæ сæм фæкаст, цыма сæ бæлццон æрбалæууыд къæсæрыл. Тынг ыл бацин кодтой æмæ бабуц сты. Сывæллоны къухы авæрдта къаффеттæ. Æхсæвæрмæ дæр сæм æрлæууыд, афтæмæй сын ацайдагъ Дæргъвæтин ныхас. — Æз дæм, Амырхан, сæйраджы дæр уынаффæмæ æр- бацыдтæн. Уынгмæ нал цæуыс, адæмимæ нал хæццæ кæ- нЬ1с, æгæр фæдæ дæ зæрдæмæ хъусыныл æмæ дын зонд нæ б^цамондзынæн, дæхæдæг æппæт дæр æмбарыс, фæлæ аф- тæ дæхи ауадзай, уый дыл не ’мбæлы, стæй уыцы кары дæр Наема дæ. Адæм махмæ кæсынц æмæ сæркъулæй куы лæу- Уæм сæ разы, уæд ма нæлгоймаг рацæуæг кæмæй нал ис, Уыдон та цы хъуамæ кæной? 77
— Уаспл, дæ рынтæ бахæрон, уыдоныл дæр хорз бо^ нæй, фæлæ æз мæхицæй зæгъын, иугæр хæдзар куы фæ^ цуда, уæд ын уромæн нал ис, нал. — Уый бæсты ма мæнмæ æрбайхъус. Сæрдыгон хизæн^ ты хорз хæдзар сарæзтам, ис дзы æхсæв бынат, цыхтах^ сæн, фæлладуадзæн, иудзырдæй кусыны фадæттæ, адæй^ маг дзы нæ фæтыхсдзæн. Уырдæм ацæудзынæ фыййауæй; зынæй дзы кæй ницы ис, уын ды мæнæй хуыздæр зоныс; Сæумæрайсом стурты галуанæй ахпзып кæн æмæ сæ изæ- ры банымай. Кæд дæ фæнды, уæд Машойы дæр демæ акæн:; Уый та-иу хъуццытæ радуцдзæн. Ардыгæй фæззæгмæ Сæ- лимæт иунæгæй дæр хæдзарыл ницы зиан æруадздзæн^ стæй-иу æм сымах дæр рæстæгæй-рæстæгмæ æруайдзыстут,', мæлæты дард куынæ сты мыййаг нæ сæрвæттæ. Ацы уынаффæ фæцыд бинонты зæрдæмæ. ; Амырхан æмæ Машо ацыдысты стуртимæ сæрдыгон! сæрвæтмæ. Сæлимæт баззад хæдзары æмæ, æгас хъæубæ^ сты ныфсæй, уый дæр хъæцыд йæ фыдæбойнаг хъысмæ-' тыл... ! Уыцы изæр дæр та Амырхан банымадта йе стуртæ.; Хъугдуцджытæ райдыдтой дуцын, афтæ бахæццæ, райсо- мæй кæрдзын хæссынмæ кæй арвыстой, уыцы лæппу æмæ Амырханæн ракодта, фæсхохæй сæм сæ чындзы æфсымæр кæй æрцыд, уыцы хабар. Лæгæн лæппуйы ныхас бакъуырд- та йæ зæрдæ, алгъуызон хъуыдытæ æддæг-мидæг ауадысты йæ сæры, фæлæ йæ дзы иу уæддæр дуарахæсты б’акодта, нал æмæ нал куымдта сæрæй. «Уый æнæнхъæлæджы не, ’рцыд, кæндзæн йæ хойы, куынæ кома, уæддæр æй сразы кæндзæн. Цæуын хъæуы æвæстиатæй». Лæг йæ фæнд загъта йæ усæн. Уый ма йæ дыккаг бон-’. мæ бæргæ урæдта, фæлæ Амырхан райста йæ лæдзæг^. мæйдар уыдзæн, æви къæвда, ууыл дæр нæ ахъуыды код-! та, афтæмæй фæраст. Цæуы, тагъд кæны, катайаг хъуыдытæ йæ схойынц раз~ мæ: «Мыййаг æм цæуыны фæнд куы фæзына, уæд ма цы ми кæндзыстæм ацы мæнг дунейыл, нæ къахыл ма уый ныфсæй куы лæууæм». \ Арв нырттывта æмæ ныннæрыд. Амырханы зæрдæ ба- уынгæг, йæ цæсгомыл æрхауд цалдæр æртахы: «Дæлæмæ ’рхау ды дæр, кæд æй мæ рæстæгмæ не ’рхастай... Нæ, нæ, уымæн уæвæн нæй, цæйнæфæлтау уый мæ уæзæгæй сы- ста, фæлтау мæ цард дæр нæ хъæуы æмæ бон дæр. Æниу; ма дзы уæд цæй цард æмæ цæй бон ис сыгъд æмæ уыры- ды йеттæмæ. Лæг цас тынгдæр катай кодта, уый бæрц йæ къахы айст уыд тагъддæр æмæ фидардæр. Иугæр, зæгъ- гæ, Сæлимæты цæст нал æрттивы, уæд де знаг гæды зæ- 78
гг,æт, нæ фæздæг нал скæлдзæн æмæ нæ къонайы арт баз- зайдзæн норстæй». уæдмæ байдыдта талынгкæнын. Чысыл раздæр ма йæм $$ развæндаг дзæбæх зындп, фæлæ йыл æхсæвы тар æры- тЫДта йæ пæлæз, æрдз йæхи æрныуæрста æмæ цадæггай яффынæй. Уæддæр уыцы иугъæдон нæрыд æмæ æрттывта арв, хъуыст къæвдайы сæх-сæх. Амырхан ныр йæ къах иста зæрдæаивæй æмæ ма уы- цы зындзинадыл дæр хъæцыдаид, — фæндагæн зыдта йæ алы фæзилæн, йæ хæрдтæ æмæ йæ уырдгуытæ, æгæрстæ- мæй къах æрывæрынæн хуыздæр кæм у, уыцы лæгъздæр бынæттæ, — фæлæ уарын кæй райдыдта, уый -йын асаста 1)х хъару. Лæг уайтагъд ныххуылыдз, йæ къæхтæ быры- дысты дуртыл æмæ-иу арæх йæхи дæр нал баурæдта. Уæд- дæр ма йу хуыцау хорз æмæ арв æрттывта тынг арæх æмæ йын-иу уый рæстæгæй:рæстæгмæ фæрухс кодта йæ фæн- даг, æндæра, æвæццæгæн, фыдфæндæгты хай фæуыдаид. Дон лæсæнтæ кодта Амырханы дзаумæттыл, буарыл, дудыдтой йæ къухтæ, йæ къæхты цæфтæ, афтæмæй боны ’рдæм бахæццæ хæдзармæ. Куыддæр æй Сæлимæт ахæм хуызы федта, афтæ стыр дисы бахаудта. Фæрсгæ дæр æй нæма бакодта, афтæ йын фæрсаг хатæны хус дзаумæттæ авæрдта бандоныл. Амырхан уырдæм бахызт йæ чындзы ’фсымæримæ æмæ ныхасгæнгæ раивта йæ дарæс. Уыцы бон уазæг æмæ фысым фæцин кодтой кæрæдзи- йыл. Сæлимæты акæныны кой нæдæр уазæгмæ уыд, нæ- дæр фысым исты сулæфыд æмæ йæ цыды сæр цæй тых- хæй уыд, уый дæр нал сæргом кодта. Дыккаг бон уазæг ацыд æмæ та æрсабыр Амырханы зæрдæ дæр. Уыцы æхсæв дзы, æвæццæгæн, уазал бацыд æмæ нал ссæрæн, æппынæдзух æй йæхимæ ласта лыстæн. Хосгæр- дæны-иу дзы хиды ’ртах ма ратагъдаид, фæлæ уыцы ’хсæ- ьæй фæстæмæ йæ тых райдыдта сысын, чысыл зæгъгæ ис- тæмæ февнæлдта, уæд-иу дон фестад йæ буар. Йæ хъару ^æ нал хаста æмæ ма йæхи ирхæфста хæдзары рог змæ- линæггыл. Дохтыртæн йæхи бæргæ фенын кодта, фæлæ Уь1дон дæр ницы уабæрæг ныхас загътой, æвæццæгæн сæ б°п нæ бацис низы хатт бæстон раиртасын, æмæ-иу ын йæ- Х11мæ байхъусгæйæ бауынаффæ кодтой: Организм уазал- ^ЗЬ1Д у, рæуджытæ чысыл фæхъыгдард сты, фæлæ æнæ- Мæнг хъæуы хи бавæрын. Амырханыл искуы низ фæтых уыдзæн, уый йæ никуы °аУЬ1рныдтаит, фæлæ йе уæнгтæ куы ’руæззау сты, йæ бон Заэрдæйы фæндиаг куынæуал уыд фезмæлын, куыстмæ раз- ^фРау хæлæфæй февналын, уæд арæхæй-арæхдæр йæ цæ- 79
стытыл уадысты йе ’взонджы бонтæ, пæ хъуыдытæ-цу æй ахастой сонты бонтæм дæр æмæ-иу уæд фæцис йæ зæрдæ- мæ хъусынтыл. Машо дæр ма уыцы фæззæгмæ баззад сæрдыгон хи- зæнты, хъугдуцæгæй, фæлæ уый дæр иннæ аз йæ ныфс нал ахаста, стæй йæ йæ хæдзары фадæттæ дæр нал амыдтой, æрмæст ма-иу фермæмæ бауад йæ чындзæн аххуыс кæны- ны тыххæй. Бипонтæ Асæхмæтæй кæд фыстæг нал истой, (æбæрæг сæфт кæй фæцис, уыцы хабар сыл раджы сæмбæлдис) уæддæр нæ састысты сæ ныфсытæ, уæлдайдæр та Сæли- мæтæн. Ног хабармæ,. бæлццонмæ æнхъæлмæгæсгæйæ сæ йæ хуыссæны тарф фынæй ничиуал бацис, — тарстысты дымгæйы унæрæй дæр. Уæддæр ма иу хуыцау хорз æмæ Залиханæй арæх ис- той фыстæг, Сæлимæт-иу сыл тынг бацин кодта, кæд-ну сæ хатт зæрдæриссæн хабæрттæ уыдис, уæддæр, фæлæ сæ’ мад æмæ фыдæн никуы схъæр кодта, уыцы рæнхъытæ-иу нæ бакаст уыдонæн. Тынг ын фæдзæхста йæ мад æмæ йæ фыды. Рæхджы кæрæдзи кæй фендзысты, уыцы хъуыдыйæ фæуд кодта йæ алы фыстæг дæр. Уыцы боны хуызæн никуы схъæлдзæг Машойы зæрдæ,' Асæхмæт, стæй Залиханы балцы ацыдæй фæстæмæ. Зали- ханы фыстæгмæ тынг зæрдиагæй каст Сæлимæт. Ацы хат- тæй æрæгмæдæр дзы никуы райстой æмæ сын йæ алы дзырд дæр уыдис йæхи фендау. Сæ хæдзары къуымтæ дæр цыма фæрайдзастдæр сты. Чындз фыстæг кæронмæ дæр нæма фæци каст, афтæ Машо фестад æмæ ныхасгæнгæ ра- зылди къуымты: Кæд нæ хуыцау бынтон нæ сынамонд кæ- нит. Лæгты дзуар, мæ уд дæ къæхты бынты фæхъау,' сыгъзæрин кувæндæтты уын фæкуывдæуæд æмæ нæ бæлц- цæттæ де уазæг. Мæ хъæбул... Мæ хъæбул!.. Дæумæ дзу- рын, дæумæ, чындз, ныртæккæ дын ацæттæ кæндзынæн хуын æмæ нæ хæдзары номæй хъуамæ ацæуай дæлæсых- мæ, Тотыры чындзæхсæвмæ. Сæлимæтмæ йе ’фсин хъæбулы номæй кæй сдзырдта, уый, фарны дзырдау,- атад йæ зæрдæйыл æмæ йæ цæсго- мы рухсæй ноджы фæрайдзастдæр сты хæдзары къултæ. Чындзы зæрдæмæ фæцыд æфсины фæнд æмæ бахъæл- дзæг, рагæй нал уыд чындзæхсæвы. Æниу ма уыдон кæй æндæвтой, фæлæ уæддæр адæмæн нæ асастысты сæ цар- ды ныфсытæ æмæ, амондмæ бæлгæйæ, нæ цудыдтой ду- д’жы зындзинæдты раз. Нырма хæрз æрæджы æрцыд æф- садæй уæззау цæфæй, фæлæ чысыл куы фæсæрæн, уæд ын цард йæ разы æрывæрдта бинонты кой бакæныны хæс. Хъæубæстæ уæззау дуджы фыдæнæн балæууыдысты йæ 80
фарсмæ æмæ куывтой цард дарддæргæнæг амондæн. Сæлимæты хъусты рагæй нал азæлыдысты фæндыры æхцон зæлтæ, хъазты, зарæджы мыртæ йын бацагайдтой йæ зæрдæйы тæгтæ, сæ хъæбысы йæ атыхтой циндзинады уылæнтæ æмæ дзы цыма чысыл йæ уæззау хъысмæт æр- байрох, уыйау та йе уæнгты базмæлыдысты царды суадæт- тæ. Йæ къах æй нал хаста æмæ æгæр афæстиат чындзæх- сæвгæнджыты хæдзарьк Рæстæг афтæ тагъд кæй атахт, уый йын фехæлдта йæ бæллиццаг зæрдæйы уаг æмæ аф- тæмæй фæцæуæг сæхимæ. Дардмæ цæуын æй нæ хъуыд, æгасæй дæр дæлæсыхæй-уæлæсыхмæ æмæ фæраст, кæд мæйдары иунæгæй йæ ныфс нæ хаста, уæддæр. Цæуы, тындзы Сæлимæт æгуыппæг мæйдары, фæлæ хатт йæ хъустыл ауайы фæндыры цагъд, æмдзæгъдгæн- джыты фæйнæджы къæрцц-къæрцц æмæ уæд йæ хъус бæ- стондæр адары фæйнæрдæм, цавæрдæр хъæлæба ссыд, фæ- каст æм ныхасы хуызæн, фæлæ йæ ницæмæ ’рдардта, æр- мæст йæ къахы айст фæцырддæр, йæ зæрдæйы гуыпп- гуыпп æм сæхъуыст, нал, ын æнтыст размæ, нал æй ха- стой йæ уæрджытæ, æрхауынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Иу хуыцау хорз æмæ та йæм уыцы цæуæг сдзырдта, ацы хатт нал фæгуырысхо адæймаджы хъæлæсыл, фæлæ чи у, уый нæ базыдта, цалынмæ йæхи нæ бацамыдта, уæдмæ. — Сæлимæт, æз дæн, Дола, тæрсгæ ма фæкæн, бахи- зын дæ кæндзынæн дæ хæдзарг>.æ, æрмæст мæм байхъу^ иу чысыл ныхасмæ. Уæддæр Сæлимæт не ’ууæндыд йæ >Ьустыл æмæ æнæ- дзургæйæ тындзыдта размæ а-ныр мæ чидæр æрбаййаф- дзæн, а-ныр мæм къухæй бавналдзæны тæсæй. Иугæр æм цæуæг куы баввахс, йæ фарсмæ куы балæууыд, уæд акалд йæ сурхид, чысыл ма бахъæуа йæ зæрдæ бахъарм уа, æгас буар зыр-зыр кодта, уæддæр сылгоймаг тындзыдта размæ. — Сæлимæт, æрмæст дæр иунæг ныхас, — Дола фæл- вары сылгоймаджы дзырдæй басæттыныл, фæцæйхизы йæ развæндагмæ, цæмæй йæ чысыл æрурома. Сæлимæты зæрдæ чысыл фæфидар, Долайы куы ба- зыдта, уæд, фæлæ йын къаддæр зын нæ уыд уыцы афон йемæ кæй баиу, уый. — Кæд дæ мемæ исты ныхасаг ис, уæд дыл райсом бон нал кæны, æви цы, хæдзармæ-иу нæм рацу, ам нæ лæугæ чи фена, уый цы хъуамæ зæгъа? — Æз адæмы зæгътытæй нæ тæрсын. — Ды нæ тæрсыс, фæлæ æз тæрсын. — Рагæй дæм хъавын ныхасмæ, ф^лæ мæ къухы не фтыс, хæдзармæ та, раст дын куы зæгъон, уæд мæ ныфс нæ хæссын. 6- Гугкаты Ш. 81
— Цы дæ хъæуы уæддæр, цыбырæй йын нæй зæгъæн? — Æнæ зæгъгæйæ дæр ын ис бамбарæн. — Уæдæ йæ æндæр хаттмæ аргъæвæм. — Нæ, Сæлимæт, æрмæст дæр ахсæв, ныртæккæ, æн- дæра мын ацы мæнг дуне фестдзæни зындон, райсом мыл хур нал ракæсдзæн. Дæхæдæг зоныс, хæст цы у, уый, нæ фæсивæд чындзæхсæвмæ нæ ацыдысты, кæмæндæр дзы цардамонд нал барæвдаудзæн йе ’дзард уды... Асæхмæтыл дæр кæд искуы хур кæсы, уæд ын иунæг рафæлдисæг би- рæ амонд раттæт... Фæлæ... — Цы дæ хъæуы мæнæй?! — Нæ мæ фæнды æрыгон уæвгæйæ ды дæ царды бон- тæ афтæмæй æрвитай... Зын мæм кæсы... Идæдзæй сылгой- магæн царды фæндтыл хъуыды кæнын æнцон нæу. Мæ- нæн та брон* лæвæрд ис, æппынæдзух уаин дæ фарсмæ. (Дола къуылых æрдзæй рахаста, чиудта йæ галиу синæй). — Дæ цæсгом ахæм ныхæстæ куыд хъæцы! Сырх к’æ- ныс æви нæ, уый уæддæр куы уынин. — Чизоны дæм куы зынид, уæд дæм мæ ныфс, æвæц- цæгæн, хæсгæ дæр нæ бакодтаин. — Кæд дын цæсгом ис, уæд мæм афтæ кæсы цыма æф- сæрмæй цъæх арт уадзы. Дæ зæрдыл бадар, ацы фембæлд, ацы ныхас баззайдзæн æрмæст нæ дыууæйы ’хсæн, мæнæ ма дæ зæгъгæ искуы исты æрыхъуыстон, уæд дæм мæ къух сисдзынæн, хъоды дыл бакæндзынæн, — Сæлимæт цæхгæр фæлыг кодта æмæ атад æхсæвы мæйдары. Дола дурдзавдау лæугæйæ баззад йæ мидбынаты. Сæлимæт кæд æмæ кæдмæ нæ бафынæй уыцы ’хсæв. Йæ цæсты сыгтæ лæдæрстысты базмæ. Йæ хъусты зæлы- дысты фæндыры зæлтæ, зарæджы мыртæ, йæ цæстытыл уадысты, Асæхмæтимæ фыццаг хатт куы базонгæ, уыцы æвæджиаг фембæлды нывтæ, йæ чындзæхсæв, æфсадмæ йæ’ фæндараст кæнгæйæ хъуызгæ судзаг цæссыгтæ. «Цæй- нæфæлтау дæлæсин лæгимæ цæрон, фæлтау хорз лæджы номыл баддзынæн» — загъта йæхицæн, масты æнкъарæн- тимæ тохы бацæугæйæ, æмæ йæ цæстытæ æрывæрдта кæ- рæдзийыл. Сæлимæтыл гадзрахатæй никуы разылд йæ зæрдæйы хорзæх, дардта гутон, карста хос, зылди фосмæ, хатт-иу йæ амонд фыдæлгъысты хай дæр фæцис, фæлæ йæм уæд- дæр йæхи уды æнцойдзинады хъуы’ды нику’ы æрцыди. До- лаимæ цы ’хсæв фембæлд, уæдæй фæстæмæ та изæрда- лынгты дæр иунæгæй’ йæ къах никуыдæмуал авæрдта. *Брон — бынат бахъахъхъæныны, фидары дзырды гæххæтт. 82
* * * Залихан, службæ кæнгæйæ, цалдæр мæйы ахуыр код- та курсыты, стæй æрвыст æрцыд фронтмæ хæстæг быды- рон госпиталмæ, Не ’фсад размæ куыд бырстой, афтæ уы~ дон дæр цыдысты сæ фæстæ тохы фæдтыл. Бирæ хатт-иу, цæф хæстонтæн æххуыс кæнгæйæ, афтæ бафæллад æмæ- лу йæхæдæг фæцис æххуыс кæнинаг. Бирæ тæссаг цаутæ пын бахсыстой нæ зæрдæ, йæ зонд, йæ хъуыдытæ, фæлæ, æвæццæгæн, адæймагæн йæ гуырæн бон цы фыст фæуа, уымæй йын нæй фæиппæрд амондæй дæр æмæ фыдбылы- зæй дæр. Цалдæр сахаты нæ банцад хотыхты нæрыи, стæй ца- дæггай æрсабыр бæстæ, æрмæст ма-иу хаттæй-хатт рай- хъуыст иугай æхстытæ, хæдтæхджыты гуыр-гуыр. Цыд размæ медслужбæ, семæ Залихан дæр, афтæмæй. Знаджы хъахъхъæнæн къуылдымæн калд йæ фæздæг. Уый онг цы æдзæгвæз бахаста къаннæг лæнчытæ æмæ къардиутимæ, уымæн ма ранæй-рæтты сыгъдысты йæ нæууытæ, йæ кæр- дæг, калди сæ фæздæг. Хур мигъты ’хсæнæй гæзæмæ йæ цæст радардга, йæ тынтæ асæрфта хæцæныл, фæлæ фестъæлфыд, амбæхст фæстæмæ æмæ нал равдыста йæхи. Мигътæ цадæггай æр- бахгæдтой арвы риу æмæ сæхи, кæуынмæ цæттæгæнæгау, ныллæг æруагътой зæхмæ. Залихан тагъд кæны, зилы цæф хæстонтыл, ныккæсы акъоппмæ. Бирæ хæттыты ма бахауд ахæм уавæрты æмæ æппæт дæр ахста йæхи хъуыды. Кæмæн йæ уæлæнгай цæф абæтты кæуыл ныхасæй баузæлы, кæй та плашæй æрым- бæрзы, фæлæ йæхицæн дæр байсысти йæ хъару, ныры хуы- зæн æгоммæгæс никуы разындысты йæ уæнгтæ. Уæддæр ма иу хуыцау хорз æмæ сæ хъыгдарæг нал уыд, нæдæр уæлдæфы ’рдыгæй, нæдæр зæххыл æмæ архайдта сæри- барæй. Уæдмæ сæм бахæццæ тагъд æххуысы машинæ æмæ уал госпиталмæ арвыстой цалдæр уæззаудæр цæф хæсто- ны. Залихан зилы, агуры дзыхъхъыты, къутæрты ’хсæнты, аДард йе мбæлттæй æмæ бахæццæ иу пыхсджын къохмæ. Æвæццæгæн дзы -æрхауди бомбæ æмæ зæхх ысфæйлыдта, къутæртæн калд сæ фæздæг. Къутæрты фарсмæ, хъуына- иæ æмбæрзт дуры фæстæ, хаудæй лæууыдысты дыууæ хæ- стоны. Иуы дзы, хъынцъымгæнгæ, æрхæндæг зæрдæйæ æрымбæрзта цинелæй. Иннæ нырма улæ’фыд, фæлæ нæдæр Цæстæй каст, нæдæр дзурынæн уыд. Залихан æй æрысгæр- Ста къухæй, фæлæ цæф лæджы буар ницыуал æнкъардта. Айхæлдтайын йæрон, суагъта хæдоны æгънæджытæ æмæ 83
та йын сгары йæ цæфтæ. Туг лæдæрсти цалдæр ранæй, фæ- лæ цæфтæй чи тæссагдæр уыд, уый нæма раиртæста, æр- мæст сыл æвæрдта бæмбæг æмæ сæ тыхта бинтæй туг уро- мыны тыххæй. Æххуысæнхъæл акаст йæ алфæмблаймæ, фæлæ йæм æгæр дард уыдысты йе ’мбæлттæ. Ногæй та куы ’ргуыбыр, хæстоны зæрдæйы куыст бæрæггæнæг, уæд цадæггай байгом сты лæппуйы фæлмæвæрд æрвгъуыз цæс- тытæ. Фæстагмæ ракаст æдæрсгæ æмæ чызджы куы фед- та, уæд æй фæндыд мидбылты бахудын, цыдæр сдзурын. Бынтон æрыгон лæппу. Иæ бурдзалыг сæрыхъуынтæ ма æлвыды фæстæ иу чысыл рауадысты. Уæнгты кондæй уыд фидæрттæ, бæзæрхыг æмæ нуарджын. Залиханы фæнд уыд лæппуйы лæгъздæр бынатмæ цинелыл раласын, фæлæ йæм иуæй йæ ныфс нæ бахаста, ’иннæмæй та йын йæ цæфты бахъыгдарынæй тарст æмæ аивта йæ хъуыды: «Æз ныр- тæккæ, — ныккаст лæппуйы цæстытæм æмæ фестад, — æз фæдзурон иинæтæм»... «Фæлæу!», — сдзырдта-ма лæппу æмæ донæйдзаг цæстытæй скаст чызгмæ. Залихан фестъæлфыд, ацы иунæг дзырд ын чысыл цы- ма йæ зæрдæ барухс кодта æмæ æрбадт фæстæмæ лæппу-, йы фарсмæ. — Мæ ирвæзынгæнæг, — ацы хатт тынгдæр базмæлы- дысты лæппуйы бæзджынгомау, сатæгсау, рыгæйдзаг был- тæ æмæ лæгъстæгæнæджы ’каст скодта Залиханы цæсты- тæм. — Ма тæрс, ныртæккæ дæ бахæццæ кæндзыстæм гос- питалмæ. Залихан ын бæмбæджы тулайæ асæрфта йæ цæ- стытæ, былтæ, уадултæ, стæй йын айста йæ цонг æмæ йын сгары йæ зæрдæйы цæф. — Æз госпиталмæ нал бахæццæ уыдзынæн, æмæ хъуыд- даг дæр уый мидæг ис. Афтæ ма банхъæл æмæ мæлæтæй тæрсын. Нæ... Лæппу йæ сæр азылдта иннæрдæм æмæ дзырдта хъынцъымгæнгæ, сындæггай, ныллæг хъæлæсæй. Залихан æм ныллæг æруагъта йæ сæр. Байхъуыста йæм. — Хъыгаг уый у, мæ куыдз ын фæлдыст фæуа, æмæ мæ æрыгонæй кæй рацахста. Нæ мæ фæндыд ацы кары амæ- лын. — Ахæм ныхæстæ ма кæн, нæ дыл фидауынц, æз дæ ныртæккæ адзæбæх кæндзынæн, — Залихан та сцæйыстад æххуысгæнджытæм фæхабар кæныны тыххæй. — Фæлæу, ма ацу, иунæгæй мæ ма ныууадз! Кæд мæ дзæбæх кæныс, уæд мын сæххæст кæн мæ фæндон, стыр хатыр дæ курын, дæ зæрдæ мыл ма бахудæт, — лæппу та йæ сæр разылдта Залиханы ’рдæм æмæ йæ сурхид акалд, афтæмæй та фæлвæрдта дзурыныл. — Нæ мæ фæнды ацы кары амæлын, æз нырма пъа дæр никуы никæмæн акод- 84
тон æмæ дæ курын апъа мын кæн, — загъта лæппу æмæ, пъамæ æнхъæлмæгæсæгау, æрыхгæдта йæ цæстытæ. Залиханы цæстысыгтæ фемæхстысты лæппуйы ныхæ- стæм, здыхтой йын йæ зæрдæйы уидæгтæ, ихау асалди, хъуыды андзыг, æнæхъæн буарыл фæзындысты уазал хи- ды æртæхтæ. Чызг æрæджыйау йæхи æрæмбæрста, цыма тарф фы« наейæ райхъал, уыйау ныккаст лæппуйы цæсгоммæ, сын- дæггай йæм æркъул кодта, йæ сæр æмæ йæ былтæ авæрд,- та лæппуйы былтыл. Былтæ уыдысты уазал.,. Залихан сындæггай схæцыд йæ гуырыл. Иæ фарсмæ фæздæгæй арыд бæрзытæ сæ сæртæ æркъул кодтой æмп сæ хъæдгæмттæй, цæстысыгау, лæдæрсти, сæ уарзон зæхх сын нæртонæй кæй хæлар кодта, уыцы сой. Рог уддзæф, фæстаг хæрзбонгæнæгау, йæхи асæрфта лæппуйы мæрд- вæлурс цæсгомыл. Цæнгæт мигътæ сæхи ныллæг æруагъ- той æмæ сæ цæссыг калди тохвæллад зæхмæ, хъæрзыдта хæсты быдыр æмæ уæззау æрхæндæг нындзыг кодта За- лиханы æнкъарæнтæ дæр. Залихан лæппуйы дзыппæй систа тугæй ахуырст фæс- комцæдисон билет, стæй йын йæ цæсгом æрæмбæрзта ци- нелæй. Уыцы бонæй фæстæмæ фæлыгъд Залиханы хуыссæг, хъуыдыйы коммæ нал кастысты зæрдæ, æнкъарæнтæ æмæ йæ медицинон къамис арвыста фæсчъылдым госпиталмæ... Хæсты фæстæ Залихан æрыздæхт йæ хъæумæ. Иæ фы- ды нал æрыййæфта удæгасæй. Мад дæр бирæ нал ахаста. Баныгæдтой йæ йæ мойы ингæнæй Асæхмæты афтид ин- гæны ’хсæн. Йæхæдæг Залихан исы пенси, фæлæ кусы хъæуы рынчындоны, йæ лæггады хай кæны йе ’мбæстаг адæмæн. Пионертæ æмæ йæ скъоладзаутæ арæх фæхонынц цытджын изæртæм. Ныр та йæ цæуын хъæуы, сæ хъæубæ- стæй хæсты быдырæй чи нæ уал æрыздæхт, уыдон цырт гом кæнынмæ. Ацы хатт йæхимæ кæсы æвзонгдæр, фæлæ уый хыгъд йæ зæрдæ тыхсы йæхимид. Цыртæй уæззау кæттаг зæхмæ куы ’рбырыд, уæд За- лиханы цæстытæ андæгъдысты сæрбæрзонд æрыгон сал- Даты цыртыл æмæ нал æркуымдтой ныкъулын. Пионертæ азмæ скъоладзаутæ хастой æмæ хастой цардæгас дидин- Джытæ æмæ сæ æвæрдтой цырты бын гранитын подста- ментыл. Адæм цыдысты æрхæндæгæй, бирæтæн дзы йе уæнгтæм Уазал хастой рагон хъæдгæмттæ, йæ цæстытыл уадысты карз тохы бонтæ, рæстæгæн рох кæнын чи нæ комы, уыцы нывтæ æмæ æрхæндæг зæрдæ, фæлæ сæрыстырæй касты- сты æрыгон салдаты цыртмæ. 85
Залихан та ногæй, сæрæй къæхтæм, йæ цæст æрхаста цыртыл, акаст адæммæ, йæ хъустыл ауад хъайтарты за- рæджы мелоди, фемдзаст цардæгас дидинджытæм æмæ фестъæлфыд. Афтæ йæм фæкаст цыма уыдон уд бауагъ- той дурцырты æмæ ныртæккæ базмæлдзæн, уæззау къах- дзæфтæй æрхиздзæн зæхмæ æмæ, йæ цард фæдзæхсæгау, ныллæгъзтæ кæндзæн: «Мæ ирвæзынгæнæг, æгайтма афо- ныл фæзындтæ, нырма мæ нæ фæнды амæлын... Мæлæтæй тæрсгæ мыййаг нæ кæнын, фæлæ нырма æгæр æрыгон дæн, æгæрстæмæй пъа дæр никæмæн ма акодтон. Стыр хатыр дæ курын æмæ мын апъа кæн. Уый уыдзæн мæ фыццаг æмæ мæ фæстаг пъа»... Залиханы цæстытæ цадæггай æрцъынд сты, йæ уæнг- т’Ыл бахæцыд ризæг, акалдйæ сурхид, ницыуал æм хъуыст, ницыуал æнкъардта, æрмæст ма йæ хъусты уыцы иугъæ- дон зæлыд адæмы гуым-гуым æмæ æрыгон салдаты фæ- дзæхст. Сæлимæт ын йæ дæлармы йæ къух куы бавæрдта, уæд, тарф фынæйæ райхъалау, фестъæлфыд, ракаст йæ цæстытæй, йæхи æрæмбæрста æмæ æнæсыбырттæй фæ- лæууЫд митинджы кæронмæ. Адæм цадæггай апырх сты фæйнæрдæм цыдысты иу- гæйттæй, къордгæйттæй ныхасгæнгæ. Залихан æмæ Сæли- мæт дæр чысыл ауадысты, фæлæ сæ сæ къах нæма хаста æмæ та дæрддзæфæй ныккастысты цыртмæ. — Залихан, дзæбæх ма бакæс ацы цыртмæ... Афтæ мæм кæсы цыма кæйдæр хуызæн у. Залиханæн йæ цæстытæ доны азылдысты. — Мæнмæ дæр афтæ кæсы, стæй цыма Асæхмæты хуы- зæн дæр у... Сæлимæт ницы сдзырдта, фæлæ æрхæндæг зæрдæйæ ахæцыд йæ ходыгъды цонгыл. Фæзилæнмæ сæ бирæ нал хъуыд æмæ та æрлæууыдысты. Дардæй кæсынц цыртмæ. Уалдзыгон хуры тынтæ йыл сæхи æруагътой, алыгъуызон æрттывд кодтой дидинджытæ. Цардæгас хæстонау, сал- дат фæлгæсыд дурдзыртæй. Дур æмæ дидинæг, дидинæг æмæ дур — æрттивгæ царды æнусондзинад.
УАЦАУТÆ МАДЫ ХУЫД ХÆДОН Нет, тебя уж никто не заменит, Дорогая, родимая мать. Къоста Цалдæр æхсæвы хуыссæджы хъæстæ нæ фесты нæдæр зианджынтæ, нæдæр хъæубæстæ æмæ нæдæр дардæйæр- цæуæг мæрддзыгой адæм. Уыдон се ’ппæт дæр æппынæдзух лæууыдысты; уырдыг æмæ æрхæндæг зæрдæйæ сæ лæггад кодтой фæлмæнзæрдæ, кæрдзындæттон адæймагæн, хæ- ларзæрдæ æмæ намысджын ныййарæгæн. Сау мылазон цæнгæтгъуыз мигътæ дæр уыдысты сæ цæссыг æркалын- æввонг. Æрхæндæг ныццауæзта, зæрдæмæ рухсы тынтæ цы нуктыл цæуынц, уыдоны æмæ йæ сау хызы батыхта мидбылхудт æмæ царды ныфсыты. Алан лæууыди кæрты хибарæй æмæ æппынæдзух дымд- та тамако. Уæззау маст ын сæхгæдта йæ хурхыуадындзтæ æмæ йæ бон нал уыд риуыдзаг улæфын, фæд-фæдыл цал- дæр дзырды зæгъын, афтæмæй-иу ныххæцыд мæсæллæй- гæнджыты къухтыл. Лæппу къулбæрзæйæ лæууыд фæсдуар сылгоймæгты ф&стæ æмæ æрхæндæгæй каст йæ мады мæрдонхуыз цæс- гоммæ. Æниу ын мæрдонхуыз дæр нæ уыд, фæлæ цыма ныртæккæ йæ цæстытæ байгом кæндзæн, йæ былтæ баз- мæлдзысты æмæ та, зæгъдзæн, чысылæй фæстæмæ кæуыл фæцайдагъ, уыцы дзырдтæ: «Дæ нывонд фæуон». Кæрты лæууыдысты мæрддзыгой адæм æрхуым æмæ фæлладæй. Алан фæсонтау, цард æм фæкаст æнахуыр ар- гъауы хуызæн, фæлæ уайтдгъд йæ зæрдæ йе ’муд едцыд, адæмы ныфс æмæ йын фыдæлты фарн æрымысын кодтой ^æгдзинад æмæ æвæджиаг æгъдæутты тых æмæ та уæд йæхнуыл фæхæцыд, иста мæсæллæйгæнджыты къухтæ. 87
«Рух’саг уæд Сона, æвгъау уыди мæлынæн, фæлæ дæ цы фæнды, хъысмæтимæ хъæбысæйхæцæнтæ нæй, — Сер- ги хæцыд лæппуйы къухыл æмæ дзырдта хиуылхæцгæ, уæз- бын. — Мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай, сымахыл та хæрзаудæн кæнæд». Серги куыддæр ацы дзырдтæ загъта, афтæ рахис къу- хы армыдзыхъхъы райхæлд егъаугомау къухмæрзæн æмæ дзы асæрфта йæ уымæл цæстытæ, стæй цалдæр къахдзæ- фы алæууыд фæстæмæ. Аланмæ дзуринагæй ницы уыд æмæ къухтæ ист куы фæци, уæд та ссыгъта тамако æмæ адæ- мæй алæууыд дæрддзæф. Уæд та йæм Серги æввахс ба- лæууыд æмæ йын ныр хуымæтæг ныхасæй ныфсытæ æвæрд- та: «Сона дæуæн дæ мад уыди, дæ рынтæ бахæрон, уый æрцыдмæ мын цæрут æнæмастæй, фæлæ дзы æз къаддæр лæггад нæ зонын, цæрæнбонты мын мысинаг у. Ды уый зоныс, æмæ ма ’йын æз ныр дæр йæ хуыд дзаумæттæ да- рын. Мæнæ ма æрбакæс ацы хæдонмæ, — Серги къухæй ацамыдта йæ риумæ, — уый дæр Сонайы хуыд у, мæ бал- цы цæуæн, абон дæр æй барæй скодтон. Нырма балцæй ныртæккæ æрхæццæ дæн, æндæра афонмæ дæ фарсмæ куыннæ балæууыдаин». Аланы цæстытæ андæгъдысты морæ хъуым,ацæйхуыд хæдоныл, сау цыллæ æндахæй быд ирон æгънæджытыл æмæ, фынфенæгау, йæ цæстытыл ауадысты бирæ, æиæкæ- рон бирæ нывтæ. Йæ мад ирон æгънæджытæ кæмæй арæз- та, уыцы цыллæ æндахы кæроныл ын тынг арæхстгай хæ- цыд æмæ-иу æй бафтыдта йæ фарсмæ бадыныл. Чизоны, уæртæ уыцы æгънæджытæ дæр иумæ арæзтой, чи йын цы зоны, уæдæй нырмæ бирæ æхсæвтæ æмæ бонтæ аивгъуыд- та æмæ æппæт афтæ бæстон кæм хъуыды кæндзæн. Мæрддзыгой адæмы иу къорд ивта иннæйы. Алан иу- чысыл куы фæсæрибар, уæд йæхи баласта йæ хъæубæсты ’рдæм. Æрлæууыд Сергийы фарсмæ æмæ йын æппынæдзух каст йæ хæдонмæ, ирон Æгънæджытæм. Ныр модæйы нал сты, аразгæ дæр сæ ничиуал кæны æмæ ма сæ адæймаг уынгæ дæр кæм хъуамæ фæкæна музейæ дарддæр. Лæп- пумæ дæр тынг диссаг фæкастысты, чысыл цыма йæ зæр- дæйы тымыгъ фæсабыр, хæдонмæ кæсгæйæ, йæ цæстыты раз сыстад мады цардæгас фæлгонц æмæ, зæгъгæ, уый гæ- нæн уыдис, уæд лæгæн раласын кодтаид йæ хæдон, цæ- мæй йæ авæра йæ русыл, балхъива йæ йæ риумæ, æмæ кæддæр йæ мады къухты хъарм кæуыл баззад, уыцы хæ- доныл æрæппара дыууæ цæссыджы, сæ иу цины, иннæ та хъыджы цæссыг. Алан йæ рахис къух авæрдта Сергийы хæдоны æгъпæ- гыл, йæ ’уырзты ’хсæн æй гæзæмæ аууæрста æмæ цахæм- 88
дæр æнкъарæн баризын кодта æнæхъæн буар. Уайтагъд та акалд йæ тамакойы фæздæг, йæ рæуджытæ та нал æфсæ- стысты фæздæгæй, йæ цæстытыл фæлм абадт, уæрджыты бирæ нал хъуыд фæтасынмæ æмæ уæд-йæхи æруагъта бан- доныл. Серги лæууыд уæнтæхъил æмæ сæргуыбырæй. Аланæн цалынмæ фадат уыд, уæдмæ йын каст йæ хæдонмæ. Уый йын йæ цæстыты размæ ласта йæ мады рухс фæлгонц, мы- сын ын кодта царды бирæ нывтæ. * * * Бон-изæрмæ чындзæхсæвгæнджытимæ иумæ æрæнцой нæ уыд хъæубæстæн дæр. Æппæт дæр сцæттæ, æрмæст ма се скаст уыдис уазджыты æрцыдмæ. Æхсæв-бонмæ хъæу- бæстæй цъынд никæйы цæстытыл ахæцыд, уæлдайдæр фæ~ сивæдæй, кафын æмæ зарынæй нал æфсæстысты, æрмæст бонырдæм гæзæмæ афынæй сæ фæндыр. Лæппу сын бæр- гæ æн’æ фæззæг нæ разы кодта, фæлæ йын мад æмæ фыд æнцой нал лæвæрдтой, дæсныйы амындау, æмæ сæ куы сфæлмæцыд, уæд уый дæр уæлдай ницыуал загъта.Цар- ды хæрзиуджытæ, дам, бирæ сты, фæлæ, дам, асхойын дæр зоны. Афтæмæй сцæттæ чындзæхсæв. Уыцы изæр хъуамæ æр- цыдаиккой чындзхæсджытæ дæр. Бон изæрмæ адæм сæхи ластой аууæттæм, фæлæ та куыддæр хур ныгуылæнæрдæм ауырдыг, афтæ та райдыдтой змæлын. Хур куыддæр хохы фæскъæбутæй йæ был ныддардтау афтæ æрдзыл йæхи асæрфта сатæг уæлдæф æмæ бон-изæр- мæ уыцы æнтæфы рæдзæ-мæдзæйæ чи бафæллад, уыцы бæллицтæ та схæцыдысты сæ базыртыл. Адæм куыддæр сæ изæры зылдтытæ бакодтой, афтæ цыдысты сæ фæрныг фысымы хæдзармæ, тындзыдтой цахæмдæр хæрзиуджытæн æмбойны æрбайсæфынæй тæрсæгау. Сабитæн дæр ныр дыккаг бон нал уыд æрæнцой, зæр- дæхæлар фысым сæ нырма никуы сфæлмæцыд, тызмæгæй" сæм никуы ракаст, никуы сæ асхуыста цæстæнгасæй дæр. Ногæй та йæ тæмæны ’ бацыд хъазт, хæдзарæй та рай- хъуыст фæсивæды зарын æмæ тади, йæ дымджытæ зæх- хыл чи æрæвæрдта, уыцы æхсæвы тары. Адæм бæргæ хъæлдзæг уыдысты, фæлæ уазджытæ æгæр æрæгмæ куы цыдысты, уæд фысым йæхимидæг райдыдта- тыхсын, катайы бахауд æмæ адæргæй йæхицæн бынат нал ардта, куы-иу уынгмæ рауад, куы та-иу, джихтæгæнгæ, адзæгъæл алыгъуызон хъуыдыты. Фæстагмæ йæм нал 89
хъуыст фæндыры цагъд, зарын. Æфцæг уæддæр æфцæг у^ фæнды сæрдыгон уæд, фæнды фæззыгон. Адæймаг ыл бо4 нæй дæр зивæг кæны цæуыимæ. Дард фæндаг у, æвадат. Хъæубæстæ-иу ын бæргæ авæрдтой ныфсытæ, фæлæ сæхи зæрдæтæ дæр райдыдтои æхсайын. Чидæр сфæнд кодта сæ размæ ацæуын/æмæ йыл амбырд сты фæсивæд, сывæл- лæттæ. Ахæм фæнд хисдæртæм равзæрын кодта цахæмдæр катайдзинад, ома, иугæр фæдисы цæуын бахъуыд, уæд æнæмæнг цыдæр фыдбылызмæ æнхъæлмæгæсæн ис, фæлæ кæсдæртæм та цинау касти, хæдзары бадыны бæсты сæ уытæппæтæй цыдæр нысан йæ фæстæ кæй кæны, уымæй сæрыстыр уæвгæйæ. Цалдæр лæппуйæ, фысымæн стыр хæрзиуæг аразæгау, фæраст сты, сæ фæстæ иннæтæ дæр суанг сывæллоны онг æмæ сæ хъæр, сæ зарынæй бæстæ сæ сæрыл систой. Куыддæр уыцы цины хъæлæба батад æхсæвы тарщ, аф- тæ бæстæ æрсабыр. Цъæх арвы ^риуыл æрттывтой иугай стъалытæ, стæй бабирæ сты æмæ адæймаджы бæллицты сайдтой иу гаризонтæй иннæмæ. Уæдмæ хохы фæскъæбу- тæй стылди цæлхыдзаг мæй æмæ йæ фæлурс тынтæ цадæг- гай æрытыдта зæххыл, адæймаджы сусæг хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтимæ æнæсыбырттæй хъуызæгау зылдысты мæй-, дар æхсæвы аууоны фæстæ æмæ кæд сæ бон уыйбæрц ни- цы уыдис, уæддæр-иу фæндаггон йæ къæхты бын баи- къардта æнæцудгæ зæхх æмæ къахдзæфæй-къахдзæфмæ йæ ныфс кодта фидардæр. Фæсивæды зарын æмæ-иу хъæлæба чысыл куы фæса- быр, уæд-иу райхъуыстис, мæйрухсмæ йе ’взист уылæнтæ кæмæн æрттывтой, æгас хъæу сæ сæрыстырдзинад кæй хуыдтой, уыцы цæугæдоны пугъæдон хъæлæба, куы та-иу уыцы уынæры рог уддзæф йæ разæй ахаста æмæ-иу ын уæд комы нарæгæй нал æмæ нал æнтысти сыстын. Фæсивæдæн хъæумæ нал хъуысти сæ зарын. Ахызты- сты иу хохы сæрты ныхасгæнгæ, стæй цадæггай æрсабыр сты, сæ цыдыл фæсмонгæнæгау сæ алчи фæстагмæ баззад йæ хъуыдыты æвджид. Куы-иу ададжы амбырд сты, куы — къуылдымыл. Чи лæугæйæ, чи та-иу зæххыл авæрдта йæ хъус, афтæмæй-иу нындзыг сты къæхтыхъæр фехъусын æнхъæл, фæлæ нæй æмæ нæй. Фæстагмæ сæ размæ дæр нал хаста сæ къах, цалдæрæй загътой сæ фæндон фæстæ- мæ раздæхыны тыххæй, фæлæ уæдмæ разындысты сьдаг хъæуы рухсытæ æмæ базыдтой, чындзхæсджытæ уырдæм кæй æрхæццæ сты, уый. Фæсивæды цинæн кæрон нал уыд æмæ уайтагъд дыу- уæ дихы фесты. Иутæ хæрзæггурæггаг тындзыдтой фæстæ- мæ хъæумæ, иннæтæ бацу’сты чындзхæсджытимæ æм^з сын 90
цыма уыцы циндзинад мыггагмæ æмбæлццон уыдзæн, уы- йау сæ рæвдыдта мæйрухс æхсæвы æбæрæг стыр ныфсы а?пкъарæн. Алчидæр сæ бæллыд чындз æмæ чындзæмбæлт- тазм æввахсдæр балæууын æмæ сын сæ цæсгæмттæм ба- кæсынмæ, фæлæ уыдон уыдысты тынг фæллад, æгæрстæ- мæй сæ дзурын дæр никæмæ цыд æмæ тынг нæ иртæстой цымыдисгæнджыты. Аланы фæндыд, цæмæй йæ федтаид йæ фыд æмæ дзы кæд уайдзæфæй дæр тарст, уæддæр æм йæхи ласта æв- вахсæй-æввахсдæр. «Ды дæр ам дæ?» фыды уайдзæфхæц- цæ фарст ын ’ауазал кодта йе уæнгтæ, фæлæ уымæй дард- дæр йемæ ныхасыл кæй нæуал схæцыд, уый та йæ гуырыс- хрйы бафтыдта: «Кæнæ хъуыддаг ууыл ахицæн, кæнæ та дзы рæзы стыр маст», — ахæм зæрдæдзурæнтимæ цыд, йæ къахдзæфтæ баргæ. Хъырым ныры хуызæн зивæггæнгæ никуы ацыд чындз- хæссæг. Сæ комбæсты ахæм хъæу нæ разындаид, цыты уа- зæджы номимæ уый кæм нæ балæууыд, æгæрыстæмæй-иу горæты дæр бамидæг, фæлæ афтæ никуы загъта: «Фæстаг хатт». Ацы фæндаджы хæдразмæ æхсæвы фæцпс цахæмдæр фыдфынты хай æмæ сæ хъæр кæнын дæр нæ бауæндыд. Бирæ хæттыты æрыхъуыста æвзæр фын, дам, куынæ ра- дзурай,. уæд ын ницы нысаниуæг вæййы, зæгъгæ, æмæ йæ уый дæр аргъæвта, цалынмæ ацы балцæй æрыздæхтаид, уæдмæ. Лæг куыддæр райхъал, афтæ исдуг джихæй аззад, уæнгтæ, фæхтыхостау, нæ хæцыдысты кæрæдзийыл, хъæц- цулы бынæй калд хиды^фæздæг. Æрæджиау йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, йæхимидæг базмæлыд æмæ цадæггай рахæ- цыд йæ гуырыл. «Дæумæ кæсынц, дæумæ, ныр дæм цалдæр цыды æр- бакодтой, стæй дæм дзурын та цæмæн бахъуыд, цæуын- афон у, уый дæхæдæг нæ зоныс, æфцæг уæддæр æфцæг у æмæ ма уæ фысымтæм та кæд хъуамæ ныххæццæ уат?» Сона дзырдта æмæ дзырдта, хæдзары зылдтытæ кæн- гæ, æмæ йæ алы дзырд цахæмдæр тасдзинад ласта Хъы- рымы зæрдæмæ, стæй ноджы æфцæджы кой куы скодта, уæд йе уонг бынтон амард æмæ та йæхи фæстæмæ æр- уагъта хуыссæныл. «Кæд дæ нæ фæндыд, уæд дæ тыххæй чи кодта, загъ- таис сын æмæ æндæр искæй бацагуырдтаиккой, уый йет- тæмæ ды раздæр ныфс бавæрыс, стæй та фæндтæ фæкæ- ныс», — сылгоймаг, бустæгæнгæ, ахызт дуармæ. Хъырым сыстад æрæджиау, фæлæ æнæбары лæууыд йæ къæхтыл. Мæнæ йын зæгъгæ чысыл æфсон дæр фæцнс, уæд фырцинæй фæстæмæ ныххауид йæ хуыссæны, цæмæй 91
уыцы бон ма фена арвы цъæх дæр, хурыскаст, хурныгуылд,', фæлæ цæрæнбонты зулдзыхы ныхас дæр кæмæй нæ зоны, уыцы сыхагæн, уыцы хъæубæстагæн куыд зæгъа гæды ньь^ хас, куыннæ сын хъуамæ бацин кæна сæ цинагыл, куын-) нæ сын хъуамæ балæггад кæна. Лæг йæ мид-зæрдæйы нывæнды ныфсы хъуыдытæ, фæ- лæ цæстытыл та ауайынц æндæр нывтæ, сæрæй уæддæр’ нæ хицæн кæны: «Мыййаг мæ цыд куынæ фæрæстмæ уа> куы мыл сæмбæла, мæ зæрдæмæ цæрæнбонты кæй хъуа- мæ хæссон, ахæм хабар, фæндаг уæддæр фæндаг у, уæл- дайдæр ахæм æфцæджы сæрты». Хъырым фæлвæрдта йæхицæн йæ фын райхалыныл^ куы та йæ бынтондæр ферох кæныныл, афтæмæй скодта йæ бæлццоны дарæс, фæлæ ма уæддæр æнхъæлмæ каст цæмæдæр, йæ сæры-иу фæмидæг сты, æгæрстæмæй æрцæ- уæн кæмæн нæ уыд, ахæм хъуыдытæ дæр. Чындзæхсæвæн аивæн нал уыд, уазджытæй алчи зыд- та йæ хæс, æрмæст ма сæ хъуыд фысымы хæдзарæй афæн- дараст кæнын. Фæлæ уæддæр Хъырымыл бафтыд цахæм- дæр къуылымпы, цыма фæстиат куы кæна, уæд къухылхæ- цæгæй æндæры акæндзысты, уыйау. Нал æмæ нал райхæлд Хъырымы æрхæндæг, фæлæ йын ничи хатыд йæ уавæр. Уæддæр табу хуыцауæн, иунæг фæн- дагсæр Уастырджи сæ бакодта йæ базыры бын æмæ æр- хæццæ сты æнæмастæй. Лæджы зæрдæмæ дæр ныр бакаст рухсы цъыртт. Чысыл афæстиат сты æмæ уымæн æндæр гæнæн нæ вæййы, чи дæ уадзы змæлын дæр. Уазæгæн, дам, йе ’рбацыд йæхи бар вæййы, фæлæ йæ ацыд та фысымы бар. Хъырым дæр бæргæ тагъд кодта, фæлæ фысымæн дæр ахæм уазджытæй уарын нæ вæййы æнцон æмæ афæстиат сты. Стæй сæ фæндаг цыд цалдæр хъæуыл æмæ сын ка- дылмард адæмæй алчи дæр лæггад кодта йæ цæхх æмæ йæ кæрдзынæй, йæ зæрдиаг ахастæй. Бафæлвар æмæ дæхи атигъ кæн искæйы хæларзæрдæ ахастыл. Мæнæ чысыл раз- дæр цы хъæуæй рацыдысты, уым сыл цин кæнынц изæр- милтæй фæстæмæ стырæй, чысылæй, фысымы зæрдæ сæм æхсайдзæн, ууыл сæ хъуыдыдæр ничи кодта, афтæмæй. Фæлæ уæддæр Хъырымы зæрдæ бынтон нæма æрса- быр, нæ куымдта асурын уыцы æрхæндæджы аууон. Но- джы фæдисонты куы федта, уæд та кæдæмыты нæ ахæццæ сты йæ хъуыдытæ, афтæ йæм каст, цыма, къухылхæцæг уæвгæйæ, фæсхохæй кæйдæр кæсдæры куыд æфсымæр аф- тæ ’цард æмæ амонды фæндагыл нæ ракодта, фæлæ фæс- мойнаджы фæндагыл. Чындзхæсджытæ куыддæр хъæуы кæронмæ бахæццæ сты, афтæ Хъырымы ныфсытæ сæхимæ айстой царды, цин- 92
язинады рохтæ æмæ стыр бæрны бацæугæйæ,* цæуы сæры- сТырæй, фæлурс мæйы тынтæ гæзæмæ кæй рухс кæнынц, уыцы дурджын фæндагьиГ æмæ йын хъæумæ хæстæг ца- дæггай тадысты, ныр ын æртыккаг бон æнцойдзинад чн нæ лæвæрдта, уыцы уæззау сагъæстæ. Иугæр сабитæ хæрзæггурæггаг куы бахæццæ сты фы- сыммæ, уæд та æрбайхæлд, æхсæв йæ авдæны кæй аны- уæрста, уыцы сабырдзинад, фæндыры цагъд æмæ та за- рæджы мыртæн феуæгъд сты, зæрдæйæ сæм æхсæрдзæ- нау чи кæлы, уыцы ауазæнтæ æмæ та циндзинад йæхи си- ста царды базыртыл. Чындзхæсджытæ Уастырджийы арфæтимæ сæмбæлды- сты сæ фæрныг фысымыл. Хъырым, йæ хойы къухыл хæц- гæйæ, заргæ бацыд фæрныджы хæдзармæ, къонайы алы- варс разылд æмæ куыддæр ног бынæттæн йæ хойы бафæ- дзæхста, афтæ, хатыр ракургæйæ, атындзыдта хæдзармæ. Хъырымæн куыддæр йæ сæр базмæ æрхæццæ, афтæ афынæй æмæ хуры ’рцыдмæ йæ къах дæр нал атылдта. Хуры тынтæ хъазыдысты рудзынгæмбæрзæнтыл, хатæ- ны къултыл, зырзыргæнгæ, сæхи асæрфтой, фæлæ нæ ба- хæццæ сты Хъырымы онг, æвæццæгæн, сæ дзæгъæлдзу мигътæ фæиппæрд кодтой сæ фæндагæй. Уæдмæ уый дæр райхъал æмæ та адзæгъæл, ферох æнхъæл кæмæн уыд, уы- цы хъуыдыты, нал æмæ йæ нал суагътой уæгъд, йæ сæр- мæ та амбырд сты уыцы æхсæвы фынтæ, алыгъуызон ныв- тæ æмæ кæд ныр афтæ тынг нал тарст, уæддæр бынтон нæма фесæфт йæ зæрдæйы тас, -адæймаджы хъысмæт æм каст æцæг тæбæгъы донау, йæхи та æнкъардта æнæбон чысыл мæлдзыгау. Æниу уый чысыл у, фæлæ йын кусын- мæ æмбал нæй, йемыйас фæразы æмæ цæры æнæ мастæй, æдасæй, йæхи йеттæмæ бацæуæн кæмæн нæй, ахæм ран. Æниу сын сæ царды сусæгдзинæдтæн чи цы зоны. Уæдæ ма йын йæ губакк чысыл базмæлын кæн, кæддæра куыд сæзнæт вæййынц. Уæдæ тæрсынц, фæлæ кæмæй, уый зын зæгъæн у. Æвæццæгæн, зæххыл адæймаг цæры, уый дæр нæ зондзысты. Уæдæ цæуылнæ ис гæнæн æмæ адæймаг дæр æнæкæ- рон æрвон тыгъдады уа мæлдзыджы бынаты æмæ ма зо- на бирæ цыдæртæ, æппæтыл ма аххæсса йæ зонд, йæ хъуы- дыкæнынад. Уымæ гæсгæ йæ бон нæу хъысмæты тыххæй дæр фндар, уæндон хъуыды ’ зæгъын. Æниу цы у фын? Хъырымы та сæ уæлныхты фелвæстой цахæмдæр тæссаг 93
æнкъарæнтæ æмæ æнæнхъæлæджы фæиппæрд йæ фанта- стикон балцæй. — Не ’фсин, ныр та ма цæмæй тæрсыс, бынаты мыл кæд исты фыдбылыз цæуа, уæд мæм, æвæццæгæн, æмбæ- лы хъысмæты тæрхонæй, фæлæ уал ирвæзт дæн мæ бал- цæй, уæдæ мæ фысымтæ дæр нырма никуы рахъаст код- той æмæ мæ ацы хатт уыцы амонд судзгæ бакодта, цæмæн хъуамæ фæон хъæстаг. — Цы зæгъинаг дæ, цæй, нæ мæ ’вдæлы, чындзæхсæв- мæ мæ хуын хæссын хъæуы. — Хуын æнæмæнг, æфсымæры хуын, фæлæ дын хъуамæ радзурон, мæ балцы хæдразмæ цы фын федтон, уый. Ай- бæрц рацардтæн, фæлæ мæм фын ныры хуызæн диссаг æмæ цымыдисон никуы фæкасти. — Уагæры цавæр фын уыдис? Хъырым та хъуыдыты аныгъуылд, йæ ныфс уæддæр нæ хаста фын дзурынмæ, фæлæ иугæр сылгоймаг куы сцымы- дис, уæд ын нал уыд æнæдзургæ. — Цыма дын иу мæйдар æхсæв арвыл фæзындысты сау цъиутæ. Цъиутæ схонæн дæр сын нæ уыд, фæлæ раст хъæрццыгъайыйæстæ. Фыццаг тахтысты иугæйттæй, стæй райдыдтой фылдæрæй-фылдæр кæнын æмæ фæстагмæ ар- вæй гæппæл дæр нал зындис. Уый фæстæ сыстад тыхдым- гææмæ ниугæ зылдис кæмтты. Адæм сæзнæт сты æмæ куы иуæрдæм агуылф кæнынц, куы иннæрдæм, цыма фыццаг хатт федтой кæрæдзи, уыйау кодтой æцæгæлæтты каст, афтæмæй сæ алчи дæр тындзыдта, фæлæ кæдæм, уымæн сæ иу дæр ничи ницы зыдта. ’Уалынмæ ныннæрыд арв, æмæ цыма йæ ком уæгъд фæцис, уыйау ставд æртæхтæй бавнæлдта уарынмæ. Арвы рæхыс кæм сæмбæлы, уым, цæхæр калгæ, ферттивынц йæ зынджытæ. Арвы рæхысы кæрон æрныдзæвд иæ хæдзары фисыныл дæр æмæ дæ балгъитæг афтæ, кардæй лыгау фæ- хицæн æмæ йæ пиллон скалд. Мах æнæхъæн бинонтæй лæууыдыстæм уынджы, фæлæ нæ бон ницы уыд æрымы- сын, нæ уыд æххуысгæнæг, алкæмæн йæхи сæр уыдис йæ кой. Уалынмæ райдыдтой лæбырын фæхстæ, рацыд комы- дзаг лæсæн æмæ, хъаймæты дугау, зæххæ æмызмæлд код- та. Зилгæ дымгæ бæлæсты рæдывта æд уидæгтæ, ниугæ зылд æмæ æнахуыр тас æфтыдта адæмыл. Иурæстæджы уад фæсабыр, кæсын æмæ дзуарæй ра- цыд адæймаг, тызмæгæй каст йæ развæндагмæ, афтæмæй æрбахæццæ нæ цурмæ, æнæдзургæйæ ахæцыд дæ къухыл, сывæллæтты-къухтыл æмæ уæ бахæццæ кодта дзуары онг, бахызтыстут мидæмæ. Могæй та арв æмæ зæхх райдыдтой кæрæдзи хойын. 94
\\æп иузаманы фелвæста дымгæ, бамбулийау, æмæ фев- 3æрДтæн цахæмдæр æнахуыр быдыры. Мæ тых байсыст,. мæ бон нал’ уыд мæ къæхтыл лæууын. Иурæстæджы къæв- да чысыл фæсабыр, дымгæ ма мыл йæ дымджытæ гæзæ- мæ расæрфта æмæ уыйадыл бæстæ фæсабыр. Æз ракастæн мæ цæстытæй, фæлвæрдтон сыстыныл, фæлæ мын не ’нтыст. 1<æсын, æмæ та уыцы лæг рацыд дзуарæй. Ацы хатт ме уæнгты бацыд цахæмдæр тас, зæхмæ мæхи нылхъивгæйæ, бацъынд кодтон мæ цæстытæ. Лæг æрæвнæлдта æмæ мын ныххæцыд мæ къухыл: «Цом мемæ, æндæра та ныртæккæ Зæхх æмæ арв райдайдзысты кæрæдзи хойын». «Чи дæ, кæдæм мæ кæныс», — æз цалдæр хатты афарстон, фæлæ мын нæ уыд дзуаппдæттæг. Уый та мыл схæцыд, архайы мыл, фæлæ æз уæддæр мæ къæхтыл не слæууыдтæн. Уæд- мæ та нырттывта арв, лæг мæ цуры нал уыд, фæлæ ца- хæмдæр лæгæты къæсæрыл лæууыдтæн æмæ мæ уырдæм схуыста æнахуыр тых. Мæ цæсгомыл ныхæст уазал уæл- дæф æмæ мын æндзыг кодта мæ буар. Бæргæ нæ куымд- тон мидæмæ, фæлæ мæ къæхтæ нал кастысты мæ коммæ. Ахæм тухæнтимæ фехъал дæн. Хъырымæн зæгъгæ уыдис фадат, уæд æмбисбонмæ нæ рахызтаид хуыссæнæй, фæлæ кæм... К/ьухылхæцæг — цыты уазæг æппынæдзух хъуамæ уа цингæнæг адæмы ’хсæн. Иугæр куынæ зынд, уæд æм фысым арвыста бæрæггæнæг аемæ йын нал уыд æнæцæугæ. Сæрæй-сæрæй, дам, симды ма бацу, фæлæ дзы куы бацæуай, уæд та, дам, хъуамæ симгæ кæнай. Адæм цыдысты æд хуынтæ, чи фистæгæй, чи бæхыл,, цыдысты хæстæг æмæ дард хъæутæй. Фæсивæд дыууæ ра- пы сарæзтой хъазт æмæ зарыдысты, кафыдысты быцæуæй, хъæугай, сыхгай. Уæдмæ лæггадгæнджытæ æрæвæрдтой фынгтæ, -тасыдысты алыгъуызон хæрд æмæ иозтæй. Ахæм минасы фынгыл алчи ссардта йæ бынат. Чындзæхсæв ба- ЦЬ1д йæ тæмæны. Уырдыглæуджытæ кодтой тыннывæндæ- гау, цæмæй æрхонгæ адæмæй рохуаты мачи аззайа. Кæрæ- Дзи фæстæ цыдысты сидтытæ, сарæх сты нуазæнтæ. Чи- Дзер ныззарыд æмæ йын æй иннæ айста бæрзонд цъæхснаг хъæлæсæй. Уыцы рæстæджы бахæццæ хъæуккаг бæлццон. Нырма ха^рз æрæджы æрыздæхт æфсæддон службæйæ. Иæ хæдза- Ры хъуыддæгты фæдыл ацыд балцы æмæ æрбаздæхт фыд- Уацимæ. «Хæст райдыдта»!.. Ацы дзырдтæ куыддæр ныха- °Ь1^сæр фесты, афтæ адæм схъомпал сты, чи йæ мид-зæр- Д^йы, чи та æргомæй, аххосджынæн тæрхон хæссæгау, Фарстой кæрæдзи: «Чп? Кæд? Цæмæн?» — Афтæмæй æна- хУыр сусу-бусу зылди се ’хсæн æмæ кæмæн йæ цæстысыг- 95
тæ рахъуызын кодта, кæмæн та масты стъæлфæнæй йае буарыл сирвæзт фыдæхы пиллон арт. Фæсивæдæй ма чи^ дæр ахæцыд лæджы цонгыл, хуыдта йæ бадтмæ, хъазтмæ] йæ къухмæ йын лæвæрдта нуазæн, фæлæ уый уыдис æр: хæндæг, мадзура, хатт-иу йæ тызмæг сагъæсгъуыз цæсты- тæ азылдысты йæ алфæмблайы дзолгъо-молгъогæнæг адæ:' мыл, фынфенæгау æм каст сæ хъæлдзæгдзинад, фæндыры зæлтæ, зарæджы мыртæ. Æнамонд хабар бахæццæ хъазтмæ дæр, фынджы фарс- мæ бадæг адæммæ. Уайтагъд фескъуыд фæндыры цагъд, цадæггай батад, банымæг алæмæты зараег. Æнæнхъæлæ-. джы æгуыппæг, уæларвæй æрхауæгау, йæхи æрытыдта хъæуыльæмæ адæмæй чи йæ мидбынаты бандзыг, кæй та’ бафтыдта адæргæй рацу-бацуйыл, афтæмæй ма хъуыст адæмы уыцы иугъæдон гуым-гуым. Уаты къуымы хызы бын лæууыди чындз æмæ йæм куыд- дæр хæсты дзырд бахæццæ, афтæ йæ фæллад уæрджытæ бадзой-дзой кодтой, чызджытæй йæ иу æрбадын кодта бан- доныл, иннæ та йын йæ дзыхыл уазал дон сдардта. Лæппу фæхибар адæмæй, бæстыхайы дæлбазыр аууоны банцой кодта сæ рæбинаг цæджындзыл æмæ æдзынæг нык-, каст царды гуылфæнмæ, йæ амонд агурæгау, цæмæй йын зæгъа иу-дыууæ уайдзæфы дзырды, фæлæ йæ цæстытыл ауад æрмæстдæр йæ чындзæхсæв, адæмы тызмæг æмæ æр- хæндæг хуыз. «Лæппу, — дзуры фыд йæ фыртмæ, —.æвæццæгæн нæ æндæр амонд нæ фæцис æмæ цы бакæнæм, хъысмæтимæ хæцæнтæ нæй, фæлæ дæ зæрдыл бадар уый дæр, æмæ, адæймагыл цы бон æркæна хорзæй дæр æмæ фыдбылызæй дæр, уым хъуамæ ма фесæфа йе ’фсарм, ма фæцуда йæ, лæджыхъæд, науæд ын намыс уайдзæфтыл куы схæца, уæд ын нал дæр лидзæн уыдзæн, нал дæр æмбæхсæн». • Ныссабыр æрдз, ныссабыр, нырхæндæг бæстæ, хур ацыд: сау мигъты ’хсæн, банымæг хъæубæсты циндзинад, куыд- дæр йæ тæмæнмæ бахæццæ, афтæ. Æнæнхъæлæджы маст æмæ катай адæмы зæрдæтæй расырдта зарæг, циндзинад æмæ сæхæдæг райдыдтой фысымиуæг. Бæстæ уыд, тарф фынæйау, æгуыппæг. Æрмæст хаттæй-> хатт нæзыхъæдæй райхъуысы маргъы хъæлæс. Æрдзыл ныхæсын райдыдтой фæззæджы нывтæ. Уыгæрдæнты бæ- рæг дардтой хосдзауы фæлтæртæ æмæ уистæ. Мæкъуыл- тæ, шахмæтты фæйнæгыл хæццæ-мæццæ æвæрдау, сбирæ 96
сты адгуыты, къуылдымтыл. Хоры хуымтæй рагацау хуым- гонд чи ’рцыд, уыдонфæкæрдинаг сты æмæ хурмæ, æвзи- сТау, æрттывтой, иннæтæ æфсирхъæлæсæй нырма лæууыды- сты раст æмæ куы иуæрдæм абырсынц, куы иниæрдæм. Адæмæй хъæуы змæлæг нæ уыди, æрмæст-ну хатт уынг- мæ йæ быцъынæг скъуынгæ раирвæзт сывæллæттæй чидæр, йæ фæстæ кæмæн, фæдисонау, катæйттæгæнгæ ацæргæ адæймаг, кæмæн та сывæллонæн йæхицæй зына-нæзына стырдæр æмæ-иу уæд хъæубæсты царды тугдадзин дæр гæ- зæмæ батæлфыд. Уæдæ цымæ скъолайы фæсивæд та цы фесты? Уыдо- нæй дæр алчи атындзыдта йæ хæдзармæ, раст цыма фæ- дзæхст уыдысты æмæ сæ хъазын, худын, ахуыр дæр нал æндæвта, уыйау. Дуджы æрхæндæг чи нæма æнкъардта, æнамонд хабæрттæм хъусгæйæ, йæ мйд-зæрдæйы фыдæх- дзинад кæмæн нæма равзæрд, уыдон дæр, хисдæрты фæзм- гæйæ, куырыхон лæгтау, хъуыстой, кастысты адæммæ æмæ сæ, фæзмæгау, сæхи дардтой хъуыдыджын, уæзбын, касты- сты æмбаргæ адæймаджы цæстытæй. Алан хызын баппæрста тæрхæгыл, къуымты разылд, фæлæ йæ цы хъæуы, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта, æрмæст æм ныры хуызæн афтид, æдзæрæг никуыма фæ- каст уæды онг йæ хæдзар æмæ йæм дзы уысмы бæрц фæ- лæууын дæр нæ цыдис. Цæмæн? Цæй тыххæй? Ахæм фарсг та нырма йæхимæ никуы радта, йæхи зонынхъом куы фæ- цис, уæдæй фæстæмæ. Æниу фæндзæм къласы чи ахуыр кæны, уымæн цас хъуамæ уой уыцы бонтæ, фæлæ дыууа- дæс азы дæр фаг сты, цæмæй адæймаг дунемæ æдæрсгæ ракæса йæхи цæстæй. Лæппу арынгæй фелвæста æнæахуыйæн къæбæр, æмæ, цыма, æндæр æмбæлгæ дæр ницыуал кæны, уыйау уай- тагъд батæлфыд уынджы. Уым ничи разынд канд йæ ка- рæнтæй нæ, фæлæ хъæубæсты адæмæй дæр, æмæ уый дæр йæхи айста, ныр цалдæр боны йæ зæрдæ кæмæ ’хсайы, уыцы цъуй бæласмæ, хъæумæ хæстæг бæрз хъæды астæу. Йе стыр цупæлттæй йын æрсаста дзæвгар æмæ æрхызт фæндаггæронмæ. Цъуйы цупæлттæ æркалдта цъæх нæу- уыл, йæ иуфарсыл æрхуыссыд æмæ æнæмæтæй каст хъæ- уы ’рдæм. Хъырым куыддæр Аланы цурмæ бахæццæ, афтæ йæ зæрдæ суынгæг, сæрыхъуын сыстад, уæнгтæ ауазал сты, йæ бон нал уыд лæппуйæн дыууæ рæвдауæн ныхасы зæ- гъын, истытæ йын ацамонын, афæдзæхсын, æрмæст йæ цæ- стытæ донæй айдзаг сты, афтæмæй сæхи атыдтой лæппу- йы бæгъæмвад къæхтæй, æнæмæт цæсгомæй, цъуйы цу- пæлттæй æмæ сæмбæлдысты фæндаджы хъæбæрыл, цæ- 7- Гугкаты Ш. 97
рæнбонтæм, хъæдгомау, зæрдæйы фæд чи ныууагъта, уы- цы ныв семæ ахæсгæйæ. Уæддæр ма лæджы бон бацис карз, фæлæ аудæг фыдьг; хæстæй кæцыдæр хай сæххæст кæнын æмæ бафæдзæхста йæ фырты: «Лæппу, хæдзармæ ацу». Хъырым фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй къæхтæй бацагайдта бæхы. Лæг араст дард балцы, зыдта йæ ны- сан, стæй, уыцы нысанмæ тырнгæйæ, æвйрхъау зындзи-. нæдтæ æмæ фæндаджы цæлхдуртæ, иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ басмыста топпыхосы фæздæгмæ мидхæсты аз- - ты, иу æмæ дыууæ хатты не смидæг тохы цаехæры, фæлæ" уæддæр йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ хæцыдысты цахæмдæр ныфсытыл æмæ уыдонимæ тындзыдта йæ фæндагыл. Аф- тæ йæм каст, цыма мæнæ чысылæй фæстæмæ йæ балц цы фæндагыл райдыдта æмæ фæстæмæ æгас хæдзар кæй фæр- цы ссары, уый та йæ ныр дæр æрбахæццæ кæндзæн сæр- æгасæй. Йæ алы къуыбыр, йæ алы бæлас, йæ алы дур зæрдæимæ баст кæмæн у, йæ къахдзæфæй фæндæгтæ кæ- уыл сарæзта, уыцы райгуырæн къуым’ ын йæ фарны дзыр- дæй, йæ арфæйæ хъахъхъæндзæн йæ амонд æмæ йæ уыцы хъуыды хаста размæ. Хъырым кæимæ уыд æфсæддон къамиссариаты ном- хыгъды, уыдон сæумæрайсом ацыдысты ацы фæндагыл. Уымæн ма баззад мæкъуылтæ амаинаг æмæ сæ ракуырд- та хатыр. Æниу ма йæ уыцы аходæнмæ куыст дæр кæдмæ ’ æрхастаид, фæлæ зæрдæмæ хæссыны бæсты фестад æм- бисæхсæв йæ цардæмбалимæ ссивынмæ. Чизоны йæ фæн- дыд, аргъæутты хъайтарау, æппæт куыстытыл аххæссын балцы агъоммæ, фæлæ рæстæг агæпп кодта цæсты ны- къуылдмæ. Алан уæддæр бадт фæндаджы был йæ цъуйы цупæлт- ты фарсмæ æмæ каст хъæуы ’рдæм, йæ цæст хаста уыгæр- дæитыл, ранымадта-иу амад мæкъуылты, фæлæ йæ мады уыцафон кæрты астæу лæугæ куы федта, фыды уыцафон балцы цæугæ, афтæ æнæнхъæлæджы бахауд дисы, йæ зæр- ды ма уыд уым дзæвгар абадын, фæлæ фыд куыддæр фæ- зилæны фæаууон, афтæ тагъд-тагъд æрбамбырд кодта цъу- йы цупæлттæ æмæ атындзыдта хъæуы ’рдæм. Нырма уагуадзын афонмæ бирæ рæстæг уыди, хъæумæ Хъырым æмæ Сонайы йеттæмæ ничима æрцыд æмæ йын уый кæд иуæй æхсызгон уыд, уæд æй иннæмæй та тыхсын бакодта, ас адæймагау. I Лæппу уайтагъд бахæццæ хæдзары кæртмæ, тагъд- тагъд суад асиныл дæр. Мад, бæлццон арæзтау, лæууыд йæ кæлмæрзæны тыхтæй, æмæ, цыма, лæппуйы уынгæ дæр нæ фæкодта, нæ йæ бафиппайдта, уыйау асины тæккæ сæр 98
цæджындзыл банцойгæнгæ, зæхмæ каст уымæл цæстытæй. Алан тæрхæгыл æркалдта йæ цъуйы цупэёлттæ, тыхст- гъуызæй æрбадт сæ фарсмæ æмæ йæм цадæггай хъарын райдыдта, цахæмдæр уæззау сагъæстæ сæ хæдзары дæр, рады зилæгау, бæстон кæй &рбынат кодтой, хæдзары къуымты уазал дымгæ кæй разылд æмæ ныййарæг мады цардбæллон цæстыты æнгас æмæ фæлмæн мидбылхудт йе- мæ кæй ахаста, уый. Уæдмæ иугай цыдысты йннæ сывæллæттæ дæр æмæ-иу сæ, цингæнгæ, чи ’рбахæццæ, уый дæр-иу, мадмæ бакæс- гæйæ, къахы æлгътыл фæраст Аланы ’рдæм. Сылгоймаг лæууыд дурдзыртау, ноджы сывæллæтты тымбылæй куы ауыдта, уæд ыл æнахуыр тас йæхи ныц- цавта æнæнхъæлæджы, æртыхст æгас буарыл, стæй бахызт зæрдæмæ æмæ дзы æрбынат кодта бæстон. * * * Кæдæйнырмæ нал æрхаудта æртах дæр æмæ бæстæ бур-бурид афæлдæхт цалдæр бонмæ. Къах нал хæцыд кæрдæгыл, бæласы сыфтæртæ æрбампылдысты. Æртах дæр-иу куы раппæрста, куы нæ. Мæнæ, зæгъгæ, зынджы стъæлфæн æрхауд хоры хуым, хъæды кæрон, кæнæ сæр- вæты, уæд дæ балгъитæг афтæ, зынг цæстыфæныкъуылд- мæ аныхъуырдтаид æнæхъæн гектартæ. Адæмæн нал уыд æрæнцой æхсæвæй-бонæй. Дуджы фыдбылыз сын цахæмдæр тых бауагъта се уæнгты æмæ дзы фыццаг кæркуасæнæй фæстæмæ иу дæр нал лæууыд хуыссæнуатты æнахъомты йеттæмæ. Хъырымы ацыды фæстæ Сонайы царды фæндтæ исдуг фæхæццæ сты. Сылгоймаг æгæрстæмæй нал зыдта, цæмæй райдайа, раздæр цы куыстмæ бавнала, уый дæр æмæ-иу æнæнхъæлæджы куы цæмæ февнæлдта, куы цæмæ, фæлæ йын нæдæр æддæмæ зынд, нæдæр ын ахадгæ кодта. Аф- тæмæй бон æрæнцой нæ зыдта, æхсæв ын æрхуыст нæ уыд, фæлæ царды уæз хæссын бафæраздзæн, йæ сывæллæтты фæдардзæн, уыцы ныфс æм уæддæр нæма æрцыд. Фæстагмæ, цыма, йæ зæрдæ фæфидардæр, ныфсджын- дæрæй акаст фæйнæрдæм, царды фæзилæнтæ йæм разын- дысты дзæбæхдæр, фæлæ сæ раздæрау нал тарсти. Адæм- мæ гæсгæ нывæста йæ царды фæндтæ, фæлæ-иу уæддæр йе уонджы арæх абадт мигъ даргъ зымæджы, аудинæгтыл хъуыды кæпгæйæ, хæдзарыдзаг даринæгты мæтæй. Нырма пын дзы æдæрсгæ цумахъом дæр ничи у. Уæддæр ма йын Алйн фæрог кæны йæ къух, куырыхон адæймагæй уæлдай 99
нæу ’нæлгоймаджы куыстытæм, тынг фæзмы хисдæрты, зи-; вæг нæ зоны æмæ уыцы миниуджытæм гæсгæ нымад уыдД; ныфс авæрæн кæмæй уыд, адæймаг цума кæмæн загътаид, .1 уыдонимæ. Хатт æй дада дæр рахонынц, фæлæ уый тых-; хæй мæсты никæмæ кæны, æгайтма йæм ас адæймаджы4 цæстæй кæсынц, уæддæр ын æхсызгон нæ вæййы, гыццыл лæппуйы номæй йæм исчи куьгбадзуры, уæд. Сона дæр стыр йыфс æвæрдта лæппуйæ, рахуыдта уал •, æй хæдзары хисдæр, стæй та — хæдзардарæг. Мæнæ ныр \ дæр балцы уый ныфсæй цæуы, йæхи тынгдæр уый ныф- сæй рарæвдз кодта, æндæра йын цæй азмæлæнтæ ис, иу-1| нæг сылгоймагæн афтæ гæнæнтæ кæм ис, уæд-иу мæгуыр дæр нæ уаид. Æниу æй нырма мæгуыр ничи схуыдта, стæй йæм, зæгъгæ, ахæм номæй бадзырдæуыд, уæддæр æй нæ бабыхсид, фæлтау æхсæв æмæ бон нал равзардзæн, до- нæй дуртæ хæсдзæн хъысмæты фыдæнæн. Иугæр хъæубæсты сылгоймæгтæ цом загътой, уæд æм афтæ фæкаст, цыма уый дæр йæ царды ахсджиаг хæстæм хауы æмæ йæхи райдыдта рæвдз кæнын, цæмæй дзы.фер-- вæза афоныл, стæй царды фæндтæй æмбæлы афæрсын дæр, æндæра гæнæн ис исчи йæ сомбон азымы бадара, нырмæ кæм уыдтæ, зæгъгæ. Хæдзары фæндтæн нæлгой- маджы уынаффæ уæддæр æндæр у. Иннæмæй та кæд йæ сабитæн зымæгмæ рагацау уæлæдарæсæн исты амæлттæ ’- скæнид, стæй, дам, йæ дарæг хæстмæ кæмæн ацыд, уыцы ’ бинонтæн паддзахад æххуыс дæтты хæринагæй дæр. Сылгоймаг æрæвæрдта дыууæ хызыныдзаг хæссинæг- тæ. Иу фæкастæй адæймагмæ ницы кæсынц, фæлæ ныма- йыныл куы схæцыд, уæд ын бабирæ сты: фæндаггаг, йæ капеччытæ, дыууæйы фæлыст дзабыртæ, дыууæйы фæлыст , уæлæдарæс, иудзырдæй, сæ уæз бæрæг кæныны тыххæй ’, сыл куы схæцыд, уæд йæ мид-зæрдæйы бакатай кодта. Бæргæ йæхи скъæтæй куы раласид бæх, фæлæ уый дæр ;; стыр бæрн у, хицау ын хъæуы, сæрмагонд лæг, бынат. Хъырымæн бæргæ уыд паддзахады бæх, фæлæ ма дзы уы- мæн цы пайда ис, иугæр ыл районмæ куы ацыд, уæд æй, кæй зæгъын æй хъæуы, организаци айста. «Цæй, ницы кæ- ны, искæйы бæхыл авæрдзынæн мæ хæссинæгтæ», — загъ- та йæхицæн æмæ æхсæв-бонмæ йæ хъуыдытæ дыууæрдæм / кодтой уыцы дард фæндагыл. Цалдæр хатты ахæццæ сты . районмæ æмæ цалдæр хатты æрбаздæхтысты фæстæмæ. (^она сыстад фыццаг кæркуасæнты æмæ йæхи срæвдз кодта, уыд арастæввонг. Цалдæр хатты ахызт къæлидор- мæ, фæлæ йæм нырма æгæр раджы фæкаст æмæ æд дзау- мæттæ йæхи æруагъта хуыссæныл. Фæтæгены цырагъы 100
рухс ын йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрын нал бауагъта стмæ зылдысты къуымты, куы та хъуыдыты фæстæ. Сылгоймагмæ балцы цæуын иуæй зындонмæ цæуæгау каст, иннæмæй та йæ зæрдæ йæхицæн нал ардта бынат, фæндыдис æй тагъддæр ацы уавæрæй фервæзын, къæсæ- рæй ахизын. Сывæллæтты бæргæ бафæдзæхста, фæлæ сæм чи кæсы йæхи хуызæн. Уæртæ ныр сæхй куыд байгом код- той, афтæ куы баззайой иу уазал æхсæвы, уæд куыннæ хъуамæ фæрынчын ой. Сона фестад æмæ сæ æрæмбæрзта. Æниу хъуццытæ æрдуцынæй дарддæр сæхæдæг сты фос* бабæстон кæнынхъом. Хæринаг цæмæй ацаразой, уый фаг сын ныууагъта, стæй кæд уæдмæ йæхæдæг дæр зынид. Тæрæзтыл барæгау та Сона ноджыдæр иу хатт дыууаб къухæй систа йæ хызынтæ. Ацы хатт æм фæкастысты рог- дæр. Хæрз æввахсæй райхъуыст куыдзы рæйын æмæ сыл- гоймаг къæлидормæ рауад. Стъалытæ тыбар-тыбур кодтой цъæх арвыл æмæ æхсæвы тары æмбæхстой^фæндаггоны сагъæстæ. Хохы фæскъæбутæй бæлæсты æхсæнты сцæйцыд цал- хыдзаг мæй æмæ йемæ гуырыдысты цахæмдæр ныфсытæ, цыма йын уый стыр ахъаз фæуыдзæн йæ бирæ аудинæг- тæ сæххæст кæнынæн. Иугæр æм хъæдрæбынтæ, фæндаг, къуылдымтæ куы разындысты, уæд иуæй йæ зæрдæ ба- рухс, иннæмæй та йæ бауырныдта, ацы дардцæуæн зын фæндæгтыл ын æнæцæугæ кæй нæй, уый, æмæ та ногæй бакатай кодта. Уыцы дардвæндагыл дыууæрдæм фистæ- гæй, стæй дæ балцæй дæ зæрдæ барухс уыдзæн, уымæн та иунæг хуыцау — æвдисæн. Сонайæн та йæ маст ацауæз- та зæрдæйы къуым, ком ахус, ныфсытæ æрызгъæлдысты, афтæмæй баздæхт хæдзармæ, фынæй сывæллæттæм нык- каст æдзынæг æмæ та йæ хурсыгъд дæрзæг уадултыл æр- лæсæн кодтой цæстысыгтæ. Иугæр та куыйтæ куы срæйдтой, уынгæй ныхас куы рбайхъуыст, уæд та сылгоймаг дæр фестъæлфыд, уæнгтæ нал æнцадысты сæ ризынæй, йæ рафæлдисæгæн та загъта ахъазджытæ æмæ та ахызт къæлидормæ. Ирдгæ уазал хаста скæсæнæй. Куы-иу гæзæмæ уддзæф Рауылæн кодта, куы та-иу фæсабыр. Уыцы иугъæдон ^ьуыст цæугæдоны хъæлæба. Дысон Сона цалдæр хатты Ракаст дуармæ, лæмбынæг-иу айхъуыста æрдзы тæлфын- мæ дæр, фæлæ йæм доны уынæр ныры хуызæн никуы фе- Хъуыст, хаста йын цахæмдæр æхцондзинад. — Сона, уæ Сона, — бадзырдта чидæр. Сылгоймаджы зæрдæ фæфидар, цахæмдæр фарны ны- хасæй айдзаг хæдзар, бауырныдта йæ, иунæг кæй нæу, кæй ^3Ь1 разындзæн, адæймагмæ йæ къух тыхсты заманы чи ба- 101
дара, ахæмтæ. Йæ кæлмæрзæны кæрæттæ æрбатыхта йæ хъуырн’л, сывæллæттыл ахаста йæ цæст, чысыл æрзылд- та цырагъ, дыууæ къухæй схæцыд хæссинæгтыл æмæ, хо- хы сæрты хизæгау, ахызт къæсæрæй. Дыууæ бæхджын бæлццоны айстой фистæг сылгоймæг- ты хæссинæгтæ æмæ нал зындысты бæхты хъустæ. Уалынмæ дзæбæх æрбабон. Сонайы æрхæндæг лæууыд къуыбарау хурхы нарæджы, фæлæ хуры тынтæ рæгътыл куы сныдзæвдысты, уæд цадæггай тади æмæ йæ уæнгты’ базмæлыд ног тых. Ныр сылгоймаг райдыдта хайад исын ныхасы дæр æмæ афтæмæй цыбыр кодтой сæ фæнаг. Сона æрфысьщ кодта йæ тиумæ. Тынг бафæллад, къæх-' тæ æдзæуæгæй стæппæлттæ сты. Тынг ыл бацин кодтой йæ фысымтæ. Уыдис дзы ныфсы ныхæстæ, царды фæндтæ,' цæссыгтæ. Дыккаг бон Сона йæ файнустимæ азылд дуканитыл, цы капеччытæ йæм уыд, уыдонæй сывæллæттæн алхæдта- зы- мæгон дарæс, æрмæст ма йæ хъуыд, æфсæддонты бинон- тæн æххуыс кæм лæвæрдтой, уыцы уагдонмæ бауайын æмæх йын уыцы хъуыддаг фысымтæ бакодтой йæхи бар, ома ской йеттæмæ йæ ницы хъæуы, сæ къухы цы уа, уый йын нæ бахæлæг кæндзысты. Сылгоймаг арæхстгай бахæцыд тар урс ахорæнæй ахуырст дуарыл, фæлæ йын «мидимæ рахиз» зæгъæг куы- нæ фæцис, уæд къæсæргæрон, цæмæдæр æнхъæлмæгæсæ- гау иудзæвгар афæстиат зæхмæ кæсгæйæ, нал дæр ын раз- дæхын æнтыст, нал дæр æм мидæмæ бахизыны ныфс уыд, фæлæ- уæддæр дуар рахгæдта æмæ æнхъæлмæ каст, стъо- лы фарсмæ йæ сæр йæ уæхсджыты ’хсæн кæмæн ныххауд, æрдæг фынæйау, гуыбырæй чи бадт, уыцы нæлгоймагмæ. Чидæр хатæнмæ кæй бахызт, уый бамбæрста, фæлæ уæд- дæр йæ сæрыл не схæцыд. Сона лæууыд, æнхъæлмæ каст иунæг дзырд, кæнæ цæстæнгасмæ. Уыдонæй йæ бон куы базыдта, уæд йæ былтæ гæзæмæ базмæлыдысты, ома мæ кæд не ’рхъуыды кодта æмæ йæ мид-зæрдæйы уыд салам раттинаг, фæлæ йын æддæмæ нæ райхъуыст. Уæдмæ ма ноджы- иу сылгоймаг бахызт хатæнмæ, Со- на къуымы ’рд&м балæууыд. Æвæццæгæн, сæхи кусджы-, тæй уыд, барджын къахдзæфæй бахæццæ стъолы фарсмæ æмæ куыддæр лæг йæ сæрыл схæцыд, афтæ Сонайы з.æр- дæдæр б;ахъæлдзæг. Базыдта Хыдыры. Сылгоймагимæ ныхасгæнгæйæ, лæг сыстад, фæлæ уæд- дæр тынг нæ фæуæлдæр стъолæй, æрмæст ферттывта фæ- стаг хуьшкъыл æвæрд роны аргъæвæг, стæй йæ къухты ццбыр æнгуылдзтæ æркафыдысты стъолыл, афтæмæй дзырдта фæсус хъæлæсæй. Сонама? дзы иунæг дзырд дæр 102
рæстмæ нæ райхъуыст, æрмæст уыдта, Хыдыр арæх йæ мидбылты кæй бахуды, уый æмæ уæд гуырысхо нал код- та1, зæгъгæ, йæ ахæм зæрдæйы хаттимæ æрбаййæфтон, уæд хйуыддæгтæ дæр ацæудзысты æнæкъуылымпыйæ. Сылгоймаг куыддæр раздæхт, къæсæрæн æддейæ фæ- цнс, афтæ лæг дурдзавдау алæууыд, йæ хъуынджын урс- хæццæ æрфгуытæ сæхи кæрæдзимæ байвæзтой, къухты хисдæр æнгуылдзтæ фæныхстысты аргъæвæджы фæйнæ- фарс æмæ карзæй афарста: — Цы дæ хъæуы? Сона фæтыхст, фефсæрмы, цы загътаид, уымæн ницы- уал зыдта, фæлæ æрæджиау йæхиуыл фæхæцыд, йæ хъуы- дытæ амбырд сты: — Æз Хуыры хъæуккаг дæн, Хъырымы цардæмбал. — Сылгоймаг куыддæр ацы цалдæр дзырды загъта, афтæ су- лæфыд, ома ныр сæрибар дæн уæлдай хынцфæрстытæй æмæ хъуыддаг йæхæдæг йæхи араздзæн. Лæг фæстæмæ æрбадт æмæ та йæ сæр ныххауд йæ уæхсчыты ’хсæн, стæй дзы æрæджиау райхъуыст иннæ фарст дæр: — Æмæ дæ цы хъæуы? — Хъырымы хæстмæ акодтой æмæ... Сонайæ рох нæ фесты йæ зæгъинæгтæ, фæлæ та йæ зæрдæ суынгæг, уы- тæппæт ныфсытæ, уалдзыгон митау, атадысты æнæнхъæ- лæджы, фырæфсæрмæй акалд йæ сурхид дæр, къабайы дысæй раласта сырх тæппытæ хъулон къухмæрзæн æмæ йæ авæрдта йæ ныхыл, йæ былтыл, стæй йæ æрбамбырд кодтагалиу армы дзыхъхъы. «Ацы хуыйы къахы хуызæн ын йæ цæхджын хойраг иу æмæ дыууæ хатты нæ бахорд- та, мыййаг, йæ фарсы тæнæгæй акæлой», — Сона йæ мид- зæрдæйы ахæм карз æлгъыст кæй ракодта, уый æм хорз кæ фæкаст, фæлæ фырмæстæй зæрдæ нал бакаст йæ ком- мæ. Æнхъæл уыд йæхи йын куы бацамона, уæд ыл бау- зæлдзæн, йæ хъуыддаг ын сараздзæн, фæлæ кæм, йæхи, æнæзонæг скодта æмæ марджы цæстæй ракаст. — Цы бакæнæм, ахæм дуг ралæууыд æмæ йын нæ дæр мæ бон нсты у, нæ дæр дæ бон, фæразын хъæуы, фронты бирæ Хъырымы хуызæттæ ис, — лæг æрæджиау схæцыд йæ насы хуызæн сæрыл, цæсты гагуытæ бамбæхстысты уæлтъыфæлтты бын. " — О, фæлæ æнахъом сабитæ ныууагъта æмæ уæ зæгъын кæд цу дыууæ путы хор рантысид, — Сона фæуæндондæр, лæджы æдзæсгом ахастмæ кæсгæйæ. — Цы бакæнæм? — лæг ивазæгау схæцыд йæхиуыл, Рæмбыныкъæдзтæ æрæвæрдта стъолыл æмæ армытъæпæн- тЬ1л фыццаг фæйнæрдæм ахэецыд, стæй сæ андадзгæйæ кæ- 103
рæдзийыл асæрфта æмæ дарддæр кодта йæ ныхас. — Бæр-' гæ мæ фæнды алкæмæн дæр баххуыс кæнын, фæлæ хор нæй, — Хыдыр сыстад, йæхи афтæ дардта, цыма йæ пад- дзахады мæтæй æхсæв хуыссæг дæр нæ ахсы, рахис къ^- хы мустучъийæ гæзæмæ æрцавта стъолы тигъ æмæ йæ ных сарæзта дуары ’рдæм.— Фронты бирæ адæм ис æмæ дзы алкæйы бинонтæн хоры пут куы раттæм, уæд паддзахады къæбиц афтидæй баззайдзæн; дзургæ рахæццæ къæсæрмæ, æмæ Сонайы цыма йæ фыны дæр нæ федта, уыйау æм зул- мæ дæр нæ фæкаст. Сонайы цæстысыгтæ та æрызгъæлдысты, гæзæмæ æн- цъылдтытæ кæуыл фæзынд, уыцы мастæфхæрд цæсгомыл æмæ сæ къухмæрзæнæй æмбæхсгæ рахызт Хыдыры разæй. Йæ зæрды уыд бирæ уайдзæфы ныхæстæ зæгъын, фæлæ йæ цæсгом кæм бахъæцыдаид, æмæ баззадысты зæрдæйы æвæрдæй. «Ау, иу дыууæ путы æххуыс куыннæ æмбæлы фондз сывæллонæн. Уаих æрбауай, æнæуæздан адæймаг, мæ царды хабæрттæй мæ уæддæр афарстаис, нæ хъæуы дæ фысым агурын куы нпкуы бахъуыд». Сылгоймаг йæ мид-зæрдæйы уагъта йæ тыппыртæ, афтæмæй каст лæджы фæстæ, стæй фæзылд рудзынджы ’рдæм æмæ, дарддæр цы мн бакæна, ууыл хъуыды кæнгæйæ, лæууыд мæ’стæйдзагæй., — Сона, цы ми кæныс ам, цы дæ æрбахаста ацы бæ- стыхаймæ? Сылгоймаг йæхиуыл фæхæцыд, уымæл цæстытыл та авæрдта къухмæрзæн тымбылтæй æмæ, йе ’рхæндæг бам- бæхсыныл фæлваргæйæ, райгонд цæстæнгасæй бакаст За- уырбегмæ. — Мæ-а, мæхæдæг дæр ма йын цы зонын. — Кæд æрцыдтæ хохæй, ардæм æнæхъуаджы не ’рба- уадаис? Сона Зауырбегæн нæ уыд йæ цыды сæр сæргомкæни- наг, фæлæ йын цы дзуапп радтаид, уый нæ зыдта æмæ йын уæд æнæ радзургæ нал уыд йæ хабæрттæн: — Цымæ цæрæнбонты уый æнхъæл уыдтæи æмæ искуы мæгуыргур ацæудзынæн, — Сона йæхиуыл бæргæ хæцыд, фæлæ та кæуын хурхы нарæгмæ куы схæццæ, уæд та дард- дæр йæ бон ницыуал баци зæгъын. Зауырбег æппæт дæр бамбæрста, æнкъардæй алæууыд зæхмæ кæсгæйæ, стæй та афарста: ( — Цы дын загъта? — Ницы... Чизоны, уый аххос дæр нæу. Алы, салдаты бинонтæн, дам, путгай куы фæдæттæм хор, уæд, дам, пад- дзахады къæбиц афтидæй аззайдзæн. Зауырбег йæ мæстæй цыдæр зæгъынмæ хъавыд, йæ 104
цæсгом фæтызмæг, исдуг афæнд кодта кæдæмдæр ацæуы- пыл, фæлæ фездæхт æмæ бакаст Сонамæ: — Тыхсгæ ма кæн, Хъырым махæн дæр æцæгæлон нæ уыд, бирæ лæггад дзы зонæм, кæд нын бæсты цæуы, уæд, стæй уый дæр афтæ фæуæд, фæлæ æххуыс паддзахад кæ- иы, нсчи йæ йæ хæдзарæй лæ дæтты, æмæ кæд æмбæлы, уæд æппæты фыццаг сымахæн. Ныр та ацу æмæ ма дæ кæд исты хъуыддæгтæ ис, уæд уыдонмæ æркæс. Æз а-дыу- ух боны машинæйыл Фæзыхъæумæ цæуын æмæ дын ме- мæ аласдзынæн иу голладжыдзаг мæнæу, стæй йæ уырды- гæй исты амæлттæй хæццæ кæндзынæ хæдзармæ. Уырды- гæй уырдæм бирæ нал у. Кæнæ та колхозы сæрдармæ те- лефоны фæдзурдзынæн æмæ дын бæх авæрдзæн. Сонайы зæрдæ куыннæ барухс уыдаид ахæм ныфсытæ æмæ уынаффæтæй, стыр райгондæй хæрзбон загъта За- уырбегæн æмæ рахызт агъуысты кæртмæ. Кæд ацы бал- цы уæвгæйæ дæр бирæ мæстыты бахауд, уæддæр ын йæ цæстытæ басур кодта Зауырбеджы уæздан ахаст. Йе уæнг- ты бацыд цахæмдæр хъару æмæ фидарæй аскъуыддзаг кодта: «Æвæццæгæн, зæххыл фæрнæйдзаг адæм фылдæр ис æмæ нын сæфынæй тас нæу. Иннæты фыдæнæн та мæ- гуыргур иунæг хатт дæр нал». / * * * Сона бирæ хæттыты загъта йæхицæн фидар ныфсæвæ- рæн хъуыдытæ æмæ фæндтæ, фæлæ-иу ын дзы бирæтæ фæмæнг сты æмæ та-иу уæд йæ пырх ныккалдта йæ хъыс- мæтыл, æрмæст йæхи хызта сывæллæтты бафхæрынæй,, чысыл уайдзæф дæр ын йæ удæй æппæрста æртывæр. Ныр дæр та бынтон æдзæрæг, æвадат сакъадахмæ ба- хауæгау ныргъæвстысты Сонайы ныфсытæ. Хъырым куын- нæ цыдис балцыты, Сона-иу æй бирæ хæттыты сæ бинон- тыл нымайгæ дæр нал кодта, æмæ-иу уæд сылгоймаджы аевджид баззадысты, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллонæй, хæдзарæй, фæлæ йæм ныры хуызæн зын никуы фæкаст Рухс ссудзын. Сывæллæтты дæр уазал пец йæхимæ нæ ла- ста, æмæ сæ уынгæй чи куыд раздæр цыд, афтæ-иу ба- тымбылтæ тæрхæгыл. Сона бадт рудзынджы тæккæ фарсмæ æмæ йæ сагъæс- гъуыз цæстытæ зылдысты талынг æрвгæрæттыл. Йæ уа- вæр æм каст фынфенæгау æмæ бæллыд тагъддæр куы рай- хъал уаид, тагъддæр куы фервæзид уыцы хъизæмæрттæй,, Фæлæ кæм? — Хъырым, уæ Хъырым! — чидæр бадзырдта кæртæй. Сылгоймаджы уæнгтæ ныддыз-дыз кодтой, исдуг йæ* )05>
.хъустыл дæр нæ баууæндыд, фæлæ уæддæр нал банхъæл-/ мæ каст æмæ тарстгъуызæй рауад къæлидормæ. - " — Сона, ды дæ? ’ — Æз дæн, — дзуапп радта сылгоймаг уынгæг хъæлæ- сæй. — Дыууæ хатты уæм æрбацыдтæн æмæ-иу уæ рухс куы-% нæ калд, уæд-иу аздæхтæн. Кæд дæ зæгъын райсом галтæ; хъæуынц, уæд сæ хизынмæ ма ауадзон? — Куыннæ мæ хъæуынц, абон дæр дын куы загътон, уæлæ мын ададжы цы дыууæ мæкъуылы ис, уыдон зæ- гъын рагацау æфтауцдонмæ куы фæзилин, науæд мын баззайдзысты. — Чи дæм фæкæсдзæн? ^ — Мæнæ Аланимæ ацæудзынæн, фæкæсынмæ та кæй æвдæлы, алчи йæ къухтæм æмхасæнтæ куы кæны. — Мæхи не ’вдæлы, æндæра мæхæдæг ацæуин демæ, стæй мæ сæрæн дæр нæ дæн æмæ дын æххуыс дæр цы хъуамæ бакæнон, чындз у æмæ æхсæвæй-бонæй йæ цæссы- гæй йæхи æхсы, кæдмæ афтæ уыдзæн, уымæн ницы мæ сæрæн зонын. Мад дæр лæппуйы ацыдæй фæстæмæ бын- тон æрхаудта, иубон сысты фондз боныта — хуысгæ. Цæй, . уæдæ уал хæрзæхсæв. Сонайæн йæ бон ницы сдзурын бацис, афтæмæй баз- дæхт хæдзармæ. Йæхи зындзинадæй йæм йæ сыхаджы уа- вæр фæкаст ноджы уæззаудæр. Мæнæ, зæгъгае, Хъырым уазæг фыццаг хатт ацыд, уæд адæм загътаиккой: йæ къах нæ фæбæззыд, фæлæ дзы нырма никуы ничи рахъаст код- та. Ацы хатт йæхæдæг дæр цыдæр æвæндонæй араст, æвæц- цæгæн, адæймагмæ ис развæлгъау æнкъарынад, фæлæ уæд- дæр йæ бон нæ вæййы йæ ныхмæ фæлæууын, йæ фæнд аивын. Хæрз æрыгонæй, нырма сын цардыл хъуыды кæнын афон дæр æххæст нæма уыд, кæрæдзи цæстытæм æдæрс- гæ нæма бакастысты, афтæ сын дуджы фыдбылыз сæ амонд баппæрста цæхæры. Сылгоймагæв цыма исчи уайдзæф бакодта, ома ам ох- хытæ æмæ аххытæй нал у, маст æмæ цæссыгæй ницыуал рамбулдзынæ, уыйау бадгæ нал, фæлæ ссыгъта фæтæге- ны цырагъ, азылд къуымты æфснайгæ, арт скодтд æэдæ бавнæлдта æхсæвæр аразынмæ. Фæсахсæвæрæй раджы ахызт. Сывæллæттæ куыддæр афынæй сты, афтæ Сона дæр йæхи æруагъта хуыссæныл. Икз фæллад цæстытæ зылдысты хæдзары къуымты (алы- гъуызон сагъæссаг хъуыдытыл-иу бафтыд изæрыгæтты, æх- сагвыгон) фæлæ царды ныфс кæмæй фæфидар уа, ахæм зæрдылдаринаг нæдæр дзаумæтты ’хсæн разынд, нæдæр 106
мпгæнæнты ’хсæн. Æцæгæлон къуымтæм кæсæгау, иунæг цпны уацхæссæг ныв дæр нал æмæ нал цыд цæстыты раз- мæ æмæ сылгоймаджы хъуыдытæ ноджы тынгдæр рай- дыдтой фæлмæцын, ацы хæдзармæ цы бон æрцыд, уæдæй фæстæмæ удæнцой кæмæй федта, уыцы æрхæндæг хæдза- ры уындæй. Цалдæр хатты, зындзинæдтæй æмбæхсæгау, кæрæдзийыл авæрдта йæ цæстытæ, фæлæ йын фæтæгены цырагъы рухс уæддæр йæ мидзæрдæйы æрхæндæг сагъæ- сты æгæр куы фæлмæцын кодта, нырмæ йæ амонд æмæ цины суадæттæ кæм абузтой æмæ уыдон æнæнхъæлæджы кæм байсыстысты, уыцы къуымтæ æвдисгæйæ, уæд фыдæ- нæнгæнæгау фестад, ахуыссын кодта рухс æмæ йæхи ба- кодта саудалынджы бар. Сылгоймагмæ хуыссæг уæддæр нæ цæуы æмгæрæтты. Цымæ кæм уыдысты нырмæ, цæст кæуыл не ’ххæссы, хъуы- ды бæстон кæй нæ ахсы, сæ уæз кæмæн нæ уромы, уыцы сагъæстæ. Цард вазыгджын у. Дыууæ цардæмбалы хъа- рутæ кæмæй фæлмæцынц, æгæрстæмæй æвæджиаг уарзт сæ уацарьг кæмæн бахауы, уыцы сагъæстæ æмæ царды фæндтæ хатт аззайынц сæ иуы æвджид æмæ уæд сæ хæс- сын бирæ фæзындæр вæййы. Нæлгоймагæн йæбон у фи- дар фæлæууын, æрдз æй фæхай кодта тых æмæ ныфсæй, фæлæ уыдон дæр сысынц, аудæг сыл куынæ уа, уыцы ахастæй рæвдыдцух куы аззайой, уæд. Сылгоймаджы уæз- дан удыхъæд æгæр лæмæгъ у бинонты бæрндзинадæн, цар- ды æйцой балæууынæн. Фæлæ уæддæр сæрбахъуыды рæс- тæджы лæууы фидар цардбæллон æнкъарæнтæ æмæ хъыс- мæты фыдæнæн цæссыджы суадæтты фæрцы. Сона фынæй нæ уыд, йæ цæстытæ дæр ацы хатт хус уыдысты, стæй хъуыды дæр нæ тыхст царды фæндтæй, æрмæст йæ цæстыты раз тыннывæндæгау кодтой алыгъуы- зон нывтæ æмæ йæм æппынæдзух се ’хсæнæй зынди Хъы- рымы фæлгонц. Хуыссæгхъæлдзæг сылгоймаг æхсæвы тар æмæ æгуып- пæгæн табугæнæгау йæхи бакодта уыцы нывты æвджид аемæ сын, фесæфынæй тæрсæгау, æрæхгæдта йæ цæстытæ. Уыцы нывтыл исдуг йæхи ирхæфста, фæлæ цæмæй тарст, уый йыл æрцыд, æнæнхъæлæджы фæтары сты, куыдз куыд- Дæр срæйдта, афтæ. Æниу цал æмæ цал хатт сбон кодта Сона йæ сабити- мæ иунæгæй. æнæ Хъырым. Æмбисæхсæв дæр-иу фанары Рухсимæ асгæрста йæ фо,сы, куыроймæ дæр-иу ацыд хъæу- гæронмæ, фæлæ йын ацы хатт уыцы ныфс цыдæр фæцис. Иннæ æхсæвтæй хъауджыдæр æнахуыр тас бацыд йæ уа?нг- ты æмæ йæм хæдзары алы къуымæй дæр уыд фыдбылыз Рагæппæввонг. 107
Уыцы бындары куыдз нал æмæ нал æнцад йæ рæйы-' нæй. Сонайы бæргæ фæндыд тыргъы онг ацæуын, фæлæ1 йæ йæ мид-зæрдæйы æнкъарæн, пъæззыйау, не суагъта’ змæлын, æрмæст æнхъæлмæ каст, куыдз йæ рæйынæй кæд банцайдзæн, уы№æ. Сывæллæттæй чидæр уæззау сулæфыд, райхъуыст йæ хуыр-хуыр. Сона фестъæлфыд. Ацы хатт æй фестыи кодта æнахуыр тых. Фæтæгены цырагъ бæргæ ссудзид, фæлæ цæмæй? Спичкæ кæм авæрдта, уый йæ зæрдыл нал лæу- уы. Йæ къух зæрдаивæй расæрфта стъолыл, скъаппыл. Хъæдын къус ахауд æмæ пъолыл йæ æмыр къæрцц фæ-' цыд. Сылгоймаджы нуæрттæ алхынцъытæ сты^ карз æл- гъыст та рахæццæ æвзаджы цъупмæ, фæлæ йæ баурæд- той æхсæвы тар æмæ фæллад хъуыды. Уæддæр йæ развæд сгаргæ бахæццæ сынтæгмæ, йæ къух рауагъта сывæллæт- тыл радыгай сын хъуыста сæ улæфтмæ/ йæ зæрдæ чысыл æрсабыр. Бацыд иннæ сынтæгмæ. Уым хуыссыдысты дыу- уæйæ. Кæцыдæр сæ дзырдта фынæйæ, фæлæ дзы мад ни- цы бамбæрста. Æниу сын уæды онг никуы дæр сæ уæз- зау улæфтæй фæтарст, никуы дæр сæ хъæрзынæй, стæй сæ исчи æхсæв фынæйæ дзуры, уый дæр никуы æрхъуыды кодта. Сылгоймаджы хуыссæг фæлыгъд, афтæмæй та йæ- хи æруагъта тæрхæгыл. Куыддæр уасæг ныууасыд, афтæ Сонайы цæстытæ фе- гом сты. Æнахуыр тых æй алæууын кодта йæ къæхтыл. Дысон-бонмæ йæ бæллиццтыл цы нывтæ узæлыдысты, уы- дон йемæ ахаста æхсæвы тар. Расыг адæймагæн йæ митæ дыккаг бон йæ цæстытыл куыд фæуайынц, афтæ Сонайæн дæр фынау, атадысты йæ хиирхæфсæн хъуыдытæ æмæ йæм бонрухс цадæггай хаста, алидзæн кæмæй нæ уыд, уæззау уаргъау, уыцы сагъæстæ, стыр ныфс æмæ хъару равдисын кæйГхъуыдис, ахæм фæндтæ. «Алан, сыст уæлæмæ, дæ нывонд фæуон, ныр бон у». Лæппу йæ мидфынæйæ æмбæрста ныхас, фæлæ сыстын- вæнд нæма кодта. Мад æм бацыд хæстæг æмæ йын нык- каст йæ цæсгоммæ, стæй та азылд хæдзары къуымты, фæ- лæ уæддæр йæ бон нæ бацис, сылгоймагмæ чи хауы, ныр-, мæ ахуыр кæуыл уыдис æмæ æхцондзинад кæмæй иста, уыцы куыстытæй иумæ дæр февналын. «Алан, уæ Алан, сыст уæлæмæ, ныр цæуынафон у, стæй баулæфдзынæ», — Ацы хатт мад йæ хъæбулмæ бавнæлд- та .къухæй, æмæ йын кæд зын уыдис йæ сыхъал кæнын, уæддæр æй ракæсын кодта йæ цæстæй, — мауал бафы- нæй у, дысон мын дæхæдæг куы загътай, сыхъал-иу мæ кæн, зæгъгæ. Лæппу дзургæ ницы скодта, афтæмæй каст хъæццулы 108
бынæй цахæмдæр æндæр уынаффæ фехъусын æнхъæл, фæ- пæ та мады кæртæй хæдзармæ здæхгæ куы федта, уæд ра- хызт хуыссæнæй. «Нæма скодтай дæ дзаумæттæ? Бæндæнтæ нæхимæ ис, фæлзд нæ дысон æфсондз ракурын ферох. Галтæ куы скъæ- рай, уæд-иу сын се ’фсондз дæр сæуæлæ баппарын кæн». Алан йæ хæдоны æгънæджытæ æвæргæ ахызт къæсæ- рзей æмæ чысыл фæстæдæр мад æд æфсондз кæрты гал- тæ лæугæ куы федта, уæд йæ зæрдæмæ бакаст рухсы тын, йæ ныфс фæфидар, цингæнгæ, фехъал кодта хисдæр чыз- джы æмæ йæ бафæдзæхста, аходæнафонмæ кæй æрцæу- дзысты, уый тыххæй, йæхæдæг атындзыдта кæртмæ. Уæды онг Сонайы галтæ ифтындзыны сæр никуыма ба- хъуыдис. Алан ын æххуыс кодта. Лæппуйы бæргæ фæн- дыд, алцы лæгау, æдæрсгæ аразын, фæлæ йæ нæма хаста йæ хъару, мад та йын тæригъæд кодта æмæ-иу стыхст бæн- дæнтимæ. Уæддæр ма иу хуыцау хорз, æмæ сæ куыст ра- зынд æнцонвадат. Мæхъийы дзыхыл-иу- абастой бæндæн дыууæ дыдагъæй, мад-иу ахæцыд галты сæрбосыл æмæ афтæмæй лæгъзбын уыгæрдæны мæкъуылтæ ластой æф- тауцдонмæ. Куыддæр фæстаг мæкъуыл бахæццæ йæ зымæгон бы- натмæ, афтæ мад æмæ лæппу галты раз æркалдтой хол- лаг, сæхæдæг æрбадтысты нæууыл æмæ, сæ куыстæй сæ- рыстыр уæвгæйæ, хъугæмттыл ахæссынц сæ цæст, куы та ныфсджын æмæ райгондæй бакæсынц кæрæдзимæ. Фыц- цаг фæлварæнæй барухс Сонайы зæрдæ, гæзæмæ та фæ- фидар сты йæ царды фæндтæ æххæстгæнæг ныфсытæ. «Цом ныр, хъæбул, сывæллæттæ иунæгæй тæригъæд сты, хорз бакуыстам, — загъта мад æмæ сыстад, æрцагъта нæ рыгтæ, сæрбæттæн бараст кодта сæрыл; йæ цæст аха- ста, чысылæй фæстæмæ кæм схъомыл, уыцы уæзæджы æвæрдыл, йæ къуылдымтæ æмæ æрдузтыл, уыгæрдæнтæ земæ хъæдæй æхгæд фæхстыл. Уыдонæй йæм алы къуы- быр, алы дур, алы’бæлас дæр ныккаст хионы цæстæй æмæ Дьтд сæрыстырæй хъæуы ’рдæм къахфæндагыл. * * * Мæнæ зæгъгæ фосы уастæй не сфæлмæцыд, уæд Сона ^мбисбонмæ йæ къах дæр нал атылдтаид, фæлæ дæ цы Фаенды, кæмæ бадзура, кæй сыстын кæна йæ бæсты æмæ та ахъазджытæ загъта йæ амондæн. Йæхæдæг сыстад æнæ- бары, фæлæ йæ уæнгтæ кæрæдзийыл нæ хæцыдысты, дыз- ДЬ1з кодта æгас буар. Къухтæ байдзаг сты лыстæг сын- 109
дзæй, хус хæтæл фæхафта цæнгтæ, цæсгом æмæ артау/ сыгъдысты æхсæв-бонмæ. \ Сылгоймаг, хъеллæуттæгæнгæ, æрхызти кæртмæ, æр: дыгъта йæ дыууæ хъуджы æмæ байгом кодта кæрты дуар.,, Цыдæриддæр дзы змæлæгæй уыд, — иууылдæр сæ ахнзын- кодта хидæй æмæ раздæхт. Йæ зæрды уыд уыцы бон бау^ лæфын, фæлæ йын дзы ницы рауад. Колхозы бригадиры куыддæр сæ кæрты лæугæ федта, афтæ йæ æрхауынмæ бирæ нал бахъуыд. — Дæ райсом хорз, Сона. — Дзæбæх райсомтæ дыл цæуæд, Дзено. — Абон та нæ де ’ххуысы сæр бахъуыд, фæлæ «нæ» ма’- зæгъ, — загъта зæронд лæг æмæ цыма Сонайы фæллад- гъуыз цæстæнгасæй æфсæрмы фæцис, уыйау ма бафтыдта: йæ ныхасмæ, — бирæ кусинаг нæу, раджы фæуыдзæн ссывд, дæлæмæ дæр иу-фондз цъерийы æмæ уæлæмæ дæр. Нæ чындз дæр уæм фæкæсдзæн, уæдæ кæдмæ хъуамæ ба- да хæдзары. Знон исты бакуыстат? — Цас кусинаг уыдысты. — Уæдæ сæ æгайтма бабæстон кодтат, ныр сын тас нал’ у, уырдыгæй сæ кæдфæнды дæр æрласдзынæ. Цæй, æз ин-/ нæтыл дæр азилон, æндæра та æндæр куыстытыл сбæндæн. уыдзысты. Сона йæхн æруагъта асины фарсмæ фæйнæгæйарæзт бандоныл. Зилгæ уадтымыгъ, сау халонау, кæй рудзынгæй нал бауасыд, ахæм ын нал баззад. Иæ фæд фæуагъта Сонайы къонайыл дæр. Кæд дзы бинонтæ змæлыдысты, уæддæр уыдис æдзæрæджы хуызæн. Дыууæ кæсдæр лæппуйы, æвæ’ццæгæн, хуыссæнуаты цæуылдæр фæбыцæу сты æмæ сæ иу се ’ннæйы расырдта бæгъæмвадæй. Мады цыма уын- гæ дæр ыæ фæкодтой, уыйау йæ рæзты фæхæрд кодтой уæлæсыхы ’рдæм. Сылгоймаг змæлгæ дæр нæ фæкодта^, сыбыртт не схауд йæ дзыхæй, фæлæ цæсгом фæсау, аф-, тæмæй бадт, дурдзавдау. Кæцæй йæм нæ фæцыд усгуртæ, фæлæ йæ йæ хъæубæ- стæй йæ къах никуыдæм ахаста æмæ фæсмонгонд бæргæ нæ фæцис, æрмæст ын дуг ’ахаста йæ фарн. Цас фæндтæ, цас бæллицтæ уыд йæ цардбæллон зæрдæйы. Хъазты фæн-. дырдзæгъдынæй никуы бафæллад. Иæ бакаст, йæ уæн^ты айстæн уыд бирæ уацайрæгтæ æмæ сæм уæлейæ дæлæмæ каст сæрбæрзондæй. Сабиты цинæй йæм фæзынд царды; ног бæллицтæ, ног ныфсытæ, фæлæ æгæр раджы аззады- сты йæхи ’вджид. -Уæдмæ дыууæ чызджы дæр æрхызтысты кæртмæ æмæ сæ мады ахæм зæрдæйы уагимæ бадгæ куы федтой, уæД 110
#м саэ æввахс бацæуын ничиуал бауæндыд æмæ йæм тарст- р-ьуызæй кастысты дæрддзæфæй. Хисдæр чызг лæууыд бæгъæмвадæй, пыхцылсæрæй, йæ уæлæ джипцæйфыст дæрдджын къаба, кæсдæрыл — зæ- ронд хуыйгæ дзабыртæ, мады морæгъуыз кофтæ йын уыд юбкæйы бæсты дæр. Æвиппайды сыл фæзынди, сидзæр Кстй аззадысты, уый. Сона æрæджиау схæцыд йæ сæрыл æмæ йæ разы сы- в#ллæтты ахæм хуызæй куы федта, уæд уæнгты фæллад æрбайрох, æрбатымбыл сты йæ хъуыдытæ: «Цы фæдæ, акæс-ма фæйнæрдæм, кæддæра цас стут æмæ иууылдæр уæ зæрдæтæм хъусыныл куы фæуат, уæд ма а-дуне кæ- мæй уыдзæн цæрдхъом, кæмæй ма фидаудзæн, чи ма уы- дзæн ныфсы хос æвирхъау зындзинады бахауæг амондæн? Ды, æрмæстдæр ды, сæрыстыр, уарзæгой сылгоймаг, на- мысджын ныййарæг æмæ хæларзæрдæ цардæмбал. Чысы- лæй фæстæмæ рæвдыд ныхас æмæ уæздан ахасты денджы- зы йæхи найгæйæ, хæдзары фарны хуры тынтæм дидинæ- гау чи райхæлд, уыцы зæрдæ ныр та хъуамæ кæса хъыс- мæты тызмæг цæстытæм, фидар лæууа дуджы фæлварæн- тæн. Науæд цы зæгъдзæнис Хъырым? Цы цæсгомæй ма рацæудзæн адæмы ’хсæнмæ, йæ хæдзар куы фæцуда, йæ сабиты æдзæллаг уавæр ын адæм æмбисондæн хæссинаг куы фæкæной, уæд?» Уый намыс базмæлыд сылгоймаджы знæт хъуыдыты ’хсæи æмæ агуырдта, йæ сыгъдæгдзинадыл ын къæм аба- дын чи нæ бауадза, уыцы хъаруйы æвæрæнтæ. Дæ фыд-зæрдæ адæмы дзыхы бафтæд. Адæм хæрзгæ- нæг ’куыд сты, афтæ хатыр кæнын дæр нæ зонынц. Де ’цæг ном дын нæ бауадздзысты сусæг кæнын. Сонайы .хисдæр чызг æнæдзургæйæ рахаста уисой æмæ бавнæлдта кæртытæ мæрзынмæ. Мад æм каст æдзынæг я?мæ йын йæ алы фезмæлд дæр, хъæдгомау, агайдта йæ Зæрдæйы уидæгтæ: «Куыд тагъд сыл фæзынди сæ уавæр. Сидзæры ном куыд æгъатыр æмæ тæссаг у сабитæн, æмæ канд сабитæн нæ, фæлæ ацæргæтæн дæр. Ныр кæдæй ныр- мæ нæ уыд скъолайы æмæ йын ацу дæр никуы загъта. Нæ, иЬ1рæй фæстæмæ йæ иунæг бон дæр нал бакъуылымпы кæндзæп. Уый нæ, фæлæ иннæты дæр. Фæлтау сæ куыст, еæ цумайы хай кæндзысты фæсурокты». Нæ, уый йын раст ныхас нæ фæцис. Фæззæг удисæны хУЫзæн у. Фæллойæн нырма йæ фылдæр æддейæ ис, хæ- ^Зары куыстытæ — сæрæй уæлдæр, куыд сыл хъуамæ ах- Ха2сса иунæгæй. Мæнæ ма иу-дыууæ къуырийы æмæ уæд Дæудзысты æдæрсгæдæр. Сона йæхæдæг дæр рæвдз уыд ахуыр кæнынмæ, скъо- Ш
ламæ дæр бæргæ æнæзивæг цыд, фæлæ уыцы дуджы уа| вæртæ та æндæр уыдысты. Никуы дзы ферох уыдзæн й&; дыккаг мады уайдзæф. Куыддæр йæ кæрдзыны къæбæр нæхи ’рдыгæй фæци, афтæ йæ чингуытæ йæ дæларм акод^ та æмæ а-ныр къæсæрæй ахиза, афтæ йæ къæбутыл сæм^ бæлд тызмæг ныхас: «Цымæ та кæдæм тагъд кæныс? Скъо^ ла уадз, фæлæ мæнæ исты мийыл ныххæц». Сонайы бо$ ницы зæгъын баци æмæ раздæхт, уæдæ цы уыдаид. УаеУ дæй фæстæмæ скъолайы æмгæрæтты дæр никуыуал ауад^ фæлæ уæддæр хорз базыдта кæсын æмæ фыссын. | Сона ахæм хъысмæтæй фæтарст йæхи сывæллæттæн дæр, фæлæ дзы цы хуызы фервæза, уымæн йæ бон нищл уыд æрымысын. Ахуыр дæ куы фæнда, уæд скъоламæ цæ| уын хъæуы. Ахæм фадат та уыдонæн нæ уыд æмæ сыл| гоймаг, катайгæнгæ, æрвылбон йæ зæрдæмæ иста маст| Уыцы бон йæ сæры фæзынд ног хъуыды æмæ комкоммæ ацыд колхозы сæрдары хæдзармæ уынаффæ кæнынмæ. ]' «Æз ацы рæстæгмæ куыстытæй мæ сывæллæтты нæ фæдардзынæн, фæлæ хъуамæ бакусон хъугдуцæгæй. Зо^ нын æй, æнцон нæ уыдзæн, хæдзары куыстытыл афтæ нал’ æххæсдзынæн, сывæллæттæ дæр аззайдзысты сæхи бар^ фæлæ мын нæй æндæр гæнæн». -; Сæрдар дыууæ нæ загъта Сонайы фæндоныл. Уый нæ^ фæлæ ма дзы бузныг дæр фæцис ахæм ныфсджын хъуы? дыйы тыххæй. - • Райдыдта Сона колхозы хъуццытæ дуцын. Æххуыс ый кодтой йæ кæсдæртæ Катя æмæ Алан. Ахæм куыстытæй цыма хæдзары царды фæндтæ фæцæрдхъомдæр сты, афтæ фæкаст сылгоймагмæ, стæй афтæ дæр уыд æмæ фермæйы кæд бирæ фыдæбон уыд, уæддæр дзы иста æхцондзинад; Ие ’мбæлттæ дæр ын арæзтой йæ къух. Кæмæн сæ куыд амал уыд, афтæ-иу акуыстой кæрæдзн бæсты æмæ æххæс^- сыдысты хæдзары зылдтытыл дæр. | * * * Хъæдмæ цæуыны размæ Алан йæ фæрæт цы дурыл наЛ адаудта, ахæм нал баззад æмæ цыргъ дæр дзæбæх ссй;' фæлæ ма йæм уæддæр йæ зæрдæ ’хсайдта. ;| Хуыцаубоны аходæнафон араст сты хъæдмæ суг кге\ нынмæ. Бæргæ зонынц хорз суггæнд, фæлæ уым фылдæ^ нæлгоймаджы тых хъæуы. Уыдонæн та.^æнцондæр фадаЪ’ 1хъæумæ хæстæг гæдыбæлæстæ фæлдахдзысты, цæмæй с<# дардæй ласын ма хъæуа. Иу-дыууæ боны куы ракæной^ уæд ма сын фаронæй цы цагъд баззад, уыимæ сын уыдзае**, зымæгваг, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. 112
Мад æмæ фырт къахфæндагыл схæццæ сты уæлвæзмæ. уым бæлæсты бын аууоны сæ фæллад уадзгæ, æнæдзургæ- йæ сæ цæст хастой суггæндыл. Сæумæрайсомы хуры тынтæ сæхи асæрфтой бæрзонд рæхснаг гæдыбæлæстыл дæр. Рог уддзæф сын ноджы тынг- дзер базмæлын кодта сæ^ сыфтæртæ æмæ, ныхасгæнæгау, хъуыст сæ сыбар-сыбур. Арвыл мигъы къæм нæ уыд æмæ уайтагъд æрбайсæфт райсомы сатæг. Цъырцъырджытæ æз- хуыздæронæй бавнæлдтой кусынмæ æмæ-иу сын хатт ра- уади дæргъвæтин æнæаскъуыйгæ зарæджы хуызæн. Ца- лынмæ æртæх нæма асур, уæдмæ зæлланг кодта мæргъты зарын, фæлæ фæстагмæ æрнымæг цадæггай. — Алæма, дæ фæрæт цыргъ у, хъæбул? — Мад айста лæппуйы къухæй фæрæт æмæ йын кæсы йæ коммæ, æрыс- гæрста йæ уырзæй дæр. Лæппу куы мадмæ бакæсы, куы фæрæтмæ, æнхъæлмæ каст æппæлæн дзырдтæм дæр, фæлæ дзы ахæмтæй куы ницыма уыд, уæд йæхæдæг фæраздæр: — Ныр æй дыууæ боны цыргъ кæнын, — загъта æмæ та ныккаст фæрæты коммæ. — Хорз цыргъ у, фæлæ абон хуыцаубоны кусгæ ничи кæны мах йеттæмæ. — Цы уæлдай у? — Цы куы зæгъай, уæд рагæй фæстæмæ ацы бон хуы- цауы бон хуыйны æмæ адæм та хъуамæ сæ фæллад уа- дзой. Лæппу дзургæ ницы скодта, фæлæ фæлмæн бахудт йæ мидбылты, цыдæр зæгъынмæ, хъавыд, кæнæ мады хъуы- дыйы ныхмæ кæнæ та йæхи фæндон, фæлæ йын не сбæ- рæг. — Цæй, ницы кæны, иннæ хуыцаубон мах дæр баулæф- дзыстæм, кæд-ма нын æй абон ныххатыр кæнид. Ды уал ам бад, æз уæртæ уыцы бæлас ралыг кæнон, — загъта Со- на æмæ сæрбæттæнæй бæстон æрбабаста йæ сæрыхъуын- тæ, йæхæдæг сыстад æмæ та йæ къухты ’хсæн цалдæр зыл- Ды æркодта фæрæты хъæд. Къæхты бын пыхсытæ ссæндгæ, сылгоймаг бахæццæ бæласы-цурмæ æмæ цыма йæ мид-зæрдæйы хуыцаумæ кУывта, уыйау скаст бæласы цъупмæ, стæй фæрæт уæззау- Гай æрæппæрста бæласыл йæ бындзæфхадмæ хæстæг. Иу- гЯф ма йæ пыхсытæ куы хъыгдардтой, уæд та дзы цал- Аæры æрлыг кодта æмæ æрлæууыд бæстондæр. Рафæлдæхт иу бæлас, дыккаг, æртыккаг, фæлæ уæдмæ сьглгоймаг байдыдта фæллайын. Фæрæт зæхмæ æрæппар- Гаейæ, Сона æрбадт, йæ уæлæ хъуына кæмæн равæрдта, а*æм тъæпæнгомау дурыл, сæрбæттæны кæронæй асæрф- 8- Гугкаты Ш. 113
та йæ хид æмæ, суггæндыл йæ цæст хæсгæйæ, нымадта, цал суджы ма ралыг кæндзæн, уыдон. Хур афтæ æрæн- дæвта æмæ адæймаджы йæ зæрдæ нал хаста кусынмæ бав- налын. «Цæй уæд та ма иучысыл акусон» — загъта та йæхи- цæн Сона æмæ, пыхсыты ссæндгæ, балæгæрста гæдыбæ- ласмæ. Пыхсыты йæ даргъгомау юбкæ нæ уагъта рæстмæ акъахдзæф кæнын, йæхи быд фæсмын цъындатæ цалдæр раны фæхуынчъытæ сты. Сæрбæттæны баст феуæгъд æмæ гæзæмæ урсхæццæ сæрыхъуынтæ разындысты бындзыггай. Фæллад цæнгтæ фæрæт райдыдтой зивæгæй исын, цыма уæззаудæр фæци, уыйау, æгæрстæмæй ма йæ цы цъыхы- рытæ хъыг дардтой, уыдон дæр’баззадысты æнæ лыг, аф- тæмæй лыг кодта бæлас. Иурæстæджы фæрæт фæхæцыд къалиуыл, фæсайдта сылгоймаджы æмæ зулаив æрныдзæвд къахыл. Сылгоймаг хъарæгау ныууынæргъыдта æмæ йæхи æруагъта пыхсы- тыл, стæй уынгæг хъæлæсæй фæдзырдта Аланмæ. Лæппу фестъæлфыд æмæ йæм бахæццæ. Куыддæр пых- сыты ’хсæнæй рахæццæ сты нæууы гæппæлмæ, афтæ Со- на, кæд лæппуйы цæстмæ йæхи фидар дардта, уæддæр æр- хауд зæххыл, фелвæста йæ цъында æмæ йæ зæрдæ ба- хъ’арм. Уæрагæй дæлæмæ къах нал зынд тугæй. Алан фæтыхст, цы ма сараза, уымæн ницы зыдта, йæ кæуын схæццæ хъуырмæ, йæ мидбынаты зылд, кæдæм ныхъхъæр кæна фæдис, чи йын фехъусдзæн йæ хъæр, хъæды змæлæг нæй. Бæстæ уыд æгуыппæг. Нал хъуыст цъырцъырджыты иугъæдон хъыррыст, банымæг, сæумæрайсом хурæрцыдыл цингæнæг мæргъты зарын æмæ бæстæ ныггуыппæг, сыл- гоймаджы мид-зæрдæйы мароймæ хъусæгау. Байгом сты Сонайы цæстытæ. Сылгоймаг йæхи æрæм-- бæрста, йæхиуыл фидар хæцыд лæппуйы цæстмæ. — Хъæбул, марадз-ма уæртæ суадоны донæй æрбадав дæ нымæтхуды. — Ныртæккæ, Нана, — Алан фæхъæлдзæгдæр æмæ ма цалдæр æртахы æрбахæццæ кодта, фæлæ уыйхыгъд ны- мæт йæхимæ кæй айста, уый дæр мад æрлæмæрста йæ ных, йæ цæсгомыл. Туг цæуы æмæ цæуы. Сона къах бæргæ хъæддых баба- ста кæлмæрзæнæй, фæлæ йын нал æмæ нал урæдта йæ рыст. Гæзæмæ фезмæлыд, зæгъгæ, уæд йæ зæрдæ фæцæй- х^ьарм кæны. — Хъæбул, цæугæ хъæумæ æмæ фельдшерæн радзур мæ хабар, кæд рацæуа, кæннод дæр дын цы хос радта, уый-иу рахæсс, æндæра лыг, æвæццæгæн, стыр у æмæ ис- ты низ асайдзæн. 114
Лæппуйæн ахæм уынаффæ нæ уыд æнцон. Йæ цæсго- мы туджы цъыртт нал аззад, цикъæйæ фæлурсдæр ацис. Мад ма фæфæсмон кодта йæ ныхæстыл, фæлæ байрæджы, æрмæст ма комкоммæ бакаст Аланы цæстытæм: — Цу, цу, мæ хъæбул, тæрсгæ ма кæн, йæ туг уал бан- цад. Ныр ма йæ хосимæ бабæтдзыстæм æмæ сындæггай ацæудзыстæм хæдзармæ. Фельдшер хъæуы нæ разынд, фæлæ æвдæлон хъæубæ- стæ афæдис кодтой æмæ Сонайы æрхастой фæндагмæ, уыр- дыгæй йæ хæдзармæ та галтыл раластой. Кæд æмæ кæд не слæууыд Сона йæ къахыл, æппын- дæр æй нæ уагъта змæлын, афтæмæй фæхуыссыд иу мæ- йæ фылдæр. Хъугдуцджытæ йын йæ хъуццыты айуæрстой сæхиуыл, йæ хисдæр чызг дæр-иу сæм фæкаст дуцынмæ, фаджыстæ мæрзынмæ, хæдзары зылдтытæ та æрæнцады- сты Дзенойы чындз æмæ Аланы уæхсчытыл. Фæззыгон куыстытæ куыд къаддæр кодтой, афтæ дыу- уæ кæсдæр лæппуйы арæхдæр цыдысты скъоламæ, фæлæ Катя æмæ Аланæн нæма фæцис ахæм фадат. Уыцы бон Сона йæхи фыццаг хатт раирхæфста кæрт- мæ лæдзæджы æнцой. Хъæубæстæй йæм рынчынфæрсæг чи нæ уыд, чи нæ йæ абæрæг кодта, ахæм дзы нал баззад„ фæлæ йын уæддæр арфæтæ кодтой, афтæ кæй баззад, уый тыххæй. Сонайы рынчыны рæстæджы фæфылдæр сты Аланы цуматæ, æгæрстæмæй йæ бахъуыд балцы цæуын дæр. Хъæубæстæ йæ рахуыдтой хæдзары хицау, — хæдзардарæг, кæд æм ахæм ном нæма æмбæлдис, уæддæр. Фыццаг бал- цы ацыд сыхаг хъæумæ. Уæдмæ та йæ къуыри æртæ хат- ты хъуыд пост хæссын. Уый стыр пайдайы куыст уыд хæ- дзарæн. Уыцы цахъхъæнæй мыздисын райдай, уый мæнæ нæй. Мад ын акуывта йæ фæндагæн æмæ йæ бафтыдта зонгæ бæлццæттимæ. Йæ зын уыдис иу-дыууæ цыды, стæй фæцайдагъ æмæ згъордта. Иæ фыццаг мыздæй та йын йе ’мбæлтты фæхуыдта. Афтæмæй мады зæрдæ гæзæмæ банцой йæ кæсдæртыл, фæлæ йын æгæр куы тухæн кодтой, уæд та сын тæригъæд кодта. Йæхæдæг дæр та райдыдта фермæмæ цæуын. Уæд- мæ фæфидар æмæ сывæллæттæ скъоламæ цыдысты æдæрс- гæ. Алан йæ посты æрвитæггæгтимæ алыхатт дæр тындзыд- ?а хæдзармæ, баталынгæй тæрсгæйæ, уæлдайдæр зымæ^ 115
гон. Бон кæд тынг цыбыр уыд, уæддæр-иу хурныгуылдмæ никуы баззад. Фæлæ адæймагæн алыхатт йæ фæндтæ йæ- хи фæндиаг кæм фæцæуынц æмæ та Сонайæн æнæхъуа- джы стыр маст. Постмæ районæй æнхъæлмæ кæсгæйæ, лæппу афæсти- ат. Исдуг йæ зæрды уыд раздæхын, а-ныр æрбацæудзæн, а-ныр фæзындзæн æмæ афтæмæй æмбисбонæй раджы ахызт. Зымæгон ахæм рæстæг нæдæр балцы цæуынæн бæззы, нæдæр балцæй здæхынæн, стæй йæ, раст зæгъгæ- йæ, æнæ пост раздæхын дæр нæ фæндыд, бирæ æнхъæл- мæкæсджытæ йæм вæййы. Аланæн ма зонгæтæй чидæр загъта, зæгъгæ, æгæр бай- рæджы кодтай æмæ ахсæв ам баззай, фæлæ иуæй йæ цæс- гом нæ бахъæцыд, иннæмæй афтæ ахуыр нæ уыд æмæ ра- тындзыдта йæ фæндагыл. Мит дæр раздæхт уарынмæ æмæ лæппуйæн нал æмæ нал æнтыст размæ. Тынг бафæллад. Иуæй йæ йæ къæхтæ сайдтой, иннæмæй зæрдæйы бацыд цахæмдæр тас æмæ йæ ком райдыдта хус кæнын. Бына- тæй куы рараст, уæддæр ма рухс уыд, фæлæ чысыл куы рауад, хъæды астæумæ куы ’рбахæццæ, арв йæхи ныллæг- дæр куы руагъта, уæд æнæнхъæлæджы æризæр. Лæппу ма бæргæ тындзыдта, бæргæ ма архайдта къæхтæ тагъд- тагъд размæ исыныл, фæлæ уыдон нал кастысты коммæ. Зæрдæ риуы фæйнæг хоста, афтæмæй ма тыххæйты ба- хæццæ- Фæзыхъæумæ. Уырдыгæй ма йæ хæрды дзæвгар суайын хъуыд сæхи хъæумæ, фæлæ йæ ныфс асаст. Алан фæцæуы хъæуы астæуты. Уынджы лæууыд цал- дæр йæхи карæн лæппуйы æмæ ацæргæтæ. Фæцæуы сæ рæзты, салам сын радта, фæлæ сæ комкоммæ никæмæ ба- каст. Сæ цурты цæугæйæ, цыдæр ныфсыл хæцыдысты йæ хъуыдытæ, фæлæ сæ чысыл куы адард, уæд Жн æрбай- сæфтысты, йæ зæрдæ райдыдта уынгæг кæнын, æрхауын- мæ йæ бирæ нал хъуыд. Къæхтæ ма бæргæ иста размæ, фæлæ, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, ацы мæйдары уыцы тар хъæды куыд цæудзæн, миты куыд лæгæрддзæн, уымæн ни- цы йæ сæрæн зыдта æмæ чысыл фæлæууыд йæ мидбына- ты, аивæй фæстæмæ ракаст æмæ та æнæбары айста йæ къах. — Алан, фæлæу-ма. Аланы хъустыл ацы дзырдтæ сæмбæлдысты, фæлæ сыл нæ баууæндыд, йæ мидбынаты, дурдзавдау, андзыг, зæр- дæиы рис цыма чысыл асæлæф, йæхи йыл асæрфта хæрз- гæнæджы уынæр æмæ цалынмæ уыцы амонды фидиуæгмæ ногæй æнхъæлмæ каст, уæдмæ йæм бахæццæ, чысыл раз- дæр уынджы лæугæ кæй федта, уыцы зонгæ лæппутæй иу. — Алан, ныр талынг у æмæ дын зын уыдзæн цæуын, 116
фæлæ- ахсæв ам лæуу. Райсом раджы сфардæг уыдзынæ. Алан ницы сдзырдта, æгомыгау лæууыд йæ мидбына- ты. Нырма никуы баззад ацы фæндагыл æхсæвæттæ æмæ йæм уыцы фæнд фæкаст фынфенæгау, иннæмæй та лæп- пуйы фæлмæн дзырдтæ атадыстьь йæ зæрдæйыл æмæ йæм зæххыл уымæй хæларзæрдæдæр адæймаг ничи каст уыцы рæстæджы. — Цæй, цом, мауал лæуу, уæддæр дæ нæ ауадздзы- стæм, дæлæ мæ лæгтæ рарвыстой, — загъта лæппу æмæ аздæхт, йæ фæстæ Алан дæр цыд, зивæггæнгæ. -*': Изæрæрдæм Сона тынгæй-тынгдæр тыхст. Куы рудзын- джы раз абады, куы кæртмæ рауайы, йæхицæн нал ардта бынат. Иугæр хур куы аныгуылд, уæд бауад сыхæгтæм, Уы’рдыгæй фездæхт æмæ хъæуæххæсткомы сæрдарæй рай- ста дæгъæл. Дзуры телефонæй, фæлæ ма уыцы афон уаг- доны чи хъуамæ уыдаид, фæлæ уæддæр телефоны хæтæл нал иста йæ хъусæй. Уалынмæ чидæр фæцис дзуаппдæттæг. — Чи дæ? — Сона афарста фырцинæй тынг хъæрæй. — Æз дæн. ч ’ — Ды чи дæ? — Æфснайæг дæн. — Мæ’ уд дæ нывонд, æуым Аланыл дæ цæст никуы схæцыд? — Алан зæгъыс? — О, о, Алан, нæ постхæссæг, æз йæ мад дæн, Сона. — Федтон, федтон, чысыл раздæр райста пост æмæ ацыд уæхимæ. Нæма схæццæ? Сонайы æнгуылдзтæ хъæддых æрбатыхтой телефоны хæтæл, цæстытæ ирдæй аззадысты, стæй сылгоймаг йæхи æрæмбæрста, афтæ кæугæ, йæ уæрджытæ хойгæ, фыццаг хæдзары смидæг, стæй Дзенотæм: «Бабын дæн, мæ хъæ- бул, мæ хъæбул!» «Цы хабар у, цы ’рцыди?» — фарстой сыхæгтæ, фар- стой хъæубæстæ æмæ æрæджиау базыдтой, Алан постхæс- сынмæ кæй ацыд æмæ кæй нæма æрбахæццæ, уый. Чи цы дзырдта, чи цы. Кæд иууылдæр дызæрдыг кодтой, уæд- дæр-иу ныфсы ныхæстыл схæцыдысты Сонайæн, фæлæ цы фæнд æрымысой, уымæн ницыма зыдтой. Сылгоймаг æх~ хуысæнхъæл йæхи радав-бадав кодта: «Мæ бындур ра- зылд, мæ арт бауазал, цы ми ма барæнон». — Æндæр дзы адæймаг ницыуал хъуыста. Хъæубæсты ацæргæ лæгтæ, хисдæр кары лæппутæ фæ- къордгæйттæ сты æмæ райдыдтой уынаффæ. Фæстагмæ ныххæцыдысты иу хъуыдыйыл: «Сылгоймаг афтæмæй бон- мæ дæр нæ бафæраздзæн, фæлæ цæугæ». Фæдисонтæ Сонайы бæргæ нæ уагътой семæ, фæлæ йæ 117
чи баурæдтаид. Уайтагъд ныххæццæ сты Фæзыхъæумæ.', Куыйтæ куынæуал æнцадысты сæ рæйынæй, уæд цæрджы- тæй чи кæртмæ рахызт, чи къæсæргæронæй алырдæм дард- та йæ хъус. Уалынмæ æппæт дæр сбæрæг. Сона йæ хъæ- бысы атыхта Аланы æмæ нал улæфыд фырцинæй. Уыцы ’хсæвæй фæстæмæ та сылгоймаг цалдæр боны нæ систа йæ хуыссæн. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп нал æмæ нал æнцад, рæхойæгау кодта рæстæгæй-рæстæгмæ, фæлæ та æрсабыр цадæггай. Алан уæддæр йæ постхæссын нæ ныууагъта. Бирæ хæт- тыты^баззад æхсæвæддæ дæр, фæлæ æрмæстдæр Сонайы фæндæй. Алан хæдзары нæй, зæгъгæ, уæд æм алы мигæ- нæн, алы дзаума дæр каст мæстыгæр, тæргайы хуызæнæй. Бонæй-бонмæ фылдæр кодтой хæдзары аудинæгтæ æмæ- иу Аланæн къуыри иу-дыууæ -цыдæй фылдæр нал бантыст пост хæссын. Уавæрыл фæцайдагъ сты хъæубæстæ дæр æмæ дзы уæлдай ницыуал домдтой. Хъæубæсты ма баззадысты ацæргæ нæлгоймæгтæ, æна- хъомтæ, службæйæ сæрибар чи ’рцыд, уыдон. Цыдысты хæстмæ, фæлæ дзы фæстæмæ нæ уыд здæхæг. Æмæ фæзынд æхсызгон хабар, базмæлын кодта хъæу- бæсты стырæй чысылæй. Хъæуæххæсткомæй иу лæппу, цин- гæнгæ, азгъордта хъæуы ’рдæм. Бирæтæ фæхатыдысты, хæрзæггурæггаджы згъорд дæй фæкæны, уый, фæлæ йæ ничи баурæдта. Уалынмæ Тæтæриты хæдзарæй райхъуыст цины хъæлæба. Адæмæй хæдзары нал уыд къухбакæнæн. Чидæр айвæзта фæндыры тæнтæ. Бæлццоны размæ ацы- дысты цалдæр бæхджыны. Сонайы хъустыл дæр æрцыд ацы æхсызгон хабар, фæ- лæ нæ атындзыдта Тæтæритæм, йæ мидбынаты андзыг, цæ- джындзау, лæууыд хæдзары астæу æмæ йæ буар нал æн- цад йæ ризынæй. Чысыл æм цыма хардзау дæр фæкаст, бæлццон Хъырым кæй нæу, уый. Уæддæр фæфæдис сты йæ ныфсытæ. Уырнын æй байдыдта адæмы ныхас: «Уæдæ дзы иууыл кæм сæфдзысты». Абон Тæтæриты хæдзармæ тындзыдта амонды уацхæссæг, райсом та, чи зоны, уый хæдзармæ бахойæ дуар. Ахæм ныфсытимæ Сона дæр ацыд бæлццоны уынæг. Пъатæ, хъæбыстæ, цины цæссыгтæ. Тæтæри бадт йе ’фсæддон дарæсы. Адæм нал æнцадысты сæ ныхас æмæ дзолгъо-молгъойæ. Хæдзары бадгæйæ чи баззад, уыдон лæмбынæг хъуыстой бæлццоны алы дзырдмæ дæр. 118
Тæтæри нæ уыд ныхасгæнаг, фылдæр дзуапп лæвæрД- та фарстытæн. Хъæубæстæм, чы’сылæй фæстæмæ се ’хсæн гП1 схъомыл, уый фенд каст фын уынæгау. Йæ хъæдгæмт- тæ йын цыма сæ алы дзырд дæр фæцагайдзæн, уыйау ны- хас кодтой уæзбын, ныллæг хъæлæсæй. Хæстон-пу йæхи- гъæдæй исты цауы тыххæй дзурын куы райдыдта, уæд-иу цыма улæфгæ дæр нал кодтой, уыйау-иу уыдысты бынтой^ æмыр æмæ тарæрфыг. Иæ цæфты хабар дзырд куы фæ- цис, уæд адæм базмæлыдысты: «Æнæ адзал мæлæт нæй», «Адæймаджы уд дæр фидар у», «Адæймагæн йæ адзал куынæ уа, уæд ын никуы ницы тас у», «Æгайтма афтæ баззадтæ», «Махæн ма удæгасæй сæмбæлæд йæ хæдзарыл, уый йеддæмæ...» Алчи дзырдта, бæлццонимæ ныхасгæнгæ- йæ, йæ хъуыды. Алкæмæн дæр сæ йæ нысан уыд бæлц- цонæн, стæй бæлццæтты бинонтæн ныфсытæ авæрын. Уæдмæ сцæттæ æхсæвæр дæр. Хъæубæсты адæмæй ма чи баззад, уыдон куывтой Тæтæрийæн, сæ хъæубæсты, ком- бæсты бæлццæттæн, цæмæй хæст тагъддæр фæуа æмæ ал- кæмæн дæр йæ хæстон йæ хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæла. Сона бадт æнцад æмæ кæд ныхæстæм лæмбынæг хъуы- ста, уæддæр йæ мид-зæрдæйы хъуыды нæ сæфти, афтæ йæм каст, цыма ныртæккæ Тæтæри исты хабæрттæ радзур- дзæн Хъырымы тыххæй. А:ныр ын фехъусдзæн йæ ном Тæ- тæрийæ, а-ныр ын райдайдзæн дзурын йæ хабæрттæ, мæ- нæ йæхиуæттæ куыд дзуры, афтæ. Фæлæ нæй æмæ нæй. Уæдмæ Тæтæри йæхæдæг афарста, хъæубæстæй ма бына- ты чи ис æмæ чи нæй, уыдон æмæ Сонайæн тæригъæдгæ- нæгау бакодта: — Кæцæй æрæрвыста фыстæг фæстаг хатт? — Рагæй дзы нал райстам фыстæг, фæстаг хатт ма Кер- чæй æрæрвыста. Тæтæрийæн, уæззау нывтæ мысæгау, йæ цæстытæ фæ- иппæрд сты сылгоймагæй æмæ цыма искæмæ куы фæком- коммæ уа, уымæй тарст, уыйау ныккаст йæ къæхты бын- мæ. ♦ :{= * Бадынц сылгоймæгтæ. Иу ранмæ сæ цы æрæмбырд код- та, уыцы уæззау хъысмæты бæрджытæ, æддейæ бакæсгæ- йæ, æппындæр нæ зындысты сæ ныхасыл. Пирынц, æлви- сьшц, бийынц цъындатæ, æрмкъухтæ. — Дзерассæ, æлхуый ма Сонайы къухты фæсадз æмæ та нын дæ фæндырæй ацæгъд, — сылгоймæгтæй иу баха- ста йæ фæндон, иннæтæ дæр бахъæлдзæг сты æмæ чызг- ^æ се ’ппæт дæр æрхатыдтой. 119
Фæндыры зæлтæ уæззаугай схæцыдысты сæ базыртыл æмæ цадæггай хатæн байдзаг æрхæндæг, фæлæ зæрдæйьь ныфсытæн’ тых чи лæвæрдта, ахæм бæллицтæй. Иууылдæ^ фесты фæндыры цагъдмæ хъусыныл. Алкæйы зæрдæ дæрг домдта, уæнгтæ кæмæй барызтаиккой, зæрдæ кæмæй нык- кæрзыдтаид, ахæм цагъды мелодитæ æмæ сæ Дзерассæ’ дæр скъæрдта кæрæдзи фæстæ. , • Сона дæр æлхуыйы æлвыстыл æрбатыхта йе ’нгуылдз-; тæ æмæ æдзынæг ныккаст йæ мид-зæрдæйы , сагъæстæм, цæстытæ гæзæмæ бауымæл сты, афтæмæй каст, чызджы даргъгомау æнгуылдзтæ фæндыры амонæнтыл куыд уæз-' заугай цыдысты, уымæ æмæ йын дуджы таурæгъ агайдта ие ’нкъарæнтæ. Фæндырдзæгъдæг йæхинымæры зарыд цагъдимæ, адзæ- гъæл сты йæ цæстæнгас, йæ хъуыдытæ. Æрыгон чызг. Иæ цардбæллон цæстытæн гæзæмæ фæсаст сæ цæхæр, æрхæн- дæг цæсгомыл зындысты фæндыры мелодийы фæдтæ. Кæд йæ уарзты зынг ссыгъд, уæддæр йе стъæлфæн нæма фес- хъиудта, нæма йын фæцис цæстæнгасæй зæрдæйы æхгæд дуæрттæ гом кæныны фадат, дуджы уæззау хъысмæт ын йе ’рыгон æнкъарæнты дæр ныууагъта сидзæрæй æмæ уы-| дон дæр æмпылдысты сæхимидæг. Дзенойы ног чындзы уадултыл тылдысты хъарм цæс- сыгтæ. Сылгоймаг сæ асæрфы рæстæгæй-рæстæгмæ, ам- бæхсы сæ куы сæрбæттæны кæронæй, куы армытъæпæнæй, фæлæ уæддæр ферттивынц зæрдæйы судзгæ маст скъæ- фæгау, къæсхуыр, фæлурсгомау уадултыл. Фæндыры зæл- тæ йын йæ цæстытыл аныхæстой чындзæхсæвы нывтæ, зæр- дæйы базмæлыдысты уæлмонц æнкъарæнтæ æмæ йæм æп- пæт дæр каст фынфенæгау. Чындз бийы цъында, фæлæ хаттæй-хатт æнгуылдзтæ æрлæууынц сæ тæлфынæй, къухтæ цадæггай сæхи æруа- дзынц кæттаг раздарæныл, хъуыды, йæ бæттæнтæ атонæ- гау, адзæгъæл вæййы рæсугъд царды нывтæй хал аразы- ны бæллицтимæ, фæлæ фæстæмæ æрыздæхы æнкъардæй æмæ æрыгон зæрдæмæ фæлæсы маст æмæ æрхæндæг, куы чта, хъазæгой сылгоймæгтæм хъусгæйæ, цæссыгимæ цæсго- мыл фæзыны кæддæры худæндзаст дæр. — Сона, дæ хъæбулты хурæй бафсæд, ды нын куынæ радзурай, Хъырымимæ куыд баиу стут, уый. Сылгоймæгтæ иууылдæр æрхатыдысты Сонамæ. ( — Ныууадзут мæ, уæ хорзæхæй, æндæр уæ ницы æн- давы, — Сона йæхи фæтызмæг кодта, фæлæ уæддæр ин- нæтæ нæ аивтой сæ хъуыды. — Ды йæ куынæ радзурай, уæддæр æй мæнæн нæдзур- гæ нæй, фæлæ мæм ды ма хъус. Дæ Хъырымæй мæ Хъы- 120
рым дæлдæр ницæмæй лæууы, фæлæ æз, дæуау, мæ фындз не ’руагътон. Алкæмæн дæр нæ йæ амонд фыст у, кæмæ нæ цы кæсы, уымæй йын нæй ирвæзæн. Мах та чысыл хъуамæ фидардæр фæлæууæм. Чызджытæ, сымах джихтæ ма кæнут, фæлæ рæвдздæр, бонæй та нын æндæр куысты- тæ ис, — сылгоймаг йæхирдæм аздæхта иннæты хъусдард æмæ райдыдта дзурын. «Ацы Сонайы æфсымæр дын Хъырымæн ускурынвæнд ма скæна. Нæ комбæсты куыннæ уыд чындздзон чызджьь тæ, æмæ дыууæ æртæ хæдзары цы хъæуы нæ абæрæг код- той, ахæм сын нал баззад, фæлæ сæ цæхх æмæ кæрдзы- нæй дарддæр никуы ничи ницæмæй суазæг кодта. Ныхас- иу куыддæр къуырццæвæнмæ æрхæццæ, афтæ та-иу Хъы- рымы мæгуырдзинад фæцис къуылымпыйы хос æмæ та-иу усгуртæ дæр сæ хæдзæрттæм мæстæйдзагæй раздæхтысты. «Уæдæ ма цы ми бакæнæм, цы фæнд ма æрымысæм», — ахæм хъуыды дыууæ лæппуйы дæр бафтыдта катайы. Уæд дын Хъырым дæр иубон фæцырд йæ хатæгмæ æмæ йын хъазгæмхасæн бамбарын кодта. «Кæд мын ус курыс, уæд дæ хæдзары чындздзон чызг... Æмæ æз дæр æрæнцайон мæ хъеллауæй, ды та мæ првæзгæ фæкæндзынæ». Уый адыл Сонайы хъустыл æрцыд хабар, фæлæ йæ исдуг ни- цæмæ æрдардта. Адæм дзæгъæл дзурынæй фылдæр цы кæнынц, зæгъгæ, цæрæг хæдзары чызгæн йæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд Хъырымимæ йæ цард сиу кæнын. Фæлæ йæм ныр та Хъырымæй хуыздæр ничи кæсы. Чы- сыл дæ мидбыл бахуд, дæ мидбыл, уæд та нæм цы амонд кæсы, йæ амонд басудза махæн нæ цардæй зындон чн са- рæзта, уымæн. Иугæр сылгоймаг йæ ныхас куы фæкарз кодта, уæд ни- чиуал бахудт, фæлæ сæ фыдæх зæрдæимæ алчи зæрдиаг- дæрæй бавнæлдта йæ ми кæнынмæ. Ацыхатт дæр та сылгоймæгтыл æрбабон бадгæйæ æмæ уырдыгæй алчи ацыд йæ зылдтытæм. Сонайæн куыддæр йæ хъуццытæ дыгъд фесты, афтæ ратындзыдта хæдзармæ, рагацау хъуамæ ацыдаид Алани- мæ хъæдмæ сугласынмæ. Хъæвдын бынаты нæ разынд, æн- дæра йын йæ галтæ æвастæй нæ сифтыгътаид, æгъатыр лæг у, уый йе ’нæзонгæ нæ уыд, фæлæ кæд ницы зæгъиты ныфсæй ацыдысты. Бирæ фæфыдæбон кодтой мад æмæ фырт. Цыдæр фыд- былызæн-иу куы сæ тæбынг асаст, куы стивдз, афтæмæй цыдысты къуылымпытæ гæнгæ. Сона та цæмы ныххауд æмæ, уазалæй тæрсгæйæ, тындзыдтой хъæумæ. Хъæумæ сæ бирæ бæргæ нал хъуыд, фæлæ сæ иу хæрды баййæфта Хъæвдын, кæцæйдæр æрыздæхт "къуылых расыгæй æмæ 121
куыддæр галты ауыдта, афтæ йæ цæсгом сау афæлдæхт; марг цæстытæй уыд разæй кæнынæввонг, чысыл ма ба^ хьæуа ехсæй æрцæва сывæллоны, ноджы йæ галтæм уы^ ды стыр уисæй æвзидгæ куы федта, уæд æппын нал урæд- та йæхи, уайтагъд бæхæй æргæпп кодта, бауад галты раз< .мæ æмæ сæ феуæгъд кодта æфсондзæй: «Гал кæй хъæуы, уый йæйе скъæтæй рауадзы», — загъта æмæ сæ йæ разæй аскъæрдта хъæумæ. Сонайы зæрдæ ныддур, кæуын æй фæндыд, фæлæ цæс- сыг ныссалд фæндагыл. Аланы цæстытыл ауад, ахæм хæ- рæгæйгуырды мукъутæ тыхджын лæг куыд аууæрдид, уый. Иузаманы бакаст сугты ’хсæн сагъд фæрæтмæ, фæлæ иуæй йæ ныфс нæ бахаста, иннæмæй та иугæр Сона куы ницы сдзырдта, уæд ~æм афтæ фæкаст, цыма æмбæлгæ дæр аф- тæ кæны æмæ уый дæр нæ фезмæлыд йæ бынатæй. — Цом хæдзармæ, æндæр искæйы галтæ раскъæрдзы- стæм, нæхи уал ссур кæнæм. Ацы гуымыдзайæн дæр кæд батайа, уæд бæрæг уыдзæн. Суртæ, дам, кæны æмæ йæ мид-зæрдæйы худæгæй мæлы хъæубæсты фæдисонтыл. Мæ куыдзы сæртæ хæринаг фыдгулæн, æндæра дæ хуызæттæ лæгтыл нымад дæр никуы уыдысты бæргæ. Афтæ мыстау къæбицгæсæй æрвит дæ бонтæ, æндæр та цæмæн бæззыс, дæлдæр ныххауа дæ хуызæтты рафæлдисæг. Сона цыд йæ тыппыртæ калгæ. Аланы ком ныххус фыр- мæстæй, йæ зæрдæ нал цыд йæ риуы. Æрæджиау райдыд- та фæсмон кæнын. Мæнæ, зæгъгæ, мады дзыхæй сыбыртт схаудта, уæд нæ сауæрстаид дæндагæй, фæлæ цæмæй зыд- та, мад дæр уый тыххæй ницы дзырдта, уый. Уыцы æхсæв фæрынчын Сона, æруатон, фæхуыссыд цалдæр боны, сыстад, фæлæ рæстмæ нал скуыстой йæ улæ- фæнтæ. Чысыл, зæгъгæ, къæхтæ бауымæл сты, буарыл уа- зал аныдзæвд, уæд-иу æй хуыдуг кæнынмæ бирæ нал хъуыд. Хæдзар баззад сывæллæттæ æмæ сыхæгты ’вджид. Алы маст æмæ йын мæт бынтон асастой йæ хъару Сонайæн. «Астма», — ацы дзырд бафтыд адæмы дзыхы. Медицинон хо дæр разы уыди уыцы хъуыдыимæ æмæ домдта, цæмæй йæхи хиза уазалæй, физикон архайдæй. «Бæргæ, дæ ны- вонд фæуон, фæлæ мæнæн кæм ис ахæм фадæттæ, цалын- мæ мæ къæхтæ адаргъ кæнон, уæдмæ, фæлæ уæддæр хъахъ- хъæндзынæн мæхи, æндæр мын цы гæнæн ис...» ( * * * Акъоппы къул æрлæбырд æмæ сыджыт дыууæ салда- ты йæ быны æрныгæдта. Сыджыты бын цас баззадысты, 122
ыМæн сæхæдæг дæр ницы зыдтой, фæлæ Хъырымæн йæ ^оН бацис йæ рахис къух ссæрибар кæнын æмæ дзы рай- гоМ кодта йæхи, стæй æрысгæрста йе ’мбалы. Бæстæ уыд æгуыппæг, æрмæст арвыл фæзынынц иу- гаГк.хæдтæхджытæ æмæ уыдон хъæр хæлдта æрдзы са- бырдзинад. Хъырымы сыджыты бынæй сыстыныл бирæ рæстæг нæ бахъуыд, фæлæ уыйхыгъд афыдæбон кодта йе ’мбалыл. Хур аныгуылд. Дыууæ салдаты сæ цæст хастой тохы фæдтыл. Се ’мбæлттæ чердæм фæцыдысты, уый раиртасын нæ уыд сæ бон æмæ куыд уыдаид, цы уыдаидæй фарстой кæрæдзи. Куыддæр акъоппæй схызтысты, афтæ, æвирхъау нывтæм кæсгæйæ, лæууыдысты джихæй. Сæ алыварс мæрд- тæй иутæ уыдысты уырыссаг дарæсы, иннæтæ — немыцаг æфсæддон дарæсы. «Чердæм цæуæм ныр?», — æрхæццæ сты ацы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ, фæлæ йын дзуапп раттын нæ уыд сæ иуы бон дæр. Уæдмæ райдыдта талынг кæнын. «Цыдæриддæр уа, цæ- уæм нæхиуæтты ’рдæм», — уый уыдис сæ фæстаг ныхас. Цыдысты адгуыты, къутæрджын хъæды, фæстагмæ схыз- тысты иу къаннæг обауы сæрмæ. Уым сæхи æруагътой уы- мæл зæххыл. Бадынц. Хъусынц алырдæм. Кæцæйдæр æр- байхъуыст куыдзы рæйын. Æнæцæугæ нæй. Араст сты, куыдзы рæйын сæм кæцæй хъуыст, уыцырдæм. Хъæугæрон лæууыд къаннæг хъæдын хæдзар. Йæ алы- варс — кауæй æмбонд. Нæдæр уынæр, нæдæр рухс. Сæ фæнд уыд уым се ’хсæв арвитын. Æнæкъæрццæй цæуынц кæрæдзи фæстæ, куы фæхицæн ой æмæ талынджы кæрæ- дзи куынæуал ссарой, уымæй тæрсгæйæ. Сæ иууыл стыр- дæр катайаг уыд цуанон. Уый куы срæйа, уæд... Фæлæ дзы нæ разынд. Хæдзары змæлæг нæй, уый сæ уырныдта цæмæдæр гæсгæ æмæ æрлæууыдысты дуары фæйнæ фарс. Хъырым ыл бахæцыд сындæггай. Нæ бакуымдта гом кæ- нын. Ие ’мбалæн дæр. Æнæмæнг мидæгæй æхгæд у æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Цыдæриддæр уа, мидæмæ æнæцæугæ нæй. Ацы фæнд та сæ баразæнгард кодта. Хъырым бахоста рудзынг æмæ йе ’мбалы фарсмæ амбæхст бæласы фæстæ æхсынæввонг. Æрæджиау гæзæмæ фæзыхъхъыр рудзынджы дуар, фæлæ Дзуаппдæттæг нæ уыд. «Чи ис хæдзары», — афарста Хъы- рьщ ныллæг хъæлæсæй. Уырыссаг ныхасæй фæфидар фы- сымы зæрдæ æмæ уый дæр ныллæг хъæлæсæй радта дзу- апп: «Мах, фæлæ чи стут?». «Дуар нын бакæн». Хæдзары разынд ацæргæ лæг æмæ кæрæдзи бæстон ^рфарстой. Цалдæр боны размæ Сырх Æфсад ныууагъта 123
хъæу. Ауылты цæуынц немыцаг машинæтæ, æфсад. Ньк дæр дзы иу къорд ис скъолайы. './* Зæронд лæг сын бацамыдта, кæуылты æмæ чердæм ц^ уын хъæуы, уый æмæ уал сæ фæллад уагътой æд дзау. мæттæ. ); Раст фыццаг кæркуасæнты уазджытæ хæрзрайсом запь. той сæ фысымæн æмæ ахызтысты хъæуæй. Цæуынц бь** дыры. Райдыдта рухс кæнын. Хъæдмæ ма сæ хъуыд хæрз чысыл æмæ тындзыдтой, фæлæ æнæнхъæлæджы хæрхæм. бæлд фесты немыцаг развæдсгарджытыл. Бацайдагъ сын æхст. Хъырым фæцæф, фæлæ немыцæгтæй дæр сæ фæстае чи ацыдаид, ахæм нал уыд. < <)< Хъырымы йе ’мбал аккой кодта æмæ нал æрлæууыд, цалынмæ хъæдмæ бахызт, уæдмæ. Бадынц иу бæласы бьщ". Хъырым хъæрзы. Нæмыг сæмбæлд йæ гуыбыныл, фæлае иннæрдыгæй нæ ахызт. Лæг цикъæйау ныффæлурс. Тугæй æддæмæ шщы разынд, æвæццæгæн, фæцыд хуылфмæ. Йэ§ бон ницы уыд дзурын, æрмæст куырдта дон. Хъырымы æЩ бал исдуг ахъахъхъæдта алырдæм, стæй гуыбыр-гуыбыр фæраст æрхырдæм дон агурæг. Дон бæргæ æрбахаста, фæ| лæ йæ сæр нал бахъуыд. Уым баныгæдта йæ хæстон æм.* балы, йемæ йын рахаста йæ дзыппы документтæй, гæххæт- тæй цыдæриддæр уыдис, уыдон. * * * Сона ма уæддæр тых кодта æрмæст хæдзары змæлдыл,' фæлæ йын Хъырымы саугæххæтт нал бауагъта йæ уат си- сын. Дохтыртæ йын бауынаффæ кодтой, цæмæй ныллæгдæр бынатмæ аивтаид йæ цæрæн бынат, фæлæ сидзæргæсы>: кæм амыдтой йæ фадæттæ ахæм рæстæджы. Æрмæст ма бæллыд, цæмæй йæ сидзæртæ ма фæиппæрд уой ахуыры фæндагæй, цæмæй фæхæст уой царды фæндтыл æмæ ра- цæуой адæмы рæгъы. Сона йæ алы къахдзæф, йæ алы фезмæлдæй дæр уыд сидзæртыл аудæг, ныфс, æмæ йын уыдон дæр æххæст код- той йæ фæдзæхст. Фæлæ йыл уæдмæ æгæр æртæфстысты хæсты уæззау азты фыдæбæттæ... Ныр ыл сæ цæссыг ка- лынц йæ хъæбултæ, хиуæттæ, хæстæджытæ, æцæгæлæттæ. Сæркъулæй лæууынц йæ хъæубæстæ æмæ зæрдæрыстæй’ мысынц намысджын ныййар’æг, цæстуарзон, кæрдзындæт-' тон, хæларзæрдæ сылгоймаг — Сонайы рæвдыд æмæ лæг- гæдтæ. 124
ЦАЛДÆР ФЕМБÆЛДЫ «...Уазал пъатæн сайын ма ком, Дард дæумæ куы уа дæ уарзон». Ш. Руставели. Уый куыддæр дуканийы къæсæрæй бахызт, афтæ За- уырбеджы цæстытæ ирдæй аззадысты, йæ сæры ферттыв- той, æвзонгады æнкъарæнтæ сæ цинæй кæмæн нæ бафсæ- стысты, уыцы нывтæ æмæ... акалд йæ уæнгты хид. Чысыл раздæр æдыхстæй базар кæимæ кодта, уыцы адæмы цæс- гæмттыл абадтн фæлм. Йæ хъустæ ма ахстой æбæрæг сы- бар-сыбур æмæ æмыр гуым-гуым. Сылгоймаг лæууыди дуканийы къуымы, æлхæнджытæй йæ куыдничи хъыгдардтаид, афтæ, æмæ æнæввæрсон каст кодта тæрхджытыл амад товартæм. Уый йæхимæ иннæ æл- хæнджыты хуызæн нæ каст, фæлæ цахæмдæр барджыи, — бафæндыдис æй, зæгъгæ, уæд уым цыдæриддæр адæм змæ- лыд æмæ æнхъæлмæ каст, уыдон иууылдæр рохуаты аз- заиккой. Фæлæ уый афтæ нæ бакодта, æпхъæлмæ каст, йæ рад кæд æрхæццæ уыдзæн, уымæ. Зауырбеджы бæргæ фæндыд, сылгоймаджы, цы йæ хъæуы, уымæй афæрсын, фæлæ, хуыздæр фадатмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, йæ куыст кодта иннæ ’лхæнджытимæ. Сылгоймаг бирæ фæкаст, фæлæ ницыма равзæрста æмæ Уæд афарста Зауырбеджы. — Бахатыр кæн, уæртæ ма мын уыцы пъалто равдис, — пæ лыстæг, фæлæ хъæддых æнгуылдзæй адаудта нæ хур- сыгъд уадул æмæ дзы амоны. Лæг аивæй йæ цæст ахаста адæмыл, стæй пъалто æнæ- Дзургæйæ æрывæрдта тæрхæгыл æмæ иу каст сылгоймаг- Мæ кодта, иннæ пъалтомæ, цыма йæ уый дæр фыццаг хатт Уыдта, уыйау. Цалдæр хатты-иу цыдæр сдзуринаг уыд, фæлæ-иу æй бахъыгдардтой æлхæнджытæ, куы та-иу ын ^Ылгоймаджы фарст ахгæдта йæ дзых æмæ уый дæр, тыхст йæхимидæг. 125
— Къаннæг уыдзæн, æндæра мæ зæрдæмæ цæуы. Уæр! тæ уыцы бæрзонд зæвæтджын туфлитæ импортон сты? I — Кæцытæ? Мæнæ уыдон? '*\ — О, о, уыдон... Нæ, ма сæ рахæсс. р — Нæхи сты, — дзуапп радта Зауырбег, кæд ын тычг зын уыдис, уæддæр, æмæ æнхъæлмæ каст иннæ фарстмае, йæхимидæг тыхст, мыййаг та иннæ дæр импортон куына& разына æмæ йæ зæрдæмæ куынæ фæцæуа. — Уæдæ дæм цъындатæ, кæнæ хæрздæф духитæ дæр нæ уыдзæн? — Нæй, ахæмтæй нæм ницы ис ныртæккæ, — Зауырбе^ гæн фырæфсæрмæй акалд йæ сурхнд. Рахпз къух дзыпт, пæй тыхтытæ къухмæрзæн куыд фелвæста æмæ йæ цал- дæр хатты йæ ных æмæ сæры гæмæх бынæттыл куыд æр-' ныхæста, уый йæхæдæг дæр нæ фæхатыд. — Ацырдæм дæр ма разил, ацырдæм, мах дæр адæм стæм, — Зауырбеджы хъустæ асыгъта, дуканийы иннæ кæ- ронæй уайдзæфгæнæгау чи фæдзырдта, уыцы сылгойма-: джы хъæлæс. : — Бахатыр кæн, æз ныртæккæ, — загъта Зауырбег æмæ фæцæуæг, йæ зæрды ма уыд афæдзæхсын, зæгъгæ, ма ацу, фæлæ йын нал бантыст. Куыддæр фæстæмæ æрбаздæхт,. афтæ йæ йæ зæрды уыд цæмæйдæрты афæрсын, фæлæ та йын ацы хатт дæр нæ фæцис фадат. — Уæд та мын иу дзæбæх хызын фæсадз мæ къухты. Зауырбег кæд йæхæдæг зыдта, ахæмтæй дæр сылгой- маджы зæрдæ нæ барухс кæндзæн, уæддæр нæй зæгъыны бæсты йæхæдæг дæр йæ цæст рахаста тæрхджытыл. Сылгоймаг æнæразыйы æнкъуыст бакодта йæ сæр, фæ- лæ уæддæр нæ фесæфт цæстыты райдзаст æнгас. — Цы гæнæн ис, нæй дурæй хъæбæрдæр, æвæццæгæн дæм сылгоймæгтæ нымады дæр не сты, ферох дæ вæй-^ йынц, æндæра ног дзаума уыдон хуызæн чи уарзы æмæ чи ’ ’лхæны, — загъта ацы хатт Зауырбеджы цæстытæм ком- коммæ бакæсгæйæ, йæхæдæг ысуагъта йæ фæныкгъуыз жа- кеты æгънæг, фæлурсгомау сырх зæлдаг хъуырбæттæн æр- раст кодта лыстæг даргъ хъуырыл, йæ кæрæттæ йын æры- тыдта йæ бæрзонд тымбыл риутыл, йæ цæст ма иу хатт ра- хаста товартыл, фæлæ Зауырбегмæ нал бакаст, афтæмæн ахызт къæсæрæй. Цæвæгхъæд аныхъуырæгау, Зауырбег лæугæйæ баззад: «Цымæ йæхи æнæзонæджы хуызæнæй цæмæн равдыста», — йæ мид-зæрдæйы лæг бафтыд гуырысхойыл. — «Æви кæд æндæр исчи у?» — лæг джихæй каст кæдæмдæр. «Нæ, уы- мæн уæвæн нæй!», — йæхи баууæндын кодта ацы хъуыды- йыл, афтæмæй йæ цæстыты раз тыбар-тыбур кодтой сыл- 126
гоймаджы мыдгъуыз цыбыр æлвыд сæрыхъуынтæ. Æппын- дæр азты фæд нæ фæзынд къæсхуыр уадултыл, уæнгты ай- стыл. Къæлæс æрфгуытæ-иу сæхиуыл куы фæхæцыдысты хæрДмæ> У^д-иу Зауырбег, кæддæрау, æнхъæлмæ каст, зæрдæйыл царвау чи тад, ахæм рæвдыд ныхасмæ, фæлæ дзы ацы хатт ахæмæй ницы рантыст. — Зауырбег, о Зауырбег, нырма хъусæй фæцух уай, ахæм зæронд куынæ дæ... Ныр дæм кæдæй нырмæ дзурын. — О, дæ рынтæ бахæрон, — лæг фестъæлфыд æмæ, йæ тыхст уавæр æмбæхсгæйæ, куы чердæм фездæхы, куы цæ- мæ февналы, куы йæхæдæг афæрсы æлхæнджыты, афтæ- мæп агуры цы сараза, цы зæгъа, уый. Иæ урсхæццæ сæ- рыхъуынтæ цалдæр хатты адаудта армытъæпæиæй, фæ- уæгъд бæзджын æрфгуыты æлхынцъ, æвæндон мидбыл- худт фæзынд нарстгомау цæсгомыл æмæ ма гæзæмæ зын- дысты æнæуи дæр арф æмбæхст цæстытæ. Афтæ йæм каст, цыма йын йæ цымыдис алчи дæр уыны æмæ-иу, йæ цæс- гом æмбæхсгæйæ, йæхи скодта товартимæ архайæг. * * * Зауырбег къуылыхрасыгæй æрбаздæхт хæдзармæ æмæ æлхынцъ æрфыгæй йæхи уæлгоммæ æруагъта диваныл. Исдуг ныккаст царыл ныхæст гæххæтты нывæфтыдтытæм, стæй фынæйгæнæгау, æрыхгæдта йæ цæстытæ. Мисурæтыл амбæлд цалдæр хатты, фæлæ, мара зæгъ, кæд ын йæ цар- ды хабæрттæй исты радзырдта. Диссаг æм фæкаст йæ уа- зал цæстæнгас, хорз зонгæтæ ма уæддæр уыдысты. Æниу ма уымæн та цы нысаниуæг уыд, фæлæ йе ’нцойад бонæй- бонмæ кæй хæлди, уый хатыд æмæ, кæд нырма бинонты цардыл нæ фæзынд, уæддæр йæ мид-зæрдæйы æнкъардта катай дæр æмæ æхцондзинад дæр. Мисурæт иунæгæй æнæ- нхъæлæджы кæй не ’рыздæхт, ууыл фыццаг фембæлдæй фæстæмæ дæр нæ фæгуырысхо, фæлæ йæ царды сусæгдзи- нæдтыл дуар æхгæд кæй разынд, сæ иунæг фæзилæнмæ ба- кæсыны фадат дæр ын кæй нæ фæцис, уый йын йæ хъуы- Дыты куы иуæрдæм асайы, куы иннæрдæм æмæ та уæд йæ фæллад фæтых вæййы ностæй. Ацы хатт ын дзы æгæр антыст, фæлæ уæддæр хиуыл- хæцгæ æрбахæццæ хæдзармæ. Бæргæ ма йæ фæндыд аба- Дьш, фæлæ дзы уысмы бæрц дæр нæ ферох, ахæм уавæры хи бааууон кæнын пайдадæр кæй у, уый. Хадизæт фæгуырысхо уыцы бонты Зауырбеджы уагаха* °тыл, кæд æй йæ сæрмæ нæ хаста, æмæ уый тыххæй лæ- гæн ницыма сæргом кодта, уæддæр. Ныр дæр æм йæ цæст 127
дардта аивæй, афтæмæй архайдта йæ хæдзары куыстытыл;- — Баба, мæ къабайæн ныр хуыйын афон у æмæ мæ"4 нæн та нырма хъуымац дæр нæй, — Косер æрбадт йæ фы^ ды фарсмæ диваны кæрон нырмæйау зæрдæйæ-зæрдæмэе; барджынæй аныхас кæнын æнхъæл. Лæг ын бæргæ хъуь$ ста йæ ныхас, фæлæ йæ цæсты уæлтъыфæлдтæ сæхиуыл не? схæцыдысты. — Æвæццæгæн афынæй, — чызг сыстад æмæ, хъæстгæ-у нæгау дзуры йæ мадæн. !; — Чысыл æм дзы ис, фæлæ цыма æндæр цыдæр кæны,; афтæ мæм кæсы. Ахæм мадзура, тызмæг ма вæййы реви^ зийы рæстæджы дæр. Уадз æй мацыуал æм сдзур æмæ,'{ баулæфа, стæй кæд æппæт дæр йæхæдæг радзурид. ^ — Нана, ды дæр диссаг дæ, иу фæлварæн ма нын баз-’ зад, къуырийы фæстæ та цытджын изæр аразæм æмæ ма’" мæ къаба та кæд хъуамæ бахуыйон. Мæны йеттæмæ ал-4 кæмæн дæр цæттæ у. Хуыдæй йæ чн балхæдта, ахæмтæ^ дæр нæм ис æмæ æнæмæтæй бадынц сæхицæн. Æз та? — чызджы зæрдæ суынгæг, йæ цæстытæ донæй айдзаг сты’1 æмæ бандоныл йæхи мæсты тъæпп æркодта. — Къаба хуыйынæн дыууæ боны йеттæмæ нæ хъæуыг цы йыл стыхстæ, бауадз æй чысыл, уæд та цы кæны. Зауырбег хуыссыд уæлгоммæ, хъуыста мад æмæ чыз-'; джы ныхас дæр, фæлæ дзы уымæ цыма æппындæр ницы < хауд, уыйау хъæбысæйхæцæгау кодта йæ хъуыдытпмæ. Хатт-иу мæсты дæр раци, йе ’нцойадыл ын кæй нæ аудынц, уый тыххæй; рахъавыдис-иу сын уайдзæф кæнынмæ, фæ- ’ лæ йæ иугæр фынæй рахуыдтой, уæд æй нал фæндыд йæ- хиуыл комдзог рацæуын æмæ-иу дæндæгтæй æрхæцыд йе ’ ’взагыл. Мисурæты куы федта, уæдæй фæстæм та йын æцæгæ- , лæттæ фестадысты. Афтæ йæм каст, зæгъгæ, мæнæ уыдон нæ уыдысты, уæд амондджындæр уыдаид. Бæргæ йæ бирæ нал бахъуыд йе ’цæг амонд ссарынмæ, фæлæ, æвæццæгæн не сырæхст, нæ фæцырд, уавæрæй не спайда кодта, куыд æмбæлы, афтæ æмæ къухæй аирвæзт цыкурайы фæрды- джы хуызæн сылгоймаг. Хæдзармæ цæуын ын уыд, зын- донмæ цæуæгау. Хæргæ кодта фылдæр хæрæндоны. Чызг дæр куыннæ хатыдта йæ ныййарджыты ахаст, авд азы йыл сæххæст æмæ уыцы кары адæймаг алцы дæр хæссы йæ зæрдæмæ. Тарстгъуызæй-иу йæхн ласта мады ’рдæм. Фæ- лæ Хадизæт бынтон бахус, — фыды ’ртау дзы нал баззад, • рустæ бахаудтой, цæсгомы цъар бампылд, æрмæст ма ир- дæй зындысты, сæ цæхæр кæмæн æрнымæг, уыцы стыр цæстытæ. Кæй нæ уарзай, уымæн, дам., йæ хæрын цъæм-цъаш, йæ 128
цзеуын сæпп-сæпп, æппын æм аххос куынæ хаудтаид, уæд- дæр ып Зауырбег кодта йæ уайдзæфы хай, æлгъысты хай- иу фæцис сæ сæмбæлæн бон, сæ амонды сахат. Æрмæст ма йæ бонтæ æрвыста Косеры ныфсæй. Уый уыд йæ ирвæ- зынгæнæг, йæ царды дидинæг. Зауырбегмæ бирæ хъуыдытæ, бирæ уынаффæтæ уыднс, фæлæ сæ цыма тæрсгæ кодта, уыйау йæ ныфс нæ хаста сæ сæххæст кæныны тыххæй уæндон къахдзæф саразын- мæ. Йæхи фæсмонæй дæр хордта, фæлæ ма цы? Иу иннæ- иы цардæн та кæд уыди дæсны: «Дæ цард цæуыл халыс?», «Дæ хæдзары сыгъзæрины хуызæн сылгоймаг æмæ йæ ба- рæвдау» — æмæ цынæ зондамонæн ныхæстæ хаудта сæ дзыхæй, йæ хорзмæбæлджытæ кæй хуыдта, уыдонæн. Уы- донæй алчи йæхицæн кусы, цæры йæ зæрдæйы дзæбæхæн, фæлæ ныртæккæ Зауырбегмæ кастысты æнæцæстуарзон æмæ, бирæ цæуылдæрты фæсмонгæнгæйæ, йæхи фæкодта уайдзæфты бын. Адæймаг хъуамæ йæ цардаразгæйæ ис- кæйы фæрса, искæйы уынаффæмæ байхъуса, кæм ма ис ахæм хæлар æмæ сыгъдæг зæрдæ уынаффæгæнæг? Бæргæ йын сывæллон куынæ уыдаид, фæлæ йын уы’й дæр фæцис къуылымпыйы хос, æндæра чизоны афонмæ ирвæзт уыда- нд ацы мид-зæрдæйы хъуырдухæнтæй. Хадизæт дыккаг сывæллоны кой куы скодта, уæд ын бынтон арт æмæ фæ- нык нал уыд, — сынæдзæрон, цыма йын уый æнæмæнг уы- даид йæ удхæссæг, йе ’ппæт хъуыдытæ æмæ йын фæндтæ хъизæмæртты хай чи фæкодтаид, ахæм хуыцауы рафæл- дисгæ. Нырдæр ма йæ цæстытыл уайынц уыцы мæстытæ. Сылгоймаг дæр йæ сæрæн ницыуал зыдта, йæ бон нал уыд æппынæдзух уайдзæфтæм хъусын æмæ дзы фервæзт, фæлæ уымæй нæ аивта уавæр. Уыдон рагондæр сæрзилæнтæ стьт. Уый фæстæ цыма тымыгъ чысыл фæсабыр, фæлæ та йæ йæ уæлныхты систа а-фæстаг рæстæджы. * * * Цыди рæстæг. Мад æмæ чызг фæлмæцыдысты Зауыр- беджы уагахастæй. Æхсæвæрафæттæй раджы аивгъуыдта. Сæ дыууæ дæр, дард бæлццонмæ æнхъæлмæгæсæгау, уыдысты тыхст æмæ æнтъыснæг хъуыдыты уацары. Хадизæтæн кæд хæдзары ницыуал куыст уыди, уæддæр, йæхи ирхæфсæгау, зылди къуымты. Хатт-иу дзы æрбайрох цæмæ сыстад, цæй тых- хæй раздæхт, уый дæр æмæ-иу уæд йæ мид-зæрдæйы йæ- хицæн райдыдта уайдзæфтæ кæнын: «Мæ фыдбылызты хай фæу, кæд цы зæрдæ дæ», — æмæ та-иу æрбадт хъуыдытæ- гæнгæ. Хаттæй-хатт аивæй бацæуы рудзынджы цурмæ æмæ 9. Гугкаты Ш. 129
æмбæрзæны зыхъхъырæй акæсы, кæд мæйдары ницы фё~ нæн ис, уæддæр. Изæрсарæй нæ банцад йæ уарынæй. Хаттæй-хатт арв ферттивы, стæй йæ нæрын, хæхтæ æмæ къæдзæхтæ фæл- дахæгау, æрзилы æрвгæрæтты æмæ куыддæр фæсабыр вæй- йы, афтæ та райхъуысы къæвдайы сæх-сæх. Хадизæты зæрдæ æхсайдта Зауырбегмæ, тыхст йæхи- мидæг, фæлæ уыцы æнкъарæн æмбæхста чызгæй. Косер бадт диваныл æмæ каст чиныг. Иу хатт сыстад æмæ телевизоры æвдузæн фездыхта. — Ма йæ баиу кæн, — бафæдзæхста мад, — ахуыссын æй кæн фæстæмæ. — Цæмæн, нана, цыдæр хорз кино дзы хъуамæ уа, ба- фæлладтæн ацы чингуытæ рафæлдах-бафæлдахæй. — Телевизормæ, дам, арвыцæф æмхиц у, — мад чызг- мæ нал фенхъæлмæ каст, фæлæ йæхæдæг ахуыссын кодта телевизор, — кæд бафæлладтæ, уæд баулæф, уæртæ схуысс, чи нæ дæ уадзы. Косеры бæргæ фæндыд йæхи хуыссæнтыл æруадзын,, фæлæ уый дæр Зауырбегмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, рафт- бафт кодта: «Цымæ та цы хуызæнæй æрбацæудзæн, æвæц- цæгæн та нæм стыр загъд уыдзæн», — загъта йæхицæн æмæ та йе уæнгтæ барызтысты, йæ хуыссæг дæр фæлыгъд æмæ диваныл йæхи æруадзгæйæ аджих. Уалынмæ фæцыд дыуары дзæнгæрæджы зæлланг. Мад æмæ чызг фестъæлфыдысты æмæ тарстгъуызæй кæсынц кæрæдзимæ. «Цымæ æцæг дзæнгæрæджы зæлланг уыд æви сæ хъустыл исты ауад?» — Ацы хъуыды сæ цыма дуртæ фестын кодта, уыйау бандзыг сты, улæфын дæр сæ ничи- уал суæндыд æдæрсгæ. Дзæнгæрæджы зæлланг дыккаг хатт, æрвнæрæгау, азылд хæдзары къуымты фæлæ уæддæр чызг нæ сыстад, йе уæнгтæ, гæдыхъæдау, рызтысты афтæ- мæй йæ цæстытæ ныццавта дуары ’рдæм. Мад ацыд ка- тæйттæгæнгæ æмæ куыддæр æвдузæн азылдта афтæ лæг дуар æрбацавта къахæй: — Уæ хорзæхæй æндзыг уыл бахæцыд, æви судзаджы мæрдтæ стут! — йæ цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ калд, афтæмæй бахызт Зауырбег. Тыргъы раласта йæ плащ, дза- быртæ æмæ комкоммæ бахызт иниæ хатæнмæ. Уым раив- та йе ’ннæ дарæс æмæ рахызт æлхынцъæрфыгæй. — Чызг, хæринаг дзы ницы ис? — Кæд хæрдцух нæ уыд, уæддæр загъта æрмæстдæр загъдæн бындур æрывæрыны тыххæй. Ахаем зæрдæйыл вæййы арæхдæр ностджынæй. — Æрбад æмæ дын æрæвæрон,—загъта чызг æмæ ацыд кухнæмæ. Лæг йæ дыууæ къухы быцæу бавæртта æфсæртæм æмæ 130
стъолы фарсмæ бадт цъынд цæстæй. Чызг куынæ æмæ куынæ зынд, уæд æм бадзырдта схуыстæй: — Кæм дæ, кæ, æлхæнгæ йæ кæныс?! — Ныртæккæ, ахъарм уа. — Ахъарм дарæг уæ мауал уæт, кæд бон изæрмæ цы ми фæкæнут, — лæг сыстад æмæ исдуг хъуамæ хатæнмæ бахызтаид, фæлæ фездæхт диваны ’рдæм æмæ йыл йæхи æрцавта. Уæдмæ Косер фынгыл æрывæрдта æхсæвæр, фæ- лæ сæм Зауырбег кæсгæ дæр нæ бакодта, райста газет æмæ йыл, ирхæфсæгау, дыууæрдæм кодтой йæ цæстытæ. Бæз- джын æрфгуытæ куы сæхимидæг базмæлынц, куы та кæ- рæдзи ныхмæ фæцæйцæуынц. Æрæджиау Косер фæныфс- джын æмæ уæд фехæлд бинонты сабырдзинад. — Баба, истæуыл та мæсты дæ мыййаг? — Цæуыл хъуамæ он мæсты, — загъта лæг йæхиуыл хæцгæ æмæ йæ сæр азылдта иннæрдæм. Чызгмæ иугæр ныхас райдайыны ныфс куы фæзынд, стæй йын фыд хиуылхæцгæ дзуапп куы радта, уæд фæ- уæндондæр. — Афтæ мæм кæсы цыма цæуылдæр тыхсыс, цыдæр маст дæ ис æмæ йæ махæй æмбæхсыс. Уæд цæмæн? Ма- хæй хуыздæр ма кæмæн хъуамæ зæгъай дæ зæрдæбын ны- хас. — Дæ хорзæхæй, фыццаг хатт мæ уыныс, цы мæ бай- йардтай, — лæгæн йæ цæстытæ атарытæ сты. Уæдмæ тых- хæй цы маст урæдта, уый бакалд чызгыл æмæ уый дæр фыццаг, цикъæйау, афæлурс, стæй йе уæнгты цыдæриддæр туг уыдис, уый амбырд цæсгоммæ æмæ уадултæ цъæх арт ысуагътой, дыууæ къухæй амбæрзта йæ цæсгом, афтæмæй фæмидæг хæринаггæнæндоны, фæлæ уырдæм ницыуал ны- хас фехъуыста æмæ та раздæхт фæстæмæ, иугæр ныхас куынæ скарз, уæд æй сабырæй адарддæр кæныны ныфсæй. Косер ма уыд къабайаджы кой ракæнинаг, фæлæ нал бауæндыд, нал æм разынд уыйбæрц хъару, æрмæСт ар- хайдта цæмæй мад æмæ фыды ’хсæн ма рауайа быцæу ны- хас. Фæстагмæ йæм афтæ дæр фæкаст, цыма фыд æрфæл- мæн, йæ тызмæг ахаст тайын райдыдта, йæ цæсгом фæ- рухсдæр æмæ та уæд ныхасы бахауд къабайы кой дæр. Фадатмæ æнхъæлмæгæсæгау, Зауырбег рахъавыд карз уайдзæфтæм, фæлæ сæ фырмæстæй не сфæрæзта, æрмæст æндыгъд æфсæрты ’хсæнæй калдысты маргæйдзаг дзырд- тæ: — Мад дæр дын ис, мад æмæ дын уый дæр искуы ис- ты бауынаффæ кæнæт, мæныл цы ’рцауындзæг стут! — Ды та фыд дæ æмæ æрвылбон дæ пырх калыны бæ- сты мæнæ дæ хæдзармæ куы ’ркæсис, науæд та нæ уадзгæ 131
ныккæн нæ мæгуырыл, — Хадизæт исдуг æппындæр зæ- гъинаг ницы уыд, æгæр дардмæ та куы ацæуа, уымæй тæрс- гæйæ, фæлæ йæ нал бафарста йæ фæллад æфхæрд зæрдæ. Косерæн дæр мады сонт рæхуыст уыдис бынтон æнæнхъæ- лæджы æмæ та йæ уæнгтæ барызтысты, бамбæрста, ныр- тæккæ та кæрæдзийæн алывыдтæ кæй калдзысты, уый, æмæ йæ зæрдæ рагацау йæхи къултыл бахоста. — Ды мын куынæ бацамонай, уæд мæхæдæг нæ зонын, цы мæ аразын хъæуы, уый, — Зауырбегæн Хаднзæты æнæ- барон ныхас йæ тъæнгтæ ацагъта æмæ фырмæстæй фæ- къуырма, мæнæ ма зæгъгæ уыцы рæстæджы иунæг сыбыртт схауд йæ дзыхæй, уæд лæг æнæмæнг фестадаид йæ бына- ’ тæй, фæлæ уæддæр быцæу ныхасæн нал уыдис бауромæн нæдæр сæ иу æмæ нæдæр се ннæйы ’рдыгæй. — Бауынаф- фæ мын кодта мæлæты сылгоймаг, хæдзарыл ды мæнæй фæзæрдыйæ дæр дæ, уадзæбæх фæу. Æвæццæгæн нын ды куынæ уаис, уæд нæ дон нал дæр иуæрдæм аласид, нал дæр иннæрдæм. — Донласт куы дæ, амæй донласт дæр ма дæ фæнды? — Банцай, банцай, ды фыдбылызджын адæймаг дæ. — Уæд фыдбылызты амæттаг фæу, кæд дæм цы фыд- былыз æрхастон. — Фыдбылызты амæттаг дæр фæу æмæ хæйрæджыты амæттаг дæр. — Зауырбег йæ сæр иннæрдæм фæзылдта, къух ауыгъта. — Демæ дзурын мæ бон нæу æмæ мæ ныу- уадз. — Кæннод æз тынг бæллын дæ хæдзарылхæцгæ уынаф- фæтæм. Уагъд нæ дæ уæдæ цы дæ, хъæугæ дæр мæ ницæ- мæн кæныс. — Нана, ма йæм дзур, ностджын у, — иугæр мад куы- нæуал æмæ куынæуал æнцад, уæд Косер бадзырдта йæ ма- ды хъусы, фæлæ уыцы фæдзæхст мады мастыл уыд цæхх æркæнæгау. — Марг ын фестæд, дзыхъмард кæмæй фæуа, кæмæй нал сулæфа... Ды уынаффæтæ куы зонис, уæд нæ цард ахæм уагмæ не ’рхаудаид. — Дæ хуызæттæ цы хæдзары ис, уым ма дæр "æгъдау- мæ æнхъæлмæ кæс, æмæ ма дæр цардмæ. — Фелхыскъ та йæ кодта Зауырбег. — Æнхъæл дæн кæуылдæр та дæ цæст схæцыд? Æмæ дын уæд мах та æргæвдинаг стæм? Æнцад куынæ уай, уæд дæ æз бамидæг кæндзынæн, кæм æмбæлы, уым. — Уæдæ ма цæмæ кæсыс?.. Ех, мæнæуый, мæнæуый, — Зауырбег сыстад æмæ фæцæуæг иннæ хатæнмæ, — цæрын ма дын куы бацайдагъ уа, уæд ма истытæ хъусдзынæ, ис- тытæ уындзынæ... 132
Лæг куыддæр йæхиуыл иннæ уаты дуар рахгæдта, аф- тæ хатæн æрсабыр. Мад æмæ чызг бадтысты мæстæйдза- гæй. Чызг сыстад æнæдзургæйæ æмæ иу хуыпп акодта уа- зал дон, стæй та йæхи æрыппæрста бандоныл æмæ джихæй ныккаст йæ къæхты бынмæ. Мады уадултыл, судзгæ цæп- пузыртау, тылдысты йæ цæссыгтæ. Автобусы уыд бирæ адæм. Се ’ппæты бадæнтæ нæ фæ- ци. Лæугæ чи кодта, уыдонæй алчи агуырдта, куыннæ дæр йæхæдæг искæйы бахъыгдардтаит, куыннæ дæр ын йæхи- цæн исчи бауайдзæф кодтаид, ахæм уавæр. Хадизæт бадт рудзынггæрон, Зауырбег йæ фарсмæ. Сылгоймаг æппынæдзух каст рудзынгæй. Йе стыр хæс æх- хæст кæнынмæ кæй араст, уый тыххæй йæ зæрдæ уыд буц æмæ хъæлдзæг. Автобусы йын нæ разынд, кæимæ аныхас кодтаид, иунæг ахæм зонгæ адæймаг дæр æмæ утæппæт æхцон æнкъарæнтæ нырма лæууыдысты æвæрдæй йæ зæр- дæйы. Æниусæ фæлмæцгæ мыййаг нæ кодта, фæлæ ахæм миддунемæ бакæсæд æмæ йыл зæрдиагæй бацин кæнæд нсчи дæхиау, уый куыннæ у цæстуарзон фæндиаг, ахæм адæймагимæ æнцон у ныхас кæнын, стæй балцы цæуын дæр. Фондз азы йын уннверситеты кæй амыдтой, уыдонæй хъуамæ нывæра рæзинаг фæлтæры зонд æмæ зæрдæйы, амона сын адæймаджы рæсугъд миниуджытæ. Чысыл цы- ма тæрсгæ дæр кодта ацы бæрнон хæсæй, фæлæ, амæй раз- мæ, кæм цæрдзæн, кæм кусдзæн, уый бæрæггæнæг посе- локмæ куы бацыд, уæд, раст зæгъгæйæ, йæ зæрдæ барухс, тынг ыл баузæлыдысты, кæимæ базонгæ, уыцы ахуыргæн- джытæ. Автобусы æгæр æнтæф уыд æмæ Хадизæт йæ жакет æрывæрдта йæ хъæбысы. Нывæфтыдтытæ, джиппæйфыст, цыбырдыс къаба хъæддых хæцыд къуыбыр риутыл, гæзæ- мæ хурсыгъд цæнгтæн-иу базмæлыдысты сæ хæцъæфтæ, мыдгъуыз раст сæрыхъуынтæ къæбуты ’рдыгæй иу бастæй, аив æрзæбул сты. Хатт-иу йæ даргъæлвæст, æрвгъуыз цæ- стытыл цадæггай сæхи æруагътой- уæлтъыфæлттæ, аивæй- иу бакаст йæ фарсмæбадæгмæ. Зауырбеджы фарсмæ цыма æппындæр ничи бадт, уыйау æппынæдзух каст бæлццæтты ’рдæм, фæлæ фæндаг куыд цыбыр кодта, афтæ тыхст йæ мид-зæрдæйы: «Ахæм дард фæндагыл йæ дзыхæй иунæг сыбыртт дæр куынæ схауа, куынæ базона ныхас кæнын, стæй мыййаг йæ хъуыдытæ йæ дзырдтæ куынæ ’мбæлой сæ нысаныл, уæд та?» — Ацы 133
мæт æмæ йын сагъæс бынтон ныхгæдтой йæ дзых. Афтæ- мæй автобус цыбыр кодта йæ фæндаг. Бæлццæттæ фæлмæцын райдыдтой, уæлдайдæр лæугæ чи кодта уыдон. Уæддæр ма дзы иуæй-иутæн фæцис æр- бадыны фадат, — æрыгондæртæй чидæртæ равдыстой сæ уæздандзинад. Иурæстæджы Зауырбег дæр йæхи аивæзæгау кодта æмæ чызджы сæрты акаст хæхты ’рдæм. Машинæ фæзи- лæны куы азилы, кæнæ цалх дзыхъхъы куы смидæг вæй- йы, уæд та уыдонæн дæр сæ уæхсчытæ кæрæдзийыл аны- дзæвынц, æмæ та уый цавæрдæр æвæджиау æхцондзинад бавзарын кæны лæппуйы моцæмхиц зæрдæйæн. Зауырбеджы ныхыл фæзынд хиды æртæхтæ. Уалынмæ нæ тымбыл цæсгом дæр райдыдта кæсæнау æрттивын æмæ уæд уый дæр раласта йæ пиджак. — Æгæр тæвд у, — загъта æмæ бакаст йæ сыхагмæ ис- ты зæгъын æнхъæл. Чызг дзургæ ницы скодта, фæлæ ацы хъуыдыимæ ра- зы кæй у, уый фæзынд йæ цæсгомыл. — Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ кæйонг цæуыс? — Æз поселокмæ. — Æвæццæгæн уырдыгон дæ? — Нæ, кусынмæ цæуын. — Кусьщмæ зæгъыс? Уый хорз хъуыддаг у, — Зауыр- бег ацы.фæстаг дзырдтæ дзырдта ивазгæ, уый фæстæ цы зæгъдзæн, ууыл хъуыдыгæнгæйæ. — Æвæццæгæн ахуыргæ- нæгæй, кæнæ та... — лæппу ма цыдæртæ ранымаинаг уыд, фæлæ цы уый йæхæдæгдæр нæ зыдта, æрмæст йæ зæрдæ дардта дзуаппыл æмæ нæ фæрæдыд. — О, ахуыргæнæгæй. — Уæдæ уал мын дзы иу зонгæ уыдзæн, — уæззау уаргъ аппарæгау фенцондæр Зауырбегæн æмæ ацы хатт дыууæ бæлццоны бакастысты кæрæдзимæ. — Чп? — фæцырд Хадизæт. — Ды. Чызг бахудт йæ мидбылты æмæ уый дæр ныхасы æдæрс- гæ райдвдта хайад исын æнæзонгæ бæстæ, æцæгæлон адæ- мы тыххæй ног ныхас фехъусыны ’нхъæл. — Ды дæр дзы, æвæццæгæн, никуыма уыдтæ? — ацы хатт уæндондæрæй афарста чызг. — Мæнæ йеныр цæуын фыццаг хатт, фæлæ дзы тынг æппайлынц. Рæзы, дам, бонæй-бонмæ. Рæхджы, дам, ын ратдзысты горæты ном дæр. Æцæг кæд афтæ у, уæд нæ хъул сах бады. — Нæ зонын, — чызг йæ уæхсчытæ базмæлын кодта, — раздæр куыд уыд, цы уыд, уымæи ницы зонын, йæ ном ын 134
цы хъуыстон, уымæй дарддæр, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыд. — Йæ магазинтæ æмæ, дам, хæрæндæттæ, кæмдæр, го- рзетæй мæгуыраудæр ифтонг нæ цæуынц. — Уæдæ дзы кæд махмæ дæр истытæ хаунд, — Хади- зæт ацы хатт бахудт æргом, фæлæ æрæджиау фефсæрмы. — Кæд хуыцауы фæнда, уæд нæхи къухы нæ уыдзысты. — Нæ дæ бамбæрстон, — чызг ахъуыды кодта Зауырбе- джы фæстаг ныхасыл æмæ йæм фæрсæджы каст бакодта. — Æз дæр кусынмæ цæуын... Базарады хаххыл, — фæ- стаг дыууæ дзырды лæппу загъта ныллæгдæр хъæлæсæй, чызджы хъусы дзурæгау, — куыд зæгъынц афтæмæй дзы хорз магазин сарæзтой. — Магазин— хорз,чстыр, дыууæуæладзыг райдзаст бæ- стыхай. Нырма æрæджы фæцис арæзт. Æвæццæгæн дæ- уæн та дæ куыст уыцы бæстыхайы уыдзæн, — загъта ма чызг, ацы ног хабарыл бацин кæныны хъæлæсы уагæй, æмæ райгондæй бакаст лæппумæ. Зауырбег йæ профессийæ сæрыстыр уыд æви дзы æф- сæрмы кодта, уый зын рахатæн уыд, фæлæ сарæзта дæргъ- вæтин паузæ, стæй дзы æрæджиау райхъуыст: — Мæ гъа, фенæм, — йæ цæстæнгас фæхъуыдыджын- дæр, йæ цæсгомы хуыз гæзæмæ фæтызмæг, афтæмæй дзырдта. Æз базарадон техникум фæдæн, цалдæр азы ба- куыстон нæхимæ фæлхасадон кооперацийы, стæй мæ аив- той облфæлхасцæдисмæ сæрдары хæдивæгæй... — Уæдæ хорз сразы дæ ахæм бынат ныууадзыныл? — Цытæ дзурыс, — Зауырбег дзырдта хъавгæ, • алы дзырдæн æрхауынæй, асæттынæй тæрсæгау, — иугæр адæй- маг йæ кары куы бацæуы, уæд ыл йæ бинонтæй паддзаха- ды бар фылдæр цæуы. Мæ фыдбылызæн мæнæ ацы посе- лочы ныссуйтæ сты сæ хъуыддæгтæ, иуæрдæм — хъаст, иннæрдæм — хъаст æмæ нал æмæ нал скъуыд уыцы ра- фысс-бафыссы дымæг. Иурæстæджы мын министрады ку- сæг бамбарын кодта, мах, дам, бынаты куынæ базонæм раст æмæ зылын, уæд, дам, æнæном фыстæджытæм гæсгæ нæ бон нæ бауыдзæн «дон расыгъдæг кæнын». Уыцы хъуы- дыимæ æз дæр сразы дæн, фæлæ мын мæхи æрвитдзысты, уый куы базыдтон, уæд, раст зæгъгæйæ фæтыхстæн, стæй та мæм хардзау æркаст. Ау, зæгъын хæрæгæй бæхмæ схи- зын кады нысан у, фæлæ иннæрдæм та — æгады нысан, уæдæ куыд хъуамæ сразы уон ахæм фæндоныл, фæлæ ма- ра зæгъ кæд ма мæ сыбыртт дæр суагътой. Уавæр, дам, рараст кæн æмæ та, дам, фæстæмæ дæ дзæхст ам фæцæу- дзæн. Мæнæн дæр ма цы гæнæн уыд, сразы дæн бар æнæ- бары. Стæй ма мæхицæн дæр загътон, зæгъын, цы уа, уый уæд, бафæлварон дзы... Æрмæст мæ зæрдæмæ куыд фæ- 135
цæудзæн, уымæн ницы зонын, чизоны дыккаг бон лидзæг;. фæуон, кæнæ та бынтон уым æрбынат кæнон. — Фæцæудзæн, æнæмæнг фæцæудзæн, уæдæ дзы чи цæ-' ры, уыдон куыд кæнынц? — Чи кæм райгуыра, кæм схъомыл уа, йе ’взонджы’ бонтæ кæм арвита, уым æм кæсы æппæтæй хуыздæр æмæ рæсугъддæр, стæй йæ цыма ивгæ дæр ницæмæй бакæнид, афтæ мæм кæсы. — Кæй зæгъын æй хъæуы, райгуырæн бæстæйы уар- зондзинад йæ уидæгтæ зæрдæйы ауадзы æмæ сын, цалын- мæ адæймагæн йæ цæст æрттива, уæдмæ уырдыгæй цæй стонæн ис! — Дæч хъуыдымæ гæсгæ райгуырæн бæстæйы уарзон- дзинады æнкъарæнтæ нæ цъус кæнынц, цалынмæ адæймаг амæла, уæдмæ? — Уый канд мæ хъуыды нæу, фæлæ царды фæлтæрд- дзинад. — Уæдæ райгуырæн бæстæйыл йæ къух чи сисы æмæ дзы дард чи фæлидзы,- уыцы адæймаг та дæм куыд кæсы? — Уый æз адæймагыл дæр нæ нымайын. Ахæм адæй- магæн адæймаг схонæн дæр нæй, фæлæ — цахæмдæр æнæ- уд, тутт цæрæгой. Зауырбег бахудт йæ мидбылты, Хадизæт дæр ын дзу- апп радта, афтæмæй, сæ ныхасæй райгонд уæвгæйæ, ка- стысты кæрæдзийы цæстытæм. Машинæ азылд фæндаджы кæронмæ æмæ æрлæууыд. Бæлццæттæ базмæлыдысты, сæ фылдæр рахызт машинæ- йæ, фæлæ цæмæн, уый æрæджиау базыдтой Зауырбег æмæ Хадизæт. Бæлццæттæ суадонæрдæм атындзыдтой. Зауыр- бег рахызт æмæ уый дæр хæстæг бацыд суадонмæ, стæй Хадизæтæн къухæй ацамыдта — дон дæ нæ хъæуы, зæгъ- гæ. Хадизæт йæ сæр разыйы тылд бакодта. Наз æмæ нæзы хъæдæй æхгæд фæхсты уындæй чыз- джы зæрдæ уыд цинæйдзаг, хохаг рог уæлдæф уæнгтæм нæ уагъта фæллад. Зауырбег ын иу агуывзæйыдзаг уазал . дон куы бахаста, уæд фырæфсæрмæй арфæ дæр нал ра- кодта. Бæлццæттæ сбадтысты æмæ та автобус цыбыр код- та йæ фæндаг. Машинæ æрлæууыд поселочы кæрон. Хадизæт хæрз- бон загъта Зауырбегæн, стæй фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй атындзыдта æмдзæрæндонмæ. Зауырбег каст чызджы фæстæ, цалынмæ фæаууон, уæд- мæ, стæй уый дæр æрцагуырдта базарады кусджыты. Уый фæстæ æмбæлдысты куы магазины, куы уынджы, куы та клубы æмæ-иу æрвылхатт дæр, хорз зонгæтау, кæ- рæдзийæн радтой зæрдæбын салам. 136
* * * Хадизæт бадт фыссæн стъолы фарсмæ æмæ фыста уро- ,,ы нывæст.' Чидæр бахоста дуар. Чызг фæкаст дуары ’рдæм, æн- хъæлмæ каст дыккаг бахостмæ, стæй та ногæй æрывнæлд- та фыссынмæ. Нырма йæм уыцы афон никуы ничи бацыд æмæ йæм исчи дуар бахоста, уый йæ æххæст уырнгæ дæр нæ бакодта. Ногæй та бахостæуыд дуар, фæлæ йæм ацы хатт тынг фехъуыст æмæ фестад, æрмæст йæ зæрдæ уыд знæт æмæ тарстгъуыз. Раздæр æй бæргæ хъуыд афæрсын, фæлæ фефсæрм æви йæ ныфс нæ бахаста, уымæн ницы ра- бæрæг нæ дæр йæ хæдуæлвæд, нæ дæр уый фæстæ, æр- мæст дуар цадæггай кæй базыхъыр, уый иууылдæр уыд. барвæндæй. Чызг куыддæр Зауырбеджы ауыдта, афтæ йæ зæрдæ йе ’муд’ æрцыд, фæлæ йæ уадултæ дæр кæй фæсырх сты, уый фæхатыд. — Мидæмæ рахиз, — Хадизæты нæ фæндыд ацы дыу- уæ дзырды зæгъын, фæлæ йæ йæ зæрдæ нал афарста. — Хатыр бакæн, чизоны ацафон ме ’рбацыд бынтон аив нæу, чизоны мыл дæ зæрдæ бахуда, фæлæ... Зауырбег дарддæр цы загътаит уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта, афтæмæй йæ хъус дардта чызджы уагахастмæ. — Дæ цыды сæр цы у ацафон уымæн ницыма зонын æмæ йын уымæ гæсгæ аргъгæнæн дæр нæй. .— Уæдæ дын «де ’зæр хорз» зæгъон, æви «де , ’хсæв хорз»? — къæсæрæй бахизгæйæ загъта Зауырбег æмæ æн- хъæлмæ каст фысымы-хæлардæр зæрдæйы ахастмæ. — Сæ дыууæ дæр сфидаудзысты, фæлæ дæ цы хур, цы къæвда æрбахаста ацафон? Зауырбег цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, тыхст йæхими- дæг, фæлæ йын иунæг дзырд зæгъын дæр нæ бантыст. — Æрбад, — чызг къухæй ацамыдта бандонмæ. — Замманайы фатер дын ис, — Зауырбег йæ цæст аха- ста къуымты. — Æз та нырма адæмы хæдзæртты рахау-ба- хау кæнын. — Бирæ цæрæн хæдзæрттæ аразынц, тагъд дæм дзы æрхаудзæн, кæд ам æрбынат кæнинаг дæ, уæд. — Ныфс бæргæ æвæрынц, фæлæ кæд цы уыдзæн, уы- мæн нырма ничи ницы зоны. — Ныфсытæй дæр ис цæрæн, стæй адæймаг царды æп- пæт уавæрты дæр йæхи хъуамæ бафæлвара, науæд цард бæстон нæ базондзæн, — Хадизæт дæр дзургæ æрбадт стъо- лы фарсмæ, Зауырбеджы ныхмæ. — Чизоны ды раст зæгъыс, фæлæ адæймаджы цæрæн- 137
’бонтæ дæр афтæ бпрæ не сты, стæй æгæр тагъд тæхынц æмæ сæ куыдфæндыйæ батон, уый дæр мæм бынтон раей нæ кæсы. Ахъуыды ма кæн, зонд дын нæ амонын, фæлае чи аивгъуыйы, уый ма фæстæмæ кæцæй раздæхдзæн. Маа ныййарджытæ мæ ардæм уадзгæ дæр нæ кодтой, нырма, дам, дæ пайдамæ не ’рхаудтам, фæлæ æз уæддæр мæхи фæндыл ацыдтæн, æрмæст дзырд ыстæм, куыд сæм æз;. афæдзы фæстæ ныздæхдзынæн. — Æвæццæгæн дæм нырма сывæллоны цæстæй кæсынц, кæнæ та дыл сæ зæрдæ нæ дарынц? ; Зауырбег фефсæрмы, йæ мидбылты бахудт, цыма чыз- джы уæндон фарстæй тыхсгæ дæр фæкодта... — Кæд ам мæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд гæнæн ис æмæл дзы æрбынат кæнон. Раст зæгъгæйæ йæ бæстыгъæд, йе, ’рдзыкондæй мæ зæрдæ барухс æмæ ахæм ран адæм дæр мæгуырау кæм уыдзысты? Зауырбег йæ къухы цы тыхдон æрбахаста, уый цалдæр’ хатты уыд райхалинаг, фæлæ йын иунæг хатт дæр нæ фæ- дис фадат, — иудзырдæй йæ ныфс æм нæ бахаста. Рæстæ- гæй-рæстæгмæ-иу æм бакаст, цалдæр хатты йæ æрзылдта йæ мидбынаты, æнæнхъæлæджы æвналæгау, ома кæд чызг исты зæгъа уый фæдыл, уæд мын фадат фæуыдзæн, фæ- лæ уыцы фæлварæнæй дæр ницы рауад. Уæдмæ фесты йæ дзуринæгтæ, рæстæг йæ цыд кодта æмæ ма лæппу бадт сындзытыл бадæгау. • — Дæ дæсныйад дæ зæрдæмæ цæуы? — æрæджиау ма ацы фарст абадт йе ’взаджы цъуппыл æмæ та уæд фер- вæзт йæ зын уавæрæй дæр. Хадпзæт гæзæмæ бахудт йæ мидбылты, чпныг æрбай- ста йæ къухмæ, иту æвæрæгау ыл ауагъта фыццаг йæ иу, ■стæй иннæ армытъæпæн, ныккаст æм цахæмдæр стыр ныф- сы цæстæй æмæ дзуапп радта хиуылхæцгæ: — Уый мæ рагон бæллиц у æмæ мын сæххæст хуыца- уы фæрцы. Кæд ма мæ куыстæй дæр мæ зæрдæ рухс кæ- на, уæд мæхи хондзынæн бынтон амондджын. Дæуæн та куыд цæуы дæ зæрдæмæ дæ дæсныйад? — Мæнæн дæр мæ зæрдæмæ цæуы, фæлæ... — Фæлæ цьт? — Нæ зонын куыд дын æй бамбарын кæнон. — Ды куыд хъуыды кæныс, æз уый нæ зонын, фæлæ адæмæн лæггад кæнын æз нымайын царды иууыл стырдæр хæрзиуджытæй сæ иуыл. — Бамбæрстай мæ æнæзæгъгæйæ, æз дæр раст афтæ хъуыды кæнын, фæлæ уый къухы æнцонæй не ’фты. — Куыстытæй иу дæр æнцон нæу, алыран дæр хъæуы фыдæбон кæнын, стæй алы дæсныйадæп дæр ис, адæймаг 138
д цæй тыххæй равзары, йæ зæрдæмæ цæй тыххæй фæ- #уы, ахæм сусæгдзинæдтæ. Цб 'Зауырбегæн йæ зæрды уыд радзурын базарадон куы- сТы бирæ фадæтты тыххæй. Адæймаг куы арæхса, уæд дзы ч0рз цæрæн кæй ис, уый тыххæй уыд цæвиттонтæ æрхæс- ^шаг дæр, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, æрмæст ныхасы те- мæ уæддæр нæ аивта. — Уарзын базарады куыст, мæнæ дæ хуызæн чызджы къухты аив дзаума авæр, уæд ма уымæй хæрзиуæгдæр цы хъуамæ уа. "Ацы ныхасы фæстæ сæ дыууæ дæр бахъæлдзæг сты, фæлæ Хадизæт цæхгæр фæивта ныхасы темæ, йæ бынатæй сыстыпыл фæлварæгау, схæцыд йæ уæхсчытыл: — Хорз фенинаг уазæг дæ, фæлæ, дам, уазæг — цæттæ, фысым — æдзæттæ. Ацы æмбарæн ныхас æмæ æмбисонды нысаниуæг фем- бæрста Зауырбег æмæ йæхи æррæвдз кодта цæуынмæ. — Мæнæн ныр цæуын афон у, — загъта æмæ сыстад, ахæццæ дуары уонг. — Мæнæ ацы тыхтон мæнмæ гæсгæ дæу у. Зауырбег фефсæрмы, йæ цæстытæ фæлварынц худы- ныл. — Дæ зæрдæ мыл ма фæхудæт, ацыран... куыд мæ фыц- цаг зонгæ... Уадиссагæй дзы ницы ис, фæлæ... Цæй хæрз- æхсæв. — Лæппу чызджы дзуапмæ нал банхъæлмæ каст, фæлæ ахызт къæсæрæй æмæ ахгæдта дуар. Хадизæт лæугæйæ баззад, стæй цыма йæ фынæйæ рай- хъалп уыйау цымыдисæй ныккаст тыхтонмæ. Исдуг æй нæ )ыд райхалинаг, фæлæ фæуæлахиз йæ цымыдис. Тыхтоны разынд духиты къопп æмæ цъындатæ. Чызг æрбадт æрт- тæдæлармæй. Йæ цæст ахаста йæ цардвæндагыл, фæлæ йæ хъуыдытæ æрымбырд кæнын нæ уыд йæ бон. Ацы хатт банкъардта, фæллайын дæр кæй зоны, уый, æмæ фæбадт Дурдзавдæй, цалынмæ йе уæнгтæ бауазал сты, уæдмæ, стæй сыстад æмæ йæхи уæззаугай баласта хуыссæнмæ. Рæстæг цыд. Зауырбег Хадизæтæн бæстон ранывæзта ^æ царды фæндтæ. Чызджы зæрдæйы дæр æрфидар сты бинонты царды ныфсытæ æмæ акодта, адæм царды ахс- Ажиаг къахдзæф кæй хонынц, уый. Хадизæтæн дæр уыд Фатер райсæн, фæлæ иугæр Зауырбег фæраздæр, уæд сæ Аыууæ дæр уым æрбынат кодтой. Хадизæт йæхи хуыдта амондджын, кæд-иу хаттæй-хатт 139
йæ хъуыдытыл фæгуырысхо, уæддæр. Ахæм дызæрдыгд^ над-иу æм фæзынд арæхдæр, чындзы ацæуыны агъоми^ иунæгæй аззайгæйæ, фæлæ йæ Зауырбег уæгъд нæ уаД’ та, уæлдайдæр фæстаг рæстæджы, æгæрыстæмæй-иу ба^ дæг скъоламæ дæр, ома, кæсут, — ничиуал æм ницы бар дары. Æцæгæлон адæмы æхсæн Зауырбег фыццаг хатт б% къардта Хадизæты уæздан ахаст, фыццаг хатт æй бара^ дыдтой чызджы мидбылхудт æмæ фæлмæн ныхас. Сæ дыу. уæ дæр буц уыдысты царды ныфсытæй. Райгуырди сын чызг Косер æмæ радысты йæ цинæй. Мад-иу каникулты рæстæджы йæ сывæллонимæ куы йæ цæгатмæ ацыд, куы фурды былмæ улæфынмæ, фæлæ сын никуы бантыст æнае* хъæн бинонтæй иумæ ацæуын. Ацы хатт дæр та Хадизæт, ахуыры азы фæстæ, сæрды каникулты рæстæджы ацыд йæ цæгатмæ. Иу цалдæр боны фæстæ тагъд æххуысы машинæ Зауырбеджы аласта рын- чындонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй фелхынцъ сты йæ тъæнгтæ, йæ цард уыдис дыууæйыл, фæлæ йын уайтагъд арæзт æрцыд операци. Тынг æрæгмæ æрæмбæрста йæхй, кæд æмæ кæдмæ нæ ракаст йæ цæстæй. Мисурæт ын арæз- та иу судзин иннæйы фæстæ, йæ нурæй нал цыд. Æрæ- джы йын Хадизæт базонгæ кодта Мисурæты, æмæ йын ныр, йæ зын уавæры бабæззыд. '{ Мисурæт та йын зæрдæфидаргæнæн судзин куы сарæз*- та, уæд æрбадт бандоныл, ныфс æй уыд, Зауырбег йе ’муд кæй æрцæудзæн, уымæй, æмæ нæ фæрæдыд. Судзины фæ’* стæ лæг гæзæмæ базмæлын кодта йæ былтæ, уæззаугай схæцыд йæ фæлурс цæсты уæлтъыфæлттыл æмæ хæрз æв- вахс федта худæндзаст дыууæ стыр сау цæсты, сæ сæрмæ æрдынзылд æрфгуытæ, къæсхуыр цæсгомы астæу кардæй амадау зынд тæнæг раст фындз, хъырмызæй ахуырст был- тæ базмæлыдысты цыдæр зæгъыныл фæлварæгау, фæлæ лæг ницы фехъуыста, æрмæст банкъардта, æвдадзы хо’- сау, зæрдæйыл чи атад, ахæм комулæфт æмæ йæ хидæй-; дзаг ных æмæ æрфгуытыл сæхи асæрфæг æнгуылдзты кæ- лæнгæнæг хъарм. «Фидар лæу, ныр дын тас нал у, æгайт^- ма махмæ æрбахаудтæ», — сылгоймаг загъта хъæлдзæгæй æмæ фæцæуæг. Зауырбег йæ цæстытæ азылдта йæ фæстзе, æмæ ма къæсæргæрон æрмæст урс халат æмæ цыбырæл-1 выд сæрыхъуынтæ ауыдта, стæй та цæстыты уæлтъыфæлт- тæ сæхи фæлладгъуызæй æруагътой цæстытыл. Цалдæр бонмæ Зауырбег райдыдта змæлын йæ мидбы- наты, фæлæ йæ уæддæр дохтыртæ стын нæма уагътой. Ме-л дицинон хотæ сменæгай ивтой кæрæдзи. Кæд-иу Мисурзе^- ты^рад æрзылд уæд-иу Зауырбеджы зæрдæ уыд уæлдай райдзастдæр, науæд та-иу æрхæндæгæй æнхъæлмæ каст/ 140
ць1 рæстæгмæ, уæдмæ сыстад хуыссæнæй, райдыдта лæ- Уз^сджы æнцæйтты цæуын. ^ "зауырбег иуафон ахызт палатæйæ, фæцæуы уæззаугай "с, къæхтæ псгæ, хатт йæ уæз æруадзы лæдзæгыл дæр. ц^лдæр къахдзæфы фæстæ æрлæууыд, йæ фæлладуадзæ- ау? æмæ та а-ныр йæ къах айса, афтæ йæ хъустыл ауад зон’гæ хъæлæс. Мисурæт æм дзырдта фæстейæ: «Лæдзæг аППар, лæдзæг, ныр дын афон у». Зауырбеджы цæстытæ ферттывтой, йæ зæрдæ скафыд ^ечимидæг, мæнæ зæгъгæ уæнгтæ уыдысты коммæгæс, уæд ^пæмæнг фырцинæй цъилау ныззылдаид, чизоны ма Ми- сурæты дæр фелвæстаид уæлдæфы. Уæдмæ йæм бахæццæ ць-ог йæхæдæг, айста йын йæ лæдзæг, бацыд йæ дæларм а^:æ-йæ фæкæны палатамæ. Зауырбег цыдæр зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ хурхы уадындзтæ адымстысты, йе уæнг- ты хъару бынтон байсыст, афтæмæй йыл цавæрдæр ката- йаг хъуыды ныззæгæл æмæ йæ сыбыртт скæнын нал суагъ- та. — Æнкъард ма кæн, æнкъард, а-дыууæ боны дæ хъуа- мæ хæдзармæ афыссæм, ды та дæ был æруагътай, — Ми- сурæт хъазынæмхасæнтæй йæ цæстмæ бадардта Зауырбе- пен. Лæг схæцыд йæ сæрыл æмæ та федта уыцы æнахуыр цæстытæ, мидбылхудт æмæ ма ноджы урс-урсид дæндæг- тæ. Сылгоймаг йæ халаты дзыппæй систа къухмæрзæн æмæ йæ рауагъта Зауырбеджы уымæл ныхыл. Уæддæр нунæг сыбыртт не схауд лæджы дзыхæй, æрмæст сæ къухтæ кæ- рæдзимæ куы баирвæзтысты, уæд, æддæг-мидæг ауайгæйæ, аздыхтой кæрæдзи. «Мисурæт, Мисурæт»! — чидæр æрбадзырдта палатæ- мæ æмæ сылгоймаг фæраст. Зауырбегæн мæлæты хъыг уыд уыцы фæдисы хъæргæ- нæджы сидт, раст цыма йе стыр ныфс ахызт къæсæрæп, уыйау йе уæнгты ауагъта сæхибар æмæ уæлгоммæ ахауд- та. Цалдæр боны фæстæ рынчындонæй рафыстой Зауырбе- Джы. Тагъд æххуысы м’ашинæйы йемæ цыд Мисурæт дæр. ^айтагъд бахæццæ сты хæдзармæ. Асинтыл хæрдмæ хпз- гæйæ йын Мисурæт хæцыд йæ астæуыл. Сылгоймаг, хио- нау, азылд къуымты, æрцарæзта Зауырбеджы хуыссæн. — Æрхуысс ныр, цалынмæ дын Хадизæт цæуа, уæдмæ- '11У дæ абæрæг кæндзыстæм, стæй дæхæдæг дæр тагъд фæ- Уыдзынæ куыстмæ цæуынхъом æмæ дæ уæд нал хъæудзæн г*аэ сæр, науæд уæд та цынæ вæййы, — Мисурæт бахудт йæ ^идбылты, афтæмæй йæхи æрцæттæ кодта ацæуынмæ, — ИУ æмæ дыууæ фыдæвзаджы ис, фыдбылызы бахаудзыстæм 141
нæ дыууæ дæр. Фенынмæ уал, — загъта чызг æмæ та ног Зауырбеджы зæрдæйы фæныхстысты йæ ныхæстæ. — Бузныг, стыр бузныг, æз та дын цæмæй бафиддз^ нæн дæ лæггад? * — Уый тыххæи дæ нæ батыхсын кæндзыстæм, нæ л$г. гад махæн лæвар у, фарсылхæцинаг, фиддæн æй нæ к$. нæм, — загъта ма чызг æмæ фæцæуæг. Сылгоймаг куыд. дæр къæсæрæй ахызт, афтæ хатæн хастау фæци, фегуыц, пæг. Мисурæт Зауырбегæн Хадизæты кой кæй скодта, уь^й йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Лæг æд дзаумæттæ хуыссæныл уæлгоммæ æруагъта йæхи æмæ пыккаст Хадизæты хуыз- истмæ. Йæ цардбæллон цæсгом æм фæкаст уайдзæфгæнæ- джы хуызæн, исдуг дзы цыма æфсæрмы дæр фæцнс, • фæ- лæ йæхицæн ныфсытæ авæрдта: «Дæлæмæ дæр — хуызист æмæ уæлæмæдæр». Цæстытæ хуызистæй бæргæ ратоны, фæлæ сæ уый йæхимæ афтæ нылвæста æмæ Зауырбег кæд цалдæр хатты æрзылд йæ мидбынаты, цæсгом дæр æрым- бæрзта хъæццулæй, уæддæр йæ цæсты разæй нал æфтьь дысты. Уалынмæ фæкомкоммæ Мисурæты къухмæрзæн- мæ, — йæ ных ын дзы куы асæрфта, уæд ын «æрбайрох» бандоныл. Зауырбег æй айста зыр-зыргæнгæ, стыр хæзна- мæ æвналæгау, бирæ йæм фæкаст æмæ йæ стæй, Хадизæ- тæй æмбæхсæгау, авæрдта йæ русыл. Йæ цæстытæ ахгæд-„ той, лæг цалдæр зылды æркодта йæ мидбынаты, стæй йын цыма улæфт нал фаг кодта, уыйау ахъаззаг сулæфыд æмæ; цадæггай байгом сты цæстытæ дæр. Байгом сты æмæ та уайтагъд андæгъдысты Хадизæты хуызистыл. Зауырбег фефсæрмы, фестъæлфыд, къухмæрзæн базы бын атъыста. Мисурæт арæх нæ цыд магазинмæ, стæм хатт æмбæйд Зауырбегыл, фæлæ йæм Зауырбег дæр нæ каст æцæгæло* ны цæстæй, æрмæст дисы бахауд, адæймаджы ахæм ми- ниудлштæ нырмæ æндæр искæмæ кæй никуыма бафип- пайдта, уый тыххæй: йæ ас, йæ уæнгты конд, йæ бакаст, йе сныхас, — æппындæр æм дзы аппаринагæй ницы ра- зынд, æмæ йæ уыдон фæкодтой сагъæсты бын. Мисурæты иннæ æрбацыдмæ Зауырбег цæттæ уыд ал- цæмæй дæр. Бафснайдта хæдзар. Уыцы къоппы цы духи- тæ уыдис, уыдон æм тынг аслам фæкастысты, фæлæ къухы æндæр кæй нæма уыд, уымæ гæегæ сыл хъæцыд. ХæрД, нозт уыдысты фынгыл æрывæрынæввонг. Цалдæр боны раз^- мæ рынчындонæй кæй рацыд, операци кæй сарæзта, уый йыл зынгæ дæр нал кодта. Стыр цины хабармæ æнхъæл- мæгæсæгау, йæ зæрдæ уыд цахæмдæр тыхстгъуыз, йе уæнг- тæ — рог. Батыхта хуыссæнтæ, хæдзар бафснайдта йæх^ бæстон адаста, скодта йæ райс-бавæрд дарæс æмæ æн- хъæлмæ каст: куы стъолы фарсмæ æрбады, куы рудзын- 142
гæй акæсы, куы хатæны къуымты тезгъогæнæгау азилы,, афтæмæй йыл рæстæг ныддаргъ. Нæй æмæ нæй Мисурæт зынзег. Асинтыл цæуæджы къæхтыхъæр йæ хъустыл куы пуайы, уæд та йæ зæрдæ дæр базмæлы, уæпгтæ хъыдзы- ^гнæгау сæхимид баризынц. Зауырбег цалдæр хатты рынчындонмæ уыд фæдзури- ]1аг, ,фæлæ-иу ыл куы йæ сæрыстырдзинад фæхæцыд, куы ]ГЬулыл ауыгъд Хадизæты хуызист,' куы та Мпсурæты зæр- д^йыхатт дзæбæх кæй нæма зыдта, уый. Иу рæстæджы æрзылдта телефоны номыртæ дæр, дзу- апп ын радта сылгоймаджы хъæлæс, фæлæ уый лæууыд æгомыгæй, стæй æрæджиау æрывæрдта хæтæл. :}: # * Зауырбег цы палатæйы хуыссыд, уырдæм арæх цыд Мнсурæт. Лфтæ йын æмбæлд, æви йæ æндæр тых æлвæ- ста, уый рæстмæ нæ хатыд, кæд ыл фæстагмæ хъуыды кæ- нын райдыдта, уæддæр, фæлæ уырдæм цæугæйæ цахæм- дæр æхцондзинад кæй æнкъардта, уый хатыд, цахæмдæр бæллиццаг ныфсыты æнхъæл-иу фæраст цинæйдзаг зæр- дæимæ. Ахæм æнкъарæнæй цыма фæстагмæ æфсæрмы дæр байдыдта æмæ-иу, палатæмæ бацæугæйæ, раздæрау, фыц- цаг Зауырбегыл нал баузæлыд, фæлæ радмæ гæсгæ. Чы- сыл фæхæцыд йæ хъæлдзæг ныхасыл, фæкарздæр йæ цæст- æнгас, йæ ахаст. Чызг хатыд Зауырбеджы æмбæхст хъуы- ды æмæ ахаст. Уыдон ын цасдæр бæрцæй бастой йе уæнг- тæ, фæлæ уæддæр æнкъардта йæ мид-зæрдæйы æнкъарæн- тыл уыцы узæлд æмæ дзы нæ фæлмæцыд. Рынчынимæ хæдзармæ цæуын куы бахъуыд, уæддæр ыл, цыма хур ра- каст, уыйау фæраст. Арæх абæрæг кæнынæй йын ныфс кæй бавæрдта, уый тыххæй дæр йæхицæй фæбузныг. Æмæ йæм кæд нырма бонраздæр уыд, зæрдæ йæм ницæмæй æхсайд- 7а, уæддæр æй уымæ ласта йæ зæрдæ. Арæх-иу йæ разы Уыд цæлхдуртæ авæринаг дæр: «Уæд та мыл йæ зæрдæ фæхудт, уæд та мæ цы ахъуыды кодта», фæлæ уыцы хъуы- Дыйы коммæ никуы бакаст зæрдæ æмæ та йæ фæскуыст ^æ къæхтæ ахастой уыцырдæм. Мисурæт ацы хатт цыд зивæггæнгæ, къæмдзæстыгæй, Фæлæ уæддæр тындзыдта æмæ куыддæр подъездмæ ба- Ха^ццæ, афтæ йæ зæрдæ йе ’муд æрцыд, чысыл аулæфыд, ^тæй сабыргай, æпæуынæрæй схызт асины къæпхæнтыл. Дуаргæрон дæр ма алæууыд, æркæстытæ кодта йæхимæ, |'с пгуылдз чъызгæйæ бахаста дзæнгæрæджы æгънæгмæ. Цалдæр хатты арф сулæфыд. Уалынмæ дуар байгом æмæ, етыр уаргъ аппарæгау, чысыл æрсабыр. 143
— Де зæр хорз! Бар дæм ис? — йæ мидбылты худг^ загъта Мнсурæт. ,,^ — Æгас нæм фæцу. Бар хуыцауы хæдзармæ куы ис,-^ бакодта Зауырбег. ^ — Кæд мæ зæгъын сфæлмæцыдтæ? — загъта та Мису; рæт æмæ бахызт мидæмæ. ." Ацы фæстаг фарстæн Зауырбег не ссардта дзуапп,.фае; лæ уал йæ бæллиц кæй сæххæст, уымæй райгонд уæвгæйае рахгæдта дуар. ] — Куыд æрæгмæ цыдтæ, мæ цæстытæ дæм ныуур^ сты-, — загъта Зауырбег æмæ бандон базылдта Мисурæты ’рдæм. — Нырма дæм æндæрæбон куы уыдтæп. Æвæццæгæн дæ ныр мæ цыды сæр, дæр нал хъæуы? — чызг йæхи æр- уагъта къæлæтджыныл. — Дæ цыды сæр алыхатт дæр хъæуы, — Зауырбег ацы ныхасæй чысыл фефсæрмы, афтæмæй æнхъæлмæ каст дзу/ аппмæ. Мисурæт уыцы ныхас цыма нæ фехъуыста, уыйау сгы> лæй райста альбом æмæ’ йæ рафæлдæхта. — Зонгæтæ кæрæдзимæ хъуамæ ноджы арæхдæр цæ,- уой, — загъта Зауырбег. ’ '.) — Уый раст у, фæлæ мæ уæдта ам исчн æрбаййæфта, уæд цы ахъуыды кæпдзæн. — Исчи та цы хоныс, мæнмæ æрбацæуинаг дæуы йет- тæмæ ничи вæййы. Мисурæт скаст къулыл Хадизæты хуызистмæ, стæй сы- стад æмæ йæм бацыд хæстæг. — Физонæг дын акæнон æви сурфых дзидза уарзыс? —^ бацымыдис кодта Зауырбег. — Мæн ницы хъæуы, æз хъуамæ ацæуон, мæн тыххæй ма стыхс. — Радгæс дæ мыййаг? — Радгæс нæ дæн, фæлæ мæ цæуын хъæуы. — Уæдæ тыхсгæ мацæуыл кæн, æз цæттæ дæн. Зауырбег уайтагъд фынгыл æрывæрдта, йе ’мбæлттяе йæм кæй æрбахастой, уыцы шампайнаг сæны æвгтæ, родь1 дзидза къуыдыр фыхæй, къаффеттæ. Иудзырдæй фынгыл февзæрдысты, Мисурæт æнхъæл кæмæн нæ уыд, ахæм хæ- ринæгтæ æмæ ма кæд йæ зæрды цæуын уыд, уæддæр йаз цæсгом нал бахъæцыд, стæй йæ йæ къах дæр нал ахаста. Зауырбег ракуывта æнæниздзинадæн, цæрæнбонтæй,' Мисурæтæн. Чызг ма куывдмæ бафтыдта Хадизæты, Косе- ры нæмттæ, фæлæ-иу сын Зауырбег сæ кой скодта куыв* дæн æмпъузæнау «Цæй уыдон цæрæнбонтæ дæр бирæ» -^" зæгъгæ. 144
Мпсурæт нуазгæ нæ кодта, æрмæст-иу агуывзæйæ аныз- та чысыл, фæлæ йæм Зауырбег æгæр куы ’рхатыдта, уæд ,г1"{ равдæлон кодта æмæ уайтагъд йæ рустæ фæсырх сты. рæстæгæй-рæстæгмæ сыл авæры куы йæ иу, куы та йе ’ннæ армытъæпæн. Зауырбег ма йæм иу баназынæй куы ’рха- тыд, уæд чызджы цæстæнгас фæтызмæг, стæй сыстад: — Мæнæн цæуын афон у. — Абад ма, нырма раджы у, кæдæм тагъд кæныс,— хатыд фысым, кæд чызг нал ныллæудзæн, уый зыдта, уæд- дæр. Уазæг æмæ фысым тæккæ къæсæргæрон фесты кæрæ- дзн ныхмæ лæуд. Зауырбег фæндараст нæма загъта, Ми- сурæт — хæрзизæр. Чызг, цавæрдæр ныхасыл хъуыдыгæ- нæгау, ныккаст йæ къæхты бынмæ. Зауырбеджы къухтæ куыддæр йæ уæхсчытыл аныдзæвдысты, афтæ зæрдæйы ты- мыгъ ахгæдта цæстытæ æмæ нал байгом сты, цалынмæ ад- джын пъайы цæхæрæй æгас буар судзын нæ райдыдта, уæдмæ. Мисурæты къухтæ цадæггай ахæцыдысты Зауырбеджы риуыл. Чызг, бахизæны, къулыл ауыгъд стыр кæсæнмæ кæсгæйæ, бараст кодта йæ сæрыхъуынтæ, стæй иудзæвгар йæ мпдбынаты æнæдзургæйæ алæууыд. — Æз ацыдтæн, — чызг йæ цæстытыл нал схæцыд хæрд- мæ, афтæмæй байгом кодта дуар. Зауырбег лæууыд тæккæ дуаргæрон æмæ хъуыста, ца- лынмæ чызджы туфлиты къупп-къупп йæ хъустæ ахстой. уæдмæ. * * * Уыцы изæры нывтæ ныссагъдысты Зауырбеджы сæры. Цард æм каст аргъауы хуызæн, йæхæдæг та — аргъæутты хъайтар, æвидигæ хъаруйы хицау, цыма, уыдонау, йæ бон У цыфæнды зындзинæдты сæрты ахизын дæр, адæймаджы хæрзиуæгон бæллицты тыххæй цыфæнды къуылымпытæ дæр аиуварс кæнын. Уæдмæ йæ цæгатæй æрыздæхт Хадизæт йæ чызгимæ. Зауырбег дæр райдыдта кусын, фæлæ бонæй-бонмæ бинон- тæм ивта йæ ахаст. Смадзура, хæдзармæ цыд зивæггæнгæ. Хатт-иу фæсæмбисæхсæвтæм дæр не ’рцыд. Цыдæр фыд- былыз æй бафтыдта ностыл. Райдианы йын уый бæрц нæ тых кодта, фæлæ фæстагмæ... Дæ фыд-зæрдæ уыймæ арха- йæд нозтджынæй. Æниу ма йын бирæ хъуыди цы, иу-дыу- Уæ агуывзæйæ дæр-иу йæ сæр йæ фат нал æмбæрста, ба- хæцыдис-иу ыл æиæхъуаджы тыхныхас, кæнæ та-иу æй йæ Хаейрæджытæ бафтыдтой загъд кæныныл. Ю- Гугкаты Ш. 145
Хадизæт куыннæ фæлмæцыд ахæм цардæй, фæлæ лæг^ цæмæн аивта, уый йæ бон нæ уыд рахатын æмæ быхстд. сомы ныфсæй. Арæх-иу адзæгъæл хъуыдыты: «Цымæ цы кæны, къæссавæлдæхт цæмæн фæцис, æви йын рынчындо-. ны йæ риуы æндæр зæрдæ нывæрдтой? Исты æфсон ын- куы уаид, уæд адæймаг йæ бон зонид, фæлæ дæ дзаума —-> æхсад, дæ хæринаг — цæттæ, афтæмæй ноджы æлхынцъ- æрфыгæй кæс, кæй бон бауыдзæн ахæм уавæры цæрын»..;- Иугæр сылгоймагæн йæ бон быхсын куынæуал уыд ахæм, ахаст, уæд æргомæй æрфарста лæджы, фæлæ уый бынтон’ сызнæт. Райдианы нал цыд хæдзармæ, кодта алы ’фсæнт- - тæ, стæй сæйраг аххосаг дæр фæбæрæг. Хадизæты хъустыл, æрцыд дам-думтæ æмæ ма йын уæд цы базонын хъуыд За-, уырбеджы уагахасты аххосаг. Ноджы йæм сбирæ сты æв- загхæсджытæ, чи зæрдæхæларæй, чи фыдæнæнгæнæгау æмæ уый дæр йæ хъус æрдардта хъуыддæгтæм. Иугæр Зауыр-, бегæн дæр æндæр гæнæн куынæуал уыд, уæд рацыд æр-, гом, басаст йæ фæндтыл. Ныхас сæм æрхауд ахицæны тых- хæй дæр. «Мах нæ мæгуырыл уадз æмæ кæдæм фæнды цу, тых- хæй дыл ничи хæцы, дæ фыд æмæ мæ фыд иумæ нæ цар- дысты», — ацы дзырдтæ æппынæдзух фæлхатт кодта Ха- дизæт йæ ныхасы. «Алкæмæн дæр йæ бар йæхи у æмæ йæ йæ фадæттæ куыд амонынц, куыд ын хуыздæр æмæ æнцондæр у, афтæ хъуамæ цæра», — ацы хъуыды та æрцард æмæ уидæгтæ ауагъта Зауырбеджы сæры æмæ йын уыд уынаффæгарнæг, тызмæгæй дæр æмæ-иу хъæлдзæг зæрдæйыл куы уыд, уæд дæр. Фыды тызмæг цæстæнгас æмæ схуыст ныхасæй фæцъæх Косеры зæрдæ дæр æмæ йе ’мгæрæтты никуыуал ауад, йæ- хи дзы хызта хæдзары дæр, уынджы дæр. Хадизæтæн йæ бон нал уыди æнæхъуаджы уайдзæфтæ быхсын, ахæм уавæры цæрын, йæ хъæбулы тæригъæдмæ кæсын та йын бынтон æнцойад нал лæвæрдта. Ис фыдæй — æнæфыд. Йе скойæ дæр-иу сабийæн йæ зæрдæ бауынгæг æмæ-иу уæд, куы мады хъæбысы нынныгъуылгæйæ калд- та йæ цæссыг, куы та-иу адæргæй афынæй, лæг æмæ-иу усы быцæу куы стыхджын, уæд-иу æрцауындзæг мады æф- цæгыл æмæ-иу, æмбаргæ адæймагау, райдыдта лæгъзтæ . кæнын: «Нана, ма дзур, нана, æгъгъæд» — æмæ та-иу йæ цæссыгтæ æрæзгъæлдысты. Стæй-иу йе ’рдиагæй нал æн- Цад’. «Сылгоймаг сылгоймаджы куыд бамбара, афтæ ни~ чи», — Хадизæт загъта йæхицæн æмæ араст Мисурæтмæ. Мисурæтмæ Хадизæты æнæнхъæлæджы æрбацыд рай- 146
дианы тынг диссаг фæкаст, фæлæ нæ равдыста йæ дисдзи- над, барæвдыдта йæ, хиуылхæцгæ уæздан иыхасæй йæ ,ба- хуыдта хатæнмæ, æрбадын æй кодта бандоныл æмæ æн- хъæлмæ каст фыццаг ныхасмæ. Хадизæт архайдта, фæлæ йæ бон нæ бацис æрфгуыты æлхынцъ райхалын, цæсгомы тызмæг хуыз асурын. Иæ хызынæй спста къаннæг хъулон къухмæрзæн æмæ йæ цал- дæр хатты аныхæста былтыл, ныхыл, стæй йæ æрбатым- был кодта йæ армыдзыхъхъы æмæ йæ къухтæ æруагъта уæрджытыл. Сылгоймаг цыма хатæны къуымты йæ цæст ахæссынæй тæрсгæ кодта, æви йæ йæ сæрмæ нæ хаста, уыйау бадт йæ къæхты бынмæ джихæй кæсгæйæ, стæй æрæджиау сфæрæзта дзурын: — Ма бадис кæн ме ’рбацыдыл. Æз азымджын никæй кæнын, стæй адæм цы дзурынц, уымæй дарддæр дæр мæ бон зæгъын ницы у, фæлæ иууыл катайагдæр уый у, æмæ не ’ртæ дæр мæнæ ацы дзыхъхъы кæй цæрæм, æвæццæгæн дзы афтæмæй махæн æгæр уынгæг у. Уый, чизоны, мæн ницы бахъыгдарид, фæлæ мæ мæ сывæллоны маст ис. Нып дæр ын нæй фыд, фæлæ йæ æппындæр куынæ уынид. уæд бирæ хуыздæр уаид, алчи дæр нæ йæ бон зокйд, науæд йæ хæрзæбонæй — æнæхай, йæ фыдбылызæй та — хайджын, æниу æм æз хæрзæбонæй ницыма федтон, фæлæ... Царды алцы дæр æрцæуы, диссаг мæм дзы ницы кæсы, стæй дзы, æвæццæгæн, диссагæй дæр ницы ис, нæ кары адæймагæн йæ бон у цыфæнды вазыгджын уавæрæн дæр йæхи ’рдыго- ыау раст аргъ скæнын, фæлæ мын маст уый у æмæ уæз тынгдæр сабитыл кæй æрцæуы. Мæ чызг ныр æмбарын- хъом у, фæлæафтæ никуыма загъта, — цымæ’ мæ фыд кæ- ми, куыд æрæгмæ цæуы? Æниу уый хæдзары куынæ вæй- йы, уæд уæлдай хъæлдзæгдæр æмæ æргомзæрдæ дæр вæй- йы. Кæд æнафоны æрбацæуы, уæд та адæргæй йæ хъæц- цулы бын абыры æмæ уырдыгæй тарстгъуызæй æнхъæл- мæ фæкæсы, дарддæр цы уыдзæн, уымæ; бонæй та йæ хæдзармæ тыхласæгау фæласын. Стыр хатыр дæ курын, дæ зæрдæ мыл ма бахудæт, чизоны афтæ зæгъай дæ цар- ды хабæрттæ мæн цæмæн бахъуыдысты, фæлæ сылгоймаг сылгоймаджы куыд бамбара, афтæ ничи. Мæхиуыл бæргæ хæцыдтæн, фæлæ ацы хатт мæ бон нал бацис. Уæддæр хорз у адæймаджы зонын. Ноджы дæр дæ курын, бахатыр мын кæн!..» Хадизæт сыстад, тыххæй урæдта йæ цæсты сыгтæ, ацы хатт къухмæрзæнæй нал февнæлдта цæстытæм, фæлæ уæд- дæр хурхы уадындзтæ ныддымстысты, цæстыхаутыл не схæцыд хæрдмæ, афтæмæй ахызт къæсæрæй. Мисурæты дзыхæй иунæг сыбыртт дæр не схауд. Ха- 147
дизæты фæстæ рахæццæ дуары онг, фæлæ йæ фæстæ наз акаст, къæсæргæрон алæууыд æрттæдæлармæй, стæй са- гъæсгъуызæй æрбадт диваныл. Хадизæтимæ зонгæ сты, кæ- рæдзийæн салам дæттынц, фæлæ се ’хсæн ныхас рауайа,' ахæм уавæры никуыма бахаудтой. Ныртæккæ та йын йе ’рбацыдæй йæ ацыдмæ лæмбынæг хъуыста йæ алы дзырд- мæ дæр, йæ алы хъуыдымæ дæр æмæ йæм дзы иу дæр æнæ-7 раны нæ фæкаст, æгæрстæмæй йын бакаст йæ миддунемæ дæр æмæ йын йæ царды хъысмæтæй ницы зæгъы, фæлæ йын цыма уыцы миниуджытæм хæлæг бакодта, афтæ йæм фæкаст. Афтæмæй цыма æппындæр никуы æмæ ницы, уы- йау нæдæр тыхсгæ, нæдæр фæсмон, нæдæр æртхъирæн, аф- тæмæй æнцад-æнцойæ йæхицæн бауат кодта æмæ схуыс- сыд. Ацы фембæлд æмæ ныхас баззадысты дыууæ сылгой- маджы зæрдæйы, фæлæ Мисурæт карздæр цæстæй куы ра- каст Зауырбегмæ, уæд лæджы ахаст бинонтæм ноджы февзæрдæр, æмæ иу сын кæд нырыуонг сусæг-æргомæй дæр аккаг фæцис, уæд ныр та уыцы маст байдыдта ауа- зын æмæ дзы’хуыдуг кодтой мад æмæ чызг. Мисурæт цалынмæ Зауырбегимæ нæ базонгæ, уæдмæ дæр ын иу æрцæуæггаг инженер сæргом кодта йæ уарзон- дзинад, фæлæ нæдæр «о» зæгъынмæ хаста йæ ныфс, нæ- дæр ын «нæ» зæгъын æнтыст. Ныр райхъал сты йæ уарзт æмæ царды ныфсытæ, базырджын фæндтæ æмæ сомы бæл- лицтæ æмæ йæ фидæны цардæмбалы цæстытæм комкоммæ бакæсгæйæ æппæты фыццаг загъта: «Æвæццæгæн æппæт дæр хъысмæты фæндæй арæзт у, царды д§эм цы амонд æнхъæлмæ кæсы, уымæй дын ирвæзæн нæй, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр». Æниу Зауырбеджы фæндтæ æмæ хъуыдытæ кæд хатыд, уæддæр ын никуы радта ахæм те- мæйыл зæрдиагæй æрныхас кæныны фадат. Мисурæт бацард уыцы инженеримæ. Цалдæр къуыри- йы фæстæ сæ фатер æххуырсты радтой æмæ кусынмæ ацы- дысты Цæгаты ’рдæм. Зауырбег бафтыд нозтыл. Иæ куысты арæхæй-арæхдæр кодтой къуылымпытæ, Иу рæстæджы йæ хъуамæ йæ бы- натæй дæр систаиккой, базарады фæткойтæ кæй хæлдта, уый тыххæй, фæлæ ма баззад фæдзæхстимæ. Рæстæг цыд. Зауырбегæй Мисурæт нæ рох кодта, фæ- лæ рæстæджы бон бирæ у, стæй, дам, цæст кæй нæ уына, уый,зæрдæйæ дæр рох у, фæзæгъы ирон æмбисонд, æмæ алыбон дæр рохуаты фæлм цъар æвæрдта лæджы æнкъа- рæнтыл. Фæстагмæ Зауырбег цадæггай йе ’ргом здахын райдыд- та йæ бинонтæм. Баузæлыд йæ хъæбулыл, фæлмæн сдзырд- 148
та Хаднзæтмæ. Иу бон та сæ, фыдæнæнгæнæгау, сфæлы- ста къахæй-къухмæ. Хадизæты æфхæрд зæрдæмæ дæр та бакаст рухсы тын. Хæдзармæ фарн æрыздæхæгау, къуымтæ фæрайдзастдæр сты. Хатт-иу æм ахæм зæрдæхъæлдзæг бон фæкаст фын- фенæгау æмæ-иу уæд йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, бæл- лыд, нырмæ цытæ бавзæрста, уыдон ногæй бавзарыны бæ- сты бауа æнусон фынæй æмæ йыл афтæмæй цæуой йæ цар- ды бонтæ. Фæлæ та мæнæ Мисурæт ногæй фæзындис поселокмæ-. * * * Рæстæг цадæггай сæрфы царды хъулæттæ, фæлæ уæд- дæр зæрдæйыл ныууадзынц сæ фæд æмæ, рацæугæ фæн- дагыл цæст ахæсгæйæ, адæймаг æнæмæнг фендзæн, чи йыл баузæлыд, чи йæ барæвдыдта, чи йæ асхуыста, стæй фæс- мон æмæ хъынцъым кæуыл фæкодта, уыдон нывтæ. Мисурæты æрцыдæй фæстæмæ та Зауырбегæн райдыд- той уыцы нывтæ ног кæнын, калдысты йæ цæстыты размæ, фæлæ дзы кæцыйы уацары бахаудзæн, уый бæрæг нæ уыд, æрмæст-иу хатт аджих, адзæгъæл-иу йæ хъуыдыты æмæ- пу æй уæд ус æмæ чызг дæр фæуагътой иунæгæй, йæхи бар. Зауырбеджы уагахастмæ кæсгæйæ та Хадизæты зæрдæ дæр райдыдта æрхæндæг кæнын. Иугæр Мисурæт æрæз- дæхт, уæд ма йын цы базонын хъуыд æппæт дæр, фæлæ-иу уæддæр йæхицæн авæрдта ныфсытæ: «Ау мæ чызг ныр чындздзон куы у, нæ царды фылдæр æмбис иумæ куы ба- тыдтам, уæд ма цавæр æвзонджы митæ сты! Афтæмæй бо- нæй-бонмæ æнхъæлмæ каст зæрдæрухсгæнæг ивындзинæд- тæм æмæ уыцы ныфсæй фидар кодта йæ зæрдæ. Косер та ныййарджыты ’рдыгæй рохуаты кæй аззад, уый ничи ха- тыд æгæрстæмæй йæхæдæг дæр. Астæуккаг скъола каст бæргæ фæци, фæлæ, мад æмæ фыды уынаффæйыл зæрдæ- даргæйæ, æнхъæлмæ каст йæ дарддæры царды фæндæг- тæм. Иу цалдæр хатты скодта институтмæ бацæуыны кой, фæлæ-иу йæ хъуыды рохуаты аззад ныййарджыты ’рдьь гæй. Иу заманы рахъавыд йæ бæллицты фæдыл ацæуын- мæ, сцæттæ сты йæ документтæ, фæлæ та йæ бакъуылым- пы кодта мады уынаффæ: «Иннæ аз, мæ хъæбул, кæд фа- дæттæ фæхуыздæр уаиккой». Æниу æй цæй фадæттæ хъуы- дысты, алцæмæй дæр йæ къух арæзт уыд, фæлæ йæ цард хæццæ-мæццæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ ныфс нæ хаста ис- ты уынаффæмæ. Чызг дæр бамбæрста мады хъуыды æмæ ахуыр адарддæр кæныны фæнд аргъæвта дыккаг азмæ. 149
Иугæр куы февдæлон, уæд арæхæй-арæхдæр цыд куывдтæ, чындзæхсæвтæм, клубы хъазтизæртæм, хатт-иу æхсæв йё ’мбалы хæдзары дæр сбон кодта. Райдианы чызджы ахæм уагахаст катайыл æфтыдта мады, фæлæ йыл фæстагмæ фæцайдагъ. , * * * ...Клубы хъазтизæрæй фæсивæд цыдысты къордгæйт- тæй, чи сусу-бусугæнгæ, кæмæн та йæ худын, йæ хъæлдзæг ныхас хæлдта æхсæвы сабырдзинады. Косерæн æхсызгон нæ уыд фæстаг кафты кой, фæлæ цæмæн, уый йæхæдæг дæр тынг нæ хатыд, хатгæ та йæ куыннæ кодта, фæлæ йæм афтæ каст, цыма ацы хъæлдзæгдзинадæй æппындæр ни- куы бафсæдид, нæ бафæллаид суанг дæр кафын æмæ за- рынæй. Райдианы йæ йæ зæрдæ тынг нæ хаста, фæлæ уай- тагъд бахауд кафты мелодиты уацары æмæ йæ æрбайрох сты йæ хæдзарон сагъæстæ. Сослан æмæ Косер дæр цыдысты æнæдзургæйæ. Чыз- джы хъуыды æмæ цæстытæй цадæггай лыгъдысты хъазт- изæры нывтæ æмæ сæ хæдзармæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ йе ’нæнцой æнкъарæнты æрфæнæй уæнгты зылди уа- зал/ сæры ныффидар иунæг катайаг хъуыды: «Цымæ та цы уавæры баййафдзæн йæ фыды? Æвæццæгæн та афон- мæ кæрæдзийæн алывыдтæ калынц»... Лæппу æмæ чызг цыдысты мадзурайæ. Косермæ Сослан каст йе стыр ныфс, йæ ирвæзынгæнæг æмæ дзы зæгъгæ фæхицæн, уæд цыма æдых æнæбонæй ихы сæрыл аззайдзæн, уыйау цыд уæззау къахдзæфтæй, — фæн- дагæн фæуынæй тæрсгæйæ. Ныр цалдæр азы сæ кæрæдзи зæрдæтæм агурынц фæндаг, фæлæ йыл, æвæлтæрдæй, нæ- дæр сæ иу хæст кæны, нæдæр се ’ннæ, æрмæст кæрæдзи уындæй сты буц æмæ сæрыстыр. Сослан астæуккаг скъо- ла каст фæуыны фæстæ дьГккаг аз кусы шахтæйы. Ныр фæуæндондæр, фæзындис æм царды фæндтæ, кусдзæн, фæс- аууонмæ та — ахуыр. Ахæм царды фæндтыл йæ зæрдæ дардта Косер дæр æмæ-иу ныфсджынæй хъуыста Сослан- мæ, æрмæст дзы ныр йæхимæ дæр кæй хауы, ууыл бæстон, нæма ахъуыды кодта. Чызг æрлæууыд сæ хæдзары разæмæ æрхæндæгæй нык- каст; зæхмæ. — Нал дæ фæнды атезгъо кæнын? — афарста Сослан æмæ арвыл йæ цæст ахаста. Косер ацы фарстæн æргомæй ницы дзуапп радта, фæ- лæ йæ мид-зæрдæйы, фыдæнæнгæнæгау, бафтыд дзуры- 150
иыл: «Æз хæдзармæ ацæуыны бæсты демæ тезгъо кæнин æхсæвæй-бонæй, фæлæ кæм ис ахæм фадат»... ...Сæ дыууæ дæр лæууыдысты æнæдзургæйæ æрмæст Косеры зæрдæйы уаг не ’мбæрста Сослан æмæ тыхст йæ- химидæг. Чызг йæ цæстысыгтæ куы асæрфта æрмæст ын уæд фæхатыд йе ’рхæндæгдзинады аххосаг æмæ дисы ба- хауд. Бæргæ йæ фæндыд йе ’ргом ныхасмæ байхъусын, фæ- лæ чызджы дзыхæй сыбыртт дæр не схауд, афтæмæй хæрз- зэхсæв загътой сæ кæрæдзийæн. Ацы цау нал ферох лæппуйæ æмæ æрвылбон фарста Косеры. Чызг дзы куы сфæлмæцыд, уæд ын радзырдта йæ мад æмæ йæ фыды царды хабæрттæ. Иухатт, фæд-фæдыл дыккаг æхсæв, Косер хæдзармæ куы нæ ’рбацыд, уæд мад фыртыхстæй йæхицæн бынат нал ардта, агуырдта, фарста. Адæм сцымыдис сты. Хадизæт аивæй афарста Сосланы тыххæй. Уый дæр нæ разынд хæ- дзарьГæмæ ма йын уæд цы базонын хъуыд, цы ’рцыдис, уымæн. Зауырбег кæд æддæмæ ницы ’вдыста, уæддæр тыхст йæхимидæг. Ацы хатт дæр та масты хай фæцис Хадизæт. «Чи кæмæй райгуыры, уый хуызæн вæййы», «Сæгъæй уæ- рыкк нæ гуыры» — æмæ цынæ ’фхæрæн ныхас схауд йæ дзыхæй, фæлæ ацы хатт хæдзарæй лидзæг нæ фæцис, ну- гæр йæ дзуринæгтæ куы фесты, уæд йæхиуыл ныхгæдта дуæрттæ. Уæдæй фæстæмæ нал бахордта Хадизæты армæй- дзаг, бынтон сынæдзæрон. Сосланы бинонтæ бафидауыны тыххæй Зауырбегмæ æр- выстой минæвæрттæ, фæлæ-иу сын алы хатт дæр радта иу дзуапп: «Æз ын ницьт зонын, йæ мадимæ йын ныхас кæ- нут». Хадпзæтæн Косеры царды хъысмæт нæ лæвæрдта æн- цойад, бонтæ куыд цыдысты, чызджы цард куыд вазыг- джындæр кодта, афтæ тынгдæр æнкъардта бæрндзинад æмæ кæд цыфæнды тыхст уыдис, кæд йæ зæрдæ мастæй уыд йедзаг, уæддæр быхста æмæ йæ амонд бакодта рæ- стæджы бар. Сослан æмæ Косер сыхаг хъæуы Сосланы хæстæджы- тæм баззадысты иу мæйы бæрц, стæй сын шахтерты æм- дзæрæндоны радтой хицæн хатæн æмæ уал уым æрбынат кодтой. Цалдæр мæйы фæстæ Сосланмæ æрсидтысты æф- сады рæнхъытæм. Косерæн лæппуйы ныййарджытæ дзырд- той, цæмæй уал семæ цардаид Сосланы æрцыдмæ, фæлæ чызг уыцы уынаффæйæн нæма радта дзуапп, афтæмæй цард иунæгæй, арæх æм цыд йæ мад, йæхæдæг дæр-иу æм бауад, æрмæст-иу фыд хæдзары куынæ уыдис, уæд. 151
* # * Мисурæтыл уыйбæрц нæ фæзындысты уыцы азтæ, æнае* уи дæр бирæ кæсдæр уыд Зауырбегæй æмæ йын ацы фем? бæлд ноджы тынгдæр бакъуырдта йæ зæрдæ. Стæй йын зæнæг нæ рацыд æмæ, чызгау, тæмæнтæ калдта. Йæ цард; .æмбалмæ никуы раздæхта йе ’ргом, цард йемæ, æцæгæло- нау, æппынæдзух æм каст сæрбæрзондæй. Зæнæг сын кæй аххосæй нæй, уый дæр æххæст бæрæг нæ уыд, афтæмæй кæрæдзи азымы дардтой. «Æнæхицау сывæллæтты хæдза-% рæй ракæнæм иу саби, дыууæ дæр, нæ бон у се схъомыл кæнын. Акæс ма дæ алыварс адæммæ, кæддæра дзы ахæм хъысмæтимæ йæхи амондджыныл цал нымайы? Уæдæ мах дæр ницы сæр хъæуы.æмæ цæмæн ахицæн уæм, нæ цард цæмæн фехалæм?» — Ахæм фæндыл фидарæй хæцыд лæг æмæ куы лæгъзтæйæ, куы тызмæгæй фæлвæрдта бинонты цард æрфидар кæныныл. Фæлæ нæй æмæ нæй, Мисурæт нæ аивта йæ фæнд: «Уый та куыд æмæ искæйы сывæллоны чъизи хæцъилтæ æхсон, æз мæ сæрмæ ахæмтæ куы хæс- син, уæд мын афонмæ хъомыл сывæллæттæ уаид» — дзырд- та-иу былысчъилтæй. Афтæмæй дыууæ æрыгон цардæмбалæн сæ дзырд кæ- рæдзийыл не ’рбадт æмæ уазал кæнын райдыдтой сæ аха-' стытæ, стæй Мисурæт йæхи райста йæ райгуырæн бæстæм, искуы ма кæрæдзи æрцагурдзысты æви нæ, уыцы хъуыды сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыдис, афтæмæй... — Куыд у, дæ зæрдæмæ нæ цæуынц мæ царды фæзи- лæнтæ? — Къахæджы фарст акодта Мисурæт Зауырбеджы сæ фембæлды бон. — Раст дын сæ цыма хъысмæт мæн тыххæй ранывæста, афтæ амондджын кæсын мæхимæ. — Йæ зæрдæйы цин нæ басусæг кодта Зауырбег дæр. — Дæ кæддæры зондыл уæддæр дæ къух нæ исыс? — Адæймагæн алцы йæхицæй аразгæ куы уаид, уæд та цæрынæн цы хъæуы... Мисурæт Зауырбеджы хъуыдыимæ сразы æви йæм æгæр уæлæнгай фæкаст, уый бæрæг нæ равдыста, фæлæ пæ мид- былты гæзæмæ бахудт æмæ ныккаст, йе ’нгуылдзты ’хсæи кæй разил-базил кодта, уыцы духимæ. — Кæцæй сæ хæссыс, кæ ацы духитæ, къабайæгтæ... ма- > газины дзы уæййаг куы никуы вæййы, уæд? — Æмæ дæумæ куыд кæсы, магазины витринæтæ æмæ тæ^хджытыл йæ хуыз чи сивы, æз уый ардæм дæуæн æрба- хæсдзынæн? — О, фæлæ æгæр зынаргъ лæууынц æмæ... — Æмæ цы? 152
— Нæ зонын, — Мисурæт йæ сæр фæкъул кодта иуæ- рдæм, систа духи æмæ йын лыстæг ныккаст йæ фарсыл фы- стытæм, — паддзахадæн, æвæццæгæн, алы капекк дæр ны- мад у, йæ бынаты лæууы... Зауырбег ахæм ныхас фехъусын æнхъæл,нæ уыд æмæ йæ зæрдæ ауазал, чысыл цыма йæ сæрыстырдзинады мæ- сыг дæр базмæлыд æмæ мæстæй исдуг дзурын нал сфæ- рæзта, фæлæ та йæм Мисурæт йæ артуадзæг цæстытæ куы фæцарæзта, уæд та йæ зæрдæ фæсæлæф, æмæ кæд тызмæ- гæй цыдæр зæгъинæгтæ уыд, уæддæр йæ дзыхыл ныххæ- цыд æмæ йæ къух ауыгъта. — Уый тыххæй мæн фæдзæхсын нæ хъæуы, зноныккон сывæллон нæ дæн мыййаг. — Цал азы дыл цæуы уагæры? Ацы фарст дæр та Зауырбеджы иннæрдыгæй ахызт топпы цæфау: — Цыма мæ абон базыдтай, уый фæрстытæ мæ нæ кæ- ныс? — Азтæн æмбæхсæн нæй, кæс ма мæнæ, — Мисурæт йæ хурсыгъд цонг бадаргъ кодта æмæ йæ амонæн æнгуылдз аныдзæвд лæджы цæсты кæрон æмæ ныхыл, — ауæдзтæ дæ зынын райдыдта, ауæдзтæ... Цымæ нæм цæмæн æрхаудта ацы ныхас? Уый бæсты йæ уадзæм æндæра нырма зæрон- ды койæ йæ зæрдæ никуы никæмæн барухс... Иу ма бана- зис уæд та? — Ды дæр баназ æмæ æз дæр баназдзынæн. — Æнæниз æмæ нæ амондджынæй рацæрын кæн... Загъ- та Мисурæт æмæ ацы хатт йæ нуазæн нæ бакъуырцц код- та Зауырбегимæ, афтæмæй йæ схаста йæ дзыхмæ. — Амонд ды цы хоныс? — Зауырбег дæр схæцыд нуа- зæныл, афтæмæй айста чызджы ныхас. — Амонд цы вæййы, уый. Алчи дæр дзы хайдркьш уæд, — сылгоймаг йæ был атылдта сæны. — Амондджын вæййы, йæ цард зæрдæйы фæндиаг кæ~ мæн фæцæуы, уыцы адæймаг. Æз дæр баназдзынæн ахæм амонды тыххæй. Мисурæт æркаст йæ сахатмæ. — Æнæ сахатмæ кæсгæйæ дæр æз хорз зонын рæстæг. Æххæст хма бæркад баназон æмæ уый фæстæ та къæсæр- гæрон Уастырджи. — Мауал баназ... Зауырбег сыстад, фæлæ йæ йæ къах нæма хаста, фæн- Дыдис æй Мисурæтмæ æввахс балæууын. — Æнафон у, — сылгоймаг та æркаст йæ сахатмæ. Лæг уæддæр йæ фæнд нæма аивта. — Хадизæтæй худинаг у.
Ацы фæстаг ныхас Зауырбеджы зæрдæйы фæныхст хъа. майау. Лæг фæтæргай, йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты æмае æнæдзургæйæ фæцæуæг. Ацы хатт Хадизæт йæ сæрмæ нал бахаста Мисурæтимае фембæлын. Сылгоймаг æртæхатæн фатерæй сæ иумæ æрьщу бырд кодта йæхн æмæ йæ чызджы дзаумæттæ æмæ уым æрвыста йæ бонтæ. Косер кусынмæ бацыд хуыйæн цехмæ æмæ уæд йæ катайаг хъысмæт фæхæцыд цахæмдæр ныф- сытыл... , : * * * Ревизигæнджытæ цы гæххæтт ныффыстой, уымæ гæсгæ Зауырбег хъуамæ йæ куыстæй ист æрцыдаид. Районы хи-' цауад цалынмæ хъуыддаг æвзæрста, уæдмæ лæг бынтон сынæдзæрон, йæхицæн бынат нал ардта, ноджыдæр сусæг-' æргомæй бафтыд нозтыл. Стæм хатты йеттæмæ, фæсæхсæ- вæртæй раздæр, хæдзармæ никуыуал’ бафтыд. Хадизæтимæ’ кæд кæрæдзимæ нæ дзырдтой, уæддæр-иу хæдзармæ ба- цæугæйæ цалынмæ бафынæй, уæдмæ нал æнцад йæ загъ- дæй. Иу цалдæр хатты та, сонтау, йæ хуыссæнгæрзтæ ’ къуымты байтыдта. Хадизæт дзы афтæ сфæлмæцыд æмæ- иу изæрдалынгтæй фæстæмæ йе уæнгтæ райдыдтой фыр- тæсæй ризын. Æгæр куы сфæлмæцыд, уæд иу изæр сых- гæдта йæ хатæны дуар æмæ ацыд йæ чызгмæ. Зауырбеджы систой йæ бынатæй, партийы рæнхъытæй, æрмæст ма рæнхъон уæйгæнæгæй йæ бæрны уыд цардуа- гон мигæнæнты къаннæг секци. Уым дæр ма баззад дзыр- дæй. Мæнæ ма зæгъгæ базарадон фæтк халыны æрмæст- , дæр иунæг цау, кæнæ гуымир ахаст фæлхасгæнджытæм, ’ уæд ын нал уыд уыцы бæстаг дон баназæн... * * * Мисурæт ыл иннæ хæттытау кæй нæ баузæлыд, уый фæ- хатыд Зауырбег, фæлæ уæддæр уыцы хъуыды сырдта йæ- хицæй. Бадынц фынджы фарсмæ ныхæй-ныхмæ, сæ хъуы- дытæй тæрсæгау, сæ ныхасыл гуырысхогæнгæйæ. Зауырбег смæллæг, фырностæй йæ цæсты бынтæ æр- дзæкъултæ сты, гагуытæн ахуыссыд се ’рттывд, сæ цæхæр ^æмæ ма, авджы ’нгæсæй, æппынæдзух зылдысты доньь Цæсгомы цъар гæзæмæ фæтар, къухтæ кæй ризынц, уый тынгдæр зындис гæххæтты сыф кæнæ газетмæ февналгæ-* 154
Чæ- Йæ хæдон рæстмæ итувæрд кæй нæу, уый нырма æрæ- джы фæхатыд, пиджакы æгънæджытæ бауæгъд кæнгæйæ. даугæр йæхимæ куы ’ркаст, уæд сæ фæстæмæ сывæрдта. ^аттæй-хатт галстукыл куы иуæрдæм ахæцы, куы иннæ- рдæм,. куы та йæ, дæлæмæ æривазы хæдоны æнцъылдтæ бамбæхсыны тыххæй. — Æппын дæм аназинаг ницы ис, мæ бон афтæмæй нæ- дæр бадын у, нæдæр дзурын. Мисурæт сыстад æмæ æнæдзургæйæ фынгыл æрæвæрд- та авджыдзаг арахъхъ, уазал хæринæгтæ. Сæнæй æркодта дыууæ агуывзæйы æмæ æрбадт йæ бынаты. Рæмбыны- къæдзтæ стъолыл æрæвæргæйæ, йæ роцъо æрынцад æн- гуылдзты каубыдыл æмæ æнхъæлмæ каст, лæг цы зæгъ- дзæн, уымæ. Зауырбег арæхстгай райста нуазæн. — Æппæт дæр дæхæдæг зоныс, мæнмæ дзуринагæй ни- цы ис, фæлæ царды мидæг, мæлæтæй дарддæр, ахæм уа- вæр нæ разындзæн, адæймаг хос кæмæн не ссара. Цæй дæ цæрæнбонтæ уал бирæ, — анызта нуазæн æмæ ныккæрзыд- та, исдуг джихæй аззад, ныккаст фынгмæ, фæлæ æвналгæ нпцæмæ фæкодта. Æрæджиау, йæхиимæ ныхасгæнæгау, сыргом кодта йæ хъуыды: — Ацæуæм ардыгæй, бæстæ уæлгоммæ у, фæсмон, нæ фæкæндзынæ, — цыдæр зæгъынмæ ма хъавыд, фæлæ йæ бон нал бацис æмæ æлхынцъæрфыгæй йæ бандонимæ, æф- хæрæн дзуапп фехъусынæй тæрсæгау, азылд иннæрдæм. Мисурæт лæмбынæг хъуыста Зауырбеджы ныхасмæ, æдзынæг ын каст йæ алы фезмæлдмæ. Тынг диссаг æм фæ- каст, адæймаг куыд тагъд ивы, уый. Батадысты Зауырбе- джы тыппыр рустæ, сæ царм фæдыдæгътæ, сæрыхъуынтæй ма чи аззад, уыдон дæр фæхалас сты. Пиджакыл ранæй- рæтты зындысты сæны фæдтæ, сойы тæппытæ. Сылгоймаг бамбæрста, ацы адæймагæн йæ зæгъинæгтæ кæй фесты, уый. Райхæлд йе ’нгуылдзты баст, къулбæрзæ- йæ ныккаст фынгмæ, рахиз къухæй æрбайста авджы сæр #мæ йæ фынгыл цадæггай хафгæйæ дзырдта: — Æз иу рæдыд фæкодтон мæ царды æмæ мæ уый тых- хæй тынг бафхæрдта хъысмæт. Афтæ æнхъæлыс мæнæн ^нцон уыд, уал азы кæимæ фæцарддæн, уымæй фæхицæн, фæлæ цы мæ бон у. Æз дзы хъаст дæр ницæмæй кæнын, ахæм адæймæгтæ, æвæццæгæн, арæх дæр не сты, фæлæ Уæддæр мæ бон нæ бацис йемæ фæцæрын. Кæй фæнды 3#рдæ мыл бахудæт æз ахæмтæй нæ тæрсын, фæлæ мæнæн ^ндæр гæнæн нæ уыд. Аххосджын фыццаджыдæр мæхæ- Дæг дæн. Æгæр уæлæнгай цæстæй акастæн мæ бæллицтæ ^мæ уарзты æнкъарæнтæм. Адæймаг царды у бæлццоны 155
хуызæн, æрмæст царды фæндагыл ацæуы пунæг хатт. Хъ^г дæм мацы фæкæсæд, стæй дзы хъыгагæй дæр ницы ис, ф^ лæ ма дыккаг хатт ахæм къахдзæф саразон, уый мын м'^ намыс нæ ныббардзæн, æмæ тæрсгæ ’та уымæй тынгдæр ^ цæмæй кæнын. Чизоны рæдийын, фæлæ, дамТ бас кæй ба- судзы, уый доныл дæр фу кæны, стæй дæ фæндтæ мæ заер. дæйы хъæдгом бадзæбæх кæндзысты, уымæн нæдæр аэз исты зонын, нæдæр ды. Бинонты цардæй цы рацардтæй, уыцы рæстæг мын фæкарз кодта мæ хъуыдытæ æмæ мае нал уадзынц тæлфын дæр, кæд мæ зæрдæ хивæнд мит& фæдомы, уæддæр. ^ Мисурæтæн цыма йæ ныхасы нук донæй фæцух, уыйау фенцад йæ дзурынæй æмæ кæд кæсгæ авджы сæр æхгæ- нæнимæ архайæг æнгуылдзтæм кодта, уæддæр йæ хъуыды- тæ знæтæй зылдысты йæхи æмæ Зауырбеджы царды ныв- тыл æмæ-иу куы- йæ амондмæ рамæсты куы йæ хъысмæт- мæ, афтæмæй нал хæст кодта иунæг дзырдыл дæр. — Истæмæй мыл дæ зæрдæ худы, — гæзæмæ тызмæг- гъуызæй загъта Зауырбег æмæ йын цахæмдæр катай йæ царды фæндтыл бакалдта уазал дон. ": — Æз азымджын никæйы кæнын, стæй мын ахæм бар- тæ дæр нæй. Раст мæ кæй бамбардзынæ, уый мæ уырны, æндæра не ’хсæн ахæм ныхас нæ уаид. Чизоны дæ дзури-' нæгтæ зæрдæйы рагæй æвæрд сты, фæлæ нырма абон ра- цыдысты æргом. Мæхи дæр нæ раст кæнын, æвæццæгæн, азымджын дæн, фæлæ уæддæр стыр аргъ кæнын адæйма- джы ном æмæ намысæн. Уыдон арæх масты хос дæр фæ- вæййынц, фæлæ æз уымæй нæ тæрсын. Кæд дæ фæнды уæд уыдзыстæм хæлæрттæ, хорз зонгæтæ. — Æндæр дæм ницы зæгъинаг ис? — Æндæр ницы. — Уæдæ мæн сылгоймаг хæлар ницæмæн хъæуы. ? — Стырдæр бæрны бацæуыны хъару нæ хатын мæхи-* мæ, ноджы дæр ма йæ зæгъын, чизоны мын зиан у ахæм. зонд, фæлæ æнкъарæнты ныхмæ мæ бон ницы уынаффае рахæссын у. — Уæдæ дæумæ гæсгæ ууыл фæцис нæ ныхас? — Канд мæнмæ гæсгæ нæ, фæлæ дæумæ гæсгæ дæр. Зауырбег ницы сдзырдта афтæмæй авгмæ бавнæлдта,; агуывзæйы уыд сæн æркæнинаг. ^: — Æрмæст нуазгæ мауал бакæнæм, — барджыны ф#-;' дзæхст æй бакодта Мисурæт. — Искуы ма фысым фæдзæхста уазæджы, — загъта За- уырбег æмæ фыдæнæнгæнæгау байдзаг кодта агуывзæ. -~г Ды дæ фæнд куынæ аивай, уæд мæнæн мæ цард схъеллат уаг уыдзæн. 156
— Дæхиуыл тынг кæй тыхсыс, уый æмбарын, алкæмæн яæр йæхи уд зынаргъдæр у, йæхи цардььфæндтæ йæ тынг- ^р æндавынц, фæлæ ахæм ныхæстæ нæлгоймагыл тынг нге фидауынц. — Уый та цы уæлдай у? —- Бæгуыдæр у, алчи дæр йæхи уды тыххæй цæры. Æниу уЫм æвзæрæй цы ис? — Чизоны уым æвзæрæй ницы ис, ныртæккæ æз ацы фарст скъуыддзагкæнинаг нæ дæн, фæлæ дæм цæмæн аф- тæ кæсы æз дæ хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсын? — ? — Æз дæуыл никуы бамæт кодтон, нæ мæ ’ндавы дæ амонд? — Гæнæн ис, фæлæ кæд афтæ у, уæд дæм мæ хъуыды- тæ хъуамæ раст фæкæсиккой. Зауырбег цæуинаг нæма уыд, фæлæ йын Мисурæт æн- дæр хатт аныхас кæнынæй ныфс куы бавæрдта, уæд та, цахæмдæр ныфсæй йæхи рæвдаугæйæ сыстад æмæ, уыцы ныфсы тагæн фескъуыйынæй тæрсæгау, иу сыбыртт дæр нал скодта, афтæмæй араст къæсæры ’рдæм. Лæг ацыд, дуар ахгæдта йæ фæстæ. Мисурæт æрбадт диваныл æмæ, цин дын фенон, — фемæхст цæстыты сыг. Уыцы æхсæв дæр чызджы цæстытыл хуыссæг нал æр- хæцыд, æрхæндæг хъуыдытæ йæ скодтой сæ быны æмæ дыккаг бон дæр нал ацыд куыстмæ. Уыцы æхсæвæй фæстæмæ Мисурæт ныхасмæ никуыуал федта Зауырбеджы. Лæг ма бæргæ афæлвæрдта, фæлæ æфсоны цæстæнгасыл дæр никуыуал фæхæст. рынтон баф- тыд нозтыл. Цалдæр хатты бахауд æрвонггæнæндонмæ. Уайдзæф уайдзæфы фæстæ хæццæ кодта Хадизæт æмæ Ко- сермæ. Ацы хатт сæм бацыд, Зауырбеджы расыгæй хæ- дзармæ чи бахаста, иу ахæм лæг. Дуар бахоста, йæ зæрды уыд карз уайдзæфтæ ракæнын, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Æниу, кæй загъта, уыдон дæр фаг уыдысты зæрдæмæ ба- хæссынæн. Ракаст Косер, йæ фæстæ Хадизæт. «Уыцы лæгыл исты куы ’рцæуа, уæд сымахæн уыдзæн худинаг» — загъта æмæ уайтагъд фæцæуæг, фæаууон, цыма йæ æхсæвы тар ны- хъуыргæ акодта, уыйау. Мад баразæнгард кодта чызджы. Косерæн цыма ахæм хабар уæды уонг йæ хъустыл никуы ’рцыд, уыйау, тарст- гъуызæй, фæраст. Фæндагыл йæ сæры фæзындысты ал- гъуызон хъуыдытæ. Нæ зыдта, ацы фембæлдæй цы рауай- Дзæн æмæ цæуыл фæуыдзæн, уый, фæлæ йæ уæддæр йæ ^ъæхтæ хастой размæ, тындзыдта: «Цы уа уый уæт, ный- 157
йарæджы схуыстæй хъæбулы зæрдæ фæрпссы, фæлæ дзы, хъæдгом нæ кæны». <; Чызг бахæцыд дуарыл, бахызт мидæмæ, къуымты аха- ста йæ цæст. Зауырбег æд дзаумæттæ хуыссы диваныл, хат-; тæй-хатт ссæуы йæ хуыр-хуыр æмæ уæд Косер фыртæсæй февналы йæ рустæм. Бæргæ йын æххуысгæнæг куы уаид;/ фæлæ кæм. Йæхæдæг хъуамæ æрымыса исты. Ацы хъуы- ды йæ уæгъд нал суагъта. Иу рæстæджы базмæлын кодта^ Зауырбеджы, фæлæ уый улæфгæ цы кодта, уый йеттæмæ- мард у æви удæгас, уый бæрæг нæ уыд. Косер ын хуылыдз- хæцъил авæрдта йæ ныхыл аууæрста йын йæ цонджы хъул- тæ: Лæг базмæлыд йæхимидæг. Чызг та хæцъил атылдта, уазал доны æмæ та йын æй æрывæрдта йæ ныхыл. Зауыр- бег архайдта цыдæр сдзурыныл, йæ гуым-гуым ссыд. Ко-/ сер ын ысуæгъд кодта йæ риуы æгънæджытæ, йæ рон, тых- амæлттæй йын раласта йæ пиджак. Зауырбегæн гæзæмæ^ фæзыхъхъыр йæ иу цæст æмæ та фæстæмæ æрыхгæдта. - Уалынмæ фæцис омынмæ, 1^осер æй разылдта йæ иу фар-,< сыл. Зауырбег цыдæр дзурыныл фæлвæрдта, фæлæ та-иу дзых айдзаг омдзæгæй, хæдоныл, диваныл лæсæнтæ кодта, сырх сæн. Хæдзары омдзæджы тæфæй нал уыд сулæфæн., Уæдмæ, æвæццæгæн, ахсæн дæр раафтид æмæ та лæг æр- зылдис уæлгоммæ. Ацы хатт байгом сты йæ дыууæ цæсты ’ дæр, фæлæ сын удæгас схонæн нæ уыд, цахæмдæр фæлмы цъар бадт сæ уæлæ, гомæй баззадысты, стыр катайы æн- дæрг быцæу балæууыд уæлтъыфæлттæм. Уалынмæ ра- хъардта цæссыг, фыццаг æртæхтæ цы фæд акодтой, ууыл- ты фæзынд къадатæ. Косер æфснайгæ зылд къуымты, бай- гом кодта рудзынг, арæх-иу бакаст йæ фыды ’рдæм, хæ- стæг-иу æм бауад æмæ-иу ын ныккаст йæ цæстытæм, ныхъхъуыста-иу ын йæ улæфтмæ. Æрæджиау фæхатыд, йæ цæссыг кæй калы, кæугæ кæй кæны, уый æмæ йын, дзургæ ницы скодта, афтæмæй йæ къухмæрзæнæй асæрфта йæ цæстысыгтæ. Ногæй та азылд хæдзары къуымты. «Мæ х’Ёæбул», — ацы хатт Зауырбег сфæрæзта зæгъын, бирæ кæуыл фæцархайдта, уыцы дыууæ дзырды æмæ ахъаззаг æрлæмæрста йæ цæстыты сыгтæ. Зауырбег æппынæдзух стъæлфыд, хатт-иу тынг рай- хъуыст йæ хъæрзын, æппынæдзух куыдта, йæ цæстыты сыг- тæ цыдысты суадæттау. Косеры зæрдæ дæр суынгæг. Х^Ьæц- цулæй æрымбæрзта йæ фыды æмæ æрбадт йæ фарсмæ. Уы- мæн дæр йæ уадултыл æрфæд кодтой йæ цæссыгтæ. За- уырбег айста Косеры къух, балхъывта йæ йæ риумæ æмæ цахæмдæр æнæкæрон æхцондзинады бæрджытæ фæзынд. йæ цæсгомыл. Æрæджиау афынæй. Косерхан бадгæйæ сбон кодта йæ фыды уæлхъус.
РУХСЫ ТЫН Фахсы тæккæ рæбын дæргъæй-дæргъмæ нарæг алæ- вæрдта, йæ иу кæронæй уасæджы уасын кæмæн нæ хъуы- сы, ахæм хъæу. йæ тæккæ астæуты фæтæнгомау сосæвæн- даджы тæккæ фæрсты цæуы къаннæг цæугæдон. Фæнда- джы цæрджытæ Машинæвæндаг хонынц. Иннæ уынгтæ сты нарæг æмæ цыбырдæр, сыхæй-сыхмæ, хæдзарæй-хæдзар- мæ. Доны сæрты сосæвæндагмæ хизын цы цæрджыты хъæ- уы, уыдонæй алы хæдзарæн дæр ис бетон, кæнæ хъæдæй арæзт йæхи фæтæнгомау хид, машинæтæ дæр ыл куыд хи- зой, ахæм. Сыфтæрафон дыргъбæлæстæ æмæ сæнæфсиры хейвани* тæй зынгæ дæр.нæ кæнынц бæстыхæйттæ. Æгас хъæу дар- дæй бакæсгæйæ у иу дыргъдоны хуызæн. Сæумæрайсом, царды нысанæн, хæдзæрттæй фæздæг кæлын куы райда- йы, уæд адæймаг æнæмæнг зæгъдзæн, æвæццæгæн амыты- уымыты хъæуы арт счындæуыд. Хъæуы тæккæ фæскъæбут хæрдаив алæвæрдтой сæрвæттæ — уæлхох тъæпæнтæ, ад- гуытæ, лæнчытæ. Куыд уæлæмæ сæ фæзынд иугай къутæр- тæ æмæ бæлæстæ. Уыдон хъæдмæ æввахс сты фылдæрæй- фылдæр æмæ баиу сты хъæдимæ. Цæст не ’ххæссы алгъуьь зон мыггаг бæлæстæй æхгæд фæхстыл. Ис дзы тулдз, тæрс, хъæддаг кæрдо, фæткъуы... Халсарæй та дзы цы нæ сса- рай, ахæм, æвæццæгæн, зæххыл дæр нæй, хъæуы цæрджытæ йæ сæ къæбиц хонынц æмæ уымæй нæ рæдийынц. Æрдзы цæттæ хæрзиуджытæ сæхимæ ласынц адæймаджы æмæ йын рæвдауынц йе ’нкъарæнтæ, базыртæ йын садзынц йе ’вæ- джиаг бæллицтæ æмæ хъуыдытыл, зæрдæйы цардбæллон ныфсытыл. Уыцы райсом дæр та царддæттæг хур нæма стылди, хо- хы фæскъæбутæй нæма сдардта йæ цæст, фæлæ йæ тынтæ сныдзæвдысты хуссарварс бæлæстыл æмæ тыбар-тыбур- гæнгæ æрттывтой дардмæ. Мæргътæ, райдзаст боныл цин- гæнгæ, зарыдысты быцæуæй æмæ адæймаджы зæрдæмæ 159
хастой царды уарзондзинад, рогдæр ын кодтой йæ сагъге- сты уаргъ. Косер ма кæд чысыл раздæр, йæ фæндтæ æмæ алыхуьь зон хъуыдытимæ зæрдæдзургæйæ, джихтæ кодта йæ хуыс- сæны, уæд æм ныр боны комулæфтимæ хатæнмæ бакалды- сты царды фæндтæ æмæ йæхи рацæттæ кодта райсомьг зылдтытæм. Иæ мыдгъуыз сæрыхъуынты ставд быд ам- бырд кодта къæбутыл æмæ сыл хъæддых æрбабаста тар цъæх сæрбæттæн, стæй балæууыд къулыл ауыгъд стыр тым- был кæсæны раз. Йæ къæсхуыр даргъæлвæст цæсгом кæд хурмæ фæтардæр, уæддæр ыл нæма зындысты æнцъылды фæдтæ. Уый тыххæй бирæ уарзта кæсæны раз алæууын. Тæнæг хъуымацæй йæхи хуыд цыбырдыс къаба æнгом хæ- цыд æлвæст уæнгтыл æмæ йын лæвæрдта йæ азтæй æры- гондæр хуыз. Ацы къаба бирæ уарзта æмæ йæ зæрды уыд, цалынмæ бынтон базæронд уа, уæдмæ йæ фæдарын, стæй та раст уыцы карстыл æндæр хъуымацæй ахæм ног къаба бахуыйын. Фæлæ йыл æддейæ чырынтæ фланелæй халат куы ’рбакодта, стæй йыл раздарæн куы рбабаста, уæд бам- бæхст йе ’взонгад, æрмæст ма йæ тых, йæ хъару йе уæнгты кæй тæлфыд, уыцы æнкъарæн, быцæуау, лæууыд зæрдæйы ныфсытæн. Сылгоймаг ма цалдæр хатты æрзылд кæсæны раз, стæй йæ къух ауыгъта, ома цы уа уый уыдзæн æмæ ныллæгхъус резинæ цырыхъыты атъыста йæ къæхтæ, йæ цæст ма иу хатт ахаста къуымтыл, дард балцы цæуæгау, æмæ ахызт къæсæрæй. Косер куыддæр кæртмæ æрхызт, афтæ Силæм дæр сы- стад æмæ йæхи ахъаззаг аивæзта, стæй йæ куыстæн бафа- уынæй тæрсæгау, къæмдзæстыгæй скаст сылгоймагмæ, цал- дæр хатты йæ зæрды уыд срæйын, фæлæ йын нæ бантыст æмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ уæззаугай араст кæрты иннæ къуыммæ. «Силæм, Силæм! ардæм ма рацу, ардæм, ам дæуæй бар- джындæр куы ничи ис, ацы хæдзар æхсæвæй-бонæй де ’вджид куы вæййы, уæд ын йæ кæрты дæхи æцæгæлонау цы дарыс. Рацу Силæм рацу ардæм, дæумæ æмбæлы иу- уыл хуыздæр аходæн», — Косер цуаноны къусы æркодта холлаг æмæ цалынмæ «ахæр» загъта, уæдмæ цуанон йæ былтæ стæргæ каст, йæ къуди тымбыл зилагау тылдта, аф- тæмæй. Кæркдонæй уæдмæ дæр хъуыст хъазты хъийау-хъийау, фæлæ куыддæр йæ дуар байгом, афтæ каркæй, хъазæй, ба- бызæй бæстæ сæ сæрыл систой æмæ нал æнцадысты сæ хъæрæй, цалынмæ аходæн сæхи ’рдыгæй фæцис, уæдмæ. Сылгоймаг сын кæрты лæгъз æмæ сыгъдæг ран æркалдта 160
нартхор æмæ фæрачы муртæ. Уæддæр ма йæм дзы иутæ цæмæдæр æнхъæлмæ кастысты, сæ зæрды уыд йæ къухтæм фæлæбурын дæр, цалынмæ сын нæ бауайдзæф кодта æмæ сæ афтæмæй нæ фæсырдта, уæдмæ. «Кæсæт ма сæм исчи, кæсæт кæддæра куыд зыд кæнынц, бахæрут, цы уын дæт- тын, уый, кæд уæ хъæуы уæд, кæннод мæм æндæр мацæмæ æнхъæлмæ кæсут, нырма бæстæ иууылдæр хизæн у æмæ уæхæдæг дæр исты амæлттæ кæнут, мæныл цы ’рцауындзæг стут». Сылгоймаг ма йæ къухтæ асæрфта кæрæдзийыл, æрцагъта йæ раздарæн æмæ араст скъæты ’рдæм. Уайтагъд, хъæбæр ихсыд уисойы хыртт-хыртт ссыд ас? тæрдыл. Косер цыбырхъис щеткæйæ ныссæрфта стурты буар, стæй чысыл раздæр асины къæпхæныл цы ведра æрæ- вæрдта, уыимæ баздæхт скъæтмæ æмæ æрбадт дуцыныл. — «Ды мын бæргæ æхсыры цад дæ, хæдзардарæг, — сылгой- маг йæ армытъæпæнæй сæрфы хъуджы фæздон, — дысон изæр ведра йæ былтæй хорз акалдтай фынккалгæ æхсы- рæй фæлæ йæ абон дæр цыма бирæ нæ фæцух кæндзынæ, афтæ мæм кæсы». — Косер йæ бандон бараст кодта æмæ бæстондæр æрбадт, уайтагъд дымст фæздонæй дыууæ ставд урс æндахы уырдыг ныллæууыдысты æмæ фыццаг ведра- йы зæлланг айхъуыст скъæты къуымты стæй хуыдуггæнæ- гау батад фынчыты бын, æрмæст ма иугъæдон хъуыст æх- сыры сæххæтт-сæххæтт «Æвæццæгæн та знон дзæбæх хи- зæны фæхызтыстут, æндæра атагъатæ æмæ хъæугæрæтты хъуг йæ гуыбын нæ байдзаг кæндзæн æмæ дзы стыр фæз- дон кæцæй хъуамæ æрхæсса», — сылгоймаг дзырдта æмæ дзырдта, цыма кæимæ ныхас кодта, уый йæм хъуыста, уы- йау. — Уас йæ хъæбулты хурæй бафсæдæт Темсыр æмæ йын фосы Фæлвæра, хоры Уацилла йæ хæдзар байдзаг кæ- нæнт фæллойæ. Акæс ма, дæ хорзæхæй, — Косер сыстад æмæ хъуджы бынæй райста ведра, — цыма дысон дыгъд дæр нæ уыд афтæмæй дзы фæстейæ иу хуыпп дæр нал фæ- уагъта. — Алæма ды та, — ведра бавæрдта дыгæрдыджы бын, — кæд дæ мады хуызæн нæ рацæуай, уæд дæ фæндаг уæпмæ фæцæуы, уый зон. Нырма фыццаг зæддаг дæ æмæ йæ нæ баййафдзынæ, кæй зæгъын æй хъæуы... Сабыр лæу, сабыр, мæ ведра мын калыс æмæ мын æй куынæ айдзаг кæндзынæ мыййаг. Нырма æгæр схъæл уæраг дæ æмæ дын æппæлынæн æгæр раджы у. Чысыл дæм банхъæлмæ кæсон æмæ стæй бæрæг уыдзæн. Æртыккаг задмæ, дам, стуры хорз нæ бæрæг кæны æмæ уал дæм банхъæлмæ кæсон. Дæ род дын чизоны колхозæн балæвар кæнон, уыдон æй хуыз- дæр схъомыл кæндзысты, науæд мæнæн фæкæсæджы фы- дæй искæцы хæрæндоны куы бамидæг уа, уæд æй уым нал æрфæрсдзысты, цахæм мыггаг хъуджы рæуæд у, уымæй». — 11. Гугкаты Ш. 161
Сылгоймаг сыстад æмæ ведрайыдзаг æхсыр ахаста хæдзар., мæ. — Косер, уæ Косер, рауадз ма де стуртæ! — Темсыр ныхасгæнгæ банцой кодта кауыл æмæ йæ цæстытæ азыл- дысты кæрты къуымты. Уыцы рæстæджы та сылгоймаг ра- хызт хæдзарæй æд доны ведратæ. — Дæ райсом хорз, Косер! ’ - . — Дзæбæх райсомтæ дыл цæуæд, дзæбæх, Темсыр! — Кæд æгæр нæ ферæджы кодтон? — Нæ, нæ, Темсыр, ды цы сæрвæттæм бахæццæ вæй- йыс, уым стуртæн аходæнафонмæ дæр фаг у афсæдынæн. — Уымæй раст зæгъыс, Косер, фæлæ æгæр дард сты ардæм, мæнæ зæгъгæ дыууæрдæм фæндагыл нæ хардз кæ- нынц сæ рæстæг, уæд сæ бон хъæуид æртæ дыгъд кæнын. Дæхи зæрдæ де ’вдисæн, колхозы стуртæй æмбисбон цы ’рдуцынц, уый изæры дыгъдæй бирæ къаддæр нæ вæййы. , — Раст зæгъыс Темсыр, бæргæ, фæлæ дзы колхозæн хорз фадæттæ ис, завод, цыхтахсæн, фосдарджытæн æх- сæвбынат æмæ фæлладуадзæн, кæд стыр загъд æмæ зама- наимæ арæзт æрцыдысты, уæддæр. Хъуыды ма кæныс, би- рæты уырнгæ дæр нæ кодта, куыд, дам, ис уый гæнæн æмæ хъуджы бон æртæ хатты æрдуцай! — Ныр сæ æгæр дæр бауырныдта, фæлæ ма мæнæ адо- нæн дæр исты куы ’рымысиггам? — Нырма уал фæндаджы кой кæнын хъæуы. Рæхджы арæзт фæуыдзæн æмæ уæд æхсыры иу хай ласдзыстæм комкоммæ æхсыры заводмæ. Хисæрмагонд стуртæн та, æвæццæгæн, уырдæм скъæрæн нæма ис, æндæра уыдонæн дæр сæ пайда фæдывæр уаид. Дуцгæ фос сæрдыгон хизæн- ты дарын бæргæ мæгуырау нæу, фæлæ дзы алчи йæхицæн фермæ кæм сараздзæн," йæ иу, дыууæ стуры номыл арды- гæй уырдæм æрвылбон дыууæрдæм кæм кæндзæн, стæй ам дæр хъæуы, ам, æрвылбон урсаг, æндæра фосæн, уæлдай- дæр та дуцгæ стуртæн скъæт æмæ сæрвæт иу не сты. Чи; зоны уыдонæн дæр исты æрымысæм, фæлæ уал абоны фа- дæттæй пайда кæндзыстæм. Мæ дыууæ стуры искæйы ’вджид бакæнин хъуыдуцджытæй, фæлæ æнæ уыдон дæр мæ бон нæ бауыдзæн. Иунæг сылгоймаг дæн, фæлæ мæм мæ цард цард нæ кæсдзæн, мæ папитæ мæ кæрты куынæ уой уæд, — Косер йæ цæст ахаста кæрты къуымты. — Кæс ма, Темсыр, ныхæстыл дæ куыд ныддардтон. Ед у, зама- найы бæгæны мæм ис æмæ дзы иу къусыдзаг куынæ ана- за’й, фæнды хæдзармæ рацу, фæнды дын дзы ардæм радав-% дзынæн. — Бæгæны зæгъыс, — бадис кодта Темсыр. — О, о, бæгæны, мæхи арæзт бæгæны. 162
— Кæд дзы æндæр гæнæн нал ис, уæд дзы иу аназдзы- нæн ам, фæлæ нырма æгæр раджы у æмæ... — Бæгæныйæ та цæмæй тæрсыс, расыг дæ фæкæн- дзæн, — загъта Косер æмæ атындзыдта хæдзармæ. Темсыр хæрдмæ фæхæцыд йæ нымæтхудыл, йæ кæрон ын гæзæмæ фесхъæл кодта, йæ къæсхуыр цæсгомыл ахъа- зыд худындзаст, йæ хурсыгъд ныхыл фæзындысты лыстæг угæрдтæ, йæ даргъ уисæй февзыста стуртæм æмæ йæ æрæ- вæ!рдта кауы æнцой, йæхæдæг лæмбынæг ныккаст зæронд арæзт кæрты дуармæ. Уæдмæ асинтыл æрхызт Косер дæр æмæ кæхцæн акæлынæй тæрсгæйæ уæззаугай цыди кæрты. — Ацы дуар дын, æвæдза, ивинаг у, Косер. — Ивинæгтæ мын бирæ цыдæртæ ис, Темсыр, фæлæ нæ нырма уыдæттæм кæм æвдæлы, — Косер бæгæны дæтты лæгмæ, — фен ма йæ, фен мæ лæппуйы гуырæнбонмæ йæ ацарæзтон. — Ам и дæ лæппу, æрцыди? — афарста Темсыр æмæ сылгоймаджы къухæй хъавгæ айста кæхц. — Нæ, цæугæ нæма ’ркодта, фæлæ йын зæгъын уæд- дæр йæ номыл ракæнон æртæ кæрдзыны, знон мын йæ гуы- рæнбон уыди, бæгæны бирæ уарзы. Аназ дæ хорзæхæй ны- хасыл дæ фæкодтон, акув ын ды дæр, фæрнджын лæджы куывд, дам, цæуаг у, фæзæгъынц. — Фæрнджын хуыцау куы зæгъит, — Темсыр дыууæ къухæй дзæбæхдæр æрхæцыд кæхцыл, йæ къæхтæ аивты- тæ кодта æмæ бæстон æрлæууыд, йæ сæр азылдта хурскæ- сæны ’рдæм. — Сæумæрайсомы рухс дзуæрттæй фæдзæхст уæд ацы хæдзарæн йæ бынæттон дæр æмæ йæ фæндаггон дæр! — загъта æмæ ныккаст бæгæнымæ, йæ фынчытыл ын бафу кодта æмæ кæхц уæззаугай сдардта йæ дзыхыл. , Косер фездæхт æмæ скъæтæй рауагъта йæ дыууæ сту- ры. Уыдон цалынмæ сосæвæндагмæ хæццæ кодтой, уæдмæ Темсыр дæр ност фæци йæ бæгæны. — Бай, бай, бай, ахæм бæгæны æрæджыты нйкуыуал банызтон, раст æлутонау æндæгъд былтыл. — Мæнæ уый та кæрдзыны къæбæр æмæ йæ демæ айс, — Косер кауы михыл цы хызын ацауыгъта, уый дæтты Тем- сырмæ. — Айс, айс æфсæрмы ма кæн, дысон сымахмæ хæ- бизджынтæ нæ уыдаит, фæнды йæ афтæ ахæсс, фæнды йæ дæхи хызыны нывæр, — сылгоймаг кæрдзын нывæрдта лæ- джы хызыны. — Мæн дæр ничердæм æвдæлы, Темсыр, ныр кæдæй нырмæ нал уыдтæн уыцы хъугдуцджытæм дæр æмæ хæрзаг ма зæгъой йæ хъус, зæгъ, нæм нал дары, ферох нæ кодта. — Дохтыры сæр сæ куы бахъæуа, уæд дæм хабар кæн- дзысты. 163
— Нæ, нæ, Темсыр, æз дæр хъуамæ арæхдæр уаин сæ фарсмæ, фæлæ мын кæсыс мæнæ мæ уавæртæм. — Косер ацамыдта саст дуар, зæронд æмбондмæ, адонмын иууыл- дæр бацалцæгкæнинæгтæ сты. — Уыдонмæ дæм æз дæр фæкæсдзынæн. — Дæу дæр чи хъыгдары алы хатт, фæлæ дын уæддæр æндæр гæнæн нæй, уæдæ ма адæймаг æндæр кæмæй авæра л ныфс. Адоныл ма хъæцдзынæн, фæлæ мын уæд, иу æвдæ- лон рæстæджы, уæртæ ме скъæты сæр бацалцæг кæндзы-, нæ. А-зымæджы дæр мæ тухæнæй амардта, йæ цар тæдзы цалдæр ран æмæ æз та уæлæмæ схизынмæ мæ ныфс нæ хæссын, стæй кæд нæ лæппу дæр искуыцæйзынид. — Ау æмæ кæд афтæ тæдзы, уæд мын нырмæ цæуылнæ нскуы загътай? — Тæдзгæ дæр тæдзыны хуызæн вæййы, митдон цыхцы- рæгау фæкæлы уыцы зыхъыртæй. — Уæдæ мын уый тыххæй тыхсгæ мз. кæн, мæхицæн дæр цыдæр кусинæгтæ ис хæдзары æмæ иу бон лæппуйы арвитдзынæн стуртймæ, — Темсыр систа йæ уис æмæ цал- дæр къахдзæфы алæууыд фæстæдæр, стæй дардæй февзы- ста стуртæм «чердæм, чердæм, ацы фæндагыл фыццаг хатт цæут, æви!» — æмæ атындзыдта сæ фæстæ. Косер лæууыд кауы мйхыл хæцгæ æмæ сосæвæндагыл куы иуæрдæм хаста йæ цæст куы иннæрдæм, стæй йе ’ргом аздæхта хæдзары ’рдæм: «Йæ цæрæнбон бирæ Темсырæн, нырма мын никуы базивæг кодта, цæмæ фæнды йæм бау- лæфон — хионау мын мæ къух ацаразы. Мæнæ ма мын ме скъæты сæр куы бацалцæджытæ кæнид, уæд æй æввахс рæстæджы ницæмæй уал бахъыгдарин. Дыргъдон сывæл- лæттæй исчи ракæрддзæн. Мæхæдæг дæр ын аххуыс кæн- дзынæн. Мæ уд сæ нывонд, мæ лыстæг цуматæм мын æп- пындæр зивæг нæ фæкæнынц». Сылгоймаг зылд сугсæттæн къуыдыры алыварс æмæ æмбырд кодта къæцæлтæ. Йæ галиу цонгыл дзы дзæвгар æрцамадта, фæлæ ма рахиз къухы кæй систа, уый иннæ- тыл нал æрæвæрдта, афтæмæй сраст нæ астæу. Автобус йæ тæккæ кæрты рахизæны фæлæууыд æмæ йæ маторы хъæрæй хъустæ къуырма кодтой. Косер æд сугтæ разылд æмæ акаст бæлццæттæм: «Цымæ кæм уыдысты афтæ ра- джы?» — хъæубæстæй дзы цалдæрæй куы ’рхызтысты, уæд йæхинымæр йæхимæ радта фарст æмæ рахиз къухы армы- тъæпæн æрæвæрдта сугтыл. Автобус анкъуыст, цадæггай батад йæ маторы хъæр. Косер ма æргуыбыр кодта зæххмæ, йæ хъæбысæй чи ’рхауд, уыцы суджы лыггагмæ æмæ цалынмæ йæ астæу сраст код- та, уæдмæ та уыцы бынаты лæууыд рог автомашинæ. Йæ 164
цæст дзы андæгъд æрмæст иунæг адæймагыл, шофырыл. Лæджы цæсгом иууылдæр уыд хъуынæй æхгæд, цалдæр ка- сты фæкодта кæрты ’рдæм, стæй та уый дæр цадæггай араст æмæ фæаууон. Косеры цæстытыл ныхæстæй аззад шофыры фæлгонц, йæ цæстæнгас, æнæнхъæлæджы хъуы- дытæ ферттывтой сæры, каугæронмæ йæ йæ къæхтæ куыд ахастой, уый зонгæ дæр нæ бакодта, аивæй акаст маши- нæйы фæстæ, иннæрдæм, йæ зæрдæ цыма уайдзæф ракæ- нинаг.дæр уыд дзæбæхдæр æм цæуылнæ бакастæн зæгъ- гæ, фæлæ уæдмæ æрсабыр: «Иуæй-иу хатт сын анкъуысын нал фентысы, фæлæ ныр цымæ фыдæнæнгæнæгау цæмæн фæраст» — хъуыды кодта Косер цæуылдæр фæсмонгæнгæ, азылд æрхæндæг, фæлладгъуызæй æмæ, йæ сугтæ дæр йæ хъæбысы, афтæмæй ’рбадт бæласы бын бандоныл. Уыцы адæймаг нæ уыд æцæгæлон, цалдæр хатты ма фæкаст фæ- стæмæ дæр, стæй кæд хион уыд, уæд цæуылнæ фæлæууыд, цæуылнæ йын радта салам? Æниу ын йæ зæрдæ та цæмæн бакъуырдта, цæмæн ын азмæста йæ хъуыдытæ, цæмæн ри- зынц йе уæнгтæ, сылгоймаг катæйттæгæнгæ æдзынæг нык- каст зæхмæ, нæ йæм хъуыст сылгоймæгты хъæлдзæг ны- хас дæр, цалынмæ йæм бахæццæ сты, уæдмæ. — Дæ райсом хорз, Косер, цыма дæ дзул лæвæрд фæ- цис, уый бадт куы кæныс дæ сугтимæ. — Æвæццæгæн та йе ’взонджы бонтæ æрбалæууыдысты йæ зæрдыл æмæ йæ размæ акъахдзæф кæнын нал ауагъ- той. Сылгоймæгтæ кæрæдзи дзыхæй истой ныхас æмæ рæ~ стæгæй-рæстæгмæ худтысты зæрдиагæй. — Цæй ма салам нын уæддæр ратт, æви де ’взаг аны- хъуырдтай? — Уæ хъал мыл куынæ каликкат, — Косер йæхиуыл схæцыд æмæ æд сугтæ сындæг къахдзæфтæй бахæццæ кау- рæбынмæ, йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ æрбатыхта кауы михыл æмæ комкоммæ ныккаст, йæ тæккæ раз кауæн ин- нæрдыгæй чи лæууыд, уыцы сылгоймæгтæм. Иу рæстæджы йæ цæсгом ноджы фæтардæр, — æвæццæгæн уын абон мæ- нæй пайда нæй, мæхи тынг æвзæр хатын æмæ зæгъын абон аулæфон, стæй та райсом кæд фæсæрæн уаин. — Дæ низы хаттæн æппын базонæн нæй? — Сымахæй кæй бамбæхсон, ахæм сусæгдзинадæй мæм ницы ис, стæй йын, раст зæгъгæйæ, мæхæдæг дæр ницы зонын, ме уæнгтæ кæрæдзийыл нæ хæцынц... Райсомæй бæргæ дзæбæх уыдтæн, фæлæ хингондау, мæнæ чысыл раз- дæр æрбасулæ-мулæ дæн, мæ къæхтæ мæ нал урæдтой, æр- 165
хауынмæ мæ бирæ нал хъуыд. Æз дæр ма бандоныл мæхи æруагътон æмæ уæдмæ сымах дæр æрбахæццæ стут. Сылгоймæгтæ истуг фæхъус сты, къахæй-къухмæ цæст- æпгасæй абарстой Косеры. — Цæй цы уæ былтæ æруагътат, æви афтæ æнæмбаргæ стут, кæнæ никуы ницы федтат. Тæрсгæ йын ма кæнут, æз уын дзырд дæттын, тæссагæй дзы кæй ницы ис, махæн нæ 1 зæрдæйы хатт, нæ организм, нæ цард иууылдæр æрдзимæ баст у, æрдзы цагъартæ стæм æмæ æрдзау ивæнтæ кæ- нæм... — Сдзырдта чызджытæй иу. — Цæй, стæй та ды дæр дæ аргъæуттæм бахæццæ у.—’ Сбустæ йыл кодта иннæ. - — Аргъæуттæ нæ, фæлæ æцæг хабæрттæ, кæннод æй уæхæдæг нæ зонут?! Уæдæ кæсдзыстут кæддæра ацы чызг жмбисбонмæ йæ гаччы нæ абада. Адæймаг йæ царды ныв- ’ тæй цынæ æрбаймысдзæн æмæ йыл дзы иутæ узæлгæ ба- кæнынц, иннæтæ та йын йæ зæрдæ бакъуырынц æмæ уæд донзоныг кæны. — Хъазын уадзут, фæлæ-иу фæскуыст уæ фæндаг ауьтл- , ты ракæнут, замманайы бæгæны мæм ис æмæ дзы сымах ’рдыгæй чи нæ баназа... I — Уый цы уыдзæн?.. — Уый смой кæндзæн, стæй мæнæ мæнау иунæгæй баз- зайдзæн, — загъта Косер хъæлдзæгæй æмæ дзурæджы ру < сыл æруагъта йæ къух, ома тæрсгæ ма кæн дæумæ мæ амонды хуызæн æмгæрæтты дæр не ’рцæудзæн. — Куы ницы бæрæгбон у, Косер, уæд бæгæны аразын дæ зæрдыл цы ’рбалæууыд? — Знон мæ лæппуйы гуырæнбон уыд æмæ йæ уый но- \ мыл ацарæзтон, ссадæхсид бирæ уарзы. — Кæм ис дæ лæппу, æрцыди? Сылгоймæгтæ иууылдæр цымыдисæй ныккастысты Ко- сермæ. — Цæугæ нæ... Иууылдæр сæ цæсгæмттыл фæзындис тыхст æмæ ды- зæрдыг. — Фысгæ та цы кæны, æппын ацырдæм нæ фæнд кæны? — Фысгæ дæр... Цы зæгъон, нæ зонын, æрæджы дзы ни- Цы райстон. Сылгоймæгтæн сæ хъæлдзæгдзинад цыма тайгæ акод- та, уыйау цадæггай банымæг сæ ныхас, æмæ сæ хъус адард- той Цæуынмæ. — Уæд та уын дзы ныр дæр авæрин, куыд уæ фæнды. — Изæры, изæры, фæскуыст. — Кæд ма нæ бон минас кæнын уа, уæд дæм фездæх- дзыстæм, кæннод-иу нæм ма ’нхъæлмæ кæс. Мæнæ йæхæ- 166
дæг куы ’рцæуа, уæд ма нæ сурдзынæ, фæлæ нал аком- дзыстæм, цалынмæ сæ куывдæй чындзæхсæвæй иумæ ба- хæрæм уæдмæ. Сылгоймæгтæ, Косермæ сæ чъылдым фездахынæй æф- сæрмы кæнæгау, цыдысты иугай, кæрæдзи фæстæ, фæкæс- фæкæсгæнгæ, чи йæ рувæн йæ уæхскыл баппæрста, чи йæ къахдзæфæй-къахдзæфмæ зæххыл ныхæста, кæмæн та йæ къухыл æрцауындзæг, афтæмæй. ’ Косер каст сылгоймæгты фæстæ æмæ куыд дардæй- дарддæр цыдысты, афтæ та йыл уыцы гуырысхо æртыхст цахæмдæр æрхæндæгимæ: Чи уыдаид уыцы бæлццон? Цæ- мæн ын бацагайдта йæ зæрдæ. Хъæубæстæй ничи уыд. Ал- кæйы дæр сæ зоны, — семæ схъомыл. Уæдæ сыхаг хъæук- каг уа æмæ дзы уыцы кары адæмæй йæ зæрдæ никæмæ ’хсайы, кæд сеппæтимæ зонгæ нæу, уæддæр сæ хъуыды,кæ- иы хуызæй. Косер лæууыд, сылгоймæгтæ йæ кæм ныууагътой, уы- цы бынаты æмæ, цахæмдæр æхцонхæссæг хъуыдыйæн сæ- фынæй тæрсæгау, нал уæндыд йæ бынатæй фезмæлын. Æцæгæлон адæймаг æй уыцы иу фæкастæй йæ цæстæнга- сы уацары бакæна, уыцы кары дæр уæдæ нал ис. Æниу ахæм æнкъарæнтæн азтæ æмæ царды фæлтæрддзинад къуы- лымпыгæнæг никуы уыдысты, фæлæ уæддæр Косеры ив- гъуыд дуджы нывтыл, æвæццæгæн, фæлм авæрын сæ бон нæ бауыдзæн. Ахмæты цæсгомы æвæрд æмæ цæстæнгасмæ ахсайдта йæ зæрдæ. Уыцы хъуыды тæлфыди сæры, лæбурд- та зæрдæмæ, йæхи ныхæста цæстытыл, буарыл. Сылгоймаг сæ фæлмæцгæ нæ кодта, фæлæ сæ архайдта йæхицæй су- рыныл. Уыдон ыл тынгæй-тынгдæр куы тыхстысты, уæд хъавыд лидзынмæ, йе ’нгуылдзтæ райхæлдысты кауы мл- хæй æмæ йæ къæхтæ сæхигъæдæй ацыдысты кæрты ’рдæм. Сылгоймаг лыгъди, фæлæ йæ рæвдыдтой уыцы хъуы- дытæ, рæвдыдтой æмæ йын йæ сæрæй сырдтой гуырысхо, «Уый уыдзæн. Ау æмæ йæ цы хур, цы къæвда æрхаста ар- дæм? Кæцæй? Цæмæн? Ныр фынддæс азы кæмн? Цы у, куыд у, уымæн куы ницы зоны, сæ царды фæндæгтæ ра- а№ы куы фæхицæн сты?.. Нæ, уый гæнæн нæй! Кæд уый у, уæддæр ардæм æз нæ дæн йæ цыды сæр, ис ын зонгæ- тæ, хæлæрттæ, сыхаг хъæуы — дард хæстæджытæ. — Ацы хъуыды нæ фæцыд Косеры зæрдæмæ, цыма дзы тæрсгæ фæкодта, уыйау сугтæ авæрдта бандоныл æмæ æрбадт сæ фарсмæ. — Æниу уыдонмæ дæр цæмæ цæуы? Уæдæ цы ми кæны ам?» Косеры зæрдæ кодта æнкъуысæгау, афтæмæй та сыстад, иу зылд ракодта кæрты къуымты æмæ ахызт дыргъдоны ’рдæм, тезгъогæнæгау. Уым бирæ кусинæгтæ уыд, фæлæ 167
истæмæ февнала, ахæм хъуыды йæм æмгæрæтты дæр не ’рцыд, æрмæст йæ цæст ахаста бæлæстыл, халсæрттыл, аф: тæмæй бахæццæ йæ кæронмæ, стæй цыма уым йæ зæрд^ йе ’муд æрцыд, уыйау раздæхт фæстæмæ æмæ та æрбадт, кæрты астæу бæласы бын бандоныл, йæ сугты фарсмæ. :' Бады Косер. Силæм сылгоймаджы раз цалдæр хатты æрзылд йæ мидбынаты, стæй йæм, бар курæгау, къудц здухгæ, хæрдмæ скаст цалдæр хатты æмæ æрхуыссыд йае разы. Косер, стыр хæзнамæ æвналæгау, расаста бæласы лыстæг къалиу цалдæр сыфтæримæ æмæ йæ аздыхта æн-* гуылдзты ’хсæн. йæ къах æй нал хаста хæдзармæ. Маши- нæйы хъæрмæ-иу йæ цæстытæ сосæвæндаджы ’рдæм куы, азгъордтой, уæд-иу хатгæ дæр нæ фæкодта, афтæмæй’ стыхст йæхимидæг, фæлæ уыцы уавæрæй фервæза, ууыл æм хъуыды кæнын дæр нæ цыд, ныккасти æнгуылдзты ’хсæн бæласы сыфтæртæм æмæ гæзæмæ бахудт йæ мид- былты, æхцондзинады æнкъарæн нал асæрфта йæхи. Мæ- нæ йæ быны кæмæн бады, уыцы бæлас æм ныллæг æр- уагъта йæ къабæзтæ æмæ йыл уыд баузæлинаг, йэ* тæккæ размæ йын æрыппæрста цалдæр сыфтæры, фидиуджытау, • фæлæ сæ сылгоймаг нæ федта, йе ’нгуылдзты ’хсæн лыстæг къалиу здухгæ ныхъхъуыста йæ мид-зæрдæйы мидныхас- мæ. Ацы бæлас Ахмæты сагъд у. Къаннæг уыдис. Уисы лыг- гаджы хуызæн. Уидаг бæрæг дæр ыл нæ зынд. Лæппу куыддæр кæрты астæу уæрм къахт фæцис, афтæ фæдзырд- та Косермæ: — Кæм дæ, кæ, ардæм ма рацу. — Мæнæ дæн, цы ’га мын сцæттæ кодтай? — балкъонæй ракаст Косер. — Уый та цы ’рымысыдтæ? — Цыма дын нырмæ бирæ днссæгтæ сарæзтон, уыйау ма йæм «та» дæр хорз бафтыдтай. — Стыр диссæгтæ аразынæн дæр дын нæ байрæджы, кæд дæ зæрды исты ис, уæд, — Косер бæстон ранцой код- та гæзæнхъæдыл æмæ каст Ахмæты куыстмæ. — Цымæ зæххыл бæласæй рæсугъддæр зайæгой ис. Уый рæзы хæрдмæ, фæйнæрдæм, ногæй-ногмæ ивы йæ хуыз, цæры сæдæгай азтæ, адæймагæн хæссы æнæкæрон æхцон- дзинад, фидар ын кæны йæ царды ныфсытæ. Зондджын адæймаг æнæнхъæлæджы нæ загъта, зæгъгæ, алы адæймаг дæр хъуамæ ныссадза бæлас... , —Бæлас зæгъыс, — зæрдиагæй ныххудт Косер, — æмæ ууыл хъуамæ фæуа йæ хорздзинад? .— Цæмæн ууыл, ардæм рацу æмæ дын æй бамбарын кæнон. Косер æрхызт кæртмæ æмæ æрлæууыд Ахмæты цур. 168
— Мæнæ ацы талайыл раст хæц, æз ын йæ алыварс сы~ джыт æрнæмон. — Ай мæнæ суджы лыггаг куы у, цæй тала дзы ис, амæй хуьтздæр дзы нæ уыдис? — Хæц, хæц, ацы тала куыд тагъд айрæза, афтæ уыцы зондджын адæймаджы иннæ фæдзæхстытæ дæр куы сæх- хæст уаиккой! — Ахмæт белæй сыджыт бассывта дзыхъмæ æмæ йæ æрнадта йæ къахæй. — Йæ иннæ фæдзæхстытæ та цы сты уыцы зондджын лæгæн? — Уыдон дæр куыд æххæст цæуой, афтæ’ дын сæ дзур- дзынæн, науæд мын дзы исты аразын куынæ бантыса, уæд йæ разы, стæй дæ разы дæр, цæмæн хъуамæ уон къæмдзæ- стыг. — Зондджын адæймаджы фæдзæхстытæ æххæст кæнын хъæуы, фæлæ мæ разы куы фæкъæмдзæстыг уай, уымæн дæр пстьт нысаниуæг ис? Тьтнг дзьт тæрсыс, нæ мæ уьтр- ны, — къахæджы ныхас баппæрста Косер, фæлæ йæхæдæг йæхиуыл комдзог рацыд, — æниу ныхас хæйрæджы нæ уырн’ы. — Дæхæдæг æй бамбар. — Мæ бон уæлдай ницы æрымысын у. — Мысьтн дзьт ницы хъæуы, куыддæриддæр у, афтæ йæ зæгъ. — Дæхæдæг дæр æй хорз æмбарыс, фæлæ дын æй уæд- дæр дæ зæрдыл лæууын кæнын. Уыцы зондджын адæй- мæгтæй иу уьтд Белинский æмæ уый та афтæ загъта: «Иу- уыл стырдæр тæрхон у намьтсы тæрхон». — Уæдæ ацьт бæлас та уьтдзæн намьтсьт цардæгас æв- дисæн. Косеры хъустæ асьтгътой ацьт ныхæстæ. Скаст бæласьг пака цæнгтæм. Йæ зæнг—ставд, бæрзонд фæцыд æмæ дардьтл аивæзта йæ къабæзтæ, бацахста æнæхъæн мусьт- йас кæрт. Адæймаг стыр æхцондзинад райсьт йæ бьтньт абадгæйæ, уæлдайдæр та — сæрдыгон æнтæф рæстæджьт. Бадти Косер. Афтæ йæм каст цыма уьтцьт царды фæн- дагьтл рахæцыд кæрдæг, схæмпæл, нал зыньт йæ фæд дæр, бонты аууон фестьт ивгъуыд дуджьт нывтæ æмæ сæ йæхи- цæй асæрфта зæрдæ дæр, æрмæст ма хаттæй-хатт, дьтдзьг рухсау, ферттивынц сæрьт, сæхи асæрфынц æнкъарæнтьтл æмæ та уæд боньт фæндтæ дæр ныссуйтæ вæййынц. Косерæй рох ницьт у, фæлæ йыл ивгъуьтд бонты хъæл- дзæг, рæсугъд нывтæ куыннæуал узæлынц, афтæ йæм ная хъарьт сæ маст æмæ се ’фхæрд дæр. Фæлæ ньтр афтæ нæ- зæгъид. Уьтцы бæлццон ьтн бынтондæр ахаста йе ’нцойад. Сæ 169-
фынæйæ райхъалау базмæлыдысты, рох æнхъæл кæмæн уыд, уыцы сæнттæ æмæ бæллицтæ æмæ сылгоймаджы нып-' пæрстой сагъæсты хуыдымы... Уый уыдзæн, æви нæ? Ацы фарст бæстон æрбадт йæ сæры æмæ нал куымдта сурын, домдта дзуапп æвæстиатæй. Сылгоймаг дæр бæргæ ар- хайдта, фæлæ нæ уыд йæ бон, нæ уыд æххуысгæнæг æмæ адæргæй йæхи радав-бадав кодта. Косер сыстад, иу хатт ма æркаст йæ къухы цы лыстæг къалиу æмæ сыфтæрты згъæлæнтæ уыдис, уыдонмæ, æр- калдта сæ бандоныл, систа йæ сугтæ æмæ, зæрдæсæттæн нывтæй лидзæгау, ацыд хæдзармæ. Ахмæты ацыдæй фæстæмæ Косер хæдзары дзаумæттæй иумæ дæр нæ февнæлдта, иунæджы дæр дзы йæ бынатæй нæ фæзылдта, æрмæст арф нывæрдта, уæлæ йæ мад æмæ йæ фыды хуызисты фарсмæ ауыгъд чи уыд, уыцы къам. Фæстаг курсы ист æрцыд. Уый дæр æнæнхъæлæджы. Ни- куы уарзта йæ ныв исын, фæлæ йæм Ахмæт æгæр куы ’рха- тыд, уæд сразы. Фæсмон ыл нæ кæны, фæлæ къулыл ауыгъ- дæй лæууа, уый-дæр æм аив нæ кæсы, æндæра йæ йæ сæфт амонды тыххæй уæддæр нæ райстаид. Ныртæккæ йæм æнæ- мæнг бакæсит лæмбынæг. Йæ цæстыты раз тыбар-тыбур кæны уыцы хуызист. «Кæд ма исты зонын, уæд æнæмæнг уый уыд, — Косеры цæсгом артау ыссыгъд, йе ’нгуылдзтæ æрхаста уадултыл æмæ уыцы рæстæджы æрбадт къæлæт- джыныл. Исдуг фæкаст тарæрфыгæй, стæй йæ ных æры- вæрдта йæ армытъæпæныл, йæ быны бамбæхстысты са- гъæсгъуыз цæстытæ. — Æниу кæд уый уыд, уæд цæмæн хъуамæ баурæдтаид ам йæ машинæ, цæмæн хъуамæ ра- хызтаид мæ кæрты раз, кæй ныфсæй? Цæй чифæнды фес- дæт, — йæ хъуыдытæ фæсуринаг уыд Косер, фæлæ уыдон фыдæнæнгæнæгау ноджы тынгдæр знæт кодтой сылгойма- джы зæрдæ. Цалдæр хатты аивта йæ бынат, бавнæлдта хæдзары зылдтытæм, фæлæ йын алы къахдзæф алы фез- мæлд, алы дзаума ноджы тынгдæр мысын кодта йæ царды нывтæ. Куы-иу йæхимæ рамæсты, куы та-иу джихæй аз- зад æмæ-иу уæд ныккаст цахæмдæр стъæлфмæ, йæ царды кæцыдæр фæзилæнмæ. «Æниу, цæй тыххæй хъуамæ æр- цæуа? Цы ма йын дзы ферох? Куы нæ йын дзы хæдзар ис, куы нæ æввахс хæстæджытæ? Нæ зонын, фæлæ... Æниу, дам, æнгæсæй-æнгæсмæ лæг амардтой фæзæгъынц, — сыл- гоймаг фыдæнæнгæнæгау азылд хæдзары къуымты, цыма йæ æппындæр уыцы адæймагимæ ницыуал хъуыддаг ис, уыйау, фæлæ ацы хатт йæхимæ фæкаст цахæмдæр дурзæр- дæ æмæ та йæ хъуыдытæ, йæ ныхæстыл хъуыдыгæнæгау, цæуылдæр фæсмонгæнæгау йæхи æруагъта къæлæтджы- ны. — Ам чизоны ахæмæй ницы уыд, фæлæ йын уæдæ йæ 170
зæрдæ цæмæн бакъуырдта? Ау ацы фæндагыл бæлццæттæ цæугæ ныры йедтæмæ никуы федта?» Сылгоймаг тынг сдызæрдыг. Æппындæр нал æууæндыд йæ хъуыдытыл, йæ цæстытыл. Ныр уыцы хуызист сисит азмæ сæ æрымных кæнит, фæлæ тæрсы йæ намысæй. «Кæд мыййаг уый уыд?!» — Ацы дзырдтæ йæ æфтыдтой ката- йыл æмæ сын æнкъардта сæ узæлд дæр. Æмæ уæд та уый нæу, чидæр мæм уый æнгæс фæкаст? Ацы фарстæй сабыр кодта йæхи, фæлæ йæ æргом загътаид, уый хъару йæм нæ разынд, стæй йæ фæндгæ дæр кæй нæ кодта, уый йæхæдæг дæр æмбæрста. Цалдæр хатты сыстад йæ бынатæй, фæлæ та-иу æрбадт куы йæ раздæры бынаты, куы та æндæр ран. Хæдзары дзаумæттæ йæм куы цардæгасау сæ цæстытæ ныццæвынц, куы та вæййынц йемæ зæрдæйы сусæгдзинæд- тыл ныхас кæнинаг æмæ уæд сылгоймаг фестъæлфы, йæ- хицæй фæлмæцæгау. Косеры зæрдыл æнæнхъæлæджы æрбалæууыд Ахмæти- мæ фыццаг куы базонгæ сты, уыцы цау. Цалдæр боны цыдысты ахуырмæ. Кæрæдзи рæстмæ нæ- ма зыдтой. Уыцы бон иу стъолы фарсмæ бадт фесты. Ко- сер тыхст йæхимидæг, фæлæ дзы нæ уыд быхсынæй дард- дæр æндæр гæнæн. Æниу лекцийы рæстæджы æнæзонгæ адæймаджы фарсмæ абадын цас диссаг у, фæлæ уæддæр чызг æнкъардта, йæ зæрдæ кæй тыхсы, уый. Йæ фыссæн- тæ иуварс азылдта. Цавæрдæр чиныг фæцис йæ разы æмæ уый æнæрхъуыдыйæ фæлдæхта сыфгай. Ахуыргæнæджы ныхас не ’мбæлд зæрдæйыл. Йæхиуыл тынг бадис кодта. Лæппуйы фарсмæ та куынникуы бадт скъолайы, кинойы, театры, фæлæ ахæм уавæры никуыма бахауд. Тæккæ знон дæр базонгæ йæ къласы лæппутæи цалдæримæ, цалдæр азы сæ иумæ ахуыр кæнын кæй хъæудзæн, уый зæрдыл- даргæйæ, рагон хæлæрттау, кæрæдзи хынц фарст кодтой, фæлæ нæдæр йæ дзырд фæкъуылымпы, нæдæр йæ уадул- тæ фæсырх сты, кæд сын бирæ нæ хъæуы, уæддæр, зæрдæ йæхицæн куыста æнцад-æнцой. Фæлæ ныр та? Ничи дæр дзырдæппарæн, никæимæ дæр ныхас, афтæмæй йе уæнгтæ сыгъдысты артау. Дзæнгæрæгмæ æнхъæлмæ каст, фæлæ уымæ дæр тынг нæ бæллыд. Хаттæй-хатт йæ цæсты тигъ- тæ аныдзæвынц лæппуйы къухтыл, фыссæнтæ æмæ чингуы- тыл, мыдгъуыз пыхцылгомау* сæрыхъуынтæ æмæ даргъго- мау къæсхуыр цæсгомыл. Иу рæстæджы бахгæдта чнныг æмæ йыл тетрæдтимæ ахæцыд стъолы кæронмæ, фыссæн сис ныппæрста хызыны, цыма .йын æппæт тыхстдзинæдты аххосаг дæр уыдон уыдысты. — Бахатыр кæн, фæлварæнтæ ам лæвæрдтай æви уæхи горæты? — лæппу ацы фарст раттыныл бирæ фæцархайд- 171
та, фæлæ йын дзæнгæрæджы фæстæ фадат кæй нæ уал фæ1' уыдзæн, уый хатгæйæ йæхи фæхъæбæр кодта. •/; Косер исдуг фæтыхст, цыма йæ хъустыл цыдæр ауад/х стæй йæм фарст дæр цыма нæ хаудта, уыйау йæ цæсты* тыл фæлм абадт, уæнгтæ æнæнхъæлæджы андзыг сты, фæ< лæ, фадатæн аирвæзынæй тæрсæгау, уæддæр знæт зæрдæ æмæ змæст хъуыдытæ базмæлын кодтой былтæ: ,:: — Ам, æз дæ чысылтæ хъуыды кæнын, — загъта æмæ^ стыр уаргъ аппарæгау, ныккаст комкоммæ ахуыргæнæгмае. Лæппу ницыуал загъта, цыдæр æхсызгон ын уыд, Ко« сер æй бацæуыны фæлварæнтæй фæстæмæ йæ зæрдыл кæй’ бадардта, уый, фæндыдис ма йæ йæ фарстытæм ноджы дæр бафтауын, фæлæ ницыуал æрымысыд, иунæг дзырд ссарын дæр нал бацис йæ бон, зæрдæ æмæ хъуыды сæхи бæргæ раппар-баппар кодтой, фæлæ былтæ лæууыдысты ныхæстау. Чизоны Ахмæты зæрдæмæ куынæ фæцыдаид ахæм дзу- апп, уæд се ’хсæн ахастытæ уыдаиккой бынтон æндæр хуы- зон. Кæд хицæн факультетты ахуыр кодтой, уæддæр сын иуæй-иу лекцитæ кастысты иумæ æмæ-иу уæд аивæй- кæ- рæдзи æрцагуырдтой цæстæнгасæй. * ♦ # Бонтæ цыдысты. Ацы хатты хуызæн Косерыл никуы ныддаргъи каникулты рæстæг. Хæдзары зылдтытæ-иу ын фесты аходæнафонмæ. Фермæмæ дæр-иу бауад йæ мади- мæ, акуыста-иу уæдæ быдыры дæр. Нырма йæ афæдз хъуыд ахуыр кæнын, фæлæ уæддæр хъусын райдыдта ар- фæтæ, фæндиæгтæ. Зæрдæхæларæй йæ чи рæвдыдта, уы- дон дзы нæ рох кæнынц абон дæр, стæй сын рохгæнæн дæр нæй, сæ ныхас-ну уæнгты ахъардта æхцондзинады уылæ- нау. Ахæм адæймагимæ, æвæццæгæн, царды цыфæнды зын- дзинæдты дæр нæй сфæлмæцæн, бæллыс ын йæ уындмæ, йæ мидбылхудт, æвдадзы хосау, тайы дæ зæрдæйыл, дæ удыл æмæ афтæмæй кæрон нал вæййы хæрзиуджытæ са- разыны бæллицтæн дæр. Фæлæ йæм уыцы арфæтæй иутæ та кастысты уæлæнгай, æвзаджы цъуппыл æнæнхъæлæ- джы чи абады, ахæмтæ æмæ-иу уæд йæхæдæг фæсырх фыр- æфсæрмæй. Куыд фæстагмæ бæстондæр хатын райдыдта сæ ахæм фæндиæгтæ, цъæмæлтау, билцъ рауадзынæн кæй нæ бæззынц, уый, æмæ-иу уæд, йæ сæрыстырдзинады уД бацæуæгау, сомбоны цæстæй акаст цардмæ дæр: «Фæлæу- ут, фæлæуут, нырма мæ фосы дохтыр мæстæймаргæйæ хо- 172
нут, фæлæ уын а-чызг уæ хъазæн ныхæстæ фецæг кæн- дзæн». Ацы фæстаг дзырдтæ Косер арæхдæр фæлхатт кодта дæ мид-зæрдæйы, нæма йæм уыд сæ сæргом кæныны фæнд. дфтæмæй, фылдæрæй-фылдæр кодтой зæрдæйæ æддæмæ чи бырста, фæлæ фæндаг кæмæн нæма уыдис, уыцы бæллиц- таз æмæ сагъæстæ. Уæлдай тынгдæр сæ фæлмæцыд ацы каникулты рæстæджы. Фæлмæцыди сæ, нырма йæхы ’вджид кæй уыдысты, адæмы тæрхоны раз æрлæууыны хъару сæм кæй нæма уыдис, уый тыххæй, кæд сын се стыр нысан æмæ бæрндзинад æнкъардта, уæддæр. Фæстаг курсы хъуамæ скæнæм чындзæхсæв. Ахæм ны- хас рагæй хъуыста, Ахмæтæй, фæлæ искуы уыцы рæстæг æрхæццæ уыдзæн, чысылæй фæстæмæ йæхи кæмæ цæттæ кæны, уыцы царды фæндагыл йæ къах ныфсджынæй авæр- дзæн, аргъæутты хъайтартæ *йын зæххон адæм фестдзысты æмæ сын сæ цæстытæм комкоммæ бакæсдзæн, ууыл хъуы- ды кæнын æй нæма уагътой фыццаг уарзты æнкъарзентæ æмæ базырджын æвзонгад. Фæлæ æнæнхъæлæджы æрхæц- цæ’уыцы рæстæг. Бинонты цард саразыны фæндтæ æмæ хъуыдытæ сæхи ластой Косеры зæрдæмæ, цыдысты хъуы- зæгау, стæй дзы бацардысты фысымау æмæ йын рæвдыд- той йæ сыгъдæг æнкъарæнтæ, куы та-иу ын цахæмдæр тыз- мæг, æгъатыр гуырысхо азмæста йæ хъуыдытæ æмæ-иу, катайы хызы бахаугæйæ, разылд йæ сæр. Ныййарæджы амондæй, дам, хайджын вæййы чызг дæр. Йæ мады хъысмæт нæ уыд тæхудыйаг, æнæцæстуарзон хъысмæт ын хæрз æрыгонæй йе ’вджид ныууагъта хæдзар æмæ æнахъом саби. Бæргæ йын фыды уынаффæ уд бауа- дзид йæ ныфсыты, — хъæубæсты æмудгæнæг уыд, хылгарн- джыты фидауынгæнæг, уый йæ уæндондæрæй ракæсын кæнид царды хъулæттæм, фæлæ кæм, ацы хатт та фыды- бæстæйы бахъуыд йæ цард æмæ йын æй радта. Косер ын йæ сау гæххæтт куы райста, уæддæр ма не ууæндыд сау хабарыл æмæ фыста æфсæддон хаймæ, командакæнынадмæ. Уалынмæ æнæнхъæлæджы фембæлд, йæхи къухæй йыл сыджыт чи бакалдта, уыцы адæймагыл æмæ уæд зæрдæ- йы хъæдгом нал банцад йæ риссынæй. Маст æмæ фыдæ- бон ныууагъта бинонтæн — йæ цардæмбал æмæ йæ чыз- гæн. Уый адыл сылгоймаг дæр ныхгæдта йæ зæрдæйы ду- эерттæ æмæ сæ никæмæн уал байгом кодта адзалы бонмæ. Йе ’ппæт уарзт æмæ рæвдыдæй арæзта хъæбулы амонд. «Æвдæлон адæймаджы бадт ма кæн, фæлæ уæлæмæ сыст æмæ нын исты бантыса, науæд рæстæг махмæ нæ кæ- сы, а-дыууæ боны та дæ цæуын кæй хъæуы, уый дæ, æвæц- Цæгæн, рох у æмæ нæ фæллой та нырма уынджы сты» — 173
дзырдта мад фæдзæхсæгау æмæ куы хæдзары къуымты зылд, куы кæртмæ хызт, куы та-иу цæхæрадонæй рай- хъуыст йæ ныхас. Косер бадт рудзынджы фарсмæ æмæ цыма мады ньь хæстæн æппындæр ницы нысаниуæг ис, уымæ æппындæр нæ хауынц, уыйау йæ роцъо æрывæрдта æддæгуæлæ æвæрд армытъæпæнтыл, афтæмæй каст, фæлæ кæдæм, уымæн йэе-1 хæдæг дæр ницы дзуапп радтид. Институтмæ цæуыны рæстæг кæй ралæууыд, уый дзы бæргæ рох нæ уыд, æгæр дæр ма фæлмæцыд бонтæ нымай- гæйæ, фæлæ йæ æмбæхст хъуыдытимæ цæуын кæй хъæуы, уыцы уавæр ын æхсыдта йæ зæрдæ. Мæнæ йын зæгъгæ сæргом кодта йæ зæрдæйы фæндтæ, уæд чизоны дис нæ бакодтаид, фæлæ æмгъуыд фæстæдæрмæ кæй аргъæвдзæн, уый дызæрдыггаг нæ уыд. Косер йæ ныфс хаста мадæн æппæт дæр лыстæггай радзурынмæ, лæппуимæ цы бон ба- зонгæ, уæдæй абоны онг, уымæн æмæ кæрæдзи фæлвар- гæйæ зæрдæ кæуыл фæгуырысхо уа, кæмæй бакæрза, иу- нæг ахæм дзырд, иунæг ахæм цау дæр нæ хъуыды кæны. Æгæрстæмæй йæ Ахмæт хæдзармæ кæй акодта, йæ мади- мæ йæ кæй базонгæ кодта, уымæй дæр цыма нæ фæрæдыд, кæд æм иуæй-иу хатт рог ми фæкæсы, уæддæр. Арæх ра- хæссы йæ цæст уыцы ныфсджын къахдзæфыл. Ныр дæр та йæ йæ фæстæ асайдта уыцы фæндаг. Бирæ йыл уарзы цæ- уын. Цæуид æмæ йыл цæуид. Ацы хабар йæ мид-зæрдæйы дæр никуы сфæлхатт кодта. Ныр та йæ уыд йæхицæй фæ- суринаг, фæлæ марадз зæгъ, намысы уайдзæф дæр æм фæ- каст рæвдауæгау æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ къуырма код- той хъуыдыйы. * * * Демонстрацийы фæстæ адæм тыннывæндæгау кодтой уынгты, фæзуæтты. Сæ хъæлдзæг ныхас æмæ райдзаст цæстæнгасæй ивылд амонды фурд æмæ йæ уылæнтыл хъа- зыдысты царды ныфсытæ. ’Фæзуаты астæу лæууыдысты Ахмæт æмæ Косер дæр- Чызг-иу хаттæй-хатт, кæйдæр агурæгау, йæ цæст ахаста адæмыл. Арвыроны æнгæс хъуырбæттæныл рæстæгæй-рæ- стæгмæ сæхи асæрфынц хурсыгъд æнгуылдзтæ. Иугæр йæ тымбыл цæстытæ фæуынгæгдæр сты, йæ гæзæмæ ахуырст тæйæг былты ’хсæнæй ферттывта сыгъзæрин дæндаг, йæ уадултæ фæсырх сты, уæд уый зон æмæ йьш чидæр дар- дæй салам радта. — Цом ма уæртæ уыцы бандоныл абадæм, — загъта 174
Крсер æмæ дзуаппмæ дæр нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй фæраст Ахмæты разæй. Бадынц æнæдзургæйæ. Адæм тыннывæндæгау кæнынц фæзуаты. Уыдон фæдыл хаттæй-хатт адзæгъæл вæййынц сæ цæстытæ, фæлæ уæддæр мид-зæрдæйы æнкъарæнтæ æн- хъæлмæ кæсынц цахæмдæр æвæджиаг дзырд, æвæджиаг цæстæнгасмæ. Ахмæт арæхæй-арæхдæр базмæлы йæ мидбынаты, йæ фæндтæ, йæ хъуыдытимæ схъуырдухæн сты: «Ацæудзæн, æви нæ?». Ацы фарст ныффидар йæ сæры, фæлæ дзы цы хуызы фервæза, уымæн ницы амал ардта. Мадæн бæргæ фидар дзырд радта, фæлæ йæ сæххæст кæндзæн, уый ныфс æй нал уыд æмæ рафт-бафт кодта. Иу рæстæджы цыма тынг бафæллад, уыйау йæхи аивæзта, сыстад æмæ та фæ- стæмæ æрбадт. — Цыма цæуылдæр тыхсыс, афтæ мæм кæсы? — Æз?.. Мæнæй зæгъыс? — æнæнхъæлæджы фарстæй фæтыхст Ахмæт. — Дæуæй зæгъын, уæдæ мæ æндæр кæмæ цы хъуыд- дап ис. Ацы фæстаг дзырдтæ, царвау, атадысты Ахмæтыл. — Æз æппындæр ницæуыл тыхсын... Цæмæн дæм афтæ фæкаст? — Бирæ ма баддзыстæм ам? — чызг йæ морæ къаннæг хызынæй систа хъулон къухмæрзæн æмæ йæ куы йæ ар- мыдзыхъхъы амбырд кæны, куы та йæ йе ’нгуылдзтыл æр- тухы. — Искуыдæм тагъд кæныс, мыййаг? — Тагъд никуыдæм кæнын, фæлæ ам бадын дæр аив^ нæу. — Æз иу фæнд æрымысыдтæн, кæд дæ зæрдæмæ фæ- цæуа, уæд. — Цымæ цы фæнд æрымысыдтæ, зæгъ ма йæ. — Абон бæрæгбон у æмæ цом махмæ, — ацы дзырдтæй Ахмæт райдианы фæтарст, фæлæ йæ зæрдæ йе ’муд куы ’рцыд, уæд æхсызгонæй сулæфыд. Косеры цæсгом кæй нæ фæтызмæг, кæй йын не сбустæ кодта, уымæй йæ ныфсытæ фæфылдæр сты æмæ ма ноджыдæр цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ йæ Косеры фарст фæурæдта. — Кæдæм? — чызг цымыдисæй бакаст Ахмæтмæ. — Махмæ, — фæуæндондæр лæппу. Косер хъуамæ зæрдиагæй ныххудтаид, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, рахиз къух æд къухмæрзæн авæрдта йæ былтыл æмæ иннæрдæм акаст. — Адæймаг цынæ фехъусдзæн, — чызг ацы дзырдтæ загъта йæ мид-зæрдæйы дзурæгау, дзуапп радтыны тых- 175
хæй, фæлæ йæ лæппу фехъуыстаид, уый йæ тынг фæндгæ дæр нæ кодта. — Æцæг дын зæгъын, æцæг, цы диссаг дæм фæкаст, — Ахмæт зулмæ бакаст чызгмæ, йæ зæрды уыд цахæмдæр зæ- ронд æгъдæутты кой ракæнын, фæлæ йæ ныфс нæ бахаста, ахæм ныхасмæ цæттæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. — Æз дæр æй диссаг куынæ хонын... — Уæдæ цом, мæ мад нæм æнхъæлмæ кæсы. Ацы хатт Косер дзурын ницыуал сфæрæзта, фæлæ ком- коммæ бакаст Ахмæты цæстытæм, стæй, йæ хъысмæт хуьь цауы бар бакæнæгау, æнхъæлмæ каст, лæппу дарддæр цы дзурдзæн, уымæ. Йæхи хъуыды нал ахста, ахæм фæндо- нæн цы дзуапп æрымыса, уый, æмæ назы цырагъау сыгъ- дис йæ буар. Цалдæр хатты аивæй асгæрста йаь уадултæ, йæ цæстытыл аныхæста къухмæрзæн, стæй къаннæг хызьь нæй систа чысыл кæсæн æмæ йыл, армытъæпæны æмбæх- . сæгау, ныххæцыд цæсгомы комкоммæ. Бадынц æнæдзургæйæ лæппу æмæ чызг. Ахмæт агуры зæрдæйы дæгъæлтæ. Чызг æнхъæлмæ кæсы ног ныхасмæ. Афтæмæй рæстæг цæуы. Косер сыстид, фæлæ йæ нæ фæн- ды ацы ныхас æрдæгыл ныууадзын, кæд цæуыл ахицæн уыдзæн, уый нæма зоньГ, уæддæр. Æнæмæнг дзуапп рат- тит Ахмæтæн. Ацы хатт ссарит уæздандæр дзырдтæ. — Ницы ма æрымысыдтæ? Косер кæд дзуаппмæ цæттæ уыд, уæддæр æй бахъуыд бæстон ахъуыды, кæнын, цæмæй хызт уыдаид фæсмойнаг скъуыдздзагæй. — Æмæ цы хъуамæ æрымысон æз? ■— Мæ фæнд дæ зæрдæмæ цæуы, æви нæ? — Дæ фæнд зæгъыс, — Косерæн зын уыди разыйы дзу- апп радтын, цæхгæр «нæ» зæгъын та йæ фæндгæ нæ кодта æмæ та дзуринæгтæ бакодта лæппуйæн йæхи бар. — Дызæрдыг æппындæр мацæуыл ка$н, абон у бæрæг- бон æмæ дæ хонын нæ хæдзармæ, хоныны бар алкæмæн дæр ис, стæй уазæгуаты цæуыны бар дæр. Хонын дæ куыд ме ^мбал, афтæ, æмæ дæ бон нæ зæгъын нæу. Æппын æм- гары къæсæрæй никуы бакастæ? Ныр дæр афтæ. Ды мæ куы хонис, уæд ма дæ æз бузныг дæр фæуаин, фæлæ уал абон хъуамæ мæ коммæ бакæсай. Ахмæт сындæггай йæхиуыл схæцыд, фæлæ Косер нæ фезмæлыд йæ бынатæй, æдзынæг каст йæ къæхты бынмæ. — Цæй, сыст уæлæмæ, — лæппу, цæуынмæ йæхи рацæт- тæ^æнæгау, "æрраст кодта йæ пиджак, акаст фæйнæрдæм, иуырдæм, стæй иннæрдæм сарæзта цалдæр къахдзæфы æмæ æрлæууыд чызджы раз, — цæй ма сыст, дæумæ æн- хъæлмæ кæсын, нæ фыдæлтæ дæр цыфæнды кадджын уа- 176
Зæгмæ æртæ хатты йеттæмæ не ’рвыстой хонæг, æз та дын кæдæй нырмæ лæгъстæ кæнын, — Ахмæт æргуыбыр кодта æМас йын ныххæцыд йæ галиу цонджы хъулыл. Косер ссæрибар кодта йæ цонг, чысыл ма абадт æмæ сыстад. №е бои æппындæр ницы уыд зæгъын, цахæмдæр æфсарм ыл хæцыд фæстæмæ, фæлæ йыл йæ зæрдæ та раз- мæ хæцыд æмæ йæ уый фæцæйкодта йæ фæстæ, æрмæст кæронмæ нæма аскъуыддзаг кодта, — ацæудзæнис æви нæ. Алгъуызон фарстытæ сæры ивтой кæрæдзи, фæлæ дзы дзу- апп раттын иуæн дæр йæ бон нæ уыд. Афтæмæй цыдис, цыдис Ахмæты фæстæ. Хатт-иу дзы лæппу адард, фæлæ та-иу æм æрлæууыд. Цыдис Косер йæ зæрдæйы тæлфынмæ хъусгæйæ, .цыдис йе ’нкъарæнты уацайрагау, цыдис Ах- мæты ныфсæй, амонд фæлварæгау, хъысмæты ницæмæ дар- гæпæ, цыдис барвæндæй, цыдис æвæндонæй, цыдис ас- фальтыл йæ бæрзонд зæвæтджын тулфиты къупп-къуппæй, адæмы цæстæнгасæй тæрсгæйæ, цыдис, фæстæмæ йыл чи хъуамæ фæхæцыдаид, уыцы хъуыды цыма сæлгæ ныккод- та, цыма æнусон фынæй бацис, уыйау. Фæндыдис æй тагъд- дæр цæуын, фæндыдис æй ацы фæндагыл æппынæдзух цæ- уын. Уæдмæ разынд Ахмæты хæдзар. Дардæй йын æй бирæ хæттыты бацамыдта, фæлæ йæм ныр фæкаст бынтон æн- дæргъуызон, цахæмдæр хион æмæ æцæгæлон, йæ алыфарс хæдзæрттæ.й бирæ цæмæйдæрты чи хицæн кæны, ахæм. Чызджы нал хастой йæ къæхтæ, нал ын æнтыст размæ, зæххæн фæцудынæй тæрсæгау ма змæлыд йæ мидбынаты, цыдæр фесты йæ ныфс, йæ хъару, йæ сæрыстырдзинад. Лæппу бахæццæ кулдуарыонг. Фæстæмæ фæкаст æмæ дисгъуызæй, уайдзæфгæнæгау, къухтæ фæпака кодта: — Цæй ма рацу... Ахмæт ма дарддæр цы загътаид, уый нал базыдта афтæмæй лæууыд, йæ галиу къух чызгмæ амо- нæгау уæлдæфы баззад, рахизæй та дуары æвдузæныл хæ- цыд. — Хæрзаг мачи зæгъа кæйдæр чызджы тыхæй ласæ- гау кæны йæ хæдзармæ. Косерæн цыдæр дзурæгау базмæлыдысты йæ былтæ, афтæмæй бахæццæ уый дæр кулдуары онг. Æгæр хатын æм кæй бахъуыд, уый ацы хатт йæхимæ дæр раст нæ фæ- каст. Æфсæрм æмæ хъыгæмхæццæ мидбылхудт фæзынд йæ фæстæ, афтæмæй схæццæ сты асины сæрмæ. Чызг къæли- доры аззад иунæгæй. Ахмæты мад æм рауад, хыссæкъу- хæй, цингæнгæ: «Мæнæ цыкурайы хуызæн чызг». Иæ ру- сæн ын апъа кодта. «Мæнæ уал ацы хатæнмæ ахиз, — аца- мыдта сылгоймаг, — æз дæр тагъд ацæттæ уыдзынæн». Косер бахызт, сылгоймаг ын кæдæм ацамыдта, уыцы хатæнмæ. Ныр ын бирæ фенцондæр. Цыма уæззау уаргъ аериста, уыйау уæнгтæ фæрог сты. Хатæны къуымты аха- 12. Гугкаты Ш. 177
ста йæ цæст. Дзуарбадæны хуызæн. Къултыл ранæй-рæт!" ты конд цы хуызистытæ уыд, уыдоныл цадæггай хаста йае цæст, фæлæ йæм дзы зонгæ иу дæр нæ фæкаст, æгæрæстае- мæй Ахмæты мады дæр нæ базыдта хуыз æрыгонæй ист кæй уыд, уымæ гæсгæ. Ахмæт бахызт хатæнмæ. — Æнкъард ма кæн. Мæнæ уал дæхи аирхæфс, — загъ- та æмæ йын ацамыдта стъолыл альбоммæ, — йæхæдæг фез- дæхт фæстæмæ. Косер æрбадт къæлæтджыныл æмæ альбом æрæвæрдта, йæ уæрджытыл. Фæлдахы. Цалдæр раны дзы федта Ах-, мæты, йæ мад, йе ’фсымæры. Ам.дæр æндæр зонгæйыл йæ, цæст не схæцыд. Альбом кæронмæ фæлдæхт нæ фæци. Иу ран Ахмæт лæууыд чызджыты астæу. Æвæццæгæн дæ- сæм класы ахуыр кодта. Иу æм дзы лæууыд хæрз æввахс, йæ дæлармы йын бавæрдта йæ къух. Косер уымæй дард- дæр нал æркаст хуызистытæм. Чысыл цыма йæ зæрдæйыл цахæмдæр хъыгдзинад атыхст æмæ йын йæ цæсгомыл дæр аныхæста йæ фæдтæ. Йæ цымыдис фæкъуырма, фæлæ уæд- дæр йæхи дардта хъæлдзæг, цæмæй йын уыцы æнкъарæн баззадаид æмбæхстæй. — Иунæгæй дæ ныууагътон, — Ахмæт бахызт æмæ фынгыл айтыгъта стъолæмбæрзæн. — Адон дæ куыстæгтæ сты бæргæ, — цыма æмбæлгæ дæр афтæ кæны, уыйау ма хъуыддаггъуызæй бафтыдта йæ дзырдтæм æмæ та фездæхт фæстæмæ. Косер дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ мид-зæрдæйы тынг бабуц, нал æм зындысты альбомы нывтæ, ныууагъта фæл- дахын. Алыгъуызон фæрнæйдзаг хъуыдытæ нымбырд сты йæ сæры æмæ йæ цыма ныртæккæ цавæрдæр амонд барæв- даудзæн, уыйау джихæй ныккаст стъолæмбæрзæны нывæф- тыдтытæм. * * * — Дæ хорзæхæй æндзыг бадæ æви, дæ бынатæй ма фег- гуырс, бадынмæ нæ не вдæлы, — мад знлдух кодта хæдза- ры къуымты, афтæмæй йæ дзырд баппæрста чызгмæ. Чызг фестъæлфыд, цыма фынæйæ райхъал, уыйау йæ- хи аивæзта, йæхиуыл схæцыд уæззаугай, арф ныуулæфыд æм’æ хъеллæуттæгæнгæ ахызт кæртмæ, æххуыс кодта йæ мадæн. — Нана, тыхсгæ мын ма кæн, мæнæ ма иу аз у æмæ уæд бæстон æрывналдзыстæм нæ хæдзары хъуыддæгтæм. — Ды кæй хæдзары хъуыддæгтæм æрывналдзынæ, уый 178
нырма зын зæгъæн у, фæлæ дæ кæд дæ хъару хæсса, уæд дын мæнæ хæдзар дæр æмæ фæллой дæр, кæннæуæд дæр дæ бар дæхи, куыд дæ фæнды, афтæ-иу бакæн, æрмæст-иу сомбон мæнæй ма рахъаст кæн, ничи мын ницы бауынаф- фæ кодта, зæгъгæ. Косер цалдæр хатты уыд йæ мид-зæрдæйы сагъæстæ мадæн раргомкæнинаг, фæлæ йæ ныфс никуы бахаста, йæ фæндтæн бакъуылымпыйæ тæрсгæйæ æмæ иннæмæй та Дхмæты ахастытыл хаттæй-хатт кæй фæгуырысхо вæййы, уымæ гæсгæ. Æниу йæ ’зæрдæ дардта, лæппу ахæм цардыл кæй сразы уыдзæн, ууыл, фæлæ уый фæдыл се ’хсæн нæ- ма рауад ныхас æмæ уымæгæсгæ йæ катайаг хъуыдытæ уыдысты дывæр. Рæстæг цыдис, фæлæ Косерæн нæ бан- тыст йæ фæндтæ йæ мадæн сæргом кæнын, цалынмæ Ах- мæты минæвæрттæ къæсæрыл не ’рбалæууыдысты, уæдмæ. # ♦ * Чидæр дуар бахоста, фæлæ Косер нæ фезмæлыд, тарф фынты уацарæй фервæзæгау, йæ рахиз къухы æнгуылдзтæ рауагъта гæзæмæ угæрдтæ ныхыл æмæ ма бæргæ архайд- та уыцы нывтæ æмбырд кæныныл, фæлæ кæм... Уыдон лыгъдысты фæйнæрдæм сæ дидинджытимæ, сæ уæздан рæв- дыд æмæ мидбылхудттимæ, сонты бонты ныфсытимæ. Дыккаг хатт бахостæуыд дуар. Косер фестъæлфыд. Фе- стад. Цыма уыцы дидинджытæ, уæздан ахаст æмæ мид- былхудт, цардбæллон ныфсытæ тымбылæй къæсæрыл æр- балæууыдысты, уыйау тындзыдта дуары ’рдæм, тындзыд- та, фæлæ йын нал æмæ нал æнтыст, тындзыдта, мыййаг ын тæргай куы фæлидзой, уымæй тæрсгæйæ, тындзыдта цахæмдæр амондимæ фембæлыны ныфсæй æмæ стыр хæз- намæ æвналæгау, февнæлдта дуары хæцæнмæ. — О, уый ды куы дæ, Муссæ, мæ удæй мæ мидæг ни- цыуал аззад, зæгъын ма чи у, — сылгоймаг фæтыхст æмæ цы дзуапп радтаид, уымæн дæр ницыуал зыдта. — Дæ бон хорз, — йæ мидбылты бахудт, афтæмæй йын ’раарфæ кодта Муссæ æмæ æнхъæлмæ каст дзуаппмæ. — Æгас цу, Муссæ, мидæмæ нæм рахиз. — Мидæмæ дæр цæуылнæ, фæлæ мæм цыдæр фæллад- гъуыз кæсыс, æвæццæгæн исты куыстай. Ды дæр мæнæй уæлдай дæхиуыл нæ ауæрдыс, дæ уды знаг дæ æмæ аф- тæмæй кæдмæйы фаг стæм нæ зонын, — Муссæ дзуры аф- тæмæй архайы хызынимæ, — цы мын фæцис, цы, чысыл раздæр æй мæнæ ам куы ’ртъыстон. — Цы у, цы Муссæ, цы мын æрбахастай? •179
— Тел у, тел, æвæццæгæн, — дæ лæппуйæ. — Тел зæгъыс?! — О, тел, цы диссаг дæм фæкаст? — Мæ лæппуйæ? — Æвæццæгæн, фæлæ хæрзæггурæггагыл ахъуыды кæн, — иугæр сылгоймаджы цымыдис куы стыхджын, уæд æй Муссæ дæр фæкарздæр кодта. — Хæрзæггурæггагыл мын дæ сæр дæр ма сриссæд, Муссæ, сылгоймаг тарстгъуызæй хæстæгдæр балæууыд лæ- джы хъуырыл ауыгъд хызынмæ æмæ дыууæйæ газеттæ, гæххæттыты ’хсæн агуырдтой тел. — Мæнæ кæм ис, мæнæ, — зæрдиагæй сулæфыд Муссæ æмæ йæ цæсгом фæрухс. Сылгоймаг тагъд-тагъд ракаст телы фыстытæ иу хатт, дыккаг хатт, стæй йæ цæнгтæ æрхаудтой, бæрзæй иуæр- дæм фæкъул, афтæмæй фæрсæджы каст бакодта Муссæмæ. — Муссæ, мидæмæ нæм рахиз, замманайы бæгæны мæм ’ис æмæ дзы иу баназ, — лæг сразы уыдзæн æви нæ, уымæ дæр нæ банхъæлмæ каст, афтæмæй хæдзары ’рдæм фæ- зылд Косер. — Бæгæны зæгъыс? — О, бæгæны, цы диссаг дæм фæкаст. — Диссаг мæм нæ фæкаст, фæлæ æнæнхъæлæджы ха- бар. Æвæццæгæн æй искæмæн алхæдтай? — Æлхæнгæ та цæмæн, Муссæ, мæхи арæзт у. Мæнæ тел кæмæй æрбахастай, уымæн знон йæ гуырæнбон уыд <æмæ йæ уый тыххæй афыхтон, бæгæны бирæ уарзы. Ды та мæм куыд хорз хабар хæссæг, афтæ йын акув æмæ дзы аназ, фæрнджын лæгæн, дам, йæ куывд цæуаг у. — Куыннæ, куыннæ, æмбæлы, æгайтма цины хабæрттæ хæссын, — лæг дзургæ цыд Косеры фæстæ. — Фарн ацы хæдзары, — йæ хызын æрæвæрдта фæсдуар æмæ цыма йæ къухтæ уазал систы, уыйау сæ кæрæдзийыл сæрфгæ, æр- бадт стъолы фарсмæ бандоныл. — Ныртæккæ, Муссæ, бирæ дæ нæ бафæстиат кæндзы- ’ нæн. — Дæуæн дæр зын у, зын, Косер, — лæг йæ цæстытæ ахаста къуымты. — Цæй тыххæй зæгъыс, Муссæ? — Иунæгæй дын зæгъын зын у...Лæппу æппын ардæм æрцæуынæй ницы фыссы? — А-дыууæ боны, дам, мæ уырдæм хъæуы, фæлæ цы цыд уыдзæн, уымæн нырма цы бæрæг ис. Цыфæнды куы феста, уæддæр æй нал ауадздзынæн. — Раст бакæнис бæргæ, Косер, рахау-бахауæй дæр нæй цард аразæн. Нæ фыдæлтæ æдылы нæ уыдысты: тулгæ 180
дурыл, дам, хъуына нæ хæцы. Мæнæ мæнмæ нæ кæсыс. Ме ’взонджы бонтæн фæуынæнхъæл никуы уыдтæн, мæ бынат никуы æрхъарм кодтон, цæугæцардæй æрвыстон мæ рæстæг æмæ мæм кæсыс. — Цæуыл фæсмон кæныс? — Бирæ цæуылдæрты. Мæ цахъхъæнæн хъуамæ ныр кæсдæры кæсдæртæ дæр уаид, мæнæн та мæ кæсдæр йæхи дæр рæстмæ нæма базыдта. — Базондзæн, Муссæ, дæхи загъдау, рæстæг кæуылты атæхдзæн, уый зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. — Уый афтæ у, фæлæ уæддæр кæд цы уыдзæн нæ зо- нын, цалынмæ уый йæ лæджы кармæ хæццæ кæна, зонд бамбара, уæдмæ мæнæн ме стæгдар дæр нал уыдзæн. Ацы- ран ды дæр стыр азымджын дæ, уый зон. — Цæмæй æз та? -— Цæмæй куы зæгъай, уæд мæм де ’ргом нæ раздæх- тай æмæ мæ уæд ускурын дæр ферох. Сæ дыууæ дæр зæрдиагæй ныххудтысты. — Адæймагæн йæ хъуыраны цы фыст æрцæуа, уымæй йын нæй фæиппæрд, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. — Ома лæгæн йæ амонд йемæ райгуыры, афтæ зæгъын- мæ хъавыс? — Æнæмæнг дæр афтæ, ды йæ мæнæй хуыздæр загъ- тай. Иу арахъ уал аназис. — Арахъ дæр гæнæн ис, фæлæ уæд кусынæн нал сбæз- дзынæн. — Иунæг дын ницы кæндзæн. — Цæй уæд та дзы иу баназон, цы уа, уый уæд, мæнæ ма мæ дыууæ хæдзармæ бауайын хъæуы æмæ та сæрибар дæн абоны куыстæй. Косер фынгыл æрæвæрдта хæринæгтæ, арахъ, бæгæньг æмæ æрбадт Муссæйы ныхмæ. Муссæ акуывта, анызта арахъ, бæгæны æмæ йæ ком- дзаг æууилгæ дзырдта: — Уæддæр дзы дæ армæйдзагæн æмбал нæй, нпкæимæ хæццæ кæны, фæлæ иуæй-иутæ цæмæй фæхъуыды кæнынц, уымæн ницы зонын. — Нæ дæ бамбæрстон Муссæ, афтæ цæй тыххæй зæ- гъыс? — Цæй тыххæй куы зæгъай, уæд бирæ хуыцауысконд адæймæгтæн сæ цард фæвæййы амонд агургæйæ, фæлæ йыл уæддæр нæ фæхæст вæййынц, иуæй-иутыл та йæхæдæг ны~ хæсы, фæлæ уæддæр нæ вæййынц лæджы ном хæссыны ак- каг. — Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыди, Мусса, нал æй хъæуы мысын, цы ’рцыд, уый æрцыд, мæ зæрдæ фæцъæх 181
йæ койæ дæр. Дæхи загъдау, алцæмæн дæр амонд хъæуы, уый дæ куынæ хæсса, уæд тыхмийæ ми нæй. — Косеры цæсгом фæтызмæг, йæ цæстæнгас æруагъта фынгмæ, цы кæрдзыны муртæ йыл æрхауд, уыдон кæрæдзийыл ныхас- гæ уыгъта æнгуылдзтæй. — Кæд ма мæ исты амонд уа, уæд мæ кæсдæр фæхæст уыдзæн хуыздæр царды фæнда- гыл, кæннод дæр ын цы кæнон. Мæнæн мæ бон цы уыд, уый сарæзтон, схъомыл æй кодтон, сахуыр... — Косер, хъыг дæм ма фæкæсæд мæ ныхас, æвзæрæн æй нæ зæгъын, фæлæ ныры фæспвæд хпвæнд сты. Уыимæ сæ алцы дæр цæттæйæ хъæуы, нард фыхæн уарзынц. • — Раст зæгъыс, фæлæ махон ахæм нæ уыд, кæд дыу- уæ бонмæ къæссавæлдæхт фæци, уымæн ницы зонын. — Æз ма дын иу фæнд амонын. ? — Кæд гæнæн ис, уæд ын бинонтæ ’ркæн æмæ йæ кæд бинонты бæрн йæ гаччы æрбадын кæнид. — Сывæллон дæр ма сын ис, сывæллон, ды та мын би- нонты кой кæныс, мæнæн æй хъæр дæр не скодта мæнæ хæрз æрæджыйы онг. — Чи у, кæцон у? — Æз дæр æй нæма зонын, фæлæ цыма йемæ ахуыр кодта. Муссæ цæуылдæр ахъуыды кодта мæтгæнæгау, стæй дзырдтæ арæхстгай кæрæдзийыл ныхасгæ, ныккаст бæгæ- ныйæ йедзаг агуывзæмæ: — Ныййарджытæй дард чи лидзы, уыдонæй ма уæд, уый йеттæмæ, — Муссæ ныр та каст сылгоймаджы цæсгом- мæ. — Адæймагæн йæ сæр йе уæхсчытыл куы уа, уæд ын йæ зонд ничи аивдзæн. — Нывæрзæн, дам, здахаг у фæзæгъынц. Мæ ныхас дæм хъыг ма фæкæсæд, мæхи хойы цæстæй дæм кæсын. ^— Цæй уыдон уадзæм, фæлæ ма дæ разы пу бæгæны аназ, кæмæ цы амон^ кæсы, уыимæ цæрдзæн, мах никæ- мæй ницы домæм. — Раст зæгъыс, Косер, уыдон дæр сывæллæттæ нал сты, кæд сæ сæ хъару хæсса, уæд... Æниу ныййарæджы зæрдæ уый нæ зæгъы, зæрондæй дæр йæ хъæбулмæ сы- вæллоны цæстæй кæсы, фæлæ-иу сæ хатт сæхи бар дæр ауадзын хъæуы, цæмæй цадæггай фæлтæрой, науæд сæ цард æнæнхъæлæджы куы ахсойы, уæд æй хъысмæты ’фсон фæкæнынц, цыма иннæ дугты фæлтæртæн хæрзиуджытæ, хорзæхтау, лæвар цыдысты... Ныхасыл дæ æгæр иыддард- тон, стæй мæхи дæр тынг не ’вдæлы... Мæнæ ма ацы нуа- зæн аназон æмæ цæуон, мæ минас мæхи ’рдыгæй фæцис, — Мпнас хуыцау куы зæгъид... Иу ма дзы анызтаис. 182
— Хъæздыг æмæ бæркадджын уæд ацы бынæттæ, сæ бынæттон дæр æмæ сæ фæндаггон дæр фæдзæхст уæд Уа- стырджийæ, — Муссæ сыстад, йæ хызыны бæттæн акодта йæ уæхскыл æмæ фæстæмæ дæр на фæкаст, афтæмæй ахызт къæсæрæй. Косер фынг сæфснайдта æмæ рахызт кæртмæ, йæхи та аирхæфста цæхæрадоны ’рдæм. Уыцы боны хабæрттæ йæм фæкастысты æгæр бирæ, тынг сæ бафæллад, йæ сæр æр- уæззау, йе уæнгтæ нал хæцыдысты кæрæдзийыл. Уæддæр ма йын лæппуйы тел рухс бауагъта йæ зæрдæмæ æмæ аф- тæмæй йæ хъуыдытæ цадæггай здæхтысты хæдзары ми- тæм. Ног ныфсытимæ сæ’нымадта йæ мид-зæрдæйы. Иæ цæстытыл уадысты, куыддæр æрцæуа, афтæ æппæты фыц- цаг цæмæй райдайдзæн, уыдон. Амæй размæ куы ’руад Будзи, уæд бæргæ бирæ бакуы- ста, æнтысгæ дæр ын дзæвгар бакодта, фæдисонау уыд йæ фезмæлд, иунæг бон йæхпцæн улæфт нæ радта. Æмбонды æмбис раивта, зæронд бæлæсты бæсты фæсагъта талатæ, бæстыхай æмæ скъæты сæр ивынæн æрцæттæ .кодта æр- мæг. Кæрт ралæгъз кæныны тыххæй ма уыд иу машинæ- йыдзаг асфальт самал кæнинаг дæр, фæлæ йын нал бан- тыст. Куырыхон лæгау уыдысты йæ фæндтæ æмæ сæм йæ зæрдæ дæр мæлæты хорз ради. Йæ улæфты рæстæгмæ дæр сæм бартхъирæн кодта, фæлæ сын иууыл стырдæр æмгъуыд уыдис æфсады рæнхъытæй æрыздæхынмæ. Сылгоймаджы зæрдæйы та бацыд стыр ныфс æмæ нал тарст, нæлгоймаджы фердæхт æмæ хъару кæм хъæуынц, уыцы куыстытæй. Темсыр дæр æй нæ фæсайдта, æрбауад æм йе скъæты сæр цалцæг кæнын æмæ кæрты дуар ивын- мæ, фæлæ йæ æвналын ницæмæ бауагъта: «Дæ хъару дæхи фæндиаг, дæ тых макуы байсысæт, Темсыр, мæнæ мæ лæп- пуйæ тел райстон, а-дыууæ боны, дам, зындзынæн æмæ сæ уый кæд йæхæдæг бадзæбæхтæ кæнид. Æндæр бон мæ нæ вæййы, æндæра ацафон алчи йæхи къухтæм æмхасæнтæ фæкæны». Косер ма йæхæдæг дæр цæмæдæрты бавналинаг уыд мæнгагъуысты, скъæты, фæлæ уыдон дæр ныууагъта лæп- пуйы æрцыдмæ, афтæмæй æнхъæлмæ каст иу бон, дыууæ, æртæ... Фæстагмæ та йæ мид-зæрдæйы хъуырдухæнтæй райдыдта фæлмæцын. Йæ цæстытыл-иу ауад, уыцы рог ма> шинæйььцы гуырысхойаг бæлццоны федта, уый дæр, фæ- лæ уый цадæггай тади æмæ йæ раздæрау нал тыхсын код- та. 183
* * * Телхъæдтыл ауыгъд электроны лампæтæ мæйрухсы уы- дысты фæлурсдæр æмæ сæм кæд комкоммæ бакæсгæйш цæстытæ нæ лæууыдысты, уæддæр сæ рухс уый бæрц на> ахадыдта. Уынгты ма уыд иугай цæуджытæ. Хæдзæрт- ты раз фæлладуадзæн бандæттæ дæр цадæггай сæрибар кодтой. Хаттæй-хатт радымы рог уддзæф æмæ, сусæг ха^ бархæссæгау, йæ сыбар-сыбур ссæуы цæхæрадæтты, дыргъ* дæтты. Ахмæт йæ цыд фæсабыр кодта, цахæмдæр тых ыл хæ- цыд фæстæмæ, фæлæ йæ нæ урæдта, цыдысты къæхтæ, кæд зæххæн сæ быны лæбырынæй тарстысты, уæддæр. «Цыфæнды куы феста, уæддæр дзы абон афтæмæй здæхæн нал ис!» Цалдæр хатты йæ ныфс кæй нæ бахаста, уый дæр æм ацы фæстаг рæстæджы хардзау æркаст æмæ фыдæнæн- гæнæгау размæ иста йæ къæхтæ, .афтæмæй бахæццæ къан- нæг хиды былмæ. Хъæубæстæй йыл æппындæр ничи ам- бæлд. Æниу ыл куы амбæлдаид, уæддæр ын базонæн нæ уыд. Саудалынг хъуынæй æхгæд уыдис цæсгом иууылдæр. Бæзджын боцъоты кæрæттæ гæзæмæ фесхъæл сты. Лæппу бахызт хидыл. Афтид разындис æмбонд рæбын , бандон дæр æмæ каудуары цур нæ фæлæууыд, фæлæ йæ’ фегом кодта барджынау æмæ бахызт кæртмæ. Цуанон ыл кæй не срæйдта, уый йæм фæкаст стыр диссаг. Цин дæр ыл нæ бакодта, фæлæ йæ размæ рацыд æмæ йæм каст æнæ- ссыбырттæй. Ахмæт исдуг фергъуыйау, стæй йæм сдзырд- та ныллæг хъæлæсæй æмæ уæд цуанон батылдта йæ къуди, фæлæ йæм уæддæр æввахс нæ бацыд. Дзæбæх зын- дысты зонгæ бынæттæ. Бæлас бирæ фæбæрзонддæр, фæ- пæлæхсардæр. Хæстæг æм бацыд. Бавнæлдта йæм. Цингæ- нæгау базмæлыдысты йæ къабæзтæ, раихъуыст йæ сыф- тæрты сыбар-сыбур. Ахмæт ыл баузæлыд, — æруагъта йæ уырзтæ. Бандон дæр бæласæй бирæ кæсдæр нæу, фæлæ уымæн йæ фæйнæг скалццæг, цалдæр раны фæхуынчъытæ. Хæдзар дæр куыд ныууагъта, афтæмæй лæууыд, цыппар рудзынгæй каст кæрты ’рдæм, се ’хсæн дуар, асины тæккæ сæрмæ. Иугæр хæдзарæй рухс куынæ калд, уæд Ахмæт, царды нысæнттæм æнхъæлмæгæсæгау æрбадт бæласы бын бандо- ныл. Нырыонг никуы ахъуыды кодта Косеримæ ныхасыл. Афтæ йæм каст, цыма кæддæры æнкъарæнтæ сæ уацары бак&ндзысты сылгоймаджы æфхæрд зæрдæйы æмæ фыц- цаг фембæлдæй сисдзæн æппæт азым хатыр кургæйæ. Фæ- лæ йæм ацы хатт æгæр стыр фæкаст йæ азым. Уый йыи къуындæг кодта йæ дзуринæгты. Æниу ын дзуринæгтæ та 184
цас хъуамæ уыдаид. «Æнæбайрайгæ фæуæд йæ хæдзарæй,. кæд æй цы фыдбылызтæ æрбахастой ацы хъæуы клубмæ кусынмæ, цыма æндæр кæм æрбынат кодтаид, уый йын нал уыд», — йæ мид-зæрдæйы ахъуыды кодта Ахмæт æмæ та уыд раздæхинаг. Чысылæй фæстæмæ зыдтой кæрæдзи. Скъолайы дæр иу рæстæджы ахуыр кодтой, фæлæ дзы уый цалдæр класы дæлдæр уыд. Лæппу арæх цыд горæтмæ йæ ныййарджыты бæрæггæнæг æмæ-иу уый дæр æнæмæнг йемæ хъуамæ фæ-* растуыдаид. Ахæм æмбæлццон Косеры зæрдæмæ бæргæ нæ цыд, фæлæ уый тыххæй сыбыртт дæр никуы скодта, цалынмæ лæппуйы уагахаст ивын нæ райдыдта, уæдмæ. Уыцы изæр æппæт дæр алыг. Ахмæт æрбацыд æлхынцъ- æрфыгæй. Йæ дзыхæй иунæг сыбырт дæр не схауд. Лæп- пу йæм йæхи бæргæ ласта, хæрдмæ йыл хылди, фæлæ дзы уый дæр фæстагмæ, тæргайау, йæхи дарддæр айста. Ахмæт æрхуыссыд диваныл æмæ сагъæсгъуызæй йæ цæстытæ ныццавта цармæ. — Кæд мыййаг нæ фæзулдзых стут?.. Æз æппæт дæр зо- нын, мæнæй мацы сусæг кæн. Лæг йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, цыма йæм уыцы ныхæстæ æппындæр нæ хауыиц, уыйау, фæлæ уый хыгъд йæ масты дзæкъул дымсти æмæ дымсти, фæндыдис æй тагъддæр куы атонид æмæ йын цалдæр дзырды æргомæй зæгъыны фадат куы фæуаид, кæд сын сæ азарæй йæхæдæг- дæр нæ ирвæзтис, уæддæр. Иугæр Ахмæт куы ницы дзырдта, уæд Косеры маст дæр фыхти æмæ йæ уый бафтыдта загъдкъахæн ныхасыл. Æниу дзы загъдкъахыны мæт уый бæрц нæ уыд, лæджы мид-зæрдæйы æнкъарæнтæ йæ цæй бæрц æндæвтой, фæ- лæ зыдта, ахæм зæрдæмæ бакæсын æнцон кæй нæу, уый æмæ-иу хатт йæхи дзырдтæй дæр фæтарст, æрмæст сыл йæ бон нал уыд фæстæмæ фæхæцын. — Æз цыфæнды дæр фæон, никуы ничи фенамонд мæ- ны йеттæмæ, фæлæ ахæм хъизæмæрттæ чи ’взары, уый уын- гæджыдæр нæу? — Нал мæ ныууадзай, иучысыл ма дæ дзыхыл бахæц! — цæхæрау ракалдысты’ Ахмæты дзырдтæ, стæй сонтау фе- стад æмæ ахызт иннæ хатæнмæ. — Æз дæ цынæ бахъыгдарон, хуыцау дæр дæ æндæр куынæ бахъыгдарид, мæ сæры сæ не ’вæрдтон, уый йеттæ- мæ дын рагæй зонын дæ хъуыддæгтæ, — дзырдта Косер, Ахмæт æй дзæбæх куыд хъуысдаид, афтæ. — Уæдæ кæд æппæтдæр зоныс, уæд ма мæ цы баййард- тай? — Ахмæтæи дæр фæцис дзурыны фадат æмæ нал ауæрста. 185
— Кæд зæгъын, мыййаг, дæ сæр разылд, уæд дын дæ дæстытæ байгом кæнон. — Мæ зæрдæ фæцъæх ацы хæдзары, ацы дуртæ æмае лъæдтæм кæсынæй. — Уæдæ дзы мæ зæрдæ цæуылнæ цъæх кæны? — Ныууадз мæ, дæ хорзæхæй, дзурын мæм нæ цæуы æмæ мæм ма дзур, дæу ницы мæт ис... — Науæд дæу адæмы мæт бадомдта, кæнæ мæнæ дæ цард, дæ бинонты мæт. Тыхсыс нæ æмæ дæ сæрæн цы хуыз- дæр хос ис, уый йын сараз. Мах хъысмæтæй дæр схуыст адæм стæхм æмæ нæ ныууадз нæ мæгуырыл. — Ома дын ам ницы ис æмæ дæхи айс!.. Æмбарын, æм- барын, рагæй дæ æмбарын. Дæ сины сæртыл дæр дæ бар- ты тыххæй хæцыс. Æгайтма мын æппæтдæр æргомæй загъ- тай. Иæхи нæлгоймаг чи хоны, уый<хъуамæ мæ цардæй цæ- ра? Раст æй бахахх кодтай. Мæнæн афонмæ дæр ацæуын æмбæлд. — Æз никуы ахъуыды кодтаин, ды ахæм уагмæ æрхау- дзынæ, мæнæ ныртæккæ дæ дзыхæй чи хауы, уыцы ныхæ- стæ зæгъын дæ сæрмæ бахæсдзынæ, ууыл æмæ кæд афтæ у, кæд дæм æндæр зонд, æндæр лæгдзинад нал ис, уæд дæ бар дæхи, тыххæй дыл ничи хæцы. Æз дæ мæхицæн мур дæр ницы æрдомдзынæн. Мæнмæ æндæр дзуринаг нал ис. — Косер йæхи бæргæ бафæдзæхста, йæ ныхас ныццауазннаг бæргæ уыд, фæлæ дзуринæгтæ куыд фæстагмæ тынгæй- тынгдæр ивылдысты. — Цæйнæфæлтау æз искæмæн ба- лæгъзтæ кæнон, искæйы раз мæхи саслам, кæнон, фæлтау мæ цард дæр нæ хъæуы æмæ бон дæр. Бæстæ — уæлгом- мæ, алчи дæр йæхи дарынхъом у... Уæдæ иу иннæмæй тæрс- гæ дæр нæ кæны. Фæлæ кæд афтæ у, уæд мæм ис иунæг уынаффæ: Уæ дыууæйæн дæр бынат нæй ацы хъæуы, ацы районы. Уый æз мæхи тыххæй нæ зæгъын, мæнæн уæлдай нæу, чи кæм фæнды цæрæд, фæлæ-мæ иунæджы цард æмæ сомбоны тыххæй. Цæмæн хъуамæ уа йе* ’мгæртты ’хсæн къæмдзæстыг, ныхкъуырд ис мад, ис фыдæй, цæмæн хъуа- мæ ныссаджилтæ уа æвæлтæрдæй йæ зæрдæ? Уымæй дард- дæр уæ амонд — уæхи фæндиаг. Æлгъитгæ уæ никуы ра- кæндзынæн. Уый мæм сау лæджы, цъаммар адæймаджы ми кæсы. Ахмæт та ацы ныхæстæм хъусгæйæ хъавыд йæ фæнд аивынмæ. Косермæ бæргæ мисхалы бæрц азым куы ссард- таид, уый йæ тынг фæндыд, æппынæдзух ын æй йæ цæст- мæ Дардтаид, фæлæ ницæуыл хæст кодта æмæ та-иу фæ- дпс йæ зæрдæмæ хъусынтыл. Иузаманы та хæдзæрттæ ауæй кæныныл сбæндæн, æр- мæст Косеры мадæн æргомæй ницы бауæндыд зæгъын, фæ- 186
лæ цадæггай фæндаг агуырдта сæ дыууæйы зæрдæтæм дæр: «Цы ми кæнæм ам, ис нын фадæттæ æмæ сæ рага- цау спайда кæнæм. Хъæу æмæ горæт иу не сты. Ацы бæ- стыхæйтты аргъæй иу къуым кæнæ æлхæнгæ бакæнæм, кæнæ аразгæ. Сымах дæр ирвæзт уыдзыстут æнæхъуаджы фыдæбонæй, кæсдæртæн та — уæрæх фæндаг ахуырм’æ». Ацы дзырдтæ йæ зæрдыл куы ’рбалæууыдысты, уæд йæхимæ фæкаст, нæлгоймагыл чи не ’мбæлы, ахæм рог- зонд, рогзæрдæ адæймаг. Фæлæ уыдон рагон хабæрттæ сты, кæд сæ фæд ныууагътой, уæддæр. Ныр дзы ахæм ны- хæстæ тыххæй ласæгау дæр ипчиуал раласнд бæргæ, ахæм хъуыдытæ йæ фæсонæрхæджы дæр нал фæзындысты. Уы- цы миниуæгæй бæргæ уыди сæрыстыр, фæлæ йæ хъуыд равдисын, хъуамæ дын искæйы зæрдæмæ дæр фæцæуа, фæ- лæ кæй æндæвта йæхи æмæ Косеры йеттæмæ. Нырæй хуыз’- дæр фадатыл нæ дардта йæ зæрдæ æмæ фæныфсджындæр. Кæд ца йæм уæды онг цалдæр хатты фæзынд æрдæг фæн- дагæй аздæхыиы зонд, уæд ныр бынтондæр фервæзт уыцы хъуыдыйæ. Бады Ахмæт, æнхъæлмæ кæсы, хæдзарæй рухс кæд ра- кæлдзæн, царды нысæнттæ дзы кæд фæзындзысты, уымæ. «Чизоны сыхæгтæм ауад. Уæддæр ын ныр фæстæмæ æр- баздæхын афон у. Афтæ цæуаг никуы уыд. Цæй, кæм фæн- ды уæд, уæддæр æй ардæм хъæуы. Ацы фембæлдæн фæ- стæдæрмæ аргъæвæн нал ис. Æппын дзы куы ницы рацæ- уа, уæддæр бон базонын хорз у. Нæ, нæ! — Ахмæт фæтарст ацы фæстаг дзырдтæй æмæ фестад, йе ’ргом фездæхта хæ- дзары рудзгуыты ’рдæм æмæ сæ йæ цæстытæ нал хнцæн кодт&й, афтæмæй та - йæхи æруагъта фæстæмæ. — Уымæн уæвæн нæй. — Ацы дзырдтæ дзы сирвæзтысты бынтон æнæ- нхъæлæджы. Ацы ран дыккаг уынаффæйæн бынат дæр нæ разындзæн. Афтæмæй йын дарддæр цæрæн нæй æмæ цы ми кæндзæн». Лæг сыстад, йæ пиджакы æгънæджытæ асгæрста рахиз къухы уырзтæй, асины ’рдæм сарæзта цал- дæр къахдзæфы. Бахæццæ. Æрлæууыд. Цæстытæ нал куымдтой ратонын саудалынг рудзгуытæй. Хъустæ ахстой æрмæстдæр бæласы сыфтæрты сыбар-сыбур. Асины тæккæ рæбынæй раздæхт фæстæмæ. Бандоныл та æрбадт. Сыгъдæг арвыл стъалытæ бабирæ сты, тыбар-тыбур кодтой æнæнцой зæрдæйы ирхæфсæгау. Бæстæ иннæрдæм куы фæзила, уæддæр нæ фесæфдзысты Ахмæты хъуыдытæ, æгæр æй систой сæ уæлныхты, бахауд сæ уацары. Фынд- дæс азы цардæй иунæг бон дæр нæ бахæцыд йæ фарсыл, иунæг уысм дæр дзы нæ узæлы йæ зæрдæйыл. Иннæахæм, сфæлмæцыд æмдзæрæндæтты рахау-бахауæй, кæйдæр дæл- базырты æмбæхсгæ цардæй. Фыццаг аз Сыбыры батæлфы- 187
дысты, фæлæ сылгоймагæн нæ фæхорз уазал цæгаты клиг\ мæт æмæ аивтой Астæуккаг Азимæ. Уым Ахмæт куыста’ агрономæй, сылгоймаг — клубы. Цардысты уал æххуырст* хæдзары. Фатерæй дæр сын ныфс бавæрдтой, фæлæ йæм^ хъуыд банхъæлмæ кæсын. I Афтæмæй цыдысты бонтæ. Улæфты рæстæджы дæр сын^ никуыуал бантыст райгуырæн къуым.абæрæг кæнын. Ах- мæт-иу бæргæ рахъавыд, фæлæ йæ сылгоймаг кой дæр ни- куы суагъта: «Цæмæ дзы хауыс, цы дын дзы баззад. Мад, æмæ фыдæн ис хицæуттæ, дæумæ не ’нхъæлмæ кæсынц. ’ Цард алыран дæр æмхуызон у». «Цард алыран дæр æмхуызон кæй у, хъуыддаг дæр уый мидæг ис», — Ахмæт арæх фæзæгъы ацы дзырдтæ æры’- ’ мысгæйæ æмæ уæд мæтгæнгæ нынкъусы йæ сæр, — æмæ ма дзы уæд рахау-бахау та цæмæн хъуыдис». Косеры мады тыххæй, æгæрстæмæй, тæфæрфæсы тел дæр не ’рырвыста, афтæмæй дзы цас рæвдыд, цас лæггад зоны, се ’рымыс? гæйæ æфсæрмæй фæцæйсудзы. Цард цыфæнды ныссуйтæ уа, уæддæр уыдон зæрдæйы сæхицæн скæнынц арф бынат æмæ сын нал вæййы уырдыгæй сисæн. Цадæггай тæфсынц Ахмæтыл дæр. «Мæ хъæбултæ, уæ сæрыл хаст фæуон, ма- цæмæй мын фæтыхсут, ницы сæр уæ хъæуы, алцы дæр уын уыдзæн, кæрæдзи зæрдæхудты ма бацæут, уый йеттæмæ. Æз дæр уæ ницы бахъыгдардзынæн. Цалынмæ змæлын- хъом он, уæдмæ мæ уадзут мæхи бар». Ацы ныхæстæ Ах- мæт арæхæй-арæхдæр æрымысы фæстаг рæстæджы, цахæм- дæр ныфс ын бауадзынц йе уæнгты, цыма йын йæ цард но- гæй йæ къахыл уыдон сывæрдзысты. Æгæрæстæмæй йæ сугсæттынмæ дæр никуы ауагъта. Уæдæ Ахмæтæн — хъу- лон хæринаг, дарæсы хуыздæр... Цæмæн хъуамæ уа йе ’мгæрттæй дæлдæр? Уадз æмæ се ’хсæн цæуа кад æмæ ра- дæй. Ахмæты номæй йæ хæдзары дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом. Фæлæ йын Ахмæт йæ ингæн чердыгæй ис,1 уый зонгæ дæр нæ кæны. Ныры хуызæн æй никуы бамæст- джын кодта ацы хъуыды. Иæхицæн æй ныббаринагыл дæр нæ нымайы. «Æз та кæмæйдæр цыдæртæ домын». Йæхи ныхмæ æгæр карзæй кæй сдзырдта, уымæй фæтарст æмæ ма уый цыфæнды фод, фæлæ та мыййаг йæ фæндтæ, йæ хъуыдытæ куы ныддæлæ-уæлæ уой æмæ уайтагъд йæ ныф- сытæ фæфылдæр сты. Ацы хæс цытимæ кæй сæххæст кæн- дзæн, уый тыххæй уал йæхи нымæры ард бахордта йæ на- мысы раз. Косер дурзæрдæ, æгъатыр адæймаг куы уаид, уæд ыл балæвæрдтаид тæрхондонмæ алименттæ фидыны тыххæйу фæлæ йæ иуæй йæ сæрмæ нæ бахаста, иннæмæй та йын йæ зæрдæ бар нæ радта. Никуы дзы ничи фехъуыста. Ахмæ- 188
ты бафауын, азымы йæ бадарыны дзырд. Æрмæст-иу, хат- тæй-хатт, æвдæлон рæстæджы абадт æнцад, иунæгæй, фыц- цаг бонты, ныхъуыста-иу йæ зæрдæмæ, адзæгъæл-иу йæ сагъæстæ, йæ фæндтимæ, фæлæ та-иу алыхатт дæр баззад иу хъуыдыимæ: «Алкæмæн дæр йæ амонд хорз. Алкæмæн дæр цард фенын кæны йæ рæдыд æмæ уый дæр фаг у, кæд ын рарастгæпæн нал вæййы, уæддæр. Кæмæн йæ зæр- дæ барухс вæййы, чи та фæсмойнаг фæвæййы». Фынддæс азы чысыл не сты адæймаджы царды, бирæ ивындзинæдтæ дзы æрцæуы. Ахмæты царды дæр, æддейæ бакæсгæйæ æрцыд ивындзинæдтæ, фæлæ уый хыгъд хъуы- дыйы коммæ нæ кастысты зæрдæйы æнкъарæнтæ ,æмæ ни- куы банымæг се ’хсæн быцæу, уый нæ, фæлæ карздæр код- та бонæй-бонмæ. Афтæмæй йæ уды æнцойдзинад æппын- æдзух лæууыд тæрæзтыл. Аварпйы бахауыны фæстæ æнæхъæн афæдз нал рахызт хуыссæнæй. Косеры лæггадыл адæм сæ цæст æрывæрдтой. Уый дæр цыма æндæр ницы тыхсинаг уыд, уыйау, кæнæ зивæг бакæн, кæнæ искуы æлхынцъæрфыгæй ракæс, афтæ- мæй та йæ уд, æрдуйау, снарæг хæдзары змæлд, сывæлло- нимæ архайын, клубы куыстæй. Уæддæр ма хуыцау хорз æмæ Ахмæты уайтагъд рафыстой горæты рынчындонæй хъæуы рынчындонмæ, сæхимæ, æмæ йын уæд фенцондæр, æндæра фæндагыл дыууæрдæм рацу-бацуйæ бынтон сфæл- мæцыд. Уæдмæ йæ æрбакодта хæдзармæ дæр æмæ уæд бынтон æрæнцад. Ахмæт базмæлыд йæхимидæг, йæхицæй та фефсæрмы. Ацы хатт ын Заремæйы зарæджы мыртæ аивæзтой йæ зæр- дæйы хъустæ. Мæлæты хорз ыл фидыдта зарын. Æнæуый дæр тынг бакастджын сылгоймаг, хæрзкопд, фæлæ ма уый æддейæ заргæ-зарын кæй фæнды дæр бакодтаид йæ уаца- ры. Разылд Ахмæты сæр дæр. Чызджы сыгъзæрин дæн- даг-иу ферттывта электроны рухсмæ... Адæмы æмдзæгъдæн- иу нал уыд уромæн. Тынг фидыдта сценæйыл. Хæдархайгæ къордимæ фыццаг куы азарыд, уæдæй фæстæмæ ныхæстæй аззад Ахмæты цæстытыл, цыма йæ уæды онг никуы федта, уыйау. Уыцы изæр дзы æппæлыд Косерæн. Дыккаг хатт дæр ма скодта йæ кой, стæй йын æргомæй никуыуал загъ- та йæ ном. Лæппу арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдта клубмæ. Рай- дианы ныфсджынæй, уæндон æмæ æргомæй, фæстагмæ аи- вæй,/ хъуызæгау, адæмы цæстæй тæрсгæйæ. Æппæт дæр 189
сонты бонты аххос фæкæна æмæ бинонты бæрны чи ба* цæуы, уымæн ма ахæм* сонт схонæн дæр ис? Уæдæ алц^: мæн ферохгæнæн дæр нæй. Уæд хъуамæ æндæр Ахмæт уц„ даид. Уæддæр ма йæ зæрдæ дардта цæуылдæрты æмæ са* арæх дзырдта йæхицæн ныфсытæ æвæргæйæ: «Сонт рæдьь дæн барст вæййы’», «Рæдыд адæймагæн зонд-зонæн вæй: йы», «Чи ницы аразы, уый нæ рæдийы», «Рæдигæ алчи дæ^ кæны»... .; ...Хæдзары рудзгуытæй ферттывта рухс. Иæ тынтæ аца-; уындзæгсты, Ахмæт цы бæласы бын бадт, ууыл. Йæ сыф/ тæртæ ферттывтой æвзистау. Нырмæ сын Ахмæт нæ хъуы-' ста сæ сыбар-сыбур, сæ сусæг ныхас æмæ иууылдæр уыт дис йæхи зæрдæимæ хъуырдухæныл. Рухсы тынтæ йын фаз- лæбурдтой йæ цæстытæм, йæ хъуыдытæм, йе ’нкъарæнтæм.; Цыма йæ сусæг фæндтæн фергомæй тарст, уыйау фестад æмæ йæхи баласта аууоны ’рдæм, афтæмæй та рухсы ферттывдмæ бæллыд. йæхи сагъд бæласыл банцой кодта, æмæ аивæй каст хæдзары рудзгуытæм. Æрдз дæр нырма æххæстæй не рфынæй, куы иуырды- гæй райхъуысы сыбар-сыбур, куы иниæрдыгæй. Цуанон цалдæр хатты фесты æмæ куы дыргъдоны ’рдæм атындзы, куы та сосæвæндаджы ’рдæм, фæлæ рæйгæ иу хатт дæр нæма скодта. Ацы хатт дæр та йæ цæст змæлæгыл не схæ- цыд æмæ фæстæмæ баздæхт Ахмæты фарсмæ. Иу цалдæр зылды æркодта йæ мидбынаты æмæ та æрхуыссыд æнæ- мæтæй. Ахмæт иууыл тынгдæр æнкъардта йæ зæрдæйы тæлфын, йæ хъустæ фæцайдагъ сты бæласы сыфтæрты иу- гъæдон сыбар-сыбурыл. Йæ цæстытæ андæгъдысты кæй- дæр æндæргыл. Сылгоимаг кæй уыд, уый базыдта, фæлæ Косеры йеттæмæ чи хъуамæ уыдаид? Бæргæ ма йæм лæм- бынæгдæр куы бакастаид, фæлæ йын нал фæцис фадат, рудзынгæмбæрзæнтæ кæрæдзимæ куы æрбангом сты, уæд* Ардыгæй дарддæр æй нал хæссы йæ хъару. Иæ тых цыдæр фæцис. Иæ ныфсытæ йæ æрбахæццæ кодтой кæрты онг, фæлæ уыдон дæр бафæлладысты æмæ сæхи ауагътой. Лæг- мæ та фæзынд ардыгæй аздæхыны зонд, фæлæ йæ мид- бынаты фезмæлын дæр нал уæндыд, бирæ фæлæууыд бæ- ласы аууон, стæй та йæхи æруагъта бандоныл. Хатт æм йæхи æруадзы бæласы къалиу, Ахмæт йæ хъус бадары сыфтæрты ныхасмæ, фæлæ йæ мид-зæрдæйы хъуырдухæв æмæ знæт сагъæсты уацарæй йæ бон нæу фервæзын. Уæд та йæ йæхæдæг куы фенид, куы йæм фæдзурид, —* уым цæмæ бадыс иунæгæй, мидæмæ рацу, — зæгъгæ. Фæ- лæ кæм, Ахмæт йæхи ирхæфста, æрцæуæн кæмæн нæ уы- дис, ахæм хъуыдытæй. Иу рæстæджы сыстад æмæ, æрдзы сабырдзинад фехалынæй тæрсæгау, къахфындзтыд ахæц- 190
цæ кæрты талыигдæр къуыммæ, уырдыгæй дæр та дзæв- гар фæкаст рудзгуытæм, фæлæ дзы змæлæгыл йæ цæст не схæцыд. «Цыдæриддæр уа, цалынмæ рухс нæ ахуыссыд, уæдмæ æнæцæугæ нæй». Ацы хъуыды фæмидæг йæ сæры, фæлæ- бурдта зæрдæмæ, уæнгтæм, фæлыгъдысты æппæт къуы- лымпытæ æмæ та афтæмæй бахæццæ асины уонг. — Иугæр ма ардыгæй куы аздæхон, уæд мын, фыстæг фыссынæй дарддæр, ардæм цæугæйæ нал у. «Фыстæг»... Цалдæр хат- ты сфæлхатт кодта ацы дзырд æмæ æрæджиау дисы ба- хауд, цы ныфсæй йæ загъта, ууыл гуырысхогæнгæ. Цал- фæнды фыстæджы ныффысса, уæддæр сын дзуапп кæй нæ райсдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кодта. Минæвар барвитыны хъуыды дæр æй иу заманы йæ уæлныхты систа, фæлæ уæд бынтон рамæсты йæхимæ. «Гæнæн ис æмæ афтæмæй бын- тон фехæлой мæ фæндтæ æмæ ма кæд иыртæккæ цæуыл- дæр уыд зæрдæдарæн, уæд, ахæм æнæрхъуыды къахдзæфы фæстæ, æвæццæгæн, уыдон дæр атайдзысты. Иудзырдæй æнæцæугæ дзы нæй». Ахмæт рахиз къухæй бавнæлдта цæджындзмæ æмæ слæууыд асины фыццаг къæпхæныл. Акаст фæйнæрдæм, айхъуыста æмæ та фæуæлдæр иу къæпхæн. Ацы асинтыл кæддæр, фысымау, бæргæ цыди. Ацы хъуыды йын фæрæ- хуыста йæ зæрдæ, фæлæ йын нæ фæрыст, ахæцыд ын йæ къухыл æмæ йæ схæццæ кодта асины сæрмæ, хионау, рæв- даугæ. Дыууæ уæладзыг бæстыхай, дæргъæй-дæргъмæ къæ- лидор, алцы дæр æм каст фæлмæн цæстæнгасæй æмæ йæ хуьтдта мидæмæ. Мæнæ йæ зæгъгæ Косер дæр бафиппайд- та, уæд æнæмæнг ферох кæндзæн, цыдæриддæр рæдыдæй æрцыдис, уыдон, ныххатыр ын сæ кæндзæн æмæ йæ ба- кæндзæн мидæмæ, уымæн æмæ ацы уæзæгмæ æндæр ничи ницы бар дары. Бабуц Ахмæт йæ хæдзары уындæй, йæ бæллицтæй æмæ йæ уыцы хъуыды бахæццæ кодта’ дуары онг. Ам ын нал уыд уынаффæты фадат, ардыгæй цыма фæстæмæ здæхæн дæр нал уыд, уыйау æрлæууыд æмæ йæхи æрцæттæ код- та бахойынмæ. Фыццаг схæцыд рахиз къухыл, фæлæ йæ æруагъта, цыма йыл æууæндгæ нæ бакодта, уыйау. Галну къух та бахойын æввонгæй бандзыг уæлдæфы, стæй цыма йæ нуæрттæ феуæгъд сты, уыйау æрхаудта æмæ æрзæбул уæхскыл. Рахиз къухыл цыма йæ бар нал цыд, уыйау йе ’нгуылдзтæ хъазæгау сæхи æрхостой дуарыл. Ахмæт фе- стъæлфыд, йæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп ссыд, акалд йæ сур- хид. «Ам дæн, ам, хъæбул, дæ хæдзармæ хойгæ цæмæн кæ- ныс,; дуар гом у, рахиз мидæмæ» — райхъуыст сылгойма- 191
джы дзурын. Ахмæт цалдæр къахдзæфы алæууыд фæстге- мæ, чысыл ма бахъæуа фæцуда расыг адæймагау, чысыл ма бахъæуа æрбайрох дзы уа, кæдæм æмæ цæмæ цæуы* уый дæр. Уалынмæ рухсы тынтæ сæмбæлдысты йæ цæсго- мыл. Косеры райдзаст цæсгом уайтагъд.фæтар, сылгоймаг фергъуыйау, афтæмæй тарстгъуызæй каст «æнахуыр» адæй- магмæ. ’ Ахмæтмæ исдуг афтæ фæкаст, цыма ныртæккæ сылгой- маг йæ хъæлæсыдзаг фæдис ныхъхъæр кæндзæн; фыртæ- сæй йæ цæсгом амбæрздзæн йæ армытъæпæнтæй, фыдбы-' лызæй тæрсæгау æваст ахгæндзæн дуар, фæлæ нæдæр иу æмæ нæдæр иннæ, æппæт дæр уыд сабыр, адæймаджы хъу- стæ ахстой гæзæмæ уынæр æмæ сыбар-сыбур. «Чи уæ хъæуы»? — æнæбары ныллæг хъæлæсæй рай-, хъуыст Косерæй æмæ ма йæхпимæ ныхасгæнæгау, базмæ- лыдысты йæ былтæ: «Æз та æнхъæл уыдтæн, зæгъын мæ хъæбул æрбалæууыд мæ къæсæрыл». Косеры цæстытыл уайтагъд ауад, амæй размæ маши- нæйы чи бадт, йæ зæрдæйы æнцойдзинад ын чи фехæлдта, уыцы бæлццоны хуыз. «Уый у... Æнæмæнг уый у» — сфæл- хатт кодта хъуыды. Зæрдæ тæлфыди цахæмдæр æнæнХъае- лæджы цаутæм æнхъæлмæгæсæгау, цæстытæ фестырдæр сты, цæсгом исдуг фæрайдзастгъуыз, стæй фæтар, дыууæ къухы æнгуылдзтæ роцъойы тæккæ бын æттæг-мидæг ауа- дысты, рæуджытæн цыма уæлдæф нал фаг кодта, уыйау гæзæмæ фæзыхъыр сты былтæ, дæндæгтæ; стæй цадæггай æруагъта йæ къухтæ, йæ сæр, дуар ныууагъта гомæй æмæ азылд, уæззау къахдзæфтæй ацыд хатæны дарддæр къуым- мæ. Тæккæ рудзынггæрон лæугæйæ ныггæр-гæр кодтой йæ цæсты сыгтæ, стæй,сыл рауагъта йæ кæлмæрзæны кæрон æмæ слæууыд æрттæдæлармæй. Уазæг йæ фæдыл æрбах- гæдта дуар. Сылгоймаг, арцы рæхуыстмæ æнхъæлмæгæсæ- гау, йæхи фæхъæддых кодта, цæстытæ сæхи ахъаззаг æр- лæмæрстой, стæй та байгом сты æмæ сæ ирхæфстой кæрты астæу электроны рухсмæ тыбар-тыбургæнæг бæласы сыф- тæртæ. Ахмæт йæ цæст ахаста1 хæдзары къуымты. Хæрз стæм- тæй дарддæр алы дзаума, алы мигæнæн дæр лæууыд, кæм æй ныууагъта, уыцы ран. Æцæгæлон цæстæй йæм дзы иу- нæг дæр нæ ракаст. Бандæттæ, стъол, диван йæхи æлхæД сты. Хæдзар рагæй нал æрцыди цалцæг. Къулыл ауыгъд сахат дæр сæ чындзæхсæвы æмбай у. Нæ куыста, фæлæ ца^мæн, уый зын базонæн уыд æнæ бафæрсгæйæ. Йæ фа- тæг лæууыд авд сахатыл. Иæ зæрдыл ма хорз лæууы, би- нонтыл йæ къух куы систа, йæ хæдзарæй куы раст кодта, уæддæр раст авд сахаты амыдта. Æвæццæгæн фехæлД, 192
кæнæ та йæ нфтындзæг нал фæцис æмæ уый дæр улæфы, уæдæ цы сараза. Куыддæр уыцы бон Ахмæт къæсæрæй ахызт, афтæ Ко- сер йæ кусынæй баурæдта сахат æмæ йæм уæдæй фæстæ- мæ æвналæг нал фæцис. Ахмæт та ахызт къæсæрæй, хæрз- бон дæр нæ загъта, афтæмæй æмæ йыл нал æрбахызт мæ- нæ абоны онг. Йæ къах нал æрлæууыд ацы зæххыл, нал банызта ардыгон дон, йæ ном цадæггай рох кодта адæ- мæй, æнæ уый дæр цыдысты бонтæ, азтæ, ивта рæстæг, цард, фæлæ Ахмæты мид-зæрдæйы ницы ивындзинæдтæ æрцыд. Боцъотæ-иу рауагъта æрыгонæй дæр, фæлæ йын Косеры зæрдæмæ нæ цыдысты æмæ та-иу сæ ныддаста, нырма, дам, æгæр æрыгон дæ, дæ зонд, дам, нырма æххæст йæ гаччы не ’рбадт, боцъо та, дам, адæймаджы уæзбын æмæ куырыхон зондыл дзурæг у... Ныссабыр хатæн. Ныссабыр, фæлæ уыдис æндыгъд, ивæзт хъандзалау. Хаттæй-хатт цахæмдæр æхцон æнкъа- рæн базмæлы зæрдæйы, фæлæ йæ бон нæ бавæййы æгас буарыл йæ цины уылæн байтауын, хæдзары къултыл рай- дзаог мидбылхудт баныхасын æмæ та йыл фæтых вæййынц æрхæндæг, маст æмæ сæрыстырдзинад. Ахмæт æнхъæлмæ кæсы, Косер æм кæд сдзурдзæн, уы- мæ, фæлæ æнхъæлмæ дæр нæ кæсы æмæ йæхæдæг цæмæй райдайа, уымæн дæр ницы зоны, афтæмæй йæ цæстытæ зи- лынц хæдзары къуымты. Хатт сæмбæлынц Косеры фæсон- тыл. Сылгоймаг сын æнкъары сæ уæз, какон сындзау ыл сæхи асæрфынц, сæ цæхæр ыл бакалынц, æмæ ссудзынц йе уæнгтæ, æрбадын æй фæнды, фæлæ йын нал ис ахæм фадат дæр æмæ лæугæйæ, чъылдымыздæхтæй, мадзура æмæ æрттæдæлармæй хæссы йæ тæрхон, дзуапп дæтты йе стыр æфхæрдæн. Косерыл, чизоны, æмбæлдис æнæхуынд уазæджы ми- дæмæ дæр ма ’рбауадзын, йæ тæккæ фындзы раз ын дуар агуыпп кæнын, фæлæ ууыл йæуæлвæд нæ ахъуыды код- та, стæй æмбæлд æви нæ, уый алыг кæнын дæр нæ бацис йæ бон. Æппæт дæр рауад цæсты фæныкъуылдмæ, арвы ферттывдау, бæстон нæма базыдта, цы ’рцыдис, уый, йæ бон нæ уыдис, цы ’рцæудзæн, уый бамбарын дæр. Уавæ- рæй тæрсгæ^нæ, тыхсгæ, дзы кодта, уæлдайдæр æгуыппæг- дзинад æгæр кæй ныддаргъ, уый тыххæй. Иæ зæрдæ ра- цæйтыдта риуы фæйнæг, туг, фæдисонау, згъордта’тугда- дзинты. — Æрбад ма мын уæддæр зæгъ. — Хатæны, арвы нæр- дау, айзæлыдысты Ахмæты сабыр дзырдтæ. Аскъуыди æн- дыгъд сабырдзинады хъандзал. Косеры къæхтæ базмæлы- дысты сæ мидбынаты, къухтæ кæрæдзимæ сæхи фелхъыв- 13. Гугкаты Ш. 193
той æмæ уæхсчытæ- уыдысты цыдæр зæгъинаг, фæлæ та сыл уæдмæ æндзыг фæтых ис. Ахмæт йæхи æруагъта къæлæтджыны. Косеры 4 сæрьь магъз ныммæстæг, ныууазал. Къæмисæнты тугдадзинтае. рацæйтыдтой. Йæ сæрыстырдзинад ын бавнæлдта йæ хур. хы уадындзтæм, æрть^хстис ыл хæлуарæджы тынау æмае! йæ нæ уагъта нунæг ныфсы хъуыдыйы кæрон ацахсын дæр, æрмæст-иу хатт, дарддæр цы уыдзæн, уымæ æнхъæлмæгæс- гæйæ, арф ныуулæфыд. Рæстæг цыди, зындоны æнусау. Уæдмæ Косеры хъустае ацахстой къæлæтджыны фезмæлд, къæхты хъæр, банкъард-- та дуар æнæхъинцæй кæй байгом æмæ æнæгуыппæй ца- дæггай кæй сæхгæдта, уый дæр,,стæй ма бирæ сусæг фар- стытæ æмæ катайаг хъуыдытæ бастæй кæй баззадысты/ уый дæр. Косер рудзынгæмбæрзæныл æнгомдæр æрбахæцыд æмæ ма иудзæвгар фæлæууыд йæ мидбынаты, æндзыгау, стæй феуæгъд йæ къухты баст, разылд, æмæ цыма æцæгæлон хæдзармæ бахауд, уыйау хатæны къуымты ахаста йæ цæст, стæй дуар æрæхгæдта æмæ дæлгоммæ ныххауд йæ хуыс- сæнтыл. * * * Иу къуырийы бæрц рацыди Будзийы æрцыдыл, фæлæ уазæгæй уæлдай йæ къух уазал доны дæр нæма атылдта. Æмбисбонмæ фынæй, уырдыгæй фæсæмбисæхсæвтæм тез-' гъо. Лæппу фæцайдагъ уазæджы хæлцыл сыхæгтæм, хæ- стæджытæм. Афæдзæй фылдæр нæ уыд сæ хæдзары. Куыд- дæр арæзтадон техникум каст фæци, афтæ райдыдта ку- сын. Уырдыгæй ацыд æфсады рæнхъытæм. Дыууæ азы фæстæ æрæздæхт, февнæлдта хæдзары куыстытæм æмæ йын цы бантыст, иннæты аргъæвта æндæр хаттмæ æмæ та ацыд йæ раздæры куыстмæ. Уым ракуырдта ус. Йæ зæрды уыд цæмæй йæ базонгæ кодтаид мадимæ, фæлæ йын не сразы — дард, дам, у æмæ, дам, зивæг кæнын фæндæгтыл дыууæрдæм цæуынмæ, æнæхъуаджы æхца хардзкæнынмæ æмæ уæд лæппу дæр йæ хабæрттæ фæфыста гæххæттыл. Мад фыстæгыл цин дæр бакодта æмæ-хъынцъым дæр, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, зæгъгæ, æмæ афтæмæй бонæй- бонмæ æнхъæлмæ каст йе ’рцыдмæ, бæллыд йæ чындзы фенынмæ, фæлæ та ацы хатт дæр йæ бæллицц нæ сæххæст. Будзийы бæргæ фæндыд, фæлæ сылгоймаг ацы хатт та йæ ныфс сывæллоны тыххæй нæ рахаста æмæ ацыд йæхи мад- мæ. Уый, дам, æввахсдæр цæры... Будзи фынæй нал уыд, фæлæ цъынд цæстæй йæхи аи- 194
вæзта цалдæр хатты. Æрæджиау байгом сты йæ тæстытæ дæр, фæлæ, цæуылдæр дисгæнæгау, цæмæйдæр тæрсæгау, сæ мидæг зылди цахæмдæр гуырысхо. Къултæ æмæ къуым- ты азилгæйæ сæхи цадæггай æруагътой дзаумæттыл. Уы- донæн се ’мбис дæр уым нæ разынд æмæ.уæд хъуыдыты адзæгъæл. Тынг æй фæндыд дысоны нывтæ æрымысын, фæд-фæдыл сыл йæ цæст ахæссын æмæ-иу хатт, лæгъз фæндагыл цæуæгау, згъордта зæрдæхъæлдзæгæй, куы та- иу йæ хъуыдытæ ныццæхгæр сты æмæ-иу сын нал æнтыст размæ’ фенкъуысын. Алцы дæр райдианы цыди зæрдæйы фæндиаг, дзæбæх сæ бадардта йæ зæрдыл, фæлæ йын фæ- стагмæ мигъы фæлмы афардæг сты, æрмæст ма дзы гæ- зæмæ цаутæ аззади сæры, цæстыты раз, æндæргтау, тæл- фыдысты æцæгæлæттæ, кæйдæр къухтæ æмæ цæсгæмттæ. Лæппу мæстæйдзагæй æрзылд йæ иннæ фарсыл. Цæ- стытæ куы кæрæдзиуыл авæры, куы та йын дзагъырæй аз- зайынц. Цалынмæ æппæт дæр не ’рымыса, уæдмæ нæ уыд хуыссæнæй сыстинаг, уынгмæ ацæуинаг, æппындæр æй ни- кæимæ фæндыд фембæлын, фæлæ йæ хъуыд æххуысгæнæг, Мады хуызæн ын сæ ничи фæдзырдтаид фæд-фæдыл, ком- коммæ, фæлæ кæд мыййаг исты стыр рæдыд æруагъта, уæд æм куыд хъуамæ равдиса йæхи. Лæппу хъæццулы бынæй йæ сæр радарын дæр нал уæндыд, афтæмæй хуыссыд, фæ- лæ кæдмæ, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта. Мад уæдмæ дæр цалдæр хатты бакаст дуары зыхъхъы- рæй лæппуйы бæрæггæнæг æмæ та-иу йæ цæст нæ бауарз- та мидæмæ бахизын, йæ райхъал кæнын. Иугæр æрæгмæ куы стад, уæд æм бахызт хатæнмæ. Дæ райсом хорз дæр ын нæ загъта, афтæмæй йын йæ дзаумæттæ æрæвæрдта бандоныл æмæ æрбадт йæ фарсмæ. Лæппу разылд-йæ мады ’рдæм, хъæццул ассывта рон- басты онг, йæ галиу къух атъыста йæ сæры бын. — Нана, дысон дзы чысыл анызтон æмæ ма мæ зæрдæ æнæбары тæпп-тæпп кæны, — ныхасæн бын æрывæрыны тыххæй фæраздæр лæппу æмæ йæхи æрцæттæ кодта стыр уайдзæфтæм хъусынмæ. — Чысыл дзы нæ анызтай, фæлæ тынг бирæ, дæ къæх- тыл дæр ма тыххæй лæууыдтæ. Исчи дæр ма афтæ кæны, мæ хъæбул, ахæм хуызы дæ нырма никуы федтон, мæ зæр- дæ фæцæйтыдта, дæ хуыз фæцыд, де ’взаг дæ дзыхы нал арæхст. Дæ цахъæнæн ахæм митæ стыр худинаг сты, уый зон, стæй канд дæ цахъæнæн нæ, фæлæ алкæмæн дæр, Ахъуыды кæн, мæ хъæбул, æмæ дын зонд-зонæн фæуæд, науæд искуы фыдбылызы ныххаудзынæ... — Æгæр та йæ ныддаргъ кодтай, нана. — 71æппу йæхи нал баурæдта æмæ йæ сæр иннæрдæм азылдта. '1'9&
— Нæ, нæ, æз дæ мад дæн, мысгæ дыл ницы кæнын æмæ мын мæ фæдзæхст хъуамæ дæ зæрдыл бадарай. — Цæй ма, нана, уыдон уадз, фæлæ ардæм куыд æр- бацщдтæн, уый мын радзур. — Ардæм дæр дæ кæнгæ æрбакодтой, фæлæ дыл дæ нозт тынгдæр бынаты æртæфст. Дæ амонд уыд æмæ хæ- дзарыл сæмбæлдтæ, æндæра дæуæй пайда нал уыд. Мæнæ ма зæгъгæ дысоны хуызæн искуы фæдæ, уæд дæ балгъи- тæгдæр афтæ. Иу æмæ дыууæ æрбайсæфт афтæмæй. Ал- кæмæн дæр йе ’мбисонд йæхи, фæлæ адæймагæн бирæ нæ хъæуы. Хорз фæзылдтæ хæстæджытыл, хъæубæстыл. Ныр та мæнæ дæ хæдзармæ æркæс, ацы хъæуы йæ уæзæг ма- хæй æдзæллагдæр уавæры никæмæн у. Сыст ныр, æмбпс- бон у, мæн дæр не ’вдæлы, — сылгоймаг цыма йе ’ппæт дзуринæгтæй.фервæзт, уыйау сыстад æмæ хатæнæй ахызт, æрмæст йæ фæстæ дуар нæ ахгæдта лæппумæ фылдæр уæлдæф бауадзыны тыххæй. Будзи сыстад. Дысоны хабæрттыл мадимæ кæй аныхас кодта, уый йын æхсызгон уыд, — стыр уаргъ аппарæгау, банкъардта йæхи, фæлæ рысти йæ сæр, уæнгтæ нал хæцы- дысты кæрæдзийыл, йæ бон нæ уыд æдæрсгæ фезмæлын, афтæмæй скодта йæ дзаумæттæ, йæхи ныхсадта æмæ ахызт кæртмæ. Хур дзæвгар суади арвыл. Иæ тынтæ рæвдыдтой уæнг- ты. Бæлæстыл цы бур сыфтæртæ фæзынд, уыдон фæфыл- дæр кодтой фæззæджы бæрджыты. Лæппу, кæрты астæу, бæласы бын æрбадт бандоныл. Иæ нозтвæллад, хуыссæг- хъæлдзæг цæсгомыл ын хаттæй-хатт æрбаулæн кæны са- тæг уддзæф. Кæсы кæрты къуымты, бæстыхæйттæм, фæлæ йын йæ зæрдæ чи бацагайа, иунæг ахæм нывыл дæр не схæ- цыдысты йæ цæстытæ. Къæлидор æмæ рудзгуыты ахуырст бирæ фæфæлурсдæр. Йæхи ахуырст уыдысты. Уæд фæстаг курсы ахуыр кодта. Ногæй ахоринаг сты, фæлæ ацы куыст- мæ цыма нал бавналид, афтæ йæм каст. Чизоны ноствæл- лад кæй уыдис, уый тыххæй. Иæхæдæг дæр рæстмæ нæ хатыд уыцы æнæмæт хъуыдыйы аххосаг. Кæрты къуым мæнгагъуысты сæр уыд æрыхгæнинаг, фæлæ уый дæр баз- зыд рохуаты. Кæрты алыварс æмбонд аразгæйæ бирæ фæ- фыдæбон кодта. Нал æмæ йын нал æнтыст йæ фæуын, стæй загъта ныр, зæгъ, цæрæнбонтæм фаг у, фæлæ ма йæм ныр исчи бакæсæд, — скалцæг, йæ уындæй дæр адæймаджы зæрд^ейыл æфтауы мæгуырдзинады, æнтъыснæджы са- гъæс. Будзи цыма йæ кæрт, йæ хæдзары уындæй бафæлмæ- цыд, уыйау сыхгæдта йæ цæстытæ æмæ, фынæйгæнæгау, банцой’кодта бæласыл. 196
Косеры ныхас райхъуыст дыргъдонæй æмæ уæд йæхи- уыл схæцыд. — Дæхи ахсадтай, хъæбул? Исты бахордтай? Ардæм уал рацу,— Косер æрцагъта йæ раздарæн æмæ æрбадт фæйнæджы гæппæлтæй арæзт стъолы фарсмæ, йæ къуы- дыр къæхтæ зæххы сагъд кæмæн уыдысты, уыцы бæзджын фæйнæгæй арæзт бандоныл. Йæ фарсмæ æнæдзургæйæ æр- бадт Будзи дæр. <? — Бæргæ хорз дыргъдон нын уыдис, фæлæ ныдзæллаг’ æнæ ’ркастæй, — сылгоймаг йæ цæстытæ хаста бæлæ- стыл, — чи дзы базæронд, уымæ нал æнхъæлмæ кæсын, фæ- лæ иннæтæ та æнæ ’хсæстæй хæмпæлы хуызæн систы. Бын- тон уыдон аххос дæр нæу баергæ, сæ зæхх дæр сæ нал аразы. Ныр кæдæй нырмæ нал фæцис хъацæны хъæстæ, Дон æм рæстмæ нæ арæхсы, æндæра æнцондæр кусæн уа- ид. Уæртæ зæгъын къанауæй ардæм ныппарын кæнон цал- дæр трубæйы, фæлæ æппынæдзух искæмæн «цу ма» дæр нал хъæцы мæ цæсгом. Не ’мбонд дæр ивд куынæ ’рцæуа, уæд куыдзæй, хæрæгæй ам уыдзæн сæ хизæн бынат. Иуæр- дыгæй йæ цалынмæ бацалцæджытæ кæнын, уæдмæ иннæ- рдыгæй фегом вæййы. Кæд ма фидæнмæ гас уон, уæд мын телын хыз æнæбалхæнгæ нæй, йæ сæрты маргъ дæр куын- нæуал æрбатæха, ахæм. Уæртæ мын уыцырдыгæй та зæ- рæстон баззад, — сылгоймаг къухæй ацамыдта дыргъдоны иу кæронмæ, — мæ бон æй нал бацис къахын æмæ йæ æз дæр ныууагътон. Ноджы йыл фаджыс кæдæй нырмæ нал уыдис æмæ, къулæгæй хостау, ныхъхъæбæр. Зæхх фæззы- гон куынæ скъахай, уæд ын уалдзæджы къахт уыйбæрц нæ ахъаз кæны. Иуæй зын къахæн вæййы, иннæмæй та йæ къуыбар нал фæкомы пырх кæнын... Дæумæ гæсгæ уæртæ уыцы фæткъуыбæласыл цал азы цæудзæн? Уæртæ, уæртæ, æмбонды рæбын дыккаг бæласыл? Будзийы кæд йæ мады ныхæстæ тынг не ’ндæвтой, уæд- дæр йæ сæр азылдта уыцырдæм æмæ дзургæ ницы скодта, фæлæ хæрдмæ фæхæцыд йæ уæхсчытыл, ома мæ бон нæу йæ зæгъын. — Æз ма гыццыл чызг уыдтæн, афтæ уый йæ тæккæ дыргъ дæттыныл уыд æмæ мæнæ æз базæронд дæн. Ахæ^ бæлæстæ ма дзы ис ноджы дæр цалдæр, æмæ бынат цы ахсынц, аууон цы дарынц, уый йеттæмæ сæм тыллæгмæ æнхъæлмæ кæсæн нал ис. Цæхæрадоны дæр халсар нæхи- фаг бæргæ æрзад, фæлæ уый нæйæ уæлдай нæу. Зæххы хъару бæрæггæнæг адæймаг у. Уый къухтæ йæм куынæ хæццæ кæной, уæд лæвар ницы дæтты, чъынды у. Фыдæ- бонæн та аргъ кæнын дæр зоны. Барухс дын кæндзæн дæ 197
зæрдæ йæ тыллæгæй, йæ хæрзиуджытæй, царды цпн æмæ ныфсытæй. Косер дзырдта æнæрынцойæ, æнхъæлмæ каст, Будзи ныхасы хайадисын кæд райдайдзæн, уымæ. — Нана, хæринаг дзы ницы ис, æз нырма æххормаг дæн. Хъæугæ дæр мæ уыйбæрц ницы кæны, фæлæ уæддæр мæхи чысыл фæсаин. — Уæдæй нырмæ мады ныхæстæн цыма æппындæр ницы нысаниуæг уыд, цыма дзы уымæ æп- пындæр ницы хаудта, уыйау лæппу йæхиуыл дзургæ схæ- цыд æмæ йе уæнгтæ, йæ ком иумæ айвæзта. — Куыннæ дзы ис, куыннæ, ныртæккæ дын æй ахъарм кæндзынæн, цом æмæ уал кæрты абад. Мад æмæ фырт æрбацыдысты кæртмæ. Косер нал æмæ нал æнцад йæ дзурынæй: — Иннæ ахæм — нæ кæрт. Адæймаг зæгъдзæн: «ацы ран цалдæр азы цæрæг дæр нæ уыд». Темсыр мын бæргæ арæх аххуыс кæны. Ацы дуар ивынмæ дæр æрбацыд, фæ- лæ йæ фæстæмæ аздæхтон, зæгъын йæхæдæг тагъд æрцæу- дзæн æмæ йын йæд исты амæлттæ скæнид. Уæртæ уыцы сарай æмæ скъæты сæрæй кæй раивтай, иннæ афтæмæй лæууы, æвналгæ дæр æм ничи бакодта. Кæд æмæ кæд арæзт æрцыд, рæстмæ йæ хъуыды дæр нал кæнын æмæ сыхырнайы хуызæн ныццис. Азмæджы ма афтæ куы баз- зайа, уæд мæ дыууæ стуры уæй кæнинаг фæуыдзысты. Йæ шифер мын бæргæ цæттæ у, æрмæст ма йæ хъæуы æры- вæрын, ранæй-рæтты зæгæлæй фæфидар кæнын. Будзи исдуг фæбадт, фæхъуыста мады ныхасмæ, стæй райдыдта фæлмæцын, сывнæлдта бæласмæ, æрсаста дзы иу къаннæг къалиу æмæ йæ фездыхта йе ’нгуылдзты ’хсæн, стæй йæ лыстæг сæстытæ æмæ скъуыдтæй æркалдта зæх- мæ. Йæ цыды сæр тынгдæр цæй тыххæй уыд, уый сæргом кæныны фадат ын бонæй-бонмæ кодта вазыгджындæр. Куыддæр æрхæццæ, афтæ йын куы загътаид йæ хъуыды, уæд чизоны ныр йæхи царды фæндтыл цæуид фылдæр ны- хас, стæй чизоны афонмæ здæхгæ дæр акодтаид. Дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ рацыд æмæ дзы иу афардæг æнæ- сæрфатæй. Ныртæккæ дæр уый тыххæй нæ уыд сдзурæн, æнхъæлмæ кæсын хъуыд уавæрмæ, кæнæ та ахæм ныхас- мæ развæлгъау мады бацæттæ кæнын. Косер лæппуйы фæуагъта бандоныл бадгæ æмæ дзургæ ацыд хæдзармæ. Чысыл фæстæдæр æм æрдзырдта асины сæрæй: — Рацу бахæр æмæ æз та мæ дыргъдонмæ бакæсон, — загъта æмæ фæстæмæ баздæхт. . Лæппу дæр сыстад æмæ уæззау къахдзæфтæй ацыд хæ- 198
дзармæ. Бады фынджы фарсмæ, мад та цæмæй райдай- дзæн, уымæ æнхъæлмæгæсæгау. — Мæ хъару дæр мæ нал хæссы, мæ хъару, кæсыс чы- сыл раздæр мæнæ ацы асиныл тагъд-тагъд суадтæн æмæ мæ зæрдæ ратоиы, мæ уæрджытæ мæ нал уромынц. Иуæй- путæ куыд амондджын сты, уый мæм стыр диссаг кæсы, зендæр ницы. Мæнæй хисдæр, йæ чындзаехсæвы мæнæн хъастмæ кæсыны бар дæр нæма уыд, афтæмæй йæ къахы айстыл цæст нæ хæцы, хæдзардарджытæ сты, æхсæвæй бы- дыры дæр батæлфынц. Мæнмæ ма хъару куы уаид, уæд мæ хæдзар ахæм æдзæллагмæ не ’рцыдаид бæргæ. — Нана, ныр дæм æнæхъæн къуыри хъусын æмæ дæ зондджын ныхæстæм нырма ныр бахæццæ дæ. Цы диссаг дæм фæкаст, дæ бон кусын кæй нæ уал у, уый. Иу дурын нырма мыггагмæ дон никуы фæхаста. Адæймаг дæр раст афтæ, азтæ куыд цæуынц, афтæ йæ хъару сысы, йе уæнгтæ йæ коммæ нал фæкæсынц. Бæргæ ма йæ бирæ цыдæртæ фæфæнды, зæрдæйæн зæрондгæнæн нæй, фæлæ... Æндæр гæнæн дзы нæй, цард æгæр цыбыр у, фæлæ рæстæгæй пай- да хъæуы. Мах сбæндæн вæййæм, уды знагау, тыхсæттæн арæзтæдтыл, нæ фадæттæ æмæ авналæнтыл нæ фæхъуыды кæнæм, афтæмæй. Хъæд æмæ дурты æмбай нырма никуы ничи фæцард. Уыдон ма уыдзысты, фæлæ æз æмæ ды — нал. Æмбарыс мæ?.. — Æмбарын, æмбарын, мæ хъæбул, фæлæ уæддæр адæй- магæн цалынмæ йæ цæст æрттива, змæлынхъом уа,^уæдмæ йын æрулæфт нæй, æппынæдзух йæ зæрдæ цардимæ дзу- ры, цард та фæндæй æмæ куыстæй у. *' — Раст нæ зæгъыс, нана, адæймаг цæрæнбонты уымæн фыдæбон кæны æмæ зæронды бонты хъуамæ йæ уд бан- къара æнцойад. Мæнæ дæуæн цæуылнæ ис æрæнцой, цы дæ хъыгдары, дæ даринæгтæ дыл кæуынц, æви дын дæ дзыхыл дон сдарæг нæй. Уæдæ æмæ дæ къух сис мæнæ ацы бынтыл, уыдон дæр нæ фесæфдзысты æмæ цом мемæ. Нырма æмдзæрæндоны дæн, фæлæ нын цыппарæй ахæм фатер ратдзысты, ахæм, æмæ хуыздæр нæ хъæуы. Уым дæ нæдæр фосы мæт уыдзæн, нæдæр зæххыкуысты мæт, — Бу- дзийы дзырды бон кæй фæцис, уымæй пайда кæнгæйæ, тындзыдта, цæмæй зæгъа, цыдæриддæр æм дзуринæгтæ уы- дис, уыдон. — Дæ хæринаг — цæттæ, дæ дзаума — æхсад. Бон-изæрмæ бадыс æмæ улæфыс. Мæнæ дæ дыргъты мæ- тæй батадтæ, — лæппу иу фæткъуы фелвæста вазæйæ æмæ йæ ныппæрста фæстæмæ, — уыдонæн та дзы ныккæнæн дæр нæй. Цыхт, царв, æхсырысæртæ — парахат, цæмæн дæ бахъуыдысты дæ дыууæ стуры сæ фаджыс сын мæрзай V - 199
æмæ семæ зæрдæдзургæйæ æнæхуыссæг кæнай, уый тых* хæй? Сылгоймаг лæмбынæг хъуыста лæппуйы алы дзырдмае дæр, æмæ исдуг нæдæр йæ хъустыл æууæндыд нæдæр йæ цæстытыл. Йæ лæппу йæм куы æрыгон, æвæлтæрд зонды хицау фæкæсы, куы та æцæгæлон, æнæцæстуарзон уынаф- фæгæнæг. Лæппу дзырдта æмæ дзырдта. Косеры тынг фæн-, дыд ныхас йæхимæ айсын, фæлæ йын нал æмæ нал æн- тыст, иуæй йæ цæст нæ уарзта тызмæг дзырд зæгъын, ин- нæмæй та йæ бон нæма уыд аккаг дзырдтæ ссарын. Æнæ- нхъæлæджы ныхас æмæ фарстытæй фергъуыйау, азмæстой йын йæ хъуыдытæ, йæ дзых ын ахгæдтой, æрмæст ма йæ цæстытæ зылдысты, фынгыл каэрдзыны муртæ æмбырдгæ: нæг рахиз къухы æнгуылдзты фæдыл. * —Нæ, нæ, мæ хъæбул, æз ма мæхи уыдоныл аирхæф-. сын, — загъта сылгоймаг йæ зæрдæйы æрхæндæг æмбæхс- гæйæ. — Ирхæфсæнтæ разындзæн махмæ дæр, — Будзийæн фæцис йæ хъуыды бынтон æргомæй зæгъыны фадат æмæ гæппæввонг лæууыд æппæт фадæттæм дæр. — Уым та мын цæй ирхæфсæнтæ разындзæн цыппар къулы ’хсæн, мæ кæртмæ дзы куынæ рауайдзынæн, кæнæ мæ цæхæрадонмæ? — Адæймагæн ма сывæллонæй хуыздæр ирхæфсæн цы хъуамæ уа, уæлдайдæр дæ хуызæн сылгоймагæн. Чи ма дын ис, дæлæмæ дæр æз æмæ уæлæмæ дæр. Уæддæр нæ хъомылгæнæг æххуырсын хъæуы æмæ, гæнæн уæвгæйæ, нæ капеччытæ дзæгъæлы цæмæн хъуамæ хардз кæнæм, стæй ды дæр бонæй-бон æрыгондæр кæм кæндзынæ. Ма- хæй та дæ фарсмæ хъуамæ исчи уа. — Кæд дæ афтæ фæнды, мæ хъæбул, æмæ мæ фарсмæ исчи уа,- уæд мæнæ цæттæ бынтæ, æрцæрыны йеттæмæ дзы ниЦы хъæуы. Æз та лæггад кæндзынæн уæхицæн дæр, уæ сывæллонæн дæр, цалынмæ мæ мæ хъару хæсса, уæд- мæ, кæннæуæд... Нырма æнæ ныгæд никуы ничи баззад, адæм хорз сты. — Нана, уыцы ныхæстæ та дæ цæмæн хъæуынц?.. — Цæмæн цæ, царды фæстæ рацу-бацу мæ бон нæу æмæ мæ хъаст дæр мачи ракæнæд, æз ардыгæй цæуинаг никуыдæм дæн, мæ цахъæныл ахæм цыдтытæ фидаугæ дæр не скæндзысты. — Косер, лæппумæ комкоммæ бакæсынæй æфсæрмыгæнæгау, дзургæ-дзурын каст рудзынгМæ. -т— Уæдæ мæнæн æндæр мæ бон ницы у, а-дыууæбоны та мын æнæацæугæ нæй. Сылгоймаг лæппуйы ацы хъуыдыйæн уыд æмбойны дзуапп раттинаг, фæлæ йын зæрдæйы тыхст æмæ æрхæн- 200
дæг алвыдтой йæ дзуринæгтæ æмæ йæ цæстысыгтæ згъал- гæйæ, бадт тарæрфыгæй. — Мæ бон цы уа, уый дын æххуыс кæндзынæн уырды- гæй. — Дæхи царды кой кæн, мæн нырма де ’ххуысы сæр нæ хъæуы, фæлæ мыййаг сомбон фæсмойнаг куы фæуай. — Ехх, нана, адæймагæн уал абон куыд хуыздæр, куыд æнцондæр у, афтæ хъуамæ цæра, стæй та бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы! — Будзи цыма уæлахизы хорзæх рай~ ста, уыйау хъæлдзæгæй фестад æмæ ахызт къæсæрæй. Ахмæт кæд райдианы, изæрыгæтты, аивæй цыд хъæу- мæ, уæд фæстагмæ йæхи райдыдта æргомæй æвдисын, фæ- лæ никуы никæмæн сæргом кодта йæ хъуыдытæ. Уæддæр адæмы ’хсæн цыд алыгъуызон «дам»-тæ. Сæ цæст-иу ыл куы схæцыд, уæд-иу фæфылдæр сты йæ койгæнджытæ дæр: «Ахмæт ахицæн йæ дыккаг усæй æмæ фæстæмæ Ко- серимæ бацæрынвæнд кæны»... «Нæ зонын, ’нæ зонын, æз цы Косеры зонын, уый ма йæ йæ хæдзары тæфтыл дæр ауадза»... «Царды алцы дæр æрцæуы. Уымæй фылдæр рæ- стæг фæцæрынц хицæнтæй, фæлæ та бацæрынц»... «Йæ амонд æм æрыздæхт æмæ йыл хæцæд, æндæра йæ уый дæр нал фæуыдзæн»... «Нырмæ чи бафæрæзта иунæгæй, уый нырæй фæстæмæ дæр бафæраздзæн»... «Уымæн дæр кæд хорз цард уыдис, уæд ма нæм ардæм цæмæ ’рхæццæ, нæ хъæзныджы хъæр æм айхъуыст»... «Косеры дæр ма уæдæ æндæр цы хъæуы, цæмæ бæллыд, уый йыл æрцыд æрæ- джиау»... «Иунæгæй цæрын дæр кæй бон у, кæй бон, уæл- дайдæр сылгоймагæн»... — Косер фидар сылгоймаг разынд,^æндæра уый бына- ты æндæр, уæд уый дæр æрцагуырдтаит ног амонд, кур- джытæ дæр æй бирæ уыд, фæлæ дзы сæ кæртмæ дæр ничн бахаста йæ ныфс... Алы ныхас хъуыстой Ахмæт æмæ Косер сæхæдæг дæр. Косер сæм райдианы йæхи æвдыста тызмæгæй, ссыбыртт скæнын дæр никæй уагъта, фæлæ фæстагмæ æрсабыр. * * * Косеры стыр катайы ныппæрста, æппындæр æнхъæл кæ- мæй’ йæ уыд, йæ лæппуйы уыцы зондахаст. Хионæй, сыха- гæй, æцæгæлонæй ма сæм бæргæ фæдзырдта æххуысмæ. 201
фæлæ Будзи уæддæр йæ фæнд нæ апвта. «Мæнæн æнæ- цæугæ^ нæй! — уыд алкæмæн дæр йæ фæстаг дзуапп. Кæд- иу æм исчи барджынæй æгæр бауырдыг, уæд-иу рахызт дæрзæг ныхасмæ дæр æмæ-иу йæ дзырд уый фæцис: «Ал- чи йæхи цардæн зонæд, æз никæй уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсын». — Сылгоймаг тындзыдта фадатæн аирвæзынæй тæрс- гæйæ. Фесæфт йе ’нцойад, йæ мид-зæрдæйы æргомæй агуырдта æххуыс. Хатт-иу дзы æрбайрох салам раттын дæр æмæ-иу уæд æмбæлджытæ йæ фæстæ акастысты цы- мыдисæй. Сæрдары хатæны ма исчи бады æви нæ, уымæй дæр ни- кæйы афарста, афтæмæй бахæцыд дуарыл. — Бар уæм ис? " — Косер, мидæмæ рахиз, ды та цæй бартæ курыс ар- дæм?! Сылгоймаг бахызт хатæнмæ, салам радта, фæлæ сæр- дары раз цы нæлгоймаг бадт, уый змæлгæ дæр нæ фæкод- та, нæ фæкаст Косеры ’рдæм, æрмæст ныллæгдæр æруагъ- та йæ сæр. — Косер, æрбад мæнæ ам, — сæрдар сыстад, райста Косеры къух æмæ йын ацамыдта бандонмæ. Косер йæ цæсты зулæй бакаст, æцæгæлон адæймаг кæй ^æнхъæлдта, уымæ. «Кæд ма исты зонын, уæд Ахмæт хъуа- мæ уа, æмæ йæ боцъотæ та цы фесты? — Сылгоймаджы уадултæ ссыгъдысты. Йæ бон налдæр æрбадын уыд, нал- дæр лæууын. Уæддæр йæхи фæныфсджын кодта, фæуæн- дон æмæ, цыма уыцы адæймагæн æппындæр ницы ныса- ниуæг ис, уыйау комкоммæ каст æмæ дзырдта сæрдаримæ: — Хъырым де ’ххуысы сæр мæ бахъуыд, фæлæ мын ис- ты амал скæн, — загъта æмæ та йæ цæсты тигътæ аны- дзæвдысты æцæгæлон адæймаг кæй хуыдта, ууыл. Иæ ног даст рустæ æрттывтой æрыгон лæппуйы рустау. Косер ха- тыд, йæ цæсгомы хуыз кæй анвта, дзурын ын кæй фæзын- дæр æмæ, уыцы уавæр Хъырымæй æмбæхсгæйæ, гæзæмæ фæзылдта йæ бандон, ома йæ иннæимæ æппындæр ницы хъуыддаг ис, æмæ нын нæ ныхас дæр цæмæн хъуамæ хъу- са... — Кæд мæ бон исты бауа, уæд — табуафси, — Хъырым- мæ диссаг фæкаст, Косер дзы афтæ зæрдиагæй цахæм æх- хуыс агуры, уый, æмæ йæм лæмбынæг байхъуыста. — Нæ зонын куыд дын æй зæгъон, цæмæй райдайон, — сылцоймаг дзурыныл фæлвæрдта, фæлæ йын нал æнтыст, йæ хъуыр æхгæдта, кæуын дæр æм цыд æмæ дзурын дæр. Æрæджиау йæ хъуыды тыххæй ахæццæ кодта кæронмæ: — .Мæ лæппуйы тыххæй дæм æрбауадтæн. 202
— Цы кæны дæ лæппу? Ам ис? — Ам ис бæргæ, фæлæ йæ зæрдæ ам нæй, бæстæ йыл гуыр-гуыр кæны, чердæм ма аирвæза, ууыл у. —- Дæу куыд фæнды? — Мæн та цы фæрсыс, ныййарæджы куыд фæнды, уый ды мæнæй хуыздæр зоныс. Ис хъæбулæй æнæхъæбул куы баззайон, уымæй тæрсын. Æмæ ма ууыл дæр хъæцнн, фæ- лæ йæ цардимæ зæрдæдзургæйæ кæдмæйы фаг дæн, нæ зо- нын... — Æз ахæм лæппу нæ зонын æмæ йæм зæрдæ фехса- йа, кæнæ йæ мадæй искуыдæм фæлидза, — ныфсы ныхæ- стæ кодта Хъырым. — Æз дæр афтæ нæ зæгъын мæнæй лидзы, фæлæ уый лидзынæй ноджы фыддæр у... — Косеры цыма стыр хъыг- дарджытæ уыд, уыйау йæ ныхас ныууагъта æрдæгыл æмæ æнхъæлмæ каст, бæстондæр ныхасмæ. — Нæ дæ бамбæрстон, Косёр, кæронмæ ма зæгъ дæ хъуыды. — Йæ зæрды бынтондæр ацы бæстыл йæ къух снсын пс. — Уый та, дам, куыд? — Куыд, куы, куыд вæййы афтæ. Ам, дам, нæ хæдзæрт- тæ ауæй кæнæм... Сылгоймаг йæ ныхас фæурæдта, иугæр Хъырымы æрфгуытæ куы фелхынцъ сты, уæд. — Уый гæнæн нæй, уыцы фæнд ын мæ зæрдæмæ нæ цæ- уы! Бамбæрстон æппæ’т дæр. Ныр ды сæрибар дæ, тыхсгæ ма кæн, мæхæдæг аныхас кæндзынæн йемæ. Цалынмæ Хъырым æмæ Косер ныхас кодтой, уæдмæ Ахмæт не схæцыд йæ сæрыл, йæ размæ æрбазылдта газет- тæ æмæ, уыдонмæ кæсын æфсон, лæмбынæг хъуыста ны- хасмæ. Косер ма йыл дивæй расæрфта йæ цæстытæ æмæ йæ цыма æппындæр не ’рхъуыды кодта, нæ йæ базыдта, уыйау фæраст дуарырдæм. — Кæсыс, уыдон иууылдæр дæ хъуыдтæгтæ сты! — загъта Хъырым æмæ бакаст Ахмæтмæ уайдзæфы хуызы нæ, фæлæ йын цыма йæ царды хабæрттæ ногæй йæ зæр- дыл лæууын кæны, уыйау. — Мæнæ уал кусын райдайон, стæй сæ кæд рараст кæ- нин исчердæмыты. Æгæр бирæ рæстæг рацыд æмæ... — Рæстæгæн дæр куыннæ ис нысаниуæг, бирæ ивындзи- нæдтæ æрцæуы царды. Уыцы ивындзинæдтæ зæрдæйыл куы бандавынц, уæд зындæр у рæдыд рараст кæнын. Уæд та ды аныхас кæнис йемæ, фыд уæддæр фыд у. — Уый раст у, фæлæ ма мæм фыды цæстæй кæсы, уый Дæр мæ æххæст нал уырны. Ардыгæй цы бон ацыдтæн, уы- Цы бонæй фæстæмæ кæрæдзи нæ федтам. Йемæ мын фем- бæлыны фадат куы фæуа, уæддæр нæ ныхас кæрæдзийыл 203
æрбаддзæн, уый ныфс дæр мæ нæй. Фæлтау — Дæхæдæг дæ коммæ æнæмæнг бакæсдзæн. Нырма æрыгон, æвæлтгерд у æмæ уыцы кары миниуджытæ дæуæн дæр æнæзындгонд не сты. Мæнæ ма иу дыууæ азы æмæ стæй уæд бынтон аен- дæр цæстæй ракæсдзæн цардмæ, райгуырæн къуым аемае йын фыдыуæзæг йе ’нкъарæнтæ куы бацагайой, уæд сае йæхæдæг агурдзæн. Æз дæр институт каст куы фæдген уæд мæ горæтæй мæ къах ничердæм хаста, фæлæ ныр та?.'. — Дæ дæсныйадыл уым дæр разынид бынат? — къахге- джы фарст акодта Хъырым. — Цæй уыцы ныхас уадзæм, — Ахмæт фембæрста Хъы- рымы хъуыды æмæ йæ мидбылты бахудт, — фæлæ уыцы лæппуйæн исты æрымысын хъæуы. — Хорз, дæ дзырд фæуæд, æз аныхас кæндзынæн йе- мæ. Ды ам дæ, уый нæ зоны? ’ / — Уый тыххæй мæ бон зæгъын ницы у. — Ской йын æй кæнин? Ахмæт ахъуыды кодта: — Нæ, нæ хъæуы, фæстæдæр рæстæг йæхæдæг йæхи равдисдзæн. Ныртæккæ мын рæдийыны бар нал ис. Сæ дыууæ дæр бахъæлдзæг сты. — Уæдæ баныхас кодтам: алгъуызон дам-думтæм хъус- гæйæ уыдзынæ къуырма, стæй уæдмæ сæхæдæг банымæг уыдзысты. Исты æххуысы сæр дæ куы бахъæуа, уæд ком- коммæ — ардæм. Сæ дыууæ дæр сыстадысты. Хъырым райста Ахмæтьг къух: — Арфæ дын кæнын! Абонæй фæстæмæ мах нал агу- рæм агроном. Дыууæ лæджы ма кæрæдзимæ бакастысты æмæ Ахмæт ахызт хатæнæй. Хъырым йæхи уæззаугай æруагъта бандоныл, рæмбын- къæдзтæ стъолыл æрывæргæйæ, дыууæ армытъæпæнæй балхъывта йæ сæр æмæ сæхгæдта йæ цæстытæ. Уæдмæ та чидæр бахоста дуар æмæ йæ къухтæ дзуарæвæрдæй æрын- цадысты стъолыл. * * * Арвыл ленкгæнæг бæзджын мигъты кæрæдзийыл ны- хасгæ дымгæ йæ дымджытæ гæзæмæ расæрфта зæххыл. Хуры цæст мигъты аууон куы бамбæхст, уæд сатæг уæл- дæф рог кодта уæнгтæ. Будзи йæ сабийы бонтæ кæм æр’ выста, уыцы æрдзы нывтæ йын схæцыдысты йæ къабæз- тыл æмæ, уæлдæфы ленкгæнæгау, цыд къахвæндагыл. 204
Лæппу бахызт къаннæг адагыл, схæццæ къуылдымы сæРмæ... Æппæты фыццаг, æцæг хосдзау æцæг цæвæгæи ацы ран ^рхаста йæ уис, кæд ын фæрæстмæ, уæддæр алыг кодта #æ къух æмæ уыцы аз нал бахауд хосдзæутты номхыгъд- Алыгъуызон дидинджыты æмæ кæрдæджыты тæф лæ- бурдта фындзы хуынчъытæм. ; Лæппу7схæццæ хъæдрæбынмæ æмæ æрбадт пакацонг тулдзбæласы бын. Уырдыгæй, армытъæпæнмæ кæсæгау, зындысты йæ хъæу, быдыртæ, дыргъдæттæ, хæрдгæ ’ндæх- тæй — сосæвæндаг æмæ цæугæ дон. Бæстæ уыд æгуыппæг. Æрмæст цъырцъырджыты иугъæдон «симфони» хæлдта уыцы сабырдзинад. Будзи кæсы, фæлгæсы уæлейæ дæлæмæ, Ницы ивын- дзинæдтæ æрцыд йæ хъæуы, алфæмблай æрдзы, къуылды- мæй, адагæй, къутæрæй, бæласæй — алцы дæр лæууыд йæ бынаты, куыд сæ ныууагъта, афтæмæй, мадзура æмæ æго- мыгæй. Ноджы арв æрбахгæдта, мигътæ сæхи ныллæг æр- уагътой æмæ бæстæ каст æгуыппæг æмæ тарæрфыгæй, æгæрстæмæй банцад цъырцъырджыты «симфони» дæр. Будзи исдуг уыд хæдзармæ раздæхинаг, фæлæ йыл цал- дæр æртахы куы ’рхауд, уæд æввахсдæр балæууыд бæла- сы бындзæфхадмæ, къæвдайы фæудмæ ам фæбадыны хъуы- дыимæ. Арвы нæрынмæ райдыдта уарын дæр. Сау æндæргау мигътæ сæхи æруагътой ныллæг. Къæвдайы æртæхтæн æм- дзæгъд кодтой бæласы сыфтæртæ, стæй къæвда фæтынг- дæр æмæ æмдзæгъд рахызт иугъæдон сæх-сæхмæ. Быдырты цы адæм змæлыд, уыдон исдуг, фæдисонтау тындзыдтой алырдæм, стæй цыдæр фесты, — алчи дæр сæ йæ сæр бафснайдта. Дæлæ хуымгæрон комбаин баззад йæ мидбынаты. Будзи дæр æнхъæлмæ каст къæвдайы æр- лæудмæ, фæлæ уый та тыхджынæй-тыхджындæр кодта жмчæ уæд йæ цыдыл райдыдта фæсмон. Ацы алæмæты æрдзмæ нал уыд, лæппуйы æнкъарæнтыл чи баузæлыдаид, иунæг ахæм миниуæг дæр. Лæппу уынгæг зæрдæйæ скæс- скæс кодта арвы ’рдæм, фæлæ уым дæр, фыдæнæнгæнæ- гау, нæ зынд иунæг райдзаст бынат дæр. Уæдмæ бæласы сыфтæртæ дæр нал урæдтой къæвдайы. Будзи арæхæй- арæхдæр ивта йæ бынат, зылди бæласы бындзæфхады алы- варс. Хихджын бæлас æм нæ уыд хæстæг æндæра уый бынмæ балыгъдаид. Райдыдта хуылыдз кæнын, ысуазал. «Цымæ мæ цы нæ уагъта, цæмæ цыдтæн!» — йæхицæн уай- Дзæфтæгæнгæ хъуыста къæвдайы сæх-сæхмæ. Бæласы сыф- тæртыл-иу цы дон амбырд, уый-иу рæстæгæй-рæст&гмæ, 205
уддзæфы базмæлдимæ, уыцы иу калд æркодта зæхмæ аем^ уымæй бынтон фæлмæцыд лæппу. >■ «Донласт хуылыдзæй нал тæрсы», — загъта йæхиц^ Будзи, иу хатт ма скаст арвы ’рдæм, чысыл йæ зæрдæ ба* рухс. Арвы кæрæттæ гæзæмæ фæирд сты, фæлæ изæр кæ’: нын дæр байдыдта æмæ уæд, зивæггæнгæ, рахызт бæласьг бынæй, цалдæр хатты хъавгæ айста йæ къæхтæ, стаей æдæрсгæ фæраст хъæуы ’рдæм. Будзийы сосæвæндагмæ бирæ нал хъуыд, афтæ йæ хъу. стыл ауад маторы хъæр. К/ьуыппæй ныккаст. Базыдта сæ колхозы «Вилис»-ы. Нал ын æнтыст хуырвæндагмæ схй- зын. Йæ цæлхытæ зылдысты сæ мидбынаты. Хъырым æр- хызт зæхмæ, матор, удисæгау, куы сниуы, уæд уый дæр цъыфы йæ къæхтæ æрфидар кæны æмæ машинæйыл раз- мæ ахæцы. Бахæццæ сæм Будзи дæр. «Байриат!» «Хорз цæр!» Раарфæ кодтой кæрæдзийæн. — Будзи, махæн æндæр гæнæн нæй, фæлæ ды та кæм уыдтæ ацы къæвдайы? — Дард нæ уыдтæн æз дæр... Хъæды ’рдæм зæгъын ази- лон æмæ мæ къæвда æрыййæфта. — Хорз у атезгъо кæнын дæр, уæдæ цы, — Хъырым Бу- дзиимæ ныхас кодта, фæлæ йæ каст та машинæмæ уыд. — - Иу хатт ма бафæлварис уæд та, — Хъырым бакаст шофыр- мæ, — мæнæ нын Будзи дæр аххуыс кæндзæн. Будзи дзургæ ницы скодта, фæлæ бахудт йæ мидбылтьг æмæ æрлæууыд машинæйы фæстæ. Матор куы скусы, цæл- хытæ сæ мидбынаты куы сзилынц, уæд та Будзи дæр куы йæ иу, куы та йе ннæ къухæй фæхæцы размæ. Ацы хатт æрлæууыд м’ашинæйы фæстæ, цæмæй йæм сбыцæу кодтаид дыууæ къухы дæр. Цæлхытæ та тынг ныззылдысты сæ мид- бынаты æмæ лæппуйыл æнæнхъæлæджы аныхæстысты цъы~ фы пырхæнтæ. Будзи фергъуыйау æмæ мæстæйдзагæй æр- каст йæ дарæсмæ. Йæ мид-зæрдæйы цыдæртæ загъта, фæ~ лæ йын не сæргом сты. — Цы кодтай, цы, Будзи? — Хъырым æм фæкомкоммæ æмæ цалынмæ цы ’рцыд, уый бамбæрста, уæдмæ дисы ба- ’ хауд, стæй мас’г дæр кодта æмæ йæм худæг-дæр фæкаст,— æвæццæгæн цалхы фæстæ лæуд фæдæ. Цæй ницы кæны^ ныртæккæ хъæумæ бахæццæ уыдзыстæм æмæ сæ уым асыгъдæджытæ кæндзынæ. Уæд та ма иу хатт фæстæмæ рацæуис, чизоны схизæм, — дзуры шофыры *рдæм. — Нæй, не схиздзыстæм, нæ фыдæбон дзæгъæлы У^ æгæр сцъыф... — Уымæн фæзæгъынц йе, дардыл, дам, æрзил æмæ х&~ дзар ссарай. Аздæхæм фæстæмæ, æндæра ноджыдæр ф#~ фыдæбон кæндзыстæм. 206
Шофыр ницы сдзырдта, фæлæ йæ цæсгомыл фæзынд цахæмдæр сæрыстырдзинад, ома-иу мæнмæ дæр хъæуы байхъусын, машипæйы хъуыддаг мæ хуызæн чи хъуамæ зона. Разылдта машинæ æмæ и’удзæвгар фæцыдысты æиæ- дзургæйæ. Иугæр хуырвæндагмæ куы бахæццæ сты, уæд Хъырым зулмæ бакаст лæппумæ: — Уый дын нæ митæ гъе, Будзи, мах удисынмæ дæр не ’вдæлы, уый та нæ уынгæджы фæкодта. Уарын куы хъуыд, уæд арвыл мигъы къæм нæ федтаис, ныр та, цыма къæртт фæцис, уыйау нал æмæ нал æнцайы. — Ныр æвæццæгæн фæхур уыдзæн, — загъта ныфсæвæ- рæгау лæппу. — Иугæр нын нæ фæллой æнæпайда куы фæкæна, уæд ма фæнды схур уæд, фæнды ма. Будзи дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ мид-зæрдæйы ба- буц, ацы аудинæгтæй йæм кæй ницы хауы, уый тыххæй. — Дæуæн цы у, Будзи, нæ дæ хор тауыны ’фсæрм ис, нæ йе ’фснайыны ’фсæрм. Лæппу дзургæ ницы скодта, фæлæ йæ цæсты тигътæ андæгъдысты Хъырымыл æмæ сæрыстырæй гæзæмæ бахудт йæ мидбылты. — Кусгæ кæм кæныс? — Цæгаты ’рдыгæй. Цæрæн хæдзæрттæ аразæм. — Дæхнцæн дын радтой фатер? — Нæма, фæлæ тагъд райсдзынæн. — Ус, дам, ракуырдтай фехъуыстон. Будзи та ницы дзуапп радта ацы фарстæн дæр, æр- мæст та бахудт йæ мидбылты æмæ йæ цæсгомыл æнцон раиртасæн уыд разыйы дзуапп. — Сывæллæттæ?.. -Иу. — Уый хорз хъуыддаг у, алцы дæр афоныл фидауы. — Кæцон у сылгоймаг? — Уым, бынæттон, иумæ кусæм... Инженер у. — Будзи ма фæстаг дзырд загъта æрæджиау, æппæлæгау. — Мадджын, фыдджын?... — Ис ын мад, фыд, иу хо æмæ иу æфсымæр. — Уæдæ дын ницы у, хорз каистæ дын ис. Æвæццæ- гæн дзы афæстиат уыдзынæ иу дыууæ азы? — Цæмæн иу дыууæ азы?!. Æвзæр бынат нæу цæры- нæн. Хъырым исдуг ницы сдзырдта, стæй цыма никуы æмæ ницы, уыйау комкоммæ ныккаст машинæйы раз фæндагмæ æмæ сдзырдта карз æмæ фидарæй: — Уый хорз у, фæлæ райгуырæн къуымæн дæр нæй рох- 207
гæнæн. Цалынмæ адæймаг мæнæ дæ цахъæн вæййы, уæд! мæ йын уæлдай нæу, фæлæ иугæр йæ лæджы кармæ куы ацæуы, царды æууæрдæнты куы бахауы, уæд æнæмæнг/ .æрымысы йæ уæзæг, йæ райгуырæн къуым. Адæймаг йае сабийы бонтæ кæм арвиты, уыцы къуымæн сæрмагонд бы- нат ис зæрдæйы. Дæумæ та куыд кæсы? — Нæ зонын, фæлæ, мæнмæ уæлдай нæ кæсы, кæм фæн- ды цæр... — Нырма дæм нæ кæсы, фæлæ дæм фæстæдæр кæс- дзæн. — Мæгъа, фæлæ нæ зонын, уый тыххæй мæ бон ницы у зæгъын. — Махмæ дæр ис дæ аккаг куыстытæ, фæлæ дæ, æвæц- цæгæн, дæ каистæй дæ къах ндэ хæссы, æндæра дын ам æн- цондæр йеттæмæ зындæр нæ уаид, хæдзар дын ис, дыргъ- дон, фæллой, дæ мад ам... — Мæ мады дæр уырдæм хъуамæ акæнон, фæлæ мын нырма нæ разы кæны. — Кæй зæгъын æй хъæуы нæ дын сразы уыдзæн, хъуа- мæ йын æй кой дæр ма скодтаис. Стæй цæвиттон дæ мады акодтай, уæд дæ бынтæ та кæмæн уадзыс? — Иу æмæ дыууæ æлхæнæджы ис. — Æлхæнджытæ бирæ, фæлæ сомбон дæумæ фæсмон куы рцæуа, фæстæмæ куы ’рыздæхай, уæд ма дын сæ ра- уæй кæндзæн, чи дын сæ балхæна, уый? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ. Афтæ дæр ма дын зæгъдзæн, æз дæу зонгæ дæр нæ кæнын. Уый бæсты бавдæл æмæ дæ рæсугъд усы къухыл ныххæц æмæ йæ æркæн мæнæ дзæнæты бæстæм, стæй дæ махæй цы хъæуа, уый тыххæй дæ бирæ дзурын нæ бахъæудзæн. Хъырым дзырдта æмæ дзырдта. Будзи йын йæ ныхасæй фæлмæцыд æмæ йæ фæндыд, машинæ тагъддæр хæдзары дуармæ куы бахæццæ уаид, уый. Раздæр кæд ныхасы ха- йад иста уæндонæй, уæд фæстагмæ та фарстытæн дæр нал лæвæрдта дзуапп. — Æрбахæццæ стæм, — загъта Хъырым. Шофыр фæурæдта машинæ. Будзи æрхызт: — Мидæмæ нæм рахизут. — Мидæмæ та æндæр хатт, иу æвдæлон рæстæджы, мæ- нæ нæ нæ чындзæхсæвы хаймæ куы фæхонай, уæд. » Машинæ анкъуыст, адард. Будзи ма йæ фæстæ иу каст акодта æмæ бахызт хæдзармæ. Косер лæууыд арынджы уæлхъус. Будзимæ нæ фæкаст, афтæмæй йæ афарста: — Кæмуыдтæ, кæ, ацы къæвдайы? 208
Будзи ницы сдзырдта, афтæмæй агуырдта ивæнтæ. — Диссаг мæм кæсы, нана, адæмы хъуыддаг, — йæ дзау- мазттæ ивгæ æрæджиау тызмæггъуызæй сдзырдта лæппу. — Цы дæм кæсы диссаг? — Цы куы зæгъай, уæд иу иннæмæн йæхи уынаффæгæ- нæг куы скæны, уæд уый. — Уынаффæгæнджытæ дæр алыгъуызæттæ сты, мæ хъæбул, зонын сæ хъæуы, ды кæмæй зæгъыс? — Кæмæй кæ нæ колхозы сæрдарæй. — Цы дам, цы дзы нæ фæцыд дæ зæрдæмæ? — Косер хъуыддаг бамбæрста æмæ рахъавыд лæппуйы бæстон æр- фæрсынмæ. — Хъырымы нын, мæ хъæбул, хи бпнонты хуы- зæн у, никæимæ йын ис абарæн, йæ алы дзырд, йæ алы уынаффæ дæр хæдзары хæцгæ сты. — Алкæмæн дæр йæ царды йæхицæй хуыздæр уынаф- фæгæнæг нæй. — Уый раст у, фæлæ дын цæстуарзон уынаффæ чи ба- кæна, æмæ дын худгæ хæрамæй зæндтæ чи амона, уыдон иу кæцæй сты. Хуыцау — де уазæг, иунæг бон дæр — хæ- рам зæрдæты фæндиаг! Уыдон цæст хорздзинад никæмæн бауарздзæн, æгæрыстæмæй сæхиуæттæн дæр. Æммыст æмæ-иу адæймагæн йæ зæрдæйы конд, йæ лæджыхъæд йæ ныхыл фыст куы уаид!.. — Æнæуи дæр ын ис базонæн, нана, фыссын æй ницæ- мæн хъæуы. — Зын базонæн сты, зын, мæ хъæбул, сусæгæй хæцынц, калмау сæ марг сæ дæлæвзаг æмбæхстæй дарынц. Хуы- цаумæ дæр рæстытæ нæй æндæра-иу ахæмтæй мыггаг нæ цæуид, цæмæй иннæтæн цæрын æнцондæр уа. — Нана, алкæмæн дæр йæ амонд хорз, фæлæ мын мæ- нæ адон дæр ахс æндæра ацы мигъ бонты нал ссур уыдзы- сты æмæ мæ иннæбон хæрз раджы цæуын хъæуы. Косеры цæстытæ атарытæ сты, йæ хъæбулæн æй нæ фæндыд карз ныхæстæ зæгъын æмæ кæд йæ масты уаца- рæй фервæзт, уæддæр йæ дзуринæгтæ иууылдæр фергом сты. — Дæ хорзæхæй, цæуын, цæуын цы кæныс, дæ хæдза- ры дæм иунæг æхсæв сбон кæнын зын куы кæсы, уæд ахæм тæхудиаджы бæстæ кæм ссардтай, махæн дæр ма йæ ба- цамон. — Бæргæ дын æй амонын, нана, фæлæ... Цæй ницы кæ- ны, чизоны мæ хъуыды дæ зæрдæмæ фæцæуа фæстæдæр, уæд-иу мын хъусын кæн. Æз ма афæстиат уыдаин, фæлæ куыстмæ тагъд кæнын, æнæуый дæр байрæджы кодтон. — Нæма ’рхæццæ, афтæ йæ рæстæг цæуын-цæуынæй райдыдта, — Косер архайдта йæ кæрдзынтимæ, кæд йæхи- 14. Гугкаты Ш. 209
уыл хæцыд, уæддæр-пу хатт пæ мид-зæрдæйы сагъæс фæ_ зынд йæ фезмæлд, йæ хъæлæсы уагыл. — Дæу, æвæцц^. гæн, бæтгæйæ дæр ничи бауромдзæн, фæлæ-иу фысгæ уæд. дæр кæи арæх. Æфсады куы службæ кодтай, уæд дæ аёр» выл къуыри фыстæг пстон. Ныр дæр афæдзæй фылдæр нæ уыдтæ дæ хæдзары, фæлæ кæм дæ, цы дæ, уымæн ницы зыдтон. Иу заманы дæ хъуамæ хпцауадæн æрцагурын код. таин, фæлæ бонæй-бонмæ хабармæ æнхъæлмæкæсгæйæ ньь къуылымпы дæн. Уæд цас диссаг у иу гæххæтты гæппæл/ Афтæ дын куынæ зæгъын дæ хабæрттæ мæм кæрæй-кæ- ронмæ фæфысс, фæлæ æнæнпз, сæрæгас дæн, ацы дыууæ дзырды ныффыссынæн бнрæ хъæуы... — Дæхæдæг дæр нæ уарзыс, нана, фыстæг фыссын. — Мæн цы фæзмыс, мæн, — фæтызмæг Косер æмæ та дæрзæг ныхæстыл æрхæцыд дæндагæй, — æниу сымахæн цас фæнды дзур, уæддæр никуы бамбардзыстут ныййарæ-' джы зæрдæ. — Æз иу куы дæн, нана, уæд мæм бирæйы номæй цæ- мæн дзурыс? — Ды иунæг нæ дæ, дæ хуызæттæ нырма бирæ сты. Уæртæ кæмæ тагъд кæныс, чи дæм æнхъæлмæ кæсы, уый кæимæ банымайон? — Уый дæр махимæ, нана, фæлæ уымæн йæхицæн ис ныййарджытæ æмæ сæ йæхæдæг æмбардзæн. Демæ дзурын мæ бон нæу, сывæллонæй уæлдай мæм иæ кæсыс дæ царды фæндтпмæ æмæ цыфæнды кæн. Куыд- дæр ныххæццæ уай, афтæ-иу сын сывæллонимæ сæ хуыз- ист рарвит, гæххæттыл сæ уæддæр фенон. Чизоны сæ фй-, дæи сæрд æркæнай ардæм. Уæлдæф аивын дæр мæгуырау нæу. Æниу дæхæдæг зоныс, куыдфæнды кæнут, — ацы фæ- стаг дзырд Косер загъта йæ мид-зæрдæйы, фæлæ уæддæр зулмæ -бакаст лæппумæ, фехъуыста сæ, æви нæ, уый бæ- рæггæнæг, йæхæдæг фæстаг кæрдзын райста пецæй æмæ йæ æрæвæрдта иннæты фарсмæ фынгыл. — Фендзыстæм, нана, алцæмæн дæр рæстæгимæ цыдæр бастдзинад вæййы, чизоны æрцæуæм, чизоны — нæ. Арды- гæй уæдмæ бæрæг уыдзæн, рагацау фæндтæ кæнын, æвæц- цæгæн, æмбæлгæ дæр нæ кæны. Æз хъуамæ чысыл мæхи æруадзон, ме уæнгтæ цыдæр уæззау сты. Лæппу ацыд иннæ хатæнмæ. Косер, цыдæриддæр лæп- пуимæ се ’хсæн ныхас рауад, уыдоныл ног лыстæггай йæ цæст ахаста: кæд æм, мыййаг, æгæр тызмæг сдзырдтон^ кæд æм исты хъыг фæкаст æмæ иннæ хатæнмæ дæр уый тыххæй фæцæуæг æмæ та, йæхи æппынæдзух азымы дар- гæйæ, кæуылты æрзылдысты мады хъуыдытæ. Косер лæппуйы хæлаф æмæ хæдон тасæй сæ донкæлгæ 210
куы систа, уæд йæ згсрдæ фæтæнæг, йæ цæстытæ баумæл сты, афтæмæй сæ ныллæмæрста æмæ сæ бæндæныл æрца- уыгъта къæлндоры. , * * * Автобус анкъуыст. Косер лæууыд æрттæдæлармæй, йе уæхсчытыл цы тар морæ кæлмæрзæн уыд, уый бынæй нæ зындысты цæнгтæ, афтæмæй каст тызмæг, сагъæсгъуыз цæстытæй, цалынмæ автобус нæ фæаууон, уæдмæ, стæй цыма фæндарастгæнджытæй дæр никæй зыдта, уыйау фæрсмæ дæр нпкæмæ бакаст, афтæмæй фæраст йæ хæдзар- мæ. , Арв уыдис ирд. Фæскъæвда райсомы уæлдæф æгæр фæ- сатæг, адæймаджы буар æхцонæй æнкъардта хуры фæ- зынд, йæ тынты узæлд. Косер уæды онг тындзыдта, фæ- лæ кæрты дуары цурмæ куы бахæццæ, уæд фæлæууыд, бакаст æмбонды сæрты, стæй сындæггай бахæцыд дуарыл. Иунæгæй ма æгæр дæр сахуыр ацы кæрты, ацы хæдза- ры, фæлæ йæм ацыхатт фæкастысты бынтон æдзæрæг, ха- сты хуызæн. Чысыл раздæр ма дзы тæлфыди цард, ныхас- гæнæг дзы уыд, фæлæ уыцы фарн, цалынмæ сылгоймаг ав- тобусы æрлæууæнæй фæстæмæ здæхт, уæдмæ цыдæр фæ- цис. Нал дæр цуанон, нал-дæр карк змæлæг уыдис кæр- ты, æгæрстæмæй бандзыг, бамыр сты бæлæсты сыфтæртæ дæр, цыма царды бæрджытæн рæстæджы фæлм сæ хуыз айста, уыйау хæдзар зынд æдзæрæджы хуызæнæй. Косер- мæ афтæ фæкаст, цыма рагæй нал уыд ацы уæзгуытыл æмæ сæм мæнæ ныр æрбафтыд, æнæнхъæлæджы. Йæ хъæ- булимæ цалдæр боны кæй ацард, уый йæм фæкаст фын- фенæгау. Йæ хъусты зæлыдысты йæ дзырдтæ, йæ хъæлæ- сы уаг, йæ уынаффæтæй йын кæд никæуыл бацин кодта, уæддæр æхцондзинад, хастой йæ зæрдæйæн æмæ сæ æм- бырд кодта хъуыдыйæ, цæстæй. Косер æрбадт бæласы бын бандоныл. Йæ къухтæ æрæ- вæрдта йæ уæрджытыл. Афтæ арæх абады, æмæ цыма фæ- стæмæ раздæхæн кæмæн нал ис, уыцы амонд зæфцы фы- дæй ауагъта, уыйау æлхынцъ æрфыгæй каст йæ къæхты бынмæ. Иу заманы базмæлыдысты йæ былтæ, цæсгом фæ- райдзаст. Чысылæй йын тыпг коммæгæс уыди, хорз ахуыр кодта, райгонд дзы уыдысты ахуыргæнджытæ, сыхæгтæ, хъæубæстæ. Иунæг адæймаг дæр дзы нæ зоны маст, къæй- ных кыхас. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ горæт- мæ куы цыд йæ ахуыр адарддæр кæиыны тыххæй, уæд дзы бирæтæн иæ уыд æхсызгон. Уый фæстæ дæр æй мысыды- 211
сты, арæх-иу сæм æрхаудта йæ кой. Ныр дæр кæд йæ уаг- ахаст йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уæддæр æм нæ фæкаст æнæ- гъдау, æнахъинон хивæнд. Бæргæ ныртæккæ æд бннонтае йæ фарсмæ куы фестид куырыхон лæгау куы ’ргуыбыр кæ- нид царды фæндтæм, уæд хорз уаид, фæлæ цы гæнæн ис. «Йæ уд мын дзæбæх уæд, æндæр мæ ницы хъæуы!» — Уый ныййарæджы иууыл стырдæр бæллиц у. Уымæй дарддæр æм ахæм тых, ахæм хъару ис æмæ алцæуыл дæр хъæц- дзæн. Будзийыл хъуыдыгæнгæйæ, алгъуызон нывтæм кæсгæйæ та гæзæмæ рухсы тынтæ бакастысты мады зæрдæмæ, хæ- дзары рудзгуытæ дæр цыма фæрайдзаст сты, уæзæджы фар’к та цыма фæстæмæ æрæздæхт æмæ ахæцыд Косеры къухыл. Сылгоймаг бахæццæ суанг сæрзæды бынмæ, цæстæнга- сæй агуырдта, чи йыл баузæлыдаид, иунæг ахæм зæрдыл- даринаг, фæлæ уæддæр къуымтæ хастой уазал, къултæ ау- уон дардтой зæрдæмæ. Хæрдхуызæй, дам, æртгъуыз хуыз- дæр у, фæзæгъынц, хъуыд сугтæ æрбадавын, арт акæнын. Ехх, æвæдза хæдзары кæсдæр куынæ уа, саби дзы куынæ кæуа, къуымты куынæ рауай-бауай кæна, куынæ худа, уæд дзы хæйрæджытæ симынц, райдзаст бонтæ дзы къаддæр вæййы. Кæд сæ маст, сæ фыдæбон бирæ у , семæ зын арха- йæн у, уæд æнæ уыдон та ноджы зындæр у. Уыдон туги- мæ зилынц адæймаджы тугдадзинты æмæ йын фидар кæ- нынц йæ царды ныфсыты, йæ рухс бæллицты. Маст æмæ фыдæбон та, сæ иу бахудт, сæ иу фендæй атайынц уалдзы- гон митау. Косеры уæнгтæ ма ныр дæр баризынц, фæлæ йæ ху- дын дæр нал æмæ нал фæуромы. Цы фыдбылызы хъуыды йæм фæмидæг, цæмæ йæ кодта йемæ горæтмæ?! Базары иумæ фæзылдысты, асгæрстой дуканитæ дæр. Цалынмæ мад йæ хъуыддæгтыл зылди, уæдмæ дæр Будзи- йы фæндыд зоопарчы азилын, йæ хъуыды дæр цалдæр хат- ты загъта къæзгæйæ, фæлæ та-иу мад атындзыдта йæ ра- зæй, уайдзæфтæгæнгæ. Дардыл фæзуат чи бацахста, уыцы зоопарчы бæрзонд фæйнæджытæй къулы-иу бакæсæн зыхъыртæ рацагуырдта лæппу, фæлæ йæ цæст ницæуыл хæцыд. Æрæджиау сæххæст йæ биллиц. Билеттæ цингæнгæ фæ- сагъта дуаргæсы къухы æмæ цыма йæ мад йемæ нæ уыд, уыйау фæаууон адæмы ’хсæн. Косер æй фæстейæ басырд- та,' йе ’фцæггот ын ацахста, ныххæцыд ын йæ къухыл æмæ йæ уæгъд нал суагъта. — Дæ хорзæхæй ннкуы ницы федтай! — загъта лæппу бустæгæнгæ æмæ йæ мады ласæгау акодта йæ фæстæ. 212
Косер йæхæдæг дæр сцымыдис алгъуызоп сырдтæ æмæ мæргътæм кæсгæйæ. Хатт-иу дзы лæппу дæр æрбайрох азмæ та-пу адзæгъæл, фæлæ-иу æй уайтагъд ссардта. Иу- рæстæджы та йæм йæ зæрдæ сдзырдта: «Цæй кæдæм хъуа- мæ ацæуа ардыгæй дарддæр», — æмæ йæхæдæг цалынмæ æнæхъæн зоопаркыл зылд фæцис, уæдмæ йæ нал æрца- гуырдта. Косер куыддæр дыккаг хатт æрзылд уыцы иу фæнда- гыл, афтæ фæсаст йæ цымыдис æмæ йæ зæрдæ ахсайдта цæуынмæ. Йæ алыварс акаст, йæ цæст ахаста дæрдтыл. Сындæггай азылд, фæлæ ацы хатт сырддæм нал каст, йæ цæстытæ-иу арæхæй-арæхдæр андæгъдысты Будзийы æм- кар лæппутыл. Райдианы цыд сындæг къахдзæфтæй, са- быр, уæзбын хъуыдытимæ. Куыд фæстагмæ йæ цæсгомыл фæзынд цахæмдæр æбæрæг тасы нысæнттæ, афтæмæй та цалдæр зылды æркодта, уæды онг цы фæндагыл цыдис, ууыл, «Уæртæ кæми, уæртæ... Гъæ, уый куынæ у... Уæдæ цы фæуыдаид, зæххы скъуыды аирвæзт, æви йæ хæйрæ- джытæ аныхъуырдтой?» Сылгоймаджы зæрдæ бауынгæг, цы ми бакæнайы фарст ын цадæггай фæсырдта йе ’нцойад. Лæууы, лæппуйæ кæм фæхицæн, уыцы бынаты, нал уæн- дыд дарддæр къахдзæф акæнын. «Будзи!», — сылгоймаг хъавыд фæхъæр кæнынмæ, фæлæ йæ бон нæ бацис. Уæд- дæр æм афтæ фæкаст, цыма тынг хъæрæй загъта Будзийы ном, фæлæ йæ уый нæ фехъуыста. Адæм тыннывæндæгау кæнынц дыууæрдæм. Уыдонæй йын.ничи хаты йæ тыхст уавæр. Алчи дæр æнæмæтæй цæ- уы йæ фæндагыл. Мадзура æмæ дзы æрхæндæгыл цæст иæ хæцыд. Иууылдæр уыдысты хъæлдзæг, сæ райдзаст цæс- гæмттыл æнцон бакæсæн уыдис зæрдæйы æхцондзинад. Алкæмæн дæр йæ хъуыдытæ баст сты æрмæст дæр сырд- доны цæрæгойтимæ. Алчи дæр цæуы æнæмæтæй, ныхас кæ- ны, йæ цæстытæй æрттивынц æхцондзинады тынтæ, фæлæ дзы иу дæр нæ бакаст Косеры цæсгоммæ. Иутæ йыл сæхи дæр асæрфынц фыдæнæнгæнæгау, ома, чысыл ма иуырдæм алæу, цы схъил дæ фæндаджы астæу. Косермæ адæм фæкастысты тынг æгъатыр æмæ дур- зæрдæ. Æвиппайды йæ сæры фæмидæг дуаргæсы афæрсы- ны хъуыды. Бахæццæ. Лæууы фадатмæ æнхъæлмæгæсгæ- йæ. Адæм кæнынц æттæмæ-мидæмæ. Сылгоймаджы сæр ра- зылд, цæстытыл абадт фæлм. — Ам, мыййаг, къаннæг лæппу ахызт æддæмæ? — Æрæ- джиау Косерæн бантыст дуаргæсы афæрсын. Дуаргæсы фыццаг не ’вдæлд, стæй йæм æрæджиау скаст дисгъуызæй. — Ауылты бирæ гыццыл лæппутæ ахызт, хорз ус, — 213
дзуапп радта сылгоймаг æмæ, иу адæймаджы къухæй би- рæ бплеттæ райсгæйæ, къордыл ахаста йæ цæст. Ацы дзуапп нæ фæцыд Косеры зæрдæмæ, æгæр дæрЛ зæг æм фæкаст. «Ау уæздандæр зæгъæн ын нæ уыд, дзырд-, тæ дæ æлхæнын хъæуы!» Рамæсты дуаргæсмæ, алывыдтæ дæр ын акалдтаид, фæлæ йæ иуæй йæ зæрдæ нæ хаста дзу^ рын, пинæмæп та йæ æвдæлгæ нæ кодта’. «Цы мп бакæ-, па?» — ацы фарст æрцауындзæг пе ’взаджы цъуппыл, фæл-1 хатт æй кодта зæрдæ, æнæхъæн буар, хатт æй æргсмæй д#р фæзæгъы æнæрхъуыдыйæ. Фæстагмæ бацард йæ зæр- дæйы æмæ тæрсып кодта туджы, фæдисонау ын змæста’ йæ хъуыдытæ. «Чизоны мæ агурæг адзæгъæл, ахызт зоо- паркæй æмæ тыхстæй рауай-бауай кæны», — йæ зæрдæ. ахсайдта Косерæн. Сабийьг сæфт рагæй нал фехъуыста, фæлæ æрцыд ахæм цаутæ дæр. «Кæцыфæнды æнæзæнæг лæг æмæ ус дæр сразы уыдзысты ахæм цыкурайы фæрды- д>кы хуызæн цæттæ сывæллоны сæхицæн схъомыл кæны- ныл». Косер фæтарст ацы хъуыдыйæ, фестъæлфыд. «Бу- дзи!» — ацы хатт йæхимæ дæр фехъуыст йæ хъæр, фæлæ йæ уæддæр адæмæй нпчи фехъуыста, нпчи йыл батыхст, æвæццæгæн-иу ахъуыды кодтой, зæгъгæ, уым днссагæй ни- цы нс, ныртæккæ ссардзысты кæрæдзп. Косер.та атындзыдта, цалдæр хатты ацыд уыцыиу фæн- дагыл. Нæй æмæ нæй, — сывæллон аирвæзт зæххы скъу’ы- ды «Мæ арт бауазал, ’мæ хæдзар хæлдзæн!» — зæрдæ хъæр, кæпы фæдис. Сылгоймаджы тыхст лæбуры уæнгтæм, схæц- цæ хъуырмæ. Уым ныффидар. Цæстытæ тыбар-тыбур кæ- нынц. Сæр фестад куыройы цалх. Косер ахæццæ дуары онг, ахызт æнæрхъуыдыйæ, фæлæ кæдæм цæуннаг уыд, уы- мæн йæхæдæг дæр ипцы зыдта. Цалдæр къ.чхдзæфы са- рæзта иуæрдæм, фездæхт иннæрдæм. Йæ развæндаг дæр нæ уыны, афтæмæй кæсы, хъахъхъæпы фæйнæрдæм. ,«Нæй, бынтон мын йæ фæд фесæфдзæн». Фездæхт фæстæмæ. — Дæ билет? — Йæ къух æм бадардта дуаргæс. — Æз мæнæ ныртæккæ рахызтæн... — лæгъзтæмхасæн йæ зæрды уыд сбустæ кæнын, уæддæр дзырдта йæ мид-зæр- дæйы: «Цæй билет мæ агурыс, ныртæккæ мæ æндæр ницы ’ндавы, йæ нывовд мын æрбауай». . Дуа’ргæс та æрдомдта бплет. Билетмæ та хъуыднс но- гæй рады слæууын. Сылгоймаг загъта йæ мид-зæрдæйы тызмæг, дæрзæг ныхæстæ æмæ февзæрд кассæйы раз. — Æнæрады мачи цæуæд! — Йæ хъустыл сæмбæлды- сты æгъатыр дзырдтæ. Нал ын уыдис гæнæн. Разæй чи лæууыд, уыцы чызджы къухты фæсагъта æхца... «Байрæз, бахъомыл у дæ пыййарджыты фæндиаг!..» Атындзыдта, йæ бппет йæ къухы, афтæмæй... 214
Косер зилы адæмы ’хсæнты, кæсы бынты, уæлæты. Скæ- уынмæ йæ бирæ нал хъæуы, тыххæй ма йæхи уромы. Цæ- стытæ баумæл сты. Хъуыр пыххус. Дуаргæсы онг та ра- хæццæ. Дуаргæс æм’ фæкомкоммæ. Йæхæдæг ныййарæг чи уыдис, ахæм. Ацы хатт æм бахъардта Косеры тыхстдзинад. — Хорз ус цæуыл тыхсыс? — Мæ хъæбул, — сдзырдта Косер æмæ та йæ цæст дар- дыл хæсгæ æрзылд йæ мидбынаты, — чысыл раздæр æр- бацыдыстæм иумæ æмæ æрбадæлдзæх, цы мæ фыдбылызы къæхтæ мæ æрбахастой ардæм, цæмæ дзы цыдтæн, цæй зоопарк мæ хъуыд. — Цыма йыл йæ цæст схæцыд, уыйау фестъæлфыд æмæ та фæстæмæ атындзыдта. «Дæ разы ма уыцы сылгоймагмæ фæдзур», — дуаргæс дзуры йæ фарсмæлæууæг чызгмæ. Чызг æм фæдзырдта. Ко- сер цæхгæр фæзылд æхсызгон хабар фехъусын æнхъæл. «Уæртæ маймулптæ кæм сты, уым тынг бирæ адæм ис æмæ уырдæм ацу. Дæ лæппу цалынмæ сæ тæккæ цурмæ бахæц- цæ уа, уæдмæ дын йæ къах дæр никуыдæм авæрдзæн, дзæ- гъæлы тыхсыс». Косер атындзыдта. Будзи лæууыд^ æппæты разæй æмæ каст, худæг митæ чи кодта, æппынæдзух кæсынæй кæмæ нс ’фсæст, уыцы мапмулитæм. Мады тыхст æмæ тас цыдæр фесты, æгæрыстæмæй сыл фæсмон дæр фæкодта, фæлæ уæддæр мæстæйдзагæй ацахста лæппуйы къух, ногæй йын сæфынæй тæрсæгау, æмæ цыд æнæдзургæйæ. Дуаргæсимæ кæрæдзимæ хæлар цæстæй бакастысты. Абон дæр ма йæ цæстытыл уайы уыцы фæлмæн мидбылхудт. Косеры зæрдæ бабуц пвгъуыды ацы ’иывтæй. Будзины чиныг æрдæг кастæй лæууыд стъолыл. Р1æ къухмæ йæ рай- ста. Бирæ уарзы аивадоп литературæ. Хъыгдарæг æй нæй зæгъгæ, уæд дзы кæрдзын хæрыи дæр æрбайрох вæййы. Уæдмæ та цадæггай æгуыппæг, æрхæндæг æрцард ха- тæны. Уыцы цаддæр боны нывтæ та йын райдыдтой æмæ та Косер дæр ныхъуыста йæ зæрдæмæ. Сабырдзинад фехæлдта стуры уасып. Косер сыстад, зи- вæггæнгæ, ахызт къæлидормæ. Уырдыгæн кæсы. Сылгой- магмæ æнхъæлмæкæсæгау .дæууынц дыууæ стуры кæрæдзи фæстæ. Фырæфсæстæй сæ бон улæфын дæр нал у. Кæрчытæ дыууæрдæм кæнынц æхсæвæр домæг. Косер æрхæндæгзæр- дæйæ фæцис йе ’зæры зылдтытæ. Тынг фæллад æмæ фæл- мæцыд уыди, афтæмæй уыцы бон ницы уадиссаг бакуыста. Нæдæр æм йæ цардыл хъуыды кæнын цыд, пæдæр йæ або- ны аудинæгтыл æмæ нæдæр йæ сомбоны хъысмæтыл. Аф- тæ, талынг хатæны бадгæйæ, сæхгæнид йæ цæстытæ, йæ удæй фæсурид æппæт сагъæстæ дæр уысмы бæрц æнцой- дзинады тыххæй. 215
Бады Косер талынг хатæиы. Бады, фæлæ йын йæ зæрдæ нæ дæтты æнцойдзинад. Цыма йæм ныртæккæ йæ хъæбул æрбамидæг уыдзæн, цыма йæм ныртæккæ æнæмæнг исчи æрбахойдзæн, уыйау йе знæт хъуыдыты йæ бон нæу æрса- быр кæнын. Ацы уавæр æй тыхсын кæны, фæлæ æнхъæл- мæ кæй кæсы, уый йын хæссы цахæмдæр æхцондзинад. * * * Ахмæт йæ машинæ фæурæдта хæдзары тæккæ рацæуæ- ны, фæлæ дзы рухс куынæ калд, уæд ахызт фæндагæй иу- варс æмæ ахуыссын кодта матор. Машинæйы рухсытæ фæ- мидæг сты Косеры хатæны æмæ сылгоймаг фестъæлфыд, йæ цæстытæ рухсы тынтимæ азылдысты къултыл, фæлæ уыдон фæстæмæ лидзæгау фæтары сты. Йæ зæрды уыд сы- стын æмæ рудзынгæй акæсын, фæлæ йын уый дæр нæ бан- тыст, афтæмæй, фыдæнæнгæнæгау, йе ’нкъарæнты рохтыл хæцгæйæ, бадт йæ хъуыдыты тымыгъы. Фæззыгон сатæг уæлдæф хаттæй-хатт рацæуы уæлæн- гай æмæ хъустæ гæзæмæ ацахсынц сыфтæрты сыбар-сы- бур. Уынгты змæлæг-налис. Электроны рухсытæ дæр кæ- рæдзимæ æгæр дард’уыдысты, æви ранæй-рæтты лампоч- кæтæ судзгæ бакодтой — мæйдары ницы æвзæрста адæй- маджы цæст. Ноджы машинæйы рухсытæ куы ахуыссыды- сты, уæд Ахмæты алфæмблай уыд бынтон саудалынг, аф- тæмæй бадт машинæйы хуылфы æмæ йæ мйд-зæрдæйы хъуыды кодта Косеримæ йæ фембæлдыл. Амæй размæ тынг зивæггæнгæ цыд, мæнæ йæ зæгъгæ йæ зæрдæ не схуы- ста размæ, уæд æппындæр йæ ныфс нæ бахастаид, фæлæ ацы хатт фæуæндондæр, фæныфсджындæр, æмæ йæм нæ уыд æрдæг фæндагæй раздæхыны хъуыды. Цалынмæ рудзынгæй рухс кæла, уæдмæ ам банхъæл- мæ кæсдзæн, стæй æнæгуырысхойæ бахойдзæн дуар. Ив- гъуыд царды нывтæ дæр ыл цыма ацы хатт уый бæрц не ’рцауындзæг сты. Иæ цæстытыл-пу дзы чи ауад, уыцы ны- вæн дæр цыма ницыуал нысаниуæг ис, уыйау æй сырдта йæхицæй. Æрмæст ма йæ тыхсын кодта иу хабар: Ардæм фæстаг рæстæджы арæхæй-арæхдæр кæй фæзыны, уыцы хабар апырх адæмыл æмæ къæхтæ æмæ къухтæ æфтаугæ- йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæццæ кодта Косермæ дæр. Йæ бон у æмæ сыл йæ къух ауигъа, фæлæ гæнæн ис æмæ зæ- гъа: Иу хатт мын схæццæ кодта мæ цард æмæ ма мæ зæ- рондæй та адæмы цæсты цы ’фтауы, цæуылнæ мæ ныууа- дзы мæ мæгуырыл, æви мæ фыд æмæ йæ фыд иумæ цар- дысты. 216
Ацы уайдзæфтæн дæр цæттæ уыд Ахмæты дзуапп: «Уы- дон дам-думтæ не сты, фæлæ мын уал азы æнцойдзинад чи нæ дæтты, уыцы бæллицтæ, æрмæст сæ хъæуы барæвда- уын». Косеримæ цы рацард, уыцы рæстæг ын айста йе- ’нцойад, йæ лæппу, æндæргау, зылди йемæ æмæ йæ уысмы бæрц дæр уæгъд нæ уагъта. Æнхъæл уыдис, зæгъгæ, рай- гуырæн уæзæгæй дарддæр куы ацæуон, уæд тагъддæр фе- рох уыдзысты, йæ къух кæуыл систа, уыцы сонты бонтьг нывтæ æмæ зæрдæйы мидæг билцъ уадзынмæ фæуыдзæн- дыккаг уарзты тауинаг. Цæмæй зыдта хивæнд зæрдæ, сыгъ- дæг уарзты æнкъарæнтæ дзы сæ уидæгтæ кæй æрсадзынц æмæ уый фæстæ сласын кæй нæуал фæкомынц, уый. За- ремæимæ Ахмæты ахастытæн дæр чизоны ис уарзт схо- нæн, фæлæ йæ уидæгтæм нæ разынд цæрдхъом тых. Ахмæты цыдæр фыдбылыз фæцахуыр кодта клубмæ. Уæд хæдархайгæ зарджыты къорд йæ тæккæ кадыл уыдиг Заремæ зæрдиагæй куыста. Сæрдарæй, парторгæй сын нæ лæвæрдта æнцой. Балхæдтой музыкалон инструменттæ, да- рæс. Фæсивæд тынгдæр сцымыдис сты. Заремæйы хъæлæ- симæ мæлæты хорз æрбадт Ахмæты хъæлæс. Сæ концер- ты программæйы фылдæр хай уыдон зарджытæй арæзт уыд. Иумæ фидаугæ дæр мæлæты хорз кодтой, — тынг цы- дысты адæмы зæрдæмæ. Æгæрыстæмæй сын фæзынд уы- наффæгæнджытæ дæр: цы ми кæнут ам, цæуыл сафут уæ курдиат. Сымах бæсты, зæгъгæ, æндæртæ, уæд афонмæ зариккой профессионалон ансамблы. Уазæгуаты уыдысты сыхаг колхозты, хайад истой суанг республикæйы олим- пиадæйы дæр. Призтæ, грамотатæ... Иудзырдæй, цыма æнæкæрæдзи сæ диссаджы курдиат ахуыссыдаид, уыйау нал хицæн кодтой сæ кæрæдзийæ. Иурæстæджы Ахмæтæй рох дæр æрбаци йæ куыст. Хъырым æй уыд цалдæр хатты бафæдзæхсинаг, фæлæ иугæр кружочы кад уæлæмæ-уæлæ- мæ куы цыди, уæд-ну ныхас æргъæвта фæстæдæрмæ. Фыс- той сыл районон, областон, æгæрстæмæй республикоп га- зеттæ дæр. Уый колхозы разамынадæн дæр нæ уыд æнæ- пайда. Кад æгады хос кæд уыд? Хъырым-иу йæхæдæг дæр- бабуц газеттæ кæсгæйæ. Радиойы цалдæр хатты уыд сæр- магонд ралæвæрдтæ кружочы куысты тыххæй. Сæ кон- цертты программæ та магнитон лентæйыл фыст æрцыд æмæ йæм арæх фехъусынц адæм. Фæфыссынц сæ куырди- æттæ дæр. Ахмæт тынг фæсмон кæны уыцы фыстыл. Мæ- нæ йын зæгъгæ бантыст, уæд æй скуынæг кæнид. Ахæм рæстæджы йæхæдæг æрыхгæны радио. Косер та уый тых- хæй нал фæхъусы иннæ программæмæ дæр. Адæм дæр диссаг сты. Нырма никуы бæхы хуыррытт, никуы ехсы цъыкк, йæ фæндтæ æмбис фæндагыл дæр нæ- 217'
ма сты, афтæмæй та йьтн фæзынд уынаффæгæнджытæ, фæ* лæ хуыцау де уазæг, цæйнæфæлтау ма сценæйыл ралæу- уа æмæ азара, фæлтау донæй дуртæ хæсдзæн. Æниу æй æнæфæндгæ нæу, хъæлдзæгдзинад й’æ туджы ис, фæлæ йын йæ намыс йæ цæстмæ арæх бадары уыцы рæдыд. Фæл- тау баддзæн залы æмæ йе ’взонгад мысгæйæ, зæрдиагæй > хъусдзæн æмæ кæсдзæн сæ апвадмæ. Уый кар, æбæрн æмæ æнæмæты кар у, уды æхцондзинады йеттæмæ йæ ницы æн- < давы, ферттивы æмæ, цæсты ныкъуылдау, атæхынц йæ бон-^ тæ. Уыцы бонтæн сæ рог змæлд, æмæ сын цæрæнбонтæм фæуынæй чн нæ тарст, уыцы зæрдæйы парахатдзинад мыс- гæйæ, адæймаджы хаттæй-хатт æрцахсы æвæджиау хæлæг, фæсмон, хатт та бæллиццаг хъуыдытæ. Æниу дзы зæрдылдаринаг цины бонты,йёттæмæ вæййы æнæнхъæлæджы маст æмæ цæссыг дæр. Хъысмæт ын йæ удæй саразы хъазæн хъул æмæ ма уæд йæ къахыл слæу- уынхъом кæнæ бавæййы, кæнæ нæ. Намыс нæ зоны кар æмæ рæстæг, чысылæй фæстæмæ у æвæринаг. Иугæр ыл рыг абадт, уæд цæргæ-цæрæнбоптæм нал ацæудзæн йæ чъизи. Æниу æвзонгад рæднаг у. Арæх йе ’вæлтæрдæй æф- хæрды бахауы, фæлæ хъысмæт æгъатыр у, йæ уд уæхстыл куы уа, йæхæдæг та чъырын арты куы судза, уæддæр ыл фæхуды чыр-чырæй. Æвзонгадыл гадзрахатæй чи нæ ра- цæуы, цыфæнды мæйдары дæр ын йæ разæй цæхæркалгæ рухс чи фæхæссы, ахæм иузæрдион хæлар ын чиныг у, фæ- лæ йыл уый дæр хатт асадзы, царды уæз сисыи йæ бон кæмæн нæма вæййы, ахæм бæллицы базыртæ. «Иу хатт ма мын хъысмæт цард куы радтвд, уæд æй рацæрпн, æрмæстдæр фыццаг куыд рацардтæн, афтæ» — Ацы дзырдтæ сты æцæг псторион, лптературон хъæбатыр- ты хъуыдыæвдисæг. Ахмæт дæр сыл бирæ хæттыты сæм- бæлд, тынг йæ зæрдæмæ цæуынц. Ахæм хъуыды зæгъдзæ- нис, хи уды амондæй дзыллæйы амондæн бæрзонддæр аргъ чп кæны, æрмæстдæр ахæм адæймаг. Ахмæт æм бахæссид чысыл ивындзинæдтæ, кæд ацы хъуыды йæхи зæрдæмæ дæр цæуы, уæддæр... Чизоны ахæм хъулæттæ дæр царды хъулæттæ сты æмæ кæмæп разынынц, кæмæн та нæ. Æниу алчп нæхп тыххæн дзуапп дæтты. Уæдæ цымæ Заремæмæ та цы хъуыды ис, фæсмойнаг ипцæмæй у? Кæй зæгъыи æй хъæуы у. йæ амонд кæмæн басудзы, уый уæдæ йæ цардæй æппæла. Фæлæ, æвæццæгæн, алыхатт хъысмæты нæй азымы дарæн, дыккаг, æртыккаг- хатт »нал æмбæлы рæдийын. Заремæмæ фидар лæджыхъæд разынд, нæ фæтарст йæ уавæрæй, нæ ныхъхъæр кодта фæ- дис. Чизоны ма йæ бон уыдис царды хъулæттæм быцæутæ бавæрын, фæлæ иугæр æгæр зынын куы рандыдтой, уæд йæ 218
цаэст нал бауарзта ахæм æгъатыр ми саразын. Ахмæтæн 4 иунæг хатт дæр нæ бафаудта Косеры, кæд йæхæдæг зын- доны цæхæры сыгъди, уæддæр дзы æдзух æппæлгæ кодта. Масты цæссыгтæ уыдысты йæ ирвæзынгæнæг. Кæд арæх фæлмæцыд йæ мид-зæрдæйы знæт хъуырдухæнтæй, уæд- дæр йæхæдæг уыдис уынаффæгæнæг: «Æз фенамонд дæн, хуыцау мын нæ радта рухсы тын — сывæллон, фæлæ ма ды та цæуыл хъизæмар кæныс», — Ахмæты хъусты та ныз- зæлланг кодтой ацы дзырдтæ æмæ йæ буар ныддыз-дыз кодта, баумæл уазал хидæй. Йæ цæстытыл ауад, амонд тæргай кæмæй фæлыгъд, ахæм æрыгон сылгоймаг—Заре- мæйы æфхæрд, сагъæсгъуыз цæсгом. Куыстæй, балцæй-иу бæргæ тындзыдта цахæмдæр хæрзиуджытæ саразыны ныф- сытпмæ, фæндыдис æй йæ сылгоймагыл баузæлын, фæлæ та-пу, хингондау, бахус йе ’взаг, пæ-пу райхæлд йе ’рфгуы- ты æлхынцъ, иунæг рæвдауæн дзырд дæр-пу дзы нал ран- тыст. Афтæмæй æрвыста хъпзæмайраджы бонтæ. Фæлæ уæддæр хатт йæхи азымы бадары. Ацы хатт дæр та фæ- тарст йæ намысы тæрхонæй æмæ рахызт машипæйæ. Заремæ иу бон сыстад æмæ кæдæмдæр фæцыд, кæ- дæм, — уымæп Ахмæт зонгæ дæр ницы бакодта. Стъолыл æппæрст гæххæтты гæбазыл уыд фыст: «Ма мæ агур, кæй хъæуын, уыдон зонынц, кæм дæи, уый». Йæ мад æмæ йæ фыды хæдзармæ нæ ацыд, æрцард æндæр горæты. Уым сабиты рæвдауæндоны музыкæйы ахуыргæнæгæй кусгæйæ, базонгæ пу къаниæг æнæмад чызджы фыдимæ æмæ фæ- хайджын хъæбулы амондæй дæр... ...Ахмæт райдыдта фæлмæцын. Косеры хæдзары рухс нал æмæ нал сыгъд. Фæстæмæ бахызт маш’инæйы хуылф- мæ, фæлæ йын йæ дуар пал бахгæдта. Чысыл фæстæдæр æм цыма ног хъуыды фæзынд, уыйау тагъд-тагъд рахызт æмæ фæраст кæрты ’рдæм, бахæццæ йæ зонгæ бæласы онг, фæлæ та уым, цæуылдæр фæфæсмонгæнæгау, фæлæууыд, айхъуыста фæппæрдæм, йæ боп нæ уыд иу къахдзæф са- разын нæдæр размæ, нæдæр фæстæмæ, бандзыг йæ мнд- бынаты. Диссагыл дæр дис ничиуал кæны. Кæддæр фысым уы- ди, ацы хæдзармæ уый номæй дзырдтой мндæмæ. Ныр та йæм хион нæ, æцæгæлоны ном дæр нæ хауы. Гæнæп ис æмæ ма тард дæр баййафа. Уæддæр хъуамæ бавзара йæ амонд, фæлæ йæ ныфс цыдæр фæцис. Лæппуйæ цыма уæн- дондæр уыд. Косеримæ уайтагъд азонгæ. Æппæлæгау ын 219
сæргом кодта йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ. Ныр дæр бæргæ сарæхсид, фæлæ уæды фадæттæн сæ ныв дæр нал ис æмæ тыхсы йæхи мидæг. •' «Нæй æмæ нæй, — загъта йæхицæн мæстæлгъæдæй, ~ нæй, дурæй хъæбæрдæр, фæлæ йæ уæддæр хъуамæ бабæ^ рæг кæнон», — æмæ фæраст асины ’рдæм, хæдзары исчи разындзæн, уый дæр æй нæ уырныдта, афтæмæй. Йæ къах æрæвæрдта асины къæпхæныл. Зæрдæйæн цыдæр æхсыз-; гон уыдис ацы къахдзæф æмæ йæ уыцы тых фæуæлдæр кодта, цадæггай схæццæ йæ сæрмæ. «Æвæццæгæн ам нæй æндæра афонмæ цырагъ ссыгътаид», — ахъуыды кодта Ах- мæт æмæ уæндондæрæй бацыд дуары онг. Уым дардыл- хъуыдытæ æмæ фæндтæн фескъуыд сæ хал æмæ лæг дуар бахоста фæд-фæдыл æртæ хатты. Косер, бæлццонмæ æнхъæлмæгæсæгау, фестъæлфыд, дыккаг хостæн фестад æмæ тагъд-тагъд бавнæлдта рух- сы къæпсырмæ. Ратындзыдта дуары ’рдæм, афоныл æм куынæ бахæццæ уа, куы ферæджы кæна, бæлццон фæстæ- мæ куы аздæха, уымæй тæрсæгау. Будзиимæ дæр йæ зæр- дæ куыннæ адзырдта, фæлæ ацы хатт йæ цæстытыл ауад Ахмæты æнæдаст цæсгом æмæ йæ кæд йæхицæй сырдта, уæддæр ын йæ зæрдæмæ хаста рухсы тын. Æвзонгады æн- къарæн райхъал йе уæнгты æмæ йын уыцы æнкъарæн лæ- вæрдта æхцондзинад. Æртыккаг хост æмæ дуары фегом баиу сты. Сылгой- маг андзыг, йæ цæстытæ гæзæмæ баурæдтой лæджы æн- гас, стæй сæхи асæрфтой цæсгомыл, сæрыхъуынтыл, æмæ цадæггай æрбырыдысты къæхты бынмæ. Æнæнхъæлæджы сагъæстыл æй бафтыдтой, азты бæрджытæ гæзæмæйы йет- тæмæ кæуыл нæ фæзындысты, уыцы къæсхуыр, даргъго- мау, ног даст цæсгом æмæ электроны рухсы тынтæм æрт- тивæг сау цæстытæ. Сылгоймаг азылд æнæдзургæйæ æмæ амæй размæ кæд хатæиы къуыммæ ахæццæ, уæд ныр та æрлæууыд стъолы тæккæ фарсмæ. -^ Де ’хсæв хорз, бар дæм ис? — Кæд ма фарстай мидæмæ æрбахизыны бар? — Косер ацы хатт дæр нæ уыд дзуринаг, фæлæ йын ацы дзырдтæ йæ мид-зæрдæйæ слæстой йæ хъуыды æмæ фергом. Фæн- дыдис æй æндæр хъуыды зæгъын, ома ацафон æцæгæлон нæлгоймагæн не ’мбæлы идæдз сылгоймаджы хæдзармæ цæуып, фæлæ йын æй не суагъта йæ зæрдæ. Ахмæт дуар ахгæдта æмæ æрбадт стъолы фарсмæ бан- доныл. — Сбад ды дæр, цæмæ лæууыс? — Мæпмæ гæсгæ æз хонæг никæмæ арвыстон. 220
— Чизоны мын мæ хъуыды æнæуый дæр æмбарыс, фæ- лæ æз демæ аныхас кæнынмæ æрбацыдтæн. — Чи ма дæ ферох, уыдон зæгъынмæ, æвæццæгæн? — Уыдон дардыл дзуринаг сты, фæлæ уал мын бамбар мæ цыды нысан. — Дæуæй йæ куынæ фехъусон, уæддæр мæм æй уыдзæн хæццæгæнджытæ. Адæмы дзыхы мæ иу æфтыд бакодтай. Уыдонæй куы фервæзтæн æмæ мæ зæрдæ чысыл куы æру- лæфыд, уæд та — ног дам-думтæ. Цавæр æнамонд боны гуырд фæдæн, .уымæн æппындæр мæ бон ницыуал у бам- барын. Мæны йеттæмæ цыма чындзы дæр никуы ничи ацыд, йæ лæгæй дæр никуы ничи ахицæн, уыйау йæ би- ноитæн сæрфат чи нæ зоны, уый дæр хъуамæ мæ кой ра- кæна. Стæй кой кæнинаг кæд уыдтæн, уæд уыдтæн, фæлæ ныр та? Ныр, мæ хуызæттæ иугæйттæ æмæ дыгæйттæ куы- нæуал сты, уæд... Косер дарддæр дзурын нал бафæрæз- та, — йæ кæуындзæг цадæггай æмбырд кæнын райдыдта хурхы нарæджы. — Раджы цы уыд, ууыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ ныр- тæккæ дам-думтæ кæй схуыдтай, уыдонæн мæ хъæуы, гъе, дæ дзуапп. — Дæ бынаты æз ацы бæстæйы тæфтыл дæр нал ауада- ин, фæлæ дæм рагæй фæстæмæ искæй ном, искæй хъыс- мæт нымады не сты. Афтæ æнхъæлыс амæй размæ дæ ни- чи базыдта, ничи дæ федта? Уынгмæ ракæсын дæр мæ ныфс куынæуал хæссын æфсæрмæй. Уæд цæй тыххæй схъеллауаг мæ цард? Кæмæн цы ракодтон, хорзæй дард- дæр? — Косер йæхиуыл хæцыд, фидар лæууыд, фæлæ цас фылдæр дзырдта, уыйбæрц ын зындæр уыдис улæфын, йæ зæрдæ райдыдта тыхсын, уынгæг кæнын, фæлæ уæддæр æмбæрста, æнæхсæстæй уытæппæт дзуринæгтæ ракалын яив кæй нæу, æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæхæцыд йæ тызмæг хъуыдыты рохтыл. — Мæнмæ гæсгæ ам рагон хъуыддæгтæ мысын ницæ- мæн хъæуы, стæй цыма пайда дæр не сты æмæ сæ рохуа- ты ныууадзæм. Мæнæн мæ цыды сæр бынтон æндæр у. — Мæнæн мысинаг дæр ницы ис æмæ дзуринаг дæр, фæлæ дæу цæмæн бахъуыдысты, дæ карæныл чи не ’мбæ- лы, ахæм æгады митæ? Кæд дæ дæ кæсдæры фенын фæн- дыд, уæд алцæмæн дæр вæййы æгъдау æмæ рæстæг. Уым худинагæй ницы ис... Æз нырма мæ сæрмæ æгаддзинад ни- куы ’рхастон æмæ нæдæр æрхæсдзынæн, кæд мæм цард йæ дæрзæг къухæй февнæлдта, уæддæр. — Уыцы дардыл ныхæстæ нæ ницæмæн хъæуынц, но- джыдæр ма дæ фæдзæхсын, мæнæй дæр ницы ферох, дзу- рын мын нпцы хъæуы, æпдæра абон æз ам нæ уаин, — ацы 221
фæстаг пыхас Косеры зæрдæмæ куыд фæцыд, уый базо-, ныны тыххæй Ахмæт скаст хæрдмæ, кæд æм сылгоймаджьг цæсгом æххæстæй нæ зынд, уæддæр. Косермæ бирæ дзуринæгтæ уыд, -фæлæ цахæмдæр тых'; сæ разы фæцæхгæр ныуазæнау æмæ йæ дзыхæй сыбыртг нал схауд. — Царды нывтæ зæрдæйы хъæдгом куы агайой, уæд сын ферох кæнынæй хуыздæр хос ницы ис, — ныхас адард- дæр кодта Ахмæт. ’ , — Йæ зæгъын æнцон у. — Йæ аразын дæр нæу æнцон, уый æз дæр^æмбарын, , фæлæ уæддæр адæймаг æнæмæнг вæйпы цахæмдæр тых • æмæ æнкъарæнты уацары æмæ уыдонæн вæййы коммæ- гæс. Æрбад ма, дæ хорзæхæй, кæннод мæм афтæ кæсы, цыма мыл ныртæккæ цæхæрау ракæлдзæн дæ маст æмæ., фæнык фестдзысты мæ фæндтæ, маа хъуыдытæ иууыл- дæр, — загъта Ахмæт, уайдзæфгæнæгау, æмæ’ æнхъæлмæ’ каст, Косер кæд æрбаддзæн, уымæ. «Дзур, цас дæ фæндьт, уый бæрц дзур, æз масты цæ- хæр калинаг никæуыл дæн», — сылгоймаг йæхи æруагъта бандоныл, кæд æм Ахмæты фæндон сæххæст кæнын æгæр коммæгæсау фæкасти, уæддæр. Иугæр Косер куы ’рбадт, уæд Ахмæт ныфсджындæрæй адарддæр кодта йæ ныхас: — Æз ардæм, ныхасæй чи кæуыл фæтых уа, уый охыл не ’рбацыдтæн, дзуринæгтæ дæр мæм бирæ нæй, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма мын мæ хъуыды дæр æмбарыс æмæ мæ цыды сæр дæр, стæй аслам цыдтытæ кæй нæ кæнын, уый дæр, — Ахмæт ахъуыды кодта, — мæ куырдиат ныу- уагътон Хъырымы стъолыл, хъуамæ та бацæуон мæ куыст- мæ, фæлæ мын нырма ницы сæрфат кæны. — Дæ куыст та мæнмæ цæмæн хауы, алкæмæн дæр йæ фæндтæ йæхибар" сты, — фæтызмæг Косер. — Уый раст у, фæлæ... — Ахмæт хатыр курæгау, гæзæ- мæ бахудт йæ мидбылты, йæ армытъæпæн расæрфта стъо- лыл æмæ йын æрхауд йæ уæрагмæ. — Мæ зæрдыл ма лæу- уынц дæ ныхæстæ, ам мын цæрыны бар кæй нæ уал уыдис, уый тыххæй. Ныр та мæ фæнды цæмæй мын ацы хъæуьг уа, раздæрау, кусыны, стæй цæрыны бар дæр. Ацы дзырдтæ куыддæр Косеры хъустыл æруадысты, афтæ йæ буар ссыгъд артау, сæры магъз цыма сæлгæ акод- та,уыйау йæ бон нал уыд иунæг хуымæтæг хъуыдыйы халыл фæхæцын дæр, йе ’взаг комарынджы бампылд, уа- дултæ кæй фæсырх сты, уый фæхатыд æмæ йæ галиу къу- хы армытъæпæн, цæстытæн аууоидарæгау, быцæу балæу- уыд фæлурстомау фæтæн ныхмæ, рахпз къухы армы та 222
нымбырд кодта къухмæрзæн æмæ йæ рæстæгæй-рæстæгмæ авæры цæстытыл, уадултыл, былтыл. Косер дзурынвæнд кæй нæуал кæны, уый Ахмæтæн æх- сызгон уыд, ноджы тынгдæр ын райхæлдта йе ’лхынцъ хъуыдытæ æмæ нал æнцад ныхасæй: — Будзийы дæр, абон уа æви сом, ардæм хъæуы æмæ æз дæр хъуамæ йæ фарсмæ уон. Цы ’рцыд, уый æрцыд, æз мæхи сраст кæныны тыххæй нæ зæгъын, фæлæ адæй- маг хъысмæты цагъар у æмæ чпзоны мæ амонд ахæм уыд„ Адæм та цыфæндьг дзурæд, уый махмæ нæ хауы, кæд дзы æнæгъдауæй исты ис, уæд аххос мæхимæ исын, кæннод та алчи йæхи цардæн зонæд, иу иннæйы цардæи нырыонг дæр никуы ма уыд дæсны. Æз дæр бирæ рабар-бабары фæстæ æрцыдтæн ацы хъуыдымæ. Раст зæгъгæйæ мæ ныфс нæ хастон, фæлæ цæрæнбонтæм хъизæмар кæнын дæр кæй бон у. Кæд мын æй растыл банымайдзынæ, кæннод дæр дыл ме ’рбацыдæй ницы ’рцæудзæн. ’ Ууыл фескъуыд Ахмæты ныхас. Косеры фæндыд хъусын. Иугæр Ахмæт куы банцад йæ дзурынæй, уæд йæ зæрдæ йæхи бахоста къултыл: «Дзур, дзур, цасдæриддæр дæ фæнды, уый бæрц’дзур æмæ дæм хъусон». Фæлæ уæдмæ Ахмæт сыстад. Косер йæхи азымы бадардта, ныхасы хайад кæй нæ уал иста, уый тыххæй, бадт æнæзмæлгæйæ, йæ сæрыл не схæцыд, афтæмæй. Ахмæт йæ цæст ахаста’хæдзары къуымты. Алы мигæ- нæн, алы дзаума дæр ын рæвдыдта йæ уды, алцы дæр æм дзы каст хион, зæрдæйæн æхцон æмæ уарзон, алцы дæр æм^худт йæ мидбылты, æвдыста йын йæхи, цыд йæ цæсты- ты размæ. Косеры буар æнæхъæнæй фестад хъустæ. Хъустæ, хъуьь ды, буар, домдтой иунæг дзырд, иунæг сыбыртт, къæхты хъæр, сыбар-сыбур, комулæфт. Уæд та йын искæцы дзау- ма, искæцы мигæнæн йæ цæстæнгас куы ацахсид, йæ зæр- дыл ын куы ’рлæууын кæнид кæддæры царды нывтæй удыл æртæфсæг цау æмæ йын куы зæгъын кæнид иу цалдæр дзырды. «Уæд та куыницы уал зæгъид æмæ куы ацæуид, кæд тагъддæр фервæзин ацы хъизæмарæй». «Нæ, ыæ, уый æгъатыр ми у, ахæм хъуыды акодта æрмæст йæ тыхстæй, æнæнхъæлæджы, чизоны фырцинæй». . Ахмæт бацыд къулыл ауыгъд сахатмæ, сифтыгъта йæ æмæ йын амонæн æнгуылдзæй асхуыста йæ сыгъзæрин- гъуыз дзедзрой. Райхъуыст сахаты цъыкк-цъыкк. Ахмæт лæууыд йæ разы æмæ йæм каст æдзынæг, стæй къахфындз- тыл цæуæгау ахызт къæсæрæй æмæ йæ фæстæ, уæззаугай, ахгæдта дуар. Дуары хъæрмæ ныггæр-гæр кодтой Косеры цæстысыг- 223:
тæ, æриста йæ аууондарæн къух, йæ сæрыл схæцыд, рай- хæлдта къухмæрзæн æмæ йæ дыууæ армытъæпæнæй баньь :хæста цæсгомыл. ^Сахаты цъыкк-цъыкк райхъал кодта хæдзары къуым- тæ, алы дзаума, алы мигæнæны дæр цыма бауагъта уд, уыйау цардæгас цæстытæй кастысты сылгоймагмæ. Æрæ- джиау уынгæй æрбайхъуыст машинæйы маторы хъæр, йæ фарæты рухсытæ фæмидæг сты хæдзары æмæ ноджы фæ- лрддæр сты къултæ. Ацауындзæг сты сахатыл, дзыдзыро- йыл цалдæр хатт йемæ ахъеллау кодтой æмæ хæрзæхсæв-" гæнæгау фæстæмæ ахызтысты рудзынгæй. Иу хатт ма рай- хъуыст м’аторы хъæр æмæ уый дæр цадæггай бамыр. Косер цыма йæ фынæйæ райхъал, уыйау йæхи æрæм- бæрста, айсæфт йе ’рхæндæг, амонды таг ацахсæгау хъуы- ды фæирд, фæцæрдхъом, æвзонгады монц азылди тугимæ ^емæ зæрдæйы гуыпп-гуыпп баиу сахаты цъыкк-цъыккимæ.
НОВЕЛЛÆТÆ БАЛЦ ÆВЗОНГАДМÆ Бадила бирæ цом-цом фæкодта, фæлæ йын никуы бан- тыст. К/ъæсæр, дам, хох у, — фæзæгъы ирон æмбисонд. Ацы хатт æм тынг раст фæкасти, æппæты фыццаг кæй дзыхæй схауд, уымæн ма йæ сæрæй дæр ныллæг акуывта: «Рухс кувæндæтты йын фæкуывдæуæд, зондджын хъуыды æнусон хæзна у. Адæмы нæ уадзы рæдийын». Афтæмæй йын, ма- радз зæгъ, кæд æрыгонæй йæ нысаниуæг дæр æмбæрста, фæндагыл цæуын æм каст бæрæгбоны хуызæн æмæ искуы базивæг кодта, уый дæр нæ хъуыды кæны. Азæй-азмæ йæ фæндтæ баззайынц фæндтæй, фæлæ ныр æгæр фидар ны- хас загъта йæхицæн, йæ цæст æн зæгъын дæр нæ уарзы, фæлæ цыма фæуæззаудæр æмæ бонæй-бонмæ йе уæнгтæм зивæг æмхицдæр кæны æмæ йæ уыцы мид-зæрдæйы катай барæвдз кодта фæндагмæ. Æниу афтæ æрыгон дæр нал у. Хъæбулы цинæй тынг райгонд у, йæ зæрдæ дзы бабуц. Æр- тыккаг фæлтæры къæлæтджыныл чи фæбады, уый йын амонын нæ хъæуы, йæ цыт æмæ намысæй сæрыстыр у Ба- дила, фæлæ хатт фæвæййы йæ зæрдæмæ хъусынтыл дæр. Бонтæ, азтæ куыд тæхынц, афтæ арæхдæр æрымысы æвзон- джы бонтæ æмæ та буц æмæ сæрыстырæй райданы йæ ны- хас: «Иыр дын»... Тæккæ райсом араст уыдзæн Бадпла йæ бæллицты фæн- дагыл, фæлæ уал нырндæгæн йæ хъуыдытæ йæ разæй фес- ты. Рæсугъд горæт, æмдзæрæндон, институт, йе ’мбæлттæ, лæгæй-лæгмæ, стæй хуызæй кæй зыдта, уыцы фæсивæд — æвзонг æмæ цардбæллон. Йæхæдæг та? Æвæдза æгæр фæ- зæронд, йæ тæнæг сæрыхъуынтæй иунæг сау æрду дæр нал баззад, хурсыгъд, къæсхуыргомау, цæсгомыл фæзындысты уæлæнгай æнцъылдтытæ. Хаттæй-хатт сæ къухы æнгуылдз- тæй бæргæ алæгъз кæны, фæлæ та уайтагъд разынынц фы- дæнæнгæнæгау. Уæддæр ма иу хуыцау хорз у, æмæ цæстæй арæзт у, аннæ-иннæтау æн кæсæнцæстыты сæр нæма хъæ- уы. Уæдæ дзы иу дæндаг хауд дæр нæма ис, табу хуыца- уæн, сæ дохтыры сæр æй никуыма бахъуыд. Æцæгæлон 15. Гугкаты Ш. 225
адæмæй йæм чидæртæ цалдæр хатты бадзырдтой зæронд лæджы помæй. Æвæццæгæн, цалдæр боны æнæдаст кæй аз- зад, уый тыххæй. Тынг сæм рамæсты, йæ мид-зæрдæйы сын загъта ахъазджытæ. Уæдæй фæстæмæ йæхи бонцухæй да- сы, фæлæ та йын уæддæр уыцы æнæнхъæлæджы дзырдтæ хæрз æрæджы асыгътой йæ хъустæ. Ацы хатт ын сæ хъаз- гæмхасæнты бахуын кодта йæ зонгæ адæймаг фынджы фарсмæ къуылых расыгæй. Бæргæ йæм рамæсты, фæлæ йæм дзурын ницы бафæрæзта, æрмæст цалдæр боны нал сыхæлд йе ’рхæндæг. «Ныр зæронд лæг дæ». «Мæ фыды- хай» — ацы дзырдтæ йæм цыма æппындæр нæ хауынц, уы- йау-иу йæхиуыл дзуæрттæ бафтыдта, фарон дæр ма астæук- каг кары лæгтимæ нымад цыд, фæлæ йын хъæбулы хъæбул куы фæзынд, уæд сæ хъуыста арæхæй-арæхдæр йе ’мка- рæнтæй, кæсдæртæй, фæсивæдæй æмæ сыл фæстагмæ фæ- цайдагъ: «Адæймаг зæронды кармæ тулын куы райдайа, уæд ын, æвæццæгæн, нал ис бауромæн», — загъта иубон йæхицæн æмæ йæ къух ауыгъта арæх дасыныл. Ныр йæ хуыздæр ирхæфсæнтæ систы æвзонджы бонтæ. Уыдои, ху- ры тынау, арæхæй-арæхдæр бакæсынц йæ фæлтæрд зæрдæ- мæ, дидинвæлыст æрдзы уындмæ кæсæгау, æхцон æрттывд фæкæнынц йæ фæллад, фæлæ тæлфаг цæстытæ. Ацы балцы фæстæ та уыцы нывтæ æмæ мысинæгтæм Бадила ноджыдæр бафтаудзæн, чи ма дзы ферох, уыдонæй ’ æмæ æрыздæхдзæн сæрыстырæй. Автобус згъордта, æнæнкъуысгæ, асфальт фæндагыл, Бадила каст йæ фæйнæфарс æрдзы равæрд æмæ хъулон- мулон дарæсмæ. Кæдæй нырмæ нал ацыд ацы фæндагыл, фæлæ йæ цæст нæ хæцыд ивындзинæдтыл, æрмæст æфцæ- джы фæзилæнтæ цалдæр раны бараст сты, фæндаг фæфæ- тæндæр, иууылдæр уыдис асфальтæй æхгæд, фынджы хуы- зæн гæзæмæ лæбырæн æмæ донцæуæн бынæтты йеттæмæ æмæ уыдон раджы дæр ахæм уавæры уыдысты, æвæццæ- гæн сын æндæр гæнæн нæй. Бæлццæттæй бирæтæ бафынæй сты, фæлæ Бадиламæ хуыссæг æмгæрæтты дæр нæ цыд, уый нæ, фæлæ ма дис дæр кодта, иуæй-иутæ æрдзы рæсугъддзинадмæ куыннæ цы- мыдис кæнынц, ууыл. Терчы дон уыцы иугъæдон бырсы уынгæг комы, гуылф- гуылфгæнгæ, ивылдæй. Раст ахæмæй лæууыд Бадилайы цæстытыл дæр ныхæстæй. Йе ’нкъарæнтæ йын базмæлын кодтой Терчы тыххæй зынгæ фысджыты аив дзырдтæ æмæ абарстытæ. Бирæйы дзы зыдта æнæкæсгæйæ. Паддзах Та- мары* фйдары цур йæхимидæг бакаст Лермоптовы æмдзæв- гæ. Тынг бабуц йæхицæй. Комы фæйнæфарс бæрзонд фæ- цыдысты, Бадила сæ æппæты фыццаг куы федта, уæдæй 226
фæстæмæ æнæаивгæйæ чи лæууы, уыцы айнæгфарс къæ- дзæхтæ æмæ арвылæмбæлæг хæхтæ. Нæдæр дурцух фесты,, нæдæр сæм æфтгæ бакодта. Сæ сæрмæ, зилдухгæнгæ, алы- рдæм тындзыдтой мигътæ, урс къуымбилы тулатау, æмæ- иу се ’хсæнæй урс дзæнхъагъуыз цъити куы ферттывта, куы та-иу амбæхст мигъты ’хсæн. Æппæт æрдзы иывтæ, цардау, узæлыдысты Бадилайы зæрдæйыл æмæ йæ ластой’ æззопджы боптæм. Уый дæр бадт автобусы фæлмæп бан- доныл æмæ хъæлдзæг зæрдæйæ, рухс бæллицтæ æмæ ба- зырджын хъуыдытимæ тындзыдта йæ фæндаджы кæронмæ.. Уыцы изæр Бадила æрфысым кодта уазæгдоны. Иуиæг зопгæ дæр ын дзы нæ разыпд, нæ фембæлд, зæрдиагæй кæ- имæ аныхас кодтаид, иунæг ахæм адæймагыл, æмæ, æцæ- гæлон бæстæм бахауæгау, уазæгдоны хатæпæй нал ракаст уынгмæ, æппæт дæр аргъæвта дыккаг бонмæ. Цалынмæ æрхуыссыд, уæдмæ цалдæр хатты бацыд рудзынджы цур- мæ, фæГ:иæргæм-иу ахæцыд рудзыпгæмбæрзæнтыл кæддæ- ры уарзон быпæттыл цæст ахæссыны æнхъæл. Электроньт рухсы тынтæ-пу сæхи атыхтой йæ дæллагхъуыртыл, йзс цæстытæм-иу ын февпæлдтой, хуыссæг сурæгау, фæлæ йын* уæддæр æргомæй пичима загъта «æгас цу» æмæ цахæм- дæр æрхæндæг сагъæстимæ йæхи æруаг’ьта хуыссæныл. Горæты уынгты цæугæйæ, Бадила йæхимæ нæ каст уа- зæджы цæстæй, фæлæ æнкъардта, цахæмдæр барты хицау кæй у, уый, æмæ фысымау иста йæ къах. Бирæ пог аив- арæзт, бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ сæхимæ æлвæстой адæймаджы цæсты тигътæ, фæлæ уæддæр лæджы зæрдæ- йыл тынгдæр узæлыдысты рагои арæзт агъуыстытæ, цал- дæр азы сæ цурты кæмæн рацу-бацу кодта, хпоны цæстæй йæм чи каст, йæ мид-зæрдæйы æхсызгон ныхасæй кæимæ не ’фсæст, йæ алы дур, йæ алы хъæдыл дæр историйы бæр- джытæ кæмæн баззад, уыцы бæстыхæйттæ. Раст цыма сæ арæзтады йæхæдæг иста хайад æмæ сæ йæ зæрдæйы хъарэд бавæрдта, уыйау сыл узæлыд цæстæй, хъуыдыйæ, буарæо, æнкъардта сын сæ цин, сæ арфæ æмæ йæ уыцы знæт уь- - лæп хаста размæ. Фæцæуы Бадила горæты иууыл уæрæхдæр уыпджы — проспекты. Æппындæр дзы ницы ивындзинад æрцыд æмæ йын уый иоджы тынгдæр йæ з^ердыл æрлæууын кодта йе- ’взопджы бонтæ. Уынджы бæстастæу дыууæ рæнхъæй сагъд бæлæстæ дзурын зыдтой, зæгъгæ, уæд ыл æнæмæнг бацин кодтаиккой. Æцæг йæ рæстæджы ахæм трамвайтæ нæ цыд. Ныр сæ бакаст уыд тынг аив, хæрзвадат, цыдысты æнæ- нкъуысгæ, æнæхъæр, æнæхъæлæба. Уыдон та-иу, фæдисон- тау, сæ гыбар-гыбур æмæ дзæнгæрджыты хъæрæй хъус- тæ къуырма кодтой, фæлæ сæ Бадила никуы сфæлмæцыд, 227
ныр дæр цыма сæ уынæр йæ хъустыл ауад, уыйау фæлæу- уыд йæ мидбынаты æмæ, зæхмæ кæсгæйæ, ныхъхъуыста лæмбынæг. Бадила цæуы дарддæр. Уæды кинотеатртæй иуы бына- ты арæзт æрцыд аивфæлыст фæзуат, иннæйы бынаты бæр- зонд фæцыд бирæуæладзыгон бæстыхай — цахæмдæр уаг- дон. Уынджы нæ уыд бирæ адæм. Иугæйттæ бадтысты бæ- лæсты бын бандæттыл, иннæтæ тезгъо кодтой сæ зæрдæйы дзæбæхæн тротуартыл, бæлæсты бынты, рæстæгæй-рæстæг- мæ-иу дзы фæзынд, тынг чи тыкдзыдта, ахæмтæ дæр. Лæг тынг бадис кодта. Йæ рæстæджы-иу райсомæй изæрмæ проспекты- къухбакæнæн нæ уыд адæмæй. Æниу нырма, чизоны, «æгæр раджы у», — ахъуыды кодта Бадила æмæ цæстæнгасæй агуырдта зонгæ- адæймаджы. Æнхъæл уыд, зæгъгæ, ныртæккæ йæм дзы исчи сдзурдзæн, исчи йæ æру- ромдзæн цингæнгæ, чизоны йæ атуха йæ хъæбысы, апъа йын кæна йæ русæн, фæлæ нæй, цæстæнгасæй иуты фæн- дараст акæны, иннæтæ йæм хæрз æввахс цымыдисæй ба- кæсынц. Фылдæр каст фæсивæдмæ, уыдоны ’хсæн агуырд- та йæ зонгæты, йæ хæлæртты, æнæнхъæлæджы фембæлгæ- йæ, цæттæ уыдысты йæ фарстытæ, йæ ныхас, фæлæ уын- джы кæронмæ куы ахæццæ, уæд цадæггай æрсабыр сты йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæнты цæхæрыл цыма æртхутæг рахæцыд, уыйау æруазал-æмæ иудзæвгар баззад лæугæйæ. Баднлайы зæрдæмæ цадæггай бахъуызыд цахæмдæр æрхæндæг æмæ, райдзастдæр тæлмæнтæм бæлгæйæ, атын- дзыдта æмдзæрæндоны ’рдæм. Дзæвгар бауайын æм хъуыд. Лæг фæзылд иу фæзилæны, дыккаг фæзилæны, æмæ уай- тагъд йæ цæстыты раз сыстад дардыл фæзуаты астæу Ле- нины цырт. Фыццаг хатт æй федта æмæ, æцæгæлон горæт- мæ бахауæгау, фыццаг хатт фæтыхст. Афæрсын йæ сæрмæ нæ бахаста, фæлæ аивæй каст фæйнæрдæм, чердæм æй цæ- уын хъæуы, уый бæрæггæнæг. Кæддæры чысыл хæдзæрттæ æмæ нарæг уынгæн сæ ныв дæр нал зынд. Проспектæй дыу- уæ хатгы фæтæндæр æмæ аивдæр арæзт уынгыл дыууæ- рдæм кодтой тролейбустæ, автобустæ, адæм,- магазинты витринæтæй зындысты алыгъуызон аив фæлыст манекентæ, дзаумæттæ. Бадила кæд проспекты сæрибарæй цыд, уæд ацы уынджы æдæрсгæ нал иста йæ къах, цыд хъавгæ, аи- зæй, йæ фæндаджы кæроныл хъуыдыгæнгæйæ, æгæрыстæ- мæй тарст фæдзæгъæлæй дæр, фæлæ та уæдмæ йæ цæсты- гæ андæгъдысты иу рагон бæстыхайыл æмæ атындзыдта уыцырдæм. Цалдæр уæладзыг бæстыхайы цыма æмпылгæ бакод- той, уыйау, спичкæйы къоппау, лæууыд егъау корпусты ас- тæу, фæлæ йæ уæддæр иннæтæй тынгдæр æндæвта. Йæ бе- 228
тонæйарæзт асины къæпхæнтыл уæлæмæ хизгæйæ, нæ тын- дзыдта, æвзонджы бонты æхцон узæлд æнкъаргæйæ. Цал- дæр гæппæн-иу схæццæ асины сæрмæ, фæлæ уыцы хъару- йæ семæ æгæр бирæ ахастой бонтæ. Баззад ма дзы уæзбын, хъуыдыджын къахдзæф æмæ дзы райгонд у Бадпла, схæц- цæ асины сæрмæ. Лæг ныфсджынæй бахæцыд дуарллл, ба- хызт къæсæры сæрты æмæ хъуамæ фæраст уыдаид дыккаг уæладзыгмæ, фæлæ йæ фæурæдтой, йæ цæсты тигътæ кæ- уыл аныдзæвдысты, уыцы астæуккагкар сылгоймаджы дзырдтæ. Уый бадт къуымрæбын иу къаннæг стъолы фар- смæ æмæ быдта цъында. — Мæ фыдыхай, кæмæ цæуыс? «Æнæбайрййгæ фæу дæ фыдыхайæ», — Бадила аидзыг йæ мидбынаты æмæ æлхъывд дæндæгты ’хсæнæй, лæгма- рæгау, цыдысты знæт хъуыдытæ æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма сæ бамбæрста хæмпусуадул бурдзалыг сылгоймар æмæ йæ ныр нал æруромдзæн. Бадила та акодта цалдæр къахдзæфы, фæлæ та йæ чъылдымыл сæмбæлдысты, афтæ тыиг кæмæй тарст, уыцы дзырдтæ: — Мæ фыдыхай, кæмæ цæуыс? «Æнæ байрайгæ фæу дæ фыдыхайæ, кæд мыл ном не ’вæрыс»,— загъта та йæ мид-зæрдæйы, фæлæ йын, чысыл ма бахъæуа фергом уой, мæнæ, зæгъгæ, йе ’фсæртæ нæ фелхъывта, уæд. Цалдæр азы фæцардис ацы бæстыхайы, цыппаруæладзыг æмдзæрæндоны цыдæриддæр студенттæ царди, уыдон æй иууылдæр зыдтой лæппуйæ-чызгæй. Æм- бисæхсæв куы бацыдаид, уæддæр æй ничи бафарстаид, кæ- дæм цæуыс, кæм уыдтæйæ. Уый нæ, фæлæ-иу æй швейцар рудзынгæй куы ауыдта, уæд-иу ын уайтагъд, цингæнгге, фегом кодта дуар. — Æз, мæ хойыхай, ам бирæ фæцардтæн æмæ мæ фæн- ды... — Кæмæ цæуыс, — Бадилайы ныхæстæн цыма æппын- дæр ницы пысаниуæг ис, уыйау сылгоймаг иу каст йæ би- инагмæ кодта, иннæ — лæгмæ, афтæмæй, æнæмæт хуыз æв~ дисгæйæ, дзырдта, — чи дæ хъæуы, уый нын зæгъ æмæ йæм ардæм фæдзурдзыстæм. — Мæхæдæг, — Бадила зæгъинаг уыд, ома схпздзынæи дыккаг уæладзыгмæ, ф’ендзынæн, кæм цардтæн, уыцы ха- тæн, мæ фыды хæдзар, мæ фыды уæзæджы хуызæн у, арæх æй æрымысын, фенын æй фыны дæр, ныртæккæ раздæх- дзынæн, фæлæ йын нæ бантыст, уайтагъд æй фæурæдта дуаргæс, æгæрыстæмæй йæм цыма тызмæг сдзурйнаг дæр уыд, фæлæ уый дæр йæхиуыл фæхæцыд. — Кæмæ цæуыс, уымæн ном нæй, æз ам алкæй дæр зо- нын. 228
— Ном зæгъыс? — Бадила фергъуыйау, йæ цæстытыл ауадысты, йæ рæстæджы ам чи цард, уыцы равзаргæ фæ- сивæд, се ’ддаг бакаст, сæ райдзаст цæсгæмттæ, йæ хъус- ты азæлыд сæ цардбæллоп ныхас, сæ худын, фæлæ дзы кæй ном загътаид, уый нæ базыдта æмæ сылгоймаг бын- тон сгуырысхо. Æрæджиау йæ хъуыды ахæццæ кодта кæ- ронмæ: — Фæнды мæ æртыпæм хатæимæ бакæсын, чи дзы цæ- ры, уыдон фенын. — Æртынæм хатæны чызджытæ ныртæккæ, коысульта- цимæ ацыдысты, мæнæ сæ дæгъæл та ам ауыгъд у. Бадила фæкомкоммæ асыччы ауыгъд дæгъæлмæ æмæ .йæ сæрыхъуын арц абадт, фæндыдис æп йæ къухмæ рай- <сын, фæлæ йæ бон нæ баци йæ къæхтæ æмæ йæ къухтÆ фезмæлын кæнын. Ныртæккæ йæ æрзилид йæ къухты ’хсæн, лвæрид æй йæ русыл, фæлæ йæ цæсгом нæ бахъæцыд. Швейцар ныууагъта йæ микæнинаг æмæ аивæй каст Ба- диламæ. Лæг, дурдзавдау, куынæуал змæлыд, уæд æм йæ кæсæнцæстыты сæрты ныккаст йæ цæсты урсытæй, стæй бынтондæр айста йæ кусинаг æмæ бацис Бадилайы уаг- ахасты уацары. Уыцы рæстæджы цалдæр чызджы фæмидæг сты агъуы- сты, сæ пу азмæста стъолыл æвæрд фыстæджытæ, иннæ дæгъæл ракодта скъæфæгау æмæ сæ хъæлдзæгдзинад нæ урæдтой, афтæмæй фæаууон сты къæлидоры фæзилæны. — Кæсыс ацы хæйрæджытæм. Уыдон æртынæм хатæны цæрынц. Бадила дзургæ ницы скодта, афтæмæй йæ сæр æрцæй- цыд риуы гуыдыры ’рдæм, синысæртыл хæцгæйæ, ныккаст йæ къæхты бынмæ, стæй йæ цæсты тнгътæ асæрфта сыл- гоймагыл. — Бахатыр кæн, мæ хойыхай, — загъта æмæ æрхаудтой йæ къухтæ, йæ къæхтæ айста уæззаугай æмæ рахызт аси- ны сæрмæ. Уырдыгæй фæлгæсыд алырдæм. Бирæ ивындзи- нæдтæ æрцыд ацы æмдзæрæндоны алфæмблай. Къутæртæ æмæ дзы иугай бæлæсты йеттæмæ цæст нпцæуыл>^:'æт;ы- даид, фæлæ дзы ныр райвæз-байвæз кæнынц. Амæй-ай апв- дæрарæзт бæстыхай, сквертæ, цъæхдарæнты уындæн зæр- дæмæ бырста цины уылæн. Бадилайæн ацы æмдзæрæндоны пупæг зонгæ дæр кæй нæ разынд, зæрдиаг салам ын дзы кæй пичи радта, уымæп цыма^йæ бæллицтæ фæллайгæ бакодтой, уыйау йæ цæсго- Ъ1ыл фæзынд цахæмдæр æрхæндæг. Афтæмæй уæззаугай æрхызт асины бынмæ, æмæ кæуылты ’рбацыд, ууылты .араст фæстæмæ хъеллæуттæгæнгæ. Швейцар ма Бадилайы æнахуыр уагахастыл дисгæн- 230
гæйæ, рауад асины сæрмæ, фæлæ йæ пал раййæфта æмæ, цæуылдæр катайгæнæгау, банкъуыста йæ сæр, афтæмæй баздæхт фæстæмæ. Бадила æмдзæрæндонмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ, цыд ин- ституты агъуысты ’рдæм. Кæддæр мæнæ ацы раи сæ кур- сы студенттæ физкультурæйы урокыл згъорынæй ерыс код- той. Фынфенæгау æм каст, кæддæр ацы фæзуаты алыварс æпæрулæфгæйæ æртæ зылды кæп кодта, уый. Нырма та дзы цæй фæзуат ис, йæ бæлæстæ арвыл æмбæлынц, йæ цъæхдарæнтыл зынд аудæг адæймаджы æрмдзæф. Институты кæртмæ бахизгæйæ, барухс Бадилайы зæр- дæ. Æппæты фыццаг салам радта рагон тулдзбæласæн. Уый ницы фæивта; лæууыд афтæ фидар æмæ пæлæхсарæй. Йæхæдæг дæр æй цыма базыдта, уыйау базмæлыдысты йæ ногдзыд къалиутæ, сыфтæрты сыбар-сыбур ыи гæзæмæ бацагайдта йæ зæрдæйы тæгтæ. Раздæрау бæласы хъомыс- джын цæнгтæ аууон дардтой дардыл, кæрты мусыйас зылд- мæ. Бæласы алыварс æвæрд уыд æрвгъуыз ахорæпæп ахуырст цалдæр къæлæтджын бапдоны. Бадилайы рæстæ- джы дæр дзы куыннæ уыд баидæттæ, фæлæ уыдон уыды- сты хуымæтæг фæйнæгæй арæзт. Арæх сыл бадтысты изæ- рыгæтты, æвдæлон рæстæджы. Лм-иу сын быцæумæ ацыд зарынæй дæр, хатт та-иу дзы сырæзт хъазт, кæд-иу чыз- джытæ сæ зæрдæйы дзæбæхыл уыдысты, уæд. Лæг æрбадт бандоныл, йæ цæстытæ ахаста фæйнæрдæм, стæй ныккаст йæ къæхты бынмæ, цыма йæ хъустыл прон зарæджы мыртæ сæмбæлдысты, уыйау. Исдуг йæ цæсго- мыл аныхæст цахæмдæр æрхæндæг, фæлæ æнæпхъæлæджы æрбатары, цæсты уæлтъыфæлттæ сæхи æруагътой ныллæг, æрфгуыты æлхынцъ айхæлд, былтæ базмæлыдысты сусæг уарзты æхцондзинад æнкъарæгау. Рог дымгæ ацауындзæг пакацонг бæласыл æмæ сыфтæрты сыбар-сыбур йæхи асæр- фта Бадилайы зæрдæйыл. Фæсивæд цæуынц дыууæрдæм, худынц, хъуысы сæ хъæлдзæг, барджын ныхас. Ацы дар- дыл бæстыхæйттæ сæ рæвдауынц, фндар сып кæпынц сæ царды ныфсытæ, бæллицтæ. Уæртæ уардпны къутæры бын, бандоныл бадынц дыууæйæ — лæппу æмæ чызг. Æвæццæ- гæн, уарзæттæ сты æмæ не ’фсæдынц кæрæдзи уындæй, кæ- рæдзи цæстæнгасæй. Уыдон нырма ирвæзт сты стыр царды сагъæстæй, рæвдауы сæ æнæмæт æвзопгад. Тæхудиаджы рæстæг. Адæймаг ыи йæ иу боныл дæр авæрид æнæхъæн æнус. Бадила сыл асæрфта, хæлæггæнæгау, йæ цæстытæ. Бады иунæгæй. Канд йæ фарсмæ чи абада, уый нæ, фæлæ йын салам чи ратта, иунæг ахæмыл дæр нæма сæмбæлд- Чизоны йæ нæ базонынц, фæлæ дзы нырма йæхæдæг дæр никæуыл фембæлд, никæуыл фæдызæрдыг, æндæра йæ 231
æнæмæнг æрурæдтаид. Хатт æм дзы иутæ бакæсынц, ом4' ацы з’æронд лæг та ам цæмæ бады, цы йæ ’рхаста тулдзь^ бынмæ, æвæццæгæн, комендатурæйы кусджытæй у. Нæ, нае уый дæр, сымахау, кæддæр фысым уыдис мæнæ ацы баес- тыхæйтты. Уæртæ уыцы лæппу æмæ чцзгау, уый дæр ам’ бирæ зæрдылдарæн бонтæ арвыста йæ уарзонимæ. Сæ ном> нæрыд æгас институты, зыдтой сæ горæты дæр. Бадилайæн æмбал нæ уыд анвадон кастмæ, фыста æ^мдзæвгæтæ, чызг та заргæ кодта. Уæртæ-иу сын уыцы дæргъæй-дæргъмæ за- лы адæм нал æнцадысты се ’мдзæгъдæй. Ныр æм Баднла кæсы дардæй, цыма никуы æмæ ницы, уыйау. Ахæм æвдæ-/ лон’ бадтмæ йæ арæх не ’вдæлд. Цалынмæ фæстаг паддзахадон фæлварæн радта, уæдмæ’ йæ йæ ахуырæй дарддæр ницы мæт уыди, фæлæ уый фæс- тæ, йæ дзыгуыры фæтыхсæгау, фенкъард, цыма бæрæгбо-, ны хал аскъуыд, уыйау æм нал цыд худып, сæууон фынау, - фæаууон сты æвзонджы бонтæ, ахуыры азтæ æмæ æнкъа- , рын райдыдта, дарддæр цы уыдзæн, ууыл сагъæсты уæз/' Бадила иугæр йæ диплом куы райста, уæд ыл пнститу- ты къултæ дæр ахæцыдысты æддæмæ, æмæ, ихы сæрыл аззайæгау, æрныгъуылдысты йæ ныфсытæ, чысыл ма ба- хъæуа рамæсты уа йæ хъысмæтмæ. Йæ иууыл стырдæр уы- наффæгæнæг ма уыд йæ уарзон чызг, фæлæ уыимæ дæр йæ бон нæ бацис царды фæзилæнтыл цæст ахæссын, æгæр тагъд ацыд сæ фæстаг фембæлды рæстæг. Бадынц парчы цады был бандоныл. Сæрдыгон хуры тынтæ ма сæхи асæр.фтой цады алыварс бæрзонд бæлæсты цъуппытыл æмæ, хурæн’ хæрзизæргæнæгау, æрдзыл йæхи æрытыдта сабырдзинад. Дыууæ хъазы æрбаленк кодтой былмæ æмæ та сæрыстырæй аздæхтысты фæстæмæ. Бади- ла сæм тынг батæхуды кодта, фæлæ цæй тыххæй, уый йæ- хæдæг дæр дзæбæх нæ хатыд. Уæдмæ дзы фæзынд бæлæгътæ дæр. Ленк кодтой чыз- джытæ, лæппутæ, фæлæ Бадилайы цæстытæ агуырдтой, æрыгон лæппу æмæ чызг кæуыл бадтысты, уыцы бæлæгъ. Иу хатт сæм æрбаленк кодта хæстæг, ’ лæмбынæг сын ба- каст сæ цæсгæмттæм, фæлæ сæ чи цæуыл хъуыды кæны, уый нæ рахатыд. Хатт сæм хæринаг авæрынæнхъæл кæрæ- дзи фæстæ тындзæгау баленк кæнынц бабызтæ, фæлæ та уыдон дæр, ленк кæнынмæ тынг кæй арæхсынц, уый æвди- сæгау, сæхи асхойынц тынгдæр. Уæдмæ ссыгъдысты электроны рухсытæ. Алыгъуызон æрттывд кодта цады уæлцъар. Тезгъогæнæг адæм фæфыл- дæр сты. Кæцæйдæр райхъуыстысты музыкæйы зæлтæ. Чызг æмæ лæппумæ уыдис иунæг хъуыды, иунæг бæллнц, фæлæ йæ разы æдых, æнæбон кæй уыдысты, уый сæ æф- 232
тыдта катайыл- Уæд та рæстæгæн æруромæн куы уаид, ацы изæр йæ мидбынаты куы бандзыг уаид, фæлæ кæм, фыдæнæнгæнæгау, æхсæвы тар йæхп æрытыдта æмæ узæ- лыд царды сагъæстыл, цæмæй та боны цъæхæй ног тых- тæ, ног хъарутимæ, дард бæлццонау, дарддæр цæуой сæ фæндагыл. Бадынц дыууæйæ, фæлæ сæ ныхасы бын æрæвæрын ни- кæмæн æнтыст. Уæдæ цы фæцис се ’рвылбоны хъазæн ньь хас, цы фесты сæ царды фæндтæ, сæ бæллицтæ, сæ царды ныфсытæ? Арæх-иу сыл куы дзырдтой æзхуыздæронæй, æз- фæраздæронæй. Ацы хатт сæ бахъуыд царды зарæгæн ба- хъырнын, фæлæ йын нæма ахстой йæ мелоди, æмæ, цæмæй райдкыдтаиккой, уый нæ дæр сæ иу зыдта, нæ дæр се ’ннæ. — Цæуынафон у, — загъта чызг, æмæ цыма бадынæй тынг бафæллад æмæ сыстынмæ хъавы, уыйау йæ астæу араст кодта. Ацы дзырд, хъамайау, фæсагъд Бадилайы зæрдæйы. — Кæдæм тагъд кæныс, абадæм-ма,—лæппу загъта ацы дзырдтæ, фæлæ ма дзы баззад æмæ уыдон та фæлхатт кодта йæ мцд-зæрдæйы: ау нырма нæ сыбыртт дæр куы ни- чи скодта, райсом кæрæдзийæ куы хицæн кæнæм нæ куыст, нæ царда^н сæрфат куынæма ис, уæд куыд цæуынафон у. — Бирæ бадæм, цъус, уæддæр рæстæг йæхион кæны> райсом та мæ нæхимæ цæуын хъæуы, уырдыгæй куыстмæ. — Цæуын зæгъыс? — Уæдæ ды куыд æнхъæлдтай, цæрæнбонты институты ахуыр кæндзыстæм, «вечный» студенттау. — Æвæдза студенты цардæн дзы æмбал нæй, — Бади- ла бакаст чызгмæ, фæлæ фæхатыд, тынг уæлæнгай хъуы- ды кæй загъта, уый æмæ йæхиуыл фæхæцыд. — Æз дæуæй куы уаин, уæд ма иу институтмæ бацæ- уин. — Бæргæ, фæлæ... — Фæлæ цы? — ахæмтæ иу æмæ дыууæ ис. — Ды дæр. — Æз нæ... Æнæмæнг хъуамæ инстнтуты базæронд уон. Æз ныр та хъуамæ кусгæ кæнон, пауæд паддзахадæй æгаер бирæ хæс дарын æмæ ма сæ кæд бафиддзынæн. — Ды, æвæццæгæн, раст зæгъыс, фæлæ æз кæм кусдзы- нæн, уый дæр нæма зонын, — Бадила ахъуыды кодта. — Искуы ахуыргæнæгæй, скъолайы. — Уый раст у, фæлæ кæцы скъолайы? Нæхимæ мын кæ- дæм бауынаффæ кæндзысты, уымæн нырма ницы бæрæг ис. — Бадила хъуамæ загътаид, зæгъгæ, нæ иу скъоламæ куы арвыстаиккой, уæд мæгуырау нæ уыдаид, фæлæ цыма 233.
уыцы хъуыдыйæ тæрсгæ фæкодта, уыйау фæоцани. Уæдмæ чызг айста ныхас: — Уæлдай нæу, алы ран дæр кусын хъæуы, фæлæ кæм æрбынат кæнай, уырдыгæй-иу фыстæг пыффысс. Дыккаг бон Бадила афæндараст кодта чызджы, æмае цыма горæты змæлæг нал уыд, уыйау нырхæндæг æмæ ма йæ тыхстæй бафтыд æнæхъуаджы рацу-бацуйыл, стæй цал- дæр боны фæстæ уый дæр ацыд фæсхохмæ, йæ райгуырæн бæстæм æмæ уæдæй фæстæмæ йæ къах нал æрæвæрдта ацы горæтмæ, фæлæ дзы нæ рох кæпынц студенты бонтæ, го- 1 рæты царды нывтæ- Уый нæ, фæлæ йын ацы фæстаг рæс- тæджы райдыдтой ногæй-ногдæр, æппынæдзух уайынц йæ цæстытыл, лæууынц йæ зæрдыл. Цæст, дам, кæй нæ уына, уый’ зæрдæйæ дæр рох кæны, фæзæгъынц æмæ, æвæццæгæн, цыдæр рæстдзинад ис ацы хъуыдыйы. Йæхицæн дзы ныфсытæ авæры Бадила дæр. Райдианы ныффыста фыстæг, æмæ уæд сарæх сты фыстæ- джытæ, ирдæй сæ зындис уарзт, царды фæндтæ, фæлæ куыдфæстагмæ сæ нымæц райдыдта къаддæр кæнын, сæ мидис нал узæлыд зæрдæйыл æмæ фæстагмæ цадæггай аскъуыд сæ хал. Чызг ацыд чындзы, уæдæ цы уыдаид, Ба- дила ракуырдта сæхирдыгоп чызджы, ис сьщ иыр хъæбу- лы хъазбул дæр. Бады Бадила стыр тулдзбæласы бын æвзонгады тæл- мæнтимæ. Бады æмæ та йæ зæрдæмæ цадæггай хъуызыд æрхæндæг. — Хорз лæг, уæртæ ма пын стыр залы дуар бакæн, абон нæ факультетæн цытджын изæр ис æмæ иæ чысыл арепе- тици хъæуы, — йæ рæзты цы чызджытæ рацæйцыд, уыдо- ч нæй иу фæхицæн æмæ æввахс балæууыд Бадиламæ. Лæг фергъуыйау, сындæггай схæцыд йæ сæрыл æмæ скаст чызгмæ. Цыма дзы тæрсгæ фæкодта, уыйау йæ цæс- тытæ ирдæй аззадысты. Нырмæ дæр йæ цурты куынпæ цыдысты фæсивæд ахæм дарæсы, фæлæ йæм ацы хатт цы- дæр диссаг фæкаст уынгæг джинс хæлаф. Йæ боп иæ ба- цис нæдæр дзуапп раттын, нæдæр исты зæгъын. Уæдмæ чызг фæзылд æмæ, йæ мид-зæрдæйы ныхасгæнгæ, фæраст- йе ’мбæлтты фæстæ, йæхи сыл бауагъта æмæ райхъуыс’ти сæ худын, афтæмæй, радыгай, фæкæс-фæкæсгæнгæ, адард стьт. — Уый цæй комендант у, цыдæр къуырма лæг мæм фæ- ка,ст æмæ дзы фæтарстæн. Чп уæ йæ загъта, чи, комендант у? Цынæ ’рбаймысдзыстут, ахæм уын иæ баззайдзæн. — Æз уыдтæн, æз, абондæргъы ам бады. Райсомæй та йæ æмдзæрæндоны федтон, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма- ацы бæстыхæйттæ иууылдæр йæ бæрны сты. 234
Уыйадыл Бадила ацыд уазæгдонмæ. Иунæг зоигæйыл дæр нæма фембæлд, иунæг адæймаг дæр ын нæма радта салам, иунæг адæймагæй дæр нæ фехъуыста йæ ном, аф- тæмæй йæм кæддæры уарзон горæт цыма æцæгæлон цæстæй ракаст, уыйау атындзыдта комкоммæ уазæгдонмæ. Бадила дыккаг бон раджы сыстад, æрхæндæгæй хæрз- бон загъта йæ фысымтæн æмæ, тындзæгау, бахæццæ авто- бусты станцмæ. Райста билет, бæстоп æм æркаст, æрсагъ- та йæ*йæ пиджакы риуы дзыппы æмæ йæхи айста сæрибар- дæр бандоны ’рдæм. Бады Бадила, æнхъæлмæ кæсы автобусмæ. Алкæмæн дæр сæ фыст вæййы йæ ныхыл- Иунæг дæр ып дзы нæ аир- вæзы æнæ бакæсгæ. Иууылдæр зонгæ хъæуты пæмттæ. Уы- дон ын бацагайынц йæ зæрдæ. Йе ’мбæлттимæ арæх цыд1- уазæгуаты улæфты рæстаеджы, каникулты. Цымæ сæ кæ- мæн куыд ацыд йæ царды фæндаг? Тыпг æй фæндыд уьг- дон хъысмæт зонын, искæйы бæстон фæфæрсын, фæлæ кæй? Дыккаг бон ис горæты æмæ æнæпхъæлæджы дæр никæуыл фембæлд. Ныр лидзы тæргайау. Раздæр æй йæхимæ цы тых æлхъывта, уый слæмæгъ, нал æй урæдта, дыууæ боны раз- мæ дæр ма йыл чи узæлыд, сæ уындæй йын стыр æхцон- дзинад чи лæвæрдта, уыцы нывтæ нал уыдысты цардæгас, нал узæлыдысты зæрдæйыл æмæ пыр та Бадилапы хъуы- дытæ атындзыдтой хæдзармæ, цыма дзы бирæ рæстæг ип- пæрд уыдысты, уыйау. Иу сылгоймаг æм цалдæр хатты аивæй хионы цæстæй кæй бакасгг, уый фæхатыд, фæлæ-иу йæсæр азылдта инпæрдæм, ома иугæр дыууæ боиы нæ фем- бæлдтæн зонгæйыл, уæд ма мæ мæ фæндаджы хæдразмæ чи цæмæн бахъуыд. «Чи уыдзæн ацы ацæргæ сылгой- маг?» — йæхи фарста æмæ дзуапп дæр лæвæрдта йæхæ- дæг. Нæ зопы, нæ хъуыды кæны ахæм. Сылгоймаг йæ алы- вæрсты азилы, бакæсы йæм аивæй, фæлæ йæ цæуыпы рæс- тæг куы ’рбаввахс, уæд фæуæндондæр æмæ йæ мпдбылты бахудт Бадиламæ. Бадила та иннæрдæм азылд, ома йын кæимæ дæр ивддзаг фæдæн, фæлæ сылгопмаг ацы хатт æр- лæууыд йæ разы æмæ йын комкоммæ бакаст йæ цæсты- тæм. Бадилайæн дæр гæнæн пал уыд æмæ йыл баузæлыд, хиуылхæцгæ, фæлмæн цæстæнгасæй. — Кæд ма исты зонып, уæд ды Бадила дæ? — О. — Мæпæ диссæгтæ... Йæ къух фæдаргъ кодта Бадила- мæ. — Мæн нæ хъуыды кæныс, — сылгоймаг йæ дыууæ ар- мы ’хсæн бакодта Бадилайы къух. — Нæ, — дзуапп радта Бадила. — Рпммæ дæн æз. — Риммæ, — ахъуыды кодта Бадила, — о, о куыдтæ цæ- 235
рыс, нал дæ базыдтон. Цас рæстæг рацыд уæдæй ныр^* — Цæрæм мах дæр, зæронд кæнæм. — Нæй гæнæн, цард афтæ у. — Уæхæдæг дзæбæх стут стырæй-чысылæй? — Нырма нын ницы у, фыдæбæттæ кæнæм. — Куыд æхсызгон мын у дæ уынд, уый куы зонис. Ар$у вæййын горæты æмæ мæ иууыл стырдæр бæллиц вæййы ^1 ’мбæлттæй искæуыл фембæлын. Раздæр-иу сыл бæргæ’араех æмбæлдтæн, фæлæ фæстагмæ—нал. Ацы цыдæн та дзы иунæджы дæр нæ федтон, уæддæр м’а хуыцау хорз... Цас рæстæг рацыдис уæдæй ардæм... Æвæдза, дæ къух куыд систай ацы бæстыл. — Мæ къух ыл нæ систон, бирæ йæ уарзын, фæлæ мын никуы бантыст. — Æвæдза, рæстæг æгæр тагъд згъоры, чи зæгъдзæн, æмæ ацы тæнæг урс сæрыхъуынтæ кæддæр сынты базыры хуызæн уыдысты æмæ фырбæзджынæй фасын дæр нæ куы- мдтой. — Ныр мах зæрæдты номхыгъдмæ бахаудтам. , » — Раст зæгъыс, Бадила, æз никуы æнхъæл уыдтæн æмæ мæхи ахæм карæй фендзынæн. Кæсыс, горæт азæй-аз рæ- сугъддæр кæны, мах та зæронд кæнæм. — Рæстæг мах нæ фæрсы. — Цæй, ницы кæны, дæ зæрдæмæ хъусынтыл ма фæу, — загъта сылгоймаг æмæ фестъæлфыд, йæ хъустæ ацахстой машинæйы сигнал. Риммæ дыккаг хатт райста Бадилайы къух, бакаст ын комкоммæ йæ цæстытæм, кæддæры цæхæр сæ агурæгау. Уарзондзинады цæхæры бæргæ фыхт, фæлæ йын никуы фае- ци йæ сæргом кæныны фадат. Нæ йæ фæндыд Бадилайы къух суадзын, фæлæ къæхтæ цыдысты фæстæмæ-фæстæмæ- Уæд къухтæ дæр иуцасдæр аззадысты уæлдæфы. Цалынмæ автобус фæаууон, уæдмæ Риммæ æмæ Бадила цæстæнгасæй рæвдыдтой кæрæдзи, ныхас кодтой цæстэен- гасæй, стæй та Бадила аззад сидзæрæй, бæргæ ма æнхъæл- мæ каст иу ахæм фембæлдмæ, фæлæ нал. Уæдмæ æрбацыД йæ автобус дæр æмæ сбадт йæ бынаты. Ам ын разынд би- рæ зонгæтæ, хуызæй кæй зыдта, ахæмтæ, фæлæ йæм ^н^ цыд семæ ныхас кæнын æмæ æппынæдзух каст рудзынгзеи. Горæт аззад фæстейæ, автобус бацыд комы нарæд^^1 æмæ тынгдæр нæрыд йæ маторы хъæр. Бæрзонд хæхт# уырдыг лæууыдысты комы фæйнæ фарс. Чи йæ зоны, *#" дæй нырмæ кæсынц бæрзондæй ныллæгмæ, царды æвДй сæнтау. Уыдон рагон дæр сты æмæ æрыгон дæр. Сæ бон У ивгъуыд дуджы таурæгъ кæнын, ног дуджы зарæгæн хъЫР нын. Адæймаг зæронд кæны, цард та — ногæй-ногдæр. . 236
ЧИ У, ЧИ? Гæмсырмæ дæр æрхауд ныхасы бар. Уæдмæ уыд æр- ^æст омменгæнæг, хъуыста ал-кæйы ныхасмæ дæр. Хъуыста ^м æрвылбон дæр, фынджы фарсмæ бадгæйæ æмæ сыл фæ- цахуыр, афтæ йæм каст цыма хойрагимæ цавæрфæнды æп- ласлæн дзырдтæ дæр ахуыйæн сты æмæ йæхи хызта минасы р#стæджы фауинаг хъуыдытæй. Куыддæр æм ныхасы рад #рхауд, афтæ комдзаг æрдæгæууылдæй нынныхъуырдта, стъолы фаллаг кæронæй йын гæххæтт райсын нал бантыст - #мæ былтæ дыууæрдæм адаудта рахиз къухы уæлармæй, ^ефсæртæ змæлынæй нæма банцадысты, æвзаг дыууæрдæм зылд дæндæгтыл æттейæ-мидæгæй, афтæмæй слæууыд: — Хисдæртæ, фæрнæй уæлейæ бадут æмæ макуы фæцу- дæт уæ кад, уе ’гъдау, — ацы дзырдты фæстæ лæг ферхæ- цыд, былтæ кæрæдзимæ æлхъывдæй цалдæр хатты азы- лынтæ сты, нуазæн галиу къухæй бахызт рахизмæ, — мæ- кæн, æвæццæгæн, зын у, хисдæртау, лæджы кады аккаг дзы^дтæ ссарын, фæлæ дын мæнæ ацы дзæбæх адæм цы- дæриддæр ракуывтой, уый дыл æрцæуæд. Иудзырдæй, æз уымæн афтæ зæгъын æмæ лæджы тыххæй дзурын æнцон нæу, фæлæ уæддæр нуазæн мæнмæ кæм æрхауд, уымæ гæс- гæ мын уарзон æмгæртты ’хсæн кад у дæ хуызæн намыс- джын... — Къух нуазæнимæ фæдаргъ Хъæвдынырдæм. — Бузныг, Гæмсыр, аназ æй... . — Нæ, нæ, Хъæвдын, афтæ дæр нæу, — Гæмсыр йæ Дсестыты уæлтъыфæлттæ кæрæдзимæ æрылхъывта ахъаз- заг, галиу къухы армытъæпæн урсхæццæ бæзджын æрф- гуытæй æрбырыд даргъгомау фындзыл æмæ армыдзаг ро- Цъойыл хæцгæйæ баззад, стæй цадæггай æрхауд фынгмæ $мæ афтид агуывзæйы былтыл азылд зылынгомау æн- гУылдз. — Нæ Иры дзыллæйæн лæгдзинад семæ райгуырд æмæ Дзы ды дæр цух ницæмæй баззадтæ, хисдæримæ нын хис- Даер дæ, кæсдæримæ та кæсдæр. Фынджы хисдæрæн мæ уд йæ нывонд, фынгыл бадын зоны, æгъдау дæтты æмæ дæу тиххæй цыдæриддæр загъта, уыдон иууылдæр æмбæлон с<1ы. Ныххатыр мыи кæнут, æгæр кæй дзурын, уый, фæлæ ^гары тыххæй æцæг дзурын мæнмæ гæсгæ аипп никуы ^д. Ахæм амонд нæ уæд, Хъæвдын, æмæ дæ хуызæн *1согтæн табу кæнын кæм фæразæм, дæ кад, дæ ном макуы Фаэцудæт. Дæ тых, дæ зонд нæ хæлæг кæныс адæмæн, цы- ^гъау тайыс иумæиаг хъуыддаджы тыххæй. Ныххатыр ^ц, Хъæвдын, цурон ныхасмæ мып æй куы айсай, уæд мæ 11;ггæнмæ ныккæс, фæлæ махæн стыр ныфс дæ, нæ сæрхъы- ^}'1 æмæ нын дыууæ фондзыссæдз азы цæр æнæнизæн. 237
— Бузныг, Гæмсыр, мæнæй та чи цы лæггад зоны? — Нæ, нæ, Хъæвдын, уый мах зонæм, афтæ дæр нæу.. Уый дæ хæдæфсармæй дзурыс, фæлæ ацы нуазæнау, аеви" дигæ уæит дæ кад. Мин азты цæр, чи дын ис , уыдонимае адджынæй, дæхп уды фæндпаг, чи дæ уарзы, кæй уарзыс уыдон, стæй уæд мæ фæндиаг дæр. Табу иунæг стыр хуьь цауæн, уæлейæ арв, быпæй — зæхх, мæхиуыл мæ зæрдæ ни- цæмæй худы. Адæмы цæст уынаг у, уайтагъд базонынц раст æмæ зылыны, зоныиц хорздзинадæн аргъ кæнын, фауина- гæй æвзæр зæгъын. Дæуæй, Хъæвдын, хорзæй дарддэер нырма иу лæджы фыртæй дæр не ’рыхъуыстон «ахæм у»_ зæгъгæ. — Бузныг, Гæмсыр, аназ æй... — Нæ, нæ, Хъæвдын, махæн не ’намонддзииад уый ми~ дæг ис æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнын нæ зонæм, æмæ нæ сафгæ дæр уый кæны. Уый та цавæр «аназ æй у», æмæ мæ- рахпз цонджы тыххæй мæ хъуыды ма зæгъон?.. Гæмсыр галиу къух дзыппы атъыста, сæрыл бæрзонд- дæр схæцыд, нуазæн фæдаргъ Хъæвдынырдæм. — Хъæвдын, фидар нын у Иры’ хæхтау, кадджын Иры фæдисонтау, памысджын нæ дзыллæйы æгъдауæй, тых- джын Иры бæгъатыртау, хайджын Иры фарн æмæ амон- дæй. Мæнæ иыртæккæ куыд уарзон дæ адæмæн, афтæ уар- зонæй нын цæр бирæ азты дæргъы. Ацы нуазæн та мæнæн хæлар фæуæд, дæ рынтæ дзы ныххау^æт, а афтæмæй уега- сы цæрæнбонтæ дæр бирæ. Куыддæр нуазæн равдæлон, афтæ та нæ Гæмсыр атых- та æнгуылдзтæй йæ сæр нынкъуыста, цыма Хъæвдыны тыххæй стыр зындзинæдтæн бафæрæзта æмæ фæдæлгом агуывзæ, — а, а, уе знаг афтæ, — загъта сæрыстырæй, стæй йæ сæр цадæггай азылд йæ дæлейæ бадæг сыхаджыч ’рдæм æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: «Чи у, чи, ацы Хъæвдын»?..'
ЗÆРДÆЙЫ ХЪÆДГОМ Астæуккаг карæй чп ахызт, ахæм сылгоймаг лæууыд хатæны иу къуымы æмæ, йе уæхсджытыл сау зæлдаг кæл- мæрзæн æрбатухгæйæ, æрттæдæламæй каст сынтæджы сæрмæ ауыгъд хуызистмæ. Кæддæры сынты базырты хуы- зæн, дыууæ быдæй дæр цонджы сдæвдæнтæ чи уыдысты, уыцы сæрыхъуынтæ сурс æмæ стæнæг сты, — къæбутыл сæ тыхт зынгæ дæр н’ал кæны. Сылгоймаджы уæнгты конд бирæ ницы аивта, кæд би- рæ фæасгъуыз, уæддæр ма зындысты йæ уæздан бæрджы- тæ. Цæсгомы цъар хур æмæ дымгæмæ фæдæрзæг, фæтар- дæр, — нæ йын фæтæригъæд кодтой азтæ. Кæддæры цард- бæллон æрттиваг цæстытæн æрнымæг сæ цæхæр æмæ ма дунемæ кастысты æнæныфсæй, цахæмдæр фæлмы бы- нæй. Уый хъуамæ ныййарæг уаид, сæрыстырæй кæсид адæмы ’хсæнмæ, йæ кæсдæртæм, рæвдауид сын сæ саби- ты, фæлæ æнæхай фæцис уыцы амондæй, — мады номæй. Уыцы амонд ын састы бынаты баззад хъысмæтимæ æрм- хæсты, фæлæ уæддæр... Ацы бонæй барухс вæййы йæ зæрдæ. Афæдзæй-афæдз- мæ йæм фенхъæлмæ кæсы, хурыскастмæ бæллæгау. Ныр дæр та йын базмæлын кодта,' йæ амонд ын азтæн рох кæ- нын чи нæ бауагъта, уыцы æнкъарæнты, фæцагайдта зæр- дæйы хъæдгом. Цы бакæна, хъысмæтимæ тохгæнæн нæй, удыбарæй йæхицæн равзæрста (æниу «равзæрста» зæ- гъын дæр раст нæ уаид), йæ хай фæцис хæххон цæргæсы уарзондзпнад æмæ йыл кæд рæстæг йæ дæрзæг æрттæ ра- сæрфта, уæддæр нæ банымæг. Дидинæг райхæлынмæ куыд хъавыд, афтæ йыл сæмбæлд ихуазал æмæ ампылдысты йæ сыфтæ, фæлæ ма лæууыд иннæ уалдзæгмæ æнхъæлмæкæ- сæгау. Зымæгон æрдзау бафынæй вæййы æмæ та базмæлы уалдзыгоп хурьт хъарммæ, Æвзонгады рæсугъды бæллиц- тыл уазал дон чи æркалдта, уыцы æлгъыст дуг кæддæры æрттиваг уадултыл æрызгъорын кодта хъарм цæссыгтæ. Сылгоймаг лæууыд æмæ каст хуызистмæ. Уыцы ’хсæ- 239
вæй амондджындæр йæхи ныкуыма рахуыдта, кæд ыл’ хъæлдзæг бонтььхал фæрдгуытау ауыгъд уыдис, уæддæр. Фынфенæгау æм кастысты ныхасгæнджытæ, æнæкæрон циндзинад æй систа йæ базыртыл æмæ, зæгъгæ, чысыл ирон æфсæрм фæаууон, уæд сæ уазæгæй-фысымæй ныттыхтаид йæ хъæбысы. Бæсты фарнæн та зæгъид сæриыллæгæй: «Бузныг, фæлæ мæ æххæстæй нæма уырны». Сылгоймаг йæ амонды цинæй рад, комкоммæ каст йæ царды уалдзæг- мæ, фæлæ ма йын уæддæр цавæрдæр гуырысхо йæ зæрдæ- мæ хаста уазал... Цалдæр боны фæстæ рæстæг йæ къахæй ныллæууыд сæ бирæ’бæллиццтæ æмæ царды фæндтыл. Дыууæ цард- æнхъæлцау удæн нал бантыст кæрæдзи цæстытæм бакæ- сын, кæрæдзийæн хæрзбон зæгъын, афтæмæй сæ иуæн хъысмæт схай кодта, сæ рухс ном каднмæ мысинаг кæмæн свæййы, уыдон фæндаг, яннæмæн карз фæлварæн... Сылгоймаг æрвылбон дæр уыны уæлæ уыцы хуызист, фæлæ йæм уæлахизы бон иæ хæххон цæргæс фæкæсы цард- æгас æмæ фынфенæгау, йæ сæнтты мысæгау, куырдуаты йæ царды бонтæ арвитæг уд йæхи фæрæвдауы адæймаджы намыс æмæ кадæй. Чызгæн цæттæ уыдысты йæ цардæмбалы, йæ цæугæ хох, йæ лæугæ мæсыджы райст-бавæрд дарæс: цухъа, куырæт, басылыхъ, бухайрат худ, хъама, рон, хæдбынтæ, йемæ дæр ын сæ бæргæ æрвыста, фæлæ йæ фæцис къуы- лымпыгæнджытæ: Дæ бæлццон куы ’рыздæха, уæд ма та йæм цы бадавдзынæ, зæгъгæ, æмæ баззадысты æнæхицау. Æнпу сын хицау та куыннæ разындаид, фæлæ йæм афтæ каст, цыма йæ хæххон цæргæсы уæнгты йеттæмæ никæ-' уыл сфпдыдтаиккон æмæ уымæ гæсгæ йæ зæрдæмæ никæй бауагъта бакæсын, афтæмæй лæууы æхгæдæй, йæ уды- хайы дарæс та — афтидæй. УЫЙ У Сæумæрайсом. Æнæвдæлон рæстæджы «райдиан. Фыцы сагъæсты цæджджинаг. Минуттæ сурынц кæрæдзи. Къах- дзæф къахдзæфы æййафы. Фæндтæ æмæ бæллицтæ кæнынц тыннывæндæгау, сæхи калынц царды фæндагмæ, цæуыпц боны хорзæх, сомы ныфсæй. Иу хатт сæ нысан, стъалыйау, æрттивгæ кæны, иннæ хатт та агуринаг фæвæййы. 240
Уацхæссæг рахызт къæсæрæй, йæ цæст ахаста арвыл, хæрдмæ фæхæцыд плащы æфцæгготыл æмæ фæраст тро- туарыл. Цæуы, тындзы, цавæрдæр хъуыдытæ базмæлын кæнынц былтæ, куы иу, куы та иннæ къух фелвасы дзып- пæй. Уынджы фæзилæны йæ тæккæ фарсмæ дзыхълæуд фæкодта машинæ. Цалынмæ шоферы къухы уæз йæ уæхс- кыл нæ банкъардта æмæ загъд-заманайы бын нæ фæцис, уæдмæ нæ раха^гыд, цы гæнæг у, уый. "«Хатыр, хатыр»,— бахудт йæ мидбылты, амонæн æнгуылдз андæгъд къæм- исæныл æмæ та фæраст йæ фæндагыл. Æвиппайды, цыма хæхтæ рафæлдæхтысты, уыйау нын- нæрыд бæстæ, нызмæлыд зæхх. Уацхæссæг фесхъиудта æмæ цæхгæр фæзылд. Кæсы æмæ йæ фæрстæ тоны экска- ватор, ризы, тæлфы йæхи мидæг, фæздæг бындзыггай кæ- лы цыбыр трубæйæ, рæхыс-цæлхытæ нынныхæстысты зæх- хыл. Лæг аджих, андзыг, лæууы тротуары тæккæ астæу. Иæ хъуыдытæ фæпырх сты. Иу цалдæр цæуæгæй йыл сæ- хи куы скъуырдтой, дисгæнлзеджы цæстытæ йæм куы ба- зылдтой, уæд алæууыд фæсвæд. Машинæ йæ хъæрæй арыдта бæстæ. Дæндагджын кæхц йæхи систа хæрдмæ, стæй æрныхст зæххы æмæ йæ хъæбы- сырдæм бассывта сыджыт. Тæлфы, змæлы стыр машинæ, зилынц йæ цæлхытæ, тухынц телты, ласынц сыджытæй йе- дзаг кæхц хæдæвдæлонгæнæг машпнæйы гуиффæмæ. Иу- гæр маторы хъæр тайын райдыдта, йæ лæф-лæф ссыд, уæд уый зон æмзе æфсæн богалæн фæзын ис зæхх фæйлауын, Фæз.æ йæм уаг цы лæппу дæтты, уый йæ дырыс февнæлдæй маторы кусын кæны сахатау. Уацхæссæджы йæ къах нал ахаста. Фæстагмæ афтæ сцымыдис æмæ цыма экскаватор фыццаг хатт федта, уы- йау æм нал æфсæст кæсынæй. Кепкæйы бынæй æрттивынц тымбыл цæстытæ: тæиæг- гомау раст фындзы сæрмæ, æрфгуыты ’хсæн, хатт носау фæзыны иунæг æнцъылд. Нуарджын уадултæ, къуыбыр рихитæ æмæ гæзæмæ схъæлгомау роцъо цæсгомæн дæт- тынц ныфсджын æнгас. Сау комбинезон, æвæццæгссн, ра- нæй-рæтты у сæрдæн армæгæй рагон ахуырст æмæ хуры тьштæм ферттив-ферттив кæны. Лæппуйы къухтæ æмæ къæхты змæлдæй матор хатт мæсты хъæр ныккæны, кусы, зыдæй фелвасы сыджыт, стæй та, фыдæнæпгæнæгау, йæ дæндæгтæ ацæвы зæххы. Иуæй-иу хатт тæ йæ архайд вæй- йы фæлмæн, хъæрзгæ, æмбаргæ. Машинæйы кабннæ куы йæхæдæг баризы, куы та цæф сырдау ныззилы æмæ уæд лæппу фæвæййы æхгæд къулы аууон, стæй та фæстæмæ æрыздæхы йæ мидбынатмæ. Экскаваторы маторы уынæр, машинæйы куыст, лæппу- 16. Гугкаты Ш. 241
йы змæлд цавæрдæр сагъæсты бафтыдтой уацхæссæджы йæ зæрдæмæ бахызтысты романтикон æнкъарæнтæ æмае хъуыдытыл басагътой базыртæ. Матор кусы, æфсæн уæ- йыг нæры æмæ лæф-лæфгæнгæ змæнты зæхх, къахы сьь джыт. Лæппуйы къухтæ, фæндырь< тæнтыл хъазæгау, зи-1 лынц машинæйы зæрдæйы тæгтыл æмæ æгас горæтыл хъуысы фæллойы зарæг. Ацы зарæджы мелоди æрцард, ныртæккæ лæппумæ цы бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ кæсынц, уыдонæй алы фатеры дæр. Уым алы дур, алы хъæд дæр кæны уæзæгæвæрд къухтæ æмæ хиды ’ртахы зарæг, авдæны сабийæн хæссы царды цинтæ æмæ рæзыны хос* ныййарæджы фæндиæгтæн — цæрдхъом тых, чыпдздзон чызджы сагъæстæн — рæвдыд, усгур лæппуйы бæллиц- тæн — дардтæхæн базыртæ, куырыхон зæронд лæджы ка- дæгæн — зæрдæмæ арфхъарæг мыртæ, нæртон фысымтæн — царды амонд, фæллойы намыс, æвидигæ бæркад, къæсæр- ты фарн. Лæппуйы рахиз къух фесхуыста лæдзæджы, машинæ ныррыхыд, зæхмæ сæхи нылхъывтой рæхыс цæлхытæ, ба- змæлыдысты сæ мидбынаты, матор схуыфыд, кæхц æрхауд æмæ фæбыры зæххыл, экскаваторæн йæ лæф-лæф ссыд. Уацхæссæгмæ афтæ кæсы, цыма уæртæ уыцы къухтæ уа- рынц адæмыл амонд нæртон æмæ хæларæй, цыма уæртæ машинæйы гуыффæмæ цы кæхц фæцæуы, уый та агуры царды хæрзиуджыты суадæттæ. Уацхæссæг фестад, йæ мидбынаты алæууыд уырдыг, фæндыдис æй базонын лæп- Ъуйы ном æмæ мыггаг, фæлæ нæ фæцис фадат, зæрдæ æмæ матор уысмы бæрц дæр сæхицæн нæ радтой æнцойад æмæ уацхæссæг дæр ацыд, — хъуыддаг аргъæвта æндæр хат- тмæ. * * * Адæмæй йæ тæккæдзаг уыдис театры фæзуат. Иутæ дзы лæууыдысты билеттæуæйгæнæн’ кассæйы раз, инн:æтæ|та — дæрддзæфдæр, къордгæйттæй. Уацхæссæг рахызт, æр- каст йæ билетмæ, стæй йæ цæст ахаста адæмыл. Æвиппай- ды андзыг, билет хидæвæрдæй баззад дыууæ къухы астæу, сæры мидæг схъомпал сты алыгъуызон хъуыдытæ, иу ныв сырдта иннæйы... «Хорз лæг, бахатыр кæн, фæлæ тæккæ рахизæны лæу- у^>ш аив нæу, ам бирæ адæм ис». Ацы уайдзæф дæр нæ-фезмæлын кодта уацхæссæджы, фæлæ уæддæр дзуапп лæвæрдта йæ мид-зæрдæйы: «ис, ис, ам бирæ адæм ис. Уæртæ уыцы лæппу та сæ фарн у, сæ амонд. — Уацхæссæг каст æдзьщæг, — Уый у æнæмæнг». 242
Лæппуйы ставд æнгуылдзтæ æрбатыхтой иу авдаздзыд чызджы къух. Тарцъæх пиджак æнгом хæцыд бæзджын риу æмæ фæтæн уæхсчытыл, Къæбæлдзыг мыдгъуыз сæры- хъуынтæй фæхицæн иу бындзыг æмæ йæ лæппу рæстæгæй- >æстæгмæ æрныхасы иннæтыл. Абоны ирд цæстытæн цы- ма сæ цæхæр ахуыссыд, уыйау комкоммæ кастысты кас- сæйы ’рдæм. Дыууæ æосЬы ттжы ’хсæн адаг бирæ фæкъад- æр, гæзæмæ ма зындис йæ фæд. Чызджы фарстæн æй дзуапп дæттын куы бахъæуы, уæд ныллæгдæр æруадзы йæ сæр, цæсгомыл фæзыны æхсызгондзинады фæд, худæндзаст былты æхсæнæй, срйыл цæуæгау, рахъуызы фæлмæн дзырд, дыма искæйы æнцойадæн фехæлынæй тæрсы. «Æвæдза, ныр ацы адæм куы зониккой ацы лæппуйы, уæд ын бæргæ алчи дæр зæгъид: табуафси, рахиз, райс би- лет мæ разæй, фæлæ». Уацхæссæг йæхæдæг фæраст кас- сæйы ’рдæм. Раздæхти мæстджынæй. Хъуамæ райстаид би- лет æнæрадæй æмæ уайдзæфты бын фæцис. Афтæ йæм фæ- каст, цыма ныртæккæ адæм сты дурзæрдæтæ, нæ зонынц аргъ кæнын адæймагæн, хиды æртах æмæ уæзæгæвæрд къух- тæн, кады хорзæхы аккаг зæрдæйæн, удыхъæды рæсугъд миниуджытæн, цины фысым æмæ амонды уазæгæн, адæй- маджы кад æмæ намысæн. Уацхæссæг æркаст йæхи билетмæ. Бæргæ йын æй ныр- тæккæ фæсадзид йæ къухты, фæлæ уыдон дыууæ сты, стæй цынæ вæййы, мыййаг æй æфхæрдмæ куы айса. Нæй, нæ бæззы ацы фæнд. Уæдмæ семæ цингæнгæ фæиу æд билет- тæ радæй рахизæг æрыгон сылгоймаг. Фыццаг лæппуимæ кастысты билеттæм, стæй сæ айста лæппу æмæ сæ фенын кодта гыццыл чызгæн дæр, ныллæг æм æргуыбыр кодта, афтæмæй. Уыдон дæр фæцæуынц дуары ’рдæм. Фæаууон уал гыц- цыл чызг, гæзæмæ ма фæзындысты йæ мыдгъуыз сæры- хъуынтæ. Уый æнæмæнг уыдаид сæ хъæбул. Дуарæй бахиз- гæйæ сæхæдæг дæр, адæмы гуылфæны батайæгау, фæип- пæрд сты уацхæссæджы цæстæнгасæй. Бæргæ ма сæ йæ мид-зæрдæйы залы дæр агуырдта, фæлæ сæ нал ссардта. Уацхæссæгмæ афтæ каст, цыма уыцы саджыфисынтыл амад лæппулæг, бынаты фарнау, цæры алкæй хæдзары, уастырджийау цæуы алы бæлццонимæ, сæ хъуыдытæ, сæ бæллиццтæ сты иу хъысмаеты цæтджинаджы фых æмæ йын ныр та баиу сты театры залмæ баивылæг адæмы цинæй- дзаг сагъæстимæ. «Уый æнæмæнгдæр у æвзаджы рæсугъд- дæр дзырдтæй нывкæнинаг очеркы хъайтар», — загъта уац- хæссæг йæхицæн æмæ атындзыдта йæ бадæнмæ. 243
УÆЛАХИЗЫ МАЙДАН Бадпла мадзура æмæ æрхæндæг зæрдæйæ ахызт къæсæ- рæй. Цыма æвæджиаг æнцойадæн фехæлынæй тарст, уыйау сæргуыбырæй цыди размæ. Р1æ уæзбын къахдзæф, ■ йæ ауыгъд цæнгты змæлд æмæ йе ’лхынцъ æрфгуытæ æрдзыл бафтыдтой æнкъард сагъæс, нал хъуыст йæ улæфт, йæ тæл- фын, йæ сыбыртт. Лæг чысыл фæгуыбыр, азтæ йын айстой йæ уæнгты фи- /•ардзинад, фæлæ уæддæр зынди, æвзонджы бонты йæм цы стыр хъару æмæ тых уыдис, уый. Риуæй цæхæртæка- лы, афæдз дыууæ хаттæй фылдæр йæ цæст бакæсын кæмæ нæ уарзы, уыцы майдан. Лæг сæргуыбырæй фæлæууыд цырты раз, йæ цæстытæ йыл цалдæр хатты схаста æмæ æр- бадт бæласы бын бандоныл. Фæд-фæдыл дымд фæцис цал- дæр папиросы, фæстаг хатт ма зæрдиагæй сулæфыд фæз- дæг æмæ дыууæ къухы быцæу балæууыдысты æнæнцой дуджы хуымгæнды быдырмæ — хурсыгъд фæтæн сæры. Цæстытæн цыма сæ хъуыды фесæфт, уыйау сыл равæрдта фæлм, риуыл ауыгъд майданмæ кæсгæйæ. Уæлахизы майдан, кады хорзæх. Фыст ыл ис цыппар азы истори, æнæнцой бонты номхыгъд æмæ сæ фæлтæрд салдатæн нымайын кæны афæдз дыууæ хатты. Салдат та ныккаст йæ майданмæ æмæ йæ урс сæры- хъуын сыстад, зæрдæ атахт æвзонджы кармæ, хъуыды — фæздæгæй арыд бонтæм. Байгом зындоны рудзынг æмæ^ разындысты, райхъуыстысты тар мигъы фæлмæй: фæднсы хъæр, фæндараст æмæ Уастырджийы зарæг, сылгоймаджы цæссыгтæ, хъаймæтхæссæг фыдгулы ^сотых, фыдызæххы хъæрзын, топпыхосы фæздæг, цард æмæ мæлæты ’хсæн -ауæдз, æнæхуыссæг æхсæвтæ, цæф хæстоны унæргъын, æф- сымæрон ингæн, фарны уалдзæг, уæлахизы тырыса. Фæлтæрд хæстон та бафæллад ивгъуыд дуджы хæтæн-^ тыл, йæ тæрныхыл фæзындысты ног ауæдзтæ, кæддæры бæ- гъатыр уæнгщ ма базмæлыд фыдгулмæ æнæуынондзина- ды æнкъарæн, фæлæ йын йæ фæллад зæрдæйыл баузæлы- дысты уалдзæджы комулæфт æмæ чысыл фалдæр та са- биты худын æмæ цардбæллон хъæлæба. Уый йæ ракодта уы- цы зындоны цæхæрæй æмæ та.фескъуыд йæ мид-зæрдæйы уæззау сагъæсты хал. Бадила сыстад æмæ лæууыд цырты раз сæргуыбырæй. Са’битæ дидинджытæ сæвæрдтой æфсымæрон уæлмæрдыл, сæ цæсгæмттæй фæлыгъдысты, чысыл раздæр сæ йæ уаца- ры чи бакодта, уыцы цины фæдтæ æмæ лæууыдысты æр- хæндæгæй уæлахизхæссæг салдаты цырты раз. 244
Никуы ферох уыдзысты фæстагæттæй, йæ зæрдæйы цæ- хæрæй, йæ уарзт, йæ царды тымыгъæй, æнусон арт чи ссы- гъта, уыцы цæринæгты хуыздæртæ. У А Р 3 Т Арв йæхи ныллæг æруагъта зæхмæ. Миты тъыфылтæ уæлдæфы кæнынц тыннывæндæгау. Сыхырнайæ луарæгау райдыдтой хауын пирæнгæмттæй. Зæхх урс-урсид адардта. Æрдзы уынæр фæцис митпæлæзы бын. Мæргътæй ма бына- ты чи уыд, уыдон дæр, æрдзы цагъайрæгтау, ныхгæдтой сæ дзыхтæ. Чызг бады рудзынджы раз. Йæ дыууæ къухы бы- цæу балæууыдысты роцъомæ, æнгуылдзтæ та былты сæх- гæдтой. Цæстытæ цыма ныкъулын дæр нал комынц, уыйау лæууынц ирдæй. Æрыгон зæрдæ бафтыд цавæрдæр сагъæ- стыл. Чызгмæ афтæ кæсы, цыма ныртæккæ уый йеттæмæ тæлфгæ, змæлгæ ницыуал кæны. Дунейы къултæ кæрæдзи- мæ æрбаввахс сты, цар сыл æруæз кодта, — фæнычы норст цæхæрау æрымбæхст уарзондзинады стъæлфæн. Рæсугъд тæлмæнтæ. бæллиццаг æнкъарæнты рæвдауæг мысинæгтæ ма зилахар кæнынц миты тъыфылтимæ, фæлæ сын хъуын- тъыз бон сæтты сæ ныфс æмæ саст базыртимæ æрныхæсынц зæххыл. Уæртæ уыцы обауæн дæр фæбынæй сты йæ алæмæты ахорæнтæ. Тæккæ знон дæр ма цъæххъулон дардта йæ фæз- зыгон дарæс, фæлæ йыл мит æрытыдта урс пæлæз æмæ йæ быны фесты æрдзы хъулæттæ. Обауы фарсмæ къада бай- сыст, æртахгай ма хъуызы, дурты ’хсæнты æрнымæг йæ за- рын. Бæлæсты бур сыфтæртæ зилахар кæнынц уæлдæфы. Мыдыбындз йæ ныфс нал хæссы хизæнмæ. Бæргæ бирæ хæрзтæ зоны обауы дидинджытæй, фæлæ уыдонæн дæр сæ бон нал у æмбæлæджы барæвдауын. Цалдæр боны размæ дæр ма узæлыдысты кæрæдзийыл, ацы ран тыбар-тыбур кодта уарзондзинад, фæлæ... Уыцы æхсæв райдыдта дымын. Арвыл зивæггæнгæ бы- рыдысты мигътæ. Ныр та мит уарынмæ раздæхта. Æрдзы хъулæттæ фесты миты бын... Фæлæ та уæдмæ ралæууыди царды уалдзæг. Бон та сы- тынг. Хуры цæст бæстон æрыидæвта. Зæхх ысулæфыд. Къадайы дон акалд йæ былтæй, базмæлыд уидаг. Хуссæрт- тыл кæрдæг фæхæцыд. Дидинæг сдардта йæ сæр æмæ, ног- гуырдау, рацыд рухсмæ, нуазы сæууон æртæх. Райхъал 245
бæстæ. Мæргътæ æрхастой зарæг. Мыдыбындз зилы дидин* джытыл, цæрæгойтæ æмызмæлд скодтой. Уалдзæджы комулæфт асхъаудта норст цæхæры æмае та схæцыд арт. Æрыгон зæрдæйы æвæджиаг æнкъарæнтае сæхи систой сонт бæллнцыты базыртыл æмæ сæрыстырæй сæхи найынц цины денджызы. Райхъал уарзт. Уарзт зæронд нæ кæны. Алы уалдзæг дæр ын вæййы гуырæнбон. Уарзт æнусон у, æрмæст куы пиллон арт суадзы, уалдзæгау, куы та йæхимндæг фæсу; дзы зьщæгон æрдзау, норстæй. ÆМБÆЛЦЦÆТТÆ Хосдзау та рацагъта йæ цæвæг. Уистæ хæццæ кодтой иу къуылдымæй иннæмæ. Адæймаджы цæнгты фæллойы за- рæг кодтой цæвæг, дзæбуг æмæ хъæсдарæг, зарыд зæрдæ цин æмæ амондимæ. Зарæг зылди уæлхох быдырты, кæмтты, æрвгæрæтты æмæ та здæхти хосдзауы зæрдæмæ, сырдта уæнгты фæллад. - Иухатт та зарæг сыстад зæххы къорийыл царды цин тауынмæ, фæлæ фæцис фыдвæндаг. Ацыхатт нал æрыздæхт хъæлдзæгæй, фескъуыд кæмдæр æрдæгвæндагыл æмæ æр- хаста æрхæндæг. Циндзинады бæсты Хосдзауæн дæр æр- хаста фыдохы хабар. Цардбæллон зæрдæ ныххауди масты цæхæры, йæхи бафæдзæхста фæндагсарæн, йемæ ахаста уарзоны цæстыты æрттывд, къæлæс æрфгуыты кæлæнгæ- нæг тых, амондмæ бæлгæйæ, фыдæнхъæл чи фæцис, уыцы былты тæргайгъуыз, уарзтæмхиц цæстьЦы хуызистау баз- задис аив уæнгты конд. Хосдзау хæрзбон загъта йæ уæзæгæн æмæ фæцыд салда- ты. Иæ зарæг аскъуыди æрдæгыл. Ныр цæринæгты фæдисон бады хъæдгæрон акъоппы. Йæ ныхмæ рацыдысты æппæт фыдбылызтæ. Сау мылазон фæздæг, мигъау, сыстад æмæ сæхгæдта хуры цæст. Хъай- мæт бырыди зæххыл æмæ хъуамæ аныхъуырдтаид бæсты фарны. Хосдзауы цæстытыл ауадысты райгуырæн хæхбæс- тæ, уарзон чызджы хурæнгæс. Уыдон ын лæвæрдтой уæла- хизы ныфс, æвидпгæ хъару, тых. Зарæг та кæмдæр бамынæг æ^æ æрхæндæг сагъæс æфтыдта зæрдæйыл. Фæлæ уыцы бон... Æхст куыддæр фæсабыр, афтæ зæх- хыл æрныхæст æгуыппæгдзинад. Ныссабыр бæстæ æмæ та алайæдзаг хъæдæп сыстад зарæг, йæхи систа цадæггай, 246
стæй ныййазæлыд Фыдыбæстæйы сæрмæ ныфсдæттæг фæ- дисонхъæлæс. Хосдзауы хъустæ асыгъта æнæнхъæлæджы циндзинад, йæ уæнгты та базмæлыд æнæбасæтгæ хъару, фыдбылыз марынæн царды къухты цыдæриддæр бафтыд, уый ныззæй кодта фыдгулыл, æмæ Зæхх сыгъди знаджы къæхты бын. Хосдзау сыстад акъоппæй. йе ’ндон зæрдæ, уарзт æмæ зарæг фæхастой уæлахизы тырыса æмæ та бафтыдысты са- быр цардыл. Уыдон иумæ кæрдынц хос, дарынц гутон, цæ- гъдынц æфсæйнаг, дон кæнынц æндон, кæрæдзийæ сын нæй фæхицæн, уæлахиз дæр иумæ фесты æмæ ныр, та раздæ- рау, сты цырддзаст, цæмæй та ма фæхицæн ой, цæмæй зæххы къорийы бакæной сæ хъæбысы, цæмæй мауал æруадзой туг- калæн хæст. МАДЫ ЗÆРДÆ Цæрæнбонты æфцгуытыл ахизгæйæ, дуджы аууон цы азт’æ фесты, уыдон комулæфт ма, айзæлдау, рæстæгæй-рæс- тæгмæ раздæхы фæстæмæ, цæмæй фæстагæттæн æрымы- сын кæпа кæддæры кад æмæ намысы фæдисонты, цæмæй макуы ферох ой фыдыбæстæйы зæххыл рухсы бадинæгты цыртытæ. Уыцы уылæн йæхи асæрфта ныййарæджьг урс дадали- тыл, сау кæлмæрзæныл æмæ та æнæбын масты денджыз æртахгай райдыдта лæдæрсын фæллад цæстытæй. Уæлахизы бон!.. Уæдæй ардæм схъомыл æнæхъæн фæл- тæртæ. Бирæ фæсивæд бацыд царды гуылфæнмæ, бирæтæ ссардтой сæ амонд чызгæй-лæппуйæ уæлахизы тырысайы бын æмæ сæм бинонты фарн, сабийы æнæхин цæстытæ æв- вахс нæ уадзынц æнкъард, фыдбылыз, афтæмæй цæуынц риуæмбæрц, кады бæрзæндтæм хизгæйæ, агурынц æвæджи- аг намысы хæзнадон, размæхæцынц историйы цалхыл. Уы- донæн сомбоны нысан лæууы цырагъдар, цæмæй фыддуг æмæ фыдбылызы æндæрг макуыуал фæзына царды гори- зонтыл. Уыцы фæлтæрæн дæр æнæнцой рæстæджы ком- улæфт дзуры историйы таурæгъ æмæ уæлахизы бæрæгбон банысан кæнынц царды ныфсытимæ. Саударæг мад бады а^фтид ннгæны фарсмæ. Кæддæры хæмпус уæздан къухтæ баруадысты. Æнусон æнцойадæн тæрсæгау, æнгуылдзтæ ризгæ æвналынц цырты бын тау- кæрдæгмæ æмæ та зæрдæйы æнкъарæнты бацагайы ив- 247
гъуыд дуджы комулæфт. Сау кæлмæрзæны кæрæттæ мæл7 лæг уæхсчытыл æмбæрзтæй æрзæбул сты, фыдохы тырыса- тау. Сыгоймаджы сæр ныггуыбыр пнгæнмæ, цыма йæ хъæ^ булмæ сусæг ныхасмæ сидт æ^æ ма гæзæмæ тæлфыд йæ рыст зæрдæ. Чысыл раздæр цы фæлмæн къæвда рацыд, уый, æвда- дзы хосау, басаста зæххы дойны æмæ йе ’ртæхтæ райсомы хуры тынтæм æрттывтой цыкурайы фæрдгуытау. Дидинджытæн цыма цырты алыварс сыджыты сой уæлдай хæлар фæцис, уыйау цыдысты хæрдмæ амгуыды- нæй, æрдзы гауызыл сарæзтой зынгхуыст салдаты фæлгонц æмæ йын æрвыл аз дæр æнусон уалдзæжы ахсрæнтæй ра- ивынц йæ хуыз, цæмæй мыггагмæ цардæгасæй, æвзонг æмæ сæрыстырæй цæра æппæт фæлтæртимæ. Мæргътæ, æвæджиаг сабырдзинадæн тæрсæгау, æгуып- пæгæй кæсынц сæ гыццыл фæрдыг цæстытæй. Рог уддзæф æрбатыхта йæ дымджытæ æмæ афардæг комы дагъы. Нындзыг, ныссабыр бæстæ, æрмæстма хъуыст ныййарæ- джы мид-зæрдæйы хъарæг. Хъæбулы уарзт æмæ мастæй судзгæ цæссыг хъуызы фæллад цæстытæй æмæ тайы сау- мæр сыджыты. Азтæ цæудзысты фæцу æмæ мауал раздæхыны фæн- дагыл, цæрæццаг фæлтæртæй бирæ цымыдисаг хабæрттæ æмбæхсгæ, фæлæ рухсыбадинæгты цыртытæ никуы ферох уыдзысты ныййарæг мад æмæ ныййарæг зæххæй. ЦУАНОН ЛÆГ Лæг фестад боныцъæхæй, йæ дарæс тагъд-тагъд акодта, фæсидт Силæммæ, арвыл ма пу хатт йæ цæст ахаста æмæ фæраст йæ фæндагыл. Æгæр ып ферæджы, афынæй, исдуг цæуинаг дæр нал уыд, ома цалынмæ уырдæм хæццæ кæнон, уæдмæ хур дæр скæсдзæн, æрдз базмæлдзæн æмæ бабызтæ сæхи айсдзысты æндæр ранмæ. Цуанон лæг тагъд кæны, тындзы. Хызын дзы кæй ферох,. уый йæ зæрдыл æрбалæууыд æрдæгвæндагыл. Уæддæр та- бу хуыцауæн, хъатара разынд астæуыл баст, хъримаг уæхс- кыл. Уыдонæй чифæнды ферох уæд — цуанон лæгæй цуа- ной лæг нал ис. Балцы хабар Силæмæн амонын нæ хъæуы, — æмбаргæ куыдз у, йæ хицауимæ бирæ хæтæнты чи фæцыд, бирæ цæ- уæнты чи ауад, ахæм у. Зæронд кæнын байдыдта, фæлæ 248
нырма цæрдæг у. Дарæсмæ гæсгæ базоны йæ хицауы, бæлц- цон арæзт у æви нæ. Ацы хатт ыл чысыл фæдызæрдыг,, рахисæрдыгæй стыр хызын зæбулæй куынæ федта, уæд, фæ- лæ уæддæр фæраст хъримаджы ныфсæй. Сæ дыууæ дæр> фесты къуылдымы аууон. Нал зыны хъæу. Фæндаггæттæ- сæ ных сарæзтой размæ. Бон куыд тынгдæр кодта, афтæ базырджынты пæр-пæр æмæ цъыбар-цъыбурæй тади æр- дзы сабырдзинад. Цуанон фæхæрд кодта хъæдрæбынты къуылдымыл,. йæ хъуыдытæ иууылдæр зылдысты уыцы цады алыфарс, цæстытыл уади ленкгæнæг бабызты дзыгуыр. Цуанон лæг хатт бахуды йæ мидбылты, цыма рæствæндаг фæцис, уы- йау, фæлæ та йæ цæстытыл куы андæдзы æрмæст цады сыгъдæг уæлцъар, уæд та æрфгуытæ дæр фелхынцъ вæй- йынц æмæ уæд фæтагъддæр кæны’ йæ цыд. Тындзы цуанон, зыдæй ныхъуыры райсомы сатæг уæл- ’дæф. Æгæр кусынц рæуджыт&, афтæмæй æхсын дæр зын у, фæлæ уæддæр тындзы. Уалынмæ баввахс бæрæг бынат- мæ. Ам чысыл фæсабыр йæ цыд. Хъуамæ къахыраей бакæ- са. Цæуы гуыбыр-гуыбыр, æрхуыссыд зæххыл дæлгоммæ* быры размæ. Иурæстæджы та аивæй бакаст цады ’рдæм.. Сабыр дымгæмæ цад кодта къаннæг уылæнтæ. Уыдон кæ- рæдзи фæстæ цыдысты цуанонырдæм, æндæр дЗы змæлæг нæ разынд. Цады фаллаг фарс назбæлæсты бын хъазыдысты рувас æмæ йæ лæппын. Сæ иу фæцæйлидзы æмæ та сурæджы бын атулы. Рувас фесты, йæ къахы æлгътыл азилы дардыл æмæ цыма йæ лæппынæн фыдбылызæй фæтæрсы, уыйау та алæууы йæ уæлхъус, атулы йæ рагъы нуæрттыл. Уæдмæ* сыл аныдзæвдысты хуры тынтæ æмæ уыдон дæр райдыдтой семæ цин кæнын. Цуанон лæджы цæстытæ ферттывтой. Йæ зæрдæ фыр- цинæй базмæлыд, уæнгтыл хъыдзыгæнгæ ацыд æнæнхъæ- лæджы æхцондзинад. Цуанон лæг уайтагъд фæстæмæ ра- бырыд йæ гуыбыны цъарыл, ныххызт къуылдымы иннæ фарсмæ æмæ атындзыдта, цæмæй æввахсдæр бахъуыза йæ- амæттагмæ, бацахса хуыздæр хъавæп æмæ æхсæн бынат^ Тындзы лæг пыхсыты, тагъд кæны, хнлы хъуынайæ æх- гæд къæдзæхтыл, быры къутæрты ’хсæнты, фæлæ нæ халы æрдзы сабырдзинад. Иу бæласы бынты лæсгæйæ, хус къæ- цæл фæфидар хъатарайы, йæ къæрцц фæцыд. Цуанон æр- ныхæст зæххыл, стæй та цадæггай схæцыд йæхиуыл, цæуы йæ цыппæртыл, быры гуыбыны цъарыл, йæ фæджджитæм ын æвналынц къутæртæ, къ’алиутæ, фыдгæнæджы иргъæ- вæгау, фæлæ сæ бон нæу йæ бауромып, къухæй сыл араёх- 249-;
<стгай ахæцы фæйнæрдæм æмæ та лæг чысыл фæраздæр вæййы. Цуанон лæг бахæццæ нысангонд бынатмæ. Уырдыгæй дзæбæх зындысты рувас æмæ йæ лæппын, цæмæй зыдтой, цуанон æрдзы рæсугъддзинадæй æмбæхсæн бынат сараз- дзæн, æндæра афонмæ сæ сæртæ куыннæ бафснайдтаик- кой. Цуанон ныхъхъавыд, йæ иу цæст æрцъынд кодта, был ныззылын, роцъо ризы, улæфт банцад, фæлæ та уайтагъд куынцытау скуыстой рæуджытæ. Цуанон æрхуыссыд бæс- тондæр: «Ау, куыд хъуамæ фæивгъуыйон!» Иæ тыхст цыма фæсабырдæр,, йæ ныфс фæфылдæр, хъримаджы хæтæл æрынцад къалиуыл, къæхтæ сæхи ауагътой пæлæхсар, сæ фарсмæ Силæм дæр æрныгъуылд. Уалынмæ æхст фехæлдта æрдзы сабырдзииад, нæргæ азылд хъæды æмæ батад кæмдæр арвы кæрон. Силæм фæ- тары, йæ сыбар-сыбур ссыд пыхсыты æмæ цæсты фæны- къуылдмæ февзæрд цады фаллаг фарс. Цуанон хуыссыд дæлгоммæ, йæ сæрыл бæрзонд схæцыд æмæ хинæйдзаг каст акодта къутæры фæстейæ. Силæм лæууыд рувас æмæ лæппыны фарсмæ æмæ сæм касти сæркъулæй. Уæдмæ бахæццæ цуанон дæр. Рувас нæ „дæр Силæмæй фæтарст, нæдæр цуанонæй, нæ алыгъд, æр- мæст йæ хъæбысы ныттыхта йæ лæппыны, цыма йын дзур- тæ кодта: «Никæмæн дæ ратдзынæн, никæмæн дæ ратдзы- нæн, мæ хъæбул!» Цуанон бандзыг йæ мидбынаты, сæркъулæй каст мад ■земæ лæппынмæ, афтæмæй йæ хъримаг æрхауд йæ къухæй. ХУЫНДЗАУ Сылгоймаджы урсхæццæ сæрыхъуынтæ нал зындысты хьæддыхбаст морæгъуыз сæрбæттæны бынæй. Йæ цæстæн- гас фæирддæр, йæ ных разынд æнæхъæнæй. Къæсхуыр цæс- гомы цъар хурмæ гæзæмæ фæсау, тæнæг раст фындзы фæйнæфарс, уадулты тæккæ бын, фæзынд зына-нæзына хæххытæ, фæлæ куы бахуды, уæд разынынц тынгдæр æмæ уæд, цардбæллон цæстытæн дæр, хуры тынау ферттивы сæ хæларзæрдæ, сæ хъуыдыджын æнгас. Урс тæппытæ, æрв- гъуыз, тæнæг хъуымацæй кофтæйыл баст у йæхицæй рон. Йæ дыстæ йын батылдта рæмбыныкъæдзты уонг æмæ хæм- ттус хыссæйæ ралыг кодта иу тула. 250
— Уæлгъа, ам нæ дæ? — сыхæгты сылгоймаг асины сæрмæ куыддæр схæццæ, афтæ бадзырдта æмæ йæхиимæ ныхасгæнгæ цыд къæлидоры. Уалынмæ бахæцыд дуарыл æмæ куы базыхъыр, уæд æм райхъуыст хæдзарæй Уæл- гъайы дзурын дæр. — Ам дæн, ам, Даро, мидæмæ рахиз. ’ —Уæ райсом хорз æмæ уыл кæддæриддæр дзæбæх рай- сомтæ цæуæд. — Зæрдæрухсæй цæр, Даро, æмæ дæ хъæбулты хурæй бафсæд, — Уæлгъа ныууагъта йæ хыссæимæ архайын æмæ йе ’ргом раздæхта Даройы ’рдæм. Даро куыддæр хæдзармæ бахызт æмæ салам радта, афтæ йæ цæстæнгас ахаста къуымты, ацы райсом хæдза- ры змæлджытæм цы фæндтæ ис æмæ цы мигæнæг сты, уый бæрæггæнæгау. — Куыд раджы балæууыдтæ уæларынг? — Раджы нал у, нал, æгæр дæр ма ферæджы кодтон. Дæ разы уал диваныл абад, æз æххæст мæ кæрдзын ду- хофкæйы бавæрон, æндæра арт дæр дзæгъæлы судзы. — Нæ, нæ, Уæлгъа, бадынмæ мæ не ’вдæлы... Æнхъæл дæн уыцы адæм абон куывд кæнынц, ницы фехъуыстай ды дæр? — Даро æрттæдæлармæй каст арынгмæ æмæ кæд бамбæрста, сылгоймаг хуынды цæуынмæ йæхи цæттæ кæ- ны, уæддæр æвдыста ахæм хуыз, цыма никуы æмæ ницы, цыма куывд кæнинаг кæй сты, уый йын зындгонд уыд, фæ- лæ кæд æмæ куыд, уымæн ницы зыдта, уыйау лæууыд æмæ фæрстытæ кодта. — О, абон у сæ куывд. Знон ардæм дæр уыди хонæг, æвæццæгæн дын ничи фехъусын кодта, æниу дæумæ та цæй хонæг æрвитын хъæуы, сæхи бинонты хуызæн, дæхæдæг фысым дæр дæ æмæ хонæг дæр, — Мæ мæртты цæсгомы сдæн, мæнæ мын æй ныртæккæ уынджы чидæр адзырдта æмæ дисы бахаудтæн, æз æй ин- нæ хуыцаубоны æнхъæл уыдтæн, фæлæ ма зæгъын дæу дæр афæрсон æххæст. — АбоЪ у, абон сæ куывд æмæ мæ хыссæ дæр нырма мæнæ ныртæккæ схæцыд, тæрсын, мыййаг куы ферæджы кæнон. Иугæр хъæуы сылгоймæгтæ куы ацæуой, уæд ма сæ фæстейæ кæдæм сурдзынæн. Абон, райсомæй нырмæ, хыссæ азмæнтын бантыст, æндæра, æвæццæгæн, бакъуы- лымпы уыдаин æмæ зæрдæхудт кодтон. Ды нæ цæуыс, æви? — Куыннæ цæуын, фæлæ ма кæд хъуамæ срæвдз уон... Диссаг мæм кæсы иуæй-иуты хъуыддаг, хонæг æрвитыс æн- дæр хъæумæ æмæ дæ ныхас æмбаргæ адæймаджы бæрны бакæн, науæд кæйдæр сывæллон хъæугæрон кæмæндæр цыдæр фехъусын кодта æмæ ууыл ахицæн, адæм та кæрæ- 251
дзи рафæрс-бафæрс кæнынц æмæ сдыгъуырццæг сты. — Цас рæвдз дæ хъæуы, Даро, исты æцæгæлон хæдзар- мæ цæуыс? Ацу дæ дзаумæттæ акæн æмæ рацу. иу ран нæма æрбадтæн, уæддæр ма хуыцау хорз æмæ мын — Æппын ницы, фæлæ мæ æртæ кæрдзыны уæддæр хъуыди ракæнын, хион хион у, фæлæ хионы раз адæймагыл фылдæр хæстæ вæййы. — Уый бæсты ацу, дæхи арæвдз кæн, æртæ кæрдзыны æнæмæнг хъуыддаг не сты, кæд дæм иу дыууæ метры фла- нел-хъуымац ис, уæд ма сын уый æгæр дæр у, ды мын æр- хъуыды зæгъ, уый йеттæмæ мæгуырæй мæлынц исты, ’сæ фæллой цы фæкæной, уымæн куы ницы зонынц. — Мæ мæрдты цæсгомыстæн, ныртæккæ къухбæттæн хæцъил дæр кæй хæдзары ис, æмæ ма цы ми бакæнон, уы- мæн ницы мæ сæрæн зонын. Иу бон раздæр’ æй уæддæр куы фехъуыстаин, уæд адæймаг истытæ амæлттæ кодтаид, фæ- лæ ма ныр цы? — Тыхсгæ ма кæн, Даро, уыцы дыууæ метры дын мæ- нæ æз дæр ратдзынæн, хыссæ æртæ кæрдзыны фаг йеттæ- мæ нæ азмæстон, æндæра дын хуын ацæттæ кæнын дæр цас диссаг у. — Дæ хъæбулты хурæй бафсæд, Уæлгъа, ды та мæ цы зылынджын дæ, алы хатт мын мæ къух ацаразыс æмæ дын æз та кæд цы хорзы бацыдтæн, æниу мын фиддæн ницы кæныс, фæлæ... Мæ цæгат дæр раст нæ бакодтой, æндæра сын æппæты фыццаг хонæг мæнмæ æмбæлди. — Уыдон аххос нæу’, Даро, цы лæппуйæн бахæс кодтой, уьщ сеппæтыл хæдзаргай кæм зылдаид, æндæр хъæумæ хонæг чи ацæуы, ууыл хъæубæстæй иу цалдæрæн фехъу- сын кæныны йеттæмæ ницы хæс ис, стæй сын ома уыдон иууылдæр фехъусын кæндзысты. Æз дæр æй уыдонæй фе- хъуыстой. Æнхъæл уыдтæн зæгъын, æй зоныс, æндæра дæм æнæмæнг фæхабар кодтаин. Ныр дзы ницыуал гæнæн ис, фæлæ цалынмæ мæ кæрдзынтæ фыцой, уæдмæ дæхи арæвдз кæн, æндæра иннæтæ куы ацæуой, уæд ма сæ фæстейæ сур- дзыстæм? — Цæй уæдæ æз цæуон, дæ хъæбулты хурæй бафсæд! — Даро дзургæ ахызт къæсæрæй. Хъæубæсты хуындзæуттæ иумæ араст сты сыхаг хъæу- мæ, — лæппуйы куывдмæ. Хъуыди сæ иудзæвгар тæссармæ къахæй бауайын æмæ цыдысты сæхи ирхæфсгæ. Ныхасмæ дзы рæвдздæр чи уыд, уыдонмæ иннæтæ сæхи æввахс лас- той æуæ уыдонмæ хъусгæйæ сæ фæндаг цыбыр кодтой. Ал- кæмæ дæр сæ уыд хуын. Æртæ кæрдзыны æмæ авджыдза- гимæ ма карк кæмæ уыд, уымæн йæ хуын зындæр хæссæн уыд, иннæ та йæ хаста рогдæрæн. 252
Даро дæр нæ Цыд афтид къухæй. Йæ хъуымацы гæп- пæл батыхта стыр гæххæтты æмæ йæ куы йæ иу дæларм бакæны, куы иннæ, ома кæсут, мæ хуын дæр уæ никæй хуынæй рæуæгдæр у. Цæуынц сылгоймæгтæ куы къордгæйттæй ныхасгæнгæ, куы та иугæйттæй — кæрæдзи фæстæ, мадзурайæ,— сæ фæндаг сæ куыд самоны, уымæ гæсгæ. Семæ уыд цалдæр нæлгоймаджы дæр æмæ-иу куы разæй адард сты, куы та- иу сæхи фæстёйæ æрурæдтой, куы та-иу уыдон дæр сыл- гоймæгтимæ хайад истой ирхæфсæн, фæндаг цыбыргæнæн ныхасы. - —Мæ фыдбылызтæ сæ хай мæ цæгатæн, æндæр сын цы зæгъон, хонæг æрвитыс æмæ æмбаргæ адæймагæн бафæ- дзæхс. Ныр цæвиттон æнæнхъæлæджы Уæлгъамæ нæ ба- уадтæн, уæд бынтон нæ баззадаин. — Даро дзургæ йæхи баласта ацæргæдæр сылгоймагмæ, — æри-ма дæ хæссинаг дын айсон иу чысыл. — Уадз æй, Даро, чи дын фыдæбон кæны, — сылгойма- джы хуын радтын фæндгæ дæр кодта, стæй йыл цыма не ’ууæндыд, уыйау зивæггæнгæ райхæлдысты йе ’нгуылдзтæ хызыны хæцæнæй. Цыдысты хуындзæуттæ сындæггай. Даро уыцы хуын йæ хицаумæ куы радта, уæд та балæууыд æндæры фарсмæ æмæ та уымæн дæр айста йæ хызын. — Уæддæр мæнæн мæ цæгат цы ми бакодтой, уый лæг йе знагæн дæр нæ сараздзæн. Хонæг æрвитыс æмæ уал фыццаг кæмæ ’мбæлы, уымæн фехъусын кæн. Мæнæ зæгъ- гæ мæхæдæг нæ афарстон Уæлгъайы, уæд æй зонгæ дæр нæ бакодтаин., Даро та кæйдæр хуынимæ цыд сæрыстырæй, æнцондæр æм каст хуынимæ цæуын, йæ уæз ын хаста цахæмдæр æх- цондзинад, афтæ йæм каст, цыма йæ хæссынæй æппындæр никуы бафæллаид, стæй йæ уый /æссынмæ дæр никæмæ радтаид. Хуындзæуттæ бахæццæ сты хъæугæронмæ. Даройы бæр- гæ нæ фæндыд хуын радтын, фæлæ йæм йæ хицау арфæтæ кæнгæ куы бавнæлдта, уæд ма йын цы æнæдæтгæ уыд æмæ сылгоймаг фæтыхст йæхи мидæг. Уæлгъайы хуыны йеттæ- мæ алкæй хуын дæр фæхаста. Искæмæй ма йæ дыккаг хатт райса, уый йæ цæсгом нал хъæцыд æмæ йæхи хæстæг ба- ласта Уæлгъамæ: — Абондæргъы дыц ^æ хæссипæгтæ дæхи бар ныууагъ- тон, Уæлгъа, фæлæ мын бахатыр кæн, хæрзаг ма зæгъай æндæр хъуыды йæм не ’рцыд. Æри-ма ныр та дын æй æз 253
айсон, — Даройы зæрды уыд Уæлгъайы къухæй хуын ай« сын. Уæлгъа йæ цæст ахаста уынджы фæцнæфарс лæууæг адæмыл, кастысты хæдзæртты рудзгуытæй, стæй зулмæ ба- каст Даромæ æмæ йын цыма бафхæрынæй тарст, уыйау фæлмæн хъæлæсы уагæй бамбарын кодта: — Иæ, нæ, Даро, уадз æй, чи дын фыдæбон кæны, мæ- нæ ма дыууæ къахдзæфы у æмæ йæ мæхæдæг бахæццæ кæндзынæн.
СÆРГÆНДТÆ Радзырдтæ Цырт -. 3 Хæрзæггурæггаг > 16 Рестораны . 23 Цæссыгтæ . . 29 Фæрнæйдзаг бон 38' Æнæвдæлон 43 Дадайы арс 54 Фембæлд 61 Дур æмæ дидинæг 69 Уацаутæ Мады хуыд хæдон . 87 Цалдæр фембæлды , . 125 Рухсы тын , 159' Новеллæтæ Балц æвзонгадмæ 225 Чи у, чи? 237 Зæрдæйы хъæдгом 239 Уый у 240 Уæлахизы майдан 244 Уарзт 245 Æмбæлццæттæ 246 Мады зæрдæ 247 Цуанон лæг * 248 Хуындзау 250-
Гугкаев Шамил Лентоевич ЦВЕТОК И КАМЕНЬ (повести и рассказы на осетинском яаыке) ззъ од азбзосго Редактор С. В. Миндиашвили Худож. редактор Ф. Ф. Багаев Тех. редактор Ш. Г. Елбакиев Корректор М. П. Чибирова Сдано в набор 25. 02. 88. Подписано к печати 19. 07. 88. Формат бу- маги 84х1087з2- Усл. печ. л. 13,6. Уч.-изд. л. 13,85. Заказ типографии № 694. ЭТ 00217. Тираж 1000 экз. Цена 1 руб. 30 коп. Издательство «Ирыстон», г. Цхинвали, ул. Ленина, 3. Юго-Осетинское областное полиграфическое производственное -объединение Госкомиздата ГССР, г. Цхинвали, ул. Московская, 5.